МИФОН ТАУРÆГЪТÆ
Мæй
Мæйхортæ
Авдхойы
Гуырдзыхан æмæ Бонвæрнон
Бурсамдзели
Ахсахъ-Темур æмæ Лæдæртæ
Æртхъирæны мæй æмæ Мартъи
Фыццаг адæмты таурæгътæ
Фыццаг лæг æмæ ус
Æвыды-выдоны рæстæг
Уæйгуытæ куыд фесæфтысты
Царциатæ куыд фесæфтысты
Нартæ æмæ Даредзантæ
Амыран æмæ Пакъуындзæ
Амыран æмæ цуанон
Амыран
Арыг æмæ Мæгра
Мæрдты бæсты таурæгътæ
Адæймаджы тæригъæдтæ
Хиуарзон лæг
Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ
Цæмæн у Уастырджи Лæгты дзуар
Фæлвæра
Рекомы кувæндон
Рекомы таурæгъ
Æфсатий тауæрæхъ
Уастырджи æмæ Быдыры дзуар
Уасгергий карди цæф æмæ мудзурай рæтъунзт
Тæтæртуппи тауæрæхъ
Хетæджы къох
Фæцбадæн
Чи у кадджындæр ирон адæмæн сæ дзуæрттæй?
Мудибиндзитæ куд рантæстæнцæ Дигори
Тхосты дзуары сæфт
Ног дзуар
Куырысдзаутæ
Атайты къодах
Хъуды бардуаг
Гуццаты Найфат
Зæрæмæджы чиныг
Дæлимонты таурæгътæ
Руймон
Гæлиаты калм
Хъомрын
Ус-бирæгъ
Хæйрæг мæнæуы куыд сайдта
Мæгуыр лæг æмæ хæйрæджытæ
Лæджийы фырт Дзамболат
Къæрных æмæ хæйрæг
Къусхаты уæйыг
Саккаты уæйгуыты фынæй
Æрдз æмæ цæрæгойты таурæгътæ
Гакк-гукк
Теуайыаргъау
Уæрцц æмæ уагъылы
Ерцюйы цад
ИСТОРИОН ТАУРÆГЪТÆ
Макъедон Александр
Ос-Бæгъатыр æмæ Цæразонтæ
Ос-Бæгъатыр æмæ Тамар-непе
Тамар мой куыд скодта
Тамар-дедопали
Ос-Бæгъатыр æмæ хан
Сыбайыдзуар
Æхсины бадæн
Ос-Бæгъатыр æмæ паддзах
Ахсахъ-Темур
Ахсахъ-Темур Дигорæмæ кутемæй æрцудæй
Æддагбæстон тыхгæнджыты ныхмæ тохы таурæгътæ
Ногъайи тауæрæхъ
Хъæрæмхан - адæмы фыдхор
Кæсгон æлдар Инал
Хъайтыхъы-фырт Сар-Аслæнбег
Хъантемурти Мазухъи тауæрæхъ
Мустафидзубанди
Хъæрæмсаухалти Мустаффæ
Ассий зар
Бесолы фырт Бæрек
Дзывгъисы лæгæт
Цъамад æмæ сахы æфсæдты хæст
Гæлиатæ æмæ Уызы мыггаг сахы æфсæдтимæ куыд хæцыдысты
Сах Гæлиаты хъæу куыд бацахста
Гайты мæсыг
Седанати тауæрæхъ
Кодзырты Таймураз
Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта
Дудиатыхъан
Мæсугъæу æма Дзæрæсте Кетæй цæмæн фестадæнцæ
Наурузти æрбацуд хонхмæ
Музаты мыггаг
Наниты Биандур
Цихисопелийы мæсыг
Хуыгаты Милойы хо Хæзна
Тотырадзы таурæгъ
Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ
Куырттаты балц
Мамиаты Хъарадзауы хабар
Цæлыккаты Дзаджейы кард
Куырттаты цагъд
Паддзахы ныхмæ тохы таурæгътæ
Йалары хæст
Хазби æмæ Уæрæсейы паддзах
Хадзыбийы æмбисонд
Тогойтымæсыг
Хъуды абырджытæ
Томайты хæст
Талгъик-наиб
Æлдарады ныхмæ тохы таурæгътæ
Бадилатæ Цæргæсатæй хъалон куыд истой
Стыр Дыгур
Туйгъанти Тæтæрхъани зар
Бæтæйы фырттæ
Бæтæйы фырт Аслæнбег абырæг цæй тыххæй сси
Хъарадзауты Мысырби
Дыгуры æрбалæбурд Мамысонмæ
Туалты таурæгъ
Тлаттаты Чермен
Черменæн — кæвдæсарды хай
Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куыд ацыд
Чермен æмæ сомихаг
Куымæритгаты домбай Тъотъор
Маралеты мæсыг
Бæлтайы æлдар
Салайы æмбисæндтæй
Цъинубаны мæсыг
Ерыстауты Сала
Лекъуаны æлдар
Фидары мæсыг
Тъатъе æмæ Сандро
Хуыбиаты Уасо
Пухаты Иликъо
Зурайы кадæг
БЫНÆТТОН ТАУРÆГЬТÆ
Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры таурæгъ
Уастырджи уазæгуаты
Фæлвæрайы фырт Будзумар
Буры фырт Мæхæмæты зарæг
Хуыбиатæ арс цæуылнæ марынц
Мæгуыр лæг æмæ лæппу
Цæхджын хойраджы аргъ
Иунæджы кадæг
Базыргантæ
Гуырдзыйы паддзахы худ
Саккаты хæйрæг
Бытъæйы таурæгъ
Бирæгъы хинтæ æмæ цуаноны раст гæрах
Дзæгъæлдзæуæг
Хингæнæг ус
Пысылмон дины райст
Æртæ тæригъæды
Хуыцауы азар
Зджыды рæсугъд
Мзораты Мзоры кадæг
Хæтæг барæг
Лæппу æмæ чызг куыд бафидыдтой
Æртæ ’фсымæры куыд ссардтой сæ давд бæхтæ
Æлдары чындз
Хъуыдæберд Æдæсы фырт
Асыйы æлдар
Егор-æлдар
Хъансаубий-æлдари дзубанди
Тæрион Тулабег
Тасолтанты хабар
Хæмицати Хæмиц
Дигори Хъабан
Мады зæрдæ
Астанты мæсыг
Беджызатæ бирæгъ куыд бастыгътой
Хъессаты Еба
Зоратæ мæсыг куыд амадтой
Хъæдæргъæвæн
Сауджыны фæнад
Куыдзан æмæ Хуыдзионы аскъæфт
Багус æмæ Бага
Софиайы таурæгъ
Ног нымæт
Мыггæгты таурæгътæ
Нузалы чингуытæ
Тæгиаты равзæрд
Хæкъуынайы мæсыг
Куырттатаг кадæг
Ларс æмæ Хуха
Дыгур Къæмынты куыд æрцардысты
Хетæг
Хетæджы тыххæй
Гоцъи
Гоцъийы хæст Гаджитимæ
Бадилаты таурæгъ
Бадилатæ
Хантæ æмæ урус
Томайтæ куыд сæвзæрдысты
Царциатæ æмæ Цъыбыртты диссæгтæ
Куыд равзæрдысты Хуыгатæ
Мыггæгты тох
II. Лæгбирæгъ æмæ мæличчы лæппу
III. Гаглойтæ æмæ Санахъотæ
IV. Санахъотæ æмæ Кæркуыстæ
Гнугъ æмæ Æгъуызатæ
Æгъуызатæ стæры куыд цыдысты
Æгъуызаты балц Рацъмæ
Карсанатæ æмæ Дауыратæ
Хъессаты мыггаджы равзæрд
Хуырымты мыггаджы балыгъд Цмимæ
Цхуырбатæ Мсхлебы куыд æрцардысты
Куыд æрлыгъдысты Хъæцмæзтæ Хъеуселтмæ
Мамытты мыггаг
Кодзыртæ æмæ Гаглойтæ
Джыккайты Тоти
Дзиццойы таурæгъ
Беджызатæ æмæ Тотыратæ
Беджызатæ æмæ Тыбылатæ
Надиратæ æмæ Козатæ
Рæмонаты алыгъд Гудзаретмæ
Плиты мыггаг Чысанмæ куыд алыгъди
«Тибы хасты фæу!»
Лæсчъы хæрд
Цымыти æмæ Хидыхъус
Лисрийы мæсгуытæ
Тотыраты Огъа
Абайты Дзоццæ
Тотыраты Дауыт
Тотыраты Уариган
Тыбылаты Майор æмæ Сланты Дриго
Цæлхъости Гуйман
Болайы хабæрттæ
Куырыхон лæгты таурæгътæ
Санаты Семы æмбисæндтæ
Санаты Семы хабæрттæ
Хетæгкаты Гуыба
Томайты Созырыхъо
Тиб æмæ Нары быцæу
Мæхæмæты ныхас Нары
Демыраты Кацо
Къоста уазæгуаты
Ивддзаг æгасцæуай
Къостайы тыххæй иу хабар
Фиппаипæгтæ

Автор: Джикаев Ш.Ф.  

Теги: легенды  

ISBN: 978-5-7534-1435-9

Год: 2014

Текст
                    83.3BРос=Осе)
И—62
Чиныг сарæзта æмæ йын фиппаинæгтæ ныффыста
Джыккайты Шамил
Ирон таурæгътæ/Чиныг сарæзта æмæ йын фиппаинæгтæ
И—62 ныффыста Джыккайты Шамил. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2014 —
431 ф.
Осетинские легенды
ISBN 978-5-7534-1435-9
В сборник вошли сокровища осетинского устного народного творчества —
легенды и предания. Они в яркой художественной форме отражают жизнь
и нравы народа, его этические воззрения, высокие идеалы добра и спра-
ведливости, патриотизма и любви.
4702470000--2 3_14 82.3BРос=Осе)
ИМ131@3)-14
© ГУП РСО—Алания «Издательство «Ир», оригинал-макет 2014
© Джикаев Ш.Ф., составление, 1989
ISBN 978-5-7534-1435-9 © Джикаев М.Ф., оформление, 2014


ТАУРÆГЪ - АДÆМЫ ДЗУРГÆ ИСТОРИ Хъæздыг æмæ æвидийгæ у ирон адогмы сфселдыстад. Уый у нæ адæмы зонд æмæ зæрдæйы рухсæй нывæст. Йæ диссаджы æвæрæнты сыгъдæгæй зынынц фæлтæрты сагшстæ æмæ бселлицтæ. Уый уыд æмæ у царды нывæфтыд истори. М. Горъкий адæмы схуыдта æппæ- ты хъомысджындæр поэт æмæ нывгæнæг1. Ирон адæм сфæлдыстой, «Илиадсе» æмæ «Калевалæ»-йы æмсæр ни у, уыцы Нарты эпос, æмби- сонды аргъæуттæ, куырыхон таурæгътæ. «Адæмы æцоег историйæн зонæн нæй, йæ дзыхæйдзургæ сфселдыстад ын куынæ зонай, уæд», — дзырдта стыр пролетарон фыссæг2. Махмæ фысгæ истори нæ уыд, огмсе нын фолъклор у историон æрмæг, уый нын баксены сенусты дусерттæ, срухс ксены ивгъуыд заманты талынг къуымтæ семæ рар- гом всеййынц ссе сусæгдзинæдтæ. Уыцы хуызы эпос семæ историон зарджыты æмрсенхъ нывыл ахадындзинад ис таурсегътæн. Бсеркадджын сты ирон адсемы таурсегъон бынтæ, ахъаззаг у ссе историон æмсе эстетикон нысаниусег. Уыдон севзсердысты мингай азты дсергъы, севдыст ссе цсеуы адсемы цард йæ алы хуызты суанг незамантсей нæ рæстæгмæ. Алыхуызон у ссе мидис: мифтæ семæ уыр- нынад, дунейы сконд семæ сердзы фсезындтæ, историон цаутæ семсе адсемон сегъдсеуттæ. Иу ныхасæй, царды цыдсериддсер ахсджиаг семæ диссаг хъуыддсегтæ уыдис, уыдон сты адæмы зæрдиаг мысинæгтæ — сæ таурæгъты мидис. * * * Таурæгъты æууæлтæ нырма сты иртасинаг фарстатæ. Нсе адсе- мон сфæлдыстады термин «таурæгь»-æн ис уæрæх æмбарынад. Уырыссаг фолъклоры уый æмных ис цалдæр дзырды: предание, ле- генда, сказ æмæ æндæртæ. Уыдон кæрæдзимæ кæд хæстæг сты, уæддæр сын ис хицсен æууæлтæ дæр. Иронау се ’ппæтæн дæр ис иу ном, таурæгь у универсалон термин. Таурæгъ ракæнын, таурæгыпæ хæссын уымæй уæлдай нысан кæны сюжетон æмбисонд (притча) радзурын дæр. Термин «радзырд» куынæма фæзынд, уæд фыццаг 1Горький М. Собр. соч. в 30-ти т. - М., 1953, т. 24, 26 ф. 2 Уый дæр уым, 34 ф. 3
ирон фысджытæ сæ цыбыр прозаикон уацмыстæ хуыдтой тау- рæгьтæ. Легендæ кæнсе предание цы у, уымæн бæлвырд дзуапп нæй уырыс- саг фолъклорзонынады3. Уыдонæй æбæлвырддæр та у таурæгъы ны- саниуæг4. Таурæгъ у дзыхæйдзургæ цыбыр радзырд. Йæ мидис цы- фæнды фантастикон куы уа, уæддæр ыл адæм æууæндынц. Æппæты рагондæр таурæгъты мидис сты дунейы сконд æмæ адæймаджы сæн- тыст, æрдзы фæзындтæ æмæ цæрæгойты равзæрд, хуыцæуттæ æмæ титантæ-геройты цард. Уыдон хæстæг сты мифтæм, фæлæ нæм сæ фыццаг хуызы не ’рхæццæ сты, райстой таурæгъты хицæн æууæлтæ. Уымæ гæсгæ сын схонæн ис мифои таурæгътæ. Таурæгъты дыккаг къорды бындур сты зынгæ историон цаутæ, сгуыхт лæгты царды хабæрттæ, адæмты быцæутæ æмæ хæстытæ, кълассон тох. Уыдон сты адæмы историон мысинæгтæ, кæд арæх фантастикон хуызы бацæуынц, уæддæр сын вæййы реалон бындур, æмæ уый фæткæн сты историон таурæгыпæ. Бирæ таурæгъты æвдыст цæуынц адæмы æгъдæуттæ, сæ царды уаг, ирдæй сæ зыны адæмы этикон зондахаст. Уыдоны арæх фæар- хайынц уæлæрдзон тыхтæ — хуыцæуттæ æмæ дæлимонтæ, — мифон таурæгъты хъайтартæ. Фæлæ сæ сæйраг мидис вæййы зæххон цард, адæмы хъуыддæгтæ, баст вæййынц бæлвырд бынат æмæ рæстæ- гимæ, сæ нысан вæййы моралон-философон хатдзæг скæнын. Уымæ гæсгæ хибарæй лæууынц мифон таурæгътæй. Ирон фолъклоры æвдыст цæуынц мыггæгты равзæрд, сæ тох, сæ ахастытæ. Уыцы хабæрт- тæн вæййы реалон бындур æмæ хæстæг лæууынц историон таурæгъ- тæм. Æрмæст сæ цаутæн вæййы æппæтадæмон нæ, фæлæ бынæттон ахадындзинад, æвдисынц хицæн мыггаг, хæдзарвæндаг кæнæ суанг иу лæджы хъысмæт. Уыцы хъысмæтимæ баст вæййы мыггæгты миг- раци, иу кæнæ иннæ цæрæнуаты сæвзæрд. Цы цаутæ сæ æрцæуы, уыдонæн вæййы кæм социалон, кæм та моралон аххосæгтæ. Сæ ми- дисмæ гæсгæ алыхуызон сты ацы фолъклорон уацмыстæ, фæлæ сæ иумæйагæй схонæн ис бышеттон таурæгътæ. Куыд уынæм, афтæмæй таурæгъты хицæн хуызты ’хсæн нæй бæрæг арæнтæ. Уыдон раиртасыныл фыццагдæр фæлвæрдта Биа- зырты Алыксандр. Уый бацархайдта таурæгътæ мыхуыры рауа- дзыныл, уыдон фæткæй равæрыныл. Фæлæ ахъаззаг куыстæн нæ уыд бæлвырд принциптæ. Таурæгътæ хаст æрцыдысты аргъæутты æмбырдгондмæ5. Уыдонæй иутæ лæвæрд цæуынц сæ темæтæ æмæ сæ хуызтæм гæсгæ («Легендарон таурæгътæ æмæ мифтæ», II том), иннæтæ та, сæ цаутæ цы бынæтты æрцыдысты, уымæ гæсгæ («Ды- гуры мыггæгты равзæрд», III том) æмæ а.д. Бæлвырд фæткыл 3 Аникин В. П., Круглов Ю. Г. Русское народное поэтическоетвор- чество. - Л.: Просвещение, 1983, 176 ф. 4Калоты Г., Джусойты Н. Литературæзонынады терминты цы- быр дзырдуат. - Орджоникидзе: Ир, 1971, 135 ф. 5 Ирон адæмон аргъæуттæ, 3 томы. — Сталинир, 1959, 1960, 1962. 4
æвзæрст не сты, «Алы фыдæлтыккон таурæгътæ æмæ хабæрттæ» кæй хоны, уыдон дæр, Культурон фæзынд уыди, Салæгаты Зоя кæй сарæзта, уыцы дыууæтомон рауагъд «Ирон адæмы сфæлдыстад» дæр, Чиныгаразæг дзы равзæрста æрмæст «Историон таурæгътæ» (I том), Аргшутты жанрмæ та бахаста сæрмагонд хай «Аргъæут- тæ-легендæтæ» (II том), Уыцы хайы уацмыстæй бирæтæ аргъæут- тæм ницы бар дарынц: «Чызджыты хох», «Æфсатий тауæрæхъ». Уацмысты хуыз арæххæццæ кæнынц таурæгъгæнджытæ сæхæдæг дæр, Джыккайты Дауит мифон таурæгъ хоны «Бурсамдзелийы аргъау», афтæ Гаглойты Григол дæр — «Теуайы аргъау», Плиты Сацино та кадæг хоны «Нарты мыггаджы сæфты аргъау»6. Афтæмæй таурæгъ арсех бахауы аргъæутты æмбырдгæндтæм, зæгъæм, «Зджыды рæсугъд», Уымæн йæ сæйраг мшиуджытæ сты таурæгъон: 1) архайд иæуы бæл- вырд бынаты — Зджыды; 2) архайджытæ сты бæрæг адæмы минæ- вæрттæ — Биаслантæй, Имеретæй, Сарийæ; 3) амынд дзы цæуы, Зджыдмæ хæстæг иу бынат Луæрстытæ цæмæн хуыйны, уый, Уыцы æууæлтæ бынтон æцæгæлон сты аргъауæн, Ахуыргæндтæ фыссынц: «Предание — это широко известный в народе устный эпинеский рас- сказ с установкой на правдоподобное объяснение реальных фактов прошлой истории, быта, названий отделъных местностей»7, I Таурæгъты зынгæ хай æнгом баст у мифтимæ, Уыдон сæвзæрды- сты иттæг раджы, мифологон хъуыдыкæнынады рæстæджы, Уæд адæймаг æрдзы тыхты æнхъæлдта удгоймæгтæ, сæ фæзындтæ та — удгоймæгты архайд, уыдон раз уыд æнæбон æмæ сын кодта та- бутæ, К, Маркс фыста: «Воображение, этот великий дар, так много содействовавший развитию человенества, нанало теперъ со- здаватъ неписаную литературу мифов, легенд и преданий, ока- зывая уже могущественное влияние на неловенеский род»8, Стыр уыд таурæгъты ахадындзинад фыццагон адæмы царды, уыдон адæ- мæн уыдысты сæ монон культурæйы сæйраг хай æмæ уыимæ сæ мо- нон уæвынады фæрæз, Адæймаджы дисы æфтыдта дунейы сконд, йæ хъуыды йын цырен кодтой арв æмæ зæххы диссæгтæ, царды æнахуыр фсезындтæ, фыц- цаг адæймæгты сæнтыст, Афтæмæй фæзындысты мифон таурæгътæ хур, мæй æмæ стъалыты тыххæй, Уыдон сты æрвон (космогонион) таурæгътæ. Бирæ нæм не ’рхæццæ уыдонæй, Уымæ гæсгæ зын у, нæ фыдæлтæ дуне цы хуызы уыдтой, уый ныв сеххæстæй равдисын, Цы таурæгътæ нæм ис, уыдон дæр не сты сæ фыццаг хуызы, ивтой æну- сты дæргъы. 6 Хуссар Ирыстоны фольклор. — Сталинир, 1940, 78 ф. 7Аникин В.,Круглов Ю. Амынд чиныг, 176 ф. 8Маркс К., Энгельс Ф. Об искусстве, т. I. — М.: Искусство, 1976, 248 ф. 5
Алæмæты таурæгъ у мæйы фæзынд. Зæххон лæппуйы хæрынмæ хьавы йæ фыдбылызы хо, йæ ус та йæ ирвæзын кæны. Ссе тох ахи- цæн фидыдæй: дыууæ къуырийы сæ иуы уыдзæн, дыууæ къуырийы та иннæйы. Лæппу мæй фестад. Хо йæ æхсыны, æмæ мæй тайы; ус æм базилы, æмæ та мæй цæлхыдзаг свæййы. Ахæм хуызы мифон тау- рсегъ амоны мæйы ивæнтæ. Стыр тæссаг хьуыддаг каст адæммæ хур кæнæ мæйы баталынг. Уый фæстиуæгæн фсезындысты таурæгътæ хурхортæ æмæ мæйхор- ты тыххæй. Фæлæ уыцы таурæгъты ис ноджы арфдæр мидис, баст у хорз æмæ хæрамы тохыл. «Хæрам сембарыны рагондæр фæрæз у, æвæццæгæн, æппæт фыдбылызтæ кæмæй цæуынц, ахæм бардуаг æры- мысын. Уыцы фæрæзы уидæгтæ цæуынц фыццагон мифологийæ, ир- дæй йæ æвдисы рагон персайнæгты дин зороастризм. Уыцы динмæ гæсгæ дунейы истори у Ариман æмæ Ахурамаздайы тох — халæг бар- дуаг æмæ аразæг бардуаг, хæрам Хуыцау æмæ хæлар Хуыцау, æгæрон хæрам æмæ æгæрон хорз, талынг æмæ рухсы тох»9. Афтæ у ирон мифологон таурæгъты дæр. Иу уацмысы фыдбы- лызтæ сфæлдисæг у Самели — уый цот сты мæйхортæ. Æндæр ва- рианты кæлмытæ, бындзытæ æмæ æндæр цъаммæрттæ скæнæг у Артьауыз. Хуыцау æй Уациллайæн бабæттын кодта мæймæ. Куы раирвæза, уæд уыдзæн бæсты сæфт. Афтæмæй ацы æрвон таурæгъ- ты фæзыны философон мотив — хорз æмæ хæрамы тох. Уæлахиз кæнынц рухс тыхтæ, уый та у, иуæй, адæмы бæллиц, иннæмæй, сæ оптимизмы æвдисæн. Æрвон таурæгъты æууæлтæй иу у уый, æмæ адæймæгтæ фестынц хур, мæй, стъалытæ («Авд хойы», «Мæй»), Иу таурæгъы «Ахсахъ- Темур стъалу адтæй ’ма арвмæ исхизтæй». Æндæр варианты дзыр- дæуы: «Ахсахь-Темурæн ба æфсæн базуртæ адтæй æма бонæ арвбагл æртæ зилди кодта», зæххон адæймаг уæвгæйæ. Тыхгæнæг Тимур (Та- мерлан) æмæ авд æфсымæры хæцæн быдыр сси арв. Афтæ фæзындыс- ты стъалы Ахсахь-Темур (Полярон стъалы) æмæ стъалыгужар Лæ- дæртæ (Болъшая медведица). Адæмы уырнынадмæ гæсгæ стъалытæй алкæмæн ис йæхи миниу- джытæ. Лæдæртæ сты æгуыдзæг, сæ бон нæу се знаджы баййа- фын10. Бонвæрнон (планетæ Венерæ) у миты бардуаг. Зæрæдтæ дзырд- той: Бонвæрнон арвылуæлæуæз куы цæуа (йæ тыхы куы уа), уæд уыдзæн митджын аз. Йæ таурæгъты уый хьысмæт дæр баст æрцыд зæдтæ (Бурсамдзели) æмæ зæххон цытджын адæймæгты (Тамар- паддзах, Туырдзыхан) цардимæ. Æрфæны фæд (Млечный путь) у Нарты Уырызмæджы бæх Æрфæны фæндаг11. Æндæр вариантты 9Скрипник А. П. Проблема морального зла в истории домарксистс- кой этики. // Этическая мысль. Научно-публицистические чтения. - М.: Политиздат, 1988, 100 ф. 10 Абаев В. И. Историко-этимологический словарь осетинского язы- ка, т. II (АН СССР) - Л., 1973, 17 ф. 11 Абаев В. И. Амынд чиныг, I т., 175 ф. 6
Æрфæн у адæймаг, Батырадз æй суры, æмæ йæ хъæмп кæлы йæ фæстæ12, æртыккаг варианты Æрфæн — адæймаг йæ бæхæн цы хос хаста, уый фæкалди халгай13. Æрвон таурæгътæм хæстæг сты хурон æмæ арвнæрды мифтæ, — уыдон баст сты Нарты Сослан æмæ Батырадзимæ14. Адæм æрвон таурæгъты æвдыстой «уæллаг дунейы» сконд, йæ фæзындтæ æмæ сæ аххосæгтæ, æвдыстой сæ мифологон хьуыдыкæ- нынады фæрæзтæй. Уыдоны зыны адæмы философон хьуыды, дуне æмæ адæймаг æмбаст кæй сты, уый тыххæй. Фольклорон уацмысты æвдыст цæуынц зæххыл фыццаг адæймаг æмæ фыццаг цæрджыты сæнтыст, сæ цард, сæ сæфты хабæрттæ. Уыцы уацмыстæн иумæ схонæн ис фыццаг адæмты таурæгьтæ. Хицæн таурæгътæм гæсгæ, Хуыцау фæлварæнтæ кодта бæззон адæмы мыггаг сфæлдисыныл. Ахæм нæ разындысты уадмеритæ, гуы- мирытæ, уæйгуытæ, — уæд сæ Хуыцау фесæфта æмæ сфæлдыста Нарты15. Нæртон кадæджы та Нарты хистæры «сфæлдыста æрдзы фарн æмæ Хуыцауы комы тæф»16. Хуыцау семæ Артьауызы быцæу нын æргом кæны хорз æмæ фыдæхы æнусон тох, дунейы сконды ных- мæвæрд тыхты быцæу кæй ис, уыцы хуымæтæг философон хьуыды. Таурæгьты ацы кьордмæ ахæссæн ис, Геродот йæ «Истори»-йы скифты — нæ фыдæлты равзæрды тыххæй цы таурæгъ æрхаста, уый дæр. «Скифты зсеххыл æнхьызт æмæ абузта эпикон сфæлдыс- тад»17, ам сæвзæрд Нарты эпосы апп18, уыдоны традицитæ æрхæццæ сты суанг нсе заманмæ19. Геродотмæ гæсгæ, фыццаг скиф райгуырд Хуыцау æмæ Доны чызгæй. Таргитайы кæстæр фыртæй скифты паддзæхтæ кæй равзæрдысты, уыцы хабар ахуыргæндтæ хонынц скифаг таурæгь, фольклорон традици, барынц æй ирон æмæ ирай- наг мифтимæ20. Адæмы хьуыды дардыл æххæссы. Уый дзуапп агуырдта æрдзы фæзындтæн, царды быцæутæн, адæмы ахастытæн. Царды арæзт нывыл кæй нæ у, уый раджы раиртæста адæймаджы зонд. Адагм гуымиры тыхты дæлбар куы уыдысты, лæгнывæндтæ сын куы хас- той, уыцы заман таурæгьгæнæг хоны «æвыды-выдоны рæстæг». 12 Памятники народного творчества осетин, вып. I. — Владикавказ 1925, 74 ф. 13 ЦИНИИ-йы архив, 23-3, 15 папкæ. 14Дюмезиль Ж. Осетинский эпос и мифология. - М.: Восточная ли- тература, 1976. 15 Калоты Г. Ирон адæмон сфæлдыстад. Хрестомати. - Орджоники- дзе: Ир, 1975, 141ф. 16 Ирон адæмы сфæлдыстад, 2 томы. 1-аг т. — Орджоникидзе, 1961, 7 ф. 17 Абаев В. И. Скифо-европейские изоглоссы. — М., 1965, 85 ф. ,8Дюмезиль Ж. Амынд чиныг, 10 ф. 19Бонгард-Левин Г. М., Грантовский Э. А. ОтСкифиидо Ин- дии. - М.: Мысль, 1983, 22-25 ф. 20 Раевский Д. С. Модель мира скифской культуры. — М.: Наука, 1985, 38-39 ф. 7
Тыхбыны хъалонæй сæ фервæзын /сæны Уастырджи, фæлæ тыхми бацæуы ног хуызты: уæйгуыты раивынц æлдæрттæ, хæйрæджыты — базаргæнджытæ æмæ сæрылхæцджытæ. Ам зыны адсемы социа- лон зондахаст, диалектикон хъуыдыкæнынад. Фыдзаманы ныхмæ адæмы бæллиц æрæвæры фæндиаг заман, «арвæй зæхмæ фæндаг куы уыдис»21, «адæм уæйгуытæ (тыхджын — Дж. Ш.) куы уыдысты, Нарт сæ тæккæ кадыл куы уыдысты, фурд сын фадхъултæм куы уыдис, уæларвмæ сын фæндаг куы уыдис, гъе уæды рæстæг...»22. Ахæм дзæнæтон рæстæгцарды нæ уыд, æмæ йын таурæгъ агуры аххос: Нартæ сæ хæрзгæнæг хистæры амардтой, æмæ сыл фыд рæстæг скодта: «Цæттæ мæнæутæ сын змис фестадысты, сæ цæттæ фыс- ты дзугтæ дуртæ фестадысты, сæ сираг бæхтæ нал асирдтой, сæ кæрдаг кæрдтæ нал акарстой, сæ цыргъ æвзæгтæ бандзыг сты». Уый уыд дзæнæтæй расырды хуызæн. Уæдæй фæстæмæ адæмы хъуыд тох кæнын гуымиры тыхтимæ (уæйгуыты сæфт), царды сæраппонд (Царциаты сæфт). Цымыдисаг сты Царциаты хæсгардфындз фæттæ: уыдон кой ис «Нарты сæфт»-ы дæр, ахæм æрттигътæ ссардтой археологтæ дæр23. Уыдон наукæйы раз æвæрынц бирæ фар- статæ. Адæм сагъæс кæнынц сæ фидæныл, сæ кад æмæ намысыл, сæ фæс- тагæттæн фарнæй цы ныууадзой, сæ ном хорзæй мысинаг цæмæй уа, уыдæттыл («Нартæ æмæ Даредзантæ»). Уыцы этикон нормæ- ты сæргъы æвæрд цæуы æвзаджы хъысмæт, æвзаджы нысаниуæг адæмы царды. «Хатиаг æвзаг рох кæндзæни, æмæ Ир пырх кæндзы- сты», — тыхсынц адæм. Таурæгъгæнæг йæхæдæг фæлвары хъуыддаг фæбæлвырд кæныныл: «Уыдыстæм раджы ирон номæй, æрмæст не ’взаг рæсугъддæр у хатиагау». Иры æвзаг хатиаг цæмæн хоны, уый сармагонд раиртасинаг фарст у. Таурæгъмæ гæсгæ, æвзаг у адæмы иугæнæг, сæ историон, социалон æмæ этикон фæлтæрддзинад хæс- сæг, — уый нал ис, уæд адæм сæфтмæ цæуынц. Ахæм хъуыдытæ махмæ абон кæсынц ног дуне байгом кæнæгау. Адæмы этикон æмæ эстетикон тыхджын зондахаст ирдæй зыны эпосы дæр. «Фæндыр куыд фæзынди» — уый у мифон таурæгъ. Уым Нартæ зæгъынц: «Иууыл цагъды куы фæуæм, уæд дæр ацы фæндырæн ма уæд фесæ- фæн. Уый ни цæгъда æмæ мах ном ни мыса, уый уыдзæн нæхион!»24. Цардæй уæлдæр æвæрд цæуы фæндыр — аивад. Уымæн æмæ æвзаг æмæ аивад сты адæмы монон уæвынады фæрæз, сæ кад æмæ сæ ном хъахъхъæнæг, æнæмæлæтгæнæг. Ацы ссадвæдыл хынцинаг у таурæгъ «Зæрæмæджы ниныг» дæр (æндæр циклæй). Чиныг адæмæн сси дзуар, табуйаг, арæзт ын æрцыд сæрмагонд кувæндон. Уый дзурæг у адæ- мы кулътурæ æмæ стырдзшадыл. Ирон фольклоры зынгæ бынат ахсынц Амыраны таурæгътæ. 21 Хуссар Ирыстоны фольклор, 334 ф. 22 Уый дæр уым, 78 ф. 23 Ахæм æрттигътæ ис Цæгат Ирыстоны бæстæзонæн музейы. 24 Нарты кадцжытæ. — Дзæуджыхъæу, 1946, 168 ф. 8
Уыдонæн сæ иу хай хауы Даредзанты таурæгыпæм, æмæ сыл бæс- тон ныхас цæуы Абайты Васо25 æмæ Калоты Динæйы26 куыстыты. Ацы ниныгмæ хаст цсеуынц æрмæст мифон таурæгьтæ. Уыдоны, æвдыст цæуы хæлар æмæ хæрам тыхты тох: Амыран у хæлар тых хæссæг, Пакъуындзæ та — хæрам тых хæссæг. Ацы уацмысты мо- тивтæ хæстæг сты Прометейы мифтæм, гуырдзиаг эпикон герой Амиранийы сюжеттæм, фæлæ сын ис сæрмагонд национ æууæлтæ. Амыран, Нарты Батырадзау, цæуы Хуыцау æмæ алыхуызон бар- дуæгты ныхмæ. Уæларвæй зынг æрхаста, уыцы хабар бæлвырд нал зыны ирон таурæгъты, фæлæ адсемы сæрхъуызой кæй у, уыцы мо- тив у сæ бындурон хъуыды. Амыран цуанонæн зæгъы: «Æз уын кæд аирвæзон, зæххон адæм, уæд уæ амонд æрцæудзсен». Амыран æмæ Бесæйы уавæр у сæрибар æмæ амондыл тохгæнæджы хъысмæт — уæззау, трагикон, фæлæ таурæгъы аккаг. Уыцы бæрзонд хъуыды хъайтарты фæлгонцтæ скодта символон, уый руаджы уыдон хицон сты алы замантæн æмæ алы фæлтæртæн. Ирон таурæгъты ис донæй хъаймæты хабар дæр — «Арыг æмæ Мæгра». Уый, æвæццæгæн, нæ фыдæлтæм æрбафтыд чырыстон ди- нимæ, йæ сæйраг хъуыды дæр у нырыстон фсетк æххæст кæнын. Нæ фыдæлты мифон таурæгътæм гæсгæ, дуне у æртæ фæлтæ- рæй арæзт: ис ын уæллаг, астæуккаг æмæ дселлаг фселтæртæ. Афтæ уыд скифаг кулътурæйы дæр27. Чысыл, фæлæ сæрмагонд цикл сты Мæрдты бæсты таурæгьтæ. Уыдон нын æвдисынц фыдæлты уырнынад — ис мæрдты бæстæ. Уыимæ баст уыдысты марды æгъдæуттæ, кæндтытæ, дзаумæттæ æмæ бæх фæлдисын. Æнусты дæргъы ивта ссе мидис, ссейраг бынат дзы бацахстой моралон мотивтæ, семсе дæллаг дуне дихгонд æрцыд зындон æмæ дзсенæтыл. Уым алчидæр бынат ссары, уæлæуыл куыд цард семæ цы хъуыддæгтæ арæзта, уыдонмæ гæсгæ. Уыцы этикон нормæтæ бæстондæр æвдыст цæуынц эпосы («Сослан — Мæрдты бæсты») семæ бсехфæлдиссен раныхасы (уый бындурыл фыст у Къос- тайы кадæг «Уæлмæрдты»). Таурæгъты ис алсемæты дзаума —мæрд- ты айдæн. Уый у рæстæвзарæн фæрæз, Шекспирæн аивад царды айдæн куыд у («Гамлет»), афтæ. Ноджы ма иу хабар. Д. С. Раевс- кий скифаг таурæгътæ æвзаргæйæ фыссы, зæгъгæ, хъайтары бафы- нæй амоны «рæстæгмæ амæлын» семæ афтæмæй мæрдты бæстæм бафтын28. Таурæгъ «Хиуарзон лæг»-ы дæр хъайтар обауыл афынæй æмæ бахауд мæрдты æхсæнмæ. Ацы дæнцæгтæ дзурынц ууыл, æмсе нæ рагон таурæгъты уидæгтæ цæуынц æнусты арфæй, фыдæлты монон цардæй, скифты мифологийсе. Фольклоры зынгæ бынат ахсынц дзуæрттæ æмæ кувæндæтты 25 Абае в В. Даредзановские сказания у осетин. // Амран. Осетанский эпос. — М.—Л.: Академия, 1932. 26 К а л о е в а Д. А. Даредзановские сказания у осетин. — Цхинвали, 1975. 27 Раевский Д. С. Амынд чиныг, 27—28, 67 ф. 28 Уый дæр уым, 41 ф. 9
таурæгътæ. Уыдон сты ахъаззаг æрмæг ирон мифологи раиртасы- нæн, нæ фыдæлты дины æууæлтæ базонынæн. Æвдыст сæ цæуынц дзуæртты (зæдты, бардуæгты) хабæрттæ, хицæн кувæндæтты фæзынд. Ацы таурæгътæ сæвзæрдысты алы заманты, сæ уидæгтæ цæуынц, куыд мифтæ æмæ муртак динæй (язынество), афтæ ныры- стон динæй дæр. Уымæ гæсгæ сæ зыны адæмы цæстæнгас хицæн зæдтæ æмæ дауджытæм, дины хуызтæм. Ирон бардуæгты пантеоны сæйраг бынат ахсы Уастырджи — рагон муртак дзуар. Муртак заманы йæ ном цы хуынд, уый бæрæг нал у. Алантæ нырыстон дин куы райстой (УП—Хæнусты), уæд сæ кадджын дуагæн йæ ном аивтой, радтой йын нырыстон ном (Уаз Георги), фæлæ йын ныууагътой йæ раздæры функцитæ, йæ кувæн- дæттæ. Уыцы «хинæйдзаг» хъуыддаг сусæг æмæ фæндон нæ уыд ар- гъуаны кусджытæн æмæ æппæт мадзæлттæй архайдтой адæмы уарзон дуаджы нырыстон скæныныл. Уый фæстиуæгæн фæзынд тау- рæгъ «Уастырджи зæд куыд фестади»: зæххон уæздан лæг йæхиуыл дзуар бафтыдта æмæ зæд фестад. Афтæ уыд нырыстон сыгъдæ- джыты хабар. Дин пайдайы охыл нæ ауæрды хин митæ кæныныл. Афтæ йæ хъузæттæ сыгъдæг нырыстон легендæ «Житие св. Велико- муненика и Победоносца Георгия» хонынц «Уастырджийы царды хабæрттæ»29, йæ фарсмæ йын мыхуыр кæнынц «Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры таурæгъ», ома уыцы дыууæ дзуары иу сты. Фселæ «хъиамæтгæнæг æмæ сгуыхаг» Георги ирон дуагмæ ницы бар дары. Георги уыд Ромы цæрæг, райста нырыстон дин, уый тыххæй йын император Диоклитиан кæны фыдæвзарæнтæ. Георги сын бафæрæз- та Чырыстийы фæрцы, нæ басаст, æмæ дзы нырыстон дин зæд скодта. Сыгъдæг Георги дæр Уастырджийау хæцы фыдбылызтимæ, мары кæфхъуындары. Фæлæ Лæгты дзуары таурæгътæ рацыдысты рагон ирон мифтæй («Цæмæн у Уастырджи Лæгты дзуар», «Æвыды- выдоны рæстæг»). Фæстаг таурæгъ афтæ рагон у, æмæ Уастырджи дуагæй уæлдай у кулътурон герой дæр — фыццагон адæмы сахуыр кодта дур æхсын, хъилæй цæвын æмæ згъорын — хæстон дæсныйа- дыл. Уымæй бæрæг у, Уастырджи хæстон бардуаг дæр кæй уыд, уый. Уастырджийы функцитæ сты бирæ, универсалон. Зæгъæн ис, æмæ уыд поэзийы бардуаг дæр. Гомер уæлмонц куры Музæйæ, Къос- та — Уастырджийæ («Хетæг»), «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы фæндыр- дзæгъдæг Бибойæн Уастырджи радта фæндыр, зæрдæргъæвд æмæ дзырдамонд. Фæлæ йæ сæйраг æууæл у мæгуыр адæмыл арм дарын («Чи у кадджындæр ирон адæмæн сæ дзуæрттæй»), рæстдзинад кæ- нын. Уый адæмæн у хæрзгæнæг æмæ рæстаудæг. Мифон таурæгъты фæрцы базонæн ис фыдæлты царды фæрæз- тæн, сæ куыстытæн. Уыдонæй сæйрагдæртæ уыдысты цуан кæнын, фос дарын, хоры куыст кæнын («Фæлвæра», «Æфсатий тауæрæхъ»), Цымыдисаг у, мыдыбындзытæн сæрмагонд бардуаг кæй ис, — Ани- «Чырыстон цард», 1916, № 4, 52 ф. 10
гол, — уый, стæй хæхты цæхх кьахæнтæ кæй уыдис, уый дæр («Уас- тырджи æмæ Быдыры дзуар»). Уыдæттæ æвдисынц нæ фыдæлты цард æмæ куысты кулътурæ. Хицæн таурæгьты уидæгтæ цæуынц суанг скифты заман æмæ раздæрæй. Геродоты «Истори»-йы ски- фаг таурæгьмæ гæсгæ, Хуыцау скифтæн радта æртæ хорзы: кард (кæнæ хæцæн фæрæт), кувæн кьус æмæ гутон æд æфсондз. Уыцы лæвæрттыл æнусты дæргьы бафтыд ногтæ, афтæмæй нæм æрхæццæ рагон миф (нæртон таурæгь «Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн»). Хæрзаив у поэтикон таурæгь «Хьуды бардуаг». Таурæгъты уæла- хиз кæнынц хорз æмæ уарзондзинад. Ам тыхджындæр разындысты хæрам æмæ эгоизм. Стонг сгмæ мæлæты тас ахуыссын кодтой уар- зты зынг. Таурæгьы 1858 азы уырыссагау рауагьта Н. Дункель- Веллинг, хоны йæ ирон таурæгь. Уæддæр æй сæхи хонынц гуырдзыйы ахуыргæндтæ дæр. Æрхастой дыууæ æвдисæны: архайд цæуы гуыр- дзиаг хьæу Млеты, хьайтарты нæмттæ сты сыгьдæг гуырдзиаг30. Хьуыддаг афтæ нæу. Архайд цæуы Хьуды комы — уым цæрынц ирон адæм, Млеты кувæндонмæ æрмæст куывды цæуынц. Нинæ æмæ Со- скьо сæравзæрдмæ гæсгæ кæд гуырдзиаг нæмттæ сты, уæддæр Ирмæ тынг рагæй æмбæлынц. Туырдзыйы фолъклористтæ сæхæдæг дæр сæттынц, таурæгъ ирон лæг кæй радзырдта, ууыл. Уымæй уæлдай, Млеты кувæндоны цы 15 ног сыкъайы фæзынд, уыдоны тыххæй Н. Дункелъ-Веллинг фыссы, зæгъгæ, ирон адæм азтæ нымайынц, бæ- рæгбонæн афæдз иу хатт цы нывонд аргæвдынц, уыдон сыкьаты бæр- цæй. Таурæгъы варианты бындурыл фыст у Коцойты Арсены поэмæ «Мæдинсе». Уыцы факттæ дзурынц, таурæгъ ирон кæй у, ууыл. Хорз æмæ фыд царды æмдзу кæнынц. Адæмы фантазийы æрдз æмæ царды тызмæг тыхтæ бацыдысты карз фыдбылызтæ æмæ бар- дуæгты хуызы. Афтæмæй равзæрдысты дæлимонты таурæгътæ. Адæймагæн йæхи бон кæм нæу уыцы æвирхъау тыхты ныхмæ лæу- уын, уым йæ сæрхьуызой скодта Хуыцау æмæ Уастырджийы, науæд æндæр дзуæртты. Æбуалгь у Сау Барæг, фыдгæнджыты бардуаг, фæлæ уымæй тыхджындæр у рухсхæссæг бардуаг — сыгъзæрин Уас- тырджи. Рухс уæлахиз кæны тарыл. Фыдбылызхæссæг у мифон цæ- рæгой Руймон дæр. Таурæгъ зæгъы, Урс Елиа адæмы сагъæс кæд нæ кодта, зæгъгæ, æмæ уый басæтты æвирхъау дæлимоны. Мифон тау- рæгьты æмбæлы залиаг (зариаг) калм дæр. Йæ ныхмæ тох кæ- нынц хуыцæуттæ æмæ геройтæ. Цьалагомы Деметы сæрмæ хохыл зыны даргъ къæдзтæ-мæдзтæ дурын таг. Таурæгътæм гæсгæ, уый уыд залиаг калм. Уастырджи йыл рамбæлд æмæ йæ фæрсы: «Кæ- дæм бырыс?» Уый загьта: «Далæ Тылийы чындзæхсæв ис, бирæ адæм дзы æрæмбырд, æмæ уырдæм цæуын адæймаджы сæртæ хæ- рынмæ». Уастырджи йæ ехсæй æрдзæхст ласта, æмæ калм дур фестад. Ам хæрзгæнæг у дзуар. «Гæлиаты калм»-ы та стыр фыд- былызæй адæмы фервæзын кодта герой, хуымæтæг лæппу. Ам зыны, Грузинские народные предания и легенды. — М.: Наука, 1973, 360 ф. 11
фыдбылызты ныхмæ лæууын лæгæн йæхи кæй хъæуы, уыцы бæлвырд хьуыды. Адæмыл тас æфтыдтой низтæ. Уыйадыл мифты фогзынд Алар- ды, рыны бардуаг. Фосдарæг адæмы фыдбылыз уыд хьомрын, уыцы тæссаг низ бацыд фыдуынд, хæйрæджджын сылгоймаджы хуызы («Хъомрын»): иннæ фыдбылыз уыдысты тугдзых сырдтæ, æмæ тау- рæгъты æрцард ус-бирæгъы фæлгонц. Афтæ алы тæссаг тыхтæ ис- той удгоймаджы хуызтæ, æмæ сын таурæгъ æвдыста сæ «дисса- джы хабæрттсе». Адæймаг фæлвæрдта, йæ алыварс цы уыдта æмæ цы хъуыста, уыдон бамбарыныл, æрдз æмæ цæрæгойты дунейы цы диссæгтæ ис, уыдон равзæрд æмæ мидис рахатыныл. Уыйадыл сæвзæрдысты по- этикон рæсугъд таурæгътæ хеехтæ æмæ хъæдты тыххæй, цæдтæ æмæ дæтты фæзынды фæдыл, мæргътæ æмæ сырдты æууæлты тых- хæй. Уыцы фæзындтæ фылдæр хатт вæййынц уæлæрдзон тыхты архайды фæстиуæг — Хуыцау, дзуæрттæ æмæ дæлимонты «куыс- тытæ». Хъæздыг уыд, æрдз æмæ цæрæгойты дунеимæ баст ни уыд, ирон мифологийы уыцы хай. Сæрмагонд бардуæгтæ уыдис денджыз- тæн — Донбеттыр, дæттæн — Гæтæг, хæхтæн — Хохы дзуар. Бар- дуаг уыдис хъæдæн дæр — Хъæды Рухс31. Бардуæгтæ уыд хæдзарон фосæн — Фæлвæра, хъæддаг цæрæгойтæн: тугдзых сырдтæн — Ту- тыр, «уæздан» сырдтæн —Æфсати, мæргътæн - Кæрникылой. Куыд уынæм, афтæмæй хъæздыг уыд ирон адæмы мифологи, стыр уыд сæ дзуæртты пантеон. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ уæрæх уыд нæ фыдæлтæн сæ царды дуне, парахат æмæ арф уыд адæмы мифологон хъуыдыкæнынад, хъомысджын уыд сæ поэтикон фантази. II Ирон фолъклоры хъаймагъ сты историон таурæгыте. Хъæздыг у сæ мидис. Адæмы царды цы зынгæ цаутæ цыд, уыдон уыдысты историон таурæгъты æрмæг. Уыдон сты нæ адæмы æнæфыст исто- ри, царды æнæсайд æвдисæнтæ, скифты таурæгътæ «историйы фыд» Геродотæн куыд уыдысты, афтæ, уымæн æмæ, Фирдоусийы загъ- дау, «сказка правдивее правды порой». Таурæгътæй парахатæй пайда кодтой æндæр историктæ дæр, уыдонимæ Н. М. Карамзин дæр. Уый фыста: «Истори у адæмы уаз ниныг, æнæмæнг ни хъæуы, ахæм сæй- раг ниныг; сæ царды уæвынад æмæ сæ хъуыддæгты айдæн; сæ зонд æмæ се ’гъдæутты цыртдзæвæн; фыдæлты ныстуан сæ фæстагæт- тæн; абон хъæздыггæнæг æмæ æмбарынгæнæг, фидæн амонæг»32. Ахæм истори махæн сты нæ эпос, нæ таурæгътæ, нæ зарджытæ. Историон таурæгътæ, цы цаутæ сæ æвдыст цæуы, уыдонмæ гæсгæ дих кæнынц цалдæр къордыл. Фыццаджыдæр рахицæн кæнын 31Баранов Евгений. Сказки кавказскихгорцев. - М., 1913, 59~76ф. 32 Карамзин Н. М. Предания веков. — М: Правда, 1988, 31 ф. 12
хъæуы паддзæхтæ æмæ фæтæгты таурæгътæ. Уыдон бирæ не сты, æрхæццæ нæм сты æрмæст цалдæр зындгонд лæджы хабæрттæ. Бæзнаг æмæ ахадгæ сты Македойнаг Александры таурæгътæ. Уый цард скифты заманы, хæцыд бирæ ирайнаг адæмтимæ. Фселæ кæцæй цæуынц ирон таурæгътæ? Цы дыууæ уацмысы нæм ис, уыдо- нæн сæ мидис нæу сыгъдæг историон, фылдæр сæ ис таурæгъон мо- тивтсе, рагон æгъдæуттæ, философон-этикон хъуыдытæ. Стыр паддзахы ном райста ирон хуыз — Мачъидон Алыксан кæнæ Макъе- дон. Фыццаг таурæгъы ис дыууæ сюжетон хайы. Сæ иуы æвдыст цæуынц æрыгон паддзахы дыуусе сгуыхты: æрра байрагыл сбадын æмæ лæгæй-лæгмæ хурыскæсæйнаг (Персы) паддзахы басæттын. Алыксан Дарийы кæй басаста, уый историон цау у, æрмæст ам райста таурæгъон хуыз. Фыдуаг бæхыл кæй сбадт, уыцы цауы тыххæй фыста рагон фыссеег Плутарх33. Дыккаг эпизод у филосо- фон, цæст æнæфсис кæй у, сыджыт йеддæмæ йын бафсис кæй ницæ- мæй ис, уый æмбисонд. Уыцы мотив æмбæлы æндæр адæмты фолък- лоры дæр. Дыккаг таурæгъы сюжет баст у зæронд лæгты марыны рагон æгъдауыл. Ахæм мотив ис Нарты кадджыты («Уырызмæджы фæстаг фосы конд»), ирон æмбисæндты, ис скæсæйнаг адæмты сфæл- дыстады34. Абайты Васомæ гæсгæ, ахæм æгъдау уыд æфсæддон орга- низацийы фæстиуæг: стæры цæуын чи нæ фæрæзта, хæстхъом чи нæ уыд, уый уыд æгад35. Зæрæдты марын Алыксан кæй аивта, уый таурæгъон традици у. Удæгасæй æд æфсад Мæрдты бæстæм кæй бацыд, уыцы хабар ис Низамийы кадæг «Искендер-наме»-йы. Ирмæ кæцæй æрбафтыд, уый зын равзарæн у. Бæлвырд у уый, æмæ нæ фыдæлтæнуыд культурон бастдзинæдтæ рагон бердзентимсе (грекъи- мæ), кавказаг æмæ скæсæйнаг адæмтимæ. Таурæгъы æвдыст цæуы адæмы хъуыды хорз æмæ рæстаг паддзахы тыххæй. Йæ бындурон хъуыды у, æгæрон бартæ (властъ) адæймаджы куыд халынц, залым дзы куыд скæнынц, уый. Бирæ таурæгътæ нæм æрхæццæ Ос-Бæгъатыры номыл. Нæ ис- торийы уыд дыууæ Ос-Бæгъатыры, иу дзы цард V, иннæ — XIV æнусы. Таурæгъты уыдон баиу сты, рауад сæ иу фæлгонц. Суанг Дауыт Сосланы царды хабæрттæй дæр цыдæртæ хаст æрцыд Ос- Бæгъатыры хыгъдмæ. Уыйу фольклоры миниуæг. Бæлвырд, Ос-Бæгъа- тыр адæмы цæсты уыд Сосланæй кадджындæр, уыди сæм хæстæг- дæр æмæ сæ зæрдыл бадардтой уый ном. Сослан уыд Тамары æмсæр, гуырдзыйы историктæ йæ хуыдтой паддзæхты паддзах36, Шота 33 Плутарх. Сравнительные жизнеописания, в 3-х т., т. 2. — М., АН СССР, 1963, 398-399 ф. 34 К о с т ю х и н Е. А. Александр Македонский в литературной и фольк- лорной традиции. — М.: Наука, 1972. Частъ II. 35 Абаев В. Нартовский эпос. - Известия СОНИИ, т. X, вып. I. — Дзауджикау, 1945, 98 ф. 36 Очерки истории Юго-Осетинской автономной области. — Тбилиси: Мецниереба, 1985, 81 ф. 13
Руставели та «гуырдзыйы Хуыцау». Фæлæ ирон адæмæн хорзæй ницы фæци, Гæдиаты Секъа йæ хуымæтæджы не схуыдта «кæйдæр хуы- мы — цыргъ æхсырф», æмæ уыйадыл йæ ном адæмæй ферох. Ацы циклы сюжетты сæйрагдæр у Ос-Бæгъатыры ныббырст Гуырдзыстонмæ æмæ йæ мæлæт. Уыцы хабар фыст уыд Нузалы аргъуаны къулыл («Мах уыдыстæм фараст æфсымæры»K7. Уый тых- хæй ис гуырдзиаг таурæгъ дæр38 — тынг хæстæг у йæ мидис Нузалы фыст æмæ ирон таурæгътæм. Гуырдзиаг фольклоры Ос-Бæгъатыр тыххæй рахаста сæ паддзах Вахтанг Горгасалы хойы (V æнус), Вахтанг фæсайдта йæ ард æмæ хинæй амардта Ос-Бæгъатыры. Афтæмæй зæгъæн ис, æмæ таурæгътæн уыд æцæг бындур. Таурæгъты зынгæ бынат ахсы Тамар-паддзахы фæлгонц дæр. Тамар Ирыстоны фидар кодта чырыстон дин, арæзта аргъуантæ. Гуырдзиаг аргъуан æй бахаста сыгъдæджыты хыгъдмæ. Ирон фолъ- клоры кæм зæххон у, кæм та — зæд, Чырыстийы чызг — йæ тау- рæгъты ис мифты æмæ аргъæутты мотивтæ: цæры Бурсамдзелийы сæр, стахт арвмæ; лæппу йын райгуырд хуры тынæй; лæппуйы ап- парынц хъæды, æмæ йæ схæссы саг. Иры историйы трагикондæр цаутæ æрцыдысты манголтæ æмæ тæтæры ныббырстытæй. Алантæ хъæбатырæй бирæ фæтох код- той фыдгулты ныхмæ. Скуынæг сты уыцы хæстыты, ныппырх сты сæ цæрæнуæттæ, сæ аргъуантæ, фесæфт сæ чиныг, æдзæллагмæ æрцыд сæ хæдзарад, сæ кулътурæ. Фæлæ манголты кой нæ баззад нæдæр эпосы (хицæн нæмттæй уæлдай), нæдæр таурæгъты. Уый диссаг у. Æрхæццæ нæм цалдæр таурæгъы Тимуры тыххæй, иууылдæр дыгуро- нау. Уыдоны дæр нæ зыны стыр адæмон трагеди, — уый нывджын æвдыст у историон зарæг «Задалески Нана»-йы. Æрмæст «Ногъайи тауæрæхъ»-и загъд ис: «Ахсахъ-Темур уой бæрцæ зиндзийнадæ ра- вардта хонхи цæрæг адæмтæн, æма нур дæр ма, æгæр ка бахуæруй, омæй фæззæгъунцæ, Ахсахъ-Темури хуæрд нæ бакодта, зæгъгæ». Ирон фолъклоры парахат сты æддагбæстон тыхгæнджыты ныхмæ тохы таурæгыпæ. Уыдоны æвдыст цæуынц XV-XIX æнус- ты цаутæ. Тимуры бырстыты A395—1400 азты) фæстæ Ир слæ- мæгъ, æмæ йæм алырдыгæй лæбурдтой тыхгæнджытæ, уæлдайдæр — Кæсæджы æлдæрттæ. Уыдоныл сæ арм дардтой Хъырымы хан, хаттæй-хатт Турчы султан æмæ суанг Уырысы паддзах дæр, æмæ уыдоны æфсæдты æххуысæй арæх тых кодтой Цæгат Ирæн, фыд- дæр та — Дыгурæн. Таурæгыпæ Хъæрæмханы хонынц адæмы фыдхор. Хъæддаг æмæ æвирхъау сты Хъæрæмхан æмæ Иналы æфхæрæн митæ. Кады аккаг у хъайтарты тох сæ ныхмæ, фæлæ Хъæрæсе æмæ Есены хуызæн хъæбатыртæ хæцыдысты иугæйттæй, æмæ уый мидæг уыд сæ трагеди. Хицæн таурæгъты, («Мустафи дзубанди», «Ассий зар», 37 Уый тыххæй кæс: Салагаева 3. М. От Нузальской надписи крома- ну. - Орджоникидзе: Ир, 1984 (Глава Н). 38 Грузинские народные предания и легенды. 160—161 ф. 14
«Ногъайи тауæрæхь») æвдыст æрцыдысты Дыгуры быцæутæ Но- гъай, Асы æмæ Сариимæ (Сванети). Хуызджын æмæ аив арæзт сты ирон фольклоры Таймураз æмæ Чермены фæлгонцтæ. Уыдон сты адæмы уарзон хьайтартæ, сæ сæрхьуызойтæ, сецæгæлон æмæ бы- нæттон æлдæртты ныхмæ хьæбатыр тохгæнджытæ, уыдон хьахъ- хьæдтой адæмы кад æмæ намыс, сыгьдæгæй хастой сæрибар адæй- маджы ном. Ацы таурæгьтæн сæ фылдæры æмрæнхъ ис историон зарджытæ: историон таурсегъ æмæ зарæг ксенынц æмдзу, кæрæдзийы æххæст кæнынц, афтæмæй39. XVI æнусæй фæстæмæ рæзын байдыдтой Кавказ семæ Уырысы бастдзинæдтæ. Сæ ныхмæ лæууыдысты Турк семæ Иран. Турк ар- хайдта Хъырымы ханы кьухтсей. Ираны сахтæ стыгътой Фсес- кавказы. XVII сенусы сах Аббас A587—1628) сербахызт Дайраныл, ахызт Цымийсе Санибамсе, уырдыгсей Куырттаты коммæ, бахæццæ Уселладжырмæ, Уселлаг коммсе40. Таурсегътæ нæм серхæццæ кодтой уыцы хабсерттæ. Сахы бон нсе баци Дзывгьисы фидсерттæ бассет- тын. Йсе ныхмæ фидар серлсеууыдысты Цъамад. Адсемы хæстон дсес- ныйад ирдсей севдисы таурæгъ «Цъамад семæ сахы сефсæдты хæст». Знæгтæн бантыст хурсудзæн севгтæй мсесыгыл арт бандзарын семæ хъæбатыр хохæгты бассеттын. Сахы ныхмсе хьазуатонæй серлсеууы- дысты Уселлаг комы Гселиат семæ Уызы хъсеутæ. Фселæ уызсегты гадзрахаты фсерцы саст æрцыд Гселиаты фидар. Ацы таурсегъты цымыдисаг у, хьсеумæ зсеххы бынты галы сыкъатæй арсезт донуа- дзæн ксей уыд, уыцы хабар. Уый дзурсег у адсемы техникон-культу- рон уавсерыл. Сахæн бирсе нæ бантыст Ирыстоны, лидзсег фсеци хæхтæй, уый тыххæй баззад сембисонд: «Сах Зсерсемседжы усезсегсей раздсехти». Ирыстонмæ арсех лсебурдтой лекъ (Дагъистаны знсемтæ) семæ мæхьæлы фыдгсенджытæ, тардтой фос, хастой уацайрсегтæ. Уыцы цаутæ дсер ирдсей зынынц нæ таурсегъты, — уыдон дзаг сты сехсар семæ патриотизмы хъуыдытæй. Ссермагонд цикл сты паддзахлие минæвæртты таурæгътæ. Ирон адсем манголты сербабырсты фсестæ цардысты хæхты цъас- сыты, къуындсег уыдысты сæ авналсентæ. Алырдыгæй бырстой сы- хаг феодалтæ семсе тыхтона кодтой Ирыстоны. Ахæм уавсерты адæм агуырдтой фсендаг быдырмсе, хьуыди ссе тыхджын сæрхьуы- зой. Се ’ргом аздсехтой Усерсесемæ, уым агуырдтой сеххуыс семсе ир- всезсен хос. Уый фседыл Ирыстоны фыццаг минсевæрттæ ацыдысты паддзахмæ 1749 азы. Уыдысты фондз минæвары, уыдонсей дыуусе — Бадилаты Созырыхъо семæ Хьази — Кæсæджы селдсертты барвсен- дсей Хъызларсей дарддсер нæ ацыдысты, раздсехтысты. Иннæ сертæ уыдысты: Уселладжыры комæй зсерсемæггаг Елиханты (Магкаты) Зураб йæ фыртимæ, захьайаг Хетæгкаты Елисей (Хьессаты Еба) 39 Уыдоны тыххæй кæс: Хамицаева Т. А. Историко-песенный фоль- клор осетин. — Орджоникидзе, 1973. 40 История Северо-Осетинской АССР. - М., АН СССР, 1959, 125 ф. 15
æмæ Куырттаты комæй Дзывгъисæй Батыр41. Сæ фæндаг уыд Хъыз- лар æмæ Астраханыл, уырдыгæй Мæскуы æмæ Бетъырбухмæ. Сæ сæй- раг нысан уыд Ирыстоны Уæрæсейы бæрны бакæнын æмæ ирæн бы- дырмæ ралидзыны фадат саразын. Бирæ фыдæбæтты фæстæ бахауд- той императрицæ Елизаветæмæ. Сæ сæйраг фæндон ш сæххæст, фæлæ сæ балц сæрæвæрæн фæци уыцы стыр историон хъуыддагæн. Æрыздæх- тысты 1752 азы уалдзæджы. Уыдис æндæр мишварадтæ дæр. 1774 азы Ирыстоны мишвæрттæ 20 лæгæй Мæздæдокы фембæлдысты Ас- траханы губернатор Кренетниковимæ. Сæ хъуыддаг ацыд æнтыст- джышй: императрицæ Екатериш II уынаффæ рахаста Ирыстоны зынгæ хай Уæрæсеимæ баиу кæныны тыххæй. Бæлвырд зæгъæн ис, æмæ ш таурæгъты уыцы цауты кой шй. Хицæн вариантты мишвæрттæ иргуынц Бетъырбухмæ, Стъараполмæ, Екатериноградская станицæмæ (Сæпачъе). Стъараполы сæ къухы не ’фты Екатеришйыл ссембæлын — уый ис балцы. Бæрæг куыд у, афтæмæй ус-паддзах йæ бæстæйы хуссар кæрæттыл зылд 1787 азы. Æвæццæгæн, Мамиаты Хъарадзау æмæ Куырттаты мишвæрттæ ус-паддзахмæ уыдысты уыцы аз Хъыры- мы42. Уый сын радта гæххæтт, Цæгат Ир Уæрæсеимæ иугондыл ны- мад кæй у, уый тыххæй, ракодта сын лæвæрттæ. Къоста йæ онерк «Особа»-йы фыста, зæгъгæ, «æрæдоюы дæр ма Нары аргъуаны æфснайд уыд, Екатериш Нары мишвæрттæн цы гæххæтт (грамотæ) радта, уый»43. Кæсæджы æлдæрттæ уыдысты, Ир Уырысимæ баиу уа, уый ныхмæ, ш сæ фæндыд Цæгат Иры сæ дæлбарæй суадзын æмæ æпшт мадзæлттæй архайдтой мишвæртты хъуыддаг халыныл. Уымæ гæсгæ быцæу канд æмбæлæггаджы хай æмæ дывзагон тæлмацы тыххæй ш рауад, — уыдис ын политикон аххосæгтæ дæр. Таурæгъæн йæхи нысан и, æмæ цаутæ æвдисы уыцы нысаны сæрап- понд. Минæвæртты таурæгъты сæйраг мидис у, адæймаг экстремалон уавæрты йæхи куыд дары, уый равдыст. Сæйраг архайæг дзы у Ма- мион Хъарадзау — ахуыргонд лæг, дæсны дипломат, æрхъуыдыджын адæймаг. Хæсты заманы дæр разынд хъæбатыр хæстон, йæ фыртимæ сæ мæлæт у бæрзонд трагедион ныв, уый суæлмонц кодта Нигеры Хъарадзауыл балладæ фыссынмæ. Ацы таурæгъты ис алыхуызон фæл- гонцтæ. Уыдошй йæ хæстон арæхст æмæ сгуыхтæй хицæн кæны Цæ- лыккаты Дзадже, йæ зонд æмæ йæ арæхстæй — Битарты Хъайтыхъо. Бæлццæттæ ссардтой кады мæлæт, худинаг ш ныууагътой сæ фæс- тагæттæн — уыцы хъуыды у таурæгъты этикон мидис. Паддзах Кавказы куы ’рфидар ис, уæд колониалон политикæ йæхи æвдисын байдыдта Ирыстоны. Гуырдзыйы селдæрттæ уыры- сы хицауады æххуысæй хъазайраг уавæрмæ тардтой Хуссар Иры зæхкусджыты. Хъалондары хæстæ æвæрд цыди Цæгаты Ирыл дæр. 41 Блиев М. М. Русско-осетинские отношения. — Орджоникидзе: Ир, 1970,122-123 ф. 42 Уый дæр уым, 264 ф. 43 Хетагуров Коста. Собр. соч. в 5 томах, т. IV. - М. - АНССР, 1959,313ф. 16
фселæ адæм тох кодтой сæ бартыл. Цалдæр растады уыди Хусса- ры. Цæгат Ирыстоны адæмы змæлдæй пайда кодтой Тæгиаты æлдæрттæ, архайдтой, Арвыкомы фæндагыл раздæрау сæ бар цæ- мæй цыдаид, уый сæраппонд. Хицауад сфæнд кодта ирон адæмы ныссабыр кæнын. Уый охыл 1830 азы нæ хсехтæм дыууæрдыгæй ба- бырстой æфхæрæг æфсæдтæ. Чеселтгомы цаутæ æвдыст иреуынц «Иалары хæст»-ы, Хъобангомы цаутæ —Хазбийы таурæгъты. Стыр æхсар равдыстой Чеселты Хъолайы мæсыг хъахъхъæнджытæ, сæ ном баззад таурæгъты æмсе зарджыты. Адæмæн æмбисондæн баззад хъо- байнаг Алыккаты Хазбийы сгуыхт. Адæм ыл скодтой кады зарæг. Историон документты нæй Хазбийы кой. Уым ссейраг архайæг у тæгиан æлдар Санаты Беслæн, æмæ уый кой та зарджыты нæй, æрмæст таурæгъты стæм хатт фæзыны йæ ном. Цæмæн афтæ ра- уад? Ацы хъуыддаг нын æвдисы дыууæ цæстæнгасы историон цау- тæм. Хазби уыд хорз цуанон, иуæй-иу таурæгъгæнджытæ йæ хо- нынц кæвдæсард, уый уыд фæллойгæнæг адсемæй, хъахъхъæдта уыдон бартæ, æмæ адæмæн уый у герой æмæ кады аккаг. Беслæн æмæ сын йæ тохы нысан та æцæгæлон сты. Уый хыгъд паддзахы хицауад ницæуыл нымайынц мæгуыр лæджы, уыдонæн æлдар у историон ар- хайæг. Таурæгъ у адæмы зонд æвдисæг. Адæм сæ бæстæйы кад æмæ бартæ куыд хъахъхъæдтой, уый хуыз- джын æвдыст цæуы «Томайты хæст»-ы. Уыцы цаутæ æрцыдысты 1850 азы Хуссар Ирыстоны, Рунъы зылды44. Таурæгъы ирдæй зыны адæмы хъæбатырдзинад, сæ раздзæуæг Томайты Мæхæмæты мону- ментон фæлгонц. Ирон историон фолъклоры зынгæдæр хай сты æлдарады ныхмæ тохы таурæгътæ. Арф у уыдонæн сæ кълассон мидис. Зæгъæн ис, æмæ уыдон сты ирон адæмы æхсæнадон цард æмæ социалон уавæрты дзургæ истори. Ацы таурæгъты уынæм куыд æхсæнадон фæлтæрты быцæутæ, афтæ хицæн хъайтарты тох æлдæрттсе, «уæздæттæ» æмæ сæ хъузæттæ — паддзахы сатрапты ныхмæ. Уæззау æмæ трагикон у сæрибарыл тохгæнæг хъайтарты хъыс- мæт, адсемы уавæр. Сæ сæйраг аххосаг у, адæмы сехсæн иудзинад кæй нæ уыд, уый. Таурæгъ æмхиц нæу хатдзæгтæ кæнынмæ, йæ хъуыды йæ архайдимæ райхæлы æмæ раргом вæййы, фæлæ «Цæразонтæ» фæвæййынц хатдзæгæй: «Адæм уæд дæр æмæ ныр дæр кæрæдзиуыл афтæ æнцон ардауæн сты, стæй, сæ хуыздæры куыд нæ зонынц, уый тыххæй у ацы таурæгъ». Афтæ у царды æцæгдзинад, фæлæ уæддæр адсем иу афон базонынц сæ хæрзгæнæджы æмæ йын йæ ном æмæ йе сгуыхт æнусон скæнынц таурæгъты. Бирæ туг ныккалд сæрибары сæраппонд. Фæлæ тох æргом кодта адæмы ныфс æмæ хъару, адæй- маджы æнæбасæтгæ тырнындзинад бæллиццаг сæрибармæ. Бæтæйы фырттæ æмæ Чермены нæмттæ ирон адæмæн уыдысты тохы сим- волтæ. 44 История Юго-Осетинской АО, 185 ф. 2 Ирон таурæгътæ \1
III Бынæттон таурæгьтæ бадзырдон уагыл ис æртæ хайыл адих кæнæн: 1) æгьдау, 2) мыггæгты равзæрд æмæ тох, 3) куырыхон лæг- ты таурæгътæ. Æгъдауы таурæгыпæ, ни зоны, нывыл термин нæу. Уый у уæрæх æмбарынад, иу кæны, адæмы философон-этикон зондахаст æмæ фæтк ни æвдисы, ахæм уацмыстæ. Уыдон та иу кæнæ иннæ хуызы баст сты æгъдауимæ — æхсæнадон кæнæ моралон æгъдауимæ. Уыцы тау- рæгъты сюжеттæ райрæзынц царды фæткон уавæртæй æмæ февди- сынц æгъдау халын кæнæ йæ хъахъхъæныны фæстиудокытæ. Цæвит- тон, «Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры» сюжет арæзт у, уазæ- джы ни куыд буц кæны, уый бындурыл. «Седанаты мæсыг» нын æвдисы, мад, уазæгуаты сæм цы туджджын æрбахауд, уый йæ фырт- тæй куыд хъахъхъæны, уыцы хабар, — уый дæр æгъдау уыд. Пируз гадзрахатæй рацыд йæ адсемыл, æмæ йыл хъоды бакодтой («Хуы- цауы азар»). Базыргантæ амардтой иунæджы, сæ фыдракæнд ра- хъæр ис, æмæ сæ йæ ингæны уæлхъус адæм амардтой. Мзораты Мзор Терк-Турны рæгъау сусæгæй нæратæры, йæхæдæг сæм фæхабар кæны, — уый дæр æгъдау уыд, рыцары намысы фæтк. Афтæмæй ацы уац- мысты къорд, хуыздæр ном сын кæй нæма ис, уый тыххæй схонæн ис æгъдауы таурæгътæ. Адæмы егъау сфæлдыстадон хъомысæн иууыл ирддæр æвдисæн сты ацы таурæгътæ. Парахат у сæ мидис, бирæфарсон — сæ тема- тикæ, бæрзонд æмæ зæрдæисгæ — сæ аив конд. Уыдонæй бирæтæ лæууынц «Декамерон» æмæ ренессансы новеллæты æмрæнхъ. Сæ ны- вæсты æрдзон уагыл баиу зæххон æцæгдзинад æмæ сфæлдыстадон фантази, хуызджынæй нын æвдисынц царды алыхуызон фæзындтæ. Уыдоны ныхæй-ныхмæ лæууынц хорз æмæ фыд, уарзт æмæ хæрам, раст æмæ зылын, сыгъдæг æмæ нъизи, зонд æмæ гуымиры тых. Фсе- уæлахиз вæййынц æдзухдæр рухс тыхтæ, рæстдзинад, намыс. Раргом вæййы æцæгдзинад. Æфхæрд æриæуынц шрамхæссæг тыхтæ. Афтæ- мæй нæ хселы æрдз æмæ царды гармони. Уый у адæмон философийы бындур. Дзаг сты, ацы таурæгътæ куырыхон æмæ уæздан хъуыды- тæй, уыдон нын æвдисынц адæмы зонды рухс, йæ зæрдæйы фидауц. Нæ адæмы истори зонынæн ахъаззаг æрмæг дæттынц мыггæг- ты таурæгътæ. Уыдон баст сты мифтимæ, историон цаутимæ, бынæттон быцæутæ æмæ хабæрттимæ. Бæстон сæ зыны хицæн мыггæгты равзæрд, сæ цæрæнуæттæ куыд æмæ цæй тыххæй ивтой, уый аххосæгтæ. Ссе тох фылдæр хатт уыд зæхх æмæ æндæр исбоны фæдыл. Мыггæгты хæрамыл æфтыдта туг исыны æгъдау дæр. Адæм- иу сæ цæрæн бынæттæ ныууагътой æлдæрттæ æмæ æддагон тых- гæнджыты азарæй дæр. Знæгтæ æмæ туджджынты тæссæй ивтой сæ мыггæгтæ — иутæ-иу райстой ног, æрымысгæ мыггаг, иннæтæ- иу сæхи схуыдтой, йæ бæрны сæ ни бакодта, уыцы тыхджын мыг- гагæй, æндæртæ та — фыды номæй. Ахæм мыггæгты равзæрдæн ис 18
реалон бындур. Фæлæ хицæн мыггæгты равзæрд баст у династион семæ социалон идеологийыл. Уый та у иртасинаг хъуыддаг. Алы мыггаг дæр архайы йæ равзæрд скаддэæын кæныныл. Тау- рæгътæм гæсгæ, ирон адæм равзæрдысты фондз мыггагæй: Цæразон- тæй, Æгъуызатæй, Сидæмонтæй, Хъусæгонтæй, Цъæхилонтæй45. Уыдон та уыдысты ирон паддзæхты династийæ. Абайты Васо куыд сбæрæг кодта, афтæмæй Цæразон æмæ Æгъуызайы нæмттæ рав- зæрдысты Цезар (Цезарон) æмæ Августæй, ома сæхи хуыдтой Ромы императорты байзæддаг46. Уыдон уыдысты ирон (аланты) паддзæх- ты дыууæ династийы, алнидæр сæ хъавыд иунæгæй æлдариуæг кæ- нынмæ æмæ йæ фæндонæн агуырдта идеологон бындур - кадджын равзæрд. Мачъидон дуне байсынмæ куы хъавыд, уæд йæхи схуыдта Хуыцау Аммоны фырт, Чингисхан та - Хуры байзæддаг. Ирон «уæз- дæттæй» сæ таурæгътæм гæсгæ иу мыггаг дæр нæу хуымæтæг ирон адæмæй. Бадилатæ сæхи хуыдтой Мадзары уæздæттæй равзæргæ. (Адæм та сæ хуыдтой дзæгъæлзад гуырдзиаджы цот), Тæгиатæ — Сомихы паддзахы туг æмæ стæг, науæд цавæрдæр хан æмæ кæсгон æлдары чызджы цот. Куырттат согхи Тæгиаты æмсæр кодтой, сæ фыдæлтæ Куыртта æмæ Тæгайы æфсымæртæ хуыдтой, фселæ сæ Тæгиатæ афтæ нæ нымадтой, æмæ се Ьссæн цыд бирæ хъаугъатæ. Нары зылды тыхджын мыггаг Хетæгкатæ сæхи уæлдæр кодтой сæ сыхæгтæй, æмæ уыйадыл фæзынд, Хетæг кæсгон æлдары фырт кæй уыд, уыцы æмбисонд. Рагон таурæгъ «Хетæджы къох» у мифон, æвдисы кувæндоны фæзынд, уым Хетæг у бынæттон цæрæг, семæ йсе кæд лæг хонынц, уæддæр æм ис дзуары æууæлтæ: зоны æппæт, уыимæ стъалыты æвзаг дæр, дæрæн кæны дæлимонты æмсе фарн хæссы адæ- мæн. Иу дзырдæй, Хетæг уыд ирон муртак зсед. Кæсæгæй лидзыны хабар фæзынд æрæджиау, ир мæгуыр уавсерты куы бахаудтой, кæс- гон æлдар кадджын куы сси, уæд фæзынд мыггагæн уæзданы бартæ райсыны сæраппонд. Афтæ кæй у, уымæн ма ис иу æвдиссен: Хетæ- джы цотæй алкæмæй дæр рацыд бæлвырд мыггаг (Нарон — Джио- тæ, Мамиатæ, Дзанайтæ æмæ æндæртæ), Хетæгкатæ сæхæдæг сæ фыдæлæн йæ кæцы къалиуæй сты, уый бæрæг нæу47. Мыггаг гуыр- дзыйы паддзæхтæй уæзданы гæххæтт агуырдта, æмæ сæ æлдарæй равзæрды таурæгъ уæд бахъуыдаид. Мыггаг куы стыхджын æмæ скадджын, уæд бирæ мыггæгтæ сæхи хонын райдыдтой Хетæгка- тæй. Хуымæтæджы не схуыдта йæхи уыцы мыггагæй Хъесаты Еба паддзахмæ минæвар цæугæиæ — хуымæтæг лæгимæ паддзах тæрхо- ны не ’рбадтаид. Афтæмæй зæгшн ис, æмæ мыггæгты, таурæгътсе 45 Ванеев 3. Н. Народное предание о происхождении осетин. - Ста- линир, 1956. 46 Абаев В. Происхождение осетинских фамильных имен Цæразонтæ и Æгъуызатæ. // Литературная Осетия, 1982, № 60. 47 Калоев Б. А. Происхождение некоторых осетинских фамилий по народным преданиям. // Осетинская филология. Межвузовский сб., вып. 2. - Орджоникидзе: Изд-во СОГУ, 1981, с. 100. 19
æвдисынц канд мыггагон ахастытæ нæ, фæлæ социалон тохы хицæн хуызтæ дæр. Бæрцæй гыццыл, мидисæй ахадгæ сты куырыхон лæгты тау- рæгьтæ. Æниу сæ нымæцæи ис фæфылдæр кæнæн, уымæн æмæ куы- рыхон, курдиатджын, дзырдарæхст лæгты хабæрттæ ис æндæр тау- рæгъты дæр. Адæм кæддæриддæр стыр аргъ кодтой зонд, æгъдау æмæ куырыхон ныхасæн. Таурæгътæ куыд фæзынынц, номдзыд лæджы цардимæ баст куыд æрцæуынц, уымæн æвдисæн — Къостайы тау- рæгътæ. Адæмы цæсты поэт афтæ кадджын у, æмæ уый йæ цыргъ зонды фæрцы лыг кæны стыр æхсæнадон æмæ паддзахадон хъуыд- дæгтæ. Санаты Сем хайджын у адæмы æнусон фæлтæрддзинадæй, зоны, цы уыд æмæ цы уыдзæн, уыдæттæ, — афтæ дзы таурæгътæ скодтой зæххон пехуымпар. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт таурæгъты нæй адæмы зонда- хаст. Таурæгъы идейон мидис вæййы, кæм, кæд æмæ цавæр социалон уавæрты сæвзæры, уымæ гæсгæ, стæй йæ ни дзуры, уый зондахастмæ гæсгæ дæр. Зондджын, дзырдарæхст, дæсны дипломатæй йæхи рав- дыста Томайты Мæхæмæт: иу уæздан æгъдау, иу цыргъ ныхасæй басаста мæсты адæмы фыдæх æмæ бафидауын кодта дыууæ комы («Мæхæмæты ныхас Нары»). Ахæм куырыхон нæ разынд Джергаты Датъи («Тибæмæ Нары быцæу»), кæд дзы таурæгъгæнæг хорз зæгъы, уæддæр: уый Нары адæмы фидауын нæ бакодта, фселæ сæ æнæгъдау бафхæрдта. Ахæм тæрхонæн нæдæр растыл нымайæн уыд, нæдæр фидыдыл, — уый йæ фæдыл расайдтаид ног хæрам. Бæрæг у, ацы таурæгъ не срухс адæмы фарн æмæ зондæй. Аивады алæмæт нын æвдисынц Хетæгкаты Гуыба æмæ Томай- ты Созырыхъойы хабæрттæ. Дзырд, æмбисонд æмæ таурæгъы цы тых ис, уый бæлвырдæй зыны Демыраты Кацойы таурæгъы. * * * Адæм арвы айдæн сты, — зæгъы таурæгъ. Арвы айдæн у таурæгъ йæхæдæг дæр, уым зыны дуне: йе сконд, йæ фæзындтæ, зынынц дзы адсем, сæ цардвæндаг, сæ хъуыддæгтæ, се ’гъдæуттæ, сæ зæрдæ. Тау- рæгъ у, дзыллæтæ цы сфæлдыстой, уыцы хæрзты хуыздæртæй. Уый фæлтæрæй фæлтæрмæ хастой мæлгъæвзаг, зæриндзых куырыхон лæгтæ, аив дзырдæй дзы нывæфтыд кодтой хъайтарты сгуыхтытæ, нæртон æгъдæуттæ, уæздан хъуыдытæ — адæмы фарн. Джыккайты Шамил
ТАУРÆГЪТÆ
ÆРВОН ТАУРÆГЪТÆ Хур æмæ Мæй Дуне срухс кæнынæн Хуыцау сфæлдыста дыууæ рухсдæттæг къорийы. Иу дзы хъуамæ уыдаид арвыл боныгон æмæ рухс код- таид адæймаджы фæндаг æмæ куыст, иннæ хъуамæ сыгъдаид æхсæв æмæ хастаид адæймагæн тыхдæттæг хуыссæг. Дыууæ къо- рийæ алкæй дæр фæндыд боны цырагъ уæвын — уæд зæххыл уыдаид нымаддæр æмæ кадджындæр. Сæ хъаст бахастой Хуыцау- мæ æмæ сын быцæу бацайдагь. Уæд сын Хуыцау афтæ зæгъы: — Ахсæв дыууæйæ дæр бафынæй кæнут, стæй, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кæной, уыцы сахат уæ арвгæрон раздæр чи фæзына, уый уъщзæн боны рухсдæттæг, иннæ та - æхсæвы. Дыууæ къоримæ Хуыцауы уынаффæ хорз фæкаст æмæ хуыс- сæнты сæхи æруагътой. Сæ иу схуыссыд фæлмæн пакъуы базтыл æмæ уайтагъд афынæй ис; иннæ йæ быны сындзытæ бакодта, цæмæй ма бафынæй уа æмæ райсомæй арвыл раздæр ферттива, уый тыххæй. Уыцы къори бирæ фæхæцыд æгъатыр хуыссæджы ныхмæ, фæлæ бонырдæм йæ хъару асаст, рæдзæ-мæдзæ байдыд- та æмæ уый дæр бафынæй. Фыццаг къори хуыссæгæй бафсæст, рог æмæ тыхджынæй ссыди арвыл æмæ дунейыл тауын байдыд- та хъарм æмæ цардхæссæг тынтæ... Æрæджиау райхъал иннæ къори дæр. Скасти арвмæ æмæ федта йемæ ерысгæнæджы: уый бæрзондæй сæрыстырæй фæлгæсыди дунемæ æмæ уæлахизы цинæй уагъта цæхæр тынтæ. Уæд дыккаг къори фефсæрмы йæ хъысмæтæй, афæлурс, æмæ йæ цæсгом нал бахъæцыд арвмæ ссæуын, йæхи равдисын. Æрмæст фыццаг къо- ри хæхты фæстæ куы фæаууон ис, уæд уый дæр ссыди арвыл æмæ акаст дунемæ ризгæ тæссонд тынтæй... Уæдæй фæстæмæ арвыл кæрæдзи ивынц Хур æмæ Мæй. 23
Мæй Иу мадæн уыд авд фырты. Иу хатт лæппутæ ацыдысты хос кæрдынмæ. Уыцы афон мадæн райгуырд ссырджын чызг. Авдæ- ны йæ бабаста, йæхæдæг бавдæлд хосдзæуттæн хæринаг кæнынмæ. Сихор сцæттæ ис, æмæ мад йæхи рæвдз кæны уыгæрдæнмæ. Чызг уый куы базыдта, уæд дзуры йæ мадмæ, мæн дæр демæ акæн, зæгьгæ. Мад дисы бахауд æмæ йын афтæ зæгъы: - Кæдæм мын цæуыс ды та, кæдæм фæхæццæ уыдзынæ? - Ды кæдæм фæхæццæ уай, æз дæр уырдæм бафæраздзынæн цæуын, - дзуапп радта чызг. Уæд хæринæгтæ хордзенты мидæг бæхыл бавæрдтой æмæ ра- раст сты. Лæппутæ сихор куы бахордтой, уæд сæ хомæ дзурынц, ауай, бæхыл сахсæн авæр, зæгъгæ. Чызг ацыди, уæдæ цы. Рæстæг дæр цæуы, фæлæ чызг зынæг нæй, фæстæмæ нал здæхы. Æфсымæртæ тыхсынц, сæ зæрдæ йæм æхсайын байдьщта, ма фæдзæгъæл уæд, зæгъгæ. Уæд æм кæстæр æфсымæр агурæг ацыди. Кæсы, æмæ чызг бæхы мард хæры, йе ’рдæг ын хæрд фæци. Лæппу фæстæмæ æрбаздæхт æмæ дзуры йе ’фсымæртæм: - Хорзæй баззайут, мæнæн уемæ цæрæн нал и. Загьта æмæ ацыди. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ, æмæ иу ран иу мæсыгмæ бафтыд. Мæсыджы бады сауцæст, саудзыкку чызг, йæ буар та миты хъæпæнау — урс. Чызг бацин кодта лæп- пуйыл, æмæ иумæ цæрынтæ байдыдтой. Цыдысты афонтæ. Лæппу йе ’фсымæрты мысын байдыдта. Цы сты, куыд сты, уымæн ницы зоны æмæ æрæнкъард. Иу бон куы уыди, уæд сфæнд кодга уыдон бабæрæг кæнын. Чызг æй кæм уадзы, фæлæ куы базыдга, лæппу йæ фæнд нæ аивдзæн, уæд æй ауагьта. Радта йæм сигæцдур, сæрвасæн æмæ æвзалы, æмæ йын загьта: - Зындзинады куы бахауай, уæд уыдонæй иу аппар, æмæ дын уый баххуыс кæндзæн. Лæппу æрцыд йæ хъæумæ. Кæсы, æмæ хъæуы змæлæг нæй — ссырджын чызг сæ бахордта. Уый йе ’фсымæры куы ауыдта, уæд йæ размæ рауад къæсæй, цинтæ йыл кæны æмæ дзуры: - Кæм уыдтæ, мæ иунæг æфсымæр? Æз дæм æнхъæлмæ фæ- кастæн абоны онг. Ныр дæ æгайтма дзæбæхæй уынын, тагъддæр мидæмæ цом. Лæппу бацыд хæдзармæ, бандоныл æрбадт. Уæд æм чызг фæн- дыр авæрдта æмæ зæгьы: - Дæхи уал аирхæфс, æз мæ зилæнтæ акæнон. — Йæхæдæг къæбицмæ бауад æмæ йе ссыртæ цыргъ кæны. Куыддæр феддæ- дуар ис, афтæ къуымæй мыст рауади. Уый уыд мады уд æмæ дзуры адæймаджы хъæлæсæй: 24
- Лидзгæ кæн, мæ хъæбул, дæ хо дæм йе ссыртæ цыргъ кæны æмæ дæ хæрдзæни! Лæппу фæстаг рудзынгыл агæпп ласта æмæ лидзынмæ фæци. Мыст фæндыры хъистыл гæппытæ кæны, æмæ чызг афтæ æнхъæ- лы, лæппу цæгьды фæндырæй. Йе ссыртæ хорз куы сдаудта, уæд хæдзары фæмидæг æмæ мысты куы ауыдта, уæд ыл фæхъæр ласта: — Гъæ, джиауыр! Мæ комдзаг мын мæ дзыхæй фелвæстай! — Чызг мысты рацахста æмæ йæ аныхъуырдта, фæлæ мыст йæ фæс- тагæй агæпп ласта. Дыккаг хатт та йæ аныхъуырдта, æртыккаг хатт дæр, - уæдцæр та афтæ. Уæдмæ рæстæг дæр цыд. Æрæджиау чызг сурын байдыдта æфсымæры. Баввахс æм æмæ йæм хъæр кæны: ~ Мæгуыр мын дæ бон кæны, кæдæм мын ирвæздзынæ? Уæд лæппу аппæрста сæрвасæн, æмæ се ’хсæн февзæрд ахæм пыхс хъæд, æмæ дзы калм нæ абырыдаид. Чызг пыхс æхсынын байдыдта æмæ дзы йæхицæн фæндаг айгæрста. Баввахс та лæп- пумæ, фæлæ уый æвзалы аппæрста, æмæ се ’хсæн тар хъæд фес- тади. Чызг та хъæд æхсынгæ цæуы æмæ та феййафы йе ’фсымæ- ры. Уæд уый аппæрста сигæц, æмæ се ’хсæн февзæрд бæрзонд хох. Чызг та хох дæр йе ссыртæй айгæрста, фæлæ уæдмæ лæп- пуйы йæ мæсыгмæ бирæ нал хъуыди. Йæ ус æм кæсы, æмæ лæп- пу мæсыгмæ куы ’рбахæццæ, уæд æм йæ къух æрдардта. Фæлæ уыцы сахат хо та æфсымæрæн йæ къахыл фæхæст. Афтæмæй йæ алчидæр йæхимæ ивазы арвæй зæххы астæу. Быцæу кæнынц хо æмæ ус. Хо зæгъы: — Уый ме ’фсымæр у æмæ мæн у! Ус зæгъы: - Уый дæу уыд, цалынмæ демæ уыд, уæдмæ. Ныр та мæн у! Бирæ быцæу фæкодтой, стæй бафидыдтой афтæ: мæйы дæр- гьы лæппу дыууæ къуырийы уыдзæн хойы, иннæ дыууæ къуы- рийы та — усы. Лæппу мæй фестад æмæ уæдæй фæстæмæ цæуы арвыл. Хойы къухы куы бахауы, уæд æй уый гыццылгай бахæры. Усмæ куы бафты, уæд та йæм уый базилы, æмæ йæ тыхы бацæуы. Мæйхортæ Раджы заман зæххыл цард фыдбылызы Самели. Уый адæммæ сфыдæх æмæ сын рахаста цæгьдыны тæрхон. Никæуыл ауæрста. Йæ фыдмитæ Хуыцауæн фæхъыг сты, арвмæ йæ систа æмæ йæ æфсæн рæхыстæй мæймæ бабаста. Мæйыл сау æндæргтæ уымæн ис. Фæлæ Самелийæн баззад фырттæ æмæ уыдон къæбылаты хуы- зы ратæх-батæх кæнынц арвæй зæххы астæу. Бæрæг афон бахъа- вынц сæ фыды суæгъд кæнынмæ, сæхи ныццæвынц мæйыл æмæ йæ хæрынтæ сисынц. Мæй уымæн баталынг вæййы. 25
Ирон адæм дзурынц, Самели, дам, куы раирвæза, уæд адæ- мыл æрцæудзæн стыр фыдбылыз — хæрджьггæ фестдзысты. Ахæм фьщбылызæй ирвæзт уыдзæн æрмæстдæр, Самели йæхæдæг кæ- мæй уыд, уыцы мыггаг. Иуæй-иу ирон мыггæгтæ сæхи хонынц Самелийы байзæддаг æмæ йын уыцы хорзæхы тыххæй æрвылаз кæнынц куывд. Æцæг уый ахæм куывд у, æмæ дзы нæ вæййы нæдæр чъиритæ, нæдæр æхсырфæмбал, нæдæр арахъ. Йæ куви- наг сты æрмæст луаситæ. Хæдзары хистæр ракувы, иннæ би- нонтæ сæ хæйттæ хæрынц æнæдзургæйæ. Бинонтæй чи нæ у, уымæн дзы нæй хæрыны бар. Авд хойы Æмбырдтæ1 цы стъалыты гуппар хонынц, уыдон кæддæр уыдысты авд хойы. Уыдонæй чи хуыздæр у, уый зæххыл ничи зыдта. Иу хатт куы уыди, уæд усгуртæ сфæнд кодтой чызджыты бафæлварын. Се ’ппæтæн дæр радтой æмхуызон куыст æмæ сын загътой: — Йæ куыст уæ раздæр чи фæуа, уый уыдзæн уæ хуыздæр. Чызджытæ бавнæлдтой, кæрдгæ-хуыйгæ кæнынц æмæ æхсæ- вæрафон уыцы иу сахат фесты сæ куыст. Афтæмæй куынæ сбæрæг сæ хуыздæр, уæд сæ фæрсынц. — Уæдæ цы хуызы ис, хуыздæр уæ чи у, уымæн равзарæн? Уыдон загътой: — Иунæг Хуыцау зоны, хуыздæр æмæ нæ æвзæрдæр чи у, уый. Фæлæ авдæй æмсæр кæй стæм, уый тыххæй нæ цæрæнуат уæд ар- выл, нæ фæлгонц нын уынæд* адæм æмæ нæ рох ма кæнæд. Но- джы Хуыцауы уый бафæндæд, цæмæй немæ уой нæ сынтæджытæ. Хуыцау сын сæ фæндон сæххæст кодта æмæ сын арвыл бы- нат радта. Гуырдзыхан æмæ Бонвæрнон1 Раджыма-раджы, уыди, нæ уыди, уæддæр цардис ирæн сæ мад-паддзах, курдиатджын, хуыцауыуарзон, йæ ном хуынди Гуыр- дзыхан. Уæды рæстæджы мит нæ уарыдис, æмæ хъулонæй, рæсугъ- дæй лæууыдис бæстæ. Фосы дзугтæн æмæ рæгъæуттæн уæд хол- лаг нæ хъуыдис, - иууылдæр уыдысты уæгъдыскъæрæны. Бæстæтæ уыдысты нард æмæ æгæндæг: йæ хуыскъæл, йæ зæх- * Таурæгъгæнджыты ныхасы здæхтмæ ранæй-рæтты æвнæлд нæ цæуы. 1 Цифрæтæй нысангонд дзырдтæ амынд цæуынц фиппаинæгты. 26
хы фæткъуы, йæ гæлгæт уыдысты къонайы дурты йæстæ æмæ мыды ад кодтой. Гуырдзыхан цардис Хурбадæны хохыл2. Уым ын уыдис дис- саджы хæдзар: йæ сæр — сæууон стъалыйæ, йæ бын — æргьæуас- тæрд, йæ фæрстæ — айдæнты æвгтæй. Уырдæм-иу чи бацыдис, уый-иу суыргъуыйау ис, йæ сурæт- иу федта дзуарæвæрдау цыппар къулæй дæр. Уый йеддæмæ йæм цæлхвæндаг уыдис, æмæ йæм уæрдон тылди. Уырдæм æм алыбон тахтысты зæдтæ æмæ дауджытæ, æмæ тæхгæ пакъуындзæтæ æмæ йемæ тæрхæттæ æмæ уынаффæтæ кодтой. Бирæ фæцардис, цъус фæцардис, уый йæхæдæг зыдта. Иу къорд боны Гуырдзыхан фæфæнд кодта Стъамбулы сахармæ цæуын. Уым Бердзенты3 паддзах Сау фурды мидæг æрцахста ахæм сыгъзæрин кæсаг, æмæ лæджы æвзагæй дзуры æмæ дæсны фæр- сы. Йæ уæрдон сифтындзын кодта, йемæ йæ фæсдзæуинты зонд- джындæр æмæ рæсугъддæры — Харуйы — акодта, йæ лæгтæй та равзæрста æртæ базырганы4 æмæ ацыдысты сæ фæндагыл. Гуырдзыхан куы раст кодта, уæд фæдзырдта йæ къæбицы æфсинмæ æмæ йæм йæ хæдзары дæгъæлтæ иууылдæр радта. Уæл- дай фæдзæхст ын бакодта аст дæгъæлы иу босыл бастæй. Уымæн уыдис аст æргъæу чырыны кæрæдзийы мидæг гуыдыртæй æхгæд. Æддаг чырын уыдис дынджыр чырын. Уымæн йæ хуылфы уыдис къаддæр чырын. Афтæ куыд мидæмæ — къаддæрæй-къаддæр. Се ’ппæты хуылфы чи уыди, уый уыдис лагъз, фæлæ йæ гуыдыр уыдис се ’ппæтæй фидардæр. Загъта Гуырдзыхан: ~ А, мæ иузæрдыг, мæ уарзон Къудза, æз дын мæ хæдзары дæгъæлтæ дæттын, æмæ ме ’рыздæхынмæ мæ бæсты ды уыдзынæ ам æфсин. Цы дæ хъæуа æмæ дæ цы фæнда, уыдон дæ бар. Æрмæст дæ кæд фæнды, æмæ мах дæр дзæбæхæй æрыздæхæм æмæ ды дæр ам æнæмастæй цæрай, уæд ацы чырынты дуæрттæ ма бакæн. Кæннод ды дæхæдæг раздæр фесæфдзынæ æмæ мах дæр фесаф- дзынæ, нал нæ фендзынæ. Къудза баззадис йæ дæгъæлтимæ. Уайтагъд хæйрæг йæ быны бабырыдис æмæ йæ нал ныууагъта, смондаг æй кодта, уыцы чырынты цы æвæрæнтæ ис, уыдон фенынмæ. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы йæхи фæурæдта, стæй нал бафæрæзта æмæ уал æддаг чырыны дуар бакодта. Чырыны мидæг ницы разындис, йæхи- цæй къаддæр чырыны йеддæмæ. Иннæ дæр бакодта, æмæ уый дæр афтæ: йæхицæй къаддæр чырыны йеддæмæ дзы ницы ра- зындис. Уыцы уагæй авд чырыны дæр бакодта, фæлæ сæ ницы разындис. Бахæццæ ис æстæм лагъзмæ, æмæ йæ зæрдæ йæхи къул- тыл ныххоста: уый куы бакæна, уæд фыдбылыз уым ис, æмæ йæ куы ахæра æмæ йыл Гуырдзыханы дзырд куы ’рцæуа. Иннæмæй та йæ хæйрæг æрра кæны: 27
- Къудза, уыцы дуар куы бакæнай, уæд ды абаддзынæ Гуыр- дзыханы къæлæтджыныл паддзахæй. Гуырдзыхан куы ’рцæуа, уæд дæ бынаты уыдзæн, кæд дæ фæнда, уæд, кæннод æй фæсур- дзынæ. - Бирæ фæчъисхъус кодта, цъус фæчъисхъус кодта, уæд- дæр æй хæйрæг басаста. Лагъзы дуар куыддæриддæр бакодта, афтæ Бонвæрнон фæпæррæст кодта æмæ арвыл абадтис, æмæ-иу цæстыфæныкъуылдмæ ставд пирæнгомæй мит уарын райдыдта. Æдылы Къудза исдугмæ бандзыг ис, стæй куы ’рчъицыдта, уæд былæй рахаудис æмæ дæлæ дзæгъæл комы ныппырх ис. Гуырдзыхан Кутаты5 калакмæ æрхæццæ ис æртæ бонмæ йæ базыргантимæ. Уым сыл стыр пирæнгомтæй мит уарын куы бай- дыдта, уæд æй Гуырдзыхан базыдта, йæ бур Къудза йæ кæй фæ- сайдта æмæ миты бардуаджы - Бонвæрноны кæй ауагъта. Кута- тæй фæстæмæ рафæдис кодтой. Мит сыл тыхджьшæй-тыхджын- дæр уарыдис. Рацъмæ6 куы ’рбахæццæ сты, уæд мит афтæ арф ныууарыдис, æмæ сæ бæхты рохтæм схæццæ ис. Уым сæм адæм æрхатыдысты: - Мауал ацæут, мит уæ бæхты уæнтæм схæццæ ис, æмæ ам, махмæ, лæуут, цалынмæ схур уа, уалынмæ. Уый нæ бакоммæ кастис æмæ ацыдис дарддæр. Загъта сын: ~ Ацы хъæуæн абонæй фæстæмæ йæ ном уыдзæн «Он»7, - æмæ мит йæ бæхы уæнтæм схæццæ ис. Уырдыгæй куы ацыдысты, уæд нодасы фыддæр æмæ фыддæр схъызыдис, æмæ ма Къуыдармæ схæццæ сты. Уым — бæхæй, лæ- гæй — ныссалдысты æмæ ныкъкъуыдыртæ сты. Уæдæй фæстæмæ уыцы бæсты ном байдыдтой хонын Къуыдар, ома Къуыдыр. Хурбадæны хохæн йæ ном уæдæй нырмæ хонынц Бурсамдзе- ли. Уый уый фæдыл, æмæ Гуырдзыхан йæ дæгъæлтæ куы лæвæр- дта бур æмæ къутуйы ас нард усмæ, уæд ын Хару йæ хъусы ба- дзырдта: «Æз ыл не ’ууæндын, бурхил рувас дæ сайдзæн!» Гъе уыдонæй цы ницы федтат, уæ рын, уæ сонæй дæр æндæр мацы фенут. Бурсамдзели1 Тамар-паддзах уыди Бурсамдзелийы бинойнаг. Бурсамдзели лæг уыди æмæ царди хохы сæр. Йæ хæдзары хæлдæн йæ фæй- нæджытæ сбутъро сты. Уыцы хох дæр хуыдтой Бурсамдзели. Йæ цъупп дынджыр фæз уыди. Фæз сырдты багайæ байдзаг. Уыцы рæстæджы мит нæ уарыд: Бонвæрнон ахст уыди Бурсамдзели- йæн æмæ йæ чырыны нывæрдта. Йæ бæхты рæгъау Бурсамдзе- лийæн хызти Имереты2. Иу бон куы уыди, уæд Бурсамдзели сфæнд кодта йæ бæхты бабæрæг кæнын. Куы цыди, уæд йæ усмæ радта дæгъæлтæ æмæ 28
йын ныффæдзæхста, цæмæй ма бакæна чырыны дуар, - кæннод мæ, зæгъы, фесафдзынæ. Араст Бурсамдзели йæ бæхтæ уынынмæ. Иу хæдзармæ æрфысым кодта, æмæ йын фысымты ус аходæн æрцæттæ кодта. Йæ сывæллон дуармæ бæгъæмзæнгæй рауади, фæстæмæ уайтагъд базгъордта æмæ дзуры: — Нана, арвæй урс цыдæртæ хауы, æмæ дзы къæхтæ æмæ къухтæ сийынц. Бурсамдзели бамбæрста: бæлвырд, ус стъалыйы ауагьта. Феста- ди, фынг иуварс авæрдта, йæ бæхыл абадг æмæ фæстæмæ раздæхт. Иу ранмæ схæццæ, æмæ бæхæн мит йе сгуытæм схæццæ, æмæ уыцы бæстыл Сгуыми сæвæрдта. Иннæ хъæумæ куы схæццæ, уæд уым мит бæхæн йæ уæнтæм скалди, æмæ йыл сæвæрдта Оны- калак. Къуыдармæ куы ссыд, уæд уым йæ бæх амард, æмæ йыл Къуыдар сæвæрдта. Уæд Хуыцауæн сбустæ кодта æмæ йæхи зæххы бын фестын кодта, зæгъгæ, мæ зæхх цъитиуат фæцис. Тамармæ уыди искæйуæттæ. Хуыссæнтæ-иу хуры тынтыл куы аппæрстой, уæд-иу зæхмæ нæ хаудтой. Искæйуæттæй сæ иу Та- мармæ æваст цыд бакодта. Тамар æмæ йæхи усæн лæппутæ рай- гуырди. Райсом та хуры тынтыл аппæрстой хуыссæнтæ, æмæ хуыс- сæнтæ зæхмæ ’рхаудысты. Райсом сæ фæрсы: — Чи мын сарæзта ахæм ми? Уæд æм чи фæрæдыд, уымæн загъта: — Далæ Цхетайы3 сæрмæ цы ныв ис, уый мын кæд æрбахæс- сай, уæд мын лæгæн бæздзынæ, кæннод дæ фесафдзынæн. Лæг æм куы ахæццæ, уæд Тамар скуывта Хуыцаумæ: — Хуыцау, дон куыд раивыла æмæ йæ куыд фесафа. Уæд фæкаст Тамар, æмæ дон дæлæмæ афардæг. Йæ искæй- уæттæм дзуры: — Мæ лæппуйы мын ма фенын кæнут. Ахæссут æй æмæ йæ доны баппарут! Искæйуоны лæппу дзæбæх хъазынхъом фæци. Тамар æм ба- хæлæг кодта æмæ загъта: — Афонмæ мæнæн дæр мæ лæппу афтæ уаид. Ох, мæныл цы рæдыдтæ æрцыди, уый никæуыл: фыццаг уыд, æмæ Бонвæрнон ауагътон, æмæ бæстæ зæйуат фæци; мæ лæджы фесæфтон, Бур- самдзелийы хуызæн лæг; аннæ уый, æмæ бæсты сой аласта дон; æртыккаг, мæ лæппуйы ма та цæуыл фесæфтон, мæ гуыбыны чи сæвзæрд, уый. Искæйуæттæ йын загътой: — Кæд ын ницы кæндзынæ, уæд дын æй фенын кæндзыстæм. Уæд Тамар дæр бацин кодта йæ лæппуйыл, йæ хъæбысмæ йæ райста. 29
Лæппу загъта: - Æй, нана, ам куыд хъармдæр у! Уæдæй фæстæмæ баззад, мады хъæбыс адцжындæр кæй у, уый. Ахсахъ-Темур æмæ Лæдæртæ1 Раги, изæдтæ ма адæми хæццæ ку хаттæнцæ, уæд еу фуд лæг, Ахсахъ-Темур, зæгьгæ, сæ хæццæ хаттæй, зæнхон адæймаг уогæй. Бонæн æ еу афони ба ин донмæ æнæрцæун н’ адтæй. Еци рæстæги зæнхæбæл ба цардæй авд æнсувæри, Лæдæртæ, зæгъгæ. Уонæн ба тухæ кодта Ахсахъ-Темур, ’ма ку нæбал дзи фæразтонцæ, уæдта загътонцæ: — Еу афони донмæ цæуй, ’ма Донбеттирæн лигъстаг æй. Цæ- уæн енцег æй схæссæн, кæд нæ уой тасæй ниууадзидæ. Кæд уомæй фæттæрса, æндæр лæгæй ба нæ тæрсуй. — Рандæ ’нцæ ’ма Дон- беттирæй енцег схастонцæ. Ахсахъ-Темур уой ку базудта, уæд загъта: ~ Бæрæг уодзæнæй, кæд æз Донбеттирæй фæттæрсон, уæд. - Уой фæсте бацудæй æма син сæ енцег рамардта. Лæдæртæ æрдеуагæгæнгæ ниццудæнцæ ’ма ин загьтонцæ, ци цау сæбæл æрцудæй, уой. Донбеттир ба син загъта: — Еу афони мæнмæ цæуй, æма ’й уæд марунмæ гъаветæ. Ахсахъ-Темур уой ку базудта, уæд нæбал ниццудæй донмæ, фал рандæй ’ма арви астæу сбадтæй. Дууæ урси ба æхецæн хъа- лаур ниссагьта. Лæдæртæ ба, донмæ цæудзæнæй, зæгъгæ, фесуммæ донæр- дæмæ цæун байдайунцæ. Ку фæррохс уй, уæдта ма ’й бæргæ иси- нунцæ ’ма имæ фæрраст кæнунцæ, фæл син фæррохс уй, æма син рохси фесæфуй. Æртхъирæны мæй æмæ Мартъи Æртхъирæны мæй фыццаг уыди æртын иу бон, стæй æртæ боны къадцæр фæци. Уыцы æмбисонд ыл æрцыди афтæ. Иу аз Мартъи йæ фæуынмæ æввахс мæсты кæнын байдыдта æмæ дзырдта йæхинымæр: «Замана нæу — ныр та æгас афæдз ферох уыдзынæн, адæмæй мæ кой ничиуал кæндзæни...» Бирæ фердиаг кодта, стæй уæд загъта: «Нæ уыдзæн уый! Æз афтæ бакæндзынæн, æмæ мæ адæм мæ фæуыны фæстæ дæр æгас афæдз хъуыды куыд кæной». — Рауагъта зæххыл стыр миты уард æмæ тыхджын уад. Зилдухгæнгæ-иу тымыгъ куы иуæрдæм ауагъ- та йæхи, куы иннæрдæм. 30
Адæм æддæмæ ракæсын нал уæндыдысты, фос сæ бынæттæй æрдиаг кодтой, суанг ма куыйтæ дæр арф баныгъуылдысты. Уыцы хъызт бонты иттæг стыхсти иу фыййау. Йæ фосæн бахæринаг нал уыдис æмæ сыдæй мардысты. Смæсты фыййау Мартъимæ æмæ йæм сдзырдта: — Ниу, ниу, бирæ нал ахæсдзынæ, дæ мæлæт æрхæстæг и, ницыуал нын кæндзынæ. Уыцы ныхæстæм фырмæстæй Мартъийæн йæ цæстыты туг разылди. Фæлæ ма йын цы гæнæн уыди, æцæг мæстæй мæлыны йеддæмæ: йæ кæрон æрхæццæ. «Уæд та мын мæ сыхаг мæйтæй исчи æфстау куы раттид иу къорд бонтæ, — загъта йæхинымæр». - Раздæхти фæстæмæ Æртхъирæны мæймæ æмæ йæм йæхи мæгуыргурау бакъултæ кодта. — Табуафси, мæ сыхаг, дæ иннæ азы бонтæй мын æртæ ратт æфстау, иннæ аз дын сæ бафиддзынæн. Фæтæригъæд ын кодта Æртхъирæны мæй æмæ йын æртæ боны йæ къухы цæвæрдта. Мартъи бонтыл куы фæхæст и, уæд загъта: — Мæ къухы дæ, фыййау, ныр. Кæд ма дæ фосæй иу дæр æгасæй аирвæза, уæд мæ райгуырын нæ хъуыди! Сниудтой фыццагæй тыхджындæр дымгæ æмæ зилдух-ты- мыгъ, мит дæр тъыфылгай хауын байдыдта, æмæ дзы йе фистæ- гæн, йе барæгæн акъахдзæфгæнæн нал уыди. Нæ фæтарсти фыййау. Загъта йæхинымæр: — Райгуырын мæ нæ хъуыди, Мартъи, æз дæуæн ацы хатт хорз маст куынæ скæнон! Рахаста хус къæсса, æгас мыст дзы ауагъта, йæ ком ын бабас- та æмæ йæ скъæты фосы сæрмæ сауыгъта. Мыст æнæрынцайгæйæ къæссайы æртæ боны æмæ æртæ æхсæ- вы тæлфыди. Фос сынæр цæгъдын ныууагьтой æмæ æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы къæссайы хыбар-хыбурмæ хъуыстой. Хæри- наг ма кæм бацагуырдтой! Ралæууыди цыппæрæм бон, банцадысты тымыгъ æмæ уадтæ сæ ниуынæй, банцади мит дæр. Ракасти хур æмæ — фосæй, адæ- мæй — æппæт схъæлдзæг сты. — Уалдзæг ралæууыди, уалдзæг ралæууыди! — хъуысти алыр- дыгæй. Ракасти Мартъи фæстæмæ Февралмæ æмæ йын загъта: — Дæ бонтæ мын ницы ахъаз фесты... æмæ дын æз уый тых- хæй хъуамæ маст скæнон... Нал дын ратдзынæн дæ бонтæ... Уæдæй фæстæмæ Æртхъирæны мæй æртæ боны къаддæр фæци. Хъыг кодта бæргæ, фæлæ ма йын цы гæнæн уыди.
ФЫЦЦАГ АДÆМТЫ ТАУРÆГЪТÆ Артъауыз æмæ йе сфæлдисонтæ Хуыцау сфæлдыста цыппар хорзы: се ’ппæты сæйраг — Артъа- уыз, иннæ — лæг, иннæ ~ фыс, иннæ — мæнæу. Лæг æмæ фыс, æмæ мæнæуæн семæ сфæлдыста фæйнæ хæй- рæджы. Гъеныр æртæ хорзæн семæ ис æртæ хæйрæджы, æмæ сыл фæсмон кæны Хуыцау: «Куынæ сæ сфæлдыстаин фæлтау». Уыдон цавæр хæйрæджытæ уыдысты? Лæгæн — ус йемæ, фысæн — сæгъ, мæнæуæн —сысылы. Артъауыз нын хорзæн фæлдыст уыд бæргæ, фæлæ адæмты ар- дыдта иууыл зыгьуыммæдзинадыл. Уæд Хуыцау Уациллайæн загъ- та, Артъауызы куыд сласа йæхимæ. Уацилла арвыл авæрдта мигъы сыг, ныкъкъæрцц æй ласта æмæ Артъауызы фелвæста йæхимæ. Хъуамæ йæ бабастаиккой мæйы мидæг. Уæд Артъауыз фелвæста йæ дыууæ къухы дзаг хуыртæ æмæ дуртæ, ракалдта сæ æмæ загъта: — Уым цал муры ис, уал змæлæджы фестут, баззайут зæххон адæмæн фыдбылызæн. Уæд æй мæйы мидæг æфсæйнаг зæгæлтæй ныххуыдтой. Уыцы хуыртæ æмæ дуртæ фестадысты, зæххыл æнæххуыс змæлæг чи ис, уыдон: кæлмытæ æмæ бындзытæ, хъæндилтæ æмæ цъиутæ. Артъауыз куы раирвæза, уæд адæмы бахæрдзæн. Цæмæй ма раирвæза, уый тыххæй алы куырд дæр хъуамæ уæлдай цæф кæна хъæсдарæг. Фыццаг лæг æмæ ус Хуыцау дунейы куы сфæлдыста, уæд алы фос, алы сырд, алы маргь — иууылдæр къæйттæ-къæйттæ уыдысты. Æрмæст ма фыццаг лæгæн нæ уыди къай. Æнкъардæй рацу-бацу кодта уый дзæнæты цæхæрадоны æмæ дис кодта: «Ай алы сырд æмæ маргъ иууылдæр 32
къæйтгæ-къæйтгæ куы сты, уæд мæнæн цæуылнæ ис къай?» Хуыцау ын бамбæрста йæ зæрдæйы хъуыдытæ æмæ йын æркодта ус. — Уый дын мæнæ къай, цæрут фидыдæй, кæрæдзи уарзгæйæ. Иу къорд бонты фæстæ лæг усы къухыл рахæцыди æмæ йæ Хуыцаумæ бакодта. — Мæнæ мын цы адæймаг ралæвар кодтай, уый дын фæс- тæмæ æрбакодтон: айс æй, нал мæ хъæуы! — Ау, уый та куыд?! Цы дыл æрцыди?.. — Айс æй, айс, нал фæразын йемæ цæрын, нал фæразын йæ тæргæйттæй, йæ хъуыр-хъуырæй. — Цæй, хорз, зæгъгæ, — загьта Хуыцау, — кæд дæ афтæ фæн- ды, уæд æй ныууадз ам... Ацыди лæг иунæгæй йæ цæрæнбынатмæ. Иу-æртæ боны фæстæ лæг мысын байдыдта усы, æппынфæс- таг йæ хъуыды иууыл ус сси. — Нæй, æнæ усæй цæрæн нæй, - загъта лæг æмæ ацыди Хуы- цаумæ. — Æри мын фæстæмæ уыцы адæймаджы! — Ау, цы та дыл æрцыди, афтæ куы загътай, нал мæ хъæуы, нал фæразын йемæ цæрын? Лæг старсти уымæй, куынæуал ын радта Хуыцау уыцы адæй- маджы æмæ лæгьстæ кæнын райдыдта: — Ацы хатт ма мын æй ратт, бахатыр кæн, æмæ цæрдзынæн йемæ сабырæй, никуыуал æй æрбакæндзынæн. Ракодта та лæг усы æмæ йемæ цæрын байдыдта. Фыццагæй æндæрхуызон нæ фæци ус, йæ хъуыр-хъуыр, йæ тæргæйттæ къад- дæр нæ кодтой. Тагъд та рафæлмæцыди лæг усæй, фæлæ йæ Хуыцаумæ акæ- нын йæ зæрдæ нал бакуымдта. Зын у, зæгъгæ, загьта, усимæ цæрын, фæлæ æнæ усæй дæр цæрæн нæй. Уæдæй фæстæмæ лæг æмæ ус райдьщтой иумæ цæрын, бон дæс хылы æмæ дæс фидыды кодтой, фæлæ сæ кæрæдзийæ уæд- дæр нал хицæн кодтой. Æвыды-выдоны рæстæг Байхъус мæм дзæбæх, — цы уыдис æвыды-выдоны рæстæг. Фехъуыстон æй æз дæр фьщæлтæй. Дзырдтой-иу æй диссагæн. Фарстон-иу сæ зæрдæбынæй: цы уыдис æвыды-выдоны рæстæг. Уыдис ахæм рæстæг, æмæ адæм уыдысты хæйрæджытæ æмæ уæйгуыты къухы. Уæйгуытæн зæгъæн уыди æртæ номæй: фыццаг уæйыг уыди фарастсæрон, дыккаг - авдсæрон, æртыккаг уыд æртæсæрон. Уыдонæй иу гуырыл уæлдай сæртæ нæ зади, мый- 3 Ирон таурæгътæ 33
йаг, фæлæ уымæн афтæ хуындысты, æмæ адæм фарастсæрон уæ- йыгæн лæвæрдтой афæдз фараст адæймаджы хъалонæн, авдсæ- ронæн — авд адæймаджы, æртæсæронæн та — æртæ адæймаджы. Адæм та уыдысты уæды рæстæджы ахæм æнарæхст, æмæ дур фехсын æмæ хъилæй ныццæвын дæр нæ зыдтой, чердæм али- дзын хъæуы, уый дæр нæ зыдтой... Уæйгуытæ дæр арæхстджын, мыййаг, нæ уыдысты, фæлæ-иу тыхмæ гæсгæ сæ армы цы баф- тыд, уый-иу бамур кодтой. Хæйрæджытæ та уыдысты хин æмæ фæлывдæй се ’гасыл дæр тых. Афтæмæй, дам, адæм сæ къухы хъизæмар æмæ тухийы цард кодтой. Уæйгуытæ-иу сæ хъалонмæ куы арвыстой, уæд-иу сын сæ сæхи къахæй æркодтой. Хъалонда- ры-иу уæйыг йе ’взагæй федта, æмæ-иу кæд йæ зæрдæмæ фæ- цыд, уæд-иу æй баурæдта хæрынмæ, кæннод-иу æй аздæхта. Уæд дын иу бон куы уыди, уæд авд хойæ сæ иу хъуамæ бацы- даид уæйыгæн хъалонæн. Афтæмæй авд хойы сæхицæн сæ хæдза- ры мæрдадз сарæзтой æмæ мардыл кæуæгау кодтой æмæ кæрæ- дзийæн дзырдтой: «Нæ, æз ацæудзынæн дæ бæсты, нæ, æз». Аф- тæмæй дын, табу йæхицæн, сæ фарны Уастырджи сыл йæхи æрба- бæлццон кодта. Байхъуыста хæдзармæ, æмæ сæ кæуыны хъæр цæуы. Уастырджи загъта: «Цæй, адонмæ бацæуон, чи сæ амард, уый базонон». Бацыди хæдзармæ Уастырджи: мард нæй, афтæ- мæй кæуынц. Фæрсы сæ: — Мард уæм куынæ ис, уæд цæуыл кæут? - Чызджытæ уын- гæг зæрдæйæ сæ хъаст кæныныл фесты: — Махмæ мард нæй, фæлæ нæ иу уæйыгæн хъуамæ хъалонæн ацæуа, уый тыххæй нæхицæн мæрдадз скодтам. Нæ фарны Уастырджи уыдис мæгуыр лæг æмæ уынгæг лæгæн æххуысгæнæг. Уастырджи загъта: — Æрмæст уын æз куыд зæгъон, афтæ кæнут. Бакасти Уастырджи авд хомæ, æмæ дзы къæсхуыр, мæллæг чи уыди, уымæн загъта: — Ды мемæ рацу, æмæ дын куыд амонон, афтæ кæн. — Уас- тырджи йын, куыд хъуъщ, афтæ бацамыдта. Ныккодта йæ Уастыр- джи уæйыгмæ æмæ йын загъта: — Гъа, мæнæ дын дæ хъалон æркодтон. Уæйыг æй æруындтытæ кодта æвзагæй æмæ загьта: — Ам стджыты йеддæмæ куы ницы ис, уæд мæ цæмæн хъæуы? Уастырджи уæйыгæн загъта: — Ау, æмæ йæ де ’взагæн йæ алгъæй куы уыныс, уæд уымæй цæй ад базондзынæ. Уæдæ-ма йæ де ’взагæн йæ рæбынæй фен, кæддæра куыд адджын у. Уæйыг загъта: — Ме ’взагæн æй йæ рæбынмæ куы ныххæццæ кæнон, уæд мæ хъуыры аирвæздзæн. Уастырджи загъта: 34
- Æмæ уымæн нæй хос? Æвзагласæнæй йыл рахæцдзыстæм. Уæйыг загъта: - Гъа, уæдæ-ма йыл рахæцут. Уастырджи чызгмæ фыдис авæрдта. Чызг фыдис уæйыджы æвзаджы ныссагьта. Чызг айвæзта æвзаджы размæ, æмæ йын Уас- тырджи загъта: - Цу ныр размæ, æз дын кæдæм зæгьон, уырдæм. — Уæйыг ахæм æнарæхст уыдис æмæ чызгмæ размæ бавналын нæ зыдта, фæлæ йе стыр дзæмбытæ йæ синтыл сæвæрдта, афтæмæй чыз- джы фæдыл цыди. Уастырджийы амындæй йæ афтæмæй йæ хъæу- мæ ныккодтой. Хъæуæн стыр уæрм скъахын кодта Уастырджи æмæ уæйы- джы уырдæм ныххизын кодта æмæ йын загьта: - Гъеныр дын уырдыгæй хæрдмæ сиваздзыстæм де ’взаг, йæ рæбын сзындзæн æмæ чызг æвзаджы рæбынæй басгардзынæ æмæ йын йæ ад базондзынæ. Уæйыг уæрммæ куы ныххауди, уæд Уастырджи фæдзырдта адæммæ æмæ загъта: - Цæвут æй гъеныр! — Адæм хæссын байдыдтой дур æмæ хъæд æмæ йыл сæ калын байдыдтой, кæм зыдтой ныццæвын æмæ фехсын, фæлæ йыл баппаргæ дур ныццагъд кодтой, афтæ- мæй йæ ныммардтой. Уæдæй фæстæмæ Уастырджи ахуыр кæнын байдьщта адæмы дур æхсын, хъилæй цæвын æмæ, згьорын куыд хъæуы, уый. Адæм куы сарæхстджын сты, куы базыдтой дурæй æхсын, хъи- лæй цæвын, тагьд згъорын, уæд сæ бон баци уæйгуыты ныхмæ тох кæнын. Хæцæнгæрзтæ дæр фæцарæзтой, уæйгуытæ та уыдыс- ты æнарæхст. Йæ фарсыл-иу ын фондз дуры куы фæкодтой, уæд- дæр-иу иннæмæ æрзылди. Афтæмæй арæхстмæ гæсгæ уæйгуытыл тых кæнын байдыдтой адæм æмæ сæ бынтондæр аскъуьщтой. Фервæзтысты ацы рæстæджы адæм уацайраг хъалондарæй. Адæм ссæрибар кодтой сæхи æвыды-выдоны рæстæгæй. Уый уыди Уастырджийы зонды фæрцы. Куыд разылди уæд адæмæн сæ сæр! Байхъус-ма, мæ хæлар, мæ иубæстон. Адæм та сæхицæн æгъдау æвæрыны фæнд скод- той, зæгъгæ, нæ царды уаг исты æгъдауыл æрæвæрæм. Кæм зьщгой адæм, фæстагмæ куыд хуыздæр уыдзæни, уый, Кæй зæгьын æй хъæуы, уæддæр та тыхджынтæн сæ дзырд ацы- дис. Æрмæст уацайраг хъалонæй фервæзтысты, сæвæрдгой ахæм фæтк се ’хсæн. Фарастсæрон уæйыджы бынаты сæвæрдтой уæ- йыг, авдсæрон уæйыджы бынаты сæвæрдтой карус æлдар, æртæ- сæрон уæйыджы бынаты та сæвæрдтой ченджыхъул. Хæйрæджыты бынаты та æвæрд æрцыдысты базаргæнджытæ, сæрылхæццжытæ. Афтæмæй та уæддæр адæмы стигъын байдьщтой. Ацы тохæн ныр æрцыдис йæ кæрон. 35
Уæйгуытæ куыд фесæфтысты Даредзантæ æртæйæ — Абран, Мысырби æмæ Бадри — хæтæ- ны рацыдысты. Иу лæджы мардыл фембæлдысты. Мард сæм дзуры: — Мæн чи ныддаса, чи ныхса, чи баныгæна æмæ мын мæ туг чи райса, уымæн лæвар — мæ сæрвасæн, мæ цилхъ æмæ мæ бæх. Бакандери мæ ном у, Архандери — мæ марæг. Баныгæдтой марды. Ахастой лæвæрттæ æмæ Даредзантæ араст сты сæ фæндагыл. Æрхмæ бацыдысты. Æрхы дон тугхæццæ цæуы. Цъус-бирæ дзы куы фæцыдысты, уæд сæййæфтой уæйыджы цæфæй. Фæрсынц æй Даредзантæ: — Цы кодтай? Уæйыг загьта: — Мæн ныццавта Бакандери, фæлæ йæхæдæг дæр рæуæгæй нæ фервæзти. Абран цилхъæй рацавта уæйыджы æмæ йын йе ’хсæз сæры акъуырдта. Ацыдысты авдсæрон уæйыг Пакъуындеримæ. Æхсæз сæры йын акъуырдтой, æвдæм-иу фæстæмæ йæ бынаты аныхæсти. Уæд Да- редзантæ арт скодтой, уый æртхутæг цæф-лыгыл ныккодтой, æмæ сæр нал баныхæсти. Авдсæроны фæллой рахастой Даредзантæ: хордзен, аркъау æмæ гауыз. Араст сты фæсхох уæйыг-паддзахмæ, фарастсæронмæ. Бацæ- уæн æм нæй: йæ разы дыууæ хохы фырытау кæрæдзийы гуыпп кæнынц. Даредзантæ абадтысты гауызыл æмæ уæйыджы хæд дуар- мæ батахтысты, хæхтæ куы афæлдæхтысты, уæд. Бадзырдтой: — Фарастсæрон, ракæс-ма нæм, мах Даредзантæ стæм. — Сымах хуызæн уаллон бирæгътæ1 мæнæн иу комдзагваг дæр не сты. Абран загъта: — Кæсгæ нæм ракæн, бирæйы фаг дын стæм. Ракасти сæм, æмæ йæ аркъау алхъывта йæхи гъæдæй. Ракодтой фарастсæроны, уæйгуыты паддзахы. Адæм сæ фæдыл диссагмæ цæуæгау кодтой. Уæйгуытæ та сæхи фурды калдгой. Уыцы рæстæджы уæйгуыты уæлион цард Даредзанты тæссæй аскъуыди. Уæйыджы ракодтой. Нарты æмæ Даредзанты ныхасмæ йæ æркодтой. — Ныр мæ хæцын чемæ кæнут? — фарста сæ уæйыг. — Чи уæм ис ахæм, мæ ныхмæ чи фæлæууа? Абран æрбакодта Нарты Батырадзы æмæ Даредзанты Болат- гуыры. Хъабахъхъæн2 сæ уæйыгæн æрæвæрдта. — Цæв сæ ныр топпæй, æмæ кæд дæ нæмыг сæ риуы бахиза, уæд дæ паддзахад дæхи фæуæд фæстæмæ, кæннод дын дæ фараст сæры акъуырдзынæн. 36
Уæйыг сæ ерæдзыппæй цæвын байдыдта, æмæ нæмыг лауыз кодта лæппуты риутыл. Уæйыг ерæдзыпп аппæрста: — Абонæй фæстæмæ уæйгуытæн уæлион бæстыл царды бар мауал уæд æргомæй. Абран æй рариуыгъта æмæ йын йæ фараст сæры акъуырдта Бакандерийы цилхъæй. Уыцы уæйыдокы хурмæ бахус кодтой, куыройыл æй ’рыссад- той æмæ йæ дымгæмæ ныддардтой. Миты сæрыл чи ферттивы, уый уыцы уæйыджы æртхутæг вæййы. Царциатæ1 куыд фесæфтысты Царциатæ Едысы калачы2 цардысты. Ныр дæр ма сæ хæдзæртгы систæ Царциаты уæзæгыл амадæй лæууынц, сæ мæрдгæ дæр уым ныгæд сты, æмæ сæ куы скъахынц, уæд дзы разыны фæрщуьпæ, усы къухдарæнтæ, бурæй цонджы сахсæнтæ, æндæр сæм ахæм ницы зыны. Цардысты Нарт æмæ уæйгуыты рæстæджы. Нарт фæсхох уыдысты, уæйгуытæ та ам, ныр дæр сæ галуан Ходзы3 цур ис — «Уæйгуыты галуан». Уыдысты тынг фыдуаг адæм. Хæцыдысты Нарт æмæ уæйгуы- тимæ, хæтæнмæ сæм хæцынмæ цыдысты. Царциатæ афтæ фыд- уаг æмæ тыхджын уыдысты, æмæ Хуыцауы дæр ницæмæ дард- той, кувгæ дæр ын нал кодтой. Сæ къæсæртæ бæрзонд скодтой, кæннод, зæгъгæ, Хуыцау афтæ зæгъдзæн: «Сæ сæрæй мын ку- вынц». Нарт æмæ уæйгуытæ та Хуыцаумæ хъаст кодтой, куывтой йæм: «Хуыцау, Царциаты фесаф». Раджы-иу хур рæстæг куы ахаста, уæд-иу æй Хуыцауы æфсон кодтой, æмæ-иу Царциатæ тыхджындæр бырсын райдыдтой. Сæ гутон уыдис æфсæн, хæцыдысты фат æмæ æрдынæй. Сæ кусæн- гарз дæр уыд æфсæн, æмæ сæ фыдуагдзинад нæ уагътой. Уæд сыл Хуыцау сафыны фæнд скодта, æмæ Царциатæн хор нал зади, хъуг сын рæуæд нал ардта, фыс - уæрыкк, сæ хуымтæ-иу бон цъæх æвзар уагътой, æхсæв та-иу кæрдинаг уыдысты. Царциатæ хæсгарды хуызæн саджил æфсæйнаг дардтой фаты бырынкъыл, æмæ-иу уый цы алвыдтаид хоры æфсирæй, уымæй цардысты. Уæд сæ фос æргæвдын райдыдтой, æмæ сын хæрд фесты, æмæ сыдæй аскъуыдысты. Чи ма дзы баззад, уыдоныл та мит ныууарыд æмæ сæ уый фесæфта. Царциатæй иу Едысо хуындис. Уый загъта: «Мах сæфæм, фæлæ ма нæ ном баззайæд». Æмæ Едыс баззад Царциаты номæй. Уый фæстæ фесæфтысты, змæлæг сæ нал баззад. Уæдæй фæстæмæ бæрзонд хæхтыл мит нал батад æмæ абон дæр цъитийæ лæууы. 37
Раджы-иу хур рæстæг куы ахаста, уæд-иу Царциаты мæрдты скьахтой, æмæ йын уæд æнæ къæвда нæ уыд, ома Хуыцауæн уый хъыг вæййы. Уæйгуытæ æрцахстой Царциаты уæзæг æмæ фезнаг сты Нар- тимæ. Уæйгуыты хистæр Хъамбар уыди, уымæн йæ усы аскъæф- той Нарт иу фынæйы афон. Уæйгуытæ хæтæны ацыдысты æмæ дыууæ хохы ’хсæн Нарты размæ бабадтысты. Фæлæ уæйгуытыл цыдæр æнамонд фынæй бахæцыд, æмæ-иу иу мæй фынæй баис- ты, иу мæй та фынæй нæ зыдтой. Сæ фынæй афон æрцыд æмæ афынæй сты. Нарт сæ базыдтой æмæ рахъуызыдысты. Уæйгуытæ раздæхтысты фæстæмæ, æмæ сыл низ сыстади. Чи ма дзы баз- зад, уыдон бафынæй сты. Сæ хъал кæныны рæстæг æрцыд, фæлæ нал райхъал сты æмæ фесæфтысты. Сæ мæрдты сын Царциаты мæрдтыл баныгæдтой, иннæтæ та хурмæ ныссау сты. Нарт Хъамбары усы сæ хистæр — Хуройæн радтой усæн. Афтæ фесæфтысты уæйгуытæ æмæ Царциатæ. Се стæгдар ма сын сса- рынц Царциаты мæрдты къахгæйæ. Нартæ æмæ Даредзантæ Æрæмбырд сты иу ранмæ — Лыцимæ1 - Нартæ æмæ Даре- дзантæ. Сæ фæстагон хъуьщдæгтыл тæрхон кодтой, зæгъгæ, нæ фæстаджы хъуыддаг куыд уыдзæни: хатиаг æвзаг2 рох кæндзæни, æмæ ир пырх кæндзысты. Уæд Даредзанты Амыран загъта: — Цæй, æмбисæндтæ сын ныууадзæм, æмæ нæ кæд фæстагмæ уымæй базониккой. Нарты Хъамбар, сæ зæндджындæр, загъта: — О фæсивæд, ахæм æмбисæндтæ ныууадзут, æмæ фæстагæт- тæн хъуыдиаг куыд уой. Даредзанты Амыран загъта: — Æз иу æмбисонд уый уадзын: Нарты Батырадзы æмæ Да- редзанты Болатгуыры хъабахъхъæн сæвæрæм æмæ сын сæ риу- тыл фатæй схæцæм. Уый фæстагæттæн æмбисондæн баззайдзæн. Нарты Уырызмæг загъта: — Ме ’фсымæры чызджы усæн курын, æмæ уый фæстагæт- тæн æмбисондæн уыдзæн. Нартæ загътой: — Мах тызмæг æмæ æхсарджын стæм, æмæ уый хъуыды кæ- нæнт нæ фæстагæттæ. Даредзантæ æрхъуыдымæ зæндджын уыдысты: — Фæстагмæ цы ’рцæудзæн, уый бæргæ зонæм, фæлæ-иу нæ æрхъуыды кæнæнт фæстагæттæ. Æмæ мах чи хъуыды кæна, нæ кад баззайæд уыдонæн. Уыдыстæм раджы ирон номæй, æрмæст не ’взаг рæсугъддæр у хатиагау. 38
Амыран æмæ Пакъуындзæ Даредзантæн сæ хуыздæр Амыран уыди. Уыди йын дыууæ æфсымæры — Бадыри æмæ Мысырби. Бадыри æмæ Мысырби цуаны ацыдысты. Дыууæ хæйрæджы кæрæдзи надтой, сæ кæрæдзи туг калд- той... Афтæмæй сæм Бадыри æмæ Мысырби бахæццæ сты. Ба- фарстой сæ: — Цы кæнут, цæуыл кæрæдзи марут? Уыдон загътой: — Уарæм æмæ нæ фидауæм. Бадыри æмæ сæ Мысырби бафарстой: — Цы уæм ис уаринаг? Хæйрæджытæ загътой: — Гæрзбæндæн æмæ æрчъиаг. Гæрзбæндæнæй æгас хох куы сбæттай, уæддæр йæхи уæзы йеддæмæ æндæр уæз нæ кæндзæн - уыцы миниуæг æм ис. Æрчъиагыл куы сбадай, уæд дæ уæларвмæ схæсдзæн æмæ дæ уым æрæнцайын кæндзæн, дæлдзæхмæ дæ куы фæнда, уæд дæ уырдæм ныххæсдзæн æмæ дæ уым æрæнцайын кæндзæн - уымæ та уыцы миниуæг ис. Бадыри æмæ Мысырби хæйрæджыты амардтой: гæрзбæндæн дæр æмæ æрчъиаг дæр сæ къухы бафтыдысты. Бахастой сæ сæ хистæр Амыранмæ, æмæ сыл уый дæр фæцин кодта. Тæхгæ Пакъуындзæ1 сылгоймаг уыд. Уæларв царди æмæ йын сывæллæттæ дæр уыди. Уырдыгæй зæхмæ тахти æмæ сын хæри- наг хаста - къамбец уыдаид, теуа уыдаид кæнæ гал. Афтæмæй Бадыри æмæ Мысырби цуаны ацыдысты. Бата- лынг сыл. Сæ нымæттæ сæ уæлæ æрæмбæрзтой æмæ бафынæй сты. Пакъуындзæ сæ уæларвæй федта æмæ загъта: — Дæлæ хæринаг, ныццæуон æмæ сæ схæссон. Æртахтис, систа сæ æмæ сæ уæларвмæ атыффытт кодта. Амыран хуыцауыналат лæг уыди, лалым скодта æмæ йæ ми- дæг бабырыди. Пакъуындзæ ратахтис, лалымы йæ ныхтæ ныссагъта, æмæ йæ, сывæллæттæ кæм уыдысты, уыцы ран æй æрæвæрдта. Амыран хуыцауыналат лæг уыди, лалым атыдта, уырдыгæй ратæррæст кодта. Пакъуындзæйы дæр амардта æмæ йæ сывæл- лæтты дæр. Йе ’фсымæртимæ хæйрæджыты æрчъиагыл абадти æмæ зæхмæ æрфардæг и. 39
Амыран æмæ цуанон Даредзанты Амыран зæххыл тых кæмæн не скодта, ахæм ын нал баззади. Æрмæст ма йын Хуыцау уыд æнæ фæлвæрдгонд, æмæ байдыдта хъавын Хуыцаумæ, кæм ыл æрхæст уыдзынæн, зæгьгæ. Уæд фæндагыл æрбацæуы Хуыцау, йæ бæхыл бадгæйæ, сæм- бæлд Амыраныл æмæ йæм дзуры: — Дæ фæндаг раст, Амыран, мæ хæрæфырт. Амыран æм дзуры: — Дæ хъуыддаг раст, мæ мадырвад! Рахиз-ма дæ бæхæй æмæ рахæцæм хъæбысæй, кæддæра нæ чи фæтыхджындæр уаид. Уæд æм Хуыцау фæхудти: — Амыран, мемæ хæцынæн ницы скæндзынæ ды. Хуыцау æм ехс раппæрста æмæ дзуры Амыранмæ: — Уæдæ-ма мæм гъе уый сдæтт. Амыран æрæвнæлдта ехсмæ æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Уæд æм Хуыцау фæмæсты, йемæ хъæбысæй кæй хæцыд, уый тыххæй, æмæ йыл дзуæртты бафтыдта. Уыдон Уæрсæджы хохыл1 бабастой Амыраны. Афтæмæй Даредзанты Амыран абон дæр Уæрсæджы хохыл бастæй лæууы лæгæты. Афæдзæй-афæдзмæ йæ дуар иу гом кæны. Иу цуанон ацыд цуаны Уæрсæджы хохмæ. Бараст кодта хохы комы æмæ бафтыд лæгæты дуармæ. Лæгæты дуар фегом и Хуы- цауы зондæй. Бакасти, æмæ Даредзанты Амыран — æфсæн рæхыстæй баст, йæ бынаты цъæх арт, цъæх фæздæг уадзы. Йæ цæстытæ сты галы къæлæты йæстæ, йæ цæнгтæ — хъæды стæвдæнтæ. Цуанон дзы фæтарст æмæ фæстæмæ рацæйлыгъди. — Тæрсгæ ма фæкæн æппындæр, æз Даредзанты Амыран дæн, æмæ мæм рацу æввахсдæр. Цуанон æм бацыди æввахс æмæ йæ афæрстытæ кодта рагон заманы хабæрттæй. — Уæртæ къулыл мæ кард ис, æмæ мæм æй æрбахæстæг кæн. Кардмæ бавнæлдта цуанон Кудзи Дзутты æмæ йæ змæлын дæр не скæнын кодта. — Мæ бон нæу уый райсын æмæ цы кæнон? — Дæ иу къухæй карды босыл хæц, иннæ къух æри ардæм. Цуанон йæ иу къухæй карды босыл ныххæцыд, иннæ радта Амыранмæ. Æрбахæцыд ыл Амыран йæхимæ, æмæ фæцæйскъуы- дысты йæ цæнгтæ. Ныхъхъæр кодта Дзутты Кудзи: — Мæ цæнгтæ мын фескъуыныс! Феуæгъд æй кодта Амыран æмæ йæм дзуры: — Цæугæ кæн тагъд. Уæларвæй рауадзгæ рæхыс кæд искуы 40
зоныс, уæд мæм æй хæццæ кæн ардæм, усы хъæлæба дыл куын- нæ сæмбæла, афтæмæй. Æз уын кæд аирвæзон, зæххон адæм, уæд уæ амонд æрцæудзæн. Кудзийæн уæларвæй рауадзгæ рæхыс йæхимæ уыд, æмæ бай- дыдта уырдыгæй згьорын. Æрхæццæ сæ хæдзармæ, раппæрста сæ рæхыс æмæ йæ фæхæссы. Йæ ус æй куы федта, уæд æм фæсте ныхъхъæр кодта: - Кæдæм мын фæхæссыс мæ рæхыс? Афтæмæй хохы дуар сæхгæдта Амыраныл, æмæ бастæй баззад уым. Амыран Дзуры рагон ирон таурæгь. Арф кæмтты сæрмæ хизы йæ сæгъты къорд фыййау лæг Бесæ. Ривæдафон куы вæййы, уæд Бесæ рæхсы йе ’рчъитæ æмæ зары йæхицæн. Хурты хурзæрин, урссæр хæхтæ, рæсугъд кæмттæ, ди- динджытæ æмæ æхсæрдзæнтæ кæнынц Бесæйæн сæ сусæг ныхас, уый сæм хъусы, уый сæ æмбары æмæ цæры æнæмæтæй. Æрмæст иу хатт арф комы хъæбысы æгайнæг къæдзæхæй йæ хъустыл æрцыд уæззау хъæрзын. Араст Бесæ, хъуамæ ссара, чи хъæрзы, уый. Ныууагъта йæ сæгъты дæр. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ, æмæ йæ фæндаг кæны тæссагæй тæссагдæр, уæддæр тындзы размæ. Æппынфæстаг баф- тыд иу лæгæтмæ. Уырдыгæй цæуы æнахуыр хъæрзын. Кæсы, æмæ лæгæты æмбисонды рæсугьд лæппу — æфсæн рæхыстæй къæ- дзæхмæ баст. Йæ сæрмæ зилы тугдзых цæргæс, — уый æхсыдта лæппуйы зæрдæ, ныр æй исдуг фæуагъта. Бесæйы бæргæ фæн- дыд цæргæсы амарын, фæлæ йæ къухы цæвæнгарз нæ фæци. - Чи дæ, цы дæ, цæмæн дæ ацы удхары? - фæрсы йæ Бесæ. - Æз дæн Амыран. Уæларвæй хуыцæутты æвастæй адæмæн зынг рахастон. Уый тыххæй мæн къæдзæхмæ ныббастой, мæ зæр- дæйыл зыд цæргæс бафтыдтой, æмæ йæ уый дæр æхсыны. Зæр- дæйы ног туг куы бацæуы, уæд та йыл цæргæс йæхи ныццæвы, афады йæ, æмæ йæ туг суадонæй цæуы. Æз баст дæн — мæ бон нæу цæргæсы асурын. - Мæн фæнды дæу фервæзын кæнын, уый мæ хæс у, — зæгъы Бесæ, йæхицæн йæ цæссыг лæдæрсы. - Дæ бон нæ бауыдзæн уый, — зæгъы йын баст лæппу æрхæн- дæгæй, — рæхыстæ уæззау æмæ фидар сты, дæ тых та гыццыл у. Скæс-ма уæлæмæ! Бесæ скаст æмæ федта: лæгæты царæй æрзæбул цыбыр ставд рæхыс. - Уыцы рæхысмæ хъæуы бафтауын, цæмæй æз фæхæст уон 41
йæ кæроныл — æндæр амал нæй. Æрмæст мæхи тых у мæ ирвæ- зæн хос. Рараст уырдыгæй Бесæ. Сагьæс кæны, уæдæ куыд фервæзын кæна Амыраны? Æртардта хъæумæ йæ сæгъты, ныууæй сæ кодта. Сæ аргъæй æфсæйнаг балхæдта æмæ куырдадз сарæзта. Аразын байдыдта ставд рæхыс - Амыраны ирвæзæн фæрæз. Уæд æй ба- зыдтой фыдзæрдæ адæм, сæ хъус æм дарынц сусæгæй. Бесæ æхсæв-бон нал хынцы, аразы æфсæн цæгтæ æмæ сæ ныхасы. Уалынмæ сцæттæ йæ рæхыс. Бавæрдта йæ цалдæр хæрæгыл æмæ араст и. Фыдæх адæм æй хъахъхъæдтой æмæ ныр йæ фæдыл гурæй-гурмæ цæуынц. Бесæ агуры лæгæт, фæлæ йæ нал ары. Уалынмæ хæрам адæм ракалдысты рæсæнуатæй, æрхæцыдысты лæгыл. Уыдон æй æнхъæлдтой æрра æмæ йæ тыхæй фæстæмæ хъæумæ æркодтой. Ам æй фæлварын байдыдтой: цæмæн æй хъæуы рæхыс, цы фыд- былыз дзы хъавы адæмæн? Бесæ нæ хъæр кæны йæ фæнд. Нæ- мынц æй, фæлæ уымæн Амыраны уарзондзинад судзы йæ зæр- дæйы, фæнды йæ Амыраны йæ хъизæмарæй фервæзын кæнын æмæ йæ рыст ницæмæ дары. Адæм уый не ’мбарынц, нæ зонынц Бесæйы нысан æмæ йыл худынц, хонынц æй æрра. Амыран та хъизæмар кæны æмæ æнхъæлмæ кæсы. Арыг æмæ Мæгра Раджы, тынг раджы, зæххыл адæм куы фæзынд, алыхуызон цæрæгойтæ куы уыдысты, уæд адæм се сфæлдисæг Хуыцауы нæ зыдтой æмæ, кæй куыд фæндыд, афтæ царди. Уæды адæм нæ Хуыцауæн куывтой, нæ дзуар зыдтой, сæхæдæг сæхицæн алцы- дæр уыдысты. Уæд иу хохрæбын цардысты ус æмæ лæг, хуындысты Арыг æмæ Мæгра. Уыдон куывтой Хуыцауæн, дзуарæн дæр, хуыцау- бонты нæ куыстой, фæлæ сæ цард иннæ адæмæй уæлдай хуыз- дæр ницæмæй кодта. Хуыцау сфæнд кодта адæмы сафын. Рар- выста зæрватыччы Арыг æмæ Мæграмæ ахæм ныстуанимæ: «Уæхи- цæн чырын саразут: фос, хор æмæ маргъы мыггаг уæ цы хъæуы, уыдон дзы бакæнут, уæхæдæг дæр дзы бацæут æд фæллой æмæ æртæ бонмæ уæ чырын ма бакæнут». Арыг æмæ Мæгра дæр афтæ бакодтой, сарæзтой чырын, цы сæ хъуыди, уый дзы бафснайдтой фосæй, маргъæй, хорæй, сæ- хæдæг дæр дзы бабырыдысты, чырыны дуæрттæ сæхиуыл сæх- гæдтой, чысыл рудзынг ныууагътой кæсынæн æмæ лæууыдысты уым. Уый фæстæ бæстæ æрбахгæдта, арвы дуæрттæ фегом сты, æмæ уарын райдыдта. Дон бæсты йæ быны кодта. Быдыртæ фæ- бынæй сты, стæй къуыппытæ. Адæм æмæ сырдтæ хæхты бæр- 42
зæндтæм лыгъдысты, фæлæ хæхты сæрты дæр акалд, æмæ, зæх- хыл цьщæридцæр уыди цæрæгой, уьщон фæдæлдон сты. Арыг æмæ Мæграйы чырын дон йæ сæрыл систа, æмæ ленк кодта. Уыдон кæсынц къаннæг рудзынгæй æмæ зæххæн йæ ныв дæр нал уыдтой. Æртыккаг бон къæвда банцадис æмæ рахур код- та. Дон сындæггай сысыд. Раздæр сзындысты бæрзонддæр хæх- ты цъуппытæ, стæй къуылдымтæ, фæзтæ, дæлвæзтæ. Дон акалд денджызтæ æмæ цæдты бынæттæм, райдыдта сур кæнын цъыф. Бæлæстæ та сыбар-сыбур райдыдтой, фæлæ дуне уыд æдзæрæг. Æрмæст-иу фæзындысты доны цæрæгойтæ æмæ сур зæхмæ бы- рыдысты. Арыг æмæ Мæгра бæрæггæнæг рарвыстой халоны, фæлæ уый кæмдæр фаджысы цур холы хæрыныл фæцис. Дыккаг хатт ра- уагътой цæргæсы. Уый дæр кæмдæр хæхты бæрзæндтыл разил- базил кодта, амæттаг агуырдта. Æртыккаг хатт рарвыстой зæрва- тыччы, æмæ уый ныхъхъæр кодта: - Зæхх! Зæхх!!! Зæхх!!! Ыссур ис зæхх!!! Арыг æмæ Мæгра уымæн арфæ ракодтой æмæ йын радтой бар, цæмæй хæдзары ахстон кæна. Уæдæй фæстæмæ кæны ах- стон зæрватыкк хæдзары. Арыг æмæ Мæгра рахызтысты сæ чырынæй. Ауагътой, цы маргь æмæ цæрæгойты мыггаг сæм уыди, уыдон дæр. Мæргътæ бæлæстыл хъазын райдыдтой æмæ та сбирæ сты. Адæм дæр ра- бирæ сты Арыг æмæ Мæграйæ. Арыг æмæ Мæграйы цæуæт афтæ сбирæ сты æмæ иу ран нал цыдысты, фæлæ алы кæмтты æмæ быдырты къордгæйттæй æрæн- цадысты, систы хицæн бæстæтæ æмæ адæмыхатт. Се ’взæгтæ дæр фæхицæн сты.
МÆРДТЫ БÆСТЫ ТАУРÆГЪТÆ Мæрдты айдæн Мæрдты дуармæ ис айдæн, цыппæрдигъон айдæн. Уымæн йæ цыппар фисыныл бадынц цыппар лæджы. Алы мардæн дæр уыцы айдæны æнæ бакæсгæ нæй. Уыцы ран сбæлвырд вæййынц йæ тæригъæдтæ се ’ппæт дæр. Уый фæстæ йын ацы ран скæ- нынц тæрхон. Ардыгæй араст вæййынц мæрдты удтæ дзæнæтмæ кæнæ зындонмæ. Цæуын сæ фæхъæуы нарæг хидыл. Рæстыты удтæ йыл бафардæг вæййынц хъæлдзæгæй, заргæйæ, фæлæ зы- нæвзарæны вæййынц тæригъæдджынтæ хидыл цæугæйæ. Иу æв- зæргæнæджы уд дæр дзы хидæн йæ кæронмæ нæ хæццæ кæны — зындонмæ ныххауы. Адæймаджы тæригъæдтæ Иу лæг рæстæй фæцарди уæлæуыл. Фæлæ куы амард, уæд æм тæригъæдтæ разынди - уыдысты галы мисындзæджы дзаг. Галы мисындзæджы йæ тæригъæдтæ айста æмæ фæцæуы мæрд- тæм. Фæндагыл кæуы, æрдиаг кæны, йæхи мары. — Рæстæй куы фæцардтæн, мæ аууонæй куы тарстæн, фысы комæй хал куы никуы раластон, уæд мæм ацы тæригъæдтæ кæ- цæй разындысты? Уалынмæ йæ иу лæг æрæййæфта дзоныгъы бадгæйæ. Дзо- ныгъы — дыууæ галы ифтыгъд. Ласы стыр лалым - гæбæт. — Дæ фæндаг раст. — Дæ хъуыддаг раст. — Уыцы куыд цæуыл кæныс? — Куыд нæ кæуон — мæхи фæхъахъхъæдтон тæригъæдæй, мæ мæрдтæмвæндаг хъахъхъæнгæйæ, ныр мæм уæдцæр мæнæ ацы мисындзæджы дзаг разынди тæригъæдтæ. 44
- Æри сæ ардæм, мæнæн уæлдай нал у: кæсыс мæнæ ацы лалыммæ, мæ дыууæ галы йæ тыххæй ласынц. Уыдон сты мæ тæригъæдтæ. Радта йæ мисындзæг, лæг æй йæ дзоныгьы баппæрста, æмæ дарддæр араст сты. Бахæццæ сты тæрхондонмæ. Мæрдтæ дзы гуылфæнтæ кæнынц, алчи дзы йæ лалымимæ æнхъæлмæ кæсы барæнмæ. Уалынмæ дзоныгъæй райстой лалым æмæ йæ тæразыл æрæвæрдтой. Куыд- дæрты мисындзæг тæразæй æрхауд. - Кæй сты ацы тæригъæдтæ? - дзурынц, чи барста, уыдон. - Иу лæгæй сæ райстон, - загьта дзоныгьы хицау, — тынг сыл тыхсти æмæ йын æз фæтæригьæд кодтон. - Цæмæн сæ радтай дæ тæригъæдтæ? Уый йæ бирæ тæри- гьæдтыл куы лæууыди, уæд сыл ды цæуылнæ лæууыдтæ? Стæй куыд батардта дæ зæрдæ, уыцы адæймагæн йæ уæззау уаргъ но- джыдæр куыд фестырдæр уа, уый? Æмæ уыцы ран стæрхон кодтой, лалымы дзаг тæригъæдтæ дæр, йæ чысыл тæригъæдтыл чи нæ лæууыди, уый хай куыд фæуой, афтæ. - Уыйбæрц фæцæргæйæ, зæххыл куыд баззадаис æнæ тæ- ригъæдæй? Хиуарзон лæг Уыди иу хорз лæг, хиуарзаг, æгас дунейыл дæр уæле куыд уыдаид, ууыл чи куыста, ахæм. Уый кодта афтæ. Æвæдза-иу искуы фехъуыста искæй хорзы кой, искæмæй-иу, æвæдза, фехъуыст хорзы кой, уæд-иу сбæрæг кодта уыцы хорз лæджы. Фæцыдис-иу лæгмæ æмæ йын-иу ра- дзырдта: - Иу ран зонын тынг бирæ фос. Цом мемæ балцы æмæ сæ нæхи бакæнæм: нæ дыууæ дæр цæмæй цæрæм нæ адзалы бонмæ, уый фаг нын уыдзысты. Æрмæст дын фæдзæхсын: нæ дыууæйæ дарддæр ацы хабар куыд ничи базона, афтæ. Балцы-иу араст кодтой дыууæ лæджы. Цæуынтæ-иу байдыд- той, цæуынтæ. Денджызы былмæ ’ввахс хиуарзаг хорз лæг дзырдта йе ’мбалмæ: - Тас ран у ацы ран, исты фыдбылыз ныл æрцæудзæн, ам æхсæвиуат куы ’ркæнæм, уæд. Фæлæ дæлæ денджызы былыл уыныс къох? Раст уый фарсмæ — бæрзонд хъамыл, æххæст цом уырдæм — уым бахсæвиуат кæндзыстæм. Хъамылмæ-иу нæма бахæццæ сты, афтæ-иу хъамылæй фыр ралыгъди. Хиуарзаг лæг-иу бæхæй алиуырдта, фыры-иу рацах- ста, кард ын-иу йæ къубалыл æрбавæрдта. 45
Денджызы был-иу æрæнцадысты, арт-иу бандзæрстой, стæй- иу хиуарзаг адæймаг загъта йе ’мбалæн: — Дæхи уал æруадз æмæ дæ фæллад ссæуа, æз та нæхицæн хæринаджы кой бакæнон. Куьщдæр, æвæдза, лæг афынæй, афтæ-иу æй уыцы ран амард- та, денджызы-иу æй баппæрста, йæ дарæстæ, йæ хæцæнгæрзтæ йын-иу систа, йæ бæх ын-иу раласта. Афтæмæй-иу хорз лæджы кой фесæфт. Иу ахæмы, адæм хорз кæмæй загътой, ахæм лæг æрхаста йе ’фсымæрæн ус. Чындзæхсæв скодта, æмæ дзы адæм сæхи хъæл- дзæг кодтой, минасы бадтысты. Хиуарзаг хорз лæг балæууыд, чындзæхсæв цы хæдзары уыди, уый дуармæ. Хæдзары хицау загъта, уазæджы мидæмæ цæмæй æрбакæной. Уазæг не ’рбацыд. Уæд хæдзары хицау фестад фын- гæй, уазæгмæ рацыди, æгас цæуай йын зæгъы. Уазæг æм хибармæ асидт æмæ йын дзуры: — Дæ ном, дæ хорзы кой дардмæ айхъуысти, æхсызгон мын у дæ хорздзинад. Ноджы дын мæ цæст уарзы алцыппæт дзæ- бæхдзинæдтæ... Мæ цыды сæр дæм цæмæн уыди, уый дын цы- бырæй зæгъдзынæн. Æрмæст дын хъусын кæнын: куыд ничи йæ базона, афтæ... Иу ран ис тынг бирæ фос. Тынг æнцонæй къухы бафтдзысты. Цом балцы мемæ, æмæ цæмæй цæрой нæ фæстагæттæ, уый бæрц дæр уыдзысты. Хæдзары хицау йæхи барæвдзытæ кодта æмæ араст кодтой балцы. Бахæццæ сты иу ранмæ. Уыцы ран хиуарзаг хорз лæг амоны йе ’мбалæн: — Кæсыс дæлæ уыцы къохмæ? Уый фарсмæ — бæрзонд хъа- мыл. Цом, уым æхсæвиуат æркæнæм, намæ ацы ран стыр тас у тыхгæнджытæй. Хъамылмæ нæма бахæццæ сты, афтæ дзы иу фыр ралыгъди. Хиуарзаг хорз лæг йæ бæхæй агæпп кодта, йе ’мбалы ’вджид æй акодта, йæхæдæг фыры рацахста æмæ йæ ’рбаргæвста. Денджызы был æрæнцадысты, арт бандзæрстой æмæ сæхи- цæн æхсæвæр фыцынц. Уалынмæ хиуарзаг лæг дзуры: — Дæ фæллад уал суадз, цалынмæ нæ хæринаг цæттæ кæна, уалынмæ. Куьщдæр лæг афынæй, афтæ йæ, — дæ балгъитæг уыйау, — æрбамардта. Денджызы йæ баппæрста, йæхæдæг ын, цы йæм уыди, уыдон рахаста æмæ йæ хæдзармæ сфардæг. Нал зыны хорз лæг. Сагъæсыл сысты йæ бинонтæ, æрдиаг кæнын байдыдта йæ мад: — Нæ хæдзары хуыздæр нал зыны, æмæ йæ нæй бабæрæггæ- нæг. Адаем дзы ард хордтой, ныр, мард у, æгас у, уый чи сбæрæг кæна, иу ахæм гуырд нæ хæдзары нал ис. Худинаг, æрдиаг. Ногусджын, хорз лæджы ’фсымæр, бирæ фæхъуыста йæ мады 46
хъарджытæм, сагьæстæм, стæй фæстагмæ бацыд йæ мады размæ æмæ дзуры: — Ме ’фсымæр цы фæци, уый куынæ сбæрæг кæнон, уæд нæ уыдзæн. Нана, баздæх æмæ, хæрынæн адджын, хæссынæн рог, ахæм хæринæгтæ мын ракæн — æз цæуын агурынмæ... Уыцы рацу-бацу, уыцы зылд, уыцы фарст фæкодта, фæлæ ницы бафтыд йæ къухы: иу уынæг нæ фæци уымæн йе ’фсымæры. Зæрдæсастæй, уæнгтæхъил, сæргуыбырæй æрцæйздæхт фæс- тæмæ йæ хæдзармæ. Сæ хъæугæрон уæлмæрдтæм æрхæццæ изæр- далынгты, афтæ сагъæстыл сси: «Ацыхуызæнæй куы бацæуон, уæд æнхъæлдзысты, æмæ ме ’фсымæр фæзынди æмæ сæ зæрдæ бацин кæндзæн дзæгъæлы. Фæлтау ахсæв ам бахуыссон æмæ рай- сом бонрухсмæ мæ цæсгомы хуызмæ бамбардзысты, хъуыддаг æцæгæй дæр цæуыл лæууы, уый». Иу обауыл йæхи æруагьта æмæ йæ цæстытæ куыддæр кæрæ- дзийыл авæрдта, афтæ афынæй. Уалынмæ йæм фыны хъуысы — обауы ныгæд чи уыди, уымæ дзырдæуы: — Дæумæ кæсынц, рацу! — Уазæг мæм ис, уазæг! — Уазæджы дæр ракæн демæ. Араст кодтам æмæ иу ранмæ бацыдыстæм. Уыцы ран адæм дывæлдахæй бадынц. Кæсын, æмæ дзы ме ’фсымæр дæр дæлиау- гомау бады æнкъардæй, йæ разы хæринаг нæй. Куы сыстадыстæм фынгæй, уæд мæм йæхи æрбаласта ме ’фсы- мæр, хибардæр нæхи айстам, æмæ мын дзуры: — Ды дæ Мæрдты бæсты. Ды рацыдтæ мæн агурæг, æмæ дæ къухы ницы бафтыд æмæ æфтгæ дæр куыд бакодтаид. Кастæ фынгмæ? — уыдон иууылдæр амардта иу лæг, æз дæр уый къу- хæй бацыдтæн мæрдтæм. Хорз лæджы мыггаг никуыуал ныу- уагьта, цагъд сæ фæци. Сымах нæма зонут, æз мард дæн æви æгас, уый. Уымæ гæсгæ мын фæлдисинагæй дæр ницыма скод- тат. Фæлæ мын мæ мардыкæнд куы скæнат, уæд афтæ дæлиау нал баддзынæн, уæд æртыккаг бынат уыдзæн мæн. Маргæ та мæ акодта стыр хъазуат лæг. Хъуыды-ма йæ кæндзынæ, дæ чын- дзæхсæвы нæм иу уазæг æрбадзырдта, куывдмæ не ’рбацыд; асидти мæм æмæ мын аивæй радзырдта, иу ран бирæ фос кæй зоны, фос æнцонвадатæй кæй бафтдзысты къухы... Стыр фыдбылызы адæймаг у, мæ туг исын дзы куы сфæнд кæнай, уæд ын исты амал скæнын хъæуы фæндонæй, намæ амардзæн дæу дæр. Балцы асайы адæймаджы фæндæй, денджызы былмæ скæны йæ фæн- даг. Денджызмæ ма дзæвгар хъæудзæн бауайын, афтæ дзы сзыны къох, къохы фарсмæ бæрзонд хъамыл. Хъамылæй ралидзы фыр, рацахсы æмæ йæ ’рбаргæвды. Фæлæ ды афтæ бакæн, æмæ фыры аргæвдын дæ къухы цæмæй бафта, уый, — уæд ын дæ бон исты бауыдзæн. 47
Сбон и. Æфсымæр йæ хæдзармæ бацыд. Йæ хæстæг, йе ’ввахс æрæмбырд сты, æмæ сын йе ’фсымæры мард загъта. Мардыкæнд фæкодтой, куыд æмбæлд, афтæ, стæй æфсымæр басидт йæ бинонтæм æмæ сын дзуры: — Æз цæуын ме ’фсымæры туг исынмæ. Уæ зæрдыл дарут: афойнадыл куынæ зынон, уæд уый зонут, æмæ æз дæр æгас нал дæн. Мæ марæг та уыдзæн, мæ чындзæхсæвы нæм цы уазæг æрбацыди, уый, ме ’фсымæры марæг дæр уый у. Уымæй-иу агурут уæ туг. Хиуарзаг хорз лæджы дуармæ æрæнцади тугагур. — Балцы ахæтæм, — дзуры йæм тугагур, — куыд хъусын, уымæ гæсгæ дæуæй хæтæг адæймагдæр а бæсты нæй. — Æз мæхæдæг агурын ахæмты, балцы кæимæ рахæтон. Фæцæуынц балцы. Иу ран хиуарзаг хорз лæг ехсы хъæд систа æмæ амоны йе ’мбалæн: — Кæсыс дæлæ уыцы къохмæ? — уый фарсмæ хъамыл, уыцы ран æрæнцайдзыстæм ахсæв, намæ ам тас у. Хъамылмæ сæ бахæццæ, афтæ та фыр ралиуырдта хъамылæй æмæ фæлидзы. Тугагурæг ай-уый нал, фæлæ фырыл йæхи ныц- цавта ’мæ йæ æрбаргæвста. Денджызы былыл æрбынат кодтой, арт скодтой æмæ æхсæ- вæры кой кæнынц. Уалынмæ та хорз лæг дзуры тугагурæгмæ: — Æруадз дæхи, дæ фæллад уал суадз, цалынмæ хæринаг фыца, уалынмæ. — Хуыссæг мæ нæ ахсы, æрхуысс уал дæхæдæг, хæринаг мæ бар фæуæд, æз æй бацæттæ кæндзынæн. Æруагьта хиуарзон лæг йæхи, æрфынæй, йæ хъæлæсæй æхси- дæн арт кæлы, куынцгомæй куыд фæкæлы, афтæ. Уæд тугисæг дамбаца систа æмæ кувы: «Хуыцæутты Хуыцау, уæдæ кæд ацы адæймаг ме ’фсымæры марæг нæ уыди, уæд мæ дамбаца ма схæцæд, намæ арвы гæрах фæкæнæд». Дамбаца æруагьта, æмæ дыууæ æрфыджы астæу нæмыг суа- ди, йæхæдæг лидзæг фæци. Лæг ма хъæлæкк фестади, топп ма бæргæ фехста, фæлæ ни- цыуал — уæлæнгæйтты ма уæгъд фыды ауад йæ нæмыг. Тугисæг йе знаджы денджызы ауагьта, цы йæм уыди, уыдон ын райста æмæ араст и йæ хæдзармæ. Æрбахæццæ уæлмæрдмæ. Æхсæвиуат æркодта. Уалынмæ та йæ фыны хъусы ныхас — цы обауыл æрхуыссыд, уый мардмæ дзырдæ- уыд: — Дæумæ кæсынц, рацу. — Уазæг мæм ис, — сдзырдæуыд обауæй. — Уазæг дæр рахон демæ. Араст кодтой æмæ та иу хæдзармæ бацыдысты — хæдзары æмбырд. Кæсы, æмæ фынгыл йе ’фсымæр, куыд загъта, афтæ 48
æртыккаг бынат æрцахста; хæрдæй, нозтæй алцæмæй дæр æххæст. Бацин кодта мард йе ’фсымæрыл æмæ йын дзуры: - Мардыкæнд мын кæй скодтай, уый мыл фæбæрæг, куыд уыныс, уымæ гæсгæ. Стæй мæ туг кæй райстай, уый дæр мæрдты бæсты базыдтам мах. Кæсыс уæлæ фæсдуар уыцы лæгмæ — уый уыди, ацы ран цы адæм ис, уыдонæн сæ марæг. Марæг та лæууы фæсдуар, йæ дыууæ къухæй æнцой кæны ихын лæдзæгыл æмæ йын йæ сæр цьиры. Йæ сæрыл тæдзы дон æмæ йыл их кæны. - Ацы ран фиды уый зындзинад. Кæй фæмардта, уыдонæй алкæй тыххæй дæр хъуамæ фæфыдæбон кæна бæрæг афон, уый фæстæ йын уыдзæни тæрхон, фæлæ уал дын тæрхоны агъоммæ гье уый йæ хъуыдцаг. Бон æрбарухс, бæлццон æрыхъал æмæ йæ хæдзармæ араст. Радзырдта бинонтæн йе ’фсымæры хабæрттæ, æмæ уыдон сæ риуымбæрц сулæфыдысты. 4 Ирон таурæгьтæ
ДЗУÆРТТÆ ÆМÆ КУВÆНДÆТТЫ ТАУРÆГЪТÆ Уастырджи зæд куыд фестади Уастырджи кадджын æмæ уæздан лæг уыди, Хуыцау æй бирæ уарзта. Чырыстон нæ уыди Уастырджи. Хуыцау æй зæд кодта, æмæ йын нæ куымдта. Уæд Тутыр загъта Хуыцауæн: — Æз дын æй скæндзынæн зæд. Тутыр рараст æмæ Уастырджимæ æрцыд. Загьта йын: — Цом къæрныхы. Фурды фале бирæ фæллой рахæсдзыстæм. — Уастырджи сразы. Райсом фæндаггаг ахастой æмæ ацыдысты. Фурдмæ куы ба- цыдысты, уæд Тутыр йæ бæхы баскъæрдта. Йæ бæх суры куыд цыди, доны дæр афтæ цыди, нæ дзы ныхсти. Уастырджимæ дзуры: — Раскъæр дæ бæх, кæд ме ’мбал дæ, уæд. Уастырджи фыццаг нæ уæндыд, фæлæ йын Тутыр куы загъ- та, уæд баскъæрдта уый дæр. Йæ астæумæ куы бахæццæ денджы- зæн, уæд Уастырджийы бæх хауын байдыдта Тутыры зондæй æмæ хуыррыттытæ кодта. Уастырджи ныхъхъæр кодта: — Гъæйтт, ме ’мбал, мæнæ дын куы сæфын! Тутыр ын загъта: — Дæхиуыл дзуæрттæ бафтау æмæ Хуыцауæн дæхи бафæдзæхс, кæннод æнæмæнгæй сæфыс! Уастырджи йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта æмæ зæд фестад. Бæхтæ нытътъæбæртт кодтой æмæ денджызæй алиуырд- той. Къæрныхмæ нал ацыдысты: зæдтæ цæй къæрныхы цæ- уынц! 50
Цæмæн у Уастырджи Лæгты дзуар Уастырджи зæххон дзуар уыдис æмæ уæларвы дауджытимæ дæр уыди æмвынг. Раджы кæддæр фурдты æмæ дæтты хицæуттæ дон хæссын никæмæн уагътой æнæ хаццон. Уæд-иу хъæу афæдзæй афæдзмæ фыстой кæфхъуындарæн чызг хаццон. Иу аз иу хæдзар, иннæ аз — дыккаг хæдзар æмæ афтæ - радыгай. Уастырджи ацы хъуыдцаг уыдта, æмæ йæм хъыг касти. Иу ахæмы йæхи зæххон адæммæ рауагъта уæларвæй йæ урс бæхыл æмæ зылди адæмтыл. Иу ран фæндагыл мæгуыр лæг суг фæцæйласта, æмæ йæ дзоныгъ асасти цъыфы. Йæ бон нæ уыд йæ сæппарын æмæ сфæнд кодта хъæумæ æххуысагур ацæуын. Галты æд суг уым ныууагъта æмæ загъта: «Уастырджи, дæ фæ- дзæхст фæуæнт мæ галтæ!» Лæг куы фæаууон ис, уæд Уастырджи дзоныгъы дзыхъхъыннæуæг фестын кодта, галты ууыл сифтыгъ- та æмæ сæ рауагъта сæхи бар. Мæгуыр лæг æндæр галты фæцæй- кодта æмæ кæсы, йæ галтæ рацæуынц, ног дзоныгъыл йæ суттæ амад, афтæмæй, æмæ тынг бацин кодта. Уастырджи дарддæр ацыди æмæ уыны: бæрæгбоны бон æндæр мæгуыр лæгæн йæ хъæбул уæззау фæрынчын æмæ йæ мæлæты къахыл ныллæууыди. Уастырджийы дзуары бон уыди, æмæ лæг тыхсы: йæ кусæрттаг хæрнæгæн ныууадза æви бæрæг- бонæн. Уæд æм бацыдис зæронд лæджы хуызы æмæ йын арфæ ракодта. Фысым æм дзуры: - Мидæмæ, уазæг, фысым дын стæм, абон бæрæгбон куы у! Уастырджи бацыди хæдзармæ, æмæ та йæм фысым дзуры: - Уазæг, ма мыл фæхуд, иуæй, абон Уастырджийы кувæн бон у, иннæмæй та, мæ хæдзары зианмæ кæсæг дæн æмæ чердæм фæкæнон мæхи, нæ зонын. Уастырджи загъта: - Дæ дзуарæн кув, рынчынæн ма тæрс! Фысым скъæтмæ ныууад кусæрттагмæ. Уæдмæ Уастырджи рынчыныл бафу кодта, æмæ авд ахæмы хуыздæр фестади. Лæп- пу йæ фыды размæ рауади худгæ. Фысым джихæй аззад æмæ загъта: - Сыгъзæрин фест, Лæгты дзуар, мæгуыр лæгæн æххуысгæ- нæг дæ, æмæ дæ ном фæстагæттæн дæр ныфсæн баззайæд! Уый фæстæ Уастырджи йæ урс бæхыл фурды былтыл араст и, кæсы: фурды былыл — чызг æмæ йæхи кæуынæй мары. Уас- тырджи йæ фæрсы: - Цы кæныс, хорз чызг, ам цæмæн дæ? Чызг ын загъта: 51
— Цы кæнон, нæ калак хъæу алаз радæй чызг дæтты кæф- хъуындарæн, цæмæй сын дон хæссын бауадза. Æз дæн иунæг чызг мад æмæ фыдæн, æмæ мæ фыды рад æрзылди. Æз дæн куырдуаты, æмæ мын загъта: «Ацу, кæд дын фæтæригъæд кæ- нид». Мæн цы лæппу куры, уый та дард балцы ис. Ныр мæм кæфхъуындар æрбацæудзæн æмæ мæ аныхъуырдзæн. Мæ мад æмæ мæ фыд та æрдиаг кæнынц. — Уæдæ кæд афтæ у, уæд ма тæрс, — зæгъы Уастырджи, — уæхимæ ацу, уымæн æз хос кæндзынæн. Уалынмæ кæфхъуындар æрбаленк кодта, чызг кæм бадти, уырдæм. Уастырджи йæ урс бæхыл бадти æмæ йын арц йæ син- ты ныссагъта æмæ йæ зæхмæ нылхъывта, стæй йæ амардта. Чызг хæрзæггурæггаг фæцис йæ мад æмæ йæ фыдмæ. — Ды сайгæ кæныс, — загътой мад æмæ фыд. — Уæдæ-ма сау къобор галы æмæ урс къобор галы ауадзут донмæ. Сау къобор æмæ урс къобор галты ауагътой донмæ, æмæ дон тыхныуæзт фæкодтой. Фæстæмæ здæхгæйæ, сау къобор гал доны был атыдта, урс къобор гал та чысыл уæлдæр. Уæд калак хъæуыл айхъуыстис хабар, æмæ адæм дон хæссынмæ ныххæррæтт код- той. Паддзах лæвæрттæ кодта Уастырджийæн, фæлæ сæ уый нæ райста, мæгуыртыл сæ байуарын кодта. Уырдыгæй ацыди æмæ иу сау коммæ бахызтис Уастырджи. Хъæды кæрон аззади иу æрдуз, уым нæууыл кæугæйæ баййæфта иу лæппуйы. Уастырджи йæ фæрсы: — Уæлæмæ цæуылнæ стыс, лæппу, бæх дæ йæ быны кæны! — Уадз æмæ мæ фæкæна, мæ цардæй мæ мæлæт хуыздæр у! — зæгъы лæппу. — Цæмæн дæ фæнды амæлын? Лæппу загъта: — Мæнæн мæ чындзæхсæвы бон æрцæйæввахс кодта, æз та дард балцы ацыдтæн, тагъд ма кодтон, фæлæ ардæм æрхæццæ дæн, æндæр нæ. Мæ зæрдыл зарбалæууыд, мæ каисы рад кæй у кæфхъуындарæн чызг раттын, æмæ ма тагъд кодтон, фæлæ афонмæ бабын ис мæ уарзон, æмæ ууыл кæуын. — Тæрсгæ ма кæн уæдæ, сабыргай цу, дæ уарзон чызджы удæ- гасæй ныййафдзынæ, кæфхъуындары та мардæй. Лæппу йын арфæ ракодта æмæ рацыд. Уастырджи та уæларвмæ атахт. Иу бон ын цæуын æнтысти къуырибонцауы бæрц лæп- пуйæн. Сæхимæ æрцыд æмæ чындзæхсæв скодта. Фыццаг рæ- гъæн Уастырджийы гаджидау банызтой. Уæдæй фæстæмæ Уас- тырджи у Лæгты дзуар. 52
Фæлвæра1 Фæлвæра уыд фæрныг æмæ фæлмæнзæрдæ. Кувинагæй æхцо- нæн иста кусарт нæ, фæлæ дзыкка. Иу хатг Фæлвæрамæ уазæгуаты уыди Тутыр2. Фысым уазæджы хорз сбуц кодга. Дыууæ дзуары сихор куы бахордгой, уæд сæм ныхас æрæфтыд, кæй фос хуыздæр сты, уый фæдыл. Фæлвæра загъта: - Табу Хуыцауæн, уый мæн фысты бардуаг кæй скодга, уый тыххæй. Фысвосæн аргь кæнынц æппæт адæмтæ дæр. Уæдæ Хуыцау æмæ йæ зæдгæ дæр æппæт фосæй фыс равзæрстой сæхицæн нывон- дагæн. Уымæ гæсгæ мæнæй фæрныгдæр нæй зæдгæ æмæ дауджытæй. Тутыр загъта, æз дæр мæ бирæгътæй разы дæн, зæгьгæ, фæлæ йæ ныхас мæнг уыди, уымæн æмæ хæлæг кодта Фæлвæрамæ. Хæлæгæй йæ маст сыгъди, æмæ сæ сихор куы ахицæн, уæд Ту- тыр хъазын æфсон хъæбысæй хæцынтæ систа Фæлвæраимæ. Цыма барæй нæ уыд, афтæ бахъавыд æмæ йын йæ цæст акъахта. Уыйа- дыл Фæлвæра йæ иу цæстæй бакуырм. Тутыр æфсонæн хатыртæ курын байдыдта. Фæлвæра æнæхин æмæ Тутыры йæ хъæбысы æрбакодта, ныббарста йын. Уыцы уæздандзинад Тутыр ницæмæ æрдардта. Сæхимæ куы ’раз- дæхт, уæд æрбасидг бирæгъты хистæр Цъæхмæ æмæ йын загьта: - Фехъусын кæн бирæгътæн сеппæтæн дæр. Фæлвæра йæ га- лиу цæстæй бакуырм и. Уæдæй фæстæмæ бирæгьтæ фосмæ бахъуызынц æмæ лæбу- рынц галиуæрдыгæй. Рекомы кувæндон Фыдæлты заманы Уастырджи сфæнд кодта ирон адæмæн ку- вæндон саразын. Кувæндон хъуамæ уыдаид, æмбийгæ чи нæ кæна, ахæм хъæдтæй арæзт. Ахæм хъæды мыггаг та зад æрмæст фæсхох бæстæйы. Уастырджи йæ галтæн бафæдзæхста, цæмæй уыдон хъæдтæ ласой, ныр Рекомы ныхмæ цъити кæм ис, уыцы хохы сæрты. Уæр- дæттæ сæхæдæг сæхи дзаг кодтой хъæдтæй, афтæмæй галтæ æнæ сæрылхæцæгæй цыдысты амынд фæндагыл. Хъæдæрмæг иу ран куы акалдтой, уæд галтæ сыздæхтысты Уастырджимæ. Хъæдтæй, адæй- маджы къух сæм нæ бахæццæ, афтæмæй сырæзт кувæндон. Рекомы таурæгъ Реком, Мыкалыгабыр æмæ Уастырджи уыдысты æртæ æфсы- мæры. Реком уыд гуырдзымæ Шовырдыгæй1 Уцьерайы2. Уыдон дзуар уыд æмæ сын фæтæргай. Æрбатахт æмæ Буроны сæрмæ къуып- 53
пыл абадт, уырдыгæй та5 ныр кæм ис, уырдæм стахт. Гуырдзы йæ фæдыл рацыдысты, дзæнгæрæг дæр рахастой æмæ йæ бакод- той уым, дзæнгæрæгыл цыд астфондзыссæдз азы, æвæццæгæн, уæд сырæзт Реком дæр. Уастырджи кæстæр æфсымæр уыд. Фæцæйцыдысты хæдзармæ, æмæ фæфæстиат ис, стæй куы схæццæ, уæд æй фæрсынц: «Кæм уыдтæ нырмæ?» — Дæлæ, — зæгъы, — иу лæг доны бахауд, æмæ йыл архайдтон æмæ уымæн бафæстиат дæн. Уæдæй фæстæмæ йæ фæуастырджи кодтой. Фыццаг Цъæйы цъити нæ уыд, ахизæн дзы уыд Глурмæ. Ре- комы агъуысты хъæдæрмæг — назхъæд — æрластой æнæрдызт уæнгуытыл Глурæй, ам наз нæ зайы. Гуырдзиаг сылгоймаг йæ сывæллонимæ рацæйцыд куывды Рекоммæ æмæ йын нывонд рацæйласта. Нывонды хъуырыл уыд бæндæн, æмæ дзы хуыйы хъис фæцис. Ацырдæм æркæсæнмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд цавддур фестадысты. Реком хуыйæн нæ быхста, æмæ ныр цы цьити уынæм, уый фестад сæ фæндагыл — ком æхгæд æрцыд. Цъæйы Рекоммæ Бетъырбухæй сæрвыстой дыууæ чырыны, цæмæй дзы цыдæридцæр дзаума уыд, уыдон сæ бафснайдтаик- кой. Баластой сæ Рекоммæ. Архиерей Бетъырбухæй гæххæтт куыд рарвыста, уымæ гæсгæ сæвзæрстой лæгтæ, сауджын дæр семæ, афтæмæй. Бацыдысты æмæ дзаума иууылдæр æрæмбырд кодтой. Æппæты стырдæр хæзна дзы уыд сыгъзæрин хъул, ноджы ма къухдарæнтæ, цонгдарæнтæ æмæ æндæртæ. Уыдис дзы ноджы гамхуд, згъæрæй худ — цæстытæ-иу æрæм- бæрзта, дзæнгæрæг, сауджыны дзаума, хъæдæй тастæ, фæттæ, æфсæйнаг кæрдтæ, рагон хæцæнгæрзтæ. Дзаума бафснайдтой, гуыдыр ыл сæвæрдтой. Йæ алыварс уыд быругалуан. Мидæмæ бацæуæн нæ уыд æнæист лæгæн. Истлæг урс дзаучиайы сыгъдæ- гæй цыд. Мæ рæстæджы истлæг уыд Баситы Габе. Алчидæр тарст дзуарæй, фæлæ ныр сæ фæд фесæфт. Дзæнгæрæг æмæ гамхуд баззадысты æмæ сты ныр Салыгæрдæны. Æфсатий тауæрæхъ Хуцау дуйней ку сфæлдиста, уæд æ фонсæй алкедæр равард- та фæйнæ изæдемæ: нури хæдзарон фонс — фонси Фæлвæрайæн, тиллæг - хуари Уацеллайæн, мудибиндзитæ —Аниголæн1, сирдгæ - Æфсатийæн, уæдта никкидæр гъе уотитæ. Уæд адæм ку сфæлди- ста Хуцау, уæд изæдтæ æримбурд æнцæ ’ма баунаффæ кодтонцæ нæ фиди лæвæрттæ, зæгъгæ, адæмæн раттæн. Уотемæй изæдтæ, Хуцау син ци лæвæрттæ ракодта, уони 54
еугурæй дæр адæмæн равардтонцæ, Æфсатийæй фæстæмæ. Е ба загъта: — Æз мæ фиди лæвар не сæгадæ кæндзæнæн, ма ’й æз некæ- мæн дæттун. Изæдтæ ин фæллигъстæ кодтонцæ, фал сæмæ уæддæр нæ бай- гъуста, ’ма уæдта етæ дæр сæ гъаст Хуцаумæ бахастонцæ: — Мах, изæдтæ, ду нин ци лæвæрттæ ракодтай, уони адæмæн равардтан, Æфсати ба уобæл не сарази æй, дæ лæвар фонс адæ- мæн нæ дæттуй, ’ма нин уомæн ести унаффæ искæнæ. Хуцау ба син загъта: — Æфсатийæн æз равардтон мæнгæй фонс, е ба сæ нур хъæ- бæр берæ искодта, ’ма ин син мæн бон дæр райсун нæбал æй, фал ибæл уæхуæдтæ архайетæ, æма кæд сумах унаффæбæл е дæр рацæуидæ, еци барæ уæмæ дæттун, ’ма ин зиндзинæдтæй алци- дæр фæййинун кæнтæ, маргæ ба ’й куд нæ ракæнайтæ, уотæ, ’ма уин уотемæй ку бафæлмæца, уæд исарази уайдæ сумах унаффæ- бæл. Хуцауи загьдмæ гæсгæ изæдтæ æрæмбурд æнцæ, Æфсатибæл унаффæтæрхон рахастонцæ: хæтгæй ин зæнхæ зæнгбæттæни уæнгæ куд тудтайдæ, уотæ. Æфсатийæн зæнхæ тонун байдæдта зæнг- бæттæнти уæнгæ, уотемæй берæ афонти фæххаттæй. Уæддæр син не сарази æй æ лæвар раттунбæл адæмæн. Нæуæгæй бабæй æрæм- бурд æнцæ изæдтæ ’ма бабæй Æфсатийæн нæуæг тæрхон рахас- тонцæ — хæтгæй ин зæнхæ æ астæуи уæнгæ куд тудтайдæ, уотæ. Уотемæй дæр бабæй берæ афонти фæххадтæй, фал син уæддæр бабæй не сарази æй æ фонс раттунбæл адæмæн. Уæд бабæй æрæм- бурд æнцæ изæдтæ ’ма бабæй Æфсатийæн уæхæн тæрхон рахас- тонцæ: къагъд искодтонцæ, уоми Æфсатий уодæгасæй банигæд- тонцæ, æ еунæг цæстæ ба ма ин æнæмбарзт ниууагьтонцæ. Уоте- мæй дæр бабæй æй берæ афонтæ фæдцардтонцæ, уæддæр бабæй не сарази æй. Æз, зæгъгæ, мæ фиди лæвар не сæгадæ кæндзæ- нæн, æма ’й некæмæн ратдзæнæн, цидæр зиндзийнæдтæ мин кæнайтæ, уæддæр. Æрбабæй æмбурд æнцæ изæдтæ нæуæгæй æма бабæй Æфса- тибæл нæуæг тæрхон рахастонцæ: — Сирдтæй, цæфæй ка райервæза, уонæн лухмахакем куд уа, уотæ. Æфсати дæр еу афони ба алли бон дæр æ хæтæлæй ниццæгъ- дидæ ’ма, кæми ци цæф сирд адтæй, етæ æмбурд кæнун райдай- онцæ, сæ гъæдгинтæ син фехснидæ, сæ хæфтæ син фæккæдзос кæнидæ, уотемæй сæбæл гьезæмарæй æхе мардта. Цæйбæрцæ сæбæл фæккустайдæ, уæдта сæбæл багьигæ ’й æма Хуцаумæ æхуæ- дæг гъæстмæ фæццудæй æма загъта: — Мæ фидæ2, дæ лæвар дин æз не ’гадæ кодтон, мæ фонси- хатбæл хъæбæр фæккустон 4Ма сæ исберæ кодтон, фал мин сæ 55
нур ба адæм маргæ дæр кæнунцæ, уæдта мин си цæфтæй ка раервæзуй, уони гъуд кæнун, сæ цæфтæ син æхснун, хъæбæр сæбæл гъезæмарæ кæнун æма ди уомæ гæсгæ ба корун, мæ фон- сæй цæмæй, цид, ка раервæза, ейæ, фиццагидæр ци цадæмæ бахъæрта, уоми æхе, цид, ку равдола, уæд æ цæф дзæбæх куд кæна, уотæ. Хуцауæй ци курдта Æфсати, уобæл ин исарази æй, æма, уæдæй фæстæмæ цæф сирд æхе цади ку равдолидæ, уæд ин æ цæф не- цибал хилæ кæнидæ, ’ма исдзæбæх-еу уидæ. Уомæй дæр бабæй ин изæдтæ амал не ссирдтонцæ, ’ма уæд- та бабæй нæуæг тæрхон — фæстагдæр тæрхон рахастонцæ уотæ: «Адæмæй сирдти фæсте зæрдиуагæй ка хæта, уомæн си хай куд уа, уотæ, зæрдиуагæй ка нæ хæта сæ фæсте, уомæн ба си хай куднæ уа, уотæ». Гъе ма еци бонæй абони уæнгæ еци тæрхон сирдтæбæл адæ- ми астæу байзадæй: зæрдиуагæй ци цауæйнонтæ фæххæтуй, сирдтæ рамарунцæ, зæрдиагæй сæ фæсте ка нæ хæтуй, етæ ревæ- дæй æрцæунцæ фæстæмæ. Уастырджи æмæ Быдыры дзуар Хæресы1 уыди цæхкъахæнтæ. Быдыры дзуар фæлвæрдта уыр- дыгæй цæхх радавын, фæлæ йæ къухы ницы æфтыд, уымæн æмæ ’сæ хъахъхъæдтой Уастырджи æмæ йæ фырт. Иу ахæмы Уастырджи сфæнд кодта балцы цæуын. Йæ фыр- тæн бафæдзæхста, цæмæй змæлæг ма уадза цæхкъахæнтæм фæн- дагыл. Цæхкъахæнтæ лæппуйы æвджид баззадысты, уый Быдыры дзуар куы базыдта, уæд егары хуызы бацыд, Хæресмæ бауад æмæ дзы цæхх рахаста. Уалынмæ балцæй æрыздæхт Уастырджи æмæ фæрсы лæппуйы — фæндагыл цæуæг федта æви нæ. Лæппу йын загъта: — Фæндагыл ауад æрмæст иу егар куыдз. Уастырджи уайтагъд бамбæрста хъуыддаг æмæ фат фехста Быдыры дзуары фæстæ. Фат дзуарыл нæ сæмбæлд, фæлæ йæ зынг стъæлфæнтæй сæвзæрдысты, Æхсæуы цур цы кæрдо бæ- лæстæ ис, уъщон. Задæлескы цур дыккаг фат суагъта Уастыр- джи, æмæ уый стъæлфæнтæй сæвзæрд Моргы хъæд. Нал аййæф- та Уастырджи къæрныхы, йæ маст нал баурæдта, афтæмæй йæ разы цы айнæг къæдзæх фæци, уый фыццаг кардæй æрриуыгъта, стæй йæ арцæй барæхуыста. Карды цæфæй къæдзæх афасти, арцы рæхуыстæй та дзы лæгæт баззад. Уыдон абон дæр бæрæгæй зы- нынц уыцы къæдзæхыл. 56
Уасгергий карди цæф æмæ мудзурай рæтъунзт Вариант Хонхи изæд Уасгергийæн къæдзæхи цъаси адтæй цæнхистонæ. Уоми æ цæнхæн гъæуайгæстæ ниввардта. Еци рæстæги цæнхæ кадавар уидæ. Еу кæми адтæй, уоми бабæй Уасгерги ранæхстæр æй æ бæхбæл балци æ идард хæтæнтæмæ. Уой базонгæй, будури изæд Никкола1, Уасгергимæ фудæнхæ уогæй, куй фестадæй æма куйи хузи багъузтæй цæнхистонæмæ, уотемæй цæнхæ радавта. Уалдæнги, Уасгерги ку ’рхъæрттæй æ балци фæндагæй, уæдта кæсуй, æма цæнхæ уоми нæбал æй. Гъæуайгæстæмæ фездахтæй æма сæбæл фæгъгъæр кодта: ~ Ци ма косетæ, цæнхæ ами кунæбал æй! Гъæуайгæстæ ниддес æнцæ, гæр æдта ци фæцайдæ, зæгъгæ. Уасгерги бабæй сæ фæрсуй: ~ Ами к’ адтæй? — Неке си адтæй, æрмæстдæр си еу куй рауайгæ фæууидтан. Уасгерги гъудцаг уайтæкки ралæдæрдтæй: - Е æдта еци цъумур Никкола адтæй, куййи хузи æндæр неке æрбацудайдæ. Ами æй ку ’рбаййафтайнæ, уæд æй мæнæ аци кардæй мæнæ уотæ ниррæуигътайнæ, — Уасгерги æ кард фелваста æма хонх дууæ ’мбеси рафаста. Уæдта æ мудзура дæр фелваста ’ма, мæнатæ ’й рарæтъунзтайнæ, зæгьгæ, хонх барæхус- та. Абони дæр ма Уасгергийæн æ карди лух æма мудзурай ра- тъунзт бæрæг æнцæ Задæлески цори хонхи цæгатварсбæл. Тæтæртуппи тауæрæхъ Ногьай æма Хъалмухъ кæд дууæ æнсувæри адтæнцæ, уæддæр се ’хсарæ адтæй Тæтæри Ахсахъ-Темури æфсæдтæ. Еу заман ку æркодта, уæд æртемæн дæр сæ хъауритæ сæттун баидæдтæ. Кæ- сæг, дигорæ ’ма ирæ нæбал фæразтонцæ Ногъайæй... Еу бон ку адтæй, уæд сæбæл Æргиунгæгмæ2 æрæмбурд æнцæ кæсæг, ди- горæ, ирæ ’ма цæцæн æма ногъай æмæ тæтæри бунцагъд никкод- тонцæ Дзулати мæсуги рази æма сæ Æргиунгæгæй фæссурдтонцæ. Тæтæри Хуцау уотæ фæттæрсун кодта, æма бустæги сæхе рай- стонцæ ардигæй. Уæдæй ардæмæ еци бунат хуннуй «Тæтæртупп», — е ба æй — тæтæрæн сæ тъупп кæми фæццудæй, еци рауæн, ома тæтæр кæми бабун æнцæ. Æгас адæмтæн ковæндони бунат иссæй уæдæй ардæмæ Тæ- тæртупп, дауæ стур гъудцаги туххæй кæбæл уидæ цит, уомæн адæм стæрхон кæнионцæ Тæтæртуппæй ард хуæрун. Ходаистæй æма бæгъæнвадæй фæццæуионцæ ковæндонмæ. Ард ка бахуæ- 57
ридæ, ой æгас мæйæ адæм сæхемæ нæ уагътонцæ ка ’й зонуй, кæд мæнг ард бахуардта, уæд мах дæр басодздзæнæй, зæгъгæ. Уой бæрцæбæл тухуаст адтæй еци ард. Тæтæртуппæй гири- зæй мæнгæ соми кæнæн н’ адтæй. Хетæджы къох Раджы, тынг раджы, адæм пысылмон дин куы райстой, уыцы рæстæджы ацы къохы бынаты уыди стыр хъæу. Цард дзы æхсыст цæджджинагау. Бæстæ мæгуыр кæм уыд, уым кæрон нæ уыд ацы хъæуæн та йæ фарн, йæ амондæн. Фæлæ хъæуы фарн нæ уыд йæ исбонæй. Ам цард фæрныг æмæ кадджын лæг, йæ ном — Хетæг. Куырыхон уыд уый. Зыдта, цы уыд, цы ис æмæ цы уыдзæн, уыдон иууылдæр, зыдта сын сæ равзæрд æмæ сæ кæрон. Уый хъуыста стъалыты ныхас æмæ сын æмбæрста се ’взаг. Бирæ фæ- хæцыд хæйрæджытимæ, бадомдта сæ, уыдон лидзæг фесты йæ хъæуæй, æрмæст ма дардæй кодтой мæстæймарæн митæ. Ахæм сыгъдæг лæджы фæрцы хъæу цард фæрныгæй, разы уыд йæ амон- дæй. Фæлæ цард тæбæгъы донау у. Хъысмæтæй ирвæзæн нæй, æмæ йæ азар баййæфта ацы хъæуы дæр. Цыдысты азтæ. Азтæ куыд цыдысты, афтæ зæронд кодта Хе- тæг дæр. Басаст йæ хъару, цæстæй фæцух, æмæ йæ бон нал уыд дæлимонтимæ хæцын. Раст уыцы заманмæ бахъавыд Джехене- мы1 бардуаг, уый ацы хъæумæ сарæзта знæггы тыхтæ. Æрбабыр- сы тыхджын æфсад, æрбаввахс и хъæумæ. Хъæуы адæм ныууагь- той сæ фæрныг къонатæ, лидзынц Уæлладжыры коммæ. Фæлæ сæ рох нæу сæ хæрзгæнæг куырыхон зæронд лæг. — Хетæг, — хъæр æм кæнынц адæм, — лидзгæ кæн хъæдмæ, науæд сæфыс! Хетæг рацыд хæдзарæй æмæ дзуры йæ зæронд хъæлæсæй: — Мæ тых басасти, нымад сты мæ царды бонтæ. Хетæг хъæдмæ нал фæразы, фæлæ хъæд — Хетæгмæ! Æрцыд йæ дзырд. Хъæд ныннæрыд, Уæлладжыры рагъыл хъæдæй сыстад иу гæбаз, рацыд мигъы стыгау æмæ æртыхсти Хетæгыл. Уыцы хъæд ныр абон дæр лæууы хъæуы бынаты, æмæ йæ адæм хонынц Хетæджы къох. Фæцбадæн Раджы, кæд, уый Хуыцау зоны, Стыр-Дыгурмæ фæцæйцыд емынæ. Уыцы афон Хаймантæй иу лæг, йæ ном Джими, æрцæй- цыд хъæдбынты, æмæ емынæ йæ размæ фæци, адæймаджы хуыз райста, афтæмæй. Джими йæ базыдта æмæ йæ фæрсы, кæдæм 58
цæуы, уымæй. Уый йын дзуапп радта, Хайманты Джимийы хæ- дзармæ цæуын, загъгæ. Уæд файнæрдæм ацыдысты, фæлæ Джими æндæр фæндагыл сæхимæ фездæхт, дуарттæ фидар сæхгæдта, фæрсæгты хуынчъы- ты къæрмæджытæ фæтъыста æмæ бафæдзæхста бинонты, макæй æрбауадзут, зæгъгæ. Хæдзары уыд уайсадæг чындз. Уый хабар нæ фехъуыста. Уалынмæ емынæ дуар бахоста. Чындз искæй бафæрсын нæ ба- уæндьщ æмæ дуар бакодта. Емынæ бацыд хæдзармæ, комы тæф фестад æмæ бинонтыл низ бафтыдта. Уæд Джими уынгмæ разгъордта æмæ хъæр кæны, мæ хæдзары емынæ фæзынд, зæгъгæ. Адæм уый куы фехъуыстой, уæд хъæууынггæм ракалдысты, фæлæ нæ зонынц, сæхи цы дзуарыл бафæдзæхсой, — Уастырджийыл æви Идауæгыл, - уый. Уæд Къуыргъостæй (Куругастæй) иу Байтемы- рыхъо хуынд, æмæ уый сфæнд кодта иу хъуыддаг бавзарын. Райста фат æмæ æрдын æмæ загъта: «Æз фехсдзынæн ацы фат, æмæ кæд Идауæгмæ фæтæха, уæд уый уыдзæн нæ ирвæзьшгæнæг, кæд æмæ Уастырджимæ фæтæха, уæд та ууыл фæдзæхсæм нæхи». Фат фехста, æмæ сæмбæлд Идауæгы чырыныл. Уæд адæм уыцы дзуармæ ныххæррæтт ластой æмæ уым æрæнцадысты. Емынæ сæм уырдæм хæстæг нæ цыди, дзуар æй нæ уагъта. Уæд- иу емынæ йæхи æврагъ фестын кодта, фæлæ-иу æй Идауæг ныд- дымта. Уæд емынæ фестад судзгæ цырæгьты баст æмæ сыл фал- лаг хохæй тулгæ-тулгæ йæхи рауагъта. Идауæг ыл фат суагъта æмæ йæ æртæ дихы фæхауын кодта. Йæ иу хай атылд Билагмæ æмæ æрмынæг, иннæ атылд скæсæнырдæм, Асинтæм, æмæ уым фæнык фестад, æртыккаг фæзгъæр йæ бынаты баззад, æмæ йæ Идауæгы чырыны сæвæрдтой, æрæджы дæр ма уым уыди. Хъæу емынæйæ кæй фервæзтысты, уый номыл скодтой бæ- рæгбон Фæцбадæн (фат бадæн) æмæ йын абон дæр куывд кæ- нынц. Чи у кадджындæр ирон адæмæн сæ дзуæрттæй? Иу хатт куы уыди, уæд балцы фæцæуынц дзуæрттæ: Хуы- цауы-дзуар1, Уастырджи, Тбау-Уацилла2, Аларды3 æмæ Хор- Уацилла4. Уыди фæззæг. Иу ран сыл æризæр. Бæхæй, дзуарæй бафæлмæцыдысты, æхсæвæрыл уыди сæ сагъæс. Уæд кæсынц, æмæ иу фæзы фыййау хизы стыр фосы дзуг. Дзуæрттæ сфæнд кодтой æхсæвæрæн уымæй иу уæрыкк ракурын. Бæхтæй æрфис- тæг сты, арт скодтой, стæй фыййаумæ курæг арвыстой Хуы- цауы-дзуары. Уый бацыд фыййаумæ æмæ йæм дзуры: — Дæ фос — бирæ, хорз фыййау. 59
— Арфæгонд у, - дзуапп ын радта фыййау. ~ Бæлццон адæм стæм, дард фæндагыл цæуæм, фæндаггагæй немæ ницы ис, æмæ дæ иу уæрыкк курæг дæн. — Уæрыкк раттын æмбисонд нæу, - загьта фыййау, - фæлæ хъуыддаг афтæ у: мæ фыд, ме ’фсымæртæ алы фæндаггонæн дæр лæвæрдтой фыр, фæлæ сын бузныг ничи загъта. Æз дын уæрыкк ратдзынæн, фæлæ мын ды хъуамæ зæгъай, чи дæ, уый. — Æз дæн Хуыцауы-дзуар, — загьта æмæ ныссомы кодта, цæ- мæй йыл фыййау баууæнда. — Хорз, æууæндын дæ ныхасыл, — загъта йын фыййау. — Мæгуыр лæгæн хорз ракæнын удыбæстæ у, фæлæ Хуыцауы-дзуа- рæн æз ницы ратдзынæн. — Ау, цæмæн афтæ? — бадис кодта Хуыцауы-дзуар. — Цæмæн куы зæгъай, уæд ды раст нæ тæрхон кæныс, æмæ уымæн: хъæздгуытæн фарсласæн кæныс, æмæ уыдонæн сæ мул- кыл мулк æфты, мæгуыртыл та мæгуыры уаргъ æвæрыс. Нæ, ды адæмæн æмхуызон нæ дæ. Уымæ гæсгæ мæнмæ дæуæн кусæрттаг нæй, фæлæ дæ фæндаг дар. Раздæхт Хуыцауы-дзуар уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй. Дзу- æрттæ йæм æнхъæлмæ кæсынц нард кусæрттагмæ. Артыл аг сæ- вæрдтой, сæ кæрдтæ сдаудтой. Хуыцауы-дзуары афтидармæй куы федтой, уæд æй фæрсынц: — Æмæ дæ фыр кæм и? — Фыр дзуджы хизы, — зæгъы сын Хуыцауы-дзуар. — Æмæ йæ цæуылнæ рахастай? — Фыййау æй нæ радта. — Уый дын диссаг, гъе! - сдзырдтой дзуæрттæ. — Ау, иу уæрыкк нын йæ цæст куыннæ бауарзта? Уый, цы нæ ’рцыд, ахæм хъуыддаг у! — Ацæут, уæхæдæг бафæлварут, — загъта Хуыцауы-дзуар æмæ йæхи арты фарсмæ æруагъта. Уæд йæхи фæрæвдз кодта Аларды. — Уæдæ-ма фæкæсут, — загъта уый, — æз ацы сахат иу нæ, фæлæ дыууæ фысы ам балæууын кæндзынæн. Балæууыд фыййауы уæлхъус, арфæ йын ракодта æмæ дзы куры иу далыс. — Чи дæ, дæхи мын бацамон, — фæрсы йæ фыййау. Аларды йæхи бацамоны. — Уæдæ кæд Аларды дæ, уæд мæнæй хорз нæ фендзынæ, фæлæ дæ фæндаджы кой кæн,- дзуапп ын радта фыййау. — Цæмæн афтæ зæгъыс? — фæрсы йæ Аларды. — Уымæн æмæ раст нæ дæ, - зæгъы йын фыййау. — Мæгуыр лæгыл низтæ бафтауыс, йæ иунæг хъæбулы йын мæрдтæм барви- тыс, бонджын та æнæмаст у, йæ бирæ цот — æнæниз æмæ сæрæ- гас... Дæ фæндаг дар, ницы дын ратдзынæн. 60
Æрбаздæхт Аларды йе ’мбæлццон дзуæрттæм æмæ сæм дзуры: - Фыййауы не ссардтон, кæдæмдæр афардæг. Æз бастадтæн, сымахæй йæ исчи бацагурæд. Хуыцауы-дзуар бамбæрста хъуыддаг, бахудт, фæлæ зæгъгæ ницы кодта. Уæд адгур араст Тбау-Уацилла, фæлæ уый дæр æрыздæхт аф- тидæй. Фыййау ын загъта: - Ды раст нæ дæ. Мæгуырты хуымтыл их рауадзыс, æмæ адæм сыдæй мæлынмæ æрцæуынц. Бонджынты зæхмæ та их æмгæ- рон нæ уадзыс. Раздæхт, уæдæ цы уыдаид. Арты фарсмæ æрхуыссыд, ныхас дзы нæ хауы. Цы бамбарын хъуыд йе ’мбæлттæн: иугæр афти- дармæй æрцыд, уæд ыл фыййау иттæг нæ баузæлыд. Ацы хатт цæуын бахъуыд Хор-Уациллайы. Балæууыд фыййауы раз, арфæ йын ракодта, стæй схæцыд ныхасыл — йæ фос ын стауы. ~ Чи дæ, уый мын зæгъ, - айста йын фыййау йæ ныхас, — цы дæ хъæуы, уый мæхæдæг зонын. Хор-Уацилла йын йæхи бацамыдта. - Дæхи айс уæдæ ардыгæй, науæд дæ хъуыдцаг хорз нæ уы- дзæн, — зæгъы йын фыййау. ~ Цæмæн афтæ зæгъыс? - фæрсы йæ Хор-Уацилла. — Æвзæ- рæй дын куы ницы ракодтон. - Уæдæ мæм байхъус. Дæумæ нæй рæстытæ. Мæгуыр лæг афæдзæй афæдзмæ кусы йæ хуымы гæппæлы, удхарæй мары йæхи дæр, йæ кусæг фосы дæр. Æнхъæлмæ кæсы йæ хорæрцыдмæ. Фæззæг ралæууы. Кæсы, æмæ йæ хуымы - хор нæ, фæлæ цъæ- мæлгæрдæг. Бонджын æнæ уый дæр йæ бон калы, йæ хуыммæ нæ зилы, уæддæр йæ хорæн бафснайæн нал вæййы. Зæгъ-ма уæдæ, уый дæм куыд раст кæсы, и? Цы загътаид Хор-Уацилла? Йæ сæр æфснайынмæ фæци. Арты фарсмæ балæууыд æмæ дзуры: - Уый фыййау нæу, фæлæ цыдæр абырæг! Тыхтæ-амæлттæй дзы раирвæзтæн. Куыд кæсын, афтæмæй нын æххормагæй хуыс- гæ æрцæудзæн, кæд ма Уастырджийы къухы ницы бафта, уæд. Уæд иннæ дзуæрттæ дзурынц Уастырджимæ: - Фæцу, балæгъстæ кæн уыцы чъынды фыййауæн, кæд нын раттид, уæд та, майдыма, иу мæллæг далыс. Уастырджи бацыд фыййаумæ, арфæ йын ракодта æмæ загъта: - Хатыр бакæн, хорз лæг, уыныс, цы хуызы дæм æрбацыд- тæн, уый — мæ дарæс цъыфæйдзаг æмæ скъуыдтæ. Фæндагыл иу лæгæн йæ уæрдоны цалх асаст. Æз æм фæкастæн цалх аразынмæ, ацы уавæры уымæн дæн. - Æз дæ базыдтон, — загъта фыййау, — ды дæ сыгъдæг Уас- тырджи, мæгуырты хъахъхъæнæг, табу дæхицæн. 61
— Бæлвырд, æз дæн Уастырджи. Ме ’мбæлттимæ стæм фæн- дагыл. Дæ хорзæхæй, стонгæй нæ ма ныууадз, иу уæрыкк нын ма бавгъау кæн. — Иу уæрыкк цы у? Ацы фос иууылдæр дæу фæуæнт! - загьта фыййау. ~ Мæгуыр адæм дæ фæрцы цæрынц. Хуыцауы раз ды дæ нæ хæрзгæнæг. Мæгуыр æмæ æфхæрд дæумæ кувынц, ды сын дæ рæстаудæг. Фыййау табутæ кæны Уастырджийæн. Уæдмæ уый æд кусæр- ттаг æрбахæццæ иннæ бæлццæттæм. — Диссаг у ацы хъуыддаг! — загътой дзуæрттæ. - Фыййау æрмæст дæуæн скодта аргъ, мах та тæргæ фæкодта йæ фыдыз- нæгтау. Бæлвырд у ныр: адæм дзуæрттæй фылдæр аргъ кæмæн кæнынц, уый ды дæ, сыгьдæг Уастырджи. Мудибиндзитæ куд рантæстæнцæ Дигори Биндзитæн сæ райгурæн Капкай1 æй, Дигорæмæ ба æрбафту- дæнцæ Кæсæгæй. Капкайи рахезæрдæгæй ес хонх, Ахмæти хонх. Еци хонхи цори раги цардæй еу Хуцауи уарзон пахомпар. Еу хатт ку адтæй, уæд ибæл Хуцауи зæрдæ фæххудтæй æма ймæ рарвиста уорс золкъитæ, æма ин етæ æ бауæр бахуардтонцæ. Кæд хъæбæр хъиамæт кодта, уæддæр Хуцауæй гъаст нæ кодта; фал ка рахауидæ, уой дæр æ къохæй исесидæ æма бабæй æй банихасидæ æ бауæрбæл. Уой ку фæууидта Хуцау, уæд æй бафарста: — Цæмæн сæ нихаси бабæй фæстæмæ? Пахомпар ин загъта: — Хуцау, ду мæ сфæлдистай, дæ бæрагæ дæн, æма ци дæ фæндуй, уой мин кæнæ. Уой ку фæгъуста Хуцау, уæд ин æртæрегьæд кодта æма загъта золкъитæн: — Цæй, базургин исотæ æма тæхетæ, лæгæн хъиамæти бæсти агъаз куд кæнайтæ, уотæ. ’Ма æцæгæй уой фæсте кæлмитæбæл базуртæ æрзадæй æма Ахмæти хонхмæ фæттахтæнцæ. Еу сæрдæ еци хонхи цори рафецауæн кодта еу сирдмар; фæк- кастæй хонхмæ æма уинуй: цидæр биндзитæ хонхи цъасæй ра- тæхæ-батæхæ кæнунцæ. «Дессаг, циуавæр æнцæ етæ?» — загъта сирдмар, хæстæгдæрæй фæууинун æй бæргæ фæндадтæй, фал бæрзонд адтæнцæ, æма ин гæнæн ку н’ адтæй, уæд æрбахудта еу кадгин лæг, æма сæ дуййемæй гъæуай кæнун байдæдтонцæ æгас дууæ мæйи. Нанæуадæр, с’ арми ку неци бафтудæй, уæдта скод- тонцæ даргъ асинæ ’ма уотемæй схизтæнцæ биндзитæмæ. Ку ник- кастæнцæ, уæд, дин, ниууидтонцæ муди гъостæ ’ма фæллæбурд- тонцæ фæйнæ гъосемæ, не ’нгъæл уогæй уой, ’ма син биндзитæ ести кæндзæнæнцæ; фал сæ биндзитæ цæфтæ кæнун ку байдæд- 62
тонцæ, уæд етæ фæггæлстонцæ сæ муди гъостæ ’ма, кæбæлти æргæп- питæ кодтонцæ, уой дæр нæбал базудгонцæ. Зæнхи ба ку ’рхиз- тæнцæ, уæд æркастæнцæ сæ къохтæмæ ’ма нингæн æнцæ мудæй. Къохтæ ку растардтонцæ, уæд сæмæ уотæ адгин фæккастæй, ’ма дуйне ниддес æнцæ. Бæргæ ма сæ фæндадтæй схезун, фал нæбал бандиудтонцæ биндзитæй ’ма рандæ ’нцæ, кæрæдземæн ниссо- мигæнгæй, куд некæмæн зæгьдзæнæнцæ, ци ссирдтонцæ, уой. Зумæг фæевгьудæй, ’ма уалдзæг ку æрцудæй, уæд сирдмартæ фиц- цаг анзæй дзæвгарæ æрæгæмæдæр æрцудæнцæ бабæй еци хонхи цормæ. Еци хатг цьасæ тъунсгæ идзаг сцæй. Уæлæмæ дæр ма кастæнцæ муди гьостæмæ, ’ма хори тæвдæй и муд к’ адгæй, ейæ зæнхæмæ тагвдæй. Уой ку фæууидтонцæ сирдмартæ, уæд нæуæгæй бабæй схезун фæндæ скодтонцæ æма, уанæуа, уæддæр сæ куд æресонцæ, уотæ. Фиццаг æристигьтонцæ балий цьарæ æма дзи сæмбу скодюнцæ. Уой фæсте ба сæ сæртæ æрбатухтонцæ басулухътæй æма сæ сæмбуйи хæццæ схиз- тæнцæ мудибиндзитæмæ, æр сæ ’мбурд кодтонцæ сæмбумæ, се ’лдар сæ хæццæ (æнæ се ’лдар фæллигьдайонцæ), æма сæ æрхастонцæ гъæу- мæ; ему минкъий син муд дæр раистонцæ сæ хæццæ. Гъæуи ба сæ исæрст бæтманмæ никъкъуæрдгонцæ. Бæтмани биндзитæ сæхецæн ралæсæн цьасæ скодтонцæ ’ма, цит, косæг биндзитæ уордæгæй еу сахат ратæхионцæ сæхецæн зумæгмæ муд æмбурд кæнунмæ, фал æнхæст æвдесæн ба нæ кодтонцæ сæ нæуæг хæдзарæбæл. Уалдзæг ку ’рцудæй, уæд и бæтман рацудæй, ’ма нæуæг цуди дæр хецæн бæтмани никъкъуæрдтонцæ; уотемæй бадууæ ’нцæ. Фиц- цаг бæтмæнттæ, дан, етæ адтæнцæ, зæгъгæ, зæгъунцæ муддартæ. Уæдæй ардæмæ дигорон лæг цитгин кæнуй мудибиндзити ’ма ковуй сæ фæлвæра Аниголæн. Анигол ка æй, уой бæлвурдæй неке зонуй. Еуæй-еуетæ зæгъунцæ уæларвон хуæрзгæнæг, дан, æй; ка бабæй — Анигол - фиццаг сæ ци сирдмар иссирдта, е, дан, æй; ес уæхæнттæ, уотæ ка зæгъуй, Анигол, дан, адтæй, базургин зол- къитæ ке рагъæй фæттахтæнцæ, еци пахомпар. Ка фæндуй уæд, фал муддартæ ин æ зардихудтæй хъæбæр тæрсунцæ ’ма алли анз, мудтæ будурмæ ку фæлласунцæ, уæд ин кувд кæнунцæ. Аци тауæрæхъ æнæ мæнгæ ке ’й, уобæл зæронд муддартæ соми кæнунцæ ’ма Дигори муддарæн ходуйнаг дæр æй уой нæ зонун; фал аци дзубандиæй æндæр ба дигорон лæг биндзити туххæй неци зонуй, кæд сæ хуæздæр хæдзардар фонс æнцæ, уæддæр. Тхосты дзуары сæфт Куыд дзурынц, афтæмæй Тхост фæдисы цæуаг уыди. Фæди- сы хъæр фæцыд, зæгьгæ, уæд ын æнæ рацæугæ нæ уыд. Иу хатт куы уыд, уæд дын Уыналы сæрмæ Хъæздоны дыууæ лæппуйы фос хизынц. 63
— Дзурынц, Тхост, дам, фæдисы хъæрмæ рацæуы. Цымæ уый æцæг у? — фæрсы иу лæппу иннæйы. — Æцæг у, уæдæ цы у. Ау, уый нæма зоныс? — зæгьы йын дыккаг лæппу. — Мæн фæнды йæ фенын, — зæгъы та фыццаг лæппу. — Куыд æй фендзынæ, уый йæхи дæумæ нæ равдисдзæн, - дзуры йæм дыккаг лæппу. — Цыфæнды уа, уæдцæр æй хъуамæ фенон! — зæгъы та фыццаг. — Цы хуызы йæ фендзынæ, кæд уымæн гæнæн нæй, уæд? — Куыд нæ йын ис гæнæн? Фæдисы хъæрмæ рацæуы, нæ дзурынц? Гъемæ æз дæр ныртæккæ «фæдис!» ныхъхъæр кæндзы- нæн, æмæ кæд раст дзурынц, уæд ам балæудзæн. Куыд загъта, афтæ бакодта. Æртæ хатты йæ хъæлæсыдзаг ныхъ- хъæр кодта: «Фæдис!» Уайтагъд сæ размæ цъæх бæхыл æрбаскъæрдта иу барæг — йæ сæр æрдæгдаст, йæ уæлæ урс пæлæз. — Гъей, лæппу, фæдисон кæдæм агурынц? — фæрсы барæг. Лæппу бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Кæдæм дæ фæнды, уырдæм! Мæн дæ фенын фæндыд, æмæ уымæн ныхъхъæр кодтон «фæдис». — А-гъа, уæдæ мæ сæр хъазинаг фæци? — загъта Тхост. — Абонæй фæстæмæ мæнæн æргом рацæуæн нал ис, ды та, лæппу, дæ фосимæ цавдцуртæ фестут! Афтæ загьта Тхост, æмæ йæ уæдæй фæстæмæ ничиуал федта — нал цыд фæдисы. Лæппу æд дзуг цавдцур фестад. Уыцы хуызæ- нæй лæууынц ныр дæр ма Хъæздоны. Тхосты цæрæнуат дæр дур фестад: къæдзæхмæ куы скæсай, уæд дзы зыны дурын хæдзары хуызæн. Ныр дæр ма бæрæг дарынц йæ дуары дур тарвæзтæ. Ног дзуар Иу изæр Ныхасы иу зæронд лæг Базыры фæрсын: — Дæ хорзæхæй, Ног дзуарæн кæдæй нырмæ, стæй цæй тых- хæй кувынц, уый ма мын бамбарын кæн. — Табуафси, — загъта Базыр. — Æцæг ын кæдæй нырмæ ку- вынц, уый æз нæ хъуыды кæнын, фæлæ йæ хистæртæй куыд хъуыстон, афтæ уын æй радзурдзынæн. Хъæнийы1 гæмæхты хызти галты рæгьау. Æваст тæрккъæвда ра- цыд, æмæ рæгьауы арв ныццавта. Галтæй иу арвы цæфæй Мыхыбы- рынкъмæ фæхаудта, иннæ гал та фесхъиудта стыр бæласы сæрмæ. Уæдæй фæстæмæ, арв кæм ньпщавта, уым ис Ног дзуары кувæндон. Ног дзуарæн кувын райдыдтой æмæ йын снысан кодтой дзу- ары лæг Пухаты мыггагæй. Уыцы заманы æрцыд ног диссаг. Дзу- ары лæг иу хатт кæсы, æмæ йæм рацæуы Ног дзуар сагыл бад- 64
гæйæ. Йæ рахиз къухы уыди ехс, ехсыл мырмырæгтæ, æмæ-иу дзы саджы куы ’рцавта, уæд-иу арв ныннæрыди. Æрбацыд дзуа- ры лæгмæ æмæ йын загьта: — Цæугæ, Хъæнийæн зæгъ, нывонд мын æрхæссæнт æмæ мын æрвылаз дæр ацы бон кæнæнт бæрæгбон. Кугатæн та фехъусын кæн, рæхджы, зæгъ, уе сæфт æрцæудзæн. Афæдз дæр нæма рацыд, афтæ Кугатæ, æцæгдæр, аскъуыдыс- ты, цъиуызмæлæг сæ нал баззад, афтæ сæм фæхъызыд Ног дзуар. Куырысдзаутæ1 Афæдз иу хатт иу ранмæ æрæмбырд вæййынц куырысдзаутæ. Уыцы хъуыддаг арæхдæр вæййы Ног боны. Кæм æрæмбырд вæй- йынц, уый хуымæтæг адæмæй ничи зоны. Куырысдзаутæ сæхæ- дæг дæр хуымæтæг адæймæгтæ не сты, фæлæ дæснытæ. Куыд дзурынц, афтæмæй уыдон сæ балцы размæ тарф фынæй бавæй- йынц, стæй сæ удтæ сæ буарæй ахицæн вæййынц æмæ куырыс- дзау ацæуынц. Фынæйы размæ куырысдзау кæд лæг у, уæд йæ усы бафæдзæхсы, кæд ус у, уæд та йæ лæджы, цæмæй йæ мачи райхъал кæна, цалынмæ йæхæдæг сыхъал уа, уæдмæ. Уыцы фæ- дзæхст нæ сæххæст кодтой, зæгъгæ, уæд æваст æрбамæлдзæн. Куы- рысдзаутæй чи уисойыл абады, чи бандоныл, чи гæдыйыл, чи куыдзыл, чи фæхтыл, стæм хатт бæхыл дæр æмæ тындзынц ны- сангонд бынатмæ. Ардыгæй, сæ разæй хохы зæдтæ æмæ дзуæрттæ, афтæмæй араст вæййынц Тæтæртуппы ныхмæ. Тæтæртупп у куыд Иры, афтæ Кæсæджы дзуар дæр, фæлæ æрсласæн кæны кæсæ- гæн, уымæ гæсгæ йын стыр тох рауайы нæ хохы зæдтимæ. Æрцæуынц, Тæтæртуппы сæрмæ цы рагъ ис, уырдæм, Ир æмæ Кæсæджы арæнмæ. Уым Иры зæдтæ æмæ куырысдзаутæ хъуамæ байсой хоры нæмгуытæ. Бацæуынц карз тохы. Хæцынц, дам, фат æмæ æрдынæй. Бирæ фæхæцынц, стæй, чи фæуæлахиз вæййы, уыдон раскъæфынц хоры куырис, æрызгъалынц дзы хоры нæ- мгуытæ æмæ сæ ракалынц сæхи бæстæйырдæм. Уыцы хъуыддаг нысан кæны, знæгтæй хоры амонд кæй байстой æмæ Ног азы сæ зæххыл хорз тыллæг кæй уыдзæн, уый. Уыцы хæсты фæстæ фæцæуынц фæйнæрдæм, сæ хæдзæрт- тæм. Бирæ дзы фæвæййы уæззау цæфтæ, фæлæ сын сæ хъæд- гæмттæ хуымæтæг лæг нæ фендзæн, уынынц сæ æрмæст куырыс- дзаутæ сæхæдæг. Дзуæртты хæсты чи уыд, уыдон æрæджиау рай- хъал вæййынц сæ тарф фынæйæ æмæ бинонтæн, стæй хъæубæс- тæн дæр радзурынц фидæны хорæрзады тыххæй. Ацы хабæрттæ мын чи ракодта, уый мын загъта: - Æз мæхæдæг зыдтон иу куырысдзауы, адæм дæр мын æй амыдтой. Йæ ном хуынди Цæра, цард фæсхохы, Дзомагъы2, ныр 5 Ирон таурæгътæ 65
дæр ма, æнхъæлдæн, æгас у. Иу ахæм балцы уыд йæ бæхыл, — бæхтæ дæр вæййынц ахæм балуы, уæдæ куыд вæййы. Куырысмæ цæуыны размæ-иу бафынæй. Йæ ус ын йæ хабар зыдта æмæ йæ нæ хъыгдардта, цалынмæ-иу йæхæдæг райхъал, уæдмæ. Иу ахæ- мы та сфæнд кодта куырысмæ цæуын. Фынæй кæны, фынæй, æмæ иу афон фынæйæ фæхъæр ласта: «Гъей, мæ бæх, баййаф æй, баййаф æй!» Уыцы афон скъæты йæ бæх ныууасыд. Бæхы уасынæй уыд æви йæ афон æрхæццæ, уый Хуыцау зоны, фæлæ лæг райхъал. Йæ сынтæджы рабадт, бахудт æмæ афтæ зæгъы: «Табу Хуыцауæн, фæуæлахиз стæм. Ныфс уæ уæд, хор тугыл ас- къуыйдзæн». Уый фæстæ йæ лæппуйы арвыста скъæтмæ, бæхы абæрæг кæн, зæгъгæ. Лæппу æрбаздæхт æмæ загъта: бæх, дам, тынг схид, цыма стыр дугъы фæци, афтæ. Иннæ бинонтæ дæр федтой бæхы, — æмæ куыд æнхъæл дæ? — цыма йæ найгæ нык- кодтой, раст афтæ хуылыдз уыд хидæй. Атайты къодах Раджы заманы Атайтæй иу лæг ацыд хъæдмæ суг ласынмæ. Иу бæласы раз æрлæууыд æмæ йæ гъеныр фæрæтæй ныццæва, зæгъгæ, афтæ кæцæйдæр хъæр фæцыди: «Ма ныццæв!» Лæг дык- каг бæлас акалынмæ хъавыд, фæлæ та йæ уыцы хъæр баурæдта. Уæд æртыккаг бæласыл фæрæт æруагъта, æмæ нæзы бæласы фæ- рæтдзæфæй рахъардта æхсыр æмæ туг. - Уæдæ ай бæркады хос у, - загьта Атайы-фырт, - бæласæй стыр къодах ралыг кодта æмæ йæ сæхимæ раласта. Цæуы фæнда- гыл, æмæ йæм чидæр дзуры: - Хъахъхъæн уыцы къодахы! Къодах бафснайдтой се скъæты, æмæ уæдæй фæстæмæ Атай- тыл цард хæцын байдыдта, схъæздыг сты. Уый у мыггаджы дзуар, æмæ йын алы аз дæр кæнынц кусарт æмæ кувинæгтæ. Атайтæм ма уыдис цыкурайы фæрдыг дæр æмæ уымæн дæр æрвылаз код- той куывд. Хъуды бардуаг Бæрзæфцæгæй1 куы акæсай, уæд дæм разындзæн Хъуды ком. Уым хæхты арф хъæбысы ис иу ирон хъæу: цалдæр хæдзары æрæн- цадысты Арагвийы был. Раджы, тынг раджы, хæхтæ æмæ Гуырдзыстоны уырысы къах куынæма æрлæууыд, уæд уыцы хъæуы цардысты мæгуыр бинонтæ. Мæгуыр уыдысты, фæлæ сыл æрцыд Хуыцауы хорзæх — рай- гуырд сын чызг. Æмбисонды рæсугъд сывæллон уыди Нинæ, 66
раст титыччы фæрдыг. Бæрæг уыд, куы байрæза, уæд уыдзæн бæсты фидауц, арвы рæсугьд. Хъæу æм кæсынæй не ’фсæстысты æмæ йæ буц кодтой алы æгъдауæй. Гыццыл чызг-иу уæлвæзмæ куы схызти дидинджыты фæдыл, уæд-иу ыл фæндаггонтæ сæ цæст æрæвæрдтой. Падцзахы фæдисон дæр йæ бæх фæурæдтаид æмæ чызгмæ исдуг кæсгæйæ баззадаид. Сæудæджертæ, чырæ лас- гæйæ, чызгæн лæвæрттæ кодтой æрттиваг бибитæ, хатгай та къа- байаг дæр хуызджын даритæй. Фæлæ-иу фæдисон уайтагъд йæ бæх фæцагайдта æмæ тындзыдта йæ нысанмæ, чырæ дæр кодта йæ фæндаджы кой, æмæ-иу уæд хъæугæрон змæлæг нал зынди. Фæлæ уыд, чызгæй йæ цæст чи нæ иста, авдæныккон ма куы уыд, уæд æй йæ зæрдæмæ чи айста, ахæм дæр. Уый уыд Хъуды бардуаг. Диссаг уæм ма фæкæсæд, тыхджын бардуаг мæгуыр чыз- джы кæй бауарзта, уый. Цы хуызы барæвдыдтаид зæронд зæххон рæсугьды, цæмæй йын балхæдгаид йæ зæрдæ? Чызг-иу рæгьтæм куы цыд, уæд-иу нарæг къахвæндаг йæ разы фестад лæгьз æмæ уæрæх фæндаг, къæдзæхтыл-иу февзæрд дур-асин, æмæ-иу чызг æнцонæй суад рындзы сæрмæ дæр. Нинæ-иу чызджытимæ дидинджытæ то- нынмæ куы ацыд, уæд-иу хуырджьш адаг йæ разы фестад дидинæг- дон. Цы фондз фысы сæм уыд, уыдонæй къæмбырæй иу дæр никуы ахауд, никуы сæм баирвæзт бирæгьы дзых. Иу ныхасæй, зæронд Хъуды бардуаг цы хæхтыл цыд, уым Нинæ уыд барджын æхсæн. Чызг куы райгуырд, уæдæй фæстæмæ Арагви фынддæс хатты раивылд митдонæй, фынддæс сыкъайы бафтыд Млеты2 рагон аргъуаны сыкъатыл3. Нинæ сси æмбисонды рæсугъд, ахæм рæ- сугъд нæма фендæуыд хæххон мæгуыр хæдзары нæ, фæлæ Кала- чы паддзахы галуаны дæр. Хъуды бардуаджы зæрдæ бонæй-бонмæ сыгъдис тынгдæр. Арæх-иу æй æрфæндыд, зæххон лæг куы фес- тид, уый. Сонт чызг та ницы æмбæрста бардуаджы хъуьщдагæн æмæ йын ницæмæ дардта йæ рæвдыд, йæ буц митæ. Бонтæ цы- дысты, æмæ чызг йæ цæстызулæй агурын байдыдта сæ сыхаг лæппу Соскъойы. Уый уыд саджы фисынтыл амад лæппу. Бæгуы- дæр, зæронд бардуаджы разæй уый æркæсын кодтаид йæхимæ æрыгон рæсугъды. Нымад лæппу уыд Соскъо хъæубæсты. Йæ тых, йæ арæхстыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Уый хуызæн рæст- дзæвин нæ уыди хъримагæй. Ничи йæ амбылдтаид хъазты кафы- нæй. Зæронд бардуагмæ уыдон нымады дæр нæ уыдысты. Куы базыдта, чызджы зæрдæ Соскъомæ æхсайы, лæппу дæр Нинæ- йыл æнувыд у, уый, уæд йæ маст æхсидын байдыдта. Уыди æрæгвæззæг. Хъуды бардуаг сфæнд кодта лæппуйы фе- сафын. Соскъо-иу дзæбидыры фæдыл куы бафтыд цуаны, уæд- иу æй басайдта сæрсæфæн рындзтæм, хæхты цъассытæм. Йæ фос- иу уæтæрмæ куы здæхта изæр, уæд-иу хæхты ныббадти мылазон мигъ, науæд-иу æваст сыстад сау тымыгь. Фæлæ сæрæн лæппу зæронд æндæуæгъы фыдбылызтæй ирвæзт йæ хъаруйы фæрцы. 67
Уалынмæ зымæг ралæууыд, хæххон хъызт зымæг. Адæм сæхи артдзæстмæ хæстæгдæр ласын байдыдтой. Нинæ æмæ Соскъо- йæн фадат фæци кæрæдзи арæхдæр уынынæн, æмæ-иу сæ фем- бæлд дæргъвæтин ахаста. Хъуды бардуагæн йæ цæст арæх нал хæцыд йæ уддæууæныл. Афтæмæй зæрондæн йæ бон нал уыд йæ маст уромын. Иу рай- сом тыхджын схъызыди. Хæхты тымыгъ сыстади. Хъуды бардуаг Нинæ æмæ Соскъойы хæдзæрттыл стыр зæй рауагьта. Уыцы заман чызг æмæ лæппу уыдысты иу ран. Хæдзар зæйы бъш фæци, фæлæ кæлгæ не ’ркодта. Цæуыл тыхстаиккой дыууæ цардбæллон уды! Æгайтма хибарæй баззадысты. Арт скодтой, йæ фарсмæ бадынц æмæ æнæмæтæй ныхас кæнынц, рæсугъд фæндтæ нывæндынц. Ра- цыд иу цасдæр рæстæг. Лæппу æмæ чызджы зæрдæтæ дзаг уыдыс- ты цин æмæ уарзондзинадæй, фæлæ сæ уалынмæ сæ афтид гуы- бынтæ схордтой. Къуымты разылдысты, ссардтой дыууæ луасийы æмæ цыхты къæртт æмæ уыдонæй рæстæгмæ се стонг басастой. Рацыд ма иу бон. Нал цæуы хъæлдзæг ныхас зæйы бын къæсы. Чызг æмæ лæппу стонгæй мæлынц, сар æмæ еу-додой кæнынц. Нал и уарзондзинады кой, сæ мæт сси кæрдзыны къæбæр. Рæстæг сыл ныддаргъ, афтæмæй рацыд ноджыдæр иу бон. Сæ ныфс асаст. Сæ тъæнгтæ сын фæхордæуы. Сæ цæстытæ баха- удтой, æрмæст ма æрттывтой стонг сырды цæстытау. Соскъо рафт-бафт байдыдта, æваст æрлæууыд, йæ цæстытæ Нинæйы ныццавта, стæй йыл йæхи баппæрста, йæ хъæбысы йæ æрбатых- та æмæ йын йæ уæхскмæ дæндагæй фæлæбурдта. Чызг ныцъцъæ- хахст кодта, йæ зонгуытыл æрхауд, — базыдта йæ Хуыцауы цæф. Уыцы сахат сæ хъустыл ауад адæмы хъæлæстæ. Сыхæгтæ æмды- хæй къахтой мит. Уалынмæ дуар æрбайгом. Чызг æмæ лæппу кæрæдзимæ бакастысты æнæуынон цæстæй, уый фæстæ ныттых- сынц сæ ирвæзынгæнджытыл. Хъуды зæронд бардуаг базыдта: Нинæ æмæ Соскъойы уарзт фыдæхæй раивта. Ныррызти фырцинæй, стæй афтæ ныххудт, æмæ къæдзæхтæ коммæ ралæбырдысты. ~ Афтæ худы, гъе, Хъуды бардуаг, - загъта мын таурæгъгæ- нæг, мæ фæндагамонæг, йæхæдæг мын амоны комы нарæджы стыр дурты рæдзæгъдмæ. Гуццаты Найфат1 Иу заманы ардæм кæсæг æрцыдысты æмæ Гуццатæй иу лæп- пуйы хъалон ахастой æмæ йæ Кæсæджы зæххыты фыййау скод- той. Гыццыл лæппу куыдта уыцы ран. Гъемæ йæм, зæгъы, уæд цæргæс æртахти æмæ йæм дзырдта лæджы дзыхæй: — Цæуыл кæуыс? 68
— Мæ уæрыччытæй иу фесæфт æмæ ууыл кæуын. — Уæхимæ дæ цæуын нæ фæнды, уæхимæ? — Æмæ уæд мæ уæрыччытæ та цы фæуыдзысты? ~ Дæ уæрыччытæн хицау уыдзæн, фæлæ ды ме ’ккой сбад, æмæ дæ æз уæхи бæстæм ахæссон. Цæргæс лæппуйы йе ’ккой сæвæрдта æмæ йæ уæлæ Гуццаты къæдзæхыл æрæвæрдта. Æмæ йæ уæд бафарста: — Ныр уæ хъæу кæм ис, уый нæ зоныс? — Уæлæ ахæм хъæдрæбын цардыстæм. Стæй уым цы мæсыг зыны, мах дæр ахæм мæсыджы раз цардыстæм. Стæй йын уæд фыс радта цæргæс лæппуйæн æмæ йын загъта: — Уæдæ уалæ уый уæ хъæу у, æмæ уырдæм цу. Ацы фысæн цы уæрыкк райгуыра, уымæй та мын алы аз дæр ацы афон ардæм куывды куыд цæуай, афтæ. Ууыл цæуы цыппарфондзыссæдз азы. Уæдæй нырмæ йын Гуццатæ кувынц, æмæ уыцы кувæндон хонынц Гуццаты Най- фат. Уациллайы рæстæджы йын фæкувынц. Уый вæййы июлы мæйы райдианы фыццаг къуырисæры. Зæрæмæджы чиныг Уæлладжыры комы мидæгау иу рæсугъд уæлвæзы лæууы Зæ- рæмæджы хъæу. Бæрзонд фæцыдысты ныр дæр йæ рагон мыгга- гон мæсгуытæ — фидæрттæ, сæ алыварс та батыгуыртæ сты чы- сыл хæдзæрттæ. Уыцы мæсгуытæй иу у Сикъоты мыггаджы. Иу хатт, бирæ æнусты размæ, Сикъоты ног чындз донмæ рацыди. Уыди ирд сæрдыгон райсом. Æвиппайды чындз ауыдта сыгъзæрин цъиу, бæрзонд тахти арвыл æмæ сыгьзæринау æрттыв- та хуры сæууон тынты. Ахæм æнахуыр диссаг фенгæйæ, чындз дзыхълæуд фæкодта. Цъиу ленкгæнæгау йæхи рауагъта æмæ йе уæхскыл æрбадт. Йæ къух систа чындз, цьиуы æрдауон, зæгъгæ, фæлæ базырты бæсты йæ къухты бафтыд чиныг. Райста йе уæх- скæй чиныг, сыгъзæринæй фыст чиныг, æмæ йæ бахаста сæ мæ- сыгмæ æмæ радзырдта йæ хабæрттæ. Чиныг бавæрдтой мæсы- джы æмæ йæ хъахъхъæдтой мыггаджы хæзнайау, мæсыг та сси уæдæй фæстæмæ дзуары бынат.
ДÆЛИМОНТЫ ТАУРÆГЪТÆ Сау барæг Сæнайæ1 Мынайы хохы2 астæу ис иу арф ком. Йæ сæрмæ æрттивынц хæхты цъитиджын сæртæ, йæ арфы размæ тындзы знæт Мынадон, йæ размæ цы зæйтæ æрцæуы, уыдон йæ хъæлæ- сы ахæссы æмæ нæргæ-уыраугæ бырсы йæ фæндагыл. Ам бæр- зæндтыл ис дзуарбадæнтæ, ам къуырфыты хæтынц мæрдты удтæ, æндæр цæуæг нæй тæссаг коммæ, æрмæст сæрæн цуанон æрбаф- ты ардæм дзæбидыры фæстæ. Мынайы хохмæ скæс, уæд диссаг у йæ конд — йæ сæрыл зыны егъау дурдзæджындз, уымæй ныллæгдæр йæ фæрстыл ны- хæстæй лæууынц æндæр цæджындзгæндтæ, дардмæ афтæ зынынц, цыма хæххон ирон хъæу миты бын фæци. Адаем дзурынц, зæгъгæ, уый æцæгдæр хъæу у, æрмæст мæрдты хъæу. Уым хæтынц мæрд- ты хауæггаг удтæ, ниуынц, сæ хъæрзынæй арауынц хæхтæ. Раджы, адæм ма фыдæлты диныл куы хæцыдысты, Чырыс- тийæн куы табу кодтой, уæд Тырсыйы комы цард зындгонд абы- рæг Лоло. Уый амардта йæ дыууæ æфсымæры, æмæ йæ Хуыцау ралгъыста. Иу хатт куы уыди, уæд Лоло йæхи бафæдзæхста Сау Барæгыл æмæ дыууæ фыдгæнæгимæ æрбахызт Мынайы цъитийыл — уыдон агуырдтой сæхицæн амæттаг. Сæ амæттаг фæци сæ размæ. Уый уыди рæсугъд ирон чызг Хорæ. Æнæмæт æмæ ныфсхастæй цыди чызг тæссаг къахвæндæгтыл йæ фыды сæрдыгон уæтæртæм. Комы уыди сабыр. Мигътæ цыдысты хæхты цьассыты, æмæ урс æврагъ фæйлыдта Мынайы сæрмæ. Лоло кæсы — хъахъхъæны алырдæм. Кæсы, æмæ сау айнæгыл лæууы Сау Барæг. Йæ бæх, сынты базырау, йæ хотыхтæ — сау, йæхæдæг — тар, æхсæвы æндæр- гау. Йæ къух размæ дары — амоны фыдбылызы абырæгæн йæ амæттаг. Лоло рацахста чызджы. Рахаста йæ. Æрхæццæ комы на- рæгмæ. Зæйтæ Мынадоныл лæууынц хидтæй, уыдон сты фæстаг 70
æмæ тæссаг цæлхдуртæ абырæджы фæндагыл. Уыцы афон мигътæ апырх сты, урс æврагь æрбайсæфт Мынайы цъуппæй, æмæ Лоло фыртæссæй фæци цавддурау. Хохы тæккæ сæр, æнусон цъити- йыл, сæрыстыр æмæ тызмæгæй лæууы иу барæг. Йæ цæсгом арт уадзы мастæй. Уый бады урс бæхыл, йæ хæстон дарæс урс тæмæн калы, йæ къухы — залиаг калм, рæхыстæй баст: дæлимон тыхтыл уæлахизы нысан. Лоло йæ базыдта — уый у Уастырджи. Йæ тæссæй фæстæмæ фæцудыдта Сау Барæг, расхъиудта рын- дзæй, æмæ æд бæх тулынц сæрсæфæнмæ. Бæстæ ныннæрыд, ныц- царыдта, зæхх нынкъуыст æмæ тымыгъау сыстад миты рыг. Ай- нæг рафæлдæхт æмæ йæ быны æрныгæдта фыдгæнджыты. Ком æрсабыр. Урс æврæгътæ раздæрау къуыбылæйттæ кæ- нынц Мынайы цъуппыл. Зæйы сæр ма иунæгæй лæууыд Хо- рæйы рæсугъд. Уæдæй фæстæмæ фыдгæнджыты удтæ хæтынц хæхты цъæс- сыты, æнусон цъититыл. Дымгæ куы фæниуы, уæд дзы цуанон арæх фæхъусы сæ хъæрзын æмæ сæ еу-додой. Руймон Рæууес ку низзайуй, уæд æваст идардмæ рауайуй æма идар- дæй æ бæдолæмæ æркæсуй: æхе хузæн ку уа, ома, сабур ку уа, уæд саг æй, æма дзи тас нæ ес, фæстæма имæ æрæздæхуй дзедзе дарунмæ. Фал раууес алли сауæнгæ уæхæн нæ зайуй. Еуæй-еу хатт низзайуй хелаги хузæн. Руймон, зæгъгæ, хуннуй махмæ. Е ма фиццаг минги фæууй, æ цæститæй дæр нæ фæккæсуй. Нанæ- уадæр — сабур н’ æй, — бæлæстæ æд къадотæ рæдовуй, зæнхæ æ дæндæгутæй хуæруй. Руймонæй æ мадæ идард ледзуй. Уорс Йелиа2 ба адæми сагъæс кæд нæ кодта? Руймон адæми знаг ке ’й, уой зонуй æма ймæ æ цæстæ даруй. Куддæр райгура, уотæ, цалинмæ æ цæститæй ракæса, уалинмæ ймæ уæларвæй Йелиа æфсæн рæхис мегъи хæццæ рауадзуй, æ хъурбæл ин æй рафтауй æма ’й уæлæмæ ласун байдайуй. Æ цæстити ракастмæ ба ин уомæн хæлæф кæнуй, æма, æ цæститæй ракæсгæй, цидæр бæстæ рауина, уойасæ раирæзуй. Уæларвмæ ’й ку фæлласуй, уæд æй гъæри бон ку фæууа, уæддæр айдагъ æ гъæрæй, ка ’й фегъоса, уонæбæл нез растун кæнуй. Уæларвмæ ’й мæрдти уодтæн иуарунцæ. Етæ ба ’й фицунцæ, æма ин æ басæй ка бацумуй, е ба куд рамардæй, уотæ бабæй фестуй. Адæймагæн æ адзал ку ’рхæстæг уа, уæд уосæн сбадунцæ тæр- хони цуппар уоси, лæг ку уа, уæд лæгæн ба — æхсæз лæги ’ма ин уотемæй тæрхон скæнунцæ. Уоци тæрхони фæсте лæг æ тухи нæбал фæууй, фал уод уодхарæ кæнуй. Е ’нгьуд ку ’рхъæртуй, уæдта ин уодесæг æ уод исесуй. И уод ка æй, е цалинмæ æй 71
байвæронцæ, уалинмæ марди сæрти тæхуй. Мард ку рахæссунцæ, уæд æ уод дæр æ сæрти тæхуй; кудæй ниввæрунцæ цирти, уотæ ба и уод дæр ниххезуй циртмæ æма и мард бабæй бацæуй. Мард æхе æртæ хатти рахъел кæнуй. Уой фæсте уод фæстæмæ раздæ- хуй æма сдзоруй: «Ци ’й а? Нурмæ дæр куд хастон аци толдзæ къудурон?» Уотемæй ратæхуй æма уæларвмæ фæттæхуй. Уоми ба ’й рæхиси авд цъасеми раласунцæ æма, ци хузæн адтæй, уоци хузи бабæй бацæуй. Гæлиаты калм Гæлиаты хъæугæрон ис ахæм бынат, æмæ-иу кæдцæр хъæу- бæстæ уым æфснайдтой сæ хор, сæ исбон. Иу фæззæг куы уыди, уæд кæцæйдæр æрбахылд залиаг калм. Уыцы бынатыл æртыхст тæлыйау æмæ йæ къæдзил йæ дзыхы бакодта. Адæмæй йæм хæс- тæг бацæуын ничи уæндыд. Стыр мæты бацыдысты, зыдтой, стонгæй се сæфт кæй æрцæудзæн, уый. Уæд разынд иу хъæбатыр лæппу, Хъантемырты мыггагæй, — уый сфæнд кодта адæмы фыдбылызæй фервæзын кæнын. Лæппу гал бастыгъта, йæ царм ын йæ уæлæ скодта, афтæмæй йæ хурмæ ныххус кодта. Царм лæппуйы æмбуар куы бахус, уæд уый бæхыл сбадт æмæ гæрзиф- тонгæй калммæ бабырста. Бирæ фæхæцыдысты, иу афон лæппу фæцарæхст æмæ кардæй акъуырдта калмы сæр. Сæ хæст уыди донмæ æввахс. Калмæй уый бæрц туг фæцыди донмæ, æмæ дзы æнæхъæн афæдз баназæн нал уыд. Хъомрын Иу хатт куы уыди, уæд Ныхасмæ рацыдтæн. Уыди дзы бирæ адæм æмæ кодтой сæ царды уынаффæтæ. Уыдонимæ уыд хъæуы хицау Афæхъо дæр. Уыцы заман адæмы фос хъомрынæй цагъды кодтой, æмæ сæ уый æфтыдта сагъæстыл. Афæхъойы ныхас дæр уыд хъомрыны фæдыл æмæ æрхаста ахæм хабар. — Иу ахæмы нæм Куыйаны1 дæр сыстад хъомрын. Иу хорз гал мæм уыд æмæ хæлæттаг фæци. Бон-изæрмæ йыл хъыг кæ- нын, уæдæ куыд вæййы. Æхсæвы бафынæй дæн æмæ федтон æнахуыр фын. Цыма дын сау изæр рацæуын, æмæ мыл фембæлд иу ус, йæ ном - Дзыгутон. Уыцы ус нæ хъæуы нымад уыд кæ- лæнгæнæгыл, уыди, «йæ конд — æлгъыст, йæ уынд — хæйрæг» кæмæй фæзæгъынц, ахæм фыдцъылыз. Ноджы ацы хатт йæ уæлæ уыд бызгъуыртæ, йæ дзыккутæ — пыхцылтæ. — Цьт ’рцыди, Дзыгутон, кæдæм цæуыс ацы æнафон, исчи дыл тыхæй ныххæцдзæни, — дзурын æм æз хъазгæйæ. 72
— Æз чи дæн, уый зоныс? Æз хъомрын дæн, — загъта Дзыгу- тон. — Дæ фосæй нал фæхъæудзæн, фæлæ æнæмæт у. Ныр та хъуамæ дæ сыхæгты рæгьæуттыл азилон. — Æмæ куыд æнхъæлут? - дзуры Афæхъо. - Мæ фосæй иу дæр нал фæхъуыд, уыйхыгъд мæ сыхæгтæй бирæтæм иу хъуг дæр нал баззад. Ныхас айста Дудар. — Уæдæ мæныл дæр æрцыд ахæм æмбисонд. Æз дæр мæ фыны федтон иу усы, ныр нæ, фæлæ иу авд азы размæ. Дæ фосы дын куы фенин, зæгьгæ, загьта. Бакодтон æй рæгъаумæ. Йæ къухы нымæтын ехс, афтæмæй сæ астæуты фæцæуы. Иу зыгъар гал мæм уыд, уый дзы æрцавта æмæ загьта: «Ацы гал нырæй фæстæмæ дæу нал у». Йæ ныхас мыл æрцыд. Зыгъар гал райсомæй æрба- рынчын æмæ сихормæ фæхæдмæл. Ус-бирæгъ Ацы хабар мын радзырдга Борситы мæгуыр Копа — рухсаг уæд. — Иу хатт, зæгъы, ме ’мбал Батырсаимæ фос хызтам Кар- цайы1. Батырсайы дзугимæ уыдысты Басилты фос дæр. Хъуыд- даг уыди фæззыгон бон. Хур изæрырдæм акъул. Батырсаимæ нæ фæнд уыди фос цæхджын дæттæм бауадзын, уымæн æмæ цæххы хъæстæ рагæй нал фесты. Æртардтам сæ цæхджын дæттæм, уæдæ куыд уыдаид, уым сæ ныууагътам, нæхæдæг, сæ фарсмæ иу гыц- цыл хъæд ис, æмæ уырдæм бацыдыстæм, — дæтты цур змæлæг нæ уыд, æмæ цæмæй тарстаиккам нæ фосæн. Хъæды иу дзæвгар куы фестæм, уæд раздæхтыстæм нæ фосмæ, цæмæй сæ аздахæм цæхджын дæттæй. Æрбацыдыстæм æмæ уынæм æбуалгъы дис- саг. Басилты фос цыдæр ныццагъта æмæ сын сæ мæрдтæ бай- тыдта сæрвæты. Диссагдæр та уый уыд, æмæ Батырсайæн йæхи фосæй сæныччы хъус дæр нæ фæхъуыд, афтæ мæ дзутæй дæр, — нæ фос хицæн рæтты стымбыл сты. Уалынмæ Батырса ауыдта стыр цъæх бирæгъ — фæцæуы йæхицæн. Батырса загъта, зæгъгæ, ам цыдæр хины хъуыддаг ис, æндæр Басилты фыстæ цагъды куыд фесты, мах фос æнæвнæлдæй куы баззадысты, уæд. Уый бирæгъы куыст уа, уый гæнæн нæй, кæд уартæ æвирхъау сырды мæхи цæстытæй уынын, уæддæр. «Цыдæридцæр уа, æз æй хъу- амæ базонон», — загъта Батырса. Йæ фос мæныл бафæдзæхста, йæхæдæг лæдзæг æмæ топп айста æмæ бирæгъы фæдыл араст и. Бирæгъ фæцæуы Дыгурырдæм æмæ уайтагъд Æрыдоны сæр- ты басенк ласта. Батырса йæ фæдыл гурæй-гурмæ цæуы æмæ уый дæр доныл ахызти. Афтæмæй æрбаввахс сты Тугъанты хъæу- мæ2. Уæд Батырса федта, чи нæма ’рцыд, ахæм диссаг: айонг бæлвырд зынди бирæгъы фæд, ныр ам фестад адæймаджы фæд, 73
— уый дæр бæрæг дары. Дис куыннæ кодта, фæлæ уæддæр фæд хæссы дарддæр. Фæд æй куыроймæ бахаста. Кæсы, æмæ куы- ройы бын бады иу ус, тарстхуызæй ракæс-бакæс кæны, афтæ- мæй æлвисы. Лæг йæ хъримаг фелвæста йæ агьудæй æмæ гъа ныр фехса фыдгæнæджы, афтæ уый лæгьстæтæм фæци: — Дæ Хуыцау, де скæнæджы хатыр бакæн, ма мæ амар, æз дын бахуыйдзынæн дыууæ цухъхъайы, куы мæ ныууадзай, уæд. Æмгъуыд ын скодта. Лæг дæр æй ныууагъта, нæ йæ амардта, æцæг æм бартхъирæн кодта, цухъхъатæ афоныл куынæ уой, уæд дæ ныммардзынæн, зæгъгæ. Уый фæстæ, кæй зæгъын æй хъæуы, раздæхт æмæ æрбацыд. Цы федта, уый мын радзырдта. Гъе афтæ кæлæнгæнæг устытæ фестынц ус-бирæгътæ, науæд бацæуынц æндæр цæрæгойты хуызы æмæ фыдбылызтæ аразынц, кæмæ смæсты уой, уыдонæн. Хæйрæг мæнæуы куыд сайдта Хæйрæг мæнæуæн загъта: — Адæм зæхх скъахдзысты, гутонæй йæ бакæндзысты æмæ дæ уым нытътъысдзысты. Мæнæу загъта: — Æмæ цы кæны, ныссадзæнт мæ, рæсугьд уидаг ауадздзы- нæн фæлмæн зæххы æмæ цъæх-цъæхидæй сæвзæрдзынæн. — Æмæ дæ ууыл дæр нæ ныууадздзысты, фæлæ куы сцæттæ уай, уæд æфсир рафтаудзынæ, æмæ дæ ныллыгтæ кæндзысты. — Æмæ цы кæны, мæ нæмыг мын æфсирæй хъусыгæй фæхи- цæн кæндзысты, æмæ уыдзынæн уæгъдибар. — Æфсирæй дæ ныцъцъæл кæндзысты хъомты къæхты бын, æмæ зыгуым æмæ цъæмæлимæ схæццæ уыдзынæ. — Æмæ цы кæны, дымгæмæ мæ сдардзысты, мæ зыгуым мын ахæсдзæн, мæ цъæмæл мын расæрфдзысты æмæ мæ сыгъдæгæй къутуты бафснайдзысты. — Æмæ дæ ууыл дæр нæ ныууадздзысты, фæлæ дæ куыроймæ фæхæсдзысты, куыройы фыдты æхсæн дæ ныцъцъæл кæндзыс- ты, ссад дæ скæндзысты, æрбахæсдзысты дæ æмæ дæ арынджы мидæг снæмдзысты; дзул дæ скæндзысты, чъиритæ; фæнычы бын дæ бакæндзысты æмæ дæ цæхæры сфыцдзысты. — Æмæ цы кæны, рæсугьд дзулæй мæ адджынæн бахæрдзыс- ты. — Ууыл дæр дæ нæ ныууадздзысты, фæлæ æхсæвæй райсоммæ куы баззайай, уæд дæ дыккаг хатт дыдзы хъарм скæндзысты. Уыцы дзырдмæ ницыуал дзуапп ссардта мæнæу æмæ скуыдга. 74
Мæгуыр лæг æмæ хæйрæджытæ Мæгуыр лæг Уастырджимæ бацыди адгур. Уастырджи йын радта мел, хордзентæ æмæ иу мæцъис. Рахаста сæ мæгуыр лæг æмæ хæйрæджыты паддзахадмæ ныццыди. Мейданыл1 тымбыл хахх æркодта æмæ йæ астæу сбадти. Хаххæй æрбахизæны нæ уыд нæдæр топпы нæмыгæн, нæдæр къахæн: тых æрбахæссæн æм нæ уыди. Уæд хæйрæджыты паддзах лæгмæ йе ’фсæдты æрбарвыста, фæлæ йын хаххы сæрты тых нæ арынц. Мæгуыр лæг хордзенты ком айхæлдта æмæ скуывта: — Ме зæд, мæ дуаг! Ам хæйрæджы ’фсадæй цыдæриддæр ис, мæ хордзены цы ныккæлой! Хæйрæджытæ хордзены фестадысты. Сæ ком сын абаста æмæ сæ мæцъисæй нæмын байдыдта: кæмæн йæ цонг асаст, кæмæн йæ зæнг, чи мæлгæ акодта. Хæйрæджытæ хордзенæй кувын байдыдтой: — Цы зæд, ды дуаг дæ? Цæгъдгæ нæ ма фæкæ, уыййеддæмæ горæт дæуæн ныууадздзыстæм. Ауагъта сæ. Хæйрæджытæй удæгас чи баззади, уыдон пад- дзахмæ бацыдысты æмæ йæм хъаст кодтой: — Дæ фыдæхæй фесæфæм! Тыхгæнæг ын тых нæ ары. Фæли- дзыны йеддæмæ нын хос нал ис. Паддзах загъта: — Диссаг нæ уыдзæни, лæг хæйрæгыл куы фæтых уа! Барвыста йæм ноджы йæ тыхджындæр æфсæдты, фæлæ сæ мæгуыр лæг фыддæр фæцагъта. Уæд сыстадысты æмæ фæлыгъ- дысты паддзах æмæ йæ адæм. Горæт мæгуыр лæгæн баззад. Мæгуыр лæг йе ’мсæр адæмы æрцæрын кодта горæты. Мæрдтæм куы бацыди мæгуыр лæг, уæд æй уым дуаргæс скодтой. Мæрдты тæрхонгæнджытæ дзы минæвар сарæзтой удхæс- сæгмæ, зæгъгæ: — Ацу æмæ, æртæаздзыд сывæллон кæм ис, уыдон ныццæгъд. Мæгуыр лæг удхæссæгæн зыгъуыммæ бацамыдта, зæгъгæ: — Ацу æмæ зæххыл лыстæг хъæд ныццæгъд. Уый тыххæй мæгуыр лæгæн зындон аскъуыддзаг кодтой. Зындоны дзы йæ цагъд хæйрæджытæ фæтарстысты æмæ йæ фæндыры хъæрæй дуармæ асайдтой. Бахъаст кодта мæгуыр лæг мæрдты хистæр Барастырмæ, ра- дзырдта йын йæ рæстдзинад, æмæ йын уæд дзæнæты бынат рад- той. 75
Лæджийы фырт Дзамболат Хæйрæджыты æмбисæндтæ Лæджийы фырт Дзамболат уыди хорз цуанон. Араст кодта иу бон цуаны, бацыди сау комы бынмæ: уым фæцуан кодта бони- зæрмæ, амардта стдæссион саг. Изæр ыл талынг байдыдта, æмæ уыцы ран æрæхсæвиуат кодта. Саг акъæртт кодта æмæ дзы физонджытæ скодта, бахордта, стæй йæ нымæт йæ уæлæ байтыдта. Æмбисæхсæв куы фæци, уæд комы рæбынæй цъæхахст цæуы. Дзамболат æм хъусы. Уалынмæ йæм куыд æввахс байдыдта хæй- рæг, афтæ йæм хæйрæг хъæр кæны: — Лæджийы фырт Дзамболат, мæ лæппуйы мын бирæгъ фес- къæфы, фæлæ де уазæг фæуæд, ма мын æй ауадз, исты хос ын скæн. Æрæмбæхсти Лæджийы фырт Дзамболат æмæ йæм кæсы: хæй- рæджы лæппуйы раскъæфы бирæгъ йæ дзыхы. Куы рахæццæ ис бирæгъ йæ размæ, уæд æй æркъуырцц ласта Дзамболат, бирæгъ фæуæлгоммæ ис, лæппу йæ дзыхæй ахауди. Æрызгьордта йæм Дзамболат лæппумæ æмæ йæ хъуамæ фел- вæстаид йæ къухмæ. Уæд æм хæйрæг дæр хъæр кæны: — Ма бавнал, Лæджийы фырт, уæд дзы мæнæн æфтиаг нал ис, дæ къухтæ йæм куы бахæццæ уой, уæд. Лæджийы фырт дæр æй фæуагъта. Уалынмæ йæм рахæццæ ис йæ мад æмæ йæ йе тары ныппæр- ста. Йæхæдæг ын йæ къух райста Лæджийы фыртæн æмæ йын æгасцæуæйттæ ракодта: — Ды мæнæн амардтай ныр ме знаджы. Цом мемæ нæ хæ- дзармæ. Æз дæн стыр бинонты чындз. Мæнæн ис файнусттæ æмæ тиутæ. Лæджийы фырт бакатай кодта: — Куыд фæцæуон ныр хæйрæджыты хæдзармæ, - йæ зæр- дæйы мидæг ныдздзырдта. Хæйрæг æй бамбæрста: — Тæрсгæ ма кæн æппындæр, ды рацу мæ фæдыл. Араст кодта Лæджийы фырты йемæ. Фæцæуынц комы та- лынджы мидæмæ. Уæд Лæджийы фырт Дзамболат сдойны, иу ран фæгуыбыр кодта æмæ дон нуазы. Хæйрæг æм дзуры: ~ Афтæмæй ма баназ, гормон! Дæ дзыхæй куыд нывнæлдтай, гал дæ æви бæх? Хæйрæг йæ цæнгтæ фæфистæг кодта æмæ йæ цæнгтæ цæ- хæртæ ныккалдтой: йæ къухтæй йын адардта хæйрæг дон. Лæ- джийы фыртæн æм йæ зæрдæ бахъазыд йæ фыррæсугьдмæ, йæ 76
зæрдæйы мидæг ныдздзырдта: «Тæхудиаг, цы рæсугьд дæ!» Хæй- рæг æй бамбæрста: — Ды кæй зæгъыс дæ зæрдæйы мидæг, уый æз бæргæ æмба- рын æмæ дын «нæ» нæ зæгъин, фæлæ дын уæд дæхи усæй пайда нал ис. Уæд Лæджийы фырт фефсæрмы ис йæхинымæры: «Куы ницы сдзурын, уæд мæ куыд бамбары?» Райдыдтой уырдыгæй цæуын. Баввахс сты хæйрæджыты хæ- дзармæ. Уæд æм хæйрæг дзуры Лæджийы фыртмæ: — Тæрсгæ ма кæн æппындæр. Мæнæн ис бирæ файнусттæ æмæ бирæ тиутæ, фæцин дыл кæндзысты æхсæв-бонмæ. Лæ- вæрттæ дын кæндзысты райсомæй, фæлæ-иу мацы баком æппын- дæр. Æрмæст дзур: «Мæхион — мæхи». Лæджийы фырт катайы фæци: «Æз хæсгæ куы ницы акæнон, уæд цы уыдзæн «мæхион мæхийæ?» Хæйрæг æй бакодта сæ хæдзармæ. Йæ тарæй йæ лæппуйы фелвæста æмæ йæ йе ’фсины хъæбысмæ баппæрста: ~ Лæджийы фырт мын ме знаджы амардта, æмæ уæм æй мæнæ æркодтон. Куыд хистæрæй бадынц бинонтæ, хæрынц æмæ нуазынц. Сцин кодтой Лæджийы фыртыл тынг æмæ кæрæдзимæ адзырд- той кæстæртæм: — Уазæджы нæхи хуызæн акæнæм! Лæджийы фырт бакатай кодта йæхимидæг: «Бæлвырд мæ сæхи хуызæн кæнынц». Цы чындз æй æрбакодта, уый йæм дзуры: — Тæрсгæ ма кæн, зæрдæйы мидæг цы зæгъыс, уымæй. Сы- махмæ расыг адæмы ’хсæнмæ æрвонг лæг куы бацæуы, уæд афтæ фæзæгъут: «Уазæджы дæр нæхи хуызæн акæнут». Уыдон расыг сты, ды та æвронг, æмæ дын куы адарой, уæд ды дæр уыдон хуызæн арасыг уыдзынæ. Райдыдтой йыл цин кæнын Лæджийы фыртыл æхсæв-бонмæ. Æмбисæхсæв куы фæци, уæд сæм цырагъ нал уыд, æмæ цы- рагъæвæрæджы рарвыстой цырагъ хæссынмæ. Æрæгмæ здæхт цырагъхæссæг фæстæмæ. Уалынмæ æрыздæхт æмæ йæ къухыдзаг æрхаста кæцæйдæр ирон хус цырæгътæ. Хис- тæртæ хыл кæнынц: — Куыд æрæгмæ цыдтæ! Цырагъæвæрæг сæм дзуры фæстæмæ: — Æз цы кæнон, «нал» ничи дзырдта, «дзаг дзы у» йедцæмæ. Стæй иу цырагъæвæрæг загъта: — Цырагъ дзы нал ис, фæлæ схуыссут. Адон ма дзы уыд, æмæ сыл æз мæхи ныццавтон æмæ сæ раскъæфтон. Лæджийы фырт бадис кодта йæхинымæры: «Нæ фæллой хæй- рæджыты къухты куы ис, æмæ йæ куынæ зонæм мах». Райсомы куы сбон ис, цæуыны къахыл куы слæууыдис Лæ- 77
джийы фырт, уæд æм алыхуызон диссæгтæ хæссынц лæвæрттæн. Уый дзуры: «Мæхион - мæхи, æндæр мæ ницы хъæуы». Уæд хæйрæджыты ’фсин йæхи нынкъард кодта, æмæ йæм цæуынц бинонтæ радыгай хатынмæ: — Ратт Лæджийы фыртæн йæхион. Нæ разы кæны ус. Фæстаг хатт æм бацыдис йæхи мой æмæ йæм уый дзуры: — Ратт Лæджийы фыртæн йæхион. Ходы Дзуккойты бæркад мæ къухы ис æмæ йын лæвæрд фæуæд, æз лæг дæн æмæ æрхæс- дзынæн æндæр искæцæй бæркад. Уæд æм бадзырдта хæйрæджыты æфсин Лæджийы фыртмæ: — Дæ бæркад мæ къухы ис, Лæджийы фырт, мæ чындз дын æй бацамыдта, бæлвырд, æндæра йæ ды цæмæй зыдтай. Абонæй фæ- стæмæ дæхи фæуæд дæ бæркад, æз дын æм ницыуал бар дарын. Рараст ис уырдыгæй Лæджийы фырт сæ хæдзармæ æмæ ка- тайгæнгæ цæуы, куы ницы рахастон, зæгъгæ, мемæ, уæд «мæхи- он — мæхи», уымæй мыл цы бафтдзæн? Ацы хъуыддаг куынæ бафæлварон, уæд мын æндæр гæнæн нæй. Æрхæццæ ис сæ хæдзармæ æмæ йæ усмæ дзуры: — Кæрдзын-ма скæн тагьд. Йæ ус ссад балуæрста арынджы: дон ыл ныккодта, æмæ хыссæ нал цæуы арынджы. Уæд Лæджийы фырт базыдта: «Мæ бæркад мæхи баци». Арвыста куыроймæ хор, æмæ йын йе ссадæн хæссынæн ни- цыуал фæразы. Аходæнмæ-иу куы бакодта хуым, уæд ын дзы афæдзы фаг хор зад. Нæ бæркад нын хæссынц хæйрæджытæ, йæ фæллойæ «нæй» мачи зæгъæд, «дзаг дзы ис» йеддæмæ. Къæрных æмæ хæйрæг Уыдис дын иу къæрных. Зыдта иу ран иу хъуг æмæ ацыд æмæ йæ хъуамæ радавтаид. Хæйрæг йемæ бамбал ис æмæ йæ фæрсы: — Кæдæм цæуыс? — Æз цæуын, уым иу хъуг ис, æмæ йæ хъуамæ радавон. Æмæ ды та кæдæм цæуыс? — Уым иу сывæллон ис, æмæ уый уд хъуамæ рахæссон. — Æмæ йæ куыд рахæсдзынæ? — Бацæудзынæн, иу хатт æй æрæхснырсын кæндзынæн, кæд ын исчи «цæр» зæгьа, уæд æй ныууадздзынæн. Дыккаг хатт дæр, æртыккаг хатт дæр: кæд ын исчи «цæр» зæгъа, уæд æй ныууадз- дзынæн. Ды та хъуг куыд адавдзынæ? — Бацæудзынæн, дуар бакæндзынæн, кæд мæ ничи базона, 78
уæд хъугыл рахæцдзынæн æмæ йæ рафардæг кæндзынæн, кæд мæ исчи базона, уæд æй ныммардзынæн. Бацыдысты. Дзурынц кæрæдзийæн: «Цу, ды уал ракæн», «цу, ды уал ракæн». Къæрных бацыди, хъуджы ракодта. Хæйрæг дуармæ лæууы. — Цу, ныр та ды ракæн. Бацыди хæйрæг, сывæллоны иу хатг æрæхснырсын кодта, - ничи йын зæгъы «цæр». Дыккаг хатт дæр æрæхснырста. Къæр- ных æм хъусы, æмæ йын «цæр» ничи загьта. Æртыккаг хатт дæр æрæхснырста, къæрныхæн йæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ ныхъ- хъæр кодта: «Цæр, цæр!» Хæйрæг дæр ныхъхъæр кодта: «Къæр- ных, къæрных!» Хæйрæг алыгьди, къæрныхмæ рауадысты æмæ йæ æрцахстой. Къæрных афтæ: — Цы сарæзтаин, хъуджы бæргæ акодтаин, фæлæ сывæллоны хъуамæ амардтаид хæйрæг, æмæ йын кæд æртæ хатты исчи «цæр» загътаид, кæннод ын йæ уд хъуамæ ахастаид. Нал фæлæууыд мæ зæрдæ, æртæ хатты йæ æрæхснырсын кодта. Уæд мæхæдæг фæ- хъæр кодтон: «Цæр! Цæр! Цæр!» Уый дæр рауад, фæхъæр кодта: «Къæрных! Къæрных!» Афтæ уыд нæ æцæгдзинад. Схæцыдысты æмæ къæрныхæн хъуг радтой, æмæ йæ афардæг кодта. Сывæллон æгасæй баззад. Къусхаты уæйыг Къусхатæм фæцайдагъ сæ уæйыг æмæ сæ алы аз дæр иста хъалонтæ, чызг æмæ лæппу алы хæдзарæй дæр. Афтæмæй хъæу тынг фæлмæцыдысты, суанг ма нæ ауæрста сылгоймæгтыл дæр. Уæд дын иу зæронд лæг æрæмбырд кодта хъæубæсты, сарæз- той ныхас Къусхаты хистæртæ, цæмæй исты амалæй амарой уæ- йыджы. Уæйыг лымæн цы устытæн уыд, уыдонæй сæ иу ракъах- та уæйыджы, зæгъгæ, дæ мæлæт цæмæй у? Уæйыг загьта: «Æз ницæмæй амæлдзынæн, кæд мæ арв ныццæва, æмæ уымæй амæ- лон, æндæр. Æрмæст арвыл куыддæр мигъ æрбабада, афтæ мæхи куынæ бафснайон, уæд мын æнæмæлгæ нæй». Хъæу сарæзтой стыр бæгæнытæ, арвыстой Къусхаты хистæртæ сæ уæйыгмæ æмæ йæ куывдмæ æрхуыдтой. Айтæ-уыйтæ нал фæ- кодта Къусхаты хистæр лæг æмæ йæ кæрц зыгьуыммæ скодта, йæхæдæг стыр къамбецы тъанг суагъта кæрцæй хæдоны астæу йæ гуырмæ. Нуæзтой, уæдæ цы уыдавд! Нуазгæ та кодтой къæр- тайæ. Уæйыгмæ цы нуæзт цыд, уыдон быннуæзт кодта, фæлæ хинæйдзаг зæронд лæгмæ цы нуæзт хауд, уыдон-иу ауагъта тъан- джы, æмæ-иу ныффардæг нуæзт бинаг хæдзары быркуымæ. Уæйыг тынг срасыг æмæ ацыд, акодта хъæуæй цалдæры йемæ. 79
Рацыдысты. Уæйыг фæндагыл акаст, æмæ арвыл асæст куынæ уыд, уæд баурæдта хъæуæй ракæнгæ æмбæлтты йæхицæн хъа- рагъултæй æмæ афынæй. Уæд арвы кæрон фæзынд хæрз чысыл сау мигъы къуыбар. Рацæуы, рацæуы, хæстæг-хæстæг кæны Къус- хаты уæзæгмæ. Хъарагьултæ, уый фенгæйæ, фæлыгъдысты. Уæйыгмæ æрба- цыд мигъ æмæ йæ сæрмæ схъуынтъыз. Фæзынд стыр хъызт æмæ уæйыджы арв ныццавта. Уæйыджы хъæу баныгæдтой, фæлæ арвы цæфмæ рацыд йæ мад уæйыгæн æмæ ныхъхъæр кодта: «Цы фæ- цис мæ хъæбул!» Куы базыдта хабар, уæд рахста йæ фат æмæ йæ цæххойæн дур, æмæ адæмæй никæуыл сæмбæлдысты, æгæр тых- джын æхст кæй фесты, уымæ гæсгæ. Фæлæ уыцы цæххойæн дур æмæ фат абон дæр сты Къусхаты уæзæгыл. Ацы бонæй фæстæмæ Къусхатæ фервæзтысты сæ уæйыгæй. Саккаты уæйгуыты фынæй Саккатæй, хохы бæсты цæргæйæ, иу адæймаг хатти фыййау. Дарæны уыдысты йæ фос. Иу ахæмы сæ аскъæрдта хизынмæ. Хизынц йæ фос, уæдæ цы кодтаиккой! Уалынмæ хъусы, æмæ йæм хуссары фыййау ныууасыди: — Саккаты фыййау, цырд лæуу, дыууæ тыхгæнæджы, дыууæ уæйыджы дæм уазæгуаты фæцæуынц аизæр. Исты фыдбылыз дын куы скæной, уымæй тæссаг у. — Хуссары фыййау, дæ хорзæх мæ уæд, — фæстæмæ йæм ны- ууасыди Саккаты фыййау, — фыдбылызæй куыд баиргъæвон мæхи? Хуссары фыййау уасы: — Дæ фосы астæу стыр нæл сæгь! Дыууæ уæйыгæн æй æхсæ- вæрæн аргæвд, стæй та мæм-иу ныууас, уыдон сæ хæрдыл куыд уой, афтæ. Æрыскъæрдта Саккаты фыййау йæ фос дарæнмæ, бафснайд- та сæ лæгæты, йæхæдæг йæ бынаты архайы, зилæнтæ кæны. Уалынмæ йæм дыууæ уæйыджы фæзындысты. — Дæ фос бирæ, фыййау, — загътой уæйгуытæ. — Уазджытæ æгас цæуæнт, фысым уын уыдзынæн, суазæг уæ кæндзынæн. — Арфæгонд у, фæлæ мах дæр фæцæуинаг нал стæм ардыгæй æнафоны. Саккаты фыййау дзуджы астæуæй йæ нæл сæгъ æрбаласта æмæ йæ сæргæвста; арт бандзæрста, фыдтæ уæларт аджы баф- тыдта æмæ æхæсвæр фыцы. Уæйгуытæ бадынц, дзырдтыл сæхи дарынц. Фыдтæ куы сфыхтысты, уæд фыййау арынг ацарæзта æмæ 80
нæл сæгъы мард æрæвæрдта йæ дыууæ уазæгæн, йæхæдæг та уадындз райста æмæ уасы: — Хуссары фыййау, куыд загътай, афтæ бакодтон: мæ уаз- джытæ фынгыл бадынц æмæ нал ауæрдынц хæрыныл. Цы мын амоныс? Хуссары фыййау уасы: — Хæрды фæстæ дæ бас агурдзысты. Фæлæ ды баздæх æмæ сын бас куы фæцæйхæссай, уæд-иу йе кæлгæ фæкæн, йе чиугæ, цæмæй акæла дæ бас. Стæй хъуыддаг афтæ сараз, цæмæй дыууæ уæйыджы феной, дæ бас æнæбары кæй акалди. Уæд уæйгуытæ дзурынц: — Фыййау, бас нын, бас! Фыд хохы цъуппыл дæр ис. Бас хæсгæ-хæссын акалди, æмæ дыууæ уазæджы нал фæхъæстæ сты басæй. Саккаты фыййау уасы: — Басæй нал сахуыстой, фæлæ дарддæр цы ми кæнон? Хуссары фыййау: — Схуыссын сæ кæн, стæй райсом сæ бæрæг сæхицæй. Уæйгуытæ сæхинымæр загътой: — Хæрдхъуаг нал стæм ахсæв, фыййауы райсоммæ уадзæм — аходæнæн нын сбæздзæн! — сæ хуыссæнты æрхуыссыдысты æмæ уайтагъд сæ хуыр-хуыр ссыди. Райсомæй Саккаты фыййау йæ цæсты зул дары йæ уазджы- тæм, уæдæ цы фæуой, зæгъгæ. Хъусы, æмæ сæ хуыр-хуыр нал цæуы, сæ улæфт дæр бæрæг нал у. Фестад фыййау, бацыд хæс- тæгдæр уæйгуытæм, дзуры сæм, фæлæ уыдон нал фехъуыстой фыййауы дзурын, бынтондæр бафынæй сты. Уый адыл баззади æмбисонд: «Саккаты уæйгуыты фынæй баисты». 6 Ирои таурæгътæ
ÆРДЗ ÆМÆ ЦÆРÆГОЙТЫ ТАУРÆГЪТÆ Чызджыты хох Кæддæр, дам, дзы (Чызджыты хохы) чызджытæ цавддуртæ фестадысты. Сидзæр чызджытæ хосдзæуттæн кæрдзын ахастой. Уарын сæ æрæййæфта, мигъ сыл ныббадт, æмæ фæндаг нал ард- той нæдæр хосдзæуттæм, нæдæр фæстæмæ, хъæумæ. Уæд Хуыцау- мæ скуывтой: «Хуыцау, ам нæ цавддуртæ фестын кæн!» Ууыл цавддуртæ фестадысты. Уæдæй нырмæ уыцы хох хо- нынц Чызджыты хох. Гакк-гукк Гакк-гукк кæддæр уыди сылгоймаг, ныфсхаст æмæ æхсар- джын сылгоймаг. Афтæ хъæбатыр уьщис, æмæ мин знаджы нæ фæрæзтой йæ ныхмæ лæууын, лидзæг-иу сæ фæкодта. Иу ахæмы та хæцыд знæгты ныхмæ. Ацы хатт уыдон афтæ æнæсæттон разындысты, æмæ сылгоймаг бахауд уынгæджы ран. Æгæр куы стыхст, уæд скуывта Хуыцаумæ, цæмæй йæ фервæзын кæна. Уыйадыл гакк-гукк фестад æмæ атахти. Уæдæй нырмæ уыцы маргь агуры йæ гæрзтæ æмæ хъæр кæны: «Мæ кард, мæ топп! Мæ кард, мæ топп!» Теуайы аргъау Раджыма-раджы, иттæг раджы, арв æмæ зæхх æмызмæст куы уыдысты, æмæ сæ Хуыцау куы сфæлдыста, гъе уæд фосы мыг- гæгтæн сеппæты уæздандæр æмæ сеппæты рæсугъддæр уыдис бæх: гъе уæды рæстæджы теуа нæ уыдис, фæлæ уыдис бæх. Бæхы æрфæндыдис, ноджы ма рæсугьддæр куыд уыдаид. Ацыдис Хуы- 82
цаумæ, йæ сæрæй йын бакуывта, йæ разы йæ зонгуытыл ныллæу- уыдис æмæ дзы ракуырдта: — Æцæг, мæнæй рæсугъддæрæй никæй сфæлдыстай фосы мыггæгтæй, фæлæ ма дæ хæрзиуæг ноджы фæхуыздæр кæн æмæ мæ цъус фæрæсугъддæр кæн! Хуыцау æм бакастис æмæ йын загъта: — Æз, куыд зыдтон, афтæ рæсугъддзинад дын радтон. Ныр кæд ды дæхæдæг дæхи фæндæй æмæ дæхи зондæй исты рæсугъд- дзинад æрымысыдтæ æмæ зоныс, уæд мын æй зæгъ, æмæ дын сæххæст кæндзынæн дæ куырдиат. — Хорз уæдæ, — загъта бæх, — фыццаг уал мын мæ ном хо- нæнт «теуа». — Хорз, — зæгъгæ, загъта Хуыцау, — абонæй фæстæмæ дæ ном хуындзæн «теуа». — Гъеныр мын мæ ас фæбæрзондцæр кæн уый бæрц, æмæ мæхи куынæ фæнда, уæд мын лæг ме ’рагьыл бадынмæ куыннæ сæххæсса. — Хорз, - загъта та Хуыцау. — Мæ саргъ мæхи буарæй куыд уа. — Хорз, - загьта Хуыцау. Загъта теуа: — Мæ сæр - стырдæр, мæ хъустæ — къаддæр, мæ дæндæгтæ - стырдæр, мæ хæмхудтæ дæр — стырдæр, мæ бæрзæй - даргъдæр, лыстæгдæр æмæ къæлæсыдæр, мæ хъуын — даргьдæр, фæлмæн- дæр æмæ хъармдæр, басылыхъхъæн куыд бæзза, мæ дымæг — цы- бырдæр æмæ лæгуындæр, бæттын æй куыд нæ хъæуа, мæ риу уæр- хæг куыд уа, мæ гуыбын æлвæст æмæ тæнæг, мæ къæхтæ фæлмæн æмæ фæтæн, — цæфхæдтæ сæ куыд нæ хъæуа, мæ тых фертывæр уæд, мæ хæринаг — гуыххæл, æмæ мын фæлмæн кæрдæгæй сын- дзытæ хуыздæр ад куыд кæной æмæ мын куыд тайой, дон иу бон куы баназон, уæд мын иннæ абонæй иннæ абонмæйы фаг куыд кæна, мæ хъæлæс бæзджындæр, хъæргæнагдæр, чи мæ смæсты кæна, уымæн йæ цæсгомыл бату кæнын куыд фæразон. Хуыцау бæхæн йæ куырдиат сæххæст кодта æмæ йæ теуа фес- тын кодта. Чидæриддæр федта теуайы, уый йæ зоны, куыд фыдуынд, куыд зылын-мылынтæ æмæ къæдз-мæдзытæ у, уый. Теуа доны йæхи куы федта, уæд йæхæдæг фæтарстис æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныууасыд. Хуыцауæй ма бæргæ куырдта, йæ фыццаг кондыл æй куыд ныууагътаид, фæлæ йæ куырдиат фæмæнг ис. Хуыцау ын загъта: — Мæ бар дæхи нæ ныууагътай, дæхæдæг дæхи зондæй дæхи срæсугъд кодтай; гъеныр дæ аххос дæхи у! Нæ теуа ма абон дæр фæсмон кæны йæ рæдыдыл, фæлæ йын хос нал ис. 83
Уæрцц æмæ уагъылы Раджыма-раджы, иттæг раджы, уæрцц ма бæласыл куы бад- тис, арс уæлмигъты куы тахтис, гъе уæд уыдис кæрдæгхæссæны мæй1. Уагъылы дидинæг æмæ сыфтæртæ рафтыдта, йæхи ног чындзау рæсугъд скодта, зæрдæйæн æхсызгон уыдис йæ уынд, фындзæн æхцон уыдис йæ тæф. Кæцæйдæр ратахтис æмæ уагъылыйы цъуппыл абадтис нæ тæллæхсыдз уæрцц. Уалынджы уæрццæн йæ быны аирвæзтис æмæ сахуырста рæсугъд дидинджытæ æмæ сыфтæрты. Уагъылыйæн хъыг уыдис æмæ ралгъыста: — Абонæй фæстæмæ дæуæн бар мауал уæд мæныл нæ, фæлæ æндæр бæласыл бадын дæр! Хуыцау дæ афтæ ралгъитæд! Уæрцц фæсмон нæ фæкодта æмæ йæхи нæ бафæдзæхста, та- буафси-хатыр нæ ракуырдта, фæлæ æдзæсгомæй загъта уагъы- лыйæн: — Бирæ ма дзур, фæлæ мын дæ дидинджытæй мæнæ мæ бын ныссæрф. Уагъылы йын фырмæстæй йæ къахы йæ сындз фæтъыста æмæ йын загъта: — Ацу ардыгæй, фесæф, уæрццаг фæу, ме ’мгæрон макуал æрцу! Уæрцц, рисгæйæ, атахтис æмæ сæгъыл фембæлдис. Уæрцц сæгъæн рахъаст кодта уагъылыйæ æмæ йын балæгъстæ кодта, мæнæ, зæгьгæ, уагъылыйы бахæр æмæ мын мæ маст райс. Сæгъ ын загъта: — Ау, æмæ мæнæ зæлдаджы хуызæн кæрдæг бахæрон уагъы- лыйы сындзыты бæсты, уый мын хуыздæр нæу?! Цæмæн бахæ- рон сындзытæ? Уæрцц сæгъмæ дæр смæсты ис æмæ дарддæр ацыдис. Уæд ыл мæнæ бирæгъ æрбамбæлдис. Уæрцц бирæгъæн афтæ загъта: — Уæ, бирæгъ, мæнæ дын сæгъæргæвдинаг, æмæ йæ аргæвд æмæ дзы мæ маст дæр райс... Бирæгъ ын загъта: — Дардмæ сæгъмæ цæуыны бæсты, мæнæ мæ цуры фыстæ куы хизынц, уæд фысы фæхсын бахæрон, сæгъы фыдæй уый хуыздæр нæу?! Уæрцц бирæгъмæ дæр смæсты ис, хъæумæ батахтис æмæ адæ- мæн загъта: — Уæртæ уым бирæгь æрбацæуы, æмæ йæм ацæут æмæ йæ амарут. Адæмы йæ дзырд нæ бауырныдта, æмæ фæдисы ничи ацы- дис. Бирæгъ дæр зæфцы фыдæй аирвæзтис удæгасæй! Хъæумæ дæр смæсты ис нæ уæрцц. Бацыдис зынгмæ æмæ йын рахъаст кодта хъæуæй, уымæн дæр загъта: 84
— Мæ маст мын сæ райс, ацу æмæ сæ басудз. Зынг не сразы ис æмæ йын загъта: — Ацы мур ма баззадтæн æртхутæджы мидæг æмæ, цалынмæ ардыгæй хъæумæ цæуон, уалынмæ мæ дымгæ, цæмæй зонын, чердæм фæхæсдзæнис. Зынгæй дæр нæ уæрцц тæргайæ ацыдис, донмæ бацыдис, до- нæн рахъаст кодта зынгæй æмæ йын загъта: — Бацу æмæ дзы мæ маст райс. Дон дæр нæ бакоммæ кастис æмæ загъта æфсонæн: — Ацы цъус доны хуыпп ма дæн æмæ, мæ алыварс цы адæм цæры, уыдон фаг дæр нæ дæн! Донæй дæр хъæстæй ацыди нæ уæрцц æмæ галæн балæгъстæ кодта, донæй йын йæ маст куыд райстаид æмæ уыцы дон куыд банызтаид. Гал дæр йæ коммæ нæ бакаст æмæ йын сæфсон кодта, зæгъгæ, нæ мæ хъæуы дон, нырма ныртæккæ банызтон! Галæй дæр йæ бон куы базыдта, уæд ацыдис æмæ уисæн ра- хъаст кодта æмæ дзы ракуырдта: — Рацу æмæ мын галы фæнæм æмæ мын дзы мæ маст райс! Уис ын æфсон скодта æмæ йын загъта: — Цы цъус цæрæнбонты ацардтæн, уыцы цæрæнбонты ба- хъуыдтæн хъуаджы дæр æмæ æнæхъуаджы дæр мæгуыр кусæг галты нæмынæн, мæхæдæг дæр ма ацы къуыдырæй баззадтæн æмæ мæ тæригъæдтыл фæсмон кæнын байдыдтон æмæ никæйуал нæмын! Уисыл дæр хъæстмæ фæцыд нæ тæллæхсыдз уæрцц æмæ кардмæ бацыдис, уымæн дæр балæгьстæ кодта, уисы куыд ныкъ- къуыхтæ кодтаид. Кард дæр ын нæ бакоммæ кастис, уый дæр æфсон скодта: — Уыцы уисы къуыдыр иттæг тæригъæдджын у, йæ цæрæн- бонты раст мæгуыр кусæг фосы фæнадта, æмæ æз ууыл æлгъ кæнын æмæ уый буармæ нæ фæцагайдзынæн. Уæрцц иттæг смæсты ис æмæ кардæн загъта: — Сæтти Бæттийыл худти, афтæмæй йæхæдæг бирæ ’взæрдæр уыди! Ды дæхæдæг уисæй сæдæ хатты тæригъæдджындæр дæ: уый галты нæмгæ кодта, ды та, галты æддейæ, иннæ фосы дæр æмæ адæмы дæр æргæвдгæ кодтай, ныр дæр кæныс! Нæ уæрцц хылгæнгæйæ ацыдис фæстаг хатт хъæстмæ, мыстмæ бацыдис æмæ йын сæрæй бынмæ йæ хъæстытæ ракодта; уагъы- лыйæ райдыдта, суанг кардмæ æрхæццæ æмæ йын загъта: — Ацу æмæ карды фистон бахæр æмæ дзы мæ маст райс. Мыст схыл кодта æмæ йын загъта: — Дæхæдæг дæ сæфт æмæ æрра æви мæн нымайыс æррайыл: карды фистон мын куы хæрын кæныс, уæд уыцы фистоны цы сойад уыныс? Мæ дæндæгтæ цас баихсийой, уыйас дзы цы пай- 85
да æмæ цы фарсыл бахæцинаг зоныс? Æз уый бæсты сырх мæ- нæу бахæрон, уый мын хуыздæр нæу?! Уæрцц йæ бынаты цавддурау баззади. Бирæ куы фæхъуыды кодта, уæд ма йæ фæстаджы сæрхъуы- зойæн гæдыйы равзæрста æмæ йæм фæцыдис хъæстмæ. Гæды- йæн ракодта йæ хъæстытæ сæрæй бынмæ æмæ йын загъта: — Мæ маст мын мыстæй райс, аргæвд æй æмæ йæ бахæр. Гæды йын йæ хъастмæ байхъуыста, йæхæдæг ын йæ тæрхон расидтис: - Ды дæхæдæг разындтæ азымджын: дæ тæллæхсыдз уæздан æмæ рæсугъд уагъылыйы цъупмæ схастай, бæстæ смагæй фесæф- тай, фæсмон фæкæныны бæсты ды ахæм æдзæсгом уæрцц-был- дыхъхъ разындтæ, æмæ дæ смаггæнаг сыдз уæздан уагъылыйæн сыгъдæг кæнын кодтай æмæ йыл хъæстытæ фæкодтай. Уый тых- хæй дæуæн æз аскъуыдцзаг кодтон ахæм тæрхон: абонæй фæс- тæмæ уæрццæн уагъылыйыл нæ, фæлæ иннæ бæлæстыл абады- ны бар дæр нал ис æнусы бонмæ, абонæй фæстæмæ уæрццæн йæ бадæнтæ, йæ хизæнтæ, йæ ахстонтæ уыдзысты хуымты æмæ уыгæрдæнты лыхъхъыты æмбæхстæй, æмæ уæрццæн йæ номыл уæлæвæрæн бафтаудзысты «былдыхъхъ». Гъе уæдæй фæстæмæ уæрцц бæласыл нал бады, хуымты æмæ уыгæрдæнты лыхъхъытæ агуры, уым ахстон кæны æмæ къуыртт дæр уым уадзы. Йæ сæрты йын дур куы аппарынц, уæд дæр нал атæхы, фæлæ йæ лыхъхъы нынныгъуылы. Иæхæдæг дæр йæхи уæрцц-былдыхъхъ хоны, æмæ йæ адæм дæр уæрцц-былдыхъхъ хонынц. Ерцъойы цад1 Тианетмæ æввахс, Бртъойы быдыры, раздæры рæстæджы ден- джызы хуызæн цад уыди, æмæ дзы ахстон кодта стыр залиаг калм. Уый-иу, кæмдæр, цадæн йæ былмæ арæх рахызт, фос-иу ас- къæфта æмæ сæ хордта. Иу ахæмы аскъæфта Къобалайы аргъуа- ны нывонд фыстæ æмæ сæ бахордта. Уымæ гæсгæ, Къобалайы аргъуаны дзуар йæ нывондаг фыры сыкъатыл алмаситæ бакодта æмæ йæ хæцынмæ рарвыста залиаг калммæ. Залиаг калм фæтарст æмæ хæхтæм алыгъд. Цад басур æмæ диссаджы быдыр фестад, æмæ йæ уæлæ адæм æрцард. Залиаг калм та алыгьд, Имерет æмæ Иры æхсæн Хъвирилайы доны райдианы цы стыр цад ис, уым бамбæхсти. Уымæ гæсгæ ацы цад æмæ, йæ алфæмблай цы хъæу ис, уый дæр Ерцъо схуыд- той.
ИСТОРИОН ТАУРÆГЪТÆ
ПАДДЗÆХТЫ ТАУРÆГЪТÆ Мачъидон Алыксан Раджыма-раджы, иттæг раджы, цардис мæгуыр æмæ лæппу паддзах. Йæ ном хуындис Мачъидон Алыксан, æмæ йын уыдис æрра нæл байраг. Байраг байрæзти, æмæ йæ саргъ æвæрын афон æрцыдис. Рæзгæ тынг егъау скодта, стæгджын æмæ онгджын иттæг уыдис: йæ бæрзæй домбайы бæрзæйы бæрц фæцыдис, иннæ уыр- сытæй йæм ничи уæндыдис. Йæ риуыгуыдырæй-иу кæй фæцæф кодта, уый-иу афæлдæхта, æмæ дзы æмризæджы рызтысты. Лæп- пу-лæгæй, хорз бæхыл бадджытæй йе ’мгæрон ничи уæндыди: кæмæн-иу йæ цонг ахордта, кæмæн-иу йæ хъус атыдта. Афтæ- мæй йæ уæлæ бадын никæй уагъта. Падцзах бирæтæм фæсидтис - хуыздæр æмæ хуыздæр бар- джытæм, фæлæ йын ничи ницы бафæрæзта, йæ дзыхы йын уидон ничи бакодта. Паддзах иттæг смæсты ис æмæ йæхæдæг йæхи рауæлдай код- та худинаг фæуыны бæсты: сфæнд ыл кодта йæхæдæг сбадын. Зæлдаг синаг йæ астæуыл æрбаста, йæхæдæг бæхмæ хъазгæ- худгæ хæстæг бацыдис æмæ йæм уыцы иу цæрдæг гæпп бакодта æмæ йе ’фцæджы йæхи ацауыгъта. Бæх ныххуыррытт кодта æмæ уæларвмæ фæхаудис. Паддзах дæр фæфидар ис йæ бæрзæйыл æмæ нæ рахаудта. Бæх дыккаг хатт йæхи фехста уæларвмæ, фæлæ паддзах но- джы фæфидар. Æртыккаг хатт фесхъиудта бæх, фæлæ паддзах ноджы фæфидар. Уæд æм бæх лæджы æвзагæй сдзырдта: — Ды мæнæн барæгæн сбæззыдтæ, æмæ æз та дæуæн бæхæн сбæздзынæн, — ма тæрс! Мæн гъеныр æртæ бонмæ ауадз æмæ уæгъд скъæрæны фæхизон. Уый фæстæ дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд дæ арт æмæ æхсонæй зынг ацæгъд, æмæ мыл зныхы сыгъды 89
тæф куы сæмбæла, уæд æз дæ разы февзæрдзынæн; кæмдæрид- дæр уон, уырдæм æз базондзынæн зныхы сыгъды смаг. Бæх ацыдис хизынмæ, паддзах та — йæ хæдзармæ улæфынмæ. Аргьау — тындзаг, аргъаугæиæг — фæлмæцаг! Иу бон куы уыдис, уæд дын хурыскæсæйнаг паддзах йæ арæ- ныл æрбалæууыд æд æфсæдтæ æмæ йæ минæвæртты æрбарвыста Алыксанмæ: — Кæд дæ дæ сæр бавæрын фæнды, уæд мын афæдзæй афæдзмæ хъалон фид дæс теуайы уаргъы сыгъзæрин æхца, æмæ дæ паддза- хад дæхи. Æз дæ хъалон исдзынæн, æмæ мæ, мыййаг, исты сæр куы бахъæуа, уæд мæм æфсæдцон адæмæй дæр фæкæс. Кæд ацы фидар уынаффæ сом ацафонмæ сæххæст кæнай, уæд хорз, кæн- нод мæхæдæг уырдæм куы бацæуон, уæд дын дæ сæр ралыг кæн- дзынæн, фæлæ нæ фехъуыстон ма зæгъ. Алыксан сын загьта дзуаппæн: — Цы мæ бон у зæгъын уый бæрзонддзинады раз! Зæгъут ын: тæккæ райсом уæ разы уыдзынæн, æмæ уæ цы фæнды, уый мын бакæнут. Уыцы сахатыл зынг ацагъта æмæ йæ бæхмæ фæдзырдта. Бæх йæ уæлхъус æрбалæууыд æмæ бафарста, цæмæ йæм фæдзырдта, уымæй. Паддзах ын радзырдта йе знаджы минæвæртты хабар. Бæх ын ныхас радта. Уыцы сахатыл Алыксан фæдис ныхъхъæр кæнын кодта фи- диуæгæн, æфсæдты æрбамбырд кодта æмæ сын расидтис йе зна- джы хабæрттæ, стæй загъта: — Райсом раджы сыстдзыстæм æмæ йæ размæ ацæудзыстæм. Йæ дыккаг райсом фæсидтис Алыксан йе ’фсæдтæм æмæ хæ- стæууæлтæй ацыдысты се знаджы размæ. Семæ акодтой æртæ урсбоцъо зæронд лæджы æмæ сын рад- той сæ къухтæм фæйнæ даргъ æнгуыры хъилы. Хъилты уæлæ бахуыдтой урс цыппарфисынон кæлмæрзæнтæ. Барвыста сæ знаг паддзахы размæ фидауынмæ æмæ сын зæгъинагæн бафæдзæхста Алыксан: — Æз нырма æнахъом дæн æмæ, хæст цы вæййы, уый уынгæ дæр никуы фæкодтон æмæ мæ хæцын дæр нæ фæнды, мæ ныфс нæ хæссын дæ ныхмæ æрлæууынмæ. Дæ сыгъзæрины хъалон махмæ нæ разындзæн, нæхи удæгæстæй куы ныууæй кæнæм, уæддæр. Уыйхыгъд дын ратдзыстæм хъалонæн, мулк нæм цыдæриддæр разына, уымæн йæ дæсæм хай, æмæ нæ æнæфхæрдæй ныууадз æмæ фæндараст фæу. Кæд ууыл разы нæ кæныс, уæд мын ме ’фсæдты цæгьдыны бæсты мæхи уды амар, æмæ уый фæстæ мæ бæстæтæ дæр дæу уыдзысты æмæ ме ’фсæдтæ дæр! Æрмæст нæ фидыд афтæ фæуæд: æз ме ’фсæдты бауромдзынæн де ’фсæдтæм дард — чъылбыс фехсыны дардмæ. Мæхæдæг дæм, бæхыл бад- 90
гæйæ, бацæудзынæн милмæ æмæ уым дæуæн мæхи милмæ æрæ- вæрдзынæн, æмæ мæ дæхæдæг дæхи карз хæцæн фатæй фехс æртæ хатты. Афтæмæй мæ кæд амарай, уæд ме ’фсæдтæ дæр дæу уы- дзысты æмæ мæ бæстæ дæр. Мæхи мын, раст мæ уд кæм сисон æмæ кæм амæлон, уым баныгæнын кæн дæ адæмæн. Кæд де ’ртæ æхстæн аирвæзон, уæд мæнæн дæр уæд æрмæст дыууæ æхсты бар, æндæр ницы курын! Уымæн æй мидæгæй йæ зæрдæ базыдта, ам цыдæр хины сыр- ды хъуыддаг ис, æндæра фæд-фæдыл æртæ æхстмæ йæхи милмæ куыд æвæры, йæ фаты фындзмæ, — йæ фатæн æрмæст йæ иу цæф дæр хъæдтæ æмæ дуртæ куынæ уромынц, уæд. Уæддæр уый æппæт æфсæдты æхсæн йæ сæрмæ кæм бахаста- ид фæтæрсын æмæ хæстмæ ма рацæуын. Минæвæрттæн паддзах сæ курдиатыл сразы ис æмæ сын загьта: — Ацæут, æз разы дæн, æмæ аходæн афонмæ уæртæ быдыры доны былмæ рацæут, æмæ уым фендзыстæм кæрæдзийы! Минæвæрттæ расидтысты Мачъидонæн паддзахы уынаффæ. Мачъидон йæ бæхмæ фæсидтис æмæ йын радзырдта йæ фи- дыды хабар. Бæх ын «ма тæрс» загъта æмæ йæ рахиз хъусырды- гæй æрбалæууын кодта æмæ йæ галиу хъусæй иннæрдæм рахи- зын кодта. Алыксан фестади иттæг хорз хæстæввонг лæг, уарт æмæ згъæрджын, æндон зæнгойджын æмæ æндон уæраджы чъи- риджын, йæ æрдын — тала уисхъæдæй, йæ æрдынбос — хъараба- хаг бур цыллæйæ; фатдон - цъæх æндон, хъæстæ фаттæй йедзаг! Хъæлдзæгæй, цыма чындзæхсæвмæ тындзыдтой, уыйау цы- дысты сæ нысангонд бынатмæ. Алыксан баурæдта йе ’фсæдты фæсзæнджы аууон, йæхæдæг уæлбæхæй бацыдис, йæ нысангонд бынаты йæ бæх баурæдта æмæ æнхъæлмæ кастис йе знаг пад- дзахмæ. Уалынмæ уый дæр фæзындис йæ бирæ адæм, йæ фæсдзæуин- тæ, йæ фæтæгтæ æмæ æндæртимæ. Кæрæдзийæн салам радтой, æмæ уый фæстæ Мачъидон йæхи айтынг кодта æмæ загьта: — Æз цæттæ дæн мæлæтмæ, фæлæ мауал фæстиат кæн, фехс мæ. Паддзахмæ иу æфсæддон иуæрдыгæй фат æрбалæвæрдта, иннæ æфсæддон иннæрдыгæй æрдын æрбалæвæрдта. Уæд фатæн йæ фындз асгæрста, æрдынæн — йæ бос æмæ сæ хæстмæ цæттæйæ куы федта, уæд фатæй æрхъавыдис раст Алык- саны цæстмæ. Алыксан æм цырдæй, æдасæй кастис. Цы уысмы фат суагъта паддзах, уыцы уысм Алыксан зæхмæ фæгуыбыр кодта рахиз фарсырдæм, цыма йæ ехс æрхаудта æмæ уый иста, уыйау. Фат сæрдзыд ауадис æмæ дард хохы рæбын тулдз бæласы зæнджы ныссагъдис... Паддзах фæмæстджын ис æмæ йын йæ галиу цæстмæ бахъа- 91
выдис. Алыксан та фат суадзыны уысм йæ бæхы бæрзæй йæ хъæбысы акодта æмæ йыл атыхстис. Дыккаг фат дæр та сæрдзыд ауадис æмæ та хъæдрæбын сæрджын сагыл сæмбæлдис æмæ уый амардта. Паддзах тынгдæр смæстджын æмæ æртыккаг фат фæцарæзта Алыксаны бæхы сæрмæ æмæ йæ барæджы зæрдæсæрмæ. Бæх зонд- джын уыдис æмæ уыцы уысм йæ сæр фæгуыбыр кодта зæхмæ, цыма хизгæ кодта, уыйау. Фат фæивгъуыдта бæхы сæрæй, фæлæ сæмбæлди саргьы фыц- цаг гоппыл... Уый апырх кодта æмæ сæмбæлдис Алыксаны цъæх æндон æртыдагъ уартыл, йæ æртæ цъары йын атыдта, згъæры мидæмæ батасын кодта æмæ Алыксаны бичъы бын фæцъæррæ- мыгъд кодта, фæлæ йæ хъуыды дæр не ’ркодта Алыксан. Куы фервæзти Мачъидон, уæд йæ худыл фидар ныххæцыд æмæ загъта: - Абон мæнæн мæ амонды бон уыд, æмæ æз адæмы хъуамæ рæвдаугæ бакæнон! Маргæ æмæ æфхæргæ никæй бакæндзынæн. Раздæр уал систа æмæ араппаг паддзахыл саст къæцæлтæ ба- калдта æмæ йын загъта. — Æз дæуæн удæсын дæ рæдыдтæ, нæ дæ марын, дæуæн дæ паддзахад стыр у, æмæ дæ адæмы хуымæтæджы магусатæ ма ахуыр кæн. Хæстыты хъуыддаг ныууадз æмæ хор æмæ фосы куыстмæ де ’ргом ратт æмæ сабырæй цæр. Мæнæн фиддонæн æмæ хъало- нæн алы афæдз дæтдзынæ, дæхæдæг мæныл цал теуайы уаргъы сæвæрдтай сыгъдæг сыгъзæрин кæнæ дæсæм хай уæ мулкæй. Дæ паддзахады сабырæй куынæ дарай, æмæ дыл æртæ хъасты куы ’рбацæуа, уæд дын дæ дыууæ цæсты скъахдзынæн æмæ дæ та- лынг ныккæнды фæдардзынæн, цалынмæ цæрай, уалынмæ! Йæ тæрхон æфсæддон адæмæн сæ зæрдæмæ иттæг фæцыдис æмæ æмро-ро-ро скодтой. Йе знаджы æфсæдтæ дæр æм æрба- лыгъдысты æмæ сæхи бафæдзæхстой Мачъидонæн. Аргьау — тындзаг, аргъаугæнæг — фæлмæцаг! Уыцы бон Мачъидонæн уыдис йæ дыккаг гуырæн бон, æгас дунейыл ахъæр ис йæ ном, йе ’хсар, йæ уарзæгой, йæ хæрзиуæг- джыны тæрхон æмæ йæ æнæнымæц хъæздыгдзинад. Лæджы цæстæн æфсис нæй, æмæ Мачъидон дæр уыцы æнæф- сис фæндагыл адзæгъæл ис. Иу ран нал æрæнцадис, куыд размæ цыдис, кæцы паддзахæдтæм хæццæ кодта, афтæ сæ саста æмæ æгас дунейы падцзахæдты басаста. Сæ сæртæ дæр æмæ сын сæ хъиамæттæ дæр йæхи куы бакодта, уæд йæ хæдзармæ цæуын æры- мысыдис. Бирæ фæцыдис, цъус фæцыдис, уый йæхæдæг зыдта, фæлæ иу хур бон хорз кæрдæгджын быдыры, цæугæдоны былыл йе ’фсæдтæн бонасадæн æркодта. Мачъидон уыцы донæй куы банызта, уæд дисы бафтыдис: 92
ахæм адджын æмæ йæм хæрзад фæзындис, æмæ йæ цæрæнбонты ахæм дон никуы банызта. Æвиппайды афæнд кодта, уыцы донæн йæ донгуырæн кæм ис, уый ссарын æмæ фенын. Йе ’фсæддонтæй дыууæмæ фæ- дзырдта æмæ араст кодтой дон-дон уæлæмæ. Йе ’фсæдты хистæрæн загъта: — Цалынмæ æз æрыздæхон, уалынмæ уал ам аулæфут æмæ уæ фосы дæр æмæ уæхи дæр знаг æмæ сырдæй цырд хизут. Дон-дон цæуынтæ райдьщтой, цæуынтæ райдьщтой... Бирæ фæцыдысты, цъус фæцыдысты, уый сæхуыдтæг зыдтой, фæлæ йæ фæстаджы бон бахæццæ сты иу стыр, бæрзонд æмæ даргъ чъырын галуанмæ. Галуанæн йæ рагъыл чъырынимæ ныффидар кодтой хъамайы фындзтæ, йæ сæртыл асинтыл дæр рахизæн куыннæ уыдаид. Га- луанæн йæ бацæуæны уыдис стыр бæрзонд æмæ уæрæх дывæр- сыг æфсæн дуар æфсæн гуыдырæй æхгæд. Лæууъщис дзы æрмæст иунæг лæг дуаргæсæн, хæцæнгарз æм нæ уыдис, æрмæст иунæг джебогъы йеддæмæ. Алыксан æм бадзырдта: — Дуар нын бакæн. Уый йын дзуапп радта: — Нæй дуар бакæныны бар дæр æмæ мидæмæ бацæуыны бар дæр. Алыксан фæхъæр кодта: — Æз чи дæн, уын зоныс? Тагъд дуар бакæн, æз Алыксан Мачъидон дæн! Дуаргæс æм йæ цæхæр цæстытæй æрбакастис æмæ йын загьта: — Чи фæнды фестай, уæддæр дын гъе уырдыгæй иу къах- дзæф дæр æрбахизæн нæй, æмæ тагьд, кæцæй æрцыдтæ, уырдæм аздæх! Йæ цæстытæ йæ афтæ бадомдтой, æмæ ма йæ цъус бахъуы- дис йæ бæхæй рахауынмæ: йæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста, йæ буары та цыма алы ран дæр туастæ фæтъыстæуьщ, афтæ фæ- цис, йæ уæнгты тыхтæ æ^ызгъæлдысты, дзæвгар рæстæджы дзу- рын дæр нал сфæрæзта. Иæ бæх дæр йæ быны ныррызтис æмæ йæ хъустæ æрæппæрста. Æрæджиау, куы ’рчъицыдта, уæд æй йæ зæрдæ базыдта, уый хуымæтæджы лæг æмæ дуаргæс кæй нæ уыдис. Йæ бæхы раздæх- та фæстæмæ, фæлæ ма йæ иу ныхасæй бафарста: — Уæдæ ма мын уый бацамон, лæджы цæст цæмæй бафсæд- дзæн? Уый йын лæджы цæсты къуырфы стæгдар раппæрста йæ фæдыл æмæ йын загъта: — Гъе уый ахæсс демæ æмæ йæ тæразыл æрæвæр æмæ гъе уый æмуæзæй бафсæдцзæн лæджы цæст, æндæр ницæмæй. Стæгдар рахаста рæуæгæй йæ дзыппы. Йе ’фсæдтæм куы 93
’рхæццæ ис, уæд тæраз æрхæссын кодта æмæ йыл æрæвæрдта иуæрдыгæй стæгдар, иннæрдыгæй йæ фат, æмæ йæ не ’рласта. Уый йæхинымæры бадис кодта æмæ та æрæвæрдта дыккаг фат дæр, æртыккаг дæр, стæй йæ фатдон йæ фæттимæ иууылдæр, фæлæ йæ нæ фезмæлын кодтой. Йæхæдæг дæр дисыл бафтыдис æмæ, йæ алыварс чи лæууыдысты, уыдон дæр. Уалынмæ адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой æмæ радзур-ба- дзур кодтой, фæлæ йын ничи ницы æмбæрста. Фæстагмæ Ма- чъидон йæ цилхъ дæр æрæвæрдта, йæ уарт дæр, фæлæ йæ уæд- дæр нæ фезмæлын кодтой. Уæд æрæджиау иу урсбоцъо лæг бæ- гъæввадæй æмæ бæгъæмсарæй бызгъуырты мидæг æрбацæйцы- дис йæ фæндагыл, æмæ йæм паддзах фæдзырдта. Фенын ын кодта тæразы уæлæ стæгдары мур æмæ уый æппæт гæрзтæ, æмæ стæг- дар уæззаудæр кæй уыдис, уый. Зæронд лæг æркастис æмæ уый куы базыдта, стæгдар лæджы цæсты къуырф у, уæд тæразæй гæрзтæ айсын кодта. Йæхæдæг цæсты къуырф йæхимæ систа æмæ йæ сыджытæй байдзаг кодта, сыджыты тæразæн йæ иу фарсы ауагъта, йæ иннæ фарсыл та стæгдар æрæвæрдта. Уæд стæгдар фæгæпп кодта, сыджыт та зæх- хыл йæ бынаты æнæфезмæлгæ лæууыдис! Лæджы цæст ницы бафсаддзæн сыджыты йедцæмæ. Цæстæн цас фылдæр уа, уыйас æй фылдæр хъæуы. Лæг куы амæлы æмæ йыл сыджыт куы бакалынц, уæд бафсæды, ницыуал æй фæхъæуы. Уыцы тæраз Мачъидонæн хосау фæцис, æмæ уый фæстæ са- бырæй фæцардис йæ амæлæты бонмæ. Макъедон Александр Макъедон Александр ахæм паддзах уыд, æмæ-иу лæгæн йæ сæры урсытæ куы фæзынд, уæд-иу æй марын кодта. Иу лæппуйæн йæ фыды зачъеты урсытæ фæзынд. Уæд уый йæ фыды фервæзын кæнын сфæнд кодта. Уый тыххæй марды чырын скодта æмæ йæ змисæй байдзаг кодта, йæ сæр ын æрæх- гæдта æмæ загъта Макъедон Александрæн: — Мæ фыды сæры урсытæ фæзынд, æмæ йæ де ’гъдаумæ гæсгæ амардтон æмæ йæ бавæрдтон. Уæд ын Макъедон Александр раарфæ кодта æмæ йын загъта: - Бузныг дæ дæн, мæ зæгъын дын кæй нæ бахъуыд æмæ дæ падцзахы бæсты æгъдау кæй сæххæст кодтай, уымæй. Йæхæдæг та уыцы лæппу йæ фыды маргæ нæ акодта, фæлæ йын скодта зæххы бын цæрæн. Афтæмæй йæ фыд уым цард: йæ хæринаг дæр уым æмæ йæ æндæр дæр — уым. Уæд иу бон куы уыди, уæд Макъедон Александр фæхъæр кодта йæ адæмыл: 94
— Хорз кард æмæ хорз топп мачи равзарæд, хорз бæх та фæс- тейæ мачи ныууадзæд! Куыннæ сæххæст кодтаиккой стыр паддзахы дзырд! Лæппу йæ фыдмæ ныццыд æмæ йын загьта: — Нæ паддзах йæ адæммæ расидт æмæ загьта: «Хорз кард, хорз топп мачи равзарæд, хорз бæх та фæстейæ мачи ныууадзæд, аф- тæмæй æрæмбырд ут». Фæлæ цы кæнынмæ хъавы, уый ничи зоны. — Хорз, — зæгьгæ, загъта зæронд лæг. — Ды мын цы хæрзтæ бакодтай, ды мыл цы хъиамæт фæкодтай, уыдон дын ныр æз иунæг сахатмæ баххæст кæндзынæн. Нæ паддзах зæххыл æнæсаст бæстæ нал ныууагьта æмæ, кæд ныр искуыдæм æфсадæй цæуын- мæ хъавы, уæд цæуы удæгасæй дзæнæт басæттынмæ æмæ, Хуы- цауæн æнæуарзон хъуыддæгтæ кæй кæны, уый тыххæй фыдвæн- даг кæндзæн, æмæ дын фæнд кæнын. Уый, хорз кард, хорз топп мачи равзарæд æмæ хорз бæх мачи ныууадзæд, зæгъы, фæлæ дын æз та зæгьын: хорз кард ма ахæсс, хорз топп дæр ма æхæсс æмæ бæхæй дæр ногзад ефсыл фæцу, йæ байраг та йын ам ныууадз. Бирæ фæцæудзынæ зæххы бын талынг фæндагыл æмæ бахæццæ уыдзынæ дзæнæтмæ. Дзæнæты Макъедон Александрæн бынат нæ уыдзæн удæгасæй æмæ йын фæстæмæ раздæхын та тынг фæзын уыдзæн. Æмæ уæд ды бæхæн йæ къæдзилыл бæндæн сбæтт. Бæн- дæн хæсс демæ. Уый фæстæ бæхæн йæ бар йæхи ауадз. Ефс йæ байрагмæ цæудзæн æмæ дæ афтæмæй ардæм хæццæ кæндзæни. Зæронд лæг йæ фырты Сафайыл бафæдзæхста, æмæ йæ ра- фæндараст кодта. Рараст и Макъедон Александр йе ’фсæдтимæ. Зæххы бынмæ бацыдысты æмæ афтæмæй цæуынтæ байдыдтой. Хуыцау зоны, цæйбæрц фæцыдаиккой, фæлæ дын, разæй чи цыд, уый ауыдта: иу рухсы цъыртт кæцæйдæр ферттывта. Раззæгтæ сæ бæхты уыцы рухсмæ ныццæфтæ кодтой, фæлæ рухс цыдæр æрбаци. Хъахъхъæнынц, кæд ма уыцы рухс искуыцæй фæзынид. Иучы- сыл рацыди, афтæ та уыцы рухс ферттывта. Уыцы рухс-иу фер- ттывта, дзæнæты дуар-иу куы фегом, уæд. Раззæгтæ сæ бæхты ныццæфтæ кодтой, æмæ дзы иу фæфалæрдыгæй. Дзæнæты хæдгомгæнæг дуæрттæ уый куы базыдтой, дзæнæтмæ цæрдуд адæм æрбацæуы, уæд фæстæмæ ныггуыпп кодтой æмæ афтæмæй дыккаг лæджы фæдыууæдихы кодтой. Ныр дыгур афтæ зæгъынц, цыма дзæнæты удæгас лæг æмæ æрдæг ис. Макъедон Александр, цы ’рцыд, уый куы базыдта, уæд фæ- хъæр кодта йе ’фсадыл: — Цæугæут! Ныр, лæг чи у, уый фæстæмæ цæуæд! Фæлæ зæххы бын талынг куыд нæ уыд, æмæ ницы уыдтой. Цы ран лæууыдысты, уым сæ бæхты иннæрдæм разылдтой æмæ цæуынтæ байдыдтой. 95
Цыдысты, цыдысты, æмæ Хуыцау зоны, цæйбæрц фæцыды- сты. Уæд та цырагъ ныррухс кодта. Кæсынц æмæ дис кæнынц — сæ фыццаг бынаты та лæууынц. Зæххы бын бирæ фæндæгтæ уыд, æмæ фæдзæгъæл сты, æмæ сæ афтæмæй Хуыцау сæ фыццаг бынатмæ æрхаста. Баулæфыдысты æмæ та сбадтысты сæ бæхтыл æмæ та цæ- уынтæ байдыдтой. Цæйбæрц фæцыдаиккой, Хуыцау сæ зонæг, фæлæ та æрхызтысты сæ бæхтæй. Цырагъ та ферттывта, кæсыннц ~ æмæ та сæ фыццаг бынаты фестадысты. Афтæмæй фæхъизæ- мар кодтой. Уæд зæронд лæджы фырт, ефсыл чи бадт, уыцы лæппу загъта: — Цæй, мæ коммæ дæр бакæсут æмæ нæ зæххыл сæмбæлдзы- стæм. Мæнæ мæ бæхæн йæ къæдзилыл бæндæн бабæтдзынæн, æмæ, бæндæныл хæцгæйæ, мæ бæх чердæм цæуа, уырдæм мах дæр цæудзыстæм. Мæ бæх ногзад у æмæ цæудзæн йæ байрагмæ, йæ байраг та йын нæхимæ ныууагътон. Гъе афтæмæй мах уæл- дзæх фæуыдзыстæм. Макъедон Александр лæппуйы коммæ бакаст, æмæ афтæмæй рацыдысты дæлдзæхæй. Уый фæстæ Макъедон Александр æрæмбырд кодта адæмы æмæ сын сæ разы лæппуйæн стыр арфæтæ фæкодта. Уæд ын лæппу загъта: — Æз мæхи зондæй нæ бакодтон уыцы хъуыды, мæ фыд мын æй бацамыдта. Мæ фыды æз нæ амардтон, зæххы бын ын хæдзар скодтон, æмæ ныр дæр уым цæры. Бирæ йæ уарзтон æмæ дæу дæр уымæн асайдтон. Ныр мын цы кæныс, уый мын бакæн! Уæд ын Макъедон Александр йæ фыды ракæнын кодта æмæ адæмы раз загъта: — Ды махæй зондджындæр дæ æмæ ды хъуамæ уай паддзах! Афтæмæй зæронд лæг паддзах сси. Зæронд лæг, ног паддзах, фыццаг хорз архайдта, фæлæ уый дæр фæстагмæ хъал кæнын байдыдта æмæ айдагъ йæхи царды бацыд, адæмы хъуыды дæр нал кодта. Цытæ сын нæ кæнын кодта! Иу хатт та йæхицæн дурæй æрчъи рæхсæнтæ кæнын код- та. Агуырдтой адæм, фæлæ — кæм?! Нæ ардтой. Паддзах мæсты кæнын райдыдта. Фæстагмæ æрæги-дуругитæ ссардтой быдыры иу фыййауы. Радзырдтой йын сæ хабар. Фыййау сразы ис. Уæд æм паддзах рацыд быдырмæ æмæ йын загьта: — Скæндзынæ ды дурын рæхсæнтæ? — Цæмæннæ скæндзынæн, куы мын бацамонай, цы дур æмæ сæ куыд кæнон, уый, уæд. Паддзах йæхимæ æркасти æмæ ахъуыды кодта йæхинымæр: «Цæй æнæзонд дæн, цытæ кæнын, уый мæхæдæг дæр нал зонын! Ацы фыййау — мæнæй зæндджындæр, мæнæн ме ’нæзонддзинад чи базонын кодта». Стæй загъта фыййауæн: 96
— Мæ разæй ды дæ паддзахиуæг кæныны аккаг, уымæн æмæ ды мæнæй зондцжындæр дæ. Амæй фæстæмæ ды у падцзах! Афтæмæй уыцы фыййау спадцзах и. Уыдонæй цы нæ федтай, æндæр рын дæ ма уæд. Ос-Бæгъатыр æмæ Цæразонтæ Цæразонæн1 уыди авд фырты, куыд хъуыстон хистæргæй, афтæ- мæй. Цæразон йæхæдæг базæронд, æмæ иу хатг йæ фырттæ авдæй хос карстой. Цæразон афтæ базæронд, æмæ-иу йæ дыууæ хæдбыны йæ иу къахыл скодта. Чындзьпæ йæм нæ уæндьщысты сдзурын. Уæд чьшдзытæ йæ фыртгæм арвыстой, уæ фыд базæронд, зæгыæ. Йæ фырттæй йæм иу æрцыд, йæ цæвæг ныссагьта, афтæмæй йæ фæрсы: — Цы кæныс, мæ фыд? — Цы ма кæнон, мæ чындзытæ мын мæ иу дзабыр бамбæх- стой. — Алæма, кæцы къахы дзабыр у, — зæгъгæ, загьта фырт, æндæр æм нæ уæндыд, йæ дзабыртæ иу къахыл скодта, уый зæгъьга. Уæд фырт федта фыды къах æмæ загъта: — Баба, дæхæдæг куы фæрæдыдтæ, дыууæ дзабыры иу къа- хыл куы скодтай мæнæ. — Уæдæ ацу ныр æмæ фыййаумæ ссу æмæ далыс ахæсс æмæ йæ Мыкалгабыры бын2 аргæвд: Цæразоны цæрын нал фæнды! - Йæхæдæг рацу-бацу кодта йæ зæрдæйы дзæбæхæн, иу ран сы- вæллæтты ауыдта æмæ сын загъта: — Акæсут, Мыкалгабыры бынæй фæздæг ссыди æви нæма? Фæздæг ссыди, уый куы базыдта, уæд бацыд хæдзармæ æмæ загъта: — Гъеныр мын хуыссæн æрæвæрут хæдзары лæгъзы! Уым ын хуыссæн æрæвæрдтой, лæг йæхиуыл дзуар бафтыдта æмæ амарди. Цæразонæн баззад фырттæ. Дыууæ дзы уыди сауджынтæ, хуыд- той сæ беритæ. Иу дзы йæхи айста Гуырдзымæ, иннæтæ уыдыс- ты Ос-Бæгъатыр, Сидæмон, Хъусæгон æмæ Тидила3. Гуырдзыйы мæликк4 æмæ Цæразон уыдысты æмсæртæ. Ос- Бæгъатыр рахаста гуырдзиаг мæличчы чызджы, æмæ йæ фæхуыд- той уый тыххæй «Оси-Бæгъатыр» — ирон лæг хъæбатыр. Уый фæстæ мæликк æркодта йæ адæмы йæ чызджы бæрæггæ- нæг. Мæликкæн Кучитæ-Цыгьойтæ йæ чызджы ирæд бафыстой, æмæ фæстæмæ аздæхт. Ос-Бæгьатырмæ нал ауæндыд: «Уыйбæрц хъару кæмæ разынд, уый мын мæ адæмы дæр фæцæгъдцзæн», — зæгъгæ. Ос-Бæгьатыры цæуæтæй ма баззад Цæразонтæ. Уыдон нæ фæцудын кодтой сæ фыды худ. Йæ фыды туг нæ байсысын 7 Ирон таурæгътæ 97
кодта Ос-Бæгъатыр æмæ Цæразоны ном баззад Ос-Бæгъатыры цæуæтæн. Цæразонты цæуæтыл нымайын æз Хъæлыйаты, Тлийы, Зæрæмæджы, Нузалы, Бады, Къорайы, Луары, Æрхоны, Доны- сæры æмæ Уыналы, ома Ос-Бæгъатыры баззайæццаг. Ос-Бæгъатыр паддзах нæ уыд, фæлæ уыд къалор5 Хидис-къа- ры къахырæй Ныхасы къахырмæ. Хъахъхъæдта йæ адæмты, йæ цæуæты. Ирон адæмæй хъалон нæ иста... Гуырдзыйырдыгæй хъахъхъæдта йæ каис къалор, ацырдыгæй та — йæхæдæг. бсобайы заман кæй уыди, уый тыххæй хъæутæ æмæ мыг- гæггæ кастысты сæ коммæ. Уыцы рæстæджы-иу искуыцæй коммæ тых куы ’рцыд, уæд мæсыджы сæр бадтис хъахъхъæнæг, æмæ тых кæцырдыгæй фæзындаид, уыцырдыгæй-иу мæсыджы сæрмæ асыгъта нæзы цырагъ кæнæ хъæмпы гуцъула хъилыл бастæй. Уымæй бæрæг кодта фæдисы хъуыддаг. Æддагон тыхгæнæг-иу куы ’рцыд, уæд цыдысты иумæ йæ ныхмæ. Цъæй, Ход, Зджыд, Бад сты Хъусæгоны цæуæт. Мызур, Ногхъæу, Сулæрттæ сты Цъæхилоны цæуæт. Сидæмоны цæуæт сты: Цъамад, Быз æмæ Зынцъар. Хъусæгоны хуыдтой «Хъусæгон» уый тыххæй, æмæ уыдис æнæзонддæр æмæ-иу ын загътой: «Цы дын дзурæм, уымæ хъус, æндæр дæ цы бон ис!» Сидæмоныл «Сидæмон» сæвæрдтой уый тыххæй, æмæ-иу ын цы расидтысты, ууыл разы уыд. Цъæхил æмæ Цæразон иу нымад уыдысты æд цæуæт. Сидæмон æмæ Хъусæгон уыдысты цухдæр мыггаг, уый тых- хæй æмæ Цæразонтæ æмæ Цъæхилонтæ тыхджындæр уыдысты. Лæгдыхæй къаддæр чи уыд, уыдоныл тыхджындæртæ æвæрд- той «сау мыггаг», зæгъгæ. Уымæн æмæ фæдисмæ нæ цыдысты, тарстысты фесæфынæй, сæ мыггаг аскъуыйынæй. Фæдисы цы- рагъы рухс-иу куы федтой, уæд-иу бамбæхстысты. Нузалы фидæрттæ сты Ос-Бæгъатыры арæзт, стæй Къасарайы Зылын дзуар6 дæр. Нузалæй мидæмæ нæ уагъта тыхгæнæг. Уыцы рæстæг уыд бсобайы рæстæг. Нæ уыд закъон, паддзах, адæм цагъ- той кæрæдзи. Æндæр Ос-Бæгъатыры тыххæй ницы фехъуыстон. Сау лæ- джы хæсты æрвыстой разæй, уымæн æмæ йæ ничи мардта. Ос-Бæгъатыр æмæ Тамар-непе1 Ос-Багъатыр Иры паддзах уыди æмæ сфæнд кодта гуырдзыйы паддзах Тамар-непейы ракурын. Тамар-непейы дæр фæндыд Ос- Бæгъатырæн. Ос-Бæгъатыр чырыстон уыд æмæ иры дæр чырыс- тон уый скодта. Тамар-непе йæхæдæг æфсадимæ дæр цыд, аргъ- уантæ дæр уый скодта. Нузалы дæр сарæзта иу аргъуан. Иннæтæ 98
та Галуаты рагъ Мацхарайы сæр скодта, фæлæ уыцы аргъуанæй йæ бындуры йеддæмæ ницыуал ис. Ос-Бæгьатыр Калакмæ не- пемæ æрцыд, æмæ бафидыдтой: чындзæхсæв ахæм скодтой, æмæ æртиссæдз галтæ, æртæ фондзыссæдзы лыстæджытæ ныццагъ- той. Адæм дæр дзы бирæ уыд. Фынгтыл та хъуымац тыд уыдис, чындзæхсæв уыд Дидубейы фæзы. Уæдæй фæстæмæ Ос-Бæгъа- тыр Калачы цардис непеимæ. Ирмæ дæр-иу æрбацыд Ос-Бæгьа- тыр уынынмæ, стæй та-иу Калакмæ аздæхт. Бирæ фæцард Кала- чы непеимæ. Уæд иу сæрды тынг фæрынчын Ос-Бæгъатыр æмæ амард. Непе йæ аласын кодта Цхетамæ. Цхета, дæр чырыстон бæстæ уыд, æмæ йæ Цхетайы баныгæдтой. Тамар мой куыд скодта Ерекъле-паддзахæн1 цотæй æрмæст иунæг чызг уыди. Пад- дзах куы базæронд, уæд йæ паддзахад радта йæ чызгмæ. Чызг æртæ азы куы фæцис паддзахæй, уæд ын йæ фыд æмæ йæ мад загьтой, мой скæн, зæгъгæ. Чызг нæ коммæ каст, мæ аккаг лæг нæй, зæгъгæ. Уæд сарæзтой бæрзонд лæууæн чызгæн æмæ æрæм- бырд кодтой усгурты ~ кънйæзты... Усгуртæ сыгьзæринæй, æвзи- стæй, хæрдгæйæ фæтасын нæ куымдтой, хурау худтысты, стъа- лытау æрттывтой. Тамар сæм бирæ фæкаст, стæй йæхи бандо- ныл æнæдзургæйæ æрæппæрста æмæ йæ мадæн загъта, уым мæ аккаг лæг нæй, зæгъгæ. Уыцы заманы та Ос-Бæгъатыр афтыд Гуырдзыстонмæ йе ’фсæдтимæ. Уый куы айхъуыст, уæд Ерекъле йæ чызг æмæ йæ усимæ рацыд Ос-Бæгъатырмæ, æмæ Къуары доны былыл дардæй ауыдта Тамар Ос-Бæгъатыры, стыр цъæх бæхыл бадгæ, æмæ загьта йæ мадæн: — Гъеныр мæхицæн лæг ссардтон, лæгыл фæхæст дæн. Тамары рахаста Ос-Бæгьатыр Ирмæ. Иры цалдæр азы фæ- цард дæлæ Æхсины бадæны...2 Тамар-дедопали Раджы заманы зæхх никæй къухы уыди: нæдæр паддзахы, нæдæр æлдары, фæлæ æрмæст Хуыцауы къухы. Стæй адæм куы сбирæ сты, уæд æй Хуыцау дæр ныууагъта. Уæд фæзынди Тамар-дедопали, Чырыстийы чызг, æмæ уый къухы бафтыд зæхх, Хуыцау æй куы ныууагьта, уæд. Бирæ рæс- тæг амондджынæй паддзахиуæг кодта... Уæд адæмы ’хсæн райдыдтой дзурын: «Нæ ус-паддзах хорз паддзах у. Фæлæ мах та цы фæуыдзыстæм, махæй куы ацæуа кæнæ уæларвмæ куы ссæуа, уæд!» 99
Æмæ æрымысыдысты афтæ бакæнын: бадардзысты йын фы- нæйы хос, стæй йæм бауадздзысты иу дзæбæх лæппуйы, цæмæй йын лæппу райгуыра æмæ йæ паддзахæй сæвæрой. Стæй ард ба- хордтой, лæппуйы не схъæр кæндзысты, зæгъгæ. Кæд паддзах фæрса, чи уыд, уæд ын дзурдзысты: æппæт йæ къухы цы адæм сты, уыдон. Науæд ын æй куы бацамоной, уæд æй амардзæн. Ныхъхъуыды кодтой, стæй йæ кæнгæ дæр бакодтой. Райсомæй ус фæфиппайдта: цыдæр ыл æрцыд. Æмæ йæ адæммæ фæсидт æмæ сæ фæрсы: — Чи уыд, чи йæ æрымысыд? Адæм загътой: — Иууыл мах стæм, æмæ нын цы кæнинаг дæ, уый нын бакæн! Цы гæнæн ма йын уыд, адæмы иууыл куыд ныццагьтаид, уæд ма паддзах та кæмæн уыдаид!.. Афæдз дæр нæма рацыд, афтæмæй йын лæппу райгуырд. Уæд йæ цуанонтæн загъта: — Айсут ацы лæппуйы æмæ, адæймаг дæр æмæ сырд дæр кæдæм нæ фæразынц цæуын, уым æй дард аппарут. Хуыцау мæ куы базона, мæнæн æнæмоймæдзыдæй лæппу райгуырди, уый, уæд мæ амардзæн. Цуанонтæ айстой лæппуйы, ахастой йæ æмæ йæ дард аппæр- стой. Аппæрстой йæ æмæ фæстæмæ сæхимæ æрыздæхтысты. Рацыд цалдæр азы. Иу хатт цуанонтæ цуан кодтой æмæ баф- тыдысты, лæппуйы кæм аппæрстой, уырдæм. Лæппу удæгасæй баззад, саг æм цыдис æмæ йын æхсыр лæвæрдта. Иу хатт саг хуыссыд лæппуйы фарсмæ æмæ йын дзидзи дардта. Цуанонтæ хъримаг фæдардтой сагмæ, фехсæм æй, зæгъгæ, фæлæ саг фæ- гæпп ласта, лæппу та кæугæ скодта, фæдзидзихъуаг. Цуанонтæ дисы бахаудтой, ай хæйрæг уыдзæн, зæгъгæ. Ба- цыдысты æмæ бæмбæджы хуызæн урсцъар лæппуйы ауыдтой æмæ бамбæрстой, саг æй кæй хæссы, уый. Ныууагътой йæ уым, рацыдысты хъæумæ æмæ радзырдтой Тамарæн, цы диссаг федтой, уый. Уый уайтагъд хъуыддаг фем- бæрста æмæ сын загъта: — Ацæут æмæ йæ ардæм æрхæссут, нал дзы ис æндæр гæнæн, хъуамæ йæ схæссон. Мæ хъæбул куы у! Райдыдта йæ мады хæдзары рæзын лæппу. Куы слæг и æмæ æнæ йæ мад адæмыл паддзахиуæг кæнын йæ бон куы ссис, уæд-иу Тамар ацыд йæ бæстæ уынынмæ, лæппу та-иу хæдзары баззад. Уæд мит нæма уыд, райсомы стъалы Бонвæрон уыди Тамары уаты æхгæд. Мад куы ацыд, уæд лæппу райдыдта уæтты зилын æмæ, Бонвæрон кæм уыд, уыцы уат дæр байгом кодта. Уый дæр атахт уæларвмæ, æмæ мит уарын райдыдта. Тамар уайтагъддæр базыдта, чидæр Бонвæроны рауагъта, уый æмæ фæстæмæ хæдзармæ бæхыл раздæхт. Æрдæгфæндаг куы уыд, 100
уæдмæ мит афтæ уарыд, æмæ бæх размæ ацæуын нал фæрæзта. Уæд Тамар ралгъыста йæ бинонты: дуртæ фестут, зæгъгæ. Æмæ дуртæ фестадысты. Йæхæдæг та уæларвмæ стахт. Паддзах сси йæ фырт, Бахæр, зæгъгæ. Ос-Бæгъатыр æмæ хан Гуырдзыстонмæ æрбабырстой тæтæр æмæ лекъ1 æмæ йæ хъа- выдысты басæттынмæ. Тыхджын æмæ хъæбатыр Ос-Бæгъатыр сæ басаста, бирæ сæ фæцагъта, афтæмæй. Уæд тæтæры хан бар- выста Иры паддзахмæ: ~ Кæд афтæ хъæбатыр дæ, уæд лæгæй-лæгмæ рахæцæм: чи фæуæлахиз уа, уый иннæйы бæстæ йæхи бакæнæд. Бадзырдтой доны рахæцынмæ. Ос-Бæгъатыр афтæ тыхджын уыд, æмæ æнцонæй скъуыдта галдзарм. Уый тыххæй йæ ныфс уыдис йæ цæнгтæй, фæлæ йæ йæ ныфс фæсайдта: тæтæры хан ыл сайдæй рацыд. Раластой сæ дзаума, хан йæ цырыхъхъытæ йæ уæлæ ныууагъ- та. Кæрæдзимæ дыууæ уæйыгау бацыдысты. Хан цыма йæ цы- рыхъхъ ласы, уыйау цырыхъхъы хъусæй дамбаца фелвæста æмæ йæ Ос-Бæгъатырыл фæкодта. Афтæмæй тæтæр басастой иры, сæ иу хай сын семæ акодтой, се ’ннæ хай та хæхтыл ныппырх сты. Ос-Багъатыры мард ирæттæ адавтой æмæ йæ баныгæдтой. Сыбайы1 дзуар Паддзах Дауыт-Сосланы амарды фæстæ Тамар-дедопали - Гуырдзыйы падцзах — æрбацыд Сыбамæ. Сыбайæн уыдис ку- вæндон - Сыгъзæрин дзуар — бæлæсты бын, æмæ дзы Тамар хæдзар саразын кодта. Сыба уæдæй фæстæмæ кувынц уымæн. Уæлдайдæр, Сыбайы адæм йæ фæдон кæй сты, уымæ гæсгæ. Тамар сæм сауджынтæ æркодта æмæ хиуыл дзуар æфтауын бацамыдта, сауджынтæ сын баурæдта. Дзуары Алардыйæн æвæр- дтой æхца æмæ арахъ. Кæд-иу арахъ байсыст, уæд-иу дзырдтой: «Æвзæр аз у». Кæд-иу нæ байсыст, уæд дзырдтой: «Хорз аз у». Уæдæй фæстæмæ Сыбайы Сыгъзæрин дзуар баззадис кадцжы- нæй хохбæсты. Æхсины бадæн Къасарайы Хиды фидар хуыдтой Æхсины бадæн. Куыд дзыр- дтой, афтæмæй уым раджы заманы бадт æхсин æмæ йын уыд æфсад дæр. Уыцы æхсины йæ фыд сусæгæй акодта Гуырдзымæ, йæ мой хæтæны куы уыд, ахæм заманы. Йæ мой, Ос-Бæгъатыр, 101
куы ’рцыд хæтæнæй, уæд æрæмбырд кодта æфсæдтæ æмæ ацы- дысты Гуырдзымæ... Ос-Бæгъатыр цингæнгæ фæцæйцыд чысыл Леуахи-доныл. Уым йæ ехс куы фæхъил кодта бæх æрцæвынмæ, уæд æм гуыр- дзиаг кънйаз æууæнкæй бахъавыд æмæ йын фæцæф кодта йæ дæларм. Ос-Бæгъатыр фæмард, æмæ ныппырх сты йе ’фсæдтæ. Уыдонæй бирæтæ баззадысты Гуырдзыстоны цæргæйæ æмæ ус- тытæ æрхастой. Ос-Бæгъатыр æмæ паддзах Ос-Бæгъатыр Мызурæй рацьщ æмæ суанг Сурамы1 æфцæгæй Цхетамæ2 систа æмæ паддзахы чызгимæ æртæ-цыппары фæцард. Ныр ын падцзах куы ницы бафæрæзта басæттынæн, уæд дын ын йæ усмæ барвыста: базон, дам, йæ мæлæт цæмæй у, уый. А ус дын æй къахын байдыдта, фæлæ ницы: нæ йын æй хъæр кодта... Фæлæ афтæ кæй акæнынц, лæг - лауыз, ус та йæ фæлдахæг, уымæй растдæр ницы ис. Ус райдыдта лæгъстæ кæнын: «Дæхи дзæбæх хъахъхъæн, мачи дæ амарæд». Лæг дæр дын ыл баууæндыд æмæ дын ын афтæ: «Мæнæн ничи ницы ракæндзæн, æрмæст доны ма цæуон æмæ мæ цонг ма фæхъил кæнон, мæ бæх ехсæй куы цæвон, уæд... Мæ дæларм лæмæгъ у». Паддзах уый куы фехъуыста, уæд дын ныццин кодта æмæ дын райдыдта æхсæрдæс лæппуйы фат æхсынмæ цæттæ кæнын. Иу афæдзмæ афтæ сдæсны сты, æмæ цъиу атæхын нал уагътой, уайтагъд-иу æй æрæппæрстой. Уыдон куы сдæсны сты æмæ сæ ныфс куы бацыд, уæд дын Ос-Бæгъатырмæ барвыста, рацу мæм, зæгъгæ. Ос-Бæгьатыр дæр дын фæраст йе ’мбæлттимæ æмæ Къуары доны куы фæцæйцыд, уæд дын йæ цонг фæхъил кодта. Лæппутæ дæр фаллаг фарс уыцы цæттæйæ бадтысты, ныхъхъавыдысты йæм æмæ раст дыууæ фаты йæ тæккæ дæларм суадысты. Былмæ ма бафæрæзта æмæ уым æрхауд иу стыр дуры ’нцой. Йе ’фсад дæр æнæ сæрбосæй фæйнæрдæм ныппырх сты. Ахсахъ-Темур Еу ханæн адтæй лæхъуæн. Еу хатт и хан æ фурти дæркъити хæццæ бонфиййау рарвиста, ’ма ин æ дзоги астæу Хуцау тæр- хъос бафтуйун кодта. Тæрхъос разнæмдтæй æма фæлледзæгæй. Темур дæр имæ фæл- лæбурдта, æ фæстаг къахæй æй райахæста ’ма ’й дæркъитæмæ 102
багæлста. Тæрхъос дæр бабæй ралигъдæй; е дæр æй расурдта, æрæйахæста ’ма ’й нæуæгæй и дзогæмæ багæлста. Уотемæй и тæрхъос раледзидæ, биццеу ба ’й æрахæссидæ ’ма ’й дзогæмæ багæлдзидæ, уотемæй сæбæл æризæр æй. Изæрæй ба ’й Темур дæркъити хæццæ скъæти бакодта. Сæумæ раскъæрун афони ба и биццеу æ фидæн загъта: — Æзинæ мæ еу цъæх гумудза дæркъæ мæстæй фæццагъта, сæгъти хæццæ мин нæ лæудтæй. — Кæци си уотæ фудуаг æй, — зæгьгæ ’й, фæрсуй æ фидæ. Темур дæр, мæ дзогæ раскъæрон, зæгъгæ, скъæти дуар куд фегон кодта, уотæ ба йбæл и тæрхъос ралæуирдта. Е дæр имæ фæллæбурдта ’ма ’й райахæста ’ма ’й æ фидæмæ æвдесуй, мæнæ гье аци дæркъæ, зæгъгæ. Нур биццеуæй атæ ка ’й, е фæстæдæр ба ести уодзæнæй æма мин мæ олидзийнадæ есдзæнæй, зæгъгæ, ’ма ин æ фидæ æ уæраг басæттун кодта, æхуæдæгка ’й курдæн равардта. Курд ин æ къах байаразта, ’ма уомæ косун райдæдта. Темур бакъулух æй, æма ’й Ахсахъ-Темур хонун райдæдтонцæ. Æ фидæмæ мæстгун куд н’ кодтайдæ ’ма раабæрег æй. Бонæ æхе баримæхсидæ, мæгурдæр ка уидæ, еци седзæргæсмæ, æхсæвæ ба гьæуи астæумæ фæллæборидæ ’ма уордæгæй кизгæ ’ма лæхъуæн рахæссидæ, гъæуи кæронмæ ба ’й фæдесонтæ раййафионцæ ’ма ин сæ байсионцæ. Еухатт кæми адтæй, оми ба Ахсахъ-Темур еу мæгур уосæмæ æрфусун кодта. Е дæр æхцинтæ ракодта ’ма ин сæ еци тæвдæй æ рази райвардта. Ахсахъ-Темур дæр сæмæ нæбал фæллæудтæй æма астæуæй къæбæр исесидæ ’ма сугьд арудтитæй искомидзаг кæ- нидæ. И уосæ имæ фæккастæй, уæдта ин загъта: — Гъулæг дин ку уа, ме ’уазæг, уæддæр дин бафæраздзæнæн: Ахсахъ-Темури хуæрунтæ фæнзис ’ма дин уотемæй неци бантæс- дзæнæй. — ’Ма Ахсахъ-Темур ба куд фæххуæруй, ’ма ин ци нæ бантæ- суй, — зæгъгæ ’й фæрсуй Ахсахъ-Темур. — Ахсахъ-Темур ба лæборгæ ку кæна, уæд гъæуæн æ астæумæ фæллæборуй; кизгæ ’ма лæхъуæн рахæссуй, гьæу фæффæдес уй ’ма ин сæ гъæуи кæронмæ ба байсунцæ. Е кæронæй ку хæссидæ, ке хæссуй, уони, уæд цалинмæ гъæу фæдеси æмбурд кæна, уалинмæ е ба райдард уодзæнæй ’ма ма ’й фæдес куд раййаф- дзæнæй. Нур ду дæр кæронæй ку хуæрисæ, уæд кæронккаг къæ- бæртæ уазалдæр æнцæ ’ма дин ести æнтæсидæ. Цалинмæ уой хуæрай, уалинмæ ба дин астæуккаг дæр уазал кæндзæнæй, æма уой дæр æййафдзæнæ. Еци дзурдтæ æ зæрди ниввардта Ахсахъ-Темур ’ма уæдæй фæстæмæ æ фиди гъæу æхсæвæн дууемæй хаст фæцæй. Дæллаг 103
кæронæй балæборидæ, кизгæ ’ма лæхъуæн рахæссидæ; адæм дæр рафæдесуионцæ ’ма ’й нæбал раййафионцæ. Æнккæтей фæсте ба ин байзадæй и гъæуи сæри авд æрвадей еунæг хуæрæ. Еу æхсæвæ кæми адтæй, оми Ахсахъ-Темур фæллæбурдта еци хæдзарæмæ ’ма син сæ хуæри рахаста. Етæ дæр авд æнсувæрæй фæффæдес æнцæ ’ма ’й сорун райдæдтонцæ. Ахсахъ-Темур стъалу адтæй ’ма арвмæ исхизтæй. И авд æрва- демæн дæр искурдиадæ адтæй ма æ фæсте арвбæл рабадтæнцæ. Нур мæ нæбал ниууадздзæнæнцæ, зæгъгæ, ма син сæ хуæри ниу- уагъта, æ дууæ урси ба æ фæрстæмæ æрсагъта. Астæуккаг æй æ фæсабæрцæ райвардта, ’ма ’й нур дæр ма сорунцæ. Хъиамæти бон ку æрцæуа, уæди уæнгæ ’й нæ баййафдзæ- нæнцæ. Уæдта Сослан æма Тотрази фурт Алибеги тугъди фæсте уони тугьд уодзæнæй. Ахсахъ-Темур Дигорæмæ кутемæй æрцудæй Еу хатт сахи1 ’фсæдтæ дæллаг æфцæгбæл Дигорæмæ æрбацу- дæнцæ ’ма Æхсæуи хумти æрбадтæнцæ. Æхсæвæ сах и гъæумæ тъасхæгæнгутæ еу къуар лæги исæрвис- та. Фæххаттæнцæ и лæгтæ, уæдта æрæгиау ба Алтæн-цахъи2 мæ- сугмæ бакастæнцæ, ’ма дин уоми ба и уосæ къумæл цæгъдуй ’ма, къупхитæ ку ралæмаридæ, уæдта сæ артбæл бакалидæ, ’ма сæ фурсорæй цирагъау исцæфсионцæ ’ма и тар æхсæви цирагъеуæг кодтонцæ. Тъасхæгæнгугæ æриздахтæнцæ ’ма еци хабар радзурдтонцæ и сахæн. Сах дæр фæттарстæй: мадта сæ уоститæ уотæ тухгин кæ- мæн æнцæ, уонæн сæ лæгтæ ба кунæг æнæхъаурæ нæ уодзæнæнцæ, зæгъгæ, ’ма раздахтæй. Æхсæвæ кæми фæцæй сахи ’фсад, уоми нур устур кæрдтутæ исзадæй бæхти лæхуати. Сах фиццагидæр будури гъæутæ басаста ’ма, хонхмæ ку цудæй, уæдта æрæгвæззæг адтæй, ’ма йе ’фсади бæхтæ дæр ’ма и æфсæдтæ сæхуæдтæ дæр Кети кæрдту фæххуар- дтонцæ. Хонхи гъæутæй ба фиццагидæр Æхсæуæбæл æрбадтæй ’ма, æ арми ку неци бафтудæй, уæдта Дигоргомбæл раздахтæй. Уоми ба Къæмунти къубусбæл адтæй мæсуг. И мæсугмæ ба — мæнгæз- гъунст хед. Сахи ’фсæдтæ и хедбæл исцудæнцæ, хед син никкал- дæй, и æфсад дæр Нихæтти билæй Сонгути донмæ фæззилдæнцæ. Уой фæсте ба и мæсугмæ исцæуæн нæбал адтæй, сахи ’фсæдтæн дæр сæ рагьæймæгтæ (ахсгиæгтæ) билæй фæккалдæнцæ; никки ба ма зумæг дæр æрхъæрттæй, ’ма сах, йе ’фсадæй ма ка байза- дæй, уони хæццæ рандæ’ й Гъевони3 æфцæгёæл. 104
Уой фæсте ци рацудæй, уæдта еу лæг Ахсахъ-Темури хабар игьусун райдæдта, æгас дуйнейæн хан иссæй, зæгьгæ. Еу хатт кæми адтæй, уоми Ахсахъ-Темур фегъуста, Дигоргом сахæн сæттун куд нæ бакумдта, уой. Алтæнцахъи хабартæ дæр имæ игъустæнцæ. Устур æфсæдтæ æримбурд кодта ’ма уони хæццæ Дигоргоми думæгмæ æринцадæй. Æхуæдæг ба еунæгæй æ уорс аласабæл Æхсæуæмæ æрбацудæй. Геуæргиати мæсуги ба ма адтæй æртæ кизги. Гъæубунти хумти исраст кодта ’ма и мæсугмæ е ’рух бахатта. Билæгидонмæ ку исхъæрдтæй, уæдта æ бæхæй рафестæг æй, ’ма ’й хæрди æ фæсте ласта. Кизгугти ракаст дæр уотæ фæцæй, ’ма и бæхгинмæ кæсун райдæдтонцæ, ка уодзæнæй, зæгъгæ. Къулух цо ке кодта и бæхгин, уой туххæй ибæл гурусхæ кæнун райдæд- тонцæ, Ахсахъ-Темур уодзæнæй, зæгьгæ. Уалæнги и бæхгин мæ- суги размæ исхъæрдтæй ’ма и кизгуттæмæ æрфусун кодта. Киз- гуттæ дæр ин дзигка ракодтонцæ, байвардтонцæ ин æй, ’ма иуазæг астæуæй хуæрун райдæдта. Кизгуттæ дæр кæрæдземæ бакастæнцæ ’ма ниххудтæнцæ. Е дæр сæмæ дзоруй: — Цæбæл ходетæ? — Ахсахъ-Темури хуæрунтæ кæнис, - зæгъгæ, имæ дзоруй ас- тæуккаг кизгæ. — Мадта æз е дæн, ’ма ардæгæй фæстæмæ макæмæй бал тæр- сетæ! Астæуккаг ка ’й, е ба мин бийнонтæ куд уа, уотæ! Астæуккаг кизгæ дæр еци сахат е ’ннæ авармæ бацудæй, æхе римæхсун райдæдта, гъома, арази дæн, зæгъгæ. И кæстæр ба ймæ дзоруй: — Дæ фарн, де задистæн, корун ди, ’ма мин ниххатир кæнæ; нур ба дæмæ еу аййепп ес: æфсад уа, уæддæр, бæстæмæ æвна- лай, уæддæр астæумæ лæборис æма еци æгъдау — астæумæ лæ- бурд мабал кæнæ, е ба дæ гъуддаг растдæр цæуа. Алли гьудда- гæн дæр райдайæн æма кæрон ес, æма ду дæр еу кæронæй рай- дайæ, дзиллæмæ лæборай, уæддæр, æма æнæуой гъуддаг кæнай, уæддæр! Ахсахъ-Темур и кизги дзурдтæ æ зæрдæмæ байста ’ма уордæ- гæй фæстæмæ ба адæммæ кæронæй бавналдта. Цæрæн бунатæн ба райста Геуæргиати мæсуг. Базуртæ ин адтæй æма бонæ арвбæл æртæ зилди æркæнидæ, æхсæвæ ба Геуæргиати мæсугмæ батæхидæ, ’ма уоми астæуккаг кизги хæццæ лæг æма уосай цардæнцæ. Еци кизгæй Ахсахъ-Темурæн æртæ лæхъуæни райгурдæй: Мали, Бицо ’ма Гардан. Еци æртемæй ба устур Дигори Геуæргиати муггаг рантæстæнцæ. 105
Ахсахъ-Темур Вариант Дигорæ ’ма кæсæг Нартæй баизайгæ адæнтæ æнцæ. Нартæй хъаурæгиндæр ба фиццаг замани а хуæнхти н’ адтæй. Ахсахъ-Темурæн ба æфсæн базуртæ адтæй ’ма бонæ арвбæл æртæ зилди кодта. Æгас дуйнетæ дæр уой къохи адтæнцæ. Æрæ- гиау ба ма йин мах хуæнхтæ æнæсаст адтæнцæ æма ардæмæ устур æфсæдти хæццæ ранæхстæр æй. Махмæ идард цардæй, ’ма, мæ надбæл ку фæррæдуйон, зæгъгæ, е ’фсад куд цудæй, уотæ æ кос- гутæ ба уони фæсте бурæу къахгæ цудæнцæ. Дигорæмæ æрбацудæй, æма адæми фулдæр уой тугъди цагьд фæцæнцæ, сæ нецæй хузæн хауæггаг ба син æ хæццæ фæххаста Китаймæ ’ма си уоми хецæн гъæутæ искодта; æхуæдæг ба арвмæ исцудæй æма уоми æстъалуй хузи бацудæй. Хъиамæти разæй бабæй зæнхæмæ æрцæудзæнæй æма, æ къо- хи ци адæмтæ адтæй, етæ æ хæццæ, уотемæй нæуæгæй дуйне басæтдзæнæй. Еци æфсади уодзæнæнцæ, Ахсахъ-Темур Дигорæй ке фæххаста, еци адæмтæ дæр ’ма тохдзæнæнцæ Дигорæбæл. Хæстæг, æрвадæ, фидæ адæм нæбал æвзардзæнæнцæ. Дигорæн сæ фарнæ нæма фесавдæй, æма исхъæбæрдæр уодзæнæнцæ Ах- сахъ-Темури æфсадбæл. Æфсæдтæ фæйнердæмæ ниппурх уодзæнæнцæ, ’ма Ахсахъ- Темур еунæгæй æризайдзæнæй æ дууæ урсей хæццæ. Уой фæсте ба Тотрази фурт Алибег æма Сослан истохдзæ- нæнцæ. Сæ гъæр, сæ нæгæмæ адæмтæ æмбурдтæ кæндзæнæнцæ; сæ цирхъити æма уæтæлти дзæнгал-мунгулæй кæрæдзей дзурд нæбал æртасдзæнæнцæ. Арв сæбæл кæудзæнæй, зæнхæ рездзæ- нæй сæ тæрегъæдмæ; адæм ба сæмæ кæрæдзей сæрти кæсдзæ- нæнцæ, догъ кæмæн адтæй, е æ бæхи сæрæй, хъабагь, циртдзæ- вæн кæмæн адтæй, е ба уой сæрæй, иннетæ ба алкедæр — фес- тæгæй. Уой фæсте ба тохдзæнæй Ахсахъ-Темур æма авд æнсувæри. Уæдта зæнхæ ниррездзæнæй, æма дуйне фехæлдзæнæй.
ÆДДАГБÆСТОН ТЫХГÆНДЖЫТЫ НЫХМÆ ТОХЫ ТАУРÆГЪТÆ Хъæрæм-Кермени æфсад Морги1 Хъæрæм-Кермен е ’фсæдтæ æрбакодта Дигори коммæ æма æхсæвæ хуæнхрæбун æрфусун кодта. Æвæдзи сæбæл фудæхсæвæ искодта. Думгæ, уарун. Хуæнхтæ кæрæдзей хуастонцæ, æма сæ- бæл хонх ракалдæй. Бæх уæд, лæг уæд — хонхи ихæлди буни фæцæнцæ. Сæ кæрдти сæститæ æма топпи сæститæ, сæ арци финдзтæ æндæртæ нур дæр ма разиннунцæ. Уæдæй ардæмæ еци рауæн хуннуй «Ихалд». Фæлварæ си Хосироти Гухо, дæлæ уæхе гъæуггаг, карди саст иссирдта. Ногъайи тауæрæхъ Ногъай æма Хъалмухъ адтæнцæ дууæ æнсувæрей цæуæт. Сæ хантæ дæр адтæнцæ æнсувæртæ. Хъалмухъ æрбадтæнцæ Теркор- дæг Стур Цæцæнæрдигæй, Ногъай ба й’ ардæг, Ир ’ма Дигори рæбунти ’ма Кæсæги. Дууæ дæр, Ногъайи хан дæр æма Хъал- мухъи хан, æрцудæнцæ Ахсахъ-Темури æфсæдти хæццæ. Ахсахъ- Темур уой бæрцæ зиндзийнадæ равардта хонхицæрæг адæмтæн, æма нур дæр ма æгæр ка бахуæруй, уомæй фæззæгъунцæ, Ахсахъ- Темури хуæрд нæ бакодта, зæгъгæ. Цалдæнмæ Ногъайæн дæр æма Хъалмухъæн дæр сæ тухæ сæ- хемæ адтæй, уалдæнмæ хонхи адæмæн сæ бон неци адтæй, ай- дагъ унгæг кæмтти федæртти сæхемæ бацæун нæ уагътонцæ ме- дæгхонхмæ. Ногъайи адæм кустонцæ гъæди куст æма хуæнхтæй будурмæ неке уагьтонцæ. Фал æрæгиау Ногъайи хан æма Хъалмухъи хан нæбал федуд- тонцæ, ’ма сæ хъаурæ сæттун байдæдта. Уæдта сæбæл еминæ дæр 107
растадæй, æма нур дæр гъæдрæбунтæ сæ уæлмæрдæй идзаг æнцæ. Туппуртæ1 дæр æнцæ Ногъай конд сæ фулдæр. Еу хатт ногъайаг æлдар гъæди куст куд кæнун кодта æ косгу- тæн, уотемæй еу рауæн галтæ гьæдласун нæбал фæразтонцæ, æма адæми туххæй дæр тардта галти бæсти. Гъæди кустæй хъæбæр- дæр неци сæттуй лæги хъаурæ, æма, цит, фæллад лæгтæ æхсæвæ сæ хæдзæрттæмæ æрцæугæй, сæ уостити хæццæ гъазун нæбал фæразтонцæ. Уæд еу сæумæ еу уосæ, æлдар æй куд игъустайдæ, уотемæй æй ралгъиста: «О мæнæ гъæу, гъæууатæй дæ еунæг Ху- цау байзайун кæнæд, гал галеуæг кæми нæбал кæнуй, лæг лæге- уæг кæми нæбал фæразуй». Е ’лгьистæ æлдарбæл æрцудæй. Знæгтæ Ногъайбæл сахидæнцæ, æма Ногъайи æлдар æхе хонхрæбунтæй Æргиунгæгмæ райста. Гъæу кæми адтæй, е хундтæй Хъæра агач, ома сау гьæдæ æма адтæй Уорсдонбæл2. Уой номбæл байзадæй «Хъæрæгъæс» нур дæр Уорсдонбæл. Хъæрæмхан — адæмы фыдхор Хъæрæмхан — кæсгон æлдар — цыдис Иры хъæутæм æмæ-иу адæмы радыгай уæрдоны сифтыгъта тезгъо кæнынмæ. Иу хатт та иу хæдзармæ бацыд. Хæдзары дыууæ æфсымæрæй кæстæр уыди хъæды, фæлæ Хъæрæмхан хистæры сифтыгъта æмæ бон-изæрмæ фæтезгъо кодта быдыртыл. Изæрæй хъæддзау æрцыд. Йæ хæд фæстæ бацыд йæ хистæр æфсымæр дæр æмæ бандоныл æрбадт. — Бæфæлладтæн. — Хъæды æз куы уыдтæн, фæллайгæ та ды бакодтай? — Ды хъæды уыдтæ, æз та Хъæрæмханы ралас-балас кодтон. — Лæг нæ дæ! Æндæр æй нæ ластаис. Уыцы дзырд чидæр æлдармæ схаста. Æлдар фæсидти лæп- пумæ: — Афтæ кæй загътай, уый тыххæй дæ ифтындзгæ кæнын. Лæппу йæхи сифтыгъта. Æртæ санчъехы фæстæ йæ зæнгойæ уæрæхдзых дамбаца фелвæста, æмæ йæ Хъæрæмхан-æлдары ны- хыл фæкодта. Уæдæй фæстæмæ уыцы зындзинад фесæфт. Кæсгон æлдар Инал Инал йæ иунæг фырты емцег радта ирон лæгмæ. Лæппу куы сыстыр и, уæд æм адæм хатын байдыдтой: — Цом, быдыр иу хатт фен уæддæр. Лæппу рацыди, æмæ æрлæууыдысты иу былыл. Бынæй зын- ди хъæу, æмæ йæм кастысты. Уæд лæппуйы иу лæг фæрсы: — Ацы комы дзаг дæ хорздзинадæй цы хъæуы? Лæппу загъта: 108
— Уæ хуыздæрты сæртæ уын куы ралыг кæнин æмæ сæ ацы ком куы байдзаг кæнин, гъе уый мæ хъæуы хорздзинадæй. Уæд æм ирон лæг фæмæсты æмæ йын йæ мадæн иу ныссид- ти. Лæппу уыцы æлгъыст йæ зæрдыл бадардта. Иу бон æлдар Инал йæ фырты абæрæг кодта. Йæ фырты фæрсы: — Куыд у, дзæбæх дын сты æви? — О, фæлæ мын иу лæг мæ мады ралгъыста. — Ницы кæны, хæрд æмæ уал нозт нæхирдыгæй фæуой, стæй сын æй æз бахатдзынæн, — загьта Инал æмæ ацыд Кæсæгмæ. Иу бон Инал иу æмбалимæ æрбахызт Иры зæхмæ, йæ фырт кæм уыд, уыцы хъæугæрон æрæнцад. Уым ыл хъæуккаг амбæл- ди, æмæ йæ Инал фæрсы: — Ацы хъæуы хуыздæр лæг чи у? Хъæуккаг ын кæйдæр бацамыдта. — Уæд хуыздæр ус та кæмæн ис? — Хуыздæр ус дæр ис уымæн, — загъта ирон. Инал уыцы лæджы хъæуæй йæ цурмæ æрбацæуын кодта æмæ йæ уæрдоны цалхмæ бабаста. Сымах кæй усы æлгьитут, зæгъгæ, йыл ехсæй æрцыди. Стæй уыцы лæгæн йæ усы ракæнын кодта æмæ йын батых кодта. Хъæу базмæлыд, адæм лæгъстæ кæнынмæ фесты. Арвыстой æлдармæ хъæуккаг Дедетхъойы. Дедетхъо, йæ худ йæ дæлармы, афтæмæй æлдары цур æрлæууыд. Æлдар фæрсы: — Цы дæ? ~ Минæвар. Æрбацыдтæн курæг, цæмæй уыцы лæг æмæ усы рауадзай, дæ фырты дын куы схастам, уæд та нын уый хатыр бакæн. — Ныртæккæ дын дзуапп ратдзынæн, — загъта æлдар æмæ йæ дынджыр лулæйы цæхæр минæвары сæрыл æрæвгæдта. Минæ- вар æрдиаггæнгæ ралыгьд. Уæд та равзæрстой Бæтæхъо, зæгъгæ, иу лæджы, фæлæ уый нæ ауæндыд. Равзæрстой та æндæры — Хъамботт, зæгъгæ, уый, фæлæ та æлдар уымæн дæр ахæм куыст бакодта. Уæд иу лæг Хъæрæсе, зæгъгæ, хъæуæй уыди дард хæтæны æмæ куы ’рцыди, уæд йæ усы фæрсы: — Хъæуы адæм кæм сты? Ус хабар нæ хъæр кодта, фæлæ йын æй йæ мад радзырдта. Уæдæ мæнæн цæрæн нал ис, зæгъгæ, Хъæрæсе адæмы æмбырды смидæг æмæ сын загъта: — Мæ къух куы фæтилон, уæд-иу дыууæ лæджы æрбатæхæд. Хъæрæсе бацыд æлдармæ. Уымæн дæр йæ сæр судзынмæ куыд хъавыд, афтæ йын йæхи сæр кардæй фæцæф кодта Хъæрæсе æмæ йын йæхи уæрдонмæ сбаста. Хъæрæсе суæгъд кодта ирон лæг æмæ усы. Æмæ кæд æлдар мæгуыр лæджы усы æртæ боны фæ- хурхæй мардта, уæд Хъæрæсе та бакодта афтæ: арвыста Кæсæгмæ 109
æлдары усмæ, мæнæ дæм дæ лæг-æлдар куывдмæ дзуры, зæгьгæ. Æлдары ус куы ’рцыд, уæд Хъæрæсе æлдары сбаста æмæ ирон лæгмæ дзуры: - Æфсæрмы ма кæн, фæлæ мæнæ æлдарæн йæхи дыууæ цæс- ты раз дæ усы маст райс! Ирон лæг æлдары усы йæ быны скодта, æхсæз боны дæргъы йæ уæгъд нал суагъта. Уый фæстæ Хъæрæсе кард сласта æмæ æлдары сæр акъуырдта. Уый фæстæ æлдары фырт Хъæрæсейы марынмæ хъавыди, фæлæ йæхæдæг фæмард. Хъайтыхъы-фырт Сар-Аслæнбег Уæд, зæгъы, Хъайтыхътæ1 бирæ мыггаг уыдысты, фæлæ фæ- мардысты емынæйæ. Иу чындз ма сæ баззад - уый уыд сывæр- джын. Иу æхсæв куы ’рбон, уæд загъта: ~ Иу фын федтон, æмæ йæ чи ссара? Адæм нынкъард сты. Уæд иу лæг загъта: - Уæдæ нæ уæле иу зæронд ус Госæнагьуæ, зæгьгæ, уый бафæрс. Æрхуьщтой Госæнагъуæйы. Зæронд ус фæрсы чындзы: - Цæмæн мæ æрхонын кодтай? Чындз загъта: — Æвгъæды бадтæн мæ фыны æмæ судзгæ æхсидав ныззад- тæн. Æхсидав дунетыл æрзылд, стæй иу бæрзонд былыл ных- хуыссыд. Зæронд ус бахудти: - Уый æргом фын куы у: лæппу дын райгуырдзæн, уыдзæн дунеты хицау, фæлæ фæзындзæн гуырд — уый дæ фыртæй уы- дзæн лæгдæр æмæ дын ыл фæуæлахиз уыдзæн. Фæлæ дын дæ фыртыл рагацау ном æвæрын: «Сар-Аслæнбег». Æцæг райгуырд чындзæн фырт Сар-Аслæнбег. Уый сси ном- дзыд, айхъуыст дунетыл йæ кой. Хатти дæс барæгимæ. Иу хатт загъта: — Гумади, зæгъгæ, иу бæстæ хонынц Æссон2 зæхх, æмæ йæ хъуамæ фенон. Сар-Аслæнбег ацыд та балцы. Æссон хъæу Гумадимæ хæстæг æрæнцад. Уæд иу хатт цуаны ссыди, фæлæ фæстæмæ раздæх- гæйæ йæ бынат нал ардта. Уæд кæцæйдæр фыййауы зарын фе- хъуыста. Бацыди фыййæуттæм. Æрфысым кодта. Кусарт ын акод- той. Уыцы ’хсæв хохæй рацыд фыййæуттæм дыууæ лæджы. Фый- йæуттæ сæ хибарæй бафарстой: — Цы хабар ис ногæй? — Ницы хабар, — загъта сæ иу. — Сар-Аслæнбег, зæгъгæ, рав- зæрди иу лæг, номдзыд, æмæ, дам, æрбацæуы ацырдæм. 110
Уæд чысыл лæппу фæгæпп ласта къуымæй: - Куы ’рбацæуа, уæддæр ын ницы бантысдзæн. Лæппуйыл зæронд лæг фæхъæр кодта: - Æнцад, хъæсты низ дæ бахæра, мацы дзур! Фæлæ иннæтæ загътой: - Уадз æй æмæ дзура. Лæппу дзурын байдыдта: - Куы ’рбацæуа, уæддæр саст æрцæудзæн, уымæн æмæ йын ам зонгæтæ нæй. Сар-Аслæнбег, кæсгон уæвгæйæ, хорз зыдта æссон æвзаг; хорз фæхъуыста ныхæстæм, стæй райсомæй йе ’фсадмæ араст. - Цомут! - Ау, куыд тагьд у?! - Ам дыгуронау чи зоны, ахæм нæй? Уæд иу рахызти æмæ загъта: - Ам ахæм нæй, фæлæ æз зонын Сæлсыхъо, зæгъгæ, ахæм лæджы, - æмæ сæ йæ фæдыл ракодта. Æртæ боны фæстæ сæ Сæлсыхъо бакодта Хъарадзауты Сафар-Алимæ. Сафар-Алийæн Ассыйы уыди лымæнтæ, æмæ сæ уырдæм акодта иу хъæздыг Мыргаз-Алимæ. Сар-Аслæнбег æмæ Мыртаз-Али сарæзтой сæ- хицæй дыууæ æрдхорды. Раздæхт Сары-фырт, ус æрхаста, æрхуыд- та йæ лымæнты алы бæстæтæй. Сары-фырт йæ усы дардта хорз. Уыдис æм дыууæ галы æмæ сæ Сафар-Алийæн Дыгургомы Тæ- торсмæ фæтæрын кодта снард кæнынмæ. Алы майрæмбоны дæр сын хаста Сафар-Али цæхх заргæ. Уæд æй Дыгургомы цæрæг Хъаныхъты Есен федта æмæ йæм хæтæлæй ныууасыд: «Иннæ майрæмбоны сæ ам нал фендзынæ». Есен галты æртардта æмæ сæ аргæвста. Се ’взист сыкъатæ сын дуарыл бакодта. Сафар-Али Сары-фыртмæ арвыста хабар, галты чидæр ар- гæвста, зæгъгæ. Сары-фырт бацыд Дыгургоммæ. Æрæнцад Задæ- лескы3 бын. Æфсады бæхтæ æхсæв-бонмæ кæй фæлыдтой, уымæй æрзади хъæддаг кæрдо бæлæстæ. (Бæхтæ уый размæ Кеты4 хъæуы бахордтой кæрдо бæлæсты дыргь.) Райсомæй Сары-фырт базыдта, галты Хъаныхъты Есен кæй бахордта, уый. — Цурд лæууæ дæ карди хæццæ, Æз фæццæун æфсади хæццæ, — базарыд Сары-фырт. Есен хабар базыдта æмæ сæм æндæр дарæсы æрцыди. - Æгас цæут! Сары-фырт радта салам. Тæлмац сын фæлæууыди иу кæсгон, Сафсухъ, зæгъгæ, æмæ загъта Сары-фырты ныхæстæ тæлмацгон- дæй: 111
— Есен мын мæ галтæ бахордта, æмæ йæ хъуамæ амарон. Къорд рæстæджы фæстæ кæсæг сæхи афæлварыны тыххæй сарæзтой мысан æмæ йæ æхстой, фæлæ йæ не ’ргъæвтой. Сæ дæсныдæр æхсджытæ Хъуыдайнат Цъыкк æмæ Мудæгъуакъæ Там- би дæр фæсыкк сты. Уæд æрдын Есен райста æмæ иуварс ацыд. Æнæ бахъавгæйæ фехста, æмæ мысан æрхауд. Афтæ фехста æртæ хатты. Кæсæг фæдис кодтой: — Ай Есены йæхæдæг дæр амардзæн. Есен загъта: — Есен хæтынмæ уыд, æмæ йæ æз абæрæг кæнон. Ацыд, Æртæ бонмæ сæм нал фæзынд, стæй сæм рарвыста фынг бæгæныимæ. Кæсæг куы анызтой, уæд загътой: — Ай нæхимæ махсымæйæ хуыздæр куы у. Уый Сарæн фæхъыг: — Ау, куыд у махсымæйæ хуыздæр? Сары-фырт бæгæныйæ фыдæнæн бирæ банызта æмæ бафынæй. Есен йæ адæмæн загъта Сары-фырты хабар. Схызт йæ мæ- сыгмæ. Райсомæй Сары-фырт пысунæмæ хъуывгъанимæ куыд рацæйдыд, афтæ йæ Есен федта. Фат фæцарæзта æмæ йе ’мбæлт- тæм дзуры: — Маргæ йæ акæнон æви тæрсын? — Маргæ нæ, фæлæ тæрсын, — загътой адæм. Есен фехста, æмæ хъуывгъан Сары-фырты къухæй фæхауд. Сары-фырт фæтарст. ~ Æллæх, арв цы хъæр кæны! — æмæ иуварс алыгъд. Загъта ма: — Уый Есены æхсты хуызæн у. Арвыста Есенмæ, æмæ йæм уæд æргомæй бацыд æрчъиты æмæ æфсæйнаг лæдзæгимæ. — Æгас цу! Кæсæг салам радтой. Фæрсынц æй: — Ацы лæдзæг дын цы у? Дæ къæхтыл уыдон цы сты? Есен загъта: ~ Хæхты цæрын æмæ фæбырынæй тæрсын: уый тыххæй сæ рахастон. Чысыл рæстæджы фæстæ бæхыл хъазт бацайдагъ. Есен йæ чысыл бæх æрнадта. Фыццагдæр ахъазын кодта кæсгон Джам- ботты, æмæ йæ бæх Есены мæсыджы цур балæууын кодта. Ды- гур лæджы нал рауагътой. Афтæмæй бæх æртæ лæджы аскъæфта. Уый фæстæ Есен йæхæдæг хъазын райдыдта. Ахæм дæсны хъазт кæсæг нæма федтой. Есен хъазгæ-хъазын мæсыгмæ сфардæг. Уый фæстæ Есен акодта кусарт æмæ сын æй бæгæныимæ æрæрвыста. Сары-фырт та Есенмæ арвыста: — Кæд нын дæ фынг хæлар кæныс, уæд дæхæдæг дæр рацу. Æрцыд та Есен æмæ фынгыл ныззарыд: 112
— Мисиргони сæрбæл цъæх цæргæс ку ниббадтæй, «Усси» ин зæгъæн, æма тæхгæ ку нæ кæнуй. «Дзицци» зæгъæн, æма цæугæ ку нæ кæнуй. Райхонетæ, мах ба ин бахуæрун кæнæн «Хулуйдзаг кæрдзин» муди хæццæ. Уой кæд нæ комуй, уæд та ин хъæбæр кæрдзин фиди хæццæ... Нæхуæдта ба ’й бакæнæн Хъозити скъæти хути хæццæ, Нæхуæдта ба ин сехуарæн бахуæрун кæнæн уорс дзол муди хæццæ, Нæхуæдтæ ба ’й — рарветдзинан устур фуди хæццæ. Ацы зарæг Сармæ хорз фæкасти, æмæ йын æй дыууæ хатты азарын кодта. Уый фæстæ Есен арфæ ракодта. Ацыд æмæ, бæх цы лæгты аскъæфта, уыдоны рарвыста ног цухъхъатимæ. Сары-фырт тæр- сын байдыдта æмæ афардæг æндæр фæндагыл. Уæдæй фæстæмæ кæсæг Дыгурмæ сæ къах дæр нал бавæрд- той, Есен та алыгъди Туркмæ... Хъантемурти Мазухъи тауæрæхъ Гезе1 æма Дигорæ кæрæдзебæл тохуни унаффæ искодтонцæ. Мазухъ исунаффæ коцта Геземæ фæццæунмæ, сæ тъасхитæ ба- кæнунмæ. Фæццудæй æма Къæйин æфцæгбæл исæййафта еу ца- уæйнон Гокъиайи фурт Ахалбедай. Сæ дууæ дæр кæсæнцæсти- тæй кастæнцæ кæрæдзей бæстæмæ тъасхæгæнæг. Мазухъ-æлдар уæд адтæй уосæ хонунбæл Кæсæгæй. Ку æркастæй, гурдзиагæн æ арæхст устур ке адтæй, уомæ, уæд æ зæрди æрæфтудæй фиццаг уосæ æрхонун бал. Мазухъ-æлдар раздахдæй фæстæмæ. Уæллаг- коймаг Хъайи-фурт Гегки æрдхуард адтæй Мазухъæн. Уомæ ниф- фæдзахста Мазухъ-æлдар: «Фæццæун æз Кæсæгмæ уосæ хонунмæ, фал нæбæл сау Гезе тохунмæ гьавунцæ, бадарæ де ’нгæс æгас Дигорæмæ!» Сау Гезе æцæг исунаффæ кодтонцæ Дигорæй фонс фæккæ- нун. Рандæй Мазухъ-æлдар дæр Кæсæгмæ уосæ хонунмæ. Дæс æма инсæй бонемæ фæстæмæ раздахтæй æд киндзхонтæ. Хъайи- фурт Гегкки фæууидта æ фуни, Гезей син тухæ кæнунмæ куд гъæвта, уой. Уомæ гæсгæ рацудæй Донифарси Гагуатæбæл. Радзурдта син Гезей хабар æма загъта: — Нæ цуппар дзиллебæл нин сау Гезе тохун унаффæ кæ- нунцæ; нæ рамæлун хуæздæр æй етæ батухæ кæнуни бæсти. Загътонцæ ин: — Мах хабарæн неци зонæн, фал нæ дæ фæсте кумæ хонай, уордæмæ ба цæуæн. Е дæр син загьта: 8 Ирон таурæгьтæ 113
— Æз нæ хонун æгас адæми, фал хонун топгинтæ æма кæрд- гинтæ, уæдта, къахидарæсæй рæвдзæ ка уа, уони. Иссæудзæнæн нур Дигорæбæл Гæлиатæмæ2; не ’сæмбæлæн ба фæууæд Мадзас- ги3. Уоми ба кæндзинан фæндæ ’ма фæнди сæртæ. Дуккаг бон изæррохсæй æхуæдæг Мадзасги æринцадæй. Топ- пи хуасæ имæ адтæй хурдзини дзаг, адтæй имæ топп сæдæ уагъд фатей хæццæ, — дууæ æркъей æма бæрзæ лæдзæг. Уордиги фе- гъосун кодта Æстур Дигори хуарз адæмтæн. Хонгутæ рарвиста фиццагдæр Хъарабугъатæмæ, фал сæбæл уæдта исидæудтæй æма загъта: — Ниууадзун сæ гъæуй Хъарабугъати, уой тухæн æма цъух- хæссæг æнцæ, æфсæдти ба цъух хæссун нæ бæззуй. Бадзоретæ Къулитæмæ, фал сæ ниууадзун гьæуй, уой тухæн æма исон Та- хонтæмæ хуæрнæг ес, етæ ба губунгин æнцæ æма æфсæдти дæр нæ рацæудзæнæнцæ, бæзгæ дæр не скæндзæнæнцæ. Ниууагъта Куцугти дæр, уой тухæн, æма зундæй тæнæг æнцæ, не сбæздзæ- нæнцæ. Таймазти дæр нæ бауагъта, уой тухæн æма хæрæон галау лæхлæбæз æнцæ, æма рæвдзæ нæ уодзæнæнцæ, дзæндæл æнцæ æма нæ бæззунцæ. Уæдмæ рацудæнцæ Дигорæй Басулухътæ, Гæлиатæй — Аби- салтæ, Донифарсæй ба — Гагуатæ дууæ сæдæ бæхгинемæй. Загъта син Хъайи-фурт: — Фæрссаг адæм кунæ уонцæ, уæд нæ гъуддаг нæ рацæудзæ- нæй, уой тухæн æма лæги фæдбæл уод дæр етæ фесæфдзæнæнцæ. Бадзорун гьæуй Тæтонтæмæ. Тæтонтæ дæр рацудæнцæ. Уæд син загьта Хъайи-фурт: — Нæ гъуддаг нæ рацæудзæнæй, Хъантемурти Мазухъ нæ хæццæ кунæ уа, уæд, фал ами нæ’ й, уой ин нæ зонун. Хæмицати Мисост ин загьта: — Æз æй æзинæ Æстур Дигори хорбадæнти бæхбæл гъазгæ фæууидтон. Уой ку фегъуста, уæд ин загъта Хæмицай-фуртæн: — Фæккæстæр уо æма мæ бæсти фæццо Мазухъ-æлдармæ æма ин зæгъгæ: «Гезе нин тухæ кæнунцæ æма мæнæ æрæмбурд ан Мадзасгæмæ; кæд нæ нимайис, уæд нæмæ иссо!» Нæ син æрбацудæй, фал син загъта: — Афæй балци адтæн æма уин исонмæ ести исунаффæ кæн- дзæнæн. Хъайи-фурт имæ уæд æхуæдæг æрбацудæй æма ймæ æртæ хатти бадзурдта æ номæй, фал имæ е неци радзурдта. Æ фидæ Туали уой ку фегъуста, уæд загъта: — Ци ’й е? Æ уоси хæццæ æ дуйнебæл дæр ку некæд бал ниххустæй æма æнæракæсгæ ку фæцæй! Æз зæронд къуру лæг ку дæн æма ’й æз ку игъосун, уæд е ба куд не ’гъосуй? Мазухъ-æлдар уой ку фегъуста, уæд радзурдта: 114
- Хуцау дин ма бакомæд, мæ фидхуæрæг адтæ æма мин æй хуæрис нур дæр! Бамæхезæ минкъий! — Кунæ дæ бахезон, уæд хуæздæр бæргæ ’й, уой æнгъæл ди ку некæд адтæн! Æ уосæн раарфæ кодта æма йин загъта: - Хуæрзбон фæууо! Цийнæй нæ Хуцау исæмбæлун кæнæд, фал æнгъæл нæ дæн. Уоси фарсмæ бадун махмæ ходуйнаг æй, Кæсæги æгъдау ба хуарз нæ зонун. Ку дæ фæндæуа, уæд ами лæууæ, кенæ ба ку цæуай, уæддæр дæ барæ ес. Зæронд Туали рахаста æ фуртæн æ тохæн дзауматæ æма ин загъта: - Куд нæ цæуис, мардзæ, ду ба уæхæн адæми хæццæ? Рацудæнцæ Хъайи-фурт æма Мазухъ-æлдар. Æрбацудæнцæ Мадзасгæмæ адæми цормæ, æхсæвæй-бонмæ сæ фæййахур код- тонцæ цæунбæл; исрæвдзæ кæнун кодтонцæ син сæ тохæндзау- матæ. Сæумæ ранæхстæр æнцæ æма бахизтæнцæ Къæйин æфцæг- бæл. Ку сæбæл баизæр æй, уæд еу рауæн æрбунат кодтонцæ æма исарт кодтонцæ. Гезейаг Туаней фурт еу æмбали хæццæ цауæни адтæй æма Ди- гори арти рохс фæууидта, басæлæдæрдтæй æма загъта е ’мбалæн: — Атæ мах æфсæдтæ ’нцæ! Рæвдзæ нæ ан, æма син фонс уо- дзæнæнцæ нæ адæм! Зин рауæн нæ иссердтонцæ. Багъузтæй Гезейаг æхсæвигон æфсæдтæмæ æма бафæсмардта арти рохсмæ Хъайи-фурт æма Мазухъ-æлдари. Сæ уиндæй æ зæрдæ нирризтæй æма загъта е ’мбалæн: — Куд дæ фæндуй, саг дин рамарон æви тускъа? Е ба загъта: - Тускъа нард ку уа, уæддæр саг кадгиндæр æй. Уой фæсте Гезейаг нигъгъавта Мазухъ-æлдармæ, фехста ’й, æма и фат æ реуи исæмбалдæй. Æваст мард фæцæй Мазухъ-æлдар. Хъайи-фурт уотæ æ нимæт артбæх рамбарзта æма талинги ме- дæгæ бафснайун кодта и мард. Сæумæ ранæхстæр кæнун кодта е ’фсæдтæ æма сæ е знаги гъæубæл æрлæуун кодта, æхуæдæг ба бацудæй гæни дзæхæрамæ. Уордæмæ Гезейаги мæсуг хæстæг адтæй, æма йин Хъайи-фурт æ къæразгæ еу æхст фæккодта; æфсæдтæ уой ку фегьустонцæ, уæд бангъæл адтæнцæ, кæд Хъайи-фурти æхсунцæ, зæгъгæ, æма рай- дæдтонцæ и мæсуг æхсун. Гезейаг римахст адтæй, фал топпи гъæрмæ рацудæй къæра- зæмæ æд топп æма исдзурдта дигорæмæ: — Дзæбæхæй рандæ уотæ, — зæгьгæ, — кенæ ба уин, Хуцауæй ард хуæрун, еунæг дæр уи нæбал фæццæудзæнæй æ хæдзарæмæ! Уотæ ку исдзурдта, уæд æй Хъайи-фурт фæууидта къæразæмæ, фехста ’й, æма дууæ фати рауадæнцæ æ хорхи. Гезейаг мæсугæй ку рахаудтæй, уæд имæ Хъайи-фурт иссудæй, æ сæр ин æркодта 115
æма ’й исхаста е ’мбæлттæмæ. Еци лæг ку рамардæй, уæд диго- рæн фенцондæр æй. Бацудæнцæ гъæумæ æма фиццаг сæ мард хæссунмæ исрæвдзæ кодтонцæ, уæдта гъæуæн сæ сæрæй финдцæс кизги æма финд- дæс лæхъуæни ракодтонцæ. Æрцудæнцæ фиццаг Гæлиатæбæл, уæдта — Дигорæ’ма Донифарсбæл, иссудæнцæ Æстур Дигорæмæ. Хъантемурти Туали син сæ рацæунмæ кувди хардз исаразта. Мустафи дзубанди Адгæй еу гьæу, Байсиати гьæу, зæгьгæ. Байсиати гьæумæ иссу- дæй бохъургин адæми муггаг. Исæрвиста уони ногьайаг æлдар мæтур адæми фонс тæрунмæ. Æссудæнцæ ’ма Байсиати гьæуи фонсбæл рагьæр кодтонцæ сæ гьонгæсти хæццæ. Уони уинæг нæ фæцæй. Дзу- лати мæсуги сæрбæл ба бадгæй Азаухан. Азаухан сæ фæууидга ’ма фæндурæй цагьта мæсуги сæрæй; Байсиати гьæу, ракæсетæ, уæ фонс уин фæттæрунцæ бохъургинтæ, зæгьгæ. Байсиати гьæу рацудæнцæ фæдеси сæ фонси фæдбæл æд цьелæ, æд мелæ. Гъæугæрон æрæм- бурд æнцæ еугурдæр. «Ци кæнæн мах, кумæ фæццæуæн, гьæубæсти еунæг лæг адгæй - Мустафа, е дæр афæй балци ку рандæ ’й. Нæ ’й бакæндзиан мах, — зæгьгæ, загьтонцæ, — нæ раздзæуæг Мустафа нæ хæццæ кунæ уа, уæд». Еу-дууæ лæхъуæни, дзорунцæ: — Мустафа афæй балци адтæй, фал æрцудæй ’ма сæхемæ ’й. — Ка уодзæнæй нæ фæсевæдæй уæхæн, Мустафамæ нин ка бандеудзæнæй аци хабар радзорунмæ, нæ хæццæ раздзæуæгæн, амонæгæн рацæунмæ? Еу-дууæ лæхъуæни загътонцæ: — Мах имæ бадзордзиан, мах ин бандеудзиан уæ загьд ра- зæгъун. Бацудæнцæ дууæ лæхъуæни ’ма ймæ бадзурдтонцæ Муста- фамæ. Сæ гъуддаг ин загътонцæ. Мустафа син загьта: — Афæй балци адтæн æма топпи хуаллагæй рæвдзæ нæ дæн. — Топпи хуаллагæй дæ нæхуæдтæ исрæвдзæ кæндзиан. ~ Топпи хуаллаг дæр гъуддаг æй, фал къахидарæсæй дæр рæвдзæ нæбал дæн. Рандæнцæ. Ни’й уагътонцæ, ’ма Байсйати гъæу сæхуæдтæ фæдеси рандæнцæ. Сæумæ Мустафа фестадæй æма æ бæх донмæ раласта. Дондзау уоститæ уой ку фæууидтонцæ, уæд кæрæдземæ барæй гъæрæй дзорунцæ: — А ци дессаг æй, Байсиати гъæу еугурæй фæдеси ку рандæй, уæд Мустафа ба дондзау уоститæн гъæуайгæсæн байзадæй?! Мустафæн еци загъд фæззин æй, æма, сæхемæ ку ссудæй, уæдта æ бийнонтæн загъта: — Мæ цохъайæн мин æ думæгæгтæ уæраги сæртæбæл æрба- 116
уадзæ, æ дустæ ба — цонгигьолтæбæл, æма мæ рарæвдзæ кæнæ балци цæунмæ. Мустафа бæхбæл рабадтæй æма рандæй сæ фæдбæл. Фæдес æсæздахтæнцæ фæстæмæ ’ма ймæ дзорунцæ: — Мабал цо, Мустафа, æмбурд гъæубæстæй мах ке нæ бакод- тан, уой ду дæр нæбал бакæндзæнæ, — зæгьгæ. Дзоруй сæмæ: — Æ сæрæн ка’й, æ бон ести кæмæн æй, е мæ хæццæ раздæхæд. Сорун сæ байдайуй Мустафа. Еу рауæн хуæнхрæбун рæфтбадæ æркодтонцæ бохъургинтæ, уотемæй сæ раййафта. Мустафа рафестæг æй. Хонхмæ бацудæй æма еу къæбури рæбун æхе барæвдзæ кодта. Тохун сæбæл рай- дæдта уордæги Мустафа. Хауæггаг сæ фæккодта. Сæ хауæггаг фæлледзæггаг æй бохъургинтæн. Фонс æрбаздахта фæстæмæ Му- стафа ’ма сæ истæруй. Адæмæй ма ка райервазтæй дæлæмæ, етæ ногъайаг ханмæ фæххабар кодтонцæ, атæ нæ фесафта еунæг лæг, кæцæй нæ æхста, уой дæр нæ базудтан, уотемæй. Ногъайаг хан равардта уонæн фæстæмæ устур хъаурæ Мустафи фæсте рарветунмæ. Æсæййаф- тонцæ ’й ’фсæдтæ. Тохун байдæдта сæ хæццæ Мустафа. Фæттух- тæй, цалдæнгæ топпи хуаллагæй хъæрдтæй, уæди уæнгæ. Хъæ- бæр бабæй сæ базиантæ кодта, фæстæмæ сæ ледзунбæл искодта, уæдта ймæ æхсæндзаумау нæбал адтæй. Ниййахæстонцæ Муста- фи. Фæ’й хастонцæ ногъайаг ханмæ. Хан æй хъæбæр исцитгин кодта. Райста æй æхемæ. Мæсуги сæрмæ’й искодта. Еу афони Мустафæн æ зæрди æрæфтудæй раледзун уордæги. Уæд ханæн загьта: — Нæхердигон тунæй мæ цохъхъа скæнун фæндуй. Хан дзурд равардта ’ма æрæмбурд кæнун кодта тунтæ ’ма сæ Мустафамæ æрвиста. Ахсæви раледздзæнæн, зæгъгæ, ймæ нет куд адтæй, уотемæй ба и тунтæ кæрæдзебæл ниббаста. Тунтæн сæ еу кæрон уæллæй рафедар кодта мæсуги сæри, аннæ ка’й, уой ба къæразæй рагæлста рахезунмæ зæнхæмæ. Рауагъта уордæги æхе еци бæндæнтæбæл æхсæвæ. Уинæг æй нæ фæцæй. Рацудæй æма æ гъæубæстæмæ иссудæй. Хъæрæмсаухалти Мустаффæ Мустаффæ нæуæг уосхунд адтæй, æ уосæн ба адтæй æ хæццæ дигизæ мадæ. Уæд Хъарца-гъæуи фонсмæ Сарий1 ралæбурдтонцæ ’ма син сæ галгæстæ, сæ уорс дзогтæ æд фиййæуттæ, æд куйтæ фæттард- тонцæ. Еунæг къуæтти биццеу ма ниууагътонцæ, айæ мах цæмæн гъæуй, ци й кæнæн, зæгъгæ. 117
И къуæтти биццеу хæтæлæй дæсни адтæй æма Хъарца-гъæу- мæ уайун байдæдта. Ку нихъхъæрттæй и гъæумæ, æ хатæлæй ниц- цагъта: «Фæдес, Хъарца-гъæуи адæм, Бохъур Сарий уин уæ галтæ æд галгæстæ, уæ уорс дзогтæ æд фиййæуттæ, æд куйтæ фæттæ- рунцæ». Рацудæнцæ Хъарца-гъæуи адæм тумугъ фæдесæй. Мустаффæмæ дигизæ мадæ бадзурдта: — Мустаффæ, фæттæрунцæ уин уæ берæ фонс Бохъур Сарий, фæццæуæнцæ Хъарца-гъæуи адæм тумугъ фæдесæй, ду ба хусгæ ку байзадтæ. Е дæр имæ радзурдта: — Бауадзæмæ, ме ’нæ ниййергæ мадæ, дуйней фонсæй, дуй- ней хуссæг адгиндæр æй. Уотемæй имæ æртæ дзурди бакæнуй ходуйнаг æй, ходуйнаг, зæгъгæ. Æртиккаг дзурди ба ралæуирдта. Æ уорс цохъхъай ду- мæггæгтæ æ астæубæл ралух кæнуй, æртæ хъатарай си хуæрзидзаг æрбакæнуй. Æ сау хъæрæймаг раскъæфуй, уайунтæ байдайуй. Хъарца-гъæуи коми йбæл фембæлунцæ и фæдес сæ раздагъди æма йбæл айуан кæнунцæ: — Мустаффæ дæр нурмæ æ уоси хæццæ фæххустæй, нур ба сæ цæгъдцзæнæй, — зæгьгæ. Иссæмæ хъæрдтæй, æма ймæ дзорунцæ: — Мабал цо, Мустаффæ, и фæсæфцæг фæцæнцæ. Е дæр син загъта: — Лæг ка ’й, е мæ фæсте рацæуæд, уосæ ка’й, е ба Хъарца- гьæуи хъахбай уоститæмæ цæуæд! - Æ фæсте цъеугъæргæнæг дæр нæ раздахтæй. Æхуæдæг уайун байдæдта ’ма син Хъобани цъæх цъетебæл2 сæ раз ниййахæста, æхсун сæ байдæдта. Ка куд хæстæгдæр ад- тæй, уотæ сæ æхста ’ма си финддæс рамардта, финддæс ба си цæфтæ фæккодта, иннетæ ба ралигъдæнцæ. Ку ралигъдæнцæ, уæд Хъарца-гъæуи фонс фæстæмæ гургургæнгæ раздахтæнцæ æд галгæстæ, æд фиййæуттæ, Мустаффæн дæр æ уæраги æставд ба- састæй æма цьетей дудагъмæ ниххизтæй. Ку ниццудæнцæ Сарий адæм, уæд сæ æлдар бафарста: — Уе ’хсæг нæ бабæрæг кодтайтæ? Етæ дæр ин загътонцæ: — Неци бабæрæг кодтан. Уæд сæ Сарий æлдар æ хæццæ рахудта, цæуæн æдта ’й бабæ- рæг кæнæн, — зæгъгæ. Исимæ цудæнцæ æма’й цъетей дудагъи иссердтонцæ æма ймæ не ’ндиудтонцæ. Е дæр сæбæл æ хæтæл фентъухта: — Цæмæй ма ми тæрсетæ, Бохъур Сарий, мæ хæтæлæн хуал- лаг ку нæбал ес. Уæд имæ æрцудæнцæ, æма си ка уотæ загъта: — Æз æй раздæр цæвун, ме ’рвади мин рамардта. 118
Ка си уотæ загьта: — Æз æй раздæр цæвун, мæ мади ’рвади мин рамардта. Æма син æлдар загъта, уотæ уæ мадæ, уæ фидæ фæррохсаг уа, æз уин еу мард ма марун ци бауадздзæнæн, зæгъгæ, ’мæ’й æ фæсабæрцæ Сариймæ рахаста, уоми ба’й Уотæрти даргъ мæсуги бакодта. Уордæмæ ин гъæдгоммæгæсгутæ байагурдта. Исдзæбæх æй, æма’й уоми дардтонцæ. Уæдмæ æ дигизæ мадæ син æ хабар игъосун райдæдта, Мус- таффæ Сарий ахæст æй, зæгъгæ, æма Хъарца-гъæуи дзæбæхтæ- бæл хæтун байдæдта ’ма сæ æрæмбурд кодта. Урусбити Хъур- гъохъ ба сæ тоггин адтæй, фал уæддæр хуарз лæг адтæй, æма’й æрбахудта. Адæм ку ’ртумугъ æнцæ, уæдта æхе ’рвадæ Баггериймæ барвистонцæ: — Мустаффи хабар Сарийæн цæуй, нур ба ймæ цæугæ кæ- нæн, æма нæ хæццæ рауайæ. Е дæр син загъта: — Нæ фæццæудзæнæн, сумах хеваст адæми муггаг айтæ «ма неци бакæндзинан. Ку нæбал æй уагътонцæ, уæдта син загъта: — Кæд æфцæгæй æндæмæ унаффæ мæммæ уадздзинайтæ, уæд цæун. Етæ дæр ин бадзурд кодтонцæ, ратдзинан дæмæ унаффæ, зæгъгæ. Ранæхстæр æнцæ Хъарца-гъæуи берæ адæм устур æфсадæй; ра- кодтонцæ сæ хæццæ мин иуонæги хуаллагæн. Æфцæги уæнгæ унаф- фæгæнгæ фæццудæнцæ берæ адæм, уæдта сæ бафарста Баггерий: — Нур мæмæ и унаффæ дæттетæ æви нæ? Зæгътонцæ ин: — Дæттæн дæмæ. Æма рартаста Урусбийти Хъургъохъой хæидз^ аст лæги, ин- нетæн ба ниффæдзахста: — Мæнæ ами нади дууæ фарсемæ уæхецæн къахтитæ искæнтæ, мæнæ и мин иуонгемæй уæ ци гьæуй, уой хуæретæ. Уæдта син бафæдзæхста: — Аст бони æма мæ æхсæви бахезетæ æма æстаймаг бон ба цурд лæууетæ. Бацудæнцæ Сариймæ ’ма сæмæ мийнæвар æрветун байдæд- тонцæ: — Нæ ахæст нин, зæгъгæ. Етæ дæр син загътонцæ: — Нæ финддæс лæги, нæ финддæс фадмизди, нæ ахæсти аргъ сæ хæццæ æнхæстæй раттетæ, ’ма уин уæ ахæст ратдзинан. Аст бони ’ма аст æхсæви сæмæ мийнæвар мийнæварбæл фер- виста æма сæ хуссун нæ бауагъта, уæдта син райарфæ кодта: — Уой бæрцæ бафедун ба нæ бон нæй, æма хуæрзбон. 119
Сæхе, цæветтонгæ, рандæнцæ, уой хузи бавдистонцæ, сæхуæд- та ба сæхе баримахстонцæ. Ку ниххустæнцæ, уой син ку радзурд- тонцæ, уæд бацудæнцæ мæсуги бунмæ, ’ма имæ бадзурдтонцæ: — Мустаффæ, дæ хабар ардиги ку цæуй, ранæмæ кæсæ. Æрсæмæкастæй, æма ин Баггерий загъта: — Сариймæ æрветун мийнæвар аст бони æма аст æхсæви, фал мин уотæ зæгъуй: нæ финддæс лæги, нæ финддæс фадмизди ’ма нин нæ ахæсти аргъ æнхæстæй, ’ма дин уæ ахæст ратдзинан, зæгьгæ. Нур ба нæмæ уой фæлхауги ралæуерæ! Е дæр син загьта: — Гъай-гъай, мæ фæсте цъеугъæргæнæг нæ фæцæй, нур ба ку ралæуеринæ ’ма мæ мард дæр ами Сарий куйтæн хæлæйфаг ку фæууидæ. Уæд имæ Урусбийти Хъургъохъ дзоруй: — Дæ мард дин ами нæ ниууадздзинан, ралæуерæ нæмæ. Æма сæмæ радзурдта Мустаффæ ба: — Æй, Урусбийти Хъургьохъ, цæмæ мæмæ æрбацудтæ, тоггин ку адтан. — Е дæр дин хатир æрцæудзæнæй дæ лæгдзийнадæмæ гæсгæ, æрлæуерæ мæмæ. Æрлæуирдта сæмæ мæсуги сæрггагæй ’ма æ уæраг нæуæгæй нимморæй. Давун æй байдæдтонцæ и аст лæги, ’ма син ниф- фæдзахста Баггерий: Хæссетæ ’й Хъарца-гъæумæ, æфсадæн ба зæгъетæ: «Цурд лæу- уетæ!» — Æхуæдæг ба Сарий бахизта бонивайæни уæнгæ, бони- вайæни ба сæмæ бадзурдта: — Уæ, Сарий, уæ ахæст фæлледзуй. Ралæуирдтонцæ еци фестæй сæ салдзабури зæрæндти, уæгъдæ рæнттæй. Е дæр син лигьдæй, етæ дæр æй сурдтонцæ. Æнгæс кæми уидæ, уоми къулухæй бауаидæ, фæсаууон ба маргъау батæ- хидæ. Уотемæй сæ æфсади астæумæ æрхъæртун кодта, уæдта сæмæ фæстæмæ æхе фæххатта æма сæ фехста. Æфсад дæр къахтитæй ислæстæнцæ æма Сарий адæми ниццагътонцæ. Хъарца-гъæуи адæм, сæ хуæллагæй ка рауæлдай æй, еци иуонгутæ дигизайæн равардтонцæ, Мустаффæ дæр рамардæй. Ассий зар Устур Асси1 æрæмбурд æнцæ сæ гъæуи ’хсæнмæ: — Нур нæ гъæуй Стулий æфцæгбæл æфцæггæс ниввæрун, æма нин ка фæццæудзæнæй. Бисурхан-æлдар Тазæрет загъта: — Еу лæгæй æз фæццæудзæнæн. Иннæ лæги бунатмæ æхе балæвардта Уллу Таухъан (устур Тау- хъан). 120
Æртиккаг лæгæн цудæй Гицци Абай (минкъий Абай), æма уой ба нæ уагътонцæ иннæ дууæ лæги, дæхуæдæг фæлхассаг дæ, зæгъгæ. Раззаг дууæ адтæнцæ уæздæнттæй. Абай ба сау адæ- мæй, æма йбæл не ’нвæрстæнцæ. Æмбурди син аллифудтæ фæдздзурдта: — Бахуæрунмæ мæ ку гъæуй цъеуи бæрцæ, исбандунмæ — карки бæрцæ, балæборунмæ ку дæн мæхуæдæг Корай æмбес, ду- уадæс лæги мæхуæдæг. Æрæги-дурæги фæццудæнцæ æртемæй дæр æма æрбадтæнцæ Стулибæл æфцæггæс. Уæд дууæ устур лæги исæстонг æнцæ, Тазæрет æма Таухъан, Гицци Абаййæн загьтонцæ, мах фиййаутæмæ цæуæн месин цу- мунмæ, ду ба лæууæ ами, зæгъгæ, æма рандæнцæ. Уалдæнги Сари балæбурдтонцæ. Гицци Абай æхецæн цъете- бæл къагьд ракодта. Æ фарсмæ ба еу лæдзæгбæл æ баслæхъ ра- кодта, иннебæл æ нимæт æма сæбæл ходтæ никкодта. Сарий æфсад уони ’хстонцæ, е ба син сæхе. Искунæг сæ кодта, уотемæй сæ раздахта. Иссудæнцæ дууæ æмбали дæр. Ассимæ ку ниццудæнцæ, уæд гъавтонцæ сæхе бози фæккæнунмæ: — Ду бабæй кæми адтæ, мах æфсад ку здахтан, уæд? Фиййаути бафарстонцæ, æма син етæ ба загътонцæ, дууæ лæги махмæ адтæнцæ, Гицци Абай ба сæ еунæгæй раздахта, зæгьгæ. Асси æртæ лæги ихуæрстæггаг дæр Абаййæн равардтонцæ. Бесолы фырт Бæрек Бесолы фырт Бæрек царди Æрæфы фаллаг фарс — Суадæтты. Иу хатт ын кæсгон æлдар æхсæвыгон йæ бæх давынмæ бацы- ди. Сыбар-сыбурмæ Бæречы ус ракаст æмæ йæ лæгмæ бадзырдта: — Дæ бæх дын фæтардæуы! Бæрек топпимæ рагæпп ласта. Гæрах — æмæ æлдары цæлхъ зæххыл фæцыд. Уый фæстæ кæсæг Бæречы базыдтой æмæ се ’фсад хъæугæ- рон æрлæууын кодтой. Кæсæг дынджыр аг фыдимæ дыууæ лæ- джы уæхсчытыл артыл сæвæрдтой. Афтæ аг артмæ дарын кодтой кæсæг хъæуы адæмæн радыгай, Бæрек кæм ис, уый нын зæгъут, зæгъгæ. Фæлæ, Бæрек кæм уыди, уый ничи зыдта. Уый уыди хæ- тынмæ. Уæдмæ хæтынæй æрцыди. Кæсæджы хабар базыдта æмæ сæм арвыста: — Тагъд уæхи айсут, науæд уæм фæцæуын! Кæсæг фæтарстысты æмæ ныдцымдтой фæстæмæ. Æлдары мард фесæфт. Ацы хабар уыди æхсæзыссæдз азы размæ. 121
Дзывгъисы1 лæгæт Сахы паддзах2, зæгъы, куы бабырста Куырттаты коммæ, уæд Дзывгъисы хъæу бацыдысты ацы лæгæты æмæ йыл уыцы фи- дæрттæй тох самадтой. Сахы паддзах йæ сармадзантæ Дзывгъи- сы бакомкоммæ Цуды бæрзондыл æрæвæрдта æмæ сæ уырдыгæй æхсын райдыдга. Сармадзантæй фæкалдта Дзывгъисы фидæрт- тæй иуæй-иу рæтты, фæлæ уæддæр ирон адæм сæхи нæ лæвæрд- той знагæн. Сахы паддзах æрбарвыста йе ’фсæдты Уæлхъæумæ æмæ уыр- дыгæй райдыдта пыхсытæ калын бынмæ, лæгæтмæ, стæй сыл зынг бафтыдтой, фæлæ, зæгъы, адæм лæгæты арф бацыдысты, æмæ сын цы хъуамæ ракодтаиккой!.. Уæд Сахы паддзах аздæхт фæстæмæ, йæ къухы ницы бафтыд, афтæмæй. Цъамад1 æмæ сахы æфсæдты хæст Дардыл айхъуысти, Цъамады кæй ис фидар хæцæндон, йæ бон кæй никæмæн у ацы фидар байсын. Уымæ гæсгæ сæм Куыр- ттаты комæй æфцæгыл æрбахызт сахы æфсад æмæ хæцынтæ са- мадта Цъамады хъæбатыр мæсыгæй хæцджытимæ. Иу рæстæг, Цъамады мæсыгæй чи хæцыд, уыдонмæ нæмыг, топпыхос нал уыд. Æрмæст ма хæцыдысты армы дурæй. Сахы æфсæдтæ-иу сæ сæрыл кау сæвæрдтой, афтæмæй фæ- цæйбырстой мæсыгмæ. Уæд сæм-иу мæсыджы хæцджытæ дуарæй даргъ хъайван ра- уагътой, йæ бырынкъыл æфсæн конд, афтæмæй. Каумæ-иу æй быцæу фæдардтой æмæ-иу ыл рахæцыдысты, афтæмæй-иу сахы æфсæдтæ былæй ракалдысты. Уæд Сахы æфсæдтæ мæсыджы хæцджыты ныууагътой æмæ рацыдысты дарддæр. Алардыйы кувæндон кæм ис, уырдыгæй сæм дарын байдыдтой хурсудзæн æвгтæ. Мæсыгæн йæ чъыр, йæ дуæрттæ судзын райдыдтой. Цъама- ды мæсыджы хæцæг адæм фæтарстысты æмæ, урс тырыса сдар- гæйæ, сæхи радтой сахы æфсæдтæн. Уый фæстæ, сахы æфсæдты куыд фæндыд, афтæ бакодтой. Бирæ адæм цагьды фæцис, би- рæйы дзы семæ акодтой. Ацы хъæуы сæрмæ ныртæккæ дæр ис фæндаг, хонынц æй «Сахы фæндаг». 122
Гæлиатæ1 æмæ Уызы2 мыггаг сахы æфсæдтимæ куыд хæцыдысты Уызы мыггаг сты: Гæдзаутæ, Елехъотæ, Езетæ, Джерытæ æмæ Годызтæ. Гæлиаты мыггаг та сты: Хъыбызтæ, Дзырыхтæ æмæ Толастæ. Сæ иутæ цардысты Уызы бæрзондыл, иннæтæ та Нæл- зæды бæрзондыл. Сахы æфсæдтæ сæ иутæн кæрæдзимæ минæ- вæрттæ цæуын куы байдыдтой, уæд Сахы æфсæдтæ Уызы мыгга- гæн афтæ зæгъынц: — Уæхи уын ныууадздзыстæм æнæ саст, ацы ран ныронг уæ бар куыд цыди, ноджыдæр хуыздæр куыд цæуа, афтæ, æмæ нын иннæты сæттынæн бар раттут, бацамонут нын, чердыгæй сæ ба- сæттын хъæуы, уый. Хины фыдбылыз кæм нæй, æмæ сын бацамыдтой: — Уыдонæн басæттæн нæй, сæ дон сын куынæ бацауазат, уæд. Уæд Сахы æфсæдтæ Уызы мыггагæй ракуырдтой, Гæлиатæн сæ дон кæм ис, уый сын куыд бацамоной, афтæ. Уызы мыгга- джы хистæр сын загъта: — Сæ дон урс хохрæбын ис, сауы суадон, æмæ уырдыгæй цæуы галы сыкъаты арæзты, æмæ йын ссарæн нæй. Æрмæст ын иу хос ис: уæ хæргæфсытæй иуæн цæхх бадарут, æртæ боны йæ æнæ дон ныууадзут, стæй йæ лыстхалы тъæпæны уæлæмæ аскъæ- рут, æмæ йæ уый ссардзæн. Уыдон дæр, куыд сын бацамыдтой, афтæ бакодтой: сæхæр- гæфсæн цæхх бадардтой, æртæ боны йæ æнæ дон ныууагътой, стæй йæ лыстхалы фæзы уæлæмæ аскъæрдтой. Хæргæфс уади зæхмæ смудгæ. Иу ран йæ хъустыл ауад доны хæлхæл, йæ къахæй йæ ракъахта, æмæ дзы галы сыкъатæ схауди, дон арæзт кæй ми- дæг уыди, уыдон. Дон ныллæууыди. Нæлзæды хъæумæ Гæлиаты мыггагмæ дон нал цыди. Æмæ сын æнæ мæлгæ нал уыд. Уæд Гæлиатæ загътой: — Кæд æвзæр ми бакодтой, уæддæр, нæхи тæтæрмæ3 раттыны бæсты, не ’рвадæлтæ Уызы мыггагмæ бацæуæм уазæгуаты. Комкоммæ нæ, фæлæ тигъ-тигъ къæдзæхтыл ныццыдысты Сойгуыты коммæ æмæ фæстæты Уызы бæрзондмæ ссыдысты. Дыууæ мыггаджы дæр уым сиу сты æмæ Сахы æфсæдты аздæх- той уырдыгæй. Гæлиаты мыггаг ма ныр дæр Нæлзæдмæ куывды фæцæуынц. Уызы мыггаг та - Уызы бæрзондмæ, Уызы авд дзуары куывдмæ. Лæппу кæмæн райгуыры кæнæ чызг чи арвиты, уый уырдæм фыс сласы. 123
Сах Гæлиаты хъæу куыд бацахста Раджы заманы Гæлиаты хъæу, ныр кæм ис, уый сæрмæ къуыл- дымыл уыд. Уæд æм сахы æфсад æрбабырстой. Æфсад хъæуы ныхмæ иннæ къуылдымыл æрæнцадысты æмæ уырдыгæй Гæлиа- ты милмæ систой, æхсынц æй. Æхсынц, фæлæ хъæу басæттын æмæ бацахсын сæ къухы не ’фты. Фæстагмæ сахæн баххуыс кодта иу фыййау. Уый рагъыл йæ фос хызта, афтæмæй уадындзæй ныууасыд æмæ базарыд. Йæ за- рæгæй сахæн уынаффæ кæны: хæрæгæн, зæгъы, цæхх бадар, донмæ йæ хæстæг ма уадз, стæй дойныйæ иттæг куы суынгæг уа, уæд æй ратæр æмæ йæм дæ цæст дар. Сах, фыййау ын куыд бацамыдта, афтæ бакодта. Хæрæг дой- ныйæ мард, хъæуы сæрмæ сфардæг æмæ уым зæхх къахын бай- дыдта дæндагæй æмæ йæ сæфтджытæй. Гæлиатмæ дон хæтæлты уагъд уыд зæххы бынты. Хæрæг сæ иу ран уайтагьд фегом кодта. Сах хъуыддаг бамбæрста æмæ дон аскъуыдта. Гæлиат æнæ до- нæй фæлмæцын байдыдтой, стæй сæ бон куы базыдтой, уæд сæхи радтой. Донуадзæн кæм уыд, уый бæрæг дары абон дæр. Гайты мæсыг Гайтæм уыди æртæ ’фсымæры. Уыдонæн уыди дыууæ мæ- сыджы: Стыр æмæ Гыццыл. Ардæм Турк æрбалæбурдтой. Бæстæ байстой, фæлæ Гайты æртæ ’фсымæры мæсыджы бадтысты, уыр- дыгæй сæ æхстой, æмæ сын Турчы æфсæдтæ ницы амал ардтой байсынмæ. Уæд мæсыг цыппар агъуысты уыди. Ныр дæр йæ хуылф нæмгуытæй дзаг у, фæлæ дурты бын фесты, мæсыг йæ хуылфы куы ныккалди, уæд. Иутæр мæсыг куы фæхуынкъ и, уæд æфсымæртæ сæ Гыццыл мæсыгмæ балыгьдысты. Уæддæр сæхи нæ лæвæрдтой. Уæд сыл иннæ мыггæгтæ дзых хæссын райдыдтой, стæй знагæн^ æххуыс кæнын. Афтæмæй знæгтæ мæсыджы сæрмæ схызтысты. Йæ цып- пар фисыны йын ныххуынкъ кодтой æмæ дзы топпыхос ауагь- той. Раздæр дзы иу фисын схæцыд. Уæд сæ кæстæр æфсымæр рагæпп кодта æмæ йе ’фсымæртæм ныхъхъæр кодта: — Гъæйтт, уæхи æгады мардæй амарын ма бауадзут! — Йæхæ- дæг алыгъди æмæ афардæг йæ мадырвадæлтæм Хъобанмæ. Иннæ æфсымæртæ уым мæсыджы фесæфтысты. Кæстæр иуцасдæр йæ мадырвадæлтæм царди. Стæй уæд Лис- римæ1 Моураутæм æрбарвыста, нæхимæ фæцæуын, зæгъгæ. Моураутæм та ахæм лæгтæ уыди, æмæ сын фæндагыл цæу- 124
гæйæ «дæ бон хорз», йе «дæ фæндаг раст» куы загътаис, уæддæр нæмгæ кодтой. Ахæм фыдуаг адæм уыдысты уыдон. Моурауты лæг ардæм ссыди æмæ хъæуæн загьта: - Гайы-фырт æгас у, æмæ дзы чи цы райста сæ мулкæй, уый сæ фæстæмæ æрхæссæд. Ныр иугæр дыууæ хистæр æфсымæры куы фæмард сты, уæд кæстæры бæрæг дæр ничи зьщта, æмæ сын хъæуы адæм сæ дзау- матыл, фосыл, мулкыл фæхæлæф кодтой. Моурауы-фырт сын куы загъта, уæд уымæй тæрсгæ кодтой æмæ кæстæр æфсымæры æрбацыдмæ алчидæр, цы ахаста, уый фылдæрæй æрхаста. Ныр ам Гайтæй чидæр ис, уыдон сты уыцы кæстæр æфсымæры цот. Седанати тауæрæхъ Седанатæ уалæ къæдзæхи тегъæбæл цардæнцæ. Бацæуæн сæмæ н’ адтæй. Гъе уордиги тухтæнцæ. Бонæ федари сæхе бафснаи- уонцæ, æхсæвæ ба сæ хæдзарæмæ æрцæуионцæ ’ма сæ гьуддаг кодтонцæ. Седанатæ авд æнсувæри ’ма æртæ хуæри адтæнцæ. Æма син сахи æфсæдтæ се ’ртæ хуæребæл хуæст фæцæнцæ. Æфсад ба Морги бадтæй. Æртæ хуæремæн æфсад загьтонцæ: - Уе ’нсувæрти æркæнтæ, маха уæ рауадзæн! Етæ ба загътонцæ: - Кæцæй уин сæ æркæнæн, мах сæ нæхуæдтæ кунæ уинæн! Ку неци амал син иссердтонцæ, уæдта и кизгутти рамард- тонцæ ’ма сæ Морги байвардтонцæ. Уалинмæ сахи æфсад Ихалди буни фесавдæнцæ. Æфсад ку фесавдæнцæ, уæдта кизгуттæн и æнсувæртæ сæ мæрдтæ уордиги нæбал искъахтонцæ. Морги кæми æвæрд адтæнцæ, уоми сæ ниу- уагътонцæ, ’ма син уоми дорин циртдзæвæнтæ ниссагътонцæ. Абони дæр ма еци циртдзæвæнтæ Морги лæуунцæ. Кодзырты Таймураз Нæ фыдæлты рæстæджы иу быдираг æлдар йæ фæсдзæуин- тимæ хохмæ хъалон исынмæ бацыди æмæ Санибайы1 Кодзырты Таймуразы кæрты æрхызтис. Сæ бæхтæ хоры къутуйыл бафтыд- той уæгъдæй, сæхæдæг хæдзары даргъ бандоныл хицоны бадт æркодтой. Таймуразы бинонтæ уазджытæм тынг хъæлдзæг цæстæй рака- стысты. Уайтагъд сын æрæвæрдтой хæрд, нозт парахатæй, æмæ æмхуызонæй сæ уæлхъус уырдыг æрлæууыдысты. Æлдар рæбы- 125
нæй бады. Бандоныл йæхи фæстæрдæм дзæгуæз ауагъта æмæ мæстыхуызæй, тарæрфыгæй Таймуразы мады фæрсы: — Зæронд ус, ды ацы хæдзарæн цы бавæййыс? — Æз дæн, мæ хур, сæ мад. — Уæдæ-ма мын зæгъ, дæ фырттæ кæм сты? — Тепсарыхъо æмæ Сæудженыхъо быдыры, Таймураз та — фыййау. — Нæ фæлæ кæд, чи зоны, мæнæй бамбæхстысты? — Оххай, мæ хур, уанцон æмбæхст нæу, лæгæй чи бамбæхса, ахæм лæппутæ мын не сты. — Цæй-ма, уæдæ, æз чи дæн, уый ды зоныс æви нæ? ~ Хорз дæ нæ хъуыды кæнын, фæлæ уæддæр мæ буц уазæг дæ. — Уæдæ æз дæн уыцы æлдар, сымах хъалон кæмæн нæ фидут. — Дæ хорзæхæй, нæ буц æлдар, хохаг адæмæй кæй хъалон агурыс? Дæ зæххыл цæрынц æви дæ фыдæлты кусджытæ уыдыс- ты?.. Уæдæ ’мæ фыдæлты æмбисонд æцæг у: «Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай!» Цалдæр хатты уыл хорхъуаг азтæ скодта, æмæ уæ мах нæ чысыл хæххон хорæй фервæзын кодтам. — Ау, æмæ уæдæ ныр уый тыххæй хъалон фидынмæ нæ хъавут? — Тыхы дон, мæ хур, хæрдмæ ласы, цæй тыххæй нæ хъавæм? Бафиддзыстæм! — Æниу-ма мын ма бафидут, уæд уын æз кæм дæн! — Мæсты ма кæн, дæ рын бахæрон, нæ буц æлдар, фæлæ-ма мын ды уый зæгъ: кæмæй фехъуыстай æмæ кæмæн уыдысты хæх- хон адæм хъалондар? — Ды мæн ахæм ныхæстæй мацæмæй фæрс, æз уæ мæхицæн ницы агурын. Æз дæн æрвыст æлдæртты æлдар Сар-Аслæнбегæй ацы хохбæстæм, æмæ мын дзырд радта: хъалон дзæбæхæй чидæ- риддæр фида, уымæн æнæхъыгдардæй быдырмæ фæндаг лæвæрд уыдзæни. Хъалон фидыныл разы чи нæ уа æмæ ных чи лæууы, уыдон та лæвæрд æрцæудзысты шариаты тæрхондонмæ. — Уæдæ дзы, мæ хур, дæумæ дæр чысыл бартæ лæвæрд нæ уыдзæни? — Мæнмæ дæр дзы ис мæнæ ахæм бартæ лæвæрд: хæдзары фостæ ратæрын, бинонты æрцахсын æмæ сæ шариаты тæрхон- донмæ арвитын, стæй ноджыдæр мæ бон у æлдæртты уынаф- фæйы ныхмæ лæууæджы амарын. — Хорз, мæ хур, хорз, дзæбæхæй дын бантысæнт, стыр бартæ дæм ис лæвæрд, фæлæ Сар-Аслæнбег махæй цæй тыххæй агуры хъалон? ~ Ахæм ныхæстæй мæ ма фæрс, фæлæ ныртæккæ æнæ дæ фырттæ фидыс хъалон æви нæ? — Оххай, оххай, æмæ гъеныр уый та куыд зæгъыс? Дæхи уæз- дан æлдар куы хоныс, уæд лæджы хъалон сылгоймагæй куыд агурыс? 126
— Æри мын уæдæ ныртæккæ дæ фыртты! На уый нæй, уæд сын, мæ зæрды цы ис, уый бакæндзынæн! — Мæсты ма кæн, дæ фæхъхъау æрбауон, фæлтау дæ разы хъармæй исты ахæр. — Айс ныртæккæ мæ разæй дæ фынг! Ды мæн нæ зоныс, æз искæй æргæвст кæй нæ хæрын, уый? Уæд æфсин бавнæлдта æмæ æлдары цурæй фынг райста. Æлдар бинонтыл йæ цæст ахаста æмæ та зæронд усы дыккаг хатт фæрсы: — Уæдæ дын дæ цуры уый та кæй чызг у? — Уый, мæ хур, мæ чызг нæу, уый у мæ чындз, Сæуджены- хъойы ус. — Уæдæ кæд æцæг уый дæ чындз у, уæд ныртæккæ мемæ куыд рацæуа, афтæ. Стæй, кæд дæ фырттæ хъалон бафидой, уæд- иу чындзы фæстæмæ ракæнæнт! Бинонтæ уыцы дзырдæй сæ чындзæн фæтарстысты æмæ фæй- нæрдыгæй райдыдтой кæуын. Чындзæн бинонты кæуынæй йæ зæрдæ æрбауынгæг, æлдары цурæй цæхгæр фæзылдис æмæ кæ- уынхъæлæсæй балыгъдис йæ уатмæ. Уым йæ рустæм фæлæбурд- та, йæхи тонгæ дзыназын байдыдта: — Æз уыцы налатæн мæхи акæнын нæ бауадздзынæн! Фæлтау æвирхъау мардæй мæхи къухæй мæрдтæм бацæудзынæн!.. Чындз уаты æрдиаг куы кодта, уæд хæдзары Таймуразы мад Дзицца æлдары цур йæ уæрджытыл æрлæууыдис, сæрæй кæл- мæрзæн систа, æлдары раз æй æрытыдта æмæ дзы афтæмæй ха- тырдзинад куры: — Дунейы хатыр, дæ дины хатыр, дæ уæздан мыггаджы ха- тыр бакæн æмæ мын мæ чындзы ныууадз! Махмæ дын ницы баззайдзæн, ахицæн сæ кæндзыстæм уæлдайджынтæй... — Ныууадз мæ, зæронд ус, ахæм ныхæстæй. Æз дзырд куы зæгъон, уæд ды уый зон, æмæ йæ бынаты хæххон мæсыгæй фи- дардæр лæууы. Дæ фырттæ хъалон кæй нæ фидынц, уый тыххæй дын ныртæккæ дæ чындзæн æнæ кæнгæ нæй. Ус сæрдиаг кодта. — У-у-у! Дæ фæхъхъау æрбауон, мæ сыгъзæрин æлдар, мах дæ мад æмæ дæ фыды уазæг, ма нæ фæхудинаг кæн! Ирыстоны ахæм æвир- хъау хъуыдцаг ничи бакодга, æмæ йæ ныр ды мах мыггагыл ма бавзар! — Ныр цы бирæ дзæгъæлы дзурыс? Цы лæууыс мæ разы дæ уæрджытыл? Цы мæ дарыс ныхæстыл?!. Марадз æмæ ныртæккæ дæ чындзы рарвит, на уый нæй, уæд æй мах нæхæдæг тыхæй ракæндзыстæм. — Дæуæн, мæ хур, алцыдæр дæ бон у, дæумæ Хуыцауæй бирæ бартæ лæвæрд ис. Ды ахæм хъуыддæгтыл фæлтæрд дæ. Фæлæ мах адæмы астæу ма фæхудинаг кæн... На уый нæй, уæд ахæм худи- наджы хъуыддаг нæ мыггаджы туг дæр нæ бауромдзысты. 127
Æлдар уыцы дзырдыл æвиппайды æрбамæсты, йæ цæсгом раст сырх цæхæрайы хуызæн фæкодта æмæ дзуры: — Гъеныр дæ, зæронд ус, ахæм ныхæсты тыххæй дæ урс дзык- кутæй мæ бæхы къæдзилыл куы бабæттон æмæ дæ быдыры ра- лас-балас куы фæкæнон, уымæй нæ тæрсыс? — Æз, мæ хур, мæлæтæй нæ тæрсын, мæнæн мæ царды хуыз- дæр бонтæ аивгьуыдтой. Дæуæн мæн æрбамарын гæнгæлыйы хих акъуырынæй уæлдай ницы у. Ды мæнæй бирæ хуыздæрты бар- выстай мæрдтæм æмæ цæв мæн дæр! Бабæтт, амар мæ! Уæддæр мын мæ чындзы кой мауал кæн!.. Цалынмæ уазæг æмæ фысым ацы ныхæстæ кодтой, уалынмæ Тепсарыхъойы чызг, æлдары цурæй кæугæ-кæуын, Рекомы ра- гъыл Таймуразмæ фæдисы схæццæ. Таймураз тарстхуызæй чыз- джы размæ æрызгьордта æмæ йæ фæрсы: — Цавæр хабар у? Цы ныл æрцыди? — Дæлæ нын иу цавæрдæр æлдар цæйдæр хъалоны тыххæй нæ чындзы йæхицæн кæны. Таймураз уыцы дзырдыл фырмæстæй цæстытæ туджы разылд- та æмæ та дыккаг хатт чызджы фæрсы: — Ау, æмæ уый та цавæр конд у?! Иунæг у æви æмбæлттимæ? — Æдæппæт фарастæй нæ хæдзары бадынц. — Хорз, уæдæ, мæ хур, мауал ку, нæ йæ акæндзысты, аздæх фæстæмæ æмæ цæугæ нæхимæ! Таймураз фæйнæрдæм афæлгæсыд, нымæт æфцæгæй феппæр- ста, худыл бæрзонд схæцыд æмæ йæхи цæргæсау уырдыгмæ ра- уагъта, нал равзæрста дзыхъхъытæ, къуыппытæ, фæлæ сыл цæх- гæрмæ æрызгъоры. Уыдаид раст æмбисбон, хур йæхи Хъазыбеджы хохы сæрмæ систа, къæдзæхты сæртæ фæйнæрдæм айнæджы хуызæн цæхæртæ калынц. Фæлæ ацы бон стыр диссаджы бон у: бæстыл иу цъиу- змæлæг никæцæй зыны. Æрмæст ма бæрзонд хуссæрттæй фый- йæутты уадындзты уасын кæмтты нарджытæм чысылгай хъуысы. Таймураз дæр кæд фырмæстæй размæ тындзы æмæ тыхджы- нæй-тыхджындæр згъоры, уæддæр йæхинымæры дзуры: «Амонд- джын хъуыддаг уаид, куы ма сæ баййафин нæ хæдзары. Чи зоны, кæд æй фæкæнынц, уæддæр æз хъуамæ комы сæ размæ фæуы- дзынæн... Уæд та сыл Тепсарыхъо æмæ Сæудженыхъо фæндагыл куы сæмбæликкой. Ау, æмæ æниу уый та куыд уыдзæн: нæ хъæу- бæстæ хъалоны тыххæй куыд ауадздзысты мæ чындзы!.. Æвæц- цæгæн, уый æлдар нæу, фæлæ мын чидæр мæ бинонты фæтæр- сын кодта». Уыцы згъоргæ-згъорын Таймураз æвиппайды дзыхълæуд, фæкодта æмæ лæгæты къахырæй уырдыгмæ комырдæм æдзынæ- гæй кæсы. Ныр зæрдæ дардыл адзæгъæл æмæ хинымæр дзуры: «Арæби, комырдыгæй хъæлæкк ницыма зыны: кæд æй, чи зоны, 128
абон раджы ахастой, уæд уый æндæр хабар у... Мæ фос дæр сæфдзысты, фæлæ цы гæнæн ис! Тулæг дурæй къæрттытæй фыл- дæр цы хауы.. Худинадясы бæсты — мæлæт хуыздæр!» Уыцы ран Таймураз йæ рон фидар æрбалвæста, фæдджитæ фæсрон асагъта, топпы хъусхос бавгæдта æмæ афтæмæй рагъыл уырдыгмæ æрызгъоры. Уайтагъд Рекомы рагьæй Санибайы сæрмæ æрхæццæ æмæ раст Симæн фæзæй уырдыгмæ сæ кæртмæ ныкка- сти. Таймураз куыддæр сæ кæрты æд саргъ бæхтæ ауыдта, афтæ æвиппайды йæ зæрдæ æрсабыр, æмæ загъта: «Ныр æнцон у, æгай- тма сæ нæ хæдзары æрæййæфтон; ныр, кæд уазджытæ разыной, уæд дзыхæй æфхæринаг сты. На уый нæ, æмæ, кæд хъалонагур- джытæ разыной, уæд мæнæй тыхдзинадæй ницы хайыр фендзы- сты...» Таймураз дардыл азылдис æмæ чъылдымырдыгæй сæ кæртмæ æрбахызтис, æнцад къулы рæбын хæдзармæ æрбахъуы- зыдис æмæ рудзынджы зыхъхъырæй мидæмæ кæсы. Чегъретæ хъæлдзæгæй минас кæнынц. Дзицца рæбынæй æлдары цур уæр- джытыл лæууы, йæ зæронд уадултыл цæссыг уырдыгмæ лæсæнтæ кæны, æмæ дзуры афтæмæй, хатырдзинад куры. Æлдар иу къах иннæуыл сæвæрдта æмæ зынæрвæссон хуызæй Дзиццамæ кæсы. Уыдæттæ фенгæйæ, Таймураз æхсаргард размæ фæзылдта, топп фергъæвта, хæдзары дуарæй уыциу гæрах бакодта. Æлдар бандонæй асхъиудта. Дзиццайы раз зæххыл дæлгоммæ йæ цæлхъ фæцыдис æмæ уыцы ран æвиппайды хъыпп-сыпп нал сфæрæз- та. Чегъретæ, гæрах кæцæй æрбацыд, уый нæ базыдтой æмæ æнцад æлдары мардмæ джихæй кæсынц... Таймураз сæм кардæлвæстæй мидæмæ басæррæтт кодта, сæ хотыхтæ сын æрæвæрын кодта æмæ сæ йæ фыццаг кæртмæ ра- тардта. Сæ бæхтыл сæ сбадын кодта, сæ марды сын саргъмæ фидар æрбаста æмæ сын афтæмæй загъта: — Сымах æлдары æмсæртæ не стут, уый тыххæй уын æрцы- дис хатыр; фæлæ ма уæ абонæй фæстæмæ нæ бæстыл хъалон исгæ кæйдæриддæр æрæййафон, уымæн ацы боны хуызæн нал уыдзæн мæнæй хатыр. Цæугæут ныр, хæсгæут нæ бæстæй уæ мард. Чегъретæ араст сты, ахастой Санибайæ сæ мард. Æртыккаг бон æлдары мард быдыры бæстыл тынг стыр ка- димæ баныгæдтой. Цыппæрæм бон, æлдæртты æлдар Сар-Ас- лæнбег, кæсæджы æлдæртты æрæмбырд кодта шариаты тæрхон- донмæ æмæ сын мæстыхуыз, тарæрфыгæй загъта: — Абон махæн нæ тæккæ хорз æфсымæр ирон лæджы къухæй мæрдгæм бацыдис, æмæ уыцы марæгæн исты тæрхон кæнут æви нæ? Æлдæрттæ фырмæстæй сæ бадæнтыл базмæлыдысты æмæ æртхъирæнтæ кодтой. Иналыхъо-æлдар дæр Сар-Аслæнбегæй дзырды бар ракуырд- та æмæ загъта: — Махæн не ’фсымæры чи амардта, уымæй ныртæккæ нæ 9 Ирои таурæгътæ 129
хæс куынæ райсæм, уæд нæ ноджыдæр сау адæм иугай-дыгай марын райдайдзысты æмæ нæ афтæмæй раст Æрджынарæгæй фæдæлæмæ кæндзысты... Ахæм ныхæсты фæстæ Таймуразæн рахастой марыны тæрхон. Ацы тæрхон æххæст кæнын сæхимæ райстой дыууадæс æлдары æмæ раст йæ дыккаг бон Таймуразы марынмæ ацыдысты. Уыд сихорафон, афтæ сæ бæхтæй æрхызтысты Джызæлгомы дымæгмæ Тæгуызбары атагъайы, æмæ сæ хистæр дзуры: — Мах ацы комы ницы бакæндзыстæм: чи зоны, куы йыл æрхæст уæм æмæ йæ куы амарæм, уæддæр ма ацы комæй æнцон- ты нæ аирвæздзыстæм. Фæлтау мæ коммæ бакæсут: цомут Арвы- комыл. Уыцы ран цæры иучысыл хъæу, йæ ном Цыми, æмæ уыцы ранæй мах бакæндзыстæм бирæ хуыздæр нæ хъуыддаг. Цымийæ Санибамæ ис дыууадæс версты. Бæрзонд æфцæг, стæй бæрзонд сау хъæд. Æлдæрттæ сæ хистæры дзырдыл сразы сты æмæ араст сты Цымимæ. Бахæццæ сты æмбойны æмæ æрфысым кодтой Дуда- рыхъойы хæдзары. Фæцардысты йæм дыууæ къуырийы, æмæ сын Дударыхъо йæхæдæг ныллæууыдис Таймуразы ныхмæ хæрзгæ- нæг. Бацамыдта сын Санибайы арæнтæ æмæ Таймуразы хæтæнтæ иууылдæр. Дударыхъо Санибайы мидæг сарæзта Таймуразы ныхмæ хæрзгæнджытæ, æмæ уыдон хабар лæвæрдтой Дударыхъойы уаз- джытæм. Иу бон Таймураз йæ сыхаг Тасолтанимæ Санибайы сæрмæ цуаны рацыдис. Таймураз бацыдис Суаргомы, Тасолтан та Къæн- дæлгомы. Сæ дыууæ дæр бацыдаиккой уыцы бæрзонд хъæды иу дзæвгар, афтæ комы нарæджы Таймуразыл йе знæгтæ æртæрды- гæй, æрвнæрæгау, ралæууыдысты. Кæд æвиппайды Таймураз уыцы ран мæлæтдзаг цæф фæци, уæддæр ма сын сæ раздзæуджытæй йæ хъримаг топпæй æртæ фæмард кодта. Тасолтан уыцы топпы гæрæхтæм Къæндæлы рагъыл цæхгæрмæ æрбахызтис, æмæ Таймуразы марджытæ Тасолтаны хъæрæй фæ- тарстысты, сæ мæрдты уыцы ран æд хотыхтæ ныууагътой æмæ афтæмæй алыгъдысты. Тасолтан уайтагъд Таймуразы уæлхъус æрбалæууыд, фырмæ- стæй къухтæм дæндагæй фæлæбурдта æмæ Таймуразы марджыты комы уырдыгмæ расырдта, сау хъæды сæ дыууæрдæм бирæ фæ- цагуырдта, фæлæ сæ уæддæр нал ссардта æмæ фæстæмæ æнкъар- дæй æрбаздæхти. Тасолтан куыддæр Таймуразы цæфтæм æркасти, афтæ йæ ри- уыл ныддæлгом æмæ цæссыг хуырзгъæлæгау уырдыгмæ згьæлы. Таймураз дзуры Тасолтанмæ: — Дæхи мауал æфхæр, мæ хорз æмгар, фæлтау ма дæ цуры чысыл фалдæр, кæдæм æхстон, уыцы ран бабæрæг кæн, исты сæм сарæхстæн æви нæ? 130
Тасолтан чысыл æддæдæр бауадис, æвиппайды дзыхълæуд фæкодта, фæстæмæ цæхгæр фæзылдис, æрбазгъордта, Таймура- зы йæ хъæбысы ныккодта æмæ дзуры: — Дæ рынтæ мæ гуыбыны ацæуæнт, æмæ дæ хъримаг топпæй сыгьзæрин нæмыг фехс. Дæ хæс райстай æртæ номдзыд æлдарæй. Таймураз йæ цæсгом фæрухсдæр кодта æмæ загъта: — Уæдæ дæ хъуыддаг раст æрцæуæд, Тасолтан. Æгайтма рай- стон мæ хæс. Ныр, кæд амæлон, уæддæр ницы кæны, мæрдтæм бацæудзынæн рухс цæсгомæй... Цæугæ ныр, Тасолтан, æмæ мын тагъд нæхицæй уæрдон æрбакæн. Æцæг дæ мæ мад Дзицца куы фæрса, уæд-иу зæгъ: «Таймураз дын Хæрхы сæр сæрджын саг амардта, æмæ йыл цин дæр ма бакæн, хъыг дæр ыл ма ракæн». Тасолтан цæхгæр фæзылдис æмæ хъæумæ фезгъоры. Тайму- раз уыцы ран йæ туджы мæцгæ баззадис. Бæстæ æрсабыр, нал хъуысы сыбыртт дæр. Æрмæст ма æрæг- вæззæджы уазалæй бæлæсты сыфтæртæ Таймуразы алфæмблай митуарæгау уырдыгмæ згьæлынц. Уалынмæ Санибайы фæсивæд æрхæццæ сты. Таймуразы ма æрбаййæфтой уæлгоммæ хуысгæйæ, сæнттæ дзургæйæ. — Ау, уый та куыд?.. Мæ чындз... Æлдар... Мæ чындз... хъало- ны тыххæй... Æцæг... фæкæнынц æй... цæй, зæгъ, кæуылты! Комы уырдыгмæ... Кæс-ма йæм уæдæ ныртæккæ!.. Афтæмæй æвиппайды топмæ фæлæбуры. Цалынмæ фæдис æртæ æлдары марды уæрдоныл æвæрдтой, уалынмæ Таймураз дæр комы нарæджы æмбисбон йæ хорз æмгæр- тты астæуæй дунейы цардæй ахицæн. Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта Иу бон кæсгон æлдар сфæнд кодта хъалонмæ фæцæуын. Йæ чегьретимæ рараст и Хъобанмæ. Уыцы заманы Чермен хъæды суг ласынмæ уыдис, æмæ Хъобанмæ хæстæг йæ сæмæны къубал асаст. Черменæн гæнæн нал уыд æмæ йæ сæмæн аразын райдыдта. Уыцы заманы йæ кæсгон æлдар æрбаййæфта. Чермен æмæ æлдар кæрæдзийæн салам радтой. Стæй æлдар Чермены фæрсы: — Лæппу, Хъобанмæ ма бирæ баззад? Чермен йæ рахиз цонгæй сæмæн æд цалх фелвæста æмæ амо- ны Хъобанырдæм: — Уæлæ дын Хъобан. Æлдар Черменмæ куы бакаст, уæд базыр-зыр кодта, йæ зæрдæ асаст æмæ йæхицæн афтæ зæгъы: «Йæ хъæддзау лæг афтæ тых- джын кæмæн у, уыдонæн ма уагæр сæ тохгæнæг адæм цавæр уыдзысты? Уыдонмæ хъæумæ куы бацæуон, уæд мæ хæргæ дæр бакæндзысты!» — æмæ фæндагæй фæстæмæ раздæхт. 131
Дудиаты хъан Иу хатт Дудиатæ райстой сæхимæ хъанæй Тасолтанаты кæс- гон кънйазы фырты. Уый та цардис Сындзыхъæу æмæ Тугъанты хъæуы ’хсæн рæбыны. Лæппуйы хуыдтой Дзанхотт. Дудиатæ йæ схъомыл кодтой, хуыздæрæй сæм цы уыд, хæринагæй, дарæсæй, уый йын лæвæрдтой æмæ йын кад кодтой, куыд сæ фидæны æлдарæн. Дзанхотт слæг и, дзырдта иронау, фæлæ йæ дин пы- сылмон динæй баззад. Дудиатæ цардысты Бызы хъæуы, Садонмæ фæндагыл Салыгæрдæнæй Мызуры ’хсæн. Иу аз æххормаг аз кодта. Дудиатæм нал уыд хæринаг. Æмæ уæд Дзанхотт Дудиатæн загьта, баххуыс уын кæнон, зæгьгæ. Дудиатæ дæр ыл æууæндыдысты, сæ хъан уыд æмæ. Дзанхотт сын загьта: — Æз уæ мæ фыдмæ фæхæццæ кæндзынæн, уый хъæздыг у, бирæ йæм ис хор æмæ фос дæр! Мах уæ иууылдæр схæсдзыстæм. Дудиатæ — мад, фыд æмæ хъомыл чызг, уымæй уæлдай мад уыд сывæрджын æмæ цыппæрæм удмæ кастысты. Сразы сты æмæ араст сты, æмæ сæ Дзанхотт йæ фыдмæ ныккодта. Зымæджы дæргъы, æцæгдæр, Дзанхотты фыд базылд Дудиатæм, уыдон дæр ын куыстой йæ хæдзары. Фæлæ уалдзæг куы ’рбалæууыд, уæд Дзанхотт йæ фыдимæ сфæнд кодтой æмæ йæ æххæст дæр скодтой: ауæй кодтой Дудиа- ты иу æлдарæн. Æлдар куы ’рбацыд æлхæд Дудиатæм ласынмæ, уæд йемæ уыд барджытæ, цыма чывдзхæссæг уыдысты, уыйау. Куы араст сты, уæд фæндагыл Дудиаты мад фæгуырысхо: уыдта, сæхирдæм сæ нæ ласынц, фæлæ бынтон æндæрæрдæм, æмæ загъта: — Кæдæм нæ ласут, Дзанхотт? Нæ хæхтæ сты Хосæг, Адæггом æмæ Сырддзыхъ - уæлæ галиуæрдыгæй, сымах та нæ рахизæр- дæм куы ласут! — Нана, уæхимæ уæ ласын! — загъта Дзанхотт. Дудиаты мад загъта Дзанхоттæн: — Æлгъыст фæу, гадзрахатæйцæуæг, æз бамбæрстон, цы нын бакодтай, уый! Мæ урс æхсыр рондзæй фæкал! Кæд Дудиатæм фæзынид, уый чи бакæна, ахæм лæг! Дудиаты æрвадæлтæ сæ агурынтæ байдыдтой, фæлæ сыл нæ хæст кодтой. Куынæ сæ ардтой, уæд хъуыддаг æмбарын байдыд- той æмæ сфæнд кодтой Дзанхоттæй сæ маст райсын. Дзанхоттæн уымæй размæ хъалон дыууæ комы фыстой, Куырт- татæ æмæ Уæлладжыр, æртæ сомы кæнæ фыс алы хæдзарæй. Дуди- атæ нал фыстой сæ хъалон, Дзанхотт та йæхицæн марынæй тарст æмæ, Дудиатæ кæм цардысты, уырдæм йæхæдæг нал уæндыд. Иу хатт Дзанхотт Бирæгъзæнджы1 хъæуы Гæбутæм фæзынд, Гæбутæй иу лæппу Дзанхотты ауыдта æмæ Дудиатæм фæхъæр кодта: — Уæ туджджын ам и, æмæ кæд уæ маст исут, уæд уын рæс- тæг æрцыд! 132
Дудиатæ сын мадырвадæлтæ уыдысты. Дудиатæ дæр сæ хьримæггæм фæлæбурдгой æмæ Бызæй Бирæгь- зæнджы балæууыдысты. Гæбуты кæртмæ бахызтысты æмæ уазæгуаты Дзанхотгы ауыдгой. Куыддæр Дзанхотг бæгæныйы къус йæ дзыхмæ схаста, афтæ йæ Дудиатæй иу бахсга, æмæ фынгыл мардæй бахъил... Дудиатæ бафардæг сты Бызмæ, Дзанхотгы мард та Кæсæгмæ аластой. Дудиатæ цыппар æфсымæры - Дуди, Бута, Хæрджын æмæ Гæбысæй хистæры ном хæссынц. Тасолтанатæй тæрсгæйæ, Бута Дудийæ ахицæн æмæ йæ мыггаг йæхицæй ракодта — Бутатæ. Гæ- быс йæ бинонтимæ Куырттаты коммæ алыгъд æмæ Хæлгоны æрæнцад. Хъæрджын та баззад Ногхъæуы цæргæйæ. Мæсугъæу1 æма Дзæрæсте2 Кетæй цæмæн фестадæнцæ Дууæ гъæуи цардæнцæ Хæзнидони3 билæбæл Кети. Кæсгон æлдар си анз æртæ хатти хъалон иста. Хъалон есунмæ ку сцæуи- дæ æлдар æфсæдти хæццæ, уæд Ирæфбæл цъæх мегъæ нибба- дидæ. Цард сæ нæ уагъта кæсгон æлдар, хъæбæр сæ æфхуардта. Еу хатт æлдар исцудæй æфсæдти хæццæ æма Хæзнидони хон- сарфарс æринцадæнцæ. Æртæ нард гъоги равгарстонцæ, æма ка фезонæг кодта ухстбæл, ка — цæхæрбæл, иннетæ ба — аги. Сиойтæмæ ба адтæй нæуæгхунд рæсугъд киндзæ. Æлдарæн, æвæдзи, еске загъта киндзи хабар, æма ’й æлдар æхемæ æрхонун кодта уордæмæ. Киндзæн æ лæг цауæни адгæй æма гьæуанз рамардга. Гъæуанзæн æ сæр æма æ хурфи дзаумаутæ æрхаста, е ’ннæ фид ба ин бæласæбæл бæрзонд тапка ракодта æма уобæл ниууагьта (уæд уотæ кæнионцæ). Ку ’рхъæрдтæй хæдзарæмæ, уæд нæуæг уосхунд лæхъуæн куд нæ бæлдтæй æ уоси уиндæмæ æма ’й райагурдта. Мадæ æнкъардæй бадтæй. Дзоруй лæхъуæн æ мадæмæ, дæ киндзæ ба кæми ’й, зæгъгæ. Ци гæнæн ма ин адтæй æнæ зæгъгæ. Ку ин радзурдта, уæд ин лæхъуæн загъта: — Нана, гузавæ ма кæнæ, киндзæбæл бабæй ци гузавæ кæнис? Исбабæй ердзинан, зæгъгæ. Æхе фахъæраарæзт ракодта гебена æма бузури зæрæндти. Дам- баца æ рони рацавта. Топп Хæзнидони цæгати раримахста. Æма бацудæй æлдари æфсæдтæмæ. Сæхемæ æнгæрон неке уагътонцæ, фал е ба гъæлай хузæн æхе искодта æма хæлори скъуддзæгтæ артбæл февæридæ æма, цума хуæргæ кодта, уотæ ракæнвдæ. Етæ дæр кастæнцæ æма худтæнцæ. Æлдар иннетæй цохдæр бадтæй киндзи хæццæ, æ къох ибæл æрдауидæ. Сиой-фурт имæ æхе баласта, дамбаца ин æ тæккæ сæрбæл фæккодта. 133
Æлдар фæммардæй. Киндзæ фæггæпп ласта, æма Хæзнидони цæгатмæ æрбагæпп кодтонцæ и дууæ. Ардигæй сæбæл Сиой-фурт тохунмæ февналдта топпæй сæ тæккæ тумугъмæ æма си никки- дæр ниццагъта. Уæдæй фæстæмæ хъалон некæдбал бафистонцæ кæсæги æлда- рæн и дууæ гъæуи. Кадæртæ си фæйнердæмæ фæппурх æй. Ка хонхмæ фæллигъ- дæй, ка - Дур-Дурмæ. Гъе уæд равардтонцæ сæхе Уæрæсей пад- дзахадæмæ кæсæги æлдæртти тасæй хъазайхаг. Мæсхъæу Вариант Мæсхъæу цардысты Æрæфы доны былтыл — Хæзнидонмæ хæстæг. Æлдар сæ алы аз дæр иста хъалон: чызг кæнæ лæппу... Иу аз Гулдуты рæсугъд чызгмæ æлдар æрбацыди хъалоны хаст кæнынмæ. Адæм чызджы бамбæхстой къутуйы бын, фæлæ йæ уæд- дæр æлдар ссардга. Куы йæ фæцæйхаста, уæд æлдары Сæууойтæй чидæр рагæрах ласта, æмæ æлдар куыдзы мард ныккодга. Чызг баззад. Уый фæстæ кæсæг змæнтын байдьщгой; Мæсхъæумæ лæбурдгой, Мæсхъæуы цæрæг адæмæн сæ бон куы нал уыди, уæд равзæрстой сæ дзырддзæугæдæр лæпы æмæ сæ арвыстой Зепъатъимæ, паддзах Ека- теринæ П-мæ, цæмæй сæ паддзах йæхимæ айса, уый тыххæй. Æмæ падцзах Мæсхъæуы йæхимæ райста, дьпур мæ лымæн сты, зæгъгæ. Паддзах сæрвыста хъазахъхъы æмæ Мæсхъæуы сыстын код- той сæ бынатæй. Акодтой сæ Кæсæджы уынгты Мæздæгмæ. Ныр- тæккæ Мæсхъæу ис Мæздæджы. (Мæсхъæу — ома Мæсгуыты хъæу; раздæр цардысты мæсгуыты). Наурузти1 æрбацуд хонхмæ Дзæрæсте æма Мусхъæу Мæздæгмæ ку фæллигъдæнцæ, уæд ма Наурузтæ еу цуд æрбакодтонцæ хонхмæ хъалон ниввæрунмæ. Æлдар æфсæдти хæццæ æрбахудта еу гоцъеф Устур Дигорæмæ. Е ’рбацуд адтæй хуасæ кæрдуни афони. Адæм адтæнцæ хуасæ кæрдуни. Æлдар фегъосун кодта Устур Дигорæн: — Æрæмбурд уотæ, æма уи ка тухгиндæр æй, е мæ гоцъефи хæццæ фæххуæцæд. Мæ гоцъефи ку рабуни кæна уæ лæг, уæд уин æз хæдзарæн гъог куд раттон, уотæ. Мæн гоцъеф ку фæхъæ- бæрдæр уа, уæдта мин сумах куд раттайтæ хæдзарæн гьог. Фæххабар кодгонцæ Хæресмæ, æндæртæмæ, æфсæдтæ æрбад- тæнцæ гъæубæл, зæгьгæ. Æрæмбурд æнцæ Устур Дигорæ æма нир- деуагæ кодгонцæ. Кæцæй хастонцæ сæ нифс, æлдари гоцъеф хумæ- тæги гоцьеф нæй, æма уой хæццæ ке бон исуодзæнæй фæххуæцун. 134
Ци гæнæн син адтæй, Устур Дигорæ хæдзарæн гьог æрæм- бурд кодтонцæ. Уæд Дзаботи Æккайæн лигъстæ кæнун байдæд- тонцæ, фæххуæцæ ду æ хæццæ, уæдцæр нæ гъоцитæ дæтгæ ’нцæ æма си игъаугидæр нæбал ес, зæгъгæ. Æкка ба адтæй хъаурæгин лæг, фал уæддæр кæсгон æлдармæ хумæтæги гоцъеф нæ уодзæ- нæй, зæгъгæ, æ нифс нæ хаста. Исхъæбæрдæр æнцæ адæм, æмаÆкка æрхустæй гоцъефи хæццæ. Ци гъудæй гоцьефæн, æнæхуæргæ, фæллад хуасдзау лæги рабуни кæнун? Æкка ку фестадæй, уæд гоцъефмæ е ’нгулдзæ ниттилдта: — Дæ нифс бахуæрæ, æстонг æма фæллад кунæ адтайнæ, уæд ци адтайдæ, уой адтайдæ, зæгъгæ. Æлдар бафарста, ци зæгъуй, зæгьгæ, æма ин ку радзурдгонцæ, атæ зæгъуй, зæгъгæ, уæд ниггузавæ ’й æма загъта: «Уотемæй ба мæ сæрмæ не ’рхæсдзæнæн мæ дзурд фæссайун æма батухæ кæ- нун». Дуккаг бонмæ син æнгъуд равардта. Æккайæн Устур Дигорæ нæл фус балхæдтонцæ æма ин хуарз бахуæрун кодтонцæ. Уолæфгæ дæр бакодта. Сæумæ ма æлдар хусгæ кодта, уотемæй имæ дуар бахуаста, ракæнай дæ гоцъефи,зæгъгæ. Адаем æрæмбурд æнцæ. Æлдар дæр фестадæй æма сæ æрхуæ- цун кодтонцæ. Æкка æрбалхъивтитæ кодта, æма гоцъефи фæрс- къити къæр-къæр исцудæй. Гоцъефи фæрстæ баморæ кодта Æкка æма ’й зæнхæбæл ниццавта, уæдта ’й ралхъивта, æма гоцъефи гъæлæсæй тог искалдæй. Гоцъеф ами рамардæй, æлдар ба ле- дзунбæл фæцæй е ’фсади хæццæ. Цæргæсатæ æ фæсдзæуинтæ адтæнцæ æма æ хæццæ рацудæнцæ. Уæд Мости ба цардæй еу гурдзиаг, Гезеæй ка ’рбафтудæй Хъанте- муртæмæ уацайраг æма цагьарæй ка суæгьдæй, уæхæн æма æрæгиау фегьуста хабар. Устур Дигорæмæ исцæун ин нæбал бантæстæй, фал æлдар сæ ниррæстæмæ ку нихъхъæрдтæй, уæд æлдари багæрах ласта. Топпи фат æлдари бæрцити цæгъдгæ бацудæй. Æлдар фæс- тæмæ фæхъхъан æй бæхи рагъбæл. Исæрдеуагæ кодтонцæ, æлдар фæммардæй, зæгьгæ. Æлдар сæмæ дзоруй: — Мард нæ фæдтæн, фал ци уавæр адтæй, ка ’дтæй? Цæргæсатæ ба ймæ дзорунцæ: — Косæг гурдзиаг æй, — зæгъгæ. Æлдар фæгьгьæр кодта æ адæмбæл. — Тагъд, лæг ка ’й, ледзгæ, — зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ некæдбал æрбацудæнцæ Устур Дигорæмæ. Музаты мыггаг Лекъобайы1 агьоммæ Музаты мыггаг никуы уыдис. Мыггаг кæмæй равзæрд, уыдон сæхæдæг уыдысты Тогъуызатæй. Тогъуызаты мыггаг цардис, ныр Елхотт кæм ис, уыцы ран. Лекъобайы рæстæджы быдыры хъæутæ тынг стыхстысты лекъæй, 135
смæгуыр сты æмæ лыгъдысты хæхтæм. Уым арæзтой мæсгуытæ сæхи лекъæй бахъахъхъæныны тыххæй. Тогъуызаты хъæуы цардысты æртæ ’фсымæры: Цопан, Музар æмæ Елхъан. Æртæ ’фсымæрæн уыдис иунæг хо. Уый уыдис тынг рæсугъд, æмæ лекъ йæ фæдыл зылдысты, фæлæ йе ’фсымæрты хъаруйы руаджы сæ къухты никуы бафтыд, бамбæхстой йæ æфсы- мæртæ, æмæ йæ зонгæ дæр ничиуал кодта. Уыцы заманы сæ сыхаг хъæуæй иу кæсгон лæджы фырт рай- дыдта курын Тогьуызаты хойы. Лæвæрдта сын бирæ ис, фæлæ æфсымæртæ, мах нæ хойы фæллæйттыл нæ дæттæм, зæгъгæ, загъ- той. Уæд кæсгоны фырт æфсымæрты банымыгъта лекъы хис- тæрмæ, ома, дам, сæ хойы дæуæн аккаг нæ кæнынц æмæ йæ бамбæхстой. Дыккаг бон лекъ æфсадæй бацыдысты лæппутæм. Цы хъуа- мæ сфæрæзтаиккой æфсады ныхмæ? Радтой сæ хойы, æрмæст загътой: — Кæд не ссарæм нæ уæйгæнæджы, уæд хъуамæ нæ хойы фæдыл амæлæм. Æппынфæстаг Музар базыдта уæйгæнæджы, фæлæ уый дæр йæхи хызта, зыдта, ирон адæм мастисаг кæй сты, æмæ донмæ дæр æнæ хъахъхъæнæг нал цыдис. Уæд Музар скодта хинæй рацæуыны фæнд æмæ загъта йе ’фсымæртæн: — Арвитæм кæсгоны фыртмæ лæг ахæм дзырдимæ: «Нæ хо лекъы къухмæ нæ бахауд, бамбæхстам æй, æрмæст дарддæр нæ бон нал у йе ’мбæхсын. Ды та тыхджын лæджы фырт дæ æмæ йæ бафснай- дзынæ. Æрцу, саразæм чындзæхсæв æмæ ахæсс дæ бинойнаджы». Æфсымæртæ сразы сты æмæ арвыстой лæппумæ. Куыннæ дын æрхæццæ уыдаид кæсгон лæппу цингæнгæ! Æрха- ста стыр лæвæрттæ, чындзæхсæвæн цы хъуыд, уый, æмæ æрцы- ди. Лæппутæ йæ хорз суазæг кодтой, æрæвæрдтой фынг, æмæ минас кæнынц. Уæд кæсгон лæппу æркодта чызджы кой, куыд æй фендзынæн, зæгъгæ. Лæппутæ сæ маст нал бафæрæзтой, амардтой «сиахсы» йе ’мбæлттимæ, сифтыгътой бæхтæ æмæ ра- лыгъдысты сæ хъæуæй. Бирæ ма сæ агуырдта кæсгоны фыд, фæлæ ма цы, — лæппутæ Чысаны коммæ æрхæццæ сты. Иу хохыл ссардтой суадон, банызтой дзы, стæй уæдмæ донмæ æрхæццæ диссаджы сæрджын саг. Кæстæр лæппу Елхъан рæст- дзæвин уыди, фехста саджы æмæ йæ амардта. Лæппутæ бацин кодтой æмæ загътой: — Æвæццæгæн нын ацы бынат Хуыцауæй дæтгæ у. Саджы сфыхтой, йæ сыкъатæ йын сæвæрдтой, стæй цъус фалдæр сæхицæн сарæзтой хæдзар æмæ дзы бацардысты. Лæппутæн Тогъуызатæй фыссæн нал уыдис, уæд се ссарын æнцон уыд, фæлæ мыггаг кæнын байдыдтой сæхн нæмттыл. 136
Цопан уыдис æнæзæнæг, Музар æмæ Елхъаны зæнæг та сæхи Музатæ æмæ Елхъантæй хонын райдьщгой. Ныртæккæ уыцы бы- нат хуыйны Къахет, æмæ ма дзы цæры иуæндæс хæдзары Музатæй. Сæ дзуæртты абоны онг æвæрдæй баззадысты саджы сыкъатæ. Музатæ æмæ Елхъантæ куыд бирæ кодтой, афтæ сыл зæхх нал æххæст, æмæ алыгъдысты: Музатæ — Захъхъормæ1, Елхъантæ та — Армазмæ2, æмæ абон дæр æрвадæлты цардæй цæрынц. Бирæ дзы фæлыгъд æндæр хъæутæм дæр, æнæхъæн Чысангомы ных- хæлиу сты. Афтæ у Музаты мыггаджы равзæрды хабар. Наниты Биандур Уæд дын уæлæ Ахалисайы къуыппæй лечъы æфсад æрбазын- дысты. Адæм цыдæр куывд кодтой æмæ нуæзт æмæ хæрдыл бад- тысты. Куы ауыдтой лечъы æрбацæугæ, уæд фынгтæ ныууагьтой æмæ фвдæрттæм сæхи айстой. Уыцы хæсты Наниты Биандур авд лекъаджы амардта, стæй йæм лекъ рагъæй æрхъуызьщысты æмæ йæ амардтой. Йæ ус та фæстейы аззади хъæуæй, йæ сывæллоны нал фæрæзта æмæ йæ уым фæуагъта. Ус аирвæзти. Лекъ æрцыды- сты æмæ сывæллонæн йæ фæдджитыл дуртæ æрæвæрдтой, цæмæй ма атылдаид. Фæлæй æм йæ мад æрцьщ сусæгæй æмæ йæ ахаста. Цихисопелийы1 мæсыг Лекъ раздæр заманы бырстой Ахалгуры2 кæмттæм. Цы хъæу- мæ-иу бацыдысты, уым-иу ницыуал ныууагътой, нал фос, нал бæх, нал æхца, нал хæцæн дзаума, ахастой-иу сæ семæ. Иу бон Цихисопелимæ æрбацыдысты æмæ, кæм цы ссард- той, ууыл фæхæлæф кодтой. Иу мæгуыр хæдзары цард æртæ ’фсымæры. Лекъ сæм бацы- дысты æмæ сæм гæды дæр нал ныууагътой. Йæ фæстæ æфсымæртæ æрымысыдысты аразын хицæн мæ- сыг. Æхсæв дæр нал хуыссыдысты. Фæцис сын амад æмæ йын быцæуæй æртæ дуры хъуамæ йæ сæрмæ схастаиккой. Дуртæн сæ дæргъ — фæндзгай арсинтæ, сæ фæтæн — æрдæг арсинтæ. Æртæ ’фсымæры сæ схастой æмæ сæ æрæвæрдтой. Уыдонæй дыууæ уъщысты æмхуызон урс дуртæ, æмæ сæ мæсыгæн йæ дыууæ фар- сы æрæвæрдтой. Иу дур та дзы уыд сау, уый та йын йæ ныхыл сæвæрдтой. Мæсыгæн йæ хуылфы арæзт уыд хъоргъ, йæ сæрыл та хъæдын хæдзар æвæрд. Иу сæрд та æрбабырстой лекъ. Æртæ ’фсымæры сæ мæ- сыгмæ бахызтысты æмæ сæ æхстой, цалдæр лекъаджы амард- той. Уæд лекъ цъыхыры æмæ хъæмп мæсыгæн йæ чъылды- 137
мырдыгæй самадтой, арт ыл бандзæрстой, æмæ йæ сæрыл арæзт хæдзар ссыгъдис. Зынг хуылфмæ кæлын байдыдта. Æртæ ’фсы- мæры ма кæрдтимæ рабырстой, фæлæ сæ лекъ нал ауагътой æмæ сæ амардтой. Хуыгаты Милойы хо Хæзна Хуыгаты Милойы хо Хæзна хуындис. Уæйыг ус уыдис, æнæхъæн куыройы фьщтæ хаста йæ къухты. Афтæмæй дын æй иу хатт лекъ фынæйæ æрæййæфтой, йæ къухтæ йын бабастой æмæ йæ аскъæфтой. Сæхирдæм куы æраввахс сты, уæд иу гуырдзиаджы сæндоны æрæхсæвиуат кодтой, æмæ дын лекъæгтæй сæ иу Хæзнайы сæн- доны астæумæ акодта, - хъуамæ æхсæвы иумæ баззадаиккой. Сæндоны дард куы ацыдысты, уæд дын Хæзна лекъагæн йæ къу- бал æрбаздыхта, йæхæдæг лидзын байдыдта æмæ Гуырдзыстоны иу аргъуанмæ æрбафтыд. Аргъуаны сауджын ын фæтæригъæд кодта æмæ йæ аргьуаны бамбæхста. Лекъæгтæ райсомы се ’мбалы æрцагуырдтой æмæ йæ мардæй ссардтой. Бæргæ ма ацагуырдтой Хæзнайы, фæлæ йæ кæм ссард- таиккой! Уæд Хæзна базырджын гæххæтт æрæрвыста Къуыдармæ йе ’фсымæр Миломæ. Мило йе ’рвадæлтæй цалдæр лæппуимæ ныццыд Хæзнамæ. Сауджын бацыд æмæ дзуры Хæзнайæн: — Де ’фсымæр дæм æрцыд. Фæлæ Хæзнайы нæ бауырныдта, уый афтæ ’нхъæлдта, зæгъгæ, лекъæггæ сты æмæ мæ сауджьга сайгæ кæны. Уæд Хæзна сауджынæн афтæ: — Кæд Мило у — ме ’фсымæр, уæд ын йæ хордзентæ рахæсс ардæм, мæхи быд сты æмæ сæ базондзынæн. Сауджын æрбахаста хордзентæ. Хæзна сæ базыдта æмæ ра- цыд йе ’фсымæрмæ. Мило сауджынæн стыр лæвæрттæ фæкодта æмæ рацыд Хæзнаимæ. Тотырадзы таурæгъ Тотырадз ацыд Заманхъулмæ. Хъæугæронмæ дыууæ изæрыас- тæу схæццæ ис. Чындзытæ донмæ рацæйцыдысты, æмæ сæм То- тырадз дзуры: — Ацы хъæуы уæм хуыздæр лæг чи у? Чындзытæ йын радзырдтой: 138
— Хъуысаты Хъасайы нæм хонынц хуыздæр лæг. Хъуысаты Хъасаймæ бацыдис, æмæ кæрæдзийæн фесты тынг адцжын. Æрдхæрдтæ скодтой. Хъæу æй рæгъаугæс скодтой. Хи- зынтæ сын байдьщта сæ фос. Иу бон куы уыди, уæд ын мæхъхъæлы абырджытæ йæ фос давынмæ бацыдысты. Тотырадз сæ базыдта, æхсынтæ сæ бай- дыдта. Иу мæхъхъæлоны дзы амардта. Мæхъхъæлоны ус сау дарын байдыдта афæдзы бонмæ. Афæ- дзы бон ын скодта хист. Саударæг ус хисты адæмæн рахаста йæ хай æмæ йæ нуазæн. Хистæрты кæстæртæм йæ хай æмæ йæ нуа- зæн бахаста. Уыдон ын æй нæ бакуымдтой. Уыдоны дæлейæ цы кæстæртæ уыд, уыдонмæ йæ бахаста, загьта: — Хорз æфсымæртæ, мæ лæджы туг мын чи райсдзæн, уый мын мæ хай æмæ мæ нуазæн дæр айсдзæн! Фондз лæппуйæ йын уæлæмæ сыстадысты æмæ йын загътой: — Нана, мах дын дæ лæджы туг райсдзыстæм. Дæ хай æмæ дын дæ нуазæн райсдзыстæм! Фондз лæппуйæ сыстадысты æмæ йын йæ хай æмæ йæ нуа- зæн райстой. Хъуыдцаг райстой сæхимæ. Фондз лæппуйæ зилын байдьщтой Тотырадзыл. Не ’фтыд сæ къухы. Уæд æрхъуыды кодтой: «Чындз- хæссæг æй расайæм». Бацыдысты йæм Тотырадзмæ, загьтой йын: — Чындзхæссæг нын рацу, чындзхæссæг дæ хонæм! Баууæндын æй кодтой. Йæхæдæг дæр сыл баууæндыди. Чындз- хæссæг араст кодтой. Назранæй куы ауадысты, уæд иу зæронд ус дзуры: — Тотырадз, чындзхæссæджы æфсон дæ сайынц марынмæ! Ауадысты ма иучысыл, æмæ сæм Тотырадз дзуры: — Цы кæнут, куыдзæй чи райгуырд, кæдæм мæ хонут?! Рай- дайæм уæдæ, кæд уæм ахæм уынаффæ ис, уæд! Хæцынтæ байдьщтой. Амардта дзы дыууæ лæджы. Йæхи дæр ын фæцæфтæ кодтой. Уалынджы фæдис фæцыдис. Тотырадз дæр ахаудис хъамылы уæлгоммæ. Хъуысайы-фырт Хъасай йæм фæдисы разæй фæцис. Дардæй йæ хъамылы уæлгоммæ куы ауыдта, уæд Хъасай дзуры: — Мæ иунæг æрдхорд, кæд ницы бакодтай, уæд дын дæ си- дзæрты авд азы æххуырсты ратдзынæн! Уæд Тотырадз йæхи бакъултæ кодта æмæ йæм дзуры: — Мæ туг дын райстон дыууæ лæгæй. Хъасай йæм дзуры: — Уæдæ дæ мæлæтыл хъыг мауал кæн, авд рухсы фæбад! Авд азы дæ сабитæ — ме уазæг! Æрласта йæ Хъасай йæ хæдзармæ. Хист ын скодта. Афæдзæй афæдзмæ йын хистытæ фæкодта. Авд азы йын йæ сабиты фæхаста.
ПАДДЗАХМÆ МИНÆВÆРТТЫ ТАУРÆГЪТÆ Куырттаты кадæг Уырысы паддзахæй Кавказы адæмтæм æвналын райдыдтой Екатеринæйы рæстæджы1. Куырттаты коммæ барвыстой хицæут- тæ: «Фæнды нæ, Уæрæсейы паддзахимæ хæларæй, фидыдæй куыд цæрат, афтæ. Паддзахад уын алы аз дæр дæтдзæн топпыхос, зды, хъуымац, цæхх æмæ æфсæйнаг». Иу къорд азты райстой куыртгатæ хицæупæй, кæй сын загьтой, уьщон. Стæй иу-авд азы нал ацьщысты исьшмæ. Иу ахæмы Куырг- таты устытæ уæлмæрды баиу сты æмæ се ’хсæн ныхас рауади: — Ныронг нæ дзыллæ сæхи хайджын кодтой хъуымацæй, цæх- хæй, лæвар сьга сæ кодта уырысы паддзах. Мах лæпæ, æвæццæгæн æмæ, сæ фьщæлтæй æнæхъарудæр сты, уыййеддæмæ сын фыдæл- тæн цы лæвæрдгой, уый сын сæхицæн куыд нæ раттиккой? — Зæгъæм нæ лæгтæн: «Кæд лæгтæ стут, уæд æнæ хæлаф, æнæ хæдон цæмæн стут?» Куынæ ацæуой æмæ сæ хай куынæ схæссой, уæд сын кæрдзын мауал кæнæм. Ацы ныхас алчидæр йæ лæгæн куыд зæгьа, афтæ. Устытæ сæ хæдзæртты сæ лæгтæн фехъусын кодтой сæ тæрхон; Дыккаг бон агъуыст ныхасы, Тотыраты раз, Дæллаг-хъæуы2 æрæмбырд сты Куырттаты лæгтæ. — Нæ устытæ нын кæрдзын дæттынмæ нал хъавынц. Нæ фы- дæлты хай уырысы паддзахæй авд азы нал сластам. Худинаг нын у. Фæцæуæм æмæ йæ йе сласæм, йе мæлгæ акæнæм. Равзæрстой æхсарджын æдзонд лæгтæ. Уыдон бауынаффæ код- той: æмгьуыды бон комы дымæгмæ, Уæрахъхъаты хосгæрстмæ куыд æрæмбырд уой æмæ уырдыгæй Уæрæсемæ куыд араст уой, афтæ. Уалынмæ паддзахæй ссыди чиныг — хъулон гæххæтт. Куырт- таты нæ разынд ахæм лæг, уый чи банымадтаид. Куырттатæ дыууæ лæгæй арвыстой хъулон гæххæтт Нармæ, Мамиаты Хъарадзаумæ — уый зыдта кæсын хъулон гæххæтты. 140
Хъарадзау бакаст хъулон гæххæтт Куырттаты минæвæрттæн. Гæххæтты уырысы хицæуттæ фыстой: «Куырттатæ, цы фестут, цæуылнæ цæут уæ фыдæлты улупамæ?» Минæвæрттæ куырттатæн фехъусын кодтой гæххæтты фыст. Суынаффæ кодтой куырттатæ: — Æвзаг зонæг мах астæу нæй, æмæ та нæ дæлæ дæр бахъæуд- зæн Мамиайы-фырты сæр. Ракурæм дзы, махимæ балцы куыд ацæуа, афтæ. Æртæ барæджы Хъарадзаумæ арвыстой, æмæ сæм уый æрцыди. Æмбырды та загътой: — Абон майрæмбон, иннæ майрæмбон æвзæрст адæм Уæрахъ- хъаты хосгæрсты куыд æрæмбырд уой, афтæ. Æвзæрст лæгтæ: Тотыраты Гузæ, Куыдзиаты Дзагъло, Цæлык- каты Дзадже, Къаболаты Хъылци - æдæппæт уыдаиккой дыу- уиссæдз барæджы. Калманты Ацæмæз æмгъуыдмæ нæ фæзынд. Арвыстой йæм дыууæ барæджы. Бафæдзæхстой сын: — Æфсон уын кæндзæн: «Хæлаф, хæдон цæттæ ницæмæй дæн, куы æвзæрстой лæгтæ, уæд мын цæуылнæ фехъусын кодтой?» Фæлæ йæ ма ныууадзут, зæгъут ын-иу: «Алцæмæй дæр цæттæ стæм, сифтонг дæ кæндзыстæм æппæтæй дæр». — Хуыцау уын æй ма ныббарæд, фæцæуин æмæ цæттæ ницæ- мæй дæн, нæ цæуин, æмæ сыл исты фыдбылыз куы ’рцæуа, уæд æз ацы ран устытимæ куыд баззайон, уый та мæ сæр мæ нæ хæссын. Искæй дарæстæ дæр мæ нæ хъæуынц. Ацæмæз царди Хидыхъусы3 (ныр дæр ма бæрæг у йæ хæдзар). — Райсом уæ сæударæй Уæрахъхъаты хосгæрсты аййафдзынæн. Æрбадти æмæ æмбисæхсæвмæ нæмгуытæ фæуагъта, топпыхос барæнбæрцæй сбарста, ныккодта сæ бæрцыты, бæрцытæн сæ дзыхты нæмгуытæ ’мæ пысултæ нытътъыста. Æмбисæхсæвты абалц кодта æмæ сæударæй Уæрахъхъаты хосгæрстмæ æрхæццæ. — Уæ фæндаг раст, хорз куырттатæ, — загъта Ацæмæз. — Иумæ фæндараст нæ Уастырджи фæкæнæд. Æмæ араст сты. Стъараполмæ цалдæр бонмæ ныххæццæ сты. Уыцы рæстæ- джы та Екатеринæ-паддзах уыди Стъараполы. Паддзахы хæдзарæн йæ дуармæ æрхызтысты æмæ уым æрæн- цадысты. Фæрсынц сæ: — Чи стут, цавæр стут? Мамиайы-фырт загъта: — Куырттатæ стæм, нæ авд азы улупа æнæист у, æмæ уымæ æрцыдыстæм. Хицæуттæ æркастысты, æмæ сæм бирæ фæзынди авд азы улу- па, æмæ æфсон скодтой: — Паддзах Боржомы4 ис æмæ афæдзы ’мбисмæ не ’рцæудзæн, мах та æнæ уый хъуыдцаг нæ бакæндзыстæм. 141
Куырттатæ загьтой: — Паддзах ам ма уæд, фæлæ йæ бæсты ам хъуамæ исчи уа. Уый кæд нæй, уæд цавæр падцзахад у? Стæй мах ай онг кæм æрцыдыстæм, уым паддзахы æнæ бабæрæг нæ ныууадздзыстæм, бацæудзыстæм нæхуыдтæг йæ размæ. Уыйадыл бараст сты æмæ фæцæуынц падцзахы бадæнмæ. — Басабыр ут, паддзах ам куы уа, уæд æй ардзыстæм, цы зæгъа, уый уын хъусын кæндзыстæм, - загътой хицæуттæ. Æмæ паддзахмæ бацыдысты. — Ахæм æмæ ахæм адæм æрцыдысты, сæхи куырттатæ хо- нынц, тыхæй бырсынц дæу уынынмæ. Паддзах сын загъта: — Хцæут æмæ сын бынæттæ скæнут, сæхицæн дæр, сæ бæх- тæн дæр. Хæринаг сын раттут. Райсом баныхас кæндзынæн семæ. Райсомы сæ падцзахмæ бакодтой, уый сын «æгас цæуат» загъта, барæвдыдта сæ, стæй сын афтæ: — Цæуылнæ мæм фæзындыстут авд азы, цы уæм цæуы, уый дæр цæуылнæ айстат? Куырттатæ арфæ ракодтой цытджын паддзахæн æмæ загътой: — Фыдрæстæг скодта, æмæ нæ не ’вдæлди, уыййеддæмæ нæ фæндыди дæу фенын. Куырттатæ иу-дыууæ мæйы бафæстиат сты. Падцзах сын рат- тын кодта, авд азы сæм цы цыди, уыдон алцæмæй дæр. Дыууиссæдз хъæдын уæрдоны сарæзтой уыцы ран куырттатæ. Сæ хæзна бафснайдтой, уæрдæттæ байдзаг кодтой, фарастыс- сæдз галы сын балæвар кодта падцзах. Куырттатæ арфæ ракод- той, хæрзбон загътой æмæ рараст сты. Цæуын байдыдтой куырттатæ, Фæсарыхъмæ5 схæццæ сты. Уыди сын кæсгон хицон, фæндагыл сын тых кæнын чи нæ уагь- та, чи сæ хъахъхъæдта, ахæм хæрзгæнæг. Фæсарыхъмæ сæ размæ ацыди сæ хæрзгæнæг кæсгон æмæ сын загьта: — Биаслантæ бирæ сты, хъæды хих æмæ кæрдæджы æлгъсæг цæй бæрц сты, уый бæрц. Уыдысты Хиу æмæ Хады комы6. Уыр- дыгæй рахастой гутонтæ, бирæ фос, бирæ адæм ракодтой, куы уыл сæмбæлой, уæд батых кæндзысты сымахæн дæр. Чысыл адæм стут æмæ уæхи бафæсвæд кæнут. Куырттатæ иу æрдузы хъæды астæу сæхи бафæсвæд кодтой, суагътой сæ уæрдæттæ. Уæд Куыдзиаты Дзагъло дзуры: — Гъе уæууæй, куырттатæ! Сæрæй, уæ устыты фарсмæ уæ зæрдæтæ куы ныууагътат. Цæмæн æмбæхсæм ацы ран, цы хуыс- сæм хæмпæлты, мах дæр нæ комæй лæгтæн куы рацыдыстæм! — Сæрмæ бахæссинаг нæу Куыдзийы-фырты ныхас. Ау, æмæ ды махæй хуыздæр сарæхсдзынæ? Ифтындзгæут, лæппутæ! Уайтагъд аифтыгътой сæ уæрдæттæ æмæ араст сты. Цæуынтæ 142
байдыдтой æмæ Дурын Худмæ æрхæццæ сты. (Цæлыччы быды- ры ныртæккæ дæр ма Бæтæхъойы хъæуы уæллаг фарс худы хуы- зæн дур ис). Раст уыцы ранмæ кæсæг дæр æд хотыхтæ, æд уацайрæгтæ æрхæццæ сты. Биаслантæ æрурæдтой куырттаты æмæ сæ фæр- сынц: — Чи стут? Цавæр адæм стут? Уыдон загьтой: — Куырттатæ стæм. — Кæм уыдыстут? — Паддзахмæ. Авд азы нæ улупа исынмæ нæ уыдыстæм æмæ йæ ныр ласæм. Биаслантæ загътой: — Уæдæ æмбæлæггаг — махæн дæр. Куырттатæ афтæ зæгъынц: — Æгъдауæй нæ куы курат, уæд уын ратдзысгæм, æнæгьда- уæй уын нæ ратдзыстæм. Кæсæгæн сæ минæвар уыди асиаг, Айдаболтæй, ирон æвза- гæй чи зыдта, ахæм. Айдаболы-фырт дзырд хаста кæсæг æмæ куырттаты астæу. Ныхæстæ арæзта галиуæрдæм: куырттатæ-иу цы нæ загътой, ахæм ныхæстæ-иу радзырдта Биаслантæн, Биас- лæнтæ кæй нæ загътой, ахæм ныхæстæ та куырттатæн кодта. Дыууæрдыгæй дæр нæ бамбæрстой Айдаболы-фырты, æмæ сæ сардыдта кæрæдзиуыл. Фараст хатты барвыстой минæвæрттæ куырттатæм. Алы хатт дæр Биаслантæ сæ минæвæрттыл лæг уæлдай æфтыдтой. Куырт- татæ бамбæрстой, Биаслантæ сæ цæгъдынмæ кæй хъавынц. Уæд Калманы-фырт Ацæмæз дзуры: — Куырттатæ, Биаслантæ нæ нал ныууадздзысты, æмæ мын бар раттут, æз ацы згъæрджын æмæ сарыгондæй иу-дыууæйы амарон, æмæ нæ маст ссæуа, нæ туг дæр сæ раздæр райсæм. Куырттатæй иуæй-иутæ загътой: — Ма ныццæв, ма нæ фесаф, Ацæмæз. Махæн дзы бирæтæн ис хъантæ, æмцеччытæ, æмæ уыдоны руаджы аирвæздзыстæм. Ацæмæз афтæ: — Хуыцау уын ма ныббарæд, цæгьдын нæ кæнут, уый бæрæг у. Мæнæн дзы хъан дæр нæй, æмцег дæр. Мæнæн мæ иу фырт Сыбайы сыхырнатæ кæны, иннæ фырт Бæлтайы хистытæ хæры. Мæнæн мæ туг райсæг дæр нæ уыдзæн. Биаслантæ дæр тæрхон кодтой æмæ фæдыууæ дихы сты. Сæ иутæ загътой: — Ауадзæм сæ, æмцеччытæ нын дзы ис. Аннæтæ загътой: — Нæй сын ауадзæн. Æлдарæй æлдар хуыздæртæ нæ рагæй æрæгмæ фæцагътой. 143
Биаслантæ цæгъдыныл ныллæууыдысты. Фараст лæджы æрбарвыстой куырттатæм. Айдаболы-фырт дæр семæ. Минæвар зæгьы: — Уæ фос ныууадзут, уæхуыдтæг уæхи айсут уæ бæстæм. Уыйадыл минæвæрттæ сæхимæ рараст сты. Асиаг минæвар фæстæмæ топп фехста йе уæхсчы сæрæй. Калманы-фырт Ацæ- мæз загъта: — Хуыцау уын æй ма ныббарæд, куырттатæ, гъе уый хæст у, гъе. Ныр баздæхут æмæ кæрт æркæнут уæ уæрдæттæй æмæ уæхи барæвдзытæ кæнут. Иу лæнчы мидæг, Дурын Худы сæ уæрдæттæ æрзылдтой, кæрт æркодтой, сæ фос астæуæй фæкодтой, сæхуыдтæг дæр бацыдыс- ты астæумæ. Уæлæдарæн нымæттыл сæ топпыхостæ, сæ нæмгуы- тæ æркалдтой, æмæ хæст стынг и. Кæсæг тигътыл æрæнцадысты. Хæцыдысты фæттæй. Куырт- татæ хæцыдысты топпытæй. Куырттатæ-иу тигъмæ кæй фехстой, уый-иу лæнкмæ æртыл- ди сæ размæ. Иу дзæвгар фæхæцыдысты. Кæсæгæй иу къорд мард фæци, куырттатæй ничима. Æмæ уæд Куырттатæй иу чидæр загъта: — Хуыцауы куы фæнда, уæд нæ алыварс быру скæндзыстæм уæ мæрдтæй æмæ уæ уый аууонæй цæгъддзыстæм. Уæд Мамиайы-фырт Хъарадзау бадзырдта: — Цæмæн загьтай ахæм стыр ныхас? Хуыцаумæ дын хъыг фæкæсдзæн. Куырттаты сæрмæ мигъы къуымбил фæзынд æмæ сыл, зæгъы, сыг ныккалдта. Сæ топпыхос схуылыдз, æмæ нал хæцыдысты сæ хæцæнгæрзтæ. Кæсæг сæ цæгъдын байдыдтой фатæй. Уæд куырттатæ загътой: — Худинаг уыдзæн нæ фæстæгтæн, ацы ран нæ уæрдæтты бын куы фæмæрдтæ уæм, уæд. Цæй æмæ кардæй хæстмæ бацæуæм. Сæхи сæм бацæттæ кодтой. Уæд сæм кæсæгæй иу барæг æртардта йæ бæх, йæ уæлæ згьæр, æмæ сæ фæцæфтæ кодта. Ацæмæз ма йæ фехстытæ кодта, фæлæ- иу нæмыгæн йæ пырх скалди. Æмæ дзурынц Калманы-фыртмæ. — Æфсæн лæг у — згъæр ыл ис, йæ къæбут кæнæ йын йæ уæрагмæ хъав. Фехста йын йæ уæраг, æмæ нæмыг уæраджы суади æмæ бæхы астæуыстæг асаста. Бæх æмæ лæг сæ размæ æртылдысты. Кæсго- ны хъаматæй схуынчъытæ кодтой. Уый фæстæ кардæй бацыдысты хæцынмæ. Сæмхæццæ сты Биаслантимæ æмæ кæрæдзийы цæгъдын байдыдтой. Биаслантæ кардæй нæ арæхстысты, хæцыдысты фатæй. 144
Уæрдæтты астæу баззад æрмæст Къаболаты Хъылыц. Гуыриаты Ахмæт уыди хæрз лæппу, рацу-бацу кодта хæцæг адæмы æхсæн. Гуыриаты хъан базыдта лæппуйы, авæрдта йæ бæхы фæсарц æмæ йæ Цæлыччы быдыры фæсвæдмæ рахаста, бæласы сæрмæ йæ сæргъæвта. Хæстæй хъуысти Ахмæтмæ: — Мæнæ нын æхсары бон скодта, — дзырдта Калманы-фырт, — цæвут сæ, ма сыл ауæрдут, Куырттатæй ма раирвæзт æрмæст Ахмæт Гуыриаты. Иу къорд азы, Дурын Худы раз туг кæм акалди, уым нал æрзад кæрдæг. Куырттатæй, стæй алы кæмттæй фæдисы рацыдысты, мæрдтæ баластой сæхимæ æмæ сæ бавæрдтой. Сæ кæсгон хицон сын æрæм- бырд кодта сæ дзаумæттæ æмæ сæ алкæмæн йæ хæстæгæн радта. Куырттаты балц Куырттатæ æрæмбырд сты Дæллагхъæуы агъуыст ныхасмæ. Уынаффæ кæнын байдыдтой æмæ загьтой: «Фæцæуæм нæ цыт- джын паддзахмæ æмæ базонæм, цы цæстæй нæм кæсы, уый. Фæлæ нæ замана уый у, æмæ хъулон гæххæтгы кæй нæ зонæм». Мамиаты Бидейы фырт Хъарадзаумæ фервитæм, зæгъгæ, загь- той. Цымытийæ1 дæр ма нæ исчи куы уаид, зæгъгæ, æмæ сын сразы Калманты Ацæмæз. Уый загъта: — Æз фæцæудзынæн куырттатæм. Уæдæ, афтæ нæу, чи зоны, хъыгдарæг нæ куы уа, мыййаг: бæрджытæ скæнæм, чи нæ цы мигæнæг уыдзæн ахæм рæстæджы! Падцзахимæ ныхасгæнæг нын Богъаты Ислам фæуæд, йæ дзы- хы ныхас топпы хъæр кæмæн кæны. Хосæй ифтындзыны тыххæй рæвдздæрæн равзæрстой Кал- манты Ацæмæзы. Хъазуаты бацæуыны тыххæй загътой — Цæлыккаты Дзадже. Уæрдæттæ хъахъхъæнын Къаболаты бар бакодтой. Цæлыккаты Майрæмысна, кæсгонау кæй зыдта, уымæ гæсгæ йæ тæлмацæн равзæрстой. Майрæмысна загъта: — Æз ма зонын ноджыдæр иу лæг, алы æвзагæй чи зоны, уый у асыйаг. Æрбахуыдтой уый дæр. Битарты Хъайтыхъо загъта: — Бахъуаджы сахат æз гамхуд дардзынæн, знаг мæ дзæбæх куыд нæ уына, афтæмæй йын мæхæдæг тых куыд кæнон. Араст сты паддзахмæ. Дæлæмæ цæугæйæ сæ Биаслантæ фед- той æмæ сæ бафарстой: 10 Ирон таурæгътæ 145
— Кæдæм цæут? — Паддзахы фенынмæ цæуæм, — загътой куырттатæ. Уæд асыйаг загъта куырттатæн: — Илцийь1 хай уæ агурдзысты адон, фæстæмæ куы сыздæхат, уæд. Ныххæццæ сты паддзахмæ хæстæг, афтæ йæм хъулон гæххæтт ныффыссын кодтой Азауæн: — Мæнæ дæм æрцыдыстæм. Рарвыста сæм паддзах дзуапп: — Мæ фенынмæ чи ’рцыд, уыдон ардæм рацæуæнт. Ссыдысты куырттатæ паддзахмæ æмæ йæм æрфысым код- той. Фæцин сыл кодта паддзах тынг. Бафарста сæ: — Цы хуыздæр лæвар уæ хъæуы, зæхх уæм хуыздæр кæсы, æхца, æви мæм циндзинæдтæ ис æмæ уын уыдонæй бахай кæнон. Куырттатæ сразы сты æхцайыл, æмæ сын байдзаг кодта цып- пардзæлхыг уæрдон æмæ сын æй радта ифтыгъдæй. Раарфæ кодтой куырттатæ паддзахæн æмæ рараст сты фæс- тæмæ. Гуызавæ кодтой, Кæсæгыл куы ссæуæм, уæд нæ куы бахъыгдарой, фæлтау фæсвæдты Долыкайыл ссæуæм. Долыка- йыл ссыдысты. Дурын хидмæ схæццæ сты, æрæнцадысты сæ фæллад суадзынмæ. Сæ бæхтæ суагътой. Уалынмæ кæсынц, æмæ иу ранæй бирæ адæм зыны. Уæд Дза- дже загъта: — Æз мæ кард сласдзынæн, æмæ кæд йæ ком туг абада, уæд фыдбылызы адæм сты. Кард сласта, æмæ йæ ком тугæй сырх-сырхид абадт. Уæд загъта Дзадже: — Нæ хъуыддаг хорз нæу. Уалынмæ сæм æрбаминæвар кодтой: — Æмбæлæггаг нын, куырттатæ. Тæлмацгæнæг уыди асыйаг æмæ загъта куырттатæн: — Илцийы хай уæ агурынц кæсæг. Уæд куырттатæ загътой: — Мах æнæгъдауæй раттинаг ницы стæм, æгьдауæй разы стæм. Æмæ та асыйаг кæсæгæн зыгьуыммæ бамбарын кодта: — Куырттатæ афтæ зæгъынц, мах, дам, æнæ амæлгæ ницы ратдзыстæм. Уæд куырттатæ загътой асыйагæн: — Ацу-ма ды дæр сæ æвзæрст лæгтимæ æмæ базон, цы нæ агурынц. Асыйаг кæсæджы æрвыст лæгтимæ ацыд. Фæстæмæ æрбацыд æмæ загъта: — Кæсæг афтæ зæгъынц, мах уын æхца нæ, фæлæ уæхи дæр нæ ауадздзыстæм æнæ амаргæ. Уæд Богъаты Ислам загъта: — Лæппутæ, уæдæ ныр ауæрдын нал хъæуы. 146
Æмæ æртæ лæджы фæмард кодта уыцы ран. Хæст стынг. Топпыхос алчи йæ хызынæй исыны бæсты, фæл- тау иу ран куы уа, уæд рæвдздæр уыдзæн хъуыддаг, зæгъгæ, топ- пыхос иууылдæр нымæтыл æркалдтой. Уалынджы арвыл мигъы къуымбил фæзынди, æмæ уайтагъд уарын байдыдта. Топпыхос ныххуылыдз ис æмæ бынтон сæфт фæкодта. Дзадже хъазуаты бацыди кардимæ æмæ цæгъдын байдыдта тыхгæнджыты, уый згъæртæ дардта. Бирæ сæ фæцагъта. Стæй тыхгæнджытæ куы бамбæрстой, сæ цæгъдæг Дзадже згъæрджын у, уый, уæд æй фатæй æхсын бай- дыдтой æмæ йæ фæмард кодтой. Мамиаты Хъарадзауы хабар Мамиаты Хъарадзау ахуыргонд лæг уыди, уый писмо кæсын зыдта. Æмæ сæм паддзах сæрвыста куырттатæм: уæзданы гæх- хæтт уын ис, æмæ йæ улупаимæ ахæссут. Æмæ йæм фæракæс- бакæс кодтой, фарстой, кæдæм æй фæхæссæм, зæгъгæ. Чидæр сын афтæ: — Хохы, Туалты мидæг, Мамиатæй Хъарадзау чиныджы кæ- сын зоны. Уæд баздæхтысты æмæ дыууадæсæй рараст кодтой куырттатæ, гæххæтт рахастой. Уый фæззыгон найгæнæны заман уыдис. Фæрсгæ-фæрсгæ бацыдысты, æмæ Хъарадзау най кæны. Æмæ йын афтæ зæгъынц: — Хъарадзау, дæ сæр нæ хъæуы. — Мæнæ мæ фæззыгон куыстытæ кæнын æмæ мæ не ’вдæлы. Уыдон ын афтæ: — Мах дæм фæкæсдзыстæм, æмæ нын ацы гæххæтт бакæс, цы зæгъыл, уымæн ницы ’мбарæм. Мах дын иуæндæсæй най кæн- дзыстæм. Дыууадæсæм Хъарадзауæн йемæ хæдзармæ бацыди. Хъара- дзау ын бакаст писмо æмæ йын радзырдта: — Мæнæ уæм паддзах фыссы, æрцæут æмæ мæнæ уæ уæзданы гæххæтт ахæссут йæ улупаимæ. Чиныджы куы каст, уæд Хъарадзау фыццаг йæ æркалдта, стæй уæд бахудти. Куырттатаг фæтарсти æмæ йæ фæрсы, цы кæныс, зæгъгæ. Хъарадзау та афтæ ахъуыды кодта: æз ахуыргонд лæг куы дæн, уæд мæн цæуылнæ зоны паддзах? Фæлæ та ахъуыды кодта: «Æгад лæг нæ дæн, адон мæм фæрсынмæ куы ’рцыдысты», — æмæ худгæ ууыл бакодта. Куырттатагæн та загъта: — На, ницы, афтæ бахудтæн. 147
Сæ гæххæтт сын куы бакаст, уæд куырттатæ сæхимæ араст сты. Уым та сæхимидæг æрфæнд кодтой: — Цæуæм паддзахмæ, фæлæ æвзаг куынæ зонæм, уæд цы кæ- нæм. — Æмæ та ныффæнд кодтой фæстæмæ Хъарадзаумæ ацæ- уын, немæ фæцу, зæгъгæ. Фæстæмæ йæм æрцыдысты æмæ загъ- той: — Немæ куынæ фæцæуай, уæд дын æндæр гæнæн нæй. Дæ фæллой рох нæ уыдзæн. Хъарадзау сын загъта: — Фæцæудзынæн. Æмæ араст кодтой æвзаргæ лæгæй падцзахмæ. Хъарадзау та сæ тæлмац уыдис. Хъарадзау сын бацамыдта, сæхи куыд дарын хъæуы, уый. Хицæнæй сæ паддзахы уаты æрбадын кодтой. Хъарадзау пад- дзахимæ ныхас кæны куырттатæн уæзданы гæххæтты тыххæй. Иу уад паддзахмæ кодта Хъарадзау, иннæ та —адæммæ. Чегъретæ архайынц, хæринаг сын хæссынц. Ныр æризæр ис. Æхсæвæр æрцыдис. Æмæ алы тæбæгъы дæр картофын цырагъ æрæвæрдтой. Фæткъуытæ дæр сын равæрдтой фынгтыл. Хъара- дзау сæм æрбацыдис æмæ сын афтæ: — Фæткъуытæ æд цъарæй мачи бахæрæд, стыгъдæй хæрут. Фæткъуытæ сын хæрд куы фесты, уæд та сын сæ цьæрттæ ахордтой. Хъарадзау та сæм æрбауади æмæ куы базыдта, фæткъ- уыйы цъæрттæ ахордтой, уый, уæд сæм йæ цæст тынгдæр дарын байдыдта. Сæ разы æвæрд уыд картофын цырæгътæ. Хъарадзау иу рæстæг æддæмæ рауад; цалынмæ фæстæмæ цыд, уалынмæ Куырттаты æвзаргæ минæвæрттæ картофын цырæгътæ хæрина- джы æфсон ахордтой. Хъарадзау куы ’рбацыд, уæд сæ бафарста: — Цы фесты ам картофын цырæгьтæ? Уыдон ын загьтой: — Нæ разы цы зормæтæ уыд, уыдон бахордтам. Хъарадзау йæ сæр ныттылдта, йæ чегъретæн бамбарын код- та, цырæгьты цъæлтæ сисут æмæ дзы æндæртæ сæвæрут, зæгьгæ. Райсомæй рараст кодтой сæ уæзданы гæххæтт æмæ се ’хцаи- мæ. Кæсæг сæ разы бабадтысты. Уыдон хай куырдтой, уæ улу- пайæ, дам, нын æмбæлæггаджы хай раттут. Се ’хсæн ныхас чи кодта, уый баздæхтис æмæ сæ кæрæдзиуыл ардауын райдыдта. Хъарадзаутæ сразы сты хайыл. Уый та сын афтæ, æппындæр уын ницы дæттынц. Афтæмæй сын хæст бацайдагь. Ирон адæм ирон хъримæгтæй хæцыдысты, кæсæг та фатæй æхстой. Уæд Хъарадзау нымæт байтыдта æмæ загъта: — Топпыхос æркалут иууылдæр нымæтыл, æмæ кæмæн йæ бон куыд у, афтæ ифтындзут æмæ æхсгæ! 148
Уалынмæ сыл, се ’намондæн, кæцæйдæр их-къæвда фелвæс- тис. Топпыхос ныххуылыдз, æмæ ма цæмæй хæцыдаиккой, уый сын нал уыдис. Æмæ сæ уым кæсæг фæцагътой, сæ улупа дæр сын ахастой. Хъарадзауæн йæ фырт дæр уым фæмард и. Хъарадзауы фырт куы фæцæф и, уæд ма йæ фыдмæ дзуры: — Дойныйæ мæлын! Хъарадзау йæхæдæг дæр цæф уыди, йæ туг йæ риуæй цыдис, йæ фыртмæ æргуыбыр кодта æмæ дзуры: — Мæнæ æнæсхусгæнгæ суадонæй баназ. Хъарадзауæн, цæмæй йæ кард сæ къухы ма бафтыдаид, уый тыххæй уыцы цæфæй бæхæй æргуыбыр кодта, зæхмæ кард ныл- хъывта, стæй йæ суагьта, æмæ кард кæдæмдæр хæмпæлтæм атахт. Афтæмæй куырттатæ уым фесæфтысты сеппæт дæр. Цæлыккаты Дзаджейы кард Цæлыккаты Дзадже царди Куырттаты комы æмæ уырдыгæй Пысылмон хъæумæ алыгьд. Иу хатт куы уыд, уæд хъæуы рæгьау- гæс дурæй рæгьау фехста, Дзаджейы хъугæн йæ оныл сæмбæлд æмæ иннæ онæй ахызт. Рæгъаугæсы Дзадже суынгæг кодта: — Мæ хъуджы мын цæуыл амардтай?! Рæгъаугæс ын загъта: — Сармадзанæй йæ нæ фехстон, топпæй йæ нæ фехстон. Ду- рæй йæ фехстон, æмæ иннæрдыгæй ауад хъуджы оны. Дзадже рæгъаугæсæн загъта: — Цом æмæ уыцы дур кæд ссарæм, уæд дын мæ хъуджы мард хатыр фæуæд. Ацыдысты æмæ дур ссардтой. Дзадже дур рахаста, куырдмæ йæ радта æмæ дзы туас саразын кодта. Дурæй ма чи баззад, уымæй та æхсаргард саразын кодта. Куырд æхсаргард куы сарæзта, уæд-иу æй йæ фистонмæ æрба- тасын кодта, стæй та-иу ныззыланг ласта, куы-иу æй феуæгъд кодта, уæд æмæ та-иу йæ бынаты абадт. Дзадже куырцмæ бацыди æмæ дзы йæ кард æркуырдта. Куырд æм æндæр кард рахаста. Дзадже карды туас акодта æмæ дзы ин- нæрдыгæй ауади, Йæхæдæг куырдæн загъта: — Уый мæ кард нæу! Уæд æм куырд æндæр кард рахаста. Дзадже уыцы карды дæр туас атъыста, æмæ та дзы иннæрдыгæй ауади. Уæд куырдæн загьта: — Уыдонæй мæ кард ничи у, фæлæ мын мæ кард рахæсс дзæбæхæй. Куырдæн гæнæн куынæуал уыд, уæд ын йæ кард рахаста. Дза- дже та карды туас атъыста æмæ йыл ныдздзоргъа кодта. 149
— Гъе уый мæ кард у, гъе, — загъта Дзадже куырдæн æмæ йæ рахаста йæ хæдзармæ. Уæд дардыл айхъуысти, Дзадже, дам, арвы нæмыгæй кард саразын кодта, æмæ йæм суанг Кæсæгæй дæр уынынмæ цыдыс- ты. Кард афтæ хорз уыдис, æмæ дзы æфсæйнæгтæ куы ныцъ- цъыкк кодтаис, уæддæр-иу сæ алвыдта. Дзаджемæ кæсгон æлдар ссыди æмæ йын йæ кардыл лæвæрд- та йæ чызджы йæ лæппуйæн усæн, стæй йæ бæхрæгъау æд бæх- гæс. Дзадже йæ карды уынынмæ дæр нæ радта. Йæ фæстæ паддзах куырттатæм сæрвыста æхгæд гæххæтт. Куырттатæй гæххæтт фæрсын ничи зыдта Битарон Хъайтыхъойы йеддæмæ, æмæ уый райхæлдта æхгæд гæххæтт. Уæд æм куыртта- тæй сæ иу лæбурдта: — Падцзах, дам, нын цыдæр сæрвыста, æмæ мын æй Битары- фырт аскъуыдта. Битары-фырт сын загъта: — Паддзах нæм сиды, æмæ абон майрæмбон нæ, фæлæ йæм иннæ майрæмбоны араст уæм. Иннæ майрæмбоны куырттатæ Дзывгъисы дзуары куывд скод- той, æмæ æртиссæдз лæгæй ацыдысты паддзахмæ. Падцзах сæм æд æфсæдтæ сæ размæ ссыди Стъараполмæ. Уырдыгæй араст сты æмæ Бетъырбухмæ ныццыдысты. Бетъырбухы сæ хорз бынаты куыннæ ’рбадын кодтаид пад- дзах, æмæ сын раздæр фæткъуытæ барвыста. Уыдон сæ хъамайы кæрдтæ сластой æмæ фæткъуытæн сæ цъæрттæ бастыгьтой, стæй сæ бахордтой. Афицертæ та сын лæггадгæнджытæ уыди. Паддзах лæггадгæнджыты бафарста: — Куыд адæм уæм кæсынц? Уыдон загътой: — Иттæг уæздан адæм сты, уæздандæр адæмæн скæнæн нæй. Куы ’ризæр, уæд лæггадгæнджытæ картофын цырæгътæ баха- стой уазæгдонмæ æмæ сæ иу ран æрæвæрдтой. Куырттатæ сæ хæринаг фенхъæлдтой æмæ сын се ’рдцжытæ ахордтой. Битарон Хъайтыхъо уыцы рæстæджы æддæ фæци æмæ сæ цырæгътæ хæргæ куы ’рбаййæфта, уæд æрдиаг бакодта. Йæхæдæг фæстæмæ фез- дæхт æмæ, уыцы цырæгьтæ кæм æлхæд уыдысты, уым æндæр цырæгътæ алхæдта æмæ сæ сæ бынаты авæрдта. Цыппар мæйы уым баззадысты, æмæ сын паддзах уæрдæт- тыл æхца байдзаг кодта. Топпыхос æмæ сын нæмыг бирæ радта, æмæ рараст сты. Кæсæджы æлдæрттæ йæ хъуыстой æмæ сæ разы бадын бай- дыдтой Ангусты комы. Куырттатæ куы схæццæ сты, уæд сæм минæвар барвыстой: — Не ’мбæлæггаг нын раттут. Уыдон загътой: 150
— Цы ’мбæлы, уый уын ратдзыстæм. Минæвар фæстæмæ кæсæгмæ зыгъуыммæ дзырд ахаста: — Æппындæр уæм не хъусынц, фæлæ уæ кæнон кæнут. Уæд сын загъд рацыди, æмæ куырттатæ сæ топпыхос уæлæ- дарæн нымæтыл æркодтой. Кæсæг уыдысты згъæрджын, æмæ сæ топпы нæмыг нæ хызт. Уæд Битарты Хъайтыхъо загъта йе ’мбæлттæн: — Сæ цæстытæм æмæ сын сæ зæнджы нарджытæм хъавут, кæннод сæ нæмыг нæ хизы. Уалынджы къæвда æрбацыд, æмæ куырттатæн сæ топпыхос схуылыдз æмæ нал хæцыд. Уæд Дзадже йæ кардимæ сæ астæу смидæг æмæ-иу дзы кæй ныххафта, уый-иу йæ астæуыл дыууæ дихæй ахаудта. Афтæмæй дзы бирæ фæцагъта. Стæй сыл кæсæг стых сты. Дзадже уый куы базыдта, йæ кард кæсæгмæ æфтдзæн, уæд æй сласта: уæрдоны чъилыл-иу æй æрбатыхта, фæлæ йын нæ куымдта сæттын. Стæй йæ хъамылмæ фехста. Фæстагмæ сыл кæсæг стых сты, æмæ куырттатæй бирæ нал раирвæзт, уым сæ фæцагьтой. Сæ хæцæнгæрзтæ æмæ сын се ’хцатæ дæр ахастой. Куырттаты цагъд Паддзахы номæй сæрвыстой ирон дзыллæмæ иу инæлары, ныр Екатериноградскæй станицæ1 кæй хонынц, уырдыгæй. Нæ- хирдыгонау та уыцы станицæ хуыдтой Сæпачъе. Сиды йæхимæ ирон адæмы раззаг адæмтæм æрныхас кæ- нынмæ, æрфидауынмæ. Чиныг кæмæн арвыста, уыдон бацыды- сты Куырттаты коммæ. Куырттаты комы дзыхæй дæр загътой, чиныг дæр радтой. Чиныгмæ ракæс-бакæс кодтой, æмæ дзы чи цы бамбæрстаид! Стæй æрæмбырд сты, кæмæн æй бакæсын кæнæм, зæгъгæ. Æмæ хъуыстгонд уыди Мамиаты Хъарадзау, чиныджы зонæг æмæ Уырысмæ цæуæг лæг, æмæ йæ уымæ фæхæссæм æмæ йæ уый бакæса, зæгъгæ. Сбадтысты бæхтыл иу къорд лæджы æмæ фæ- цыдысты Уæлладжыры коммæ, туалтæм, Мамиаты Хъарадзаумæ. Хъарадзау сæ суазæг кодта. Чиныджы бакаст æмæ сын загьта: — Æцæгдзинадæй, паддзах сиды ирон адæммæ. — Стæй ма загъта чиныгхæсджытæн: — Абон майрæмбон, фæлæ мæм иннæ майрæмбоны æнхъæлмæ кæсут, сæмбæлдзынæн Хидыхъусмæ, мемæ дæр ма ардыгæй лæгтæ ахондзынæн. Хъарадзау Зæрæмæгмæ æрæмбырд кодта Нары, Тибы, Захъ- хъайы, Зæрæмæджы æмæ сын раныхас кодта, чиныджы цы фыст уыди, уыдон. Уый загъта: — Æз цæуын, фæлæ уæ рæстæг кæмæн ис, уый мемæ рацæуæд. Битарты Хъайтыхъойы йеддæмæ ничи фæци йемæ цæуæг. 151
Дыууæйæ ныццыдысты Куырттаты коммæ, куыд загьта, уымæ гæсгæ. Æрæмбырд сты куырттатæ лæгæвзæрстæй Хидыхъусмæ. Хъарадзау сын загъта: — Æндæр цæуæг никуыцæй ис? Уыдон ын загътой: — Фехъусын кодтам алы ранмæ дæр, æмæ нæм сымах йед- дæмæ зынæг нæй. Уæд сæхуыдтæг æрæмбырд сты æмæ араст сты. Ныццыдысты Сæпачъемæ. Суазæг сæ кодта паддзах, фæлæвæрттæ сын кодта гæрзтæй, æндæрæй, топпыхос, æнæуи дзауматæ, сгæллæдтæ, хъуымац æмæ æндæр дзауматæ, хохы цы нæ уыди, ахæмтæ. Дзаума сæм бирæ уыди. Сæ тæлмац уыди Хъарадзау. Рараст сты. Æмæ Цæлыкмæ2 куы схæццæ сты, уæд сыл кæсæг æрбамбырд сты фондзыссæ- , дзæй, ирæд исæг, дам, уыдысты Тарковскæйы Самхалтæн3. Æмæ сæ æрурæдтой, кæм уыдыстут, зæгъгæ, сæ бафарстой. Куырттатæ сын загътой: — Мах уыдыстæм Уырысы паддзахмæ. — Уæдæ æмбæлæггаджы хай, — зæгъгæ, сæм сдзырдтой. Куырттатæ сæм фыццаг нæ хъуыстой, стæй куы базыдтой, загъд дзы æрцæудзæнис, уый, уæд сын зæрдæ бавæрдтой, цы ’мбæла, уый уын ратдзыстæм, зæгъгæ, ис нæм мæнæ дзаума. Асиаг та сын минæвар уыдис се ’хсæн — тæлмац. Нæдæр ир кæсгонау зыдтой, нæдæр кæсæг иронау зыдтой. Махонтæ дæтты- ныл куы сразы сты, уæд асиаг кæсæгæн загъта: — Ницæмæ уæ дарынц, ницы уын дæттынц. Куырттатæн та афтæ загъта: — Дзаума нæ курынц, фæлæ уæ æфсады лæг курынц. Лæг уыцы ныхас куы скодта, уæд Хъайтыхъо Битарты загъта: — Фæйнæ хæсы дарæм æмæ сæ абон бафидæм, уыййеддæмæ нæ фæстагæттæн худинаг ма ныууадзæм. Лæг дæр ратдзыстæм нæ дæлдæр адæмтæй. Минæвар сын загъта: — Нæ, ам чи ис, уыдонæй раттут иу лæг. Уæд Битары-фырт афтæ зæгъы: — Не ’мсæр лæг Къаболаты Хъылыц у, æмæ дын уый раттæм. Стæй йæ бæхы счъилтæ суагъта уыцы сахат. Арæнæн уæр- дæттæ дæр æрзылдтой сæ алыварс, бæхтæ ныццагътой. Хъай- тыхъо йæ бæхы счъилтæ куы суагъта, уæд Калманты Ацæмæз асиагæн йæ къæбутыл топп ныццавта, сæ зæрдæ куыд фехсайдта дывзаг кæныныл, уымæ гæсгæ. Уыцы ныхæстæ куы кодтой, уæд кæсæг фæдисы арвыстой сæ хъæутæм, æмæ фæдис куы сзындыс- ты (махонтæ сæм кæсæнцæстытæй акастысты), уæд куырттатæ сæ кæстæр Бызыккайы-фыртæн загътой: 152
— Махæн ардыгæй фæцæуæн нал ис, фæлæ цæутæ хъæргæнæг æмæ фехъусын кæн, кæй фæцагъд стæм, уый. Уый бацыд куырттатæм, æмæ куырттатæ фæфæдис сты. Æмæ сеппæты дæр раййæфтой цагъдæй. Нæмгуытæ ’мæ топпыхос уымæлæй æрæййæфтой. Уый уымæн, æмæ куы хæцьщысты, уæд топпыхос æрæвгæдтой нымæттыл, æмæ йыл уарын æрцыди хæцгæ-хæцын. Топпыхос куы ныууымæл, уæд сæм кардæй бацы- дысты хæцынмæ, уый бæрæг уыди сæ цæнгты туджы хъæбæртыл æмæ сæ кæрдтыл, сæ цæнггæ цæф нæ уыдысты, афтæмæй. Бызыккайы-фырт уыцы цагъд куы федта, йе ’мбæлтты сæфт, уæд фæдисæттæм фæхъæр кодта: — Мæнæн дæр адон фæстæ цæрæн нал ис, хæрзбон у! Йæхæ- дæг йæ бæхыл абадт æмæ Кæсæгмæ Терчы былтыл асхуыста. Кæсæгимæ схæцыд æмæ йæхи амарын кодта.
ПАДДЗАХЫ НЫХМÆ ТОХЫ ТАУРÆГЪТÆ Мæличчы фырт Гуырдзыстоны падцзах1 йæ паддзахдзинад уырысæн куы рад- та, уæд йæ лæппу, йæ ном ын нал зонын, æрбалыгъди махæр- дæм, уырысы, дам, ма ’рбауадзæм ардæм. Йæ гæххæттытæ Тедеты Радзамæн радта, æмæ сæ уыдон стæй ныскъуыдтæ кодтой. Уалынмæ уырыс æрбацыдысты æмæ сæхицæн лæгтæ баурæд- той. Гуырдзыйы паддзахы фыртмæ Радзам лæггадгæнæг уыди. Радзаммæ æвзаг бадардтой, зæгьгæ, нын æй нæ къухты бафтау. Радзам дæр схæцыди æмæ загъта, зæгъгæ, Раройы цæгаты уыдзыстæм. Уæд Раройы цæгат æгæндæг уыди, арвæй йæм ницы зынди, йæ хъæд афтæ уыди. Уырысы æфсæдтæ ссыдысты æмæ сæ алыварс æрхъула кодтой. Мæличчы фыртæн йæ адæм бафынæй сты, фæлæ йæхæдæг куы акасти æмæ куы федта, уæд загъта: «Ай куы фесæфтыстæм». Бæрзонд назыл сдзæхст ласта, йе ’мбæлттæ йæ нал базыдтой. Æфсæдтæ æрцахстой йе ’мбæлтты æмæ сæ ракодтой. Мæличчы фырт уый куы федта, ай æфсæдтæ аздæхтысты, уæд рахызти æмæ Мугутмæ2 ныццыди, Къæдзæхысæрмæ. Къæ- дзæхысæр ын къуымæл рахастой. Къуымæл банызта, йемæ йын лæг бафтыдтой, æмæ ацыдысты. Цæуынтæ байдыдтой, цæуынтæ байдыдтой æмæ хæрдмæ куы схæццæ ис, уæд уым сбухъ кодта æмæ загъта: — Бузныг, Козатæ, ныр дыууæ хатты бануæзтон уæ къуымæ- лæй! Ацыдысты хъæдты æмæ Билуртайыл Ахалцихмæ3 ныххызты- сты. Уым йе ’фсымæр царди. Галуанмæ бацыди, фæлæ йæ дуар- гæс нæ уагъта мидæмæ. Уый уæдцæр бацыди, æмæ йæ хъахъхъæ- нæг фæмард кодта. 154
Йалары1 хæст Къæбыстæ фыдгæнд æмæ къæрных кодтой. Лæгтæ ластой: дыууæ хъæуы уыдысты æмæ сæ радгай хастой. Кæд-иу сæ хицæут- тæ æлхæдтой уыцы лæгты, уæд сæ æхца истой. Гуырдзыйæ цыдысты æмæ æнæхъæн гутæттæ2 скъæрдтой. Æваст хъуымац истой. Сæ фæндаг Къортъохыл3 уьщ. Сауджын- ты ахстой æмæ сæ сæ дзыккутæй бæлæстыл бастой. Иу хатт иу фыййауы бæласыл бабастой æмæ йын йæ фос ратардтой. Дык- каг аз ын йе стджытæ бæласыл ссардтой. Сæ сæрнæ лæвæрдгой уырысы паддзахæн. Паддзах смæсты^ис æмæ сæм Иалары рарвыста. Коцгæ дæр нæ лæвæрдтой сæ сæр. Йа- лар бирæ æфсад ракодга. Дзауы ком радгой сæ сæр, æмæ уыдоны дæр æфсады ракодгой хъазахъхъимæ. Æфсад Челеты цьалайы æрбад- тысты. Созыр æмæ Акамæ сидгысты. Ака бацыдис, Созыр нæ ба- куымдга. Акайæн Йалар сыгъзæрин æхцатæ радта æмæ йын загьта: — Ацу æмæ мæм Созыры ракæн, уымæн дæр ратдзынæн. Созыр уæддæр нæ бакуымдта, фæлæ йæ хистæр лæппуйы фыртæн4 радта. Акайы бабастой æмæ йæ афардæг кодтой. Уырдыгæй Йалар Коцгыл æрцыд. Коцтæ сæ мæсыджы бацы- дысты æмæ схæцыдысты. Æфсад сармадзан мæсыгæн йæ къæ- бутмæ сарæзтой, фæлæ мæсыгæн ницы ракодтой: æрду, хылычъы дзы нæ аппæрста. Мæсыгæн йæ сæрыл уат уыди. Хæссын æм байдыдтой гиц5 æмæ йæ хъуамæ басыгътаиккой. Уыдон уæлейæ æхстой æфсады æмæ сæ мардтой. Дзаугом Бегамæ хъæр кодтой: — Дæ худ аппар, кæннод сæфдзынæ! Уалынмæ уат схæцыди. Мæсыджы сыгъд уырдыгмæ згъæлын байдыдта. Уæд Коцтæ дæлæмæ гæппытæ байдьщгой, æмæ дыууæр- дыгæй лæууыдысты æрцджьштæ æмæ сæ рæхуыстой. Афтæмæй сæ фæцагьтой. Иу ма дзы аирвæзти: йæ разы салдат уынг адардтой. Чи та сæ мæсыджы мидæг басыгьди. Къæбысты хъæуы басыгьтой. Адæм фæлыгъдысты Нармæ. Дзауы ком фæллой фæхастой. Уый фæстæ Къæбыстæ ныссабыр сты. Хазби æмæ Уæрæсейы паддзах Уæрæсейы хæдхæцæг паддзах куы басаста Биасланты ’лдæрт- ты æмæ дыккаг уаргъ куы бавæрдта Кæсæджы фæллойгæнæг адæ- мыл, уæд та йæ сармадзанты дзыхтæ раздæхта Ирмæ. Иры сæрибардзинад байсыны тыххæй кæронмæ басæттын хъуыд Хъобангомы, фæлæ уый сæ къухы не ’фтыди уырысы æфсæдтæн. Куыд дзурынц, афтæмæй Хазби цалдæр хатты схæ- цыд Уырысы æфсæдтимæ æмæ-иу сæ фæстæмæ атардта. 155
Хазби уыдис хорз цуанон, бæрæг дардта комы. Иу хатт фе- хъуыста, уырысы ’фсæдтæ сæхи стыр ныббырстмæ кæй цæттæ кæнынц, уый æмæ фервыста кæмттæм хъæргæнæг: «Лæг чи у, уый тохмæ рацæуæд, æрбабырсынц нæм паддзахы æфсæдтæ». Фæдисхъæргæнæг Санибамæ бацыдис, æрæнцад хъæбатыр лæг Куындыхаты Хъæвдынмæ. — Кæцæй? Хæрзгæнæг дæ Хуыцау фæкæнæд, — афарста йæ Хъæвдын. - Æз дæн фæдисхъæргæнæг. Падцзахы æфсæдтæ æрбабыр- сынц, æмæ мæ Хазби рарвыста. Хæст стыр уыдзæн Дыууæдонас- тæу1, æмæ куыд æрцæуат, афтæ. Хъæвдын загъта (зарæджы афтæ у): Фыдхуызы хасбахъытæ æнæмбæрзтæй... Æмæ куыд ныууадзæм Нæ Рекомы кусæртытæ æнæ ’ргæвстæй? Уæд сын хъæргæнæг загъта: Уæдæ уæ зæронд мад — Сæбекон, Æмæ уæ хæрзбынтæ бакæнæд усе Реком. Уырдыгæй хъæргæнæг Хъæнимæ ссыди æмæ ’рхызт æмæ ба- дзырдта Санаты Беслæнмæ. Уым дæр фехъусын кодта хабар. Беслæн йæ авд фыртимæ рацыд, лулæ дымгæйæ, заргæйæ, æмæ æрцыди Хазбимæ Дыууæдонастæумæ. Санаты Азджери дæр ныфсджын лæг уыди. Уый æрбадти иу къорд лæгимæ Мыхы2. Дæргъæвсмæ дæр уыдис фæдис хъæргæнæг. Æппæты фыццаг Дæргъæвсгомæй ныххæццæ Джимарайæ Цорæты Тотырбег, Дæр- гъæвсæй - Зораты Мæхæмæт æмæ æндæртæ. Куырттатæй рахæццæ йе ’мбæлттимæ Гуыриаты Дзамбег, Джизийæ — Хъариаты Умар иу къорд лæгимæ. Уалынмæ хæст стынг ис. Уырысы æфсæдтæ куы бамбæрстой, сæ бон ницы бауыдзæн, уæд Дыууæдонастæуæй фæстæмæ аздæхтысты. Сараты фæзы сæ Хазбийы ’фсæдтæ цæгъдгæ куы фæцæйтардтой, уæд дыууæ салда- ты Хазбийы раз бæласы аууон бамбæхстысты æмæ йæ амардтой. Хазбийы амарды фæстæ сæ уæдцæр иннæтæ атардтой. Уыры- сы ’фсæдтæ æрæнцадысты Дзуары ’фцæджы хуссары. Уырдæм дæр та сæм тигътыл бахъуызыдысты Иры хæцæг адæм, æхсæвмæ æрцæттæ кодтой дуры цæндтæ æфсæдтыл атулынмæ. Æхсæвы Абхазовы æфсæдтæ куы ’рфынæй сты, уæд сыл уæле дуртæ ра- уагътой, бæстæ базмæлыд сæ гыбар-гыбурæй, æмæ æфсæдтæ хуыс- сæгхъæлдзæгæй схъомпал сты. Алыгъдысты æхсæвы уырдыгæй Арвыкоммæ æмæ уым æрæнцадысты. Сæ фæдыл та ацыдысты уырдæм дæр Цорæты Тотырбег, Гуы- 156
риаты Дзамбег, Санаты Беслæн йæ авд фыртимæ, Аспиаты Хъа- уырбег æмæ æндæртæ æмæ сæхицæн сæ сæрмæ сцæттæ кодтой цæрæн бынæттæ. Райсом бон куы ’рбарухс, уадындзæй куы бауасыдысты Аб- хазовы æфсæдтæ, уæд сыл уæле дурæй æхсын райдыдтой. Сæ раздзог сын скъаманды кодта Иры хæцæг адæмырдæм, фæлæ сæ ирон адæм рафсæрстой. Фæлæ сæ хохыхъахъхъæдуйраг афицер Дзантиайы-фырт æрба- кодта æндæр фæндæгтыл æхсæвыгон. Уый сæ æрбахизын кодта Цымийы ’фцæгыл æмæ сæ ныккодта Санибайы ’фцæгыл. Æфсæдтæ æнæнхъæлæджы фестадысты райсом æхсæвыцъæхæй Хоситы уæлвæзы. Адзем сæ куы ауыдтой, уæд сæ хæдзæрттæ дзæ- гьæл уагътой æмæ хæхтæм лыгъдысты. Абхазов æрцахста Санаты Беслæны йæ авд фыртимæ æмæ йæ фæрсы: - Калм уæм кæцырдыгæй фæмардæуы? - Сæрырдыгæй, - загъта Беслæн, - æмæ нын бахатыр кæн, раздæр дæу кæй нæ амардтам, уымæй. - Уæдæ уæм кæд калм йæ сæрæй марынц, уæд змæнтæг дæ ды рагæй-æрæгмæ, - загъта Абхазов, — ды-иу бабадтæ хицæутты дилизанцыты раз, сæ бæхты-иу сын байстай, сæхи та-иу сын удхарæй мардтай. Дæумæ ис къазнайы бæхтæй авд авды. ~ Уыдзæн ма мæм ноджыдæр, — хъæбæрæй загъта Беслæн. Уыцы æрцахсты фæдыл сæ кæдæмдæр акодтой æмæ сæ кæм- дæр амардтой. Дзантиаты Будзи уыдис паддзахы хæрагæнджытæй. Уый æр- сайдта знагимæ хъæбатыр тохгæнæг Хъаныхъуаты Бытъайы æмæ йæ амарын кодта. Хуссары Ламардоны мæсыджы бамбæхстысты цыппар æфсы- мæры æмæ сæхи нæ лæвæрдтой. Абхазов сæм барвыста: - Ныууадзут, мауал хæцуг. Цы уæ хъæуы, уый уын ратдзынæн. Цыппар æфсымæрмæ топпыхос нал уыдис, æмæ сын загъ- той: - Мах цуангæнæг адæм стæм, æмæ нын топпыхос раттут. Топпыхос сын куы радтой, уæд та æхсæвыгон хæхтæм алыгъ- дысты æмæ иу лæгæтæй семæ хæцыдысты. Абхазов сын сæ мæ- сыджы бын бакæнын кодта топпыхосы боцкъатæ, æмæ йæ нып- пырх кодтой. Уыдон та æхсæвыгон мæсыг самайын кодтой иу куырттатагæн, фæлæ сын алыгъд, мæсыг æрдæджы онг куы схæццæ, уæд. Фæстагмæ сын чидæр бацамыдта сæ лæгæт, æмæ сæм сал- дæттæ уырдæм ссыдысты. Уыдон дагъмæ алыгъдысты æмæ сæ дæлæмæ æхстой, æмæ тылдысты. Дзæвгар хъæбатыр тох фæкод- той цыппар æфсымæры, фæлæ уæддæр сæхи нæ радтой. 157
Хадзыбийы æмбисонд Алыккаты Хадзыби, куырттатыкоймаг, иу хатт амардта кæс- гон æлдары æмæ алыгъдис. Бирæ рæстæг ацыд. Хадзыбийы ба- нымадтой мардыл æмæ йын кодтой хистытæ. Уыцы рæстæг Хадзыбийæн Кæрдзыныдон, сæхимæ цæугæйæ, аласта йæ дзаумæттæ. Хадзыби сæхи хъæугæронмæ бафтыд. Уым сæмбæлд хъомгæсыл æмæ йын загъта: — Дæ хорзæхæй, æмæ мын дзаумæттæ рахæсс, кæннод бæгъ- нæгæй хъæумæ нæ уæндын. Хъомгæс фæфæдис Куырттаты хъæумæ. Куырттатæ цин кæн- гæйæ фæфæдис сты, - ахастой йын дзаумæттæ æмæ йæ æрба- хуыдтой сæхимæ. Уыцы рæстæг Уырысы падцзах бырсгæ сцæйцыд. Уæд Ха- дзыби фæдис ныхъхъæр ласта: — Дæлæ нæм тыхгæнæг гауыртæ ссæуынц, — зæгъгæ, — æмæ нын нæ рæсугъд саухил чызджыты салдат мæйттæн хæсдзысты, нæ фæсивæды та нын салдатæгтæн хондзысты. Уый бæсты мæ- лæт хуыздæр у, — фæдис! «Ныр цы бакæнон? - Джызæлмæ арвитин, æмæ картоф гу- бакк кæнынмæ сты. Санибамæ барвитин, æмæ уыдонæн та Дзан- тион сабатисæг (хист) æрбахаста, æмæ сæ уымæй нæ равдæл- дзæн. Зæрæмæгмæ барвитиккам, æмæ уыдон та цырагъ хæссынмæ ацьщысты...» Ничи сæм рацыд фæдисы. Бирæ фæхæцыд иунæгæй. Амардта дзы иу къорд. Стæй йæм иу салдат фæстæрдыгæй бахъуызыд æмæ йæ амардта. Тогойты мæсыг Тогойты мæсыг1 фехæлдтой падцзахы æфсад. Тогойтæн цы сæ бон уыди, падцзахимæ куыд схæцыдаиккой? Сæ хуыздæр лæг Куыдзан уыди æмæ загъта: — Мæ мæсыг мын фехæлдтат, цы уæ хъыг дардта? Йæхи йын фесæфтой Сыбырмæ. Уæд Биганаты Уæрахъ загъта: — Цы уæ хъыг дары, цæмæн сафут мæгуыр лæджы?! Уый сæрыл Уæрахъы дæр фесæфтой. — Цæмæн сафут уыдон? — загъта падцзахæн Уæсмæн. Уый тыххæй Уæсмæны дæр æрцахстой, - ды, дам, уыдон сæрыл цæмæн дзурыс. Уый фæстæ Сачынаты дæр æрцахстой. 158
Хъуды абырджытæ Уыдис æрæгвæззæг. Адæм сæ фæззыгон куыст фесты æфснайд. Аивгъуыдта хуызивæн бон1. Кæрдæг бур-бурид афæлдæхт æмæ æрбаруад, сыфтæр азгъæлди, æмæ хъæд быгъдæгæй баззади. Цъæх мигъ йæхи нал иста уæлæмæ кæмттæй. Æрæввахс сты зымæджы æнкъард бонтæ. Ацы рæстæджы Хъуды абырджытæ: Рубайты Тотырадз, Такъæ- ты Цыппу, Исараты Сугъар æмæ Цæболты Гайти цардысты Араг- вийы доны сæр, Хъуды комы, иу рагон лæгæты. Бирæ адæмтæ зылди сæ фæдыл, ахсынмæ сæ чи хъавыд, ахæмтæ. Бæрæг ничи ницы зыдта, кæм цæрынц, кæм бадынц, уымæн, æмæ къухы не ’фтыдысты. Адаем дæр сæ кæм хъæр код- той: йæ цонг йæ буарæй чи ралыг кæндзæн. Иууылдæр зыдтой, ацы цыппар лæджы мæгуыр адæмы сæрыл кæй схæтæнхуаг сты сæ цардæй, уый æмæ сыл сæ къух æмбæрзтой. Бирæ ма фæцардаиккой уыцы ран лæгæты æви нæ, Хуыцау зоны, фæлæ сыл иу афон сæмбæлди хæрзгæнæг æмæ сын рахабар кодта: «Фыд æвзагæй хицæутгы хъустыл æрцыди, ам кæй стуг, уый, æмæ уæ ахсдзысты, фæлæ уæ сæрæн исты хос скæнут». Исдугмæ цавдцу- рау фесты ацы ныхасмæ цыппар дæр, ту сæ никæй дзыхæй уал схаудта, зæхмæ хъусыныл фесты. Стæй Цыппу йæхи фæхъæбæр код- та, йæхиуыл уæлæмæ схæцыд æмæ загъта йе ’мбæлттæн: — Уæ мæ хуртæ, куыд хистæр, афтæ уæ курын. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Ныууадзæм ацы фæрныг бынат æмæ ахи- зæм Урстуалтырдæм. Стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. — Ныббар мын, Цыппу, дæ ныхас мæхимæ кæй исын, уый, — загъта Гайти, — бæргæ сты хорз дæ ныхæстæ, фæлæ кæдмæ ра- хау-бахау кæндзыстæм?! Бирæгъау — куы фырæфсæст, куы фы- рæстонг, афтæмæй нæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Лæг иу бон рай- гуыры, иннæ бон амæлы. Кæдæм ма лидзæм?! Мæнæ нæ гæрзтæ райсæм нæ къухмæ, стæй нæм кæд исчи цæуа, уæд ын мах дæр дзуапп ратдзыстæм. — Фæлмæн къæрмæг ницæмæн бæззы бахъуыды сахаты, — йæхимæ райста ныхас Тотырадз, йæхæдæг хъримаг райста, лыс- тæныл æрбадт æмæ йæ сæрфы бызгъуыр хæцъилæй. Лæгæты астæу сыгъдис арт æмæ-иу куы æрмынæг, куы та-иу йæ пиллон скалд. Артдзæсты æвæрд уыдис суанцъы. Йæ уæлæ аг, æмæ дзы картофтæ фыхтис. Лæгæтæн йæ иу къуымы дзæкъу- лы мидæг уыдис нартхоры цæкуыйы ссад, йæ фарсмæ иу царвы хъуырау, æмæ ноджы сæ сæрмæ ауыгъдæй лæууыди иу фысы фæстаг æрдæг. Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ бафæрс! Бирæ радзур- бадзуры фæстæ сразы сты Цыппуйы фæндоныл æмæ фæс Туты- ры ’хсæв араст сты Урстуалтæм Хъелы æфцæгыл2. 159
Зымæг йæ кæнон кодта. Мит донæмхæццæ уарын райдыдта. Къæсæрæй æддæмæ акæсæн нал уыди. Æрбаввахс сты Сау дзуа- ры хохмæ3, афтæ мигъ ныббадти æфцæгыл. Бæстæ ныттар, æмæ ницыуал уыдтой цыппар дæр. Цыппу разæй цыди фæндаг амонæг. Йæ ных сарæзта æфцæгмæ æмæ уæйыджы цыд кодта размæ. Хаттæй-хатт-иу фæстæмæ фæкас- ти йе ’мбæлттæм æмæ сын-иу ныфсытæ авæрдта. Æмбæлттæн дæр- иу уæд сæ зæрдæ фæфидар æмæ-иу фæтагъддæр кодтой сæ цыд. Уалынмæ сæххормаг сты, се уæнг сæ иттæг нал хаста размæ цæуын. Бирæ сæ нал хъуыд æфцæгмæ, афтæ Гайти æрхаудта æмæ иу дзæвгар нал сыстад уæлæмæ зæххæй. Иннæтæ йæ алыварс æрбам- бырд сты æмæ йын ныфсытæ æвæрдтой, фæйнæрдыгæй йын йæ цæнгтыл хæцыдысты. Уый нал æмæ нал æрчъицыдта. — Марадз, Тотырадз, дон æрбадав уæртæ хуыры суадонæй, - зæгьгæ, сонт хъæр фæкодта Цыппу. Тотырадз базгъордта суадонмæ, йæ нымæтхуды дзы фелвæс- та æмæ йæ æрбадавта. Йæхæдæг дзы Гайтийы ных æруазал код- та. Уыцы ран Гайтийæн йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. Уазал суадон ын æвдадзы хос фæци, æмæ æрчъицыдта. Сыстын æй кодтой. Къæлуаимæ чысыл царв дæр аныхъуырдта æмæ фæцырддæр. Уалынджы бахæццæ сты фыййæутты рæздарæнмæ æмæ уым æрæнцадысты. Рæздарæны ничиуал уыди змæлæг. Æрмæст ма дзы уыди сугтæ æмæ хос, лыстæнæн чи хъуыд, ахæм. — Ныр арт скæниккам æмæ цæмæй скæнæм, зынг дæр нæм куынæуал ис, - ныккатай кодта Цыппу. — Фæлæуу, чи зоны, ам исты уа, — зæгъгæ йæм сдзырдта Тотырадз. Йæхæдæг рæздарæны къуымты разылди æмæ дзы ссард- та æхсон æмæ зных. — Тас нын нал у ныр, мæнæ ссардтон, арт цæмæй скæнæм, уый, — фæхъæр кодга фырщшæй Тотырадз. Супæ кæрæдзийыл æрæ- вæрдта, зных ссыгьта æмæ йæ сугты бын авæрдта хосы муртимæ. Арт ссыгъдис уадидæгæн, æмæ йæ алыварс æрбадтысты цьпгпарæй. Уалынджы æризæр и. Сæхи куы ссур кодтой фæлмæцыд адæм, уæд æхсæвæр бахордтой æмæ схуыссыдысты. Фæлладæй сæ уай- тагъд тарф фынæй æрæндæвта, æмæ сæ иу дæр йæ къах нал атылд- та райсоммæ. Æхсæвы къæвда митырдæм аздæхта. Уарын байдыдта æхсæв- бонмæ. Афтæмæй бæстæ дзыхъхъæй, къуыппæй æмвæз сси. Райсом бон куы ’рбацъæх, уæд Цыппу раздæр фестади, акаст арвыхъæдмæ æмæ йæ сæр ныттылдта: «Сæфты фæндагыл рацы- дыстæм», — дзырдта йæхинымæр. Æфцæгыл уыйбæрц мит æруарыд, æмæ дзы цъиуæн нал уыд атæхæн. Йæ зæрдæ бауазал Цыппуйæн фырмæстæй æмæ йæ бы- наты æрхаудта. Райхъал сты иннæ æмбæлттæ дæр æмæ уыдон дæр сагъæс 160
кодтой. Кæм ма бафснайдтаиккой сæ сæртæ, уымæн ницыуал хос зыдтой. Уæддæр Цыппу йæхи фæхъæбæр кодта æмæ загъта: — Мæт ма кæнут, мæ хуртæ. Лæджы сæр цы нæ бавзардзæн цæргæ-цæрын, ахæм нæй. Кæд ацы сахат нæ фæндаг ныкъкъуы- лымпы, уæддæр иууыл нæ зæрдæтæм ма ныккæсæм. Мастæй ницы æрцæудзæни, фæлæ нæ исты æрхъуыды хъæуы. ~ Æмæ ма цы ’рхъуыды кæнæм, — загътой æмдзыхæй æртæ æмбалы. — Цы ’рхъуыды та цы ныхас у? Удæгас адæймаг цыдæриддæр æрхъуыды кæндзæн. Кæд разы стут мæ фæндыл, уæд аздæхæм фæстæмæ æмæ ныццæуæм Дзимырмæ4. Уыцы ран цæрынц мæ фыдымады ’рвадæлтæ, Тогойтæ, æмæ уыдон уазæг нæхи бакæн- дзыстæм, — ныфсытæ æвæрдта Цыппу йе ’мбæлттæн. Æмбæлттæ дæр æм хъуыстой æнцад æмæ дзы уæлдай ничиуал ницы загъта. Аздæхтысты фæстæмæ Хъелæй æмæ ныццыдысты Дзимырмæ. Уыцы ран сæ Тогойтæ хорз суазæг кодтой, радтой сын сæ мæсыг боны ’мгъуыдмæ, æмæ дзы æрбадтысты цыппарæй Хъуды абыр- джытæ. Диссаг куыннæ уыд уæвгæйæ дæр Тогойты мæсыг: йæ ном, Гуры номау, баззад адæмы ’хсæн. Дзырдтой-иу æй кæмдæрид- дæр, зæгъгæ, ахæм фидар мæсыг нырма никуы уыд хохбæсты. Уый амад уыд хæдхонгæ дурæй. Ахæм фидар уыд, æмæ йын тых- гæнæг тых никуы ссардта. Иæ иу фисынæй иннæ фисынмæ æххæ- сти иу дур. Мæсыгæн йæ уæлкъæсæр уыди фыст: «Ацы мæсы- джы чи бада æмæ дзы тæссæй чи рахиза йæ хуылфæй, уымæн-иу куыдзы бæлæгъы дон ныччындæуæд. Кæд æмæ мæсыг фæцуда знаджы къухæй кæнæ ныккæла йæхигьæдæй, уæд-иу йæ амайæг мæрдты авд дæлдзæхы ныххауæд дæлдæр». Фæцардысты уыцы ран Хъуды абырджытæ мæсыджы хуыл- фы суанг комахсæнмæ. Йæ фæстæ хабар айхъуысти адæмыл, базыдта сæ хицауад. Уырысы хицæуттæ уынгæг кæнын райдыдтой Тогойты, зæгъгæ, уæ уазджыты раттут, кæннод уæ бынтон бынысæфт фæкæндзыс- тæм. Гæнæн æмæ амал куы нал уыд Тогойтæн, уæд хабар бамба- рын кодтой сæ уазджытæн æмæ сын загътой: — Бæргæ нæу аив йæ уазæджы арвитын фысымæн, фæлæ цы бакæнæм, нæхиуыл дæр хуыздæр бон не скодта. Гъенырмæ уæ февæрдтам, фæлæ ныр нæ рæстæг нал у уæ бавæрын, æмæ уæ сæртæн исты хос скæнут. Æрхъуыды кæнут æмæ мах дæр ма фе- сафут æмæ уæхи дæр. Уыдон сын загътой: — Бæстыл цы нæ ’рцыд, ахæм хъуыддаг нæй. Кæд уыл исты уæз цæуа нæ руаджы, уæд кæддæриддæр мах нæхи æрхæсдзыс- тæм уæ сæрыл. Нæ бафæсвæд кæндзыстæм нæ кард æмæ нæ уарт, 11 Ирон таурæгътæ 161
нæхи фæцæгъдын кæндзыстæм, уæддæр сымах æфхæрын нæ ба- уадздзыстæм искæй къухæй. Фæлæ йæ зонут, райсом бон куы айхъуыса,зæгъгæ, Тогойтæ сæ уазджыты нæ бавæрдтой, æмæ дзæ- гъæл сæфт фæкодтой кæмдæр, уæд уæхи сæртæн дæр кад пæ уыдзæни, уæ цæхх æмæ уын уæ кæрдзын йæ размæ ничи райс- дзæни. Ма фæкæнут фидиссаг мах дæр æмæ уæхи дæр. Ацы ныхæстæ сæм иттæг арф бахъардтой Тогойтæм, æмæ нал схастой сæ сæрмæ сæ уазджытæн «ацу» зæгъын. Фæлæ сæ йæ фæстæ æгæр куы уынгæг кодтой уырысы хицæуттæ, уæд баздæх- тысты, афтæмæй мыггаджы хистæртæ бацыдысты мæсыгмæ æмæ сын рахабар кодтой: «Сæфæм уæ руаджы мах дæр. Дыууæ боны ’мгъуыдмæ кæд рахизат мæсыгæй æмæ уæхи раттат, кæннод нæ ДУР ДУРыл дæр нал ныууадздзысты, фæлæ уæ сæрæн исты хос скæнут». Уыдонæн дæр ма цы хос уыди! Мæнг нæ бакæнынц: «Кæй уæрдоны бадай, уый зарæг кæнын хъæуы». Исдугмæ ницы ком лæвæрдтой, стæй сыстадысты, «хæрзбон» загътой Тогойты хис- тæртæн æмæ рараст сты Урстуалтæм. Уазал æмæ æххормагæй дæр сфæлмæцыдысты. Ницыуал сæм уыд хæринаг. Æрмæст ма сæм баззади иу дзæкъулы хыгъд къæ- луа, æмæ уымæй маамæлайы хæрд кодтой, цæмæй сæ уд нæ ас- къуыдаид. Рæстæг уыди раст комахсæнæй урсыкъуырийы астæу. Мит чысыл фæдзода, фæлæ уæдцæр къах нæ урæдта. Уыдон цыппар дæр сæ къæхтыл бакодтой къахкъæлæттæ æмæ афтæмæй рахыз- тысты æфцæгыл Урстуалтæм. Æрцыдысты Едысмæ æмæ уым æрфысым кодтой Колыты Хиламæ. Колыты Хила уыд исджын лæг æмæ уазæгуарзон. Цæргæ та кодта Æлбегаты къуылдымыл. Йæхицæн дзы мæсыг дæр уыд уыцы ран. Куыннæ сыл бацин кодтаид Хила йæ уазджытыл! Афтæ буц сæ скодта, æмæ сæ зæхмæ дæр нæ уагъта. Æхсæвы сын кусарт дæр акодта. Æрбынæттон сты Хъуды абырджытæ уыцы ран. Хила сын йæ арм фынгæн дардта. Ферох сæ сты сæ фыдæбæттæ дæр. Цыдысты бонтæ. Фæци карз зымæг. Мит бæстон басау æмæ æрлæууыд хъарм, уалдзыгон рæстæг. Адæм дæр сæ уалдзыгон куыстмæ бавнæлдтой. Иу афон, раст Тыбаууациллайы æхсæв, Хиламæ æрхæццæ минæвар æмæ йын загъта: — Амилахоры-фырт Бабана дæм æрвиты: «Хъуды абырджытæ дæумæ сты, æмæ сæ куыд раттай, афтæ». Хила ницы æфсæрыл хæцыд. Уæд уый сласта йæ дзыппæй фараст туманы æхца, уыдонимæ сыгъзæрин доны тылд хъама æмæ иу, кæм федтай, ахæм æхсаргард. Уыдон дæтты Хиламæ æмæ йæм хаты: 162
- Ацы лæвæрттæ айс дæхицæн æмæ ратт дæ уазджыты. Æрвиты дæм сæ Амилахоры-фырт, æмæ мæ коммæ бакæс, дæхи ма фесаф искæй тыххæй. Чи дын цы фæуыдзæн?! Ма райс адæмы фыдæх дæхимæ. Ратт дæ уазджыты. Хила сæм йæ къух дæр нæ бакодта. Уый цæхгæр ныххуыр- рытт кодта æмæ загъта: - Æз Æгъуызаты æмæ Куырттаты ’хсæн иу фынгыл бадын. Адæм мæ цæхх, мæ кæрдзын хæрынц, æмæ мæ уый куы айхъуы- са, зæгъгæ, Хила йæ уазджыты ауæй кодта, уæд ма мын фынгыл нуазæн та чи ратдзæн мæ арммæ? Цы аккаг ма уыдзынæн æз уый фæстæ, æмæ адæмы ’хсæн цæрон? Нæй, ахæсс ын йæ лæвæрттæ фæстæмæ æмæ йын-иу зæгъ: «Мæ рæстæг нæу». Уый дæр уæлдай ницыуал загъта. Сыстад æмæ уыцы хуызæ- нæй афардæг фæстæмæ. Хила уым баззади. Фæлæ йæ зæрдæмæ сау æндар ныккаст кæцæйдæр. Мæт айста йæхимæ æмæ хъуыдытыл фæцис. Æрфæс- мон кодта, кæй не сразы, йæ уазджыты кæй нæ адде кодта йæ хæдзарæй, ууыл. «Мыййаг, искуыцæй, æцæг, куы фæзына знаг æмæ искæй адзал куы бафидон», — йæхинымæры хъуыдытæ кодта Хила. Фæлæ дзы æнæ уазæг дæр цæрæн нæй. Уазæг кæмæ нæ цæуы, уый бынтон сæфт у, кад дзы нæй адæмы ’хсæн. «Цæй, чи зоны, æмæ ничи фæзына. Науæд куы фæзына, уæддæр мæм чи хъуамæ йæ ныфс æрбахæсса ацы уынгæг кæмтты, ацы фидар мæсыгмæ», — йæ зæрдæ фæфидар æмæ-иу йæхицæн ныфсытæ авæрдта Хила. Цыди рæстæг. Ивгъуыдтой бонтæ. Иу заманы уырысы пад- дзахы æфсæдтæ æрбацыдысты Едысмæ æмæ æрæнцадысты Цар- циаты обауы цур. Хъуды абырджытæ дæр бахызтысты мæсыгмæ æмæ уым сæхи æрфидар кодтой. Хæст фемæхстис. Рæстæг дыууæизæры астæу бацыди, æмæ бæстæ ныррухс топпы цæхæрæй. Дыууæрдыгæй райдыдтой кæ- рæдзийыл хæцын æмæ фæхæцыдысты авд боны æмæ авд æхсæ- вы. Æфсад мæсыгмæ бырстой уæлæмæ, фæлæ сæ уыдон не суагъ- той. Афтæмæй джиджийаттаг фесты, цагъды кодтой. Хъуды абырджытæ сцух сты топпыхосæй æмæ здыйæ. Нал сæм уыдис хæринаг, нæдæр дон, æмæ суынгæг сты. Æвдæм æхсæв куы ’ризæр, уæд цыппар ныууагътой мæсыг æмæ ахызтысты фа- лæмæ Тырсийы æфцæгыл. Уырдыгæй бафтыдысты Шамилы ’фсадмæ æмæ уый къухы ныллæууыдысты. Мæсыг дзæгъæлæй баззадис Æлбегаты къуылдымыл, фæлæ йæм уæддæр æфсад нæ уæндыдысты. Куы ’рталынггæрæттæ, уæд дзы Саулохты Есе цы- рагъы рухс радардта. Æфсад куы базыдтой, ничиуал дзы ис, уæд ссыдысты æмæ мæсыг йæ бындзарæй афæлдæхтой. Уый фæстæ Хилайæн йæхи дæр æрцахстой æмæ йæ æд би- нонтæ Сыбырмæ фесæфтой. 163
Томайты хæст Бонтæ ивгъуыдтой. Цыди рæстæг. Æлдæртты судзаг кой Иры- стоны дæр ауагьта арф уидæгтæ, адæмæн сæ туг æхсныфæй нуæз- той. Сæ сæфты дуг æрцыд хæххон адæмæн. Нары Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ амардтой сæ хицауы, æмæ сæм уый фæдыл æфсæдтæ ацыд Къуыдаргомыл. Дыууæ мыггаджы сæхи æрфидар кодтой мæсгуыты, бафснайдтой сæ фос, сæ фæллой æмæ, сау сынтытау, холымæ кастысты æнхъæлмæ. Уалынджы паддзахы æфсæдтæ Леты æфцæгыл1 ныххызтысты Зругмæ2, акодтой семæ фæндагамонджытæ Томайты Мæхæмæ- ты, Тыбылаты Оманы, Битарты Хъæцлæуы æмæ сæ тыхæй семæ бакодтой Нармæ. Уыцы ран райдыдтой хæцын Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ æфсæдтыл. Авд боны æмæ сыл авд æхсæвы хорз фæзындысты, стæй дойны æмæ æххормагæй сфæлмæцыдысты, æмæ сын æфсæдтæ сæхицæй дæр бирæйы нал ауагътой лидзын мæсгуы- тæй. Ныццагътой сæ, кæй дзы баййæфтой, уыдон, хъазахъ; æртардтой сын сæ фос, сæ фæллой, ныггæндон сæ кодтой. Стæй уырдыгæй сæ фæндаг Ручъы коммæ сарæзтой, цæмæй уым дæр ныббырстаиккой адæмы, æмæ сын нал уыдаид стæлфæн æлдæрт- ты ныхмæ. Фæлæ Мæхæмæт уырдыгæй лидзын бафæрæзта æмæ йæ дыууæ ’мбалимæ æрхæццæ ис Рукъмæ. Дыккаг бон ныхъхъæр кодтой фæдис Къусджытæй3 Урстуалтæм. Адæм æрæмбырд сты Дзуары фæзмæ4. Мæхæмæт сæ сæр ссис, сцырын кодта адæмы: - Цъалайыл æмæ нæм æфцджытыл æрцæуынц паддзахы джа- уыртæ. Судзынц хъæутæ, сылгоймæгтæй хынджылæг кæнынц æмæ адæмы æлдæртты къухы æфтауынц. Цæрдæг ут, æмæ сæ ма ’руадзæм нæхимæ! Адæм ныххæррæтт кодтой уыцы ныхæстæм. Агуылф кодтой Къустджыты мидæгæй уырдæм æмæ комæн йæ дыууæ фарс æрбад- тысты. Райсомы хур йæ сыгъзæрин тынтæ рæгътыл нывæста. Дæ- лейæ, æцæгдæр, Залтаров5 æд æфсæдтæ, хъазахъхъимæ, æрбацы- ди Дзауæй. Иннæтæ та æрхызтысты Дзомагъы æфцæгыл. Бæрзонд къуылдымæй ныхъхъæр кодта Джыккайты Темсыр: - Ларсантæ æмæ Борсæтæ6 æхсæзыссæдз топпæхсæджы куы сты, уæд юшд æдылы у уырысы паддзах, уыдонмæ йæ ныфс чи ’рхаста! — Йæхæдæг тесмел кард йæ астæуыл æрбаста, мадзайраг топп йæ къухы айста æмæ цалдæр лæгимæ Дзомагъгомы æрбадт æфсæдты ныхмæ. Уалынджы топпы хъæртæ цæуын байдыдта, хæст стынг ис, 164
æмæ кæмттæ æрвнæрæгау кодтой. Адæм дыууæрдыгæй дæр бирæ фæцагъды. Фæхæцыдысты иуцасдæр, стæй лидзын райдыдтой Мæхæ- мæты адæм, æмæ сыл хъазахъхъ фæстейæ арт æфтьщтой хъæу- тыл. Удæгасæй кæй æййæфтой, уый удæгас нæ уагътой. Фæллой пырх кодтой. Афтæмæй адæм æд сывæллæттæ слыгъдысты Хъелы рагъмæ. Бонрæфты иу райсом фидауджытæ бацыд се ’хсæн дыууæрды- гæй, æмæ сæ бафидауын кодтой тыхæй-амæлттæй. Ничи зьщта рæстмæ уыцы рæстæджы уырыссагау дæр, æмæ минæвæрттæй иу худаистæй бацыд хъæргæнгæ: «Шеригрит7, Залтаров, шеригрит!» Ахæм тухиты æмæ талынг уыдысты уæды рæстæджы хæххон адæм. Куы бафидыдтой, уæд Залтаров дзырд радта, æмæ алы хæ- дзарæй уацайраг акодтой сæ фыртты, цалынмæ бæстæ бынтон æрсабыр, уæдмæ. Баурæдтой алы хъæуы салдæттæ, цæмæй уыдон змæнтджыты ахстаиккой æмæ сæ æрвыстаиккой дæлæмæ, Къус- джытæм, стæй уырдыгæй та дарддæр. Мæхæмæт йæхæдæг лыгъд уыд хъæдмæ. Никуыцæйуал ын уыд æххуысгæнæг, æмæ йе ’фсымæр Ибахъхъимæ хъæдты абырæг хæ- тыдис. Нæ уагъта йæ маст æппындæр. Лæбурдта фæндæгтæм æрго- мæй. Тъæпæнхудцжын-иу кæм федта цæугæ, уым ын-иу фыд- митæ бакодта, нæ йæ ауагътаид удæгасæй. Иу бон та, дыууæ Леуахийы иу кæм кæнынц, Згъуыбиры, уырдæм æрцыди хъæдæй, Джеллыты Тотырадз дæр йемæ, афтæ- мæй. Уалынджы дæлейæ, фæндагыл, æрбацыдис цалдæр салда- ты, сæ разæй Андроников æмæ Ерыстау8. Æвæццæгæн, сæ фæн- даг уыд Урстуалтæм. Тотырадз сæ раздæр ауыдта. Фелвæста сæм лескъейнаг топп, æмæ Ерыстауы-фырт уайтагъд бæхæй асхъиуд- та. Иннæтæ фæпырх сты, Мæхæмæт афтæ сæ астæу смидæг. Рай- дыдта сæ цъыччытæ кæнын кардæй æмæ сæ æмбис фæкодта. Стæй йæхæдæг дæр рæуæг цæфтæй сирвæзтис хъæдмæ. Уыцы ран хъæды мидæг иу лæгæты фæсадис иуцасдæр. Нæ йæм уыд фæкæсæг, — æххормаг, дойныйæ-иу мæлæтмæ æрцыдис. Иу къорд бонты фæстæ та ссæрæн, райдыдтой та зилын дыууæ ’фсымæры кæмтты, фæлæ уазал æмæ зымæг дæр æввахс байдыд- та, æмæ фыд цардæй тынг фæлмæцыдысты. Кæхцгæнæны размæ, иу мæйрухс æхсæвы сæ дыууæ дæр рацæйуадысты Едысы хидыл. Уалынджы сæ хъæуæй ауыдтой салдæттæ æмæ сæ расырдтой фæстейæ. Иу фæхæрдгæнæны ныхæй-ныхмæ фесты сæ дыууæтæ дæр. Афтæмæй кæрæдзийыл самадтой гæрæхтæ. Ибахъхъæн уыцы ран йæ астæуы нæмыг иннæрдыгæй ахызт, йæ бон ницыуал баци зæгъын. Æрмæст ма фæстаг хатт сдзырдта: «Мæ туг мын-иу ма ныууадз», — æмæ уыйадыл фæцис. Уалын- джы фæдис стыхджын. Мæхæмæт марды йемæ аскъæфта æмæ йæ барзонд, райдзаст Царциаты уæзæгыл9 баныгæдта. Йæхæдæг 165
дурыл æрбадти. Адæмы уынæр фæсабыр, мæйрухс дæр тæмæнтæ калдта рæгътыл. Мæхæмæт уыцы ран иунæгæй баззад, æмæ фырмæстæй йæ зæрдæ тъæппытæ хаудта, йæ цæстысыг донау мызтис: «Куыд иунæг баззадтæн, цæй дзæгъæл сдæн! Мæ райгуырæн бæстæ, кæй къухы ныххаудтай, æмæ мæм хъæдæй халон хъæргæнæг дæр куьшæ ис!» - Ахæм хъуыдыты мидæг ыл æхсæв сбон ис. Стæй бонырдæм алыгъд æмæ Хъудырдæм ахызт Сау дзуары хохыл. Цас ма фæцардаид Мæхæмæт æддæ, чи йæ зоны... Кæнæ ма цалæй райстаид йæ мæстытæ Ибахъхъы фæстаг фæдзæхстытæм, фæлæ иу бон айхъуыстис адæмыл, зæгъгæ, Мæхæмæт йæхи рад- та, æмæ йæ Сыбырмæ ахастой. Уæлладжыры фæндаг Зæрæмæгмæ куы сарæзтой, уæд паддзах уырдæм ссыди, æмæ йæм алы кæмттæй цыдысты уынынмæ. Æзхуыздæруонæй йæм хастой лæвæрттæ æмæ йын кад кодтой. Нары ком дæр æй æрбахуыдтой сæхимæ. Бахсыстой йын цæджджинæгты бæгæны. Галы хорз нал ныууагътой фæстейæ æмæ йын æвзист къæлæтджын бахастой лæварæн йæ размæ. Уыцы рæстæджы Мæхæмæтæн йæ хо уыди Нары Кæсæбиты ус, æмæ йæм уый дæр йæ дæлармы бахаста лæварæн гæрзхор тын дзæбидыры тинтычъийæ. Йæхæдæг ныззоныгыл кодта æмæ йын йæ разы йæ кæлмæрзæн æрытыдта. Падцзах ын загьта: - Цы дын балæвар кæнон? Ус ын дзуапп радта: - Лæварæй мæ ницы хъæуы, æрмæст мын базонын кæн: ме ’фсымæр Мæхæмæт Сыбыры ис, æмæ мард у, æгас, уый мын фехъусын кæн. Дыккаг бонмæ йын æмгъуыд скодта. Стæй йæ дзуапп ссы- дис, кæм уыд, уырдыгæй, зæгъгæ, Мæхæмæт алыгъд ахæстонæй, æмæ йæ кæмдæр сырдтæ бахордтой. Талгъик-наиб1 Хæххон дзуапп Зæронд цæцæйнагæн, хъæбатыр фæдисон Иналæн йæ мæлæ- ты бонтæ æрцыдысты... Йæ усмæ бадзырдта: - Æфсин, бацу Талгъик-наибмæ æмæ йын зæгъ — нæ лæппу Умар Слепцов-генылармæ2 хасты фæци, — ракурæд уымæй, цæ- мæй йæ фенон мæ адзалы сахат. Мæгуыр ус наибы раз æрбалæууыд, сау кæлмæрзæн йæ сæрæй систа, йæ разы зæххыл æй æрæвæрдта æмæ йын радзырдта йæ лæджы ныхас. 166
— Хорз, цæугæ фарнимæ. Мæ бон цы уа, уый бакæндзынæн, — загъта хъæбатыр Талгъик-наиб. Уыцы сахат арвыста йæ барджытимæ чиныг уырысы сæр- дармæ Слепцов-генылармæ. Слепцов бадзырдта уыцы лæппумæ. — Дæ зæронд фыд дæм сиды, рынчын у. Уадзын дæ Мар- танмæ3. Дзырд мын ратт, фæстæмæ кæй æрбацæудзынæ. — Мæ фыд Иналы фырт кæм дæн, уым ма тæрс, фæстæмæ мæ ардæм хъæуы! - загъта бæзæрхыг цæцæйнаг, салам радта æмæ араст сæхимæ. Зæронд фыды баныгæдта. Йæ мады дзыназынмæ, йæ кæуынмæ нал фæкаст — дыккаг бон райсомы сæуæхситтæй æрбалæууыд Умар Слепцовы дуармæ. ~ Сахъ лæппу, дæ фыд Иналы фырт кæй дæ, уый базыдтон, нæ ныхас уæзданæй сæххæст кодтай. Кæнын дæ сæрибар, цæугæ дæ хæдзармæ. Ацы чиныг та Талгьик-наибмæ ратт. Хорз бæх, саргъ-æвзист арæзт, ног дзаума — алцæмæй ифтон- гæй йæ рарвыста. Слепцов йæ чиныджы фыста: «Талгъик, имам Самилы наиб! Тæхудиаг дæ, ахæм сагсур хъæбатыр фæсивæды хицау чи у! Са- лам æмæ арфæ дæм æрвитын. Уæгъд æй кæнын дæ хатырæн». Хъæбатыр Талгъик, йæ карды ферттывдæй кæмæн рызтысты уырысы æфсæдтæ,— чиныг бакаст, ахъуыды кодта æмæ загъта йæ лæгтæн: — Тагъд хохæй ракæнут дыууадæс хъазахъхъаджы, хасты нæм чи фæци... Хуыздæр бæхтæ, хæстон барезгæн цы хъæуы, хуыздæр гæрзтæ æмæ дзаума сын раттут, афтæмæй сæ уырысы сæрдармæ барвитут. Иу райсом Слепцовы дуармæ æрбалæууыдысты цæцæны хис- тæртæ — семæ дыууадæс хъазахъхъаджы. Ракалдысты адæм, æфсæдтæ, хицæуттæ. Цинæн кæрон нал уыди: чи йæ фырты ба- зыдта, чи йе ’фсымæры, чи йæ мойы. Слепцов рацыд. Цæцæны хистæр æм чиныг радта. Слепцов хъæрæй бакаст: «Уырысы сæрдар, Слепцов-гены- лар! Талгъик, Цæцæны наиб, салам æмæ арфæ дын æрвиты æмæ зæгьы: уырыс, уæ иу уæздан хъуыдцаг мах, цæцæн, бафидын- хъом уьщзыстæм дыууадæс уæздан хъуыддагæй».
ÆЛДАРАДЫ НЫХМÆ ТОХЫ ТАУРÆГЪТÆ Цæразонтæ Цæразонтæ уыдысты тыхджын мыггаг, стырдæр æппæтæй. Фæрсхъæутæн-иу æрæвæрдтой хъалон, уæлдайдæр Цъæй, Зджыд... Цъæйы Сырхаутæй рахъомыл и æртæ æфсымæры. Сæ хистæр хуын- ди Саг. Æмæ афтæ хъæбатыр уыдысты, æмæ-иу Цæразонтæн сæ- хицæн, сæ фос Сицæнмæ (хизæнуатмæ) куы баскъæрдтой сæрды- гон, уæд-иу уыцы æртæ æфсымæры бавдæлдысты æмæ-иу дзы æрцахстой дыууæ-æртæ галы æмæ-иу сæ аргæвстой. Цъæймæ хъа- лоны тыххæй дзурæг нал уыди уыдон тæссæй. Стæй Цæразонтæ æрхъуыды кодтой æмæ загътой, адонæн æмхуызонæй исты куынæ ’рхъуыды кæнæм, уæд нæ нæ ныууадздзысты, æмæ загътой: «Цæй- ут, æмæ мæсыг дæр хи дурæй сæтты æмæ сын сæхи сардауæм Цъæйæн». Æмæ сын сæ астæу ныхас хæссын байдыдтой, фæнда- гыл ацæуæн уын нал и, туджджынтæ уæ скодтой, зæгьгæ. Цъæй бавдæлдысты æмæ иу бонмæ æмгъуыд скодтой, уæдæ сæ ацы бон куыд ныццæгъдæм, афтæ. Æкæ сæ хъæуы иу сидзæр- гæс ус уыди, æмæ уымæ хæрд, нозт цæттæ кæнынмæ радтой, — уырдæм сæ куыд æрхонæм уыцы бон æмæ сæ уым куыд феса- фæм, афтæ. Æмгъуыды боны æфсымæртæй иу хъæдмæ ацыд, иннæ фæл- дæхт кæнынмæ. Саг баззади хъæуы. Цъæй бавдæлдысты æмæ иу къорд арвыстой, хъæдмæ чи ацыди, уый фæстæ марджытæ, иннæ къорд фæлдæхтгæнæджы фæстæ æмæ сын бафæдзæхстой, уæ иутæй топпы хъæр куы фæцæуа, уæд иннæтæ дæр куыд бавналой, афтæ. Фыццагдæр хъæддзауыл ныккалдтой, стæй уыдон топпы хъæртæ куы фæцыди, уæд фæлдæхтгæнæгыл дæр ралæууыдысты. Стæй уыдон топпы хъæрмæ хъæу дæр Сагыл сæхи ныццавтой, æмæ Саг куыд тыаджын лæг уыд, афтæ сæ æддæдуармæ йæ фæстæ фæцæй- хаста, æмæ ус кæрдзынтæ кодта, цы усмæ сæмбырд кодтой, уый, æмæ сын ирвæздзæн, зæгьгæ, йыл ус йæ кæрдзын кæнын фæуагьта 168
æмæ йын йæ хæлцæттыл фæхæст, — лæг æрхауд, æмæ йæ амардгой. Æртæ дæр мард фесты Сырхауты æфсымæртæ уыцы бон. Цæразонтæ куы фехъуыстой уыцы хабар, уæд загътой: «Цом æмæ Цъæйæн арфæ ракæнæм». Бацыдысты æмæ сын раарфæ код- той: «Æгайтма уæ фæнд сæххæст кодтат, бæгуыдæр, афтæ хъæуы, знаг æхсæны уадзын нæ хъæуы, туджджынтæ уæ скодтой, ацæ- уæн уын нал уыд. Ныр цæрдзыстæм, Хуыцауы куы фæнда, уæд. Фæлæ нын авд азы хъалон нæ бафыстат æмæ нын нæ авд азы хъалон куыд бафидат, афтæ». Сæ бон зæгъын цы уыди, æмæ алы сæрæй дæр æвдæймаг хай райстой: цыхтæй дæр, фиуæй дæр, фосæй, хорæй, хъуынæй, цар- мæй дæр, хосæй дæр — алцæмæй дæр райстой æвдæм хай. Адæм уæд дæр æмæ ныр дæр кæрæдзиуыл афтæ æнцон арда- уæн сты, стæй, сæ хуыздæры куыд нæ зонынц, уый тыххæй у ацы таурæгь. Бадилатæ Цæргæсатæй хъалон куыд истой Бадилатæ авдæй иу мады фырттæ уыдысты æмæ сæрвыстой Цæргæсатæм: — Нæ авд азы хъалон нын цæуылнæ фидут? Уыдон загътой: — Уе ’гæр калат, Бадилатæ, мах уын æмсæр куы стæм, уæд нæ алы хатт тых хъалонмæ цæмæн тæрут? Уæд авд æфсымæры загътой: ~ Цом, ныццæуæм нæхæдæг æмæ нæ авд азы хъалон байсæм! Авд æфсымæры кæстæр Локар хуынд æмæ сын уый загьта: — Цæргæсатæ не ’мсæр адæм сты æмæ не ’мбæлы, уыдонæй хъалон райсæм, уый. Æхсæз æфсымæры йын бауайдзæф кодтой: — Дæуæн дæ ус нæуæгхаст у, æмæ дæ дæ къах нæ хæссы! — Фæндараст фæут, æз нæ исын хъалон Цæргæсатæй. Райсомæй æхсæз æфсымæры сæ фæсдзæуинты æрбамбырд кодтой æмæ Цæргæсатæм ныццыдысты. Ныхасы сæ бадгæ ный- йæфтой æмæ сæм дзурынц: — Уе ’зæртæ хорз уæнт, Цæргæсатæ, фæлæ нын нæ авд азы хъалон цæуылнæ фидут?! — Уе ’гæр калат, Бадилатæ, мах уын æмсæр адæм куы стæм, уæд нæ алы хатт тых хъалон цæмæн тæрут? — Бирæ фырдзырд ма кæнут, фæлæ нын тагъд кусарт акæнут. Цæргæсатæ сын æхсæвы гал аргæвстой, Уый фæстæ сын мар- джытæ равзæрстой. Дыууæтæ дæр тынг нуазын райдьщтой. Æмби- сæхсæв куы фæци, уæд Цæргæсатæ ралæууыдысты Бадилатыл æмæ æхсæзы дæр амардтой, сæ фæсдзæуинты та сын тæргæ ра- 169
кодтой ахæм дзырдимæ: «Ацæут, зæгъут Локарæн: дæ цагъды мæрдтæн цы ми кæныс, уый нæм рарвит». Фæсдзæуинтæ Локарæн ракодтой сæ хабар, æмæ сын Локар загъта: — Карк цъиутæ куы рауадзы, æмæ йыи сæм хъæрццыгъа куы фæлæбуры, уæд ма дзы иу фæуадзы, — уæд сæ афтæ бынтон цагьд цæмæн фæкодгат? Фæлæ аххос сæхирдыгæй уыд. — Уый фæстæ Ло- кар минæвæртты фæстæмæ рарвыста Цæргæсатæм ахæм дзырдтимæ: — Нæ мæрдты нын раласут, уе ссыдмæ сын æз сæ бынæттæ ссардзынæн! Локар йе ’фсымæрты мæрдтæн бынæттæ скъахта æмæ сæ ты- рысатæ ныссагъта. Цæргæсатæ мæрдты сластой æмæ сæ баны- гæдтой, обаутæ сын сарæзтой æмæ фæстæмæ аздæхтысты. Локар уый фæстæ сау талынджы сау сбадт æмæ æддæмæ нал каст, арвы рухс нал уыдта. Йæ нæуæгхаст усæн лæппу райгуырди, æндæр хæдзары змæлæг нал уыди. Цæргæсатæ минæвæрттæ æрвитын райдыдтой Локармæ: — Цы кæнæм, Локар, нал фæрæзтам тых хъалон фидынæй, æмæ ныр дæхи дзых дæ тæрхон, де ’хсæз æфсымæрæн дын дæхи хуызæн лæгтæ æхсæз фидæм, æхсæз хатты та дын туг фидæм. Фæлæ Локар минæвæрттæм нæ ракаст. Цæргæсатæ-иу куы дыу- уадæс минæвары барвыстой Локармæ, куы цухдæр, фæлæ сæм уый æддæмæ нæ каст. Уæд иу бон Цæргæсатæ Кæсæджы æлдæртты — Биасланты — ракодтой семæ Локармæ фидауынмæ. Быдыры сæ бæхтæ ауагъ- той, сæхæдæг сæ зонгуытыл æрбацыдысты Локармæ, йæ дуармæ сæ зонгуытыл æрлæууыдысты, фæлæ сæм Локар нæ ракаст æддæмæ. Уæд Локармæ йæ ус дзуры: — Уæ, дæ бон ныккалай, дæуæн дæ бон исты куы уыдаид, уæд ныры онг исты сарæзтаис, фæлæ ныр дæлæ уазджытæм ра- кæс æддæмæ. — Кæйдæр æнаккаг, цы цæсгомæй мæ кæсын кæныс?! — Мæнæ дын иу лæппу ис, æмæ уый ратт Цæргæсатæн схæсгæ хъанæн, стæй дæ фæндон кæн, баууæнддзысты дыл Цæргæсатæ дæр. Локар рацыд æмæ сын йæ худ систа. Уазджыты сыстын код- та æмæ сæ мидæмæ хæдзармæ бакодта. Уым сын загъта: — Цæргæсатæ хорз ми нæ бакодтой, фæлæ сын æз цы зæгъон, уый саразæнт. Мæнæ мæ сывæллон ахæссæнт схæсгæ хъанæн, кæд мыл æууæндынц, уæд. Сывæллоны ныххастой тæрхоны лæгтæ Цæргæсатæм схæсгæ хъанæн. Локар гал аргæвста тæрхоны лæгтæн æмæ загъта: — Мæ мæрдтыл мын алкæуыл дæр гал æмæ фыр аргæвдæнт Цæргæсатæ, уыимæ хæрд æмæ нозт, стæй сæхицæн сбадæнт. Цæргæсатæ сæххæст кодтой Локары дзырд, ссыдысты уæл- мæрдмæ, Локары дæр семæ акодтой æмæ уыцы ран хистытæ 170
фæкодтой. Уый фæстæ сæ Цæргæсаты Локар сæ хæдзармæ ра- кодта, æмæ бафидыдтой. Цæргæсатæ йын йæ лæппуйы дæр рад- той æд лæвæрттæ. Æхсæз æфсымæры устытæ та сæ цæгæттæм фæцыдысты. Стыр Дыгур Дыгургомы фыццагдæр æрцарди Хæмыца, зæгъгæ, иу лæг, - ралыгъди Мазарæй (ГуырдзыйæI. Йæ алыварс адæм æмбырд кæнын байдыдтой. Уым зæххы ном хуынди Хæрес. Хæмыцаты фарсмæ æрцардысты уæздан мыггаг — Цæргæсатæ. Цæргæсатæ истой Хæмыцатæй хъалон Хæресы хизæггаг, фæлæ Хæмыцатæ нæ фыстой, Хæрес мах у, зæгъгæ, раздæр дзы мах æрцардыстæм. Уæд Цæргæсатæ бахъаст кодтой Хъуыбадты Хазбимæ. Пъырыстыф Хъуыбадты-фырт бацыд Дыгурмæ æмæ Хæмы- цаты фосæй дæс равзæрста, стæй фыййау лæппуйы фæнадта. Фæлæ сæм уæдмæ Хæмыца дæр фæзынд: — Цæмæн тæрут фос? — Цæвут æй! — фæхъæр кодга Хъуыбадты-фырт, фæлæ йæ Хæ- мыца хъамайæ арæхуыста, æмæ лæг фæмард. Уæд Хæмыцайы Хъан- темыртæй иу расырдга, фæлæ йæм Хæмыца фæзылд æмæ йæ хъа- майæ арæхуыста. Хæмыца Æрæфы донæй бахызт æмæ æрбахъæр кодта: — Æй, мæ кусæрттаг куыд у! — зæгъгæ, стæй алыгъд. Фæлæ та уæддæр Хъуыбадтæ æмæ Цæргæсатæ Хæрес исгæ кодтой. Уæд Дыгуры цæрæг адæм лæгтæ равзæрстой æмæ сæ хъаст падцзахмæ ныххастой. (Хæресæй уыди иу — Будайтæй.) Хъасты гæххæтты фыст уыди: «Падцзах цы дур, цы хъæд, цы дон æмæ зæхх нæ федта æмæ æппындæр кæй нæ зоны, уыцы зæххыл æрцар- дыстæм æмæ цæрæм рагæй ардæм — Хæмыцаты мыггаг, уымæ гæсгæ уыцы зæхх у мах зæхх фыдæй фыртмæ». Паддзах хъуыдцагмæ æркаст, йæ къух æрæвæрдта, æмæ зæхх Хæрес баззади Хæмыцаты (стыр Дыгуры) къухы. Цæргæсатæ уыцы хъуьщдаджы фæстæ быдырмæ лидзæг фесты. Туйгъанти Тæтæрхъани зар Туйгъантæй Тæтæрхъан, зæгъгæ, адтæй еу лæг, мæгур адæми цард ка нæ уагъта. Æ кой цудæй аллирдæмæ, ’ма ин Къуадзугтæ æ кой æркодтонцæ, Тæтæрхъан хуарз æй, зæгъгæ. Къуадзуги-фурт ба загъта: — Уотæ хуарз уæмæ кæсуй, фал æй тогмæсор ку хонунцæ, æ фурфæлмæнæй тогмæ кæсун кунæ фæразуй. 171
Еци дзурд имæ æрхæццæ киндæй, Къуадзуги-фурт ди гъе атæ загъта, зæгъгæ, æма имæ æ фурналатæй гъигæ фæккастæй. Æфсæдтæ искодта æма син сæ фонс тæрунмæ Къуадзупæмæ фæц- цудæй. Сæ фонс син ратардгонцæ, æхуæдæг ба бафæдзахста адæмæн: — Къуадзуги-фурт ку рацæуа, уæд æй маргæ ма ракæнтæ, фал æй ахæсгæ никкæнтæ. Фæдеси рахъæрдтæй адæми хæидæ Къуадзуги-фурт, загъта: — Ци кæнис, Туйгъани-фурт, кæрæдземæй ку неци дарæн, æма мин мæ фонс цæмæн тæрис? Е ин загъта: — Неци, дæ хæццæ гьазгæ кодтон, цума рацæудзæнæй, зæгъгæ, æвзаргæ дæ кодтон. Райахæстонцæ æма ’й бæласæбæл ниббæтгун кодта Тæтæрхъан. Æ фурналатæй ин фиццаг æ гъостæ æривгарста ма ’й бафарста: — Куд æй, Къуадзуги-фурт, тогмæсор мæ ку худтай, ’ма нур нæлуæг кунæ кæнун! Уæдта ин æ цæститæ искъахта; уæдта ин æ ростæ æрæстигъта æма ’й уотемæй рамардта. Æ фонс дæр ин ратардтонцæ, кæбæл бадтæй, еци бæх дæр. Æма уомæн ба (Къуадзуги-фуртæн) æ хуæрæ Гуæсæнагъуæ Хъубадт-Хадзий уосæ адтæй. Ку ’й фегъуста, уæд æхсæвæ дæр, бонæ дæр кудтæй æ хуæрæ. Æ лæг Хъубадт-Хадзи разæгъидæ: — Берæ ’й, мабал ко, ниссабур афонæ ’й, сауæнгæ мæ хæдза- ри ма ко! Æ зæрдæ кудтæй, æма нæ сабур кодта, алли æхсæвæ дæр кæугæ кодта. Еу æхсæвæ ба ймæ Хъубадт-Хадзи æхсæ æрбаскъафта, нæбал ниссабур уодзæнæ, зæгьгæ, æма ’й ниццæфтæ кодта. Уосæн æ кæун æрсабур æй, æма ин загъта: — Кунæ мæбæл фæззиндтæ, ме ’нсувæри бæх мин кунæ æрба- ластай, Тæтæрхъани мухур ба мин ку не ’рбахастай, уæд мæ мæ- хебæл кæун цæмæннæ уадзис? Хъубадт-Хадзи йин загъта: — Хуцау ди ма исарази уæд, мæ сæр искæдзос кодтон, нур бабæй мæ сæр ницъцъумур уодзæнæй. Нур ба, Хуцауæй соми кæнун, уой æнæ багоргæ нæбал ниссабур уодзæнæн. Æма еци медæхсæвæ рацудæй, æмбалтæ искодта. Чеченмæ æрбацудæй еци фæдбæл. Еу хуарз лæгмæ фусун æркодта, ма ’й уæдта фусум бафарста: — Кæми адтæ, Хъубадт-Хадзи? Æма ин, нур ке дзорун, уой æрдзурдта: — Гъенур ба дæмæ уой туххæй æрбацудтæн, дæ агъаз мæбæл цæмæй исæмбæла, уой. — Мадта хуарз, — зæгъгæ, бæхгинтæ рарвиста, æ зæрдæ кæбæл дардта, уæхæнттæмæ, æфсад искодта æма ин сæ равардта. 172
Æрбацудæнцæ æма Дур-Дури рази гъæди бацудæнцæ. Уордæги ба Хъубадт-Хадзи Налойти мæнгæй Гегай багурдта. Æрдзубанди йин кодта: — Тæтæрхъанмæ æфхуæрунмæ æрбацудтæн æма ди агъаздзий- надæ корун, дæумæ æрбацудтæн. — Хуарз, - зæгыæ, загьта, - мæ бон ка уа, уой дин бакæндзæнæн. Рандæ ’й Гега сæхемæ, хуæрдæ син исрæвдзæ кодта ’ма син æй гъæдæй раласта. Бахуардтонцæ, баниуазтонцæ. Е æхсæвæ ад- тæй, сæумæ ба сæ фæууиндæй. Фæффæдес æнцæ Дур-Дур, ’ма етæ ба гъæди арфмæ сæхе бай- стонцæ. Дур-Дур фæстæмæ раздахтæнцæ. Иннæ æхсæвæ бабæй сæмæ Гега рацудæй æма син загъта: — Бабæрæг кæнон, æма, кæд Тæтæрхъани хъæрæу бæх æскъард уа, уæд хуарз, нæ, уæдта ма бавналетæ, неци уин бантæсдзæнæй. Уæдта Саукуйти Сирдон дæр будури ку уа, уæд е дæр Тæтæрхъа- ни бæхи хузæн хуарз æй. Не ’рваддæлти бæх Билæ дæр будури ку уа, уæд е дæр хуарз. Фæццудæй æма сæ фæгъгъæуай кодта, етæ ба будури адтæнцæ. Басæмæ æздахтæй ’ма син загъта: — Уæ нивæ хæтуй, Тæтæрхъани бæх дæр будури, Саукуйти Сирдон дæр будури, нæхе Билæ дæр, гъенур уæ нивæ æрцудæй. Фæндагираст фæууотæ, — зæгъгæ, æма рандæй. Сæумæ ба раги рахуардтонцæ æма æргъаубæл фæгыъæр код- тонцæ. Дур-Дурæрдæмæ фæййаразтонцæ. Дууæ цæцæйнаги æрба- уадæнцæ, топпитæ дони фæккодтонцæ æма фæффæстæмæ ’нцæ, Билæ ба феуордæг æй. Били фæсте цæцæйнаг æрбауадæй æма ’й ниццавта, фал æй нæ фергъавта, æма æ кард уоми байзадæй. Æма сæ бæхæргъау фæттæрунцæ. Махъоти зæронд Самур ба бæхгæс адтæй. Саукуйти зæронд Мæхæмæтмæ æрбахъæрдтæй æма ин загъта: — Фегьосун кæнæ, бæхæргъау фæттардæуй. Мæхæмæт ниггузаввæ ’й: — Æдта, æвæдзи, мах Сирдон тарди фæцæй, — зæгьгæ. Уайун байдæдта æма Туйгьантæмæ бадзурдта: — Уæ, Туйгъантæ, ци ма хезетæ, уæ бæхæргъау уин ку фæт- тардæуй! Тæтæрхъан ба ма хусгæ кодта. Никкудтæнцæ Туйгъантæ. Дигори цæрæг Дзеда æй. Туйгъанти мæнгард Хъургъохъ никкудтæй: «Махæн аци куст ка бакодта, Тъе Налойти Тега æй». Уотæ рæхги ба Тæтæрхъан æрбайгъал æй æма рафарста: — Ци хæлхъой æй, ци хæлхъой æй? Æ уосæ ин загъта: 173
— Неци. — Нидцæцæвдзæнæн, æрæгиау ести ку разинна, уæд. Ма йин æй уæдта радзурдта. Уæлæ хонхи æдкъæлæу бæх. Тæтæрхъан ку ралæуирдта, уæд ку нигъгшр кодта: - Тæходуй, аци сахат мæ Силтанухъи бæсти Ку адтайдæ мæ хъæрæу бæх. Рауадæй, æма, еу дигорони лæгъуз бæхбæл бадгæ рауидта, фæгъгъæр ибæл кодта: — Дæ фæсабæрцæ мæ февæрæ. Æ фæсабæрцæ ’й февардта, æма еу сахатти фæсте ба ’й ра- гæлста æма æхуæдæг фæууайуй. Худзухмæ ку рахъæрдтæй, уæд хъесхъесгæнгæ фæццæуй, цъæхснаг гъæргæнгæ. Хъубадт-Хадзи ба Тæтæрхъани нæ фæсмардта, ’ма ин Гега загъта: — Фæдеси Тæтæрхъан цъæхснаг гъæргæнгæ цæуй, æма ’й гъе уомæй зонæ. Хъесхъесгæнгæ ку рахъæрдтæй, уæд Хъубадт-Хадзи æрбауа- дæй æма ин загъта: — Ду Тæтæрхъан нæ дæ? — Æз Тæтæрхъан ке дæн, уой нæ зонис; æз дæ ку зонун, Хъубадт-Хадзи ке дæ, уæд мæ ду ба нæ зонис? Хъубадт-Хадзи загъта: ~ Æдта дæ ци фæндуй? Тæтæрхъан ба загъта: — Цæвæ ду раздæр! Загъта ин Хъубадт-Хадзи: — Нæ дæ ниццæвдзæнæн, дæ бæх дин кæми раластан, уоми цæвæ ду раздæр! — Мадта дæ цæвгæ ба никкæндзæнæн, — зæгъгæ, æма Тæтæр- хъан æ кард фелваста æма ниррæуигъта. Хъубадт-Хадзимæ рæ- уигъ ку æрхаста, уæд имæ æхсаргард бадардга, æма Тæтæрхъани кард дууæ æмбеси фæххаудтæй æма æ бæхи мæргъги ниххастæй. Уæдта имæ Хъубадт-Хадзи æхе низзилдта æма ’й ниццавта. Тæтæрхъан бæхæй рахаудтæй. Хъубадт-Хадзи ин загъта: — Æнцад дин æй, гъенур? Къуадзуги-фуртæн еци гъудцæгтæ ке бакодтай, а уой туххæй æй. Æцæг мард дæ нæма ракодтон, фал дæ æцæг мард кæндзæнæн. Ралæуирдта æ бæхæй æма Тæтæрхъанæн е ’нгулдзæ мухури хæццæ æрбавгарста æма ’й æ сиудони рацавта. Уæдта ’й никки- дæр ниццавта. Уотæ рæхги ба Къомехи-фурт рахъæрдтæй æма е дæр фæммард æй. Уæдта Туйгъанти мæнгæй Туйгьан рахъæрд- тæй, æма Хъубадт-Хадзи загъта: — Ма ’й рамаретæ, е исуйнаг лæг æй. 174
Мæнгæй Туйгьан сæ æхсун райдæдта æма сæбæл кунæ аурста, уæдта уой дæр рамардта. Уæхæн уогъуллу къуар адтæнцæ. Абисалти налат Хадзи уотæ рæсттъæпп адтæй, æма сирдæн цъеуи цæстæ нæ евгъудта æма сæ е дæр æхста, фал син нецибал искодта. Текъати Хъубади æхста, уæддæр сæбæл нæ фæцæй. Ниццудæнцæ æма Терки балæуирдтонцæ. Арæхъи рагьмæ ку нихъхъæрдтæнцæ, уæдта уоми ба æруорæдтонцæ. Хъубадт-Хадзи син раарфæ кодта, ’ма ин загътонцæ: — Мæнæ дæ хай райсæ бæхтæй. Загъта: — Мæн хай нæ гъæуй, кæд мин аккаг кæнтæ, уæд мин Тæтæр- хъани бæх æма Къуадзуги фурти бæх раттетæ. Равардтонцæ ин сæ, — раарфæ кодта æма рандæ ’й Æфсизмæ1. Е ба дин Тæтæрхъани налат гъуддæгтæ, лæвар неке фесæф- дзæнæй. Уæдта йбæл исзар кодтонцæ: Саукуйти Мæхæмæт сæмæ бадзоруй: Бун бауйнаг Туйгъантæ, Ами еске æрхæссæггаг бæгæнитæбæл ци хезетæ, Уæ сугьзæрийнæ бселасæ дæлæ Худзухи курахъан æй. Хæнæзи кувдæй байдзаг æй. Уæ, исæфтдзаг Туйгъантæ, Уæ мæнги Туйгъанæн ба Æрæсугъд уосæ курдæй байзадæй. Уæртæ ирон пъæлотник фингæ искодта. Абисалти Хъæрæу Хадзи Тæтæрхъани æфсийнæмæ бургæ искодта. Бæтæйы фырттæ Аслæнбег уыди хъобайнаг Тлаттатæй. Йæ фыд Бæтæйæн уыди дыууæ усы. Фыццаг усæй йын уыди æртæ лæппуйы: Беслæн, Тъæрæс æмæ Цорæ; дыккаг усæй дæр - æртæ: Аслæнбег, Будзи æмæ Асæдже. Бæтæйæн йæ кæстæр æфсымæры ус уыди æндæр æлдары чызг — Дудараты (Слонаты) Хъырымы чызг. Бæтæйæн йæ кæстæр æфсымæр куы амарди, уæд идæдз ус, пысылмон æгьдаумæ гæсгæ, хъуамæ смой кодтаид Бæтæйы æхсæз фыртæй искæцыйæ. Ус ууыл не сразы ис, фæлæ, иууылдæр дзы уый домæг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ идæдз ус, боны фæстагмæ, сразы ис æмæ йæхицæн мойагæн равзæрста сахъ Аслæнбеджы. Фæлæ Бæтæйы фыццаг усæй райгуыргæ æфсымæртæн, Бес- лæн, Тъæрæс æмæ Цорæйæн уый сæ зæрдæмæ нæ фæцыди, уымæн æмæ Бæтæйы дыккаг усæй райгуыргæ фырттæ — Аслæнбег, Бу- дзи æмæ Асæдже нымад цыдысты кæвдæсæрдтыл, номыл усы 175
фырггыл. Уæдæй фæстæмæ хицæн мадæлтæй райгуыргæ, уæздан æмæ кæвдæсард æфсымæртæ фыдæххæл ахастой уыцы æхсадвæдыл. Иу хатт Цорæ цæуинаг уыди йæ каистæм. Йæ хæдзары минас кодта иу базаргæнæг, æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй йын æрбала- стаид зæлдаг хъуымац, йæ каистæн лæвæрттæн. Цорæ базаргæнæ- джы бафæдзæхста, цæмæй уый фæстæмæ цæугæйæ фæндагыл йæхи хъахъхъæдтаид Аслæнбег, Будзи æмæ Асæджейæ, уымæн æмæ йæ марынвæнд æмæ йæ базайрæгтæ байсынвæнд скодтой. Цорæ ба- фæдзæхста, цæмæй йыл уыцы æртæ ’фсымæрæй чидæриддæр куы фембæла, уæддæр æй куыд амара. Цорæ æнхъæл уыди, зæгьгæ, æртæ ’фсымæрæй исчи фæндагыл фембæлдзæни базаргæнæгимæ комы, æмæ базаргæнæг, йæхицæн бастигьынæй кæнæ амарынæй тæрсгæйæ, уыдонæй искæй амардзæни. Науæд сæм тызмæг уæддæр сдзурдзæни, афтæмæй уыдон смæсты уьщзысты æмæ йæ бастигъ- дзысты кæнæ йæ амардзысты, æмæ уæд Цорæйы æфсон фæуы- дзæн, — къахæвæрæн скæндзæн æндæр мадæй гуырд æфсымæртæм. Хъуыддаг раст афтæ рауади. Базаргæнæг, Хъобанмæ фæстæмæ цæугæйæ, фембæлди Аслæнбегыл. Аслæнбегæн йæ зæрдæйы хи- нæй ницы уыди, салам радта йæ зонгæ базаргæнæгæн, сæ хæдза- ры-иу арæх чи уыди. Фæлæ йæм базаргæнæг бартхъирæн кодта, куьщцæриддæр æм æввахс бацæуа, афтæ йыл нæ бацауæрддзæни. Базаргæнæджы ахæм æдзæсгом дзуаппæй Аслæнбеджы цæсгом артау ссыгъди. Кæрæдзиуыл сæхи ныццавтой. Базаргæнæг фæ- мард, æмæ йын Аслæнбег йæ бæх аласта æд уæргьтæ. Цорæ хабар нæма зыдга, æнхъæлмæ касти базаргæнæгмæ. Ба- заргæнæг нысангонд бонмæ куынæ фæзынди, уæд Цорæ загъта, зæгьгæ, йæ сусæгвæнд сæххæст и, æмæ бацыди Аслæнбегмæ: ха- бæрттæ куыд æрцыдысты, уый дзы ракъахтаид. Цорæ йын ныхас æрхаста, зæгьгæ, цæуинаг у йæ каистæм, фæлæ афтидармæй худи- наг у, не ’мбæлы, стæй базаргæнæг дæр никæцæйуал зыны, æмæ кæд Аслæнбегмæ ис зæлдаг хъуымац, уæд ын куыд радта кæнæ йын искуы куыд ссара. Аслæнбег æвзонг уыди, уыцы хинæйдзаг митæ нæ бамбæрста, уымæ гæсгæ загъта, зæгьгæ, зæлдаг байста базаргæ- нæгæй æмæ йын ратдзæни. Цорæ иттæг карзæй бауайдзæфтæ кодта Аслæнбегæн, зæгьгæ, уый комкоммæ æфхæры Цорæйы, æмæ йæ мастæн кæрон нал уыди. Уæд ын Аслæнбег йæ къухтæй зæлдаг ратыдга æмæ уатмæ бацыди. Ноджы фæкарздæр ис уæздан æмæ кæвдæсард æфсымæрты ’хсæн хæрамдзинад. Цорæ йæхи банымад- та æфхæрдыл æмæ сфæнд кодта Аслæнбеджы амарын. Цорæйæн уыди бирæ зонгæтæ кæсгон æлдæрттæй æмæ йын бантысти уыдонæн хотыхджын бал рарвитын кæнын Аслæнбег æмæ йе ’фсымæрты амарыны сæраппонд. Уыцы бал æхсæвыгон æрхъула кодтой Аслæнбеджы хæдзарыл. Аслæнбег уымæн ницы зыдта. Райсом раджы дуармæ куы рацыди, йæ къухы хъуывгъан, афтæмæй, уæд ыл лæгмарты къорд нæмыг нызгьæлдтой, фæлæ 176
йын ницы уыди, фæстæмæ базгъордта хæдзармæ, дуæрттæ сæх- гæдта, иунæг æхст дæр нæ фæкодта. Нæмгуытæ ауæрста тынгдæр бахъуыды рæстæгмæ, стæй дæр федта, знæгтæ иттæг бирæ кæй уыдысты æмæ се ’ппæты амарын гæнæн кæй нæй, афтæ фервæзы- нæн дæр. Уый æнхъæлмæ касти. Топпы гæрæхтæм æрбазгъордтой Дудараты (Слонаты) фæсивæд æд хотых, — Аслæнбеджы каистæ. Дударатæ загътой кæсгон æлдæртты балæн дæр æмæ Цорæйæн дæр, цæмæй бафидыдтаиккой, фæлæ нæдæр æлдæртты æрвыст бал, худинаджы къуыхцы чи фæци, нæдæр Цорæ, афтæ тынг фыд- зæрдæ чи хаста йе ’фсымæрмæ, уыцы ныхасмæ хъусгæ дæр не ’ркодтой. Уæд Дударатæ æрхъуыды кодтой æндæр фæнд. Цыма Аслæнбегимæ бафидауыны тыххæй ныхас кæнынмæ цъщысты, уый æфсон бацыдысты йæ хæдзармæ. Аслæнбегæн æмæ Будзийæн загътой, цæмæй сæхи дарæсы бæсты уыдоны дарæс скодтаиккой æмæ æддæмæ ацыдаиккой æрхъулайæ. Уыдон аивтой сæ дарæс æмæ хæдзарæй куы аирвæзтысты, уæд хъæдмæ алыгьдысты. Уырдыгæй фехъусын кодтой сæ кæстæр æфсымæр Асæдже- йæн (уый уыди цуаны, хабæрттæн ницы зыдта), цæмæй уый æвæ- стиатæй сæ фæдыл ацыдаид Куырттаты коммæ Дзуарыхъæумæ Цопанатæм. Асæдже йе ’фсымæрты баййæфта Цопанатæм. Рай- сомы Цопанатæ сæ уазджытæн загьтой, зæгъгæ, сæ бон нæу уыдон сæ дæлбазыр бакæнын, уымæн æмæ тæрсынц иннæ Тлаттатæй. Уæд æфсымæртæ араст сты Дыгургоммæ. Уæллаг комы, æнхъæлцау уыдысты, зæгъгæ, бавæрдзысты сæ Абысалтæ. Фæлæ сын æххуыс куынæ радтой, уæд араст сты Фæсналмæ — Хъуы- бадтæм, уырдыгæй Доныфарсмæ — Гæгуыатæм, фæлæ сæ уæз- дæттæ кæм бавæрдтаиккой! Дыгургомы æххуыс куынæ ссардтой, уæд фæзылдысты Уæлладжыргоммæ æмæ Мызуры æрфысым код- той Зæнджиаты Ахмæтмæ. Ахмæт уыди фенæг æмæ фæлтæрд абы- рæг, стыгъта æлдæртты. Уымæн тынг æхсызгон уыди, ахæм уаз- джытимæ кæй сæмбæлд, уый æмæ уайтагъд семæ фæхæлар и. Цасдæр рæстæджы фæстæ цыппар æмбалы: Тлаттаты Аслæн- бег, Будзи, Асæдже æмæ Зæнджиаты Ахмæт сфæнд кодтой Хъо- банмæ Тлаттатæм ныббырсын. Сæргътæ æмæ хæлцаг фæндаггæг- тимæ фистæгæй фæтъæбæртт кодтой Мызурæй æмæ æрбахæццæ сты Фыййагдонмæ. Уыцы дон цæуы Куырттаты комыл æмæ стыр быдырыл. Доныл нарæг ран æвæрд уыди иу хъæдæй хид. Аслæн- бег, уыцы хидыл фæцæйцæугæйæ, фæбырыди æмæ доны ных- хаудта, дон ын аласта йæ саргъ æмæ йæ фæндаггæгтæ. Хæлар æмбæлттæ сæ фæндаг дардтой тар хъæды. Хъобанмæ æввахс тар хъæды сфæнд кодтой сæ фæллад суадзын. Аслæнбег æмæ Будзи æрхуыссыдысты кæрдæгыл, Ахмæт та араст и хæринаг агурæг. Хъæуы кæрон иу куыроймæ бацыди æмæ дзы рахаста еуу. Уымæй йæхицæн дæр æмæ йе ’мбæлттæн дæр скодта хомамæст. Райхъал кодта йе ’мбæлтты, æмæ иучысыл ахордтой. Уый фæстæ Ахмæт 12 Ирон таурæгътæ 177
хъæды æрцагуырдта æмæ ссардта сусхъæд бæлæстæ, цъæрттæ дзы растыгьта æмæ дзы Аслæнбегæн мæцъы идон сбыдта. Уæд тæр- хон кæнын райдьщтой Хъобаны æлдæртты рæгьау атæлæт кæ- ныныл. Хъобаны хъæугæрон, æртыккаг бон уæвгæйæ, æрæвнæл- дтой сæ фæнд сæххæст кæнынмæ. Хъомгæстæн сæ хæцæнгæрзтæ байстой æмæ сын загътой, цæ- мæй æппæты хуыздæр бæхтæй сæхицæн равзæрстаиккой. Бæхтыл сæргьтæ авæрдтой æмæ рæгьау иууылдæр атардтой, рæгьаугæстæн та загътой, цæмæй хъæумæ бацыдаиккой æмæ хабар фехъусын кодтаиккой. Фæндагыл аулæфыдысты æмæ афынæй сты. Уыцы рæстæджы сæ раййæфтой фæдис, фæлæ Зæнджиаты Ахмæт рай- хъал афоныл æмæ хабар фехъусын кодта йе ’мбæлтгæн. Рæгьау атардтой æмæ йæ иууылдæр байуæрстой Мызуры цæрджытæн. Фæлæ æфсымæрты ууыл ныллæууын нæ фæндыди. Уыдон сфæнд кодтой сæ маст райсын æлдары æрвадæлтæй. Иу æхсæв Будзи æмæ Аслæнбег бацыдысты Хъобанмæ æмæ кæм- дæр сæхи æраууон кодтой. Будзи схызт иу хæдзары сисмæ, фæрсса- гæй топпæй иу æхстæн амардга æлдары æрвадæлтæй иуы. Æндæр ран Аслæнбег дæр амардга йе ’лдар æрвадæлтæй иуы. Мадæй хицæн кæмæй уыдысты, уыцы æфсымæртæй дыууæйы амаргæйæ, Будзи æмæ Аслæнбег ньщцьщысты хъæубыны иу куырдадзмæ æмæ уым сæхи цæттæ кодтой мæлæтмæ, уымæн æмæ хъæу иууылдæр сызмæ- лыд, фæдисы рацыд, æмæ алвдзыны амал нал уыди. Уайтагьд сæ базыдтой æмæ куырдадзыл æрхъула кодгой. Æхст бацайдагь иттæг тынг, фæдисæттæй дыууæйы ныкъкъуыхтæ кодгой, Будзи фæцæф æхсаргардæй. Уæддæр Будзи æмæ Аслæнбегæн бантысти уыцы æрхъу- лайæ раирвæзын æмæ фæстæмæ æрыздæхтысты Мызурмæ. Уый фæстæ та Ахмæт æмæ Будзи ноджыдæр ратардтой Хъо- баны рæгъау æмæ йæ байуæрстой Мызуры цæрджытæн. Иу хатт та Будзи æмæ Аслæнбег араст сты Хъобангоммæ, бабадтысты хъæды æмæ æнхъæлмæ кастысты се ’лдæрттæй ис- кæй фæзындмæ. Раст уыцы афон комы рацæйцыд Бæтæйы фыц- цаг усæй гуырд Беслæн, æмæ уый дæр амардтой. Æфсымæртæ афтæ арæх лæбурдюй Хъобанмæ — Тлатгатæм — æмæ- иу дзы кæнæ лæджы мæрдтæ æрцыд, кæнæ-иу рæгьау ратардтой. Хъобанмæ лæбурыны йеддæмæ ма æфсымæртæ сæ хæлар Зæн- джиаты Ахмæтимæ лæбурдтой Кæсæгмæ дæр, ратардтой-иу кæс- гон æлдæртты бæхрæгъæуттæ æмæ-иу сæ байуæрстой Мызур æмæ йæ алыварс цæрæг адæмæн. Иу ахæм лæбурд фæкодтой Асымæ дæр. Йæ бæхрæгъау ратард- той балхъайраг æлдар-таубийæн Айдаболты Саулохæн. Тауби сæ фæсте расырдта йæ адæмимæ. Æхст æрцыди дыууæты æхсæн, æмæ Аслæнбеджы амардтой. Будзи йæ хъуыддаг дардцæр кодга, тох кодга йæ æлдар æрвадæл- тимæ. Иу ахæмы, лæбурынмæ ацæугæйæ, бафынæй кæмдæр лæгæты 178
Къобмæ æввахс. Иу фыййау æй фæфиппайдга æмæ хабар уадидæгæн фехъусьш кодта хъæумæ. Йæ уæлхъус февзæрдысты йæ бирæ знæггæ. Будзийы уым амардгой, фæлæ йе ’мбæлттæ фервæзтысты. Кæстæр æфсымæр — Асæдже уыди хæрзæвзонг. Уымæ гæсгæ абырджытимæ нæ хатти, фæлæ хæдзары бадти æмæ кодта хъæу- уон куыстытæ, фæлæ уый дæр мард фæци тугисты уагыл. Иу фæлæбурды рæстæджы Будзи æмæ Аслæнбег амардтой цавæр- дæр Магготæй иу лæджы. Уый тыххæй цалдæр азы фæстæ Асæ- джейы Магготæй иу чидæр хъамайæ барæхуыста, æмæ амарди. Аслæнбегæн кад кæнынц, уый Ирыстоны æмæ Асыйы æлдæр- тты ныхмæ кæй тох кодта æмæ йе ’мбæлттимæ Мызур æмæ йæ алыварс цæрджытæн кæй æххуыс кодта, уый тыххæй. Куыд зæ- гьынц, афтæмæй Аслæнбегыл зарæг скодта Мызурбыны цæрæг куыройгæс Зæнджиаты Гогыз. Бæтæйы фырт Аслæнбег абырæг цæй тыххæй сси Фыццаг уæздæттæ кæй хуыдтой, уыдон-иу афтæ кодтой: лæп- пуйæн-иу йæ ускурын афон куы ’рцыдис, уæд-иу рæстæгмæ сæ дæлдæртæй чызг æрхаста. Йе ’мсæр адæмæй-иу чызг куы ’рхас- та, уæд ын-иу ард хæрын кодтой, куыд фыццаг усмæ хæстæг нал æрцæудзæн, уый тыххæй. Фыццаг усæн-иу йæ ном «номыл усæй» баззад. Номыл усæй-иу цы цот рацыдис, уыдон та-иу хуыдтой кæвдæсæрдтæ кæнæ номыл усы цот. Афтæ мæнæ Тлаттаты Бæтæ дæр, йæ ускурыны рæстæг куы ’рцыдис, уæд сæ дæлдæртæй Цæлойты чызджы йæхицæн усæн æрхаста. Бæтæ Цæлонимæ фæцардис иу къорд азы, æмæ йын дзы райгуырдис цыппар лæппуйы æмæ иу чызг. Лæппутæн сæ нæмттæ хуындысты: Аслæнбег, Будзи, Бæдыг æмæ Уæгъыллæ. Æфсымæртæн сæ хистæр уыди Аслæнбег. Уый уыдис тынг сæрæн. Йæ ускурын афон куы ’рцыдис, уæд Цымийы1 уæздæт- тæй Слонаты Хамбечеры ракуырдта. Уыцы хъуыддаг Тлаттаты уæздæттæн тынг хъыг уыдис, нæ кусæджы фырт Аслæнбег уæз- дæттæй чызг цæмæн æрхаста, зæгъгæ, æмæ уымæ гæсгæ Тлаттаты Цорæ Слонатæм ныццыд æмæ сын афтæ зæгъы: — Нæ кусæджы фыртæн чызг цæмæн радтат, ныр ма æз та кæй чызджы ракурон? Цорæ бавдæлдис, ацы хъуыддаг нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм, зæгъгæ, æмæ Аслæнбеджы ус Хамбечеры Хъаныхъуаты зæронд Тъæрæсæн аскъæфын кодта. Аслæнбег йæ сæрмæ не ’рхаста ахæм хъуыдцаг: Цорæ æмæ Тъæрæсыл марыныл зилын байдыдта æмæ афтæмæй абырæг сси. Иу къорд заманты фæстæ, иу бон куы уыди, уæд Цорæ Дзуа- рæфцæгыл дæлæмæ æрцыдис æмæ Дзæнхъаджыны коммæ æрхыз- 179
тис. Аслæнбег æй куы базыдта, уæд Дзæнхъаджыны йæ размæ рацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Уæ, тæппуд уæздан Цорæ, нал фæцæудзынæ, кæс-ма гьеныр дæхимæ, — зæгьгæ, йыл топп ныццавта, æмæ Цорæ мард фæцис. Бæтæйы фырттæ Цорæйы куы амардтой, уæд сын Хъобаны цæрæн нал уыдис æмæ алыгьдысты Уæлладжыры коммæ æмæ Мызуры стæрон лæг Зæнджиаты Ахмæтмæ æрфысым кодтой. Бæтæйы фырттæ Аслæнбег æмæ Будзи Тъæрæсы фæдыл зилын байдьщтой. Тъæрæс зыдта, Бæтæйы фырттæ йæ кæй нæ ныууадз- дзысты, уый æмæ йæхи тынг хъахъхъæдта. Мызуры дæр йæхи- цæн дзырдхæсджытæ сарæзта. Ахæм дзырдхæссæг ын уыдис хъо- байнаг Цæруатæй иу. Бæтæйы фырттæ йæ куы базыдтой, Цæ- руайы-фырт Тъæрæсы дзырдхæссæг у, уый, уæд æй амардтой. Иу бон та Аслæнбег æмæ Будзи æрбацыдысты Хъобанмæ. Æхсæ- вы Аслæнбег топпыхосы боцкъаимæ Тъæрæсы ердойыл хæдзармæ ныб- бырыдис. Хæдзары куы никæй ссардга, уæд фæстæмæ сбырыд. Хæрдмæ куы бырыдис Аслæнбег, уæд йæ арт ныххауди фæныкмæ. Райсомæй Тъæрæсы ус хæдзар куы марзта, уæд къонайыл ссардга Аслæнбеджы арг æмæ йæ бахаста йæ мой Тъæрæсмæ. Тъæрæс æм куы ’ркæстытæ кодта, уæд æй базыдга, уый æцæгдæр Аслæнбеджы арт кæй у, уый. Тъæрæс Бæтæйы фыртты къухы æрæгмæ куы ’фтыдис, уæд та иу бон æрцыдысты Аслæнбег æмæ Будзи Хъобанмæ æмæ загъ- той: уæдæ сын сæ рæгъау атæрæм, æмæ уæд Тъæрæс фæдисы уæддæр цæудзæни æмæ кæд нæ къухы бафтид, зæгъгæ. Бæтæйы фырттæй иу, Бæдыг, уыдис æвзæргомау æмæ, йе ’фсы- мæртæ куы лыгъдысты Хъобанæй, уæд уый уым баззадис, æмæ йæ Тæгиатæ сæхицæн рæгъаугæс скодтой. Аслæнбег æмæ Будзи рæгъау тæрынмæ куы ’рбацыдысты, уæд уыцы бон Бæдыг рæгъау хызта Ныхы дуры рæбын. Йæ къæхтæ Бæдыгæн бæгъæввадæй ныскъуыдтæ сты, йæ къæхты скъуыдты сындзытæ байдзаг сты, æмæ уыдон æхсæдыныл иу ран æрбадт æмæ, йæ цæссыг кал- гæйæ, æлгъиты йе ’фсымæрты: «Уæ, мæ тæригьæд фæхæссат, ме ’фсымæртæ, мæн ам Тлаттаты хъалтæн æххуырстæй чи ныууагъ- та, куынæуал фæразын бæгънæг-бæгъæввадæй». Йе ’фсымæртæ Аслæнбег æмæ Будзи хъæды æмбæхст уыдыс- ты æмæ се ’фсымæры йæ хъæлæсæй базыдтой. Аслæнбег æм аууæт- ты хæстæгдæр бацыд æмæ йæм сусæгæй дзуры: «Хæстæгдæр-ма рауай, Бæдыг! Цæуыл нæ æлгъитыс, мах æнæуи дæр æлгъыст куы стæм. Ныр æрбайхъус: куыд изæр кæна, афтæ рæгъау æддæмæ-æддæмæ здах, стæй дæ мах изæры немæ акæндзыстæм». Бæдыг уыцы ныхæстæ куыддæр айхъуыста, афтæ кæуьтн за- рынмæ фæзылдта. Куыд изæр кодта, афтæ Бæдыг рæгъау æддæмæ- æддæмæ здæхта. Йæ алыварс цы фыййæуттæ хызтой, уыдон ди- сæй мардысты, абондæргьы Бæдыг кæугæ куы кодта, уæд ыл ныр цы ’рбамбæлд, цæуыл зары, зæгъгæ. Куы ’ризæр ис, уæд, Бæтæйы 180
фырттæ рæгъауыл рахъæр кодтой. Ныхы дурмæ куы бахæццæ сты, уæд рæгъау баурæдтой æмæ уым се ’фсымæр Бæдыджы фæрсынц: «Тынгдæр дæ чи хъыгдардта?» Уый сын загъта: «Тъæрæс! Уый мын мæ хызыны кæрдзын дæр никуы цæвæрдта». Уæд ын Тъæрæ- сы бæх æрцахстой æмæ йæ ууыл сбадын кодтой. Будзи æмæ Бæ- дыг рæгъауыл рахъæр кодтой. Аслæнбег та фæсте ныллæууыд, кæд исчи фæдисы рацæуид, зæгьгæ, фæлæ маразæгьай, рæгъауы фæстæ иу цьиуызмæлæг дæр нæ рацыд. Мызурмæ рæгьау куы ба- тардтой, уæд рæгъауы астæу иу дынджыр урс гал уыдис, æмæ уый аргæвстой æмæ йæм æнæхъæн хъæубæстæ æрхуыдтой. Иу заманы та Бæтæйы фырттæ ацыдысты... Асымæ хæстæг Аслæнбег йе ’мбæлтты иу ран ныууагьта, йæхæдæг йе ’рдхорд кæсгон æлдармæ бацыд. Æлдарæн йæ ус ногхаст уыдис. Аслæн- бег æм рудзынг бахоста, æмæ йæм æлдар æддæмæ дзуры: — Чи дæ? — Æз дæн, æдцæмæ-ма мæм ракæс! — Ныртæккæ, — зæгъгæ, йæм æлдар радзырдта. Аслæнбег кæрты рацу-бацу кодта, стæй йæм æрæгмæ куы ка- сти æлдар, уæд та дыккаг хост бакодта, æлдар та йæм радзырдта, ныртæккæ, зæгъгæ, йæхæдæг фæстæмæ бафынæй. Асланбег тынг смæсты æмæ афтæ зæгьы: «Уæ, æнæгъдау æлдар, — йæ ног усы сæр райста, мæ сæр та æппаргæ акодта, ныр æз лæг нæ дæн, дæуæн дæ рæгъау куынæ атæрон». Йæхæдæг йе ’мбæлттæм рацы- дис æмæ сын загъта: «Цомут, ме ’рдхорд æлдары фос ратæрæм». Аслæнбег йе ’мбæлтты бакодта æмæ æлдары фос ратардтой. Рæ- гъаугæстæй иуæн Аслæнбег загьта: «Цу æмæ æлдарæн зæгъ: де ’рдхорд Аслæнбег дын дæ рæгъау фæтæры...» Аслæнбег йе ’мбæлттæм дзуры: «Уæхиуæттæ цæттæ дарут, æлда- рæн йæ бадыны бæх нæ раластон, æмæ нæ тагъд æййафдзæн, уæлдай дзаума уæ кæд искæмæ ис, уæд æй рагацау аппарæд». Уæд æм куырттатаг ных фæлæууыдис, цæй уæлдай дзаума нæм ис, зæгъгæ. Бон цъæхтæ кодта, афтæ кæсæджы фæдис стынг. Уæд Аслæнбег дзуры йе ’мбæлттæм: «Кæуыл сæфæм, уыцы фос ма ныууадзæм. Сымах фос тæрут, æз та фæсте лæууын æмæ фæ- дисæттимæ хæцдзынæн». Фæсте йæхи баурæдга. Уалынмæ кæсы Аслæнбег, æмæ фæнда- джы иу фарс йе ’мбæлпæй кæйдæр дамбаца ферох, бауад æм æмæ йæ уæлбæхæй фелвæста. Ай уæ кæй дамбаца ферох, зæгыæ, сæ фæс- те расырдга. Куыртгатаг, мæн у, зæгьгæ, фæкодга. Уæд ын Аслæнбег афтæ зæгьы: «Æз уын раджы куы загьтон, уæхимæ кæсут!..» Куырттатаг фæсырх, æндæр ницуал сдзырдта. Аслæнбег фæ- дисæттæм фæстæмæ фæзылд. Кæсы, æмæ йе ’рдхорд æлдар фæ- дисы разæй æрбатæхы, куы ’рбахæстæг Аслæнбегмæ, уæд æм дзуры: — Гъей, ме ’рдхорд Аслæнбег, хæс дын нæ уыди мæ фос ратæрын. Ныр афтæ кæм у, уым æхсты бар — дæуæн, цæв мæ! 181
— Ды дæ ногхаст усы сæр райстай, мæ сæр аппæрстай, ме ’рдхорд æлдар, — дзуры Аслæнбег, — уыййеддæмæ дæ рæгъау мæнæн фос не сты. Ныр фæдисон йæ маст йæ уæлныхты хæссы, æмæ раздæр ды цæв! Æлдар уæд фехста Аслæнбеджы, æмæ йын нæмыг йæ гуыбы- ны цъар фæлыг кодта. Уæд æм Асланбег дзуры: — Фæхъахъхъæ уæдæ, æлдар, ныр дæхи. — Фæхъавыд æлдармæ, æмæ уайтагъд æлдар бæхы размæ æрхауд. Æлдар куы фæмард, уæд æм Аслæнбег бауад, йæ топп, йæ кард ын стыдта, бæхы уæлæ сæ атыхта, æмæ æлдары бæх дæр йемæ, афтæмæй йе ’мбæлт- ты æрбаййæфта. Уæд Асланбег йе ’мбæлттæм дзуры: — Тæрсгæ мацæмæйуал кæнут, тас ницæмæйуал у. Аслæнбег йæ гуыбын басылыхъхъæй фидар æрбатыхта æмæ размæ йæ цыды кой кодта. Уæлладжыры коммæ куы схæццæ сты, уæд йе ’мбæлтты фæсте зайын байдыдта, йæ цыд сабырæй сабырдæр кодта. Уалынмæ кæсы, æмæ комы донæн йæ фæллаг фæрсты фæцæуы Бутаты Абæ, уымæй зарагдæр Уæлладжыры комы нæ уыдис, æмæ йæм Аслæнбег дзуры: — Абæ, ме ’цæг фæндагмæ æрхæццæ дæн, æмæ мын мæ ном сафын ма бауадз. — Абæ уæд æваст фæлæууыди æмæ æвиппайды Аслæнбеджы зарæг ныззарыдис: Абоны къоппа гшгæр къоппа, Уæй, Аслæнбег, ды дæр нын æгæр кодтай... Аслæнбег, йæ буарæй чи басау, уыдон ралыг кодта, æмæ йын йæ гуыбын бахуыдтой, кæд æмæ фервæзид, зæгъгæ. Стæй, кæй- дæр амындмæ гæсгæ, Аслæнбегæн йæ гуыбыны фиутæй сфыцын кодтой æмæ сын сæ басæй Аслæнбегæн цымын кодтой. Уæд Ас- лæнбег бахудти æмæ афтæ зæгъы: — Мæ удæгасæй мæ фыдтæ бирæ фæхордгон, ныр æгыъæд у. — Нæ дзы бакуымдта. Йæ цуры Бутатæй иу лæууыд æмæ йын дзы æз бацымын кæндзынæн, зæгъгæ, басы къус райста æмæ дзы йæхæдæг фыдæнæн æртæ хуыппы скодта. Аслæнбег йæхи фæтар кодта, мæстæй йæ къæс-къæс ссыд æмæ афтæ зæгъы: — Тъæрæсæй мæрдтæм цы маст хæссын, æртæ ахæм маст Бу- тайы-фыртæй хæссын. Йæ мæлæтмæ æввахс Аслæнбег Будзимæ басидт æмæ йын афтæ зæгъы: — Будзи, нæ цардæй кæй тыххæй фæхæтæгхуаг стæм, уый зоныс, æмæ дыл мæ зæрдæ дæр дарын, цæуыл тох кодтам, уый кæронмæ кæй ахæццæ кæндзынæ, фæлæ дыл дæ хуыссæгæй сайд ма ’рцæуæд». Уыцы ныхæсты фæстæ Аслæнбег амардис, æмæ йæ Мызуры уæлмæрдты баныгæдтой. Иу къорд заманты фæстæ Будзи Хъобанмæ ацыдис, Аслæн- 182
беджы фæдзæхстытæ дзы рох нæ кодтой. Алыккаты рагъмæ куы схæццæ, уæд иу дзыхъхъы урс дур йæ нывæрзæн бакодта æмæ йыл йæ сæр æруагъта. Будзи рагæйдæр хуыссæгыл æнувыд уыдис æмæ мæрдон фынæй бацис. Йæ фыдбылызæн уыцы заманы иу фыййауæн йæ сæгьтæ, Будзи кæм хуыссыдис, уырдæм ныццы- дысты. Фыййау сæгъты фæстæ ныууад æмæ Будзийы фынæйæ федта. Уайтагъд фæфæдис ис Хъобанмæ, уалæ Алыккаты рагъыл Будзи иу дзыхъхъы бафынæй, зæгьгæ. Уыцы хабар Хъобаны уæз- дæттæ куы фехъуыстой, уæд дзы иу дæр фæсте нал баззад, фæ- фæдис сты æмæ Будзийы алыварс æртымбыл сты. Будзи нæма райхъал, афтæ йыл нæмгуытæ уыциу калд ныккодтой. Будзи уыциу тæррæтт фæласта, йæ алыварсмæ акастис æмæ федта, уæз- дæттæ йыл куыд æртымбыл сты, уый. Топпæй фæхъавыдис, æмæ сын сæ чындзы чи ахаста, уый æфсымæр йæ размæ æртылдис: уый разындис Хъаныхъуатæн сæ кæвдæсæрдтæй. Уæд Будзи тынг нырдиаг кодта, гьæтт, мæ рахиз цонг куыд ахаудис, сагмæ хъа- выдтæн æмæ мын сæгьыл сæмбæлдис, зæгъгæ. Уалынмæ та Бу- дзийыл дыккаг калд ныккодтой, æмæ йæ уæнг фæцæф. Æртык- каг калд ыл куы ныккодтой, уæд Будзи бамбæрста, кæй нал аирвæздзæн, уый æмæ йæ берданкæ дурыл лыстæг пырх ныккод- та, гиауырты къухмæ ма бахауа, зæгьгæ. Будзи куы ахауд, куы- нæуал тæлфьщ, уæд æм бацыдысты Хъобаны уæздæттæ. Цæруа- тæй цы дзырдхæссæджы амардта, уый æфсымæртæй иу Будзи- йыл мардæй топп ныццавта, ме ’фсымæрæн фæлдыст фæу, зæгьгæ. Хъарадзауты Мысырби Гиауртæ, залымтæ (Бадилатæ) æрæмбырд сты Урсдоны был æмæ дзырдтой, фос кæцæй ратæрой, стæй кæцæй цы фæамал кæной, уый тыххæй. Æртæ боны дæргъы нæ бафидыдтой. Иутæ загътой - Уæлладжырмæ, аннæтæ та — Кæсæгмæ, зæгьгæ. Уæд кæсгон Мухъийы фырт Чысыл Умар фестад æмæ загьта: — Чысыл стæм æмæ нæ фидауæм уæдцæр, уæд ма нын Хуыцау та цы ратдзæн? Уый бæсты арвитæм Хъарадзауты Мысырбимæ. Бадилатæ загътой: — Æрæф - ивылд, чи фæцæудзæн Мысырбимæ? Умар загъта: — Æз фæцæудзынæн. Райсом хурыскастыл куынæ фæзынон, уæд мæ Æрæф кæй аласта, уый зонут. Æмæ ацыд... Йæ бæх Æрæфыл æмдзæхгæр бахызт. Уыцы за- маны Мысырбийæн уыди ног ус, Азнауыртæй йæ схаста. Умар дуар бахоста. Мысырби рагæпп кодта. — Кæцы дæ? — Чысыл Умар. — Цы дæ хъæуы? 183
Чысыл Умар рахабар кодта. Мысырбийы нæ фæндыд.. — Къахыдарæс нæй. — Мæнæ дын, — зæгъгæ, Умар йæ роны тъыстæй дыууæ ног дзабыры фелвæста. Мысырби та загьта: — Гæрзтæ нæй. Умар фæмæсты: — Хъæбатыр дæ, фæлæ дæ ацы хатт дæ къах нал хæссы дæ усы цурæй. Уыцы ныхасæй Мысырби фефсæрмы æмæ сразы, фæлæ йæ йæ ус нæ уагъта æмæ йæ ралгъыста: — Мæн иунæгæй чи уадзы, уый фæндараст ма фæуæд. Æрбахæццæ Мысырби. Бадилатæ æрæмбырд сты Абысалты Къуырысы уазæгдоны, фæлæ та сæ дзырд кæрæдзиуыл нæ бадти. Уæд сын къуырма зæронд лæг загъта: — Зæрондæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс. Бæх кæмæ нæй, уый галыл абадæд. Афтæ кæй фæнды, уый цæуæд Кæ- сæгмæ Биаслантæм. Фыдбылыз кæй фæнды, уый та Уæлладасырмæ цæуæд; уыдонæн сæ куыдз дардмæ смуды, сæ топп бирæ хауы. Фæлæ сæ Мысырби Уæлладжырмæ акодта. Уым иу чызджы æрцахстой æмæ йæ рацæйхастой. Чызг хиндзинад æрхъуыды код- та æмæ сыл ныххудти. Фæрсынц æй: — Цæуыл худыс? — Иу мæ йæхицæн ус скæндзæн, фæлæ иннæтæ та? Фæлтау мæ ауадзут, æмæ æз хъæуы чызджыты расайон. Чызджы ауагътой. Бадилатæ фос тæрынмæ фесты, фæлæ уалынмæ фæдис ахъæр. Уæлладжыры лæгтæ уыцы изæр уыдысты хисты, фæлæ фæ- дисмæ рагæппытæ ластой æмæ Бадилаты хъомты тард фæкод- той. Мысырби усмæ фæлæбурдта, фæлæ ус нæ куымдта. Уæд чидæр тигъæй рæхсæнджын топпæй фехста æмæ нæмыг Мысыр- бийыл суад. Мысырбийы устытæ цæфæй куыроймæ бахастой. Бадилатæ фæлыгъдысты æмæ кæрæдзийæн уайдзæфтæ кодтой: «Худинаг, нæ хуыздæры Уæлладжыры сылгоймæгты къухы ныу- уагътам, нæхæдæг ралыгъдыстæм». Уыцы рæстæджы Дзагуырты хорз Будзу хæтынмæ уыд æмæ куы ’рцыд, уæд фарста: — Кæм и Мысырби? — Фæцæф. — Уымæн афтæ хъæуы, сымахæн раздзæуæгæн чи ацыд, - хуытæ! Мысырбийы ракурын ничиуал уæндыд, фæлæ Дзагуыры-фырт фæлæг кодта йæхи æмæ иу æмбалимæ ацыд Уæлладжырмæ. Уым куы фарстой лæгты, уæд уыдон загътой: — Мах Мысырбийæн ницы зонæм, дæлæ йæ сылгоймæгтæй агурут. 184
Дзагуыры-фырт сылгоймæгтæм баздæхт: ~ Уæ хуыцауы хатырæй, нæ лæджы нын раттут. Устытæ лæджы радтой. Фæндагыл йæ топдзæфæй хъæрзгæйæ Мысырби загъта: — Курын уæ, æмæ мæ нæхимæ мауал фæхæццæ кæнут, мæ уд кæм сисон, уым-иу мæ баныгæнут! Мысырби йæ уд систа Дыгуры комы кæрон, Æхсæрысæрмæ хæстæг, æмæ йæ баныгæдтой уым. Абон дæр ма йæ ингæныл зайы стыр тулдз бæлас. Дыгуры æрбалæбурд Мамысонмæ Бадилатæ сфæнд кодтой Туалтæм тых кæнынмæ цæуын. Æмæ рацыдысты æмæ Къæрæугомы æфцæгыл бирæ æфсадæй æрлæууы- дысты. Æфцæгмæ куы схæццæ сты, уæд сыл уым туг-тымыгь скод- та. Уым æмбаргæ адæмтæ куыд нæ уыдаид æмæ загьтой, ай хуымæ- тæджы тымыгь нæу, зæгьгæ. Æмæ сæ иу къорд аздæхти фæстæмæ. Иннæтæ æрцыдысты Глурмæ1. Уым сын иу ус афтæ зæгьы: — Кæдæм цæут, хорз адæм? Уыдон ын загътой: — Мах цæуæм Туалтæм. Хъуамæ сын сæ устыты æд авдæнтæ ракæнæм, сæ хъуццыты — æд къæлæттæ. Ус сæм дзуры: — О, уæ нывонд фæуон, куынæ цæуиккат, уæд мæм хуыздæр кæсы. Уыдонæй уари стæг куынæ хæссы. Афтæ йын зæгъынц тыхгæнджытæ та: — Гъе, хорз ус, мах фæстæмæ куы раздæхæм, уæд дын лæ- вæрттæ фæкæндзыстæм. Уæд ссыдысты Цуаны къуылдымыл. Æрхызтысты Джебетъамæ. Уæд сæ Згъилы2 фыййæуттæ базыдтой, тыхгæнджытæ сæм кæй æрцæуы, уый, æмæ дзурын байдыдтой кæрæдзимæ: — Уæдæ Къуылыхты къуылых фыс ам куынæ и, Челдыты сæрзилæджджын фыс дæр ам куынæ и. Афтæмæй фæсномыгæй алы мыггæгты фæнымадтой. Уæд тыхгæнджытæ загътой, ам бирæ мыггæгтæ ис, зæгьгæ. Фыййæуттæ раздæр æрцыдысты хъæумæ æмæ бамбарын код- той, тыхгæнджытæ нæм æрцæуы, зæгьгæ. Адæм иууылдæр мæсгуы- ты бацыдысты сылæй, сывæллонæй, — хæдзæртты ничиуал уыд. Тыхгæнджытæ æрхæццæ сты æмæ хæдзæрттыл зилынц æмæ нæ арынц адæмы. Æрæджиау куы уыд, уæд Челдытæй Бекъа, зæгъгæ, уый сæм чъырыны сæрæй ракаст æмæ сæм дзуры: — Цы стут ай, цы пырх кæнут? Уæд æм уыдонæй иу дзуры: — Æз дæн Хъарабыгьаты Текъа æмæ хъуамæ Туалтæн сæ ус- тыты æд авдæнтæ акæнон, сæ хъуццыты — æд къæлæттæ! 185
Уæд сæм уый дзуры: — Уæдæ æз та Челдыты Бекъа дæн, æмæ ахсæв уе ’хсæв у, райсом мæ бон дæр фендзыстут! Тыхгæнджытæ æхсæв-бонмæ иу ран кæм бадтаиккой: фæл- лой пырх кодтой, хордтой, æргæвстой, фæлæ адæмæй сæ къухы ницы æфтыд: чъырынтæм бацæуæн нæ уыди. Стæй уæд бон куыддæр фæцъæх, бон, афтæ алы чъырыны сæр дæр цырагъы къодах ссыгъта Бекъа. Калачы3 мæсыггæстæ дæр æй ауыдтой, æмæ уыдон дæр асыгътой сæ цырæгътæ. Афтæ суанг Зæрæмæджы онг мæсгуытыл цырæгътæ судзгæ ахæццæ сты, æмæ адæм фæфæдис сты. Тыхгæнджытæ фæдисы куы ауыдтой, уæд лидзынмæ фесты æмæ та фæстæмæ Джебетъайы схæрд кодтой. Фæдисæттæ сæ су- рынц æмæ сæ куыд æййафынц, афтæ сæ цæгьдынц. Уæд Гайтæй иу, Баса хуынди, Уæлцæндтыл цæхгæрмæ тых- гæнджытæн сæ размæ фæци æмæ сæм ныхъхъæр кодта: — Æ, саузæнгойджынтæ, гьеныр ма нын фæлыгьдыстут куыннæ! Æмæ дзы йæ хъæрæй бирæтæ фæсуртæ и, ахæм уæйыг уыд. Уый сæ урæдта, фæсте та сæ иннæтæ цæгъдгæ кодтой. Лидзын дæр нал фæрæзтой æмæ дзырдтой: — Ай æнцондзурæн Джебетъа æмæ зынцæуæн, цы бон ныл и! Уæд Басамæ нæмыг нал уыд, топпыхосы йеддæмæ. Уый-иу æхсæры къæцæл фæлыг кодта, æмæ-иу æй нæмыджы бæсты топ- пы авæрдта æмæ-иу æй фехста. Куы-иу æй фехста, уæд-иу цæхæр калгæ сæ сæрты бацыд. Знæгтæ уый куы федтой, уæд загьтой: - Ай ныл Хуыцау дæр йæ цæхæр куы калы! Тыхгæнджыты ныццагътой. Æрмæст ма дзы ауагътой дыу- уæйы, сæхимæ хабар фæхæссыны тыххæй. Уæд дзы Хъуыбадты Хъуырманы фыртгæ уыдысты æртæйæ. Иу дзы мард фæци, дыууæйы Туалтæ удæгасæй æрцахстой. Мæрдты æрластой æмæ сæ кæрæдзиуыл ныццамадтой Згъи- лы хъæуы иу ран. Хабархæсджытæ куы фæхæццæ сты сæхимæ, уæд уырдыгæй рацыдысты сæ мæрдтæм курæг. Æмæ Згъил алы мардæн дæр саргъ кодтой: æртæйæн стдæс стуры алы зианæн дæр. Ууыл сразы сты. Уæд та Хъуырманы фырттæй æгас чи уыди, уыдон загътой: - Махæн иннæты æмаргъ ма скæнут, уыдон махæн нæ сау адæм сты. Адæм дæр сын загътой: - Цы тыхсут, уый мах бар уадзут. Хъуырманы фырттæн дæр саргъ кодтой фондзыссæдзгай стуртæ æртæйæн. Уæд Хъуырманы фырттæй сæ иуæн йæ къах асасти æмæ йын æй барæй, цæмæй зылын бахсыстаид, афтæ бабастой. Уый куы базыдта, мæ къах зылын æхсиды, зæгъгæ, уæд сывæллæттæн мы- 186
салгъ æрбахæссын кодта æмæ та фæстæмæ уымæй йæ къах асас- та. Стæй уæд адæмæн загъта: ~ Æз уе уазæг дæн, æмæ мын æй кæд бæттут, уæд мын ай дзæбæх бабæттут. Уæд ын æй дзæбæх бабастой. Уæд Хъуыбадгы Хъуырманы фырпæн сæ мад рахæццæ ис Згьилмæ æмæ загьта, кæд, дам, мын мæ лæппуйы, йæ 1уыбын къæбæрæй чи не ’фсæста, йæ цæсгом йæ фæдджийæ чи сæрфта, ахæм амардта. Уæд æм иу æвзæры бакодтой æмæ загьтой, мæнæ дын æй уый амардта, зæгъгæ. Туалтæ Бадилатæй фос райстой, сæ мæрдтæ сын радтой, æмæ сæ уыдон сæхимæ аластой. Туалты таурæгъ Туалтæ дæр бафæнд кодтой: «Алæ-ма, Дыгур нæм сæ ныфс куы ’рбахастой, уæд мах цы кæнæм?» Бафæнд кодтой æмæ дыууадæсæй ацыдысты Дыгурмæ, Бади- латы фосмæ. Бадилаты фос уыдысты Ходы цæгаты. Уыдон сæм дыууадæсæй бацыдысты, æмæ сæ фыййæуттæ фæлыгьдысты. Æмæ Туалтæ фос скъæрынц, фос размæ къах не ’вæрынц. Загътой, адон махæн нæ акомдзысты, фыййæуттæ нæ къухы куынæ бафтой, уæд. Фыййæуттыл азылдысты дыууадæс лæгæй. Æмæ æртардтой фыййæутты фæстæмæ сæ фосы цурмæ æмæ сын загътой: — Гъеныр сæм уæхи ’взагæй дзурут æмæ цæугæут размæ! Ратардтой сæ Ходæй Садоныл Нузалмæ. Æмæ сæ Нузал æмбалы хай, æмбæлæггаджы хай агуырдтой. Уыдон сын нæ лæвæрдтой, æмæ сын уæд Нузал сæ хид ныппæрстой. Æмæ ардыгон чызг Нæзыджынаг ус уыди. Уый йæ сынтæг раскъæфта, йæ хъæдын сынтæг, æмæ дзы уый авæрдта. Уæд сын æрхаста уыцы ус æртæ хъæбæр кæрдзыны æмæ цыхты ’рдæг. Æмæ дыууадæс лæджы стонг куыд нæ уыдаиккой? Æмæ, иу ныхасæй, хæрд сæ нæ фесты, ныссæлæт сты, цыма сой банызтой, уый хуызæн. Дис кодтой дыууадæс лæджы. Æмæ йæ фæрсынц: — Цы диссаджы кæрдзынтæ сты адон, сыдæй куы мардыс- тæм æмæ куы ныссæлæт стæм, нæ бон сæ куынæ у хæрын? Уый сын афтæ: — О, уæ нывонд фæуон, уыдонмæ кусгæ бон йеддæмæ бæрæгбон æвнæлд не ’рцыди, æмæ сæ бæркад сæ мидæг и, æмæ уымæн афтæ у. Уæд фос ратардтой, æмæ сæ ам байуæрстой, Туалты. Фый- йæуттæй æрмæст баурæдтой иунæг, йæ ном Тъæлбæз, зæгъгæ. Иннæты арвыстой сæхимæ. Цыппар азы фыййау фæцыд ам уыцы Тъæлбæз. Уæд ын уый фæстæ радтой цыппарыссæдз фысы æмæ йæ ныххæццæ кодтой Чырыстонхъæумæ. 187
Тлаттаты Чермен Тлаттатæ сæ зæххытæ уарыны фæнд скодтой æмæ дзы саулæ- гæн (кæвдæсардæн) хай нæ кодтой. Уыцы рæстæджы Чермен бал- цы уыдис. Æрцыдис йæ хæдзармæ, йæ мад æнкъардæй бадти, æмæ йæ бафарста: — Цæмæн æнкъардæй бадыс, нана? Йæ мад ын загъта: — Тлаттатæ сæрвæттæ байуæрстой æмæ дзы дæуæн хай нæ бакодтой. — Ма тæрс, мæ мад: хуссæрттæн мын сæ цæгæттæ ратдзысты, цæгæттæн — сæ хуссæрттæ. — Уый фæстæ Чермен, зæххытæй йæ кæцытæ хъуыдис, уыдон иууылдæр байста æмæ сын дондзау донмæ нал уагъта, куыройдзау — куыроймæ. Иннæ Тлаттатæ, сæ бон куынæуал уыдис, уæд загьтой: «Бафи- дауæм йемæ, æндæра йын ницы бакæндзыстæм!» Афтæмæй бафи- дыдтой Черменимæ æмæ дыууæ азы йемæ цардысты дзæбæхæй. Уыдон дзæбæхæй нæ цардысты, фæлæ дзы кæй тарстысты, уый тыххæй йæм сæхи дзæбæх дардтой, æмæ йын загътой: — Цом, Чермен, цуаны. Ацыдысты цуаны Цæлыччы быдырмæ. Уым уыдис стыр тулдз. Загътой йын: — Чермен, ды зонæг лæг дæ, схиз ацы тулдзы сæрмæ æмæ акæс уырдыгæй: никуыцæй ницы зыны? Чермен схызтис тулдзы сæрмæ, æмæ йыл йе ’мбæлттæ фарастæй топпытæ ныццавтой. Амардис Чермен, æмæ йæ аластой сæ хæдзармæ, уым ын стыр цырт самадтой. Уый фæстæ иу къорд азы куы рацыд, уæд иннæ адæм загътой: «Тлаттаты зæхх байсæм, Чермен сын нал и ныр». Адæм ацыдысты Тлаттаты зæхмæ хуым кæнынмæ. Тлаттатæ уæд загътой: «Уæй, Чермен, не ’хсар нæхи къухæй цæмæн амард- там!..» Гъе уыцы сахат йæ цырт ныррызти æмæ ныххаудта йæхи мидæг авд сардзины. Черменæн — кæвдæсарды хай Тлаттаты мыггаг иу бон æрнæджытæ байуæрстой æмæ Чер- менæн хай нæ бакодтой, дзæгъæлзадау. Чермен уæд уыд цуаны. Изæрæй куы ’рцыдис, уæд ын йæ мад афтæ зæгьы: — Уæ, мæ фæллой рондзæй фæкалай — абон сæрвæт байуæр- стой æмæ дын хай нæ бакодтой, — зæгъгæ. Чермен райсоммæ сæ хъугомæн йæ хуыздæр тъæпæнтæ цæх- гæрмæ афæлдæхта, йæхæдæг алыгъд Хъулгъамæ. Хъулгъамæ Тлаттаты фос скъæрын райдыдта æмæ сæ æнæ фос фæкодта. 188
Уæд иу хатт Хъулгъайы ныхасы, Чермены кой фехъусгæйæ, æрбасидти Черменмæ иу зæронд лæг, фæхæцыд ын йæ цонджы хъултыл, стæй загъта: — Мæ хуры чысылтæ, Хъулгъайы фæсивæд, кæд уæм абон кæйдæр рæгъæуттæ тæры, уæд уын райсом та уæхи рæгъæуттæ æдцæмæ тæрдзæн. — Хъулгъайы фæсивæд куырм зæронд лæджы ныхæстæм джихæй баззадысты. Тлаттаты мыггаг бауынаффæ кодтой æмæ Чермены æрбахо- нынмæ арвыстой дыууадæс минæвары, кæцытæ Черменæн загьтой: — Цы дæ хъæуы, уый дын ратдзыстæм, уæддæр фæстæмæ нæхимæ рацу, — зæгъгæ, — махмæ уæлдай лæгтæ нæй. Фæрдæ- джы хъугомæй дæ кæм хъæуа, уым дын бахай кæндзыстæм, æрмæст нæм цæутæ ракæн. Чермен сразы ис æмæ æрцыд Тлаттатæм. Бакодтой йын зæх- хы хай. Чермен давын, скъæрын райдыдта Хъулгъайы рæгьæуттæ, фæллой. Уæд чындздзон чызджытæ, ног чындзытæ æфсæрмы нал код- той нæлгоймæгтæй. Исты нын Чермены хуызæн лæгтæ, мыййаг, куынæ стут, зæгьгæ, сын-иу фидис кодтой. Тлаттатæм хардзау æркаст ацы фидис æмæ сфæнд кодтой Чермены амарын. Иу хатт æй акодтой хæтынмæ. Бæласы сæрмæ йæ схизын кодтой, акæс-ма бæстæтæм, зæгъгæ. Уырдæм ыл ра- лæууыдысты топпæй. Чермен бæласы сæрæй рагæпп ласта æмæ ма Тлаттаты фæсивæдæй дыууæйы хурхыл бахæцыд æмæ сæ амардта, стæй йæхæдæг дæр амард. Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куыд ацыд Асбиаты Хамырзæ, Быдтаты Уари, Зæгьойты Дзиу, Нæкуы- саты Басил, Моргуаты Хадзы, Хъаныхъуаты Хуысинæ — уыдон Калакмæ чырæ ласынвæнд скодтой. Уæд Черменмæ минæвар барвыстой: «Немæ Калакмæ чырæ ласынмæ рацу»,— зæгъгæ. Чер- мен сын загьта: — Цæмæй ацæуон, уый нæй, мæ бæхы рагъ хæлд у, уыййед- дæмæ ацæуин. Уæд ын Хамырзæ афтæ зæгъы: — Дæ бæхы уал аулæфын бауадз, мæнæ дын мæ бæх, ууыл уал сбад æмæ рацу. Чермен уæд уæлдай ницыуал загьта æмæ семæ Калакмæ араст и. Уым мидæмæ, Калакмæ цæугæйæ, фыдвæндæгтыл тухитæ- гæнгæ фæцыдысты. Калакмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ хъуыд- дæгтæ бакодтой, сæ чырæ кæдæм хъуыд, уырдæм радтой, стæй уæд горæты кæронмæ фæстæмæ сæ уæрдæттæ ракодтой æмæ сæ уым змисыл суагътой. 189
Сæ уæрдæтты цур хъахъхъæнынæн се ’мбæлттæй ныууагътой дыууæ лæджы: Нæкуысаты Басил æмæ Моргуаты Хадзыйы. Сæ- хæдæг ацыдысты горæтмæ. Иу заман куы уыдис, уæд уæрдæттæм æрбацыд Мухраны1 æлдары богал. Уым уæрдæттæ кæрæдзиуыл самадта, лæгтæй фæ- хынджылæг кодта æмæ фæстæмæ фæцæуынмæ куыд хъавыд, афтæ дыууæ æмбалæй — Зæгъойты Дзиу æмæ Чермен — уæрдæттæм æрхæццæ сты. Мухраны богал сæ куы ауыдта, уæд сыл йæхи ныццавта: уайтагъд Черменимæ хъæбысæй-хъæбысмæ хæст фес- ты. Иннæтæй куыд хъазыд, афтæ дзы ахъазон Черменæй дæр, зæгъгæ, загъта богал. Уæд æм Чермен дзуры: - Цы кæныс, кусæг лæг куы дæн, уæд мæ цæуылнæ ныууа- дзыс, хъал богал? Богал æй уæддæр нæ уагъта æмæ йæ тынгæй тынгдæр ри- уыгъдтытæ кæны. Куынæ йæ уагъта уæддæр æмæ йæ æгæр ри- уыгъдтытæ куы кодта, уæд Чермен фæмæсты, богалæн йæ рахиз къабазмæ февнæлдта, ныззылдтытæ йæ кодта æмæ уæрдæттæ дæр йемæ афæлдæхта, афтæмæй змисыл йæ тъæпп фæцыдис богалæн. Богал æппынæрæджиау рабадти æмæ размæ туг уæлхъ кодта. Уайтагъд æлдармæ хабар байхъуысти, дæ богалы дын фæнад- той, зæгъгæ. Æлдар уый куы фехъуыста, уæд бæстæ фæдис сси. Фæдисмæ Чермены ’мбæлттæ дæр сæ уæрдæттæм згъордтой, ай цы хабар у, зæгъгæ. Æлдар æмæ йæ фæдисонтæн сæ зæрды уыдис чырæласджыты аууæрдын, фæлæ куы бакастысты, æмæ æгæр ставд æмæ домбай адæм куы уыдысты, уæд сæ ныфс нал бахастой æмæ сæ ныууагътой. Чырæдзаутæ сæ бæхтæ аифтыгътой æмæ Хъобанмæ рафардæг сты. Фæдисæттæ сæ богалы дыдæгътæй, йæ сæрæн нал уыд, аф- тæмæй аластой. Чермен æмæ сомихаг Иу бон куы уыдис, уæд Чермен горæтмæ рацыдис. Уым йæ зонгæ сомихаг лæгимæ амбæлд, æмæ ныхас кæнынц. Сомихагмæ уыдис джебогъ лæдзæг, æмæ ныхас кæнгæйæ лæдзæг сарæзта Чер- мены къахы уæлфадмæ æмæ йæ цыма йæхæдæг дæр не ’мбары, уый хуызæн лæдзæгæн йæ кæрон сарæзта йæ дæлармы дзыхъмæ æмæ йыл афтæмæй дæлæмæ-дæлæмæ хæцы. Джебогъы бырынкъ Чермены къахы иннæрдæм ахызти, фæлæ йæ Чермен цыма æмбаргæ дæр нæ кодта, уый хуызæн æндæр ныхас кодта. Бирæ куы фæныхас кодтой, уæд Чермен афтæ зæгьы: — Цæй, æрæджы мын кæны, тагъд мæ цæуын хъæуы, — йæ- хæдæг йæ къух бадардта сомихагмæ, хæрзизæр у, зæгъгæ. 190
Сомихаг дæр æм буцгомау йæ къух балæвæрдта, фæндараст фæу, зæгъгæ. Чермен сомихаджы къух куы райста, уæд æй æрæлвæста, æмæ къухы царм Чермены къухы аззад. Сомихаг, амардтай мæ, зæгъгæ, уæлгоммæ ахауд. Уæд æм Чермен дзуры: ~ Уæдæ мын, хæрæг, ды мæ къахы джебогъ куы нытътъыс- тай, уæд æй мæнæн æхсæнчъы хæрд æнхъæл уыдтæ?! Куымæриттаты домбай Тъотъор Потнисы1 комрæбын ис Суацхуры хъæу2. Уым раджы рæс- тæджы цардысты Куымæриттатæ. Куымæриттатæ ныртæккæ цæ- рынц Къохаты3 хъæуы, ныр дæр ма фылдæр рæстæг вæййынц Суацхуры хъæуы. Бæрæг у сæ хъæууат, зынынц сæ хæдзæртты бынæттæ дæр. Цалдæр сæдæ азы размæ уыцы хъæуы царди Куымæриттаты Тъо- тъор. Тъотъор æрдзæй рахаста стыр, домбай хъару. Тъотъор йæ сон- ты рæстæджы хъуыды кодта: «Цæуыл бахардз кæнон мæ хъару?» Тъотъор-иу бирæ хæттыты сфæнд кодта мæсыг амайын, уымæн æмæ Суацхуры хъæуæн нæ уыд мæсыг, æмæ уыцы зама- ны, мæсыг кæмæн нæ уыд, уыдон хъæуыл нымад нæ уыдысты. Уæд уыдис тохы заман, æмæ мæсыг цы хъæуæн нæ уыд, уыцы хъæуæн йæ бон тох кæнын нæ уыд, æнæмæсыг хъæумæ алы тых- гæнæг адæм уыдысты ныфсхаст. Тъотъорæн æххуысгæнджытæ нæ уыдис, æмæ йæ бон нæ бацис иунæгæй мæсыг самайын, кæд мæсыгæн бын æрæвæрдта, уæддæр. Иу хатт Суацхуры æлдар Амлахоры4 фæсдзæуинтæ æлдары хъалонтæ исынмæ бацыдысты. Суацхуры комы цыдæриддæр хъæутæ цардис, уыдоныл базылдысты, æмæ уыцы хъалонтæ дæр семæ, афтæмæй Суацхурмæ бацыдысты. Амлахоры фæсдзæуинтæн Суацхуры хъæуы цы хъалонтæ уыдис райсинаг, уыдон райстой æмæ цæуынмæ хъавыдысты. Куымæриттаты Тъотъор кæцæйдæр бацыд хъæумæ. Нæма ба- хæццæ, афтæ фæкаст, æмæ Суацхуры хъæуы адæм тымбылæй лæууынц, лæггад кæнынц æлдары фæсдзæуинтæн. Тъотъор дисы фæци, дзуры йæхицæн: «Цы хабар у? Цы ’рцыд нæ хъæуыл? Кæд æмæ дзы, мыййаг, исчи амард, æмæ ма сæ æз абон райсомæй дзæбæхæй куы ныууагьтон!» Тъотъор йæ цыд фæцырддæр кодта æмæ бахæццæ хъæумæ. Куыддæр бахæццæ, афтæ бæрзонд хъæлæсæй загъта: — Цы хабар у, чи сты адон? Адæм æмхуызонæй сдзырдтой: — Тъотъор, мах — дæ мад, дæ фыды уазæг! Хъæр ма кæн: 191
уыдон сты æлдар Амлахоры фæсдзæуинтæ, æмæ уыдонмæ тæр- гай дзурæн нæй. Тъотъор фыццаг бахудт æмæ сын ныллæг хъæлæсæй загъта: — Æдæппæт цыппар сты æви ма дзы æндæр искуы дæр ис? Адаем Тъотъормæ хæстæг балæууыдысты æмæ йын загътой: — Тъотъор, æлдар йæ къæбылайы куы ’рбарвита, уæддæр иугай хъæутæн сæ бон нæу уый ныхмæ тох кæнын. Тъотъор мæстыхуызæй адæмы фæрсты бауад фæсдзæуинты размæ æмæ сыл фæхъæр кодта: — Сымах чи стут, цы уæ хъæуы ам нæ зæххыл? Амлахоры хистæр моурау5 йæ цæсгомы хуыз аивта, йæ цæс- тытæ туджы азылдта æмæ адæмырдæм фæхъæр кодта: — Ады куыдзы къæбыла кæй у, уый йæ куыд акæна ардыгæй, кæннæуæд æй ныртæккæ мæ бæхы къæдзилыл бабæтдзынæн. Тъотъор уыцы ныхасы фæстæ Амлахоры фæсдзæуинты сеп- пæты дæр бæхтæй райста, сæ хотыхтæ сын систа æмæ сын сæхи та бæхты сæртыл ныббаста, йæхуыдтæг сæ Потнисы комæй фæ- дæлæмæ кодта æмæ сын загъта: — Цæугæут æмæ Амлахорæн зæгъут: дæуæй тыхджындæр фæ- зынд Суацхуры — Куымæриттаты Тъотъор, — æмæ дæ кæд исты фæнды, уæд — тыхæй. Тъотъор уырдыгæй фæстæмæ раздæхт æмæ, Суацхуры комы чи цардис, уыдонæн сæ хъалонтæ байуæрста. Цасдæр рæстæджы фæстæ Амлахор-æлдар Тъотъоры ныхмæ сарæзта хæцæг балтæ, уыдонæн хистæр баурæдта йæ моурау кънйаз Пауленишвилийы. Хæцæг балтæ Тъотъоры фæдыл райдыдтой зилын, æцæг Суац- хуры хъæумæ Тъотъоры тасæй нæ уæндыдысты цæуын, фæлæ уый фæстæ Суацхуры комы æндæр хъæутæй фæзынд минæвар- гæнджытæ æлдары хæцæг балтæм. Тъотъор хъæуæй чысыл æддæдæр скодта бынат æмæ уым уыдис æхсæв дæр æмæ бон дæр. Æлдары хæцæг балтæ æрдæгæх- сæв бацыдысты Суацхуры хъæумæ æмæ йæ алыварс æрлæууыды- сты, уыдон æнхъæлдтой, æмæ Тъотъор ис хъæуы мидæг. Райсом куыддæр бон фæрухс ис, афтæ Тъотъор базыдта æлдары хæцæг адæмы æмæ сæ уырдыгæй æхсын райдыдта. Райсомæй фæссихормæ Тъотъор æмæ æлдары хæцæг адæм æвирхъау хæст фæкодтой. Æлдары хæцæг адæмæй æртæ мард фæци æмæ уæд фæстæмæ сæхи айстой. Тъотъорæн йæ мад æмæ йæ фыды амардтой йæ хæдзары мидæг. Дыккаг бон, Суацхуры комы цыдæриддæр адæм уыдис, уыдон æрæмбырд сты Суацхуры хъæумæ. Тъотъормæ хицæнæй фæ- дзырдтой æмæ йын фыццаг йæ мад æмæ йæ фыды марды тых- хæй мæсæллæй ракодтой æмæ йын уый фæстæ загътой: — Тъотъор, мах — дæ мад, дæ фыды уазæг, мауал нæ саф, мах 192
дæр æмæ дæхи дæр, нæ комы ахæм фæсивæд нæй, æмæ дæуæн æмдзæдис чи балæууа не ’фхæрæг æлдæртты ныхмæ тох кæнынмæ, æмæ дæуæн иунæгæй æнæхъæн æфсадимæ кæм бауыдзæн дæ бон. Тъотъор йæ мад æмæ йæ фыды куы баныгæдта, уæд фæцыди Пауленишвилийы хъæумæ, цæмæй райса йæ мад æмæ йæ фыды туг. Æрдæгæхсæв бацыд Пауленишвилийы кæртмæ, бакаст: дуары хæд раз иу лæг йæ топпы æнцой фынæй кæны. Тъотьор æвиппайды багæпп кодга, æхсаргард фелвæста æмæ хъараулийæн йæ гуыр дыууæ дихы акодга, йæхуыдгæг хæдзармæ бахызт. Нæ баййæфга Пауленишвилийы хæдзары, ус æмæ сабитæй туг райсын та йæ сæрмæ не ’рхасга. Тъотъор хæдзары разылд æмæ хæдзары астæуæй рæхыс раф- тыдта æмæ йæ рахаста. Рæхыс бахаста æмæ йæ Суацхуры хъæуы хæд цур, бæрзонд цырты сæрыл сæвæрдта, адæмæй йæ ничи фед- та, афтæмæй, йæхæдæг фæстæмæ раздæхт. Суацхуры хъæуы адæм цасдæр рæстæджы фæстæ рæхыс цыр- ты сæрыл куы федтой, уæд афтæ банхъæлдтой, зæгъгæ, арвы рæхыс аскъуыд æмæ цырты сæрыл баззадис. Уæдæй фæстæмæ алы куадзæны къуырисæры дæр Суацхуры хъæуы адæм цыдысты Тъотъоры æрхæсгæ рæхысмæ куывды. Тъотъор цалдæр боны фæстæ бацыдис Джеры6 дзуармæ æмæ уым минас кæнын самадта. Æлдары хæцæг æфсæдтæм фæцис чидæр дзырдхæссæг. Райсом куыддæр сбон, афтæ æлдары хæцæг адæм дзуары алы- варс æрæхгæдтой æмæ Тъотъормæ сæхицæй минæвар барвыстой. Минæвар бахаста гæххæтт Тъотъормæ. Тъотъор куыддæр æд хо- тых адæмы ауыдта, афтæ фестад. Минæвар æм тарстхуызæй лæ- вæрдта гæххæтты гæбаз. Тъотъор бæрзонд хъæлæсæй фæхъæр кодта: — Чи дæ? Цы дæ хъæуы?! Минæвар загъта: ~ Мæн рарвыста Пауленишвили, мæнæ бакæс уыцы гæххæтт. Тъотъор ыл фæхъæр кодта: — Ныртæккæ дæ хотыхтæ æрæвæр, дæ гæххæттæн ницы зо- нын, фæлæ мын зæгъ дзыхæй! — Мæн моурау Пауленишвили рарвыста, куыд раттай дæхи, кæннæуæд уæддæр дæуæн нæй аирвæзæн удæгасæй, уымæн æмæ æлдары хæцæг адæм сеппæт дæр дæ алыварс сты æмæхгæд. Тъотъор кард фелвæста æмæ минæварæн йæ гуыр дыууæ дихы акодта. Тъотъор райста бæх, йæ хотыхтæ æмæ куывддон адæмæн загъта: — Цæут, мæнæн ныртæккæ æнæ хæцгæ нæй. — Тъотъор йæхи æрцæттæ кодта, абадт бæхыл æмæ дзуары кæртæй кардæлвæстæй рагæпп кодта, йæ разы кæй раййæфта, уыдонæй дыууæ мардæй фæуагъта, йæхуыдтæг йæ бæх къуылдымыл Суацхурырдæм ра- уагъта. Хæцæг æдæмæй бирæ дисæй баззадис, бирæтæ та Тъотъо- ры фæстæ æхст самадтой, фæлæ Тъотъор къуылдымæй тагъд 13 Ирон таурæгътæ 193
фæаууон ис. Хæстон адæм цалынмæ сæ бæхтыл бадтысты, уæдмæ Тъотъор æрбахибар ис. Суацхурæй Гудисырдæм7 ахизæн — (Къахыр æй хонынц) - уырдæм æй бирæ нал хъуыдис, æмæ уым йæ бæх мард фæцис нæмыгæй. Тъотъор уым сæ разы æрлæууыдис æмæ изæрмæ бирæ нал хъуыдис, уæдмæ хæцыд хæцæг адæмы ныхмæ. Сæ хистæр Пауленишвили Тъотъоры нæмыгæй мард фæцис, йе ’мбæлттæ — фондзæй, Тъотюр та йæхæдæг рæуæг цæф фæцис. Хæцæг адæм уырдыгæй фæстæмæ раздæхтысты, рахастой сæ мæрдтæ. Тъотъор рацыдис Суацхурмæ, тынг фæуынгæг дойныйæ. Фæтæны астæумæ куы ’рбахæццæ, уæд фæкаст, æмæ нæууы ас- тæу кæрдæг бæрæгхуызæй йæхи дардта, цыма йæм бынæй дон хæццæ кодта, афтæ. Йæ хæд кæрон уыдис тынг арф сагьд дур. Тъотъор дур раппæрста æмæ йæ быны разынд суадон. Суадонæн уæдæй фæстæмæ йæ ном баззад «Тъотъоры суадон», зæгъгæ. Тъотъорæн йæ цæф сдзæбæх цасдæр рæстæджы фæстæ, Амлахор-æлдарæн Тъотъоры ныхмæ йæ бон тох ракæнынæй куы ницы баци, уæд сфæнд кодта, цæмæй æууæнкæй йæ къухы бафта, Амлахор-æлдар минæвæрттæ кæнын райдыдта Тъотъормæ. Иу бон Суацхурмæ барвыста цалдæр минæвары. Уыдон загъ- той Тъотъорæн: - Мах Амлахор-æлдар дæумæ рарвыста хонæг. Мах дæуæн æлдары номæй фидар дзырд дæттæм, куыд дæуæн æлдар ратдзæн, кæм дæ фæнды, уым зæхх, сараздзæн дын хæдзар. Кæд дæ фæнды, уæд дæ йæхимæ хистæр моурауæй дæр бауромдзæнис. Æрмæст дæ сæр бадар минасмæ, кæм дæ фæнды, уым сараздзæн минас. Тъотъоры ацы ныхæстæ бауырныдтой, ахъуыды кодта æмæ сын загъта: — Хорз, ацæудзынæн, æрмæст хъуамæ сырæза Белотмæ хæс- тæг, Рохалайы мæсыгмæ хæстæг. Æлдар æмæ йæ фæсдзæуинтæй хæцæн хотых куыд никæмæ уа. — Тъотъормæ уыдис ахæм хъуы- ды, ома уыдон цалфæнды уæнт, уæддæр Тъотъорæн нæ уыдысты мæлдзгуытæй уæлдай, æмæ кæд уыдонæй дарддæр æд хотыхтæ адæм фæзына, уæд та мæсыгмæ кæд баирвæзид. Ахæм ныхасæй аздæхтысты минæвæрттæ. Æлдарыл ацы ра- зыдзинад куыддæр сæмбæлдис, афтæ цалдæр боны раздæр йæ фæсдзæуинты рарвыста æмæ уым тынг арф уынгæг уæрм скъахын кодта, йæ сæрыл ын стыр супра8 бамбæрзын кодта, йæхæдæг йæ æмсæртæй цалдæримæ æд бинонтæ бацыдис Рохаламæ. Тъотъор дæр сæм уырдæм бацыдис. Тъотъоры тынг хорз уазæг бакодтой. Уæрмы сæр æмбæрзæны алыварс абадтысты. Минас уыдаид йе ’мбисыл, уæд Амлахорæн йæ чызг кафтмæ ахызтис, æркафыд цармы кæрæтты æмæ Тъотъормæ йæ сæрæй акуывта. Тъотъор кафынмæ агæпп кодга æмæ уæрммæ куыддæр бахæццæ, афтæ аирвæзт уæр- мы. Тъотъор ма æвиппайды фæлæбурдта æмæ æлдар Амлахоры 194
чызджы дæр йемæ айста. Чызг æвиппайды мард фæци, Тъотъор ма тынг бирæ бавзæрста, фæлæ йын амал ницыуал æрцыд. Амлахор-æлдар æмæ йæ æрхонгæ адæм бирæ фæхъуыды код- той, цæмæй чызджы исты амалæй систаиккой, фæлæ уæд Тъо- тъорæн æнæ сирвæзгæ нæ уыд æмæ дзы иуæн дæр удæгасæй ацæ- уæн нал уыдаид. Амлахор-æлдар йæ фæсдзæуинтæй уым цалдæр баурæдта хъа- рагьул, цалдæр боны фæстæ Тъотъор амардис, æмæ уæд æлдары чызджы дæр уырдыгæй мардæй сластой. Маралеты1 мæсыг Маралеты хæдбын бæрзонд зæнгыл, къæдзæхы сæр арæзт ис æртæуæладзыг мæсыг. Мæсыгмæ бацæуæн ис æрмæст фæрсæр- дыгæй. Разæй дæр æмæ дыууæ фарсырдыгæй дæр нæй æдæрсгæ бацæуæн кæрдгæ къæдзæхæй. Мæсыгæн йæ алыварс цæры цал- дæр хъæуы. Фæлæ хъæутæй никæй арæзт у мæсыг. Мæсыг у Бырæты мыггаджы арæзт. Бырæты мыггаг цардыс- ты мæсыгæн йæ хæд цур, нырма сæ хæдзаруæттæ бæрæг сты. Иу-дыууæ фондзыссæдз азы размæ æлдар Дианбег йæ марг æвзагæй кæрæдзийыл ардауын райдыдта, Маралеты къуылдым- тыл цы хицæн мыгтæгтæ цардис, уыдон. Байхъуыстой йæм Бырæты мыггаг - Бырæтæн сæхицæй уыд хъæзныг лæг, Бырæты. Инал, зæгъгæ. Дианбег йæхимæ фæсидт Иналмæ æмæ йын бахæс кодта: — Ды дæ мыггагимæ тох кæнут, Маралеты хъæуты хъалонтæ рæстæгыл чи нæ фиды, уыдонимæ æмæ сæ куыдцæр басæттат, афтæ уын æз зæххытæ ратдзынæн æрдæг аргъыл, мæ быдырты уæ цы ран фæнда, уым. Стæй ма уын мæ фæсдзæуинты дæр арвитдзынæн, кæд уыл тых кæной, уæд æххуысæн. Уæд ын Инал ныфс бавæрдта æмæ рацыди сæхимæ. Куыддæр бахæццæ, афтæ фæдзырдта йæ мыггагмæ æмæ сын загъта: — Хорз адæм, æлдар Дианбег, Маралеты къуылдымыл цы адæм цæры, уыдонæй мах мыггаджы йеддæмæ йæ сæрмæ никæй бахаста, йæхимæ мæм фæдзырдта æмæ загъта: йæ ныхмæ чи тох кæны, хъалонтæ рæстæгыл чи нæ фиды, уыдон куы басæттæм, уæд нын уый зæххытæ ратдзæн æрдæг аргъыл быдыры, нæхи кæцы ран фæнда, уыцы ран. Цæмæй быдыры зæххытæ нæ къухы бафтой, уый саразæм, хорз адæм. Уым цы адæм уыд, уыдонæн сæ фылдæр Иналы ныхасыл сразы сты æмæ уыцы бонæй фæстæмæ тынг фыдуаг ми кæнын райдыдтой, æввахсдæр сæм цы хъæутæ цардис, уыдонæн. Уыдон дæр сæм тынг ныфсхаст нæ уыдысты, уæлдайдæр уымæн, æмæ Бырæты мыггагæн мæсыг уыди. 195
Цъус рæстæджы фæстæ Инал йæ зæронд мæрдтæн хист кæ- нын æрымысыди. Инал раздæр бадзырдта йæ мыггагимæ, цæ- мæй хисты адæм куыддæр араст уой сæхимæ, афтæ тох самайой, ныхмæ чи лæууы, уыдонимæ. Хистмæ кæд иууыл не ’рцыдысты, уæддæр æм дзæвгар адæм æрцыд. Къæбулты Малхаз хæрз къаннæгæй баззад сидзæрæй. Схъомыл æй кодта йæ фыды мад. Алы хатт дæр тохы разæй цæуæг уыдис Малхаз. Уый зыдта, Бырæты мыггаг Дианбеджы æвзагæй адæмы æнæфыдбылыз кæй нæ рауадздзысты, æмæ цалдæр æмбалимæ йæхи байста мæсыджы цурмæ, куыд ничи сæ федгаид, афтæмæй. Мæсыггæстæ хист хæрынмæ куыд фесты, афтæ Малхаз æмæ йе ’мбæлттæ та мæсыгæн йæ дуар сæттынмæ фесты. Малхаз куыд- дæр йе ’мбæлттимæ мæсыгмæ баирвæзт, афтæ сын загъта: - Тæрсгæ мауал кæнут, ныр æлдары ардыд хуытæн се сæфты рæстæг æрцыдис. Малхаз мæсыгæн йæ дуарыл баурæдта дыууæ лæджы, йæхæ- дæг мæсыджы сæрмæ схызтис æмæ уырдыгæй кастис Иналы хæ- дзармæ. Инал дуармæ рауадис, мæсыггæстæм фæдзырдта æмæ сын загьта: ~ Цæугæут ныртæккæ, цырд лæуут — макæй бауадзуг хæстæг мæсыгмæ нæхи мыггаджы йеддæмæ. Малхаз уыцы ныхас куы бамбæрста, уæд ныллæг хъæлæсæй йе ’мбæлттæн загъта: - Дуар фæстейæ æрæхгæнут æмæ уын, цалынмæ мæнæй ны- хас æрцæуа, уæдмæ уæ хъæлæба дæр куыд никæмæй фехъусон! Мæсыггæстæ мæсыгмæ бацыдысты æмæ йæ дуармæ æрбадты- сты, нæ базыдтой, мæсыгæн йæ хуылфы исчи ис æви нæ. Хисты адæм куы барасыг сты, уæд хыл самадтой. Адæм сеп- пæт дæр дуармæ рацыдысты. Дыууæ дихы фесты. Топпы гæрах æрвнæрæгау кодта. Кæрдтæ æмæ хъаматæ хурмæ æрттывтой. Инал уæлхæдзарæй бæрзонд хъæлæсæй фæхъæр кодта: - Мæсыгмæ цæугæут мæ фæдыл. Фæлæ йæм Малхаз мæсыджы сæрæй хорз бахъавыд, æмæ хъри- маджы нæмыгæй Инал сæ кæртмæ, мард цæргæсау, зилгæ ных- хаудта. Мæсыггæстæй ма иунæг аирвæзт, иннæтæ цагъды фесты. Ца- лынмæ фæдисы адæм хъæутæй хæццæ кодтой, уæдмæ-иу Бырæ- ты мыггагæй чи фæуынгæг, чи-иу фæтарст мæлæтæй, уыдон-иу мæсыгмæ сæхи айстой. Фæлæ Малхаз æмæ йе ’мбæлттæ хæстæг никæй уагътой, мардтой сæ. Цалынмæ фæдисы адæм бахæццæ сты, уæдмæ Бырæты мыггагæн се ’мбис фæцагъды. Фæдисы адæм куыддæр бахæццæ сты, афтæ ма Бырæты мыггагæй удæгас чи уыд, уыдон бынтон фæцагътой. Æрмæст ма мæсыггæстæй чи аирзæзт, уый хъæумæ нал, фæлæ хъæдырдæм йæхи айста. 196
Бырæты хъæууынгтæ туджы лæсæнтæ кодтой. Сæ мæрдтæ кæрæдзийы уæлæ дуртау сцæнд сты. Æрхонгæ адæмæй мард чи фæци, уыдон алы къуылдымтыл сынтытыл хастой, къуылдым- тæй кæуыны йеддæмæ ницыуал хъуыстис. Мæрдты ныгæнæг дæр нал уыд. Цалдæр боны фæстæ адæм Бырæты мæрдтæн дардыл ингæн скъахтой æмæ сæ уым кæрæдзи уæлæ ныккалдтой, сыджыт сыл басчъил кодтой æмæ ацыдысты. Уæдæй фæстæмæ Бырæты хæ- дзæрттæ афтидæй баззадысты. Сæ мыггагæй ма цы лæг аирвæзт, уый æлдар Дианбег йæхицæн лæггадгæнæг баурæдта. Бæлтайы æлдар Иу æлдар цард Кæсæджы бæсты. Йæ алыварс адæмты скодта йæ дæлбар, суанг Хъобаны адæмы Бруты онг, стæй Дыгур, Мæхъ- хъæл æмæ Бæлтайы дæр. Ацы адæмтæй иста уæззау хъалон, Бæл- тайы хъæу тынг фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ ралыгъд Бæлтамæ. Кæсæджы бæстæ ныууагъта йæ дæлдæр æлдæртты къухы. Бруты адæмы бакодта Санаты дæлбар, Хъобаны адæмы та - Тлаттаты уæздæтты дæлбар скодта. Мæхъхъæлы бæстæ та Слонаты къухы радта. Кæсæджы æлдæрттæ кæсгон адæмæй истой хъалон æмæ æмбис сæхицæн уагътой, æмбис та Бæлтамæ æрвыстой... Слонатæ, Тлаттатæ æмæ Санатæ дæр уыдысты кæсæджы æлдæртты хуызæн. Сæ хъалон истой Хъобан, Брут æмæ Мæхъ- хъæлæй æртæ мыггаджы, уыдон æмбис æлдарæн æрвыстой Бæл- тамæ, иннæтæ та сæхицæн уагътой. Бæлтайы адæмы фæллæйттæ æлдар йæхæдæг иста. Афтæмæй сфæлмæцыдысты адæм. Иу хатт æлдар исын райдыдта хъалон. Тынг бирæ æрæмбырд кодта. Фæстаг хатт Хъобанмæ дæр æрбацыд. Хъобаны ир царды- сты. Æлдар фæллой куы рацæйхаста, уæд Хъобаны ир æлдары раз бабадтысты æмбисвæндагыл. Уалынмæ æлдар æд фæллой рацæуы. Ир æм топпытæ фæца- рæзтой æмæ, дæ фыдгул дæр афтæ, йæ ронбасты йын нæмгуы- тæ ныккалдтой. Æлдар фæмард. Йæ фæстæ йыл фалæ ир зарæг скодтой: Ой, Хуссары фæндаг Цæгаты сæрмæ, — Хъахъхъæнут-ма, лæппутæ, Кæсгон æлдарæн йæ карды сæрмæ! Афтæ худинаджы сæфт фæкодта хæххонты къухæй æлдар. Æлдары азнауртæ: Санатæ, Тлаттатæ æмæ Слонатæ дæр, иугæр паддзахы куы раппæрстой, уæд æрсабыр сты. 197
Салайы æмбисæндтæй Сала уыди сгуыхт абырæг. Йæ хæтæнтæ уыдысты Чъехы нар- джытæ1 æмæ Уæллаг Гуырдзыстоны тар хъæдтæ. Мæгуыр кусæг адæмы нæ хъыгдардта, фæлæ зынудисæнæй мардта сæудæджер- гæнджытæ æмæ æлдæртты. Æлдæртты дыуары ахæст бакодта, Ирмæ нæ, фæлæ сæ Чъехы хъæумæ дæр бацæуын ничиуал уæндыди. Æгас афæдзы дæргъы йын йæ фæдыл бафтыдтой сæдæ бæх- джын хъазахъхъы, фæлæ Салайы æрцахсынæн ницы бафæрæз- той. Алы ран баурæдтой ирæй дæр нымудзджытæ æмæ хъузæттæ, фæлæ Салайы хуыдтой зонынджын, сæ цæстæнгасæй-иу базьщ- та, йæ сафыны фæнд чи кодта, уыдон æмæ-иу сын сæхи фæраз- дæр кодта: амардта-иу сæ. Уьщы мæнгард лæгтæй иу разынди Салайæн йæхи æмбал абы- рæг. Йæ цæстæнгасæй йæ куы базьщта, уæд ын загъта: «Ды мæн уæй кæнынмæ хъавыс дæс туманыл, фæлæ сæ дæ цæстытæй дæр нæ фендзынæ. Ды нæ дæ æхст æмæ нæмыджы аргъ, æмæ дыл уыдон нæ бахардз кæндзынæн». Афтæмæй йын хъамайæ йæ сæр атæхын кодта æмæ йæ халæттæн, сынтытæн æмæ рувæстæн хо- лыйæн ныууагъта. Йæ худы счъилæй йын йæ гæххæтт систа æмæ йæ рафарста. Уыцы гæххæтт разынд Гуры стыр хицауæй — Еры- стауты Елызбарæй. Уый йын фæдзæхста: «Салайы сæр мын кæнæ мардæй ратт, кæннод та удæгасæй. Уыцы хорзы мын куы бацæ- уай, уæд дын дзырд дæттын, куыд æз дæуæн ныббардзынæн дæ рæдыддзинæдтæ, дæ тæригъæдтæ, æмæ дын цæрыны бар уыдзæн дæ хæдзары, кæнæ дæ айсдзынæн мæхи разы лæууынæн чапа- рæй, стæй дæ уый фæстæ хистæр ранмæ бахизын кæндзынæн. Уый æддейæ ма дын бар дæттын: кæд дæ хъæуа, уæд ссæдз кусæг галы; кæд дæ фæнда, уæд та дæс туманы урсæвзист æхцайæ». Сала гæххæтт йæ роны бавæрдта æмæ ацыди Елызбар Ерыс- тауы-фыртмæ, йæ хæдзармæ, Къаралеты2 стыр хъæумæ. Уым ссы- ди æлдарæн йæ гæнахмæ. Æлдæрттæй рæсугъддæр æмæ фæлыст- дæр уыдис, æмæ йæ дуаргæстæ йе ’мсæр æлдар фенхъæлдтой æмæ йæ бауагътой мидæмæ. Æлдар æм куы рахызти æддæмæ, уæд ын Сала йæхи баца- мыдта хæххон æлдар Томайты Бибойы номæй. Йæ къухфыст гæх- хæтт ын фенын кодта æмæ йæ бафарста: — Ацы гæххæтты цы дæс туманы ис фыст, уыдон мын рат- дзынæ, Салайы дын удæгасæй дæ размæ куы ’рбакæнон, уæд? — 6, дæ рын бахæрон, о, дæуæн, куыд уæздан æлдар, афтæ дын ссæдз туманы ратдзыстæм æмæ ма ноджы афицеры пъа- леттæ, æмæ сæдæйы сæр уыдзынæ. — Уыцы хуыцауы æлгъыст мæнæн дæр мæ усы аскъæфта, æмæ мæнæн Ирыстоны æддæмæ ракæсæн нал ис, фидиссаг æмæ худинаг фæдæн, æз ме ’фхæрд æмæ мæ худинаг Салайæн йæ 198
тугæй куынæ райсон, уæд, — загъта йын Сала. — Гъеныр мæн хъæуы дæ хорзæх: Салайы фæстæ æз баурæдтон фæдагурджытæ, уыдон сты иттæг цырд лæппутæ цыппарæй, æмæ нын, абон уа, сом уа, уæддæр нын ничердæм аирвæздзæн. Æрмæст мах стæм æхст æмæ нæмыг хъуаг, æмæ нæм куы фæкæсис топпыхосæй æмæ нæмгуытæй, кæнæ здыйæ; нæмгуытæ нæхуыдтæг рауадз- дзыстæм, иу цъус нæм æхцайæ дæр раздæр фæкæс, искæмæнты нæ, мыййаг, лæвæрттæ кæнын куы бахъæуа. Елызбар-æлдар Салайæн сихор бахæрын кодта, уый фæстæ йæ къæбицмæ бакодта æмæ йын фенын кодта æгас гæрзты дзаг топпы нæмгуыты кæритæ æмæ йын загьта: — Мæ къæбиц дæ бар фæуæд, цас дæ хъæуы, уыйас дзы ахæсс. Уый дæр дзы сæвæрдта, цас æм уыд бынат, уыйас. Фæндаггаг дæр ын радта æртæ ’мæ ссæдз сомы, йæ бæхыл æй сбадын кодта æмæ йæ рафæндараст кодта. Сала æрбацыди æмæ Ерыстауы-фыртмæ ныффыста: «Уæ бæр- зонддзинад, æрттиваг æлдар Елызбар! Ды Салайы сæр æлхæныс æмæ йыл дæттыс дæс туманы. Афтæмæй дын тæккæ зноны бон æз дæхи хæдзары фенын кодтон мæ сæр удæгасæй. Ды мæм хорз цæстæй ракастæ æмæ мæ хорз бахыгътай, æмæ дæ иттæг бузныг дæн, уæлдайдæр бузныг, ме ’хсызгон мын кæй сарæзтай: фæн- даггаг, æхст æмæ мын нæмгуытæ кæй радтай, уый тыххæй. Гъе- ныр дын фæстаджы ныхасæн зæгъын: — Цæмæй дыккаг хатт кæрæдзи мауал фенæм, ууыл сарха- йæм, æндæра хорз нæ рауайдзæн нæ дыууæйы хъуыддаг. Сала». Уыцы фыст Сала æрхаста Чъехы хъæумæ, иу кусæг лæгмæ бацыди æмæ йæ йæ нартхоры хуымы рувгæ баййæфта. Уымæ гæххæтт радта æмæ йын загьта: — Ацы фыст ныххæсс Къаралеты хъæумæ æмæ йæ ратт Еры- стауты Елызбары сæрмагонд къухмæ æмæ фæстæмæ раздæх, дзуапп дæ нæ хъæуы. Мæгуыр лæг балæгъстæ кодта Салайæн: — Ма мæ фесаф, иунæг лæг дæн, æмæ мæ нартхоры хуым æнæ рывдæй баззайдзæн. Сала йын загъта: — Тагъд цæугæ, фæстæмæ дæр мауал фæкæс, де ’рбацыдмæ дæ хуым рывдæй æрбаййафдзынæ. Гуырдзиаг цæуынмæ фæци. Сала Чъехы хъæуыл фæхъæр кодга: — Тагьд, бегара рацæуг хæдзарæн лæгæй, мæнæ мæгуыр лæджы хуым барувут; чидæриддæр нæ рацæуа, уымæн Сала йæ хæдзар- мæ бацæудзæн, æмæ йæхæдæг базондзæн, цы сараздзынæн, уый. Стыр хъæу хæдзарæн лæгæй æрбацыдысты æд къæпитæ æмæ мæгуыр лæджы хуым æмбойны барывтой. Сала та изæры хъæдмæ сфардæг. Гъе уыдон æрцыдмæ хъæлдзæгæй æмæ æнæнизæй цæрут! 199
Цъинубаны мæсыг Наделитæ æмæ Удалитæ1 хъалон истой. Фыстой сын фондз- ыссæдзы фырытæ æмæ сыл фыстæ æд уæрыччытæ. Исгæ та сын сæ кодта моурауæй урæд лæг Медойты Никъо. Уый царди Ахал- гуры2. Адæм фыстой хъалон. Хъалон фидгæйæ хъуамæ æлдарæн ба- хастаис цæрвджын уæлибæх, карк царвы фыхæй. Кæд хуын йæ зæрдæмæ фæцыдаид, кæннод ма йын иу туман бафыстаис. Æлда- ры фырт Ади зылдис хъæутыл хъалонисæг, йемæ чапартæ, ныхмæ чи лæууыди, уый-иу надтой, уæлдайдар дын æлдар куынæ айса дæ лæгъстæ, уæд. Æлдармæ уыди æххуырст адæм гуырдзиæгтæй. Дардта йæхи- цæн искæйон иу селеттаджы, тухæнæй йæ мардта. Иу хатт йæ сæр сапонæй æхсадта. Селеттаг ын дон кодта. Йæ цуры фæрæт уыдис æмæ йæ фелвæста, æлдары сæр дзы атæхын кодта. Селеттаг алыгъди æмæ Цъинубаны мæсыджы сбадти. Æлдары фырт Ади тынг смæсты, адæмыл иу мур дæр нал ауæрста: алы хæдзарæй дæр домдта хъайла, йæхицæн сæ кусын кодта. Уыгæрдæнтæ лæвæрдта æххуырсты: иу хай уымæн, дыууæ хайы дæхицæн, уыимæ йын хуын хъуамæ уыдаид. Уæд Адийæн хæрзгæнæг фæци, зæгьгæ, селеттаг, дæ фыды ма- рæг, ис Цъинубаны мæсыджы. Бабырста йæм Ади, фæлæ йæ мæ- сыгæй чидæр фехста, æмæ амарди, йе ’фсад та пырх ныйисты. Ерыстауты Сала Къаралеты хъæуккаг æлдар Ерыстауты Сала æлдариуæг кодта Лекъуаны хъæуæн1, Къудухты мыггагæн^ Зымæг царди Къарале- ты æмæ сæрд - та - Лекъуаны хъæуы. Йæ адæм дзы фæлмæцы- дысты: цигайыл2 æй куы Къаралетмæ ластой, куы та Къарале- тæй Лекъуанмæ. Дзоныгъыл æй ластой лæгдзæдтæй3. Цъипор сæм æввахс цардысты Лекъуанмæ æмæ тæрхон бай- дыдтой: «Цы ма йын саразæм ацы хуыйæн, — фыдæбонæй нæ мары! Куы нын йæхи ласын кæны дзоныгъы, куынæ цъаламæ4 кæсаг ахсынмæ æрвиты». Уæд æмбырд сарæзтой æмæ Цъипорæй цыппар дзырддзæу- гæмæ фæдзырдтой: Туаты Иосеб, Гарсеуан, Парса æмæ Гиор- гимæ. Æмбырды загътой: «Туаты Иосеб цы зæгъа, ууыл разы стæм!» Уæд Туайы-фырт загьта: «Уæддæр цагъары хуызæн стут æмæ йæ амарут!» Сразы сты æмбырд æмæ Хъанцауты Хъæвдынæн загътой, ды йæ амар, зæгьгæ. Иу бон та йæ адæмы кæсаг ахсынмæ акодта æлдар, йæхи та 200
сын аласын кодта лæгдзæдтæй æмæ сын амыдта, афтæ мæ скъæ- фут, зæгъгæ. Уæд Хъанцауты Хъæвдынмæ топп æмбæхст уыди, æмæ йæ топпы хъæдæй ныццавта. Æлдар фæуæлгоммæ ис. Æрмæст ма ныхъхъæр кодта: «Хозион мæ сдзæбæх кæндзæн, кæугæ мыл ма кæнут!» Лекъуаны адæм та цины куыд кодтой... Æлдар куы амард, уæд йæ дыккаг хæдзæрттæ æрæмбырд сты æлдарæн æмæ агуырдтой: «Чи нын амардта не ’фсымæры?» Хъæу- бæстæ дзырдтой: «Додайы йеддæмæ топп ничи дары æмæ уый уыдаид». Æмæ Додайы фырты уыйадыл Сыбырмæ фесæфтой. Уый фæстæ гыццыл æрулæфыдысты Лекъуаны цæрæг адæм. Лекъуаны æлдар Цъипорæй Бендеры ’хсæн ис Лекъуан. Лекъуаны раздæр цар- дысты Бендеры адæм — Къудухтæ, уымæн æмæ уæд Къудухтæн нæма уыдис цæрæн бынат Бендеры хъæуы. Ныр дæр ма сæрды мæйты сæ фылдæр вæййынц рæздарæны — Лекъуаны. Сæдæ азы размæ Ерыстау-æлдар æд фæсдзæуинтæ бацыд Ле- къуаны хъæумæ — хъалон исынмæ. Уьщис уалдзæг, æмæ æлда- рæн бæстæ йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд дыккаг здæхт бакодта Лекъуанмæ æмæ уым йæхицæн цæрæн бынат æркодта аргъуаны мидæг. Адæм сæ уды катайы фесты. Дзурынц кæрæдзийæн: «Мах бирæгьæй дардмæ куы лыгьдыстæм, æмæ ныр нæ хъæуы мидæг куы ’рцардис!» Лекъуанмæ æввахсдæр цы хъæутæ уыдис, уыдон цæрджытæй бирæтæ сæхи айстой дардмæ. Чи ма баззад æввахсдæр хъæутæй, уыдон Лекъуаны адæмæн загътой: «Уыцы нæл хуыйыл ахæцут æддæмæ, æндæра куы æрцахуыр уа, уæд уæ иууылдæр бахæрдзæн». Лекъуаны адæм бирæ хæттыты сфæнд кодтой æлдары æддæмæ кæнын. Фæлæ йемæ цалдæр фæсдзæуины уыдис, æмæ сæ бон нæ бацис. Бонтæ, къуыритæ цыдысты, æмæ иу бон куы уыд, уæд æлдар сфæнд кодта кæсаг ахсынмæ ацæуын Додаты коммæ, йæ фæс- дзæуинтæ дæр йемæ, ракодта ма хъæуæй дæр цалдæр лæджы. Райсомæй изæрмæ адæмыл зилын кодта доны, йæхæдæг доны кæрæтты хъазгæ цыди дыууæрдæм. Уыцы бонæй фæстæмæ адæмы бегарайы кæнын райдыдта кæсаг ахсынмæ. Хъæутæй йæм дæрддзæф чи уыдис, уыдон та йын сæхуыдтæг ахстой кæсаг æмæ йын сæ хастой уырдæм. Адæмыл сæвæрдта царвы хъалон дæр — ис дын æви нæ, уæд- дæр бахæсс æлдарæн царв, кæннæуæд мæгуыр дæ бон! Алы бон та хъæутæй бæхтæ кодта йæхицæн æмæ йæ фæсдзæ- уинтæн. Додаты комæй Лекъуаны астæу цы хæрд ис, уым сыл дугьтæ уагъта, æмæ бæхтæ цагъды кодтой. 201
Афтæмæй адæмæн сæ уд сæ хъуырмæ сси. Зымæг æрцыди. Мит ныууарыди. Дон ныйих. Комы бæх ацæ- уæн нал уыд. Фæлæ уæддæр Ерыстауты Мамамзе йæ кæсаг ахсын нæ ныууагъта. Саразын кодта цалдæр лæгдзоныгъы, адæмы-иу сифтыгъта дзоныгътыл æмæ-иу сын æрласын кодта йæхи коммæ. Райсомæй изæрмæ-иу ихджын доны ныххизын кодта адæмы, стæй та-иу æй изæры сластой Лекъуанмæ. Адæм уыцы уазалы басыдысты, æмæ уалдзæг куы ’рцыд, уæд- дæр Лекъуаны хъæуы адæмæй иу йæ уæрджытыл нал лæууыд. Адæм сæ зæрдæтæм ныккастысты, йæ сæрыл уæлæмæ ничи- уал хæцыд, иууылдæр зæхмæ æдзынæг хъуыстой. Искуы-иу куы батымбыл сты, уæд-иу сæ кæрæдзийæн дзырдтой: «Адæмы ны- хас ныл æрцыд, мæнгæй нын нæ амыдтой: адде кæнут уыцы нæл хуыйы». Иу бон æлдар ацыди быдыры хъæутæм хъалон исынмæ. Адæм куы базыдтой, Ерыстау-æлдар ацыд, уæд кæрæдзийæн хæрзæггу- рæггæгтæ лæвæрдтой — афтæ банхъæлдтой, зæгьгæ, нал æрбаз- дæхдзæн. Æрæмбырд сты Лекъуаны хъæумæ, бирæ фæныхас код- той, фæлæ сæ ныхас кæрæдзийыл нæ сæмбæлд. Æрæджиау Цъипоры хъæуæй æрбацыд иу зæронд урсзачъе лæг, йæ къæдз лæдзæджы æнцæйтты, Туаты Гарсуан. Адæм ын уырдыг слæууыдысты. Гарсуан сын салам радта æмæ йæхæдæг уæлкъуыбырмæ бахызти. Гарсуан байхъуыста адæмы ныхæстæм æмæ сын загъта: — Байхъусут мæм, хорз адæм. Æркæсут-ма мын мæ сæрмæ — къухы уырз кæм æрæвæрай, уыйас дзы æнæхъæн нал у. Уæраг- саст æмæ цонгцъæлтæ фæдæн æлдæртты нæдтытæй. Кæсут мæм, æнæ бон æмгъуыдæй мæрдтæм феввахсдæр дæн. Мæ цард хæс- сынхъом нал дæн. Ныр уын уый зæгъинаг дæн, æмæ бирæгъ кæдæм сахуыр уа, уырдæм ын æнæ цæугæ нæй. Афтæ ма зæгьут: нæ фыдгул нал æрбацæудзæн. Адæм иууылдæр зæхмæ ныккастысты æдзынæг. Гарсуан дарддæр загъта: - Нæ удæгасæй нæ мæлæт хуыздæр у. Хъæудзырд бакæнæм æмæ нæ фыдгул знаджы мæрдтæм барвитæм. Хæлттæ аппарæм, æмæ кæй хал схауа, уыдон арвитæм Бендеры сæрмæ, Църиайы фæстæ цы хъæд ис, уырдæм, уымæй хуыздæр амал никуы ис æлдар æмæ йæ фæсдзæуинтæ амарынæн. Хæлттæ аппæрстой æмæ схаудта Туаты Тотайы, Къудухты Митъойы æмæ Туаты Естъайы хал. Дыууæ боны æмæ дыууæ ’хсæвы уым фæбадтысты Естъа, Тота æмæ Митъо. Æртыккаг бон изæры, галтæ уадзын афон, фæкас- тысты, æмæ дæлæ Църиайы зæнгыл, уæлбæхæй хъазгæ, æрба- цæуы Ерыстау Мамамзе æртæ фæсдзæуинимæ. 202
Естъа загъта йе ’мбæлттæн: - Æлдары мæ бар уадзут, иннæты цæвут. Куыдцæр бахæццæ сты, афтæ Тота æмæ Митъойы хъримæгтæ æрвнæрæгау ныккодтой, æмæ æлдары фæсдзæуинтæ сæ сæртыл бæхты раз хъил ныллæууыдысты. Естъа бæргæ хорз бахъавыд, фæлæ йæ топпы сампал бауы- мæл æмæ не схæцыд. Цалынмæ Естъа йæ топпы хъусхос ивта, уæдмæ æлдар Църиа- йы рæгътыл зулмæ йæхи айста. Фæлæ Естъа хæрзарæхст кæм нæ уыдис! Фæндагмæ уыцы гæпп æркодта æмæ йæ иу къахыл æрхаудта: - Æтт, мæ худинаджы рæстæг куыд æрцыдис! — Уыцы иу хъавд фæкодта, æмæ Ерыстау Мамамзейæн Естъайы нæмыг йæ риуæй цалдæр бæрцы атыдта. Естъа худгæ цæстæй фæкаст фæстæмæ æмæ загьта йе ’мбæлпæн: - Авæрут мæм æхсæнгарз, кæннод сæ лæппын фæирвæзы! - Уыдон дæр ын ифтыгьд хъримаг йæ къухты фæсагьтой. Дыккаг хъавд фæкодта, æмæ æлдары фæсдзæуин дæр йе ’мбæлтты бай- йæфта. Адæм алы хъæутæй æнæзонгæ фæдистæ кодтой. Цыма уыдон ницы базыдтой, уыйау, фæдсафынæн. Цалдæр боны фæстæ падцзахы æфсæдтæ Лекъуан æмæ Цъи- поры хъæуты æрæнцадысты. Адæмы скъæтты кодтой, сæ царм сын надæй ластой. Цы чысыл фостæ ма сæм баззад, уыдон сын хордтой. Цасдæр рæстæджы фæстæ Естъа, Тота æмæ Митъойы Сыбырмæ ахастой, æмæ уым амардысты. Фидары мæсыг Гнугъы комы æмæ Æлбиры1 комы дон кæм баиу сты, уым ис Фидары мæсыг. Мæсыгмæ бацæуæн ис æрмæст чъылдымырды- гæй, разырдыгæй йæ дыууæ фарсы дæр сты цъæх айнæг къæдзæх. Гнугъы зымæгон фæндаг у мæсыгæн йæ хæд рæзты. Бирæ азты размæ Ерыстау-æлдар Фидары мæсыгмæ барвыста мæсыггæстæ, цæмæй йæм хохы цæрæг мæгуыр адæм ма уæнды- даиккой. Фыццаг Ерыстау-æлдар лæвæрдта мæсыггæстæн хæри- наг, уый фæстæ уыдон хардз дæр хохы цæрæг адæмы ’ккой сæ- вæрдта. Уыдон хъæбæрхоры кæрдзын нæ хордтой, æмæ мæнæу та хохы нæ задис. Афтæмæй сын мæнæу æлхæдтой быдыры æмæ йæ хастой бæхтыл. Бæх кæмæн нæ уыд, уый та æккойæ хаста. Мæсыггæстæ адæмы тыхсын кодтой, уæлдайдæр та — зымæ- гон. Кодтой сæ бегарайы мит сæрфынмæ, чи-иу бафæстиат, уый та надтой. Нал уагътой хъæуæй-хъæумæ æдæрсгæ ацæуын. Хъæууон адæм-иу кæрæдзимæ бадынмæ куы фембырд сты, уæд- 203
дæр-иу сæ мæйгæйтты ныккæндты дардтой, сæ над та сæ уæлдай. Фидары мæсыгмæ æввахс, Æлбиры хъæуы фарсмæ, фæндаг- гæрон, Фалæсыхы, зæгъгæ, уым цардысты æртæ ’фсымæрæй: Сабанты Симон, Богьи æмæ Чермен. Уыдон уыдысты тынг хъа- руджын, никæмæй тарстысты, æмæ сæм æлдары фæсдзæуинтæ дæр тынг ныфсхаст нæ уыдысты. Архайдтой сыл сæхирдæм раз- дахыныл дæр. Фæлæ сæ уыдон хъуыды дæр нæ кодтой. Цасдæр рæстæджы фæстæ Симон æмæ Богьи сæ кæстæр æфсы- мæр Черменæн ус ракуырдтой Бендеры хъæуы Къудухтæй. Уал- дзæджы Чермен ус хъуамæ æрхастаид. Уый бирæ фæдзырдта йе ’мгæртгæн, фæлæ йын чындзхæссæг ничи ауæндыди мæсыггæстæй. Гæнæн нал уыдис, æмæ тæккæ Дауджыты рæстæджы йæ хис- тæр æфсымæр Богъиимæ ацьщис ус хæссынмæ. Ерыстау-æлдар цалдæр фæсдзæуинимæ Сланты цæгаты сæм- бæлдысты чындзхæсджытыл. Баиу кодтой сæ фæндаг æлдар æмæ чындзхæсджытæ. Æрæджиау æлдар бафарста чындзхæсджыты: — Кæцæй цæут? Науæд кæдæм цæут? Богъи ахъуыды кодта æмæ æрæджиау загьта: — Цæуæм Бендерæй Æлбиры хъæумæ. — Уæдæ цæугæут немæ! — загъта æлдар. Инаурийы бын коммæ куы бахæццæ сты, уæд уыцы ран уыдис сæ фæхицæны бынат: Богъи æмæ Черменæн — цæгатыл, æлда- рæн та — кæмттыл. Æлдар бæх фæурæдта æмæ сын загьта: — Сымахæн ацы фæндагыл цæугæйæ нæу. Рацæут Фидары мæсыгмæ æмæ уырдыгæй уæхимæ ацæудзыстут. Богъи æмæ Чермен хорз зыдтой, уыдон Фидары мæсыгмæ куы бацæуой, уæд чындз кæй нал акæндзысты, æмæ уыдонмæ æндæр фæнд уыдис. Богъи æхсаргард размæ æрбазылдта æмæ загъта: — Мах Фидары мæсыгмæ хицæн хъуыддаг ис! Æлдар уыциу хъæр фæкодта: — Ныртæккæ мын чындзы мæ хъæбысмæ æрбаппарут, иннæ- ты та бæхты къæдзилтыл бабæттут. Богъи æмæ Чермен сæ гæрзтæм фæлæбурдтой æмæ фæсвæн- даг алæууыдысты... Чындзхæсджытæ æмæ æлдары фæсдзæуинтæ кæрæдзи цъыччытæ кæнын райдыдтой. Æлдар та фæсвæндагæй хуыйы каст кодта. Фæсдзæуинтæй æртæ фæмард ис. Æлдар йæ- хицæн дæр фæтарст æмæ дон-дон фæлидзæг, фæлæ йын Богъийы нæмыг йæ рахиз цонг йæ тæккæ бындзарæй акъуырдта. Се знæгты куы фæсырдтой, уæд Богьи æмæ Чермен сæ чын- дзы фæндаджы кæрон уæлгоммæ хаудæй сæййæфтой: æлдары нæмыг йæ риуыл сæмбæлд, æмæ дзыхъмард фæци. Дыууæ комы фæрсты топпы нæмгуытæ æрвнæрæгау кодтой, æмæ Симоны æрхонгæ адæм базыдтой, чындзхæсджытыл цыдæр 204
фыдбылыз кæй сæмбæлд. Адзем рафæдис кодтой. Æлдары фæс- дзæуинтæй дæр ма чи аирвæзт, уыдон Фидары мæсыгмæ фæдис хъæргæнæг нызгьордтой. Симон йе ’рхонгæ адæмимæ рафæдис кодта Цæгатыл, Фида- ры мæсыггæстæ та кæмтты, æмæ иу ран кæрæдзиуыл ралæууы- дысты кæрдгæй æмæ топпытæй. Аходæн афонæй изæрмæ фæхæ- цыдысты. Изæры æлдары фæсдзæуинтæ Фидары мæсыгмæ сæхи айстой, фæлæ се ’рдæг дæр нал бахæццæ уырдæм. Хæстон адæм æрхъула кодтой мæсыгыл æмæ мæсыггæсты æддæмæ ракæсын нал уагътой. Цалдæр боны фæстæ мæсыггæстæ суынгæг сты æнæ донæй. Гæнæн куынæуал уыдис, уæд сæхи рад- той, фæлæ сæ мæсты адæм удæгасæй иуы дæр нал ауагътой. Ерыстау-æлдар куыддæр Къаралетмæ æрхæццæ, афтæ фехъу- сын кодта пъæлицæмæ. Йæ уæлвæд Къаралеты уынгтæ падцзахы æфсадæй сау-сауид адардтой. Æфсæдтæ рацыдысты хохы адæммæ хæцынмæ. Тынг сындæг цыдысты, хъæуæй-хъæумæ семæ тыхæй кодтой фæндагамонджытæ. Цы хъæумæ-иу æрбахæццæ сты, уым-иу фос æмæ хойраджы мыггаг аскъуыдтой, адæмæн сæ над та сæ уæлдай. Паддзахы æфсæдгæ Бихъары хъæумæ куыддæр бахæццæ сты, афтæ Чермены каистæй сæ иу дзырдхæссæг фæци Æлбиры хъæумæ. Хъæутæ кæрæдзимæ фехъусын кодтой. Цалдæр хъæуæй æрæм- бырд сты Мусуаты фæзмæ. Симон алы хъæумæ дæр арвыста, цæмæй сæ фос æмæ сæ сабиты баууон кæной. Арвыста ма Гæнасур æмæ Суацхуры хъæу- тæм дæр, рацæут хæстмæ, зæгъгæ. Стæй бафæдзæхста куырд Са- банты Елуайæн хæцæн дзаумæттæ саразын. Тынгдæр сæ хъуыдис æхсаргæрдтæ æмæ нæмгуытæ. Цалынмæ паддзахы ’фсæдтæ хæццæ кодтой, уæдмæ Суацху- ры æмæ Гæнасуры хæцæг адæм æрхæццæ сты Мусуаты фæзмæ, æмæ сыл Симон, цы хæцæн дзаумæттæ саразын кодта, уыдон байуæрста. Афтæмæй Симоны æфсæдтæ Фидары комæн йæ дыууæ фарсы дæр бацахстой, сæ тыхджындæр тых та уыдис Фидары мæсыджы. Цалдæр боны фæстæ падцзахы ’фсæдтæ бахæццæ сты æмæ æрурæдтой чысыл æддæдæр Инаурийы бын, Дзухдоны фæзы. Симон дæр уæлбæхæй Уацилла æмæ Быттаты зæнгыл дыууæр- дæм цæргæсау ратæх-батæх кодта. Иу сæумæраджы Быттаты зæн- гæй йæ къухы аууонæй акаст æмæ ауыдта: Дзухдоны фæз æнæхъæ- нæй саудалынг адардта паддзахы æфсадæй. Симон фæстæмæ фæзылд, Быттаты мæсыгæн йæ сæрмæ схызт, хус сыфтæры къона ссыгъта, æмæ хæцæг адæм дæр æмæ хъæутæй алидзæг адæм дæр базыдтой: æфсад æрбахæццæ сты. Æлдары ’фсæдтæ комы дыууæ фарсы апырх сты æмæ ми- дæмæ хæцгæ цæуын райдыдтой. 205
Цалдæр боны, цалдæр æхсæвы адæм паддзахы ’фсæдтимæ æвирхъау хæст фæкодтой, фæлæ фæстагмæ хъæууон адæмæн топ- пыхос æмæ нæмыг нал уыдис, æмæ уæд сæ бон нал бацис пад- дзахы ’фсæдты бауромын. Ныууагьтой Фидары мæсыг, сæ хæ- цæн бынæттæ дæр æмæ Тодазеты мæсыгмæ сæхи айстой. Тодазеты мæсыгæн йæ бын къаннæг уыдис. Фæлæ уыд тынг бæрзонд, фондз уæладзыджы, бацæуæн та йæм æрмæст разæр- дыгæй уыдис. Мæсыгæн йæ хæд фарсмæ цардис цыппар хæдзары Тодазе- тæй. Фыццаг уыдон сæ мæсыджы ныфсæй ничердæм алыгъдыс- ты, стæй сæм хæцæг адæм куы бацыдысты, уæд та сын алидзы- ны амал нал фæци. Паддзахы ’фсæдтæ мæсыгæн йæ алывæрстæ æрцахстой, фæлæ сæ нæмыг мæсыджы хуылфмæ зиан ницы кодта. Уæд, мæсыдясы цур цы хæдзæрттæ уыдис, уыдоныл арт бафтыдтой, æмæ мæсыг фæздæгæй байдзаг ис. Адæм тынг суынгæг сты æмæ ахизæм, зæгъгæ, загътой: — Уæддæр нын ам æнæ аскъуыйгæ нæй, æмæ ма арвы рухс уæдцæр фенæм. Уæд дын Симон æмæ Чермен кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой æмæ загътой: ~ Махæн уæддæр удæгасæй ауадзæн нæй, æмæ ма не ’фсы- мæрты туг æмæ нæ мæгуыр адæмы туг уæддæр райсæм! Симон фæхъæр кодта адæмыл: - Ахизут ныртæккæ æмæ зæгъут, зæгъгæ, ма мæсыджы хуыл- фы бирæ адæм баззад. Куыдцæр ахизат, афтæ-иу уæхи бахибар кæнут! Адæм мæсыгæй куыддæр рахызтысты, афтæ сыл паддзахы ’фсæдтæ бакалдысты, фæлæ уыдон æфсæдты ’хсæнты чысыл æддæдæр ацыдысты. Паддзахы ’фсæдтæ куыддæр фæтымбыл сты, афтæ Симон æмæ Чермен мæсыгæн йæ хуылфæй кардæлвæстæй рагæпп код- той æмæ æфсæдты ’хсæн фæмидæг сты. Уым, зад хуымы, куыри- стау, фæлдæхтысты æфсæдтæ. Фæлæ Симон æмæ Черменæн цас сæ бон бауыдаид — утæппæт æфсæдтæ сыл æртымбыл сты æмæ сæ амардтой. Тодазеты мыггаджы та бынтон ныццагьтой. Уæдæй фæстæмæ мæсыгæн йæ ном баззад «Тодазеты мæсыг», зæгъгæ. Мæсыгæн йæ фарсмæ цы хæдзæрттæ уыди, уыдонæн дæр ма сæ систæ æрдæгхæлдтытæй лæууынц, «Тодазеты хæдзаруæттæ», зæгъгæ. Цалдæр боны фæстæ паддзахы ’фсæдтæ аздæхтысты фæстæмæ, хъæууон хæцæг адæмæй ма удæгас чи баззад, уыдон ахастой Сы- бырмæ, æмæ сæ иу дæр нал сæмбæлдис йæ хæдзарыл. Фæлидзæг адæм куы базыдтой, паддзахы ’фсæдтæ фæстæмæ ацыдысты, уæд æрыздæхтысты, сæ хæдзæрттæ хæлд æмæ хастæй æрæййæфтой. 206
Тъатъе æмæ Сандро Сандро æлдармæ æххуырсты уыд, фæкуыста йæм, фæлæ йын уый йæ мызд нал радта. Расырдта йæ. Уæд Сандро загъта: «Уæдæ æз дæуæн мæ куыст куы ныууадзон, уæд лæг нæ уыдзынæн». Сæмбал кодта Тъатъе æмæ найраг Алексиимæ. Иумæ бацыдысты æлдармæ æмæ йын йæхи дæр амардтой æмæ йын йæ фæллой дæр байстой. Стæй сабырæг сты. Æлдæрттæ сæ бахастой хицæупæм, æмæ сæ фæстæ зилын бай- дыдтой стражниктæ æмæ урядниктæ, пъырыстыфтæ. Хуыцьейы цъалайы хæцыдысты, хæст сæм уым æрцыд Дзауы. Сандройæн уым йæ зæнг фæцæф и, фæлæ уæдцæр раирвæзти, Тъатъейы æрцах- стой æмæ Алексийы дæр. Уый фæстæ Сандройы дæр æрцахстой. Сандройы æмæ Тъатъейы æрцауыгьтой. Сандро дыууæ скъуыд акодта йæ бæндæн. Фыццаг хатт аскъуыдта йæ бæндæн, æмæ йын æрцауындзыны бар нал уыд, фæлæ тарстысты, зæгъгæ, куы аирвæза, уæд та фесафдзæн æлдæртты, æмæ йæ дыккаг ауыгьд скодтой. Тынг сæ старстысты Гуырдзыстоны æлдæрттæ. Уый фæстæ сыл «Тохы зарæг» зарыдысты: Уæй, фыййæутты дарæн сæнарæй баззад, Ацы хьуыддаг махæн нæ мадæй баззад. Мах стæм найраг, Чи нæ уадза, уымæн стæм бараг. Кæннæуæд стсем æлдæртты марæг. Сычъийы сæныкк дзидзийыл баззад, Мæнæн мæ тугисæг дзидзийыл баззад. Дзауы уæрдæттæ нын тулгæ нал кæнынц, Нсе тæссæй æлдæрттæ худгæ нал цæуынц. Хуыбиаты Уасо Уасо «бунтгæнджытимæ» куы алыгъд, уæд уыцы заманы ра- куырдта Астæуккаг Цъубены чызг æмæ йæм ныууагъта нысан. Иу хатт Уасо йæ каистæм æрцыд уынынмæ. Уыцы заманы чидæр хъазахъмæ хæрзгæнæг фæцис, æмæ уыдон æрбацыдысты цыппарыссæдз барæгæй, æрхъула кодтой хæдзарыл. Фынддæс хъахъхъæнæджы та æрлæууыдысты хæдзары дуармæ гæрзифтон- гæй. Сæ хистæр — ирон лæг — бадзырдта Уасомæ, дæхи дам, ратт, зæгъгæ. Уасо йæ хъама фелвæста æмæ рагæпп кодта се ’хсæн- ты. Хъазахъхъ æй фехстытæ кодтой, фæлæ нæ фæцæф ис, аир- вæзт æмæ Цъиры хуссары бамбæхст. Иу мæйы фæстæ Уасо æрцыдис дыууадæс æмæ ссæдз барæ- гимæ усхæссæг. Æрцæттæ кодтой чындзæхсæв æмæ куыддæр æрбадтысты, афтæ сæм иу лæппу хæрзгæнæг фæцис: хъазахъхъ, 207
дам, æрбацæуынц. Чындзхæсджытæ абадтысты сæ бæхтыл æмæ сæ чындзы дæр семæ акодтой. Хъазахъхъ æрбахæццæ сты цъус фæстæдæр æмæ чындзæхсæв бахордтой. Уасо йæ усимæ хъæдмæ алыгъд. Ус хуындис Олинкъа. Ал- выдта йæ сæрыхил, скодта лæджы дарæс æмæ цард хъæды йæ лæгимæ. Иу хатт та Уасойы йе ’мбæлттимæ хъазахъхъ æрæййæфтой Цъубены. Бирæтæн ма сæ къухы бафтыд алидзын, фæлæ Уасо æмæ Ладойæн нал фæци алидзыны фадат. Уæд Уасо йæ хæцæн- гарз нымæты бын фæкодта æмæ араст хъазахъхъы æхсæнты. Хъа- захъхъ ницы фæфиппайдтой, æмæ аирвæзт. Иу чындздзон чызг та Ладойы бамбæхста чырыны. Хъазахъхъæн сæ къухы ницы баф- тыдис æмæ араст сты. Уасо сæ куы сфæлмæцыд, уæд алыгъдис Хромисцъхъаромæ æмæ уым æфцæгыл лæгæт сарæзта æмæ йæ зымæг æрвыста уым. Уым ма уыдысты Дриаты Антъон, Чертхъоты Уасил, Плиты Пируз æмæ æндæртæ. Иу хатт лæгæты арты хъарммæ залгъæд дидинæг рафтыдта. Уасо уыцы рæстæджы цыдис сæхимæ Булгъурмæ æмæ дидинæг йемæ ахаста. Æмæ йæ арвыста хицауадмæ ахæм ныхасимæ: «Æз ахæм ран дæн, зымæджы дæр дидинæг кæм æфтауы». Хицауад дæр æй уæд нал агуырдтой. Пухаты Иликъо Иликъо абырæг уыдис æмæ стыгъта æрмæстдæр бонджынты, фæлæ мæгуыртæн та æххуыс кодта. Тæхгæ поездыл-иу сгæпп кодта æмæ-иу, фыццаг къласы вагоны цы адæм уыдис, уыдоны-иу ба- стыгъта æмæ-иу уайтагъд фæстæмæ рагæпп кодта. Кæмдæрид- дæр-иу федта мæгуыр адæм, уым-иу сын баххуыс кодта кæм æхцайæ, кæм та, йæ къухы цы уыдис, уымæй. Иу хатт дын иу лæг æмæ ус кæугæйæ рацæйцыдысты фæнда- гыл, æмæ сыл фембæлдис Иликъо. Уый дын сæ бафарста, цæ- уыл кæут, зæгъгæ. Æмæ йын уыдон афтæ: «Цыдæриддæр нæм уыдис, байста нын сæ Пухашвили æмæ нæ сбæгьнæг кодта!» Æмæ дын уæд адаргь кодтой сæ къухтæ æмæ бацамыдтой, абырджытæ чердæм ацыдысты, уый. Иликъо дын сæ йемæ акодта æмæ йæхæдæг атагъд кодта æмæ дын сæ баййæфта хъæдрæбын. Æрлæууын сæ кодта æмæ дын лæг æмæ усæн афтæ: «Кæцы уын раласын кодта уæ пысултæ?!» Уыдон ын бацамыдтой «Пухашвилийы». Æмæ дын сæм лæдзджытæ радта дыууæмæ дæр æмæ сын афтæ: «Гъеныр нæмут!» Ус æмæ лæг райдыдтой лæдзджытæй нæмын уыцы «Пухаш- вилийы». 208
Сæ байсæггæгты сын фæстæмæ раттын кодта Иликъо уыцы ус æмæ лæгæн æмæ сæ арвыста. Йæхæдæг дын сын афтæ: «Пу- хашвили æз мæхæдæг дæн5 фæлæ мæ номæй афтæтæ кæнынц æмæ мæ худинаг кæнынц». Иу хатт дын сæхирдыгæй кæмдæр, нæ зонын, цы ’гъдауæй, Иликъойы цурмæ бацыд цавæрдæр стражник, йæ дамбаца æмбæх- стæй, æмæ Иликъоимæ ныхас кодта. Иликъойæн йæ хæцæнгарз уыдис бæласыл хъил, æмæ уыцы лæгæй та æнхъæл ницы уыдис. Афтæмæй дын æвиппайды Иликъойы фехста, æмæ лæг ахаудта йæ бынаты. Стражник уайтагьд ныххæццæ ис Карелмæ1 æмæ уым фехъусын кодта, зæгъгæ, Иликъоимæ схæцьщ æмæ йæ амардта. Зурайы кадæг Бихъаргомы1 царди Зура Елаурты. Уыдон уыдысты æртæ æфсымæры, цардысты иумæ. Æлдар Лоладзе Самсон, Медзырс- хеуы цæрæг, уый сын тыхæй фидын кодта хъалон, афтæмæй йæ къухы дæр нæ уыдысты, æмæ йын загътой: — Мах дæуæн цæмæн бафиддзыстæм, ды не ’лдар куынæ дæ! Уый бирæ фæзылдис, фæлæ йæхицæн йæ бон куынæ бацис, уæд сæм æркодта Ахалгурæй стражникты. Иу дзы уыди Дзимы- раг Цыгъойтæй, иннæ уыд Къæбысты Агоз. Уыдон сæм æрба- кодта уыцы æлдар æмæ сын загъта: — Гъеныр ма цы зæгъдзыстут, сар мын уæ къона кæны, æнæ фидгæ уын нал ис хъалон! Фидын сын кодта æхсæз абази, фæлæ лæппутæ загътой: — Мах дæуæн нæ бафиддзыстæм хъалон! Найы куыстой усæй, лæгæй. Уæд хистæр æфсымæр Кито загьта: — Сабырæй баныхас кæнæм. Стражник загъта: — Демæ нæ ныхасмæ не ’вдæлы! — Æмæ бахъæлæба сты. Уæд стражник топп фелвæста æмæ йын æй йæ синтыл ныццавта. Лæг уым найы афæлдæхт æмæ ныхъхъæр кодта йе ’фсымæр Зу- рамæ: — Марадз, амардтой мæ! Зурайыл дуар æхгæд уыди æддейæ. Дуар асаста æмæ сæм ра- уади найы цурмæ, фæрæт йæ къухы, афтæмæй. Стражникты уыцы минут фæмард кодта мусы мидæг фæрæтæй. Сæ иу æфсымæр Тъарел дæлейæ æрбацæйуади, æлдар та фæ- цæйлыгъди йæ бæхмæ, æмæ йыл амбæлдис, йæ ныхыл ын наган фæкодта, æмæ уый дæр фæмард сæ цуры. Йæ бæхмæ бауади æлдар, фæлæ æлвæст нæ уыд йæ саргъ æмæ йын фæзылдис,— уæд ли- дзынмæ фæцис. Зура стражникты топп райста, хъатара æркодта йæ уæлæ, 14 Ирон таурæгътæ 209
фæлæ топпæй æхсын нæ зыдта. Сæхицæй зæронд лæг уыдис Да- тикъо, æмæ йын æй уый ацамыдта, æмæ йæ уæд райдыдта æхсынтæ. Фæсырдтаид æй иу километр æмæ æрдæг, афтæмæй йæ ссардта. Æлдар хуссары бамбæхстис къодахы фæстæ æмæ йæм куы сцæйцыд, уæд та йæ фехста æлдар, фæлæ йын нæ фæцæф. Стæй йæ Зура йæхæдæг фехста, æмæ нæмыг сæмбæлди наганы цалхыл, æмæ йын нал куыста. Зура йæм æввахс куы ссыд, уæд хъама фелвæста æлдар. Уæд æй Зура фехста, стæй йын йæ хъама йæ къухтæй ратыдта æмæ йын æй йæ гуыбыны бацавта, йæ тъæнгтæ ракалдысты. Аластой йæ уырдыгæй æмæ йæ иннæ мæрдтимæ æрæвæрдтой, æмæ йæм фæцыдысты алырдыгæй хицæуттæ, Гу- рæй Душетмæ чи уыд, уыдон: стражникæй, пъырыстыфæй. Зура нæ алыгъдис, æрцыди сæм. Стæй йæ бабастой æмæ йæ адæмæн æмбисонд фæкодтой, сау над æй фæкодтой. Фæлæ иу ирон лæппу уыди хъуыдцаг æвзарæг æмæ йæ уый нæ бауагьта марын. Аластой фондз марды дæр уырдыгæй, суанг сæ Медзыр- схеумæ нылластой, уым сæ федтой дохтыртæ, алчи йæ марды аласта фæйнæрдæм. Зурайы акодтой Душетмæ æмæ йын алыг и фынддæс азы. Афæдз æмæ æрдæг куы фæци, уæд æй æрæййæфта Советон хи- цауад, рауагътой йæ, æмæ бацыди Сырх Æфсадмæ. Æхсæз мæйы дзы куы фæцис, уæд æй ссæрибар кодтой. Абон дæр кусы Зура æмæ у партион. Уый фæстæ йыл Иры лæппутæ зарæг скодтой: Ардисы сæр, дам, нын Безеткар, Зура Датикъомæ бадзуры: - Ардæм-ма мын æрис мæ берданкæ, Уæлæ мын куыдз фæирвæзы. Хоры, дам, байтыдтой уæд дикъайы æфсон. Лоладзейы Зура рамардта, — Кæд æй фæкодтой Цатикъайы æфсон. Уæлæ, дам, рагъыл, уæй, халон ныммард; Лоладзейæн Медзыдайы йæ хьал бон ныккалд.
БЫНÆ ТТОН ТАУРÆГЪТÆ
ÆГЪДАУЫ ТАУРÆГЪТÆ Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры Хуыцауыуарзон æртæ æфсымæры уыдис. Цардысты тыхджын фыд мæгуырæй, æмæ сæ цардæй сæ зæрдæ сфæлмæцыд. Сæ хис- тæр æфсымæр иу бон загъта: «Æз хъуамæ фесафон мæ сæр». Рараст кодта æмæ байдыдта цæуын. Сау хъæдмæ фæцыд æмæ уым бæласы сæрмæ схызт. Уыцы ран фæкуыдта. Уæд æм Уастырджи æввахс цæуы æмæ йæм хъусы. Уый фæ- куывта бæласы сæр: «Гъе Хуыцау, мæгуырæй дæр фæцардтæн, ацы сау хъæдтæ мын сæндæттæ уæддæр куы фестиккой». Уастырджи ехс æркъуырдта зæххыл, бæстæ арвау ныннæрыд. Хуыцауыуарзон лæппуйæн сæндæттæ фестадысты уыцы хъæдтæ. Нæ йын равдыста Уастырджи йæхи, афтæмæй атахти уæларвмæ. Куыд нæ ныхъхъæзныг уыдаид уыцы лæппу! Уый кæстæр æфсымæр загъта: «Æз дæр фесафон мæ сæр». Араст кодта уый дæр къæдзæхы сæрмæ. Уырдыгæй хъуамæ рап- пара йæхи æмæ катай кæны: уд адджын куыннæ у! Кæуы уыр- дыгæй æмæ кувы Хуыцаумæ: «Гъе Хуыцау, мæгуырæй дæр бирæ фæцардтæн, ацы хуыртæ мын фосы дзугтæ уæддæр куы фес- тиккой». Уæд та йæм Уастырджи хъусы, æмæ бæстæ æмæнкъуыст нык- кодта: фосы дзугтæ фестади бæстæ. Уастырджи дæр та афардæг уæларвмæ. Сеппæты кæстæр æфсымæрæн нал уыди йæ бон æххормагæй æмæ бæгънæгæй. Рацыди къæсæрмæ æмæ уыцы ран кæуы: «Хуы- цау, гормон, уæд та мæ ахæм ус куы фæуид, æмæ æз ам куынæ уон, уæд æм уазæг куы ’рцæуа, уæд-иу ын хæрдæй æмæ нуæзтæй æгъдау чи раттид». Стæй та йæхиуыл фæхудти: «О, уынгæджы фæуа мæ хæдзар, æмæ мæ хæдзары куы ницы и, уæд ын цæмæй ратдзæни æгъдау?» Уастырджи хъусы уымæ дæр, рабадтис иу гæбæр бæхыл, кæр- 213
цы къæрит æрбакодта йæ уæлæ, афтæмæй æрбазылди йæ рæзты æмæ йæм дзуры: — Байриай, мæгуыр лæппу! — Хуыцауы хорзæх дæ уæд, ме ’мхуызон мæгуыр лæг! — Цы кæныс, цæуыл кæуæг дæ? — Куыннæ кæуон, бахæринаг мын нал и, æмæ æххормагæй мæлын! — Цом уал мемæ, кæугæ ма кæн, æз дæр де ’мхуызон мæгуыр лæг дæн. Калачы мæликк йæ чызджы чындзы æрвиты æмæ уый чындзæхсæв кæны, уыцы ран уал бафсаддзыстæм нæхи, стæй бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы: искуы та исты баййафдзыс- тæм, кæнæ хист, кæнæ куывд. ~ Æмæ æз куыд ацæуон, мæ уæлæ куы никуы ницы ис, уæд мæ йæ цуры чи ’руадздзæн бадын? — Цом мемæ, тæрсгæ ма кæн, æз дæ бафсаддзынæн искæуылты. Йæ бæхы фæсарц æй сæвæрдта Уастырджи æмæ йæ ахаста уырдыгæй. Ныццьщысты Калакмæ чындзæхсæвмæ, æмæ Уастырджи дзуры мæгуыр лæппумæ: — Дæу бадын ничи ’руадздзæни, фæлæ-иу раст сиахсы цур слæуу; сиахсмæ хай æмæ нуазæнæй цыдæриддæр цæуа, уыдо- ныл-иу дæхи ныццæв æмæ сæ-иу хæр, нуаз; тæрсгæ ма кæн æппын- дæр, æз дæ цуры куы уон, уæд; фæстаджы бонмæ сæ ныхас мæнмæ æрхаудзæни, стæй сын уæд æз мæхæдæг хос кæндзынæн. Бацыдысты чындзæхсæвмæ. Уастырджи йæ кæрцы зæрондимæ æрбадти дæлæуæз кæмдæр, лæппу та æрлæууыди сиахсы цур, æмæ йыл худынц адæм тыхджын: «Ацы бызгъуыртæ лæппу куыд уæнды сиахсы цур лæууын?» Уастырджи сæм дары йæ хъус. Уæд ракуывтой хистæртæ уæлейæ, рарвыстой сиахсмæ кувæг- гаг. Мæгуыр лæппу сыл ныццавта йæхи æмæ сæ ахордта, анызта. Уæд фæхудтысты адæм бирæ: «Ацы хъæддаг лæппу кæцæй æрцыди, æппын куыд никуы ницы федта». Ракуывтой дыккаг хатт æмæ та рарвыстой ноджы хай æмæ нуазæн сиахсмæ. Мæгуыр лæппу та сыл ныццавта йæхи æмæ та сæ ахордта, анызта. Уæд фæмæсты сты кæстæртæ, сæхи йыл ныццавтой æмæ йæ нæ- мынц. Уастырджи фестади йæ кæрцы зæрондимæ æмæ сæм дзуры: — Фæлæуут-ма, нæмгæ йæ цæмæн кæнут? Хистæртæм бацыди сæ ныхас, æмæ сæм Уастырджи дзуры: — Уыцы мæгуыр лæппуйы цæмæн нæмут, уе ’цæг сиахс уый куы у, уæд? Уæд уый дæр хъуамæ раппарой дуармæ: цæмæй йæ зонынц, Уастырджи у. Æмæ сæм дзуры Уастырджи: — Байхъусут-ма мæм чысыл, уæ чызджы уын чи куры, уый- ма мын зæгъут? 214
— Нæ чызджы кæны æлдары фырт. — Уæдæ сбадын кæнут уый: уæ чызджы уын уæртæ уыцы мæгуыр лæппу хæсдзæн. — Мах нæ чызджы уымæн нæ ратдзыстæм, уый дæ ма бауыр- нæд, мæгуыр лæг! — Уæдæ аргæвдæнт фæйнæ уасæджы æлдары фырт æмæ уыцы мæгуыр лæппу æмæ сæ скæнæнт хæрзфых, тæбæгъты сæ нывæ- рæнт æмæ сæ бахæссæнт аргъуаны хуылфмæ. Аргъуанæн æфсад æрæвæрут йæ алыварс хъахъхъæнæг: райсом кæй уасæг ныууаса, чызг уый ахæсдзæн. Уæд адæм бакастысты кæрæдзимæ: — Ай цыдæр лæг куы у, æмæ йæ мах куынæ зонæм! Аргæвдын сын кодта мæгуыр лæппуйæн æмæ æлдары фыр- тæн фæйнæ уасæджы, сфыцын сын сæ кодта, æмæ сæ нывæрд- той тæбæгъты, бахастой сæ аргъуаны хуылфмæ æмæ сæ нывæрд- той уыцы ран, æфсад баурæдтой йæ алыварс хъахъхъæнæг. Райсом мæгуыр лæджы уасæг йæ базыртæ ныццагъта æмæ ныууасыди. Уæд сæм Уастырджи дзуры: — Гъеныр чызджы мæгуыр лæппу хæсдзæн æви нæ? Ноджы- дæр æрбахæссæнт фæйнæ хус лæдзæджы мæгуыр лæппу æмæ æлда- ры фырт. Бахъил сæ кæнæд сæ цуры мæнæ къулынцой, æмæ мæгуыр лæппуйы лæдзæгмæ кæсут, боныцъæхмæ сыджыты уидæгтæ куы ауадза æмæ сыфтæртæ куы рафтауа, гье уæддæр ма йæ нæ дæтдзыстут уæ чызджы? Æрбахаста мæгуыр лæппу хус лæдзæг æмæ йæ бавæрдта къу- лынцой. Кæсынц, æмæ боныцъæхмæ рауагьта уидæггæ æмæ раф- тыдта сыфтæр. Чызг мæгуыр лæппуйы куыннæ бацадаид. Æлдары фырт дзы баззади къæпдзыхæй. Рахастой уырдыгæй чызджы. Чындзæмбæлттæ куыннæ рацы- даид йемæ. Мæгуыр лæппу æнкъардæй цæуы. Уастырджи дзуры: — Цæуыл та мьга дæ æнкъард, мæгуыр лæппу? Уæ къæсæрыл куы куыдтай æмæ хорз ус куы агуырдтай, — гье уый та дын хорз ус. — Хорз ус бæргæ у, дæ фæрцы, фæлæ мын хæдзар нæй, кæ- дæм æй бакæнон. Уастырджи йæ зæвæтæй æрриуыгьта быдыры, æмæ дзы фес- тади авдæддæгуæлæйы. Мæгуыр лæппу цинæй куыннæ амардаид! Бацыдысты уырдæм æмæ фæкодтой чындзæхсæвтæ. Райсом куы сбон, уæд ын Уастырджи арфæ ракодта, йæхæ- дæг йæ базыртæ ныццагъта æмæ уæларвмæ сфардæг. Баззадысты æртæ æфсымæры хъæздыгæй. Къорд азтæ дзы куы рацыди, уæд та сыл рабæлццон кодта Уастырджи йæхи: «Бабæрæг кæнон æз уыцы æртæ æфсымæры, кæддæра дзы йæ мæгуырдзинад йæ зæрдыл кæмæн лæууы». Æрхызти зæхмæ æмæ рабæлццон кодта йæхи хистæр æфсы- 215
мæрыл. Уый кусджытæ баххуырста, æмæ сæндоны сæнæфир то- нынц, йæхæдæг пылыстæг бандоныл бады. Уастырджийæн мæгуыр лæджы дарæс йæ уæлæ, афтæмæй йæм дзуры: — Байриай, хорз лæг! — Хуыцауы хорзæх дæ уæд, мæгуыр лæг! — Дæ хорзæхæй, мæгуыр лæг дæн, сыдæй мæлын æмæ мын иу сæнæфсиры цупал ратт, кæд мын тæригъæд кæныс, Уый йæм дзуры: — Цæугæ кæн ардыгæй. Цал дæ хуызæны цæуа, уыдонæн фæйнæ цупалы куы фæдæттон, уæд ма мæ сæндонæй цы баззайдзæн? — Ратт мын, дæ хорзæхæй, дæуæн Хуыцау æмæ Уастырджи баххуыс кæндзысты. — Мæнæн æппындæр ницы баххуыс кæндзысты, ацы сæндон æз мæхæдæг сарæзтон! Уастырджи сæндоны сæрты багæпп кодта: — Уæдæ-ма йæм фæхъахъхъæн, кæд æй ды сарæзтай, уæд! Сæндоныл йæ къæхтæ æрцагъта: — Ацу, сау хъæд фест! Сæндон сау хъæд фестади. Уастырджи йæм дзуры: — Дæуæн дæ мæгуырдзинад дæ зæрдыл цæмæннæ лæууыди æмæ мæгуыр лæгæн тæригъæд цæмæннæ кодтай? Уæд æм уый дзуры: — Уæ, табу дæхицæн, Уастырджи, нæ дæ базыдтон, бахæр, цас дæ хъæуы, уыйбæрц, сафгæ мæ ма фæкæн. — Æз дæ сæнæфсиры хъуаг нæ дæн, æз ссардзынæн мæхæдæг. Рацыди уырдыгæй Уастырджи. Рабæлццон кодта йæхи, фосы дзугтæ кæмæн радта, ууыл. Уæтæртæ сарæзта быдыры æмæ дары фосы дзугтæ уым. Аздæхта йæ фос, йæхæдæг уæтæры кæрон бады. Æрбабæлццон ыл кодта йæхи Уастырджи, мæгуыр лæджы дарæс йæ уæлæ, афтæмæй. Гæбæрхæрд бæхы уæлæ бады, афтæ- мæй йæм æрбацыд æмæ дзуры: — Байриай, фыййау, æмæ дæ фос бирæ уæд. Фыййау æм дзуры: — Хуыцауы хорзæх дæ уæд, мæгуыр лæг! — Дæ хорзæхæй, фыййау, мæлын сыдæй æмæ дæм кæд хæри- наг исты ис, уæд мын бахæрын кæн исты, кæннод мын иу сæ- ныкк исты аргæвд, дæуæн Хуыцау æмæ Уастырджи баххуыс кæн- дзысты. Ныр æй фыййау цæмæй зоны Уастырджийы. Уæд æм фыййау фæстейæ дзуры: — Цæугæ кæн, мæгуыр лæг, æз дæуæн ницы ратдзынæн мур дæр. Æз, ауылты цал дæ хуызæны цæуа, уыдонæн кусæрттæ куы фæкæнон, уæд ма мæ фосы дзугæй цы баззайдзæни. 216
— Ма кæ, ма, фыййау, дæ мæгуырдзинад дæ зæрдыл цæуыл- нæуал лæууы, иу басы хуыпп мын бацымын кæн. — Æз мæгуыр раджы дæр нæ уыдтæн æмæ гъеныр дæр. Мæ- нæн Хуыцау æмæ Уастырджи ницы баххуыс кодтой. Æз ацы фосы дзугтæ ссардтон мæхи зондæй. Уæд æм Уастырджи дзуры: — Уæдæ-ма сæм кæс, кæд сæ дæхи зондæй ссардтай, кæд дæ мæгуырдзинад дæ зæрдыл нал лæууы æмæ мæгуыр лæгæн тæ- ригьæд нæ кæныс, уæд. Уастырджи фосы дзугтæм багæпп ласта æмæ сыл йæ къухтæ ныццагъта. Фестын сæ кодта сау хуыры дуртæ. Фыййау ма йæм дзуры: — Дæ хорзæх мын Хуыцау раттæд, хорз бæлццон. Аргæвддзы- нæн дын фырытæ, базыдтон дæ, Уастырджи дæ, уый. — Æз дæ фырьпы цух нæ дæн æппындæр. Æз ссардзынæн хæрд æмæ нуæзт. Ды цардтæ раздæр фырмæгуырæй, æмæ дын дæ тæри- гьæдмæ гæсгæйæ радтон мæнæ ацы фосы дзуггæ. Кæд мæгуыр лæ- гæн тæригьæд нæ кæныс, уæд мæгуыр уыдгæ æмæ мæгуырæй баззай. Араст и уырдыгæй се ’ппæты кæстæр æфсымæрмæ, кæддæра уымæ та цы ’гъдау и, зæгъгæ. Фæцæуы Уастырджи быдыры. Сæ кæстæр æфсымæр фæлдахы авд гугонæй быдыртæ. Йæхæдæг хуымы кæрон пылыстæг бандоныл бады. Бабæлц- цон ыл кодта йæхи Уастырджи, мæгуыр лæджы дарæс йæ уæлæ, афтæмæй æмæ йæм дзуры: — Дæ бон хорз уæд, хорз лæг, æмæ байриай. Уæд фестад хуымгæнæг æмæ бацин кодта Уастырджийыл тыхджын. Уастырджи йæм дзуры: — Дæ хорзæхæй, хуымгæнæг, мæгуыр лæг дæн æмæ стонгæй мæлын. Нал у мæ бон цæуын, æмæ дæм кæд къæбæр цæттæ ис, уæд мын ахæрын кæн исты. Хуымгæнæг фестади æмæ йæ йæ пылыстæг бандоныл бадын кæны. — Гъе, дæ рын бахæрон, æз мæнæ мæгуыр, æнæхсад, чъизи лæг: не ’рбадцзынæн дæ пылыстæг бандоныл æз. — Æз дæр дæ хуызæн мæгуыр лæг уыдтæн, фæлæ мын бах- хуыс кодта Уастырджи, æмæ мын гъеныр ис. Адон сты кусджы- ты фæлхортæ æмæ дын уыдонæй куы бахæрын кæнон, уæд Хуыца- уæн хъыг уыдзæн, фæлæ уалæ мæ хæдзар, æмæ уырдæм ацу. Æз дæр дæм фæцæуын ныртæккæ. Рараст кодта Уастырджи уырдæм, ссыди хæдзармæ æмæ ба- дзырдта: — Уазæг нæ уадзут, хæдзаронтæ? Рауади йæм хуымгæнæджы ус: — Уазæг — Хуыцауы уазæг. Дæ нывонд фæуон. Уæлæмæ ра- хиз, мæ хорз уазæг, кæд мæм дæ сæр фысыммæ дарыс, уæд. 217
Схизын æй кодта, æрбадын æй кодта хæдзары. Усæн уыди æртæ лæппуйы æмæ хæдзары хъазынц. Хистæр лæппумæ дзуры: — Ауай тагьд æмæ дынджырдæр быркуыйæ сæн куыд рахæс- сай уазæгæн! Азгъордта лæппу æмæ фегом кодта быркуыйы дуар. Лæппу быркуыйы ныххаудта æмæ фæмард ис сæны мидæг. Кæцæй ма бахастаид уый! Уæд уый кæстæрмæ йæ мад дзуры: — Уый кæмдæр хъазыныл фæцис, фæлæ ауай тагьд æмæ куыд æрбахæссай сæн. — Разгьордта лæппу æмæ быркуыйы ныххаудта уый дæр. Никуыуал зынынц дыууæ лæппуйы. Сеппæты кæстæрмæ дзуры йæ мад: — Иу ингæны уæ нывæра уæ ныййарæг, æз уæ сæнмæ куы арви- тын,уæд цы фæвæййут. Азгьор тагьд æмæ æрбахæццæ кæн сæн! Разгъордта лæппу, уый дæр та быркуыйы ныххауд. Никуыуал зынынц æртæ лæппуйы. Сæ мад сæм æнхъæлмæ кæсы. Уазæгмæ дзуры: — Хорз уазæг, дæ нывонд фæуон, уыдон лæппутæ сты æмæ кæмдæр хъазыныл фесты, фæлæ дæ иунæгæй кæй уадзын, уый тыххæй мын бахатыр кæн. Æз ауайон æмæ мæхæдæг æрбадавон сæн. Разгъордта сæ мад æмæ быркуымæ ныккасти: æртæ лæппуйы фелвæста уырдыгæй мардæй. Авæрдта сæ быркуыйы былыл: уæд- дæр уыдон мæт не ’ркодта, раскъæфта уазæгæн сæн. Абадти æнкъардгомауæй Уастырджийы цур. Ныр æй нæ зоны Уастыр- джийы, фæлæ йыл уæддæр зæрдæйæ цин кæны. Уæд æй Уастырджи фæрсы: — Хорз ус, цæмæн фенкъард дæ, кæд дын ме ’рбацыд хъыг уыд? — Ма мæ бафæрс, хорз уазæг, дæ нывонд фæуон, гыццыл цæйдæр маст мæ бацыди æмæ фенкъард дæн уый тыххæй. Уастырджи йæ нал уадзы æмæ йæ фæрсы: — Цæуыл фенкъард дæ, уый мын хъуамæ зæгъай. Нæн, нæ хъæр кæны ус, кæрдзын куынæуал бахæра, уый адæр- гæй. — Ме ’ртæ лæппуйы арвыстон сæн хæссынмæ, æмæ æртæ дæр ныххаудтой быркуыйы сæны мидæг. Фелвæстон сæ уырдыгæй мардæй. — Цом-ма, кæм сты, фенон сæ тагъд. Разгъордтой. Æртæ лæппуйы мардæй лæууынц. Уастырджи сæ йæ ехсæй æркъуырдта, æмæ, цы уыдысты, авд ахæмы хуыз- дæр фестадысты. Ус джихæй аззади. Уастырджи йын загьта: — Æз дæн Уастырджи. Æз уын цард радтон, æмæ мæгуыр лæгæн тæригъæд кæй кæнут, уый тыххæй уæ цард ноджы хуыз- дæр кæнæд. Йæхæдæг йæ базыртæ бацагъта æмæ уæларвмæ сфардæг. 218
Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры таурæгъ Вариант Хорз ус бирæ зынаргъ дурæй бирæ зынаргъдæр у. Иу стыр сахары æртæ æфсымæры хæрз мæгуырæй цардысты. Кусгæ хорз кодтой, архайгæ фылдæр, фæлæ сыл цард нæ хæцы- ди, сыдæй мардысты. Иу бон сфæнд кодтой: «Фæлидзæм, — загътой, — нæ сæр фесафæм». Æртæ цъæлын кæрдзыны1 ма сæм уыд, фæйнæ дзы райстой æмæ араст сты. Цæуын байдыдгой. Хуыцау зоны, бирæ фæцыдысты, цьус фæ- цыдысты, — иу ран быдыры æрæнцадысты. Быдыры астæу куы- ройы фаг дон цыд, доны фæйнæфарс — рæсугьд быдыртæ, къуырф- бын лæнчытæ, дæргьауæдз хуымтæ. Уалынмæ сыл ку барæг (Уас- тырджи) æрæфтыд æмæ сын, уæ фæндаг раст, зæгьгæ, загьта. — Дæ хъуыдцаг раст, - ын загътой. — Кæдæм цæут, мæ хæдзæрттæ? - Уастырджи сæ бафарста. ~ Æрхиз, æмæ дын зæгъдзыстæм нæ хабар. Уастырджи йæ нымæт айтыдта æмæ сæ астæу æрбадт. — Мах стæм, — загътой, — æртæ æфсымæры, кусгæ дæр кæ- нæм, архайгæ фылдæр, уæддæр нæм цард йе ’ргом не здахы. Мах сфæнд кодтам нæхи фесафын сæрсæфæн бæстæм. Уастырджи сын афтæ зæгъы: — Фæндаггаг уæм исты уыдзæн, цы ахæрæм? — Ис нæм, — загътой, — æртæ цъæлын кæрдзыны, æмæ дзы цы бахæрдзынæ? Уастырджи сын афтæ зæгъы: — Дæ къухы цы уа, уымæй дæ Хуыцауæн кад дæтт. Æрæвæрут сæ, æмæ хæрæм. Æрæвæрдтой цъæлын кæрдзынтæ. Уастырджи дæр йæ хордзен- тæ райста, алы цæлминас хордзентæй систа. Минас фæкодтой. Хæрд куы фесты, уæд Уастырджи хистæр æфсымæрæн афтæ зæгъы: — Ацы быдыры цæмæй фæцæрис? Хистæр ын акуывта æмæ афтæ зæгъы: — Ацы быдыры дыууадæс цæдæй æз хуым куы кæнин, стыр уæрæх мусы сырх мæнæуы кæри дымгæмæ куы дарин, уæд мын де ’ххуысæй цæрын цы хъæуы. — Хорз, — загъта Уастырджи, — афтæ дын фæуæд. — Арфæ йын ракодта æмæ йæ уым ныууагъта. Цæуынтæ байдыдта дыууæ æфсымæримæ. Иу ахæм быдыры та æрæнцадысты. Сихор бахордтой, Хуыцаумæ скуывтой, æмæ та Уастырджи астæуккаг æфсымæрæн загъта: 219
— Ацы быдыры цæмæй фæцæрис? Уый дæр та йын бакуывта æмæ афтæ зæгъы: — Дæ рынтæ бахæрон, цардыуаджы фæтæг, ацы быдыры мын куы хизид æдфыййау дзугтæ, хъомвос рæгьæуттæ, уæд мын дæ фарнæй цæрын цы хъæуы. — Хорз, — загъта — Уастырджи, — афтæ дын фæуæд. — Арфæ йын ракодта æмæ та йæ уым ныууагьта. Цæуынта систа кæстæримæ дæр. Иу ахæм быдыры та æрæн- цадысты. Сихор та бахордтой, Хуыцаумæ скуывтой, æмæ та йын Уастырджи афтæ зæгъы: — Ацы быдыры цæмæй фæцæрис? — Дæ рынтæ бахæрон, — загъта, — царды Фæлвæра2! Хор хис- тæрæн радтай, фос астæуккагæн, æз ма цы ракурон, уый нæ зонын. — Бацамыдта йын: — Уæлæ уыцы хъæуы мæ фыды хо цæры, æз уый куы афæрсин, уæд хуыздæр уаид. — Хорз, — загьта Уастырджи, — абад мæ бæхыл æмæ йæ ба- фæрс. Лæппу цъæх бæхыл цæргæсау абадт, хъæугæронмæ схæццæ. Иу хæдзары дуармæ хæрз зæронд лæг бадти. Зæронд лæджы ба- фарста, мæ фыды хо кæм цæры, зæгъгæ. Уый йын бацамыдта хъæуы астæу йæ хистæр æфсымæры, уый, дам, дын æй бацамон- дзæн, — загъта. Лæппу та схæццæ уыцы лæгмæ дæр. Дуармæ бадти æмбис урсытæ лæппу, дæрдгомау. Бафарста та йæ: — Мæ фыды хо кæм цæры, уый мын бацамон. Уый йын афтæ зæгъы: — Нæ хистæр æфсымæры ус у, хъæуысæр цæры. Лæппу туйы бæрц3 хъæуы сæр абадт, хæдзармæ бадзырдта, йæ фыды хо йæм рацыд, кæрæдзийыл фæцинтæ кодтой. Лæппу йын афтæ зæгъы: — Уастырджи нын хæрзтæ ракодта, нæ хистæр æфсымæрæн хор фæлæвар кодта, астæуккагæн фос, æз ма дзы цы ракурон, уый нæ зонын, æмæ дæм фæрсынмæ ссьщтæн. — Ныр цы акæнон, — загъта сылты хæрзæгдæр, — нæ лæг фынæй у, кæй дын афæрсон? Лæппу батыхсти: — Уастырджи мæм æнхъæлмæ кæсы, æфсæрмы кæнын. Уастырджийы коймæ ус нал фæлæууыди æмæ йæ мойы сыхъал кодта. Лæг йæхи айвæзта æмæ афтæ зæгъы: — Æри-ма, усай, айдæн, æз дзы акæсон. Ус æм айдæн бахаста, лæг айдæны акаст æмæ афтæ зæгъы: — Абоны онг мæ никуы бахъыгдардтай, абон мæ кæй сыхъал кодтай, уый тыххæй мæ зачъейы дыууæ урс æрдуйы рацыд. 220
- Цы кæнон, — загъта дзæнæты хардз ус, — Лæгтыдзуар ме ’фсымæры фыртæн хæрзиуæг кæны, æмæ дæм фæрсынмæ ссыд. Лæппумæ бадзырдта лæг æмæ йын афтæ зæгъы: - Хъæугæрон федтаис хæрз зæронд лæг, хъæуы астæу федта- ис æмбис урсытæ лæг, ныр мæн дæр уыныс. Мах стæм, — загьта, — æртæ æфсымæры. Уыцы хæрз зæронд нæ кæстæр æфсымæр у: уымæн йæ хай фыд ус фæци æмæ йæ æнафоны афтæ базæронд кодта. Астæуккаг æфсымæрæн уыйбæрц налат нæу: куы йæ æфхæргæ кæны, куы та рæвдаугæ. Мæн дæ фыды хо абоны онг маст никуы бауагьта, абон мæ кæй сыхъал кодта, уый тыххæй мæ зачъеты урсытæ рауад. Ныр ацу æмæ Уастырджийæ хорз ус ракур. Лæппу та йæ бæхыл багæпп ласта æмæ тæппы бæрц Уастыр- джийы цур абадт. - Цæй, — загъта Уæтырджи, - цы дын бацамыдта дæ фыды хо, уый зæгь. Лæппу къæмдзæстыгæй афтæ зæгъы: - Хæрзтæ нын фæкодтай, табу дæхицæн, мæнæн дæр хорз къай дæ цæст бауарзæд. - Æрбабад мæ фæсарц, — загъта Уастырджи, - бæстыл æртæ хорзы уыд, дыууæ дзы чындзы фæцыд, æртыккагмæ чындзхæс- джытæ æрцыд. Мах уырдæм куы бацæуæм, æз мæхи зæронд лæг фестын кæндзынæн, мæн чындзхæсджытæ уæле кувæг æрбадын кæндзысты. Æз кувæггаг куы адæттон, ды дзы-иу ацаход. Уæд сдзырддаг уыдзæн. Ды-иу афтæ зæгъ: «Чызг мæнæн рагæй куырд куы у, уæд ам цы ми кæнут?» Уый фæстæ дзырддаг мæнмæ æрба- цæудзæн. Уалынмæ бахæццæ сты чындзхæсджытæм. Уастырджийы уæле кувæг æрбадын кодтой. Уастырджи скуывта æмæ кувæггаг алæ- вæрдта, лæппу дзы ацахуыста, æмæ бæстæ сдзырддаг и. Уастыр- джимæ сæ хъаст бацыди. Уастырджи загъта: - Дыууæ сиахсы сæ лæдзджытæ арты фæйнæ фарс нысса- дзæнт, æмæ сыфтæр кæй лæдзæг афтауа, чызг гье уый фæуæд. Сразы сты чындзхæсджытæ дæр. Сæ лæдзджытæ ныссагътой, æмæ мæгуыр лæджы лæдзæг сыфтæр афтыдта. Чындзхæсджытæ та сбунт кодтой. Уый сын дыккаг хатт батæрхон кодта: - Фæйнæ уасæджы аргæвдæнт, уæларт сæ аджы сæвæрæнт, дзæвгар куы рафыцой, уæд кæй уасæг стæха æмæ аджы былæй кæмæн ныууаса, чызг уый фæуæд. Афтæ та бакодтой, æмæ та мæгуыр лæджы уасæг ныууасыд. Чындзхæсджытæн фæрæз нал уыд æмæ сæ чындзы ныууагътой æмæ ацыдысты. Уастырджи чызджы йæ фæсарц авæрдта, уыцы быдырмæ сæ æркодта æмæ сæ уым ныууагъта, йæхæдæг Уазкъуып- мæ сфардæг. Иу къорд азы фæстæ Уастырджи уыдон фенынмæ рацыд. Хор 221
кæмæн радта, уый ныхъхъæздыг и, кæри фæйлыдта. Уастырджи йын афтæ зæгъы: — Дæ хорзæхæй, иу хызыны дзаг мын мæ бæхæн хор авæр, бастад, цæуын нал фæразы. Уый йын афтæ зæгъы: — Ам цал цæуæджы цæуа, уыдонæн хортæ куы дæттон, уæд ма мæхицæн та кæм уыдзæн? Уастырджи йæ уæдцæр нæ ралгъыста æмæ араст и. Фос кæ- мæн радта, уымæй сæныкк ракуырдта. Уый дæр ын нæ радта, æмæ та араст и. Хорз усы хицаумæ æрхæццæ æмæ дуарæй ба- дзырдта: — Уазæг, уазæг, хæдзаронтæ! Лæг уым нæ уыди, ус æм рауад æмæ афтæ зæгьы: — Уазæг - Хуыцауы уазæг. Æрхизын æй кодта, гобаныл æй æрбадын кодта, йæ къæхтæ йын цæхсадта, ауад æмæ уæрыкк æрбадавта æмæ йын афтæ зæгъы: — Сылгоймагæн кусарт кæнын фыдæй нæ баззад, аргæвд нын æй, æмæ дын сихор акæнон. — О мæ хойы хай, уæрыкк саби у, уадз æмæ цæра. Ус та ауади æмæ нæл фыс æрбакодта. Уастырджи йæ аргæв- ста. Ус Уастырджийы цур фæндыр авæрдта, йæхæдæг фыс асыгъ- дæг кодта æмæ дзы нæртон сихор сцæттæ кодта. Уалынмæ йæ лæг дæр æрцыд. Уастырджийы хорз федтой, арфæ сын ракодта æмæ та Уазцъупмæ сфардæг и. Хорз ус зынаргъ дурæй уымæн у зынаргъдæр. Уастырджи уазæгуаты Иу уаргæ бон райсомырдæм Уастырджи урс бæхыл бадгæ сиргæ-сиргæ иу дзæбæх стыр ирон хъæуы астæуты уырдыгмæ æрцæйцыди æмæ йæхинымæры фæнд кæны: «Æппын мын ацы бон бæлвырд æнæ базонгæ нæй, мæгуыр лæгæй хъæздыг лæгæй кæрдзындæттондæр чи у, уый». Уалынмæ йæ бæх фездæхта иу хъæздыг лæджы кæрты дуармæ æмæ уырдыгæй мидæмæ уыциу хъæр бакодта: — Гъей, хæдзары хицау, уазæг нæ уадзут уæхимæ? Хъæздыг лæджы хæдзарæй æддæмæ ничи кæсы. Уастырджи та дыккаг хатт бахъæр кодта. — Гъей, хæдзары хицау, уазæг нæ уадзут, цы? Æппынæрæджиау хъæздыг лæг йæхæдæг рацыди — æнкъард, ронбæгъд, бæгъæмсарæй æмæ дзуры: — Чи дæ, цы кæныс, цы дæ хъæуы? — Уазæг нæ уадзут, уазæг? — Уа-а-ззæг, рацу, цæй, фæлæ нæм дæ бæхæн бынат нæ уыдзæн. 222
— Ау, æмæ уæдæ ныр мæ бæх цы фæкæнон? — Цы дæ фæнды, уый йæ фæкæн, махмæ дæ бæхæн бынат нæй... Ныр хъæздыг лæгыл хорз æрцæуид, Уастырджи уырдыгæй фæстæмæ куы аздæхид, уæд. Уастырджийæн уайтагьд цы базо- нын хъуыди хъæздыг лæджы нæфæндондзинад. Ницыуал сдзырд- та, фæлæ йæ бæх фæстæмæ уыцы ранæй фездæхта æмæ та уын- джы уырдыгмæ сиргæ-сиргæ фæцæуы. Йæ бæх та иу мæгуыр лæ- джы кæрты дуармæ фездæхта æмæ та уыциу хъæр бакодта: — Гъей, хæдзары хицау, уазæг нæ уадзут, цы? Мæгуыр лæг йæ хæдзарæй уыциу згьорд ракодта æмæ сдзырдта: — Уазæг — Хуыцауы уазæг. Мидæмæ нæм рацу æмæ æрхиз дæ бæхæй. Уастырджи æрхызти йæ бæхæй. Мæгуыр лæг ын æрбаста йæ бæхы иу ставд кауы михыл, сæ- хуыдтæг бацыдысты хæдзармæ, æрбадтысты дыууæ дæр фæрсæй- фæрстæм. Мæгуыр лæджы ус нартхоры кæрдзын, цæхх æмæ дон фын- гыл авæрдта Уастырджи æмæ мæгуыр лæджы раз. Уæстырджи йе ’хсаргард сласта æмæ йæ æрæвæрдта йæ фарсмæ. Мæгуыр лæг дæр йæ хъама сласта æмæ йæ æрæвæрцта йæ фарсмæ. Уастырджи райдыдта хæрын. Куыдцæр хæрд фæци æмæ фынг æрæвæрдта, афтæ мæгуыр лæджы цæсгоммæ тызмæг каст бакод- та æмæ йæ фæрсы: — Зæгъ-ма мын, дæ хъама цæй тыххæй сластай, уый? — Ау, нæ фæлæ хъуамæ æз дæу бафæрсон: ды, мæ хæдзары уазæг уæвгæйæ, мæнæй раздæр де ’хсаргард цæй тыххæй слас- тай? — Уæдæ æз дæ хæдзары ме ’хсаргард дæуæй раздæр уымæн сластон, æмæ дын æз дæ хæдзары цæттæ цыдæридцæр æрбай- йæфтон, уымæй уæлдай куыдцæр хуыздæр хæринæгтæ мæн тых- хæй агуырдтаис, афтæ дын æз мæнæ ме ’хсаргардæй дæ бæрзæй ахауын кодтаин... Цæй-ма, ныр æй ды та цæй тыххæй сластай дæ хъама? — Уæдæ æз дæр мæ хъама уый тыххæй сластон, æмæ мын ды мæ хæдзары цæттæ цыдæридцæр æрбаййæфтай, уымæй уæлдай ма хуыздæр истытæ куыдцæр агуырдтаис, афтæ, - мæнæ ацы хъама уыныс, — дæ сæр дын дзы зæххы абадын кодтаин. Уастырджи йæ цæсгом фæрухс кодта мæгуыр лæджы ныхæс- тæм æмæ хъæлдзæгæй мæгуыр лæджы къух райста æмæ йын ра- дзырдта: — Табуафси, мæ фысым, табуафси, тынг бузныгæй дæ цæ- уын? Цæй, ныр хæрзбон ут, мæ фысымтæ, фæлæ ма уын иу- 223
дыууæ ныхасы зæгъын. Йæ хъæздыджы цæстæй чи кæсы æмæ афтæмæй фæллад уазæджы йæ кæрты дуарæй мидæмæ чи нæ уадзы, уыдонæн сæ цард бæлвырд фæкъадцæр уыдзæни. Сыма- хæн та уæ цардыл абонæй фæстæмæ фондзыссæдз хатты фылдæр бафтæд. Цæй, ныр хæрзбон ут, æз дæн Уастырджи! Æцæг, бæлвырд уыцы бонæй фæстæмæ хъæздыг лæг æмæ мæгуыр лæджы цардыл Уастырджийы дзырд æрцыд. Фæлвæрайы фырт Будзумар Фæлвæрайы фырт Будзумар йæ фырыты къорд Сайнæджы тигъыл райдзæгьта. Сайнæг-æлдары чызг Сайнæджы дуармæ кæрдгæ-хуыйгæ кæны, йæ судзин æмæ йе ’нгуырстуан тæвд кæнынц, ихджын дон йæ цуры дары æмæ сæ уыцы ран тулы. Фæлвæрайы фырт Будзумар æм кæсы æмæ йæм дзуры: — О уæртæ чызг, тæхуды йæ къона, ды кæй уды фæуыдзынæ, ды кæй мыггаджы кæронмæ фæцæудзынæ! Уæд æм Сайнæг-æлдары чызг Ацырухс дзуры: — О уæртæ фæхсынхоры фырт, ды мæнмæ уыцы ныхас куыд суæндыдтæ, æз дæ хуызæттæй куынæ смой кæндзынæн, мыййаг! Раздæхта фæстæмæ йæ фырыты къорд Будзумар. Сайнæджы тигъыл сбадт æмæ уыцы ран кæуы. Йæ фырытæ дæр йæ разы хизынц. Уастырджи йæ базыдта æмæ йыл рабæлццон кодта йæхи æмæ йæ фæрсы: — Дæ бон хорз, Будзумар, цæуыл кæуыс, цæ? — Куыннæ кæуон, абон Сайнæг-æлдары чызг сæ дуармæ кæрдгæ-хуыйгæ кодта, йæ хæсгард æмæ йе ’нгуырстуан тæвд код- той, ихджын дон йæ цуры дардта æмæ сæ уыцы ран тылдта. Æз æм афтæ бадзырдтон: «О, уæртæ чызг, тæхудиаг уа йæ къона, ды кæй уды хай уыдзынæ, кæй мыггаджы кæронмæ фæцæудзынæ». Уый мæм фæстæмæ æрбадзырдта: «Ау, уæртæ фæхсынхоры фырт, ды куыд суæндыдтæ мæнмæ, æз дæуæй куынæ смой кæндзынæн, мыййаг». Мæ уд йæ мидæг баззади, Уастырджи, æмæ ууыл кæуын. Уастырджи йæм дзуры: — Дæ фырытæй мын дыууиссæдзы гæртам ратт, æмæ дын æй æз дæ къухы бафтауон. — Дыууиссæдзы нæ, æртиссæдзы дын ратдзынæн, ды мын æй мæ къухы бафтау, уыййеддæмæ. Будзумары фырытæй Уастырджи райста гæртам æртиссæдзы. — Гъеныр мæнæ мæ бæхыл фидар сбад æмæ Сайнæджы уыр- дыджы ауадз дæ бæх. Будзумар Уастырджийы бæхыл бабадти æмæ Сайнæджы уыр- 224
дыджы ауагьта йæ бæх. Æртæ зылды ныккодта Сайнæджы бын йæ бæх. Раскъæрдта та йæ фæстæмæ уырдыгæй. Ацырухсы размæ куы схæццæ ис, уæд фæурæдта йæ бæх. Уæд æм Сайнæджы чызг Ацырухс дзуры: - О уæртæ лæппу, тæхуды йæ къона, ды кæй мойаг фæуы- дзынæ! Будзумар æм дзуры фæстæмæ: - Æ уæртæ къуыбыр-дзидзи, ды уыцы ныхас куыд суæндыдтæ мæнмæ, æз дæу куынæ ракурдзынæн, мыййаг. Сайнæджы чызг бацыди уатмæ æмæ уыцы ран ставд цæсты- сыгæй кæуы. Будзумар дæр сфардæг ис Уастырджийы размæ. Уастырджи йæ фæрсы: - Гъе Фæлвæрайы фырт Будзумар, куыд дын загьта Сайнæ- джы чызг? - Æрбадзырдта мæм фæстæмæ: «Тæхуды йæ къона, уæртæ лæппу, ды кæй мойаг фæуыдзынæ». Æз æм бадзырдтон фæс- тæмæ: «О уæртæ къуыбыр-дзвдзи, ды куыд суæндыдтæ уыцы ныхас мæнмæ, æз дæу куынæ ракурдзынæн, мыййаг». Уæд æм Уастырджи дзуры: - Ам лæуу, æз æм ныццæуон Ацырухсмæ. Рараст кодта Уастырджи уырдыгæй æмæ йæм æрцыди. Ацы- рухсы æрæййæфта уаты кæугæйæ æмæ йæм дзуры: - Дæ бон хорз, Ацырухс. - Æнæнизæй фæцæр, Уастырджи. - Куыд зæрдиагæй кæуыс, цы кодтай? - Куыннæ кæуон, абон мæ рæзты иу лæппу раскъæрдта уæл- бæхæй, æмæ йæ мæ цæст нæ федта, ахæм тахт скодта. Мæ уд йæ мвдæг баззад. Æз æм афтæ бадзырдтон: «О уæртæ лæппу, тæхуды йæ къона, ды кæй мойаг фæуыдзынæ». Уый мæм фæстæмæ æрба- дзырдта: «О уæртæ къуыбыр-дзвдзи, Сайнæджы чызг, ды мæнмæ уыцы ныхас куыд суæндыдтæ». Уæд æм Уастырджи дзуры: - Сайнæг-æлдары чызг Ацырухс, æз дæ уымæн куы раку- рын кæнон, уæд мын дæ тинтычъи тынтæй фараст ратдзынæ гæртам? Ацырухс бацыди æмæ йын дыууадæс рахаста гæртам. Уæдæй нырмæ баззади зæххыл гæртам исын. Ссыди Уастырджи æмæ йæм æркодта Фæлвæрайы фырты, Будзумары. Бафвдауын сæ кодта, чындзæхсæвтæ фæкодтой иуабо- нæй-иннабонмæ. Йæхæдæг ын къухылхæцæг фæци, рафардæг кодта Сайнæг-æлдары чызджы Будзумарæн. Абон дæр цæрынц иумæ. 15 Ирон таурæгьтæ 225
Буры фырт Мæхæмæты зарæг Буры фырт Мæхæмæт Хуыцауæн уарзон уыди, æмæ йын Хуы- цау загъта: - Дæуæн бар ис афæдзæй-афæдзмæ æртæ хатты мæ фынгыл. - Мæхæмæт дæр æм цыди, Уастырджи йемæ, афтæмæй. Уастырджийæн Сайнæджы чызг кæд уыд йæ лымæн, æмæ Мæхæмæтæн загъта: — Куы рацæуай, æмæ æз фæстейæ куы баззайон, уæд-иу мæм уым фæлæуу. Кæд æз раздæр ссæуон, уæд æз дæр нæ ацæудзынæн æнæ дæу. — Рараст сты æмæ алчи йæ хæдзармæ фæцыди. Иу бон куы уыди, уæд æрцыди Мæхæмæтæн йæ рæстæг, æмæ араст и Хуыцаумæ. Иу даргь быдырмæ бацыди. Уым иу хуыгæс зары: — Дæлæлæй æмæ уæлæлæй! Ахсæв Мæхæмæт Хуыцаумæ цæу- дзæни; æмæ йæ ус — мæ лымæн, уый хъæбысы хъаздзынæн. Мæхæмæт æм дзуры: - Хуыгæс, ардæм-ма рацу æмæ де ’рдæбоны зарæг акæн. Дзæ- бæх дын фидыдта, æмæ дæм байхъусон иу цъус. Хуыгæс ныззарыд: - Дæлæлæй æмæ уæлæлæй! Ахсæв Мæхæмæт Хуыцаумæ цæу- дзæни, йæ ус — мæ лымæн, уый хъарм хъæбысы хъаздзынæн. Мæхæмæт ын дзуры: — Гæды дзырдтæ ма кæн, лæппу. Уыцы хъуыддаг мæн нæ уырны. Кæд æцæг дзурыс, уæд дæ хуыты цур æз ныллæудзынæн, цы дзы фесафон, уый дæр дын бафиддзынæн, æмæ ацу æмæ-иу йæ цуры ма хуысс æнæ лæвар. Уый лæвæрттæ кæндзæни, фæлæ- иу ын афтæ зæгъ: «Кæд мын лæвар кæныс, уæд Мæхæмæтæн Хуыцауы ус цы сыгъзæрин цъындатæ ралæвар кодта, уыдон мын ратт». Гъе уыдон мæм кæд æрбахæссай, уæд мæ бауырндзæн, æмæ уыныс мæнæ: мæ цухъхъатæй дæ кæцы фæнда, уый дын балæвар кæндзынæн. Хуыгæс ныццин кодта æмæ фæцæуы Мæхæмæты усмæ. Мæ- хæмæт рахызти, йæ хуыты цур æрбынат кодта æмæ æхсæвы баз- зад уым. Райсом æхсæвæй уыцы хуыгæс Мæхæмæты цъындатæ æрба- хаста. Лæг сæ куы федта, — мæстæй тыхджын феххæлди. Хъуы- ды байдыдта, ныр цы кæна: аздæха, æмæ Хуыцаумæ йæ рæстæг сæфы, не здæха, æмæ мæстæй хæлы. Уæдцæр зæгъы йæхицæн: «Хуыцауæй мæхи зæрдæхудт ма фæкæнон». Ацыди æмæ бацыди Уайсанатæм. Æнхъæлмæ кæсы Уастыр- джимæ. Цы хуызæн Мæхæмæт*, афтæ Уайсаны чызг... Æрæджиау быдыры кæрон Уастырджийы ауыдтой. Мæхæмæт зæгъы: * Ам текст у къахыр. 226
— Дæлæ æрбацæуы. Чызг зæгъы: — Цæугæ бæлвырд æрбакæны, фæлæ иу бæхыл æртæйæ бадынц. Мæхæмæт зæгъы: — Æз дæр нæ дæн цæстхъаджджын, æмæ иу барæджы йед- дæмæ нæ уынын, уæд мæ цæмæн джидзæг кæныс? Чызг ын зæгъы: — Куы ’рбахæццæ уа, уæд дын сæ фенын кæндзынæн. Уалынджы æрбахæццæ Уастырджи, йæ бæх бæхты бынаты абæтты, йæхæдæг уæлæмæ схизы. Уастырджи хъазгæйæ чызгæн ехсæй иу æрдаудта. Чызг æм фæстæмæ дзуры: — Мауал мæ джидзæг кæн! Ай бæрц мæ фæджидзæг кодтай æмæ мын иу æвдыст дæ хызын никуы ракодтай! Уастырджи йæ къух йæ дзыппы фæкодта, фелвæста хызын æмæ йæ чызгмæ баппæрста: — Гъа, кæд уый бæрц мондаг дæ йæ уынынмæ, уæд! Чызг æй фелвæста, Мæхæмæтмæ бадзуры: — Ардæм-ма рацу, æз дын фенын кæнон, уыцы бæхыл чи бадти, уыдон. - Хызын фегом кæны, æмæ дзы Уастырджийы ус æмæ Уастырджийы усæн йæ лымæн иумæ бадынц. Уастырджи- йæн хъыг куыннæ уыд! Мæхæмæт æм дзуры: — Мæныл дæр дæ ми æрцыд, фæлæ цы бон и. Араст сты дыууæ иумæ æнкъардæй. Райсом раджы Хуыцауы бынатмæ схæццæ сты. Сæ бæхтæ бæхты бынатмæ баластой, сæ- хуыдтæг кæвдæсыл æнкъардæй æрбадтысты. Хуыцауы бæхгæс æрцыд, цъустæ рамарзта, йæхæдæг дуармæ кæсы. Мæхæмæт æмæ, Уастырджи кæвдæсы бамбæхстысты. Лæппу расæрфы, стæй дуарæй акæсы. Уыдон дис кæнынц: цæмæн кæны афтæ ацы лæппу? Æртыккаг хатт куы акасти, уæд æрбацæуы Хуыцауы ус, сæр- сæргæнгæ йæ пысултæй. Бæхгæс ын уисойæ иу ныххырхы: — Кæйдæр гадздза, цы мæ джидзæг кæныс, кæд-иу цæуыс, уæд мæ рæстæгыл. Кæннæуæд ма дæ цы хъавын? Мæхæмæт æмæ Уастырджи кæрæдзийæн зæгъынц: «Цæй, мах дæр ма цы кæнæм, кæд Хуыцауы ус афтæ кæны, уæд ма мах устытæ цы ми кæной!» Ус скъæтæй куы раздæхти, — дыууæ лæджы дæр рахызтысты. Ссыдысты Хуъщауы бынатмæ, Хуыцау сыл куыннæ ныццин кодга. Аходæн сын аразынц. Аходæн куы сырæзт, фынг сын куы ’рæвæрдтой, уæд лæггадгæнæг сæ къухтæн дон бахаста. Хуыцау йæ кьухтæ æрæхсадта æмæ сæ зæлы кæлмæрзæнæй сæрфы. Сæрфт ын куы фесты, уæд æй йæ усмæ баппæрста. Иæ хъæбысмæ ба- хаудта. Ус ныцъцъæхахст кодта: 227
— Амардта мæ мæ мой. - Фынгæй фæлиуырдта. Дыууæ лæджы бахудтысты. Хуыцау сæм фæхъыг и: — Цæуыл худут, мæ усы амардтон, уый уын æхсызгон уыд? Тагъд мын æй зæгъут, цæуыл бахудтыстут?! Уастырджи йæм уæндондæр уыд, фыццаг ын сæхи хъуыд- дæгтæ радзырдтой, стæй загьтой Хуыцауæн: — Æрдæбон де скъæты уисойы къуыдырæй дæ бæхгæс æртæ ныххафта дæ усæн, æмæ уæд куынæ марди, уæд зæлы кæлмæрзæ- нæй куыд цъæхахст ныккодта. Хуыцау дæр фæмæсты: — Цомут æмæ фæлидзæм. Сыстадысты æмæ ралыгъдысты æмæ цæуынц æртæ иумæ. Мæстыйæ цæуынц. Иу ран иу быдырмæ æрхæццæ сты. Уым иу лæг хуым кæны æмæ, стыр чырын йе ’ккой, афтæмæй гутон дары. Уыдон дис кæнынц: уыцы чырын йе ’ккой цы рахæсс-бахæсс кæны? Уастырджи сын зæгъы: ~ Ай æз куынæ бафæрсон, уæд нæ уыдзæни. «Байриай» æм ныдздзуры. — Ацы лæг, дæ чырыны цы ис уыйбæрц, æмæ йæ зæххыл цæмæн не ’рæвæрыс? — Цы кæнон, дæ рын бахæрон! Æз иунæг лæг дæн æмæ мын ис рæсугъд ус... Иунæгæй йæ куы ныууадзон, уæд мын æй исчи куы ныххудинаг кæна. Уастырджи йæм æрдзуры: — Ма нæ фæтæрс, мах не стæм ахæм лæгтæ, фæлæ нын дæ усы равдис. Лæг йæ чырын æрæвæрдта, йæ усæн йæ искæй лæг йемæ, афтæмæй дыууæ иумæ чырынæй ралиуырдтой. Хуыцау загъта йе ’мбæлттæн: — Алчи нæ фæцæуæд йæ хæдзармæ. Ацы хъуыддаг фæтк фæ- уæд, фæлæ сусæг макуы бауæд! Хуыбиатæ арс цæуылнæ марынц Леуахийæн йæ галиу фæз былыл æрбынат кодта Хуыбиаты хъæу. Ацы хъæу рæсугьд нæу уæладзыг хæдзæрттæй, йæ раст сыгъ- дæг уынгтæй. Ахæмтæй ацы хъæуы æппындæр ницы фендæуы- дзæн. Хæдзæрттæ арæзт сты тымбыл æнамад хъæдтæй, хъуарийæ1 агъуыст... Кæд дзы уынджы сæраппонæн исты ис, уæд уыдон дæр бырон æмæ фаджысы къуыппытæй — семыдзаг. Уæдæ ма цæмæй у ацы хъæу рæсугъд? Ацы хъæу у рæсугъд йæ æвæрд æмæ йæ æрдзы рæсугъддзинадæй. Ацы хъæуы, иннæ хæдзæрттæй чысыл иртæстдæр, хицæнæй 228
лæууыди иу æнæрудзынг сидзæргонд хæдзар. Рухс æм цыди æрмæст ердойæ. Йæ галиу къулыл ауыгьд тузайраг топп, алы- мыггаг хъусбостæ, хъатаратæ æд хъацъымитæ, топпыхос дарæн стыр сыкъатæ, æрдынтæ, фаттæ... Хæдзары астæу тымбыл астæук- каг цæджындз, йæ разы артдзæст... Рæбинаг цæджындзыл — стыр бирæкъабузджын саджы сыкъатæ, нæ размæ — арф къæлæт- джын... Устытырдыгæй рæбинаг къуымы Быкаты хицауы цæрæн- уат æмæ кувæндон — сæрзæд. Къулыл тæскъ ауыгъд — къусæй, нуазæнтæй æмæ сыкъатæй æмдзаг. Дуарырдыгæй талынгдæр къу- ымы хоры къутутæ, тыкъулджытæ æмæ сырдты цæрмтты рæ- дзагьд. Ам царди Æфсатийы уарзон цуанон лæг — Хуыбиаты Хъуыба- ды. Уый уыди бæзæрхыг, уæрæхриу, бæрзондгомау æмæ, бирæгьау, нуарджын, ныхасуарзаг лæг. Йæ уд, йæ дзæцц та уыди уазæг. Иу хатт мæ, балцы уæвгæйæ, зымæгон хъызт батардта Хуы- биаты Хъуыбадымæ æнæбары уазæгуаты. Хъуыбады мын стыр цины фæстæ исдугмæ цыты уазæджы минас фæкодта, стæй фæ- сахсæвæрты райдыдта ныхас кæнын. Ныхас ныхасы сайы, æмæ Хъуыбады дæр æрæфтыдта ныхас фыдæлтыл. Æмæ мын мæнæ цытæ радзырдта. - Мах Хуыбиаты мыггаг, — райдыдта ныхас кæнын Хъуыба- ды, — иттæг рагон мыггаг у, æмæ рагæй æрæгмæ ацы Леуахийы уынгæг комы цæрæм. Нæ фыдæлтæн уыдис сæрибар цард. Ничи сæм ницы бар дардта. Сæ дуармæ хур æмæ уарыны йедцæмæ ничи ацыдаид. Æлдары сæраппонæн ницы зыдтой. Дардтой фос, кæд ма искуы ссардтаиккой æрдуз кæнæ фæз ран, уæд-иу уыдон дæр ахæххытæ кодтой. Фæлæ фылдæр сæ цард уыди цуанæй. Нæ хъæды æрсытæй фылдæр ницы ис, фæлæ Хуыбиаты мыг- гагæй лæг арсы нæ мары. Цæмæн æй нæ мары, ууыл ныхас дард ахæсдзæн. Фæлæ ницы кæны, æхсæв даргъ у, æмæ мæм дзæбæх байхъус. Загътон: нæ фыдæлтæн сæ цард уыди цуанæй. Уыдон уыдыс- ты ахæм цуанонтæ, æмæ се ’взæрдæр чи уыди, уымæн дæр мæ хуызæн цуанонтæ йæ рыджы нæ фæзындаиккой. Фæлæ хуыздæ- рæй хуыздæр кæм рафидидзæн! Афтæмæй уыцы хорз цуанонты æхсæн дæр разындис уæлдай хуыздæр цуанон — Тасолтан, зæгъгæ, йæ ном. Мæнæ ам къулыл цы цуанон гæрзтæ уыныс, уыдон сеп- пæт дæр уый уыдысты. Тасолтанæн, куыд лæппулæгæн æмæ иннæ цуанонтæй кæстæрæн, ирон æгъдаумæ гæсгæ йæ бон нæ уыдис хистæрты разæй сырд фехсын. Афтæмæй уый стæм хатт йед- дæмæ никуы фæци сырды марæнхъæд. Ацы хабар Тасолтанмæ хардзау æмæ æгадау касти. Уæд Тасолтан байуæрста йæ бинонтæй. Ус ракуырдта æмæ зыбыты иунæгæй райдыдта цуаны цæуын. Цæрæнбонты Тасол- тан никуы æрцыди цуанæй йæ хæдзармæ афтидæй. 229
Тасолтанæн йæ ус æрхæссыны афæдзы бонмæ райгуырди чызг æмæ лæппу — фаззæттæ. Сывæллæттыл иу-цыппар мæйы куы ацыди, уæд сæ мад амарди, æмæ баззадысты сидзæрæй. Тасол- тан сывæллæттæн байдыдта дарын сæгъы æхсыр, æмæ сывæл- лæттæ схъомыл сты. Ацыди сыл иу-авд-аст азы. * * * Тасолтан иу райсом иттæг раджы цуан кæнынмæ ацыд. Топ- пыхос æм цъус уыди, æмæ ма топпимæ æрдын æмæ фаг дæр ахаста йемæ. Худисæныл ссыди. Ракæсæн æфцæгыл ахызти æмæ суанг рагъмæ схызти. Тасолтан, мæ фæллад суадзон, зæгьгæ, æрбадти. Хурыскæсæнырдыгæй мигътæ туджы хуызæн кодтой. Арв рухс кæнын байдыдта, стъалытæ та фæлурс кæнын. Тæрæзтæ дзæвгар акъул сты. Авд хойы уæлдæфы уæрæхы арвы бæстастæу тыгуы- рæй зындысты. Бонвæрнон дзæвгар суади. Уалынмæ хур дæр фæсхохæй йæ был сдардта æмæ хохæй хохмæ йæ сыгьзæрин тынтæ айтыдта. Дымгæ фæлæууыд. Æрхъарм ис. Мæргътæ суасыдысты. Тасолтан бахъæлдзæг. Иæ цæстытæ арвау ферттывтой. Мидбыл- ты бахудти. Сыстади. Йæ хус дзæкъулæй систа æртæ уæливыхы, дурын арахъ, айдзаг кодта сыкъа, скуывта Æфсатийæн, ануæзта йæ æмæ ацыдис дарддæр. Æрдæг бонæй аивгъуыдта. Æрæнтæф. Тасолтан йæ цæхæр фæлтæрд цæстытæй ауыдта: къæдзæхы сæрыл лæууы дзæбидыр, йæ риу дымгæмæ радта æмæ йæхи уазал кæны. Фæстæты йæм æрцæуы иннæ дзæбидыр. Фыццаг æм фæстæмæ фездæхти, йæ сæр æм фæгуыбыр кодта æмæ йæм йæ сыкъатæ бадардта. Дыккаг æм йæхи рауагъта æмæ кæрæдзийы ныхтæ афтæ ныггуыпп код- той, æмæ сæ гуыппæй къæдзæхтæ ныррызтысты. Дыккаг дзæби- дыр та фæстæмæ сыдзмыдзы ацыди, стæй та ноджы йæхи ра- уагъта, ныггуыпп та йæ кæнон, зæгъгæ. Уыцы рæстæджы фæцы- ди топпы гæрах, æмæ фыццаг дзæбидыр расхъиудта къæдзæхæй. Дыккаг дæр йæхи нал баурæдта, атахти къæдзæхæй æмæ кæмдæр комы ныххæррæгъ. * * * Хъæдгæронмæ æввахс — цæхгæркъул къæдзæх. Къæдзæхы скьуыдæй схъæлæй тæррæст кæны цонджыхъулы стæвдæн суа- дон, æмбæлы тъæпæн дурыл, лыстæг пырх кæны алырдæм æмæ йе ’ртæхтæ хурмæ, арвы ронау, алыхуызон æрттывд кæнынц. Дис- саг у ацы суадоны миниуæг: у тынг рæсуг, сыгъдæг, афтæ рæуæг æмæ тæнæг, æмæ дзы куы нуазай, уæд афтæ æнхъæлдзынæ — дæ дзыхмæ дон нæ, фæлæ уазал дымгæ цæуы. 230
Изæрырдæм ацы суадонмæ æрбацыд дон хæссынмæ æд ду- рын, иу-ссæдз азмæ æввахс кæуыл цыд, ахæм куринаг чызг. Æна- хуыр хъæддаг рæсугьд уыди ацы чызг. Сатæгсау дзыккутæ цон- джы стæвдæн дыууæ быдæй раст йе счъилтæм хæццæ кодтой. Сатæгсау æрфгуытæ фындзы рæбыны сæрмæ афтæ куыддæр фес- хъæл сты хæрдмæ, æмæ загътаиккат: адон сты дыууæ калмы сау лæппыны æмæ кæрæдзимæ лæбурынмæ хъавынц. Йæ сатæгсау, тымбыл сау фæрдгуыты хуызæн цæстытæ æхсæвыгон бирæгъы цæстытау, æрттывтой. Йæ дзых — æрдæграйхæлд сырх дидинæ- гау. Йæ цæсгомы цъар уыди хурсыгъд, æмæ йæ уадултæ тарбын сырх дардтой. Йæ уæрæх риу æмæ фидар конд буар æнæниздзи- надæй уылæн кодтой. Æрæвæрдта йæ дурын суадоны размæ чысыл цъæх нæууыл. Сыхæлдта йæ дзыккутæ, апырх сæ кодта йæ уæхсчытыл афтæ, æмæ сæ бынæй йæ буар нал зындис. Уыцы рæстæджы суадоны фарсмæ бæласы къабузтыл фæй- нæрдæм ахæцыдæуыди, æмæ разынди нæ цуанон, Тасолтан, йе ’ккой дзæбидыры мард, афтæмæй. Тасолтан куъщдæридцæр чыз- джы ауыдта, афтæ нырма сагъд дурау фæци, йæ дзæбидыры мард йе ’ккойæ ахаудта. Стæй хъæргæнгæ, дæ сæр мын ничиуал байс- дзæн, зæгъгæ, хъæдæй бирæгьы гæпп ракодта, чызджы, уæрык- кау, йе ’ккой баппæрста æмæ ратагъд кодта. Чызджы æрдиаг æмæ сармæ Тасолтаны расырдтой фæстейæ йæ фыд æмæ йе ’фсымæр. Тасолтан сæм цæугæ-цæуын фæстæмæ хъæр кæны: «Аздæхут, æндæра уыл уæ хур аныгуылдзæн!» Уыдон куынæ здæхтысты, уæд Тасолтан бæласы аууон балæууыди. Гæ- рах — æмæ фыд атылди. Ныцъцъыгъгьуытт кодта фат, æмæ æф- сымæр фæуæлгом ис... Тасолтан скодта чындзæхсæв. Æрхуыдта йæ хъæуы. Уазджытæ дывæлдах æрбадтысты хæдзары. Систой агтæй фых дзидзатæ арынгтæм. Хъæуы лæппутæ ердойæ рауагътой фарны хъил æмæ æрдзырдтой: «Фарн, фарн! Фараст лæппуйы æмæ иунæг цъæх чызг!» Фарны хъилыл басагьтой фыдызгъæлтæ, хæбизджынтæ, æмæ сæ лæппутæ сластой хæрдмæ сæхицæн. Фæсдуар устытырдыгæй чызджытæ фæкъорд сты æмæ скъус- къус кодтой: «Къус, къус, кусриани, мæ мæкъуыстæг мæхи хъæуы! О, алæй, уæ, булæй!» Уыдонæн дæр арвыстой мæкъуыстæг. Хис- тæртæ скуывтой, æмæ райдыдтой минас кæнын. Цæлы фæстæ самадтой симын æмæ алæй-булæй. Чындзæхсæв фæци, æмæ уазджытæ сæ хæдзæрттæм фæцыды- сты. Фæлæ Тасолтанæн ацы бонæй фæстæмæ йæ дзæбæх, æнæмæт сабыр цард фехæлди. Тасолтанмæ йæ нæуæг ус туджджыны цæс- тæй касти. Комкоммæ йын исты æвзæр ракæнынхъом кæм нæ уыди йæ лæгæн, уым йæ маст калдта сывæллæттыл, надта сæ, сæ 231
туг сын æхсныфæй нуæзта. Исты амал сын куы ссардтаид, уæд сыл марынæй дæр нæ бацауæрстаид. Сывæллæттæ схъæддаг, схæ- тæгхуаг сты. Бонсауизæрмæ сæ хъомы фæстæ хъæдты, хъугæмт- ты хъеллау кодтой. Сæ фыд хæдзары куынæ уыдаид, уæд сæ хæдзарæн йе ’мгæрæтты дæр нæ цыдысты. Тасолтан иу райсом раджы цуаны ацыди. Сывæллæттæ фос хизынмæ атардтой. Бон-изæрмæ сæ фæхызтой. Изæры сæ æрыс- къæрдтой хъæумæ. Хъæуы базыдтой, сæ фыд цуанæй кæй нæма æрцыди, æмæ сæ ныфс нæ бахастой хæдзармæ бацæуын сæ дык- каг мады тæссæй. Фос уæгъдæй ауагътой хæдзармæ, сæхæдæг хъæуы лæппутимæ хъазыныл фесты. Тасолтаны ус фосæй иу фæфæсвæд кодта, амбæхста йæ. Уалынмæ ныккалдта стыр уарын. Сывæллæттæ бар-æнæбарæй балыгъдысты сæ хæдзармæ. Уым сыл сæ мад стай-тай кодта æмæ сæ тъæппытæ, мыхъхъытæгæнгæ ра- тардта, цы стур амбæхста, уыцы стур агурынмæ. Уарын расайдга стыр их. Их къæрцц-къæрцц кæны талынг хъæ- ды, скъуьщтæ, пихылæйттæ кæны бæлæсты сыфтæртæ. Арв нæры, æрттивы. Сывæллæттæ бахаудтой иу къутæрджын, залмысыфæй æхгæд цъыф ран. Змæлын нал фæразынц. Бынæй цъыфы ных- сынц, уæлейæ сæ их нæмы. Фæуынгæг сты. Сæ уд сæ хъуырмæ схæццæ ис. Сæрдиаг кодтой: «Æммыст, мæргьтæ уæддæр куы фес- тиккам!» Ацы дзырдты рæстæджы арвы дуар фегом ис, æмæ сы- вæллæттæ цæмæ бæллыдысты, уый сыл æрцыди: фестадысты уьптæ. Стахтысты сæ зындонæй æмæ бабырыдысты бæласы мæрайы. Уæдæй фæстæмæ ратæхынц сæ мæрайæ æрмæст æхсæв, «у-у- у» кæнынц. Се стуры ныр дæр ма агурынц. Боныгон нæ тæхынц: сæ дыккаг мадæй тæрсынц. Уыцы ’хсæв Тасолтан дæр фыдбонтæй æрхæццæ йæ хæдзармæ, Уым ыл йæ сывæллæтгæ куынæ сæмбæлдысты, уæд йæ усы афарста: — Кæм сты сывæллæттæ? - Иу стур сæ фесæфт, æмæ сæ уый агурæг арвыстон, — дзуапп радта ус. Иу сæр æмæ дыууæ къухы. Тасолтан йæ сæр хойгæ æмæ хъуын- тæ тонгæ рауади дуармæ æмæ, йе счъилтæй йæ дон мизгæ, æхсæ- вы тары нал фæзынди. Хъæдты, хъугæмтты фæзылди. Никуы æмæ ницы. Райсомырдæм, рухс кæнын куы байдыдта, уæд хъæ- ды астæу æрдузы ауыдта тугæйдзагбырынкъ бирæгъы. «Æвæццæ- гæн мын мæ сывæллæтты ацы бирæгъ бахордта», — ахъуыды кодта Тасолтан æмæ йæ багæрах кодта. Акъæртт ын кодта йæ гуыбын, фæлæ дзы, цы агуырдта, уый не ссардта... Ацыди дард- дæр. Уыньт, бæласыл къуыбылойæ бады гæрæм стай: йе ’нæфсис цæстытæ цæхæртæ калынц æмæ æнхъæлмæ кæсы йæ амæттаг ра- зынынмæ. Тасолтан уый дæр фæцæф кодта, раппæрста йæ бæла- сæй. Уый дæр акъæртт кодта: уый хуылфы дæр, цы ’нхъæл уыди, уый нæ разынди. 232
Тасолтан бафтыди Леуахийы былмæ. Леуахийæн цыма Та- солтаны фенд хъыг уыди, уыйау, дуртыл схъиудтытæгæнгæ, мæ- стыгæрæй хъуырхъуыргæнгæ, уади. Тасолтан фæрсы: — Мæ сывæллæттæ фесæфтысты æмæ сæ, мыййаг, нæ федтай? — Дæ сывæллæтты дæхæдæг фесæфтай æмæ сæ ныр кæмæй агурыс? Дыккаг ус куы ’рхастай æмæ сæ уый къухы куы нып- пæрстай, уæд уый цæмæннæ зыдтай, æмæ дыккаг ус фыццаг усы зæнæджы цæрын кæй нæ бауадздзæн? — радзырдта Леуахи Та- солтанмæ. Тасолтан бамбæрста йæ рæдыд æмæ дзуры Леуахийæн: — Фæрæдыдтæн, æмæ мæ рæдыдæн срастгæнæн кæм нал ис, уым хъуамæ мæхи дæ доны баппарон æмæ фесæфон. — Нæй, ды мæ рæсуг сыгъдæг доны амæлыны аккаг дæр нæ дæ. Нæ дæ айсдзынæн, — загъта Леуахи. Тасолтан Леуахийы ныхас хъуыды дæр нал æркодта, равзæр- ста стыр зилгæ хуыдым æмæ уым йæхи баппæрста. Фæлæ йæ Леуахи йæхимæ нæ айста: уайтагъд æй уырмæ аппæрста. Тасолтан дыккаг, æртыккаг хатт дæр бавзылдта йæхи доны, фæлæ-иу алы хатт дæр уырыл фестади. Бады Тасолтан уырыл æмæ хъуыды кæны: цы ма бакæна йе ’намонд сæрæн? Уыцы рæстæджы Арвы дуар фегом ис... Тасолтан тагъд-тагъд дзуры: Арвы дуар гом федтон. Мсехи комы мыст федтон, Калмы комы хæфс федтон. Уæлхур стъалы федтон. Нæ чызджытæ — кьуылыхтæ, Мæхæдæг та арс фестон! Тасолтан «мæхæдæг та арс фестон»-ы бæсты хъуамæ загътаид «мæ сывæллæтты ссардтон», фæлæ йын фыртагъд-тагъдæй афтæ дзырд фæци. Арвы дуар багуыпп кодта, æмæ Тасолтан арс фес- тади æмæ арсæй баззади... * * * — Гъеныр æй дæхæдæг бамбар, цæмæннæ мары Хуыбиатæй лæг арсы, — загъта мын Хъуыбады. — Æмæ ус та цы фæци? — бафарстон æз Хъуыбадыйы. — Йæ ус Тасолтаны фæстæ чындзы нал фæцыди. Базæронд ис, сфыдуынд ис. Йæ фындз йæ роцъомæ æрхæццæ. Мадæлтæ сæ сабиты уымæй тæрсын кодтой. Схингæнæг ис. Чи йæ зоны, цал хатты уыди хурхортимæ, кæнæ мæйхортимæ! Фæстаг хатт хурхор- тимæ куы уыди, уæд сæ алырдыгæй топпæй æхсын самадтой. Уым фæцæф, æмæ йæ дьпскаг бон сæ хæдзары мардæй ссардтой. 233
Мæгуыр лæг æмæ лæппу Уыдис иу лæг, лæгæн уыди лæппу. Уæд лæг мæлынвæнд скодта æмæ куы мард, уæд йæ фыртæн загъта: — Æз мæлын æмæ дын зæгьын æртæ ныхасы. Цыфæнды хорз æмгар дын уа, уæддæр ын дæ заинаг бæх дард балцы ма ратт. Дыккаг: æрæджиау чи схъæздыг ис, уымæй хæс макуы райс. Æртыккаг: дæ усы æртæ бонæй фылдæр йæ цæгаты ма ныууадз. — Уæд лæг амард, æмæ йæ баныгæдтой. Бирæ рæстæг куы рацыд, уæд æм иу уарзон лæг бацыд æмæ йын зæгъы: — Балцы цæуын æмæ мын дæ бæх авæр. Уæд ын лæппу загъта: — Мæ бæх заинаг у, æмæ дын æй нæ ратдзынæн. — Нал æй ныууагъта, — æмæ йын радта йæ бæх. Уæд лæппу дæр йæ фæдыл ацыд. Бæхы аласта, фæтардта йæ бонизæрмæ, изæры йæ æххор- магæй уазал скъæтмæ баласта, æмæ æхсæвы бæх фефтыдта. Лæп- пу бацыд, йæ байрагæн йæ царм рахаста. Йæ уарзон лæг бæх æрласта, фæлæ нал басаст, бæх кæй фефтыдта, ууыл. Æгæрыс- тæмæй ма йын йæ царм дæр фенын кодта, фæлæ нал басаст. Уæд та лæппу ацыд æмæ, æрæджиау чи сбонджын, уымæй райста æртæ азы æмгъуыдмæ æфстау æхца. Уæд æртæ боны фæстæ хæсдæттæг бацыд лæппумæ æмæ йæ срæуæг кодта: — Ме ’хца мын, ме ’хца. - Тынг æй куы срæуæг кодта, уæд йæ сæрæн ницыуал зыдта, ауæй кодта йæ мæгуыр муртæ æмæ афтæмæй æртæ бонмæ бафыста йæ хæс. Уæд та æрымысыд йæ ус йæ цæгатмæ цæуын, æмæ йын лæп- пу загъта: — Цæугæ кæныс, фæлæ æртæ бонмæ куыд, æрыздæхай, афтæ. Ус ацыд йæ цæгатмæ, уым баззад. Лæппу йын райгуырд, æмæ баззад æртæ боны нæ, фæлæ æртæ азы. Лæппу æнхъæлмæ кæсы, æмæ нæй, нæ цæуы ус йæ хæдзармæ. Уæд лæппу иу бон йæ бæх сифтыгьта æмæ ныццыд йæ каистæм, æмæ куы ныццыд, уæд æй йæ ус нал базыдта. Изæры хъазт сарæзтой æмæ лæппуйы рака- фын кодтой æмæ йын загътой: — Кæимæ дæ фæнды, уыимæ ракаф чызджытæй. Уæд йæхи усæй загъта: — Æз уыимæ кафын. - Ус ракафыд, æмæ йæ куы лæппу фел- хыскъ кæны, куы чызг. Уæд ын кафгæ-кафын чызг лæппуйæн загъта: — Изæры дæлæ скъæтмæ рацу æмæ уым, цы фæнды, уый сараздзыстæм. — Лæппу изæры ныццыд æмæ усы уым ныййæф- та. Уæд æй лæппу базыдта, зæгъгæ, мæ ус лæппутимæ кафы, æмæ уыцы рæстæджы йæ лæппу дæр уырдæм ныццыд, æмæ йæ куы федта, уæд лæппу загъта: «Махмæ æнæхсад къухтæй уыцы 234
хъуыддаг ничи кæны». Ус донмæ куыд ауад, афтæ лæппуйæн йæ бæх цæттæ, йæ лæппуйы йæ фæсарц авæрдта æмæ афардæг йæ хæдзармæ. Ус йæ лæппуйы агурын байдыдта, цы фæци, уый нал зо- нынц. Агурын æй байдыдтой, фæлæ йæ нал ссардтой. Уæд загь- той: «Цы ма сæфсон кæнæм йæ хицæуттæн, туджджын фестæм». Уæд æрымысыдысты æмæ сарæзтой мьщадзæй лæппуйы ныв æмæ йæ чырыны нывæрдтой æмæ арвыстой йæ фыдмæ: «Дæ фырт амард, æмæ йæ ацы бон ныгæнæм æмæ куьщ æрцæуай». Лæппу та йæм арвыста: «Мæ мард мын мæхи зæхмæ куыд æрхæссат». Марды æрхастой лæппуйы хæдзармæ, скьахтой йын ингæн, схастой йæ уæлмæрдмæ. Лæппу ракуырдта адæмæй ныхасы бар: зæгьгæ, адæм, раттут мын æртæ дзырды бар. Адæм ын радгой бар, æмæ дзуры: - Мæнæн мæ фыд куы марди, уæд мын загъта: дæ бæх заина- гæй дард балцы ма ратт. Æз æй радтон мæ уарзон æмгарæн, æмæ мын æй фефтауын кодта æмæ мын ыл нал басасти, йæ царм дæр ма йын фенын кодтон, фæлæ нал басаст. Уæд та мын загъта: æрæджиау чи схъæздыг, уымæй хæс макуы райс. Æз райстон иу ахæм лæгæй хæс æртæ азы æмгъуыдмæ. Æртæ боны фæстæ мæм æрбацыд æмæ мæ суынгæг кодта, мæ фæллой мын байста æмæ мын мæгуыры лæдзæг мæ къухты радта. Уæд та мын æртыккаг загъта: дæ усы æртæ боны йедцæмæ ма ауадз йæ цæгатмæ. Уæд æз мæ усы æртæ боны æмгъуыдæй арвыстон, æмæ баззад æртæ азы. Æртæ азы фæстæ æз ныццыдтæн æмæ куы бамбæрстон, мæ ус адæмы лæппутимæ кафы, уæд æз мæ фырты ракодтон, æмæ мæнæ мæ фырт мæ фарсмæ лæууы, — уæд мын кæй мæрдты ныгæнын кæнут? Уыцы бон хисты бæсты йæ фыртæн куывд скодта æмæ баззад æмæ цæры йæхицæн. Цæхджын хойраджы аргъ Цардис мæгуыр лæг йæ фыртимæ. Иу бон мæгуыр лæг йæ фыртмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы: Цалынмæ ма удæгас дæн, уæдмæ фæцу мæ рагон хæлармæ æмæ дзы мæ хæс дæр æрхæсс. Дæ фæндаг дард уыдзæн, æмæ дын фæдзæхсын: фæндагыл уа, бынаты, уæддæр кæрдзын иунæгæй макуы бахæр. Сцæттæ кодтой лæппуйæн фæндаггаг, æмæ ацыд балцы, уæдæ цы уыдаид. Цас фæцыдаид, чи йæ зоны, фæлæ бахæццæ иу суа- донмæ. Суадоны цур бады иу зæронд лæг, хæринаг æм ницы, йæ фæллад уадзы. Мæгуыр лæджы фырт систа йæ фæндаггаг æмæ дзуры зæронд лæгмæ: 235
Барвæсс, зæронд лæг, мæ хус къæбæрыл, цæхджын хойраг адæмæн æмхуызон у. Зæронд лæг арфæ ракодта лæппуйæн, æмæ бахордтой ахо- дæн. Цæуынтæ райдыдтой æмæ изæры бахæццæ сты, лæппу цы хъæумæ цыди, уырдæм. Зæронд лæг хъæугæрон фæдæлдзæх ис, æмæ лæппу иунæгæй бацыд йæ фысымтæм. Хорз суазæг кодтой лæппуйы йæ фыды хæлæрттæ. Радтой йын хæсы ’хца, скодтой йын хорз фæндаггæгтæ, æмæ та дыккаг бон лæппу рараст йæ фыды хæдзармæ. Иу дзæвгар куы рауадис хъæуæй, уæд та кæсы, æмæ уæртæ зæронд лæг фæцæуы — Аипп ма уæд, ме ’мбæлццон, фæлæ кæй фæхицæн дæ, уый мын хъыг уыди. Мæ фысым нæ дыууæйы дæр суазæг кодтаид. — Афтæ у, лæппу, фæлæ æз дæр дæ фысыммæ уыдтæн. ~ Ау, уæдæ дæ æз куыд нæ федтон? — Лæг нæ дæн æз, — загъта зæронд, — удхæссæг дæн æз æмæ дæ фысымы уд исынмæ уыдтæн. Ныронг дæр æм цыдаин, фæлæ йын хатыр уыд: афтæ куывта, Хуыцау, хæсджынæй мæ ма амар, зæгъгæ. Лæппу фæхъыг кодта йæ фысымы зианыл, фæлæ ма дзы. цы рауадаид. Аходæн афон куы ’рцыди, уæд та кæрдзын иумæ бахордтой, æмæ уæд лæппу фæрсы: — Уæдæ мын мæ уд хæссынмæ та кæд æрцæудзынæ? — Лæппу, хуыздæр уыдаид, уымæй мæ куынæ фæрсис, уæд. Дæ зæрдæ йемæ дзурдзæн, æмæ дын зын уыдзæн. — Кæм фембæлдыстæм, уым уæлдай нал у, зæгъ мын æй. — Ус куы ракурай æмæ йæ куы ’рхæссай, уæд ног чындзы сæрзæдыл куыддæриддæр бафæдзæхсой, афтæ æрцæудзынæн дæ уд хæссынмæ. Лæппуйæн йæ ускурæн афон æрцыди, фæлæ ма кæм куымдта ус курын. Хæстæгæй-хионæй йæм æрхатыдысты, æмæ йын гæ- нæн куы нал уыд, уæд сразы. Удхæссæг ын куыд загъта, уый зæгъын та йæ сæрмæ нæ хаста. Æрхаста ус, уæдæ цы уыдаид. Ног чындзы сæрзæдыл куыд- дæриддæр бафæдзæхстой, афтæ удхæссæг лæппуйы уæлхъус фев- зæрд. — Æххæст ма мæ фыдимæ аныхас кæнон, — зæгъгæ, лæппу бар ракуырдта удхæссæгæй æмæ йæ фыдмæ бацыд. Радзырдта йын, удхæссæг æм кæй æрцыд, уый. — Æнхъæлдæн, лæппу, цы дын фæдзæхстон, уый дæ зæрдыл нæ бадардтай. — Мæ Хуыцау - ме ’вдисæн, дыууæ хатты фембæлдтæн ацы зæронд лæгыл, æмæ дыууæ хатты дæр иумæ бахордтам кæрдзын. — Уæдæ йæм бацу æмæ йын зæгъ: «Цæхджын хойрагæн ницы аргъ кæныс?» 236
Лæппу бацыд æмæ загъта удхæссæгæн, йæ фыд ын куыд ба- цамыдта, афтæ. Удхæссæг уымæн дзуапп раттын нæ бафæрæзта æмæ фæцыд Мæрдты бæсты æмæ ХуыцауЫ тæрхоны лæгтæм. Иннæ абонæй иннæ абонмæ фæтæрхон кодтой æмæ нæ бафæ- рæзтой саргь кæнын цæхджын хойрагæн, уыйбæрц зынаргъ сæм фæкаст цæхджын хойраг. Уыйадыл ногусджын удæгасæй баззад. Иунæджы кадæг Раджы, чи зоны, кæд æмæ кæд уыдис, иу хъæуы царди æмæ уыди Иунæг. Иу райсом сыстад Иунæг йæ хуыссæнуатæй æмæ дзуры йæ зæронд мадмæ: — О æна, фын дын федтон, фын, дысон, диссаджы фын. — Дæхи уал ахс, æна дæ сæрыл хаст æрбауа, æмæ мын æй уæд радзурдзынæ, — загъта йæ зæронд мад. ~ Сагты рæгъау ралыгъдысты нæ хъæуыл; лæджы хуызæн лæгæй чи уыди хъæубæсты, уыдон фесты сæ фæдыл, фæлæ сæм ничи сарæхстис. Мæн дæр хæрз æрæджиау цыдæр фæдисы ауагъта. Адаем здæхтысты, худæгæй мыл мардысты. Сурынтæ систон саг- ты рæгъау, баййæфтон сæ, цæгъдынтæ сæ байдыдтон æмæ сæ иудадзыг дæр ныссæрфтон. Цагъды мæрдтау Терчы атагъайы адаргъ сты сæрджын саджы мæрдтæ. Мæ фæндаг сыл ракодтон фæстæмæ, сæ сыкъатæ сын æфтауын. Уыцы хуызæнæй, æппæты разæй цы саг афæлдæхтон мæ фатæй, уымæ æрбахæццæ дæн. Мæхи йæм фæфистæг кодтон, фæлæ мын сæрджын саг мæ ар- тæнтæ срæхуыста йæ калм марæнæй. Уыйадыл райхъал дæн, мæ хид мæ къæхты бынæй акалди. Бирæ рацыд, чысыл рацыд рæс- тæг, чи у йæ зонæг, фæлæ та иу райсом раджы лæппу фын дзу- рынмæ хъавы йæ мадæн. — О, æна дын амæла, уый дын цавæр æгъдау у: дæхи нæма цæхсыс, афтæ аргъæуттæ дзурыныл фæвæййыс, нæ дæм байхъус- дзынæн, цалынмæ дæхи цæхсай, уалынмæ. — Нæ хъæубæсты къобор галтæ цы уыдысты, уымæй нæ кæр- ты байдзаг сты, сæры хъуын уырдыг сыстади сæ богьтæм. Уæд сæм рацыд нæ зæронд хъуг дæр, æрлæууыди сæ астæу æмæ уый дæр нал æнцади уасынæй. Æрбадымдта цæгатæй, æрхъуынтъыз ис арв, нал æрттивы æнусы цъити хурзæрины рухсмæ. Æмæ та иу ахæмы райсомраджы арты фарсмæ æрбадти Иунæг æмæ та дзуры йæ мадæн: — Фын та дын федтон, æна, фын. Цыма дыууæ æхсинæджы æртахтысты нæ кæртмæ, æфтуанхъæдыл æруагътой сæхи, баз- дæхтысты кæрæдзимæ æмæ царм-буар нал ныууагътой сæ уæлæ; 237
ногуард митау нæ кæрт урс-урсид адардта сæ пакъуыйæ. Ноджы нæм æрбацыдысты, хъæубæсты лæгæй чи уыд, уыдон. Скъæтæй нын раластой мæ саулохы, алвыдтой йын йæ барц æмæ йæ ды- мæг. О æна, ацы æнахуыр фынтæ цæмæ цæуынц, уый мын куынæ радзурай, уæд дæ нæ ныууадздзынæн. Исдугмæ ком нæ лæвæрдта зæронд ус Иунæгæн. Куынæуал æй уагъта æмæ куынал, уæд ын æна байдыдта дзурын: — Хорз фынтæ нæ федтай, мæ хъæбул, мæ иунæг æнхъæлцау, ацы рухс дунейыл ма мæ къæхтыл кæмæн цæуын. Абырджытæ æрбабырсдзысты иу ахæмы нæ хъæумæ: дæ иунæг æрдхорд Агуын- дæ-рæсугъды дын тыхæй ахæсдзысты. Нæ хъæубæстæ фæдис ацæу- дзысты, фæлæ куыд ацæуой, афтæ фæстæмæ дæр æрбаздæхдзыс- ты; Агуындæ-рæсугъды нæ байсдзысты знæгтæй. Хæрз æрæджиау дæ саулохыл, уастæн макуы фæуа йæ бын- дар, дæхи баппардзынæ æмæ сурынтæ байдайдзынæ тыхгæн- джыты. Фæдисæттæ дыл фæндагыл иугай-дыгай æмбæлдзысты, худæгæй дыл мæлдзысты, фæстæмæ дæ здахдзысты, фæлæ дæ цыды кой кæндзынæ ды дæ тæргæ бæхыл. Тыхгæнджыты бай- йафдзынæ Терчы атагъайы. Цæгъдгæ сæ ацæудзынæ размæ, Агуындæ-рæсугъды сын байсдзынæ, стæй сын сæ хотыхтæ исгæ рацæудзынæ. Æппæты разæй кæй фæцæф кодтай, уымæ æрба- хæццæ уыдзынæ, æмæ йын йæ хотыхтæ исынмæ куы фæуай, афтæ дæ фыдызнаг барæхойдзæн йæ сау хъамайæ. Бацæуæнтæ нал уыдзæн нæ кæрты, хъæубæстæй ничиуал баз- зайдзæн фæсфæд, дæ хæлар, де ’мгар дæм æрцæудзысты; æз дæр, дæ зæронд мад, сæ астæумæ рацæудзынæн æмæ ма арвæн иргъæ- вæн уыдзæн, фæлæ баиргъæвæн нал уыдзæн махæн кæуынæй æмæ дзыназынæй. Гъе уый дын дæ фыццаг фын, Дæ дыууæ æфсымæр-хойы дæм æрцæудзысты, царм-буар нал ныууадздзысты сæхиуыл, сæ кæрæдзийы сæры хил тондзысты. Уыдон тæригъæдæй дур аскъуыйдзæн, арвыл хур баталынг уы- дзæн. Уый та дын дæ дыккаг фын. Дæ номыл нæ хæдзары цы сылгоймаг цæры, мæ иунæг чындз, уый дæ ингæны уæлхъусмæ ахондзысты, æртæ хатты йæ æрзи- лын кæндзысты ингæны алыварс, болат хæсгардæй йын ралыг кæндзысты йæ даргъ дзыккутæ æмæ дын сæ дæ табæты бавæр- дзысты. Уый та дын дæ фæстаг фын. Иу ахæмы абырджытæ, тыхгæнджытæ хъæумæ æрбабырстой. Агуындæ-рæсугъды ахастой. Хъæубæстæ змæлд систы: дзыллæ фæдисы цæуынц... Бамбæрста Иунæг, Агуындæ-рæсугъд хаст кæй фæцис бæл- вырдæй. — Бæсты худинаг мыггагмæ фидиссагæн фæдæн, — загъта Иунæг, барæвдзытæ кодта йæхи, абадт йæ бæхыл æмæ сурын байдайы тыхгæнджыты. 238
Бирæ нæ рауад, афтæ йыл æрбабон; стæй куыд дарддæр кæны, афтæ йыл фæдисæттæ æмбæлынц, худынц ыл, здахынц æй фæс- тæмæ. Тыхгæнджытæн Терчы атагьайы сæ фæдыл бафтыд Иунæг. Хурыскæсæнырдæм фæхæссы фæд йæ саулохыл. Уайы, уайы æмæ сæ æрбахæстæджытæ кодта. — Нал æй фæхæсдзыстут, нал, мæ мад, мæ фыдыстæн, — загьта Иунæг. Цæгъдын сæ байдайы тыхгæнджыты... Фæлæ фыд- боны фынтæ ма ’рцæуæнт Иунæджы сæрыл! Мæлæтдзаг цæф уыди, афтæмæй ма Агуындæ-рæсугъдимæ æрбахæццæ Иунæг йæ райгуырæн къонамæ. Бирæ нал ахаста тых- гæнæджы сау хъамайы цæфæй, йе ’нусон хæс бафыста æмæ амард. Уæларвæй æхсидав куы рахаудаид, уæд зæхмæ не ’рхæццæ уыдаид, уыйбæрц адæм æрæмбырд сты Иунæджы мардмæ. Нал æнцайынц сæ сæртæ хойынæй Иунæджы æмгæрттæ, нал æнцайы кæуынæй Иунæджы мад, хъисыны фаг æртыдтой кæрæдзийы сæры хилæй йæ дыууæ хойы. Болат хæсгардæй ракодтой Иунæ- джы усæн йæ даргъ дзыккутæ æмæ сæ марды роны бавæрдтой. Базыргантæ Цы ран уыдаид, чи йæ зоны, кæцон уыдаид, уымæн дæр ницы сбæрæг ис. Иу хатт тæгæр бæласы бын хуыссыдис иу мæгуыр лæджы фырт. Йæ тарф фынæйыл куыд уыди, афтæ йыл æрбафтыдысты кæцæйдæр базыргантæ æртæйæ. Уыдонæй сæ иу æваст фæхъæр ласта: — Мæнæ нын маринаг лæг! Уыцы æбуалгъ хъæрмæ мæгуыр лæджы фырт райхъал, асæр- фта йæ цæстытæ æмæ йæ хæд раз æртæ лæджы æд гæрзтæ куы федта, уæд сæм дзуры: — Цы ракодтон, цы хæсджын уæ дæн, маргæ мæ цæй фæдыл кæнут, уыдæттæй уæ нал бафæрсдзынæн, фæлæ ма уæ уыцы бар курын, æмæ мæм æртæ дзырдмæ байхъусут. — Дзургæ! Æрмæст тагьддæр, — загътой æртæ базырганы. Мæгуыр лæджы фырт йæ алывæрстæм ахъахъхъæдта, хъæ- лæкк, æмæ дзуры: — Тæгæр бæлас, ды - мæ комдзог, æндæр цъиу тæхæг дæр никæцæй зыны. — Уый фæстæ ма йе ’ргом арвмæ сыздæхта æмæ загьта: — Хурты хурзæрин, ды — ме ’вдисæн, дунейы фарн, ды та — мæ тæригъæд хæссæг. Уый фæстæ æртæ базырганы сæ быны æркодтой мæгуыр лæ- джы фырты æмæ йæ хурхæргæвст акодтой, сæхуыдтæг тæгæр бæ- ласы бынæй сæхи айстой. 239
Иу фыййау йæ фос фæцæйскъæрдта тæгæр бæласы бынты, федта дзы мардæй мæгуыр лæджы фырты æмæ хъæумæ фæдис хъæргæнæг фæуад. Хъæубæсты адæм рацыдысты, марды сынтыл сæвæрдтой, уæлмæрдмæ йæ бахастой æмæ йæ уыцы ран йе ’нусы бынаты бавæрдтой. Афæдз рацыди мæгуыр лæджы фырты мардыл. Афæдзы хист ын кæнынц йæ кæрты. Хъæубæстæ хисты бадынц. Раст гъе уыцы сахат дунейы фарн ныддæлæуæлæ кодта æмæ, мæгуыр лæджы фырты чи амардта, уыцы æртæ базырганы ууыл- ты æрбауагъта. — Уазджытæ, æрбаздæхут нæм, рухсаг зæгьут. Дзыллæ æртæ базырганы хистмæ бахуыдтой, хибарæй сын фынг æрцарæзтой. Сæ уырдыгыстæг сын дзагдармæ бацыд. Дзаг- дар сын бæгæны къæртайы дзаг сæвгæдта, уырдыгыстæгмæ йæ радта, æмæ уый уазджыты уæлхъус æрлæууыд. Нуазæн сау бæгæ- ныйæ байдзаг кодта æмæ йæ уазджыты хистæрмæ балæвæрдта. Базыргантæ сæ дзыхмæ дæр нæма схастой нуазæнтæ, афтæ кæцæйдæр æрбадымдта. Æрбадымдта æмæ дымгæ тæгæры сыфтæ æрбахаста — сыфтæ нуазæны ныккалдысты. Тæгæры сыфтæй нуазæнтæ асыгьдæг кæнынц; хæрз дзаг та сæ бакæнынц, æмæ сæм уæд та хуры тынтæ судзгæ æваст ныккæсынц. Сатæгсау бæ- гæны нуазæнты сфыцы æмæ фынкæй зæххы хай бавæййы. Уæд базырганты хистæр фæрсы сæ лæууæджы: — Хæрнæг кæмæн кæнынц, уый цавæр мард уыди æмæ кæд амард? Лæууæг сын радзырдта: — Иу афæдз аивгьуыдта, афтæ мæгуыр лæджы фырты тæгæр бæласы бын быдыры амардæуыди. Йæ марджытæ не сбæрæг сты. Афæдзы хист уымæн кæнынц. Уæд базыргантæ сæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ хъуыдцаг сæ зæрдыл æрбалæууыд йæ сæрæй йæ кæронмæ. Дзурыныл схæ- цыдысты уыцы ран хатиагау æмæ радзырдтой се ’вирхъау ми, радзырдтой, мæгуыр лæджы фырт тæгæр бæласы æвдисæнæн куыд амыдта, æрттиваг хуры — комдзог, дунейы фарны — тæригъæд хæссæг. Уазджыты уырдыгыстæг хатиагау æмбæрста æмæ сын сæ ны- хас куы фехъуыста, уæд баздæхт æмæ адæмæн базонын кодта: æртæ уазæджы разындысты мæгуыр лæджы фырты марджытæ — сæхуыдтæг æй фынджы уæлхъус радзырдтой хатиагау, зæгьгæ. Хисты адæм сæм фæлæбурдтой, рацахстой сæ. Хистæртæ сын уыцы ран тæрхон скодтой. Уый фæстæ сæ аджы цурмæ баластой, мардæн сæ ныффæлдыстой, стæй сæ уæлмæрдтæм акодтой æмæ сæ мæгуыр лæджы фыртæн йæ ингæны уæлхъус ныммардтой. 240
Гуырдзыйы паддзахы худ Дыгур уыди Гуырдзыйы паддзах Ерекины1 къухы. Уый уыд хуыцауыуарзон æмæ раст лæг, кæрон нæ уыд йæ уæздандзина- дæн. Иу хатт куы уыди, уæд паддзах хордта сихор, афтæмæй йæм æрбацыд рынчын мæгуыргур. Паддзахы къухы уыди сæны нуазæн, æмæ йæ мæгуырмæ авæрдта. Рынчын лæг сæн анызта, æмæ йæ фындз къусмæ æртагъд. Лæггадгæнæг хъавыд къус ных- сынмæ, фæлæ йæ паддзах райста, сæнæй йæ байдзаг кодта ног æмæ йæ банызта. Уыцы сахат арвæй йæхи рауагъта мигъы бын- дзыг, æрхауд дзы сыгъзæрин худ æмæ абадт паддзахы сæрыл. Уый уыд Хуыцауы лæвар паддзахæн, афтæ кæй бакодта, уый тыххæй. Уыцы худ цыди иу паддзахæй иннæмæ, стæй Гуырдзы- стон Уæрæсеимæ куы баиу, уæд бахауд уырысы къухы. Уыцы худы нывыл гуырдзы æмæ ир аразынц чындзы худтæ. Саккаты хæйрæг Саккатæ хос карстой, æмæ хæйрæг æрцыди уыгæрдæнмæ æмæ йæхицæн хæрисæй цæвæг акодта, æмæ, уыдон куыд кодтой, уый дæр афтæ кодта: уыдониу улæфгæ куы кодтой, уæд-иу уый дæр улæфыди; уыдон-иу сæ цæвджытæ цыргъ куы кодтой, уæд-иу уый дæр йæ хæрис цæвæг цыргъ кодта. Æмæ йæм куы ’ркастысты, уыдон цы кæнынц, уый дæр уый кæны, зæгъгæ, уæд сеппæт дæр хосы бæндæнтæй сæ къæхтæ ба- бастой. Уый дæр сбæндæн кодта æмæ, уыдон куыд сбастой, афтæ йæ къæхтæ сбаста. Стæй сыл иннæтæ цæвджытæ сдардтой, æмæ фæлыг сты бæндæнтæ, æмæ сæ къæхтæ феуæгъд сты. Уый хæрис цæвæг сдар-сдар фæкодта, фæлæ йæ бæндæн нæ алыг æмæ йæ къæхтæ бастæй баззадысты. Уыдон дæр æм æрцыдысты æмæ йын йæ сæр сæрдасæндзæф фæкодтой, æмæ уæлæуыл баззад æмæ семæ куыста. Æмæ-иу æй донмæ куы арвыстой, уæд-иу райсомæй æмбис- бонмæ донмæ касти æмæ-иу, цы донмæ хъавыд, ууыл куы фæ- хæст и, уæд-иу æй фелвæста, - донæй æвзаргæ кодта. Афтæмæй цæрын байдыдта æмæ алцыдæр куыста. Æрмæст ын майрæмбо- нæй майрæмбонмæ йæ сæр сæрдасæндзæф кодтой. Иу майрæмбон сын æнæ сæрдасæндзæфæй баззади, альпъди æмæ Махческы доны фале иу дуры бын фæмидæг æмæ уæдæй фæстæмæ фесæфт. Уæдæй фæстæмæ æмбисондæн баззад Сакка- ты хæйрæг, зæгъгæ, ирон адæмы æхсæн. Дыгур та йæ хонынц Сечъынаты хæйрæг. Уыцы хæйрæгæн йæ куысты æгъдæуттæ иннæ адæмы хуызæн нæ уыдысты. Кæри-иу куы ’ппæрста, уæд-иу иу фыййаг мусмæ 16 Ирон таурæгътæ 241
калдта, иннæ фыййаг та-иу æддæмæ æппæрста. Куырæйттæ дар- дта æмæ-иу йæ цалх, адæмы куырæйттæ чердæм зылдысты, уыцырдæм нæ, фæлæ-иу зыдди галиуæрдæм. Йæ сæр майрæмбо- ны æнæ сæрдасæндзæф уымæн баззад, æмæ бирæ бинонтæ уыды- сты æмæ кæрæдзимæ гæсгæ. Бытъæйы таурæгъ Бытъæ царди Дæргъæвсы, скодта хъæд Дзысджиу. Æмæ-иу æй хъахъхъæдта, дзæгъæл цæгъдын æй нæ уагьта, гæс ын уыд йæхæдæг. Иу изæр куы уыди, уæд рацыди, баталынг ыл и, афтæмæй. Æмæ хъæды астæуæй арт цæуы, цьæх арт. «Уæдæ ай куынæ ба- бæрæг кæна, уæд Бытъæ цæй лæг у», — зæгьгæ, загъта Бытъæ. Æрцыди уырдæм æд гæрзтæ - ирон топп, ирон дамбаца, хъа- ма йæ фарсыл, афтæмæй. Уым чи уыд, уыдон ын загьтой: Дæ гæрзтæ аппар, кæннод дын ардæм цæуæн нæй. Уыдон уыдысты хæйрæджытæ. Бытъæ аппæрста йæ гæрзтæ æмæ бацыдис сæ астæумæ æмæ æрбадти. Алы нозт, алы хæрд — сæ фарсмæ. Хæрынц, нуазынц. Бытъæмæ дæттынц, фæлæ сыл уый не ’ууæнды, нæ сæ комы, сæ коммæ нæ кæсы. - Ацы хæрд-нозт уæм кæцæй цæуы — куынæ кусгæ кæнут, куынæ æндæр? Сæ хицау загъта: - Ныртæккæ, фæлæуу, æз дын æй фенын кæндзынæн. Дыууæ хæйрæджы æрбацыд. Иуæн голлаг йæ дæларм афти- дæй, иннæмæн — йедзагæй. - Æмæ адон цы сты? — бафарста Бытъæ. Сæ хицау загъта: - Æфсинтæй «нæй-нæй» чи кæны, уыдоны бæркад йе ’ккой æрбахаста, æмæ гъе уымæй цæрæм. Афтид голлаг чи ’рбахаста, уымæн йæ къухы ницы бафтыд. Бирæгъы хинтæ æмæ цуаноны раст гæрах Майрæмададжы доны был уыдис ахæм суадон, кæцымæ цы- дысты сырдтæ нуазынмæ. Цуанонтæ-иу скодтой сæхицæн уыцы ран бадæнтæ æмæ-иу мардтой сырдты уыцы цæхджын доны был. Майрæмададжы доны вæййы стыр мæлттæ сæрдыгон. Хъобанæй уырдæм иу цуанон ацыди, Хъаныхъуаты Хабос Дудары фырт. Уыдис сæрдыгон æнтæф бон. Æрбадти суадоны был, æнхъæлмæ кæсы, кæд искуыцæй сырд фæзынид, зæгьгæ. 242
Уалынмæ доны фаллаг фарсæй стыр саг æрбацыд, æрбахызт малмæ æмæ дзы схуыссыд. Цуанон æнхъæлмæ каст, саг сыстдзæн æмæ хæстæгдæр æрбацæудзæн цæхджын донмæ. Саг хуыссы доны, фæлæ йæ фæстæ æрбацыд бирæгъ, уæлдæр ыссыд бирæгъ, ратыд- та залмысыф, æрæппæрста йæ доны, дон раласта залмысыф. Саджы цурмæ куы ’рхæццæ, уæд саг фæтарст æмæ фестад, залм фæдæле, саг фæстæмæ æрхуыссыд. Бирæгь та æртыдта дыккаг сыф æмæ та йæ рауагъта доны, саг та фæтарст, фæлæ стгæ нал скодта. Æртыккаг та æрбахаста бирæгъ, аласта йæ дон саджы цурмæ, саг æм февнæлдта æмæ йæ ахордта. Æртыдта бирæгь цыппæрæм æмæ йæ йæ дзыхы æрбахаста донмæ, йæхæдæг ныббырыд доны бынмæ, æмæ залмы уæлейы дон фæйлауы, ныр бирæгъ уæлæмæ нæ зыны, цæуы доны бынты — æрхæццæ ис саджы цурмæ. Саг февнæлдта залмысыфмæ, бирæгъ та фæлæбурдта æмæ саджы хурхыл ныххæцыд. Саг æмæ бирæгь тухæн кæнынц доны астæу. Цуанон, куыд æй фæндыд, афтæ ныхъхъавыд, фехста æмæ нæмыг бирæгъæн йæ сæрыл сæмбæлд. Сагæн йæ бæрзæй асаст. Мæгуыр цуанон йæ иунæг гæрахæй саг æмæ бирæгъ æрхаста. Æрæджы дæр ма сын сæ цæрмттæ нæ сæфта. Дзæгъæлдзæуæг Царди æмæ уыди иу хъæздыг лæг, сонтгомау æмæ æлгъитаг. Фæндагыл уа, куысты уа, цуаны уа — чысыл ницæуыл дæр-иу æлгьы- ста, æмæ йæм Тырсыгомы дауджытæ мæсты кодтой. Куы-иу ын йæ фосæй фесæфтой, куы-иу ын йæ хоры хуым зæйы бын фæкодтой, куы та-иу ын йæхи фæндагæй фæдзæгьæл кодтой æмæ-иу йæхи ньщьцьæррæмыхстытæ кодта. Куы та-иу æнæхъæн бон цуаны фæ- цыд, æмæ-иу сырддониъиу йеддæмæ йæ размæ ницы фæци. Сфæлмæцыд лæг, уæдæ цы уыдаид! Раскъæрдта йемæ дыууæ фыры, бацыд Хиуы Сионы1 аргъуанмæ æмæ сæ Уациллайæн аку- сарт кодта. Кæд ын, ома, Уацилла иннæ бардуæгты фыдбылыз кæнын нал уадзид. Фыдбылызтæ йыл æцæг нал цыд, æмæ та хъæздыг кæнын райдыдта, æмæ æнхъæл уыд, Уацилла йын æх- хуыс кæны, зæгъгæ. Иу хатт та Къобы2 хъæуы дыууæ къамбецы ауæй кодта, цы æхца райста, уыдон йæ худы бахуыдта æмæ йæ хæдзармæ рараст. Иу ран доны сæрты фæцæйхызт, æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, ацы доны был йæ къах куыд фæцæйсаст, æмæ та нылгъыста. Уæд дын йæ тæккæ раз бардуаг фестад æмæ йыл фæхъæр кодта: - Ноджы та æлгъитыс?! - Ноджы та æлгъитын, — зæгъгæ, загъта лæг. - Уæдæ дæ нæма сахуыр кодтон?! 243
— Гъеныр мын дæ бон ницуал у. Æз мæхи дæр, мæ сывæл- лæтты дæр, мæ фос дæр æмæ мæ хор дæр Уациллайæн бафæ- дзæхстон, æмæ ма мын цы ракæндзынæ! — Уæдæ йын дæ худ нæ бафæдзæхстай, — зæгъгæ, фæхъæр кодта бардуаг æмæ йын йæ худыл ныффу кодта. Худ лæджы сæрæй фæтахт æмæ комы афардæг. Лæг худы фæстæ ныййарц, кæд ме ’хца къухы бафтиккой, зæгъгæ. Фæлæ худмæ йæ къухтæй куыд фæлæбуры, афтæ та худ дымгæ аскъæфы... — Æй! Хынджылæгæн æгьгъæд у, æри мын ныр мæ худ! - хъæр кæны лæг бардуагмæ. — Ратдзынæн дын æй, æрмæст уал мæ хатыр ракур æмæ мæ кæй нал ралгъитдзынæ, ууыл расомы кæн! — Нæ, уый дзы нæ уыдзæн! — фæхъæр кодта мæстыйæ лæг. — Фæлтау мæ цæргæбонты дæр мæ худы фæстæ уайдзынæн! — Уæдæ уайгæ! — загъта бардуаг æмæ фæдæлдзæх. Уæдæй ардæм лæг суры йæ худ, фæлæ йæ къухы не ’фты. Хингæнæг ус Хъесатæм уыд хингæнæг ус. Нæ сæ уагъта цæрын. Иу хатт хингæнæг усы хæдзары уыд Тутыры бæрæгбоны куывд. Хингæ- нæг ус сын цæттæ кодта хæринаг. Иу хатт йæ чызджы барвыста æмбырдмæ, кæддæра цы ми кæнынц адæм, уый базонынмæ. Чызг бауад æмбырдмæ. Æмбырды æппындæр цыма ничи уыд, уыйау хъусæй лæууыдысты. Æрмæст ма сабыр фæлмæн ныхас кодта сæ хистæр. Чызг фæстæмæ раздæхт æмæ йæ мадæн радзырдта, цы федта, уый. Хингæнæг ус куы бамбæрста, æмбырды адæмæн сæ зонд иу у, сæ ныхас кæрæдзиуыл бады, уæд загьта, мæнæн ныр цæрæн нал ис, зæгъгæ, æмæ амардис. Пысылмон дины райст Галазаны адæм чырыстон уыдысты. Уæд Мæхæмæт-пехуым- пар паддзахæй чиныг райста æмæ сæм æрцыд. Уыцы чиныджы фыст уыди, зæгъгæ, пысылмон дин чи райса, уымæн паддзах ратдзæн йæ чызджы. Уæд уыди иу фыййау Телвес æмæ уый ку- вын райдыдта пысылмæтты Хуыцауæн (Аллахæн), æмæ паддзах йæ чызджы радта уымæн. Уый фæстæ пысылмон диныл ныллæууыд Батраз дæр æмæ уый та ракуырдта паддзахы кæстæр чызджы. Хистæр чызг уыд æмбисонды сылгоймаг æмæ хорз цард йæ лæгимæ. Цæмæй сын, кæм сæ бафæнда, уым æрбадæн æмæ æрхуыс- 244
сæн уа, уый тыххæй сæ кæрты дæр уьщ гауызтæ тыд. Лæджы-иу йæ усы нæмын куы фæндыд, уæд-иу ус лæдзæг райста æмæ йын йæ иу кæрон фæлмæн хæцъилæй стыхта, цæмæй лæджы къух ма фæрисса. Уыцы ус салбар дæр нæ дардта, цæмæй йæ мойы уæл- дай фыдæбон ма хъæуа. Кæстæр хо Батразимæ цард, фæлæ йын йæ рихитæй тарст æмæ йæ нæ фæндыд йæ мойыл узæлын. Батраз мæсты кодта æмæ абырæг алыгъд. Уыцы заман Батразы ус уазæгуаты æрцыд йæ хистæр хомæ. Кæсы, æмæ кæртыты гауызтæ тыд, лæдзæджы кæрон хæцъилтæй тыхт, хо йæхæдæг та æнæ салбар. Кæстæр хо дисы бацыд æмæ йæ бафарста, афтæмæй цæмæн цæуы, уымæй. Хистæр хо хъуыд- даг бамбарын кодта йæ кæстæрæн. Уæд кæстæр хо йæ Хуыцаумæ скуывта: ахæм къæвда рауадз, Батразы йæ фæндагæй чи раздаха. Ахæм къæвда рацыд, фæлæ Батраз йæ уæлæ нымæт æрбаппæрста æмæ дардцæр йæ фæнда- гыл цæуы. Чызг та Хуыцауы фæндæй дыккаг цæлхдур æрæвæрд- та йæ мойы раз, æмæ уæд Батраз фæстæмæ раздæхт. Уæдæй фæ- стæмæ дзы йæ ус нал тарст æмæ йыл узæлыд æнувыдæй. Уæд Батразы цардмæ бирæтæ бабæллыдысты, сæ къух систой чырыс- тон диныл æмæ ныххæцыдысгы пысылмон диныл. Æртæ тæригъæды Раст Терк æмæ Æрыдон кæм иу кæнынц, уым, Æрджынарæ- джы, иу къуылдымыл лæууыд Бур-æлдары галуан. Ныр дæр ма йæ хæлддзæгтæ уым сты, фæлæ нал зынынц - хæмпæлы бын фесты. Хъæздыг æмæ фæрныг уыд Бур-æлдар. Кæд йæ галуан хъæ- уæй дард уыди, уæддæр æм уазæг арæх цыд, йæ дзаг фынгыл кæрон нæ уыд нуазæнтæн, æдзух дзы хъуысти цины зарджытæ. Ныр уыцы бынат кæны мæрдон фынæй, мæргътæ дæр æм æввахс нал тæхынц. Хъæздыг уыд Бур-æлдар, нæ уыд ныккæнæн йæ фæллойæн, йæ хæзнатæн. Фæлæ йæ галуаны фидауц, йе стыр хæзна уыдис йæ иунæг хо — Пепейы рæсугъд. Пепе зæххон зæд уыди. Сыста- дысты бæсты усгуртæ, амæй-ай уæздандæр æлдæрттæ, уыдонæй алчидæр агуырдта Пепейы йæхицæн цардæмбалæн. Аячи дзы æвдыста йæ уынд, йæ хъару, цæмæй фæцæуа чызджы зæрдæмæ. Иутæ сæ арæхст æвдыстой Нарты кадджытæ кæнынæй, иннæтæ фæлвæрдтой сæ дугъон бæхты, чи та йæ тых æвзæрста лæгæй- лæгмæ кард æмæ топпæй. Фæлæ рæсугъд Пепе йе ’ргом никæмæ раздæхта, дзырд никæмæн радта. Фæстагмæ разынд иу амонд- джын - кæсгон уæздан лæппу Гасан. Уый басаста чызджы хъал 245
зæрдæ, уымæн радта разыйы дзуапп. Уæдæй фæстæмæ Гасан цæуын байдыдта сæрыстырæй, иннæ усгуртæ — сæргуыбырæй. Ралæууыд фидауæн бон. Гасан йæ фыдимæ балæууыд Бур- æлдары хæдзары. Фысым сæ хорз суазæг кодта, хистæртæ фæми- нас кодтой æмбисæхсæвмæ, стæй уæд уазджытæ сæхимæ цæуын æрымысыдысты — хъуыди сæ чындзæхсæв сцæттæ кæнын. Фы- сым ракаст сæ фæдыл, йæ буц уазджыты ахæццæ кодта стыр фæндагмæ. Фæстæмæ раздæхт, цæуы, æмæ йæ хъустыл ауад кæйдæр хъæр: «Бури!» — «Фыдбылыз дæ, цы дæ, æлгъыст фæу!» - загъта йæхи- нымæр Бур-æлдар, йæ бæхы æрцæфтæ кодта æмæ аскъæрдта хæ- дзарырдæм. Уайтагъд æй баййæфтой дыууæ барæджы. Лæг сæ базыдта: уыдон уыдысты туркаг сæудæджер Абдул æмæ йæ фырт Сафар. Уыдонæн сæ куыст уыд бæстæтыл зилын: æлхæдтой рæ- сугъд чызджытæ тыхджын падцзæхтæн. Исдуг кæрæдзи афæрстытæ кодтой, стæй Абдул Бур-æлдарæн зæгъы комкоммæ: — Дæ хо Пепейы мын рауæй кæн. Ирон æваст цавддурау фæци. — Ахъуыды-ма кæн, - дзуры йын Абдул, цы у рæсугъддзи- над? Райсомæй - сихормæ. Бамбар æй, мæ сыгъзæрины руаджы ды уыдзынæ фæрныг æмæ бонджын, Тæгиатæ æмæ Бадилатæ уыдзысты дæ дæлдæртæ. Цы у чызгон фидауц? Хъуыраны арды- стæн, афæдзы фæстæ Пепе афтæ баруайдзæн, æмæ йæм кæсгæ дæр ничиуал бакæндзæн, йæ аргъ дывæр фæкъаддæр уыдзæн... Æхца та алæмæт у! — загъта æмæ Бур-æлдары раз æркалдта, цæ- хæры кæфойау, сыгъзæринтæ. Бур-æлдар сæм кæсы, æмæ йæ цæстытæ тартæ кæнынц. Уæд- дæр загъта: — Уый та куыд? Мæ иунæг хойы ауæй кæнон? Уый куырдуа- ты ис!.. Нæ, уый никуы уыдзæн. — Ахъуыды кæн, æнæсæрфат! Цæмæн халыс дæ хойы амонд? Уый уыдзæни сахы усдоны фидауц. Сагъæсты бацыд Бур-æлдар. Цы сараза, куыд бакæна? Сыгъ- зæрин æй йæхимæ тасын кæны. Ауæй кæнид йæ хойы, фæсаид Гасаны, фæлæ йын Хуыцаумæ хъыг куы фæкæса. Бирæ фæкатай кодта, стæй загъта: — Афтæ фæуæд, Пепе дæ амæттаг у. — Гъе уый дын лæджы ныхас, — дзуры йæм Абдул. - Ацы тумантæ уыдзысты дæу, Пепейы ардæм куы ’рхæццæ кæнай, уæд. Бур-æлдар атындзыдта йæ хæдзармæ. Бакодта дуар. Пепе тарф фынæй кæны. Æфсымæр æм æргуыбыр кодта æмæ йын йæ ру- сыл йæ былтæ авæрдта. — Чи дæ? - йæ мидфыны сдзырдта чызг. - Бури, ды дæ? — Æз Гасан дæн. Фест æмæ мемæ цом. 246
Пепе хуыссæгхъæлдзæгæй нæ базыдта йе ’фсымæры. Уайтагьд фестад æмæ араст йæ фæдыл. Куыддæр туацъæмæ бахæццæ сты, афтæ цыппар бæхджыны сæ разы февзæрдысты, чызджы бæхыл авæрдтой æмæ тары сæ ныв дæр нал фæзынд. Бур-æлдар хæлиу- дзыхæй аззад æмæ хъæр кæны талынджы: — Аскъæфтой! Бастыгътой мæ!.. Ныссау, ныдцур и Бур-æлдары зæрдæ. Нал æй æндавы йæ цард, йæ хæдзар. Бæллы æрмæст маст исынмæ. Гасан дæр хабар куы фехъуыста, уæд абырæг алыгьди. Нал зоны хатыр - стигьы, мары. Рацыдаид иу мæй. Пепейæн бантыст Абдулæй ралидзын. Лæджы дзаумæттæ скодта, бæхыл абадт æмæ рафардæг, йæ хæ- дзар агуры. Иу афон æрбафтыд хæхтæм. Æмæ йæ размæ фæци тæссаг абырæг. - Хуыцау дæ мæ амæттаг фæкодта! — сдзырдта тызмæг абы- рæг. Фехста барæджы, фæлæ йæ фæивгъуыдта. Гасан æрбацыд Бур-æлдармæ. - Цæй, куыд — дæ къухы исты бафтыди? - фæрсы йæ фысым. — Нæй, ничи, — зæгъы йын Гасан. — Амæттаг бæргæ фæ- зынд, фæлæ мын аирвæзт ацы хатт. — Иæ бæх та цавæр уыд? — Йæ бæх — раст къазнайы аргъ! - Уæд йæ хæцæнгарз та, йæ дзаума? — Йæ хæцæнгарз æрттывта æвзист æмæ сыгъзæринæй, йæ да- рæс — туркаг. - Туркаг?! — мæсты хъæр фæкодта Бур-æлдар. Бæлвырд, йæ зæрдыл æрлæууыд Абдул. Уыцы афон чидæр дуар æрбахоста. - Гъей, хæдзар, уазæг нæ уадзут? — Алы дзæгъæлдзутæн мæ хæдзары бынат нæй! - рахъæр æм кодта Бур-æлдар. — Дæ мæрдты хатыр бакæн, иу æхсæв мæ суазæг кæн! - Загьтон дын, ахъуытты у! — радзырдта йæм хæдзары хи- цау, йæхæдæг къулæй райста хъримаг. Пепе йæ бæх фæзылдта æмæ араст хæстæгдæр хъæуырдæм. Бур-æлдар йæ размæ фæци, фехста барæджы. Нæмыг Пепейы зæрдæйы ахызт иннæрдæм. Топпы цæхæрмæ кæрæдзи базыдтой. - Бури, ме ’фсымæр! - фæцыд Пепейы хъæр. — Пепе! — хъæрзæгау сдзырдта Бурæлдар. - Цы бакодтай, ме ’фсымæр? — ныцъцъæхахст кодта Пепе. - Ды бацыдтæ æртæ тæригъæды: ауæй кодтай дæ иунæг хойы, нæ бавæрдтай уазæджы, амардтай сылгоймаджы... Æлгъыст фæу, æлгъыст!.. Йæ уд систа æнамонд Пепе, Бур-æлдар дæр йæхицæн цард адджын нал скодта — йæ зæрдæсæр хъама ныссагъта. 247
Хуыцауы азар I Кæддæр Тибы хъæу цардысты сæрибарæй, хъалон никæмæн фыстой. Хъæуы астæу уыди цыппæрдæс бæрзонд мæсыджы. Уыдонæн сæ фидардæр гæнахы цард хъæуы номдзыддæр лæг1 Тототы Кико. Хъæуы адæм уыдысты æмсæр, куывтой иу Хуыца- уæн, кодтой хъæувæтк, сæ царды хос уыд хъæбæрхоры кæрдзын. Хъæубæстæ цардысты æнгомæй, кæрæдзийæ аргьуц кæнгæйæ. Иу ахæмы стыр змæлд уыди Кикойы галуаны. Адæм дывæл- дахæй бадынц фынгтыл. Дзæбидыры сыкъатæй нуазынц карз арахъ. Хъуысынц хъæлдзæг зарджытæ, авдтæнон ирон фæндыры æрхæндæг хъæлæс. Лæггадгæнджытæ дыууæрдæм кæнынц, уазд- жыты буц кæнынц алы æгьдауæй. Абон цины бон у Кикойæн — чындзы æрвиты йæ иунæг чызджы, рæсугъд Ганойы. Чызг ма авдæны хуыссыд, афтæ бафидыдтой Кико æмæ ногхъæуккаг лæппу Сауийы бинонтæ. Ныр чызгыл сæххæст фынддæс азы, лæппу- йыл æвддæс, æмæ сын кæнынц стыр чындзæхсæв. Бирæ уарзынц кæрæдзи Сауи æмæ Гано. Амондджын у усгур лæппу æмæ ирæ- дæн фондз æмæ ссæдз хъуджы, æртæ бæхы, фондз фысы, бирæ æвзист, цыбыр дзырдæй, йæ бынтæ кæй суæлдай кодта, уый мурмæ дæр нæ дары. Æрдхæрæн уыди Ганойы рæсугьд. Йæ сырх уадултæ уагъы- лыйы дидинæгау, йæ цæстытæ — сау фæрдгуытæ, йæ сау дзыкку — æмбисонды даргъ. Адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой, лæппутæн сыгъта сæ зæрдæтæ. Гыццылæй фæстæмæ цыди уæлыгæс, хæс- тæг къуылдымтыл хызта йæ сæныччыты къорд. Гано зыдта, Сауи- йæн лæвæрд у, уый, æмæ рæсугьд сæрвæтты, бонизæрмæ суадæт- ты зардмæ хъусгæйæ, хъуыдытæ кодта йæ фидæны цардыл. Арæх- иу фæуагъта цъында бийын æмæ каст, Ног хъæу кæм уыд, уыцыр- дæм: уым цард йæ усгур, сæрæн барæг, рæстдзæвин, рæсугъд Сауи. Фæлæ чызджы сагьæстæ, йæ уды хъæрзын хъуыстой æрмæст æгомыг хæхтæ æмæ мигъы къуымбилтæ. Фæлæ ныр сæххæст йæ фæндон — абон у йæ чындзæхсæв. II Катай кæнынц ныхасы адæм. — Бæлвырд базыдтай, Афæхъо, джауыртæ Тибмæ бырсын- вæнд кæнынц, уый? — фæрсы иу лæг. — Афтæ у хъуыддаг, — зæгъы Афæхъо. — Знон уыдтæн Чъре- байы базары хор æлхæнынмæ, уым фехъуыстон, зæгъгæ, уыры- сы æфсад рараст Тибмæ. Бæлвырд, нæ гæнах нын халынвæнд скодтой. — Ау, æмæ кæуылты бырсинаг сты нæ хъæумæ, æфцджытæ 248
мит куы ’рæмбæрзта, уæд? Кæуылты æрбаласдзысты сæ сарма- дзантæ? Сæ салдæттæ хæхты сæлынæй дæр нæ тæрсынц? - Уыдæттæн æз ницы зонын: гуырдзыйы æлдæрттæ мæ сæ уацар куы бакæной, уымæй тæрсгæйæ нæхимæ ратындзыдтон, — цыбыр дзуапп радта Афæхъо. Кикойы фырт Пируз сæм сабырæй хъуыста, стæй загъта: - Цæмæй тæрсæм? Тæссаг сæ сармадзантæ сты, æмæ сын ардæм æрласæн нæй. Адэем уыцы ныхасыл сразы сты, фæлæ уæддæр сæхи знаджы ныхмæ цæттæ кæнын райдыдтой. Алчидæр фидарæй загъта: «Мæ туг ныккалдзынæн, уæддæр æфсадæн мæ къона халын нæ бауадз- дзынæн, мæ фыдæлты артдзæст сын хъазинаг нæ фæуыдзæн». Уыцы фæндыл фидар ныллæууьщысты, афтæмæй бадт райхæлд Кикойы галуаны, æмæ алчи фæцыд йæ фæрныг хæдзармæ. Афæхъойы хабар æцæг разынд. Æртыккаг бон уырысы æфсад æрбаввахс Тибмæ æмæ æрæнцад Доныфарсы стыр фæзы. Уыди уазал æхсæв. Æфсæдтæ арт скодтой æмæ йæм сæхи тав- той. Ныхас кæнынц, сæхи ирхæфсынц, уæдæ куыд вæййы, дис кæнынц хæхты фидауцыл, сæрибар хохæгты ныфсыл. Уалынмæ сæ хъустыл ауад бæхы къæхты хъæр. Хъахъхъæнджытæ фестъæл- фыдысты. Кæсынц, æмæ сæ разы æрбалæууыд ирон барæг — æрыгон лæппу хотыхрæвдзæй. Уырысы æфсæдты иу гуырдзиаг уыд æмæ йæ уый фæрсы: - Чи дæ, цы дæ хъæуы? - Æз дæн Кикойы фырт, — загьта барæг. — Æз уын баххуыс кæндзынæн, æмæ Тиб уæ къухы бафтдзæн. Æцæг афтæ: æз уарзын ацы коймаг чызджы — уый мын ратдзыстут ме ’ххуысы хыгъдмæ. - Цæмæн дæ хъæуы не ’ххуысы сæр? Кæд æй уарзыс, уæд æй ракур! — дзуры йæм гуырдзиаг хъазгæмхасæнты. - Бæргæ, — дзуапп радта лæппу, — фæлæ мæ фыдæн фæндон нæу æмæ нæ разы кæны. Æфсæдты хистæр йæхимæ æрбасидт Пирузмæ. Ныфс ын ба- вæрдта, чызгæй уæлдай ма йын кæй ратдзæн бирæ хæзнатæ, кæд ын йæ фыд Кикойы гæнахмæ раст фæндаг бацамона, уæд. Лæп- пу дæр ын дзырд радта. Уыйадыл æфсад сыстад йæ бынатæй. Пируз сæ разæй, афтæ- мæй цæуынц нарæг къахвæндæгтыл, сæрсæфæн къæдзæхтыл. Уыд ирд æхсæв, арвыл цæхæр калдтой стъалытæ, бæстæ уазалæй къæс- къæс кодта. Мæйы рухсæй æрттывтой Адайы-хохы2 бæрзæндтæ. Хохы сæр ис цад. Ныссалд, ныййих ис уыцы цад. Æфсады фæн- даг цыдис цады сæрты. Их бæзджын æмæ фидар нæ уыд, ныт- тыдта, æмæ салдæтты иу къорд уым фæдæлдон сты. Чи ма дзы аирвæзт, уыдоны бафиппайдтой тибæгтæ, æрхъула сыл кодтой æмæ дзы иуты цæгъдгæ ныккодтой, иннæты уацары райстой, уыдонимæ бахауд Кикойы фырт Пируз дæр. 249
III Уыди сæрдыгон изæр. Мæй скаст æмæ бæстæ рухс кодта. Тибы адæм æмбырдæй лæууынц стыр тулдзы бын. Ныхас кæнынц, дардмæ хъуысы сæ уынæр. - Ард уын хæрын, сылгоймаджы тыххæй йæ хъæубæстæ чи уæй кодта, уымæн хатыр нæ уыдзæн! — дзуры Кико. - Раст зæгъы, раст зæгъы Кико! — дзурынц ныхасы адæм. - Пируз кæйфæнды фырт уæд, уый фехæлдта фыдæлты æгъдæуттæ, фесæфта фыдæлты намыс, æмæ йын нæй хатыр! - Хорз адæм, зæгьут, цы тæрхон ын хæссут, уый! - ногæй та ныхас айста Кико. — Æз уæлдай нæ зæгъдзынæн хъæубæсты уынаффæйыл. - Тæрхон рахæссын æнцон у, - зæгъы Сауи, - фæлæ иу хъуыддаг ис, хорз адæм. Йæ иунæг хо йæхи мары, куры, ныхха- тыр ын кæнут, науæд, зæгъы, мæн дæр мæ цард нал хъæуы. - Фесæф, джауыр! — фæхъæр ыл кодта Кико. — Кæд нын сси сылгоймаг уынаффæгæнæг? Уæд бæсты сæфт куы ’рцыди! Æз сымах фæрсын, хорз адæм: цы тæрхон кæнæм уæйгæнæгæн — æхсын æви ауындзын? - Хъоды, фæлтау ыл хъоды бакæнæм! — дзуры та Сауи. - Хъоды, хъоды! — схор-хор кодтой адæм. Пирузы сбастой æмæ йæ акодтой аргъуанмæ, уым ыл дзуары лæг декъаноз хъоды бакодта Хуыцауы номæй: - Цалынмæ хохы дур тула, кæмтты дон цæуа, уæдмæ удæн- цой ма ссар, хъизæмар кæн, дæ ном æлгъыст фæуæд! — дзырдта тызмæгæй дзуары лæг. Уый фæстæ Кико йæ фыртæн радта хорз бæх, хæцæнгæрзтæ æмæ йын загъта: - Цæугæ ныр, джауыр! Æлгъыст фæу. Дæ кард мауал æвзарæд нæдæр хицон, нæдæр бæлццон! Ныууагъта Пируз йæ райгуырæн хъæу, ныууагъта, йæ хоимæ уæлыгæс кæм цыд, уыцы райдзаст сæрвæттæ, ныууагьта, сæрибар æмæ фыдыуæзæг кæй сæраппонд рауæлдай кодта, уыцы чызджы хъæу. Нырæй фæстæмæ уый уыдзæн абырæг, йæ цæрæнуат — уазал лæгæт, быгьдæг æрдуз æмæ тар хъæд. Йæ хæринаг уыдзæн давæг- гаг къæбæр, науæд тугæйдзаг тæлæт. Уый нал зоны тæригъæд, йæ уарзт ын раивта фыдæх, сси тугмондаг, ферох сты уымæй хæстæг- хион, кæуыл æмбæлы, уыдон вæййынц йæ амæтгæгтæ. IV Иу ахæмы бон акъул изæрырдæм. Сæнайæ сатæг хæссын бай- дыдта æмæ фæсаст боны тæвд. Æваст хохы сæр фæзындысты сау мигътæ, сæхгæдтой арв, стæй кæмттыл зæйау ракалдысты. Арв æрттивынтæ систа, йæ нæрынæй хæхтæ арыдтой. Уыцы афон 250
Сæнайы бын нарæг комы цæуынц дыууæ бæхджыны — лæг æмæ ус. Къахвæндаг рæстмæ зынгæ дæр нæ кæны. Лæгыл — нымæт, саргъыл хæссы урс уæрыкк, æвæццæгæн, дæсныйы амындæй цæуынц кæцыдæр кувæндонмæ. Усы уæлæ - куырæт æмæ цыллæ кæлмæрзæн, йæхи конд. Уары, арв дæлæмæ хауы. Уалынмæ дымгæ ниуын систа, къæдзæхтæ нæрынц, æмæ сæ райхъуыст кæйдæр хъæрзын, дзæгъæл сывæллоны кæуынау. - Фыдбылыз дæ, цы дæ, дæ бар-дæ хъомыс дæ бинонтæм! — загъта лæг æмæ бæхы ехсæй æрцавта. Тас бацыд бæлццæтты зæрдæты. Уыдон уыдысты Кикойы чызг Гано æмæ йæ мой Сауи. Зынæй уыд базонæн уыдонæн. Кæддæр Мамысонгомы фидауц чи уыд, - баруад, бахус и уыцы рæсугъд Гано, бадомдтой йæ сагъæстæ, бавзæрста уый ирон сыл- гоймаджы уæззау хъысмæт... Цæуынц Гано æмæ йæ мой Хохы дзуармæ нывонд уæрык- кимæ. Æваст сæ разы февзæрд йе ’фсымæр Пируз, хъама фел- вæста æмæ дзы мæлæтдзаг цæф фæкодта сиахсы. Дыккаг цæ- фæй марынмæ хъавыд Ганойы, фæлæ йæ къух куыд систа, афтæ йæ цыдæр тых фæурæдта. Æваст йæ уазал зæрдæйы ссыгъд пил- лон арт - уый уыд фыдбылызы уарзт. Дзурынц, тыхджын æрба- тыхта йæ хъæбысы æнамонд сылгоймаджы æмæ йæ ахаста хохы сæрмæ, хъавыди уымæй йæхицæн бинонтæ скæнын. Фæлæ æлгъыст уыд Пируз, нæ йын уыд æнцой æмæ амонд ссарæн. Куыддæр йæ фыдвæнд æххæст кæнынмæ бавнæлдта, афтæ йæ баййæфта Хуыцауы азар: æфсымæр æмæ хо фестадысты цавд- дуртæ. Сæнайы фарсмæ ис бæрзонд къæдзæх, адæм æй хонынц Хуы- цауы азары къæдзæх. Йæ сæрыл ныр дæр ис дыууæ дуры, уыдон сты Гано æмæ Пирузы æнгæстæ. Нал у æгас сæ фыд Кико — йæ хъæумæ æрбабырстой знæгтæ, æмæ фæмард уыдонимæ хæсты. Сæ мад йæ сывæллæтты æна- монд хабар куы фехъуыста, уæд дзæгьæл цæуын райдыдта хæх- ты, хъарджытæ кодта, афтæмæй агуырдта йæ сæфт хъæбулты. Арæх-иу бафтыд Хуыцауы азары къæдзæхы бынмæ, дзынæзта йæ хъæбулты сурæттæм, фæлæ уыдон кастысты æдзæмæй тæ- ригъæддаг мадмæ. Чи зоны, цас рæстæг рацыд, фæлæ иу ахæмы мад Хуыцауы дзырдæй фестад уыг. Уæдæй фæстæмæ кæны æхсæв- хæтæн, йæ уынгæг уасынæй тæрсын кæны æнафоны бæлццæт- ты, хъуыдытыл сæ æфтауы, цард тæбæгъы донау кæй у, уый тыххæй. 251
Зджыды рæсугъд Раджыма-раджыма цардысты æмæ уыдысты Зджыды хъæуы Æрхуы Мæсыджы лæг æмæ ус. Уыдонæн уыдис иунæг чызг, хæргæ дæр æмæ цæргæ дæр кæмæн кодтой, дзыллæтæ та Зджыды рæсугъд кæй хуыдтой. Зджыды рæсугъдæн амардысты йæ мад æмæ йæ фыд, йæхæ- дæг баззад цæргæйæ Æрхуы Мæсыджы. Сæрхызт адæймаг уыдис чызг, нæдæр æмгар сгæрста, нæдæр хъæлдзæгдзинад агуырдта чындзæхсæвты, цины миты. Фæлæ кæд йæхи никæмæ æвдыста, адæмы æхсæнмæ кæд æмæ никæд цыд, уæддæр йæ рæсугъддзинад нæ басусæг. Уынджытæ йæ цæуылнæ фæцадаид йæ сыхæгтæй, хъæубæс- тæй, æмæ цадæггай йæ рæсугъды кой кæмтты, сыхаг бæстæты айхъуыст. «Дун-дунетыл дæр ахæм рæсугъд нал разындзæн, æвæц- цæгæн, æвзæргæ дæр нал ракæндзæн», — дзырдтой адæм. Æмæ йæ курджытæ сарæх сты. Канд лæппулæгтæ нæ, фæлæ ас лæгтæ, зæрæдтæ дæр ыл дзурын байдыдтой, кæд, мыййаг, сæ искæйы хай фæуид. Фæлæ адæмы хæрзæджытæй йæхи никæмæн аккаг кодта Зджыды рæсугьд. Уæд иу ахæмы усгуртæ, цыма иумæ дзырдгонд уыдысты, уыйау уыцы иу рæстæджы Æрхуы Мæсыджы раз стыр фæзы æрæмбырд сты. Сæ хъарутæ, лæджыхъæдтæ куыд бавзарой, кæд, мыййаг, исчи йæ зæрдæмæ бацæуид, æмæ йæм чындзы дæр фæцæуид. Æвзаргæ фæсивæд уыдис ацы ран алы бæстæй, алы кæмт- тæй, Биаслантæй зæгъай, Имеретæй, Дыгургомæй æмæ æндæр рæттæй. Зджыды рæсугъды кой суанг Ассыйы кæмттæм дæр айхъуыст. Уыцы ран Сарийы хъæуæй1 иу сариаг баздæхт æмæ рараст вæййы Зджыдмæ. «Комгæ дæр мын нæ бакæндзæн, кургæ дæр æй нæ кæнын, фæлæ уыцы номдзыд рæсугъды мæ иу цæстæй уæдцæр фенон, кæннод дыккаг мард кæндзынæн мæрдты бæс- ты», - дзырдта сариаг. Æмæ уый дæр Æрхуы Мæсыджы раз стыр фæзы æрбастад. Йæ уæлæ урс нымæтæй куырæтгонд, рæтыд фæсмынæй рон, йæ сæрыл хæлын худ, йæ къæхтыл сæгъдзармæй æрчъитæ, сæнык- дзармæй йыл зæнгæйттæ. - Мæнæ ма ныл иу усгур æрбафтыд, — худтысты хъал фæси- вæд, — дæхи нæм хæстгæдæр æрбалас. Æмæ уыцы ран утæппагт фæсивæд, дунейы хъалтæ æвзарынтæ байдыдтой сæ лæджыхъæд. Райдианы сын бацайдагь кафт, симд. Стыр фæзы рыг калди мигъы къуымбилтау. Кафт фесты хъал фæсивæд — Зджыды рæсугъды курджытæ. Уæд хатынц сариаг урскуырæтджынмæ дæр. - Скаф ды дæр, уазæг, ныр та дæ рад у. 252
- Мæ хъару равдисинаг дæн æз дæр, хорз адæм, — загьта сæгъдзарм æрчъиджын. Æмæ кафынтæ байдыдта, — дзыллæ йæм кæрæдзийы уæхс- чыты сæрты кæсынтыл фесты. Хъæубæстæ йæм фезгъордтой алырдыгæй. - Амæй аивдæр нал скафтæуыдзæн, — загътой дзыллæтæй иутæ. - Амбылдта йæ кафтæй, - загътой аннæтæ. Æмæ байдыдтой зарын. Фæзарыдысты хъалтæ. Куыннæ дзы разындаид хъæлæстæ, аив зарджытæ. Фæлæ та мæнæ ралæууыд хæлынхудцжыны рад дæр. Æмæ байгом кодта йæ хъæлæс. Хъусынтыл æм фесты фæсивæд стыр фæзы, хъусынц æм цыппæркъахыг фос, сырдтæ, мæргътæ, суанг ма йæм хæхтæ дæр хъуыстой: аив зарæг азæлыди кæмтты, фæхсты, къæдзæхты сæрты. Æмæ та загътой хъусджытæ: - Зарынæй дæр рамбылдта сариаг усгур. Уæд æвзарын байдыдтой дзырдарæхстæй, зондæй сæхи. Тæрхоны æрбадтысты усгур хъал фæсивæд, тæрхоны бацы- дысты ас лæгтæ, зæрæдтæ дæр. Рабæрæг се ’хсæн бирæтæ, - иттæг чи арæхст дзурынмæ, цыргъæвзаг, арф зонды хицау чи уыди. Фæлæ дын дзурынтæ систа фæсмынронджын, — дзыллæ йæм хъусынæй нал æфсæстысты, хæлиудзыхæй йæм кастысты, афтæ адджын уыдис йæ дзыхы ныхас. Æмæ та иу лæджы хуызæн сдзырдтой: - Ай хуызæн дзургæ никуы æрцыдис, ахæм тæрхон никæд ничи скодта, раст ма Хъанымæты тугæн цы тæрхон арæзт æрцыд, уымæй дæр — растдæр æмæ аивдæр. Тæрхонæй дæр та амбылдта сариаг. Уæд æм Æрхуы Мæсыджы бадæг Зджыды рæсугьд йæхи рав- дыста мæсыгæй æмæ йæм æрдзырдта: - Уазæг, æрбацу мæсыгмæ хæстæгдæр, дæ фæсонтæ ацырдæм раздах. Уазæг Æрхуы Мæсыгмæ йæхи бахæстæг кодта, йæ фæсонтæ раздæхта Зджыды рæсугъдмæ. Уыцы ран ын Зджыды рæсугъд йæ фæсонты мæй æмæ хуры ныв ацарæзта, стæй йæм æрдзырдта: - Дæлæ уал мæ уазæгдонмæ бацу, исты дæ дзыхмæ схæсс, дæ фæллад дæр суадз, дардæй фæцыдтæ. Хъал фæсивæд бамбæрстой — Зджыды рæсугъд йæхицæн рав- зæрста æрчъиджыны, æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй сæ хæ- дзæрттæм фæцыдысты. Сариаг æмæ Зджыды рæсугъд лæг æмæ усæй æрцардысты Æрхуы Мæсыджы. Бирæ нæма рацыдис, афтæ Зджыды рæсугьд фæрынчын ис æмæ æрсад йæ хуыссæны. Йæ лæг сагьæсы бацыд, æмризæджы ризы: исты, мыййаг, куы ’рцæуа йæ рæсугьд, йæ номдзыд æфсиныл. 253
Хосгæрдæнтæ ралæууыдысты. Зджыды хъæубæстæ сæхи ба- рæвдз кодтой фæззæджы куыстытæм. Фидиуæг ныхъхъæр кодта: — Сомбон хъæубæстæ хæдзарæн лæгæй Æхсынцъыйагмæ хос кæрдынмæ цæуынц; чи нæ рацæуа, уый уыдзæни иваргонд: йæ гал ын аргæвддзысты хъæугуывдæн. Авдыссæдз хæдзарæй нудæс æмæ æхсæзыссæдз хосдзауы фæ- сæфцæг Æхсынцъыйаг уыгæрдæнмæ араст сты æд кусæнгæрзтæ, æд хæринаг, æд нозт. Зджыды рæсугъды сæрыхицау йæхи бафæ- стиат кодта йæ рынчын бинойнагмæ фæкæсыны тыххæй. Уæд рынчын дзуры йæ сæрыхицаумæ: — Хъæубæстæ хæдзарæн лæгæй Æхсынцъыйаг уыгæрдæнмæ араст сты хос кæрдынмæ. Æрмæст мах хæдзарæй нæ ацыд лæг. Æмæ дæуæйуый куынæ ацæуа, уæд нын, иуæй - нæ гал аргæвд- дзысты, аннæмæй, æфсæрмы бынаты баззайдзыстæм. — Æмæ уæд дæу кæй æвджид ныууадзон? Фæлтау нын нæ гал дæр, нæ фос дæр иууылдæр бахæрæнт, уæддæр дæу иунæгæй ны- ууадзинаг нæ дæн. — Мæнæн дæр мæ ныхыл фыст цы фæци, уый æййафдзы- нæн, æнæ адзал мæлæт нæй, адзалæн та мадзал нæй, — фæли- дзæн дзы никæдæм ис, ноджы арвы раконд — арвы сой. Лæг ницыуал загъта. Æрæджиау, йæ цæвæг, йæ хардз — йе ’ккой, афтæмæй уый дæр араст, рынчынмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ. Æрталынггæ, афтæÆхсынцьыйагмæ бахæццæ. Тарф фынæйæ хуыс- сынц фæллад хосдзаутæ, иуæй-иутæн дзы сæ хуыр-хуыр цæуы. Зджыды рæсугьды лæг баздæхт æмæ йæ хæрд, йæ нозт бафснайд- та, ходон ссонæй хуыскъ цыргь скодта йæ цæвæг æмæ уыгæрдæ- ны кæрон æрлæууыд. Кæрдынтæ байдайы, кæрдынтæ. Мæйрухс боны хуызæн, æмæ сæудармæ йæхиуыл кæм баца- уæрста зæрдæрыст хосдзау. Хурты-хурзæрин нæ хæхты бæрзæндтæ йæ сыгъзæрин тын- тæй куыд ныццæвы, афтæ уый дæр карсты кæрон йæ цæвæг æрсадзы, кæрдæг йæ быны лыстæнæн æркæны, афтæмæй йæхи æруадзы, нымæтæй йæхи бамбæрзы. Хосдзаутæ иугай-дыгай хъал кæнынц. Кæсынц, æмæ диссæгтæ- æрдхæрæнтæ. Сæ карсты фарсмæ ноджы иу ахæм карст Æхсын- цъыйаг уыгæрдæнæй. — Оххай! Ай та ма уæд цавæр диссаг уа? Уæдæ зæдгæ æмæ дау- джьггæ уыдаиккой, æмæ уыдон цæвджытимæ афтæ куынæ арæхсынц, кусгæ дæр куынæ кæнынц, æрмæст фæллойгæнджыты хус смагæй куы цæрынц. Уæдæ дæлимонтæ дæр нæ уьщзысты — фьщбылызæй фæстæмæ уьщон дæр мæгуыр лæгæн никуы ницы ’ххуыс фесты. Уæд сæ иу чидæр уыгæрдæны кæронмæ фæкаст, цæвæг æмæ дзы нымæт ауыдта. — Цыдæридцæр у, уæдцæр уыцы цæвæджы хицау уыдзæн не ’нæзонгæ зиууон. Цымæ чи уа? Базонын æй хъæуы. 254
Иугæйттæй сæ ныфс нæ хастой æмæ ссæдзæй багуппар вæй- йынц, аивæй йæм фæхъуызынц тæрсгæ-ризгæйæ. Уыцы хъав- гæйæ нымæты кæрон сисынмæ сæ ныфс бахастой. Кæсынц: Рæ- сугъды лæг. Фырцинæй йæ райхъал кæнынц, сæ бынатмæ йæ æрхонынц, хорз æй фенынц, уый фæстæ йæм хатынц: — Æхсæны куыстæй дыл цы ’мбæлд, уымæй сæдæ хатты фыл- дæр бакодтай: махæн не ’ппæтæн цы бантыст, уый бæрц дæуæн иунæгæй бантыст. Ныр дæ курæг стæм, æмæ фæстæмæ хъæумæ аздæх, дæ рынчын иунæг у, æмæ йæм фæкæс. Дæхи фæндиаг дын уæд. Мах ацы ран Æхсынцъыйаджынæ куыстытæ бакæн- дзыстæм, карст бассивдзыстæм, мæкъуылтæ йæ самайдзыстæм. Арфæ ракодта, йæ цæвæг йе ’ккой баппары, йæхæдæг, æфцæгмæ куы схæццæ, уæд фæрсы рæгъаугæсты: — Зджыды рæсугъдæй цы базыдтаиккат? — Æртарф и, — загьтой рæгъаугæстæ. Цæуы дарддæр æмæ Дзæбидыры хохы сæрмæ æрбахæццæ. Уыцы ран фæрсы хъомгæсты: — Зджыды рæсугъдæй цы хъусут? — Ахъаззаг нал у, — загьтой хъомгæстæ. Араст та ис Дзæбидыры хохы сæрæй дæр æмæ Хъивоны Дуар- мæ бахæццæ. Ады ран ын родгæстæ загътой: — Рухсаг уæд! Зджыды рæсугьд йæ дунейæ ахицæн. Лæг уый куы фехъуыста, уæд цæвæгæй цæвæгхъæд феппæрста æмæ дзы йæ сæр хойын байдыдта, сæрæн йæ туджы пырх калдис. Кæртмæ бацыд, уым ын дзыллæ рахъыгтæ кодтой. Лæг кæсы, æмæ иу къорд адæймаджы табæт аразынц иунæг адæймагæн. — Æнæхъиамæт ут, уæ фæллойæн уын Хуыцау баххуыс кæ- нæд, фæлæ мæ уæ хорзæх уæд: табæт дыууæйы фаг скæнут. Æз мæхицæн цæрын аккаг нал кæнын. Табæт дыууæйы фаг скодтой, мæрдты фæндагæн ын цы ’мбæлди хионтæй дæр, æнæуи адæмтæй дæр мардæн, уыдон сæх- хæст кодтой æмæ йæ зæппадзы бавæрдтой. Зджыды рæсугъды лæг цыппар мыдадзын цырагъы зæппадзмæ бахаста, чырыны фисыныл сæ ныссагъта, йæхæдæг чырыны æрбынат кодта æмæ кæуынтæ-æрдиаг байдыдта йæ зынаргъ æф- син Зджыды рæсугъдыл. Мæствæлладæй арæдзæ-мæдзæ кодтаид, афтæ дын мæнæ иу калм кæцæйдæр фæзынди: фæзынд æмæ мардæн йæ зæнджы хæцъæф хæрынмæ бавнæлдта. Лæг хъама фелвæста æмæ дзы кал- мы дыууæ фæхауын кодта. Калмæн йæ сæрырдыгæй хай цыдæр æрбаци, фæлæ уайтагьд фæстæмæ æрбахылд, урс фæрдыг йæ дзы- хы. Дыууæ лыджы кæрæдзимæ ацарæзта, урс фæрдыгæй сæ ра- сæрфта æмæ калм, цы уыди, уый фестад. Лæг дын æм фæлæбур- дта, калм фæтарст æмæ йæ сæр йæ кой фæцис, фæрдыг зæппа- дзы аззад. «Ацы калм кæмæй сдзæбæх, кæмæй сног, уый ме ’фсины 255
мардæн дæр хъуамæ хосæн сбæзза», — загъта лæг йæхинымæр æмæ урс фæрдыг мардыл куы иуæрдæм, куы иннæрдæм æрсæр- фы. Мард дын æрыхъал æмæ дзуры: — Оф! Оф! Цæй бирæ фæхуыссыдтæн! — Дзæбæх хуыстæй нæ хуыссыдтæ, нæхион, — сдзырдта лæг. Зджыды рæсугьдæн йæ рынчын, йæ тухитæ æрбалæууыдыс- ты йæ зæрдыл. Лæг æмæ усы цинæн кæрон нал уыд. Зæппадзы рæзты цæуы хъæдмæ фæндаг, æмæ йæм хъæддзау- тæ куы баввахс сты, уæд джихтæ кæнын байдыдтой. — Диссаг та куыд нæ у, знон Зджыды рæсугъды бавæрдтам, абон та дзы хъазт æмæ худын цæуы. Бакастысты зæппадзмæ: Зджыды рæсугъд æмæ дзы йæ сæры- хицау цинтæ, мондæгтæ кæнынц. Хъæддзаутæ дæр сыл куыд нæ бацин кодтаиккой. Рахуыдтой сæ хъæумæ, æмæ фæндагыл сæ урс фæрдыг ахауд. Хъæубæстæ куывд сарæзтой, иннæ абонæй дзы иннæ абонмæ минасы фæбадтысты, заргæйæ, кафгæйæ, ирон симд кæнгæйæ. Зджыды рæсугъдæн æмæ йæ сæрыхицауæн зæнæг рацыд, бирæ фæцардысты кад æмæ радæй. Урс фæрдыджы кой Персы сахмæ байхъуыст. Уый æфсæдтæ рарвыста. Зджыды зæхх, урс фæрдыг кæм ахауд, уыцы ран æй сыхырнайæ балуæрстой, фæлæ фæрдыг нал фæзынд. Æфсæдтæ цы ран балуæрстой, уыцы ран абон дæр хонынц Луæрстытæ. Мзораты Мзоры кадæг Мзораты чысыл Мзор цардис хохы, Дзамарасы1, Сычъиджын зæххыл. Уыди фосы хицау, фыййау лæг. Топпæй хъазынмæ уыди дæсны лæг. Тутыры фыццаг бон хъазыдысты Мзораты фæсивæд нысанмæ ирон хæтæлтæй. Хæснаг æрæвæрдтой фæйнæ фыры. Фыццаг æхсты бар радтой Мзорæн. Уæд Мзор слæууын кодта нысанмæ лæг æмæ йын йæ сæрыл сæвæрдта айк. Стæй йæ фехста лæу- гæйæ, æмæ айкæн йæ астæу ахызт нæмыг. Хæснаг рамбылдта Мзораты Мзор. Фæсивæдмæ уый хардз æркаст, æмæ йын хъуамæ исты хин скодтаиккой. Мзораты фæсивæд загьтой: «Махæн нæ топпытæ уыдысты æнæсæрфт, æмæ сæ дыккаг æхст хъуамæ фæкæнæм, æмæ ма нæ кæд гъе уæд амбулай, уæд мах уыдзыстæм æмбылд». Мзоратæ фысы мардыл цухъхъа скодтой, худы хуылфы ныккод- той кас. Уый фæстæ йæ æрæвæрдтой æмæ та йын йæ сæрыл айк сæвæрдтой. Мзор сын раздæр æхсын нал бакуымдта. Уæд фæси- вæд раздæр дзæгъæл æхстытæ фæкодтой æмæ ницы фæцæф код- 256
той. Мзор уæлхæдзары былыл дæлгоммæ æрхуыссыди æмæ та зæрдиагæй æрхъавыди. Уæд фæсивæдæй сæ иу фæстæты æрба- хъуызыд æмæ Мзоры уырдыгмæ фесхуыста. Мзор айк фемгъуыдта æмæ сæмбæлди худыл. Афтæмæй кас ныппырх и. Мзораты фæ- сивæд худ бахастой æмæ Мзормæ лæбурдтой, зæгъгæ нын нæ лæджы сæры магъз ныппырх кодтай. Мзор фæтарст, зæгъгæ, фæтуджджын дæн æмæ лидзыныл фæци. Фæлыгъди денджызы тархъæд былмæ æмæ ма йæхицæн скодта æртæ ’мбалы. Уыцы ран кодтой цуан æмæ уымæй царды- сты. Сæхицæн дзы хæдзар сарæзтой æмæ йæ састæрдтой сыгъдæг сырддзæрмттæй. Фисынтæ йын сарæзтой саджы сытæй... Хæдза- рæн бынатгæс лæууын райдыдтой радыгай. Иу къæвда боны бынатгæс лæууын æрхауди Мзоры рад, æмæ Æрджынарæджы Дзылаты мæсыгæй2 хурау цыдæр ферттывта. Мзор æм кæсæнцæстытæй акасти, æмæ Дзылаты рæсугъд Азау- хан йæхи найынмæ рацæйцыд денджызы былмæ. Мзор кæсы- ныл бафæстиат æмæ йе ’мбæлттæн хæринаг ницы сцæттæ кодта. Йе ’мбæлттæ изæры куы ’рцыдысты, уæд æй азымы дардтой. Мзор сын загъта: — Абон иу диссаг федтон æмæ æз уыдзынæн уый фæстæ сæ- финаг. Дзылаты рæсугъд Азаухан мæсыгæй ракаст йæхи найынмæ, йæ дæллагхъуыртæ хурау æрттывтой, йæ даргъ дзыккутæ йæ ас- тæуыл æртæ тыхты æрбакодта æмæ денджызы был йæхи надта. Цомут ныр, ме ’мбæлтгæ, æмæ мын хъæды мæра ссарут. Фæзылдысты тар хъæды астæу æмæ хъæды мæра æрхастой. Мзор дзы чырын аразын байдыдта æртæ боны изæрмæ æмæ йыл алы нывæфтыдтытæ бакодта, алы ахорæнтæй йæ сахуырста, йе ’хгæнæн ын скодта хуылфырдæм. Йæхæдæг чырыны хуылфы ныххызти æмæ йе ’мбæлттæн загъта: ~ Гъеныр мæ хуры бафтауцмæ Терчы баппарут. Уыдон дæр æй хуры бафтауцмæ Терчы баппæрстой, æмæ йæ Терк ласын райдыдта... Дзылаты мæсыджы рæзты йæ куы фæцæйласта, уæд Дзылаты рæсугъд рудзынгæй Теркмæ касти æмæ йæ лæггадгæнджытæм фæхъæр кодта: — Дон цыдæр раласы, æмæ-ма йæ фенут. Уыдон чырын райстой доны былмæ æмæ йын бакæнынæн ницы хос ардтой. Уæд фæхъæр кодтой Дзылаты рæсугъдмæ: «Дæлæмæ-ма нæм рацу, хан, ницы йын зонæм — цы мыггаг у!» Азаухан æрцыди æмæ чырыны алыварс æрзылди. Йæхæдæг ыл скуыдта: — Дæдæдæй, ды кæмæн уыдтæ æмæ ды кæмæн нал дæ! Уалынмæ Мзор чырын хуылфырдыгæй фегом кодта æмæ Азау- ханыл йæхи ныццавта, йæхæдæг ын пъатæ систа. 17 Ирон таурæгътæ 257
Азаухан ын загъта: — Цом мæсыгмæ, æмæ нæ цы фæнда, уый бакæндзыстæм. Азаухан араст и Мзоры разæй, æмæ мæсыджы размæ куы ба- хæццæ сты, уæд мæсыгмæ бахызт æмæ Мзорыл дуар рагуыпп кодта. Йæхæдæг æм рудзынгæй радзырдта: — О мæ сайд Мзор, æз ахæмты мæ мой нæ кæнын. Æз ахæм мой кæнын, мæйдар æхсæв Арыхъхъы рæгътыл3 боны цыд чи кæна, йæ бæхы къæхты цæхæр артау кæмæн судза. Мзор дæр та раздæхти мæстæйдзагæй фæстæмæ, æрбацыди йе ’мбæлттæм æмæ сын загьта: — Ацæут æмæ мын не ’взæр цъæх бæхы æрласут. Уыдон ын йæ цъæх бæх æрластой, æмæ йæ ныннадта сапоны джиппæй. Цыппар цæфхады йын ныссагъта сыгъдæг болатæй. Фæизæр и, афтæ рараст и Арыхъхъы рæгътыл, æмæ йæ бæхы къæхты цæхæр артау сыгьди, йæ разæй хъамыл судзгæ цыди, йæ нæрын цыди Дзылаты мæсыгмæ. Азаухан дæр та рудзынгæй акаст, æмæ бæстæ ныррухс Мзоры бæхы къæхты цæхæрæй. Азаухан хуыссæнтыл бахаудта æмæ загь- та йæхицæн: «Нал мæ ныууадздзæн ацы хæххон æрчъиджын». Уалынмæ, бон цъæх кодта, афтæ Мзор дæр æрхæццæ мæсы- джы размæ, æмæ бæхы къæхты хъæрæй мæсыг ныррызт. Азаухан æм рудзынгæй ракаст, æмæ йæм Мзор сдзырдта: — Гъе, гæды Азаухан, гьеныр та ма мыл цы фау æвæрыс? Азаухан æм æрдзырдта: — Уæ мæ сайд, Мзор! Æз ахæмты мæ мой нæ кæнын. Æз ахæм мой кæнын, æмæ мын Терк æмæ Турчы рæгъау чи æрбатæра. Мзор дæр та мæстæйдзагæй раздæхти. Цуайнаджы хæлддза- гæй хæдон æртасын кодта, сбадти йæ цъæх бæхыл æмæ араст Терк æмæ Турчы рæгъау тæрынмæ. Фæцыди дæс боны æмæ дæс æхсæвы æмæ бахæццæ Терк æмæ Турчы рæгьаумæ. Рæгьауы уыди æфсæндзых уырсытæ, æмæ уыдон æввахс никæй уагьтой. Мзор сыл маргьы ’взагæй суасыди, афтæмæй æфсæн уырсы- ты æрцахста æмæ сын сæ иугай хъустæ ралыг кодта. Стæй рæгьау стымбыл кодта æмæ сæ рацæйтардта. Уæд ахъуыды кодта Мзор æмæ загъта: «Ацы рæгъау æз кæнын давгæ, фæлæ ныхъхъæр кæ- нон мæхæдæг фæдис Терк æмæ Туркмæ». — Йæхæдæг бæх фæ- зылдта фæстæмæ. Терк æмæ Турк куывды бадтысты, æмæ сæм батардта уæлбæхæй. Бахъæр сæм кодта: — Терк æмæ Турк, уæ рæгъау уын фæтардæуы. Уæд хистæртæ радзырдтой кæстæртæм: — Гъе уыцы куыдзы бафсадут. Кæстæртæ йын авæрдтой иу бæгæныйы нуазæн æмæ иу кæр- дзыны чъири. Мзор та сæм дыккаг хатт бахъæр кодта: 258
- Уæ рæгъау уын фæтæры Мзораты чысыл Мзор. Хистæртæ радзырдтой: - Гъæй, бын бауат, гъе уый бафсадынæн ницы фæразут! Уæд Мзор æфсæн уырсыты хъустæ дзыппæй фелвæста æмæ сæ хистæрты размæ базыввытт ласта. Йæхæдæг бæх фæстæмæ фæзылдта. Хъæуы кæрон ыл иу ус амбæлдис æмæ йын афтæ загъта: - Фæлæуу-ма, мæ хур, тыхгæнæджы хуызæн куы дæ. Мзор дæр æм æрлæууыдис, æмæ йын ус загъта: - Авд лæппуйы мын уыдис æмæ фæдисы фыццагæй сихсы- дысты. Иу ма мын дзы ис æмæ дæ урс бæхыл аййафдзæн, æмæ мын-иу йæ уд ма аскъуын. — Йæхæдæг ыл йæ дзидзи уæлбæхмæ бадыгъта æмæ загъта: - Амæй фæстæмæ æз — дæ мад, ды та — мæ лæппу. Мзор бæх фезмæлын кодта æмæ та рæгъау йæ разæй стымбыл кодта. Фæстæмæ фæкаст, æмæ быдыры фæдис, сау халæттау, æрбатæрынц. Уыцы лæппу йæ урс бæхыл баййæфта æмæ Мзоры сгæрах ласта. Мзор рæуæг цæф фæци. Мзор æм кард сласта æмæ йын загъта: - Дæ мад мæ йæхицæн лæппу загьта, æмæ дын дæ уд нæ аскъуындзынæн. — Карды цæгатæй йын йæ цæнгтæ фæцæфтæ кодта æмæ йæ уæлвæндаг æрæвæрдта. Уый фæстæ фæдисмæ аз- дæхт æмæ сæ разæй цæгъдгæ кодта, фæстейы сæ туджы зæй лас- та. Йæхæдæг рæгъау стымбыл кодта æмæ сæ æрбатардта Дзыла- ты рæсугъдмæ. - Дон-ма мын радæтт, Азаухан! Азаухан дæр мæсыгæй цайданы дзаг дон радыввытт кодта. Мзор æй уæлбæхæй рацахста æмæ йæ анызта. Уæд та йæм Азау- хан æрдзырдта: - Мæ сайд, Мзор! Æз ахæмты мæ мой нæ кæнын. Æз ахæм мой кæнын, дзыллæйы фæсивæдæй кæй кафт мæ зæрдæмæ фæ- цæуа. Иннæ сабаты Суты фæзы хъазт уыдзæни, æмæ кæй кафт мæ зæрдæмæ фæцæуа, гье уый — мæ мойаг. Сабат боны дзыллæйы фæсивæд æрæмбырд сты Суты фæзы хъазтмæ. Мзор дæр нымæты бызгьуыр æмæ æрчъийы зæрæдтæ скодта йæ уæлæ æмæ хуыты йæ разæй баскъæрдта хъазты кæ- ронмæ. Дзыллæйы фæсивæд кафт фесты, æмæ никæй кафт фæ- цыди Азауханы зæрдæмæ. Уæд хъазты хистæр загъта: - Адæмæй змæлæг никуыуал зонæм, фæлæ ма уæртæ уыцы хуыгæсимæ ракаф. Мзорæн дæр йæ ирон топпы хæтæл йе ’фцæджы, афтæмæй хъазты астæумæ батæррæтт кодта æмæ Дзылаты рæсугъды йæ разæй айста. Уæд Мзор фæхъæр кодта: 259
— Гъей чызгай, дæ галиу синæй къуылых куы симыс. — Ца- лынмæ чызг иу зылд кодта, уалынмæ йын Мзор ирон топп йæ разы æртæ цæфы æркодта. Чызг скуыдта æмæ мæсыгмæ слыгъдис. Уыцы ран йæ мад æмæ йæ фыдæн загъта: — Абондæргъы адæмы хæрзæджытимæ фæкафыдтæн, æмæ мыл фау ничи сæвæрдта. Фæстаг хатт иу хуыгæсимæ ракафыдтæн, æмæ мæ уый къуылых схуыдта. - Уый фæстæ йæ дзабыр ралас- та, æмæ дзы разынд еууы нæмыг. Хъазтмæ та æрхызти чызг, æмæ та кафын райдыдтой Мзо- римæ. Мзор ын загъта: — Гъеныр, чызг, дæ син сдзæбæх и. Чызг ныхъхъæбыс кодта Мзоры адæмы астæу æмæ йын загъта: — Абонæй фæстæмæ æз — дæ ус, ды та — мæ мой. — Мæ- сыгмæ ацыдысты æмæ Терк æмæ Турчы рæгъауæй иннабонмæ чындзæхсæвтæ фæкодтой. Афтæмæй Азаухан æмæ Мзор ус æмæ лæгæй баззадысты. Дзлаты рæсугъд Азаухан æмæ Æмзораты чысыл Æмзор В а р и а н т Æмзор чысыл лæппуйæ хъаны лæвæрд уыдис йе ’мцеччытæм æмæ-иу алы бон дæр Терчы былмæ бабыздзуан цыд. Иу хатт куы уыди, уæд Æмзор цуангæнгæ Терчы былтыл Елхоты Дзлаты размæ ссыди. Фæкасти Дзлатмæ æмæ дистæ байдыдта йæ рæсугъддзина- дыл. Уæлæмæ йæм фæкаст, æмæ йæ цæстытыл ауад рæсугьд чыз- джы ныв. Ноджыдæр тынгдæр ныддис кодта Æмзор: «Цæй диссаг, цæй æмбисонд у, зæххон рæсугьд æви уæларвон мелек лæууы мæ разы? Æви мæ мæ цæстытæ сайынц? Мæ дунейыл ахæм рæсугьд никуы федтон». — Йæ цæстытæ асæрфы, ракæс-бакæс акæны йæ алыварсмæ, уæддæр та йæ цæст Дзлатмæ бахæссы. Йæ цæстытæ ныццавта Æмзор Дзлатмæ æмæ та дзы ауыдта Азауханы рæсугьды. Азаухан лæууыд рудзынджы раз, йæ уæлæ урс къаба, йæ сау дзык- кутæ хæлдга æмæ сæ æруагьта даргь йе уæхсчытыл. Мæйы рухс нык- касти йæ цæсгоммæ, æмæ æрггывта зымæгон митау. Йæ сау цæстьпæ æртгывтой зынаргъ дурау. Йæ фæлмæн цæстæнгас басыгьта лæппуйы зæрдæ фæззыгон хурау. Лæппуйы зæрды куыннæ бахызт Азаухан! Сгыр хъуьщытимæ араст лæппу йе ’мцеччытæм. Уазæгдонмæ бацыд, йæхи хуыссæны баппæрста æмæ ставд цæстысыг ныккалдга. Йæ фысымтæ йæм радыгай цæуынц æмæ йæ фæрсынц: — Цы кæныс, мæ хур, цы дæ риссы? Цæуыл дæ цæстысыг æнæвгъау калыс? Ницы сæм дзуры Æмзор. Стæй йын иу ус загъта: 260
- Æвæццæгæн æмæ, мæ хуры хай дзæбæх лæппу, Азаухан- рæсугъды федтай? Æмзор йæ мидбылты бахудт. Йæ цæссыг йæ рустыл, афтæ- мæй йæ хабæрттæ радзырдта. - Дæхи мауал риссын кæн,— загъта йын уыцы ус, - уымæн гæнæн ис, æцæг ныр, зымæгон нæ, фæлæ уалдзæг. Азаухан тынг дæсны у ленк кæнынмæ æмæ кæддæриддæр йæ уынауыттимæ1 уалдзыгон мæйрухс æхсæв ленк кæнынмæ рацæуы Теркмæ. Иу уалдзыгон æхсæв уыцы ус Æмзорæн загьта: - Гъеныр дæ амонд бæрæггæнæн æхсæв æрцыд: Азаухан ленк кæнынмæ йæ уынауыттимæ Теркмæ рацыд. Ды дæхи бæлæгъы бабæтт æмæ йæ сæ размæ ауадз, афтæмæй йæ æрцахсдзынæ. Æмзор усы коммæ бакаст, йæхи бæлæгъы дон-дон ауагьта, æмæ йæ уынауыттæ куы ауыдтой, уæд æмхуызонæй Азауханмæ сдзырдтой: - Дæ хорзæхæй, не ’хсин, уæртæ-ма нын уыцы суг дæр æрцахс æххæст. Азаухан йæ размæ куы баленк кодта, уæд æй Æмзор рацахста. Азаухан йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта: - Иунæг Хуыцауы хатыр бакæн æмæ мæ ацы адæмы раз ма фæхудинаг кæн. Æвæццæгæн мæ Хуыцау дæу тыххæй радта, æз дæуæй фæхауинаг нал дæн, фæлæ дæ курын, Хуыцауы хатыр бакæн æмæ мæ чысыл Дзлатмæ бауадз. Азаухан Дзлатмæ ссыд æмæ йæм уырдыгæй фæстæмæ ра- дзырдта: - Æз дæу тыххæй ам нæ бадын, дæ хъуымыз дæ донгæмттæй кæлгæ! Æз ахæм лæппуйæн бакомдзынæн, далæ Стыр Ногъайы рæгъау йæ разæй тæргæ чи кæна, фæстæ мæ та фæдисимæ хæцгæ чи кæна, афтæмæй сæ мæ Дзлаты размæ чи стæра! Никæмæн ницы загъта лæппу, афтæмæй æнæ исты сдзур- гæйæ фæстæмæ йе ’мцеччытæм ссыд. Хъæлдзæгæй йæхи срæвдз кодта гæрзты хорз, бæхы хорзæй, афтæмæй араст Стыр Ногъайы рæгьау тæрынмæ. Ратардта сын сæ рæгъау, афтæ йæ фæсте фæдис раййæфтой. Æмзор фæстæмæ хæцыд фæдисыл, йæ разæй та сын тардта сæ рæгъау. Къорд цæфы фæцис Æмзор, фæлæ уæдцæр нæ радта йæ рæгъау, æгаддзинад йæ сæрмæ не ’рхаста. Дзлаты размæ куы схæццæ, уæд Æмзор йæ дзыхыдзаг ныхъ- хъæр кодта: - Азаухан! Мæнæ дын дæ рæгъау стардтон. Йæхицæн нал уыдис йæ бон, йæ донгæмттæй калдис фæй- нæрдæм йæ туг, йæ рагъæй систа йæ нымæт, æрытыдта йæ зæх- хыл, йæхи йыл æруагъта, афтæмæй амард. Азаухан Дзлатæй йæ размæ æрцыд, йæ зонгуытыл æрхауд, ставд цæссыг ныккалдта æмæ загъта: 261
— Ды дæ цард схицæн кодтай мæн тыххæй, æмæ мæн дæр мæ царды уаг нал хъæуы æнæ дæу. — Йæхæдæг фæстæмæ Дзлатмæ ссыд æмæ йæ уынауыттæн загъта: — Курын уæ, æмæ куы амæ- лон, уæд нæ-иу ацы донæн йæ фæйнæ фарс баныгæнут. Йæ болат хæсгард райста Азаухан æмæ йæ йæ хурхыл æнæ- вгъау æрбавæрдта, афтæмæй йæ дунейы рухсæй йæхи схицæн кодта. Уынауыттæ, куыд сын бафæдзæхста Азаухан, афтæ доны фæйнæ фарс баныгæдтой сæ дыууæйы дæр. Иуæй дзы сзад фæткъуы бæлас, иннæмæй та æнгуз бæлас, æмæ дыууæ бæласы доны фæйнæ фарсæй кæрæдзимæ æрбацы- дысты. Æрæджы дæр ма сæ бындзæфхæдтæ уым уыдысты. Хæтæг барæг Сæлхæйы хъæуы Сæлхæйы рæсугъд сфæнд кодта моймæ фæ- цæуын. Хъæуы царди Хæтæг Барæг, æмæ уымæ ’хсайдта йæ зæрдæ. Хæтæг Барæг ницæмæй ауæрста йæхиуыл, цæмæй йæ бауарза Сæлхæйы рæсугъд. Нæртон адæм-иу, æвæдза, фос фæкодтой, стæры уæвгæйæ, уæд-иу Хæтæг Барæг сæ размæ ацыд, бафæсвæд-иу кодта йæхи, цалынмæ-иу Нарт æд фосы конд сæ хæдзæрттæ ссардтой, уалынмæ. Уæд-иу Хæтæг Барæг, Нарты стæрон фæндæгтыл цæ- уын чи нал фæрæзта, се счъилтæй-иу сæ ног фаджыс кæмæн калд, зæрдæ-иу бакæсын кæмæ нæ куымдта, уыцы фос скъуым- бил кодта йæ разæй, Сæлхæйы мæсыджы рæзты сæ-иу æрбас- къæрдта, мæлæты лæгау. Ракастаид-иу уæд Сæлхæйы рæсугъд æмæ-иу бахудт йæ мидбылты. Цæуылнæ ныббузныг уыдаид Хæ- тæг Барæг дæр уыцы сахат йæхицæй! Сæлхæйы хъæуы ма царди къулбадæг усы фырт. Нæртон адæм æнæ уый нæ цыдысты стæры. Уый дæр бауарзта чызджы, фæлæ йæм Сæлхæйы рæсугъд фæстæмæ дæр нæ касти. Уæд иу ахæмы къулбадæджы фырт сарæзта фæндыр, Сæл- хæйы мæсыгæн æрбадти йæ быны æмæ цæгъдынтæ байдыдта фæндырæй, кадджытæ дзы кодта. Фæндыры хъазт хъуысти уæларвмæ, цавдцуртау æм-иу фесты хъусджытæ, фæлæ йæм нæ кæсы Сæлхæйы рæсугъд. Фæндыр мæсыгыл ныццавта къулбадæг усы фырт, æмæ уыцы ран базгъæлæнтæ. Ног фæндыр та сарæзта къулбадæг усы фырт, мæсыджы рæ- бын та æрбады æмæ йæ зæрдæйы сагъæстæ, йæ уарзондзинады арты кой кæны йæ фæндыры цагъды. Зæрдæйы уидæгтæ æнкъуы- сынц фæндыры цагъдмæ, арв æм атар вæййы, фæлæ йæм нæ 262
хъусы, нæ, Сæлхæйы рæсугъд. Мæсыджы къулыл та ныппырх кодта лæппу йæ хъисын фæндыр. Цæйбæрц рацыдаид, чи зоны, фæлæ та æртыккаг хатт скодта фæндыр къулбадæг усы фырт, бирæ хуыздæр раззаг фæндыртæй. Иæ бæрæгон бынаты та æрбады мæсыджы ’фарсмæ, цæгъдын та байдайы йæ фæндырæй. Пиллон арт уадзы фæндыры цагъд: дзыллæ йæм æмбырдтæ кæнынц, сæ маст, сæ зындзинæдтæ сæ рох кæнынц, сæ зæрдæйы сын æфтауы сахъдзинад, аивдзинад æмæ хæлардзинад. Нал æм фæлæууыд Сæлхæйы рæсугьд: минæвар скæны лæп- пумæ, фæлæ уый зулмæ дæр нæ каст минæвармæ. Уæд æм уæла- дзыгæй æруагъта йæхи Сæлхæйы рæсугъд, мæсыджы сæрмæ йæ схоны, йæхæдæг кæм царди, уыцы уатмæ. Ныхас сын бацайдагъ вæййы дыууæ адæймагæн. — Хæтæг Барæг дæу аккаг нæу, — дзурын байдайы къулбадæг усы фырт, — цы хъарутæ йæм æнхъæл дæ, уъщонæй йæм иу дæр нæй; стæй, дæуæн йæхи цы хуызы ’вдисы, уый дæр йе ’цæг хуыз нæу. Нартæн, стæры уæвгæйæ, фæндагыл цы ’нæсæрæнтæ аз- зайы, уыцы мæгуырау фосы муртæ æрбаскъæры йæ разæй, а мæ- сыджы рæзты сæ æрбатæры, æмæ ды афтæ банхъæлыс, æмæ Хæ- тæг Барæг фесгуыхти. Уый та, мæгуыр, мах кæуыл нæ фервæс- сæм, уыдонæй схъал кæны йæхи дæ разы. ~ Æмæ уæдæ ныр цы хуыздæр бачындæуа мæ раны? — загъта Сæлхæйы рæсугъд. — Иу рæстæджы та Нарт уыдзысты стæры. Хæтæг Барæг кæндзæн йæ кæнон: нæ размæ та ацæудзæн æмæ, нæ фосæй фæстейы чи аззайа, уыдон та дæ рæзты, мæлæты лæгау, æрбас- къæрдзæн, фæлæ йæм ды мауал ракæс. Куы дæ фæрса, цæуылнæ йæм ракастæ, зæгъгæ, уæд ын-иу бацæгъд йæ хъусы, къулбадæг усы фырт дæ иттæг-иттæг рафаудта, — зæгъгæ. Кæд лæг дæ, уæд æй балцы фæхон, ныууæй-йæ кæн искуы æмæ мын й’ аргъæй иу хæлайфаг балхæн. Стæй куы раст кæнæм балцы, уæд нæм-иу мæсыджы сæрæй ракæс: кæмæ нæ цы хъару уа, уый дын хурæй бæрæгдæр суыдзæн. Лæппуйы дзырд æрцыди. Хæтæг Барæг иу ахæмы, Нарты фосы кондæй фæндагыл чи баззад, уыдон йæ разæй æрбатымбыл кодта, Сæлхæйы рæсугъды рæзты сæ, мæлæты лæгау, æрбаскъæры. Бæргæ ма скæсы мæ- сыгмæ... Фæлæ Сæлхæйы рæсугъд нал ракаст, нал, Хæтæг Ба- рæгмæ æмæ йæм нал бахудт йæ мидбылты. — Цы кодтай, дæ зæрдæ мыл цæмæн ивыс? — Æртæ боны æмæ мын æртæ ’хсæвы къулбадæг усы фырт фæкодта дæ фыдгой, фауынæй дыл нæ бацауæрста. Уыйадыл мын нал дæ, нал, уыйбæрц адджын. Мæ зæрдæ мын нал ссард- тай, цалынмæ мын уый аргъæй нæ балхæнай иу хæлайфаг. 263
Барæвдзытæ кодта Хæтæг Барæг балцмæ йæхи; тыхтæ ’мæ ’хсæртæй лæппуйæн бæх æмæ хæцæнгæрзтæ ссардта, къулбадæг усы кæрты æрхызти. — Дæ бон хорз, лæппу! — дзуры Хæтæг Барæг. — Æгас цу, - загъта лæппу, - мидæмæ нæм, фысым дын уыдзыстæм. ~ Цом мæнимæ балцы, иучысыл ахæтæм. — Мæ мады ’вастæй æз къæсæры дуарæй дæр нæ хизын. Хæ- дзармæ цом æмæ дзы ракурæм. Бацыдысты хæдзармæ. Хæтæг Барæг æгъдау радта къулбадæг усæн æмæ дзуры: — Хæтынмæ цæуын, æмæ мын дæ фырты кæстæрæн рауадз. — Æна дæ сæрыл хаст фæуæд, æмæ цы бакæндзæн мæ саби демæ? Стæй рæвдз дæр куы ницæмæй у: нæ йæм бæх, нæ — хæцæнгæрзтæ. — Уыдон ын цæттæ сты, — загьта Хæтæг Барæг. — Бæх ын дуармæ, адон та йын хæцæнгæрзтæ. — Лæппу, уазæг тых хæссæг у, — загъта зæронд ус, — барæв- дзытæ кæн балцы дæхи. Лæппу гæрзтæ райста Хæтæг Барæгæй, рацыд хæдзарæй, æркаст бæхтæм, бæхты ифтæнгтæм, æмæ зæрдæмæ бацæуинаг куынæ разындысты, уæд æрмур кодта хæцæнгæрзтæ, бæхтæн æрхоста се ’рæгътæ æмæ сæ дуары æдде фæкодта. Уый фæдыл къулбадæг усы фырт бахуыдта Хæтæг Барæджы бæхдонмæ. Хæрзæфснайд бæхдоны — дыууадæс æфсургъы, кæ- рæдзийæ ивддзаг фæуыдаиккой; алкæмæн дзы къулыл йæ сæрмæ хæрзифтонгæй саргъ æд дзаумæттæ, стæй хæцæнгæрзтæ, барæ- джы хардз; хæцæнгæрзтæ тæмæнтæ калдтой фырсыгъдæгæй. Хорзау нал фæци Хæтæг Барæг, къулбадæг усы фырты рæв- дзытæ куы федта, уæд; фæсмон æм æрцыд, йæхи стæры цæуæг кæй скодта, уый тыххæй, фæлæ ма йын цы амал уыди. — Равзар дæхицæн бæх уыцы ифтонгæй, - загъта лæппу, - нæ балц дард балц куы фæуа, мыййаг, æмæ нæ фыдæнхъæл куы фæкæной дæ бæхтæ. Нæ сæм хæссы йæ ныфс Хæтæг Барæг. Лæппу арæвдз кодта дыууæ ’фсургъы, хæцæнгæрзтæ радта Хæтæг Барæгæн; сбадын æй кодта æфсургъыл, æмæ мæсыджы рæзты фæраст кæнынц. Раджы ма уыди — Сæлхæйы рæсугъд нæ хъал кæны. Уæд къулбадæг усы фырт ахæм цæлхъхъытæ ныккодта йæ бæхæн, æмæ мæсыг йæ бынæй йæ сæрмæ банкъуысти. Хæрдмæ фæхауди Сæл- хæйы рæсугъд йæ хуыссæнуаты æмæ фестади тæрсгæ-ризгæйæ. — Арв мын æрцавта мæ мæсыг,— загъта чызг. — Фæлæ ру- дзынгæй куы ракаст, уæд бамбæрста, цæй аххосагæй ныр рызти йæ мæсыг. 264
Фæндагыл фæцæуынц дыууæ барæджы, æмæ уыди хурæй бæ- рæгдæр, кæмæ сæ цы хъару уыди, уый. Цæуынтæ байдыдтой барджытæ. Æхсæв æмæ бон фæцыдыс- ты, афтæ дзуры Хæтæг Барæг: - Фæцыбыр кæнæм нæ фæндаг, фос фæкæнæм ардыгæй, чысыл дзы куынæ ис. - Хæтæг Барæг, цы быдыры цæуæм, уыдон мæ зæххытæ сты, цы фос дзы федтай, уыцон мæхи фос сты: галрæгъауæй, хуыс- къаг стурæй, бæхрæгьауæй, фысвосæй. Ау, æмæ мын тæрын хъæуы мæхи фос? Цæуын та байдыдтой. Бирæ та фæцыдысты, чысыл, чи зоны, æмæ та дзуры Хæтæг Барæг: - Фос фæкæнæм ардыгæй. - Адон мæ цагьар адæмы фос сты, - загьта къулбадæг усы фырт, — æмæ та сæ цыды кой кæнынц. Бахæццæ сты иу ранмæ, авд фæндаджы кæм баиу вæййынц, уырдæм. Æрхызтысты барджытæ. Къулбадæг усы фырт ракодта иу бæлас, авдтигъон цæджындз дзы самадта, авд фæндаджы кæм сиу вæййынц, уыцы ран æй æрсагьта; авд æвзагыл ын йæ авд фарсыл ныффыста, йæхæдæг дзуры Хæтæг Барæгмæ: - Ацы ран лæуу æмæ дæ цæст дар цæуджытæм: уыдон мын сæ хъалон уадздзысты ацы ран; ахæм дзы куы разына, цы йыл æмбæлы, уый чи нæ ныууадза, уæд уыимæ дæр фидаудзыстæм. Æз цæуын Донбеттырты æртæ ’фсымæрмæ; уыдон мын нæ зна- гыл лæууынц, нæ — лымæныл. Фæстаг хатт ма сæм хатын, цæ- мæй мын сбæрæг кæной сæ зæрдæйы хатт. Уый нæй, уæд нал у мæ аххос: æз сын, цы хъæуа, уый бакæндзынæн. Кæс-иу, æмæ кæд денджыз урс фынк хæсса бæрæг афон, афтæ-иу барджитæ бæтгæ, хъалонæй дæм цы ’рæмбырд уа, уыдонæй; дæхи-иу ба- рæвдз кæн. Намæ, æвæдза, денджызы сæр сырх адардта, афтæ-иу дæхи æфснайыны кой бакæн; уый уыдзæн мæ мæлæты нысан. Лæппу доны йе ’фсургъ фæцарæзта, æмæ æфсургъ, кæсагау, алыг кодта денджыз цæхгæрмæ. Донбеттырты æфсымæртæм ба- цыд æмæ сæм дзуры: - Уыцы цыд уæм фæкодтон, æмæ мын ницы дзуапп дæттут: нæ мын лымæнæй лæуут, нæ знагæй. Ацы хатт ма уын дзурын — бæрæг дзуапп мын раттут: знагыл уæ нымайон æви лымæныл?! Уый зонут, æмæ н’ алфамблай адæмæй ахæм нал баззад - мæнæн хъалондар чи нæ у, кæнæ цагьайраг кæй не скодтон мæхицæн. - Уæле дæ фистæджытæ, дæле дæ бæхджынтæ, — загътой йын Донбеттыртæ. — Дæ хуызæттæ ныл бирæ сфæнд кодтой, бирæ февзæрстой махимæ сæ хъару. Дæ лымæн дæр нæ ницæмæн хъæуы, де знагдзинад дæр дын æрдумæ дæр нæ дарæм. - Аххос сымахырдыгæй фæуæд уæдæ! 265
— Дæ фæндаг дзæбæхæй дар, гье уый дын нæ дзуапп, — загъ- той æфсымæртæ. Донбеттырты рæгъауыл рахъæр кодта къулбадæг усы фырт, доны сæ фæцарæзта, æмæ фатау денджызæн йе ’ннæ фарс фесты. Хæтæг Барæгæн фæдзæхст куыд уыди, афтæ барджитæ акод- та хъалонæй авд фæндаджы астæу, бæхуæргътæ сæ абаста. Уалынмæ йæм къулбадæг усы фырт дæр æрбахæццæ, Донбет- тырты бæхрæгъау йæ разæй, афтæмæй. — Дæ фыццаг скæн ацы рæгьау дæр æмæ дæ фæндаг размæ дар, — загъта лæппу. - Æрмæст-иу, æз цы архайон, уымæ дæр-иу ракæс фæстæмæ: хæрз иунæгæй мæ ма ныууадз. Ныртæккæ мыл стыхджын уыдзысты фæдис, бирæ не сты, фæлæ, цы сты, уыдо- нимæ хæцын хъæудзæн: лидзын сæрмæ бахæссинаг нæу. Кæд н’ амонд уа, уæд сарæхсдзыстæм. Дзырд дард ацæуы, фæлæ дын уалынмæ бæстæ ныссырх и. Фæкастысты фæстæмæ, æмæ дын иу барæг сырх бæхыл æрба- цæуы. — Гъæ куыдзы цагъар! Кæй рæгьау фæтæрыс? - æмæ суагъта йæ фат. Лæппу саргъæй фехста уæд йæхи, æмæ фат сагæхты астæу афардæг. Фæстæмæ бахста сырх барæджы, æмæ барæг рафæл- дæхти бæхæй. Систа йын йæ хотыхтæ, сырх бæхы баскъæры рæ- гъаумæ. — Цырд лæуу, Хæтæг Барæг, дæ цыды кой кæн, фæлæ мæм дар дæ цæсты зул дæр4. Уалынмæ та дын батар ис рухс дуне. Уый Донбеттырты дык- каг æфсымæр æрбацæуы сау бæхыл: уымæй батар рухс дуне. — Гъæ куыдзæй цы цагъар равзæрди, нæ фæтæрдзынæ и, нæ рæгъау, нæ дын батайдзæн, нæ, ме ’фсымæры мард! — æмæ та суагъта уый дæр йæ фат. Къулбадæг усы фырт та саргъæй йæхи систа, æмæ та фат сагæхты астæу ацыди. Фæстæмæ та суагъта фат: сау барæг ра- тылди йæ сау бæхæй. Систа хотыхтæ, бæхы бауагъта рæгъаумæ. — Размæ, размæ, Хæтæг Барæг, фæлæ-иу фæстæмæ дæр дæ цæст рахæсс. Уалынмæ бæстæ ныррухс. Уый Донбеттырты æртыккаг æфсы- мæр æрбацæуы йæ урс бæхыл, æмæ уымæн ныррухс Дуне. — Мæнæй нал фæцæудзынæ, куыдзы цагъайраг, ме ’фсымæр- ты туг дын нал батайдзæн. — Уыйадыл систа йæ фат æмæ йын фæдзæхсы: — Куы дæ суадзон, уæд та уыцы фыдгæнæг саргъæй фехсдзæн йæхи, фæлæ ды фатты фыддæр фест, дæхи иу цъусдуг куынæ бауромай, æмæ, æвæдза, саргъыл фенгом, афтæ йын йæ бичъы бын иннæрдæм куынæ ахизай. Æмæ урс барæг, Донбеттыры фырт, суагъта йæ фат. Къулба- дæг усы фырт дæр саргъæй бæргæ фехсы йæхи, фæлæ бафæстиат 266
фат, цалынмæ лæппу саргъыл фенгом, уалынмæ, стæй, - уæ балгъитæг знаджы амæттаг фæуæд, - фат бичъы бын иннæрдæм акаст. Къулбадæг усы фырт фат йæ фæсонтæй фелвæста, æрдыныл æй æрбавæрдта æмæ йæ суагъта фæстæмæ: ныггуыпп ласта зæх- хыл урс барæг, Донбеттырты ’нхъæлцау. - Цы фæдæ, Хæтæг Барæг, фæдисоны хотыхтæ рахæсс тагъд, намæ бæстæ худинаг кæнæм, исчи нæ, мыййаг, афтæмæй куы ’рбаййафа, уæд; мæнæн хорз нал сты, нал, ме ’ууæлтæ. Фæцарæхст Хæтæг Барæг: фæдисоны хотыхтæ систа, урс бæхы рæгъаумæ баскъæрдта. Бæхæй æрхызт къулбадæг усы фырт, басылыхъхъæй æрбабас- та йæ цæф æмæ губаккыл æрбадт. - Хæтæг Барæг, мæнæн мæ бон нал бауыдзæн бæхыл бадын, фæлæ, куыд лæг дæ, афтæ тæргæ нæ фосы конд, фехъусын кæн мæ хабар. Бæхты рæгъау, барджиты баст хъалон уæргьтæгондæй сæ хъæ- уыл сæмбæлын кодта Хæтæг Барæг. Рæгъауæн йæ фылдæр æмбис, хъалоны уæргътæ, лæппуйы бæх хъæугæрон баздæхта сæ хæдзармæ. Хæтæг Барæг радзырдта Сæлхæйы рæсугъдæн хъуыддаг, сæ- рæй бынмæ куыддæриддæр æрцыди, афтæ. Сæлхæйы рæсугъд рабæлццон кæны йæхи, мæлæг адæйма- джы ма удæгасæй ныййафы губаччы сæрыл. - Мæнæн нал ис бирæ цæрæнбон, Сæлхæйы рæсугъд, фæлæ дын фæдзæхсын: мæ цагъартæн сæ бар сæхиуыл куыд цæуа амæй фæстæмæ, бархъомыс сæм куыд ничиуал дара. Цы фос уадзын мæ фæстæ, уыдон æртæ хайы бакæн: аккаг кæнын сæ иу хай ме схæссæг мадæн, аннæ - мæгуыртæн, æртыккаг хай лæвар кæнын Хæтæг Барæгæн, нæ иумæйаг балцы раст цæсгом кæй равдыста, уый тыххæй. Ныхас конд фæци, афтæ йæ Сæлхæйы рæсугъд систа йæ хъæ- бысмæ, æмæ уыйадыл къулбадæг усы фырт систа йæ уд. Стыр зиан ис Сæлхæйы хъæуы. Абон Сæлхæйы хъæубæстæ къулбадæг усæн йæ иунæджы æвæрынц йе ’нусон сыджыты. Сæлхæйы рæсугъд æрбасидти ингæнкъахджытæм æмæ сын дзуры: - Ингæн-иу уæрæх скъахут. Марды рахастой уæлмæрдмæ. Сæлхæйы рæсугъд дæр рацыди марды фæстæ болат хæсгардимæ. Æвæдза, марды ингæны бавæ- рой, афтæ Сæлхæйы рæсугъд болат хæсгардæй фæрæхуыста йæ зæрдæ æмæ уыцы ран систа уый дæр йæ уд. Сæлхæйы дзыллæ иу ингæны бавæрдтой дыууæ марды дæр. Афæдзы бонмæ ингæныл æрзади кæрдо бæлас æмæ фæткъуы бæлас, кæрæдзийыл уæрдæхау стыхстысты æмæ сæ къæлиутæй ингæн дæрдтыл æрæмбæрзтой. 267
Лæппу æмæ чызг куыд бафидыдтой Иу æлдар фæцæйцыдис йæ хæдзармæ. Фæндагыл æлдарыл амбæлд иу лæппулæг. Салам радтой кæрæдзийæн. Лæппу-барæг йæ бæх æрцавта æмæ æлдары галиуварс цæуын байдыдта. Цæ- уынц, цæуынц, æмæ æлдар лæппулæгæн «аздæх» нæ зæгъы. Цæй- бæрц фæцыдаиккой, фæлæ уалынмæ фæндаг фесæфт пыхсбы- ны. Лæппу дзуры хистæрмæ: — Фарн дæм дзурæд, мæ бæрзонд хистæр, фæлæ мын бар куы раттис, уæд дын æз фæндаг акæнин. Ницы сдзырдта æлдар, йæ цыды кой кæны, - къудзитыл, бындзæфхæдтыл къуырттытæгæнгæ сæхицæн фæндаг амалтæй арынц. Фæндаг куыдфæстагмæ зындæрæй-зындæр кæны, афтæ- мæйты иу цъыфдзастмæ бахæццæ сты. Лæппу та дзуры хистæрмæ: — Мæ бæрзонд хистæр, фарн дæм дзурæд, фæлæ мын бар ратт, æмæ æз хид акæнон. Æлдар йæ бæх æрцæфтæ кодта æмæ цъыфдзасты фæлæгæрды, уæдæ цы уыдаид. Бирæ нæма рацыд, афтæ дзы ныхсын байдыдта. Лæппу йæ бæх бæласы цонгыл афидар кодта, йе ’дцаг да- рæстæ феппæрста æмæ фыццаг цъыфдзастæй раласта лæджы уæлбылмæ, уый фæстæ та басæррæтт ласта цъыфдзастмæ, бæхæн йæ къæхтæ хæрдмæ фæцарæзта æмæ йæ раласта йæ рагъыл. Фæсалæй басыгъдæджытæ кодта барæджы, бæхы, сбадын æй кодта æмæ та араст сты. Цæуынц, цæуынц, æмæ мæнæ дуне адæм мард фæласынц. Сæ бæхтæй æрхызтысты бæлццæттæ, æрлæууыдысты, мардæн æгьдау радтой. Уæд лæппулæг фæрсы: — Бахатыр кæнут, фæрсæг сонт у, фæлæ уæ мард хæдзары мард у, хъæуы мард, æви комы мард у? Адæмæй иу рахицæн æмæ дзуры: — Мард у комы мард, æмæ ком уый тыххæй сызмæлыд. Лæппулæг ахæм дзуапп куы фехъуыста, уæд марды уæлхъусмæ кæугæ бацыд, йæ сæр ехсæй нæмгæйæ. Араст сты сæ бæхтыл æмæ иу афон æлдары кæрты дуармæ æрлæууыдысты. Æлдар уазæджы уазæгдонмæ бакодта, йæхæдæг бацыд йæ хæдзармæ. Æлдарæн уыди иунæг чызг, фæцинтæ кодта йæ фыдыл, стæй йæ фæрсы: — Дада, æмæ уæд уазæг та ма чи у? — Мæгъа чи у?! Фæндагыл мыл амбæлд, мæ галиуварс цæуæг йæхи акодта; иу хъæдбынмæ куы ’рхæццæ стæм, уæд мын дзы хъавыди фæндаг кæнынмæ, цыма мæн уыдæттæм æвдæлди... — Дада цæра, æмæ кæд уæ фæндаг æвзæр уыди, уæд уый зæ- гъынмæ хъавыди пыхсы фæндаг рацагурын, цæмæй æдыхстæй цыдаиккат уæ фæндагыл. 268
- Нæ цыды кой куыд кодтам, афтæ иу цъыфдзастмæ ба- хæццæ стæм. Уыцы ран та мын уыцы æрра кæд хъавыди хид ацаразынмæ, цæмæй мæ бæхы сæфтджытæ дæр сыгъдæгæй баз- задаиккой... - Дадайыстæн, уый дын фæндаг агурынмæ хъавыди, æмæ дын æй фæсномыгæй æмбарын кодта. Ды йæ коммæ нæ бакастæ, æмæ лæсæны ныссагъдтæ... - Æмæ йæ уæд ды та цæмæй базыдтай, уым, мыййаг, куынæ уыдтæ?.. - Дада цæра, хъуыддаг афтæ рауадаид, æмæ дæм уый йæхи фæфистæг кодта æмæ дæ цъыфдзастæй раласта, мæлæтæй дæ фервæзын кодта æд бæх, - Дарддæр мард фæласынц, уый мæрддзыгойы фæрсы: «Мард хæдзары мард уыди, хъæуы мард æви комы мард?» Ахæм æнæм- баргæ никуы федтон!.. Æмæ йын адæмæй иу афтæ: «Мард уыди комы мард». А фæстаг дæр уыйбæрц æмбаргæ нæ разынд, æндæ- ра ма комæн та цæй мард и? ~ Дада цæра, дæ уазæг афтæ зæгъынмæ хъавыд: æмхуызон не сты лæгтæ — чи дзы хорз у, чи æвзæр. Дарддæр, хæрзтæ дæр æмхуызон хæрзтæ нæ вæййынц: ис ахæмтæ, æмæ йæ хæдзар цу- дын ницæмæй уадзы, мыды къусчы хуызæн æй дары, архайы йæ тыхмæ, йæ фадатмæ гæсгæ йæхи хæдзарæн, йæ бинонтæн. Æндæр дарддæр дзы ницы æфсæрм ис. Уый у хæдзары лæг, хæдзарæн хорз лæг, хæдзардарæг. Ис æндæр хорз лæг дæр: рох дзы нæу йæ хæдзар уымæй дæр, фæлæ ма уый йæ хæдзарæй дарддæр стыр пайда у æгас хъæуæн дæр йæ зонд, йе ’фсарм æмæ йе ’хсарæй. Уый у хъæуы лæг, хъæуы хорз лæг, йæ мард та - хъæуы мард. Комы мард та ахæм лæджы мард уыдзæн, æмæ æгас комы дзыл- лæмæ йæ зонд, йæ фæнд кæмæн æххæссыд; æгас комы рæсугъд фæндагыл чи арæзта, фыдбылызæй сæ чи хъахъхъæдта. Уый у комы лæг, уый у стыр лæг йæ дзыллæйæн... — Куы базыдта мæ уазæг, ме ’мбал, лæг дзыллæйы, комы лæг кæй уыди, уый, уæд баздæхт æмæ йæ зæнгойы хъусæй ехс сласта æмæ мардмæ йæ сæр хойгæ, æрдиаггæнгæ бацыд. Æрра у, бын- тон æрра, æндæра йæ цы хъуыддаг ис адæмы мæрдтимæ? — Дада цæра, æмæ æгас адæм, комы адæм кæмæ хъусой, æгас дзыллæ кæй фæндæй, кæй зондæй самондджындæр уой, уый æцæгæлон мард нæ уыдзæн, нæ, уымæн æмæ уый дзыллæмæ æцæ- гæлоны цæстæй нæ кæсы, фæлæ алкæуыл дæр у мæт æмæ са- гъæсгæнæг, æмæ кæд афтæ у, уæд уыцы лæгæй алкæмæ дæр хъуа- мæ цæуа хай - йæ цинæй дæр, йæ зианæй дæр... Ныр у, дада, æмæ мын аккаг скæн, æмæ йын æз æгасцæуай зæгъон уазæгдоны, нæ цæхх, нæ кæрдзынæй куыд сахода. — Кæд дæ уыйбæрц фæнды, уæд, куыд зоныс, афтæ бакæн. 269
Æрмæст та дын зæгъын: йæ зонд йæхимæ кæмæн нæй, уый ахæм адæймаг у. Æмæ чызг арæвдз кодта алы хæринаг, алы нуазинаг. Йæ фыды кой акодта. Уый фæстæ фынг ахаста уазæгдонмæ. Æрæвæрдта фынг æмæ салам зæгъы уазæгæн. Уазæг сыстад æмæ лæууы. — Æрбад, дæ хорзæхæй, æмæ нæм исты саход. Уазæгæн нæй сбадæн, цалынмæ дзырд рацæуа æхсинæй. — Ис дын бар, æрбад. Уазæг сбадт. Чызг рауагъта иу нуазæн æмæ йæ радта уазæгмæ. Уазæг банызта нуазæн æмæ йæ атылдта уазæгдоны зæххыл. Чызг систа нуазæн, байдзаг æй кодта æмæ та йæ радта лæппулæгмæ. Уый банызта нуазæн æмæ йæ фæнычы баппæрста. Чызг нуа- зæн систа æмæ йæ ныссæрфта æмæ та дзы рауагъта нозт. Уазæг банызта æртыккаг хатт æмæ баздæхг æмæ нуазæн къонайы дæл- тъурыл ныххафт ласта, нуазæн базгьæлæнтæ, йæ згъæлæнтæ фæ- нычы стæлфыдысты. Чызг нуазæны згъæлæнтæ æрæмбырд кодта, сыгьдæг сæ кыс- сæрфта йæ кæрдæнæй, иу тигъ дзы аскъуыдцзаг кодта, стæй сæ йæ роны арф бафснайдта. Уазæгæн йæ хæрд йæхи куы фæуа, уæд дуармæ кæсы. Чызг фынг афснайдта, бæхыл саргъ авæрдта. Уазæг сбадт бæхыл æмæ йæ рахиз къухæй фæндаджырдæм ацамыдта. Чызг систа йæ къух æмæ йæ рахаста йæ дадалитыл. Лæппулæг ехс барцыл адаудта, стæй йæ дæс æнгуылдзы равдыста чызгмæ. Афардæг уазæг, чызг хæдзармæ бацыд. Фыд æм æлхынцъæр- фыгæй дзуры: — Амалтæй ма баурæдтон мæхи нæ уазæгмæ, фæлæ йын ды куыд ныббарстай, уый мæм дис кæсы. Мæ цæстызул дардтон уазæгдонмæ. Дæ нуазæн дын иу хатт зæххыл атылдта, аннæ хатт æй фæнычы баппæрста, æртыккаг хатт дын хæрз пырх нылласта дæ нуазæн. Нуазæны састыл афтæ хъыг нæ кæнын,— бирæ зиан нæу, фæлæ æфхæрд у мæнæн дæр æмæ дæуæн дæр... Цыбырхъуыр куы уыдаин, уæд уыцы къулбадæгæн, лæг циу, лæджы хæдзар, уый йын бацамыдтаин! Фæлæ йæ амонд хуыздæр фод. Уазæджы хатыр ын. — Дадайыстæн, æфхæрынмæ нæ куы хъавыдаид йæ митæй, уæд æй æз дæр æнæ бамбаргæ нæ фæцадаин, æмæ йын уæд дæ чызг дæр, цы ’мбæлдаид, уый бакæнын бафæрæзтаид. Фæлæ мын бахатыр кæн, дада, нал дын æй басусæг кæндзынæн, дæ уазæгæй мæн астæу цы ’рцыди, уый. — Æмæ дзы уанæбæрæджы уæд цытæ ’рцыдаид, мæ цæстызул уæм куы дардтон æз дæр? — Дада цæра, дæ уазæг афтæ æдылы адæймаг нæ разынд: уый дзырдта фæсномыгæй, æмæ дæ чызг дæр чысыл гæзæмæтæ æнæ ’мбаргæ нæу фæсномыг ныхас. Бар мын кæд уыдзæн, уæд ра- 270
дзурдзынæн, цы зæгьынмæ хъавыди дæ уазæг æмæ йын цы дзуапп лæвæрдта дæ чызг. — Цæй-ма, цæй, уæдæ, хъусын дæм. — Дæ уазæгмæ куы рацыдтæн, куы йæм бакастæн, уæд мæ уазæг уайтагъд бамбæрста, мæ зæрдæмæ кæй бацыд. Фыццаг нуа- зæн куы атылдта, уæд уый уыди мæ зæрдæйы курдиатæн ахæм дзуапп: «Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы, ома мæгуыр дæн, ницы мæм ис, дзæгъæлдзу дæн». Æз ын нуазæны асæрфтытæй бамба- рын кодтон фæстæмæ: «Ницы кæны, ссардзыстæм». Фæныкмæ нуазæн куы батылдта, уæд уымæй та загъта: «Æз чъизи адæймаг дæн, æнæгъдау, æнæфсарм». Æз нуазæн сæрттивын кодтон. Уымæй та йын æз загътон, хорз фæндагыл æй кæй сараздзынæн. Нуазæн дæлтъурыл куы ныппырх ласта, уæд мын уымæй дзырд- та: «Нуазæнæн куыд нал ис саразæн, афтæ нал ис мæнæн дæр саразæн». Стыр хæзнайау æз æрæмбырд кодтон нуазæны згьæ- лæнтæ æмæ сæ бафснайдтон арф мæ роны. Уымæй та йын æз загьтон: «Цыдæриддæр нæ уай, æз дæ бавæринаг дæн, зынаргъ хæзнайау». Уазæг бæхыл сбадт æмæ мын йæ къухы æвзыстæй амоны: йæ хæдзармæ уыцы сахат цæмæй ацæуон. Æз ын мæ да- далитæм æвнæлдæй загътон: мæ сæрæн худинаг кæй у æнæ ирæд — ирæд та, мæ дадалитыл цал æрдуйы ис, — уал истæмæй, ирæд цæмæйты фæфидынц. Уæд уый ехс расæрфта бæхы барцыл: ома дадалитæ нæ, фæлæ, бæхы барцы цал æрдуйы ис, уал. Равдыста мæм ноджы йæ дæс æнгуылдзы: ома дæс бонмæ не ’мгъуыд. Дæс афæдзы фæзындысты æмгъуыды дæс боны æлдары чызгмæ. Дæсæм бон аивæй айста йæхи фæндагмæ, къухы аууонсвй кæсы, кæд, мыййаг, цæуæг фæзынид. Кæсы, æмæ бæстæ рæгъæ- уттæй — бæх, гал, хъуг, фысвос рæгъæуттæй, дзугтæй байдзаг æмæ æлдары хæдзармæ сæ ных сарæзтой. Ныррухс кодта чызг йæ цæсгом, æрбацыд йæ хæдзармæ, дзу- ры йæ фыдмæ: — Дада, акæс дуармæ: де сиахс дын дæ ирæд — мæ сæры аргь æрбатæры, бьщыртæ алыхуызон фосæй змæлæг сысты. Æртæ ’фсымæры куыд ссардтой сæ давд бæхтæ Æртæ ’фсымæры уыди. Уыдысты сæхи уды фæллойæ цæрæг, искæй хæрамы нæ цыдысты. Уалдзæджы куыстытæ уыдысты сæ тæккæ тынгыл, афтæ сын се ’ртæ бæхы иу æхсæв адавдæуыд. Æфсымæртæ сагъæсыл систы: цы бакæной, куыд бакæной?! Сæ иу загъта: — Бацагурын хъæуы бæхтæ. Иннæ загъта: — Бацарæфтыд уыдзыстæм, - уалдзæджы куыстытæ афойна- 271
дыл куынæ бакæнæм, бæхты фæдыл куы ацæуæм, куы бафæс- тиат уæм уыдон агургæйæ. Æртыккаг загъта: — Уæдæ æххæст куыстытæ куы фæуой, уæд абалц кæндзыс- тæм нæ бæхты фæдыл. Куыстытæ уалдзæгæй фæззæгмæ нал ихсыдысты: иу куыст-иу фæци, афтæ та-иу æй иннæ куыст æрбаййæфта. Æрæгвæззæгмæ ахызт афтæмæй сæ хъуыддаг. Райсомæй халас æвæрын байдыдта. Æртæ ’фсымæры сæ бæхтыл сæргьтæ сæвæрдтой, æрцагуырд- той, рагуалдзæджы ’ртæхыл цы бæхтæ адавди, уыдонæн ныр æрæгвæззæджы халасыл сæ фæд. Фæд хæссынц, афтæмæй иу æлдары хъæумæ бафтыдысты. Æртæ ’фсымæры куыд раиртæс- той, афтæмæй бæхты фæд æлдары галуантæм бацыд. Æлдары уазæгдоны раз бæхбæттæны сæ бæхтæ бафтыдтой æмæ уазæгдонмæ бацыдысты. Æлдарæн фехъусын кодтой уазджыты хабар. Æлдар суазæг кодта æртæ ’фсымæры: кусарт, цæхх-кæрдзынæй сæ хорз федта, схуыссын сæ кодта, стæй, хуыздæр бон Хуыцау скæнæд, зæгъгæ, уазджытæн загъта хæрзæхсæв. Хæдзармæ куы бацыд, уæд басидт йæ кæстæриуæггæнджытæй иумæ æмæ йын дзуры: — Уазæгдоны дуармæ аивæй бацу æмæ сæм байхъус, кæддæра цы дзуриккой. Стæй мæм уайтагъд æрбацу æмæ мын сæ бæл- вырд дзырд ракæн. Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн. Хъусы æлдары лæг уазæгдоны дуарæй æртæ ’фсымæрмæ. Хъу- сы дзурын. Æмæ загъта хистæр: — Диссаг мæм фæкаст ацы бон иу хъуыддаг: се ’лдар сау лæджы хуызæн у. Загьта астæуккаг: — Æз та афтæ бафиппайдтон, æмæ дзул мæрдон тæф кæны. Æртыккаг загъта: — Уæдæ æз уый раиртæстон, æмæ сæ фыд куыдзы фыды ад кæны. Сæ ныхас ууыл банцади æфсымæртæн æмæ бафынæй сты. Лæг бацыд æлдармæ æмæ йын радзырдта уазджыты ныхас кæрæй-кæронмæ, куыд уыди, афтæ. Æлдар батæвд и уазджыты ныхæстыл, нал баурæдта йæхи æмæ йæ мадмæ басидт: — Мæ мад, сау лæджы хуызæн мæ хонынц нæ уазджытæ, уæд уый цавæр ныхас у: фаугæ мæ кæнынц æви, раст циу, уый зæгъынц? — Нанайы дæ сæрыл нывондæн æрхæссæнт. Уый уыди афтæ: дæ фыдæн ма уыди номылус. Мæнæн чызджытæ цыди алы хатт дæр, номылусæн та — лæппутæ. Æмæ ды номыл усæн куы рай- гуырдтæ, уæд мæнæн та уыди ноггуырд чызг. Баздæхтысты æмæ дæу мæ дæлфæдтæм авæрдтой, мæ чызджы та дæ мады дæлфæд- тæм. Хъуыддаг уыди афтæ. 272
— Дзулы тыххæй та цы зæгьдзынæ, мæрдон тæф, дам, куы кодта? — Æмæ дын бирæ цæрæнбонтæ Хуыцау раттæд уый æрцыдмæ. Æндæр хъæуы сæмбæлдтæн мæрдцзыгоимæ. Фæстæмæ куы раз- дæхтыстæм, уæд фæсвæндаг уæны стæгыл ауыдтон мæнæуы æфсиртæ кæрдинагæй. Зын мæм фæкаст сæ ныууадзын, ратыд- тон сæ, азгъæлдтон сæ, мæ роны кæрон сæ абастон æмæ нæ хæдзармæ куы ’рбацыдтæн, уæд сæ тауинагыл бакалдтон. — Хорз, ~ загъта æлдар æмæ æрбасидын кодта фыййаумæ: - Зæгъ-ма мын, уазджытæн цы кусарт акодтам, уый цавæр уыди? Радзур мын йæ хабар. — Иу фыс ныззади уæрыкк æмæ уыцы сахат йæ уд систа. Уæрыкк сидзæрæй баззад. Уыцы рæстæджы нæм уæтæры уыди ногзад гадза дæр. Сидзæр уæрыкк бафтыди гадзайы фæдæгыл æмæ уый æхсырæй схъомыл. — Фыдæбоны уазджыты ахæсты фæдæн, — загъта æлдар. Райсом раджы æртæ ’фсымæрæн сæ давд бæхтæ раласын код- та, сæргътæ сыл сæвæрын кодта йæхи хæдзарæй æмæ афæнда- раст кодта уазджыты. Æлдары чындз Царди ’мæ уыди иу æлдар. Туг дзы дардтой, туг, фæлæ йæ туг райсын йæ бон нæ уыди. Тыхджын уыдысты йе знæгтæ, æмæ сын хинæй куы ницы сарæзтаид, уæд æргом тыхæй ницы баф- тыдаид йæ къухы. Хъуыды кæнын байдыдта æлдар, цы амалæй райса йæ туг, цы фæрæз ын скæна. Бирæ фæхъуыды кодта, бирæ, æмæ æрæ- джиау сæвзæрыди фæнд йæ сæры. Фæнд та уыди ахæм фæнд, æмæ йæ сæххæст кæнынæн хъуыди ахæм адæймаг, æлдары фæс- номыгæй чи æмбæрстаид. Æлдарæн уыди ус æмæ иунæг фырт, фæлæ уыдон, фæсномыг ныхас чи æмбæрста, ахæм нæ уыдысты. — Бавзарон мæ амонд,— загъта æлдар, — мæ фыртæн ус раку- рон, чи зоны, æмæ мæ чындз разындзæн, мæ хъуыддагæн мæ чи хъæуы, ахæм адæймаг. Ус æрхаста йæ фыртæн. Иу рæстæджы ацардысты. Æмæ æлдар зæгьы йæхинымæр: «Бавзарон мæ чындзы». Æрбасидт йæ фыртмæ æмæ йын дзуры: — Дæхи бацæттæ кæн балцы: æмбисæхсæв раст кæнæм, бæхтæ рæвдз куыд уой, афтæ, Лæппу сыстад æмбисæхсæв, аифтонг кодта бæхтæ, æмæ араст сты балцы фыд æмæ фырт. Хъæуæй иу дзæвгар ацыдысты, афтæ фыд дзуры йæ фыртмæ. 18 Ирон таурæгътæ 273
— Лæппу, нæ фæндаг нын ацыбыр кæн. — Фæндаг бæндæн нæу, куыд æй ацыбыр кæнон? — загьта фырт. Фыд баздæхт æмæ фыртæн адæмæн æмбисонды над скодта, уыйадыл фæстæмæ сæ хæдзармæ æрбаздæхтысты. Æризæр. Адæм схуыссыдысты, æлдары бинонтæ дæр афтæ. Уæд æлдар фырт æмæ чындзы уатмæ йæхи аивæй баласта æмæ сæм хъусы. Уаты цæуы дзурын: — Къуыри балцы куы цыдыстут? — загъта чындз фæрсæгау. — Цæй балц æмæ цæй æндæр, уый йæ зæрды мæн нæмын уыди, æмæ мæм хорз базылди фæндагыл йæ ехсæй, — загъта æлдары фырт. — Ахæм лæджы хæрæгæн ма ныддардæуа, - загьта чындз, - исчи ма дæ кары адæймаджы, ноджы йæ иунæг фырты афтæ æфхæры? Райсомсой æлдар дзуры йæ усмæ: — Нæ чындз ахсæв мæ хæдзары куыд нæуал схуысса, афтæ бакæн, уымæй махæн чындз нæй. — Цы дын кодта, æгæр дзæбæх адæймаг у? — Ахсæв мæ хæдзары цæмæй нал схуысса, уый бакæн, — загъ- та та æлдар. Арвыста æфсин йæ чындзы, æмæ та сæ фыртæн æрхастой æндæр чызг. Бонтæ та сыл аивгъуыдта. Æфсин æмæ чындз кæ- рæдзийы æруарзтой. Уæд та æлдар æрбасидти йæ фыртмæ æмæ йын дзуры: — Æмбисæхсæв бæхтæ цæттæ куыд уой, афтæ, раст кæнæм къуыри балцы. Араст та кодтой фыд æмæ фырт балцы. Цæйбæрц ацыдысты, чи зоны, фæлæ та фыд дзуры йæ фыртмæ: — Лæппу, æнæ донæй аг куы рафыцын кæнис... — Ау, æмæ дын æнæ донæй аг куыд рафыцын кæнон? — загъ- та фырт. Æлдар та фæнадта йæ фырты, æмæ раздæхтысты сæ хæдзармæ. Æхсæвы, адæм куы схуыссыдысты, уæд æлдар хъусы, фырт æмæ чындз цы дзурдзысты, уымæ. — Цæй тагьд фездæхтыстут? — загъта чындз, - къуыри бал- цы цæуынмæ куы хъавыдыстут? Лæппу радзырдта йæ усæн сæ балцы хабар, куыд æй снадта, цæй тыххæй йæ снадта, стæй ма загьта: — Нæмынмæ мæ асайдта, æндæр æй балцы мæт уыди, цы! — Хæрæг ыл ма слиуыра ахæм зæрондыл? Исчи ма афтæ æфхæ- ры йæ иунæг бындары? — загъта ус. Æрбабон та ис, афтæ та æлдар дзуры йе ’фсинмæ: — Нæ чындзы арвит йæ фыды уæлартмæ, ахсæв нæ хæдзары куыд нал уа, афтæ. — Цы дыл æрцыди, дæ хорзæхæй, стæй дæ цы хъæуы чын- 274
дзимæ? Чындзыл цытæ æмбæлы, уыдон æгæр хорз дæр ма кæны. Ноджы иу арвыстам, ныр та дыккаг! - дзуры æфсин. — Уый зон, æмæ ма нæ чындз ахсæв нæ хæдзары куы схуысса, уæд дæуæн дæр ам бынат нал ис. Арвыстой та чындзы йæ фыды уæлартмæ. Æлдар катайыл сси, хъуыды кæнын та байдыдта æмæ сфæнд кодта. Æрбасидт йæ фыртмæ æмæ йын дзуры: — Баздæх æмæ нæ фыр дæ фыццаг атæр; хъæутыл æй æрзи- лын кæн, бахъар æй, кæд æй исчи балхæнид. Ауæй йæ кæн фондз сомыл, йæ сæр, йæ дыууæ фарсы нæхи куыд уой, афтæмæй. Фæндаггаг дæ нæ хъæуы: дæхи-иу бацамон, æмæ дæ фысымтæ цæттæ уыдзысты, кæдæм бацæуай, уыцы ран. Бирæ рахæт-бахæт фæкодта æлдары фырт фыр хъаргæйæ, фæлæ йæ æлхæнæг нæ уыди. Æлдары зонгæтæй та бирæтæ сагъæсы ба- цыдысты. «Никуыма æрцыди ахæм уæй. Чи балхæндзæн фыр уыцы аргъæй, ноджы сæр æмæ дыууæ фарсы — уæйгæнæджы. Цыдæ- риддæр у, уæддæр рæдыд хъуыддаг у хъуыдцаг. Фæлæ лæппу йæ- хæдæг рæдийы æви йæ фыды зондæй, уый бæрæг дæр нæй». Афæдзмæ ’ввахс фæхатт æлдары фырт, фæлæ фыры æлхæнæг нæй. Фæстагмæ раздæхт сæ хæдзармæ. Йæ фæндаг цыди, сæ хъæу- мæ хæстæг чи уъщи, ахæм хъæуыл. — Æххæст ма йæ ам дæр бахъарон, — загъта лæппу. Фæцæуы уынгты, амбæлди мад æмæ иу чызгыл. — Уæ бон хорз. ~ Дæ уд фидар уæд, - загъта мад. — Мæ фыр мын балхæнут, фондз сомы йæ аргъ; сæр æмæ йæ фæрстæ - мæхи. — Нæ, нæ балхæндзынæн уыцы аргъæй, зынаргь у, - загъта мад æмæ араст йæ фæндагыл. Уæд æм дзуры йæ чызг: — Райс æй, зынаргъ нæ, фæлæ нын лæвар кусæрттаг Хуыцау æрхаста. — Налат, дæ фæндиаг лæппуйы зæрдæ куы балхæниккам, цæмæй дæм ракæса дзæбæх цæстæй, — загъта чызгæн мад. — Нана, зæгъын дын, кусæрттаг лæвар у: фидгæ дæр ницы бакæндзыстæм, минас дæр фæкæндзыстæм кæйдæр фосæй. Фæсасти мад æмæ лæппуйы сæ хæдзармæ бакодтой. Чызг дзуры лæппумæ: — Махмæ, кусарт чи акæна, ахæм нæй, фæлæ зивæг ма бакæн æмæ нын æй аргæвд, æз дæм фæкæсдзынæн. Райсом дын, Хуы- цауы фæндонæй, дæ кусарты аргъ дæ къухты бакæндзыстæм æмæ дæ афæндараст кæндзыстæм уæ хæдзармæ. Хорз федтой сæхи уыцы ран. Райсом чызг кусартæн йæ дон- дзон (мизг) æмæ хæлцон (æйчытæ) бæлвырд батыхта хæцъилы мидæг æмæ дзуры уазæгмæ: 275
— Мæнæ дын уый дæ кусарты аргъ, хъусыс, фæхæсс сæ æмæ сæ ратт дæ фыдæн. Лæппу æрцыди йæ хæдзармæ. Фысы аргъ радта йæ мадмæ. Мад сæ райхæлдта æмæ бардиаг кодта, хæцъилы тыхт куы фед- та, уæд. Кæм сæ уæнды фыдæн схъæр кæнын!.. Иу бон рацыд æви фылдæр, афтæ фыд фæрсы йе ’фсины: — Нæ лæппу куы ’рцыд, фыр куынæуал æрласта, уæд йæ аргъ кæм и? — Чидæр нын æй цæхджын сайд фæкодта: фыры аргъы ’фсон ын чидæр йæ къухы скодта ахæм цыдæртæ, æмæ дæм сæ æфсæр- мы кæнын равдисын, - загьта мад. — Рахæсс æмæ сæм æркæсæм, — дзуры фыд. Гæнæн нал уыди, æмæ сæ рахаста æмæ сæ æлдармæ радта, йæхæдæг сагъæсыл сси: «Мардзæн мын мæ иунæг хъæбулы, куы сæ фена, уæд». Фыд райхæлдта хæцъилы баст, æркаст фыры дондзон æмæ хæлцонмæ, æмæ кæрон нал уыди йæ цинæн. — Фæхæст дæн, — загъта æлдар, — цыхуызæн адæймаг агуырд- тон, уый хуызæныл, кæд мын æй Хуыцауы цæст бауарза, уæд. Басидт йæ фыртмæ æмæ йын дзуры: — Сомбон, дæ фыр кæм ауæй кодтай, уыцы хъæумæ нæ хъæуы фæцæуын, — дæ бæхтæ цæттæ куыд уой, афтæ. Æлдар æмæ фырт уыцы ифтонгæй бараст кодтой сæ сыхаг хъæумæ, æрхызтысты къулбадæг усы хæдзары фысыммæ. Суазæг сæ кодга кьулбадæг ус, йæ бон цæмæйты уыди, уыдонæй. Стæй йын æлдар дзуры: — Нæ цыды сæр цæмæн уыди дæумæ, уый дын хъусын кæ- нын, æмæ нæм æрбайхъус. Фæнды мæ демæ хæстæг бакæнын, æмæ нæ аккаг скæн ды дæр дæхицæн хæстæгæн: дæ чызджы дын курын мæ фыртæн усæн. Ской кæнын дæр æй нæ уадзы къулбадæг ус. — Æлдар, уыцы хъуыддаг не суыдзæн, суинаг дæр нæу. Ды — æлдар, æз — къулбадæг ус. Ды хъуамæ бацагурай де ’мхуызон æлдары хæстæгæн æмæ уыимæ бакæн хъуыддаг, æз дæр иу мæхи ’мхуызоны ссардзынæн, кæд Хуыцауы фæнда, уæд. Уазæг дæ скодтон, мæ бон цæмæй уыди, уымæй, фæлæ мæ уыйбæрц æгады бынаты сæвæрдзынæ мæн, сидзæргæс усы, уый æнхъæл нæ уыд- тæн. — Дæ чызг мæ хæдзары æфхæрд нæ уыдзæни, æлдары фыр- тæн цы бинойнаг æрхæссай, уымæн цы кад, цы рад æмбæлы, уыцы кад, уыцы рад уыдзæн мæ хæдзары дæ чызгæн. Къулбадæг ус ма бирæ фæдзырдта, фæлæ фæстагмæ сразы. Чындз та æрхаста æлдар. Бирæ та рацыд чындзыл, чысыл, афтæ та дзуры æлдар йæ фыртмæ: 276
— Къуыри балцы цæуæм, æмбисæхсæв нæ бæхтæ цæттæ куыд уой, афтæ. Æлдары фырты зæрдæ бауазал къуыри балцы койæ, раст йæхи марыны онг сси, фæлæ уæздантуг кæй уыди, уый тыххæй ницы бафæрæзта йæ фыдмæ. «Мæ фыд у — маргæ мæ кæна, нæмгæ мæ кæна - йæхи хъуыддаг у, йæ бар мыл цæуы», - загъта лæппу йæхинымæр. Æмбисæхсæв ногхаст чындз фестад, бæхтæ арæвдз кодта, йæ сæрыхицауы райхъал кодта æмæ йæм дзуры: — Уæлæмæ, бæхтæ рæвдз сты: дæ фыды райхъал кæн: æмæ уæ балцы кой бакæнут. Æлдар æмæ та фырт абалц кодтой, иу дзæвгар та куы ацыды- сты хъæуæй, уæд та фыд дзуры фыртмæ: — Лæппу, нæ бæхтæ нын анард кæн. — Æмæ сæ цармы дзаг куы сты, уæд ма дын сæ чердæм анард кæнон? Æцæг æмбисонды над ын скодта фыд йæ фыртæн æртыккаг хатт. Раздæхтысты сæ хæдзармæ. Изæры та æлдар хъусы йæ фырты уатмæ. Уырдыгæй цæуы дзурын: ~ Цæй тагъд фездæхтыстут, стæй цæй æнкъард дæ? — фæрсы ус йæ лæджы. — Æнкъард нæ, фæлæ мæнæй æндæр афонмæ йæхицæн исты фыдбылыз сарæзтаид, мæ фыд æмæ мæ мадæн фегадæй куынæ тæрсин, уæд. Ныр æртыккаг хатт балцы цæуæм, æфсонæн мæ асайы, хъæуæй куы аиртæсæм, уæд мæ уыцы ран снæмы, æмæ та фæстæмæ æрбаздæхæм нæ хæдзармæ. Уый дын йæ балц, уый дын йæхæдæг. — Багъæц, æмæ дæ уæд цы сæрæн снæмы? — бафарста лæп- пуйы чынцз. — Цы сæрæн куы зæгъай, уæд фæстаг хатт куы фæцæйцыды- стæм, уæд мæм дзуры: «Лæппу, нæ бæхтæ нын анард кæн». Æз ын загътон: «Нæ бæхтæ фырнæрдæй тъæпп куы хауынц, уæд ма дын сæ чердæм нард кæнон? — радзырдта æлдары фырт. — Æмæ дæ уæд фыццаг дыууæ хатты та цæмæн бафхæрдта дæ фыд? - ноджыдæр фæрсы йæ мойы ус. — Фыццаг хатт мæм æваст дзуры: «Нæ фæндаг нын ацыбыр кæн». Фæндаг бæндæн нæу, тухæн ын нæй. Дыккаг хатт та мæм афтæ: «Æнæ донæй аг рафыц». Мæнмæ гæсгæ, йæ сæры магъз кæмæн фенкъуысыди йæ бынатæй, уый кæндзæн ахæм ныхæстæ. Чындз байхъуыста лæппумæ, ахъуыды кодта æмæ загъта: — Фыдмæ, мæ хицаумæ, аххосагæй мисхал дæр нæй. Диссаг у, маргæ дæ куыд нæ акодта, уыйбæрц йæхиуыл хæцын куыд бафæрæзта. Нæ бамбæрстай ды дæ фыды ныхæстæ, афтæмæй 277
зын бамбаринаг нæ уыдысты. Фæндаг ацыбыр кæн дын куы загь- та, уæд ын исты таурæгь æрхастаис, иу зарæг ын акодтаис, æмæ уæ фæндаг фæцыбыр уыдаид, дæ фыд дæ разыйæ баззадаид. Æнæ до- нæй аг рафыцын кæн дын куы загъта, уæд ын йæ лулæ йæ ронæй фелвæстаис, асьпъдæджытæ йын æй кодтаис, тамако йын дзы акæн, зынг дзы авæр (арт ыл андзар), æмæ аг æнæ донæй рафыхтаид. Фæстаг хатт дын куы загъта, «нæ бæхтæ нын анард кæн», уæд дæ бæхæй рагæпп кæн, æрхизын кæн дæ фыды, бæхты сæргътæ фелвас, сахсæнтæ сыл авæр, æмæ сæ хизынмæ аскъæр. Дæхæдæг нымæт кæрдæгыл æрытау, дæ фыдæн саргъ йæ нывæрзæн акæн. Бæхтæ дæр, уæхуыдтæг дæр уæ фæллад суагътаиккат æмæ дард- дæр æвæлмæстæй дардтаиккат уæ фæндаг. Райсом бонæй æлдар дзуры йæ бинонтæм: — Дард балцы цæуын æмæ мæ барæвдзытæ кæнут. Барæвдзытæ кодтой æлдары. Кæдæм цæуы, цæмæн цæуы, уымæй ницы схъæр кодта бинонтæн. Иу къорд рæстæджы аивгъуыдта, фæлæ æлдар зынæг нæй. Уый баздæхт æмæ ацыди, цæмæй сбæрæг кæна, йæ туджджын- тæй йæ туг куыд амалæй райстаид, уый. Фæлæ æлдары тудж- джынтæ базыдтой, æрцахстой йæ, рафистæджытæ йæ кодтой æмæ йæ хъоргъы ауагътой. Сфæнд ыл кодтой, искуыдæм æй куыд ныууæй кæной, афтæ. Æлдар бады хъоргъы æмæ сагьæсы бацыди, — иуæй йæ туг нæ райста, ныр та йын йæ фыдызнæпæ ныууæй кæндзысты йæхи дæр. Цыдæридцæр уыди, уæддæр иу ахæмы æлдар æрбасидын кодта йæ туджджынты хистæртæм æмæ сын дзуры: — Ныфс мæ ис, æмæ уæхицæн аккаг не скæндзыстут уе ’мсæр адæймаджы фегад кæнын æнæхъуаджы. Бон бадгæ нал кæнын, æхсæв мæ хуыссæг нал ахсы фырмæтæй: мæ сæрæн мын, цы ’мбæлы, ахæм аргъ куынæ скæнат. Курын уæ, æмæ мæ сæрæн аргъгæнæг мæхæдæг куыд уон, уыцы бар мын раттут, уыцы ха- тыр мын бакæнут, уыцы ’гъдау уе знагæн скæнут. — Дæ дзых дæ тæрхон фæуæд, — загъта йын туджджынты зæронд лæг. — Уæдæ уын ай мæ сæры аргъ æстдæс ’стдæсы иусион галтæ, æстдæс ’стдæсы - дыууæсион галтæ. Ноджы - нæ хæдзары æртæ сыгьзæрин цæджындзы. Баздæхæнт æмæ иу къулгард райсæнт къу- лæй, фæсдуар æй сау дурыл ассæнт. Хæдзары астæу æртæ цæ- джындзæй дыууæ уыцы ран ралыг кæнæнт, аннæ æнæхъæнæй раф- тауæнт æмæ йæ уыцы хуызæнæй ардæм раласæнт. Курын уæ, уæ мыггаджы хуыздæртæй æртæ сминæвар кæнут мæ хæдзармæ, цæ- мæй фехъусын кæной уыдон мæ бинонтæи сæ лæджы хъуыдцаг. Туджджынтæ разыйæ баззадысты æлдарæй. Сæ хуыздæртæй æртæйы сминæвар кодтой æлдары хæдзармæ. Æрæмбырд сты æлдары хæстæджытæ æлдары хæдзармæ. 278
Æрбадтысты тæрхоны. Бадынц, бадынц, хъуыды кæнынц.. Уыцы рахъуыды-бахъуыды фæкодтой, фæлæ минæвæртты ныхас, æлда- ры ныстуан æлдары сæры аргъæн бамбарынæн ницы фæразынц. Кæй нæ бафарстой, ахæм нал баззади, фæлæ иу дæр нæ бамбæр- ста æлдары ныстуан. Фæстагмæ мыггаджы хистæртæ сминæвар кодтой æлдары ног- хаст чындзмæ: - Зонд хистæрæй кæстæры сæрыл нæу, сылгоймаг æмæ нæл- гоймагæй дæр нæу. Нæ хæстæг, не ’ввахсæй иу нал баззади, кæй нæ бафарстам, ахæм, фæлæ иу дæр дзуапп нæ радта æлдары ны- стуанæн, ды дæр ма йæ куынæ бамбарай, уæд, цы бакæнæм, уымæн ницыуал хос зонæм нæ сæрæн. - Æз бирæ дæр нæма рацардтæн, уынгæ дæр чысыл фæкод- тон, зонгæ дæр бирæ нæма кæнын. Хистæртæ, хæтæнты чи фæ- хатти, цæуæнты чи ацьгди, уыдон кæй нæ бамбæрстой, уый æз кæм бамбардзынæн? Фæлæ уæддæр, хистæрты цы фæнда, уый сæххæст кæнын стыр хæс у мæнæн. Чындз ахъуыды кодта иу дзæвгар, стæй байдыдта дзурын: - Иусион галтæ сты æстдæс ’стдæсы арцджын хæцæг адæм, ды- ууæсион галтæ — æстдæс ’стдæсы, кард æмæ уартæй чи хæцы, ахæмтæ, æстдæс ’стдæсы — фатæй чи схæцдзæн, ахæмтæ. Æртæ цæджындзы сты æртæ уазæджы - минæвары. Къулгард у — уæхæдæг, уæ фæнд, уæ зонд. Фæсдуар сау дур, уый та æз дæн. Æлдар фæрсын кæны мæн, цæмæй уын æз радзурон, йæ ныстуан цы амоны, уый. Æлдары хъæуы æфсæддон адæм: æстдæс ’стдæсы æрцджьштæ, æстдæс ’стдæ- сы кард æмæ уартджынтæ, æстдæс ’стдæсы фатджьштæ. Ноджы зæгьы, æртæ уазæгæй дыууæйы уæ тугмæ уал куыд амарат, аннæйы æфсæд- дон адæм куыд акæной семæ фæндаг амонæг, уæд æлдарæн йæ хъуыддаг сæххæст кæньга бафтдзæн йæ къухы. Чындз куыд загьта, афтæ бакодтой мыггаджы хистæртæ. Хæ- цæг адæм æлдарыл сæмбæлдысты, æмæ уый, куыд æмбæлди, афтæмæй йæ туг райста йе знæгтæй. Уырдыгæп фæстæмæ зонынджын чындзæн æлдары хæдзары мыггаджы ’хсæн, дзыллæйы астæу уыди уæлдай кад, уæлдай æгъдау йæ зонд æмæ йæ хъаруйы руаджы. Хъуыдæберд Æдæсы фырт Хъуыдæберд, Тикисы-фырт æмæ Мулдары-фырт ацыдысты цуаны. Мулдары-фырт уыди дзаумайæ арæзт. Тикисы-фырт баз- дæхт æмæ йæ амардта йæ дарæсы тыххæй, йæхæдæг фæлыгъди. Уый фæстæ хъуыддаг афтæ рауади, æмæ лæджы мард фæци Хъуыдæберды æфсон, æмæ Мулдарты мыггаг зылдысты Хъуыдæ- берды амарыныл. Уый фæдыл Хъуыдæберд сфæнд кодта абырæг 279
алидзын. Æмæ фæцыди Дыгур-Хъабанмæ. Дыгур-Хъабан царди Дыгургомы. Хъуыдæберд Дыгур-Хъабаны сæййæфта йæ хурбадæ- ны, уым баста фысы къах, раздæр лæдзæгæй кæй ракъуырдта, ахæмы. Дыгур-Хъабан кæсгæттæн стгæ дæр не скодта. Уазджыты барвыста уазæгдонмæ. Кæсæг дис кодтой, фæлæ ницы сдзырдтой. Дыгур-Хъабан фысы къах баст куы фæци, уæд уазджыты къухтæ райста. Бахордтой, стæй сæ бафарста: — Чи стут, цы уæ хъæуы? Хъуыдæберд рахабар кодта, фæстагмæ йын загъта: — Дæ бæх мын фондз азы дæргьы ратт. Æмæ йын Дыгур-Хъабан радта йæ бæх. Ацыдысты кæсæг. Уый фæстæ Дыгур-Хъабаны йæ ус фæрсы: — Чи уыди æмæ кæцæй уыди уыцы лæг? — Нæ зонын, нæ йæ бафарстон. — Уæдæ дæ бæх фесæфт. — Ма тæрс, ахæм лæджы каст нæ кодта. Хъуыдæберд ныццыд Æфсизмæ уазæджы хуызы æмæ дзы фæ- царди æд бæх цыппар азы. Уым уыди иннæтæй сахъдæр, лæгдæр. Уæд æм хъæуы фæсивæд смæсты сты æмæ йæ сурынвæнд скод- той, фæлæ йæ куыдæй асырдтаиккой, уымæн ницы зыдтой; нæ йæм уæндыдысты. Уæд фæсивæд иу зæронд лæджы бафарстой: — Хъуыдæберды цы амалæй фæсурæм? Зæронд лæг загъта: — Хъазты æмæ йæм куывды дзурут абонæй фæстæмæ: «Æгас цу, уазæг», — зæгьгæ. Æмæ фæсивæд æцæгдæр афтæ бакодтой, куывды æмæ йæм хъазты дзырдтой: «Æгас цу, нæ уазæг». Уæд Хъуыдæберд феф- сæрмы æмæ загъта: — Æз мæхи хъæуккагыл куы нымадтон, уæд та уазæг сдæн ногæй? Фæлтау цæугæ кæнын. Куы цыди, уæд ма хъазты астæу бæхыл схъазыд, æмæ бæхы къæхты хъæрæй хæдзары къултæ згъæлдысты. Уæд æм рахастой бæхджыны нуазæн. Хъуыдæберд акуывта, аназын дзы кодта, стæй та йæхимæ æрхаудта. Сауджынæн йæ аргъауæггаг дæр йæхи вæййы, зæгьгæ, Хъуыдæберд нуазæн анызта æмæ загъта: — Ацы къусæн йæ мидæг цы уыд, уый чи банызта, йæхæдæг дæр хъуамæ уый уа, — æмæ æвзист къус йæ сæрыл æркодта. Схъа- зыди та бæхыл, быруйы сæрты агæпп ласта æмæ афардæг. Хъуы- ды кодта фæндагыл Хъуыдæберд: «Ахсæв бацæудзынæн Мулдар- тæм æмæ сын сæ туджджын Тикисы-фырты схъæр кæндзынæн, æгъгъæд у ныр; ныр та уал бауайон Тикисы-фыртæн йæхи хæ- дзармæ». Æмæ Хъуыдæберд бацыди Тикисы-фырты хæдзармæ, фæлæ йæ уый сæхимæ нæ уагъта: — Фæгуырысхо мыл уыдзысты Мулдартæ, ды ам уыдтæ, уый куы базоной, уæд. Фæлтау ацу, уыдон дæ фæдыл зилынц!.. 280
— Ау, æмæ Мулдары-фырты ды куы амардтай, уæд сæ тудж- джын та æз куыдæй дæн? Тикисы-фырт Хъуыдæберды рарвыста йæ хæдзарæй. Хъуыдæберд æхсæвы бацыд Мулдартæм, йæ бæх бæхбæттæ- ныл бабаста, йæ гæрзтæ систа æмæ кæрты бандоныл схуыссыд. Райсомæй зæронд ус зæронд лæгæн дзуры диссагау: — Нæ лæг, уазджытæ нæм чысыл нæ вæййы, фæлæ дзы ахæм нæма федтон. Дæлæ нæ кæрты иу уазæг бафынæй, йæ бæх бæх- бæттæныл баст, бæхбæттæнæй схъис стоны, зæхх æрхойы. Зæронд лæг уазæгмæ рацыд. Ус ма йæ фæстæ радзырдта: — Нæ лæг, хæлæф-иу ма бакæн, чи фæнды уæд, фæлæ-иу раздæр мæн афæрс. Зæронд лæг бацыди æмæ уазæджы къухыл фыст бакаст: «Æдæсы фырт Хъуыдæберд». Зæронд лæг фесхъиудта, хъама фел- вæста: «Ай мын саг фæрæтмæ куы ’рцыди»,— зæгъгæ. Фæлæ бæхмæ куы фæкаст, уæд фæлæууыд. «Ай Дыгур-Хъабаны бæх куы у... Кæд æй давгæ ракодта, мыййаг?» Зæронд лæг йæ усы фæрсынмæ бацыд. Зæронд ус загъта: — Уадз æй, уый дзæгъæл хуымæтæджы не ’рцыд. Хъуыдæберд куы райхъали, уæд загъта: — Æз уын хъуамæ ныр фондз азы дæргьы абон схъæр кæнон, уæ туджджын чи у, уый. Зæронд ус йæ дзидзи раласта æмæ йæ Хъуыдæберды дзыхы бакодта: ~ Ды мын абонæй фæстæмæ фыртæн баззайдзынæ. Ус Хъуыдæберды бамбæхста. Мард чи фæци, уымæн йе ’хсæз æфсымæры куы ’рцыдысты Хъуыдæберды агурынæй, уæд сын сæ мад ард бахæрын кодта йæ дзидзийæ, Хъуыдæбердмæ куыд ницы бавналдзысты, ууыл. Æмæ æцæгдæр мады дзырд сæххæст кодтой лæппутæ. Хъуыдæберд куы раргом ис, уæд хъæу æрæм- бырд сты. Хъуыдæберд схъæр кодта, Тикисы-фырт кæй уыди Мулдары-фырты марæг, уый. Адæм Тикисы-фырты хæдзармæ бацыдысты, фæлæ Тикисы- фырт æд мыггаг уæдмæ кæдæмдæр фæлыгъди. Хæдзары никæй- уал баййæфтой. Уæдæй фæстæмæ Хъуыдæберд Мулдарты æфсы- мæр баци. Фондз азы ахицæн сты. Хъуыдæберд Дыгур-Хъабаны бæхы саргъыл æвзист къус бабаста æмæ йæ Дыгургоммæ ауагъта. Бæх сæхимæ куы схæццæ, уæд бауасыд. Дыгур-Хъабан ракасти æмæ уайтагъддæр йæ бæхы йæ хъæбысы ныккодта, стæй æвзист къусмæ фæджих. Дыгур-Хъабан бахъынцъым кодта: — Ехх, ныр йæ барæг дæр йемæ куы ’рбацыдаид. Æмæ, æцæгдæр, Хъуыдæберд къорд боны фæстæ Мулдарты æхсæз æфсымæримæ Дыгур-Хъабаны хæдзары балæууыд. 281
Фондз азы размæ йæ къах цы фысæн баста Дыгур-Хъабан, уыцы фыс афтæ нард сси, æмæ диссаг. Йæ къæдзилæн уыди хицæн уæрдон. Дыгур-Хъабан йæ уазджытæн уыцы фыс аргæвста. Фондз боны дæргьы Дыгур-Хъабаны хæдзарæй хъуыст зарын æмæ хъазты хъæр. Асыйы1 æлдар Асыйы æлдар Бинегор барвыста Асымæ: «Цæудзынæн уæм». Асыйы уæздæттæ сæхи сцæттæ кодтой бæгæныйæ, æндæрæй. Кæрæдзийæн баргæ дæр нæ кодтой — нæ, мæнмæ уыдзæн, нæ, мæнмæ, зæгъгæ. Фынддæс барæгимæ Бинегор бацыд Асымæ. Уæздæттæй ни- кæмæ бафысым кодта, фæлæ бацыд хуымæтæджы лæг Къæбыс- ты Болатмæ. Авд æхсæвы йæм фæци. Къæбысты Болатмæ дыууæ егары уыди æмæ йын алы æхсæв дæр кæнæ сæгуыты, кæнæ сычъийы мард хастой. Авд боны фæстæ Асыйы æлдар æрымысыди цæуын. Къæбысты Болат ын лæвæрттæ кодта галтæ, бæхтæ, фæлæ Бинегор уыдонæй ницы бакуымдта. Бинегор загъта: — Кæд мын лæвар кæныс, уæд мын дæ дыууæ егары ратт! Къæбысты Болат йæ цæссыгтæ асæрфта, фæстæмæ фездæхт æмæ йæ усæн загъта: — Нæ дзидзайы аг нын нæ уæлартæй исы, нæ дыууæ куыдзы нын куры! Йæ ус ын загъта: — Гъе, уаих фæуай, дыууæ куыдзы йеддæмæ куы ницы сты. Куыдз куыдз у, чи йæ нæ дæтты, уый - дыууæ куыдзы. Бинегор куы рацыди йе ’мбæлттимæ æмæ дыууæ куыдзы дæр куы ракодта йемæ, уæд Болат скуывта: — О Хуыцæутты Хуыцау, мæ куыйтимæ мын мæ цард хæссы, æмæ йыл хины сырд куыд сæмбæла! Хины сырд ыл сæмбæлди, æмæ йæ куыйтæ сурын байдыд- той, Бинегор сæ фæдыл бæхыл, афтæмæй. Сæ разæй уæрдон- вæндаг цыди, фæстейæ та сæ хох æхгæдта. Хохæн йæ тæккæ ас- тæумæ куы бахæццæ сты, уæд сын сæ развæндаг иннæ хох ахгæд- та, æмæ Бинегор йæ дыууæ куыдзимæ дыууæ хохы æхсæн æхгæ- дæй баззадысты. Дунетæ йæм цыдысты æмæ йын амал не ссард- той. Боны фæстагмæ йæм йæхи ус бацыдис æмæ йын загъта: — Гъе, мæгуыр дæ бон, кæйдæр æлгъыст дыл æрцыди. Дæхи раппар æмæ ма де стджытæ дæхи зæххыл бафтой. Бинегор фыццаг йæ дыууæ куыдзы раппæрста, æмæ нызгъæ- лæнтæ сты. Уый фæстæ йæ бæх раппæрста, æмæ нызгъæлæнтæ ис. Фæстагмæ йæ сæр басылыхъхъы атыхта æмæ йæхи раппæр- ста. Дæ фыдгул афтæ, нызгъæлæнтæ ис. 282
Егор-æлдар Егор-æлдар уыди хорз цуанон лæг. Бирæ хорз сырды мыг- гæгтæ фæцагьта. Иу райсом раджы цуан кæнынмæ рараст и. Фæндагыл ыл фембæлди къулбадæг ус æмæ фæстæмæ раздæхти. Дыккаг райсом тынг раджымæ сцæттæ кодта фæндаггаг — хæрынæн адджын, хæссынæн рæуæг хæринæгтæ æмæ рараст и. Бон дзир-дзур кодта. Мæргьтæ райхъал сты. Фæндагыл та йыл фембæлди къулбадæг ус, æмæ та цуанон ныккатай кодта: «Ай та мыл мæнæ къулбадæг ус куы рамбæлди. Уæдæ ма ныр цы бакæ- нон? Фæстæмæ куы аздæхон, уæд худинаг кæнын дыккаг хатт. Цом, цæуон, æндæр гæнæн дзы нæй». Егор æлдар загъта мæстыхуызæй: - Цы фыдбылызы хай дæ æрбахæссы мæ размæ алы хатт, æхсæв дæр ницæмæй тæрсыс æппын? Уæд ын уый дзуаппæн загьта: - Ам цы дæ хъуыддаг у, дæ фæндагыл цу æндæр! Мæ фæнда- гыл мæ ракæсын нал уадзыс? Уæд ын цуанон загъта: - Цы дæ каст у, цы дæхæдæг, цы дæ къах?! Уый йын загъта: - Ацу, уæдæ дыл хины сырд амбæлæд. Лæг мæстæйдзагæй араст æмæ Сау хохмæ бацыд. Егор-æлдар сæумæдæвдæгæй ракæс-бакæс байдыдта, йæ цæстытæ схъауы, æмæ йæм айнæгæй къæрццытæ хъуысы. Уалынмæ дынджыр дзæ- бидыр æрбазгъордта æхситтытæгæнгæ æмæ æвиппайды фæлæу- уыди. Куыддæр фæлæууыд, афтæ йæм Егор фæкаст, æмæ — гæрах. Дзæбидыры дыууæ сыкъайы астæу сæмбæлди, æмæ ратылд. Уæд загъта йæхицæн: «Уыцы къулбадæг усы дзырдæй ницы рауад, фæлæ æз фæндараст фæдæн». Цуанон сырды тугвæдыл æрцыд. Сырд айнæджы фæфидар. Уырдыгæй йæ бæргæ раппæр- ста цуанон, фæлæ йын дæлæмæ æрцæуæн нæ уыди. Фæстæмæ цингæнгæйæ сцæйуади, фæлæ йыл хох ахгæдта. Уæд Егорæн ацæуæн ничердæмуал уыди æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта. Айнæджы бын æрбадти æмæ загъта: «Ай хорз ран куы- нæуал фæдæн». Æхсæвы уым баззади. Хъæу райсом афæдис кодтой æмæ ницы ссардтой. Дыккаг бон дæр та афæдис кодтой, фæлæ та никуы ницы ссардтой. Уалынмæ йæ уæйлаг сау нымæты йæхи атыхта, æмæ йæ куы ауыдтой, уæд æм хъæр кæнынц: - Рацу дæлæмæ, Егор. Егор йæ цæссыг ныккалы æмæ кæуынхъæлæсæй дзуры: 283
— Мæнæн ма мæ ацæуæн кæм у мæхи бар! Фæдисы адæм бон-изæрмæ фæкатай кодтой æмæ ницы амал ссардтой, фæстæмæ раздæхтысты хъæумæ. Хъæу æрæмбырд сты æмæ радзур-бадзур байдыдтой: — Уæдæ йын цы ми бакæнæм. Иу зæронд лæг загъта: — Йæ хо Азаухан, сау рæсугъд, Донбеттырты ус у æмæ уымæ бæрæг хъæуы. Йæ хомæ куы фæбæрæг кодтой, уæд уый æрбацыд сыгъзæрин файтоныл. Азаухан æм дзуры бынæй уæлæмæ: ~ Цы кодтай, мæ иунæг æфсымæр? Егор-æлдар йæ нымæты йæхи æрбатухы æмæ ныккæуы. Уæд Азаухан дæр нынниуы æмæ йæ рустæ ныцъцъыкк кæны, йæ дзыккутæ ’ртоны. Хур ныгуылынмæ хъавыди. Азаухан æм дзуры: — Раппар дæхи, Егор, æндæр хос дын нал ис. Хорз цуанон бæргæ рахъавыд, фæлæ йæ цæст нæ рауарзта æмæ та фæстæмæ йæ нымæты атыхта йæхи æмæ ’рхуыссыди. Азаухан ныккæуы æмæ нынниуы, йæ хъуымбыл дзыккутæ ’ртоны æмæ та йæм дзуры: — Раппар дæхи, зæхмæ дæ не ’руадздзынæн! Егор та фæфæнд кæны, фæлæ нæй... Азаухан ын йæ быны сыгъзæринæфтыд гобæттæ æмæ гауызтæ байтыдта æмæ та йæм дзуры: — Раппар дæхи ацы фæлмæнмæ, зæхмæ дæ не ’руадздзынæн! Егор раппæрста йæхи, фæлæ йæ Азаухан нæ баурæдта, æмæ комы ныппырх ис. Азаухан ын сыгъзæрин æндах æмæ судзинæй йе стджыты муртæ кæрæдзийыл бахуыдта, стæй йæ сыгъзæрин файтоныл бавæрдта æмæ йæ аласта. Арф, уæрæх ингæн ын скъахын кодта. Хъæуы хистæртæ загътой: — Цæрæнбонты базæронд стæм æмæ никуы федтам ахæм уæрæх арф ингæн. Уæд сын Азаухан загъта: — Кæй ныппырх и, уый тыххæй, цæмæй йе стджытæ æнцой уой. - Ингæны был æй куы æрæвæрдтой, уæд Азаухан йæхиуыл дамбаца ныццавта. Зæронд лæг загъта: — Нæ уын дзырдтон, — ахæм ингæн къахгæ никуыма федтон. Афтæмæй дыууæйы дæр уым баныгæдтой. 284
Хъансаубий-æлдари дзубанди Дзансохъ æма Хъансаубий райстонцæ Хадохцихъотæ сæхе- цæн енцегæн. Дзансохъ хестæр æнсувæр адтæй. Уосгор ку ссæй, уæд ин йе схæссæг мадæ загъта: — Бийнонтæ байагорæ, Дзансохъ, афонæ дин иссæй. Рабадтæй бæхбæл, Хадохцихъотæй æ хæццæ — йе ’мгарæ лæ- хъуæнтæ, æма рандæнцæ уосгор æндаг гъæумæ. Фæххаттæнцæ. Не ссирдта Дзансохъ æхецæн бийнонтæ æ зæрдæмæдзæугæ. Æрæз- дахтæнцæ. Еу гъæумæ æрхъæрдтæнцæ. Гъæуи дони найæнбæл æрбахизтæнцæ ’ма гъæуи дони кизгуттæ æртайгæ фæууидтонцæ. И кизгуттæ фæттарстæнцæ: æзнаги рæстæг адтæй, - сæ хъæп- пæлтæ раскъафтонцæ, æведаууæ ралигъдæнцæ. Еу ба æ сæрмæ не ’рхаста, ’ма дони еуварсæрдæмæ æхе байаууон кодта ’ма не сис- тадæй. Дзансохъ загъта: — Аци, ка байзадæй, еци кизгæ кенæ фургъæлаæй, кенæ фур- зундгинæй не систадæй. Нур ба сумах цотæ, æз ба, цалинмæ аци силæстæги бæрæг базонон, уæдмæ некумæ фæццæудзæнæн. Дзансохъ раздагъдæй, æссудæй дони билæмæ. Дони билæбæл еу æстур дор адтæй, ’ма и кизгæн æ хъæппæлтæ уой аууонмæ бахаста... Æхуæдæг ба æхе еуварсмæ раласта, цæмæй и кизгæ хъæп- пæлтæ æскодтайдæ, уомæн. Силгоймаг уæд, уойасæ æзнаг лæг ке н’ адтæй, уой базудта. Фестадæй дори аууæнтти ’ма æ хъæппæлтæ æскодта. И силистæг ка ’дтæй, е хундтæй Гуæсæгъа. Цæветтонгæ, æгириддæр неке фæууидта, уотæ æ хъæппæлтæ конд ку фæцæй, уæд ранæхстæр æй ’ма фæццæуй сæ хæдзарæмæ. Дзансогъ уæд æ бæхбæл рабад- тæй, фæццæуй æ горæй-гормæ, аци силистæг кумæ цæуй, уор- дæмæ мин æнæ цæун амал нæййес, зæгъгæ. Басæмæ фусун кодта уæд Дзансохъ еци хæдзарæмæ, уе ’зæртæ хуарз, зæгъгæ. — Æгас цо, рахæстæг уо, хуарз иуазæг, — зæгъгæ ’й, æрфестæг кодтонцæ. Се ’уазæгдонæмæ ’й бахудтонцæ. Еци бон æй байуазæг кодтонцæ. Дуккаг бон дæр æй байуазæг кодтонцæ, æртиккаг бон дæр æй байуазæг кодтонцæ; къуæрей уалдæнгæ уонæмæ фæцæй. Нæ ’й бафарстонцæ къуæрей уалдæн- ги, зæгьгæ, ка дæ, ци дæ, ци дæ гьæуй. Е дæр нæ разагъта, ка æй, ци æй, ци æй гъæуй. Еци замани уæд не ’нгьизтæй къуæрей уалдæнги уой зæгъун. Уой фæсте æй бафарстонцæ: — Иуазæг, ци дæ фæндуй, ци агори, кæцæй дæ, - зæгъгæ. — Æз дæн ецирдигон, æз дæн бийнонтæ агор мæхецæн, су- махмæ æрбацудтæн сæри гъуддаги. — Махмæ нæййес мадта дæу аккаг, абони мах ке радтæн, уæхæн. Сувæллон нæмæ ес, афонæ ин нæма ’й, ’ма не суодзæ- нæй дæ гъуддаг. — Æз уин дзурд дæттун, сумах куд багъæуай кæндзинайтæ 285
еци сувæллони, уотæ ’й ке багъæуай кæндзæнæн æз, цалдæн ис- байлæгъ уа, уæдмæ. Æ гъуддæгутæмæ ин ку ’ркастæнцæ, уæд сæ зæрдæмæ бацу- дæй, гьуддаг ка ’дтæй, ейæ, ’ма исарази æнцæ. Е дæр син равар- дта федардзийнадæ: — Æз æй абони хæсгæ кæнун, аци фæдбæл ралух кæнæн нæ гъуддаг, ’ма куд рандæ уæн, куд æй фæххæссон, уотæ. Райста сувæллони Дзансохъ. Æрæйхаста е схæссæг мадæмæ Гуæсæгъай-рæсугъди. Е схæссæг мадæн загъта: ~ Ме схæссæг мадæ, æрхастон æз мæнæ уой мæхецæн, амæ- натæй багъæуай кæнунмæ фондз анзей уалдæнгæ, мæхецæн бий- нонтæн. Дууæ анзи ибæл ку рацудæй, уæд загъта е схæссæг мадæ: — Нур нæ рæвдзитæ кæнун гъæуй нæ гъуддаги туххæй. — Гуæ- сæгъай-рæсугъди е схæссæг ’мадæ нæ фæууинун кодта лæхъуæ- нæн дууæ анзей уалæнгæ. Дууæ анзей фæсте уæд рамардæй Дзан- сохъ. Схæссæг мадæ уæд кизги хæссун байдæдта уой фæсте дæр. Æртæ анзи ку ’рхъæрттæй, уæд исунаффæ кодтонцæ Хадохци- хъотæ, мах ба Хъансаубийæн исаккаг кæнæн Гуæсæгьай-рæсугьди. Æ фæндзæймаг анз ку ’рхъæрттæй, уæди уалдæнги сау бадар- дта Хъансаубий-æлдар е ’нсувæрбæл. Уæд гъæуи еу рауæн киндзæ æрхудтонцæ ’ма загьтонцæ Хъансаубий-æлдарæн: — Фæццо, гæлæхха, бакæсæ, ’ма дæ зæрдæмæ кæд еске ба- цæудзæнæй, уæд равзарæ. Е ’нгарæ лæхъуæнти хæццæ æхе исрæвдзæ кодта Хъансаубий- æлдар гъазтмæ. Гуæсæгъай-рæсугъди дæр гъе уæд рарæвдзæ код- тонцæ ма ’й æндæр надбæл рарвистонцæ гъазтмæ. Хъансаубий-æлдар гъазти рæнгъæбæл лæууй. Æ фæрстæмæ лæуунцæ лæхъуæнтæ. Æлдар гъазтмæ æрцудæй, ке хæццæ ракаф- дзæнæй, зæгъгæ, адæм сагъæс кодтонцæ. Мæнæ иуазæг гъазтмæ æрцудæй ’ма е, æвæдзи, æлдари кизгæ ’й, зæгъгæ, ма уой рахуд- тонцæ. Хъансаубий-æлдар гъазти утугмæ ку рацудæй, уæд Гуæ- сæгъай дæр рахудтонцæ гьазти утугмæ, ’ма еумæ ракафтонцæ. Е дæр еци кафтæй фæстæмæ неци ракодта, силæстæг дæр. Силæс- тæг дæр æссудæй сæ хæдзарæмæ æхе надбæл, нæлæстæг дæр æссу- дæй æма кæрæдзей нæ бафæсмардтонцæ. Бафарстонцæ Хъансау- бий-æлдари, дæ зæрдæмæ ка бацудæй, куд бацудæй, зæгъгæ. — Еу кизгæ си адтæй, ’ма мин уой ракордзиайтæ, кæд мин бийнонтæ корайтæ, уæд. И кизги дæр уотæ бафарстонцæ: — Дæ зæрдæмæ еске бацудæй? Е дæр уотæ: — Мæ зæрдæмæ бацудæй, ке хæццæ ракафтон, еци лæхъуæн. Идардмæ цæун сæ нæ гъудæй. И дууæ дæр сæхемæ адтæнцæ. 286
Сæ фондз анзей рæвдзæ райгон кодтонцæ. Æрæйхудтонцæ Хъан- саубий-æлдарæн Гуæсæгъай рæсугъди. Еци замани æгъдаумæ гæсгæ, Хъансаубий афæй балци цæунмæ æхе исрæвдзæ кодта. Гуæсæгъай-рæсугъди ниууагъта æ мæйи бони. Афæдзи бон ку ’рхæстæг æй, уæд исæнтæстæй Гуæсæгъайæн дууæ биццеуи — Хъаз æма Хъанте. Афæдзи кæрони дууæ авдæни уæлсерамæ рахæссидæ, ’ма æ дууæ къахемæй дууæ авдæни узта, æхуæдæгка æнгъæл кастæй æ цæуæги æсхъæртунмæ. Æ афæдзи бон ку ’рхъæрдтæй, уæд Хъансау- бий-æлдар æрбазилдæй æма æруидта Гуæсæгьай-рæсугъди æ ава- ри уæлсерай дууæ авдæни æ къахæй уозгæ ’ма цæуæгмæ е ’нгæс даргæ. Фелвæстæй Хъансаубий-æлдар. Уæд фæггурусхæ ’й Хъан- саубий-æлдар. Лæгъуз нет искодта: а куд дессаг æй, мæнбæл мæй- æй æндæр ку нæ рацудæй, уæд æй сувæллæнтти хæццæ цæмæ исæййафтон, æвæдзи мæ бийнойнаг нæбал æй. Хъæбæр зинæй ма тургьæмæ æрбацудæй. Æ бæхæй æрфестæг æй. Бæх бæхбæттæнбæл багæлста. Иуазæгдонмæ бацудæй æма хуссæнбæл æхе багæлста. Гуæсæгьа фæккастæй, уæдта фестадæй: ~ А куд дессаг æй, мæ хæдзарæмæ куд не ’рбацудæй! — ма ймæ иуазæгдонæмæ бацудæй, кæд, зæгьгæ, сæйгæ ести кæнуй. — Ци кæни, ести ди рессуй, ци кæнис, аннæ ’авармæ цæмæннæ æрбацудтæ? Неци ймæ исдзурдта æлдар. Æвæццæгæн æй базудта Гуæсæгъа дæр ’ма е схæссæг мадæмæ рарвиста, уæ цæуæг æрцудæй, æма ймæ æрбакæсетæ, зæгъгæ. Муггаги лæхъуæнтæ æрбакалдæнцæ цийнæгæнгæ. Фæййимæ медæг æнцæ иуазæгдонæмæ, æма сæмæ нæ дзоруй. Е схæссæг мадæ дæр уæд дессагмæ æрбахъæрдтæй. Фæрсунцæ ’й, фал дзуапп некæмæн дæттуй. Уæдта ймæ йе схæс- сæг мадæ æрлæудтæй: — Æз дæуæн мæ къохæй ке равардтон, е дин хæран уодзæнæй, ду ци кæни, уой ку нæ разæгъай, уæд. — Мæ мадæ, — зæгъгæ, фестадæй, — цогæ ду, æз зæгьдзæнæн мæ гьуддаг, мæнæ ами ка ’й, еци лæппотæн. Рацудæй и мадæ. Фестадæй лæг æма загъта уæд: — Æз æсгурусхæ дæн мæ бийнойнагбæл еске фиддзарæй. — Гуæсæгъамæ фæххабар кодтонцæ, Гуæсæгъа æрбацудæй. Гъе уæд Гуæсæгъа загъта: — Кæд мæнбæл еске фиддзар банбалдæй, дæу фиддзарæй æндæр, уæд силæстæгæн ес гæлæхха нез, ’ма мæ Хуцау уой буни фæккæнæд. На ’ма кæд мæ раст уод мин дзæгьæли хæран кæнис, уæдта ду дæ Хуцауи хæццæ æндæуогъ исо. Уæд Хъансаубий-æлдарæн æ зæрдæ æрæнцойнæй, æма куд идард балци адтæй, уомæ гæсгæ рацудæй е схуæрсгутæмæ цийнæ кæнунмæ, кафунмæ, игьæлдзæг кæнунмæ, ниуазунмæ. Еу бон дæр, дууæ бони дæр мийнасæ фæккодта, æртиккаг бонæ ка ’дтæй, 287
уоми е схæссæг мадæмæ бацудæй. Е схæссæг мадæ ба ин е ссудмæ ниуæзти дзæбæхтæ исрæвдзæ кодта, ’ма æртиккаг ниуазæн ку баниуазта, уæдта æ закъæ æрсæрфта, ’ма æ закъæ æ къохи байза- дæй. Иннæ ниуазæн исиста ’ма æ бецъо æрсæрфта, ’ма æ къохи байзадæй. — Æллах, и гиаур налат сили æлгьистæ мæ насау никкарста, — ’ма фестадæй еци фæдбæл уордæги. Æрбацудæй æ хæдзарæмæ. Æ бæх бангæнттæ кодта. Æхе барæвдзæ кодта. Æ сау саулохбæл ра- бадтæй ’ма æхе райста уордæги. Идард бæстæмæ рацудæй. Уæд еу гьæуи астæу урдугмæ рацудæй, сæрддон бони уорс баслæхъæй æ сæр баст, уотемæй Хъансаубий-æлдар. Æртæ сили еу рауæн тургъи бадунцæ æма дес кæнунцæ: «Айæ циуавæр бæхгин уа, сæрддон бони æ сæр баслæхъæй æнгом ка батухта, е?!» Сæ еу загъта, айæ Хъансаубий-æлдар ку уа, уæд æй æз базондзæнæн, зæгъгæ, ’ма æ фæсте ракастæй, нивтæ ибæл ракарста, ма ’й ба- зудтонцæ, Хъансаубий ке ’й, уой. Æртиккаг силæстæг загъта, мадга уомæн æз æ бæрæг никкидæр хуæздæр базондзæнæн, зæгъгæ, ’ма тургътæбæл урдугмæ рацудæй, æ над ин цæхгæрмæ равгарста ’ма ин æ надбæл фæллæудтæй. Æ надмæ ку лæудтæй силæстæг, уæд Хъансаубий-æлдар æрхъæрдтæй ’ма ин загьта: — Дæ бон хуарз, хуарз силæстæг! — Ке бон æй, уой хуарзæнхæ дæ фæууæд. Хъансаубий-æлдари хузæн мæмæ кæсис? — Хъансаубий-æлдар дæн æз. — Мадта дин нæ аккаг кодтон сæрддон бони уорс баслæхъæй дæ сæр исбæттун, ’ма ци кæнис, Хъансаубий-æлдар? — Хъæбæр лæгъуз æй мæ гьуддаг, ауæхæн нез мæбæл разинд- тæй, æма мæ сæр райстон. Кенæ фесæфдзæнæи, кенæдта хуасæ- бæл исæнбæлдзанæн. — Рахæстæг уо мадта, Хъансаубий-æлдар. Бауолæфдзæнæ, еу дон баниуаздзæнæ. Кæд нæ бон ести исуа, уæд дин ести байа- мондзинан. Рахæстæг æй Хъансаубий-æлдар. Гъе уæд ин силæстæг загъта: — Хъансаубий-æлдар, кæд мин сæри хецауæн ниллæудзæнæ, уæд дæ дзæбæх ба æз æскæндзæнæн. Уод адгин æй. Зæрдæ ин байвардта, федардзийнадæ ин ра- вардта, ниллæудзæнæн, зæгъгæ. Райбæл цудæй мæйтæ, бæнттæ. Æ закъæ, æ рехæ фæстæмæ цæун байдæдта. Æхуæдæгка мæтъæл кæнун байдæдта бонæй-бонмæ. Уæд æй бафарста: — Ци кæни, Хъансаубий-æлдар, кæд дæ сабийтæ дæ зæрди æфтуйунцæ, уæд фæццо, фæссæуинæ. Кæд гæнæн нæ уа, уæд сæ хæсгæ дæр ракæнæ. Фал ку не ’рцæуай, уæдта дæбæл и нез фæс- тæмæ разиндзæнæй, еугур дзæбæх нæ дæ. 288
Хъансаубий-æлдар æ хæдзарæмæ гъе уæд æссудæй. Ниццийнæ ’й Гуæсæгъа, æ дууæ сувæллони дæр æ хæццæ, уотемæй. Æлда- рæн лæвæрд адтæй æртæ мæйи æнгъуд. Æртæ мæйей фæсте ба ма ибæл рацудæй мæйæ, ’ма ибæл разиндтæй фæстæмæ æ нез. Гæ- нæн ин ку нæбал адтæй, уæд амæлттæ кæнун байдæдта, æхебæл унаффæ кæнун байдæдта Хъансаубий-æлдар. Æ дууæ сувæллони æ хæццæ райсуни, сосæгкити радавун, Гуæсæгьай ба ниууадзуни фæндæ искодта. Мадта ци амалæй мæ бийнонтæй мæ зæрдæ фæххæтдзæнæй, зæгъгæ, уæхæн фæндæ гъуди кæнун байдæдта. Ци хузи æведауцæй æй фæууинон, зæгъгæ, уæхæн нет искодта. Хуæздæр амал ин не ссердта, загъта ин, мæнæ уæллаг авармæ бацо, ма æнæ хъæппæлтæй мæнмæ æрцо, зæгъгæ. Силæстæгæй зундгин силæстæг адтæй Гуæсæгъа, ’ма æ хъæппæлтæ раласта, æ дзиккотæ ба е скъелтæмæ адтæнцæ, бæхи думæгæй даргъдæр, ’ма уони размæ æрбагæлста, кæдзос æхе рамбарзта æ цæсгони зил- дæй уæлдай, уотемæй имæ æрцудæй, ’ма бунтондæр æ зæрди ниххизтæй и адгиндзийнадæ. Хуæздæр амал ку нæбал иссердта, уæдта ин загъта: ~ Цогæ фæстæмæ, — зæгъгæ. Йæ усхъæ ку разиндцæй, уæдта æ дзиккотæ фæстæмæ рагæлста, ’ма æ фæстаг рамбарзта, уоте- мæй рандæй, ма бунтондæр Хъансаубий-æлдарæн æ зæрдæ баса- стæй еци фæндагбæл. Уæддæр ин гæнæн нæбал адтæй æнæ цæун Хъансаубий-æлдарæн. Е схæсгутæ ка ’й, уонæмæ фæннистауæн кодта, ’ма син загъта: — Мæнæн æнæ цæун нæбал е, ме ’сæвди фæндагбæл дæн æз, ’ма мæ сабийтæ ка ’й, етæ мæ къохи цæмæй бафтуйонцæ, уой мин бакæнтæ. Ци дæ фæндуй, зæгъгæ ’й бафарстонцæ. — Тачанкæ бæхдзорæги хæццæ, ахсæви ку раталингæ уа, уæд æндæколдуар куд лæууа, уотæ. Колдуар ба мин игон уадздзи- найтæ, ’ма æндæмæ ку рацæуон, уæдта колдуар куд нихгæнайтæ, уотæ. Ниххустæнцæ æхсæвæ, æнæсагъæс, цæветтонгæ, адтæнцæ, уотæ Хъансаубий æма Гуæсæгъа сæ сабийти хæццæ. Æхсæвæ еу афони Хъансаубий-æлдар фестадæй, Гуæсæгъа ку ниффунæй æй, уæд. Хъаз æма Хъантей исиста ’ма сæ рахаста тачанкæмæ æма фæц- цæуй абони дæр ма, æ фæсте ин колдуар нихгæдтонцæ. Æхсæвæ еу афони Гуæсæгъа æригъал æй ’ма æ фæрстæмæ æ дууæ сувæл- лони ка ’й, уони райагурдта, фал сæ нæбал иссердта. Нийах-йах кодта Гуæсæгъа. Уæд фæггæпп ласта æма æ хъæппæлтæ ракодта. Низзелæнтæ кодта Хадохцихъоти устур тургъи æма неке раирд- та. Тачанкæ уоми ку нæбал иссердта, уæд æй базудта, ци йбæл æрцудæй, уой. Хадохцихъоти устур колдуармæ бæргæ рауадæй, æма ’й уой дæр æрхуйæй ку ссердта, гъе уæд нигыъарæнгæ кодта Гуæсæгъа: 19 Ирон таурæгътæ 289
— Хадохцихъоти устур тургъæ, еунæг колдуарæй уæлдай ма скæнайтæ мæ тæрегъæдæй. Мæн тæрегьæдæй дууæ колдуари ма- кæд искæнайтæ. Еуæй-еумæ фæццæрайтæ мæ тæрегъæдæй, Фæс- бестауи будур цæуæгæй ма сцох уай. Мæнæ устур муггаг, Хадох- цихъоти устур тургъæ, мæ тæрегъæдæй кæуæгæй ма сцох уай. Дессаг, дессаг, ауæхæн дессаг ку некæд фæууидтон. Силæстæг- бæл хъадама ниввæргæ ба нур ку фæууидтон. Ку ’рбонæй, уæд Хадохцихъоти устур колдуар ин райгон код- тонцæ. Хадохцихъоти устур бæрзæндтæй Теркæрдæмæ уæд ниф- фæлгæститæ кодта: — Мæ тæрегъæдæй уæртæ Терки билтæ, цагъанай синдзæй байзайайтæ, еу цæуæг дæр уи ку некæми ес. Дессаг, дессаг, туа- цъи будуртæ, мæ тæрегьæдæй какон синдзæй байзайайтæ, еу фе- цауæг дæр уи ку некæми ес. — Æ дууæ думæггаги æ астæубæл уæд бабаста, Терки билæмæ уæд бавгарста. Терки билтæбæл урдугмæ уæд рацудæй. Адæм цæуæг ку нæ уинуй. Балхъи билтæбæл фæс- тæмæ е ку зилдæй. Дзæллихъой думæгмæ е ку схъæрттæй. Æдо- нугæй уæд батухстæй: — Тæходуй, тæходуй, мæнæ зæнхæ, дон дæр ди ку нæбал ес. — Æ къахи скъелæй зæнхæ уæд ниццафта. Æ къахи скъелæй зæнхæ ку фæхъхъулуф кодта. Еци æ къахи цæфи æмбæрцæ сауæдон уор- дæгги уæд ку суадæй. Гуæсæгъа и сауæдонæй æхе уæд бафсаста. Æхе уæд рауагъта. Дуйнейæй уæд æсцох æй Гуæсæгьа. Хъансауби æмæ Хъамбодти Вариант Хъансауби æмæ Хъамбодти — дыууæ ’фсымæры — цардысты Цегæны хъæуы1 кæрон. Иу хатт сæм Сохтатæй (Кæсæгæй) чидæртæ бацыди фæнда- гæй æмæ куырдтой кæрдзын, фæлæ дыууæ ’фсымæры кæсгон æвзаг нæ зыдтой, æмæ кæсгæттимæ кæрæдзи нæ бамбæрстой. Кæсæг раздæхтысты фæстæмæ... Уый фæстæ дыууæ ’фсымæрмæ уыцы хъуьщцаг хардзау æркасти, кæсгæтты курындзинад æрæ- джиау бамбæрстой æмæ кæрæдзийæн уайдзæфтæ кодтой: — Худинаг нын у кæсгон æвзаг нæ зонын... Хъамбодти уыди кæстæр, Хъансауби та хистæр. Хъансауби Хъамбодтийæн загъта: — Цу æмæ уал ды сахуыр кæн кæсгонау дзурын, стæй та æз сахуыр кæндзынæн. Хъамбодти бафарста: — Æмæ кæмæ бацæудзынæн Кæсæджы? — Хадохъцыхъоты авд æфсымæрмæ, — загъта Хъансауби. Хъамбодти ацыди Кæсæгмæ. Царди Хадохъцыхъотæм... Иу 290
хатт Усгенæй2 æрæрвыстой Хадохъцыхъотæм, рацæут, хорз уæ фенæм, зæгъгæ. Хадохъцыхъоты авд æфсымæры сæ хистæр хо Госæгъаимæ æрцьщысты... Куывд фæци æвдæм бон. Хъазт стынг. Хъазты мидæг Госæгьайы ничи амбылдта кафынмæ. Уæд Хъамбодти (уый дæр семæ æрцьщ) рагæпп ласта æмæ æнæхъæн бон фæкафыд... Хойы ’фсымæртæ Хъамбодтийæн загьтой: — Æгьгъæд каф, ныр цæуын хъæуы. Æмæ рацыдысты. Фæндагыл æфсымæртæ сæ хойы сæ хъæбы- сты радыгай хастой. Уæд Хъамбодти дзуры: — Мæнмæ дæр-ма йæ авæрут уæ хойы. Æмæ йæм сæ хойы радтой хæссынмæ. Хъамбодти йæ бæхы ауагъта цæлхвæдыл, æнæ фæиуварс кæнгæйæ. Уæд æм хистæр дзуры: — Цæлхвæдæй иуварс кæн, дæ бæх фæкæлдзæн... Хъамбодти бæхыл схъазыд, фесхуыста йæ æмæ æд чызг Цеге- ны бамидæг сæхимæ, йæ мады цур. Мад загъта: — Нырма æгæр æвзонг у, иу-цыппар азы уал æй бауадзын хъæуы æнæвнæлдæй. Уыцы заманы хистæр æфсымæр Хъансауби уыди кæмдæр... Иу афоны Хъамбодти фæрынчын... Бонæй-бон фыддæргæнгæ цыди. Мад загъта: — Рынчын адзалы нысан у, æмæ ацы чызг цы фæуыдзæн? Уæд Хъамбодти йе ’фсымæрмæ арвыста. Æмæ ’рбацыд Хъан- сауби... Фæцин кодтой. Хъамбодти куы марди, уæд йæ хистæ- рæн загъта: — Хадохъцыхъотæй дын æвзист лæдзæг æрхастон, нæма бæз- зы, фæлæ йæ афæдзы фæстæ райсдзынæ... — Æмæ амарди... Азы фæстæ Хъансауби «лæдзæг» уынынмæ æрцыди... Уатмæ ба- касти, слæууыди. Хъансауби чызджы куы ауыдга, уæд ныккуыдта: — Цæйбæрц мæ уарзта Хъамбодти, мæнæ мын цы усаг æрхаста! Йæхицæн æй ус скодта. Госæгъайы хо Госæнагъуæ къуырийы фæстæ сси Елухтаг3 Те- мурухъы ус. Госæгъайы бафæндыд йæ хо Госæнагъуæйы цур æрцæрын æмæ Хъансаубийы алидзын кодта уырдæм — Елухтæм. Хъансау- би æмæ Темурухъ, æмсыйæхстæ уæвгæйæ, цардысты æнгом. Хъансауби Госæнагъуæйы уынынмæ цыди арæх. Уыцы хъуыд- даг Госæнагьуæйæн æхсызгон уыд æмæ-иу ын скодта хуын: си- нон æмæ гъолгунтæ. Хъансауби-иу балцы куы цыди, уæд-иу ыл хъæу æрæмбырд сты... Бирæ йæ уарзтой, рæсугъд лæппу уыди... Иу хатт Темурухъ дæр балцы цæуын сфæнд кодта æмæ йæ хæдзар Хъансаубийы æвджид бакодта. Хъансауби Темурухъы 291
фæстæ хæдзар арæх бæрæг кодта — алы бон дæр æм цыди, æмæ- иу æй Госæнагъуæ æдцæмæ нал уагъта — æхсызгон-иу ын уыди Хъансаубийы æрбацыд. Иу ныхасæй, Хъансауби Госæнагъуæйы зæрдæмæ тынг фæцыд, æмæ ус сфæнд кодта Хъансаубимæ фæ- уын иу къорд хатты, исты æхсызгондзинад бавзарын. Хъансауби усы фæнд бамбæрста æмæ йæм æппындæр нал бацыд. Уыцы хъуыдцаг Госæнагъуæйæн тынг фæхъыг и, йæхимæ æгад æркаст... Иу хатт Темурухъ Госæнагъуæмæ æрæрвыста, фæцæуын, зæгъгæ. Ус дæр æм арвыста: «Мæнæ дæ хæдзар кæуыл бафæдзæх- стай, уый мемæ иу къорд хатты фæци, батых мын кодта». Темурухъ тынг смæстджын, фенкъард и. Хъансауби йын йæ размæ иу лæджы арвыста. Лæг æй бафарста: — Цæуыл æнкъард дæ, Темурухъ? Темурухъ хабар сæрæй бынмæ радзырдта. Уæд ын зæронд лæг загъта: — Сылгоймаг æмæ бæхыл æууæнк нæй. Кæд Госæнагъуæйæн йæ дарæстæ фæсте скъуыдтæ уой, уæд ын батых кодта, æмæ уæд Хъансаубийы амардзыстæм; кæд разæй скъуыдтæ уой, уæд ацы хабар мæнг у. Æмæ уæдмæ Хъансауби дæр Темурухъы цурмæ схæццæ. Бирæ фæцин кодтой... Ныццыдысты. Темурухъ йæ усы асгæрста, æмæ хабар мæнг разынд. Темурухъ Хъансаубийæн арфæ ракодта. Æхсæ- вы Темурухъ сарæзта хæрд, нозт бирæ. Уæд ус Хъансаубимæ нуа- зæн дæтты. Хъансауби йæ исы æмæ зæгъы: — Темурухъ! Ацы нуазæныл марг конд ис, фæлæ йæ уæддæр нуазын, - æмæ йæ фæцæйнызта иууылдæр, фæлæ йæ Темурухъ нал бауагъта. Æрцыди сæхимæ Хъансауби. Уæдæй фæстæмæ йыл низ стых- джын. Йæ сæр лæгуын кæнын байдыдта, нал бæззыди лæг. Хос- гæнæг ын нæ уыди. Уæд иу хатт йæ бæхыл бабадт æмæ рацыди: «Кæнæ мæлгæ, кæнæ хъуамæ искуы сдзæбæх уон». Адæм ыл фæкуыдтой. Уæд æндæр ран царди иу рæсугъд чызг. Уый рагæй хъуыста Хъансаубийы кой æмæ йæ фенынмæ тынг бæллыд. Æрæвæрдта авд фæндагыл хъахъхъæнджытæ фæрсынмæ. Хъансауби бирæ фæцыди. Фæстагмæ бафтыди иу фыййæут- тæм. Фыййæуттæ йæ куы базыдтой, уæд чызгмæ фæхабар код- той. Чызг Хъансаубийы йæхимæ æрбакæнын кодта. Хъансауби йæ хабар æркодта. Чызг ын загъта: — Кæд мæ ракурдзынæ, уæд дæ сдзæбæх кæндзынæн. Хъансауби сразы. Чызг æм зилын байдыдта. Æмæ Хъансауби сдзæбæх и. Цар- дысты, æмæ сын райгуырди чызг. Хъансаубийæн йæ зæрдыл лæууын байдыдта йæ хæдзар, йæ 292
ус æмæ йæ дыууæ чызджы — Госæнайхо æмæ Хуынайхо. Мæллæг кæнын байдыдта. Иу бон сæм фæцæуын фæнд скодта. Уæд ын ус загъта: - Цу, фæлæ афæдзмæ куынæ фæзынай, уæд дыл дæ низ но- гæй сыстдзæн. Афæдз ахицæн. Нæ зыны Хъансауби. Ног фæрынчын. Гæнæн куы нал уыд, уæд йæ ус æмæ йæ дыууæ чызджы уæрдоны сæвæр- дта æмæ араст йæ дыккаг усмæ. Дыккаг ус, Хъансауби æд би- нонтæ ссæуы, уый куы базыдта, уæд æм хæйрæджы бæхджыны хуызы рарвыста йæ размæ. - Мама хон дæ бинонты! Усисæг æмæ удисæг æмхуызон сты: абырджытæ дын дæ усы куы исой фæндагыл, уæд мæлынмæ æвгъау дæ. Ма цу, - загьта йын хæйрæг. Фæлæ Хъансауби уæддæр рацыд. Схызти Бестауы хохы сæрмæ. Йæ ус æмæ йæ чызджытыл хъадамантæ сæвæрдта æмæ ацыди йæ дыккаг усмæ. Госæгьа йæхи хоста æмæ хъарæг кодта: — Тæхуды, мæ тæригъæдæй Бестауы къуылдымыл цæстысы- джы суадон куы рацæуид... Æмæ рацыд æцæгдæр суадон. (Ныр дæр ма уым ис уыцы суадон, хонынц æй Госæгъайы суадон.) Уæд иу цуанон æрбафтыди сæ цурмæ. Госæгьа йын хабар радзырдта. Цуанон сæ суæгьд кодта... Тæрион Тулабег Еци замани Донифарс1 æмæ Лезгорæй2 фæстæмæ фæткæ ка нæ кодта, уæхæн берæ н’ адтæй, фал етæ ба хуæдæлдар адтæнцæ æма некæмæн фæткæ кодтонцæ. Еу æхсæвæ кæми адтæй, уоми ба Гагуони къубус нирризтæй. Æма Кобегкати устур Айдарухъ æ гьолгун урундухъæй рахаудтæй æма е ’фсийнæмæ фæгъгъæр кодта, ракæсæ, æндегкæй цидæр бæллах æрцудæй, зæгъгæ. Е дæр куд нæ ракастайдæ æма дзоруй Айдарухъмæ: - Не ’хсæвæ бонау ниррохс æй, фалæрдæгæй арви дуар бай- гон æй. Айдарухъ ба загъта: — Мадта цидæр æй, уæддæр кæмидæр игурд райгурдæй, æма ’й Хуцау бæстæн хуарз фæккæнæд. Æхуæдæг ба еци фæдбæл Тæрион Тулабегмæ фæххабар кодта, уæдта æнæуой, Донифарси ка куд лæдæргæдæр адтæй, уонæн дæр фегъосун кодта. Æрæнбурд æнцæ æма фæндæ ’ма фæнди сæртæ кæнун райдæдтонцæ: — Цума ка уа еци игурд, кæмæй уодзæнæй? Кобегкати Айдарухъ ба син загъта: 293
— Хуцау æй донифарсаг фæккæнæд. Донифарсæй нæ уогæй ба ’й, Хуцау Абисалтæй фæккæнæд, уæддæр етæ дæргъæхсарæ æма цубуркъох æнцæ. Уонæй рахезгæй ба ’й Хуцау, ду Туйгъан- тæй фæккæнæ, етæ дæр фæлмæнзæрдæ фæсдецæуагæ нæлфуси муггаг æнцæ æма нин неци искæндзæнæнцæ. Уонæй нæ уогæй ба ’й Хуцау Цæргæсатæй фæккæнæд, етæ хæруесон галау лæхлæбæз æнцæ, æма нин етæ дæр неци кæндзæнæнцæ. Хъубадтæй æй, Дуйнейискæнæг Хуцау, ду ма фæккæнæ — етæ лигъзæвзаг æма синдзæзæрдæ ’нцæ. Еци медæхсæвæ сæхе гъæутæбæл райурстонцæ. Айдарухъ До- нифарсбæл хæдзаргай æрзилдæй. Устур Дигорæмæ дæр рарвис- тонцæ, уæдта иннæ уæхæн гъæутæмæ дæр, æма нæуæгигурд су- вæллон некæми разиндтæй. Дигори хæццæ ба еци рæстæги зулун цъух адтæнцæ æма са- гъæс кодтонцæ, мадта ке рарветæн уордæмæ, зæгъгæ. Æма син уæдта Тулабег загъта: — Æз мæхемæ есун зиндзийнадæ. Æз фæццæудзæнæн. — Æхе феце арæзт æрбакодта, мæгургори хузæн, æ гебенай зæронди, уотемæй фæййагайдта. Губунони размæ ку схъæрдтæй, уæдта ибæл дæллæй согдзаутæ иссудæй заргæ. — Ци й а, цæбæл заретæ, цæбæл исхъал айтæ, сæумон ахъуз уин уæ реутæ ку нæмуй. Изæйрон думгæ ба уин уæ фæсонтæ ку нæмуй, уæд уæбæл уотæ устур цийнаг гъуддагæй ци ’рфестæг æй, цæбæл исхъал айтæ? Етæ ба ин загътонцæ: — Мах ба уобæл цийнæ кæнæн, æма Хъубадти Тазæретæн игурд райгурдæй, уой ба Никколтæ енцег хæссунцæ, Дзайнухътæ ба ибæл къуæре бæласæ кæнунцæ, уоми ба хуæрдæ, ниуæзтæ уо- дзæнæй. Æма си мах дæр æмбæлгæ кæндзинан æма уобæл цийнæ кæнæн. Мадта нур ба хуарз, зæгъгæ, загъта Тулабег меднимæр, игурд кæми адтæй, уой бæргутæ ку райста, уæд. Еу нæзи цирагъи къудурон æ рагъи фæккодта, уотемæй Фæс- нæли3 Хъубадти тургъи исмедæг æй. Æхуæдæг ба æхе уæллагкой- магæй æвдиста, æма йбæл уоми хъал адæн гириз кодтонцæ, гъæ- ла уæллагкоймаг, зæгъгæ. Ниуазун, хуæрун дæр ин ракæнионцæ, кафунмæ дæр æй рагæлдзионцæ, е дæр æхе нигъгъæла кодта, æма ибæл уоми ходæгæй мардæнцæ. Ку срæвдзæ ’нцæ æма Ник- колтæ сæ енцег ку рахастонцæ, уæд Тулабег дæр сæ хæццæ рацу- дæй. Æма еу сахат ку рацудæнцæ, уæдта Тулабег уоститæн уотæ, ракæнтæ, æз ба уин уæ сувæллон еу минкъий рахæссон, зæгъгæ. Уоститæ кæрæдземæ бакастæнцæ, уæдта сæ еу уотæ: — Раттетæ ’й ма ’й е ба тъола, — зæгъгæ, æма мæ ’й равард- тонцæ. 294
Тулабег, сабий æ гъæбеси, уотемæй цæун райдæдта æма, уæлæ Туайти хæрди Донифарс æма Нари над кæми фæххецæн унцæ, уоми ба син, цæй мадта бал хуæрзбон рауотæ, зæгъгæ, загъта ’ма сабийи хæццæ Донифарсмæ фæххæрд кодта. Етæ дæр бæргæ фæф- фæдес кодтонцæ, нæ енцеги нин фæххæссуй, зæгъгæ. Æма ма æ фæсте бæргæ рауадæнцæ, фал дин етæ уой æййафтонцæ? Уоте- мæй Тулабег и сабий Донифарси æрбалæуун кодта. Уоми ба ’й Надийти Гæдауй дзедзейæй фегъæстæ кодтонцæ. Гъе уæдта уой фæсте ба сæ астæу минæвæрттæ хæтун райдæдта, æма син æй уой фæсте ба равардтонцæ. Ку слæг æй, зæгъуй, уæдта еци замани сæ куст ка куд хъаурæ- гундæр, уотæ кæрæдзей æфхуæрун адтæй, æма, зæгъуй, аннæ гъæу- тæ к’ адтæй, уонæн тухæ кодта, фал Донифарсмæ ба, се ’хсирæй син куд фегъæстæ ’й, уомæ гæсгæ æ бон бавналун не ссæй æма, зæгьуй, ку мардæй, уæдта уотæ ниффæдзахста: «Хъанухъти æфсæн дуарæй æртæ зæгæли рафтауетæ æма мин сæ мæ цирти никъкъуæретæ». Гъе уотæ адтæй Донифарси цард еци дзамани. Тасолтанты хабар Асыйы бæсты Сау-Сауы бæрзондыл куы цардысты Тасол- танты авд æфсымæры. Сæ зæронд фыд Хадзы сын куы бафæ- дзæхста: «Æз куы амæлон, уæд-иу уæ иунæг хо Фатъмæты моймæ куы дæттат, уæд-иу дзы ирæд бацагурут сæдæ саулохаджы дæлæ Стыр Ногьайы Хъырымсолтанты саулохæгтæй». Ныр сæм курджытæ минæвæрттæ кæнын куы райдыдтой. Уæд-иу Тасолтанты æфсымæртæ сæ ирæды кой кæмæн ба- кодтой, уый-иу иунæгæй аздæхти. Уыцы хабар куы фехъуыста Сечеры хъæуккаг Хæмыцаты Хæмыц. Уый дæр йæ зæронд ма- дæн куы загьта: — Цæй, нана, зæгъы, Тасолтантæм баминæвар кæнæм! — Ма кæ, мæ лæппу, уыдон æй мах хуызæн мæгуыртæн нæ дæттынц. Хæмыц йæ саулох бæхыл ацыд Асымæ, Сау-Сауы бæрзондмæ куы бацыд, Тасолтантæм, бахъæр сæм кодта. Тасолтантæн ра- каст сæ кæстæр æфсымæр. — Дæ бон хорз уа, Тасолтанты хорз лæггаг. — Æгас цу, уазæг! — Фехъуыстон, уæ хо Фатъмæты моймæ дæттут, уый тыххæй уæм æрбацыдтæн. — Моймæ йæ бæргæ дæттæм, фæлæ нæм ирæд бæрзонд æвæрд у: сæдæ саулохы Хъырымсолтанты саулохтæй Стыр Ногъайы бæстæй. 295
— Уый диссаг нæу, фæлæ, дæ хистæртæй кæд исчи ам ис, уæд-ма мын уымæ бадзур! Ракаст æм Тасолтанты хистæр æфсымæр, бакодта йæ мидæмæ, бафидыдтой Фатъмæты ирæдыл. Хæмыцы-фырт уырдыгæй куы араст Стыр Ногъаймæ. Баца- гуырдта Хъырымсолтанты саулохæгты рæгъау, сæдæ æртæ сау- лохы рахицæн кодта. Сауногъайы рæгъаугæсæн ныр зæгъы: — Дæ уадындзæй ныхситт кæн Хъырымсолтантæм: мæнæ уын иу дыгурон уæ рæгъау фескъæры! Рафæдис кодтой. Куы акастысты сæ тыхгæнæджы æууæлтæм, — йæ архайдмæ гæсгæ йæм нал бауæндыдысты. Схæццæ кодта рæгъау Сау-Сауы бæрзæндмæ Тасолтантæм. Фатъмæт-рæсугьд рудзынгыл фæндырæй куы цагъта. Хæмыц æм бадзуры: — Де ’фсымæртæ мæнæ сæ ирæд фенæнт! Рацыдысты Тасолтанты æфсымæртæ, ранымадтой сæдæ сау- лохаджы, æртæ ма дзы баззад. — Цæй, Хæмыц, мах дын сæдæ куы загътам, ацы æртæ сауло- хаджы цæй тыххæй сты? — Фехъуыстон, уæ фыдæн æрдхорд уыд, иу саулохаг уымæн æрдхорды лæвар ракæнут. Иу саулохаг та, уæ фыд саргъы бæхыл бадæг куы уыдис, æмæ йын бæх куынæ ныффæлдыстат: дыккаг та уымæн ныффæлдисут. Æртыккаг саулох та — уæ мадæн кæл- мæрзæны аргъ. Бафидыдтой ирæдыл æмæ йын загътой: — Абон майрæмбон, иннæ майрæмбоны-иу æрбацу æмæ ахон дæ бинойнаджы. Куы æрбахаста йæ бинойнаг Фатъмæты Сечермæ. Адæм фыдæвзаг хæссын байдыдтой Хæмыцы-фыртæй, уæл- дайдæр дыгуры уæздæттæ — Тугъантæ, Хъуыбадтæ æмæ иннæтæ — Тасолтантæм: — Цы диссаг уæм фæкаст Хæмыцы-фырт, абон уæ хо сы- дæй куы мæлы æмæ гуыбыны мыздыл уæздæттæн гæрстæ æхсæ- гæй куы кусы! Тасолтанты хистæр æфсымæр йæ кæстæрты рарвыста: — Æрбасайут не сиахсы æмæ йæ амарут! Æрбасайдтой йæ: «Нæ мад рынчын у æмæ дæ агуры». Куы сæм бацыд се сиахс Хæмыц, уæд æй æууæнкæй амард- той, стæй рацыдысты сæ хо Фатъмæты фæстæмæ сæхимæ кæ- нынмæ. Фатъмæт куы бамбæрста хабар, уæд йæхи амардта. 296
Хæмицати Хæмиц Тасолтантæ1 уездон муггаг адтæнцæ, æма сæмæ кизгæ ку сæн- тæсидæ, уæд æй æнæуой мæнæ мах хузæн «сау адæмæн» нæ лæ- вардтонцæ. Еу кæми адтæй, уоми ба сæмæ Хæмицати Хæмиц минæвæрттæ барвиста, уæ кизги мин раттетæ, зæгъгæ. Тасолтантæ ба ин æ минæвæрпæн дзуапп равардгонцæ: «Дæ сæ- рæн дзæгьæли хъиамæт ма аразæ, сау халон уæрццæ нæ ахæссуй». Хæмиц дæр сæрæн лæхъуæн куд н’ адтæй æма сæмæ, зæгьуй, бавзиста, сау халон уæрццæ куд ахæссуй, уой ба уин æз фæууи- нун кæндзæнæн, зæгъгæ, æма син сæ еунæг хуæрæ Фатъимæт- рæсугъди раскъафта. Е Тасолтантæмæ лиагъæ куд нæ фæккас- тайдæ, Хæмицатæ ку неци ’нцæ, мах ба уездон муггаг ку ан, æма нæмæ куд бандиудта, зæгъгæ. Æртæ ’нсувæремæй сæ хъæрæй- мæгтæ райстонцæ æма Хæмицай-фурти марунмæ агорун райдæд- тонцæ, фал ибæл равги хуæст не ’нгъистæнцæ. Еу кæми адтæй, уоми ба гъæуи фæстемæ æрбацудæнцæ æма сæ хуæрæмæ барвистонцæ, дæ фæуунун нæ фæндуй æма нæ размæ рацо, зæгъгæ. Фатъимæт ка ’дтæй, е, зæгъуй, дарийти буни зингæ дæр нæ кодта, уотемæй гъæуи фæстемæ сæ размæ рацудæй æма ниццийнæ ’й е ’нсувæртæбæл. Етæ дæр æй куд нæ рафæрститæ кодтайонцæ, дæ цард куд æй, нæ еунæг хуæрæ, зæгьгæ. Е ба син загьта: — Æз мæ цардæй гьæстаг нецæмæй дæн, ерун даруйнаг дæр, хуæруйнаг дæр мæ фагæ, фалæ уæ кæд уæ еунæг хуæри фæууинун фæндуй, уæд мæ ами гъæугæрон ма уинетæ. Æз ке номбæл дæн ами, уомæн дæр ес, сумах кумæ исиуазæг кæна, уæхæн къæс, æма нæмæ уордæмæ рахастæг уотæ, кæд ма мæ уæхецæн æнсувæр-хуæ- рæбæл нимайетæ, уæд. Берæй, нур афонæ ’й еци тоггини цæстин- гас рагæлдзунæн, дууæ хæстæги уотемæй нæ цардæуй. Етæ ба ин загьтонцæ: — Махмæ уæхæн нæуарзон цæстингасæй нецибал ес, иссудан æррæстæ дæу бабæрæг кæнунмæ, нур ба уæмæ медæгмæ дæр цæ- мæннæ бацæудзинан, æрмæст уой ку базонæн, æма дæ сæри хе- цауæн нæ фæууиндæ гъулæг нæ уодзæнæй, уæд. Уой ба уæд ба- зондзинан, æма нæмæ Хæмиц æхуæдæг ку рацæуа æма нин иуазæги æгьдауæй медæмæ ку зæгъа, уæд . Фатъимæт е ’нсувæртæбæл баууæндтæй æма цийнæгæнгæ фæййаууон æй сæхемæ. Уоми ба Хæмицæн рахабар кодта: — Атæ ’ма атæ, ме ’нсувæртæ иссудæнцæ, дæ хæццæ сæ бафе- даун фæндуй, расæмæ кæсæ, уæртæ гъæуи фæсте ’нцæ æма сæ нæ хæдзарæмæ æрбахонæ. Хæмиц ба ин загъта: — Иуазæг Хуцауи иуазæг æй, кæд абони уæнгæ мæ хæццæ æзнагæй фæццардæнцæ, нур ба сæмæ уæхæн растæрдæмæ сагъæс 297
æрцудæй, уæд е мæнæн дæр гьулæг нæй. — Уотемæй Хæмиц æ ходæ æ сæрбæл æрбакъуæрдта æма уæгъдæ ронæй гъæуи фæс- темæ е уазгути размæ рараст æй. Тасолтантæ дæр æртæ ’нсувæремæй, нур Хæмиц рацæуй, зæгъгæ, уой бæлвурд ку базудтонцæ, уæд дорти аууон сæхе нир- римахстонцæ æма, сæ астæумæ ку ’рбахъæрдтæй, уæдта ибæл дорти аууæнттæй сæ топпитæй никкалдтонцæ æма ’й уотемæй еци рауæн рамардтонцæ. Хæмици уосæ топпи гъæртæ ку райгъуста, уæд уайтагъд æ зæрдæ фæттарстæй — æнгъæлдæн мæ мæнгардæй басайдтонцæ, зæгьгæ, æма фæффæдес кодта. Уой фæдесмæ ба гъæу ракалдæнцæ æма и маргутæ ка ’дтæй, уони сорунтæ райдæдтонцæ, æма, Тасолтанти æртæ ’нсувæри еу рауæн урдуги куд ниууадæнцæ, уотæ ба сæ фæдес ниййафтонцæ æма се ’ртей дæр еци рауæн рамардтонцæ. Гъе уæдта, зæгьуй, Хæмицæн æ уосæ ка ’дтæй, Фатъимæт, е дзурд ракурдта фæдесонтæй æма загьта: — Хуарз адтæй, лæгьуз адтæй, уæдцæр мæ Хуцау æвæдзи уомæн исаккаг кодта æма ин æ мард ке не сигадæ кодтайтæ, æ тог ик ке райстайтæ, уой тухæн уин æз арфæгъон нæ дæн, æма уин Хуцау раарфæ кæнæд. Æ мард æгадæй кæми нæ байзадæй, уоми мин нур уой асæ зæрди нез нæбал исодзæнæй. Дигори Хъабан Авд Уæхъæци1 муггагæй дзурдтонцæ. Раст мæгур цæрæг лæг сæ астæу исæвзурстонцæ — Дигори Хъабан. Авд Уæхъæцей Æстъо- на ин цæрæн бунатæн равардтонцæ. Нæ фиддæлтæ лæгигъæдæ- бæл дзорагæ адтæнцæ. Сæ лæгигъæдæ — сæ дуйнемæ гæсгæ. Гъе, Дигори Хъабани уой туххæй равзарунцæ. Бæрцæлвид байраг, æ тæрнихи уорс æстъæлфæ, æртæ сау уæрей хæццæ; æртæ анзи ’й хуарæй ку исхаста. Алли анз дæр си еу уæр æвгарста æ уæраги хъанзи бæрæг базонунмæ. Æртиккаг уæр ку нивгарста, уæд ин æ бæрæг базудта: «Мæ бæх копси уалæ, е ’нгъуд над нæбал фæссайдзæнæй». Уæд ин саргъи рæвдзæ дæр бакодта. Æ зæрди хæтун æрæфтудæй. Хæтуни размæ уосæ æрхо- нуй баделиатæй хъумайагæн2. Æцæг уосæ баагоруй æхе мæгур Дигори муггагæй. Уæд æцæг хæтунмæ ранæхстæр уй афæдзи æнгъудæй Гурдзистонмæ. Дигорæ ин е ’рцудмæ нивæндтæ кодтонцæ. Æ афæдзи бони æриздахтæй Устур Мæхческæмæ3. Туйгъанти устур Туйгьан, æ фусун имæ æркодта Дигори Хъа- бан. Æ копсиуалæн æй æхе тургьи бæхбæттæнæн ниввæруй. Ди- гори Хъабан медæгмæ бацæуй; æ гъар хуæрдæ, æ гъар ниуæзтæй ин уазал ниуазæн рарветуй. 298
Туйгъанти устур Туйгъан æ къахи фийтæбæл ниллæууй æ ций- нæй: «Мæнæ мин Дигори Хъабан æгайти-ма мæ ном иссирдта!» Бонмæ уой хæдзари фæббадуй. Сæумæй ранæхстæр уй е гурæн бунатмæ. Æстъонамæ иссæуй. Дигорæ е ссудмæ æримбурд унцæ. Бонхуарз син зæгьуй. — Æгайтима нин дзæбæх æрцудтæ! Афæдзи бонмæ ’й некумæ бал рауагътонцæ. Æ афæдзи бон ку ’рхæццæ уй, дууæ уорс егари, копсиуали хæццæ цауæни рацæуй. Фиддæлти хæзна хъæрæймагæй сæумæй рæфтæмæ сагдзауæн ку кæнуй, рæфтæй изæрмæ тæрхъосдзауæн. Æ еу хатти рацуди Туйгъанти æфсинттæ, сæ уостæлтæ, сæ кизгутти хæццæ, кæрæдзей бæрæг нæ базонгæй, къæрæзгитæй уомæ кастæнцæ. Сæ уорс изæлуй къабæзтæ уомæ ку тилдтонцæ, мæнмæ рацо, мæнмæ рацо, зæгъгæ. — Мæ бацуд, æцæг, бунат ин нæ уодзæнæй! Æнгъæлдзауæй имæ байзайунцæ. Æстъонай размæ ку иссæуй, æ бæх æ къах ракъуæруй; æ галеу къохæй æй ниццæвуй. Дигори æмбурд сауæнги дæр уой æрцуд æнхæст дардтонцæ сæхе. Æ бæхбæл нигыъазуй. Æ бæхи гурæнтæ — сор къанаутæ. Хъабардей устур коми на ’дтæнцæ. Хуарз лæги хабар сæмæ цудæй. Æ бæхи лæгигъæдæ дæр æхемæ гæсгæ. Æрбаймæ æрве- тунцæ лæваргор: — Дæ бæх нин нæ еугурей номбæл афæй йади радтæ! На син загьта «нæ». Равардта син æй. Афæдзи бони æхсæви æмбеси Æстъонай дуар æрбахуастæуй. Æ хъумайаг уоси фурт ба- цæуй Дигори Хъабанмæ: — Дæ номæй дæ агурдæуй! Æ уæлдзар кæрцæ е усхъитæбæл, æ дууæ æркъей æ къæхтæ- бæл, дуар райгон кæнуй; дæс бæхгини æ дуармæ. Дигорон æгас цæуай син зæгъуй. Æ бæхбæл æ къох тæрнихæй думæги сæрмæ радаруй. Хъабардей лæвари ибæл фæууидта æвзестæй саргъ, сугъзæри- нæй æ ном æвард. Медæгмæ сæ бакæнуй. Дигорон цæнхæ, кæр- дзинæй сæ байуазæг кæнуй. Сæумæ сæ рарветуй сæ хæдзæрттæмæ æнæ зианæй. Хæтун æ зæрди ку æрæфтуйуй къуар бæнтти фæсте, Хъабар- дей бабæрæг кæнон, зæгъгæ. Хъабардейæн цуппар тегъæбæл цуп- пар зелæни æркæнуй. Цуппæрæймаг хатт феййафуй Биаслантæн се стур æмбурд, сæ хестæртæ сæ астæу, кæстæртæ сæбæл зилд лæудтæнцæ. — Айæ, ци дессаг æй, ани æмбурд! Басæмæцæуй, се ’мбурди кæронмæ æрлæууй, æгас цо зæгъæг ин нæййес. Хестæртæ астæуæй бæхи тæрнихæй æй бафæсмæ- рунцæ, сæ ковæн дзаума æвзестини цъæх махсумæ ковæггаг уомæн раттунцæ, баниуазуй, есæг ин æй нæййес. Æд бунтæ ’й баниуа- 299
зуй. Æ сæрбæл æй æркодта. Æ бæх кæронмæ ракæнуй. Дууер- дæмæ ’й раздахуй; гириз кæнун æй æнгъалдтонцæ. Æртиккаг хатт æ бæхи къембур рахатуй Дигорæмæ. Ниццæфтæ кæнуй æ бæх; райсурдтонцæ Биасланти бæхгин адæм. Фæстæмæ сæмæ ракастæй, фæдесон си нæ фæууидта. Ирæфи дони æрбахезуй. Дигори зæнхæ ссердта, тас имæ нæбал адтæй. Æхсæрисæри4 лæборæн къотæрмæ ку схæццæ ’й, уолæвд ин равардта; æвзестин æ бæхи фæсабæрцæ ниббæттуй, е ’лвасæнтæ ин балвасуй, дзурд раттуй æ бæхæн: «Ке дин равардтон абони уæнгæ, фæууæнтæ дин хæрам, ду аци æхсæвæ, Дигори хуæздæр æхсæвæр кæмæ уа, уомæ мæ ку нæ бахæссай! Æз дæр дин дзурд дæттун, Нари5 хестæрæн æ авд фуртемæй сæ хестæри æз рамард- тон, уомæ мæ ку бахæссай, уæддæр ке нæ раздæхдзæнæн!» Æртæ цæфи ’й никкæнуй. Æ тухæй æй рауагьта. Æцæгæй æй Нари хестæрмæ бахæссуй. Æ дзурд нæ басайдга: уæлбæхæй бадзоруй: — Хæдзаронтæ! Иуазæг уæмæ дзоруй! Æ фурттæй имæ сæ еу ракæсуй. Дуарæй фæстæмæ баздæхуй: — Нари хестæри фурттæ, уæ ном фесæфæд, саг фæрæтмæ æрцудæй! Еугайæй сæхе рæвдзæ кæнунцæ, сæ фиди зæронд сæ базонуй. Басæфæрсуй: — Ци кæнтæ? Мæнæн мæ тургъæмæ ка æрбацудæй, кæд мæ фурти марæг æй, мæ хъиамæттæ уин хæран фæууæнтæ, сумах уомæн ести ку кæнайтæ, æнæ мæхецæй дзурд! Сæ гæрзтæ æривæрунцæ. Раимæ цæунцæ еумæ; тургъи æмбесмæ ку рахъæртунцæ, æ бæхæй рафестæг уй. — Уе ’хсæвæ хуарз! - син зæгъуй. — Æгас цо, нæ хуарз иуазæг! — Сæ кæстæр ин æ бæх райсуй, æ гæрзтæ сæмæ равардта. Медæгмæ бацæуй зæронд фидæ æма зæ- ронд мади размæ, æ гæрзтæ исесуй, фæсдуар сæ байвæруй; диго- рон тæфирфæс син ракæнуй. Зæронд лæг имæ исдзурдта: — Хæстæгдæр мæмæ исцо! - Æ къох имæ раттуй, амонди хæццæ хæтæ, зæгъгæ. Зæронд уосæ имæ фестуй, æ къох ин райсу- ни размæ æ дзедзе ин æ гъæлæси бакæнуй. — Дæ къохæй ке рамардтай барæй дæр, æнæбарæй дæр, уой бæсти нин ду фæууо мах фурттæн сæ хестæр! Ба ’й иуазæг кæнунцæ еци æхсæвæ, æнæ зианæй сæумæ ран- дæуй æ хæдзарæмæ. Æ хæдзарæмæ ку исхъæртуй, Дигори зæрæндтæ æримбурд кæнуй хестæргай, нимæдзæ син не скодта: сæдæ сæдæ сæдæ ’вдай, сæдæ сæ уæлдай. Æстъонай мосмæ æримбурд унцæ. Авд сабати ниббадунцæ, авд фæнди сæри ’й бахастоицæ. Сæ фæндæ ниллух уй тоги цитæ бакæнунбæл. 300
Балхæнунцæ дигорон хуарæй авд анзи хаст уорс гал æнæ сау аестъæлфæ, уорс дарий ин æ хъури ниббæттунцæ. Æ хæццæ ра- цæунцæ, тоги цити фингæ сæ хæццæ уогæй. Нари хестæрмæ барветунцæ: - Федауци хуасæ фæууо, адæми курд райсæ! Дзуапп син равардта. - Адæми курд ка нæ райса, адæмæй нæ уодзæнæй! Рахæстæг нæмæ уотæ нæ бунатмæ! Бацæунцæ уорс гал тоги цитæ финги хæццæ, сæ разæй æрлæ- уун кæнунцæ. Хестæргай рæнгъитæй ниллæудтæнцæ. Сæ хуæз- дæр гъудцаг корун адтæй. Еци бон бафедудтонцæ. Æстæмæй астмæ фæббадтæнцæ. Æвзе- стин еци бон тоги цитæн ниууагьтонцæ Нари хестæрæн. Рацу- дæнцæ сæ хæдзарæмæ. Дигори муггагæн тоги федауцæ фæстагонтæн байзайуй еци бонæй аци бонмæ. Мады зæрдæ Раджы кæддæр иу хъæуы царди сидзæргæс ус. Йæ лæг амард, æмæ йæ дыууæ æнахъом лæппуимæ хæрз æрыгонæй идæдзæй баз- зади. Ус мой нал скодта, йæ сонт сæр нывондæн æрхаста йæ фыр- тты цæрæнбонæн. Йæ лæджы амарды фæстæ уый адджынæн хæ- ринаг никуал бахордга, йæ хуыссæн нал схъарм кодта, йæ цонг лæгъз дарæсы никуал атъыста: уæдæ мын макæмæ бахæлæг кæ- ной, къулбæрзæйæ мын макæмæ бакæсой, иннæ сывæллæттæй æнæрæвдыдцæр ма уой. Æмæ цынæ куыст кодта сидзæргæс ус: хъæдæй суг хаста, хуым кодта, хос карста. Дыууæ усы-иу кæм ныхас кодтой, уым никуы алæууыд æмæ йæхи никуы аирхæфста, кæд уыцы рæстæг дæр мæ сидзæртæн истытæ акæнин, зæгъгæ. Лæппутæ бахъомыл сты, уæдæ цы! Сæ рустыл хъуын рахæ- цыд, сæ фындзты бынтæ фæмил сты. Æрцыди сын бинонты хъуыддаг кæнын афбн дæр. Æмæ ус уыцы цинæй йæхи хаста. Цæрæнбонты цæмæ фæбæллыди мад, уый ныр йæхи цæстæй фендзæн. Кæдæй-уæдæй уый мæгуыр хæдзарæй дæр фæндыры цагъд æмæ цины зард райхъуысдзæн. Ныр кæд уый дæр цардæй исты фенид, кæд йæ арм чысыл фæрогдæр уаид!.. Фæлæ æнцон цæрдтытæ кæнынæн нæ райгуырди сидзæргæс. Цæрæнбонты амонд фæстейы бæргæ фæсырдта, фæлæ йæм амонд хæстæг никуы æрцыд. Чындзытæ нæ фæрæстмæ сты: æфсины нæ бауарзтой æмæ йын алы æвзæр митæ кæнын райдыдтой. Сæ бæсты йæ кусын кодтой, хæринаг ын нæ лæвæрдтой. Ноджыма йыл сæ лæгты дæр ардыдтой кæнæ, зæгъы, уæ мады фесафут, кæнæ та мах нæ хæдзæрттæм ауадзут. 301
Лæппутæ фыццаг сæ устыты ныхæстæ ницæмæ дардтой. Фæлæ, фыдæлты загъдау, нывæрзæн здахаг у, доны ’ртах та дур дæр ахуынкъ кæны. Куыдфæстæмæ сæ мадмæ мæсты кæнын райдыд- той. Байхъуыстой сæ устытæм æмæ фыдгæнды къахыл ныллæу- уыдысты: «Цæй, æмæ йæ амарæм, тæсчъы йæ нывæрæм, тар хъæдмæ йæ фæхæссæм æмæ йæ уым баныгæнæм». Куыд бадзырдтой, кæнгæ дæр афтæ бакодтой. Ферох сæ сты сæ мады тухи æмæ фыдæбæттæ, ферох ын кодтой йе ’нæхуыссæг æхсæвтæ, йæ фыдцæрдтытæ... æмæ йæ амардтой... Фæхæссы йæ кæстæр фырт тæсчъы мидæг хъæдмæ. Цæуы тæрсгæ-ризгæйæ, алырдæм фæкæс-фæкæс кæны, мачи мæ фе- нæд, зæгъгæ. Фæлæ æхсæвыгон тар хъæды чи хъуамæ уыдаид? Æрдæбон ма мæй касти йæ цæлхыдзагæй, фæлæ ныр уый дæр мигьты фæстæмæ йæхи байста æмæ уырдыгæй ракæс-ракæс кæны, цыма йæ уыцы æбуалгьы мийæн æвдисæн уæвын нæ фæнды, уыйау. Чысыл раз- дæр стъалытæ зæхмæ кастысты æнцад, æдзынæгæй, ныр фæны- къул-фæныкъул кæнын байдыдтой, цыма мады тæригъæдæй сæ цæстысыгтæ балæмарынц. Кæрæдзимæ тæхьшц, цыма зæххыл чи не ’рцыд, ахæм æвирхъау хабар хъусын кæнынц кæрæдзийæн. Фæлæ лæппу уыдæттæ ницæмæ дары. Размæ тындзы йæ чъи- зи фæнд сæххæст кæнынмæ. Уæртæ ма уыцы стыр тулдз бæласы онг цæуы, стæй йæ уый бын баныгæндзæн. Бирæ йæ нал хъуыди бæласы бынмæ, афтæ йæ къах къудзи- йыл скъуырдта æмæ былтæ размæ бахаста. Стынмæ хъавы, фæлæ йæ бон нал у... — Дæхи ныццавтай, мæ хур? — æрдзырдта йæм уæд мады уд кæцæйдæр. Мады зæрдæ Вариант Иу æнамонд лæгыл фæтыхджындæр йæ хæйрæджы хай: ныу- уагьта йæ хорз усы æмæ дардта цавæрдæр хæтаг ус. Ничи сæ зыдта, æрмæст æппæтзонæг Хуыцау æмæ лæппуйы зæронд мады йедцæмæ. Уæд дыууæ цъаммары суынаффæ кодтой усы амарын. Сæ уынаффæ æххæст дæр скодтой. Амардта лæппу йæ мады, систа йын хæзгулы амындæй йæ зæрдæ æмæ йæм æй иу изæр æрцæйхаста фæсвæдты. Талынджы цæугæйæ фæкалд æмæ ныххауди иу æрхмæ, мады зæрдæ та йæ къухæй ахаудта цъыфдзастмæ. Уæд æвиппайды лæппу цьыфдзастæй айхъуыста йæ мады дзурын: — Лæппу, дæхи ныццавтай, мыййаг? Исты дын уыдис, мæ хур? 302
Астанты мæсыг Рагон мæсыг ныр æрдæгхæлд у. Цардысты дзы Астантæ, мад æмæ дыууæ фырты. Иу уалдзыгон изæр тыхджын къæвда рацыд, арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Астанты дуар бахостæуыд. — Ей, уазæг уæм фæцæуы! — Уазæг — Хуыцауы уазæг... мидæмæ! Дуар байгом, æмæ бахызт донласт нымæтджын. — Уе ’зæр хорз! — Æгас нæм цу! Хистæр æфсымæр хъуыды кæны: «Зонгæ хъæлæс ын куы и... чи уыдзæн?» Уазæг артмæ бацыд, сыхæлдта басылыхъхъ, райста нымæт. Хистæр фестъæлфыд: «Ай — нæ фыды марæг. Сырд фæрæты коммæ æрцыд!» Кæстæр дуар ахгæдта. Уазæг бамбæрста хъуыд- даг, сласта хъама. Хистæр къулæй райста фат æмæ æрдын... Мад се ’хсæн бацыд: — Уазæгмæ æвналæн кæй, ма фегад кæн дæхи! Хистæр фат æруагъта... Фынгыл бадынц, хæрынц æмæ нуазынц. Æхсæвы мад уазæджы нывæрзæн бады, хъахъхъæны лæппуты рæдийынæй. Райсомæй сыхаг фæсивæдæн хъазт аразын кæнынц уазæгæн. Сыхæгтæ дис кæнынц: «Сау дарынц, æмæ сæм - хъазт!» Афæдз раздæр сын сæ фыды амардæуыд. Ацыд уазæг, фидауджытæ æрбарвыста, æмæ бафидыдтой. Беджызатæ бирæгъ куыд бастыгътой Беджызатæ бирæ мыггаг уыдысты. Сангали дæр уыдон къухы уыди, Абаза дæр Тлийы, Десы ком дæр Тырсыйы æмæ Хъæдла- сæн дæр. Фæлæ иу заманы мит фыдуард æркодта, æмæ бирæгъ хъæумæ æрцыди. Куыйтæ йæ фæстейæ асырдтой, æмæ бирæгъ куыройы хуынчъы смидæг. Куыйтæ хуыккомæн дыууæрдыгæй сбадтысты æмæ бирæгьыл рæйдтой. Беджызатæ куыйты рæйынмæ афæдис кодтой æмæ куыройы хуыккоммæ ныккастысты. Бирæгъ уыцы ран цалхы уæлæ зылди. Уыдон æм дыууæрды- гæй саджилджытæ бахастой æмæ йын сæ йæ хурхыл сæвæрдтой. Йæ бырынчъытæ дæр ын бабастой. Стæй йæ удæгасæй бастыгътой æмæ йæ ауагътой. Бирæгъ Уациллайы зæнгмæ ссыд æмæ уырдыгæй авд боны æмæ авд æхсæвы фæниудта, стæй амардис. 303
Уый фæстæ стыр низ сыстади, æмæ Беджызатæ аскъуыдыс- ты. Баззад ма дзы сывæрджын устытæ æмæ æнахъом сывæллæттæ, æмæ та уыдонæй амыггаг кодтой. Хъессаты Еба Хъессаты Еба уыдис æхсæз æфсымæрæн сæ хистæр. Тынг хъæз- дыг лæг уыдис, уазæг дæр æм бирæ цыдис, æхсæв нæ фæцух уыдаид, дыууадæс лæджы йæм куынæ уыдаид. Кæсæгæй йæм цыдысты, Дыгурæй йæм цыдысты уæздан адæм. Æхсæвæй-бо- нæй Еба уазджытимæ бадтис æмæ минас кодта семæ. Уæд иу хатт иннæ æфсымæрты устытæ загътой сæ лæгтæн: ~ Иу лæг æмæ йæ уазджытæн куы кусæм, æндæр махæн хæ- дзарæй куы ницыуал ис. Афтæмæй уарыны фæнд скодтой. Еба загъта: «Абон майрæм- бон, иннæ мæйрæмбоны байуардзыстæм». Еба йæ бæх аифтыгьта, йæ топп йе ’фцæджы афтыдта æмæ Дыгурмæ афардæг. Дыгуры йын молло æфсымæргонд уыд, æмæ уымæ бацыд. Молло йæ фæрсы: - Цы кæныс, Еба, цæмæ æрцыдтæ? Еба загъта: - Ме ’фсымæртæ уарынц, æмæ сæфынн, фæлæ мын исты хос скæн. Уазæг мæм кæй цæуы арæх, уый тыххæй уарынц, æмæ мæм уазæг цæмæй нал цæуа, уый хос мын скæн. Молло загъта: - Ма кæ, Еба, хорз дын нæ уыдзæн. Еба загьта: - Æндæр гæнæн нæй, уазæг мæм цæмæй мауал цæуа, уый хос мын скæн. Молло загъта: - Уæдæ хур йæ был куы сдара, уæд æй фехс æмæ-иу зæгъ: «Мæнæй уазæг æвдисæнгонд уæд». Цалынмæ не схицæн уа хур, уалынмæ йæ дыккаг æхст фæкæн æмæ-иу зæгъ: «Мæнæй уазæг — æвдисæнгонд. Хур дæр — ме ’вдисæн, мæй дæр — ме ’вдисæн». Бынтон куы сзына, уæд дæр æй фехс æмæ-иу зæгъ: «Уазæгыл æвдисæн кæнын, стъалытæ — ме ’вдисæн». Хур йæ был куы сдардта, уæд æй Еба æртæ æхсты фæкодта æмæ загъта: «Абонæй фæстæмæ уазæгыл æвдисæн кæнын, хур дæр — ме ’вдисæн, стъалытæ дæр — ме ’вдисæн». Стæй йæ хæ- дзармæ æрбафардаг. Ебайы хæдзармæ æмгæрон дæр ничиуал цыди. Æфсымæртæ дæр нал байуæрстой, хуым-иу бакодтой æмæ-иу сын дзы адæмы хъауджыдæр ницыуал схаудта. Сæ уыгæрдæнты-иу адæмы хъау- джыдæр кæрдæг нал сзади, æмæ смæгуыр сты. Уæд æфсымæртæ загътой Ебайæн: 304
- Дæ молломæ та фæцу, æмæ ма нын кæд исты хос скæнид. Еба та йæ бæх сифтыгъта, йæ топп йе ’фцæджы бафтыдта æмæ та молломæ ныццыдис. Молло йæ фæрсы: - Цы та кодтай, Еба, цæмæ та æрцыдтæ? Еба загъта: - Цыфыддæр — Ебайы хæдзар, цы мын загътай, уый мыл æрцыдис: хъуг мын рæуæд нал ары, фыс — уæрыкк, хуым мын нал зайы, уыгæрдæн мын нал зайы адæмы хъауджыдæр. Молло йын загъта: - Хуыцауæй кæй куырдтай, уый дын радта, гъеныр ма дын цы хос скæнон. Еба загъта: - Ацы ран мæхи амардзынæн, фæлæ ма кæд гæнæн ис, уæд мын исты хос скæн, мæ цард та йæ бынаты цæмæй сбада. Молло загъта: - Хур та йæ был куы сдара, уæд æй æртæ æхсты фæкæн æмæ- иу зæгъ: «Фæрæдыдтæн, Хуыцау, куыдзы коммæ ма бакæс». Хур йæ был куы сдардта, уæд æй Еба æртæ æхсты фæкодта æмæ загъта: «Хуыцау, куыдзы коммæ ма бакæс, мæ цард та йæ бынаты куыд уа, афтæ». — Стæй Еба афардæг йæ хæдзармæ. Уазæг дæр та йæм фылдæр цæуын байдыдта, йæ бонджын- дзинад дæр та йæ бынаты сбадти. Уый хæлæг æркасти Хъесса- тæм, æмæ йыл марыны фæнд скодтой. Иу æвзæры сардыдтой, ды йæ амар, зæгъгæ. Уæд хохæй æхсæвыгон цыдæр ныхъхъæр кодта: - Хъессатæ сæ Уастырджийы хайы марьгац, хъусæгæн — хъу- сæджы фарн. Æхсæвы Ебамæ фæрæтимæ бацыд æвзæр æмæ йæм дзуры: - Еба, дуар бакæн, балцы цæуын æмæ мын саргъ авæр. Еба дуар бакодта æмæ йæм дзуры: - Дæ разы дурыны арахъ æмæ дзы сыкъайы рауадз æмæ дзы баназ. Æвзæр арахъæй æртæ банызта, æмæ Еба куы æрхуыссыд, уæд ын фæрæтæй йæ сæр ныццавта æмæ йæ амардта. Уый уыдис Хъессатæн иттæг æхсызгон æмæ куывды фæнд скодтой. Дынджыр цæджджинаджы бæгæны сæвæрдтой æмæ йæм суа- донæй цыхцыр сарæзтой агмæ. Уыцы цыхцыры мидæг калм ра- бырыди æмæ аджы ныффардæг. Аг фыцын куыд райдыдта, афтæ халон дæр кæцæйдæр æртахт æмæ йæ алыварс зилы, куы аджы былыл дæр абады æмæ агмæ уасы. Асурынц æй, фæлæ та уæддæр æрбатæхы. Гæнæн куы нал уыд, уæд дзы йæхи смидæг кодта æхсидгæ аджы. Хъессатæ загътой: «Ай цыдæр хъуыддаг у», — æмæ аг рафæлдæхтой, афтæмæй дзы хъæдыйас калм рахаудта. Хъессатæ загътой: 20 Ирон таурæгътæ 305
— Цыдæр Хуыцау нæ сæфта, æмæ ма нæ халон фервæзын кодта. — Сæхæдæг халонæн куывды фæнд скодтой. Бæгæны та æндæр цæджджинаджы сæвæрдтой. Бæгæны куы сцæттæ, уæд кусæртытæ акодтой æмæ дзуармæ куывды бацыдысты, цы уыды- сты, уымæй. Дзуарæй урс гал рацыд æмæ йе ’фцæджы рахаста — чъири уæд æмæ физонæг уæд, цæрæнбоны дзуармæ куывды кæй фæхастой, уыдон. Стæй сыл сæ ныццавта æмæ физонæг æмæ чъири кæуыл аныдзæвдысты, уыдон рарынчын сты хæдзæртты æмæ фæцагъды сты. Гал фæдæлдзæх ис. Уæд, нудæс азы кæуыл цыд, ахæм сывæллон фæкададжи1 æмæ загъта: — Ебайы кæй амардтат, уый тыххæй уæм Хуыцау фæхъыг и æмæ уæ сафы, фæлæ халонæн ком дарут алы аз иу мæй. Уæ куывд уын дзуар нал айста, уæ чъиритæ æмæ уын уæ физон- джытæ дæр гъе уымæн раппæрста... Чъиритæ æмæ физонджытæ дæр фæдæлдзæх сты. Кæй нæ уырны, уый-иу Хъессатæй лæджы бафæрсæд. Уыцы бонæй фæстæмæ Хъессатæ халонæн гъеныр дæр ком дарынц. Тых æмæ зонд Рагон таурæгъ Куырттаты нарæг комы, æрра Фыййаджы былтыл баззадис нырмæ зæронд мæсыджы калд. Диссæгтæ дзурынц уыцы мæсы- гæй, таурæгътæ хæссынц йæ алфамблай калд галуантæй. Раджы кæддæр ам царди æлдар йæ рæсугьд чызгимæ. Алыр- дыгæй цыдысты курджытæ уыцы нæртон рæсугьд Дзерассæмæ - никæмæн лæвæрдта дзуапп. Хъæбæр адæм уыдысты фыдæлтæ, — сфæнд ыл кодтой рас- къæфын. Йæ хъустыл æрцыди уыцы кой зæронд Сосланæн. Февзæрста æгас къæйджын комы, фидардæр цы ран у, уый. Хилакъ-комæн йæ тæккæ нарæджы стыр хæхтæ кæм æрба- цъист кодтой, Фыййаджы дон ма æрмæст æвзистау кæм фертти- вы къæдзæхты астæуæй нарæг фæндагау, уым æрæвæрдта бын- дуртæ Сослан донæн йæ дыууæ былыл. Дард æцæгæлон бæстæтæм фæцыдысты барджытæ дæсныты агурæг уыцы фидар самайынæн. Дунейы хæрзтæ, алы хъæздыгдзинæдтæ ныббастой бæхджынтæ æнæкæрон диссаг дæснытæн — грекъæн. Фæцыдысты уыдон Со- сланы галуан аразынмæ. Къорд азтæ рацыдис — амадтой æмæ амадтой фидар систæ грекъ. Суанг Фыййагдоны сæрты æрбазылдтой уыдон стыр уæлар- 306
вон хидау галуанæн йæ бын, æрцамадтой йæ иу кæроныл бæр- зонд мæсыг. Фидар дур нæ разынд хæстæг Хилачъы комы, — кусджыты æрлæууын кодтой фæрсæй-фæрстæм суанг рагон Дзывгьисы ку- вæндоны онг, бонцыд уыдаид бæхджынæн кусджытæн сæ иу кæ- ронæй иннæмæ. Систаид иу кусæг фидар æндонау дур, балæвæрд- таид æй иннæмæ, афтæмæй-иу дур бахæццæ суанг мæсыгамай- джытæм. Бирæ фæллой, тухæн фесæфтой адæм уыцы галуантæ аразгæйæ. Нал фæрæзтой грекъ дæр кусын, куырдтой æлдар Со- сланæй ацæуыны дзырд. Афон уыди грекъæн суæгъд кæнын, фæлæ иу быруйы æдце амайын кодта Сослан иннæ, — не ’ууæндыд галуанæн йæ фидарыл, иттæг тарсти йæ хъæбул Дзерассæйæн. Сфæлмæцыдысты грекъ, нал куыстой. Сæхи конд мæсыджы сæ бакодта Сослан. Бадтысты грекъ, мысыдысты сæ дзыллæ, сæ райгуырæн бæстæ. Скодта диссаг уалдзыгон бон. Цъæх-цъæхид æрвтыл мигъы къуымбил никуы зынди, æрттывтой комы хæхтæ сæ урс цыргъ рæгътæй. Адæм бадтысты Ныхасы, тавтой сæхи хурмæ. Сосланы мæсыджы сæрæй иугай кæрæдзийы фæдыл рæсугъд стыр базыртимæ стахтысты грекъ фыццаг уæларвмæ, уый фæстæ цæргæстæй ауагътой сæхи комыл доны сæрты. Дæлæ Куырттатæй Дæргъæвсы æхсæн æфцæгмæ æруагътой сæхи, дардтой сæ фæндаг фистæгæй уырдыгæй æддæмæ. Фæдисы фæцыдысты Сосланы сагсур фæсивæд саулохаг бæх- тыл, фæлæ чи аййафдзæн зæххыл цæуджытæй уæларвон тæхæг уариты! Афтæ басæттынц зондцжынтæ тыхджынты. Зоратæ мæсыг куыд амадтой Зоратæ сфæнд кодтой мæсыг амайын. Куырттаты комы, Хæрисджыны, цардысты Джигатæ. Темыр- болат хуынди лæгæн йæ ном. Мæсыгамайæг уыди. Дæллагхъæуы амадта мæсыг Брытъиатæн. Сыбайæ йæм æрцыдысты Зоратæ — æртæ лæджы æмæ æртæ лæппуйы, мæсыг амайæм, зæгъгæ. Те- мырболат Дæллагхъæуы уыди. Уырдæм æм ныццыдысты. — Зымæг дуртимæ нæ архайын. Æртæ азæй раздæр мын нæ фæвæййы мæсыг амад. Ацы сæрд ам фæуыдзынæн куыст. Уал- дзæджы мæм æрцæут, — уыди йæ дзуапп Темырболатæн. Уалдзæджы йæм æрцыдысты дыууæйæ - зæронд лæг æмæ лæппу. Бæх ын æрластой æмæ йæ ахастой. Мæсыгæн йæ бындур бæрæг кæнын байдыдта Темырболат — кæм хуыздæр, кæм фи- дардæр уыдзæн, зæгъгæ. Уый йæ тæккæ зындæр,йæ тæккæ ахс- джиагдæр хъуыддаг у мæсыгæн. Скодта йын бындур, райдыдта амайын æмæ сæрд уым арвыста, фæззæг йæ хæдзармæ æрцыд. 307
Дыккаг сæрд дæр бакуыста æмæ, фæззæг фæстæмæ куы здæхт, уæд ын чидæр хæрзгæнæг фæци æмæ йын афтæ зæгьы: — Гъе Джигайы-фырт, фидæнмæ куы цæуай, уæд-иу иунæ- гæй ма ’рцу. Темырболат ныхас бамбæрста. Æрцыд йæ хæдзармæ æмæ йæ фыртæн ус ракуырдта. Уалдзæг йæ фыртимæ Хæрисджынæй Сыбамæ мæсыг амайынмæ араст и. Уæртæ хохрæбынмæ куы ба- хæццæ сты, уæд фыд фыртæн афтæ зæгъы: — Лæппу, иу æмбал ма мæ куы уаид! — Æмæ ам зæххыл змæлæг куынæ ис, уæд дын кæцæй æркæ- нон? — дзуапп ын радта лæппу. — Уæд та мæ бæх куы уаид! — Бæх нæхимæ уыди, æмæ йæ нæ ракодтам. Ам хъæу нæй, кæм дын ссарон? - уыди йæ дзуапп лæппуйæн. — Уæдæ цом фæстæмæ нæхимæ. Æрцыд йæ хæдзармæ æмæ йæ чындзæн афтæ зæгьы: — Хорз чывдз дæ, ницæмæй дæ фауын, фæлæ мæ царды нæ бæззыс. - Сбуц æй кодга фæллойæ æмæ йæ арвыста. Æрхаста æвдæр чындз. Араст та йæ фыртимæ мæсыг амайынмæ. Хохрæбын та йæ фыртæй куырдга æмбал æмæ бæх, æмæ та йын фырт уыцы дзуапп радта. Фæстæмæ та раздæхт æмæ та йæ чындзы арвыста, фыцца- джы куыд арвыста, афтæ. Æрхаста æртыккаг чывдз. Чызг æмæ лæппу иу ранмæ куы ’рцыдысты, уæд ын чызг афтæ зæгъы: — Цы ныхас, цы загъд уæм æрцæуы? Ныр та мæн дæр æрвитгæ кæндзыстут? Уыдон мæнæй хуыздæр, сæрæндæр чызджытæ куы уыдысты. — Æмæ-гъа, загъд дæр нæм нæ вæййы æмæ æндæр дæр. Сы- бамæ мæ акæны мæ фыд Зоратæн мæсыг амайынмæ. Стыр хох- рæбын мæ æрфæрсы æмбал æмæ бæх. Æз уым кæцæй ссарон уыдон, æмæ фæстæмæ раздæхæм. Чындзы йæ цæгатмæ арвиты, — уыди йæ дзуапп лæппуйæн. Æмæ чызг лæппуйы сæр йе ’нгуылдзæй бахоста: ~ Уыцы лæг кæмдæр цæмæйдæр тæрсы æмæ фæсномыгæй агуры, ныхæстæ чи ’мбары, ахæм. Бæх дын куы зæгьа, уæд ын йе ’рчъигæ фелвас, сæ рæхсинæгтæ сын арæхс, фæсал сæ акæн æмæ йын сæ йæ разы авæр. Æмбал дын куы зæгъа, уæд та йын йæ къухы лæдзæг авæр. Ацыдысты та Сыбамæ фыд æмæ фырт. Хохрæбынмæ куы бахæццæ сты, уæд та фыд зæгъы йæ фыртæн: — Лæппу, æмбал мæ куы уаид! — Дæ кард мын авæр, дада. Кард ын авæрдта. Лæппу ныууади хæрисы къудзимæ. Аца- рæзта лæдзæг æмæ йæ фæсагъта йæ фыды къухы. Фыд, æнæ- сдзургæйæ, бацин кодта æмæ загъта: ~ Æххæст-ма мæ бæх куы уаид! 308
Лæппу фæсæлттæ ратыдта, æрбадын æй кодта. Йе ’рчъитæ йын раласта. Фæсал сæ акодта æмæ йын сæ йæ разы æрæвæрдта. — Хуыцау, дæуæй — разы, ныр мæ рæбын — фидар, — загьта фыд. Ныццыдысты Сыбамæ, уæдæ цы уыдаид, фыд æмæ фырт. Райдыдтой кусын. Мæсыг фæуынхъус сси. Райсомæй сихормæ амайын ма йæ хъуыд. Æмæ сын сæ хæрзгæнæг афтæ зæгъы: — Гъе мæгуыр Джигатæ, уæ мæсыг амад куы фæуа, уæд уæ Зоратæ маргæ кæндзысты. - Темырболат бамбæрста, ныхас цæйаг уыди, уый æмæ афтæ зæгъы: — Лæдзæгæн дыууæ кæроны ис. Бур байрагдзармæй йын куатæ - Темырболатæн. Йæ астæ- уыл æй бæтты. Мæсыгмæ бацыди æмæ йæм кæсы - куы йæ иу фисынæй, куы йе ’ннæ фисынæй. — Цæй зæрдиаг кæстытæ кæныс дæ мæсыгмæ, Темырболат, амад дын куы фæци? — фæрсынц æй Зоратæ. — Мæ рæстгæнæнтæ мæхимæ не сты, мæ барæнтæ дæр мæ- химæ не сты. Мæ лæппуимæ нæхимæ цæуæм, - уыди йæ дзуапп Темырболатæн. — Ау, уый та куыд? Мæнæ нæхимæ бæхтæ, лæгтæ. Ныууай- дзысты сæм, — загътой Зораты зæрæдтæ. Мæсыгæн уыди иуæндæс æмæ ссæдз хъуджы æд родтæ ама- йæггаг. Æмæ сын уыдон цæмæй баззадаиккой Зоратæн, уый тых- хæй сын скодтой марынвæнд. Зоратæ æртæ лæппуйæ саргъы бæхтыл рараст сты Куырттаты коммæ. Темырболат сæ размæ фæци æмæ сын бафæдзæхста: ~ Чындзæн-иу эæгьут, гал æмæ уæныг, зæгь, мидæгæй сты, фæлæ зæгъ, уыцы æртæ стуры æддæ ма ныууадз. Æртæ барæджы æрхæццæ сты. Джигатæм бадзурынц. Зæронд усы йеддæмæ хæдзары ничи. Чындз — куыройы. Ауыдта сæ, раз- гъордта. — Нана, цавæр адæм нæм уыди? - фæрсы йе ’фсины. — Æмæ гъа. Нæ лæг æрвиты мæсыгбарæнтæм æмæ растгæ- нæнтæм. Æмæ сын æз ницы зонын. Фæстæмæ аздæхтысты. Чындз сæ фæстейæ суры доны былтыл. Хъæр сæм кæны. Ивылд дон къултыл йæхи хойы. Барджытæ нæ хъусынц сылгой- маджы хъæр. Баййæфта сæ. Бафарста сæ. Уыдон загътой: — Мæсыгбарæнтæм, йæ растгæнæнтæм æрцыдыстæм. — Ахæссут сæ, - чындз сын загъта æмæ сæ фæстæмæ раздæх- та. - Æртæ азы нын нæ адæмы хæссут. Кусарт акæнут уæхицæн, — зæгъгæ, сæм кусæрттаг слæвæрдта уæлбæхмæ. Иу хъæуккаг лæппумæ дæр фæсидт. Кусарт акодтой. Иууыл- дæр сын æй сфыхта. Хорз сæ суазæг кодта. Кусартæй ма цы баззад, уый сын сæ цамтаты сæвæрдта æмæ сæ доны къæртаимæ хæдзарæй мæсыгмæ бахизæн дуары къæсæры мидæгæй æрæвæрд- та, стæй сын афтæ зæгъы: 309
— Мæнæн нырма мæсыгмæ цæуæн нæй, мæсыгбарæн æмæ растгæнæн уæхæдæг райсут мæсыгæй. Зоратæ мæсыгмæ бахызтысты. Ус сыл дуар сæхгæдта хъæдын гуыдырæй. Уыдон фæстæмæ мæсыгæй дзурынц: — Ам куы ницы ис! — Мæн чи хъæуы, уыдон ам сты, - загъта ус. — Ахст стут сымах. Уымæн æмæ нын нæ лæгты марынвæнд скодтат. Ныр уын ауадзæн нæй, цалынмæ уыдон рауадзат, уæдмæ. Дыууæ боны фесты мæсыджы. Æртыккаг бон кæсынц мæ- сыджы сæрæй, æмæ дæлæ иу барæг æрбацæуы йæ урс бæхыл. Сæ иу афтæ: - Акæсут-ма, Дзаттиаты Джигоры бæхы сирд кæны, æмæ ам цы ми кæны? — Ныхъхъæр æм кодтой. Джигор сæм æввахс ба- тардта, скаст сæм мæсыджы сæрмæ: ~ Хуыцауы тыххæй, уым цы ми кæнут? - Мах ахст стæм. Цалынмæ сын сæ лæгты рауадзат, уалынмæ махæн ацæуæн нæй. Æхсæв-бон ма бахынц, афтæмæй цу, дæ хор- зæхæй, æмæ зæгь Зоратæн. Джигор ацыд Сыбамæ. Рахабар кодта Зоратæн. Зоратæ мæ- сыг амайæггаг æрæмбырд кодтой иуæндæс æмæ ссæдз хъуджы æд родтæ. Куырттаты коммæ сæ Стыр хохы фарсмæ æрхæццæ кодтой. Сæ хæдзар ссардтой Темырболат æмæ йæ фырт. Уæд Темырболат Зораты æртæ лæгæй дыууæйы ауагъта. Æртыккаг ма уæддæр ам уыди. Æртæ комæй тæрхоны лæгтæ ракодтой Зоратæ: Сыбагомæй, Ручъы комæй, Захъхъагомæй. Урс гал семæ ралас- той. Нозт, цæхх æмæ кæрдзын. Хистгæнæн фæзы куывд скодтой. Æртæ комы тæрхоны лæгтæ Зоратæн туджы тæрхон скодтой, Те- мырболат æмæ йæ фырты марынвæнд кæй скодтой, уын тых- хæй. Фæлæ Темырболат ницы райста Зоратæй. Бафидыдтой, Зо- раты æртыккаг лæппу ацыд сæхимæ. Цыппæрæм аз Темырболат ныццыд Сыбамæ æмæ Зораты мæсыг амад фæци. Хъæдæргъæвæн Куырттаты нарæг комы, дыууæ стыр хохы сæ рæбынтæй иу кæм бавæййынц, Фыййаджы дон кæм айгæрста дыууæ хохы бын, уым ис уæлхохы нарæг фæндаг. Хуымты кæрæттæй рацæуы уæлæ- уæзты æмæ æрбахизы къæйджын къæдзæхсæртæм, рæсугъд æндахау æрбахæццæ вæййы йæ кæрон фæзилæнмæ. Сонт зылд фæкæны Куыдзæппарæн былæй æмæ къæдзтæ-мæдзтæй райдайы зилын дæлæмæ стыр дурты астæуты, суанг ныххизы Фыййаджы былмæ. Бирæ фыдбонтæ фенынц хæххон адæм сæ суджы уæрдæт- тимæ уым хæрдмæ зилгæйæ, бирæ фосы тых дзы ныккалди ту- хæнгæнæн схæцæны. Уый у «Хъæдæргъæвæн». 310
Æппæты уæле фæндаджы тæккæ къæдзыл æрлæууыд рагон цырт, æнæфæллайгæ хæстон хъахъхъæнæджы хуызæн фæлгæсы уый фæндагмæ. Уæлæуæз, уæлхохы рындзтыл радаргъ ис уыцы над^фæндаг. Йæ бакомкоммæ доны сæрмæ фаллаг къæдзæхыл сидзæры лæуд кæны рагон хус нæзы — Уастырджийы бæхбæттæн. Раджы кæддæр, нæ фыдæлты рæстæджы æрцыди ацы ран диссаг. Зæронд адæмтæ йæ дзурынц ныр дæр ма фæсивæдæн. Дыууæ тыхджын мыггаджы æхсæн æрцыди фыдбылыз. Дыууæ æмхуызон æмгары æнæрхъуыдыйæ сдзырдтой кæрæдзимæ хъаз- ты астæу. Нæ баурæдта сæ иу йæхи æмæ æфсымæры туг ныккалдта сау мæрмæ. Фæлыгъди абырæг, фæци хæтæнхуаг. Бирæ азтæ арвыста уый сырды цардæй, нал хъæцыди йæ цæс- гом адæмы астæумæ. Иу талынг æхсæвы æрбацæйхъуызыди уый тар хъæдæй хъæу- мæ йæхицæн хæринаг рахæссынмæ. Ахæм сау æхсæв скодта, æмæ къух цæсты фæтъысгæйæ дæр ницы фæзындаид. Иттæг зынимæ цыди æнамонд туджджын. Рагæй ахуыр кæсгон бæх йæ сау цы- дæй фæсте уагъта дурджын фæндæгтæ. — Цы дæ уый? — зæгъгæ, фæцыди йæ разæй тарст лæджы хъæр. — Хицон, — загъта абырæг. Æрбахæстæг сты, базыдтой кæрæдзийы. Ехсы цæлхъ, бæхы зылд, йæ фæстæгтыл æй фæлæууын кодта абырæг æмæ аппæрста йæхи рындзæй: кæй амардта, уый фыдæй фефсæрмы æмæ мæлæт равзæрста йæхицæн. — Бауром! Не Сфæлдисæг Хуыцауы тыххæй! - йæ фæстæ ныхъхъæр кодта зæронд лæг. Фæлæ ныххæццæ сты саулохаджы æндон къæхтæ бур чысмæ, йæ фæстаг æрдæг бынтондæр къæйтыл хафгæйæ бырыди æмраст мæлæты дзыхмæ, дард нал уыди фæстаг хауæн æрра Фыййаджы былмæ, — бирæ æрмæринтæ уыди уыцы хауæн, йæ фарсмæ хуы- мæтæджы нæ уыди Æппарæн был. ~ Æнусмæ чи аивгьуыдта, уый хатыр бакæн! Раздæх! Уый бæсты мын уыдзынæ хъæбулæн. Де ’фсарм равдыстай - бузныг. Уæлæмæ фæзылдта абырæг йæ бæх, сонт гæппытæй, — фæл- тæрд алцæуыл дæр, — феппæрста йæхи æмæ (йæ тæнтæй змæл- гæйæ) фæндаджы астæу абадт. Ныхъхъæбыс кодтой кæрæдзийæн дыууæ туджджыны. Ферттывта арв, ныррухс и ком. Уæлæрвты йæ урс-урсид бæ- хыл Уастырджи сæ сæрты æрбатахт. Афтæ фыдæлтæ хатыр кодтой æгъдауджын знагæн. 311
Сауджыны фæнад Дзомагьы сауджын зымæгон, Цыппурсы карзы, астæумæ миты слæгæрста Бедзетæм1. Уым нæдæр Бедзейы баййæфта, нæдæр йе ’фсымæр Цаисманы. Сæ мад Гæбæриан сауджынæн цæхджын фыд сфыхта, хæбиз- джын æмæ йæ арахъæй хорз бахыгъта. Сауджын куы барасыг и, уæд Гæбæрианæн загъта: — Хорз мæ федтай, фæлæ ма мын мæ хæдзармæ дæр иу цыхт куы раттис. Зæронд ус исдугмæ фырдиссагæй фергъуыйау, стæй йын æфсон скодта: ~ Цыхт нæм нал ис. Сауджын бузныджы бæсты фелгъыста усы: — Кæд ма дæм ис цыхт, уæд дæ хæндыджы мыст ныххауæд, æмæ дын мæ аргьауинаг фæуæд. — Йæхæдæг хъуыр-хъуыр æмæ дывдывгæнгæ ацыдис. Уалынмæ Цаисман хос æрбаласта æмæ йæ мады мæстæйдза- гæй æрбаййæфта. Афарста йæ: — Цы кодтай? Мад ын радзырдта сауджыны æбузн æмæ æдзæсгом хъуыдцаг. Цаисман загъта: — Мæсты ма кæн, нана, æз дын ацы сахатыл дæ маст райс- дзынæн! Йæхæдæг Бедзейы райстбавæрд худ райста, йæ цухъхъайы фæдджийы йæ атыхта, ставд бæрз лæдзæг айста æмæ афтæмæй асырдта сауджыны. Дзугаты рагъæй куы ауырдыг кодта, уæд дæлæ дæлиаумæ сау- джыны федта æмæ йæм ныхъхъæр кодта: ~ Фæлæуу, сауджын, мæнæ дын дæ цыхт раттон. - Йæхæдæг йæ цухъхъайы фæдджийы тыхт худыл йæ галиу къух авæрдта, ома цыхтыл хæцын. Сауджын æрлæууыди цыхт æнхъæлцау. Цаисман æй куы æрæййæфта, уæд ыл бæрз лæдзæгæй ралæ- ууыди нæмын. Уыцы арф миты йæ афæлдæхта æмæ йæ уый- бæрц фæнадта, цалынмæ йæ хъæр æмæ йе ’рдиагæй банцадис. Уæд æй мардæфсонæй ныууагъта æмæ йæ мадмæ хæрзæггурæг- гаг сфардæг: — Дæ маст дын райстон хъуынджын хæрæгæй. Фæзы Дзомагъ хъуыстой сауджынæн йæ кæуын æмæ йе ’рди- аг, фæлæ сæ йæхи ничи равдыста, цыма ницы федтой. Сауджыны над Цаисманæн лæвар батади. 312
Куыдзан æмæ Хуыдзионы аскъæфт Беджызатæ бирæгъы куы бастыгътой, уæд аскъуыдысты æмæ сæдых сты. Уæдæй фæстæмæ абоны онг дæр бирæгъ нал ма- рынц. Баззад ма дзы мыггагæн: Æхджер, Гуыдзой, Дохтæби, Джетæ æмæ æнахъом сывæллæттæ. Уæд Æхджер баздæхт æмæ Тæхойы хъугомы зæхх Саулохтæн ауæй кодта. Йæхæдæг сыстад æмæ Дменисмæ афардæг. Дменисы азнауыртæ цардысты. Æхджер азнауыртæм æрцард, куыста сæм, æмæ йын кæрдзын лæвæрдтой. Уый фæстæ Беджызаты Пепе куы рахъомыл, уæд наместник Воронцовмæ хъаст бахаста æмæ Саулохты Тæхойы хъугомæй фæтардта. Беджызатæй дæр ма чи баззад, уыдонæн дæр сæ зæхх радтой фæстæмæ. Саулохтæ уыцы маст бахастой æмæ Куыртта- тæй лæгтæ æркодтой. Уæд Беджызатæн сæ чызг Куыдзан æмæ сæ чындз Хуыдзион хъæдмæ æхсæртæ тонынмæ ацыдысты. Саулохтæ сæ куы базыд- той, уæд сæ куырттатæгтæн аскъæфын кодтой æмæ сæ Кæсæгмæ уæймæ ахастой. Беджызаты Мысостмæ уыди иунæг гал. Гæнæн ын нал уыд, æмæ йæ ныккодта Томайты уæлмæрдмæ. Уым æй ныббаста, стæй бацыд Томайты Мæхæмæты фыд Созырыхъомæ æмæ йын загъта: — Мæ чындз æмæ мын мæ чызджы Саулохтæ аскъæфын код- той куырттатæгтæн, æмæ мæ уæ хорзæх уæд æмæ мын сæ æркæ- нут. Сымахæн уæ бон бирæ у, тыхджын мыггаг стут, æмæ кæм уой, уым сæ сымахæн ратдзысты, — æрхъуыды кæнут нæ фы- дæлты хæлардзинад. Созырыхъо гал айста, уæдæ цы уыдаид, стæй йæ бæхыл сбадт æмæ Кæсæгмæ ныццыд. Куыдзан æмæ Хуыдзионы уæй кодтой Кæсæджы, афтæ сæ ныййæфта Созырыхъо. Уæйгæнæг æмæ æлхæнæг та дзырдтой æрмæст иу ирон топ- пыл. Уалынмæ сæм дзырдхæссæг фæци: — Томайы-фырт æрхæццæ, фæлæ уæ сæр бафснайут. Уæйгæнæг дæр æмæ æлхæнæг дæр фæтарстысты. Томайты Созырыхъо Куыдзан æмæ Хуыдзионы йемæ ракодта уырдыгæй æмæ сæ Мысостмæ æркодта. Афтæ-иу кодтой, гье, нæ фыдæлтæ. 313
Багус æмæ Бага Калотæн чындз уыдис, æмæ йæ мой амард. Уæд йе ’рвадæлтæ дыууæйæ — Багус æмæ Бага - чындзмæ сдзьгодтой. Чындз куы- роймæ цырагърухсæй ныццыд - райсомæй. Иæ фæдыл Бага æд хæцæнгарз ныууад, уый фæстæ Багус дæр — æд хæцæнгарз. Багус æмæ Бага куыройы фембæлдысты, афтæмæй кæрæдзимæ кæрдтæ фелвæстой. Чындз сæ астæу балæууыд, æмæ йын чидæр йæ тар алыг кодта. Ус æрхауд зæххыл. Бага æмæ Багус фæлыгъдысты. Уæд чындзы бинонтæ загьтой: ~ Исчи-ма йæм ныууайæд, нæ чындз кæм ис? - Бинонтæй иу æрцыд куыроймæ æмæ ныхъхъæр кодта: — Чидæр æй амардта! Адæм загътой: — Ай Бага кæнæ Багусæй чидæр амардта. Бага æмæ Багус мæсгуытæм бацыдысты. Уæд чындзæн йæ фыд æмæ йе ’фсымæр æрцыдысты æмæ дыууæ хæдзармæ балæбурдтой, хъуамæ дыууæйæ иуы амардтаик- кой. Адæм Нарæй, Захъхъайæ æмæ алы ранæй æрцыдысты, фæлæ дыууæ лæгæй ничи састи. Бага загъта: — Багус æй амардта. Багус загъта: — Нæ, Бага йæ амардта. Афтæмæй адæм ницы бафæрæзтой хъуыдцаг равзарынæн. Гуыргъохъотæй иу Тега хуындис æмæ сын загъта: — Томайты Мæхæмæт æмæ Гаглойты Джетæмæ арвитæм, уыдон та кæд исты æрхъуыды кæниккой. Йæ фæстæ сæм дыууæ лæджы рарвыстой. Джетæ зæронд лæг уыдис æмæ загъта: — Æз зæронд дæн æмæ нал афæраздзынæн. Нæй гæнæн, зæгъгæ, загъта æрвыст лæг, æмæ уæд Джетæйы бæхыл сæвæрдтой, стæй рацыдысты. Мæхæмæты дæр семæ ра- кодтой æмæ ныццыдысты Захъхъамæ. Ноджы та адæм æрæмбырд сты, зæгъгæ, ацы лæгтæ исты зæгъ- дзысты. Уæд Мæхæмæт загъта: ~ Хуыцау уыцы куыройы мæн дæр куы фæкодтаид, мæн дæр дзы мæ хай фæуыдаид. Фæлæ кæд нæ сæттут, уæд æмхуызонæй бафидут туг. Бага æмæ Багус дæр æмхуызонæй бафыстой туг. Мæхæмæт æмæ Джетæ та арфæйаг фесты, æмæ сæ Захъхъайы Калотæ лæ- вæрттимæ рарвыстой. 314
Софиайы таурæгъ Софиа Хъазбегаты чызг уыди. Йæ фыд инæлар уыди, йе ’фсы- мæр та — булкъон. Йæ фыд къамæй душетаг1 кънйазимæ хъазыд, æмæ йæ амбылдта. Кънйаз та йæ ахаста Софиайы Душетмæ. Уым алыбон дæр чызг куыдта. Иу бон куыдта æмæ загъта: «Уæ Хуыцæутты Хуыцау, кæд мæ истæмæн радтай, уæд ма мын Уырмонты рагъæй иу нæхирдыгон барæг фенын кæн!» Уæд Уырмонты рагъæй иу барæг æрбазынд. Бынæй хуытæ хызти æмæ сæ астæуты æрбацыд. Уыдон змæлгæ дæр нæ фæкод- той. Софиа банхъæлмæ касти, кæд хион уаид, фæлæ ницы. Уалынмæ та Уырмонты рагъæй æндæр барæг æрбазынд. Уый разынд Цæлыккатæй Дзадте. Куы ’рбакасти, уæд хуыты астæу æрбацыд, æмæ йæ бæх, хуыты куы федта, уæд стъæлфтытæ код- та. Иуы дзы ныссæрфта кардæй æмæ йæ дыууæ æмбисыл ахауын кодта. Рахызт æмæ губаччы йæ кард ныссыгьдæг кодта. Софиа йæм кæсы. Уæд Софиа фæхудтис æмæ йæ гæрзтæ кæнынмæ фæци. Сæ бинонтæ та кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг фесты: «Кæдæй-уæдæй, дам, нæ чындз фæхудти». Йæ дзауматæ кæнынмæ куы фæци, уæд загъта: «Мæнæн æнæ мæ уд амæлгæ ацы ран цæргæ нæу». Софиа кæсы, æмæ барæг куы ’рбахæццæ ис, уæд йæ размæ рацыди æмæ йæм дзуры: — Кæд Тæгиаты барæг дæ, уæд дын фæндзæм усæн дæр фæ- цæудзынæн, уæдцæр мæ ам ма ныууадз! Дзадте бæх иыццæфтæ ласта: — Мæ фыдыстæн. нæ дæ ныууадздзынæн ам, — æмæ йæ йæ фæсарц баппæрста. Йемæ йæ рахаста йæ фæсарц æмæ йæ Мæз- дæджы даргъ хиды былмæ ныххаста. Иу-дыууæ-æртæ боны йæ фæхаста йæ фæсарц. Æфсымæр-хойы хаст æй фæкодта Мæздæ- джы даргъ хиды былмæ. Уым æй æрæвæрдта æмæ йын загъта: — Мæнæ дын ацырдыгæй Тæгиатæ, иннæрдыгæй дын Бади- латæ, аннæрдыгæй та Сау Ногъай. Кæдæм дæ фæнды, мæ хур, уыцырдæм дæ ратдзынæн. Софиа уæд бавдæлд, афтæмæй йын загъта: — Æз дын афтæ куы загътон æппæты фыццаг, фæндзæм усæн дæр дын фæцæудзынæн. Ныр мæ айонг æфсымæр-хойы хъахъ- хъæд кæй фæкодтай, уый тыххæй æз дæуæй фæцæуинаг нал дæн. Гъемæ йын уæд Дзадте загъта: — Мæ фыдыстæн, æз ам дæу дзæгъæлы нæ ныууадздзынæн. - Æмæ йæ Пысылмон хъæумæ йæ хæдзармæ сфардæг кодта Хъаз- бегаты хъал чызджы. 315
Ног нымæт — Мæ худинаг дæуæн йеддæмæ никæмæн зæгъын, дæуæй дард- дæр нæ ацæудзæн, уый зонын, фæлæ йæ адæм куы фехъусой, уæд мын цæрæн нал и: ме ’мгæртты æхсæн мын ацæуæн нал уыдзæн, чызг мын нал бакомдзæн. Хъусыс, макæмæн æй зæгъ! Уый уыдис фарон, тæккæ мæнæугæрдæны. Хуымдзаутæн кæрдзын сихормæ фаг нал уыдзæн, зæгъгæ, нæ зæронд уæрдоны бæхыл голлаг баппæрстон, абадтæн ыл æмæ кæрдзынмæ рацыдтæн. Раздæр мæ кæстæр æфсымæры æрвитынмæ хъавыдтæн, фæлæ, æвæццæгæн, лæгæн йæ ныв цы уа, уый йын æнæ баййафгæ нæй, — æмæ уый нал ауагътон, фæлæ мæхæдæг рацыдтæн. Цалынмæ бинонтæ голладжы дзултæ æвæрдтой, мæхæдæг къæ- бæр хордтон, уалынмæ кæцæйдæр арвы нæрын ссыд. Батагъд кæнын хъæуы, мæхинымæр загьтон, æмæ, бæхыл сбадынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæм чындз фыдбылызау ме ’фсымæры дзыхъ- хъынног нымæт ралæвæрдта, куы уара, мыййаг, зæгъгæ. Нымæт ме ’фцæджы баппæрстон, бæхыл сбадтæн æмæ, дзаг дзулты голлагыл хæцгæйæ, рацыдтæн. Хъæуæй дзæвгар куы ра- уадтæн, уæд мæм фæуырдыггæнæнæй фæндагыл барæг сзынди. Фæзы баиу стæм æмæ кæрæдзийæн салам радтам. Барæг цæттæ барæг разынд: æлвæст, усгур лæппу, хъуаг ни- цæмæй уыди. Йæ бæх дæр афтæ: йæ буар хурмæ сынты базыры хуызæн æрттывта, йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой, йæ къæхтæ зæххыл нæ хæцыдысты. Куы фæхицæн стæм, уæд барæг фæндагыл дыууæрдæм хъа- зын байдыдта. Иу хатт куы уыд, уæд дын мæ рæзты рахъазыд æмæ дæлæмæ фæцагайдта. «Дæ бон ныккалай, нæдæр хоры мæт, нæдæр хосы мæт кæй нæй», — загътон мæхинымæр æмæ йæм бахæлæг кодтон. Барæг æмæ бæх, цыма иу уыдысты, уыйау фи- дыдтой. Фæстæмæ куы фæзылди, уæд йæ бæх цыппæрвадыгæй ра- уагъта. Мæнмæ куы сæввахс, уæд æй ноджыдæр басхуыста æмæ уарийау йæхи мæ нымæты фæдджийыл ныццавта æмæ йæ ме ’фцæгæй аскъæфта. «Уæуу, мæ хæдзар куыд фехæлди! Цæй худинаг фæдæн! Ай мæлæты хъуыддаг куы у!» — Цалынмæ æрдиаг кодтон, уалынмæ уый бындзы тахт акодта æмæ афардæг... Куыд мæ ферох уыдаид уыцы маст?! Ард бахордтон: ус мæ Хуыцау фестын кæнæд, мæнæн мæ нымæт куыд байста, афтæ æз дæр куынæ бакæнон, куы сæмбæлон, уæд! Мæ цард мæ цæсты ницыуал уыди, мæ хæрд, мæ куыст мын ад нал кодтой. 316
Фестæм нæ куыстытæ. Джиуæргуыбамæ бирæ нал уыди, афтæ хохæй фос æртардтой, нæ бадыны бæх дæр æркодтой. Байрагæй нæм схъомыл æмæ бинонтæн адцжын фос уыди; мæнæн та уæл- дай адджын уыд: къорд хисты дугъы рамбылдтон æз уый руа- джы бæгæныйы къуыстилтæ æмæ тохъхъылы кусæрттæ. Тепсыхъо йыл мæхæдæг кодтон. Æхсæз къуыримæ хорз сæууæрста æмæ та дугъон сси. Мæ бæхæй мæ ныфс хастон цыдæриддæр бакæнынмæ, фæлæ, кæй агуырдтон, ахæмыл нæ хæст кодтон. Мæ маст къадцæр нæ фæци... Зæхх сæлын байдыдта, бæла- сыл сыфтæр нал уыд. Иу уазал райсом мæ бæхыл саргъ авæрдтон æмæ нæ хостæ бæрæггæнæг ацыдтæн. Нымæт мæм нæ уыд, æмæ ихæнæй мард- тæн, цалынмæ не стæфсти, уалынмæ. Æрзылдтæн нæ хостыл æмæ нæ хæдзармæ рараст дæн. Хур дзæвгар фæкъул, æмæ та уазал кæнын байдыдтон. Бæх базмæлын кодтон æмæ уайтагъд фæндагмæ бахæццæ дæн. Фыдбылыз хи къахы бынæй гуыры. Кæсын, æмæ мæ разæй фæндагыл иу нымæтджын барæг фæцæуы. «Ай, æз кæй агурын, ахæм куы у. Нырæй дзæбæхдæр ма мæ маст кæд райсдзынæн?... Æмæ кæд йæ нымæт нæ бæззы, кæд мæ аккаг нæу, уæд та? Фæл- тау уал æй сбæрæг кæнон», - зæгъгæ, барæджы сæййæфтон, са- лам ын радтон æмæ йæ мæ фæстæ фæуагътон. Барæг разынд зæронд лæг, сырхзачъе; йæ бæх дæр йæхимæ гæсгæ — хæлиухъус, йæ нымæт — дзыхъхъынног, мæ нымæтæй хуыздæр. «Худинаг дын у зæронд лæджы бафхæрын, дæ маст ахæмæй нæ сисдзынæ», - хъуыды кодтон мæ иу зондæй. Иннæрдыгæй та мын дзырдæуыди: «Кæнæ ныр, кæнæ никуы; ахæм нымæтыл нал сæмбæлдзынæ». «Цыфæнды уæд, — загътон мæхинымæр, — кæд йæ фырт уыди, уæд та?» — Фæндагæй фæфæсвæд кодтон, цыма мæ хъуыддаг уыди, уыйау æмæ барæджы разæй дзæвгар ауагътон. Саргъ сæл- вæстон, сбадтæн æмæ рараст дæн. Ныр афон у, зæгъгæ, мæ бæх басхуыстои, хæстæг æй барæджы рæзты стардтон, нымæтмæ фæлæбурдтон æмæ тыхæй мæ къухы бафтыди: йæ бæттæн фидар гæрзæй уыди, æмæ йыл куы рахæцьщтæн, уæд зæронд лæг фæ- хурх и, æмæ нымæт йæхæдæг йæ сæрæй раппæрста, йæ худ дæр ахауд. Дзæвгар куы ауадтæн, уæд мæ бæх фæурæдтон æмæ фæстæмæ фæкастæн. Зæронд лæг зæхмæ рахызт, йæ худ ныккодта æмæ æхтæнгтæ æлвасын байдыдта. «Æнхъæлдæн, сурынмæ мæ хъа- вы», — фæхъуыды кодтон мæхинымæр æмæ йæ чъылдымы цы дамбаца федтон, нымæт фæхъил кæнгæйæ, уый мæ цæстытыл ауад. «Тас мын нæу, йæ бæх нæ бæззы», — загътон мæхинымæр æмæ нымæт ме ’фцæджы баппæрстон æмæ араст дæн... 317
Бæхы къæхты хъæр мæ хъустыл ауад. Фæстæмæ куы фæкас- тæн, уæд мæ сæры хъуынтæ сызмæлыдысты, афтæ диссаг мæм фæкасти, цы федтон, уый: нал базыдтон зæронд лæджы — йæ бæх бындзы тахт кодта. Йæ дынджыр дамбаца та мæ зæрдыл æрбалæууыди, мæхимæ та хъама йеддæмæ ницы уыди. Мæ бæх фенкъуыстон æмæ дзæвгар куы ауадтæн, уæд та фæстæмæ фæка- стæн. «Мæ хæдзар хæрз хæлд куы кæны! Сæййафы мæ! Хæрз худинаг куы кæнын!» — зæгъгæ, нымæт аппæрстон, кæд мæ нал сурид, уый æнхъæлæй, фæлæ зæронд лæг нымæтмæ кæсгæ дæр нæ фæкодта æмæ фатау сцæйтахти. Хъæумæ бирæ бæргæ нал уыди, фæлæ мæ бæх хæрды йæхи хорз нал иста, уымæн та тын- гæй-тынгдæр уад. Йæ улæфын мæ хъустыл уайын байдыдта. «Ныртæккæ мæ фехсдзæн», — фæхъуыды кодтон мæхинымæр æмæ мæ бæхыл ралæууыдтæн, фæлæ йын ницыуал æнтысти. ~ Нал ацæудзынæ, бауром! - ссыди мæ уæлхъусæй, æмæ уай- тагъдцæр йæ къух мæ куырæты æфцæгготы ныссагъта. Мæ бæх дæр дзыхълæуд фæкодта. Рахиз къухæй ме ’фцæгготыл хæцыд, йæ галиуы та дамбаца уыди. — Рахиз дæ бæхæй! — загъта зæронд лæг æмæ мын мæ бæрзæй суагъта, фæлæ бæхы рохыл ныххæцыди. Рахызтæн, уæдæ цы кодтон. — Ацу æмæ мын мæ нымæт ардæм схæсс. Мæ бæх мын давдзæн, зæгъгæ, фæхъуыды кодтон, фæлæ ма цы гæнæн уыдис. Ацыдтæн æмæ мæ хид калгæйæ нымæт иу- æртæ версты хæрды фæхастон, радтон æй ме ’лдармæ æмæ дзы ракуырдтон: — Ныббар мын, лæппу дæн, фæрæдыдтæн. Мæ бæх мын ратт, мауал мæ худинаг кæн! Зæронд лæг загьта: — Мæ къухы уыдис дæу амарын. Фæлæ дæм ахæм хъару кæм разынди — лæгæн йе ’фцæгæй йæ нымæт раскъæфын, уым хъуа- мæ цæрай, æвгъау дæ мæлынæн. Демæ мæ лымæн скæнын фæн- ды, æмæ цом дæ хæдзармæ, мæ бæх дæр мын бафæллайын код- тай, изæр дæр у. Цы гæнæн ма уыдис? Акодтон æй нæ хæдзармæ, суазæг æй кодтон. Мæ рагон лымæн у, зæгъгæ йын дыууæ сомы æмæ æрдæ- гæй кусæрттаг балхæдтон, хорз æй федтон, йæ бæхмæ йын ба- зылдтæн. Райсом куы цыди, уæд мын хибарæй мæ къух райста, арфæ мын ракодта мæ уæздандзинады тыххæй æмæ мын загъта: — Лæгмæ дæ ныфс макуы бахæсс йæ зæронды тыххæй, бæх макуы равзар йæ хъустæй.
МЫГГÆГТЫ ТАУРÆГЪТÆ Æртæ æфсымæры Сидæмон, Хъусæг æмæ Æгъуыза уыдысты æфсымæртæ. Бирæ фæцардысты æмæ уарын æрымысыдысты. Уыдис сын уаринаг сыгъзæрин кард, сыгъзæрин тын æмæ сыгьзæрин пурти. Байуæрстой, æмæ тын фæцис Сидæмоны, кард фæцис Æгъуы- зайы, пурти — Хъусæджы. Хъусæг кæстæр уыд. Æркæнæггаг лæг сын уыди Цъæхил, æмæ йæ Хъусæгæн балæвар кодтой. Афтæмæй тын куыд даргъ уыди, афтæ Сидæмоны мыггаг дæр адаргъ æмæ бæстæ бацахста. Æгъуызайы кард фæцис, æмæ æхсар уый мыггагæн баззад. Пурти Хъусæджы фæцис, æмæ кад уый мыггагæн баззад. Нузалы чингуытæ Уыдон уыдысты Цæразоны фидæрттæ. Цæразонæн йæ фыц- цаг усьт цот сты Нузал, Нæзыджын, Бад, Зæрæмæг. Йæ дыккаг усæй та райгуырдысты Сидæмон æмæ Хъусæгон: Æрхонгом, Цъа- мад, Мызур, Уынал. Сидæмонтæ æмæ Хъусæгонтæ хуындысты сылгоймаджы но- мæй. Гуырдзиаг сауджын æмæ Нары Засыхаг лæг Гуытаты Ми- хел асин сæвæрдтой Нузалы фидæрттæм æмæ райстой уырдыгæй Цæразонты гæххæттытæ, уæзданы чингуытæ æмæ сæ Гуырдзымæ ахастой. Иу чиныг дзы уыд байрагдзармыл фыст, йæ кæрæттæ та сыгъзæринæй. Уый гуырдзиаг кънйаз йæ сæрыл сæвæрдта æмæ йæ бахаста, Калачы Уæрæсейы паддзах куы уыд, уæд уымæ. Пад- дзах ын загъта: «Ды ме ’мсæр дæ», — зæгъгæ, æмæ йын радта крест «Ладимыр». 319
Тæгиаты равзæрд Раджы кæддæр Сомихæй ралыгъд иу æлдар Тæгауыр1, иронау æй хуыдтой Тæга. Иуæй-иутæ йæ паддзах дæр хонынц. Иемæ уыд иу курдаг, æмæ, таурæгъмæ гæсгæ, уымæй равзæрдысты куырттатæ. Лидзæг йæ ных сарæзта Иры бæстæм. Ныр Алагир кæм ис, уырдæм æрбафтыд æмæ Ксурты2 йæхицæн галуан æмæ мæсыг сарæзта. Куыд дзурынц, афтæмæй йæ хæдзары хæлд- дзæгтæн ныр дæр ис фенæн, йæ дуары æфсæн тарвæзтæ уым сты абон дæр. Ног бынаты дæр Тæга царди æлдары цардæй. Ус ракуырдта, æмæ йын уыд æртæ фырты: Камби, Тотыкк æмæ Зæгьæга. Фæс- тæдæр Тæга ралыгьд Дæргьæвсмæ, чи зоны, барвæндонæй, чи зоны, адæмы фыдæхæй. Дарддæр цы баци, уый ничиуал зоны. Камбийæн уыд фырт — Знауыр. Знауырæн рацыд бирæ бай- зæддаг, æмæ уыдон Тотыччы цотимæ сты Тæгиатæ. Цы уыди, уый Хуыцау зоны, фæлæ Камбийы мыггаг сфæнд кодтой Тотыкк æмæ йæ цоты ныццæгъдын. Цæмæй сæ фыдвæнд бантыса, уый тыххæй фæсидтысты Куырттатмæ дæр. Уыдонимæ æмдыхæй скуынæг кодтой Тотыччы цоты, хъавыдысты уымæн йæхимæ дæр, мыггагыскъуыд куыд фæуа, афтæ. Фæлæ хъуыд- дæгтæ Хуыцауы бар сты. Тотыкк баирвæзт йæ мæсыгмæ æмæ уым æрбадт. Тæгиатæ æмæ Куырттатæ мæсыгмæ нæма бырстой, æмæ Тотыкк ныхъхъæр кодта йе ’мцег Хуыцъистмæ, мæсыгмæ хæстæг æрбацу, зæгъгæ. Хуыцъист бацыд мæсыджы бынмæ. То- тыкк æм бæндæныл голлаг рауагъта æмæ йæм дзуры: — Гъей, Хуыцъист! Айс мæнæ ацы къуымбилы голлаг, хорз къуымбил у æмæ знаджы къухмæ куы бахауа, уæд æвгъау у, — айс æй дæхицæн! Хуыцъист голлагмæ февнæлдта æмæ йæ сæхимæ рахаста. Хæ- дзары голладжы ком сыхæлдта, кæсы, æмæ дзы сывæллон къуым- билы тыхт. Хуыцъист бамбæрста хъуыддаг: Тотыччы ус æнхъæл- цау уыд, æмæ йын ныр лæппу райгуырд мæсыджы мидæг. Хъуы- дис æй фервæзын кæнын. Уыйадыл Хуыцъист сывæллоны йемæ айста æмæ æмæхсæвæджы араст Кæсæгмæ. Уæд Иры кæвдæсы дæр кæсæг цардысты. Уыцы заманы кæсæгæй тых æмæ уæздан- дзинадæй зындгонддæр уыд Дохцыхъоты мыггаг, сæ ном хъуы- стгонд уыд канд Кæсæджы нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр. Уымæ гæсгæ-иу, туджджынæй чи лыгьд, уый дæр æмæ, тыхы сæр кæй бахъуыд, уый дæр йæхи бакодта Дохцыхъоты уазæг. Афтæмæй Хуыцъист дæр сфæнд кодта лæппуйы уыцы мыггагæй иу хæ- дзармæ раттын хъомыл кæнынмæ. Хуыцъист лæппуйыл ном сæвæрдта Сана, æмæ йæ Дохцыхъотæ хæссын байдыдтой. Лæп- пу рахъомыл, уыди сæрæн, йе ’мгæрттæй хъаруджындæр, уæла- хиз сыл кодта алы хъæзтыты, æмæ йæм хæлæгæй мардысты. Сæ 320
маст райсын сæ бон нæ уыд тыхы фæрцы æмæ йын кодтой фидистæ. Иу хатт та йын загътой, ды кæсгон нæ дæ, фæлæ хъуысхæ3, зæгъгæ. Уыцы бонæй фæстæмæ лæппу йæ хъомылгæнæг усы æнцой нал уагьта, фарста йæ: æцæг нæ дæн кæсгон, зæгъгæ, æви мæ барæй мæстæй марынц? Дыджызæ йын фыццаг ницы ком лæ- вæрдта, фæлæ куы базыдта, лæппу йæ нæ ныууадздзæн, уæдæ æнахъом дæр нал у, уый, уæд ын хъуыддаг раргом кодта. Ра- дзырдта йын бæлвырд, Тæгиатæ йын йæ фыдæлты куыд ныц- цагътой, стæй лæппу йæхæдæг Кæсæгмæ куыд æрбафтыд, уыдæттæ. Уæд лæппу Дохцыхъотæй бирæ лæгтæ ракодта æмæ рацыд Тæгиатæй йæ фыды зæххытæ байсынмæ. Бацыд Дæргъæвсмæ, бирæ ныццагъта йæ фыды æмæ йæ хæстæджьггы марджытæй — Тæгиатæй æмæ Куырттатæй, байста йæ фыды зæххытæ æмæ сыл æрцарди. Ам ус ракуырдта. рацыд ын бирæ зæнæг, афтæмæй фæцард зæронды бонтæм. Йæ маст дзы рох нæ уыд, æмæ та иу ахæмы бахъавыд йæ фыды туджджынтæм. Загъта Тæгиатæн, зæгъгæ, мæ фыды мын чи амардта, уыцы куырттатæгтæй ма чи аирвæзт, уыдон мын цалынмæ мæ къухы раттат, уæдмæ уæ нæ ныууадздзынæн. Тæгиатæн гæнæн нал уыд, æмæ йын дзырд рад- той. Минæвæрттæ арвыстой Куырттатæм, цагъды æмдзæхдон кæимæ уыдысты, уыдонмæ: рацæут, зæгъы, Дæргъæвсмæ, — æмæ Тотыччы хъæстæ бынтондæр сыскъуынæм. Куырттатæ рараст сты, цыма куывдмæ цæуынц, уыйау. Марджытимæ уыд, Тотыккаты куыд цæгъдцзысты, уымæ бакæсын кæй фæндыд, ахæмтæ дæр. Тæгиатæ сын фынгтæ æрæвæрдтой иу хæдзары, расыгæй æнцон- дæр цæгъдæн куыд уой, уый тыххæй. Нозтæй сæм хорз куы фæ- кастысты, уæд Санатæм фæхабар кодтой. Санатæ гæрзифтонгæй æрлæууыдысты дуары рахизæны, афтæмæй хæдзарыл арт бан- дзæрстой. Хæдзар ссыгъд, æмæ куырттат сæхи æддæмæ иугай калын райдыдтой. Дуарæй-иу чи рагæпп ласта, уый-иу Санатæ кæрдтæй æрсæрфтой. Иу сæ аирвæзт цыдæр амалæй, куыроймæ ныллыгъд æмæ уый бын бамбæхст. Уыцы заман Санаты хион- тæй иу бынаты нæ уыди. Ныр куы ’рбаздæхт æмæ знæгты цагъ- дæй куы федта, уæд тынг бахъынцъым кодта. Загъта сын: «Æз сымахæн цæй хион дæн, кæд фыдгултæй иуы дæр нæ амардтон, уæд?» Уæд ын Санатæ, куыройы бын чи бамбæхст, уымæ баца- мыдтой. Уый йæм бацыд æмæ йæ уым арцæй барæхуыста. Уый фæстæ йæм хардзау нал каст йæхи Санатæй хонын. Афтæ рай- стой Санатæ куырттатæй сæ фыды туг. Санамæ уæддæр знæгты астæу цæрын хорз нæ каст. Уыйадыл ныууагъта Тæгиаты æмæ æрцард Хъæнийы. Уæллаг Хъæнийы сарæзта галуан æмæ мæсыг. Дæллаг Хъæни та уыд йæ фæдонты цæрæнуат. 21 Ирон таурæгътæ 321
Хæкъуынайы мæсыг Куырттаты комы мидæг, Нæуы хохы бæрзондыл, цардис хан Хæкъуына. Райгуырди йын фырт, æмæ йыл ном сæвæрдтой Хан- джери, зæгъгæ. Йæ мад амарди лæппуйæн, æмæ йæ фыд æндæр ус æрхаста. Ус чи у, уый Ханджериимæ нæ фидыдта. Иу хатт куы уыди, уæд лæппу хъæдмæ рацыди, абырджытæ йæ æрцахстой æмæ йæ кæсгон æлдарæн бæхгæсæн ауæй кодтой. Быдыры астæумæ-иу ацыди бæхгæс, æмæ иу хатт куы уыди, уæд дын дзы бæхы сæр ссардта аллыппы мыггагæй. Базыдта йæ, уый тыххæй æмæ сæхимæ ахæм хорз бæхты мыг- гаг уыди. Æмæ уыцы бæхы сæрыл цалдæр боны фæкуыдта. Арвы айдæнæй йæм иу ханы чызг кастис æмæ йæ фыдæн хабар радзырдта æмæ йын лæгъстæ кæнын байдыдта, бафæрс æй, зæгъгæ. Бадзырдта хан лæппумæ æмæ йæ фæрсын байдыдта, фæлæ йын лæппу нæ саст. Стæй уæд загъта: — Ахæм бæхы мыггаг ныгæнинаг уыдис, æмæ, æппæрст кæй æрцыди, ууыл куыдтон, стæй мæхиуыл дæр кæуын, уый - бæх- ты æлдар, æз та - адæмы, æмæ иухуызон æгъдау баййæфтам. Уæд æй æлдар бафарста: — Æмæ ныр ахæм бæхтæ куы фенис, уæд сæ базонис? — Йе стæгдар кæмæн базыдтон, уæдæ уымæн йæхи нал базо- нин?! — Гъе уæдæ цом, — загъта хан æмæ йæ рæгъæуттæм ракодта. Иу ран æндæр ханмæ ссардта, мæллæгæй чи марди, ахæм бæхтæ, — æмæ сæ уæддæр базыдта, уыцы мыггагæй кæй сты, уый. Æлдармæ бацыдысты æмæ йын загътой: — Мæнæ ай æххуырст у, æмæ дæм дæлæ æвзæр бæхтæ ис, æмæ йын сæ кæнæ уæй ракæн, кæнæ афтæ ратт. Æлдар сын бауайдзæф кодта: — Уыдон дæлæ къæппæджы йедцæмæ куы ницæмæн бæззынц. — Æндæр мæ нæ хъæуы, — загьта Ханджери, æмæ йын сæ æлдар дæр радта. Сæрæн лæппу уыди Ханджери. Бæхтæ схорз кодта æмæ сæ бафæлварынвæнд скодта. Сæргътæ сæвæрдтой ханимæ. Иу бæ- хæн йæ ныхыл абазийыйас зыгъар уыди (уæдæй нырмæ бæхтæ зыгъар сты), æмæ уый рæсугьддæр уыд, æмæ йæ æлдар йæхицæн айста. Æмæ-иу хуры ’рдæм куы цыдысты, уæд-иу æлдарæн йæ бæх иннæйы нал æййæфта. Бирæ фæцыдысты. Фæстæмæ куы раздæхтысты, уæд лæппу æлдармæ бацыди æмæ йын загъта: — Куы мæ ауадзис, уæд мæ фыды фенин. — Дæ аргъ бафид, æмæ дæ ауадздзынæн. Цы йын раттон, зæгъгæ, лæппу æрдиаг кæнын байдыдта. Æлдары чызг та ныхас фехъуыста æмæ лæппуйæн æхца радта. 322
Æлдар хъуыддæгтæ уыдта, æмæ цьщæр хуыцауыуарзон адæй- маг уыдис, æвæццæгæн. Лæппу æмæ чызгмæ иу ранмæ бадзырдта аемæ сын загьта: — Сымахæн уæ зæрдæтæ уæ кæрæдзимæ ’хсайынц, æмæ уын мæнæ хæдзар, мæнæ мулк, æмæ цæрут. Бацардысты. Лæппу сын райгуырди, уальшмæ - иннæ. Сдын- джыртæ сты, фæсарц айсынæн бæззын байдьщтой. Æмæ ус загьта: — Каистимæ цæрын худинаг у, æмæ дын кæд искуы фыды- бæстæ ис, уæд æй бацагурæм, æмæ цом. Нæ лæппутæ дæр фæ- сарц айсынæн бæззынц. Иу æхсæв куы уьщи, уæд æрæмбырд сты æмæ ацьщысты. Рай- сомæй сæ æлдар расырдта. Ханджери зыдта, сурдзæни сæ, уый, æмæ-иу хур чердыгæй уыд, уыцырдæм-иу раздæхти, æмæ æлда- ры бæх зыгьар нæ уыди, æмæ йæ бон уый баййафын нал уыд. Æлдар йæ бон куы базыдта, уæд аздæхтис. Уыдон Куырттаты коммæ æрбацыдысты æмæ уæлæсыхы æрцардысты Хæкъуынайы бакомкоммæ. Уæлæсыхæй фæздæг куы ссыди райсомæй, уæд сæм хан бар- выста. — Уый циу, цавæр у, мæ зæххыл мын чи æрæнцади æмæ дзы фæздæджы тæф чи ссæуын кодта?! Æмæ йын загътой: ахæм æмæ ахæм адæм дзы ис. Хан сæ æр- хуыдта, æмæ йын лæппу загъта: — Фæндаггон адæймаг дæн, æмæ мæнæ арт скодтам, æндæр дæ ницæмæй бахъыгдардзыстæм. Æлдар сæ суазæг кодта. Ханджери йæ фæрсынтæ байдыдта æмæ йын базонын кодта, йæ лæппу кæй уыди, уый. Хан тынг ныццин кодта, уый тыххæй æмæ йын æндæр сывæллон нæ уыди. Ханджерийы фырттæй иу хуынди Тæга, иннæ Куыртта. Лæппутæ слæгтæ сты. Уæлæсыхы бын та сын мæсгуытæ уыди. Цуан кодтой æмæ дардтой уаритæ, кæцытæ-иу маргьæн йæ цæс- тытæ акъахтой. Куырттайы уари æрцахста саугарк, æмæ йын æй Тæгайы уари байста. Уаритæ-иу сæ хицæуттæн сæ уæхсчытыл бадтысты. Куыртта бацыди æмæ Тæгайы уарийæн йæ къубал сыскъуыдта. Тæга загъта: — Уæдæ мæ уарийы сæрмæ кæм бауæндыди, уым æй мæхи сæрмæ дæр хъæуы, — æмæ алыгъди Дæргъæвсы коммæ. Цæгаты Ламардоны цъуппытыл æрцарди, уый тыххæй æмæ тыхгæнæ- гæй-æндæрæй тас уыди. Стæй зæхх куы ныффидар и, уæд ныл- лæгдæр рацыдысты. 323
Куырттатаг кадæг Тæгиаты фæсивæд сæ бæхтæ æрцахстой, ныссыгъдæг сæ код- той, саргъ сæвæрдтой, сбадтысты сæ бæхтыл. — Цом, æмæ нæ фыдыбæсты уыгæрдæнтæ фенæм! Ацыдысты. Федтой сæ уыгæрдæнтæ, - æмæ дзы Куырттаты рæгъау хизы, сæ рæгъаугæс семæ. — Марадзут, лæппутæ! Уыцы рæгъау раздахут æмæ сæ тæрæм нæхимæ! Цæлыккаты Хуха сын рæгъаугæс уыди æмæ сæм афтæ дзуры: — Ма кæнут, лæппутæ! Уыдонæн се ’нцой æз дæн! Нæ йæм байхъуыстой, рæгъау аздæхтой æмæ сæ атæрынц. Цалынмæ сын нæ тарсти, уалынмæ сæм Хуха нæ цыдис. Стæй сын куы фæтарсти, уæд фестад æмæ сæ асырдта æмæ дзы фондз фæмард кодта. Йæхæдæг дæр фæцæфтæ ис, цæуынæн нал уыд, афтæ. Рæгъау дæр атардтой, сæ мæрдтæ дæр ахастой Тæгиатæ. Уæд Цæлыккаты Хухайæн иу чызг кæрдзын схаста заргæйæ. Куы сæввахс и Хухамæ, уæд ын лæг загъта: — Заргæ мауал кæн, чызг! Дæ кæрдзынтæ уым аппар æмæ азгъор, Хæкъуна-рагъæй ныхъхъæр кæн: «Уæй, Найфонатæ! Уæй, Тымболатæ! Уæ, Уæлæсыхы мыггаг! Уæ рæгъау уын Тæгиатæ фæтæрынц, уæ рæгъаугæсы уын амардтой». Чызг йæ кæрдзынтæ аппæрста, азгъордта æмæ Хæкъуна-ра- гъæй ныхъхъæр кодта: — Уæй, Найфонатæ! Уæй, Тымболатæ! Уæ, Уæлæсыхы мьптаг! Уæ рæгьау уын Тæгиатæ фæтæрынц, уæ рæгьаугæсы уын амардтой! Рафæдис кодтой куырттатæ, хæцгæ скодтой, фæлæ уæддæр сæ рæгъау нал райстой. Аздæхтысты куырттатæ. Уалынмæ Хухайæн йе ’фсымæр, Ларса хуынди, фондз хæрæ- гыл хъæды уыди. Йе ’рбаздæхынмæ йын, уайсадгæ чи кодта, ахæм чындз, Хухайы ус, кæрдзыны чъири дæр йæ къухы дардта, къуымæлы къус дæр йæ къухы дардта. Ларса куы ’рбахæццæ и, уæд æй бафарста: — Цы мыл æрцыд, мæ чындз? Уайсадгæ мæм мауал кæн ныр! Уый йын загъта: — Де ’фсымæры дын Тæгиатæ амардтой, дæ рæгъау дын фæ- тæрынц. Уый уыди Тæгиан чызг. — Ницы кæны, — загъта Ларса, — дæ хæрзæггурæггаджы лæ- вар дыл сæмбæлын кæндзынæн! Ларса, сæрд дæр хизынмæ кæй нæ уагъта, ахæм бæх дардта. Уый дæр ын ифтыгъд дардта йæ чындз. Йæ бæхыл абадт, йæ хæцæнгæрзтæ айста. Тæгиатæ æфцæгæй кастысты. Уæрдонæфта- уæны барæг куы ’рбакаст, уæд йæ сæрмæ цьиахты хуызæн тахтыс- ты, йæ бæхы къах сыджытæй кæй иста, уыдон. Тæгиатæ загътой: 324
- Сæфты барæг нæ æрбаййафы, гъæй зæгъут! Ларса Тæгиаты комастæу, Тъæпæнхъæуы1, æрæййæфта: - Уæ фосы конд егьауæй! Хæфтытæ сæ байдыдта, цæгъдын сæ байдыдта æмæ дзы бирæ ныццагъта, уыйбæрц, æмæ фосы дæр байста. Йæхæдæг дæр мæ- лæтдзаг цæфтæ фæцис. Уыцы чындзæн йе ’фсымæры цонг ныл- лыг кодта æд дзаума, йæ къухдарæн дæр йæ уæлæ, æмæ йæ йæхи бæхы фæсарц бабаста. Бæхы ауагъта, бæх йæ хæдзармæ ныл- лыгьди æмæ ныууасыди, æмæ йæм чындз рацыдис. Федта йе ’фсымæры цонг, райста йæ, æмæ - йæхæдæг цы къухдагаен зыд- та, уый. Базыдта, йе ’фсымæры йын кæй амардта, уый. Ие ’фсы- мæры цонгыл фæкуыдта, стæй загъта: - Афтæ агуырдтат æмæ уæ афтæ хъуыди! Ларсайы уырдыгæй цæфтæй рахастой, æмæ бафæдзæхста: - Кæм мæ уд сисон, гъе уым мæ баныгæнут! — Дзуарыхъæу- мæ2 æввахс йæ уд систа, æмæ йæ уым баныгæдтой. Ларс æмæ Хуха Уынгæг комы, иу рындзы сæр лæууы рагон мæсыг. Никуы баци знаджы бон уыцы мæсыг байсын. Æнусты дæргьы лæууы фидарæй, æрмæст йæ цъупп фæкъахыртæ. Ныр дæр сауæй зы- нынц йæ топпæхсæнтæ. Бынæй, комы нарæджы, размæ тындзы хæххон дон, æмæ йæ уынæрæй бæстæ хъæлдзæг кæны. Æдзæрæг у ацы мæсыг. Адæм æй раджы ныууагътой. Зылд æм нал и, æмæ мидæгæй йæ уæладзгуыты хъæдтæ бамбыдысты æмæ æрызгъæлдысты. Хæстæг æм ничиуал цæуы, дымгæ дзы цы зилы, æндæр. Æрмæст ма хатгай йæ цурмæ æрбафты мæгуыр фыййау йæ фосы къордимæ. Йæ сæгьтæ фæхизынц къæдзæхвæхсты, йæ- хæдæг æрбады лæнкауы æмæ йæхицæн зарджытæ кæны. Тызмæгæй кæсы мæсыг фыййаумæ, цыма йын афтæ дзуры: «Цæй гыццыл, цæй ницæйаг дæ, сабыр хохæгты фæдон... Ды хъæлдзæг зарджытæ кæм кæныс, уым кæддæр калди дæ хъæба- тыр фыдæлты туг, уым хъуыст топпы хъæр æмæ карды зæланг, уым æнцой нæ уыд, æмæ дзы хъуыст фæдисмæ сидт æмæ тохы уынæр. Дæ фыдæлты кад æмæ тыхæн æрмæст æз дæн æвдисæн дæ райгуырæн комы, æмæ дын зæгъын: ды ницæйаг дæ!» Уый уыд номдзыд мæсыг. Дзурынц, уый, зæгъы, самадтой дыууæ ’фсымæры — Тæга æмæ Куыртта - Тæгиатæ æмæ Куыртта- ты фыдæлтæ. Уыдон ардæм куы ’рбафтыдысты, уæд сæм рындзы сæр фæкаст æдас бынат, æмæ дзы æрæвæрдтой гæнахы бындур. Æфсымæртæ æмхуызон нæ уыдысты зонд æмæ зæрдæйæ. Хи- стæр æфсымæр Тæга уыд хæстæргом æмæ йæ цард æрвыста хæ- тæнты, кæстæр та зæххы куыст кодта. Куырттайы зæрдæмæ нæ 325
цыд Тæгайы æнæмæт цард, æмæ-иу сæм хъаугъатæ рауад, фæс- тагмæ сын хæрам ахаста, æмæ æфсымæртæ кæрæдзийæн знаг фестадысты. Куыртта тыхджындæр разынд æмæ йæ хæдзарæй фæсырдта Тæгайы. Уый сыстад æмæ æрцард сыхаг комы, уæд- дæр йæ маст йæ зæрдæйы хаста. Рæстæг цыд. Иу фæлтæр ивта иннæ фæлтæры. Сбирæ сты æфсымæрты байзæддаг, фæлæ се ’хсæн хæрамы зынг нал хуыс- сыд. Тæгиатæ стæрон адæм рацыдысты æмæ-иу арæх атардтой куырттатæгты рæгъæуттæ. Туг калд æмæ дзы фыдæх æвзæрди. Куырттатæ уыдысты сабырдæр адæм, æмæ сын Тæгиатæ тых код- той, нæ сæ уагътой æддæмæ ракæсын, нæ сæм уагътой бæхы хорз æмæ хъомрæгъау. Мæлын кæй фæнды — Куырттаты фæсивæдæй рæгъаугæс ничиуал куымдта. Сæ фос кæртыты æххормагæй скъуыдысты, сæ уасынæй зæрдæ мæгуыр кодта. Иу ахæмы та ныхасы сæргуыбырæй бадынц Куырттаты зæ- рæдтæ. Уынаффæ кæнынц — уæдæ цы бакæной, цы мадзал сса- рой ацы уавæрæн? Уæд сæ иу сыстад æмæ афтæ зæгъы: - Хорз адæм, куывд скæнæм, куывды нæ фæсивæдæн зæ- гъæм: чи уыдзæн уыцы сæрæн, рæгъаугæс чи ныллæудзæн? - Хистæртæ сразы сты уыцы фæндоныл. Арвыстой комы лæгтæм, цæмæй æрæмбырд уой дзуары бынмæ. Уырдæм хъуамæ æрбакæ- ной нывондаг гал дæр, зарой æмæ кафой, афтæмæй. Куывд нæма райдыдта. Стыр аджы фыцы кусарт уæнгтæгон- дæй. Адæм æд гæрзтæ чыртæ-чыртæй цæуынц дзуары бынмæ. Уым дыууæ рæгъæй лæууынц ставд хъæдтæ — бадæнтæ. Уыдон æвæрд сты хистæртæн, иннæтæ фæбадынц нæууыл, кæстæрты хæс та у хистæртæн лæггад кæнын. Хистæрты раз — ныллæг æртыкъахыг фынгтæ. Алы хæдзары æфсин дæр æрæрвыста æртæ чъирийы. Уалынмæ æрæвæрдтой фыдызгъæл дæр. Сбадтысты хистæртæ, стæй, кæмæн æмбæлд, уыдон. Уæд йæ бынатæй сыстад сæдæаздзыд Бимболат. Лæмæгъ сты йæ къæхтæ, ризынц йæ къухтæ, фæлæ йæ хъæлæс нырма фидар у фæлтæрд хъæбатыр лæгæн. Систа йæ лæзæрд худ, йæ иу къухмæ хъавгæ райста арахъы сыкъа, иннæмæ — чъири æмæ райдыдта дзырд- арæхстæй кувын. Адæм лæугæйæ хъусынц лæмбынæг, æрмæст рæстæгæй-рæстæгмæ сабырæй фæзæгъынц: «Оммен! Оммен, Хуы- цау!» Иу ахæмы Бимболат фæурæдта йæ кувын. Йæ цæст ахаста адæмыл. Уыдон цымыдисæй кæсынц зæронд лæгмæ, уæдæ цы уыдзæни, зæгъгæ. Уæд зæронды цæстыты арт ссыгъд, йæ сæр хæрдмæ систа æмæ дзуры: - Гъе, цытджын куырттат! Хуыцау нын фыдæвзарæн кæны. Знæгтæ нæ æддæмæ ракæсын нал уадзынц, тæлæт нын кæнынц нæ фос, нæ бæхрæгъæуттæ. Нæ ныл ауæрдынц, нæ хуыздæрты нын мæрдтæм барвыстой, æмæ уыдон хъизæмар кæнынц зындо- ны. Додой, додой, мæ зæронд сæр! Худинаджы бон ныл æркод- 326
та! Нал нæм и фыдæлты æхсар! Рæгьаугæс фæцæуын йæ ныфс ничиуал хæссы. Нæ фос кæртыты æххормагæй мæлынц, нæ бæх- тæн сæ фæрсчытæ сзындысты. Кæм сты нæ кадылмард фæси- вæд? Размæ рацæуæд, йæхицæн æмæ йæ фæстагæттæн ном скæ- нын кæй фæнды, уый. Нæ разы æрлæууæд, фыды уæзæджы ху- динаг йæ сæрмæ чи нæ хæссы, уый! Фæци йæ ныхас. Адæм лæууынц æгуыппæгæй. Мæлын ни- кæй фæндыд. Нал уыд кæддæры хъæбатыртæ, нал бæллынц кадмæ ныры æдзæллаг фæсивæд. Лæууынц сæргуыбырæй. Нæ бабыхста йæ комы худинаг æрыгон лæппу Хуха, йæ цæсгом ссыгъд, æмæ рацыди размæ. - Ларс, мæ иунæг æфсымæр, æз цæуын рæгьаугæс. Знаг ныл нæ худдзæн, знаг нæ зæгъдзæн: нал и Куырттаты хъæбатыр лæп- путæ. Ларс исдуг хъуыдыты ацыд. Йæ цæстытыл уайынц йе ’рыгон ус, сауцæст Мæдинæт, æмæ йæ авдаздзыд лæппу Аслæнбег. Фæлæ йын йе ’фсымæры æхсар ныфс ссыгьта йæ зæрдæйы. Афтæмæй дыууæ æфсымæры сæрыстырæй æрлæууыдысты хистæрты раз. Бадты адæм æнцонæй сулæфыдысты. Базмæлыдысты сæхи- мидæг, ныхасыл бафтыдысты. Барухс сты хистæрты цæсгæмттæ, буцæй кæсынц æфсымæртæм, лæппуты æмгæрттæ сæ сæртæ ба- тилынц разыйы охыл. Бимболат хистæр æфсымæрмæ авæрдта кувæггаг — лæппу сыкъайæ ацахуыста, чъирийæ скомдзаг кодта, æмæ йæ зæронд лæг йæ хъæбысы æрбатыхта. Уый фæстæ зæрдæ- райгæ сбадтысты иууылдæр æмæ райдыдтой минас кæнын. Фын- джы иу кæрон сыстад Темыр, дæсны зарæггæнæг, йæ къухы — сау бæгæныйы нуазæн дзæбидыры сыкъайы. Уый рæсутъд хъæ- лæсæй систа фыдæлты æхсары зарæг. Кæстæртæ йын хъырнынц æмæ æмдзæгьд кæнынц. Афтæмæй куывд ахаста суанг изæрмæ. Изæры бадт райхæлд, æмæ алчи фæцыд йæ фæрныг хæдзармæ. Уалынмæ мæй дæр скаст, æмæ хæххон æхсæв бацыд йæ барты. * * * Бон æрбацъæх... Сыстад кæмтты фæлм. Мæй атади хæхты сæрмæ, бæстæ райхъал и. Хæдзæртты сæрмæ фæзынд фæздæджы уадздзæгтæ — æфсинтæ сæ къонаты байдыдтой арт кæнын. Раджы сыстадысты дыууæ æфсымæры. Ларсæн йæ бæх уыд ифтонг. Йæ фарсыл хъама æмæ æхсаргард, дыууæ дамбацайы фæсте йæ роны тъыст, хъримаг йе ’фцæджы, афтæмæй нымæт йæ уæлæ баппæрста æмæ бæхыл абадт. Бæхмæ ехсæй февзыста æмæ аскъæрдта рæгъаулæууæнмæ. Уыцы афон Хуха та йæхи хъæдмæ рæвдз кодта. Сифтыгъта дыууадæс хæрæджы суг хæссынмæ. Фæсмынæй цъæх куырæт хорз фидыдта йæ хæрзконд уæнгтыл. Йæ астæуыл — хуымæтæг гæрз- 327
рон, роныл — даргъ сауарæзт хъама. Хæрджытæй иуы саргъыл æрбаста дыууæ фæрæты æмæ фездæхт хæдзармæ. Къæбæр ахорд- та, стæй райсга даргъ цыргъфындз хæрæгтæрæн лæдзæг æмæ ра- цыд кæртмæ. Хæрджыты къæйттæй æрлæууын кодта, æмæ араст сты хъæдмæ иу фахсы нарæг фæндагыл. Ларс атардта бæхрæгъау сæрвæтмæ. Стонг бæхтæ сæрибарæй хуыррытт кæнынц, афтæмæй хизынц зад кæрдæгыл. Сæрвæты астæу — иу стыр дур. Уый аууон йæхи æруагъта Ларс æмæ æнхъæлмæ кæсы, йе ’фсин ын сихор кæд æрбарвитдзæн, уымæ. Уыцы афон къахвæндагыл, хъæлдзæг зарджытæ кæнгæйæ, уайы, тындзы гыццыл Аслæнбег. Йæ цæсгомы хид къоппæй кæлы. Йе ’фцæджы — хызын, хызыны — йæ фыды сихор. Мад лæп- пуйы къухы авæрдта чъирийы карст, уый дæр рæстæгæй-рæс- тæгмæ дурыл абады, йæ хид йæ дысæй асæрфы, ахæры, стæй та дарддæр кæны йæ цыды кой. Бахæццæ йæ фыдмæ. Ларс бацин кодта лæппуйыл, йæ хъæ- бысмæ йæ систа æмæ йæ рæвдауы. Сихор ахицæн. Ларс йæ нымæтыл æрхуыссыд, лæппуйæн ба- фæдзæхста, рæгъаумæ дæ цæст дар, зæгъгæ, йæхæдæг афынæй. Бæстæ уыд сабыр. Иу афон лæппу кæсы æмæ ауыдта: фаллаг рагъæй æрбахизынц барджытæ. Уыдысты бирæ. Лæппуйы цæс- гом афæлурс, афтæмæй йæ фыды хъал кæнынмæ фæци. Ларс цæрдæг фестади. Къухаууонæй акаст æмæ уыны: æрбав- вахс кæнынц барджытæ. Цы бамбарын æй хъуыд - уыдон уыды- сты сæ рагон знæгтæ. Бамбæрста, хъазуаты бон ыл кæй скæн- дзæн, уый дæр. — Тагъд, згъоргæ кæн хæдзармæ! — дзуры лæппумæ. — Зæгъ Хухайæн: дæ сæр мæ бахъуыд, тыхгæнджытæ æрбалæбурынц. Лæппу згьорынтæ систа хъæумæ. Ларс нымæт айтыдта æмæ йыл æркалдта топпыхос. Сæргъæвта топп æмæ æрбадт дуры фæстæ. Барджытæ æрбаввахс сты. Фæцыд гæрах. Барджытæй иу бæхæй асхъиудта æмæ къулы атылди. Иннæтæ сæ гæрзтæм фев- нæлдтой æмæ Ларсы милмæ систой - æхсынц, фæлæ йыл нæ- мыг нæ уайы, дур æй хъахъхъæны. Йæхæдæг дыккаг æхст фæкод- та, æмæ та барджытæй иу йæ бæхæй æртылди. Уыдон сæ фыд- былыз базыдтой æмæ фæстæмæ цæхгæр фæзылдысты. Дурæй дзæв- гар куы адард сты, уæд сæ бæхты æрурæдтой, æрфистæг сты æмæ уынаффæ кæнынц. Ларс æхсы æмæ æхсы, уымæй зонын кæны йе ’фсымæрæн, уынгæджы кæй бахауди, уый. Иу афон ком æрбатар кодта. Дымгæ сау мигъты йæ разæй æрбахаста, æмæ арв сæхгæдтой. Æваст арв цæхæр акалдта, афтæ ныннæрыд, цыма хæхтæ иу гуыппæй рафæлдæхтысты. Ставд æртæхтæ уæззауæй зæххыл сæмбæлдысты. Ларс нырма уæд бам- бæрста хъуыддаг. Февнæлдта нымæтмæ, тухы йæ топпыхос, фæлæ байрæджы. Къæвда фемæхст æвиппайды, топпыхос схуылыдз 328
æмæ дзы пайда нал уыди. Базыдта Ларс йæ Хуыцауы цæф, ныу- уагьта топпыхос, нымæты йæхи æрбатыхта æмæ æрбадт дуры аууон. Зоны, æрцьщи йæ мæлæт, Хуха йæм афоныл куынæ фæ- зына, уæд, æмæ йæхи æрцæттæ кодта лæгæй-лæгмæ карз хæстмæ. Хъуьщытæ кæны Ларс. Рухс уыдзæн йæ фæндаг Мæрдты бæ- стæм. Йæ размæ рацæудзысты номдзыд фыдæлтæ, фæрсдзысты йæ зæххон хъуъщдæгтæй. Уый къæмдзæстыг нæ уыдзæн сæ разы, - не ’рхаста йæ сæрмæ худинаг. Йæ къух ын райсдзæн æхсар- джын Созырыхъо, бузныг ын зæгъдзæн зæронд Хъамболат, уыдон æй семæ акæндзысты дзæнæты рухс галуанмæ. Уæдмæ фæци къæвда дæр, æмæ арв расыгьдæг. Ком фæрухс- дæр и. Сыстад Ларс, йæ нымæт аппæрста, йæ рон арфдæр æрбал- вæста. Дамбацатæ сласта æмæ ныззарыд. Кæны намысы зарæг. Уалынмæ кæсы, æмæ знæгтæ æрбаввахс сты. Фехъуыстой уыдон хъæбатыры зарæг æмæ йыл æрхъула кодтой. Фæци йæ зарæг. Дыууæ знаджы дзыхъмард фæкодта, стæй йæхæдæг дæр æдзæ- мæй æрхауд хуылыдз кæрдæгыл. Тыхгæнджытæ рæгъау атардтой. Уыцы афон Хуха йæ хæрджытыл суг æрбахæссы. Хъæуыбын сæ хæдзармæ куыд фæхæрц кодта, афтæ кæсы, æмæ сæ кæрты йæ бæх ифтыгьдæй лæууы. Иæ разы та - йæ чындз Мæдинæт, йæ цæсгом — кæлмæрзæнæй æмбæрзт. Ныссæххæтт кодта лæппуйы зæрдæ. - Бæлвырд, ме ’фсымæрыл цыдæр æрцыд, - загьта йæхины- мæры æмæ хæрджыты æрцæфтæ кодта. Чындз йæ размæ рацыди. Йæ иу къухы кæрдзын, иннæйы бæгæныйы къус. Бамбæрста Хуха: ам цыдæр ахсджиаг хъуыдцаг ис. Æнæдзургæйæ райста кæрдзын æмæ къус, исдуг сагъæсыл фæци, стæй дзуры чындзмæ: - Табу дæ фарнæн, сыгъдæгæй æххæст кодтай фыдæлты æгъдау. Ныр дын бар дæттын, ныууадз дæ уайсадын æмæ зæгъ: цы фыд, цы бæллæх ныл æрцыд? — Рæгьау атарди, де ’фсымæр та мард фæци, — загьта Мæдинæт. Арвы цæфау фæци Хуха, йæ цæсгом атар и, йæ зæрдæйы ссыгъд масты цæхæр, фæлæ йæ дзыхæй ныхас не схауд. Бæгæ- ныйæ анызта, кæрдзынæй акомдзæгтæ кодта, стæй йæ бæхыл абадт, æмæ йæ цæст дæр нал ауыдта. Знæгтæ дард нæма ацыды- сты. Иу ахæмы сæ комы баййæфта. Кæсы, æмæ иу астымы фæ- тæрынц Куырттаты рæгъау, йæ алыварс зилæнтæ кæнынц. Хуха йæ бæхы сабырдæр ауагъта, афтæмæй сæм бацыд. — Уæ тæлæт бирæ уа, Тæгиатæ! — дзуры сæм лæппу. - Æгъдау- джын адæм стут æмæ уе ’гъдау бакæнут: уæ фосы кæндæй мын — æмбæлæггаджы хай. Тыхгæнджытæ бахудтысты лæппуйы ныхæстыл. Уæд Хуха февнæлдта йæ гæрзтæм, иу барæджы æрфæлдæхта топпы æхстæй, 329
иннæйы дамбацайæ. Уыдон аппæрста æмæ фелвæста хъама, бар- джытæй иумæ уæлбæхæй баскъæрдта æмæ йын цыргъаг йæ риуы ныссагъта. Хъама фæстæмæ нæма раласта, афтæ иннæтæн сæ зæрдæ се ’муд æрцыд, æмæ йыл нæмыг нызгъæлдтой. Хуха хъама ныууагъта знаджы риуы, фæлæ сласта йе ’хсаргард. Уæззау ныу- уынæргъы, афтæмæй знаджы сæрыл æруадзы йæ кард. Кæлы йæ сæры туг, нæмыг ын ахаста йæ иу хъусы ’рдæг, æмбæлынц ыл карды цæфтæ, уæддæр зилæнтæ сисы знæгты астæу, цъыччытæ сæ кæны, æмæ йæ разы фæлдæхынц, цыма сæ мæлæт цæвæгæй кæрды. Æппынфæстаг, чи ма дзы аирвæзт, уыдон лидзæг фесты. Акаст Хуха йæ алыварс. Райста йе ’фсымæры туг, нæ ауагьта тæрын сæ комы рæгьау! Цинæй айдзаг йæ риу, æмæ загьта: «Рухсаг у, мæ иунæг æфсымæр, дæ туг ист æрцыд, æмæ гом у дæ фæндаг рухс дзæнæтмæ». Загьта æмæ нырма уæд бамбæрста йæ судзгæ цæфты рыст. Разылд йæ сæр, фæлæ ма бæхæй тыххæйты æрхызт. Æрбам- бырд кодта йæ фæстаг тыхтæ, бацыд знæгты раздзоджы мардмæ æмæ йын ракодга йæ рахиз цонг. Цонг йæ бæхы саргьмæ бабаста, стæй бæхы ехсæй рацавта æмæ йæм дзуры: «Цæугæ ныр хъæмæ, уадз æмæ адæм зоной: Хуха райста йе ’фсымæры туг». Бæх фæндаг-фæндаг фезгъоры сæ хъæумæ. Хуха æрхауд цъæх нæууыл æмæ йæ уд систа. Хæст кæм æрцыд, уым фæндаггæрон абон дæр ис дуртæй амад чысыл обау. Рæстæг цæуы, фæлтæр фæлтæры ивы, фæлæ хæххон адæмæй нæ рох кæны хъæбатыр æфсымæрты ном. Ацы фæндагыл цæугæйæ бæлццæттæ æрымысынц кæддæры сæрибар цард, сисынц фыдæлты зарæг, æмæ сын уый сæ риуты ссудзы тохы монц. Бæлццон обаумæ куы ’рбаввахс вæййы, уæд йæ цыд фæсабыр кæны, йæ худ сисы æмæ фæзæгъы: «Рухс дзæнæты бад, хъæбатыр лæппу!» Дыгур Къæмынты куыд æрцардысты Уыди æртæ æфсымæры: Суан, Ос æмæ Картыл. Картыл цæр- гæйæ баззад сæ бæстæйы, æмæ гуырдзы уымæй равзæрдысты. Суан ацыд æмæ æрцард, ныр Суанты бæстæ кæй хонынц, уым, - бæстæ дæр уый номыл баззад. Æртыккаг æфсымæр Ос æрцард Уæлладжыры комы, ир та уымæй рацыдысты. Осы хистæр фырт ацыд Дыгурмæ æмæ уым æрцард. Цот ын рацыд, æмæ йæ фæдонтæй уыд дыууæ æфсымæры — хистæр Хуыт- джер, кæстæр та Дзынга. Хуытджер æрцард Къаритины хохыл. Уымæн йæ фырт уыди Челбагон, Челбагоны фырттæ Къæмы- нон-Насыр. Насыр æрцард, ныр Къæмынты хъæу кæм ис, уыцы ран, æмæ хъæу уый ном хæссы. Иу ахæм куы уыди, уæд Уæлладжыры комæй æфсад рацыд 330
æмæ Къæмынтыл æрхъула кодта. Ныр аргъуан кæм ис, уымæ æввахс къуылдымыл мæсыг уыд, æмæ адæм уым бацыдысты. Знаг сæ ракæсын куы нал уагъта, уæд къæмынтæ иу хин æрхъуыды кодтой. Мæсыгмæ цы хид арæзт уыд, уый могортæ балыг код- той, сæхæдæг æхсын ныууагътой, цæмæй знаг æнхъæла, нæмыг сæм нал и, зæгьгæ. Куыд сфæнд кодтой, афтæ рауад хъуыддаг. Æфсад мæсыгыл сæхи ныццæвынмæ хъавыдысты, хид сæ быны ныккалд, æмæ уыйадыл фесæфтысты. Къæмынонæн уыд фырт — Тобой. Уый рæстæджы хъæу фæ- уæрæхдæр. Цæгатырдыгæй цы хох ис, уый сæр гæнах сарæзта, йæ цот куы сбирæ сты, уæд уыдон та мæсыг самадтой, скæсæ- нырдыгæй цы рагъ ис, ууыл. Мæсыг ныр дæр æнæхъæн у, уымæй рагондæр бæстыхай нæй æгас Къæмынты. Ныр дзы цæры иу лæг Дзылыхты мыггагæй. Фыдæлтæ куыд дзырдтой, афтæмæй Уæлладжыры тыхгæн- джытæ аразын нæ уагьтой уыцы мæсыг. Бон-иу цы самадтой къæмынтæ, уый та-иу уыдон æхсæвы ракалдтой. Мæсыг аразгæ та кодта Гог, Тобойы фырт. Æппынфæстаг мæсыг сырæзт, фæлæ уæдмæ Гог æмæ йæ ус базæронд сты. Уыдонæн зæнæг нæ цыд. Иу хатт куы уыд, уæд Гогæн йæ усы мад сыхаг хъæуæй сæхимæ æрбацæйцыд. Кæсы, æмæ мæсыджы сæр хæйрæджытæ хъазт са- рæзтой. Кафынц æмæ зарынц: «Гогæн рæхджы лæппу гуырдзæн, уымæн йæ ном Бæтæ хуындзæн, Æфсати йæ хæлар уыдзæн». Уалынмæ сæ дзырд æрцыд. Усæн лæппу райгуырд, æмæ йыл йе стыр мад ном сæвæрдта Бæтæ. Лæппу рахъомыл, сси номдзыд цуанон — мардта хъæддаг галтæ, дзæбидыртæ, сагтæ, тускъатæ (хъæддаг хуытæ), маргъ ын нæ ирвæзт. Бæтæйы фырт уыди Ног. Уый заманы та Уæлладжырæй æрба- бырстой æмæ æртыхстысты Гогы мæсыгыл. Уыдонæй иутæ бæх- джын уыдысты, иннæтæ — фистæг. Барджыты раздзог уыд Асы- ныхъ, Цæлыччы фырт. Бæхджынтæ цыдысты дон-дон, фистæг адæм та уæлбылты. Мæсыгмæ куы баввахс сты, уæд сæм Асы- ныхъ бахъæр кодта: — Уæхи дзæгьæлы æмбæхсут — нал уын ис ирвæзæн! Лæгты цæгъдгæ кæндзыстæм, уæ устыты æмæ уын уæ сывæллæтты та хæдæттæ æмæ хæлæфтыл ивдзыстæм. Уæд æм Ног мæсыджы сæрæй радзуры: — Сау уæлладжырон! Цалынмæ нæ хъримæгтæ æхстæввонг уой, уæдмæ нæ ницы ахæсдзынæ. Фехста Ног Асыныхъы, æмæ нæмыг йæ рахиз уæрагыл сæм- бæлд. Афтæмæй Асыныхъ цæфæй ацыд йæ фистæг адæммæ. Уыдо- нæй йын иу знаг уыди, — йæ усыл æй æнæууæнк кодта. Асы- ныхъы цæфæй куы федта, уæд æм дзуры: — Дыгур уазæгыл хорз узæлынц: сырх зæлдагæй дын хорз уæрагбæттæн радтой! 331
Уæд ын Асыныхъ афтæ зæгъы: — Гъей, куыдзы хъæвдын! Дæ бон мын цы нæ уыд, уый мын дæ цæстæй федтай. Цæлыччы фырт æмæ йæ цæфыл ныр дæр ма зарджытæ кæ- нынц. Хуытджеры æфсымæр Дзынга æрцард дæллаг хохыл, Къæ- мынты фале, æмæ уыцы цæрæнуатыл баззад йæ ном — Дзын- гагъæу. Дзынгайы ус Æлди уыди йæ тиу Хуытджеры хæзгул. Уый тыххæй та ахæм хабар баззад. Иу ахæмы, Дзынга дард балцы куы уыд, уæд Æлди æнхъæлмæ каст йæ хæзгулмæ. Йæ цæстытæ йæм ныуурс сты, уæддæр уый нæ зыны æмæ нæй. Уæд ус фырмæстæй хуырхдон нуазын байдыдта, афтæ бирæ дзы банызта, æмæ тъæп- пытæ ахаудта. Уый фæстæ Дзынга æндæр ус æрхаста æмæ, раз- дæр Зуайатæ кæм цардысты, уыцы къуылдыммæ алыгъд. Дзынгайæн уыд фырт - Бидзга, уый фырт та уыд Уалиа. Ныр Дзынгайы байзæддаг сты Байсæнгъуырты мыггаг, Хуыт- джеры цот та — Тобойтæ. Хетæг Раджы заман Кæсæджы бæсты цардис Инал. Иналæн уыд æртæ фырты: Хетæг, Биаслан æмæ Тасолтан. Хетæг кодта чыры- стон дин. Æфсымæртæ йæм уый тыххæй фæхæрам сты æмæ рай- дыдтой зилын, цæмæй Хетæджы амарой. Хетæджы мыггаг, сæ хæстæджытæ бауынаффæ кодтой, цæ- мæй се ’хсæн ма уа чырыстон динкæнæг. Ацы хабар Хетæгæн бамбарын кодта йæ хæлар. Хетæг, уый бамбаргæйæ, бæхыл абадт æмæ ралыгъдис. Йе ’фсымæртæ куы базыдтой, Хетæг алыгъд, уый, уæд йæ фæдыл фæфæдис сты æмæ йæ Æрджынарæгмæ фæ- сырдтой. Хетæг æрбаирвæзт Суадагмæ. Уæд æм хъæдæй фехъуы- сти хъæр: «Хетæг — хъæдмæ». Фæлæ йæм Хетæг фæстæмæ ахъæр кодта: «Хетæгæн йæ бон хъæдмæ нал у, фæлæ хъæд — Хетæгмæ». Уыйадыл хъæды æрдуз Бирæгъзæнджы сæр хъæдæй фæхицæн æмæ, Хетæг кæм уыд, уым æрбадти. Хетæг фервæзтис йе знæг- тæй. Уым иу афæдзы бæрц фæцард. Уый фæстæ, йæхицæн куыд тарстис, уымæ гæсгæ балыгъд Уæлладжыры коммæ. Бацыди Зæ- рæмæджы хъæуы цæрæг Бигъуыламæ. Бигъуыла йын иу къорд азты фæстæ радта йæ чызджы æмæ цæрæн бынат, Нарыхъæу кæм ис, уым. Ацы зæххы сбæрæг кодта Хетæг йæхæдæг, байтыдта дзы хоры мыггаг, æмæ фæззæг хорз куы ’рзадис, уæд йæ зæрдæмæ тынг бацыд. Уымæ гæсгæ Бигъуыла дæр радта Нары бæстæ Хетæгæн. 332
Хетæджы тыххæй Гуырдзыйы кънйаз бауынаффæ кодта Хетæгæн зæхх раттын æмæ йæ уым æрцæрын кæнын. Фæлæ Хетæгæн фыны загьдæ- уыд: «Хетæг, лæваргæнæджы зæхмæ ма фæцу, фæлæ дæхи ссаргæ зæххыл æрцæр æмæ йæ дæхицæй ма суæлдай кæн». Уыцы æгъдауыл Хетæг баззад æмæ цуаны цыди. Цуаны цæу- гæйæ, æрбафтыд Нары тæссармæ, къæдзæхы сæр ссардта æрдуз æмæ йæ снысан кодта йæхицæн цæрæн бынатæн. Йæ дыууæ фарс калдысты дæттæ. Нары къæдзæхыл Хетæг лæгæт ссардта. Иу хатт куы уыд, уæд Хетæг цуаны ацыдис æмæ саг амардта. Лæгæтмæ йæ æрхаста. Скодта дзы физонæг. Æхсæвæр бахордта, стæй бафынæй. Фыны та йæм уацхъуьщхæссæг æрбахаста уац: «Ацы ран дæуæн у дæ цæрæн бынат, æмæ дзы æрцæр. Уырдыгæй дæуæй рацæудзæн мыггаг...» Уыцы фыны фæстæ Хетæг Бигъуылайæн ской кодта: искуы хибарæй куы ’рцæрид, уæд æм уый куыд кæсид, зæгъгæ. Бигьуы- ла йын бар радта йæ фæндондзинадæн (Хетæджы ус уыди Би- гъуылайы чызг). — Кæм дæ фæнды, уым æрцæр, - загъта Бигьуыла. Хетæг рацыди Бигъуылайæ Нары къæдзæхмæ æмæ уым йæ- хицæн лæгæты цæрæнуат скодта. Фæззæджы Нары хуссæртты хор байтыдта, æмæ дзы хорз æрзади. Хетæг арæх æфтыди Гуырдзымæ. Иу ахæмы гуырдзыйы пад- дзахы чызджы ракуырдта æмæ йæ æрхаста. Уымæй йын рай- гуырди лæппу - Георги. (Йæ фыццаг ус амарди.) Георгийы райгуырдыл æртæ азы куы рацыд, уæд та Хетæг Гуырдзымæ афтыд. Æртæ азы дзы фæци, афтæ фæстæмæ рацæ- уынмæ хъавыд. Йæ рацæуыны агъоммæ йæм иу зæронд лæг æрба- цыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Æртæ дзырды дын зæгьдзынæн, æмæ мын уый тыххæй дæ уацайраг ратт. Хетæг æм нæ байхъуыста. Фæлæ та ногæй зæронд йæ размæ рацыд æмæ йын загъта: — Хетæг, æртæ ныхасы дын амонын... Тынг æхсызгон дæ ба- хъæудзысты, кæннод фесæфдзынæ. Хетæг æм йе ’ргом радта. — Айс мæ уацайраг æмæ зæгъ. Зæронд лæг бæх1 айста æмæ зæгъы: — Фæндагыл дæ йæхимæ чи хона, уымæ-иу фысымуатмæ бацу. Дыккаг дын зæгъын: исчи дæ куы фæрса — сылгоймаг хуыздæр у æви нæлгоймаг, уæд ма фæрæди — зон, нæлгоймаг хуыздæр у. Æртыккаг дын зæгъын: куы смæсты уай æмæ искæй амарыны онг куы суай, уæд-иу дæ галиу къухæй дæ рахиз цонгыл фæхæц. — Бæх асайдтай. Фæлæ ныр гæнæн нал и, — загъта Хетæг. 333
Рараст и уыцы уагыл Хетæг Калакæй. Шамчхаты цур Дигъо- ны доны2 фаллаг фарсæй Мухраны æлдар æрбахæццæ. Уый уыд Хетæджы хæлар. Æлдар æй хуыдта йе ’мбæлттимæ сæхимæ. Фæлæ æмбæлттæ не сразы сты фысымуатмæ бацæуыныл. — Ам нæ бæхтæ доны был фæхиздзыстæм æмæ та райсом нæ фæндаг адардзыстæм, — загътой уыдон. Хетæг æрымысыд зæронды фæдзæхст: «Фæндагыл дæ йæхимæ чи хона, уымæ-иу фысымуатмæ бацу», зæгъгæ, æмæ сразы ис æлдармæ бацæуыныл. Бацыди. Æлдар ыл тынг бацин кодта. Сæнæй йæ хорз федта. Райсомæй Хетæг базыдта, Лечъы æфсæдтæ3 йын йе ’мбæлтты мулк кæй байстой, сæхи та сын уацары кæй акодтой, уый. Иу хатт Хетæджы иу номдзыд æмæ хъæздыг лæг йæ хæдзармæ æрбахуыдта. Хетæг фынджы фарсмæ йæхи куы ’руагъта, уæд кæсы, æмæ йæ акомкоммæ бады хæфс, йæ фæстæ та лæууы чызг, хуртæ ’мæ дзы мæйтæ кæсынц, ахæм рæсугьд чызг. Хетæг хæдзары хи- цауы фæрсы, уыцы хæфс цы у, зæгьгæ. Уæд хæдзары хицау загьта: — Уый мæ фырт у, уыцы чызг та — йæ усаг. Зæгь-ма, Хетæг, дæ зæрдæмæ дзы тынгдæр кæцы цæуы: хæфс æви чызг? — Кæй зæгъын æй хъæуы, хæфс, уымæн æмæ та уый уæддæр нæлгоймаг у! - дзуапп радта Хетæг. Уыцы ныхæстæм хæфс нæрсын байдыдта æмæ стырæй стыр- дæр кæны. Фæстагмæ нытыъæпп ласта æмæ дзы рахызт гъæйтт- мардзæ лæппу. Ныр уыцы лæппуйæн та хинтæ конд уыди. Æмæ дзы ца- лынмæ исчи раппæлыдаид, уæдмæ йын адæймаг фестæн нæ уыди. Лæппуйы фыд Хетæгæн стыр лæвæрттæ ракодта... Хетæг ссыд Нары къæдзæхмæ. Бахызт йæ хæдзармæ. Хуыссæ- ны йæ ус - паддзахы чызг — фынæй. Йæ фарсмæ лæг, уый дæр фынæй. Хетæг йæ хъама кæрдцзæмæй фелвæста,- фæлæ уыцы сахат æртæ ныхасы йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, æмæ йæ галиу къухæй рахизыл фæхæцыд. Сынтæджы къухы хъама ныссагъта, лæджы худ йемæ рахаста æмæ Нары фæзмæ йæ бæхы цурмæ рацыд. Йæ саргь йæ нывæрзæн, йæ нымæт йæ быны, афтæмæй фырмæстæй Поты фæзы4 бафынæй. Райсомæй Хетæджы ус куы райхъал, уæд федта Хетæджы хъама сынтæджы къухы сагьдæй. Æмæ бадис кодта. Рацыд хæдзарæй. Фæзы ауыдта лæджы, куыд хуыссыд, уый. Сыласмæ5 ссыди æмæ радзырдта, Хетæджы хъама куыд ссардта, йæ лæппуйы худ куыд фæтар и, Поты фæзы та чидæр куыд хуыссы, уыдæттæ. Сылас фæфæдис и Сидты фæзмæ. Дзурынц Хетæгмæ. Хетæг сыстад æмæ сын дзуапп радта: — Чидæр хуыссыд мæ хæдзары, æмæ уæд æз ардæм рацыдтæн. — Уый дæ фырт куы у, уæд æй чидæр цæмæн хоныс? — загь- той йын Сылас. 334
Хетæг ссыди сæхимæ. Георги йæ куы ауыдта, уæд ыл йæхи баппæрста æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта. Хетæг ын йæ худ радта, йе ’нæууæнкдзинадыл фæфæсмон кодта. Георги сыстыр. Ус æрхаста æмæ йын райгуырди лæппу — Мами. Мамийæ рацыд цот: Дзанай, Гоцъи, Джио, Бырнац, Гаджи. Уыцы рæстæджы Гуырдзыйы кънйæзтимæ сбыцæу Тæтæры паддзах. Алчидæр æвзæрста йæ богалы. Кæй богал-иу фæтых- джындæр, уый-иу фæуæлахиз иннæуыл. Гуырдзыйы богалтæй тæтæры богалтæн тых ничи ардта. Тæ- тæры богал алы майрæмбоны дæр мардта Гуырдзыйы богалы. Уæд Калакæй Гуырдзыйы паддзах рарвыста Нармæ: — Тагъд мæм уæ хъæбатырдæртæй иу къорд фæзынæд. Ацыдысты Гуырдзыйы паддзахмæ Нарæй Гоцъи æмæ Гаджи. Гуырдзыйы паддзах сын загьта: — Тæтæримæ мæ адæм тынг быцæу сты. Мæ богæлттæ сын тых нæ арынц, марынц мын сæ. Æмæ мын сымах та цы уынаффæ кæнут? Нарæй чи уыд уым, уыдон иууылдæр сæ каст Гоцъимæ скод- той. Гоцъи уыд чысыл лæг, ставдгомау. Йæ цæстæнгасмæ гæсгæ йæм цыдæр тых æмæ ныфс кæй уыди, ууыл гуырысхо иичи кодта. Гоцъи йе ’мбæлтты цæстæнгас куы бамбæрста, уæд загъта: — Цы мæм кæсут. Æз разы дæн быцæу кæныныл, фæлæ мæ куы амарой, уæд-иу мын мæ туг райсут. Уым уыди Гаджи дæр, Колыты Азанбег, Каци - Цуцийы фырт. Азанбег уыд стыр хъаруйы хицау. — Махæй бацæудзæн Тæтæрмæ богал Гоцъи, — загътой Нар паддзахæн. Паддзах бацин кодта, хæринаджы дзæбæхæй, сæнæй сæ хорз федта. Æрцыд майрæмбон. Тæтæр æрбарвыстой, гуырдзы сæ тых- джын богалы куыд рарвитой, афтæ. Æрæмбырд сты Тæтæры æмæ Гуырдзыйы æфсæдтæ, ноджы æндæр адæмтæ дæр. Разæй кæрæдзийы ныхмæ лæууыдысты богæлттæ. Тæтæры богал уыд стыр лæг, Гоцъи та — чысыл. Дис кодтой гуырдзы æмæ тæтæр, ахæм гыццыл лæг тæтæры богалмæ йæ ныфс куыд бахаста, зæгьгæ. Фæлæ уæддæр Гоцъи фæуæлахиз. Гоцъи Иракъли-паддзахы1 рæстæджы Гуырдзыйы богæлтты иууыл- дæр абынæй кодта иу персайнаг богал. Уыцы рæстæджы дыууæ нарон лæджы балцы Хуыцау æрхаста Калакмæ. Хабар куы фехъ- уыстой, уæд уыдонмæ дæр хардзау æркасти ацы хабар. Нарон цыбыр Гоцъи йе ’мбалæн афтæ загъта: — Цом-ма, фенæм, цавæр богал у! 335
Бацыдысты, федтой йæ — адæмы сæрты кæсы, адæм ыл æмбырдгæ кодгой, æз дæр æй фенон, зæгьгæ. Цыбыр Гоцьи йæ куы федта, уæд йе ’мбалæн афтæ зæгьы: «Хæргæ мæ куы акæна, уæддæр мын йемæ æнæ рахæцгæ нæй!» Йе ’мбал æй кæм уадзы уыимæ хæцын! Фæлæ Гоцьи йæ коммæ нæ бакастис æмæ Иракъли-паддзахæн фехъусын кодта. Иракъли æрбацыдис Гсцьимæ æмæ йæ куы федта, уæд бахудг æмæ йын загьта: «Дæ ныфс æм куыд бахастай, пуртийау дæ куы фæхъаздзæни, мæ коммæ бакæс æмæ ма рахæц!» Гоцьи ныллæууы- дис æмæ ма кæм уадзы Иракълийы: «Бавзар мæ, цы зиан дын у?» — зæгьы. Иракъли-паддзахы бафæндыдис: «Хуымæтæджы йæ ныфс нæ хæссы», — загьта. Бон снысан кодга æмæ æмгьуыды бонмæ æрæм- бырд сты Гуырдзыстонæй алырдыгæй адæм. Персайнаг богал Гоцъийы куы федта, уæд ын хъыг уыдис: «Хынджылæг мæ цæмæн кæнут?» - зæгъы. Гоцъи йæм æд ны- мæт хæстæг бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: «Ныр уал бавзарæм, стæй куы фæтыхджындæр уай, уæд-иу дæхицæй æппæл. Уый кæд нæ, уæд та рахæцæм дзырдæй: бынæй чи фæуа, уымæн иннæ хъамайæ йæ хурх ракæнæд». Персайнаг богал сразы ис, æмæ сæ уыцы дзырдæй кæрæдзийыл бафтыдтой. Зурна2 сцагътой, дыууæ богалы хæцын байдыдтой иу дзæв- гар, æмæ, дæ фыдгул афтæ, персайнаг богал фæбынæй ис. Фæлæ йын Гоцъи ныххатыр кодта æмæ йын йæ хурх нал слыг кодта. Иракълийæн йæ зæрдæ срухс, тынг бузныг дзы фæцис. Хорз сихор саразын кодта æмæ æрхуыдта йæ хæдзармæ æваст бирæ адæмы, Гоцъи æмæ йе ’мбалы дæр. Сихор хæргæйæ Иракъли сæнæй байдзаг кæнын кодта йе ’взист нуазæнты хуыздæр. Райста йæ æмæ Гоцъийы цæрæнбоны тыххæй рæгъ рауагъта. Анызта йæ æмæ нуазæн Гоцъийæн лæва- рæн фехста. Нуазæн Гоцъи нæ, фæлæ йе ’мбал ацахста æмæ йæ йæхицæн йæ дзыппы цæвæрдта. Цы æмбарын æй хъуъщис Иракълийæн, уыцы нуазæнæй Го- цъийæн пайда кæй нал уыди, уый. Чысыл фæстæдæр та банызта æндæр нуазæнæй — фыццаг нуазæнæй чысыл къаддæр. Фехста йæ, æмæ йæ уæд Гоцъи йæхæдæг ацахста æмæ йæ йæ дзыппы цæвæрдта. Фæминас кодтой хорз, Гоцъи йе ’мбалимæ Иракъ- лийы хъæлдзæгæй ныууагътой. Калачы сæ хъуыддаг бакодтой æмæ сæхимæ Нармæ араст сты. Гоцъийы хæст Гаджитимæ Гоцьи Гаджитимæ хæцыд зæххы тыххæй. Гаджитыл сфæнд кодта сафын, уымæн æмæ Гаджиты цот фæфылдæр сты Гоцъитæй. Гоцъийы æфсымæртæй Дзанай æмæ Бырнац не сразы сты Гоцъийы фæндыл, фæлæ сразы Джио. Дзанай æмæ Бырнац загь- 336
той: «Мах дæр, дам, Хъудæй устытæ æрхæсдзыстæм, уыдон цот ракæндзысты, æмæ уæд мах дæр бабирæ уыдзыстæм»,— зæгъгæ. Гаджитæм Ногбоны размæ уыд къусбар. Уым бадтысты куыв- ды. Уæд Гоцъи йæ кæрц зьнъуыммæ рафæлдæхта, доны йæ стыл- дта, ныйих æй кодта æмæ йыл змис бапырх кодта, афтæмæй бацыд æмбырдмæ. Дуаргæрон ныууагъта Джиойы, æддæмæ чи лидза, уыдон ды мар, зæгьгæ. Гоцъи æмбырды рамидæг. Арфæ ракодта, уе ’хсæв хорз, зæгьгæ. Гаджитæ йыл бацин кодтой: «Æгас нæм æрцу, не ’фсымæр». Гоцъи уайтагъд ахуыссын кодта цы- рагъдарæн, йæхæдæг ралæууыд кардæй цæгъдыныл æмбырды адæмыл. Бирæ дзы куы ныццагъта, уæд ын йæхи дæр стыхсын кодтой, æмæ фæлладæй лидзынмæ фæци. Дуармæ куы рацæй- хæццæ кодта, уæд æй Джио кардæй æрсæрфта, Гаджитæй æнхъæл æй уыд æмæ йæ фæмард кодта. Бадилаты таурæгь Бадилаты фыдæл Дыгурмæ æрбафтьщ Мадзарæй1. Ам æй хорз суазæг кодтой. Уый размæ дыгур æхсæнгарз æмæ топпыхос нæ зыдтой æмæ хæцыдысты сагъадахъæй2. Бадиламæ уыдис топп, æмæ-иу дыгуры фос исчи куы атардта, уæд-иу сæ байста. Дыгур знæгтæй сæхи фат æмæ æрдынæй хъахъхъæдтой, Бадила та сæ сæрыл топпæй хъызыд æмæ йын уыцы хъуьцщаг хуыздæр æнтыст, уæдæ куыд уыдаид. Уый тыххæй йын дыгур радтой, йæ бæхы фаг хос кæм æркарстаид, ахæм зæхх. Уыцы уыгæрдæн ис Мах- ческмæ æввахс, æмæ йæ абон дæр хонынц Бадилайы хосгæрст. Бадила ракуырдта лезгораг чызг, Уаниты мыггагæй. Уымæй йын уыд æртæ фырты - Тутъан, Хъуыбады æмæ Абысал. Уыдо- нæй рацыдысты Бадилаты мыггæгтæ — Тугъантæ, Хъуыбадтæ æмæ Абысалтæ. Бадилатæ Скъуыддзаг Иу гуырдзиаг дзæгъæлзад лæг царди Мызуры1. Адæм ын фи- дис кодтой. Хуынди Бадели. Уæд æм хæстæгдæр чи уыди, ахæм лæг Акъо, зæгъгæ, уый йын загьта: — Цом, фæлидзæм ацы мæнгард адæмы цурæй, кæннод нын фидис кæнынц... Сразы сты... Акъо бадт бæхыл, Бадели та хæргæфсыл... Фæн- дагыл Акъо дзуры: — Сбад мæ бæхыл. Бадели схызти бæхмæ, Акъо та æрхызти хæргæфсмæ. Афтæ- мæй æрцыдысты Дыгурмæ æмæ фæрсынц: 22 Ирон таурæгътæ 337
— Ам цæрæг адæм кæм сты? Дзуапп уыд: — Гæбæратæм къуырийы бæлас ис, æмæ уым сты. — Гæбæра- ты дуармæ æрлæууыдысты. Бахуыдтой сæ. Бадели бæхыл кæй бадт, уый тыххæй йæ уæле сбадын кодтой, Акъойы та — дæле. Фæлæ йе ’гъдау куыд уыди, уымæ гæсгæ ма йæ уæле иуы сбадын кодта... Баделийæн иу ануазын кодтой. Дыккаг æм куы радтой, уæд загъта: — Æфсины разæй нæ фæнуазын. Æфсинæн йæ нуазæн авæрдта. Æфсин скуывта: — Бузныг, иннæ адæмæй мæ ничи ’рхъуыды кодта... Хуыцау дæ стыр хицау скæнæд — дзыллæйы сæр куыд уай. Бадели дæр загъта: — Табуафси, цæмæндæриддæр дæ бахъæуон, - дæн цæттæ... ...Уыцы заманы Доныфарс2 æмæ Тъæпæн Дигорæ3 уыдысты знаг, æмæ йæ уым нывæрдтой бонгæс (хъарагъул дыууæ хъæуы æхсæн). Уый фæстæ Бадели ракуырдта усæн Уаниты чызджы. Йемæ ацард... Фæлæ та ног ус æрхуыдта, æрмæст Уæлладжыры комæй. Уымæй йын райгуырдысты: Хъуыбады, Тугъан æмæ Абы- сал... Хантæ æмæ урус Урус хонхбæл дууæ хатти æрбамбалдæй; уæд мах хуæнхти бæ- рæг æлдар нæма адтæй, хантæ еци рæстæги тухи адтæнцæ, тухæ уони къохи адтæй. Уруси хантæ басастонцæ, хъалон сæбæл æри- вардтонцæ; кизги рæсугъд æма сæмæ лæхъуæни дзæбæх нæбал уагътонцæ, уотемæй сæ рацæйтæбæл искодтонцæ. Уæд уруси æлдар дæлгъæуи къæсибадæг уоси бафарста: — Ци мадзалæй ханти тухæ басæттон, цард мæ ку нæбал уа- дзунцæ? Е ба загъта: — Ханти тогæй цалинмæ урусмæ фæсевæд исæнтæса, æма, етæ æфсади цæунгъом фæууонцæ, уæди уæнгæ син неци мадзал иссердзæнæ. Нур ба æзнагæй неци, фал сæ хæццæ лимæн ра- зæгъæ, æма дæхе муггагмæ дæр кæд уони тогæй нæлгоймаг рав- зæридæ! Уруси æлдар зелæн кæнун райдæдта æма ханти хæццæ исли- мæн æй. Еу хатт кæми адтæй, уоми æлдар æхемæ ханти сæри хин- цунмæ æрхудта. Хинцун æй райдæдта хуæруйнаги рæсугъд æма ниуазуйнаги дзæбæхæй. Æстæмæй астмæ ’й фæххинста, уæдта ма ’й æ уæластæн æртæ бони æруорæдта. Бонæ ку бамийнасæ кæни- онцæ, уæд æхсæвæ æлдар æхе раласидæ, æ уоси ба ханти сæри 338
рази ниууадзидæ ’ма ин бафæдзæхсидæ, ести мадзалæй æй ба- сайæ, зæгьгæ. Хан нæ æма нæ арази кодта. Дзæвгарæ ибæл рацу- дæй уруси æлдари хæдзари. Нур цæуон, зæгьгæ-еу ку загьта хан, уæд æлдар ба дуйней цæлæ низмæнтидæ, æ дзилли æрæмбурд кæнидæ, æма адæм устурæй, минкъийæй кинтау зилдæнцæ. Еу æхсæвæ кæми адтæй, уоми хуæрдæфсес æма ниуæзтæйдзаг лæг æхе уорамун нæбал бафæразта æма уруси æлдари уоси хæццæ фæ- цæй. Уобæл и уосæ бауæззау æй, æма йин лæхъуæн райгурдæй. Лæхъуæн ку ралæг æй, уæд хантæн билдогь кæнун райдæдта æма сæ хæццæ тугъд расайдта æма ханти басаста. Уæдæй ардæмæ дуйней дзиллитæн уруси æлдар уоми иссæй. Нур раст дуккаг хатт исæмбалдæй мах Кавкази хуæнхтæбæл уруси тухæ. Æргиккаг æздæхт нæмæ ку æркæна, уæдта е ба уодзæнæй кæрон. Томайтæ куыд сæвзæрдысты Томайтæ Къорайы1 цардысты. Сæ иу Хатæхцыхъо хуынди. Иу хатт хæдзары хуыссыди, афтæмæй тыргъы хæйрæг зади. Бирæгъ æрбацæйцыд хæйрæгмæ. Хæйрæг ныхъхъæр кодта: — И-и, зыгъуыммæкæрццжын мæм æрбацæуы æмæ мын мæ лæппыны хæрдзæни. Хатæхцыхъо йæ нывæрзæнæй топп фелвæста, фехста æмæ бирæгьы амардта. Хæйрæг ныззади, афтæ Хатæхцыхъо йæ цурмæ бахæццæ. Хæй- рæг æм дзуры: — Ма мын æм бавнал. Цы хорз дæ хъæуа, уый дын раарфæ кæндзынæн. Кæд дæ хъæуы - авд лæппуйы, кæд дæ хъæуы - иу. Хатæхцыхъо йын загъта: — Уæдæ мын иу лæппу уæд æмæ хорз. Хæйрæг загъта: ~ Иу лæппу дын райгуырдзæн, æмæ-иу ыл Хæтгар сæвæр. Хатæхцыхъойæн иу лæппу райгуырд, æмæ йыл Хæтгар сæ- вæрдта. Хатæхцыхъо Рукъмæ алыгъд, æмæ Хæтгар уым слæг и. Хæт- гарæн æрхастой кæсгон æлдары чызджы, æмæ йын дзы райгуыр- ди æртæ лæппуйы. Сæ хистæр Созырыхъо хуынди. Созырыхъо сфæнд кодта Хъуыбадты чызджы курын æмæ Дыгурмæ ныццыдис усгур Хъуыбадты чызгмæ. Уыцы чызгмæ уыдис ноджы фондз курæджы, фæлæ никæ- мæн куымдта. Фысым сæм рахаста дыууадæстæнон фæндыр, фæлæ дзы цæгъдын ничи зыдта. Уæд Созырыхъо йе ’рчъитæ феппæр- ста æмæ дыууадæстæнон йæ къах-къухтæй сцагъта. Чызг ын куы фехъуыста йæ цагъд, уæд загъта: 339
— Ацы лæг кæд искуы цъитийы скъуыды цæры, уæдцæр мæ уыййедцæмæ ничи хъæуы. Созырыхъо æрхаста Хъуыбадты чызджы æмæ йын дзы рай- гуырди Мæхæмæт æмæ Тасолтан. Хæтгар ноджы иу чындз æрбахаста — Мачабелты2 чызджы. Мачабелты чызгæй райгуырди Леуан æмæ Басыл. Мачабелты зондæй Хæтгар ацыди кæсæджы æлдармæ уæзда- ны гæххæтт исынмæ. Кæсæджы æлдар ын радта уæзданы гæх- хæтт. Дыгуры Хъуыбадтæ, Слонатæ æмæ Бруты Санатæ дæр сæ къух ныффыстой, зæгьгæ, Томайтæ аккаг сты уæзданæн. Уыцы гæххæттытæ ныххастой Мачабелтæм, æмæ Мачабелтæ дæр сæ къух æрфыстой Томайтæн. Уый фæстæ Томайтæ уыцы чингуытыл схæ- цыдысты æмæ сæ Калачы зæронд Воронцовмæ балæвæрдтой. Воронцов сыл йæ къух æрфыста æмæ сын уæздандзинад саккаг кодта. Уæд Ерыстауы-фырт стыр инæлар уыди, æмæ ма хъуамæ уый æрфыстаид йæ къух, кæннод нæ уыд гæнæн. Воронцов æм ба- сидти. Ерыстауы-фырт гæххæтт райста æмæ йæ ньщдыввытт ла- ста. Йæхæдæг загъта: - Томайтæ уырысы фæцæгъдын кодтой æмæ уæзданы аккаг не сты. Афтæмæй Томайтæн Ерыстауы-фырт сæ гæххæттыл йæ къух нал æрфыста, æмæ æххæст уæздан нал систы. Царциатæ æмæ Цъыбыртты диссæгтæ Царциатæ æмæ Цъыбырггы ’хсæн зæххы тыххæй дзырд æрцыди. Æвзæрст лæгтæ уыдысты Цъыбыртты Гæнгæл, Уæнгæл æмæ Æртхутæг. Царциаты лæгтæ уыдысты Сайдвæстаг æмæ Зæрдæ- сырх. Лæгтæ тæрхоны сбадтысты се ’хсæн дзырддаджы тыххæй. Уæд Хуырымтæ æмæ Бигъуылатæ сфæнд кодтой, Цъыбырттæ æмæ Царциатæ сæ кæрæдзи куыд фæцагътаиккой, уыцы фæндтæ. Уыдон къулбадæг усæн гæртам радтой. Ус бавдæлдис, æмæ хин æмæ кæлæнæйдзаг ронджы дурын тæрхоны лæгты астæу нывæрдта. Лæгтæ дзы доны ’фсон баныз- той, æмæ сын ницуал баззади хæрам тæрхоны зонды йеддæмæ. Раздæхтысты сæ ныхæстæ галиумæ. Царциатæн æппарæджы хай бакодтой. Афтæмæй сын Хуырымтæ æмæ Бигъуылатæ фидис кæнын байдыдтой Царциатæн, зæгъгæ, Цъыбырттæй дæлдæр нæм мыг- гаг нæй, æмæ уын уыдон дæр хай нæ бакодтой. Царциатæм фи- дис тæлммæ кæсын байдыдта. Хуырымтæ æмæ сæм Бигъуылатæ хахуыр æвзаг хæссын бай- 340
дыдтой, — зæгьгæ, схæцут, Цъыбыртты фесафут, æмæ уын бын- тон сæ зæхх баззайдзæн. Царциатæ Цъыбырттæм æхсæвыгон фынæйæ бахъавыдысты æмæ сыл арт бандзæрстой. «Цъыбыртты сыгьд» сæ бакодтой. Бæстæ баззади Царциатæн. Хуырымтæ æмæ Бигъуылатæ Царциатæм æруырдыг сты æмæ сын загьтой: — Чи уын радта уыйбæрц бар, æмæ сæ афтæ быныскъуыд акæнат? Царциатæ загътой: - Бынтон сæ нæ аскъуыдтам, сæ кой ма баззад. Хуырымтæ æмæ Бигьуылатæ загътой: — Хорз уæдæ, кæд сæ ном баззад, уæд уæ цæгъдгæ нæ кæнæм. Фæлæ сæ цы ном баззад? - Уæртæ сыгъды уæлдай - æртхутæг. Уый номæн æгыъæд нæу? — Цæгъдгæ уæ уæдæ нæ кæнæм. Фæлæ уыл хицæн тæрхон кæнæм. Бынæттон царды бæсты уыл цæугæ цард æвæрæм. Ацыт æмæ цæрдцзу кæнут. Ам уын цæрæн нал ис. Цы фæрæз уыди?! Царциатæ ацыдысты. Цæугæ цардæй куы сфæлмæцыдысты, уæд Хуырымтæм æмæ Бигъуылатæм арвыстой минæвар: «Цы ми нын кæнут? Тугæй бæстæ байстам, æмæ нын цæрынæн бынат нал дæттут!» Уыдон сæм æртхъирæнтæ арвыстой: «Абонæй фæстæмæ уæ кой куы фехъусæм, уæд уæ бынтондæр ныццæгъддзыстæм». Кой дæр нал скодтой Царциатæ сæ бæстыл... Царциатæ абон дæр цæрддзу кæнынц, цигантæ уыдон сты. Дыууæты бæстæ дæр Хуырымты æмæ Бигьуылаты къухы баз- задис. Уыдон быцæу кæнын байдыдтой: сæ иу дæр афтæ — «бæстæ мæн у», æмæ иннæ дæр... Уæд кæрæдзийæн загьтой: «Уæдæ нæ мæнг чи дзуры, уый ’фыдусы ’лгъыст баййафæд!» Сæ тæрхон фæстагмæ къулбадæг усмæ æрхауди. Къулбадæг ус сын сæ астæу ноджы дурын ныууагъта æмæ загъта: - Амæй фылдæр чи баназа, бæстæ уымæн баззайæд! Фæзыд ыл кодтой æмæ сæрра сты дыууæтæ дæр æмæ кæрæ- дзийыл хæст расидтысты дон æмæ зынгæй: алчидæр йæхи хъуа- мæ доны стылдтаид æмæ алкæуыл дæр зынг бафтыдтаид. Къулбадæг ус уый куы базыдта, — ай афтæмæй нæ фæцагъды уыдзысты, уæд доныл ронг ауагъта. Дон фæтæген фестади. Аф- тæмæй йыл зынг куы бафтыдтой, уæд цырен сыгъд кодтой, æхсидгæ зынг æппаргæйæ. Гъе уыцы ’гъдауæй сæ мыггаг аскъуыд Хуырымтæн æмæ Би- гъуылатæн. 341
Куыд равзæрдысты Хуыгатæ Мах стæм Гуылæртæй. Нæ мыггаг равзæрд афтæ. Ирæтгы фыдæ- лы хуыдтой Ос-Бæгъатыр. Уымæн уыд фараст лæппуйы. Хистæр хуынд Кусæгой, æмæ уымæй равзæрд Тедетæ æмæ Цхуырбаты мыг- гæгтæ. Кæстæр æфсымæры ном та хуынд Цъæхил. Цъæхилæн дæр уыд бирæ фыргтæ. Уыдонæй сæ иу уыд Гуылæр. Гуылæрæн уыд фондз фырты: Слан, Зассе, Хуыга, Тебло, Коцой. Коцойæ равзæрд фæстæмæ æртæ мыггаджы: Нартыхтæ, Нанитæ æмæ Бæззатæ. Нæ фыдæл Хуыга ардæм æрцыд æхсæз фондзыссæдз азы размæ. Уый размæ цард Урстуалты. Уырдыгæй æфсымæртæ Хуыга, Зас- се, Бæза æмæ Коцой алыгъдысты Къасарагомы Ныхасы хъæумæ. Уым иу дзæвгар куы рацардысты, уæд иу хатт Хуыга цуаны рацыд. Цуангæнгæ æрхаудта, уæртæ Часавалы сæрмæ къæдзæхы сæрыл цы хъæу ис ныр, уырдæм. Ссардта дзы хæдзар æмæ мæ- сыг. Æхсæвы уым баззад. Ног бынаты федта фын, цыма саг амар- дта. Райсом райхъал, æдцæмæ рахызт æмæ æцæгæй хæдзары раз уыд саджы мард. Йæ сыкъатæ æрæджыйы онг дæр ма уыдысты хъæуы. Лæджы зæрдæмæ фæцыд бынат. Фæстæмæ аздæхт æмæ йе ’фсымæрты Зассе, Бæза æмæ Коцойы йемæ ракодта æмæ æрцардысты ацы комы. Нæ фыдæлтæ уыдысты фосджын. Æмæ, ныртæккæ мах кæм цæрæм, уыдон уыдысты фосдарæнтæ. Æмæ уæдæй фæстæмæ ам сцæрæн бынат ис. МЫГГÆГТЫ ТОХ I. Диссаджы къус Иры фыдæлтæ уыдысты фондз æфсымæры: Æгъуыз, Сидæ- мон, Цæразон, Хъусæг æмæ Цъæхил. Æгьуызæн йæ фыргтæй иу, Згьæриса, рацыд йе ’мгæрпæй хуыз- дæр. Уымæн уыдис æртæ лæппуйы: Тома, Абай æмæ Гагуыло. Га- гуылойæн йæ бон нæ уыдис туджы аргь бафидын, æмæ йæ дыууæ фырты, Туга æмæ Кортиа, сæ фыдыбæстæ Къорайæ ралыгьдысты Къусчьггæм. Æхсæв Къусчыты фесты. Сæ нæуæг бæсты феныны мæтæй сыл æхсæв хуыссæг дæр нал хæцыд. Райсом раджы акасты- сты дыууæ ’фсымæры æмæ федгой æввахс ранмæ Хуыцауы кувæн- дон. Сæ худтæ систой æмæ скуывтой: «О Хуыцау, нæ Хуыцау, ахъаз нын бакæн! Дæ хорздзинæдгæй нын стыр арфæ ракæн!» Хæс- тæгдæр бацыдысты сыгъзæрин кувæндонмæ æмæ дзы федтой Хуыцауæн диссаг: сисы къусчы къус лæууы — бæгæныйæ йедзаг. — Гъе, мæнæ диссæг, — кæрæдзимæ дзурынц, — чи йæ бай- дзаг кодта, ам цæрæг куынæй? Нуæзт кæм уыд, уым ыл бирæ нал фæдзырдтой: Туга йæ сис- 342
та æмæ йæ иууыл анызта. Къус йæ бынаты нывæрдтой. Бæстæ сæ зæрдæмæ фæцыди, æмæ йæ къусчы тыххæй «Къусчытæ» схуыд- той. Изæры сæхицæн цæрыны фæндтæ фæкодтой. Дыккаг бон райсом сыстадысты, æмæ бæстæ сæ зæрдæмæ ноджы хуыздæр фæцыди. Æрцыдысты кувæндонмæ: къус та йедзагæй лæууы. Туга йыл фæхæцьщ æмæ йæ анызта. Кортиа йæм ницы сдзырдта. Æртыккаг бон се ’рцыдмæ къус йæ былтæй кæлы, сау бæгæ- ны йæ мидæг ставд пуртитæ æппары. Кортиа фæцырд и æмæ йе ’фсымæрмæ дзуры: — Ме ’фсымæр, ныр мæ рад у. Хистæрæн дын дыууæ барсты æгьгьæд уæд. Туга йæм бадзырдта: - Ацы хатт ма йæ мæнæн уадз. Кæд дзы, мыййаг, исты фыд- былызæй ис, уæд æрмæст æрцæуæд мæ сæрыл, ды та мын баз- зайай мыггаджы сæрæн. — Хорз! — Фæцис та афтæ. Цыппæрæм бон æрцыдысты, æмæ мæнæ диссаг: къус афти- дæй лæууы, ницыуал дзы ссардтой. Дыууæ ’фсымæры цæрын райдыдтой: сæ риу Хуыцаумæ дар- дтой, афтæмæй цæугæ цард кодтой. II. Лæгбирæгъ æмæ мæличчы лæппу Иу бон куы уыди, уæд Туга фос хизынмæ аскъæрдта. Афтæ- мæй йыл æбуалгъ æмбисонд æрцыд. Кæцæйдæр лæгбирæгъы фыдбылыз рахаста. Тугайыл йæхи ныццавта чъылдымырдыгæй æмæ йæ стын нал уадзы. Тыхæй-фыдæй сыстад, фæлæ йæ уæд- дæр кæм уадзы лæгбирæгъ! Æрхмæ йæ фæхæссы. Йæ амонд куыд уыд Тугайæн, афтæмæй къалиуыл фæхæст и æмæ йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта йæ иунæг æфсымæрмæ: - Цы фæдæ, Кортиа, мæ иунæг æфсымæр! Мæ туг кæмæй райсдзынæ хъæды сырдæй хуыздæр?! Лæгбирæгъ хъæрæй чысыл фæсабыр йæхæдæг. Уалынмæ йе ’фсымæр æд гæрзтæ дæлæ сызгьоры: йæ топп - йе ’фцæгыл, хъама — йæ фарсыл, фæрæт - йæ къухы. Йе ’намонд базыдта лæгбирæгь, йæхи фервæзыныл архайы, фæлæ йæ Туга кæм ауагътаид! Йæ тых-йæ бонæй — цæф лæгбирæгьы фæсонтæн! Фæс- тæмæ ахауди къутæры сæрты æмæ ныххауди æрхæн йæ астæумæ. Йæ царм ын бастыгътой лæгбирæгъæн кæрцы риутæн. Йæ маст хос кæм нæу ирон адæмæн! Акъæртт æй кодтой, æмæ йæ хуылфы разынд Хуыцауæн диссаг — æнæхъæн уæнгтæй дзы сы- вæллон мардæй лæууыд. Сæ амондæн, царм æмæ мастимæ сывæллоны уæнгтæ дæр рахастой æмæ сæ сыгъдæг ран бавæрдтой. 343
Уый уыди имереттаг мæличчы лæппу. Дзырд дардмæ кæм нæ хъуысы, æмæ мæликк базыдта йæ лæп- пуйы хабар. Мæликк рарвыста Тугамæ: «Æрцу, мæ хæлар, æрцу мæм, мæ хорзгæнæг! Æрхæсс мæм мæ уарзон лæппуйы уæнгтæ, иу каст ма сæм бакæнон, иу цæссыг ма сыл æрæппарон. Лæвар дæ цы хъæуы, уый мæнæй ракур». Иу бон Туга раджы фестади, сывæллоны зæлдаджы батыхта. Цæуынтæ байдыдта, тындзын байдыдта, æнцонтыл бахæццæ мæличчы хæдзармæ. Мæликк куы федта йæ фырты мард уæнгтæ, уæд ныхъхъæр- зыд, ныббогътæ кодта, фæлæ уæддæр йæхи рæвдыдта ахæм дзырд- тæй: «Табу Хуыцауæн! Æгайтма мæ фыртæн йæ мард уæнгтæ федтон, ныр нал мæт кæнын!» Туга уым иу къорд бонты куыннæ фæцардаид, минас кæм нæ фæкодтаид! Цæуынмæ куы хъавыдис, уæд ын æлдар загъта: - Ды куы дæ мæ уарзон, ды куы дæ мæ хур! Акæн дæхицæн уацайрæгтæ, ахæсс лæвæрттæ. Рацыди Туга, рахаста йæ зынаргъ лæвæрттæ, æрцыди йæ хæ- дзармæ. Йæ дыууæ фырты, Уырызмæг æмæ Санахъо, йæ цæстыты раз рæзыдысты дэæбæхæй. III. Гаглойтæ æмæ Санахъотæ Уырызмæгæн райгуырди æртæ лæппуйы, Санахъойæн уыдис фондз фырты. Уырызмæджы цæуæт сæхи схуыдтой Гаглойтæй, мыггаджы номæй. Санахъойы цæуæт сæхи хуыдтой Санахъотæй, фыды номæй. Тугайы фырттæ — Уырызмæг æмæ Санахъо — æнцад-æнцойæ сæхицæн цардысты Къусчыты бæстыл, сæ фыды ссард зæххыл. Куы амардысты, уæд сæ цæуæты ’хсæн иу бон фыдбылыз æрхауд: Уастырджийы размæ бон Гаглойтæ сфæнд кодтой Санахъоты фæцæгъдын. Гаглойтæ фыдвæнд скодтой æмæ загътой Санахъотæн: —Уæ, Санахъотæ! Нырæй фæстæмæ стыр бонтæ уыдзысты, кусын нæ фæтчдзæн, æмæ хорз уаид, нæ сугтæм фæд куы бакæ- никкам. Рацæут, мæ хуртæ, зивæг ма кæнут, фæйнæ фыййаджы уемæ рахæссут. Санахъотæ, дæ зæрдæ-мæ зæрдæ, ницы зыдтой, æрмæст ахас- той мит калынæн хъæдын фыййæгтæ. Гаглойтæ та фыййæгты йеддæмæ кæрц æмæ цухъхъаты мидæгæй сбастой хъаматæ æмæ кæрдтæ. Ацыдысты æмæ æрлæууыдысты: Санахъотæ пырхытæй, дыууæ дзы иу ран нæй, алы лæгæн дзы дыууæ хъузоны йæ фæйнæфарс 344
Гаглойтæй. Æрмæст лæг урæд нæ фæцис Санахъотæн сæ сау лæ- гæн, Матæрса йæ ном: нæ дзы тарстысты Гаглойтæ, æви сæ рох фæци, уый Хуыцау зоны. Æрдæгкалд фесты, уæд сæ Гаглойтæ цъыччытæ райдыдтой, æмæ уым кæрæдзи хорз федтой: ничиуал аирвæзтис Санахъо- тæй, къаддæр нæ фæхъуыдис Гаглойтæй дæр. Æрмæст Матæрса йæ удæн фæтарст, цыма дзы ахæм уд скъуы- ди, æмæ фæсвæд агæпп кодта. Йæ агæпмæ йæ быны зæй фес- къуыди, æмæ, йæ дымæгыл бадгæйæ, цъаламæ æрбырыд. Уым дын фестади, йæ дымджытæ ацагъта, фæстæмæ ма иу каст хъæ- лæкк фæкодта æмæ лидзынтæ байдыдта фæндагыл Дзаумæ. Та- лынг милты рахæццæ Хуыцъейы1 дæлейæ Сухтамæ2. IV. Санахъотæ æмæ Кæркуыстæ Санахъойæн йæ иу фырт, Тотырадз, царди Дзауы. Тотыра- дзы хъуамæ амардтаиккой Гаглойты æвзагæй Дзауы цæрæг Кæр- куыстæ. Амардтаиккой йæ Уастырджийы æхсæвы, Сухтайы Май- рæмы бын. Матæрса ацы фæрсты, Майрæмы бынты, нæ рауæндыд, фал- лаг фæрсты рацæйцыд. Тотырадз та йæ сау бæхыл Сухтайы Май- рæммæ куывды фæцæйцыд. Чысыл ма йæ хъуыди Майрæмы бынмæ, афтæ фæкасти, æмæ уæртæ Матæрса фаллаг фæрсты йæ худ тилгæ рацæуы. Зæрдæ ныссæххæтт кодта Тотырадзæн. Уай- тагъд æй базыдта, хæрзæгæй кæй нæу ай хуызæн изæрыгон, стыр æхсæвы. Матæрса йæ размæ доны рахызти, хабæрттæ цыбыртæй ра- дзырдта. Тотырадз ныхъхъæрзыд, Тотырадз ныррыхыд. Базыдта уай- тагъд йæ уды æнамонд, йæхимæ йын Кæркуыстæ кæй хъавынц, уыцы сахат Майрæмы йæ разы кæй бадынц. Уæддæр Матæрсайы лæгъстæмæ нæ байхъуыста Тотырадз, нæ раздæхт фæстæмæ, нæ фæтарст, мыййаг, фæлæ йæ бæх батардта, — Кæркуысты хъуамæ федтаид. Кæркуыстæ æнцад тымбылæй бадынц, цыма цæмæдæр æнхъæлмæ кæсынц. Куыддæр Тотырадзы ауыдтой, афтæ фестадысты, кæстæртæ йын йæ бæхмæ фæкастысты, лæггад ын бакодтой. Тотырадз æфсо- нæн йæ дзыппытæ æрысгæрста æмæ йæ цыма рох фæци, уыйау Кæркуыстæн загъта: — Уæу-уа, мæ сыгъзæрин нуазæн хъæуы ферох ис... Уымæй куынæ баназон уемæ, мæ уарзон адæм, ай хуызæн стыр æхсæвы, уæд мын мæ цард ад нал фæуыдзæн. Ауадзут мæ, ацы сахат ам дæн. Кæркуысты бæргæ нæ фæндыд йæ ауадзын, фæлæ сын æндæр гæнæн нæ уыд, æмæ йын йæ бар йæхи ныууагътой. 345
Хъæугæрон Тотырадз Матæрсайы раййæфта, хæдзары дуармæ йæм бæх радта, йæхæдæг мæсыгмæ схызтис, йæхиуыл дуар сæх- гæдта æмæ æнафоны богътæ байдыдта. Сыстади уыцы æгъдауыл Тотырадз æмæ райсом ацыди Рацъмæ3, мæликмæ, йæ фыды хæлармæ. Радзырдта мæликкæн йæ иунæг сæры хабар, фæстейы ницыуал ныууагъта йæ фыдæ- бæттæй, рох дзы нæ уыди Кæркуысты маст дæр. Адзырдта мæликк йæ искæйуæттæм. Йæ искæйуæттæ иугуы- рæй йæ цуры февзæрдысты. — Цæугæут, мæ хуртæ, мæ адæмы мын æрæмбырд кæнут ацы сахатыл! Чысыл фæстæдæр мæличчы хæдзæрттæ адæмæй байдзаг сты. Акасти Тотырадз йæ алыварсмæ, федта адæмы къордтæ, йæ зæрдæ барухс æмæ йæхинымæры загъта: «Цæугæ, мæнæй уый, дæ афон æрцыд хорздзинадимæ». Йæ зæрдæ ’хсайдта цæуынмæ, фæлæ уæдцæр бады Тотырадз, цæмæдæр æнхъæлмæ кæсы. Уалынмæ сыстади уæззаугай мæликк йæхæдæг æмæ йæ адæ- мæн загъта: — Ацæут ацы лæджы фæстæ, цы уын зæгъа, уый æххæст кæ- нут, равдисут хæсты уæ хъæбатырдзинад. Уæд æвиппайдæй фестадис Тотырадз йæ къæлæтджынæй, хæрзбон загъта æмæ арфæ ракодта йæ хорзгæнæгæн. Рараст и Тотырадз йе ’фсæдтимæ æмæ Дзаумæ æрцыдис, хъæды æрæнцадысты. Уыцы афон Кæркуыстæ хъæлдзæгæй цардысты, цинæй мар- дысты се знæгты куынæгыл. Дзырдтой Кæркуыстæ: «Æгайтма бабын сты. Иу ма дзы уыд, æмæ уый дæр йæ сæр кæдæмдæр фесæфта. Зæхх махæн баззади». Уыцы хъæлдзæгæй куывд кæнын æрымысыдысты. Сцæттæ кодтой, цы хъуыди, уый, æрхуыдтой адæмы æмæ сæ даргь бан- дæттыл æрбадын кодтой, фынгыл ныккалдтой алцыппæт. Рæгъы- тæ байдыдтой, хорз банызтой. Нуæзт æрра кæй нæ кæны, йæ зæрдæйы быны ныхæстæ чи нæ байдайы! Кæркуыстæн фынгыл иу лæг афтæ зæгъы: — Уæхи бахъахъхъæнут ацы ’хсæв, уе знаг уæм хъавы фыд- цагъд кæнынмæ. Бæрзонд уыдысты Кæркуыстæ нуæзты тæфæй: — Чи нын цы ракæндзæн, махмæ йæ ныфс чи бахæсдзæн!? Не знаг нæ хидæй донмæ куы кала, уæддæр ын æхсæв æмæ бон куынæ фæуыдзыстæм. Уыцы ’хсæв Тотырадз йе ’фсæдтимæ æвиппайдæй ныццав- той Кæркуысты цæрæнтæ æмæ сæ æнæхъуаджы цагъд фæкодтой. Уым бирæ сысгуыхти хъæбатырдзинадæй, уым бирæтæ рав- 346
дыстой сæ æнæтæрсгæ æхсар. Алырдыгæй хъуыстысты топпы гæрæхтæ, алырдыгæй цыдысты хъамайы цъыччытæ, фæйнæр- дæм хаудысты рæсугъд сæрты æрдджытæ æмæ иннæ буары уæнгтæ. Туг дзаумайыл лæсæнтæ кодта, зæххыл зæйтæ кæнын байдыдта. Афтæмæй фæхæцыдысты боныцъæхмæ. Боныцъæхæй Кæркуыстæ куынæг байдыдтой. Уыцы ’гъдауæй Кæркуысты фæцагътой. Тотырадз æрцарди Дзауы хъæуы. Къæбыстæ куыд равзæрдысты Мамысоны Сатъатæй1 ралыгъд Хъазгоджи æмæ Сохтæм2 æрцьщ. Сохты цард, æмæ йын зæнæг нæ уыд. Дæсны бафарста, æмæ йын дæсны загъта: — Дыууæ лæппуйы дын гуырдзæн. Сæ иу хæрæджы бынмæ баппар æмæ йыл «Хареба» сæвæр, иннæйы куыдзы бынмæ бап- пар æмæ йыл «Къæбыс» сæвæр. Бæлвырд ын райгуырд дыууæ лæппуйы. Сæ иуы хæрæджы бынмæ баппæрста æмæ йыл Хареба сæвæрдта, иннæйы куыдзы бынмæ баппæрста æмæ йыл Къæбыс сæвæрдта. Уый фæстæ Хъазгоджи Хуыцъемæ алыгъди æмæ дзы бирæ рацарди. Къæбыс хорз цуанон рацыд. Уæд бæстæ саугъæд уыд. Къæбыс цуаны цыд æмæ иу бæстæм ссыд. Уыцы бæсты иу ран къоди уыд. Уырдæм сагтæ цыдысты æмæ дзы ривæд кодтой. Стæй-иу сыстадысты æмæ хызтысты. Къæбыс-иу саг амардта æмæ- иу æй Хуыцъемæ æрхаста. Уыцы бæсты мæнæуы æфсиртæ ссардта, Хуыцъемæ сæ æрха- ста æмæ загъта: — Ай цы бæсты зайы, уый цымæ бæстæн не сбæздзæн? Уыдон ын загътой: ~ Ай хуызæн мæнæу кæм зайы, уый бæстæн хорз уыдзæн. Уæд Къæбыс цæуын байдыдта æмæ хъæд æрдузын байдыдта. Хурджын аз уыди, æмæ йыл арт бандзæрста. Судзын байдыдта хъæд, æмæ бæстæ иууыл басыгъди. Уырдыгæй куы ’рцыд æмæ йæ куы фарстой: — Кæцæй цæуыс, Къæбыс? Уæд-иу загъта: — Уæлæ сыгъдтæй. — Кæдæм цæуыс? Уæд-иу загъта: — Уæлæ сыгъдтæм. Афтæмæй уыцы бæстæ ууыл фæцис «Сыгъдтæ». 347
Гнугъ1 æмæ Æгъуызатæ Дæргъæй-дæргъмæ Ныхасы дывæлдах бадтысты Æгъуызатæ æмæ цæуылдæр тæрхон кодтой. Кæстæртæй чи йæ цонг æмбон- дыл ауагъта, чи та дæрддзæф лæууыд, уайсадæг чындзау, æмæ хистæртæм афтæмæй хъуыста. Уалынджы мæйрухс дæр скасти Къахыры хохæй, æмæ фæз- зыгон изæр райдзаст уыд. Ныхасы адæмæн-иу сæ дзурын куы фемæхст, куы та-иу фæ- сабыр. Афтæмæй йæ дымæг нал скъуыд. Æппынæрæджиау сыстад Ныхасы адæмæн сегасы хистæр æмæ загъта: — Махæн нæ цард ницыуал у. Хисты æмæ нын куывды нуа- зæн нæ арммæ ничиуал ратдзæн. Нæ фæстаджы фæстæгтæ дæр фидиссагæн баззайдзысты адæмы ’хсæн, ацы æвыдон хъуыддаг нæ уæлæ куы ныууадзæм, уæд. Нæ сæрыл усы кæлмæрзæн ма ныккæнæм: кæнæ мæлæт, кæннод та нæ туг тугæй райсæм. Ацы ныхасыл уæлдай ничиуал ницы загъта: иууылдæр æмхор- хор скодтой Ныхасы адæм, æмæ хъуыддаг аргъæвтой райсоммæ. Стæй райхæлдысты Ныхасæй, æмæ алчи йæ хæдзармæ фæцыдис. Цæуыл уыд сæ сагъæс? Дзесты Хопайæн рæсугъд ус уыдис. Ахæм рæсугьд, æмæ дзы мæйтæ æмæ стъалытæ хъазыдысты йæ уындæй. Йæ мой та уыдис цауддæр бакастæй, æмæ йыл æнæрвæссон кодта ус. Йæ ном ын хуыдтой Хаир уыцы усæн. Цыдысты бонтæ. Хопайæн Хаир ад нал лæвæрдта. Уый ба- уарзта Æгъуызаты Османы æмæ сфæнд кодта йæ фæдыл али- дзын. Фæстаджы бонты сæ цард иумæ куынæуал фвдыдта мой æмæ усæн, уæд сæ хъуыддаг раст адæммæ æрхастой, æмæ сæ уыдон ахицæн кодтой кæрæдзийæ. Хаир рахицæн кодта йæ хай хæдзарæй æмæ ныццыди йæ цæ- гатмæ - Гнугъмæ. Йæ фæстæ Осман дæр ныфтыд уырдæм æмæ бафысым кодта Хаиры цæгатмæ. Хаир йæхæдæг уым нæ уыдис. Уый чысыл раздæр дон хæссынмæ ацыд æд къуыстил æмæ уыр- дыгæй æрæгмæ зынди. Осман æй куы фæфиппайдта, уæд йæ бæхæн дон дарын æфсон ныззылдис хъæуы бынмæ: афтæмæй уым хæрхæмбæлд фесты Хаиримæ. Осман æй куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта æмæ йæ мидбылты бахудти. Хаир дæр афтæ... Стæй сæ дыууæ дæр уыцы ран æрлæууыдысты æмæ бирæ зæрдиагон ныхæстæ фæкодтой кæрæдзийæн. Иннæ дондзау устытæ дæр сæ фæрсты цыдысты дыууæрдæм, фæлæ сæ ничи ницы æмбæрста Осман æмæ Хаиры сусæг ныхасæн. Иу цасдæр рæстæджы фæстæ дыууæ кæрæдзийæ ахицæн сты. Осман йæ бæхы донмæ нылласта, Хаир та хæдзармæ ссыд. 348
Мидæгæй хæдзар уыд адæмæй йедзаг. Цыргъисæны2 фысым уыдоныл уыд, æмæ сæм хъæубæстæ æрæмбырд сты. Уалынджы Осман дæр сыздæхт, йæ бæх бафснайдта æмæ схызт уæлæмæ, тыргьмæ. Уыцы ран æрбадт иувахсыг бандоныл æмæ хъуыдытæ кодта йæхинымæры. Фысымтæй йæм исдугмæ ничи зынд æддæмæ, стæй кæстæртæй чидæр рауадис æмæ уазæджы бакодта хæдзармæ. Уым æй абадын кодтой хистæрты дæллаг фарс, æмæ дзыхъхъынногæй гаджидаутæ рацыдысты. Цалынмæ рæгъ кæстæртæм хæидæ кодта, уæдмæ, уазæджы æртты иу-цалдæр дзæ- бидыры асагъдис фæдыл-фæдыл, фæлæ дзы уый иу нуазæнæн дæр рæстмæ æгъдау нæ радта, - хуыпп дæр дзы никæмæй скод- та, афтæмæй-иу сæ аздæхта фæстæмæ уырдыглæууæгмæ. Æцæг, рæгъ кæстæртæм куы рахæццæ, уæд уыдон сæ нуазæн æфсинæн барвыстой. Æфсин бадтис устытырдыгæй. Сæ дæллаг фарс та бадтысты устытæ, æмæ сын Хаир та кæстæриуæг кодта. Уый райста нуазæн, йæ кæрдих ын фынгыл æрæвæрдта æмæ йæ фæстæмæ уазæгæн саккаг кодта. Уазæг дæр уæд Хаиры ’рттæй нæртон райста нуазæн æмæ йæ бындзарыл анызта. Стæй арфæ ракодта æфсинæн æмæ фæстæмæ йæ бынаты æрбадтис. Хъæлдзæг куыд нæ уыдаид куывд! Фынгтæ фæтасын нæ куымдтой алы минасæй. Нуæзт уыд уæлдон. Æррыппы æмдзæгъд- мæ æмæ Уастырджийы зарæгмæ зæронд хæдзары къултæ æмрызт кодтой, сæгтæ згъæлдысты царæй. Фæлæ Осман йæ хъус æндæр кæдæмдæр дардта. Уыцы цавддурау йæ бынатæй ничердæм змæ- лыд, йæ дзыхæй сыпп нæ хаудта. Йæ зæрдæ арф хъуыдыты ных- хаудта, æмæ, кæм бадтис, уый дæр нæ зыдта. Цас фæбадтаиккой уыцы ран куывды адæм, Хуыцау æй зоны. Уæлейæ хистæртæ ракуывтой Уастырджийы рæгъ æмæ рауагътой сæр æмæ бæрзæй. Ацы рæстæджы Осман йæхи хъуыдыйы æфсон ахызт дуармæ. Хаир дæр йæ дзауматæ арæвдз кодта уаты, æмæ Османимæ цæ- уыныл фесты. Сæ фæдыл рауад иу æнахъом лæппу æмæ, бæхы къæхты хъæр куы фехъуыста, уæд фæстæмæ фездæхт хæдзармæ æмæ дзуры: — Нæ уазæг фæцæуы, æмæ йын йæ фæсарц Хаиры дæр бадгæ ауыдтон. Бæстæ уыд мæйдар. Цæсты къух куы фæтъыстаис, уæддæр æй ничи равзæрстаид. Расыг адæм ныххæррæтт кодтой ацы ны- хасмæ. Иууылдæр фæдис фесты. Афтæмæй сæ раййæфтой хъæу- гæрон. Самадтой сыл æхст фæстейæ. Сæ дыууæ дæр бæхæй аха- удтой. Осман мард фæцис, Хаир дæр ма уæззау цæфтимæ удæгас баззад. Райсомы хабар айхъуыстис адæмыл. Æрыхъуыстой йæ Æгъуы- затæ дæр. Дыккаг бон сæууон хур рæгътыл куы сныдзæвд, уæд Æгъуы- 349
затæ æгас мыггагæй фæдисы ацыдысты Гнугьмæ. Гнугъ рагацау зыдтой сæ Хуыцауы цæф, ацы æвыдон хъуыддагмæ сæ Æгъуы- затæ афтæ кæй нæ ныууадздзысты, æмæ лæгтæ æд хотыхтæ ацы- дысты уыгæрдæнтæм, сæ сывæллæттæ дæр семæ, афтæмæй. Хъæу- ты ма баззадысты æрмæст устытæ, хæдзæртты хъахъхъæнæг, æмæ уыдон дæр мæтæй хус кодтой. Фæззыгон бонты ма ахæссы хъарм рæстæг. Хур æрæндæвта йæ тынтæй бæстæ, æмæ кæмтты бадтис фæлм. Фырæнтæфæй мит бæрзонд цъититыл дæр мæрдон хуыз адард- та æмæ суадæттæй уадис уырдыгмæ кæмттæм. Фос фæтæнты хизгæ цыдысты дыууæрдæм, æмæ зæрдæ хъæлдзæг кодта сæ уындæй. Уыгæрдæнтæ дæр бæрæг адардтой Гнугъы фæтæнты, зулмæ уистæ сæ сзынди рæнхъытæй. Дæлæ хъæутæ хосдзау уыдысты: уынæр дзы никуыцæй хъуыст. Уалынджы аивгъуыдта æмбисбонæй. Цæгæтты ракодта аууæттæ, æмæ фыййæуттæ дæр сæ фос раввахс кодтой дæлæмæ бæрзæндтæй. Хосдзаутæ уæддæр сæ куыст код- той. Æнхъæл дæр нал уыдысты, æмæ ма сæм исчи тыхгæнæг уыдаид уыцы бон. Уалынджы ныххæццæ сты Æгьуызатæ. Сæ фыццаг ныццæф Стыр Гнугь фæцис. Уым сæ мард дæр сæ къухы бафтыд, стæй иннæ хъæутыл дæр разылдысты: растæй, зылынæй никæуыл ба- цауæрстаиккой марынæй, фæлæ нæлгоймаг змæлæг иу дæр нæ баййæфтой хъæуты. Сылгоймаджы та тугмæ чи мары! Уæд Иры цы не ’рцыд, уыцы æмбисонд сæ хай фæуыдаид Æгъуызатæн, сæ фæткæн цæ- рæнбонты адæмы рæгъы рацæуæн нал уыдаид, фидисæн сæ хас- таиккой. Сæ судзаджы пырх акалдтой хъæутыл. Ныппырх кодтой хæ- дзæрттæ, ныггæндон сын кодтой сæ фæллой Гнугьæн. Хорз дзау- майæ цæуыл фæхæст сты, уыдон рахастой семæ. Рæгьау сæ фьпщаг скодтой сæ тугмæ æмæ ратындзыдтой фæстæмæ сæ фæндагыл. Æрбаввахс сты раст Къæйджыны коммæ, афтæ сæ фæстейæ æрбаййæфта фæдис. Хур асæсты бацыд, æмæ уазал уддзæф æрбакодта. Æгомыг къæдзæхтæ æмæ дуртæ сæхи ныхъхъус кодтой. Сыбыртт никуы- цæйуал хъуыстис. Мæргътæ дæр сæхи кæдæмдæр айстой, цыма ацы фыдбылызæй фæтарстысты, уыйау. Æрмæст ма комы сæрмæ цæргæстæ разил-базил кодтой æмæ, уæлдæфы ленкгæнгæ, хъахъ- хъæдтой уырдыгмæ хæхтæм. Фæззыгон цъæх мигь, фæдисы цæуæгау, комы дыууæ фарсы дæлейæ мидæмæ уадис. Уалынджы кæмттæ ныццарыдтой топпы хъæрмæ. Бæстæ хъæр æмæ ахст ссис. Устыты богъ-богъмæ зæхх скъуыдтæ кодта. Дыууæ фыдызнаджы кæрæдзийыл нал ауæрстой топп æмæ кардæй, кæ- рæдзийы туг дойныйæн агуырдтой. Фæстагмæ сыл фæдис стых 350
сты Æгъуызатыл: цалдæры дзы фæмард кодтой уыцы ран, ин- нæтæ лидзынмæ фесты. Уыцы рæстæджы Æгъуызаты Хъайтар йæ сæрмæ лидзын нал схаста. Уый кардæлвæстæй фæстæмæ фездæхт æмæ Хуыбиаты Иналыхъойы фæмард кодта: йæ бæхбæттæныл æй кардæй аха- уын кодта. Аннæ фæдисæттæй дæр бирæты уæззау цæфтæ фæ- кодта. Стæй йæ сæр æфснайыныл фæцис, фæлæ йын лидзæн ничердæмуал уыд, йæ альгеарс балбирæгьтау æртыхстысты Гнугь - усæй, лæгæй. Гæнæн ын куынæуал уыд аирвæзынæн, уæд йæхи баппæрста Хъайтар Иналыхъойы мадмæ æмæ йæ разы æрзоныгыл кодта. Ус дæр ставд цæссыг ныккалдта, стæй йыл йæ кæлмæрзæн байтыд- та æмæ кæуынхъæлæсæй загъта: — Абонæй фæстæмæ ды — мæ хъæбул, мæ иунæджы тæригьæ- дæй дын уæлæуыл хъомыс ма уæд, мæрдты йын фæфид йæ хъиа- мæт æмæ-иу сау æхсæвы æрымыс йæ тæригьæдтæ. — Йæхæдæг ыл йæ дзидзи бадыгъта, адæмырдæм азылд æмæ та ныббогъбогь кодта. Рæстæг бацыд дыууæ изæры астæу. Арв сау асæст ныццис. Иу адæймаг дæр йæ къух нал бакодта уыцы ран Хъайтармæ. Фæди- сæттæ иууылдæр алæууыдысты фæсвæд, сæ цæссыг суадонау фе- мæхст рустыл, æмæ æдзынæг хъуыстой зæхмæ. Æгъуызатæ стæры куыд цыдысты бсобайы1 рæстæджы Æгьуызаты мыггæгтæн тыхгæнæг тых нæ ардта. Балтæй. цьщысты æмæ никæуыл ауæрстой. Тæлæт кодтой - фос уæд, хор уæд, хæзнатæ уæд «мæ уацайрæгтæ. Се скъæфæггаг фостæ æмæ уацайрæгтæ Сыбайы2 уæрстой. Абайты мыггаг мæлгъæвзаг уыдысты. Афтæмæй-иу Æгъуы- затæ уарынмæ кæй æрхастой, уымæн-иу Абайтæ сæхи фæхицау кодтой æмæ-иу нæрдтæ æмæ фиуджын хæйттæ сæхи бакодтой. Бирæ сын фæбарстой иннæ Æгъуызатæ, фæлæ сæ маст сæ хъуырæй куы скалди, уæд сын Гаглойтæ загътой: «Мах уемæ нал ацæудзыстæм хæтæны. Уæхуыдтæг цæут иунæгæй. Мах та уæ æмбæлæггаджы хай исдзыстæм Уанелы3 Тутыры4 бын». Уæдæй фæстæмæ Гаглойтæ иннæ Æгъуызатимæ хæтæны нал ацыдысты, сæхи бар сæ ныууагътой. Æгъуызатæ уæддæр сæ кæнон кодтой. Хæтыдысты æмæ рæ- гъæуттæ тардтой, фæлæ-иу сæ Уанелы фæзы Гаглойтæ æрцах- стой æмæ сæ-иу æмбæлæггаджы хай райстой. Иу хатт Æгъуызатæ стæр-балцы ацыдысты хъæу хæссынмæ5. Сæ фæндаг акодтой Урстуалтыл, Бæрзæфцæгыл, æмæ Къобы хъæумæ балæбурдтой. Хъæу рахастой æмæ сæхи фæндагыл нал 351
раздæхтысты, фæлæ Тырсыйы комыл рацьщысты — хъуамæ уыцы комы хъæуты дæр рахастаиккой. Уалынмæ фæдис стыхджын æмæ Хъасарайы нарæджы6 сæ разы бабадтысты. Уым сын сæ хæцæнгæрзтæ байстой æмæ сын стыр фиддæнтæ бафидын кодтой. Фиддонты æдде ма Æгъуызатыл худинаджы зарæг дæр рауагътой: УæшДзуары ’фщегыл —хъæмпхæссæг... Чи уæ кодта, Æгъуызатæ, хъæухæссæг?! Уæдæй фæстæмæ æрсабыр сты Æгъуызатæ: хъæутæ хæссынмæ сæ ныфс нал бахастой, æрмæст ма мæйдар æхсæвты къæрныхы цыдысты. Æгъуызаты балц Рацъмæ Томайтæ, Абайтæ æмæ Хетæгкатæ арвыстой Дзанæгаты Амы- ранмæ: «Тыхгæнæг цæуæм, æмæ нæм куыд фæзынай искæйтимæ». Амыран Куырттатæй цалдæр лæгимæ рахызт. Амыран хорз лæг уыди, фæлæ зылындзаст уыди. Афтæмæй куы рацæйцыд, уæд ыл сæмбæлдысты устытæ æмæ йæ куы федтой, уæд загътой: «Ай хуызæн рæсугъд лæг æвгъау у зылындзастæн». Хæстон фæсивæд æрæмбырд сты Рукъмæ, Томайтæм. Уым стæрхон кодтой, зæгъгæ, Рацъмæ хъуамæ тыхгæнæг ацæуæм. Сæв- зæрстой уыцы ран, Æгъуызатæм цыдæриддæр лæгæвзæрст уыдис, уыдон æмæ загътой: «Рацъæн сæ фæллой рахæссæм». Афтæмæй Дзанæгаты Амыран скуывта: «Хуыцæутты Хуыцау, ме сфæлди- сæг Хуыцау! Тыхгæнæг цæуæм, æмæ дзы нæ фæсивæдæй мард куыд ничи фæуа! Кæд дзы мæлинаг исчи уа, уæд сæ сæрылхаст æз куыд фæуон». Стæй сбадтысты сæ бæхтыл, æмæ сæ разæй араст кодта уый. Ацыдысты уыцы фæндагыл æмæ Рацъмæ ныццыдысты. Рацъмæ куы ныццыдысты, уæд Цъеретелитæн1 æмæ Херхаули- дзетæн2 бацыдысты сæ хъæумæ. Ныббырстой æмæ сын афтæмæй сæ чызджыты рахастой, сæ фос æмæ сын сæ фæллой ратардтой. Фæдис сæ фæстейæ сырдтой, æмæ æхстой кæрæдзи. Афтæ- мæй Амыран йæ фæсивæдæн загьта: — Скъæрут фос æмæ кæнут чызджыты. Адон мæ бар уадзут. Кæрæдзийы æхсын куы райдыдтой, уæд Дзанæгаты Амыран мард фæци. Амыран куы ахаудта, уæд æй йе ’мбæлттæ се ’ккой скодтой æмæ йæ мардæй Рукъмæ æрхастой. Фосы дæр æрыс- къæрдтой, чызджыты дæр æркодтой. Куы сæ ’рыскъæрдтой, уæд алырдæм арвыстой: — Тæлæт æркодтам æмæ сæ уардзыстæм, фæлæ нæм куыд зынат. 352
Стæй бавдæлдысты æмæ чызджытæй сæхи ’мбæлттæн бахай кодтой. Фосмæ куы ’руырдыг сты, уæд загътой: «Мах Дзанæгаты Амыранæн ам хъуамæ хист скæнæм». Иннæ мыггæгтæй кæмæ арвыстой, уыдонæн фæлæвæрдтой фосæй. Лæвæрттæ сын куы фæкодтой, уæд дзы иу кард Дзадти- йæн балæвар кодтой. Баззади ма дзы иу чызг. Иу мæгуыр лæг сæм бацыдис æмæ сын загъта, зæгъгæ, мæнæн æй раттут. Уæд æмхуызонæй загътой: — Балæвар кæнæм ацы чызджы мæгуыр лæгæн. — Радтой йæ уыцы мæгуыр лæгæн. Уыцы чызгæй рацыдысты Захъайы Калотæ. Уый фæстæ фосæй чи баззади, уыдон ныццагътой æмæ Амы- ранæн, ныртæккæ Хисты дзуар кæм ис, уым стыр хист скодтой æмæ йæ уым баныгæдтой. Уый тыххæй уыцы дзуар Хисты дзуар схуыдтой. Уæдæй фæстæмæ Æгъуызатæй иннæ ирон адæм дæр хист кæ- нын базыдтой. Карсанатæ æмæ Дауыратæ Карсанатæ Тæгиатыл нымад уыдысты. Ацы хъæуы1 тæгиатаг æндæр нæ уыди. Махæн нæ фыдæлтæ Уыналы цардысты. Нæ мæсыг нырма уым ис. Нæ фыдæлтæ ардæм куы ралыгъдысты, уæд уыдысты куырдтæ. Адæм сæ сæхæдæг ракодтой ардæм. Уыдон ам кусынтæ байдыдтой, кусынтæ байдыдтой æмæ зæххытæ дæр æлхæдтой. Нæ фыдæлтæ хъæздыгдæр кæй уыдысты, уый Тæгиа- тæ сæ сæрмæ нæ хастой. Иу хосгæрдæны Тæгиатæ сæ бæх быругонд уыгæрдæнмæ ныл- ластой, мах уыгæрдæнмæ, æмæ йæ уым бæндæнæй бабастой. Махæй иу лæг Хъахъхъæдурæй2 рацæйцыди æмæ, уыгæрдæны бæх куы федта, уæд æм баздæхти, ам уыгæрдæн куы фесæфта, зæгъгæ. Бæх бæндæнæй бастæй куы федта, уæд ын æхсаргардæй йе счъилтæ суагьта æмæ йæ амардта. Бæхы мардмæ Карсанатæ махæн нæ иу æфсымæры амардтой, фыййау уæвгæйæ. Иннæ æфсымæрæн йæ къухы уыцы сахат йæ туг райсын нæ бафтыд. Фæлæ-иу сæм æртхъирæн кодта, кæуыл- дæриддæр сæмбæлон Тæгиатæй — нæлгоймагæй, сылгоймагæй,— кард сæ нæ раздахдзынæн, зæгъгæ. Карсанатæн та уыди дыууæ мæсыджы хæцынæн. Мах фыдæлтæн та иунæг мæсыг уыди. Карсанатæ сæхи хъахъхъæнын байдыдтой. Куы ницыуал амал уыди туг райсынæн, уæд сæ фаллаг мæсыгæн хицон скодтой æмæ базыдтой, мæсыг искуы цух вæййы æви нæ. Уыцы хицон сын загь- та: «Бонрæфты сæ фале ададжы донмæ сæхи найынмæ ацæуынц». Уый куы базыдтой махонтæ, уæд иу бон сæ хæцæнгæрзтæ, кусæндзауматæ, хæринаг рамбырд кодтой, æмæ Тæгиатæ сæхи 23 Ирон таурæгътæ 353
найынмæ куы ацыдысты, уæд махонтæ та сæ мæсыджы фæми- дæг сты æмæ мидæгæй сæхиуыл дуæрттæ сæхгæдтой. Хъæуы адæмтæ уыцы рæстæджы кусынмæ уыдысты æмæ сæ фенæг нæ фæци. Сæ хæдзарæй та Тæгиатæн уыцы рæстæджы хæринаг аха- стой. Уый дуар бахой-бахой кæны, бахæц-бахæц ыл кæны, фæлæ йæм уыдон нæ дзурынц. Уæд хæринагхæссæг бацыди фæстæмæ æмæ радзырдта: «Мæсыджы дуар хойын, æмæ мæм кæсæг нæй». Уæд сæм Тæгиатæ алæбурдтой: бамбæрстой хъуыддаг. Сæ хуыз- дæр лæг лæбурæг цыди разæй - Гуыргьохъо хуынди — æмæ йæ Дойаты лæг та иргъæвгæ кодта. Дæлæ Бæлæгъдоны размæ куы ныххæццæ сты, уæд æй Абай (æртхъирæн æм чи кодта, уый) Тæгиатæн сæхи мæсыгæй рахста, æмæ дыууæ лæджы дæр ахау- дысты. Уæд æм æфсымæртæ дзурынц: — Куыд у уый, Карсанатимæ туджджын нын фаг нæ уыди, ныр та ма Дойатимæ дæр?! Уый сæм дзуры: — Кæд Абайæн йæ топпæхсæн цæст не скъахтæуыд, уæд До- йаты лæгæн ма тæрсут, фæлæ æз кæй фехстон, уымæн галиуæр- дыгæй дыууæ бæрцы фæуадз, æртыккаг мæ нæмыг бахаста. Æцæгæй дæр Дойаты лæг сыстад, уый та разынди афтæ цæф. Карсанатæ уæд сæхи мæсыгæй Дауыраты æддæмæ нал уагьтой. Æддозтæй сæ хъахъхъæдтой æмæ сæ лидзын нæ уагътой. Афтæ- мæй мæсыджы баззадысты иу-æртындæс боны æмæ æхсæвы, мæ- сыджы бынæй зæхх къахын байдыдтой, йæ сыджыт та йын ми- дæмæ мæсыгмæ калдтой. Куы йæ райгæрстой, уæд æй иу æхсæвы- гон фегом кодтой æмæ афтæмæй уырдыгæй раирвæзтысты. Карсанатæ та сæ нæ базыдтой. Уæд Абай Дауыратæн сæхи мæсыджы бады æмæ топпыхсæ- нæй кæсы æмæ уыны: Тæгиатæй иу лæг сæ мæсыджы сæрмæ лулæ дымы. Уый йе ’фсымæртæн дзуры: — Кæсут-ма уæртæ гыццийы фыртмæ, куыд сæдас и æмæ лулæ куыд дымы! Кæсут-ма йæм, цыма йæ цас фæдымдзæн. Тæгиаты лæджы лулæ куы фæзынг кодта, уæд æй фехста æмæ йын йæ лулæ нæмыгæй аппæрста. Уый фæстæ адæм Дауыраты сраст кодтой. Уæд æм хицау ныс- сидти Абаймæ æмæ йæ растæй ныууагъта, Карсанатæ та Хæ- тонмæ (хицæн ком) алыгъдысты. Сæ хъомвос та сын æфсады пайдайæн падцзах аскъæрдта. Сæ мæсыг та сын фехæлдта Абха- зов-инæлар. Уый Карсанатæ сæ сæрмæ нæ хастой æмæ цымытиаг Гæбæ- тиаты Дзиуы (мæсыгамайæг уыди уый) æркодтой æмæ йын ба- ныфс æвæрдтой фараст хъуджы. Уый мæсыг æмбисмæ куы са- мадта, уæд дзы, сæ дзырдмæ гæсгæ, агуырдта фондз хъуджы. Куы йæ сæмадта, уæд уыдонмæ та фос нал уыди æмæ йын раф- сон-бафсон кæнын байдыдтой, нæ мæсыг нын фехæлдтай æмæ 354
æнæмастæй дæхи айс, зæгъгæ. Уый, мæгуыр, тæссæй алыгъд æмæ уæлæ Рагъы тигъмæ куы схæццæ, уæд сæм ныхъхъæр кодта: - Карсанатæ, мæ фæллой мын нæ радтат, æмæ уын уæ мæрд- тæн фыдгæнд кæнын. Уыдон ма йæ бæргæ асырдтой, фæлæ ницыуал. Хъессаты мыггаджы равзæрд Дзуары Хъессатæ куывд кодтой. Уыдон æрæмбырд сты иууыл- дæр æмæ æнæ скувгæйæ хъазт сарæзтой. Уæд Уастырджи бæхыл хъазгæ рацæйцыд æмæ сæм кæсы. Уым зæронд лæг фестад æмæ сæм дзуры: - Хъессатæ, фарн уæ хъазты æмæ уæ куывд барст уæд! Уыдон æм сæ хъалæй дзурынц: - Æгас цу, зæронд лæг, мæнæ уал нæ хъазтмæ рацу! - Куы мæ ныууадзиккат, æз мæнæ мæгуыр, фæллад зæронд лæг дæн. - Рацу уал, уæдмæ нæ куывд дæр цæттæ кæндзæн! Зæронд лæг семæ симын райдыдта. Дыууæ зылды æркодта. Æртыккаджы згъæлын байдыдтой Хъессатæ. Уый Уастырджи йæхæдæг уыди зæронд лæджы хуызы, фæлæ уыдон æнæ скув- гæйæ хъазт кæй сарæзтой, ууыл сæм фæмæсты. Кувæндон уыдис Ресы1 хохыл. Уый Ресы Уастырджийы куывд уыдис, уым нын ис кувæндон дæр. Хъессатæм уыцы куывды сывæллон дæр нал баззад. Æрмæст ма сæ баззад иунæг чындз, Гаджиты чызг. Уый куыройы уыди, стæй нæуæг чындз кæй уыд, уымæ гæсгæ не ссыд кувæндонмæ. Куывдæй цæуын афон куы уыди, æмæ дзы куы ничи зынди, уæд се ’фсæрм бирæ уыди, æмæ нæуæг чындз сабыргай хъуызгæ-хъуызгæ фалæты ссыд æмæ адæмы цагъдæй куы федта, уæд фæхабар кодта адæммæ, стæй йæ цæгатмæ. Хæстæджытæ æрцыдысты æмæ сæ баныгæдтой ар- гъуаны кæрты. Чындз йæхи бар нæ уыд, афтæмæй баззад æмæ йæ цæгатмæ ацыди. Йæ цæгаты йын лæппу райгуырди. Ууыл ном Æлдат сæ- вæрдтой. Æлдат хъомыл кæнын райдыдта. Йе ’мгæрттимæ хъа- зынхъом сси тохсийæ. Фæлæ фыдуаггомау лæппу рауад. Иу бон лæппутимæ хъазыд æмæ кæйдæр лæппуйы асхуыста. Уый йæ мадмæ кæугæ бацыд æмæ йын загъта, Æлдат мæ фæнад- та, зæгъгæ. Мад та йын афтæ: - Цу æмæ йын зæгъ: гуыбыны бæрнагау фæуай, цæуыл нæ цæгъдыс, цæуыл нæ хъыг дарыс!? Уæды онг лæппу нæ зыдта хабар. Йæхи Гаджитæй хуыдта. Уыцы фидисы онг ын мад нæ хъæр кодта, Хъессатæй уыд, уый. Уæд лæлпу йæ мадмæ бацыди æмæ йын загъта: 355
- Ныртæккæ мын куынæ зæгъай, кæмæй дæн, кæцæй мæ æркодтай, уæд кæнæ мæхи марын, кæнæ дæу. Мад загъта: - Тæригъæдджын фæуæд, дæу чи сардьщта! - Стæй йын ра- хабар кодта. Радзырдта йын, йæ мыггаг цагьды куыд фæци, гуы- быны куыд баззад, йæ цæгаты йæ куыд ныййардта, æмæ куыд схъомыл. Уæд лæппу мадæн загьта: ~ Мæнæн ам цæргæйæ нал у, кæд нæ фыдæлтæн зæхх искуы ис, уæд мæ акæн уырдæм! Мад æй ракодта æмæ йæ ардæм, Захъамæ æрбакодта. Ам ын ус ракуырдта Касаты чызджы, æмæ йын дзы райгуырд фондз лæппуйы. Уæд комы мыггæгтæ бирæ царди: Томайтæ, Калотæ, Абайтæ æмæ æндæртæ. Æмæ зæхх та Хъессайы уыди. Фондз лæппуйы уыди Æддатæн. Хистæр Есе, йæ кæстæр Ба- йындур, уый кæстæр Таймураз, иннæ Хæмæтхъан, фæндзæм лæп- пуйы амардтой, æмæ йын йæ ном нæ зонын. Мыггæгтæ загътой: «Уæдæ та ныр Хъессайы мыггаг рацыд, æмæ та æнæ зæххæй зайæм!» Сфæнд кодтой Æлдаты амарын. Сывæллæтты дæр байуæрстой мыггæгтыл марынмæ, алы мыггаг дæр дзы иу лæппу куыд амардтаид, афтæ. Мыггæгтæ фыццагон аг æрхастой. Хъæууынджы йæ æрæвæр- дтой æмæ йыл æфсоны загъд самадтой, цыма йыл нæ фида- уынц, афтæ. Æлдатæн Грохъатæй иу æфсымæргонд уыд, иу нуазæн нозта Æлдат уыимæ, æмæ уый дæр уым уыди. Агыл куынæ фидыдтой, уæд сæ иу ныхъхъæр кодта: — Уæдæ агæн Хъессаты Æлдат цы аргъ скæна, ууыл уæлдай ныхас куыд нæуал уа, афтæ! Лæгмæ сæрвыстой. Уый дæр йæ кæрц йе ’ккой æрбакодта æмæ сæм æрцыд. Цæмæй зыдта, марынмæ йæ хъавынц. Куы ’рцыдис, уæд аджы алыварс разылди æмæ кæронмæ куы рацыд, уæд æм Грохъайы-фырт аивæй бацыд æмæ йын йæ къа- хы уæлфад фелхъывта. Уæд æй лæг бамбæрста, маргæ йæ кæй кæнынц, уый. Лæг æй куы бамбæрста, уæд афтæ зæгьы: — Бахатыр кæнут, мæ лулæйы зынг авæрон æмæ уæм ныр- тæккæ фездæхдзынæн æмæ уæ бафидауын кæндзынæн. Лæг йæ къухтæ йæ чъылдымыл авæрдта æмæ нарæг фæнда- гыл гуыбыр-гуыбыр фæцæйуад. Комы дæр уæд, дæ рын бахæрон, лæггæ бирæ уыди, æмæ дзы чидæр ныхъхъæр кодта: «Лæг аирвæзти, æхсут æй!» Фехстой лæ- джы, фæлæ, дæ рын бахæрон, лæгæн йæ астæуккаг къухыл къухда- рæн уыди. Нæмыг къухдарæныл сæмбæлди æмæ зæхмæ æрхауди. Уæд ын йæ фыртты та Æлдатæн сывæллæттæ бырынмæ асайд- 356
той. Топпы гæрах куы фæцыд, уæд Томай фæтагьд кодта æмæ Æлда- ты кæстæр лæппуйы фæмард кодта, æз мæ хай амардтон, зæгьгæ. Уæдмæ Æлдат дæр мæсыджы фæмидæг æмæ загъта, æз уын мæ карчы цъиуты цæгьдын нæ бауадздзынæн, зæгъгæ, æмæ сæ æхсын байдыдта. Афтæмæй йæ цыппар фырты аирвæзтысты, æмæ та Хъес- сатæ смыггаг сты. Фервæзтысты Грохъайы-фырты руаджы. Хуырымты мыггаджы балыгъд Цмимæ1 Хуырымты Зæйт Бигъуылатæм æрбалыгъд Æрыдоны хъæуæй, фæкуыста сæм иу-аст азы бæрц æххуырст фыййауæй. Уый фæстæ йын Бигьуыла радта хуымзæхх. Зæйтæн райгуырд авд фырты. Иу хатт Бигъуыла æмæ Зæйты лæппутæ хъазыдысты доны был - хъæуы ’хсæнты цæуы Цмидон, Бигъуылайы лæппутæ Хуырым- ты Зæйты лæппутæй иуы куыройы нучы фесхуыстой. Лæппу амард. Хуырымтæ сæ лæппуйы мард нæ базыдтой. Уый фæстæ та лæппутæ цæуылдæр фæхыл сты. Уæд Хуы- рымты лæппутæй иуæн Бигъуылаты лæппу бафидис кодта: «Уæ бындар фæуат, цæй налат стут, ай уæ доны дæр куы калæм, уæддæр уæлдай куынæ кæнут», — зæгъгæ. Уыцы фидисы фæстæ Хуырымты Зæйт бавдæлд æмæ Бигъуы- латы фос доныбылæй йæ кæртмæ баздæхта æмæ сæ æртæ боны æддæмæ нæ рауагъта. Уæд ын иу лæг бафидис кодта: «Ау, дæ лæппуйы туг фосæй куыд исыс», — зæгъгæ. Зæйт фос раскъæрдта, куыддæр æххормаг фос дон анызтой, афтæ цагъды фесты. Ацы знагдзинад рахастой дарддæр. Дыууæ мыггаджы ’хсæн бацыдысты адæм, цæмæй сæ бафидауын кæной. Фæлæ Зæйт ком нæ лæвæрдга. Стырзæрдæ ныхæстæ кодга. Бигъуылатæ, сæхицæн тæрсгæйæ, сфæнд кодтой Зæйты амарын. Иу бон Бигьуылатæй иу лæг йæ уæлæ нымæт æрбакодга, йемæ айста æхсаргард æмæ ацыдис сæ минæваримæ Зæйтмæ. Зæйт та стыр ныхæстæ куыд кодга, афтæ Бигьуылайы-фырт кард фелвæста æмæ Хуырымты Зæйты цотимæ хæцынтæ систа, амардта дзы æргæйы. Зæйт та баззадис йе ’ртæ фыртимæ. Уый фæстæ алыгъдысты æндæр бæстæм. Тутыры бæрæгбоны рæстæджы, иу къорд азты фæстæ, Зæрæ- мæджы хъæуы (базары) ацы æртæ æфсымæры (Кости, Уæрдæс, Хъындыр) иумæ бамбæлдысты æмæ бауынаффæ кодтой, цæмæй Бигъуылаты уæтæр æд фос байсой. Уæтæр уьщ Цмийы хъæуæй дыууæ версты уæлдæр. Хуырымтæ байстой уæтæр, сæ фыййæутты сын амардтой, фосы та сæхи бакодтой. Ацы уæтæры бынаты сæхицæн цæрæн бынæттæ, хæ- цæндæттæ æрцахстой. Бигъуылатæн сæ бон нал бацис Хуырым- ты сæ уæтæртæй асурын, æмæ уым цæргæйæ баззадысты. 357
Цхуырбатæ Мсхлебы куыд æрцардысты Цхуырба кæддæр иу лæджы амардта, æмæ уый тыххæй куы ралыгъд, уæд æрбынат кодта Мсхлебы. Уыцы рæстæджы Мсхле- бы царди дыууæ хæдзары: иу Икъотæй, иннæ та — Джергатæй, гъеныр Танделатæ кæм цæрынц, уым. Цхуырба бакаст æмæ Джер- гатыл баууæндыд, сæ хæдзары фарсыл сын кауын къул сбыдта æмæ уым бацард. Цхуырба уыдис стыр диссаджы цуанон. Уæд сырд арæх уыд, уымæн æмæ Мсхлеб æхгæд уыд хъæдæй. Æрмæст дзы уыдис гыццыл æрдузтæ. Цхуырба уыдис æнæус лæппу, тых- джьш, бæзæрхыг лæг. Уый райдыдта æнæхæрд хъæд лæгуын кæ- нын, æмæ уый та хъыг каст Джергатæм, зæгъгæ, уый ам куы баз- зайа, уæд зæхх бацахсдзæнис. Рацыди иу-дæс азы бæрц. Уалынмæ йæ йæ туджджынтæ ба- зыдтой Джергаты æххуысæй æмæ æрцыдысты. Уыдон схызтыс- ты фисынтыл æмæ ердойы былыл æрбадтысты æртæйæ æд хæ- цæнгæрзтæ. Уæд Джергатæй иу бацыд Цхуырбамæ æмæ йæ æрбакодта кæрдзын хæрынмæ, цæмæй йæ амардтаиккой йæ туджджынтæ хæрды фæстæ. Цхуырба ницы зыдта ахæм хъуыддагæн. Бацыд Джергатæм, кæрдзынмæ бавнæлдта, систа йæ йæ дыууæ къухмæ æмæ кувы: «Хуыцау, мæ туджджынты хорзæх мьтн ратт, фидауын- мæ цы ’рцæуæм, уыцы хорзæхдзинад йедцæмæ дæ ницы курын». Туджджынтæ куы фехъуыстой ацы куывд, уæд сындæг ахыз- тысты зæхмæ æмæ атæрхон кодтой: «Ай йæ кæрдзынæй дæр Хуы- цаумæ афтæ куы лæгьстæ кæны, мæ туджджынты хорзæх мын ратт æмæ семæ куыд бафидауон, уæд уый махæн цæй маринаг лæг у». Сæхæдæг дуар бахостой æмæ бацыдысты мидæмæ. Цхуырба уыдон куы федта, уæд ацархайдта ралидзыныл, фæлæ æд гæрзтæ дуарыл куы балæууьщысты, уæд ма цы хъуамæ сарæзтаид, æмæ æнхъæлмæ касти, кæд æмæ йæ исчи фехса, уæд цæттæ лæууыд къухæй бавналынмæ. Фæлæ йæм йæ туджджынтæ сдзырдтой: — Тыхсгæ æппындæр ма кæн! Кæд ды алы бон дæ кæрдзынæй дæр афтæ кувыс Хуыцаумæ, уæд ды махæн маринаг лæг нæ дæ. Мах хъуамæ фидыдмæ æрцæуæм, æмæ нæ сраст у! — Уый Цхуыр- байæн тынг æхсызгон уыди, æмæ сын уæд сæ къухтæ райста. Туджджынтæ Цхуырбайæн загътой: — Маргæ дæ нал кæнæм, фæлæ нæ сраст у æртæ мæйы æмгъуыд- мæ. Цхуырба сын сагъта: — Сраст уæ уыдзынæн. — Æмæ нын фидары лæгтæ та кæй дæттыс? Цхуырба сын загъта: — Уæхæдæг кæйдæридцæр курут, уыдон. 358
Уæд уыдон æркуырдтой Абайты Елбыздыхъойы фыды æмæ Томайты Мæхæмæты фыды. Ацы ныхасæй ацыдысты Цхуыр- байæн йæ туджджынтæ. Цалынмæ æртæ мæйы рацыд, уæдмæ Цхуырба æрзылди йе ’фсымæртыл æмæ йе ’рвадæлтыл, цæмæй йын баххуыс кодтаик- кой тугфидæны. Цхуырбайæн уыдис æртæ ’фсымæры: Чертхъо, Коци æмæ Боци, йе ’рвадæлтæ та уыдысты Баситæ. Æмгъуыд рæстæгмæ сцæттæ кодта Цхуырба йæхи, æмæ йæм уæдмæ йæ туджджынтæ дæр æрцыдысты. Бафыста сын туг, цы ’мбæлди, уымæй хуыздæр. Хæрнæг сын скодта æмæ сæ стыр рæвдыдæй арвыста. Уый фæстæ рахицæн кодта йæ бæстыхай Джергатæй æмæ стæй рак^ырдта ус. Йæ усæн райгуырдис æхсæз лæппуйы æмæ иу дæлæмæдзыд чызг. Чызг амарди, фæлæ ма баззадысты йе ’хсæз лæппуйы: Тай- маз, Гуырыдзе, Тугъан, Гостъо, Джетæ æмæ Роен. Уыдонæй Ро- ены йеддæмæ ахæм нæ уыди, æхсæз лæппуйы кæмæн нæ рай- гуырд. Роен æрхаста æрæджиау ус, æмæ йын дзы зæнæг нæ рацыд. Цхуырба фæцард 100 азы, стæй амард. Уымæн йæ хæрнæ- джытæй куы фервæзтысты, уæд йæ ус феррагонд ис æмæ æхсæ- выгон Суары цъаламæ алыгьди. Фыццаг æм Роен ныццыдис, куыд кæстæр, кæнынмæ, æмæ йын нæ ракуымдта йæ мад, æлгьитгæ дæр ма йæ фæкодта: «Ацу, æмæ дыл хъуынæрду ма ’рхæцæд». Стæй та йæм ныццыди Джетæ, уымæн дæр нæ ракуымдта æмæ та йæ ралгъыста: «Ацу, æмæ дæ иу дыууæ ма бауæд». Стæй та йæм ныццыди Гостъо, уый дæр та ралгьыста: «Ацу, дæ байзæддаг быны цагъд фæуæнт». Уый фæстæ йæм ныццыд Тугъан æмæ йыл тынг сархайдта, фæлæ йын нæ ракуымдта æмæ та уый дæр ралгъыста: «Ацу, уæ галиу уæ уæгъд ма суадзæд». Стæй та йæм Гуырыдзе ныццыд, æмæ та уый дæр ралгъыста: «Ацу, æмæ уæ дыууæ кæрæдзи ма уарзæнт». Уæд æм сегасы фæстæ Таймаз ныццыд. Уæд мад арфæтыл фæци: «Дæ байзæддаг даргъ, уæрæх ацæуæд». Йæ цонг ын йæ къухы атъыста æмæ ссыдысты иумæ. Мад кæй куыд ралгъыста йæ фырттæй, афтæ сыл æрцыд. Цхуырбайы зæнæг тынг бирæ систы æмæ Билуртайы æфцæг дæр æрцахстой, кæд æмæ ма дзы Мсхлебы æндæр мыггæгтæ дæр уыд, уæддæр: Икъотæ, Кæсойтæ, Сиукъатæ. Цхуырбайы байзæддаг Билуртайæ хай радтой æрмæст Джер- гатæн, хорзы сын кæй бацыдысты, сæ фыды сын кæй бауагътой сæ дæлбазырмæ, уый тыххæй. Гуырыдзейæн уыдис фыдзæнæг, уыдон уыдысты тыхджын æмæ фыдгæнæг. Байуæрстой æфсымæртæ, æмæ Роен нæ ацыдис хицæнæй, 359
фæлæ бацард Таймазы лæппу Танделимæ. Роены усæн зæнæг нæ рацыд æппындæр. Иу хатт Роены ус куыройы уыди, æмæ йыл тыхæй хæцыдыс- ты Гуырыдзейы байзæддагæй чидæртæ. Уыцы хъуыддаг Танделмæ тынг æгад æркаст. Танделæн уыди цыппар æфсымæры: Дзо, Дза- пар, Дзадзи æмæ Сулай. Тандел ныр йæ маст куыд райсдзæн, ууыл катай кодта. Таймазы фырттæй иу дæр æнæ мæсыг нæ уыди. Тандел æрсидт йе ’фсымæртæм æххуысмæ Гуырыдзеты ныхмæ, фæлæ йын иууылдæр не сразы сты, æрмæст Дзотæ æмæ Дзапартæ, æртæ фыдыфыртæй, æрæмбырд сты Танделы мæсыджы бын æмæ ард бахордтой - не ’руагътой сæхимæ нæдæр ус, нæдæр хæрæфырт, нæдæр сиахс. Хосгæрдæн уыд, æмæ бадзырдтой: «Райсом хъуамæ алчидæр Билуртамæ ахæсса йæ хотыхтæ, ифтонг уа хæстмæ!» Гуырыдзетæ дæр карстой хос Билуртайы. Ноджы бадзырдтой: «Мах арвитæм, Билуртамæ чи цæуа, уыдонæн дыууæ нымæты: урс æмæ сау». Иу лæг та хъуамæ баззадаид хъæуы бæрæггæнæг, хъуамæ йæ хъус дардтаид Билуртамæ: кæд æмæ Билуртайы хъилыл сдардтаик- кой урс нымæт, уæд уæлæ цы фæсивæд ис Гуырыдзетæй, уыдон цагъды фесты, æмæ уæд хъуамæ равнæлдтаиккой, хъæуы чи баз- зад, уыдонмæ. Кæд æмæ — сау нымæт, уæд та уал банхъæлмæ кастаиккой æндæр хатмæ. Хъусдарæг хъуамæ бадтаид, Мататы цад кæм ис, уыцы къуыппыл, Мсхлебы схизæны. Райсом æртæ фыдыфырты — Танделтæ, Дзотæ æмæ Дзапартæ лæгæвзæрстæй ацыдысты Билуртамæ æд хæцæнгæрзтæ, ахастой дыууæ нымæты: сау æмæ урс. Билуртайы хос фæкарстой аходæнтæм æмæ аходæны улæфт куы кодтой, уæд Дзотæй иу тыхджын, Буда хуындис, уый бацыд сæ размæ, Гуырыдзейы байзæддаг кæм улæфыдысты, уырдæм. Гуырыдзетæй иу фыдуаг, тыхджын уыдис, иннæтæ дæр тыхдасын уыдысты, фæлæ уый уыдонæй бирæ хицæн кодта. Уыдон афтæ фыдзонд уыдысты, æмæ арвмæ дæр лæбургæ кодтой. Къæвда бон- иу арв куы нæрыд, уæд-иу æй хæрдмæ æхстой, цы ныл гыбар- гыбур кæны, зæгъгæ. Афтæмæй, мæ хур, Буда бацыд æмæ æрбадт уыцы тыхджын лæджы цур æмæ йын афтæ бакодта: — Авæр-ма мæм дæ хъама, мæнæ дзы мæ къогъодзибосæн бынат фæхуынкъ кæнон. Уæд ын уый загьта: — Æмæ дæхи хъама нал кæрды? — Систа хъама йæ кæрддзæ- мæй æмæ йæ радта Будамæ. Йæхæдæг дæлгоммæ æрхуыссыд уыцы арф кæрдæджы. Буда йын йæ хъама йæ фæсонты æрриуыгъта, æмæ йæ риуыгуыдырæй агæпп кодта. Уæд иннæтæ уыцы рæс- тæгмæ сæ хъус дардтой æмæ сыл æмцæф ныккодтой сæхи, бирæ 360
дзы стгæ дæр нал скодта Гуырыдзетæй, афтæмæй мард фесты. Билуртайы сæ бынтон сæрфт ныккодтой Гуырьщзеты æмæ райы- ны нымæт радардтой. Мсхлебæй йæ хъус чи дардта, уый уайтагъд фæбæрæг кодта, бынаты чи ныллæууыд, уыдонмæ, зæгьгæ, Би- луртайырдыгæй хорз цæуы хъуыддаг, уырдыгæй тыхæй тас нал у. Уæд, хъæуы чи баззад, уыцы фæсивæд авнæлдтой, Гуырыдзе- тæй ам чи уыд, уыдонмæ — усæй, лæгæй, сывæллонæй — æмæ сæ быны цагьд фæкодтой. Æрмæст ма дзы аирвæзтис дыууæ усы сывæрджынтæй. Иу дзы æрцард Калачы æддейы Лилойы, райгуырд ын лæппу æмæ йæ ныффыста «Цховребашвили». Иннæ та баззад йæ цæгаты æмæ алыгъд Цъипайы æдцейы уырдæм, уымæн дæр райгуырд лæппу æмæ йæ уый та ныффыста «Цховребадзе». Билуртайы цагъд куы ’рцыдысты Гуырыдзетæ, уæдæй ардæм баззад номæн «Къахыры дзуар», кæцæй сæм хъус дардтой, уый ном, зæгьгæ, къахыр сты. Уыцы бонæй фæстæмæ йæм цыдысты куывды. Уый фæстæ Гостъотæм хъыг æркаст, Гуырыдзеты кæй фæ- цагътой, уый. Уымæн æмæ Гостъо æмæ Гуырыдзе уыдысты æмси- æхстæ æмæ Тугьантимæ хъуамæ ныссæрфтаиккой Танделты. Тугъантæй иуы Хъанымæт хуыдтой. Иу хатт Танделтæ Раройы куы уыдысты, уæд Гостъойы ардыдæй Хъанымæт бацыд æмæ ра- хуыдта Танделты мæсыджы хъараулийы æмæ йæ Гостъотæм тынг фæрасыг кодта. Фæстæмæ ма баздæхт, фæлæ ныххаудта. Уыцы рæстæгæй спайда кодтой Гостъотæ æмæ балæгæрстой Танделты мæсыгмæ. Устыты дæр ратардтой уырдыгæй æмæ дзы хъараули баурæдтой Хъанымæты. Изæры Танделтæ æмбырдæй æрбацыдысты Раройæ æмæ Тъон- тъобетмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд сæ Гостъотæ сæхи мæсыгæй æхсын байдыдтой, фæлæ дзы æрмæст иу лæг амарди, æндæр нæ. Афтæмæй æрбалыгъдысты Дзоты мæсыгмæ æмæ дзы фæцар- дысты авд азы... Дзотæм уыд идаздз ус Дзабитæй. Уый уыди тынг рæсугъд адæймаг. Хъанымæт сусæг минæвар бакодта Танделтæм: «Кæд мын Дзо- ты Дзабионы ратдзыстут усæн, уæд уын мæсыджы дуар гомæй ныууадздзынæн». Танделтæ бахатыдысты Дзотæм, æмæ радтой Дзабионы Хъа- нымæтæн. Хъанымæт уый куы фехъуыста, дæттынц ын Дзабионы, уæд иу бон мæсыджы дуар гомæй ныууагъта. Уыцы рæстæджы Тан- делтæ ныццавтой æмæ бацахстой мæсыг. Хъанымæт йæхæдæг афардæг сæхимæ Хуымысæртæм. Танделтæ уæд аздæхтой устытæм æмæ сывæллæттæм æмæ сæ ныххафтой. Изæры Гостъотæ æрцыдысты æмæ куы ’рхæццæ сты Тъонтъобетмæ, уæд, Танделтæй иу Гуыбыр хуынд, æмæ сæ уый райдыдта цæвын. 361
Гостъотæ се ’намонд базыдтой, хъуыддаг хорз кæй нал у, фæлæ сыл уайтагьд Танделтæ Дзотимæ æрхъула кодтой æмæ сæ бынтон ныццагътой. Æрмæст ма дзы баззад Бота, уымæн дæр Мсхлебы уынджы нал радтой цæрыны бар, æмæ царди Къахыры дзуары цур. Уыцы бынат ныр дæр хуыйны Ботаты цæрæнуат. Ныр дæр ма дзы ис дурты баззайæццæгтæ æмæ чысыл мæсыг. Дзотæ Танделты тыххæй сæ идæдзы кæй радтой мæсыджы хъараулийæн, уый тыххæй Танделтæ сæхиуыл хæс нæ ныууагъ- той: бафыстой æгъдаумæ гæсгæ сæр æмæ ирæд Дзотæн. Цхуырбайы байзæддаг цардысты, фыццаг Танделтæ кæм цар- дысты, уым, стæй Мсхлебы зæхх фадыггай æфсымæрты ’хсæн æрцыд ахæм хуызы уæрст. Цихантури фæци Дзадзиты æмæ Сулайты; Джетæты та фæци Цъусхъæууатæй Хъæргæнаджы доны ’хсæн. Тугъанты фæци Раро; Дзоты æмæ Дзапарты та — Хихатæ æмæ Цъоис, Цихантурийæ дæлæмæ. Цъоисыл æрдау кодтой Имереты Абаситы кънйæзтæ, фæлæ сын дзы ницы рауад. Абаситы рамбылдтой Кутаисы тæр- хондоны. Тæрхондоны уыдис Дзоты Хъараман æмæ Бситы Бисол. Уыдон бахордтой ард, куыд мах уыдис, зæгъгæ. Уымæй размæ-иу Аба- ситæ сæ фос сæрвыстой, фæлæ-иу сын сæ фос дæр Танделтæ æмæ Дзотæ тыхæй бахордтой. Абаситæн инкуы ницы сæ бон сси искуыцæй исты ратонын. Абаситæ Мæскуыйæ дæр æркуырдтой къамис, фæлæ уæддæр Цъоис баззад Танделтæн, Дзотæн æмæ Дзапартæн Кæрдинагæй ацырдæм. Кæрдинæгтæ та хуыйны уый тыххæй, æмæ йæ кæрдæг у бур, кæрдинаг хуымы хуызæн. 1883 азы цихантуриаг иу, Кудзи-Къуит, зæгъгæ, фыды но- мæй,— уыди æнæзæнæг æмæ барæй бандзæрста Цихантурийы хъæдыл арт, æмæ хъæд фæсыгъдис æдзух дыууæ къуырийы. Йæ цæхæр калд суанг Залдайы онг, æмæ дзырдтой: «Мсхлебы хъæд басыгьди». Гъе, фæлæ зынг куы бавнæлдта сыгъдоны хъæдмæ, махæн гъеныр уым колхозты дуджы хосты ’фтауц вæййы, уæд фæзынд стыр уард, æмæ афтæмæй ахуыссыд. Кæй кой фæкодтон, уыдонæй ма чи ис, уыдон ныр фыссынц Цхуырбатæй, чи та Цховребашвили. Куыд æрлыгъдысты Хъæцмæзтæ Хъеуселтмæ Хъæцмæзтæ æппæты фыццаг цардысты Нузалы2. Фæстагмæ сын Цъæйы хъæуимæ3 табидз ахаста. Нæ фыдæл Бисолтан амардта саг. Цъæййаг, Цъæхлæг, зæгьгæ, йæ размæ бабадт æмæ йын æй тыхæй иста. Ахаста сын хъаугъа. Дзырд асайдта, æмæ фæстагмæ Бисолтан Цъæхлæгæн загъта: «Цæй, райгас æй кæнæм æмæ йæ дардæй рауадзæм, кæд дæумæ æрлидза, уæд дæу уæд, кæд мæнмæ, 362
уæд та — мæн». Саг райгас кодтой, рауагътой йæ, æмæ æрлыгь- дис Бисолтанмæ. Цъæхлæг уæдцæр не сразы ис. Уæд та йын Бисолтан зæгъы: «Цæй, аргæвдæм æй æмæ кæд йæ фæрск фугæйæ разына, уæд мæн уæд, кæд нæ, уæд та — дæу». Аргæвстой саджы, æмæ та Бисолтан рамбылдта. Фæлæ уый фæстæ Цъæхлæг уæддæр фыдгæнæг уыд æмæ саджы байста. Бисолтан мæстджынæй раздæхт. Фæндагыл ыл амбæлд Уастырджи. Бисолтан ын йæ хъуыд- дæгтæ куы радзырдта, уæд ын Уастырджи афтæ, цæмæннæ йæ амардтай, зæгьгæ. Уастырджи куы базыдта, Бисолтанмæ нæмыг нал ис, уæд ын йæ лулæйы ныффу кодта, æмæ топп сифтыгъд. Бисолтан раарфæ кодта Уастырджийæн, асырдта Цъæхлæджы фæстейæ æмæ йæ амардта. Стæй гъе уый адыл сыстад Нузалæй æмæ ардæм æрлыгъд. Мамытты мыггаг Ам1 æппæты разæй Мамыттæ æрцардысты. Кæмдæр хос кар- стой æмæ-иу сæ аг донмæ бавæрдтой. Уырдæм та, æвæццæгæн, кæлмытæ ныббырыдысты. Уыдон талынджы æрцыдысты, нæ сæ федтой, афтæмæй кусарт акодтой, аджы йæ цæппæрстой æмæ йæ сфыхтой. Уыцы хæринагæй куы бахордтой, уæд фæцагъды сты. Æрмæст ма дзы фервæзт иу сывæллон. Уый уыди йæ мады хъæбысы. Мад та саударæг уыдис æмæ дзидза нæ хордта. Уый руаджы уыдон аирвæзтысты. Зæрæмæджы ничиуал ис, уый куы базыдтой, уæд Нузалæй æрбалыгъдысты ардæм Азаутæ æмæ Фи- дартæ. Ус лæппуйы йæ цæгатмæ фæхаста Цъæймæ æмæ йæ уым хъо- мыл кодта. Йæ ном та лæппуйæн Мамытт хуынди. Мамытт куы байрæзт, уæд абырæг рауад æмæ кæсæгæн адæм уæй кодта. Цы бинонтæ-иу уæй кодта, уыдонæн-иу сæ хæдзары уæлкъæсæр цъæ- нут цъылын авæрдта. Иу хæдзары уæлкъæсæр та Мамытт цъылын авæрдта. Уыдо- нæн сæ ног чындз уынгмæ ракаст. Уый цъылын куы федта, уæд æй хæдзары бинонтæн загъта. Бинонтæн та сæ хистæр загъта: «Уый та Мамытты фыдмитæй у. Уыцы цъылын ма йын йæхи уæлкъæсæр авæрут». Афтæ бакодтой, æмæ йын изæры кæсæг Мамыттæн йæхи би- нонты ахастой. Уæд Мамытт Цъæйæ ралыгьд ардæм. Уымæй ра- цыд Мамытты мыггаг. 363
Кодзыртæ æмæ Гаглойтæ Кодзыртæ Мидæггаг Ерманы1 цардысты. Уыдон уыдысты цыппар æфсымæры: Борыхъо, Басила, Гакка æмæ Гама. Сæ фыд хуынд Табег. Гаглойтæ дыууæйæ уазæгуаты уыдысты Мидæггаг Ерманы. Кодзыртæн сæ чындз дон сцæйхаста, æмæ йын Гаглойы-фырт загъта: «Дæ донæй мын авæр». Чындз ын дон радта къусы ми- дæг. Уый дзы чысыл анызта, иннæ чындзыл бакалдта. Уæд чындз дон бахаста къуыстилы æмæ йæ сæ къонайыл ауагь- та. Бинонтæ йæ фæрсынц: «Цы кодгай?» Уый сын загьта: «Ус дарæн бон дæр уæ куынæ ис! Дæлæ мæ иу уазæг фæхынджылæг кодта». Кодзыртæ ралæбурдтой æмæ Гаглойы-фырты амардтой. Йе ’мбал алыгьди æмæ Гаглойтæм фæдисы хъæргæнæг фæци. Гаглойтæ бирæ мыггаг уыдысты. Афтæмæй æфсæдтæ æрба- кодтой æмæ Кодзырты алыварс æрлæууыдысты. Хæст сын ба- цайдагь дыууæ мыггагæн, æмæ Кодзыртæ цагъды фесты. Нæл- гоймаг дзы нал ауагътой. Æрмæст ма дзы иу ус йæ сывæллон голладжы мидæг къуым- билты атыхта æмæ фæцæйцыд Хъудырдæм. Уæд æй Гаглойтæй иу фæрсы: «Гъе уый ды цы фæхæссыс?» Ус загъта: «Æрмахуыр гæды мын уыдис, æмæ уый хæссын». Уыйадыл сывæллон аирвæзт. Йæ мад æй Хъудмæ ахаста. Куы рахъомыл, уæд дзы мыггаг рацыдис æмæ Гæдиатæй баз- задысты. Джыккайты Тоти Дзомагьгоммæ Джыккайты Тоти иу-иуæндæс фæлтæры размæ æрæфтьщ Бæхвæндаджы æфцæгыл1 Цæгат Ирыстонæй, гьеныр Дзомагьы доны был Фæзы Дзомагьы хъæу кæм ис, уырдæм. Ком иууыл хъæдæй æмбæрзт уыд, æмæ дзы цæрæг дæр никуы уыд. Тоти дон агуырдта æмæ иу ран уымæл зæхх ракъахта, æмæ дзы суадон разынд. Йæ бæх уым фæуагъта, йæхæдæг цуаны ацыд æмæ уайтагъддæр иу дынджыр саг амардта. Тоти саг куы бастыгъта, уæдмæ æрталынг æмæ сфæнд кодта суадоны был æрфысым кæнын. Уыцы заманы доны рахиз фарс рагьы сæрмæ фæздæг цæугæ ауыдта. Ссыдис уырдæм æмæ дзы галуан разындис, уый та уыд Медойты галуан. Уæды заманы æгас Дзомагъгомы Медойты йеддæмæ ничи цард. Медойтæ То- тийы суазæг кодтой, уый дæр сын йæ саджы балæвар кодта, уæдæ цы уыдаид. Тоти Медойы фæфарста йæ царды хабæрттæй, йæ зæрдæмæ фæцыд бæстæ, æмæ куы цыд, уæд дзы бар ракуырд- та Дзомагъы доны был фæзуаты æрцæрынæн. 364
Тоти аздæхт Цæгатмæ æмæ æппæт бинонтæй, йе ’фсымæр- тимæ, йæ фæллой раскъæрдта, афтæмæй суадоны былмæ æрцыд æмæ дзы æрцардысты. Йе ’фсымæртæ дæр устытæ æрхастой æмæ хицæн галуантæ сыскъæрдтой. Дзомагьгомы тар хъæды æхсæнæй Джыккайты хъæу зынгæ дæр нæ кодта æдцæмæ, æмæ йын Ме- дойтæ æппынæрæджиаумæ дæр ницы базыдтой. Иу хатт Медойтæ цæйдæр тыххæй Бæхвæндаджы æфцæгмæ сæфтыдысты æмæ федтой Тотийы хъæу — сæхи хъæуæй арæзтдæ- рæй æмæ тыхджындæрæй. Джыккайтæ Медойтæм хæлар зæрдæ дардгой, суанг ма сын алы аз дæр Рагьыдзуары куывды галы агьд æмæ бæгæныйы аг кадæн лæвæрдтой. Фæлæ сыл уæддæр Медойтæ не ’ууæндыдысты æмæ сæхи Дзомагъгомæй айстой æмæ æрцарды- сты Стыр Леуахийы Дзариайы бæсты иу ран, ныры Медойты хъæуы. Сæ фыццаг хъæуы та ма баззадысты сæ галуанты бынтæ æмæ сæ зæппадз, хонгæ дæр æй «Медойты бын» кæнынц. Медойты хъæууатæй чысыл хуссарырдæмдæр, Уæллагхъæуы, кæнæ Дзугаты хъæуы та æрцардысты Дзугаты мыггаг, Уæлладжы- ры комы Урсдонæй ралидзгæ. Æрцардысты Медойты сæрвæтты. Дзиццойы таурæгъ Раджы кæддæр Бурсамдзелийы сæр царди хурдзæсгом Тамар- паддзах зыбыты иунæгæй, хохы цъуппыты митау урс-урсид æрттывта, афтæмæй. Бынæй та комы царди Бахъар-цуанон. Уый сфæнд кодта хохы цъупмæ фæцæуын Тамармæ æмæ йæ æххæст дæр скодта... Тамарæн Бахъарæй лæппу райгуырд, æмæ йæ коммæ фехста. Лæппу коммæ митмæ ныххауд, æмæ йæ иу саг схаста. Уыцы заманты Цæгатæй æрæфтыд иу лæг, Дзиццо, зæгъгæ, æмæ æрцард Найфаты фæзы. Хорз цуанон уыд æмæ хæхты хатт. Иу хатт иу хъуазы ауыдта æмæ йæм куыдцæр ныхъхъавыд, фех- сон æй, зæгъгæ, афтæ йын йæ быны сывæллоны дæйгæ ауыдта. Дзиццо раздæхт хæдзармæ æмæ йæ усæн йæ хабар ракодта. Ус ын загъта, æрхæсс æй, зæгъгæ, æмæ йын æртæкъахыг хæлаф арвыс- та. Дзиццо хæлаф сывæллоны раз æрæппæрста, йæхæдæг æддæ- дæр æрæмбæхст, кæддæра цы ми кæнид, зæгъгæ. Сывæллон хæ- лафы йæ къæхтæ атъыста, фæлæ æртыккаджы стыхст æмæ æр- хауд. Дзиццо йæ систа æмæ йæ хæдзармæ æрхаста. Лæппу уыд тынг рæсугъд, йе ’нгуылдзтæ йæ армы тъæпæнæй даргъдæр, фыц- цаг дзурын дæр нæ зыдта, стæй фæцахуыр. Лæппуйы кой айхъуыст, хабар ахастой фæндаггæттæ Гуыр- дзымæ дæр. Æмæ Урсдзуары коммæ’ иу заманы дыууадæс барæ- джы æрбацыд хъæздыг ифтонг бæхтыл. Æрфысым кодтой Дзиц- цомæ æмæ дзы æрдомдтой, дæ лæппуйы нын фенын кæн, зæгъгæ. Фæлæ сын æй Дзиццо нæ равдыста, цы нæ йын кодтой, уæддæр. 365
Стæй барджыты хистæр ралгъыста: «Уæдæ дæ цотæн зæнæг ма- уал уæд æмæ дæ ныры зæнæг та кæрæдзи фæцæгъдæнт æмæ уæ мыггаг дæр куыннал баззайа!» Дзиццо фæтарст фыд æлгъыстæй æмæ сæм лæппуйы ракодта. Уыдон дæр æй семæ акодтой. Æрмæст ма куы цыдысты, уæд Дзиццойæн ныууагътой роды цармæй чиныг, лæппуйы кæй фер- вæзын кодта, уый тыххæй уæзданы чиныг. Лæппуйы номыл Дзиц- цо урс дурæй кувæндон сарæзта — Урсдзуары кувæндон. Дзиц- цойы уæзданы чиныг суанг 1920 азы меньшевикты æрбабырстмæ дæр ма уæллаг Усрдзуары уыд, стæй нал разынд. Дзиццойæн уыди фондз фырты: Хъазихан, Бебе, Безе, Али- хан æмæ Дзардан. Æхсæзæм фырт та йын, Тамарæн Бахъарæй чи райгуырд, уыцы лæппу уыд. Урсдзуары комы цæргæйæ ма баззадысты æрмæст Безейы цæуæт. Дзиццойты Иракълийы ныхæстæм гæсгæ, Дзиццойæ нырмæ рацыд авд æмæ ссæдз фæлтæры, фæлæ ма дзы хъуыды кæны æрмæстдæр иуæндæсы: ...Цаги, Тагоз, Цаца, Кибел, Бела, Батрадз, Цако, Бетъре, Чако, Иракъли, Сосо. Беджызатæ æмæ Тотыратæ Беджызаты мыггаджы аскъуыды фæстæ Хъæлласæны зæххытæ Ходзы Тотыратæ сæхи бакодтой æмæ сыл цъиу атæхын дæр нæ уагътой. Беджызаты Пепе куы слæг и, уæд сæм сæрвыста: «Хъæлласæ- ны зæххытæ, Бæхахсæнæй дæлæмæ, Фыййаг хъæдты онг æмæ Цъæх цад, стæй Æфцæджы сæры онг мæ фыдæлты уыдысты, æмæ сæ гъенырмæ фæхордтат æмæ уын хæлар уæд, фæлæ мын сæ гъеныр фæстæмæ раттут». Тотыратæ не сразы сты, тохыл ныллæууыдысты Пепеимæ æнæхъæн мыггагæй Хъæлласæны тыххæй, æмæ кæрæдзи цæгъ- дынмæ æрцыдысты. Адæм-иу се ’хсæн бацыдысты æмæ та-иу сæ ныссабыр кодтой. Пепе сæ дуарахæсты бакодта Тотыраты, æмæ та иу хатт фæ- быцæу сты. Пепейæн Тотыратæ загътой: «Дæ фыдæлты зæхх уыдис Стыр фæзæй фалæмæ». Фæлæ Пепе ууыл не сразы, æмæ та йын Тотыратæ зæгъынц: «Кæд разы нæ кæныс, уæд Бæхахсæны хæ- рæг аргæвд, æмæ нæ бауырндзæни, Бæхахсæнæй фалæмæ дæ фыдæлты зæхх кæй уыд». Адæм æрæмбырд сты дыууæрдыгæй дæр. Гæлуатæ уыдысты Пепейы сæрыл дзурæг. Джеллыты Гаджи хæрæг баскъæрдта адæмы ’хсæнмæ æмæ зæгъы: «Пепе, дæу кæуылты у зæхх, уым æй арæныл аргæвд». Уый йын загъта: «Ме ’фсымæр у Гæлуаты Нафи æмæ йæ мæ бæсты уый аргæвдæд». 366
Хæрæг Бæхахсæнмæ баскъæрдтой, йе ’ргом мидæмæ чи дары, уыцы къуылдымы тигъмæ. Нафи йæ цæнгтæ фæфистæг кодта, æхсаргард сласта æмæ зæгъы: «Ацы хæрæг Тотыраты мæрдтæн уæд фæлдыст, уыййед- дæмæ сын мæрдты æмæ уæлæуыл дæр ма уæд фос, уый ном фæхæссæд Тотыраты мыггаг, йæ фидыд ма чи фехала». Иæхæдæг хæрæджы йæ астæуыл ахауын кодта. Зæхх та Пепейæн баззад. Уæдæй фæстæмæ Гæлуатæ Беджызатимæ хæлар ахастой æмæ ма абон дæр сæ хæлардзинад нæ фесæфт. Беджызатæ æмæ Тыбылатæ Раджы Беджызатæ фыдмыггаг уыдысты. Бирæ уыдысты, æмæ сыл тых дæр ничи кодта. Томайтимæ дæр æрдхорд уыдысты. Цардысты æртæ раны: Тахойы хъугомы, Едысы æмæ Хъæлласæ- ны. Карды хорз, топпы хорз дæр Беджызатæм фылдæр уыди æмæ-иу дзы бахъуыдыйы бон Томайтæн дæр авæрдтой, æрдхорд сын кæй уыдысты, уый тыххæй. Фæлæ сæм Тыбылатæ мæсты байдыдтой, Беджызатæ Томайтимæ æрдхорд кæй уыдысты, уый тыххæй æмæ Беджызатæй хæст агуырдтой. Нарæй иу лæг, Бызæ Мамитæй, ралыгъди, лæг амардта, æмæ уый фæдыл, æмæ æрцарди Беджызатимæ. Беджызатæ йын сæ гæнах радтой цæрынæн. Иу рæстæджы паддзахы кой айхъуыст, зæгъгæ, падцзах змæ- лын байдыдта, æмæ алчи йæхи хъахъхъæнæд. Тыбылатæ дæр фæсабыр сты æмæ Беджызатæм нал æруæн- дыдысты, Иу зымæг Беджызатыл низ сыстад æмæ сæ ныццагъта. Ты- былатæ сын сæ сæрвæттæ æмæ сæ рацæуæнтæ байстой. Уæды рæстæджы Беджызаты Пепе йе ’фсымæр Байимæ си- дзæрæй баззад, æмæ сæ Мамиты Бызæ хъомыл кодта. Иу хатт Бызæ Тырсымæ ныццыд, фæлæ уайтагьд æрыздæхт. Тыбылатæ афтæ ’нхъæлдтой, Бызæ Тырсыйы ис, æмæ Беджызаты фæллой хæссынмæ æрцыдысты. Беджызатæй Тыбылатæ ахастой царвы хъуырау æмæ Пепейы хæрæг. Уæд сæ Бызæ базыдта æмæ сæ ра- сырдта. Тыбылатæ фæтарстысты æнæхъæн мыггагæй æмæ алыгъ- дысты. Пепе дæр уæдмæ схъомыл ис. Тыбылатæ æндæрбæстаг Чехойы-фырт Цæрайы амардтой, маргæ та йæ Тыбылаты Дзекъа акодта, йæ дыууæ галы йын ра- кодтой æмæ сæ Рæмонатæм ныккодтой, ома, Рæмонатæ тых- джын сты æмæ сæ никæмæн ратдзысты. Пепе йæ зæрдæмæ хаста Тыбылаты фыдмитæ. Иу бон Пепе æмæ Бызæ ныццыдысты æмæ галты сыскъæрдтой Датуайы фæндмæ гæсгæ, Датуа та Рæмонатæй уыд, Беджызаты хæрæфырт. 367
Галты аргæвстой Едысы хъæуы гæнахы цур. Æрхуыдтой хъæуы, æмæ Тыбылатæ дæр нал æруæндыдысты. Пепе хъавыд йæ фыдæлты зæхх байсынмæ æмæ йæхи схæлар кодта уырысимæ. Йæ фæстæ Сыбайы æфцæгыл уырысы æфсад, Залтаровы1 æфсæдтæ, æрцыдысты æмæ Хæныкъаты хъæуы2 баиу сты. Губер- натор æфсады хъæдмæ акодта, фæлæ сæ ир цагътой. Иу лæг Тот- радз, зæгъгæ, Джеллытæй уыд, уый губернаторы фехста æмæ йæ амардта. Салдæттæ йæ Хæныкъаты аргъуаны хуылфы баныгæд- той. Едысы никозаг сауджын уыд, æмæ йæ Пепе ныккодта Хæ- ныкъаты хъæумæ, æмæ уым мардыл саргъуыдта. Тыбылатæ, уый фенгæйæ, Беджызаты сæрвæттæ суагътой. Уæдæй фæстæмæ мыггæгтæ дæр ныссабыр сты. Надиратæ æмæ Козатæ Челиаты1 хъæуы Надиратæ æмæ Козатæ цардысты Хуссар- варсы Бызыратæм. Афтæмæй се ’хсæн хæст цыди зæххы фæдыл. Надиратæ цъус мыггаг уыдысты, Козатæ та фылдæр. Уæд Козатæ загътой: «Фæцæгъдæм сæ, æмæ уыцы бæстæ дæр махæн баззайдзæн». Хосгæрдæны Надиратæ изæры уыгæрдæнтæй æрцæйцыдыс- ты. Козатæ сæ разы бабадтысты æмæ сæ топпытæй фæцагътой. Надиратæй иу гыццыл лæппу гуыл ахуыр уыд, йæ мад-иу ын скодта алы хатт. Уый сæм дзуры: «Мæн ма амарут, мæ гуыл уын ратдзынæн». Фæлæ йын нæ фæтæригъæд кодтой, йæ къубал ын ахауын кодтой. Уый фæстæ Козатæ дæр фæцагьды сты сæ тæригъæдæй. Абон дæр ма сæ мæсыджы хæлдтытæ зынынц Челиаты хуссары. Рæмонаты алыгъд Гудзаретмæ Рæмонатæ Дæллаг Брытъаты1 цардысты. Уыдысты сабыр адæм æмæ куыстуарзаг, фæлæ иу хатт се ’хсæн хуымты тыххæй æрцыд хыл Слантимæ. Цас мыггаг уыдысты Рæмонатæ — цалдæр хæдза- ры, фæлæ æгæр ныхмæ лæууыдысты, хуымы Слантæ сæхи хуыд- той æмæ Рæмонатæ дæр. Кæрæдзийыл нал ауæрстой марыныл, алчи сæ йæ мæсыджы бабадт æмæ тох кодта. Букуылтæй иу лæг Хъихъо хуындис, уый се ’хсæн бацыд, цæмæй рæстæгмæ бафидауой æмæ мауал æхсой. Баууæндыдысты дыууæ мыггаджы Хъихъойыл. Хъихъойы æппындæр нæ фæндыд æхсæны лæгæй, уый фæндыд, цæмæй дыууæ мыггагæй иу фесæ- фа æмæ Брытъатæй Букуылтæм зæхх æрбафта, уыйадыл Слан- тæм иу æвзаг кодта, Рæмонатæн та æндæр дзырдта. 368
Иу бон Слантæ ласæн кæнынмæ цыдысты. Рæмонатæй иу фехста Сланты, фæлæ сæ ничи фæцæф, цалынмæ дыккаг æхст кодта, уæдмæ йæ Слантæй чидæр фехста æмæ Рæмонайы-фырт мæсыгæй рахауд. Уæд сыл Слантæ фесафыны фæнд скодтой. Рæмонатæ сæ арвы цæф базыдтой æмæ иу æхсæв ралыгъдысты Саджиамæ - Гудзаретмæ2. Сæ ис, сæ бон баззад Слантæн. Плиты мыггаг Чысанмæ куыд алыгъди Плитæ рагæй дæр Ручъы цардысты, фæлæ сæ байзæддаг куыд бирæ кодта, афтæ лыгъдысты алы бынæттæм, чи зæххагур, чи йæ хæстæджыты цурмæ, чи та-иу йæ туджджынтæй фервæзыны фæндæй. Цъус тох, мыййаг, нæ кодтой нæ фыдæлтæ: зæххы сæрыл, мыггаджы сæрыл, æрцæуæг адæмтимæ æмæ æппынфæстаг кад æмæ номы сæрыл. Æвзæр заман уыд уæд, мæ хуртæ. Мæгуырдзи- над лæджы алцæуыл дæр ардауы, уымæй уæлдай та нæ адæммæ рагæй дæр цыты фæдыл хæцын хорз кæсы. Нæ фыдæлтæ æфхæр- ды ныхас нæ барстой, уæлдайдæр та æрцæуæг кæнæ æцæгæлон адæмæн. Плиты мыггаг тох кодтой Дзерантимæ, тох кодтой сау мыг- гаджимæ — Сурхонтимæ æмæ иннæ мыггæгтимæ. Хæцыдысты Томайтимæ дæр. Иу Атынæджы лæгмæрдтæ дæр æрцыд, фæлæ сын Томайты Гæгуыц мæхъхъæлæй раирвæзын кодта сæ мыгга- джы хистæры уацарæй, æмæ уый фæстæ æрсабыр æмæ хæларæй цæрын райдыдтой. Плиты Гуыма ракуырдта Томайты чызджы йæхицæн усæн, æмæ йын дзы баззад лæппу (Дзама) æмæ чызг (Сæли), ус йæхæ- дæг амард. Гуыма та æрхаста дыккаг ус, бафыста дыккаг ирæд æмæ цæрын райдыдта йæ ног усимæ. Уымæй та йын райгуырдис фараст лæппуйы, дыууæ йын дзы амарди, авд та йын цæргæйæ баззад. Цалдæр азы фæстæ Сæли байрæзти, æрцыд йæ чындзы цæ- уыны рæстæг æмæ йæ радтой моймæ. Райстой хорз ирæд: галтæ, æдсаргъ бæхтæ, æнæуи фос, хæцæнгæрзтæ æмæ иу цыппархъусон цæджджинаг. Дзама цардис йæ авд æфсымæримæ, фæлæ йæ уыдон тынг арæх хъыг дардтой, иунæг, дам, дæ, дæ мад, дам, цъус ирæдæй куырд у, зæгъгæ. Томайтæ та, мæ хур, зæндджын адæм уыдысты æмæ куы фед- той, ома Гуымайæн йæ бон стыр ирæд фидын нæу, уæд дзы райстой ирæд æрмæстдæр адæмы æгъдауæн — чысыл ирæд, Дзама тынг бирæ барста, стæй йæ бон куынæуал уыдис, уæд иу хатт æркодта комы дзырддзæугæты, фæдзырдта йæ мады ’рва- 24 Ирон таурæгътæ 369
дæлтæм æмæ йæ хай рахицæн кодта. Æнæуæрст ма баззад сæ цыппархъусон аг. Аг уыдис кæмæдæр адгурæн, æмæ Дзама хъуы- ды кодта, ома мын æм цы бар дарынц, мæ хойы ирæдæй у, зæгьгæ. Иннæ ’фсымæртæ та загътой: «Уæрцмæ йæ ма ’рхæссæм, æмæ йæ стæй тыхæй байсдзыстæм». Афтæмæй дын иу бон авд æфсымæры ацыдысты аг тыхæй рахæссынмæ, Дзама сæ куыд федтаид, афтæ. Дзама дæр æнæрцæф уыд, йæ мастæн кæрон нæ зыдта, стæй йын йæ комы хорз ном уыд æмæ йæ сæр уымæ не ’рхаста, ома тыхæй мæ ис куыд хъуамæ байсой, зæгъгæ. Райста цыбыр болат кард æмæ ацыд фæндагмæ йæ тыхгæн- джыты раз бадынмæ. Дзуары бынты куы фæцæйцыд, уæд йæхи бафæдзæхста Хуыцауæн, загъта: æвзæр фæнд æм кæй ис, йе ’фсымæрты ныхмæ кæй цæуы, фæлæ уый аххосæй кæй ницы æрцыд. Дзама фæндагæй дæлæмæ æрхызт æмæ, хæстмæ сидæгæн куыд æмбæлы, афтæ йæ кард цыргъ кодта. Уалынмæ æрхæццæ сты йæ тыхгæнджытæ дæр: цыппарæй хастой аг, иу топпимæ цы- дис разæй, иу фæстейæ, иннæ та æндæр рæтты хъæумæ ацыд, Дзама сæм рауæнддзæн æви нæ, уый базонынмæ. Дзамамæ куы ’рбахæццæ сты, раст суадоны цур, уæд æм сæ хистæр афтæ ба- дзырдта: — Гъей, кæвдæсардæй æнæномдæр Дзама, хорз ран фембæл- дыстæм кæрæдзийыл. — Мæ мад, мæ фыдыстæн, хорз ран, — загъта Дзама æмæ йын иу цæфæй йæ уæхск æрдавта. Лæг ахаудис, æмæ Дзама иннæты дæр цæфтæ райдыдта. Аф- тæмæй дзы амардта дыууæйы, йæхæдæг аирвæзт дзæбæхæй, ин- нæтæн æнæ цæфæй ничи аирвæзти. Дзама хатыр ракуырдта мыг- гаджы хистæртæй æмæ стæй балыгъд мæсыгмæ. Ныр дæр ма Ручъы Дзамайы мæсьтг æнæкалд у. Мæсыджы алыварс æртым- был сты Дзамайы туджджынтæ, сæ мады ’рвадæлтæ æмæ сæ хæ- стæджытæ. Фæхæцыдысты æртæ боны, фæлæ сæ мæсыгмæ ничиуал ба- ирвæзт. Дзама та дзы йæхæдæг амардта дыууæйы — иу йæ тудж- джынты мады ’рвадæлтæй, иу та уыдон хæстæджытæй. Уæд рас- тадысты мыггаджы хистæртæ æмæ афтæ зæгъынц: «Хорз адæм, туг исын кад у, æрмæст дзы бафидауын дæр вæййы, æмæ уæ бафидауын кæндзыстæм. Кæд уæ уый нæ фæнды, уæд та уæ уе знаг цæгъды хæцæнгарзæй, æмæ йæ сымах дæр амарут уымæй, стонгæй йæ куы амарат, уæд сымах æдцейæ махæн дæр худинаг у. Бауадзут, æмæ йын кæрдзын барвитой уыцы иунæг æнамон- дæн». Æфсымæртæ сразы сты. Дзамайæн уыд æрдхорд æфсымæр æмæ йæм афтæ бадзуры: — Уæ, Дзама, хæринагæй ма куыд арæзт дæ?! — Ссад ма ис, фæлæ цыхт нал, уæлибæхтæ цæмæй скæнон, — 370
зæгъгæ, загъта Дзама. Ома мæм зды нал ис, фæлæ топпыхос ис. Уæд ын йе ’рдхорд скодта цыппар уæлибæхы æмæ сæ мидæ- гæй нывæрдта зды, афтæмæй сæ барвыста мæсыгмæ. Дзама кæрдзын бахордта æмæ та хæцын байдыдта. Фæхæцы- дис ма дыууæ боны, стæй йе ’рдхорды фæрцы йæ бон бацис алидзын æмæ фæлыгъд йæ каисты бæстæм. Уæд йæ ус куырдуа- ты уыдис. Рацыд æнæхъæн аз. Дзама ус æрхаста æмæ цардис йæ каисты цур. Иу хатт Дзама ацыд балцы Чысанырдæм. Йæ туджджынтæ дзы ферох сты, афтæмæй йæ уыдон та агургæ кодтой алы бон. Дзамайы йæ ус ауæй кодта, уый бацамыдта тугагурджытæн Дза- майы фæстæмæ раздæхæн фæндаг. Чи зоны, йæ къахгæ дæр ра- кодтой, æндæра йæ уæд Дзама цæуылнæ арвыста, йе та Дзама уыд мæгуыр æмæ ирæд фидын йæ бон нал бауыдаид. Цыдæриддæр уыд, Дзамайæн йæ разы бабадтысты, фæлæ сæ къухы ницы бафтыд. Дзама ссардта йæхицæн бæстæ æмæ æфцæ- гыл хос карста. Æфсымæртæ та базыдтой уый дæр æмæ та ацы- дысты Дзамамæ. Æргом бацæуын æм нал бауæндыдысты, фæлæ йæ дардæй фехстой. Дзама фæцæф, аппæрста йæ цæвæг æмæ хохæй тулын байдыдта. Уыдон дæр æй сурынц фæстейæ. Уæд Дзамайæн ахауд йæ топп дæр, нал уыд йæ мады фæндиаг, фæлæ йæ уæдцæр нал уагътой. Афтæмæй Дзама ныццыд Лекъуанмæ æмæ йæхи бафæдзæхста Къудухты мыггагæн. Бæргæ ма йæ истой йæ туджджынтæ фæлæ йæ нал радтой йе ’фсымæртæн. Афтæ- мæй йæхицæн арæзта комраз æмæ сдзæбæх. Иу хатт фæсивæд ракодтой Дзамайы къæрныхы æмæ æрхау- дысты Захъормæ. Уæд ацы бынат хорз уыдис, æмæ Къудухтæй иу хæдзарæй æртæ ’фсымæры ралыгъдысты ардæм. Семæ ракод- той Дзамайы дæр. Дзама æркодта йæ усы æмæ æрцардис Захъо- ры, рацыд ын зæнæг, сарæзта хæдзар æмæ цард. Дзама куы амард, уæд ын баззад цыппар лæппуйы: Бадила, Чеза, Нане æмæ Тобег. Уыдон уыдысты тынг æхсарджын, æлда- рæн хъалон нæ фыстой, райстой бæстæ Тъилипона æмæ царды- сты хъæлдзæг. Уыдон фырттæ стæм мах, нæ мыггаджы цыппар хæдзарвæндаджы, ныр дæр ма фыды номæй афтæ куы фыссæм. Уæдæй нырмæ раивтам æхсæз фыды-фырты: Гуыма, Дзама, Ба- дила, Бетъре, Естъа, Алыксандр, Таймураз. Гуымайы фыд хуындис Бисæ, уый фыд Гогиц, уый фыд та, æвæццæгæн, Пли, уый дæр лæджы ном у, мыггаг фыды номæй исгæ у. Гъеныр уæхæдæг уынут: Дзамайы байзæддаг бацис авд æмæ ссæдз хæдзары, уыдонæй цыппар хæдзары бынтон сгуырдзиаг æмæ цæрынц Калачы - Плиашвилитæ. Афтæ сты нæ мыггаджы хабæрттæ, мæ хуртæ. 371
«Тибы хасты фæу!» Тибы бадæн — Захъхъайы иу къахыр. Йæ лæппумæ-иу чи фæмæсты, уый-иу афтæ загъта: «Тибы хасты фæу!» Тиб тыхджын хъæу уыди æмæ лæбурдта иннæ хъæутæм, уацай- рæгтæ сæ хаста. Уыдон-иу уæй кодтой фæстæмæ мыггагæн йæхи- цæн. Мыггаджы бон-иу куынæ сси йæ балхæнын, уæд та-иу æй æндæр искæмæн кусæгæн ауæй кодтой. Тибæн, дам, Туалгомы тых никуы ничи скодта, Гаджитæ йын стых кодтой. Иумæ æрдхорд уыди Гаджитæн, Цуцитæн, Хаситæн, Тоти- тæн æмæ Гуыбатæн. Гаджитæн сæ хæрæфырты Тиб фæнадтой. Уый фæдыл æмæрд- хорд Гаджитæ Тибмæ слæбурдтой. Тиб сæ суары фæзæй уæлæмæ нæ уагьтой: мæсгуыты бадтысты æмæ сæ æхстой уырдыгæй. Куы баталынг ис, уæд Погъоты Дзапар æмæ Зиндзол бацы- дысты æмæ Тибы мæсыгыл æддейæ сбырыдысты æмæ сæ мæ- сыджы ердойæ уырдыгмæ æхсын байдыдтой. Уæд Тиб мæсыгæй ралыгъдысты, æмæ йæ Гаджитæ æрцахстой. Дыккаг мæсыг дæр афтæмæй байстой. Гаджитæ дыууæ мæсыджы дæр куы байстой, уæд Тиб æрластой сæхуыдтæг тыхы гал, йæ хъуырыл ын зæлдаг бæндæн бафтыдтой, афтæмæй. Зæрæмæджы уæзæгыл уыцы га- лæй куывд скодтой, Тибæн тых кæй скодтой, уый тыххæй. Уæдæй фæстæмæ баззад загъд: «Тибæн Гаджиты йеддæмæ тых ничи ссардта». Лæсчъы хæрд Багаты Михел фыдлæг уыди. Иу хатт Къæбысты Темсимæ ацыдысты Сынтбадæнмæ. Уыцы афон Джергатæй иу ус хосдзау- тæн фæцæйхаста кæрдзын. Сывæллон йæ фæдыл рацыд æмæ йæ мады нал аййæфта. Михел рафæнд кодта лæппуйы раскъæфын. Джергатæ Къæбыстæй лæсчъы хæрд дардтой, æмæ Темс дæр сра- зы — раскъæфтой йæ. Æхсæвы йæ Михелы хæдзармæ æрбакодтой. Михелæн уыд кæсгон лæг зонгæ. Йæ ном Гуыргъохъ. Михел æмæ Темс ахастой сывæллоны Кæсæгмæ æмæ йæ Гуыргъохъæн ауæй кодтой. Кæсæг лæппуйы уæтæрмæ акодтой. Джергатæ агурын байдыдтой сæ лæппуйы, фæлæ йыл нæ хæст кодтой. Хæрнæг дæр ын скодтой. Къуыдар дардмæ цæуынц куыстмæ. Афтæмæй дыууæ къуы- дайраджы куыстагур сыфтыдысты Кæсæгмæ, Гуыргьохъмæ. Уый сæ уæтæры хъæдмæ арвыста. Уым фембæлдысты лæппуйыл. Слæг ис. Къуыдар æй æрфарстой æмæ йæ йæ фарсы сыгьдæй базыдтой. Дыууæ къуыдайрагæй сæ иу рынчынæфсон скодта, уый ра- 372
цыдис, æрцыдис Джергатæм æмæ сын загъта: «Уæ лæппуйы уын ссардтон». Æдсаргъ, æдидон бæх ын балæвар кодтой. Джергатæ араст сты Кæсæгмæ æмæ Гуыргъохъмæ ныццыдыс- ты. Загътой йын: «Кæм дын уыди ацы лæппу?» Гуыргъохъ не схъæр кодта Къæбысты. «Кæд уæ лæппу у, уæд æй акæнут, мæ- нæн мæ аргъ фесæфæд», - загъта Гуыргьохъ. Схæцыдысты æмæ ракодтой лæппуйы. Цымыти æмæ Хидыхъус Цымыти æмæ Хидыхъусæн сæ хъæд уыди иу ран, æмæ йыл алы бон кæрæдзи тыдтой: «Хъæд мах у!» — «Нæ, мах у!» — зæгъгæ. Рагæй дæр Цымытийы адæм хин кæм не сты, æмæ та æрхъуы- ды кодтой хиндзинад, цæмæй сæ иумæйаг хъæдмæ Хвдыхъус мауал уæндой, уый тыххæй. Ацыдысты æмæ дзуарæй дари æргъуынтæ (хæцъилтæ) рахастой, даргъ хъилтыл сæ бакодтой æмæ сæ хъæды алыварс ныссагътой — дзуары бынат у ома. Уыйадыл-иу Хидыхъус хъæдмæ нал уæндыдысты, дзуар нæм куы фæфыдæх уа, зæгъгæ. Уыцы заман Цымытийы писырæй куыста хидыхъусаг лæг. Цымытийы адæм ыл хорз не ’ууæндьщысты æмæ дзы се сæфт уыдтой. Хинæй ныл цæуы, æндæр нын ницы ’ххуыс у, зæгьгæ, æмæ йæ тæрыныл систы хъиладзагъдæй. Писырæн йæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси æмæ, цæмæй аирвæза, уый тыххæй ныхъхъæр кодта: «Фæдис! Уæлæ уын, Цымыти, Хи- дыхъус уæ хъæд ныццагътой!» Цымытийы сæрæнтæ хъæдырдæм фесты, æмæ писыр аир- вæзти æнæ надæй. Лисрийы мæсгуытæ Ам цы чъырынтæ хонынц, уыдон дыгурон дурамайджыты арæзт уыдысты. Чи йæ амадта, уый дыгурон уыди, Илас хуын- ди. Уый-иу мæ фыд дзырдта. Мæ фыдыл 110 азы цыд, афтæмæй амард. Æмæ-иу уый афтæ дзырдта, зæгъгæ, нæ чъырыны фарсмæ та уыди Зараты чъырын. Уыдон фыдадæм уыдысты, æмæ Иласы баййардтой, чъырын февидауц кæн, зæгъгæ. Илас æй, куыд уæлæмæ, афтæ чъырын фæнарæгдæр кодта. Уый Дарчиты лæг- тæн фæхъыг, æмæ йын йæ мызд нал лæвæрдтой. Уæд сын Илас загъта: «Ацæут дыууæйæ æмæ нæхицæй æрхæссут чъырын раст- гæнæнтæ». Уыдон ацыдысты, æмæ сæ дыгур баурæдтой Иласы куысты мыздмæ. Уæд Дарчитæн гæнæн нал уыди, æмæ Иласæн йæ мызд радтой. 373
Мæсыгæн йæ фæстаг къулы æвæрд ис стыр дур, йæ иу кæро- нæй иннæмæ дур. Уыцы дур сын балæвар кодтой Згъилы сæ хæстæджытæ. Уыдон сын бар радтой - дурæй, галæй. æмæ адон галы бæсты дур райстой. Дурыл уьщис калмы ныв, ныр дæр ма зыны. Тотыраты Огъа Тотыраты Огъа Ходзы хъæуы царди æмæ хъæздыг уыди. Йæ кой дардыл айхъуыст: Тотыраты Огъа æнæ бакусгæйæ кæрдзын никæмæн дæтты, — нæ уазæгæн, нæ хæстæгæн, нæ æрвадæн, нæ хионæн. Уый Ерыстауты кънйæзтæм дæр айхъуыст, æмæ йæм æрба- цыдысты æрмæстдæр уый фæлварынæн, ома Огъа æнæ бакус- гæйæ æцæг нæ дæтты кæрдзын. Огьа уазджытæн кусарт акодта, хæрд, нуæзт æрцæттæ кодта, æмæ сын раздæр хъазт сарæзта. Йæ уæлхæдзар уыд ног сьщжыт- дзар. Бирæ фæкафыдысты æмæ уæлхæдзар сæ къæхты бын нын- надтой, стæй сын фынг æрæвæрдта Огъа. Уазджытæ кæрдзын бахордтой. Кæрдзын бахæрды фæстæ Огъайы Ерыстау бафарста: - Огьа, дардыл дæ ном айхъуыст, æнæ бакусгæйæ, дам, кæр- дзын нæ дæттыс, æмæ уæд махæн цæмæн радтай? Огъа загъта: - Сымах хуызæн мын æппындæр ничи бакуыста. - Ау! Цы дын бакуыстам? - фæрсы Ерыстау. - Мæ уæлхæдзар уыд ног сыджытдзар, æмæ мын æй къулæ- гæй хойын хъуыд иу къуырийы бæрц, ныр æй сымах ныннадтат, æмæ уæ цæрæнбон бирæ. - Ацу, демæ схæцын никæй бон у, — загъта Ерыстау-æлдар æмæ ацыд. Абайты Дзоццæ Абайты Дзоццæ уыд номдзыд цуанон. Цуан кодта хадзымус- тафæйæ1, æмæ йыл æрцыди фыццаг бон æмбисонд. Фыццагæттæ афтæ æмбисонд хастой: «Хорз цуанонæн йæ мард уæлмæрдтæм нæ хæццæ кæны». Дзоццæ йæхи куы базыдта, уæд цуан кæнын байдыдта, æмæ æнæкæрон цагъд кодта сырдты. Цуан кодта алы ран дæр, суанг Къахетмæ дæр хæццæ кодта æмæ саг æмæ хуыйы мыггаг нæ уагъ- та Къахеты хъæды. Йе стырдæр цуаны бынæттæ уыдысты: Уæлладжыргом, Куырт- татгом, Хилачъы2 æмæ Сæнайы хæхтæ. Йæ фысым-иу уыди Сæ- 374
найы Цобыкъаты инæлар Глаха Хъазбегаты; Къахеты та йын-иу фысым уыдис кънйаз Цолохъайы-фырт. Хæрыны сырдтæн æвæрдта сæ нымæцæн сæ дзоныгъы стджытæ; æнæхæрыны сырдты та сæ цæрмттæй нымадта. Æдæп- пæт амардта æртæ мины. Нысанмæ-иу æмбылдта Дзоццæ кæйдæриддæр. Уæлдай диссаг хъуыддаг дзы баззад Тырсыйы. Хъалæгаты Гуыдæ æмæ Зæбемæ, Тъепыхъæуы3 уæлæсыхы, уыди фысыммæ. Уæд дæлæсыхы иу сæумæраджы, Дзынгаты раз, къæдзæхы сæр, бадти иу зæронд лæг æмæ лулæ дымдта. Йæ фысымтæн Дзоццæ загъта: «Дæлæ уыцы зæронд лæджы лулæ куы фæцæф кæнон, уæд мын дзы ратдзыстут?» Фысымтæ йын загътой: «Сæрра дæ, мыййаг, кæйдæр зæронд лæджы цæуыл марыс?..» Уый загъта: «Нæй йын æнæ фехсгæ». Афтæмæй Дзоццæ балкъоныл куы ’рæн- цади, уæд фысымтæ хæдзармæ балыгьдысты. Дзоццæ гъе уырдыгæй фехста æмæ зæронд лæгæн йæ лулæ аксъуырдта: йæ хъæд ма йæ дзыхы аззади. Кæцæй фехста Дзоццæ, уырдыгæй, зæронд лæг кæм бадти, уырдæм уыдаид фондзыс- сæдз сардзины бæрц. Зæронд лæг сывæллæтты расур-басур бай- дыдта, мæ лулæ мын уæ чидæр дурæй фехста, зæгьгæ. Уæд зæ- ронд лæгмæ Дзоццæйы фысымтæ худгæ æрцыдысты æмæ йын дзырдтой: «Дæ лулæ цы фæцис, нæ йæ базыдтай, хорз лæг?» Уый сын загъта: «Нæ, нæ зонын, кæд мын æй сывæллæттæ, мый- йаг, мæнæ дурæй акъуырдтой». Зæбе йын загъта: «Нæ, дæ рын бахæрон, нæ, Дзынга! Уæлæ йæ Абайты Дзоццæ хæснагыл æргæ- рах кодта æмæ дын дæ лулæйы къоппа фæхаста». Иннæ хатт Дзоццæ цуаны уыдис Сæнайы. Уыцы рæстæджы паддзах сцæйцыд Арвыкомы фæндагыл. Уæд Цобыкъаты Глаха Дзоццæйæн загъта: «Дæ сæр мæ бахъуыд, Абайы-фырт! Паддза- хы ссыдмæ мын цыппар дзæбидыры куыд ацæттæ кæнай». Амард- та йын цыппар дзæбидыры æмæ сæ дуры фæйнæфарс æрцарæз- та, цыма удæгас уыдысты, уый хуызæн. Паддзах куы ссыди, уæд æрфысым кодта Цобыкъайы-фыртмæ æмæ йæ афарста: «Уыцы цуанон дын чи у?» Цобыкъайы-фырт ын загъта: «Уый у фæсхохаг, Абайты Дзоццæ, Сыбайы цæрæг». Йæхæдæг æм æрбасидын кодта пад- дзахы цурмæ. Уæд нысан сæвæрдтой. Паддзахæн йæхи хъазахъхъ уыд, æмæ уыдонимæ æхсын байдыдтой. Дзоццæ сæ æмбулын байдыдта æмæ сын фæстаг хатт загъта: «Лæджы сæрмæ хъуамæ рæвдуан фехсæм». Хъазахъхъ сæ ныфс нæ бахастой. Дзоццæ сын загъта: «Уæдæ мын иу лæджы сæрыл сæвæрут рæвдуан». Сæвæрдтой йын иу лæджы сæрыл рæвдуан æртиссæдз сардзины бæрцмæ. Дзоццæ йæ фехста æмæ рæвдуан кæдæмдæр фæхаста. 375
Уæд падцзах систа æмæ йын иу хорз бæх æд саргь, æд идон балæвар кодта. Йæ фæстæ иу хатт, фæззыгон, ног мит æруарыди, æмæ Дзоццæ Ресы коммæ цуаны ацыд. Афтæмæй дыууæ дзæбидыры амардта, кæнæ та цæфæй алыгъди. Дзоццæ цæф дзæбидыры фæстæ куыд фæцæйцыд, афтæ рахаудта æмæ амарди. Тотыраты Дауыт Тотыраты Дауыт Еккаты хæрæфырт уыдис, афтæмæй тынг фыдуаг рацыдис æмæ Къабузты самайын кодта мæсыг чысай- нæгтæн. Йæ уæлхæдзар æмæ йæ къултæн ын сыджыт æрхæссын кодта Хъараты хъæуæй — Тырсыйæ — хæрджытыл, ома фидар сыджыт у, æмæ ма тæдза. Мæсыджы сæрыл арæзт уыд уат æлхын- цъæй. Йæ мæсыгæн æмбæрзæн сырхдур æрласын кодта Ходзæй, фаджысæй сын кодта сыфц. Мæсыг арæзт фæци, æмæ йын йæ хуылфы æфснайд уыд, цæрынæн цы хъуыдис, уый, Йæ фæстæ Дауыт ацыд æмæ Едысы хъугоммæ акасти. Тынг йæ зæрдæмæ фæцыди æмæ загьта: «Ай куынæ байсон, уæд лæг нæ дæн, иу хæдзарæн хорз хай уаид». Бирæ фæрахъуьщы-бахъуыды кодта æмæ сфæнд кодта, зæгьгæ, цæй, Галуанты зæхх байсон, а Едысимæ дзурын зын у. Нармæ йæ хæрæфырттæм арвыста æмæ дзы æфсæдгæ æркодта. Æфсæдты Мацхарайы рагьыл баурæдга. Уыцы дуджы дзуар ратахт æмæ Галуанты тымбыл мæсыджы смидæг и. Æфсæдгæ уый куы федтой, уæд сæ хистæр загьта: «Дауыт йæ мад æмæ йæ фыдæн, цы нæ хъæуы, уый фæкæнæд. Нарæй нæ, фæлæ Сидæмонтæй дæр æркæнæд æфсæдгæ, арвы астæу хур бон нæ сæрты дзуар ратахт, æмæ мах бон ницы у». — Уыйадыл ныппырх сты æфсæдтæ. Дауыт хистмæ никуы цыдис, нæдæр куывдмæ. Иу фæлтæр Уæллаг Ерманы уыдис хæрнæг бæгæныйæ. Дауыт, уый фехъус- гæйæ, йæ саулохаг бæх сифтыгъта æмæ бацыди хистмæ. Адæм ыл тынг фæдис кодтой: «Куыд æрбацыдис ацы хатт Дауыт?» Бадт куы ’рбынæттон ис, уæд Дауыт бæгæныйы куысси райста, акуывта дзы, фæлæ нуазгæ нæ бакодта. Хъоротæй иу æгуыдзæг, æнæсæрæн, Гауыр хуындис. Йæ мад æмæ йæ фыдæн дæр тынг æвзæр митæ кодта, æмæ Дауыт нуазæн уымæ радта, стæй загъта: «Гауыр йæ мад æмæ йæ фыдæн тынг хорз кæй у, уый тыххæй йын ацы нуазæн авæрут». Йæхæдæг куысси радта æмæ йæ саулохагыл абадт æмæ рацыдис Астæуккаг Ерма- ныл. Уым хуымы кæрон сывæллæттæ хуыскъæл къахтой, Дауыт дзы йæхи иуыл ныццавта æмæ йæ раскъæфта. Адæм æй фæстейæ расырдтой бæхтыл. Фæдисонтæй йæ чидæр топпæй фехста, æмæ Дауыты бæхæн нæмыг йæ рудтармыл сæмбæлд. Дауыт нæдæр бæхы, нæдæр лæппуйы ныууагъта, — Къабузтæм сæ æркодта, стæй 376
уым йæ бæх амард. Лæппу уыд Фæрниатæй, æмæ йæ Дауыт ауæй кодта фæсæфцæг Иры. Фæрниатæн сæ бон нæ баци сæ туг рай- сын, æмæ сын Дауыт лæппуйы ныхмæ фидтонтæ радта. Ходзы цæрæг Тотыратæм иу Ахлæу хуындис, тынг цæрæг æмæ хъæздыг лæг. Уыцы Ахлæумæ æвзаг кодтой Фæрниатæ: «Кæд ма нæ ды фервæзын кæнай Дауытæн, кæннод нæ уый æвыдæй нал ныууадздзæн цæрын». Уæд Ахлæу фæдфæливынæн Чысанмæ ацы- дис æмæ уырдыгæй æмæхсæвæджы йемæ ракодта æртæ лæджы æмæ Дауыты мæсыг æхсæвыгон байста. Йæ хуылфмæ бахызтыс- ты æмæ дзы æрцардысты. Сæумæрайсом Дауыты ус Тогьуыйан æддæмæ рацыд æмæ федта: сæ мæсыг сын æд фæллæйттæ чидæр байста. Фæстæмæ фездæхт хæдзармæ æмæ йæ лæгæн рахабар кодга: «Нæ лæг, дæ мæсыг дын чидæр байста, йæ дуæрттæ фидар æхгæд сты». Дауыт уый фе- хъусгæйæ загъта: «Уæдæ ныр фæхудинаг дæн, гъе!» Æмæ цы бакæ- на, ууыл хъуыды кодта, æрмæст нæ зыдта, мæсыг чи байста, уый. Иу бон Едысмæ рацыд иу æмбалимæ, Хæрæнты онг куы ра- хæццæ, уæд хъæумæ Дауыт йе ’мбалы барвыста Мамиты Бурæмæ æмæ йын ныффæдзæхста: «Мамиты Бурæ цæры хъæуы астæу Беджызаты гæнахы, фæцу æмæ мын æй ракæн Къабузтæм». Лæг Едысмæ рацыдис æмæ Бурæйы йемæ ракодта. Бурæ рацыди мæ- сыджы цурмæ æмæ йæм æууæнчы фæрцы бадзырдта: «Бурæ дæн, æмæ мæ бауадз дæхимæ ныхасмæ». Ахлæу Бурæйы бауагъта, æмæ йын уый фæдзырдта: «Цæмæн тых кæныс де ’рвадæн», — зæгъгæ. Фæлæ йæм Ахлæу нæ байхъуыста, æмæ Бурæ мæсыгæй рацыди. Дауытмæ бацыдис, æмæ йæ Дауыт афарста, чи у, уымæй. Бурæ загьта: «Де ’рвад Ахлæу у, фæлæ нæ комы æддæмæ, мæсыджы къулмæ бады, царв æмæ цыхт хæры, фæлæ æз Хæрæнты зæнгмæ куы ахæццæ уон, уæд — дæ хъару æмæ дæхæдæг». Бурæ ацыд. Хæрæнты зæнгæй куы ахызт, уæд Дауыт æрхуы нæмгуытæ дыууæ нывæрдта йæ хъримаджы æмæ йæ фехста. Нæ- мгуытæ дуар батыдтой, лæджы риуæй чъылдымырдæм ахызтыс- ты æмæ ма мæсыджы дуарæй дæр къæртт фелвæстой, фæлæ йе ’мбæлтгæ ницы сдзырдтой. Дауыт нæ базыдта, лæг амард æви нæ. Ахлæуы хо Галуанты ус уыдис. Дауыт æм сæрвыста: «Æрцу, мæнæ де ’фсымæрæн дон уæдцæр бадæтт, æндæра куы амæла, уæд мыггагæй-мыггагмæ фидиссаг кæнынц». Ахлæуы хо æрцыд сæрсæргæнгæйæ, йæ ’рхуы æгънæджытæ æрттывдтытæ кодтой, Мæсыджы дуар бакодта æмæ йе ’фсымæры мардæй куы федта, уæд йæ кæуын ссыди, йæхиуыл балæууыд. Дауыт уый куы ба- зыдта, ай Ахлæу амардис, уæд фырцинæй ахсæны къæрис рас- къæфта царæй, артыл æй авæрдта æмæ йæ ахордта. Ахлæуы хо Ходзмæ сæрвыста: «Уе ’фсымæры уын Дауыт амард- та, æмæ йын йæ мардæн исты хос скæнут». Уæллаг Тотыратæ æрæрвыстой Дауытмæ: «Ахлæуы мард нын ратт». Дауыт загъта: 377
«Мæ зæппадзы дуармæ æрлæсут гал æмæ фыр, нуæзт, цы хъæуы, уый. Зæппадзы къултыл гауызтæ байтаут, хист скæнут æмæ уæ марды аласут, кæннод æй доны баппардзынæн». Ходзы Тотыратæн гæнæн нал уыди, сæххæст кодтой Дауыты ныхас æмæ сæ марды аластой. Фырмæстæй йæ хъæумæ дæр нал баластой, фæлæ йæ æд æрчъитæ зæнгыл чъылдымырдæм баны- гæдтой æнæ хистæй. Йæ фæстæ Дауыт амард. Йæ мæсыг дзæгъæл баззад. Чысай- нæгтæ ацыдысты. Дауыты мæсыгæн ма ныр дæр йæ бинаг хай лæууы, иннæ йын Солтан — Дауыты фырты фырты фырт — ныккалдта æмæ дзы хæдзар сарæзта. Йæ хъæдæрмæг та йын Хо- дзы Тотыраты ’хсæн цæрæг Джеллыты Года ауæй кодта. Тотыраты Уариган Уариган фыдлæг уыди. Царди Къабузты. Йæхицæн мæсыг дæр уыди, мæсыджы алыварс та стыр галуан. Афтæмæй Ходзы Гогонтæ цардысты. Уыдон Уариганæн йæ цагъартæ уыдысты æмæ йын алы кусарты рæстæджы сæр, бæрзæй, уон æмæ сины хай хастой. Гогонты фæсивæд схъомыл сты æмæ Уариганæн ницыуал ха- стой. Гогонты хæссинæгтæй Уариганы æфсымæр Дауыт дæр хай- джын уыд, æмæ Уариганы хабар Дауытыл дæр сæмбæлд: уымæн дæр ницыуал хастой. Уæд Уариган йе ’фсымæр Дауытæн загъта: — Цæй, ныццæгъдæм сæ, кæннод нын ницыуал хæссынц. Дауыт загъта: — Æмæ сæ куыд ныццæгъдæм? — Куывдтæ скæнæм æмæ сæ æрсайæм. Стæй куывдтæ скодтой. Дыууæ æфсымæрмæ дæр бæгæны уыд, æмæ сæ æрсайдтой. Дыууæйы дзы Уариган бакодта сæ хæдзармæ, дыууæйы та — Дауыт. Дауыт загъта Уариганæн: — Топпы хъæр куы фæцæуа, уæд сæм æз дæр æвналдзынæн. — Стæй сæм нуазæнтæ радтой, æмæ Уариган Гогоны-фырттæй иуы фехста топпæй, иннæйы та хъамайæ фæрæхуыста. Уый ма йæ тæвдæй донмæ æрызгъордта, æвзист дзаума йыл уыди æмæ сæ доны баппæрста, стæй доны был æрхауд æмæ амард. Уæд Дауыты хæрæфырттæ, Гогойты Цинкъæл æмæ Хъессаты Байыр та амардтой, Дауыттæм цы дыууæ уазæджы уыд Гогонтæй, уыдон. Гогоны-фырттæ уыдысты: Раг, Расун, Росур æмæ Ахлæу. Уыцы рæстæджы Ходзæн сæ куырæйттæ Къабузты уыдысты. Гогонтæн сæ хæрæфырт Мæхъиты Тотырбег Ходзы уыд, фæ- тарст æмæ мæсыджы хуылфы бамбæхст, йæхиуыл дуар сæхгæд- та. Йæ фæстæ Уариган æмæ Дауыт ссыдысты Гогонты фæллой хæссынмæ. Дауытæн иу лæппу уыд, астаздзыд, æмæ уый дæр семæ. Лæппу къонайыл æрбадт. 378
Уыцы рæстæджы йæ мыггаджы чи фæцагътаид, уый хъуамæ фесæфтаиккой. Куырттатæ1 æрдхорд уыдысты Гогонтæн, æрбафсад кодтой æмæ фæдисы ссыдысты Гогонты хæдзармæ. Гæбынатæй иу, Пранк, зæгъгæ, хъуымаг2 дурыл авæрдта, фех- ста, æмæ Уариганы лæппу фæмард. Уæд райхъуыст, Пранк лæп- пуйы амардта, зæгъгæ. Пранк йæ мады ’рвадæлтæм, Рæмонатæм, Сланты хъæу Брытъатмæ алыгъд æд бинонтæ. Уым фæцард, фæлæ йын гæнæн нал уыд æмæ Тотыратæм сæрвыста: «Ме ’фсымæры уын дæттын тугмæ, ноджы æртиссæдз хъуджы, æмæ мæ ныууадзут». Ууыл Тотыратæ сразы сты æмæ Кæфойауы йæ разы бабадты- сты. Уалынмæ лæппу мæзæрæу хæргæ æрбацыд. Тотыратæ йæм æргæпп кодтой æмæ йæ амардтой. Æртиссæдз хъуджы дæр ра- кодтой. Уый фæстæ сæ адæм бафидауын кодтой дыууæ мыгга- джы. Пранк туджы фынг скодта Тотыратæн, аргæвста дыууæ галы, иу хъуг æмæ фондз фыры, æмæ бафидыдтой. Тыбылаты Майор æмæ Сланты Дриго Раджы заманы уыдис æлдар æмæ адæмы æлхæнгæ дæр кодта æмæ хæсмæ дæр иста, Тыбылатæй иу Майор уыд, Ерманы хъæуы царди, фæлæ — мæгуыр лæг — æмæ æлдарæн йæ хæс нæ бафыста. Уыйадыл æй æлдар ракодта. Брытъатмæ йæ æркодта. Слантæй иу æнæзæнæг лæг Ростъом уыд, иунæгæй цард - уый йæ балхæдта. Æлдарæн радта хорз бæх, лæг та Ростъоммæ баззад. Майор Ростъоммæ фæцарди цалдæр азы. Ус ын ракуырдтой, æмæ куы фæзæнæгджын ис, уæд байуæрста æмæ царди хицæнæй. Слантæй иу Дриго хуындис, уый иу бон фæхыл ис Майоримæ, хыл загъд расайдта. Дриго йæм хъама фелвæста æмæ Майоры агъд ахауын кодта, раст фистоны онг хъама атъыста Майоры агъды. Лæг фæрынчын æмæ æруатон. Уæд ирон дæснытæ агъдыл сарат1 ныккодтой, хъæдгом дзæбæхы бæсты хæрам ахаста, цæф тынг срæ- сыд, æмæ лæг амарди. Дриго йæхицæн цæргæйæ баззад. Майорæн йæ фæстæ баззад дыууæ лæппуйы — Максим æмæ Цикка. Слантæ дыууæ лæппуйæн туг бафыстой, ставд æмæ лыс- тæг фосæй æстдæсгай сæры, æхца æртæ хатты æстдæс æмæ хуым- зæхх, уыимæ сæрвæт æд уыгæрдæнтæ, æмæ бафидыдтой. Максим æмæ Цикка дæр сбинонтæджын сты, сæхи Сланты мыггагыл ныффыстой æмæ уæдæй фæстæмæ æрвадиуæджы зæрдæ хæссын байдыдтой Слантимæ. Максим æмæ Циккайы цæуæт æмæ уыдон цæуæт абон дæр ма цæрынц Брытъаты. 379
Цæлхъости Гуйман Цæлхъости Гуйман адтæй мæгур хуæнхаг дигорон лæг. Æма, зæгъуй, дууæ сау гали имæ адтæй, æма уонæбæл будурмæ нарти- хуар ласунмæ рацудæй, мæнæ Микъалай дзаман ку адтæй, гъе уæд еци рæстæги, устур тугьдæй раздæр. Æма фæстæмæ цæунбæл сагьæс кæнун райдæдта, кæбæлти цæуон, зæгъгæ. Ахсинтти ком- бæл имæ уæд æгæр идард кастæй, уæлæти, Сурхбæл бабæй еци сахат абæргутæ ахид адтæй, æма æ нифс нæ хаста, мæ галтæ мин ку байсонцæ, зæгъгæ. Нур æ зари дæр уæхæн æфтуд ес: Дошети цæуон, æма идард ку æй. Уæлæти цæуон, æма тæссаг ку æй! Гъе уæдта, зæгъуй, цæй, ци рауайа, уой рауайæд, зæгьгæ, ’ма рацудæй æма, зæгъуй, Цъифгунмæ ку схъæрдтæй, уæдта ибæл дууадæс бæхгин абæргутæ æрбагъазтæ. — Дæ фæндаг раст, зæронд лæг. — Уæ гъудцаг раст, — зæгъгæ, сæмæ дзоруй Гуйман дæр. — Кумæ цæуис изæригон, зæронд лæг, — зæгъгæ ’й фæрсунцæ. Гуйман ба син загъта, мæнæ мæ сабийтæ æстонгæй ниууагъ- тон æма уонæн еу нартихуари къохидзаг ласун, зæгьгæ. — Дæ сабийтæ бал æнæхуæргæй дæр багæдзæ кæндзæнæнцæ, фал а галтæ ба мах гъæунцæ, æма сæ исуæгьдæ кæнæ. — Йарæбин, мæгур лæг ку дæн, мæ сабийтæ ба аци дууæ галей фæрци ку дарун æма, уони сумах ку райсайтæ, уæд ма сæ цæмæй фæддардзæнæн? — Уобæл ба ма гузавæ кæнæ, зæронд лæг. Ани ци гъоццитæ низзадæй, етæ бабæй низзайдзæнæнцæ. Æма етæ ку сгалтæ уонцæ, уæд син уонæбæл ласдзæнæ. — Йарæбин æллах, ку неци гæнæг уин дæн, цæмæ мин тухæ кæнетæ, рамæуадзетæ, æз ба мæ над дарон, - зæгьгæ, син лигъстæ кæнуй Гуйман, фал кæми, уомæ дин игъустонцæ? — Зæронд дигорон гьæла, берæ мабал дзорæ, мах уой бæрцæ нæ евдæлуй, фал тагъд дууæ гали фæууæгьдæ кæнæ, кæд ма дæ цæрун фæндуй, уæд, - зæгъгæ, ибæл нигъгъæртæ кодтонцæ. — Цæй, Хуцау уин ма бакомæд, райсетæ сæ. Уæгъдæ дæр сæ уæхуæдтæ искæнетæ, æз ба уин сæ не суæгъдæ кæндзæнæн, маргæ мæ ку кæнайтæ, уæдцæр. Бæхгинтæй сæ еу хъамайæй тæвингбæстæ фæллух кодта, æма галтæ сæ разæй фæккодтонцæ, уотемæй дин фæццæунцæ. Гуйман дæр, зæгъуй, æ меднимæр загьта: «Мадта æз мæ фидæн лæхъуæнæн нæ райгурдтæн, сумах уони æнæ мæн рамаргæ ку фæттæрайтæ, уæд». Æма, зæгъуй, ку фæййаууон æнцæ, уæдта имæ еу хъазайхаг еуæхстон адтæй, æноси дæр æй уæрдуни гуфи буни римæхстæй даридæ. Æма ’й уордæггæй фелваста, уотемæй сæ фæсте уайун байдæдта æма син еу рауæн еу унгæги сæ раз байахæста æма сæмæ 380
еу устур æнсари аууонæй æрфæтдзонæ кодта. Æма ймæ ку ’рба- хъæрдтæнцæ, уæдта сæ уордæгæй гæрæхтæ кæнун райдæдта. Æх- уæдæг ба уотæ растдзæф адтæй, ’æма йе ’хститæй еунæг дæр дзæ- гъæл нæ кодта. Уотемæй сæ, зæгъуй, хуарз ратæнæг кодта. Гъе уæдта имæ, зæгъуй, гьæр кæнун райдæдтонцæ: - Циуавæр дæ, Хуцау дин нæййес, уæддæр ма ни муггаг ниууадзæ! Е ба сæмæ, зæгьуй, фæстæмæ нигыъæр кодга: — Цæбæл гузавæ кæнетæ, сумах ци маддæлтæ низзадæй, етæ бабæй никки дæр сумах хузæн лæхъуæнтæ низзайдзæнæнцæ. — Гъе- ма ’й, зæгьуй, уæд базудгонцæ, ке галтæ ци зæронд лæгæн рай- стонцæ, е ке адтæй, уой. Уотемæй сæ, зæгъуй, уоми бундзагъд никкодта; еу ма си бай- задæй, æма, уомæн ба йæ цонг раморæ кодта, уотемæй æй ра- уагъта, хабар фегьосун кæнæ, зæгъгæ. Гъе уотемæй æ дууæ гали фæстæмæ райста æма æ хæдзарæмæ исфардæг æй. Æ зари ма уæхæн æфтуд ес: Тæгæйрон фиййау сино искодта: — Рохсаг æрбауай, минкьий Гуйман, Дигори муггагæн ци нон искодтай! Болайы хабæрттæ Хъобан сфæнд кодтой Болайы тых бавзарын. Бавдæлдысты æмæ иу бæлас æркъæдз кодтой æмæ йыл хосы мæкъуыл самад- той. Бола та хос ласта. Бацыд мæкъуылмæ, бæндæнæй йæ æрæл- вæстытæ кодта æмæ йыл рахæцыд, галтæм æй баввахс кæнон, зæгъгæ. Фæлæ мæкъуыл йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Уæд æй тых- джындæр рариуыгъта, æмæ бæндæн атыдта. Фæмæсты Бола æмæ ногæй бæндæнæй мæкъуыл атыхта æмæ йæ йæ тых-йæ бонæй срæмыгъта... Уæд ауыдта бæласы æд бындзæфхад рæмыгъдæй æмæ бахудт: бамбæрста йæ сыхæгты хин. Иу хатт Бола фæцæйцыд бричкæйы дард балцы. Уæдæ мæ бæхтæ баулæфой, зæгъгæ, фæндаггæрон сæ иу донбыл суагьта, йæхæдæг бричкæйы бын аууоны æрхуыссыд æмæ афынæй. Бæхтæ хизгæ-хизын нартхоры хуымтæм баирвæзтысты. Уыцы заман хъазахъхъæггæ бæхтыл фæцæйцыдысты æмæ бæхты нарт- хæртты ауыдтой. Ай нын нæ хуымтæ чи сафы, зæгыæ, уайтагъд базылдтой бричкæйырдæм. Куы ауыдтой, бричкæйы бын чи хуыс- сыд, уый, уæд ыл схъæртæ кодтой æмæ бæхтæй æрхызтысты, ома ехсытæй йæ æрнæмæм. Бола сæ хъæртæм цырд фестад: ай цы хабар æрцыд, зæгъгæ. Фæлæ æрдæгфынæй лæгæй айрох, брич- кæйы бын уыд, уый æмæ йæ йæ уæнтыл систа, æмæ зæххыл йæ цæлхъ фæцыд. Хъазахъхъæгтæ уый куы ауыдтой, уæд дзургæ дæр нал, фæлæ сæ бæхты æрхостой æмæ фæпырх сты. Бола дæр йæ сæр аныхта, йæ бæхтæ сифтыгъта æмæ йæ фæндагыл афардæг.
КУЫРЫХОН ЛÆГТЫ ТАУРÆГЪТÆ Санаты Сем Лæцы хъæуы1 царди ус æмæ лæг Санатæй. Ус æмæ лæгæн лæппу райгуырди æмæ куы рахъомыл, уæд ын ус æрхастой. Лæп- пуйæн æхсæз азмæ æхсæз райгуырди, фæлæ æхсæзæй иу дæр нæ фæцарди, куы-иу райгуырдысты, уæд сæ хъæлæсæй зынджытæ хаудта, æмæ-иу сыл æвгъæды бадæг устытæ куы бадис кодтой, уæд-иу сæ кой дæр нал фæзынд. Æвдæм фæлтæр та лæппуйæн йæ ус йæхи бар нæ уыд, æмæ йæ афон куы ’рцыд, уæд сæм фæзынди иу амондджын уазæг æмæ сæ фæрсы: — Цæуыл æнкъард стут, мæ уарзон адæм? Кæд уын, мыййаг, ме ’рцыд хъыг уыд, уæд æз æндæр ран дæр бафысым кæндзынæн. Уыдон загътой: — Мах де ’рцыдыл хъыг нæ кæнæм, фæлæ иу æнамонды бын бахаудтам æмæ уый тыххæй хъыг кæнæм. Чындз æрхастам, æмæ ныл зæнæг нæ хæцы. Сывæллон нын куы райгуыры, уæд йæ хъæлæсæй зынджытæ хауы, стæй фæтар вæййы. Уыцы рæстæджы чындз схъæрзыдта. Уæд уазæг æфсинмæ фæдзурын кодта. Æфсин æм æрбацыд. Уазæг æй фæрсы: — Куыд у дæ фæсвæд бадæджы хабар? — Гуыргæ йын ракæндзæн, фæлæ та йæ гуырд цы фæуыдзæн, уымæн цы бæрæг и? — Тагъд мын хуыйы сой ссарут. Хуыйы сой йын æрбахастой. Уазæг хуыйы сой схъарм кодта æмæ загъта æфсинæн: — Æ уыцы хуыйы сойæ сæрдут сывæллоны, куыд хицæн кæна гуыбынæй, афтæ, æмæ нал фæдæлдзæхх уыдзæн. Иннæ æхсæз дæр хуыйы сойæ сæрст куы ’рцыдаиккой, уæд сæм хæйрæджытæ нæ бауæвдыдаиккой. Сывæллон куы райгуырд, уæд æй хуыйы сойæ байсæрстой, 382
æмæ нал фæдæлдзæхх. Уæд æфсин уазæгмæ бацыд æмæ йын цин- гæнгæйæ дзуры: — Нæ сывæллон фервæзтис, фæлæ йæ хъæлæсæй уæддæр зын- джытæ хауы æмæ йæ мады дзидзитæ судзы. — Истæм дзы радуц мады ’хсырæй æмæ йæ сывæллоны хъуы- ры ауадзут, стæй йын ницыуал уыдзæн, æрсабыр уыдзæн йæ тæвдæй. Сывæллонæн йæ хъуыры æхсыр ауагьтой, æмæ æрсабыр йæ тæвдæй. Уазæг ыл ном сæвæрдта Сем, стæй сæ хæдзармæ ацыд. Сывæллоныл æртæ мæйы куы ацыд, уæд дзыхæй дзурын рай- дыдта. Уалдзыгон изæр бинонтæ фос дуцынмæ ацыдысты. Сывæл- лоны цур баззад зæронд лæг. Уæд лæппу цъæхахст райдыдта: — Басыгъдтæн, фæлæ мæ Лæцы Ныхасмæ ахæссут! Зæронд лæг сывæллоны систа авдæнæй, йæ кæрцы фæдджийы йæ батыхта æмæ йæ Лæцы Ныхасмæ ахаста. Уым дурын бандо- ныл æрбадти. Сывæллон дæр йæ хъæбысы, фæлæ йæ æддæмæ нæ зынын кодта. Лæцы уæлейæ уыд Къорайы хъæу2, уым иу лæг дзыбыр сарæзта æмæ йын йæ гутон фидар кодта. Сем æй базыд- та æмæ йæм кæрцы бынæй хъæр кæны: — Мауал æй цæв, фæды дзыбыр! Лæг йæ цæвын нæ ныууагьта, æмæ афасти дзыбыр. Ныхасы бадæг адæм зæронд лæджы фæрсынц: — Уый дæ хъæбысæй цы дзуры, раргом-ма йæ кæн? Зæронд лæг раргом кодта сывæллоны, Семы. Уæд Сем йæхæ- дæг райдыдта дзурын Ныхасы адæмимæ æмæ сын загъта: — Ацæут æмæ йæ бабæрæг кæнут, кæддæра дзыбыр фаст нæ разынид, кæд уæ нæ уырны, уæд. Ныхасы адæм арвыстой дыууæ лæппуйы бæрæггæнæг, æмæ дзыбыр æцæгдæр фаст разынд. Уæд зæронд лæг Семы йæ кæрцы батыхта æмæ йæ хæдзармæ схаста. Æртæ ’хсæвы æмæ æртæ боны куы рацыд, уæд та сывæллон хъæр кæны авдæнæй: — Басыгъдтæн, фæлæ мæ Лæцы Ныхасмæ ахæссут! Зæронд лæг та йæ Лæцы Ныхасмæ ахаста. Сем та йæхи рар- гом кодта кæрцы бынæй Ныхасы адæммæ æмæ сæм дзуры: — Байхъусут-ма, мæнæ хорз адæм, диссаджы фынтæ федтон æмæ уын сæ радзурон. Дысон куы бафынæй дæн, уæд фыны заинаг гадздзайы сæрты ахызтæн, æмæ мыл йæ гуыбынæй йæ къæбылатæ рæйдтой, йæхæдæг мæм не сыстад. Адæм æй фæрсынц: — Уый цæмæ цæуы, уый-ма нын зæгъ, Сем? — Уый уымæ цæуы, æмæ ахæм рæстæг скæндзæн, æмæ кæс- тæр хистæрæн зонд амондзæн. Уый фæстæ Сем йæ дыккаг фын дæр радзырдта адæмæн. 383
— Сæрак æмæ хуыдзарм бырыдысты бæласыл. Хуыдзарм йæ цъупмæ ссыди бæласæн, сæрак та йе ’мбисæй рахаудта. — Уый та цы уыдзæн, Сем? — Уый та уый нысан кæны, æмæ сау æмæ уæздан нал уыдзæн. Адæм æмхуызон суыдзысты. Ахæм рæстæг скæндзæн, æмæ адæмы тых нал уыдзæн, фæлæ хæхты хуынчъытæ кæндзысты, арвы уæрæхы тæхдзысты æмæ хæдтулгæ уæрдæтты бадцзысты. Бæсты фæстаг тъæпæнсæрты кæндзæни æмæ уыдонимæ цæрын хъæудзæн. Уый фæстæ Сем куы рахъомыл, уæд дыууадæс æмбалимæ ра- цыдысты бæстæ уынæг. Иу ран быдыры фыййау фос æрбаскъæ- ры. Уыдон æй æрбаййæфтой æмæ йын загътой: — Дæ фос бирæ уа, фыййау! — Хорз уæ хай, уазджытæ. Фысым уын дæн, ацæут уал уæлæ хъæумæ, æз дæр уæ феййафын. Уæд фосы фæстæ иу мæллæг уæрыкк баззад, æмæ йæм йæ мад уасы: «Цæуылнæ мæ æййафыс, ацы фосæй æз цæрдæгдæр куы дæн æмæ дын дзидзи дæр фылдæр куы дарын?» - «Бæргæ фæразин, фæлæ, ацы фосы цы амонд ис, уый мæ къæдзилы ис, æмæ йæ нæ фæразын». Сем фыс æмæ уæрыччы ныхæстæ бамбæрста æмæ йе ’мбæлт- тимæ фыййауы хæдзары æрфысым кодта. Фыййау иу стыр фыр æрбакодта кусæрттаг, фæлæ йæ Сем нæ бауагъта æргæвдын. Уый загъта фыййауæн: — Кæд гæнæн нал ис, уæд, абон фосы фæстæ цы уæрыкк баззад, гъе уый нын аргæвд. — Æмæ уый къаннæг у, æмæ йæ мæ цæсгом нæ хъæцы. Фæстагмæ фыййау сразы. Уæрыкк æрбакодта, æмæ йæ Сем йæхимæ байста, æз, дам, æй аргæвдон. Сем артæвста уæрыччы æмæ йын йæ туг астæуккаг цæ- джындзмæ ауагьта. Фыййау æй фæрсы: — Цæджындзмæ туг цæмæн ауагътай? — Дæ фосы амонд ацы уæрыччы уыди æмæ ныр цæджындзы баззайдзæн. Стæй Сем стыр аг æрхаста æмæ йæ уым нывæрдта кусарты. Кусарт ахæм карст скодта, æмæ аг байдзаг и. Æхсæвы сын хæрд нæ фæци. Райсомы та сæ фысым хорз куы федта, уæд рацыдыс- ты уазджытæ сæ фæндагыл. Стыр хохæн3 йæ сæрмæ куы схæццæ сты, уæд дыууæ сынты уасыди кæрæдзимæ: «Андыйаты Андийы бæх стыр хохæй ахауд, æмæ йын цом йæ цæстытæ скъахæм». Сынтытæ цы дзырдтой, уый Сем бамбæрста æмæ йæ йе ’мбæлттæн дзырдта, фæлæ уыдон нæ бауырныдта. Уæд сын Сем загъта: — Ацæут æмæ йын дыууæ сынты кæд йæ уæлæ нæ баййафат бæхы мардæн, уæд уын хæснаг фидын. Рацыдысты дыууæйæ æмæ бæхы мардыл, æцæгдæр, дыууæ 384
сынты баййæфтой. Стæй сæ бауырныдта, Сем маргъы ’взагæй кæй зоны, уый. Уырдыгæй рацыдысты æмæ Хъæлласæны хохыл4 рахызтысты Урстуалтырдæм. Уым зæхх куы никуы федтой, уæд та фæстæмæ аздæхтысты фæсхохмæ. Санаты Семы æмбисæндтæ Санаты Семы æмхæрæфырт Къабузты царди. Йæ ном — Уарихъан. Санаты Сем фæсхохæй рацыд æмæ Челиатыл æрхыз- тис Едысмæ. Акастис, æмæ бæстæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Санаты Сем загъта: «Ацы бæстæ алцæмæй дæр æххæст у, фæлæ дзы сылгоймаджы хъæлæба нæ цæуы, æмæ дзы бæркад никуы уыдзæн». Æцæгдæр, Едысы бæркад сæфт у. * * * Санаты Сем Къабузтæм куы ’рцыд, уæд йе ’мхæрæфырт Уарихъан мусы най кодта. Тынг хорз бон уыди. Арвыл иу мигъы къæм нæ уыди. Санаты Семæн къæлæтджын рахастой æмæ йæ æрбадын кодтой. Сем загъта: — Уарихъан, дæ най бафснай, кæннод дын æй къæвда фесаф- дзæн. Уый йын загъта: ~ Ау, æмæ арвыл мигъы къæм куынæ ис, уæд цæй къæвдатæ кæныс? — Æз дын афтæ зæгъын, æмæ дæ бар дæхи, — загъта Сем. Уалынмæ къæвда ныццавта æмæ най былмæ акалдта. Уарихъан æрфарста Санаты Семы: — Гъе, ме ’мхæрæфырт, цы таурæгъ дæм ис? Санаты Сем загъта: — Æз кæсгон æлдармæ уыдтæн æмæ иу хъуыддагæй фæрæ- дыдтæн. Къамбец æрбацæйцыд, æмæ æз загътон: — Ацы къамбецæн йæ гуыбыны рæуæд ис, æмæ уыцы рæуæ- дæн йæ ныхыл, йæ дыууæ сыкъайы æхсæн, урс тæпп ис. Æлдар мын загъта: — Сем, ды фæрæдыдтæ. Уыцы рæуæдæн йæ дымæджы кæрон урс у, æмæ урс уымæй у. — Схæснаг кодтам. Къамбецы аргæв- стой, æмæ йæ гуыбыны ахæм разынди: йæ дымæджы кæрон урс, йæ ныхыл æвæрдæй. Æлдар мæ æмбылдта. Санаты Сем иу аргъуанмæ бацыди. Аргъуан адæмæй йедзаг уыди. Сем загъта: 25 Ирон таурæгьтæ 385
— Ацы аргъуан кæлдзæн, æмæ сæфдзыстут. Адæм загътой: — Ацы лæг сайды фæци, цытæ дзуры? — Уалынмæ аргъуан нытыъæнг ласта æмæ ныккалди. Адæм фесæфтысты. Санаты Семы хабæрттæ Вариант Адæмон таурæгъмæ гæсгæ, Санаты Сем райгуырд 200 азы размæ Захъагомы, Санаты хъæуы. Йæ фыды ном хуынд Бердыхъ, уыди Санахъоты хæрæфырт. Иннæ адæмон таурæгъмæ гæсгæ та, цар- ди æмæ амарди Уæллаг Хъæнийы. Стыр зондджын адæймагыл нымад уыд Сем, уыди мæлгъæв- заг, адæмы уарзон. Адаемы уырныдта, цы зæгъа, уымæн æнæр- цæугæ нæй, зæгьгæ. Бирæ таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ базыр- джын ныхæстæ баззад Семæй: «Уд дзы нæ уыдзæн, афтæмæй зæххыл лæсдзæн тагъд æмæ ласдзæн хæхтæ æмæ бæстæ». «Æндахы хуызæн уыдзæн къæцæлтыл æмæ дзырд хæсдзæн, цы йæ хондзысты, уый нæ зонын». «Голлаг æмæ хызын уыдзысты æмбартæ». «Бæсты фæстаг уыдзæн дон æмæ Уырысы». «Хохы фæстаг суыдзæн быдираг». «Лæппу - дзураг æмæ чызг — æфсины рæстæг æрцæудзæн». «Куыдз-гадздза æнцад хуыссы, къæбылатæ йæ хуылфæй рæ- йынц, хъусы сæм, йæхæдæг æнцад хуыссы». «Ахæм фæлтæр уыдзæн, æмæ адæймаг базырджынæй тæхдзæн». «Хæдтулгæ уæрдон уыдзæн». Сем Захъхъайæ Куырттаты коммæ ралыгъд, рагъыл æрæнцад æмæ загьта: — Иннæ майрæмбоны Захъайы аргъуанæн йæ кæлæн бон, мæнæн та мæ мæлæн бон. — Æмæ, дам, æцæг афтæ æрцыд. Сем дзырдта адæмæн: — Хуыдзарм æрчъи æмæ сæрак дзабыр быцæу кодтой, бæла- сы сæрмæ чи схиздзæн, зæгъгæ. Æрчъи бæласы сæрмæ сбырыд, сæрак дзабыр дæр æмбисмæ сбырыд, стæй фæстæмæ рахаудта. ~ Адд Гæналы гæныстон, æстæм Гæнал ривæддон, — зæгьгæ, дзыр- дга Сем, æмæ æцæг афтæ æрцыд: Гæналгомы дæллаг Хъæнийы ба- комкоммæ царди аст Гæналы - хъæутæ. Майлийы цьити сыл ракалд суанг комы райдайæнмæ, æмæ авд Гæналы фесæфтысты, æстæм Гæ- налы цæрджьпæ алыгъдысты алырдæм æмæ сæ хъæуы бынат ривæд- донæй баззад. Гæналы хъæуты хъæууæтгæ ныр дæр ма бæрæг сты. Сем дзырдта: — Куыдфæстагмæ зымæг æмæ сæрд сæмхæццæ уыдзысты. 386
Сем дзырдта йе ’мбæлттæм: — Уæлæ уыцы халон цы дзуры, уый зонут? Уый дзырдта: «Калакдзауæн йæ бæх амард, æмæ цомут æмæ йын йæ бæхы цæ- стытæ скьахæм». — Гæды дæ, Сем, — зæгъгæ, йын загътой, — цæмæй йæ зоныс ардыгæй уырдæм? Уый сын загъта: — Уæдæ ацæут, æмæ Дайраны был уый афтæ куынæ уа, уæд æз гæды дæн æцæг. Ацыдысты, æмæ, Сем куыд загъта, æцæг афтæ разындис. Санаты Сем, дам, Хуымæллæджы Ныхасы бадти, уыди дзы бирæ адæм. Уалынмæ Æрджынарæгæй дыууæ сынты сцæйтахти, сынтытæй иу лæппындæр, иннæ та хъомылдæр. Фыццаг сынт фæстæмæ дзуры: «Фезмæл: Дзомагъы — дугъ. Барæг фервæзти, номдзыд дугъон бæх фæмард и, йæ цæстытæ халонæн æвгъау сты, фæлæ мах куыд фæуой, афтæ». Сем бамбæрста сынтыты æвзаг æмæ бахудти. Адæм ыл фенæу- уæнк сты, цæуыл худы, зæгъгæ, æмæ йæ нал уагътой. Уæд сын Сем загъта: — Дзомагъы дугъ уыди, номдзыд дугъон бæх фæмард и, ба- рæг фервæзти. Сынтытæ тæхынц уыцы бæхы мардмæ. Дыууæ барæджы арвитут, кæдцæра афтæ нæу. Арвыстой дыууæ барæджы, уыдон ныххæццæ сты Дзомагъмæ. Уым цы барæг фервæзт, уый цæрæнбоны тыххæй гаджидау кæнгæ баййæфтой. Адæм кæм бадтысты, уырдæм дæрддзæфгомау ра- хызтысты. Иу дзы ехсыл йæ худ æрсагъта, кæд сæм исчи ракæ- сид, зæгъгæ. Рацыд сæм дыууæ барæджы. Уыдон сын загътой: — Бадты адæмы хистæр æмæ нæм кæстæр рацæуæнт. — Уыдон сæм рацыдысты. — Уæ бадты хабар нын радзурут, — зæгъгæ, ракуырдтой бар- джытæ. Зæронд лæг рахабар кодта бадты æгъдау. Хъуыддаг уыд, Сем куыд загъта, афтæ. Бафарстой ма барджытæ, бæх кæм амард, уымæй. Лæг сын æй загьта. Уыдон ацыдысты æмæ бæхыл дыууæ сынты бадгæйæ байй- æфтой. Раздæхтысты фæстæмæ, адæмы ма бадгæ æрбаййæфтой. Сæ бæхтæй рахызтысты, адæмæн æгъдау радгой. Хорз сæ бауазæг кодтой æхсæвы, райсомы сын галы агъд, сгуы, хъус æмæ дыууæ кæстæры семæ бафтыдтой æмæ сæ афтæмæй рафæндараст кодтой. Хетæгкаты Гуыба Гуыбайы тыххæй цы таурæгътæ кæнынц, уыдон æцæг сты. Туджджынтæ йæ фæдыл зылдысты, уый-иу йæхи айста Куырт- таты коммæ, Барзыхъæуы1 йын хæлæрттæ уыд, æмæ уыдонмæ, науæд та — Гуырдзымæ. 387
Йæ цæугæ царды æдзухдæр йемæ уыд дыууæтæнон хъисфæн- дыр, хаста йæ сæгъдзарм дзæкъулы хъримаджы фарсмæ. Цæгъдгæ та дзы кодта æрдхæрæны дæсны. Уыцы рæстæджы Барзыхъæу фыдæх хастой Цымытимæ. Агуырдтой фадат, цæмæй сын сæ фос атæрой, фæлæ ницы амал ардтой. Уæд та сæм Гуыба уазæгуаты уыд æмæ сын загъта: — Æз цæуын Цымытимæ. Ныхасы сбаддзынæн. Фæндырæй цæгъдын райдайдзынæн æмæ сын кадджытæ кæндзынæн. Адæм мыл стырæй, чысылæй æрæмбырд уыдзысты. Уыдон мæ цагъдмæ хъусыныл куы фæуой, уæд — уæ хъару ’мæ уæхæдæг. Куыд загъта, афтæ бакодта. Гуыба Цымытийы Ныхасы цæгъды йæ диссаджы фæндырæй, зары йæ рæсугъд хъæлæсæй. Адæм ыл æмбырдтæ кæнынц, æры- хъуыстой йьш йæ аив зардмæ. Æвæдза, Барзыхъæу ныр фос атард- таиккой, афтæ Гуыба йæ цагъд аивта æмæ базарыд: Иудадзыг мæнмæ ма хьусут, Алырдæм дæр-иу акæсут. Цымыти хъуыддаг фембæрстой, акастысты æмæ федтой: сæ рæгъау сын фæтардæуы. Адæм фæдисмæ куыд фесты, афтæ Гуыба йæхи фæтылиф кодта æмæ фæсвæдты æрфардæг йæ фысымтæм. Томайты Созырыхъо Рæсугъд æмæ хъаруджын дыууæ хойы схъомыл Куырттатæм. Рæстæг цыд, фæлæ нырма хистæр хо дæр мойаг нæма равзæрста йæ бирæ курджытæй. Иу бон куы уыд, уæд рукъаг мæгуыр лæппу Томайты Созырыхъо дæр араст йæ хистæр хæларимæ дард балцы - Куыртгатæм усгур. Ныххæццæ сты, уæдæ цы уыдаид. Чъызгæ бацыдысты фæр- ныджы хæдзармæ: усгурæн иуæй йæ фæлыст нæ бæззыд, иннæ- мæй - уындцух. Фæлæ йæ зылын цæстытæ алцыдæр фиппайд- той: хæдзармæ фæцæйхизгæйæ, ауыдта уаты дуары зыхъхъырæй алыхуызон фæндыртæ къулыл ауыгьдæй. Уыцы ’хсæв ма фысымтæм Созырыхъо æмæ йе ’мбалы йед- дæмæ уыд ноджы аст усгуры æд хатджытæ. Рукъæгтимæ æдæп- пæт æстдæс баисты. Чызджытæ сæ цæст ахастой усгуртыл, уæдæ цы уыдаид, æмæ Созырыхъо йæ ныфс кæй æрбахаста, ууыл смæсты сты: — Ацы зылындзаст сæмпæрчъимæ ничи кæсы, куыд æрбаф- сæрста йе смаггæнаг æрчъиты! Созырыхъо иннæтимæ не ’рбадт, фæлæ къонайы былыл, да- рæн хъæды цур, цы хъилдур вæййы, ууыл æрбадт. Фысым хъисын фæндырæй ацагъта æмæ йæ уазджытæм алæ- вæрдта. Чи зыдта, уыдон ыл чысылтæ ахъинцхъинц кодтой. Со- 388
зырыхъомæ йæ дæтгæ дæр нæ кодтой, цалынмæ йæм æй йе ’мбал радта, уæдмæ. Уалынмæ йыл уый ахæм цагъд ныккодта, æмæ алкæмæй рох дæр фæци, цæмæ ’рбацыд, уый, æрмæст джихæй кастысты зы- лындзаст фæндырдзæгьдæгмæ. Хъазт сцырын. Фæкафыдысты... Созырыхъо дæр æд фæндыр æрзылдтытæ кодта. Ам дæр та сæ нымбылдта. Стæй уæд хъисфæндыр цæджындзыл ацауыгьта. Хатын æм куы райдыдтой, ацæгъд-ма, зæгъгæ, уæд загъта: — Ацæгъдин-ма дыууадæстæнонæй. Чызджытæ уайтагъд дыууадæстæнон раскъæфтой. Фæндыр йæ къухмæ нæма райста Томайы-фырт, афтæ хатыр ракуырдта: — Стыр аипп у, фæлæ хъуамæ мæ къæхтæ ныхсон. - Æрчъитæ феппæрста, къæхтæ ахсадта, фæндыр йæ армæй æрсæрфта, аиф- тыгъта йæ, йæ уæрджыты æхсæн æй акодта, къухмæ райста хъи- сын фæндыр æмæ ныццагъта дыууадæстæноныл къахы æнгуыл- дзтæй, хъисфæндырыл та — къухтæй, йæ зæланг хъæлæсæй ба- хъырныдта. Хæдзарыдзаг адæм бандзыг сты иунæг лæджы æрдхæ- рæны цагьд æмæ зардмæ. Хистæр чызг йæ хойы хъусы адзырдта: — Æз мæ цард æндæр никæимæ сиу кæндзынæн! ...Усгуртæй алчи йæ хæдзармæ фæфардæг. Созырыхъо та æртыккæгæм бон хистæр хойы Рукъмæ рахаста, уый хуызæн нæргæ хæдзарæй йæ мæгуыр къуыммæ. Хъæрмудæй æмзæронд бацис Созырыхъо йæ куырттатаг усимæ. Рацыд сын бирæ зæнæг. Йæ цотæй исчи рахаста йæ фыды кур- диат, уый ничи зоны, æрмæст ын мах зонæм йæ хъайтар фырт Томайты Мæхæмæты. Созырыхъойы ном йæ рæстæджы хъуыст уыд хохæй, быдырæй. Иу ахæмы Рукъмæ бацыд йæ фыртимæ дзауыкоймаг Гасси- тæй иу лæг. Уый загъта: — Кæд мæ дæхæдæг нæ зоныс, Созырыхъо, уæддæр дæ æз бирæ хæттыты федтон фæндырдзæгъдгæ æмæ заргæ. Ацы сывæл- лон тынг йæ хъус дары ахæмтæм, æмæ йын куы бацамонис цæгъ- дын, уæд дын дæ хорздзинад нæ ферох кæнин. — Цæуылнæ, хорз лæг, нæ бахæлæг кæндзынæн, цы зонын, уый, æрмæст мын хъуамæ зæгьай: зиан, Хуыцау бахизæд, фæлæ, зæгъæм, æрцыд, уæд кæдмæ хъуамæ ма райса дæ фырт фæндыр йæ къухмæ? — Æмæ йæ дæхæдæг нæ зоныс? Афæдзæй-афæдзмæ. — Уæдæ, мæ хæлар, афæдз нæ, фæлæ цалынджы зиан уæл- тæрхæг уа, уыцы ’ртæ боны дæр хъуамæ ма ныллæууа йæ цæгь- дынæй. Науæд уымæй фæндырдзæгъдæг нæ рацæудзæн, æмæ ды дæ улупа уæгъды фесафдзынæ, æз та — мæ фыдæбон. Ууыл ахицæн сты дыууæ лæджы. 389
Тиб æмæ Нары быцæу Тиб æмæ Нары ’хсæн æрцыд быцæу. Тиб дзырдтой: «Мах уæздандæр стæм, сымах дæр мах куы ’ркодтам ардæм». Нар дæр дзырдтой: «Мах уæздандæр стæм!» Гъе стæй уыцы быцæу хастой Нармæ. Тибæй хъуьщдаджы фæстæ ацыд лæгтæ Захъамæ æмæ быцæу кæй кодтой, уымæ гæсгæ сæ Нар сæ хидыл цæуын нæ уагътой, нæ хидыл ма цæут, зæгъгæ. Тибы лæгтæн гæнæн куынæуал уыд, уæд доны рахызтысты æмæ загътой: «Фæлæуут, сымах нæ уæ хидыл нæ уадзут? Уæдæ хорз! Мах дæр уæ истæмæй куынæ баха- тæм, уæд уæ афтæ нæ ныууадздзыстæм!» Сæ рихитæ баздыхтой Тиб æмæ алы ран хъаст кодтой: «Афтæ æмæ афтæ, сæ хидыл нæ нæ рауагътой Нар, доныл нæ рахизын кодтой». Сæ хъаст сын, Нар æмæ Тибæн, радтой Джергаты Датъимæ æмæ Томайты Созырыхъомæ, ома уæ уыцы дыууæ лæджы бафи- дауын кæндзысты. Датъи Тибæй уыди, Созырыхъо та - Нарæй. Тæрхоны лæгтæ, доны чи рахызт æмæ сæ хидыл чи нæ рауагъта, уыдонмæ дæр æрсидтысты æмæ сын загътой: — Ныр кæм æрбадæм, тæрхон кæм кæндзыстæм? — Поты фæзы, - сын загътой. Джергайы-фыртæн Поты фæзы йæ къæлæтджын бандон æрæ- вæрдтой, урс нымæт — йæ къæхты бын. Стæй загъта Джергайы- фырт Томайы-фыртæн: — Зæгъыны рад дæу у æмæ зæгъ! Томайы-фырт загъта: — Мæнæн цæй зæгъыны рад ис? Дæ разæй мæнæн дæр мæ быны къæлæтджын бандон куы ’рæвæриккой æмæ урс нымæт мæ къæхты бын, уæд æз дæр даурин, фæлæ ныр цы! Уæддæр та Томайы-фырт загъта: — Нæ, ды зæгъ, мæнмæ ныхасы бар нæма æрцыд! Уæд та йæ бафарста Джергайы-фырт: — Уæдæ уын куыд стæрхон кæнæм? — Дæу куыд фæнды, афтæ, - загъта Томайы-фырт Датъийæн. Бирæ фæныхас кодтой, райсомæй æмбисбонмæ, æмæ уæд Джергайы-фырт загъта: — Уæдæ æз тæрхон кæнын: уæлæ Тибы бæхджынты доны чи рахизын кодта, уыдон сбæрæг кæнæм, чи уыдысты. Нары дыууадæс дзæбæхдæр лæджы, Тибы лæгты доны чи ра- хизын кодта, уыдонмæ фæсидтысты æмæ сын сысджыйы мæ- къуыл Цъесæй1 æрхæссын кодтой Поты фæзмæ, стæй йæ Поты фæзы мусы бафтыдтой æмæ йæ уыцы Нары уæздæттæ банай кодтой сæ къæхтæй, сæ кæрæдзийы къухтыл сæ ныххæцын кодта Джергайы-фырт, афтæмæй. Уыдон бон-изæрмæ сысджыйы мæ- къуыл фæнай кодтой. Гъе стæй сæ, кæрæдзи къухтыл хæцгæ, 390
дыууæрдæм доны æрбацæуын кодта фистæгæй: науæд, дам, къу- лы рахаудзысты нæ найæгтæ. Доны уал, дам, сæ баскъæрæм æмæ сæ сæфтджытæ бауымæл уой, кæннод сын мусы слæгъз сты, æмæ къулы рахаудзысты; стæй сын сæ рыг ахафæм, зæгъгæ, кæннод срыг сты, æмæ сын уисойæ хафтой дыууæрдæм сæ рæгьтæ... Уырдыгæй фæстæмæ Нар, сæ бон куы базыдтой, уæд нал быцæу кодтой Тибмæ. Нар Тибæй тынг тарстысты, æмæ ма сæм сомы уæддæр ахæм баззад: «Уæд Тибы хасты фæуон». Тибы хъæуы цæры: Икъотæ, Багатæ, Кучитæ, Боцитæ, Къадзтæ, Тедетæ, Айлартæ, Гæцойтæ. Уыцы мыггæгтæй ма цæры Дзауы комы, Къуыдары комы, Кучитæй ма Дыгуры дæр цæры. Уым та æрцардысты афтæ: Кучитæй иу лæг ацыд Дыгурмæ æмæ куыста уым фыццаг фыййауæй, стæй та, уый фæстæ аз куы уыди, уæд та хъомгæсæй ныллæууыди, гье стæй уыд куы бæхгæс, куы - зæхгæс. Фæкуыста сæм къорд азты. Гъе стæй бинонтæ дæр æрхаста æмæ сын ноджы кусын байдыдта. Йæ куыстмæ йын цы мызд фыстой, уыдон иууылдæр гæххæттæй фидар кодта. Йæ сæрæн куы фæци, уæд зæхмæ дæр æвналын байдыдта, хуыммæ дæр, æмæ дыгур мæсты байдыдтой: «Уæдæ уый цавæр у? Мæгуыр лæг куы уыди æмæ ныл тых кæнын куы байдыдта!» Тых кæнын сыл байдыдта, гыццыл куы фæфидар, уæд, сæрæй дæр зондджын уыди. Уыдон та мæсты кодтой. Æгæр æй куы тыхсын кодтой æмæ сæ куы бамбæрста, уæдæ мæ адон нал ныууадздзысты, уæд Тибмæ фæхабар кодта йе ’рвадæлтæм: «Мæнæ мæ цæрын нал уадзынц, æддæмæ мæ сурынвæнд скодтой, æмæ цы кæнон?» Ардыгæй йæм не ’рвадæлтæ ацыдысты æмæ дыгуримæ баны- хас кодтой. - Уæдæ æз дзæгьæл куы уыданн, уæд мын сымах хъалон цæ- мæн фыстат, мæнæ уын гæххæттытæ. Уыцы аз мын уый бæрц фыстой, уыцы аз та — мæнæ, æмæ мын сæ уæд цæмæн фыстат? — загъта Кучийы-фырт, Йемæ сæ бон куы ницы уыди, уæд бафидыдтой, уымæн æмæ йын йæ гæххæттытæм гæсгæ сæ бон ницы уыдис. Зæхх дæр ын радтой æмæ алцыдæр. Абон дæр ма уым цæры. Уыцы лæджы ном уыдис Черчела æмæ сæ ныр афтæ хонынц: «Черчелатæ». Кучитæй ма уæлæ Куырттаты хъæуы2 дæр ис, уæртæ Къос- тайыхъæуы дæр. Лабæйы дæр дзы ис, уырдæм дæр раджы алыгъ- дысты. Нæхи Кучиты ’хсæн загъд никуы рауади, фæлæ Кучитæ æмæ æндæр мыггæгты ’хсæн туджджынтæ дæр бирæ æрцыд. Фылдæр уыди туджджынтæ Кучитæ æмæ Икъоты ’хсæн зæххы тыххæй. Тиб дихтæ кæны цалдæр хайыл: Уæллаг Тиб, Боцитæ, Тимцына, Уелта. Къадзтæ, Боцитæ æмæ Икъотæ уыдысты æртæ ’фсымæры, иу 391
мад, иу фыдæй, æмæ ныр æртæ мыггаджы сысты. Уыдон та ра- лыгъдысты Уæлладжыры комæй, Луарæй. Ныртæккæ Тибы цы аст мыггаджы цæры, уыдон рагæй дæр, æз сæ куыд æрæййæфтон æмæ йæ фыдæлтæй дæр куыд фехъуы- стон, афтæмæй цардысты тынг хæларæй, иу бинонтау. Æрмæст иу хатт, раджы заманы, нæ фыдæлтæй куыд фе- хъуыстон, афтæмæй, Икъотæ æмæ Кучиты ’хсæн æрцыди иу мард. Кучитæ амардтой лæг Икъотæй æмæ фæтуджджын сты, стæй бафидыдтой. Уыййедцæмæ сеппæт дæр тынг хæларæй цæрынц. Нæ дон дæр — иу, нæ хъæд дæр - иу, нæ суар дæр — иу, нæ куывд дæр — иу, нæ хист дæр, æрмæст нæ хуымзæхх æмæ уыгæр- дæн зæхх дихтæ кодтой. Мæхæмæты ныхас Нары Абайты хъæу Захъамæ хъæдтæ æрбацæйластой Къасарайæ хид аразынæн, æмæ сын сæ Нар байстой. Абайтæ ма мæсты бæргæ кодтой, фæлæ цы сæ бон уыд! Фæстæмæ Захъамæ афтидæй æрба- фардæг сты. Йæ фæстæ Сыбайæ аластой хъæдтæ æмæ сæ хид сарæзтой. Уыцы заманы Захъайы иу зæронд лæг амард, æмæ йæм Нар усæй, лæгæй мæрддзыгой æрбацыдысты. Цалынмæ Нар мæрд- джынмæ уыдысты, уалынмæ Абайты хъæу хиды хъæдтæ систой æмæ сæ донæн уыцы фарсмæ аппæрстой. Нар усæй, лæгæй сæ хæлæфтæ раластой æмæ ивылд доны ауадысты. Уый фæстæ сыл адæм зарæг скодтой: Уæлæ, дам, фыййæуттæ фæсæлттæ агуырдтой. Нары устытæ æмæ шгтæ æнæ хæшфтæй Захъайы доны кæсæгтæ агуырдтой. Нар мæсты кæнын байдыдтой æмæ æрбафсад кодгой Захъамæ — Абайты хъæумæ, афтæмæй сын сæ галтæ æмæ сæ хъуццытæ фер- гæвстой. Сыбайы Абайтæм уый хъыг æркасти æмæ алæбурдтой се ’рвадæлты сæрыл. Нар сæ æрцахстой æмæ сæ сæхимæ акодтой: уым сæ Поты фæзы найы сифтыгътой æмæ-иу сæ фæстейæ уисæй ныцъцъыкк ластой. Гадз сын къухцæг уыди, Игко та — кæройнаг. Сыбайы Абайтæ ма Нармæ кæм уæндыдысты, фæлæ Рукъмæ ацыдысты æмæ Томайты Мæхæмæтæн загътой: — Нæ адæмы нын Нар æрцахстой, æмæ фæцу æмæ нын сæ ракур. Уæздан лæг дæ, æмæ сæ дæуæн кæд раттиккой. Мæхæмæт йæ бæхыл сбадт æмæ ныццыди Нармæ. Нар ын Поты фæзы къæлæтджын æрæвæрдтой æмæ йæ алыварс æрæм- 392
бырд сты. Мæхæмæт къæлæтджыныл æрбадт, æмæ йæ Нар фæр- сынц: — Цы ’хсызгон хъуьщдагæн æрцыдтæ, Томайы-фырт, истытæ- ма нын радзур? Мæхæмæт сын загъта: — Мæнæн ам, Хетæгкаты ’хсæн, дзырды рад чи дæтты! Хи- стыдзуары бын мын куы æрæвæриккой къæлæтджын, æмæ мæ дæлдæртæ Плитæ æмæ Дзерантæ, Къозонтæ æмæ Деметæ мæ алыварс æд топпытæ куы лæууиккой, дзырды рад мын уæд уаид. Уыййеддæмæ мæнæн ам, Хетæгкаты ’хсæн, дзырды рад чи дæтты? Уæд Нар загътой: — Фæкæ сæ тæккæ, Мæхæмæт, гъе уыцы ныхасмæ сæ мах бауроминаг нал стæм. Мæхæмæт дæр сыстад æмæ сæ йемæ ракодта. Демыраты Кацо Гомеры тыххæй рагон бердзенты бæстæйы быцæу кодтой авд горæты. Демыраты Кацо Гомер нæ уыд, уый тыххæй авд горæты нæ быцæу кодтой, фæлæ Куырттаты комы авд хъæуæй иу нннæ- мæн бар нæ уадзы, Кацо мах у, зæгъгæ. Цы зæгъæн ис, хорзы алчидæр йæхи хоны, æвзæрæй та алчи- дæр арвы талынгты лидзы. Нæ фыдæлтæ дзырдтой: «Кацомæ Хуыцауы комы тæф ис, уыййеддæмæ сыгъдæг зæххон лæг авд хъæлæсæй алы диссæгтæ куыд зоны дзурын». Ацы ныхас æз арæхдæр хъуыстон Гуытъиаты Багкойæ, Гуса- ты Дзабойæ, Хъариаты Аслæнбегæй. Фæлæ Кацойæ цы ’мби- сæндтæ æмæ таурæгътæ баззад, уыдон сыгъдæгдæрæй рахаста Æхполæтты Елдзарыхъо. Иу хатт зæрæдтæ ныхасы бадынц, мах — кæстæртæ — дард- дæр лæууæм æмæ сæм хъусæм. Елдзарыхъо быцæуы бацыд йе ’мгæрттимæ: «Уый Кацойы æмбисонд у, æмæ йæ æндæрырдæм ма аразут, нæ уын бакомдзæн æндæр фæндагыл аразын». Санаты Азджери йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццавта æмæ дис кæн- гæйæ сдзырдта: «Арæби, цымæ уый цавæр Кацо уыдаид, Елдзарыхъо йæ алы зæрдиаг ныхасы дæр уымæй æмбисонд куы хæссы!» Куындыхаты Муссæ уыд хъæздыг æлдар æмæ инæлар. Йæ бирæ зæххытæ æмæ йæ галуан уыдысты ныртæккæйы Рахизфар- сы районы, Раздзоджы хъæуы. Уæд æй хуыдтой Муссæйы хъæу. Сæдæ дæс азы бæрц цæудзæн, Муссæ Цæгат Кавказы адæм- тæй бирæты куы сæрра кодта æмæ Турчы гæвзыкк бæстæйы рæ- сугъд цард ссарыны æфсон хæтæнхуаг æмæ мæгуыргур куы сыс- ты, ууыл. 393
Йæ алыгъдæй чысыл раздæр Муссæйæн амардис йæ кæстæр æфсымæр Дрис. Муссæ йæ галуаны дыууæ уаты сау сахуырста, йæхæдæг сау пæлæз скодта æмæ уыцы сауахуырст бæстыхæйттæй æдцæмæ нал цыд. Хъæргæнæг та арвыста Кавказы цæрæг адæм- тæн се ’лдæрттæм æмæ сæ хъæздгуытæм. Мардмæ раздæр æрцыдысты Заманхъул æмæ Бруты хистæртæ, куыд йе ’мдин адæм, афтæ. Муссæ йæ саударын æмбæхсгæ нæ кодта, æмæ адæм стыр дисы бацыдысты, нæлгоймаг сау куыд дары, зæгьгæ. Хистæртæ, худинагæй тæрсгæйæ, тынг сархайдтой, цæмæй Муссæ адæммæ рацæуа æмæ йæ саударын ныууадза, фæлæ йæм дзуапп нæ разынд, адæммæ дæр нæ рацыд. Уыдон дæр сæ бон куы базыдтой, уæд, нæ Ирыстон худинаг кæны, зæгъгæ, дыууæ барæджы фервыстой Куырттаты коммæ, Демыраты Кацомæ. Барджытæм ракаст Кацо йæхæдæг. Уыдон лæгæй, бæхæй уыдысты тынг фæллад, æмæ зæрондæн цы базонын хъуыд, адон йæ дуармæ æхсызгон хъуыддаджы тыххæй кæй æрхызтысты, уый. Уазджытæй Кацойы ничи зыдта, кæстæртæ уыдысты, кæд ын йæ кой хъуыстой, уæддæр. Ацы гыццыл фыдуынд лæг Кацо у, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Кацо уыд урсзачъе зæронд лæг, асæй ныллæг, йæ цæсгом чысыл хæбуздзыхъхъытæ, йæ иу цæстæй дзæбæх дæр нæ уыдта, æмæ уый дæр уыд бæрæг. — Кацомæ мах дардæй æрвыст стæм, æмæ аипп ма уæд, зæ- ронд лæг, фæлæ-ма йæм бадзур. — Кацо æз дæн, мæ хуртæ, æмæ æфсæрмы ма фæут, фæлæ уæ хабар зæгъут, æз уæм байхъусдзынæн. Æфсæрмы та куыннæ фесты уазджытæ, фæлæ сæ хабар бæл- вырд радзырдтой. Кацо уæззау ныуулæфыд æмæ тынг уайдзæф- хуызы сдзырдта: — Гъе уæууæй, гье, хъал æлдар! Æнхъæлдæн, æмæ дæ худинаг ферох, фæлæ дын æй адæм дæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты. Йæхæдæг хæдзарæй рацыд, æмæ уазджытæ сæхи бар аззадыс- ты. Сæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой æмæ дисы бацыдысты. «Арæби, ацы гыццыл фыдуынд лæг кæд æцæг Кацо у, уæд æм куыд рацæудзæн Муссæ? Стæй йæм куы рацæуа, уæд куыд дзур- дзæн йемæ?» Сæ ныхас нæма фæци, афтæ сæм бацыд Хæдарцон, Кацойæн йæ ус, «æгас цæут» сын загъта æмæ сыл тынг бацин кодта. Уый уыд хъæлдзæг, кондцжын æмæ уындджын адæймаг. Ныр уазджытæ федтой Кацойы бæлццон арæзтæй æмæ сæхи- уыл нал æууæндыдысты: мæнæ зынаргъ дзаумайæ арæзт нæ уыд зæронд, фæлæ уыд тынг æфснайд, аив æмæ сыгъдæг. Уæдæ бæхмæ дæр рæвдз схызт, стæй йыл рæсугъд фидыдта. Æмæ куыннæ уыда- ид аив: лæппуйæ арæх дугъты бадти, лæгæй та, хъузæтты дугъæй зындæр кæм уыд, уым-иу йæхæдæг æрлæууыд. Ацы балц Кацойæн уыд зын, фæлæ йын æнæ цæугæ дæр нæ 394
уыд: Муссæйы стыр кæрт æмæ галуан алы хъал адæмæй йедзаг кæй уыдзæн, уый зыдта, æмæ йæ уыцы хъуыддаг иу чысыл са- гьæстыл æфтыдта, фæлæ уæддæр йæхиуыл йæ зæрдæ дардта. Кацо куы фæзæронд, уæд комы цæрджыты уынаффæмæ гæсгæ кæддæриддæр йемæ цыд дыууæ барæджы. Ныр дæр та йæ фæсте раййæфтой Урс дуры бын. Кацомæ чи бацыд, уыцы барджыты зæронд лæг йемæ цæуын нал рауагъта: уыдысты тынг фæллад, æмæ сын Хæдарцон хъæбулты рæвдыд кæй бакæндзæн, уый Кацо хорз зыдта. Цæуы Кацо. Дыууæ барæджы дæр цæуынц йæ фæдыл гурæй- гурмæ. Фыййаджыдон уыд тынг ивылд æмæ фæдисоны хуызæн размæ бырста. Кацо йæ цард арвыста Фыййаджыдонмæ хæстæг æмæ йæ фылдæр уарзта иæ ивылды заманы. Ныр дæр ын æнцон уыд, комы дæлæмæ йе ’мцыд кæнгæйæ, уымæ кæсын æмæ хъу- сын. Кацо рахæццæ Æмхæст бæласы бынмæ æмæ йæ бæхæй æрхызт. Уалынмæ дыууæ кæстæры дæр рахæццæ сты, сæ бæхтæй æрхыз- тысты, æмæ Кацойæн цы базонын хъуъщ, адон йемæ кæстæртæн кæй цæуынц, уый. «Арæби, мæнæн тынг зын куы у ацы лæггад- дзинад, уæд мыл мæ ком ацы уаргъ цæмæн сæвæрдтой? Ме ’рыго- нæй куы никæй хъуьщтæн, бæстыл куы фæхаттæн, уæд мæ ныр зæрондæй чи цы кæны, кæй хъæуын», — хъуыды кæны Кацо. Барджытæ бæласы бын чысыл афæстиат сты. Дынджыр уæйыгмæ хæрдмæ кæсынц, цыма йæ фыццаг хатт федтой, уыйау. Кæуылты сфардæг уæлæмæ! Уæдæ фæйнæрдæм дæр хорз фæцыд. Йе ’мбæлттыл фæйнæрдæм раджы ахæцыд, æмæ сæм ныр сæр- бæрзондæй дæлæмæ кæсы. — Гъæ, дæ бонæй уай ды, - дзуры йæм Кацо, — дæумæ хъуыс- гæ дæр нæ кæны, æлдар сау скодта æмæ нæ худинаг кæны, уый. Мах та йæм цæуæм фæдисы. Æртæ барæджы комæй рахызтысты æмæ тындзгæ цæуын рай- дыдтой. Кæд фæндаг цыбырдæр кæнид, зæгьгæ, Кацо йæ кæс- тæртæн бирæ диссæгтæ фæдзырдта. Уæдæ сæм Муссæйы кой дæр уыди. Кæстæртæй иу фæрсы Кацойы: — Муссæ, дам, фых физонджыты уæрыччытæ фестын кæны, хъайлайы та — карчы цъиутæ. — О, мæ хуртæ, о, — райдыдта Кацо, — зондджын æррайæн иуæй-иу хатт бирæ диссæгтæ æнтысы æдылыты бын арт æндза- рынмæ. Æрратæ вæййынц дыууæ мыггаджы — зондджынтæ æмæ æдылытæ. Муссæ та æрратæн сæ зондджынтæй у. Æдылы куы уаид, уæд ын паддзах бирæ зæххытæ нæ раттаид, стæй йæ инæ- лар не скодтаид. Хæрз диссаг та йæ хорзæхтæ сты, дардмæ дæр цæхæр калынц, — хæссын сæ куыд фæразы! Уæдæ æрра куынæ уаид, уæд Турчы мæгуыр æмæ гæвзыкк бæстæйы хорздзинадæй цы ссардта. Æмæ йæхæдæг ацæуæд, гандзайаг бауæд1, фæлæ мæ- гуыр адæмы бæрны куыд цæуы! Бонджын мæгуыры рис нæ зоны, 395
зæгъгæ, фыдæлтæй баззад. Райгуырæн бæстæ диссаг у, адджын у. Адæймаг бирæ азты куы фæцух вæййы йæ райгуырæн бæстæйæ, уæддæр æхсæв фыны уым вæййы. Махæн та нæ цæрæн бæстæ хæрз диссаг у, барæй конд цыма у, раст афтæ у хохæй, быдырæй. Стæй адæм кæрæдзиуыл баст сты. Æмæ уыдоны кæрæдзийæ бай- уар, уыцы æбуалгъ хъуыддагмæ дæ ныфс æрхæсс! Бынтон сæрра ис Куындыхы-фырт... Куыд уыдзысты, цы уыдзысты сывæлло- нæй, зæрондæй, сылгоймагæй, сæ галуæрдæттимæ ардыгæй дард Туркмæ. Æмæ рагацау кады зарджытæ кæнынц сæхиуыл: «Стам- булмæ цæудзыстæм, урс дзул дзы хæрдзыстæм, къахфындзтыл дзы кафдзыстæм». Æмæ афтæ куы рауаид, сæ дзæбæх хабæрттæ нæм куы хъуысид бæргæ. Фæлæ сæ тæвд хуртæ, тыхджын къæв- датæ æмæ дымгæтæ апп-уппы куы сисой, уæд цæугæ размæ кæн- дзысты, ниугæ та фæстæмæ. Зæрдæ сæ тæригъæдæй скъуыны ра- гацау, фæлæ куыд чындæуа, цы загъдæуа. Мæлдзыгыл йæ сæфты размæ базыртæ базайы. Кацо йæ ныхас фæци, æмæ æртæйæ дæр иу дзæвгар хъуыды- ты аныгьуылдысты. Стæй кæстæртæй иу фæрсы Кацойы: — Бахатыр кæн, фæлæ сын бауромынæн ницуал фадат ис? — Нæ зонын, мæ хуртæ, фæлæ лидзынмæ йæхи чи сцæттæ кодта, уыдон ныхасмæ нал хъусынц. Бынтон сæ сдзæгъæл кодта æлдар. Физонджытæ уæрыччытæ фестынц, зæгъгæ, ахæм æрра ныхæстæ кæй уырны, уыдонмæ цавæр æвзагæй дзырдæуа? Иу ран ма куы уаиккой, уæд ма дзырдæуæд семæ, фæлæ сæ кæм агуырдæуа: хохæй, быдырæй, кæсæгæй, хъулгьайæ. Уæрыккæн йæ уæллаг хуылфыдзаумæттæй цæуы фынддæс физонæджы хайы, æмæ уал дын уый фынддæс уæрыччы, стæй уыдон дæр аргæвд, цæмæ сæм кæсыс, къаддæр дын куынæ кæндзысты, æлдар та сæ фæйнæ фындцæс хатты фæфылдæр кæндзæн. Иу мæймæ дуне уæрыккæй байдзаг уыдзæн, æмæ адæм нæ, фæлæ ма сау хъæды бирæгътæ дæр минас кæндзысты уæрыччы фыдæй. Кæстæртæ ныххудтысты, уыдоны худынмæ Кацо дæр бахудт. — Уæд йæхи райгуырыны тыххæй та куыд айхъуысын кодта адæмыл! Муссæйæн йæ фыд Алхæст хуынд. Уый, дам, иу хатт хъæды уыд, æмæ йæм бæласы сæрæй чидæр дзуры: «Алхæст, фырт дын гуырдзæн, æмæ дунейы сæр цæмæй суа, уый тыххæй-иу ыл мæ ном сæвæр, æз та дæн Муссæ-пехуым- пар». Бæндæнылкафæг, цæстфæлдахæг у Муссæ æмæ йæ алы дис- сæгтæй бынтондæр сдзæгъæл кодта адæмы. Æмæ уымæн йæхи- цæн тас нæу: ам æлдар æмæ инæлар чи у, уый Турчы дæр былæй нæ ахаудзæн, стæй афтидæй дæр нæ цæуы. Йæ бирæ зæххытæ æмæ йæ хъæздыг галуан ауæй кæндзæн æмæ æхцайы чырынимæ кæмдæриддæр цæрдзæн. Хур ма дзæвгар уыд, афтæ æртæ барæджы æрхызтысты Мус- сæйы галуанмæ хæстæг. Галуан уыд бæрзонддæр ран хъæуæй æмæ 396
дардмæ цæхæр калдта. Кацомæ чи арвыста, уыцы хистæртæ йын афтæ тагъд æрхæццæ æнхъæл нæ уыдысты æмæ йæ ныр куы фед- той, уæд тынг бацин кодтой. Уæлдайдæр та Зæнджиаты Зауыр- бег, Кацойы стыр хæлар. Муссæйы кæртмæ бацыдысты мæрд- дзыгой. Кацо йæ даргъ хæтгæ царды куыннæ федта адæмты, фæлæ ахæм цардхъал æмæ æрттиваг адæмы иу ран æмбырдæй уыны фыццаг хатт. Уыдон Кацойы куы федтой, уæд дисы бацыдысты. Бирæ дзы йæ худын тыххæй урæдта. Кацо дæр сæ сæ цæстæнга- сæй хорз æмбæрста æмæ, ома, æфсæрмы бацæуа, куыннæ стæй! — Муссæмæ-ма нын бадзурут, лæппутæ, — сдзырдта Кацо, дуармæ цы афицертæ лæууыд, уыдонмæ. — Æмæ инæлар йе ’мхуызон адæмæй куы никæмæ рацыд, уæд сымахмæ куыд рацæудзæн, куыд ын зæгъæм? ~ Мах инæлæрттæ нæ, фæлæ салдæттæ дæр никуы уыдыс- тæм, фæлæ-ма йын афтæ зæгъут, дæлæ дæ кæрты — нæ Иры хистæртæй иу къорд, Кацо дæр семæ, зæгъгæ. Муссæ Кацойы кой куы айхъуыста, уæд ракаст æмæ йæ ру- дзынгæй ауыдта æмæ мæстыхуызæй сдзырдта: — Гъе, Хуыцау дыл йæ бæллæх куыд сæвæрдта, гье! Куынæ дæм арвыстон, куынæ мæ хъуьщтæ ацы уæззау бонты, уæд дæ цы хæйрæг æрхаста мæ кæртмæ? Муссæ уыд тынг зын раны: рацæуид, æмæ зæрдæхудт — йе ’мсæр адæмæй, нæ рацæуид, æмæ йæ Кацо нæ ныууадздзæн. Хо- хæй ардæм дзæгъæлы нæ фæцыд, зарæджы сæйраг æй фæкæн- дзæн. Иу дзырдæй, Кацо йæ æрæвæрдта дзæбугæй хъæсдарæджы астæу. Цы гæнæн ис, иу дзæвгар ма алæууыд, стæй рацыд адæммæ, йæ даргъ сау пæлæз йæ уæлæ, афтæмæй. Адæммæ диссаг фæкаст æлдарæн йæ сау уæлæфтау. Абоны онг мæрдджын нæлгоймагыл ничима федта ахæм уæлæдарæс. Уæдæ хæрз дис та фæкодтой, æлдарæн бирæ лæгъстæ кæй нæ бахъуыд, ууыл. Ныр æнхъæлмæ кæсынц, уæдæ цæуыл ахицæн уыдзæн ацы диссаг. — Муссæ, де ’фсымæр Дрис йæ дунейæ ахицæн, йæ æнус- хæдзар кадджын æмæ цытджынæй ссардта, æмæ дын уый тых- хæй ницыма зæгъæм: нæлгоймаг саударæгæн куыд арфæ хъæуы йæ зианы бон, уый нæ зонын. Адæмтыл айхъуыст дæ абоны æгьдау, æмæ иутæ дис кæнынц, иннæты та уырнгæ дæр нæ кæны. Нæ тыхджын нæртон кадджыты, нæ фыдæлты æмбисæндты, нæ аргъæутты йæ кой, йæ ныв никуы ис нæлгоймаг саударæгæн. Ацы æгъдау нæ сылгоймæгтæй дæр бирæ йæ сæрмæ нал хæссы адæмы æфсæрмæй. Ды дæ пысылмон дин карзæй куы кæныс, æмæ уыцы дин саударын нæ, фæлæ мардыл кæуын дæр куынæ уадзы? Муссæ, дзурæм дæм нæ Иры дзыллæйы номæй, æмæ ны- ууадз дæ ног уæззау æгъдау. Нæ хорз æгъдæуттæм ахæм æцæгæ- лон æгъдау кæй нæ бауадздзыстæм, уый дын фидарæй зæгъæм! 397
Кацо зыдта, æлдар ахæм ныхæстæй кæй нæма асæтдзæн, уый æмæ æмбисонд дзурын райдыдта: — Хуры фырты удхæссæг ахаста. Уæд хур сау мигьæй йæхи æнгом сæхгæдта æмæ кæуын, ниуын райдыдта. Дыууæ къуырийы фæкуыдта. Йæ цæстысыгæй дæттæ раивылдысты, æмæ адæмы фæллæйттæ сæфтысты. Стыр зын раны уыдысты канд адæм нæ, фæлæ фосæй, сырдæй, маргъæй иууылдæр. Иу бон иу тыхст лæг сугты куырис æрласы æрдиаггæнгæ. Хæфс бæласы бын бады æмæ йæм дзуры: — Бахатыр кæн, хорз лæг, фæлæ цæуыл кæут æмæ ниут адæ- мæй, фосæй, сырдæй, маргъæй, уæ тæригъæдæй цы фæуæм, уый куынæуал зонæм? Рæстæг хорз куы у, уæд ма уæ цы хъæуы? Кæс- ма, бæстæ — зæй, хъæздыг, дон фаг. — Гъæ, дæ бонæй уай ды, - дзуры йæм лæг, - дæуæн дæ цард, дæ минас дæтты, цъымараты ис, æмæ дын уыдон сбирæ сты, æмæ хъал ныхæстæ кæныс, уæдæ цы кæнай. Махæн та нæ цард аразæг фылдæр хур у æмæ нæм ныр æртыккаг къуыри йæхи нал æвдисы, кæуы æмæ ниуы. — Æмæ йыл уагæры цы ’рцыд, цæуыл æргæвды адæмы дæр æмæ йæхи дæр? — Йæ фырты йын удхæссæг ахаста. Хур дæр ниуын байдыдта æмæ йын кæрон нал кæны. Не сæфт æрцыд, не сæфт. Хæфс уæлæмæ скасти, йæ сæр ныттылдта æмæ дзуры хурмæ: — Гъе, уæууæй, гъе, цæй æдых разындтæ дæ уæззау бон! Хур та ма цæмæн хуыйныс, хур! Уагæр ма дыл мæ бон куы бакæнид, уæд, æвæццæгæн, дæ бынатæй рахауис. Знон мæнæ бæласы бын бадын мæ дыууæ бохъхъырцæст, хъамбулуæрагджын фаззонимæ. Кæсын, æмæ мæнæ иу лæг сугты куырис æрласы. Нæ цурмæ куы ’рхæццæ, уæд мæм мæ фаззæттæ дзурынц: «Мах нæ сахъдзинад æвдисæм: куырисы сæрты фалæмæ гæпп кæнæм». Махмæ та, дар- ддæр чи гæпп кæны, уый кадджындæр у. Сæ бауромын мæ бон нал баци, дыууæ дæр иумæ асæррæтт кодтой, къабузтыл сæхи сцавтой æмæ сугты бынмæ ныххаудтой. Лæг сæ дæллаг бæласы бынмæ фæласта. Амардысты, уæдæ цы уыдаид. Æмæ мæлгæ чи нæ кæны, фæлæ дæ балгъитæг уыдонмæ куы ныккастаид. Кæс- ма, дæлæ уыцы дыууæ тыппыры та сæ ингæнтæ сты. Ныр та ме ’мбæлтты ’фсæрмæй мæ кæуын дæр ныууагьтон, æфсарм тых- джын у, æфсæрмы хъæуы. Гъа, цæсгом армыдзаджы йеддæмæ нæу. Хур хæфсы уайдзæф куы фехъуыста, уæд сдзырдта: «Гъæ, куыд амардтæн, куыд, мæ кæуын æмæ ниуын хистæр куы скодтон, æмæ мæ хъæздыг æмæ рæсугъд дуне куы ферох». Уайтагъд сау мигъы фæйнæрдæм фæсырдта, йæ цæстысыг асæрфта æмæ йæ сыгъзæрин цæстæй дунемæ ракасти. Дуне дæр йæ уæззау низæй фервæзти, арф ныуулæфыд æмæ та йæ кæнон райдыдта. Кацо йæ ныхас фæци, адæмыл йæ цæст ахаста. Муссæмæ дæр 398
бакасти. Муссæ зыдта, цас тагъддæр раласа йæ пæлæз, уыйас хуыздæр уыдзæн, фæлæ æнцад лæууы, цыма йын кæлæн скод- той, уыйау. Æгæр куы фæстиат кодта, уæд та йæм Кацо æдзынæг бакаст æмæ райдыдта Бекаты хорз Ацæмæзы бинонты уæззау таурæгъ, кæд æлдармæ тæригьæддаг æмбисонд хуыздæр бахъа- рид, зæгъгæ. — Æвæццæгæн, Муссæ зæгъы, мæныл цы зиан æрцыд, уый ничима федта, æмæ никæмæ байхъусдзæн. Фæлæ Муссæйæн йе ’рвад Бекаты хорз Ацæмæз æнцондæр раны нæ уыд. Ацæмæз уыд дыууадæс бинойнаджы хистæр. Диссаджы бинонтæ хуыдтой уыдон. Бахъуыды заманы кæддæриддæр уыдысты цæттæ фæди- сæтты хуызæн. Мæгуыр æмæ тыхст адæймагæн баххуысмæ нæ уыд уыдоны хуызæн. Фондз азы дæргъы Ацæмæз баныгæдта йæ бинонтæй иуæндæсы, уыдонæй æхсæз — сывæллæттæ. Баззади ма йын йæ иу фыртæй афæдздзыд лæппу. Ацæмæзы йæ гыццыл сабиимæ стыр буц дардтой хъæубæстæ, æрвадæлтæ, хæстæджытæ. Иу райсом йæ хæдзарæй рацæйцыд, сывæллон йæ хъæбысы, афтæмæй. Цæй тых æмæ ма ныфс уыд Ацæмæзы зæронд уæр- джыты. Къæсæрæй æрхизынмæ куыд хъавыд, афтæ фæцудыдта æмæ размæ ахауди. Сывæллон йæ быны фæци, йæ сæр дурмæ æрхаста. Зæххæй ма йæ бæргæ фелвæста, фæлæ йæ уд систа Ацæ- мæзы хъæбысы. Канд адæм нæ, фæлæ ма суанг æгомыг къæ- дзæхтæ дæр куыдтой Ацæмæз æмæ йæ бинонты тæригъæдæй. Æрмæст нæ куыдта нæртон зæронд лæг йæхæдæг. Ацæмæз раджы амард, фæлæ йæ ном Буры номау уæлæуыл ныууагъта. Муссæ, де ’рвад Ацæмæз иу сау пæлæз куыд никуы ссардта- ид? Куыд дæм дзуры дæ зæрдæ? Муссæйæн йе ’ргом уыд адæмырдæм, æмæ йын рæстæгæй- рæстæгмæ уыдонмæ æнæ кæсгæ кæм уыд. Уый йæ хæтгæ царды бирæ диссæгтæ федта, фæлæ абоны хуызæн адæмы афтæ зæрди- агæй ныхасмæ хъусгæ уыны фыццаг хатт. Æмæ йын уымæй цыма фыддæрадæн кодтой, афтæ йæм фæкаст. Ныр æлдары æрфæн- дыд, исчи йын йæ пæлæз йæ уæхсчытæй куы айсид, уый, фæлæ йæм чи уæнды, бирæгьы дзыхы йæ къух чи тъыссы. «Кацомæ Хуыцауы комы тæф нæ, фæлæ хæйрæджыты паддзахы комы тæф ис», — сдзырдта йæхинымæры Муссæ. Кацо æнхъæлмæ кæсы æлдармæ, æвæрæны йæм уыд бирæ таурæгътæ, æмæ та райдайынмæ куыд хъавыд, афтæ йын кæс- тæртæй иу йæ хъусы дзуры: — Кацо, бахатыр кæн, фæлæ Стыр Кæсæгæй бирæ мæрддзы- гой хъæугæронмæ æрбахæццæ. Кацо иу дзæвгар джихæй аззад, стæй хъæрæй сдзырдта: — Ныр нæ уæдæ дардыл таурæгътæм нал æвдæлы, хъуыдцаг фæцыбыр хъæуы. Иу кæстæр-ма мын мæ нымæт рæвдз радавæд. Адæм дисы бацыдысты, Кацойы йæ нымæт цæмæн бахъуыд, 399
зæгъгæ. Зæронды хорз чи зыдта, уыдон гуырысхо нæ кодтой, ныр æлдарæн дардыл таурæгъты бæсты цыдæр былыздух кæй кæндзæн, уый. Тæргай лидзын æнхъæл ын чи уыд, ахæмтæ дæр уыд. Уалынмæ йæм йæ нымæт радтой. Кацо нымæт йæ уæлæ æрбакодта, уæлдæр слæууыд. Ныр æй иууылдæр уынынц. - Хорз адæм, Муссæйæн тых нал кæнæм. Æниу ын нæ бон цы у: уый æлдар æмæ инæлар, мах та хуымæтæг кусæг адæм. Ныууадзæм æй йæ сау пæлæзимæ, афтæ иузæрдион ыл кæм у, уым. Фæлæ абонæй фæстæмæ сау дардзыстæм æз æмæ Муссæ иумæ: Муссæ йæ хорз æфсымæр Дрисыл, æз та Муссæйæн йæхи- уыл, кæд ма удæгас у, уæддæр. Фæрсæг мæ куы уа, уæд нæ басу- сæг кæндзынæн, Куындыхаты æлдарыл сау кæй дарын, уый. Нæ фыдæлты хорз æгъдæутты фæцудын никæмæн бауадздзыстæм. Муссайæн йæ цæсгом сау хъулон афæлдæхт, иу-дыууæ хатты схъиуæгау дæр фæкодта. Кацойæ уыйас нæ тарст, фæлæ йыл ахæм уæззау цæлхъ æруайдзæн, уый æнхъæл нæ уыд. Муссæйæн йæхимæ хæстæгдæр адæмæй ма иуæй-иуты гыццыл бахъуыд ныхъ- хъæр кæнынмæ: «Ралас дæ пæлæз, æнæрай дзы скæнай, цы ма йæм кæсыс!» Адæм дæр æнцад лæууынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц, цæуыл ахицæн уыдзæн ацы диссаг, зæгъгæ, - иу каст Кацомæ кæнынц, иннæ каст та Муссæмæ. Чи зоны, цавæр диссæгтæ ма фехъуыстаиккой адæм Кацойы дзыхæй, фæлæ йæ Муссæ дзурын нал бауагъта: мæстыйæ йæ сау пæлæз феппæрста æмæ йæ иуварс аппæрста. «Æлдар, æнхъæлдæн, æмæ дын цыппæрæм былыздух нал ба- хъуыд», — сдзырдта Кацо йæхинымæр. Кацо йæ нымæт систа, адæмæн æмæ Муссæйæн арфæ ракодта зианы тыххæй æмæ рацыд уыцы кæртæй йе ’мхуызон адæмимæ. Муссæ сагъдауæй баззад. Фыны фенæгау æм фæкастысты або- ны хъуыддæгтæ. Кад æмæ цытыл мард æлдарæй ферох ис йе ’фсымæры мард дæр. Фæстаг фæлтæрæн йæхи фидиссаг кæй фæкодта, уый йæм ныр арф бахъардта. Æрыгон лæппу хъазты фыццаг хатг фæндыры хъæрмæ бирæ куы фæхъусы, уæд уый фæстæ дæр уыцы фæндыры хъæлæс дзæвгар рæс- тæг йæ хъусты зæланг кæны. Афтæ уыдысты адæм дæр. Исдуг сагъдæй баззадысты æмæ æнæдзургæйæ кæрæдзимæ кастысты. Исчи зæгъдзæн: куыд хъуыста æлдар Кацойы æфхæрæн ныхæ- стæм, йæ уайдзæфтæм? Ма йæм рацу, науæд ыл схъæр кæн, æмæ лидза. Нæ, нæ, мæ хуртæ, Кацойыл хъæр кæнын никæй бон уыд. Демыраты Кацойы адæм тæрхæтты агурын райдыдтой ссæдз- аздзыдæй фæстæмæ. Йæ бирæ царды уыди адæмы лæг, бахъуыды заманы сæ хъуыддаг аразæг, сæ хуыздæр минæвар, æгъдау хъахъ- хъæнæг, æмæ йæм уый тыххæй уыд бирæ тых æмæ ныфс. Кацо уыд стыр курдиатджын æрхъуыдымæ æмæ ныхас зæгъынмæ. 400
Кацо авд дзыхæй дзырдта, зæгъгæ, дзырдтой хистæртæ. Уæдæ- иу ныхас кæм кодта, уырдæм-иу калдысты ивылд донау. Муссæ хъуыста Кацомæ къорд хатты, фæстаг хатт туджы тæрхоны, Стыр Кæсæджы. Муссæ уырдыгæй куы ссыд, уæд адæмыл айхъуысын кодта, стæй йæхи дæр бауырныдта тынгдæр, Кацомæ Хуыцауы комы тæф ис, зæгъгæ. Муссæйæн йæ уатæй рацьщ æмæ йæ пæлæ- зы раласт дæр уыдысты тæссæй. Уый уьщ мæнгуырнæг æмæ дины ныгьуылд фанатик. Туркмæ дæр æй дин æмæ фанатизм асайдтой. Кацо та уыцы хъуыддæгтæй æмæ «Хуыцауы комы тæфæй» уыд авгæй сыгъдæгдæр. Адæм арвы айдæн сты, æмæ Кацойæн йæ ныхасы уыд адæмы зонд, адæмы фарн. Къоста уазæгуаты Иу ахæмы Дзæуджыхъæуы стыр хицæуттæ куывд кодтой. Уыдон рагагъоммæ баныхас кодтой Къостайы исты хуызы баф- хæрыныл æмæ йæ сæ куывдмæ æрхуьщтой... Сбадын æй кодтой сæ астæу. Хицæуттæ фыдызгъæл куыд хордтой, афтæ йын йе стджытæ Къостайы раз æвæрдтой. Куывд кæронмæ фæуд кодта. Къостайы раз стджытæй сцагъд и. Уæд æм иу булкъон сæрыстырæй бадзырдта: - Уæздан Хетæджы-фырт, уый дæ разы цас стджытæ ис? Бирæгъ, мыййаг, куынæ дæ! Иннæтæ æмхуызон худт ныккодтой. Уæд, зæгъы, сæм Къоста фæцырд æмæ загъта: - Бирæгътæ сымах стут, йæ разы иу стæджы мур дæр кæ- мæн нал ис. Адæймаг фыдызгъæл æд стджытæ нæ хæры. Æрмæст бирæгъ кæны афтæ. Ивддзаг æгасцæуай Уæд та дын иу ахæмы падцзахы хъазахъхъæгтæ Зыруггомыл1 зекуци2 æрбадтысты. Хъазахъхъы фьщмитæн кæрон дæр нал уыдис. Адæм сæ сæрæн ницыуал зыдтой æмæ Къостамæ минæвар фер- выстой суанг Лабæмæ3... Лæг бирæ фæцыдис, цъус, уæддæр цалдæр боны фæстæ Ла- бæмæ ныххæццæ, уæдæ цы уыдаид! Фæрсгæ-фæрсгæ ссардта Къо- стайы хæдзар. Хæдзары уыди æртæ хатæны: тыргъ, цæрæн хæ- дзар æмæ уат. Тыргъæй хæдзармæ уыди дуар, æмæ хæдзарæй та — уатмæ. Къоста-иу ныв кодта уаты. Уый цалдæр боны размæ стыр кæттагыл йæхи ныв скодта æмæ йæ хæдзары къулгæрон æрæвæрдта. 26 Ирон таурæгътæ 401
Минæвар тыргьæй куы бахызт æмæ ныв куы ауыдта, уæд йæ худ фелвæста æмæ йæм йæ къух бадаргь кодта: — Дæ бон хорз, Къоста! Ныв æм цы хъуамæ сдзырдтаид? Æмæ лæг джихæй баззадис. Уæд æм Къоста уатæй худгæйæ радзырдта, йæ къухы ахо- рæнтæ, афтæмæй: — Æз мæнæ дæн, мæнæ, ардæм рацу, уазæг! Мæгуыр хæххон лæг лыстæггай бамбарын кодта Хетæджы- фыртæн йæ балцы сæр. Къоста уайтагъд гæххæтт ныффыста уæл- дæр хицæуттæм, æмæ цалдæр боны фæстæ Зыруггомæй зекуци систой. Къостайы тыххæй иу хабар Амлахорæн хъæдгæстæ уыдис æртæ цæцæйнаджы. Иу хатт нæ фос баирвæзтысты Амлахоры хаймæ. Цæцæйнæгтæ нын нæ фос сæрвæтæй аскъæрдтой æмæ сæ Дменисы1 иу скъæты бакодтой. Сæ фæдыл сæ хицæуттæ ацыдысты, æмæ сын сæ нæ лæвæрдтой. Стæй сын хыл бацайдагъ и. Махæй иу лæг фæцæф и, цыппар цæфы фæци Дыгъуызты Макси. Цæцæйнæгтæй иуы æрцахстой æмæ йæ фæнадтой, бафхæрдтой. Стæй уый тыххæй дæлæмæ ар- выстой цалдæр Амлахормæ. Уый уырдыгæй рарвыста æфсад, æмæ æрбадтысты Сатихъары2 зекуци. Алы бон дæр æргæвстой дыууæ галы æмæ иу фыс. Алы изæр дæр сигнал цагътой, æмæ-иу фæс- тейæ чи аззад, уый ахстой æмæ надтой. Стæй хъæубæстæ дыууæ лæджы арвыстой минæвар Дзæу- джыхъæумæ, Къостамæ: «Уынгæджы стæм, æмæ нын исты бах- хуыс кæн!» Арвыстой дыууæйы: Дыгъуызты Себа æмæ Ердишелы. Ныццыдысты, фæлæ йæ не ссардтой, æнахуыртæ уыдысты æмæ уымæ гæсгæ. Стæй йæм Дыгъуызты Датикъайы арвыстам дыккаг хатт, æмæ йæ ссардта Къостайы. Загъта йын, зæгъгæ, уынгæджы стæм, æмæ нын баххуыс кæн! Къоста фехъусын кодта паддзахмæ, æмæ уырдыгæй телефо- ны æрбадзырдтой, аæгъгæ, уæхи уырдыгæй айсут! Амлахоры æфсад уыцы бон ацыдысты уайтагьд. Бæхджын хъазахъхъ бацыдысты хъæуæн йæхимидæг, иннæтæ та хъæуы кæ- рон, дыргъдæтты. Æддагон лæджы-иу куы федтой, уæд-иу æй надæй амардтой: цæмæн, дам, цæуыс ауылты! Бар нал уагътой адæмæн Сатихъары хъæуыл цæуын. Датикъа нал сæййæфта æфсады хъæуы бадгæ, хъæу баззадыс- ты дзæбæхæй. Къоста йын загъта: — Ацу ныр хæдзармæ, дæ ныццыдмæ уым нал уыдзысты æфсад! Салдат уыдысты æртæсæдæйы онг, бæхджын æфсад та — æхсæрдæсы бæрц.
Ирон таурæгътæ хицæн чиныгæй цæуынц фыццаг хатт. Уый дæр нæу æххæст æмбырдгонд — бирæ æрмæг ма ис архивтæ, чингуытæ, газетты. Таурæгьтæ сæ сæйраг мидисмæ гæсгæ дихгонд цæуынц æртæ хайыл: ми- фон, историон æмæ бынæттон таурæгътæ. Алы хайы дæр ис цалдæр хицæн кьабазы — циклтæ, уыдон арæзт цæуынц таурæгьты къорды бындурон æууæл- тæм гæсгæ. Мадæлон æвзагыл хæрз чысыл ис зонадон куыстытæ фольклоры тых- хæй, нæй нæм, ирон таурæгъты мидис чи æвдиса, ахæм бæлвырд терминтæ. Уымæ гæсгæ иуæй-иу терминтæ («æрвон таурæгътæ», «æгъдауы таурæгътæ») лæвæрд цæуынц бадзырдон уагыл. Ирон таурæгътæ мыхуыры цæуынц XIX æнусы æмбисæй нырмæ. Сæрæ- вæрæн уыдысты В. Миллер, Пфаф, Санаты æфсымæртæ, Гарданты Михал æмæ æндæрты куыстытæ. Советон дуджы стыр куыст бакодтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зонадиртасæн институттæ. Рауагътой адæмон сфæлдыс- тады æмбырдгæндтæ. Уыдоны дзæвгар уыд таурæгътæ. Ахъаззаг куыст бакод- той ацы хъуыдцагыл Салæгаты Зоя («Ирон адæмы сфæлдыстад», 2 томы) æмæ Биазырты Алыксандр («Ирон адæмон аргъæуттæ», 3 томы). Уыцы чин- гуытæ æнаипп нæ уыдысты. Таурæгъты классификацийæн нæ уыд бæлвырд системæ. Сæ тексты ис рæдыдтæ, цухгонд бынæттæ. «Аргъæутты» дыгурон таурæгътæ лæвæрд цæуынц ирон æвзагмæ тæлмацæй. Алды рауагъды уыцы хъæнтæ, цас гæнæн уыд, уыйас иуварсгонд æрцыдысты. Тексттæ бæстонгонд сты къухфыстытæ кæнæ раздæры зонадон рауагъдты текстты бындурыл. Дыгурон таурæгътæ цæуынц оригиналты æвзагыл. Бирæ таурæгътæ мыхуыр уыдысты уырыссаг æвзагыл, нæй сын ирон оригиналтæ. Уыдон ам цæуынц чиныгаразæджы тæлмацæй. Амалмæ гæсгæ тæлмацгæнæг архайдта дыууæ хъуыдцагыл: 1) тексты мидис иронау бæлвырд æмæ æххæстæй бахъахъхъæнын, 2) текстæн ирон таурæгъон æууæлтæ рат- тын. Алы таурæгъмæ дæр лæвæрд цæуы фиппаинæгтæ: кæцæй ист у, йæ радзу- рæг, йæ ныффыссæг, кæд æмæ кæм фыст æрцыд. Пайдагонд æрцыд, фьщцаг æмбырдгæндтæ чи арæзта, уыдон, стæй Салæгон æмæ Биазыры-фырты фип- паинæгтæй. Ам ис зонинæгтæ бынæттæ, цæрæнуæттæ, хæхтæ æмæ дæтты тыххæй, амынд цæуы хицæн архаизмтæ æмæ историзмты нысаниуæг. Фип- паинæгтæ цы дзырдтæн ис, уыдон таурæгъты текстты нысангонд сты стъа- лытæй. 403
Фиппаинæгты цыбыргонд нысæнттæ ССКГ — Сборник сведений о кавказских горцах, вып. III, Тифлис, 1870. 03 ~ В. Миллер. Осетинские этюды. Частъ I, 1881, частъ II, 1882. ПНТО — Памятники народного творчества осетин в записи Цоцко Ам- балова. Вып. 3. — Владикавказ, 1928. ДНТ — Памятники народного творчества осетин. Вып. 2. Дигорское народное творчество в записи Михаила Гарданти. — Владикавказ, 1927. ИЭСОЯ — В. И. Абаев. Историко-этимологический словарь осетинско- го языка. ХИАУ ~ Хуссар ирон адæмы уацмыстæ. II чиныг. Даредзанты кадджытæ, мифтæ æмæ бынæттон таурæгътæ. — Цхинвал, 1929. ИАТКА — Ирон адæмы таурæгътæ, кадджытæ æмæ аргъæуттæ. — Дзæу- джыхъæу — Ш-аг хай, 1928; 1У-æмхай, 1930. ХИФ — Хуссар Ирыстоны фольклор. — Сталинир, 1936. ХИФ — Хуссар Ирыстоны фольклор. — Сталинир, 1940. ИАС — Ирон адæмы сфæлдыстад, 2 томы. Сарæзта йæ Салæгаты 3.— Орджоникидзе, 1961. ИАА — Ирон адæмон аргъæупæ 3 томæй. — Цхинвал, т. II, 1960; т. III, 1962. Ромаг нымæцтæй нысангонд цæуы том, араббаг нымæцæй — том кæнæ чиныджы фарс. МИФОН ТАУРÆГЬТÆ Æрвон таурæгътæ Хур æмæ Мæй. Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Кавказ»-ы, 1902, № 103. Сæргонды бын — Осетинская легенда. Йæ ныффыссæг — А. К-в (Коцойты Арсен). Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Мæй. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, VII, 297-299; уыд чиныджы хайы: Предания о небесных светилах. Ныффыста йæ Туккайы-фырт. В. Миллер фыссы: «Нарастание и ущерб луны объясняется следующим поверием, ко- торое известно и другим кавказским народам» B97 ф.). Сæргонд ын нæ уыд. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Мæйхортæ. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, II, 299. Сæргонд ын нæ уыд. Миллер фыссы: «О пятнах на луне и о лунном затмении ходит следующее предание»... Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Авд хойы. Мыхуыр уыд уырыссагау; ОЭ, II, 300—301. Таурæгъы фæдыл Миллер фыссы: «О некоторых созвездиях существуют также народные рас- сказы». Нысан кæны: Æмбырдтæ — Плеяды. Ам цæуы чиныгаразæджы тæл- мацæй. Гуырдзыхан æмæ Бонвæрнон. Мыхуыр уыд: ХИФ, 308—309. Радзырдта йæ Гаглойты Григол. ’Бонвæрнон — сæууон стъалы, планетæ Венерæ; миты бардуаг. 2Хурбадæны хох — Бурсамдзелийырагонном. 3Бердзентæ — грекъ. 4 Базыргантæ (персайнаг дзырд) — базаргæнджытæ, ХИФ-ы фиппаинæг- ты: хистæр лæгтæ D07 ф.). 5 К у т а т — цæрæнуат Гуырдзыстоны. 6 Р а ц ъ — хæххон бæстæ ныгуылæн Гуырдзыстоны. 7 О н — цæрæнуат Гуырдзыстоны. Бурсамдзели. Мыхуыр уыд: ХИФ, 306—307. Йæ сæргонд «Бурсамдзелийы аргъау». Радзырдта йæ Джыккайты Зауырбеджы фырт Дауит. 404
*Бурсамдзели — Хуссар Ирыстоны бæрзонддæрхох, Дзомагъæмæ Чеселты астæу. 2 И м е р е т — облæст ныгуылæн Гуырдзыстоны. 3 Ц х е т а — Мцхета, Гуырдзыстоны рагон сæйраг сахар Ахсахъ-Темур æма Лæдæртæ. Мыхуыр уьщ: ОЭ, III. Йæ радзурæг бæрæг нæу. 3Лæдæртæ — стъалыгуппар (Болыиая медведица). Æртхъирæны мæй æмæ Мартъи. Мыхуыр уьщ журнал «Æфсир»-ы, 1910, № 5,15—16 ф. Йæ радзурæг, йæ ныффыссæг бæрæг не сты. Фыццаг адæмты таурæгътæ Артъауыз æмæ йе сфæлдисонтæ. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 114 ф. Радзырдта йæ Гуыбаты Дзакко, Чъребайы, 1926 аз. Фыццаг лæг æмæ ус. Мыхуыр уыд журнал «Æфсир»-ы, 1910, №2,15—16 ф. Йæ радзурæг, йæ ныффыссæг бæрæг не сты. Ахæм таурæгъ «Адам и Ева» (Персидская легенда) уыд газет «Кавказ»-ы, 1902, № 184, йæ фыссæг - А. К-в (Коцойты Арсен). Æвыды-выдоны рæстæг. Мыхуыр уъщ: ИАА, III, 68-70. Радзырдта йæ Наниты Андо Тъурайы фырт, Къуыдары коймаг, 1940 азы. Ныффыста йæ Хуыгаты Ясон. Уæйгуытæ куыд фесæфтысты. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 105-106. Радзырдта йæ Наниты Андо, 1925 азы. Ныффыста йæ Гæззаты Лади. 1 У а л л о н бирæгътæ — бал бирæгътæ, æвæццæгæн. 2Хъабахъ — даргъ хъил, марды кадæн мысан æхсынæн (æлгъыст: хъа- бахъæн дæ æрæвæрæнт). Царциатæ куыд фесæфтысты. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 48. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан 1940 азы, ныффыста йæ Беджызаты Дудар. !Царциатæ — таурæгъон адæмы хатт. 2Едысы калак — Едыс. 3 X о д з — хъæутæ Хуссар Иры, Урстуалты. Нартæ æмæ Даредзантæ. Мыхуыр уыд: ХИФ, 85. Радзырдта йæ Наниты Андо. 1 Л ы ц и - цы у, кæм и, уый бæрæг нæу. Чи зоны, Лæц у, хъæу Куырт- таты комы: таурæгътæм гæсгæ уым уыд Нарты Ныхас. 2Хатиаг æвзаг — æбæрæгадæмыæвзагэпос æмæтаурæгъты, иутæ йæ æнхъæлынц китайаг (хатай+аг), иннæтæ — хеттаг. Амыран æмæ Пакъуындзæ. Мыхуыр уыд: ХИФ, 151. Уым йæ сæргонд у «Даредзанты Амыран æмæ Пагуындзæ». Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, 1933 азы. ’Тæхгæ Пакъуындзæ — цавæрдæрфыдбылызыдуаг,таурæгьгæнæг æй хоны сылгоймаг. Амыран æмæ цуанон. Мыхуыр уыд: ХИФ, 152—153. Йæ сæргонд — «Амы- ран æмæ цуанон Дзутты Кудзи». Радзырдта йæ Гуыбаты Дзакко. •Уæрсæджы хох — ис Хуссар Ирыстоны, Къуыдаргомы (ХИФ, 404 ф.). Амыран. Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Баку»-йы, 1909, № 212. Йæ ныф- фыссæг — Элбас-Дуко (Брытъиаты Елбыздыхъо). Таурæгъ ис авторы уац- хъуыды — «Еще о скованном Прометее», фыст у Тугъанты Махарбеджы уац «Уæнгбаст Прометей»-ы фæдыл («Баку», 1909, № 207). Ам цæуы чиныгара- зæджы тæлмацæй. Арыг æмæ Мæгра. Мыхуыр уыд: ИАА, II, 75—76. Радзырдта йæ Беджыза- ты Леуан, 1939 азы. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. 405
Мæрдты бæсты таурæгътæ Мæрдты айдæн. Мыхуыр уыд: ПНТО, 130 ф. Радзырдта йæ Реуазты Бы- дзыго (мард æвæрæны). Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. Адæймаджы тæригьæдтæ. Мыхуыр уыд: ПНТО, 131. Радзырдга йæ Реуаз- ты Быдзыго. Ныффыста йæÆмбалты Цоцко. Хиуарзон лæг. Мыхуыргонд уыд: ПНТО. Радзырдта йæ Саламты Убæ, 1921 аз. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ Уастырджи зæд куыд фестади. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 96. Радзырдта йæ Багаты Уанкъа, Хъемултайаг, 1927 азы. Цæмæн у Уастырджи Лæпы дзуар. Мыхуыр уыд: ИАА, II, 76-78. Радзыр- дта йæ Беджызаты Леуан, 1939 азы. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Фæл- вæра. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, II, 244. Ам лæвæрд цæуы чиныгаразæ- джы тæлмацæй. 1 Ф æ л в æ р а -иронмифологийы:фосыбардуаг. Миллерыфиппаинаг: «Фæлвæра считается самым милостивым из святых; он кроток, тих и не обижает никого. Когда осетин хочет похвалить кого-нибудь за смирение и кротость, то говорит: «Он походит на Фæлвæра». 2 Т у т ы р ’— бирæгъты бардуаг. Рекомы кувæндон. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, II, 256—257. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Миллер фыста: «Иры кадджындæр дзуæрттæ сты Реком æмæ Мыкалга- быр» (ОЭ, II, 255). Рекомы таурæгъ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 75—76. Радзырдта йæ Баситы ЕбайыфыртДауыт, Цъæйы, 1961 азы, Ныффыстайæ Цыбырты Людвиг. [Шов (Шови) 2 У ц ъ е р а - хъæутæ Гуырдзыстоны, Рацъы зылды. Æфсатий тауæрæхъ. Мыхуыр уыд: ИАС, II, 280-282. Радзырдта йæ Бæза- ты Майрæм Айтеджы фырт, 1927 азы, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Толас- ты Андрей. 1А н и г о л - мыдыбындзыты бардуаг. 2 М æ ф и д æ — афтæ хоны сырдты бардуаг Æфсати Хуыцауы. Уастырджи æмæ Быдыры дзуар. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, II, 242- 243. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. 1X æ р е с — зæхх æмæ хъæубæстæ Дыгургомы. Миллер йæ фиппаинаджы фыссы: «Алы аз дæр уыцы ран вæййы бæрæгбон Уастырджийы номыл. Фæ- сивæд ацæуынц беркъагур, стæй къæдзæхы раз куывд саразынц, минас кæ- нынц æмæ зарынц, цæмæй Уастырджи ахъаз бакæна дыгурæн». Уасгергий карди цæф æма мудзурай рæтьунзт (вариант). Мыхуыр уыд: ИАС, II, 278. Йæ радзурæг бæрæг нæу. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр Иб- рагимы фырт, 1940 аз. 1 Никкола — бьщь1рызæд.Æвæрдцæуь1хохь1зæдУастьрджийь1нь1хмæ. Тæтæртуппи тауæрæхъ. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 555—556. Иæ радзурæг бæ- рæг нæу. Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег, 1906 аз. ^Тæтæртупп — дзуар æмæ кувæндон Æрджьшарæджы. Дзырд нысан кæны — тæтæры ныхас, æмбырд (Абаев В. ИЭСОЯ, III, 282). 2Æргиунгæг — Æрджьшарæг. Хетæджы къох. Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Тифлисский листок»-ы, 1903, № 145. Йæ сæргонд — «Черный всадник. Осетинская легенда» (Уыди дзы 2 сюжеты). Ныффыста йæ В. Потто. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. ^Джехенем — джаханнам, пысылмон мифологийы: зындон. 406
Фацбадæн. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, II, 283-284. Ам цæуы чиныг- аразæджы тæлмацæй. Миллер йæ фиппаинæгты нысан кæны: «Сауджын Гатуйы-фырты фыстмæ гæсгæ Джими (Гими) уыд æрра». Миллер æрхаста таурæгьы æндæр вариант дæр Туккайы-фырты фыстытæй. - Емынæ бирæгъы хуызы бацыд æмæ хъавыд Газандоны кувæндонмæ бацæуын. Фæлæ æваст кæцæйдæр фæзынд сæдæ куыдзы æмæ йæ нæ бауагьтой. Уæд фестад нæзы къодах æмæ арт уадзгæ йæхи раскъæрдта адæмыл. Гъа ныр сæм бахæццæ уа, афтæ хохы цъассæй стыдта Урухы дон (уæды онг нæ уыд уыцы дон), æмæ судзгæ къодах уым ныххауд. Афгæ æрцыд йæ мæлæт Емынæйæн. Хъæуы адæмæй аирвæзтысты, Газандоны чи уыд, æрмæст уыдон. Емынæ куы фесæфт, уæд хъæуæй иу, Байтемырыхъ, загъта: «Куывд скæнæм нæ ирвæзынгæнæгæн æмæ йæ схонæм Идауæг, йæ бæрæгбон та - Фацбадæн» (ОЭ, II, 284-285). Чи у кадцжындæр ирон адæмæн сæ дзуæрттæй. Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Кавказ»-ы, 1901, № 1—11. Ныффыста йæ Евг. Б-нов (Баранов). Ра- дзырдта йæ Мамсыраты Аслæнбег, Ольгинскæйы хъæу. Сæргонды бын — «Ирон таурæгъ». Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. !Хуыцауы-дзуар — зæд, къайадæмæцоткæныныбардуаг(Чибиров Л. А. Древнейшие пласты духовной культуры осетин. — Цхинвали, 1984,62 ф.). 2Тбау-Уацилла— дзуар, йæ кувæндон ис Дæргьæвсгомы, Тбауы хохы. 3Аларды — низты бардуаг. 4Хор-Уацилла — хоры бардуаг. Уациллатæ сты цалдæр, сæ функ- цитæ — алыхуызон. Биндзитæ куд рантæстæнцæ Дигори. Мыхуыр уыд: ОЭ, I, 94—96. 1 К а п к а й - Дзæуджыхъæуы рагон нæмттæй иу. Тхосты дзуары сæфт. Мыхуыр уыд уырыссагау: ССКТ, 18—19. Ныффыста йæ Санаты Дзантемыр 1869 азы уыналыхъæуккаг Мæхæмæтæй (йæ мыггаг бæрæг нæу). Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Санайы-фырт фыссы, зæгъгæ Тхостæн кувынц Алагир æмæ Уыналы. Ног дзуар. Мыхуыр уыд уырыссагау: ССК.Г, 33—35 ф. Ныффыста йæ Са- наты Дзантемыр. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. 1 X ъ æ н и—хъæу Санибайы (Гæналы) комы. Куырысдзаутæ. Мыхуыр уыд уырыссагау: ССКГ, 27—29 ф. Йæ сæргонд — «Идущие за снопом». Ныффыста йæ Санаты Дзантемыр. Ам цæуы чиныга- разæджы тæлмацæй. ’Куырысдзау — таурæгъгæнæг æмæ йæ Санайы-фырт адæмон этимологимæ гæсгæ æнхъæлынц куырисмæ цæуæг. Абайты Васомæ гæсгæ куырыс у кæлæнгæнджыты хъазт, шабаш (ИЭСОЯ, I, 612). 2Дзомагъ — хъæуДзауырайоны, æфцæгрæбын. Атайты къодах. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, II, 262. Ам цæуы чиныга- разæджы тæлмацæй. Миллер уыцы къодахы хоны мыггаджы дзуар. Хъуды бардуаг. Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Кавказ»-ы, 1858, № 30. Рауагъта йæ Н. Дункель-Веллинг. Йæ сæргонд уыд — «Любовь Гуда (Осе- тинская легенда)». Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. ^Бæрзæфцæг — Крестовый перевал. 2 М л е т — хъæу Арагвийы былгæрон, Калакмæ фæндагыл, Хъуды комы кæрон. 3 ...фындцæс сыкъайы бафтыд аргъуаны сыкъатыл — ирон адæм, дзуары бын цы нывонд аргæвдынц, уый сыкъатæ нывæрынц кувæндоны, — уыдонмæ гæсгæ нымайынц азтæ (Дункель-Веллингы фитшаинаг). Гуццаты Найфат. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 110—111. Радзырдта йæ Бæдзуа- ты Елмырзайы фырт Цыппу, Хохы Дæргьæвс, 1959. Ныффыста йæ Цагьаты А. 407
1 Г у ц ц а т ы Найфат- кувæндон Дæргъæвсы комы, Цæгат Ламардо- ны сæрмæ. Зæрæмæджы чиныг. Мыхуыр уыд: Ахвледиани Г. С. Сборник избранных работ по осетинскому языку, т. I. — Тбилиси, 1960,161—162 ф. Дæлимонты таурæгътæ Сау барæг. Мыхуыр уыд уырыссагау: газ. «Тифлисский листок», 1903, №145, йæ сæргонд — Осетинская легенда «Черный всадник». Рауагъта йæ В. Потто. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Сау Барæджы дзуар ис Уæлладжыры комы, Бызы хъæумæ æввахс (Сана- ты Дзантемыры фиппаинаг). 1 С æ н а — Хъазыбеджы хох. 2 М ы н а — хох Сæнайæн цæгатырдыгæй. Руймон. Мыхуыр уыд: Дигорские сказания, по записям дигорцев И.Т. Собиева, М.С. Гарданова и С.А. Туккаева с переводом и примечаниями Всев. Миллера. - Труды по востоковедению, издаваемые Лазаревским институтом Восточных языков, вып. XI, М., 1902, с. 60—61. 1 Р у й м о н - калмæнгæс дæлимон, фыдбылызхæссæг (Абаев В.И. ИЭСОЯ, II, 430). Руймоны тыххæй фыста В. Миллер дæр: ОЭ, II, 295-296. 2Уорс Йелиа— арвнæрд æмæ арвæрттывды бардуаг, Уацилла. Ар- тъауызы арвмæ сласы Уацилла. Гæлиаты калм. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, 1,138. Йæ сæргонд «Пре- дание о змее в Галиате». Миллер фыссы: «Записано в ауле Камунта. Отно- сится к бесчисленным сказаниям о борьбе юноши (бога, героя) со змеем, но любопытно приурочением к местности и лицу. Почему змей называется зарийским (или залийским — залиаг) мне не умели объяснить».— Уым, 159 ф. Таурæгь ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Хъомрын. Мыхуыр уыд уырыссагау: ССКГ, 25—26. Йæ сæргонд — «Что такое скотская повальная болезнь». Ныффыста йæ Санаты Дзантемыр. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Санайы-фырт фыссы: «Зындгонд у, хъомрын адæмæн цы фыдбылызтæ хæс- сы, уый. Йæ ныхмæ кæй ницы фæрæз зонынц, уый тыххæй сæм хъомрын кæсы æппæты æвирхъаудæр æмæ тæссагдæр фыдбылыз. Уымæ гæсгæ хъуыды кæнынц, зæгьгæ, уый цæуы кæлæнгæнæг усы хуызы, ахæм æлгьаг æмæ тæссаг ма у æрмæст хæйрæг. Кæлæнгæнæг ус ирон адæмæн у тæссаг æмæ æнæуынон». 1 К у ы й а н — хъæу Кæсæджы, станцæ Котляревскаямæ хæстæг, цæ- рынц дзы ирæттæ дæр. Ус-бирæгъ. Мыхуыр уыд уырыссагау. ССКГ, 24—25. Йæ сæргонд — «Как женщины превращаются в волка». Ныффыста йæ Санаты Дзантемыр. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Таурæгъы кæрон ма уыд ахæм хабар: «Ноджы ма уыд иу ахæм хабар, — загъта Басил. — Сымахмæ уыд иу æххуырст. Уый уыдаид иу-æртæ азы размæ. Уымæн йе ’фсымæр та Была хуынд. Гъемæ уыцы Была чи у, уый, иу-авд азы размæ амардта иу усы, йæ ном — Деда, гуырдзиаг уыд. Адæм дзы æмдзыхæй дзырдтой, ус-биразгъ фесты, зæгъгæ. Хъуыддаг уыд Суададжы Йæ сыхæгтæ йæ раджы бафиппайдтой, кæлæнгæнæг кæй у, уый. Иу хатт сыл бирæгъ фес- тад, сыхаджы фосдонмæ багæпп ласта æмæ фосыл йæхи ныццавта. Была йæ базыдта, Гугаты Была, топпæй йæ фехста æмæ йæ æрбамардта йæ бынаты. Усæн йæ фырттæ ныр дæр уартæ Хуымæллæджы цæрынц: хистæры ном — Хъæвдын, кæстæры ном та — Джиуæрджи». 1 К а р ц а — хъæу æмæ фæрсаг ком Куырттаты комы. 2Тугъанты хъæу— оригиналы: аул генералаТуганова. 408
Хæйрæг мæнæуы куыд сайдта. Мыхуыр уыд: ИАС, II, 277. Радзырдта йæ Саухалты Надя, 1931 аз. Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз. Таурæгъы сюжет хæстæг у Роберт Бернсы æмдзæвгæ «Джон Ячменное зерно»-йы сюжетмæ. Мæгуьф лæг æмæ хæйрæджытæ. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 112-113. Радзырд- та йæ Наниты Андо. 1 М а й д а н — сахары сæйраг фæз скæсæйнаг бæстæты. Лæджийы фырт Дзамболат (Хæйрæджыты æмбисæндтæ). Мыхуыр уыд: ХИАУ, 107—111. Радзырдта йæ дзомагъаг Гуыбаты Дзакко, Цхинвал, 1926 аз. Ныффыста йæ Гаглойты Дауыт. Къæрных æмæ хæйрæг. Мыхуыр уыд: ИАА, II, 37. Радзырдга йæ Дыгьуызты Макси, 1940 аз, Хуссар Ир, Сатихъары хъæу. Ныффыста йæ Плиты Илья. Къусхаты уæйыг. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 92-93. Радзырдта йæ Дзанайты Петка, нарыкоймаг, 1940 аз. Ныффыста йæ Къæбулты Елиоз. Саккаты уæйгуыты фынæй. Мыхуыр уыд: ИАТКА, 131-134. Радзырдта йæ Хаситы Уасил, 1923 аз. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. Ацы мотив ис «Сау хохы фыййауы зарæджы» дæр. Æрдз æмæ цæрæгойты таурæгътæ Чызджьпы хох. Мыхуыр уыд: ИАС, II, 283. Рддзырдга йæ Царахаты Хъайты- хьойы фырт Уырызмæг, 1959 аз, Тменыхъæу. Ныффыста йæ Цагьаты Анастасия. Гакк-гукк. Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Кавказ»-ы, 1850, № 54. Ныф- фыста йæ Н. Берзенов. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Берзенов йæ фиппаинаджы фыста: «...æвæдза, ныр дæр ирон сылгоймæпæ сты æмбисонды хъæбатыр, раст амазонкæтау, фæлæ уыимæ сты фæлмæн- зæрдæ æмæ уæздан Беатричейау, афтæмæй кæнынц канд хæдзары нæ, фæлæ быдыры куыстытæ дæр». Фыста ноджы: «Нæ зонын, гакк-гуччы уастæй «мæ кард — мæ топп» цы хуызы равзæрд, уый». Теуайы аргьау. Мыхуыр уыд: ХИФ, 324. Радзырдта йæ Гаглойты Григол Йæ кæроны уыд: «Мæ аргьау фæцис. Гъе уыдонæй цы ницы федтат, уæ рын, уæ сонæй дæр æндæр мацы фенут». Ахæм арфæ вæййы аргъауы кæрон, фæлæ уацмысы мидис у таурæгъон. Уæрцц æмæ уагьылы. Мыхуыр уыд: ХИФ, 337—340. Радзырдта йæ Гаглой- ты Григол. 1 Кæрдæгхæссæны мæй — рагонироннымадæйиюнь,афтæхуынд Кæрдæгхæссæны бæрæгбонмæ гæсгæ. Ерцъойы цад. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 198-199. Гуырдзиаг æвзагæй йæ раивта Цхуырбаты 3. Д. Таурæгъ гуырдзиагау рацыд 1913 азы 3. Чъичъина- дзейы чиныджы — «Иры истори гуырдзиаг чингуытæм гæсгæ». Ацы таурæгъ ис гуырдзымæ дæр, фыст æрцыд 1961 азы: «Озеро Эрцо и дракон» (Грузинс- кие народные предания и легенды. М., 1973,135 ф.). 1Е р ц ъ о й ы цад-исХуссарИрыстоны,хонынцæйЦъоныцаддæр. ИСТОРИОН ТАУРÆГЬТÆ Паддзæхты таурæгътæ Мачъидон Алыксан. Мыхуыр уыд: ХИФ, 251-255. Радзырдта йæ Гаглой- ты Григол, къусчытаг, Цхинвал, 1929 аз, йæ сæргонд уыд «Мачъидон Алык- саны аргъау». Макъедон Алыксандр. Мыхуыруыд: ИАА, III, 13—16. Радзырдта йæ Дар- читы Симон. Ныффыста йæ Собиты Инал. 409
Ос-Бæгьатыр æмæ Цæразонтæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 24-26. Радзырдта йæ Козаты Тотырбеджы фырт Илас, 1932 азы. Ныффыста йæ Боциты Барон. ^Цæразон — таурæгъты: иры фыдæлтæй иу. Аланты падцзæхты мыгга- джы сæр. Абайты Васомæ гæсгæ йæ ном равзæрд Цезары номæй (Цезарон). 2 М ы к а л г а б ы р ы б ы н — кувæндон Къасарайы. Нарты кадджытæм гæсгæ равзæрд Хуыцауы цæссыгæй, Таранджелос æмæ Рекомы æмрæнхъ. Дзуары ном равзæрд, чырыстон архангелтæ Микел (Михаил) æмæ Габ- релы (Гавриил) нæмттæ баиу сты, афтæмæй. 3Цæразонæн баззад фырттæ... Ацытаурæгъы сты авд. Нузалы аргъуаны цы рагон фыст уыди гуырдзиаг æвзагыл, уым та сты фараст. Уым æфсымæртæй Чырыстийæн лæггадгæнджытæ (сауджынтæ кæнæ беритæ) сты æртæйæ: Георги, Исахъ, Романоз. Иннæ æфсымæртæ сты: Цъæхилон, Ос- Бæгъатыр, Дауыт-Сослан — «цыппар паддзахадимæ хæцджытæ». Иннæтæ сты Фидар, Джавад æмæ Сохъуыр — «знаджы тас уадзджытæ». 4Мæликк — паддзах, стырæлдар. 5 К ъ а л о р — король. Ам таурæгъгæнæг къалор цы хоны, уый бæрæг нæу. Иуæй, Ос-Бæгъатыр гуырдзыйы мæличчы æмсæр у, иннæмæй, паддзах нæу. 6 Зылындзуар — кувæндон Къасарайы. Ос-Бæгьатыр æмæ Тамар-непе. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 28. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, Едыс, 1940 аз. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. ^Тамар-непе- Гуырдзыстоны ус-паддзах (непе — мепе — падцзах, гуырдзиагау) Тамар (XII æнусы 60-æм азты — 1207), уыд ирон паддзахы фырт Дауыт-Сосланы æмкъай. Тамар мой куыд скодта. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 28—29. Радзырдта йæ Хъайтмазты М. Бады хъæу, 1959. Ныффыста йæ Бигъуылаты Барис. ^Ерекъле-паддзах— таурæгъгæнæг хæццæ кæны историон архай- джыты нæмттæ. Тамары фыд уыдис Иракъли нæ (XVIII æнус), фæлæ Георги III (?—1184), — уый йæ цæргæйæ паддзахы бадæн радта йæ иунæг бындар Тамарæн. 2Æхсины бадæн —исКъасарайы. Тамар-дедопали. Мыхуыр уыд: Сборник материалов для описания мест- ностей и племен Кавказа. Вып. XXVII. — Тифлис, 1900. Ныффыста йæ С. Шульгин (Тифлисы сылгоймæгты гимназы ахуыргæнæг), 1890. 1Д е д о п а л и — ус-паддзах (гуырдзиагау). Тамар-паддзах афтæ кадджын уыд, æмæ нымад æрцыд зæдыл. Иу варианты ис ахæм эпизод. «Иу бон куы уыди, уæд Тамармæ хуынкъæй хуры тъш бакаст, æмæ басывæрджын и. Афæдзмæ йын лæппу райгуырд. Уыцы сывæллоны Тамар хъæдмæ ахаста æмæ йæ уым ныууагъта, худинагæй кæй тарсти, уый тыххæй. Лæппумæ саг бацыд æмæ йын дзидзи дардта. Иу хатт куы уыди, уæд уыцы раныл иу цуанон фæцæйцыд æмæ федта саг. Топпæй йæм бахъавыд, фæлæ сагæн йæ быны лæппу федта æмæ йæ ныууагъта, нал æй фехста. Саг алыгъд. Цуанон лæппуйы йæ хæдзармæ æрхаста, æмæ, куы схъомыл, уæд уæрыччытæ хызта. Иу бон фæстæмæ куы раздæхт, уæд къац- къаци (маргъ) федта, æмæ йын уый загъта: «Абон дæм дыууадæс барæджы æрцæудзæн». Лæппу уыцы дзырдтæ цуанонæн загъта, æмæ йын уый дзау- матæ (доспехи) радта. Уыцы барджытæ куы ’рцыдысты, уæд лæппуйы семæ акодтой Калакмæ æмæ йын уым ус ракуырдтой — мæликкы чызджы». (В. Миллер, ОЭ, III, 174—176 ф.). Миллер æй ныффыста 1883 азы, Дзауы. Ис ахæм таурæгъ гуырдзымæ дæр — «Тамар æмæ йæ фырт» («Грузинские народ- ные предания и легенды». — М. — «Наука», 1973, 165—166 ф.). Ос-Бæгьатыр æмæ хан. Мыхуыр уыд: Сборник материалов для описания местностей и племен Кавказа, вып. XXVII, 42—43. Ныффыста йæ С. Шуль- гин Къахеты 1893 азы. 410
1 ... тæтæр æмæ лекъ — ирон таурæгъты «тæтæр» хонынц тюркаг адæмыхæттыты, стæй пъерсы дæр; лекъ — Дагъистаны адæмыхæттытæ (ле- къæгтæм гæсгæ). Сыбайы дзуар. Мыхуыр уьщ: ИАА, III, 27-28. Радзырдта йæ Абайты Би- бойы фырт Цицка, 1948. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. 1 С ы б а — хъæу Хуссар Ирыстоны, Ручъы зылды. Æхсины бадæн. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 29. Йæ сæргонд - «Хиды фидар - Æхсины бадæн». Радзырдта йæ Хъайтмазты С, Зæрæмæг, 1959. Ныффыста йæ Бигъуылаты Барис. Ос-Бæгьатыр æмæ паддзах. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 23. Радзырдта йæ Битейы-фырт, Цхинвал, 1957. Ныффыста йæ Биазырты Алыксандр. Ацы сю- жет арæх æмбæлы ирон æмæ гуырдзйаг таурæгъты. 1 С у р а м - цæрæнуат астæуккаг Гуырдзыстоны. 2 Ц х е т а — Мцхета, Гуырдзыстоны рагон сæйраг сахар. Ахсахъ-Темур. Мыхуыр уыд: ДНТ, 81-83. Ахсахъ-Темур. Мыхуыр уьщ: ДНТ, 81-83. Ахсахъ-Темур нысанкæны КъуылыхТимур, амæвдыстцæуыадæ- мон цæстæнгас, Тимур куыд фæкъуылых, уымæ. Ахсахъ-Темур Дигорæмæ кутемæй æрцудæй. Мыхуыр уьщ: ДНТ, 83-84. 1 С а х - ам уыцы титул хæссы Ахсахъ-Темур, астæуккагазиаг тыхгæнæг, эмир Тамерлан A336—1405). 2 Алтæнцахъи мæсуг — ис Дыгурыхæхты.3 Гъевониæфцæг — Хъи- вон, Садонгомæй Уæллаг комы ’хсæн. Ахсахъ-Темур (вариант). Мыхуыр уьщ: ДНТ, 81. Æддагбæстон тыхгæнджыты ныхмæ тохы таурæгътæ Хъæрæм-Кермени æфсад Морга. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,557. Радзырдга йæ Бæзиты Саулох, 1933, Дур-Дур. Ныффыста йæ Хадаты Берди. 1 М о р г - цæрæнуат Дыгургомы. Иу стыр бæллæх Хъырымы ханы æфсæдтыл Кæсæг æмæ Иры хæхты æрцыд 1707 азы (История СО АССР, 1987,155 ф.). Ногьайи тауæрæхъ. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 556. Йæ радзурæг бæрæг нæу. Ныффыста йæ Тугьанты Махарбег, 1906 аз. 1 Туппуртæ — обæуттæ. Уыдон ногъайы конд не сты, таурæгъгæнæг куыд зæгъы, афтæ, фæлæ аланты. 2 У р с д о н — цæугæдон Цæгат Ирыстоны, Терчы галиу къабаз. Хъæрæмхан - адæмы фыдхор. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 560. Радзырдта йæ Будтуты Мæза, 1940, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Ибрагимы фырт Алыксандр. Кæсгон æлдар Инал. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 561—562. Радзырдта йæ Будгу- ты Мæза, 1940, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр. Хъайтыхъы-фырт Сар-Аслæнбег. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,583-586. Радзырдга йæ Будтуты Мæза, 1940, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр. 1 Хъайтыхътæ — кæсгон æлдæртты мыггаг. 2 Æ с с о н — асыйаг, балхъайраг. 3Задæлеск,4Кет — хъæутæ Дыгургомы. Хъантемурти Мазухъи тауæрæхъ. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 588-590. Радзыр- дта йæ Хæмыцаты Дзаххо, 1909 аз, Дзинагьа. 1 Г е з е — цæрæнбæстæ Гуырдзыстоны. 2Гæлиат, 3Мадзасг — хъæутæУæллагкомы. Мустафи дзубанди. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 590—592. Радзырдта йæ Галачи- ты Сехмæрзайы фырт Хаджибар, 1956 аз, Озрек. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. 411
Хъæрæмсаухалти Мустаффæ. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 592-594. Радзырдта йæ Будайты Дзаххо, 1937 аз. 1 С а р и — иуæй-иу таурæгъты уый у Гуырдзыстоны иу хай, иннæты у Асыйы (Балхъары) кæцыдæр æхсæнад. Абайты Васомæ гæсгæ Сари у Суанты бæстæ (ИЭСОЯ, III, 35 ф.). Свантæ цæрынц Дыгур æмæ Асыйы фæсчъылдым. 2Хъобани цъæх цъете— æвæццæгæн, Эльбрусыцъити,Хъобаны доны сæр. Ассий зар. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 595. Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза, 1933 аз, Сурх-Дигорæ. Ныффыста йæ Хадаты Берди. !Устур Асси — Балхъарыбæстæ. Бесоты фырт Бæрек. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 597. Радзырдта йæ Будтуты Мæза, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр. Дзывгьисы лæгæт. Мыхуыр уыд: газ. «Рæстдзинад», 1928, № 20. Ныффы- ста йæ Кокиты Георги Куырттаты комы. ^Дзывгъис — хъæу Куырттаты комы. Йæ сæрмæ къæдзæхы ис рагон лæгæттæ —фидæрттæ. 2Сахы паддзах — амтаурæгъгæнæгæнСахкæнæбæстæу,кæнæйын паддзах у хæстон фæтæг. Цъамад æмæ сахы æфсæдты хæст. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 558—559. Ра- дзырдта йæ Черчесты Знайы фырт Джеорджи, 1932, Цъамад. Ныффыста йæ Цæллагты М. 1 Ц ъ а м а д — хъæу Уæлладжыры комы, Уыналы сæрмæ. Гæлиатæ æмæ Уызы мыггаг сахы æфсæдтимæ куыд хæцыдысты. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 557—558. Радзырдта йæ Дзусаты Пленка, 1921 аз. Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз. 1 Гæлиат,2 Уыз — хъæутæ Уæллагкомы. 3 Т æ т æ р — таурæгъгæнæг знæгты хоны куы «сахы æфсад», куы та — «тæтæр». Сах Гæлиаты хъæу куыд бацахста. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, 1,140— 141. Ныффыста йæ В. Ф. Миллер Къæмынты. Ам цæуы чиныгаразæджы тæл- мацæй. Гайты мæсыг. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,559—560. Радзырдта йæ Гайты Ростьо- мы фырт Уасил, 1960 аз, Калачы хъæу. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. 1 Л и с р и — хъæу Мамысонгомы. Седанати тауæрæхъ. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 557. Радзырдта йæ Цакъоты Еккийы фырт Хъæрæсе, 1956, Задæлеск. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. Кодзырты Таймураз. Мыхуыр уыд: «Фидиуæг», 1927, № 9-10. Ныффыста йæ Быдтаты Агуыбечыр. Зыны йыл литературон бакуыст. 1 С а н и б а — ам: Хохы Саниба. Таурæгъы мотивтæм гæсгæ фыст у Хъайтгаты Сергейы драмæ «Таймураз». Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта. Мыхуыр уыд: «Мах дуг», 1940, № 10, 20-21. Дудиаты хъан. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 192—193. Радзырдта йæ Дудиаты Сæхмæрзайы фырт Дрис, 1940 аз, Цырау. Ныффыста йæ Аццеты 3. Д. ^Бирæгъзæнг — хъæу Цæгат Ирыстоны, Алагиры фарсмæ. Мæсугъæу æма Дзæрæсте Кетæй цæмæн фестадæнцæ. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 597-598. Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза, 1933 аз, Сурх-Дигорæ. Ныффы- ста йæ Хадаты Берди. 1 М æ с у гъæ у,2 Д з æ р æ с т е — хъæутæ Мæздæджы районы, станицæтæ Черноярская æмæ Ново-Осетинская. 3Хæзнидон — цæугæдон Цæгат Ирыстоны,Æрæфы галиу къабаз. Мæсхъæу (вариант). Мыхуыр уыд: ИАС, 1,598—599. Радзырдта йæ Будту- ты Мæза, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр. 412
Наурузти æрбацуд хонхмæ. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,599—601. Йæ сæргонд — «Наурузти Афсимайхуй æрбацуд хонхмæ». Радзырдга йæ Гетьоты Елбыздыхъо, 1933 аз. Ныффыста йæ Хадаты Берди. ^Наурузтæ — кæсгон кæнæ ногъайаг æлдæртты мыггаг. Музаты мыггаг. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 237-238. Радзырдта йæ Музаты Тъатъе, 1949 аз, Ленингоры районы Къусхаты хъæу. Ныффыста йæ Плиты Тенгиз. 1 Захъхъор,2 Армаз — хъæутæ Ленингорырайоны. Наниты Биандур. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 239. Радзырдта йæ Наниты Ро- себ, 1940 аз, Цхинвалы районы Ахалисы хъæу. Ныффыста йæ Плиты Илья. Цихисопелийы мæсыг. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 240. Радзырдта йæ Бедой- ты Илас, 1949 аз, Цихисопели. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. !Цихисопели -хъæуХуссарИрыстоны,Ленингорырайоны. 2Ахалгур - хъæу, ныры Ленингор. Хуыгаты Милойы хо Хæзна. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 239. Радзырдта йæ Наниты Андо. Ныффыста йæ Джусойты Нафи. Тотырадзы таурæгь. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 295-296. Радзырдта йæ Дза- сохты Дзæрæхмæты фырт Хъайсын, 1932 аз, Хъæзы хъæу, Уæлладжыры ком. Ныффыста йæ Боциты Барон. Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ Куырттаты кадæг. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,601-606. Радзырдта йæ Мырза- ганты Тотырбеджы фырт Тепсарыхъо, 1923 аз, Хæрисджын (Куырттаты ком). Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. ^...æвналын райдыдтой Екатеринæйы рæстæджы... — Цæ- гат Ир æмæ Уæрæсейы ахастдзинæдтæ райдыдтой Елизаветæ Петровнæйы заманы. Екатеринæ И-ы рæстæджы, 1774 азы, Цæгат Ир баиу Уæрæсеимæ. 2Дæллагхъæу, 3Хидыхъус-хъæутæКуырттатыкомы. 4Боржом — Боржоми. 5Фæсарыхъ — Арыхъы хæхтæ сты Æрджьша- рæгæй скæсæнырдæм. 6Хиу æмæ Хады ком -кæмттæ Гуырдзыстоны, Калачыфæндагыл. Куырттаты балц. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 248-250. Радзырдта йæ Гутнаты Состык. Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз. 1 Ц ы м ы т и — хъæу Куырттаты комы. Мамиаты Хъарадзауы хабар. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 253—255. Радзырдта йæ Гаджиты Михелы фырт Алихан, 1960 аз, Зæрæмæг. Ныффыста йæ Цагъа- ты Анастасия. Цæлыккаты Дзаджейы кард. Мыхуыр уыд: ХИФ, 189-190. Радзырдта йæ Беджызаты Гио. Куыртгаты цагьд. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,606—608. йæ сæргонд уыд — «Куырт- таты цагъды зарæг». Радзырдта йæ Боциты Беслæны фырт Росе, 1926 аз. Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз. 1 Екатериноградскæй станицæ — хъазахъхъагхъæуКæсæджы, Прохладныймæ хæстæг. 2 Ц æ л ы к к — быдыр Цæгат Ирыстоны, Рахизфарсы районы. 3Тарковскæйы Самхалтæ — ДагъистаныТаркийыæлдæрттæ. Паддзахы ныхмæ тохы таурæгътæ Мæличчы фырт. Мыхуыр уыд: ХИФ, 195. Радзырдта йæ Хъоцыты Иуане. ^Гуырдзыстоны паддзах — Георги XII Багратиони A746—1801), Гуырдзыстоны фæстаг паддзах, йæ бæстæ бакодта Уæрæсейы дæлбар. 1800 413
азы 22 декабры Павел I бафыста манифест Гуырдзыстон Уæрæсеимæ æрбаиу кæныны тыххæй. Йæ фырт Леуан 1810 азы ралыгъд Хуссар Ирмæ, хæцын сæ кодта паддзахы хицауады ныхмæ. Æфсад бабырстой Хуссар Ирмæ. Леуаны бахъуыд уырдыгæй фæлидзын. 2 М у г у т — хъæу Хуссар Ирыстоны. 3Ахалцих - Ахалцихе, сахар Гуырдзыстоны. Йалары хæст. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 133-134. Радзырдта йæ Къæбысты Баир, 1925 аз, Чъреба. 1 Й а л а р — инæлар. Ацы номимæ ирон таурæгъты баззад падцзахы инæлар Ренненкампф. Уый 1830 азы бабырста Хуссар Ирмæ, арт бандзæр- ста Чеселтгомыл, йæ ныхмæ стыр æхсар равдыстой Хъолайы мæсыг хъахъ- хъæнджытæ. 2Гутæттæ-амцынысанкæны,уыйбæрæгнæу. «Куырттатыкадæг»-ы æмбæлы: «Уырдыгæй рахастой гутонтæ, бирæ фос, бирæ адæм ракодтой...» 3 Къортъох — Сурамыæфцæг, Картлийæ Имеретмæфæндагыл. 4 ...йæ хистæр лæппуйы фыртæн радта-æвæццæгæн, амы- нæт, заложник. 5 Ч и ц — хъæдтæй æлхынцъ мæсыггонд, фидар исгæйæ мæсыджы сæрмæ сбырæн фæрæз (ХИФ, 405). Ацы цаутыл фыст сты Дзассохты Васойы драмæ «Хъолайы мæсыг», Сау- лохты Мухтары трагеди «Бега», Нафийы роман «Фыдæлты туг». Хазби æмæ Уæрæсейы падцзах. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт. ЦИНИИ-йы архив, фольклор, № 172, 57 папкæ. Радзырдта йæ Дудиаты Михал, 1940 аз., Хохы Хъахъхъæдур. Ныффыста йæ Калоты Хазби. ^Дыууæдонастæу- Хъобаны дон æмæ Гæналдон кæм баиу вæй- йынц, уыцы бынат. Ам 1830 азы æрцыд тугкалæн хæст ир æмæ падцзахы æфсæдгы ’хсæн. Æфсады сæргъы уыд инæлар Абхазов (Абхазашвили) - ирон таурæгътæ æмæ зарджыты Абхадз. 2 М ы х ~ Дыууæдонастæу уæлбыл, егъау фæз. Ацы цаутыл фыст у Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Хазби». Хадзыбийы æмбисонд. Мыхуыр цæуы фыццаг хатт. ЦИНИИ-йы архив, фольклор, №23,15 папкæ. Ныффыста йæ Цæллагты М. Уæлладжыры комы 1932 азы. Тогойты мæсыг. Мыхуыр уыд: ХИФ, 202. Радзырдта йæ Къораты Пвдо, 1935 аз, Къорайы хъæу. 1Т о г о й т æ цардысты Дзимыры. Сæ мæсыг сын фехæлдтой инæлар Рен- ненкампфы æфсæдтæ 1830 азы. Хъуды абьфджытæ. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 141—149. Радзырдта йæ Беджы- заты Леуан, 1923 аз, Едыс. Ныффыста йæ Беджызаты Уасил. Ацы хабæрттыл дзуры Гæдиаты Секъайы таурæгъ «Хъуды Цыппу» дæр. ^Хуызивæн б о н — диныбæрæгбон, уыдис-иу сæрдыкæрон. 2Хъелы æфцæг — исУрстуалтæйХъудыкомыæхсæн. 3Сау дзуары хох-уыйдæруым. 4Дзимыр — ком Хуссар Ирыстоны, Ленингоры районы. Томайты хæст. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 136—140. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, 1927 аз. Ныффыста йæ Беджызаты Уасил. Ацы цаутæ æрцыдысты 1850 азы. Мæхæмæты хабæрттæ æмæ зарæг кæс: «Фидиуæг», 1973, № 3. 1Л е т ы æфцæг— ис Къуыдаргомæй Туалгомы æхсæн 2 3 р у г — хъæу æмæ ком Туалты, Нары зылды. 3Къусджытæ — хъæу Хуссар Ирыстоны, Уанелы зылды. 4Дзуары фæз — исДæллагРучъы,Хистыдзуарыбын. 5Залтаров — Золотарев, паддзахыæфсæдтыраздзæуæг. 414
6Ларсантæ æмæ Борсæтæ — афтæхуындыстыДжыккайтымыг- гаг фыды номæй. 7Шеригрит — шевригдет (гуырдзиагау): бафидауæм. 8Андронико æмæ Ерыстау — гуырдзиагæлдæрттæАндроникаш- вили æмæ Эристави. 9Царциаты уæзæг —исЕдысыцур. Талгъик-наиб. Мыхуыр уыд: газ. «Ног цард», 1920, 18 июлъ, № 2. Йæ ныффыссæджы фæсномыг — Нарт. Уацмыс йæ мидис æмæ йæ аивадон æууæл- тæй у фольклорон. Ацы таурæгъы бындурыл фыст у Джыккайты Шамилы поэмæ «Намыс». ^Талгъик-наиб— имамШамилынаиб, цæцæйнаг, Кавказыхæсты хъайтар. 2Слепцов — паддзахыинæлар, йæномыл баззадстаницæСлепцовс- кая Цæцæн-Мæхъхъæлы. 3 М а р т а н — Цæцæны ис 2 хъæуы: Ачхой Мартан æмæ Урус Мартан. Æлдарады ныхмæ тохы таурæгътæ Цæразонтæ. Мыхуыр цæуы фьщцаг хатт. ЦИНИИ-йы архив, фольклор, № 33,21 папкæ, 38—40 ф. Радзырдта йæ Дзусаты Пленка, 1921 аз. Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз. Бадилатæ Цæргæсатæй хъалон куыд истой. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 158- 160. Радзырдта йæ Сланты Иликъо, 1940 аз, Брытъат (Урстуалты). Ныффыс- та йæ Беджызаты Дудар... Стьф Дьпур. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,616-617. Радзырдта йæ Хъæдохты Га- бало, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр. ^...ралыгъди Мазарæй (Гуырдзыйæ)— МадзарГуырдзыстоны нæ уыд, фæлæ Цæгат Кавказы, Хъумы доны был. Туйгьанти Тæтæрхъани зар. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,612-616. Радзырдта йæ Будтуты Мæза, 1929 аз, Цыкола. Йæ ныффыссæг бæрæг нæу. 1Æ ф с и з — хъæу Кæсæджы. Бæтæйы фыртгæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 215-220. Ныффыста йæ Брьпъиа- ты Созырыхъо. Йæ радзурæг бæрæг нæу. Зыны йыл литературон бакуыст. Ацы цаутæ бæстон æвдисы Санаты Уарийы таурæгъ «Бæтæйы фырттæ». Бæтæйы фырт Аслæнбег абырæг цæй тыххæй сси. Мыхуыр уыд: «Мах дуг», 1941, № 1,28—31 ф. Ныффыста йæ Гутнаты Хъанымæт. Сæргонды бын — Адæмон таурæгъ. Хъарадзауты Мысырби. Мыхуыр уьщ: ИАС, 1,576-578. Радзьфдта йæ Буд- туты Мæза, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр. Дыгуры æрбалæбурд Мамысонмæ. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,578—580. Радзырдга йæ Дарчиты Габейы фырт Атто, 1960 аз, Лисри (Мамысонгом). Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. 1 Г л у р — хъæу Уæллаг комы. 23гъил, 3Калак — хъæутæ Мамысонгомы. Туалты таурæгь. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 580 — 581. Радзырдта йæ Дарчиты Габейы фырт Атто, 1960 аз. Лисри. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. Тлатгаты Чермен. Мыхуыр уьщ: ИАА, III, 210 - 211. Радзырдга йæ Дзукъаты Григолы фырт Захар, 1917 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Бернард Мунка- чи (Кæс: Б. Мункачи. Ирон поэзийы дидинджытæ. — Будапешт, 1932). Чермены царды хабæрттæ бæстон æвдыст сты Санаты Уарийы таурæгъ «Чермен»-ы. Æмдзæвгæтæ йыл ныффыстой Гæдиаты Секъа æмæ Барахъты Гино, кадæг — Къубалты Алыксандр, драмон уацмыстæ Мамсыраты Дæбе æмæ Плиты Грис. 415
Черменæн кæвдæсарды хай. ЦИНИИ-йы архив, фольклор, № 23,15 папкæ, 59 ф. Ныффыста йæ Цаллагты М., 1932 аз. Уæлладжыры ком. Йæ радзурæг бæрæг нæу. Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куыд ацыд. Мыхуыр уыд: «Мах дуг», 1940, № 10, 20-21. Йæ радзурæг бæрæг нæу. Журналы сæргæндты йæ «авторы» ном у — Къ. Дз. 1 М у х р а н ы æлдар — Мухран — зæххы ном Гуырдзыстоны, Мцхе- тайæ Душеты æхсæн. Чермен æмæ сомихаг. Мыхуыр уыд: «Мах дуг», 1940, № 10, 21—22. Цикл «Чермены таурæгътæ». Куымæриттаты домбай Тьотьор. Мыхуыр уыд: «Фидиуæп>, 1938, № 9, 31— 33. Радзырдта йæ Куымæриттаты Къоте. 1 Потнис,2Суацхур, 3Къохат — хъæутæХуссарИрыстоны, Цхин- валы районы. 4 А м л а х о р — Амилахзари, гуырдзиаг æлдæртты мыггаг. 5 М о у р а у — гуырдзиаг æлдары æфсæддон. 6Джер,7Гудис — хъæутæ Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы районы. 8 С у п р а — фынгæмбæрзæн (гуырдзиагау). Маралеты мæсыг. Мыхуыр уыд: «Фидиуæг», 1939, № 1,48—50. Ныффыста йæ Сабанты Илья. 1 М а р а л е т — хъæу Цхинвалы районы. Бæдгайы æлдар. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 191-192. Радзырдта йæ Беджыза- ты Леуан, 1940 аз, Едыс. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. 1 Б æ л т а — хъæу Цæгат Ирыстоны, Арвыкомы фæндагыл. Салайы æмбисæндтæй. Мыхуыр уыд; ХИФ, 320—321. Радзырдта йæ Гаг- лойты Григол. 1 Ч ъ е х ы нарæг — исСтырЛеуахийыкомыДзауæйЦхинвалыастæу. 2Къаралет — хъæуГуырдзыстоны, Гурмææввахс. Таурæгъæн ис варианттæ: 1) «Тедеты Цагъи æмæ Гаглойты Сала». — Фидиуæг, 1987, № 9; 2) «Гаглойты Сала».- Фидиуæг, 1982, № 3. Цъинубаны мæсыг. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 209-210. Радзырдта йæ Бе- дойты Исидоры фырт Ила, 1949 аз, Ленингоры район, хъæу Цихисопели. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. 1 Наделитæ, Удалитæ — гуырдзиагæлдæрттымыггæгтæ. 2Ахалгур - хъæу, ныры Ленингор, цардысты дзы Чысаны Ерыстау- тæ. Ерыстауты Сала. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 298-299. Радзырдта йæ Туаты Хъараман, 1940 аз, Цхинвалы район, Цъипор. Ныффыста йæ Плиты Илья. *Лекъуан — хъæуХуссар Ирыстоны. 2 Ц и г а — дзоныгъ (гуырдзиагау). 3Лæгдзæд — дыууæ лæджы иу æфсондзы ифтыгьдæй. 4 Ц ъ а л а — ком, стыр дон кæм цæуы, ахæм. Лекъуаны æдцар. Мыхуыруыд: «Фидиуæг», 1938, № 10, 34—36. Ныффыс- та йæ Сабанты Илья. Йæ радзурæг бæрæг нæу. 1 Б е н д е р — хъæу Хуссар Иры, Медзыдайы комы. Фидары мæсыг. Мыхуыр уыд: «Фидиуæг», 1938, № 8,25-30. Ныффыста йæ Сабанты Илья. 1Æ л б и р ы ком — ис Хуссар Ирыстоны. Тъатъе æмæ Сандро. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 303—304. Радзырдта йæ Хуы- былты Есе, 1940 аз, Асатъуры хъæу. Ныффыста йæ Плиты Илья. Ацы абырджыты хъысмæтыл фыст у М. Горькийы очерк «Горийские раз- бойники», К. Лорткипанидзейы уацау «Гураг таурæгъ». Хуыбиаты Уасо. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 305—306. Ныффыста йæ Плиты Тенгиз, 1949 аз, Ленингоры районы Захъоры хъæуы. 416
Пухаты Иликъо. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 302-303. Радзырдта йæ Уанеты Никъолоз, 1949 аз, Лагодехы районы Понайы хъæу (Къахет). Ныффыста йæ Плиты Баграт. Иликъо фæмард 1891 азы. Йæ цардыл фыст у Джиоты Дауыты роман «Иликъо». 1 К а р е л — хъæу Гуырдзыстоны, ныр районы центр. Зурайы кадæг. Мыхуыр уыд: ИАА, III291-292. Радзырдта йæ Хуыбылты Есе, 1940 аз, Асатъур. Ныффыста йæ Плиты Илъя. !Бихъаргом — ис Цхинвалы районы. БЫНÆТТОН ТАУРÆГЬТÆ Æгъдауы таурæгътæ Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры. Мыхуыр уыд: ХИФ, 260-265. Йæ сæр- гонд — «Æртæ æфсымæры». Радзырдта йæ дзомагъаг Губаты Дзакко, 1926, Чъреба. Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры таурæгь (вариант). Мыхуыр уыд: жур- нал «Чырыстон цард», 1916, № 4, 66—72 ф. Эпиграф ист у Библийæ, «Соломоны æмбисæндты чиныг»-æй. ^Цъæлын кæрдзын —цъæлæйконд(?). 2Царды фæлвæра-æфсымæртæУастырджийыхонынцкуы«цар- дыуаджы фæтæг», куы та «царды фæлвæра». 1Т у й ы бæрц— æвиппайды,цыбыррæстæгмæ(?). Уастырджи уазæгуаты. Мыхуыр уыд: «Чырыстон цард», 1915, № 7, 306— 309 ф. Йæ сæргонд — «Фыдæлтæй баззайгæ таурæгъ Уастырджийы номæй». Ныффыста йæ Быдтаты Агуыбечыр. Таурæгъы кæрон ма уыд: «Æвæццæгæн æмæ, Уастырджи кæддæр ирон адæмы тынг стыр фыдбылызтæй фервæзын кодга. Уыййеддæмæ Уастарджийы ном фыццагæй фæстагмæ ирон адæмы цæсты цæй тыххæй афтæ тынг кад- джын æмæ бæрзонд у? Цæй тыххæй дзурынц ирон адæм, Уастырджи лæджы фарс у, зæгъгæ? Уый тыххæй, æмæ нæ фыдæлтæй Уастырджийы номæй цы- дæриддæр таурæгътæ баззади, уыдонмæ лæг лыстæг куы ’ркæса, уæд бæл- вырд зæгъдзæн: æцæг, Уастырджи лæджы фарс куы у, зæгъгæ». Фæлвæрайы фырг Будзумар. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 98-100. Радзырдта йæ Губаты Дзакко, 1926 аз. Буры фырт Мæхæмæты кадæг. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 92—95. Радзырдта йæ Джусойты Кудза. Ацы мотив ис æндæр таурæгъы дæр: «Хуыцау æмæ Уастырджи балцы куыд цыдысты» (Уый дæр уым.). Ис ын вариант «Ирон таурæгъ» (Нигер, 3-аг том, 584-587 ф.). Хуыбиатæ арс цæуылнæ марынц. Мыхуыр уыд: «Фидиуæг», 1927, №№ 1— 2, 26-32 фф. Иæ сæргонд - «Рагон цуаноныл цы ’рцыд». Ныффыста йæ Мина Къабузон (?). Зыны йыл литературон бакуыст, йæ райдайæн ам цæуы цыбыртæгондæй. 1X ъ у а р и — нæзыты тæнæг фастæгтæ агъуысты сæр æмбæрзынæн. Мæгуыр лæг æмæ лæппу. Мыхуыр уыд: ИАА, II, 124—126. Радзырдта йæ Гуырцъыты Дианоз, 1940 аз, Дзимыр. Ныффыста йæ Гасситы Владимир. Цæхджын хойраджы аргь. Мыхуыр уыд: Ирон адæмон сфæлдыстад, Хре- стомати. — Дзæуджыхъæу, 1949, 375 ф. Таурæгъы вариант «Иунæг æмæ удхæссæг» ис: ХИФ, 294—295. Радзырдта йæ Наниты Андо. Иунæджы кадæг. Мыхуыр уыд: ПНТО, 123—125. Таурæгъы кæрон уыд: «Уæ, Иунæг, цæй мæгуыр дæ, цæ! Хъæды халæт- 27 Ирон таурæгътæ 417
тæм дæр дæуæй мæгуырдæр куынæ разындзæн», — загъта ма Теса, фæндыры тæнтæ æруагъта æмæ йæ æд цæгъдæн лæппумæ радта». Базыргантæ. Мыхуыр уыд: «Мах дуг», 1935, № 7—12, 82 ф. Адæмон тау- рæгъмæ гæсгæ йæ ныффыста Æмбалты Цоцко. Ацы сюжет арæх æмбæлы ирон таурæгъты. ^Базырган — базæрган, сæудæджер, базаргæнæг къупец (Персидско- русский словарь, т. I. — М., 1970, с. 168). Гуырдзыйы падцзахы худ. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, 1,141. («Преда- ние о грузинской короне»). Миллерæй ныффыста Къæмынты, Дзылыхы- фырты ныхæстæй. Хоны йæ гуырдзыйæ æрбафтгæ таурæгъ. Ам цæуы чины- гаразæджы тæлмацæй. 1 Е р е к и н — æвæццæгæн, Ерекъле (Ираклий). Саккаты хæйрæг (кæнæ Сечъынаты хæйрæг). Мыхуыр уыд: ИАС, II,. 272. Радзырдта йæ Дзусаты Пленка, 1921 аз. Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз. Бытъæйы таурæгь. Мыхуыр уыд: ИАС, II, 275. Радзырдта йæ Бæдтиаты Джетъеса, 1959, Дæргъæвс. Ныффыста йæ Мамсыраты А. Бирæгьы хинтæ æмæ цуаноны раст гæрах. Мыхуыр уыд: ИАС, II, 301. Ныф- фыста йæ Хъаныхъуаты Батырбег, 1924 аз, Хъобан. Йæ радзурæг бæрæг нæу. Дзæгьæлдзæуæг. Мыхуыруыд: ИАА, III, 104-105. Фыццаг хатт уыд: газ. «Новое обозрение», 1890, № 227. Йæ сæргонд «Блуждающий осетин». ]Хиуы С и о н — гуырдзиагхъæуАрвыкомы. 2 К ъ о б — ирон хъæу Арвыкомы фæндагыл. Хингæнæг ус. ЦИНИИ-йы архив, фольклор, № 33, папка 21. Ныффыста йæ Цæллагты М. Пысылмон дины райст. Мыхуыр уыд уырыссагау: Сб. сведений о Кавка- зе, т. I.—Тифлис, 1871,171—172 ф. Ныффыста йæ д-р В. Пфаф. Уый йæ уацы («Путешествие по ущельям Северной Осетии») фыссы: «Новейшая, извест- ная мне вставка в древнюю сказку о Батрасе относится к эпохе принятия осетинами мухаммеданской веры. Из этой вставки мы узнаем, что к приня- тию мухаммеданства осетин побудило, собственно, только многоженство. Я решаюсь привести эту вставку, несмотря на то, что она довольно сально- го содержания». Таурæгъæй бæлвырд историон факт домæн нæй. Пфаф ыл æгæр æууæнды. Раст нæу, Пфаф таурæгъы архайæг Батрадзы Нарты гуып- пырсар кæй æнхъæлы, уый дæр. Иннæ нæмттæ (Галазан, Телвес) ирон сты, уый гуырысхойаг у. Таурæгъ ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Æртæ тæригьæды. Мыхуыр уыд уырыссагау: Осетинская легенда «Три греха» в переводе с грузинского Гр. Вольской. — Газ. «Новое обозрение», 1891, № 2619. Гуырдзиагæй тæлмац цæмæн уыд, уый бæрæг нæу. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Хуыцауы азар. Мыхуыр уыд уырыссагау: газ. «Казбек», 1899, № 527, 528 («Божья гроза». Осетинская легенда). Ныффыста йæ А. Хаханов A866-1912). Таурæгъ ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. ^Номдзыддæр л æ г - оригиналы: полновластный хозяин села. 2Адайыхох — хохЦæгатИрыстоны, Зæрæмæджысæрмæ. Зджыды рæсугьд. Мыхуыр уыд: Ирон адæмон сфæлдыстад. Хрестомати. - Дзæуджыхъæу, 1949, 85—89 ф. Радзырдта йæ Габолаты Микъала. 1 С а р и й ы хъæу— Абайты Васомæ гæсгæ, Сари у Сванты бæстæ. Мзораты Мзоры кадæг. Мыхуыр уыд: ХИФ, 366—369. Радзырдта йæ Бе- джызаты Гио. Едыс. *Дзамарас - Куырттаты комы къабаз. 2Дзлаты мæсыг— уыдÆрджынарæджы, Елхотыныхмæ. 3 А р ы х ъ ы рæгътæ — Æрджынарæгæй Назраны астæу цы ныллæг хæхтæ ис, уыдон. 418
Кадæгæн ис бирæ варианттæ. Уыдон сюжеттæм гæсгæ фыст у Нигеры поэмæ. Дзлаты рæсугьд Азаухан æмæ Æмзораты чысыл Æмзор (вариант). Мы- хуыр уыд: ИАС, I, 446-448. Ныффыста йæ Хъаныхъуаты Батырбег, 1924 аз, Хъобан. Йæ радзурæг бæрæг нæу. ^Уынауыттæ —лæггадгæнджытæ. Хæтæг Барæг. Мыхуыр уыд: ИАТКА, III, 17—23. Радзырдтой йæ Баскаты Дебола, Дзугкойты Гаппо, Тæбæхсæуты Дударыхъо. Ныффыста йæ Æмбал- ты Цоцко. Лæппу æмæ чызг куыд бафидыдтой. Мыхуыр уыд: ИАТКА, IV, 63-66. Радзырдта йæ Хъаныхъуаты Бадже, 1926 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. Æртæ ’фсымæры куыд ссардтой сæ давд бæхтæ. Мыхуыр уыд: ИАТКА, III, 57—58. Радзырдта йæ Æмбалты Бицайы фырт Аппе, 1922 аз, Æрыдон. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. Æлдары чындз. Мыхуыр уыд: ИАТКА, III, 41-47. Йæ сæргонд - «Æлда- ры чындзы аргъау». Радзырдта йæ Баскаты Тазрет, Æрыдон. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. Хъуыдæберд Æдæсы фырт. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 572-574. Радзырдта йæ Будтуты Мæза, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр. Асыйы æлдар. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 100—101. Радзырдга йæ Беджызаты Леуан. 1 Ас ы — Балхъары бæстæ. Баззад ыл Иры рагон ном. Егор-Æлдар. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 98-100. Радзырдта йæ Плиты Ша- ликъо, 1930, Рукъ. Ныффыста йæ Плиты Харитон. Хъансаубий-æлдари дзубанди. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,454-459. Радзырдта йæ Цæрикъаты Хаджибары фырт Солтан, 1956 аз., Озрек. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. Хъансауби æмæ Хъамбодги (вариант). Мыхуыр уыд: ИАС, 1,459—462. Ра- дзырдта йæ Будтуты Мæза, 1940, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алык- сандр. Щегæны хъæу — ис Асыйы, Чегем. 2Усген, 3Елухт — кæсгонхъæутæ. Тæрион Тулабег. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 586-587. Радзырдта йæ Тубеты Дзæрдæг, 1933, Лескен, Ныффыста йæ Цъеуты Израил. ^Донифарс^Лезгор — хъæутæ Дыгургомы. 3 Ф æ с н а л — хъæу Уæллаг комы. Тасолтанты хабар. Мыхуыруыд: ИАА, III, 199—200. Радзырдта йæ Лазар- ты Никъала, 1953, Хъæдгæрон. Хæмицати Хæмиц. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 595—597. Радзырдта йæ Тубеты Дзæрдæг, 1933, Лескен. Ныффыста йæ Цъеуты Израил. ^Тасолтантæ — кæсгон æлдæртты мыггаг. Дигор-Хъабан. Мыхуыр уыд: .ИАС, I, 569—572. Радзырдта йæ Тауаситы Мæхæмæт, 1928, Цыкола. 1У æ х ъ æ ц — хъæу Уæллагкомы. 2Хъуымайаг — цагъар, хъазайраг. 3Махческ,4Æхсæрисæр, 5Нар — хъæутæ Дыгургомы. Мады зæрдæ. Мыхуыр уыд: ИАС, II, 312—313. Радзырдта йæ Мамиаты Хъасболат, 1949, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Мамиаты Надинæ. Мады зæрдæ (вариант). Мыхуыр уыд: «Чырыстон цард», 1916, № 5. Ныф- фыста йæ сауджын Е. Галазты. Галазы-фырт йæ уац «Цытджын дар дæ фыды æмæ дæ мады», зæгъгæ, уым фыссы: «Тынг зын бафидæн у мад æмæ фыды фæллой! Мады фæлмæн- 419
зæрдæдзинады тыххæй ис ахæм фыд диссаджы æмбисонд» (85 ф.). Таурæгьы кæрон ма бафтыдта: «Уынут, уæддæр ма йын тæригъæд кодта, уæддæр ма йæ йæ хур хуыдта!.. Хуыцауæй бузныг, бирæтæ æгад нæ кодтой æмæ нæ кæнынц сæ мад, сæ фыды. Стыр зондджын пахуымпар æмæ ныфсджын паддзах Соло- монмæ иу хатт цавæрдæр хъуыддаджы тыххæй курæг æрбацыди йæ мад. Со- ломон фестад йæ бадæнæй, лæугæйæ акуывта йæ мадæн æмæ йæ йæ рахиз фарсырдыгæй æрбадын кодта паддзахы бандоныл». Кæронбæттæны ноджы- дæр фыссы: «Кæнæ фыдæлтæ загътой: дæ фыдæн тæскъ куы сбийай, уæд дæуæн дæр дæ фырт тæскъ кæй сбийдзæн, уый зон» (86 ф.). Астанты мæсыг. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 151-152. Радзырдта йæ Тугьанты Махарбег, 1948. Ныффыста йæ Биазырты А. X. Беджызатæ бирæгъ куыд бастыгътой. ХИФ, 1936, 328 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан. Хъессаты Еба. - ХИФ, 1936, 547-549. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан. 1933, Ддыс. Историктæ куыд фыссынц, уымæ гæсгæ 1749 азы Бетъырбухмæ цы ми- нæвæрттæ ацыд, уыдонæй Захъайаг Елисей Лукич Хетагов (гуырдзиаг доку- ментты йæ хонынц Эба Генцауров) уыд Хъессаты Еба. Хетæгкатæ тыхджын мыггаг уыдысты, æмæ йæхи уыдонæй схуыдта барæй, цæмæй йын паддзахы размæ цæуыны бар уа, уый сæраппонд (Блиев М. М. Русско-осетинские от- ношения. - Орджоникидзе, 1970, 125 ф.). Таурæгъы иу варианты ис ахæм ныхæстæ: «Еба уыд тынг тыхджын лæг. Дардта Сиречы (Церечы - Дж. Ш.) згъæр. Паддзахы размæ цыд адæмы номæй. Мæскуыйы сахары саразын кодта æрхуы суаритæй стыр цæджджинаг, кодтой дзы 35 путы задæй бæгæны» (ЦИ- НИИ-ы архив, фолъклор, № II, 24, 45 ф. Ныффыста йæ Цæллагты М.). ^Фæкададжи — ферра, фæхæйрæджджын (гуырдзиагау). Тых æмæ зонд. Мыхуыр уыд: газ. «Ног цард», 1920, № 5. Ныффыста йæ Нарты Бæтæг (фæсномыг). Зоратæ мæсыг куыд амадгой. Мыхуыр уыд: «Фидиуæг», 1970, № 10, 50— 53 ф. Радзырдта йæ Мырзаганты Хъамболаты фырт Уане, 1970 аз, Хидыхъус. Ныффыста йæ Дзадтиаты Гиуæрги. Ацы мотив ирон таурæгъты æмбæлы арæх. Кæс: Цæгæраты Созырыхъо. Мæсыгамайæг. — Орджоникидзе, Ир, 1984,11 ф. Хъæдæргъæвæн. Мыхуыр уыд: газ. «Ног цард», 1920 азы 11 июль, №1. Ныффыста йæ Муссæ (фæсномыг). Сауджыны фæнад. - ХИФ, 1936, 536-537. Радзырдта йæ Гаглойты Гри- гол, 1932, Цхинвал. !Бедзетæ — хæдзарвæндаг Дзомагьгомы Къæззаты хъæуы Плитæй. Куы- дзан æмæ Хуыдзионы аскъæфт. - ИАА, III, 233-234. Радзырдта йæ Беджыза- ты Леуан, 1939. Ныффыста йæ Беджызаты Васо. Багус æмæ Бага. — ИАА, III, 234—235. Радзырдта йæ Беджызаты Пепейы фыртЛеуан, 1940, Едыс. Ныффыстайæ Беджызаты Дудар. Софиайы таурæгъ. - ИАА, III, 263-264. Радзырдта йæ Хъалæгаты То- тырбеджы фырт Биби, 1959, Джимара. Ныффыста йæ Цагьаты А. Дз. 1Д у ш е т — горæт Гуырдзыстоны. Ног нымæт. Мыхуыр уыд: «Ирон газет», 1906, №№ 4, 5. Ныффыста йæ Сабан (фæсномыг). Фольклорон кæй у, уый гуырысхойаг нæу. Ацы сюжеты эпизод ис барон Икскулы уацау «Названые братья»-йы дæр. Мыггæгты таурæгътæ Æртæ æфсымæры. Мыхуыр уыд: ХИФ, 1936, 317. Радзырдта йæ Дзабиты Хъаплан, 1927, Цхинвал. Нузалы чингуытæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 282. 420
Тæгиаты равзæрд. Мыхуыр уыд: ССКТ, 35—37. («Предание о происхожде- нии тагаурцев»). Ныффыста йæ Санаты Дзантемыр. Ам цæуы чиныгаразæ- джы тæлмацæй. ^Тæгауыр- сомихагау нысан кæны паддзах, венценосец (Санайы- фырты фиппаинаг). 2 К с у р т æ — хъæу, ныр Алагиры иу хай. 3Хъуысхæ — хохаг, афтæхонынцкæсæгиры. Ацы таурæгъæн ис бирæ вариантгæ. В. Ф. Миллер æрхаста иу таурæгъ, Куыртгат йе ’фсымæр Тæгаимæ Куыртгаты комы куыд æрцард, уый тыххæй. Миллер фыссы: «Что касается брата Куртата Тага, то народные легенды о нем куртатинцев и его потомков тагаурцев далеко несогласны между собой. Тагаур- цы, считая себя по происхождению благороднее куртатинцев, не признают родства между Тагауром и Куртатом. Основываясь на имени Тагаур, которое по-армянски значит венценосец, они считают своего предка армянским царе- вичем». Дарддæр Миллер фыссы, зæгьгæ, куырттатаг таурæгътæм гæсгæ Тæга æгæр схъал, адæмы æфхæрдта æмæ сæ йæ ныхмæ сарæзта. Æрцыд ахæм хабар. Иу хатт Тæга ацыд цуаны. йæ цуанон уари уæрцц асырдта, æмæ уайтагъд мæргътæ фæаууон сты. Тæга ацыд сæ фæдыл. Уыцы афон фондз хуымоны хуым кæрдынц. Мæргътæ æрбатæхьшц ныллæджыты, иу хуымон сыл æхсырф фехста, æмæ уари æрхауд. Уалынмæ Тæгайы ауыдтой, базыдтой, уари кæй у, уый æмæ йæ хуымы астæумæ баппæрстой. Тæга сæ федта æмæ сæ æнæгъдау æфхæрд бакодта: фондзы дæр сбæттын кодта, бæндæн хæрæджы къæдзилыл бабастой, æмæ сæ афтæмæй йæ мæсыгмæ æрбатардта. Адæм сыстадысты Тæгайы ныхмæ. Сыстад æмæ фæлыгъд уый Фыййаг- доны комæй. Афтæмæй, Куырттатаг таурæгъмæ гæсгæ, Тæга æрцард Дæр- гьæвсы, æмæ уым амыггаг кодтой Тæгиатæ. («Материалы по археологии Кав- каза». Вып. I, Под редакцией графини Уваровой. — М., 1888, с. 59—60.) Хæкъуынайы мæсыг. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 567—568. Радзырдта йæ Хæ- дарцаты Хъазыбег, 1940, Гуысыра. Ныффыста йæ Хæдарцаты Азæ. Куырттатаг кадæг. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 581—582. Радзырдта йæ Хъалæ- гаты Иналдыхъо, 1926, Дзæуджыхъæу. !Тъæпæнхъæу — æвæццæгæн. ФæзыхъæуДæргъæвсгомы. 2Дзуарыхъæу — ам: хъæу Куырттаты комы. Ларс æмæ Хуха. Мыхуыр уыд: газ. «Казбек», 1902, № 1446-1447. Ныффы- ста йæ Цæлыккаты Ахмæт. Зыны йыл литературон бакуыст. Ам цæуы чины- гаразæджы тæлмацæй. Таурæгъæн ис бирæ варианттæ. Цымыдисаг у, «Куырттатæ æмæ Тæгиа- тæ дзæбидыры тыххæй сæ кæрæдзийы куыд ныццагътой, уый райдайæн. Куырттатæ ратардтой Тæгайы йе ’ртæ фыртимæ Дæргъæвсмæ. — Иу бон куы уыдис, уæд хохæй иу дзæбидыр ралыгъд хъæуы астæуты. Рафæдис æм сты Тæгиатæ. Раирвæзт дзæбидыр коммæ. Комы нарæджы та, æвæццæгæн, цæуджытимæ баиу, фæстæмæ та алыгъд хохырдæм, æмæ йæ Дæргъæвсы хъæуы астæу амардтой Тæгиатæ. Буцгомау ын йæ сæр æмæ йæ бæрзæй иу куырм хистæр зæронд лæгæн барвыстой. Зæровд лæг сæ бафарста, цы у уый, зæгьгæ. Радзырдтой йын хабар. Зæронд лæг скуыдта æмæ загъта: «Уый сырд уъщи, райгуырди хохы æмæ хохы цард. Тых кæуыл нæ вæййы? Йе йæ цуанон фæтæрсын кодта, йе йæ бирæгътæ расырдтой, — ралыгъдис, куы аирвæзин, зæгъгæ, хъæуы астæуты; хъæуæй йын тас куынæуал уыд, уæд йæ райгуырæн бæстæ йæ зæрдыл æрлæууыд æмæ фæ- стæмæ йæ бæстæм ралыгъд. Йæ райгуырæн бæстæ агургæйæ йæхи амарын кодта сымахæн. Сымахæн уæ фыдæлты Куырттатæ ратардтой, æмæ уæ фыды бæсты тыххæй иу лæппу йæхи амарын кæнын нæ фæразы». Тæгиатæ сæмбырд сты æмæ иннæ абонмæ сæхи срæвдз кодтой. 421
Дарддæр цæуы Ларса æмæ Хухайы хабар. (ЦИНИИ-йы архив, фольклор, I, № 3,2 папкæ. Ныффыста йæ Хъаныхъуаты Батырбег, 1924 аз, Хъобан). Дыууæ комы, дыууæ æхсæнады ахастытæ æргом кæны таурæгъ «Тæгайы зарæг» дæр. Ам дæр Тæга æмæ Куыртта сты ханы фырттæ, кæсгон хæрæ- фырттæ. Дыууæ æфсымæры кæрæдзи нæ уарзтой, æмæ Тæга ныууагъта йе ’фсымæры. Дарддæр таурæгъгæнæг дзуры: «Хорз лæг уыд Тæга, уæздан, хæ- дæфсарм, æмæ йæ фыды бæстыл йæ зæрдæ рысти, сагъæс кодта. Иу хатт куы уыд, уæд сфæнд кодта йæ фыды бæстæ фенын æмæ хъарæджы хуызæй йæхи- цæн дзырдта — зарæджы ныхæстæ дæр уыдысты: Цæуон æмæ Тыбауы бсерзондмæ ссæуон æмæ фæфæлгæсон Æхсæбийы мæ даргъауæдз хуымшæм, Тачъыны гпа мæ къуырфбын уыгæрдæнтæм. Уырдыгæй фæкæндзынæн чындздзон чызджы куыдтытæ Æмæ æвгъæддон усы хъарджытæ. Ме ’нæуæздан æфсымæрыл мæ тæригъæд фæхъарон...» (ЦИНИИ-йы архив, фольклор, № 114, 90 папкæ. Радзырдта йæ Хæдарцаты Хъазыбег, 1940 аз, Гуысыра. Ныффыста йæ Къадзты Нинæ.) Дыгур Къæмынты куьщ æрцардысты. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, 1,138— 140. Миллерæн æй радзырдга Къæмынты цæрæг Дзылыхты Григори. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. Миллер фыссы: «Таурæгъы райдиан æртæ æфсымæры Ос, Суан æмæ Картылы тыххæй гуырдзыйæ æрбафтыдысты. Ирæттæ сæхæдæг сæхи ир хо- нынц, суанты хонынц сари, картлийæгты - гуырдзы». Ном Æ л д и Миллер хоны Элдайы вариант — афтæ хуынд Нарты Уырызмæджы фыццаг ус. 1 Къæмынтæ — хъæу Уæллаг комы. Хетæг. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 562—563 («Хетæджы тыххæй»). Радзырдта йæ Джиоты (Гиоты) Джисойы фырт Никъолоз, 1932, Нар. Ныффыста йæ ЦæллагтыМ. Хетæджы тыххæй. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,563—566. Радзырдта йæ Дзанай- ты Къоста, 1940, Нар. Ныффыста йæ Дзанайты С. 1 ...л æг бæх айста...— æндæрварианты-Хетæджыуацайрагулæппу. 2Дигъоны дон — Дигоми, Калачыуæллагсых, ууылтыцæуы Къуары дон. 3Лечъы æфсæдтæ —дагъистайнагтыхгæнджытæ. 4Поты фæз — Стыр фæз Нары доны был, ныр æй лæсæн фæласта. 5 С ы л а с - хъæу Нары зылды. Гоцъи. Мыхуыр уыд: газ. «Ног цард», 1907, № 34. Йæ сæргонд «Богал». Ныффыста йæ Тыррыччы фырт (фæсномыг). ’Иракъли-паддзахы рæстæджы — уый цард XVIII æнусы кæ- рон. Гоцъийы хабар раздæр уыдаид. Къоста йæхи хоны Хетæгæй дæсæм фæл- тæр. Афтæмæй Гоцъи XVII æнусы райдайæнæй фæстæдæр нæ цардаид. 2 3 у р н а — гуырдзиаг музыкалон инструмент. Гоцъийы хæст Гаджитимæ. Мыхуыруыд: ИАА, III, 190—191. Радзырдта йæ Мамиаты Леуан, 1940, Къостайыхъæу. Ныффыста йæ Бигъуылаты Барис. Бадилаты таурæгь. Мыхуыр уыд уырыссагау: ОЭ, 1,40. («Предание о Бадиля- тах»). Миллер æй ныффыста Къæмынты. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. 1 М а д з а р — уый у рагон хазайраг сахар Маджар, йæ хæлддзæгтæ сты Хъуымы доны был (Кума) Стъараполы губернийы (Миллеры фиппаинаг). 2Сагъадахъ — фатдон. Ам: æрдыны хуыз. Бадилатæ. Мыхуыр уыд: ИАС, I, 569. Радзырдта йæ Будтуты Мæза, 1940, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр. 1 М ы з у р — хъæу Уæлладжыры комы. 422
2Доныфарс, 3Тъæпæн Дигорæ — хъæутæДыгурыкомы. Хантæ æма урус. Мыхуыр уыд: ДНТ, 91. Томайтæ куыд сæвзæрдысты. Мыхуыр уыд: ХИФ, 1936,291—292. Радзыр- дта йæ Беджызаты Леуан. 1 К ъ о р а — хъæу. Цæгат Иры ис Къорайы: Куырттаты комы æмæ Уæлладжыры комы. 2Мачабелтæ — Мачабели, гуырдзиагæлдæрттымыггаг. Царциатæ æмæ Цъыбыртгы диссæггæ. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 119-121. Ра- дзырдта йæ Наниты Андо, 1925. Ныффыста йæ Гæззаты Лади. Куыд равзæрдысты Хуыгатæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 141. Радзырдта йæ Хуыгаты Созаны фырт Илар, 1961, Хæрдыхъæу. Ныффыста йæ Цыбырты Людвиг. Мыггæгты тох. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 155—162. Уыди дзы 4 таурæгьы: «Дис- саджы къус», «Лæгбирæгь æмæ мæличчы лæппу», «Гаглойтæ æмæ Санахъотæ», «Санахъотæ æмæ Кæркуыстæ». Радзырдта сæ Санахъоты Ростъом. Ныффы- ста сæ Санахъоты Тоти, 1897 аз, Дзау. ^Хуыцъе, 2Сухта — хъæутæДзауыкомы. 3 Р а ц ъ — Ныгуьшæн Гуырдзысгоны иу хай, Къуыдар æмæ Мамысоны фæстæ. Къæбыстæ куыд равзæрдысты. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 151—152. Радзырдта йæ Къæбысты Баир, 1925, Цхинвал. 1 С а т ъ а т — хъæу Цæгат Иры, Мамысонгомы. 2 С о х т æ — хъæу Хуссар Иры, Пацъайы доны был. Гнугь æмæÆгъуызатæ. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 125-130. Радзырдта йæ Бе- джызаты Леуан, 1928, Едыс. Ныффыста йæ Беджызаты Уасил. «Ручъы комы мыггæгтæ — Томайтæ, Абайтæ æмæ аннæтæ сæхи Æгъуы- затæй хонынц» (Тыбылты Алыксандры фиппаинаг, - ХИАУ, 166). 1 Г н у г ъ — хъæу æмæ ком Чысаны. 2 Цыргъисæн — бæрæгбонхосгæрдæныразмæ. Æгьуызатæ стæры куыд цыдысты. Мыхуыр уыд: ХИФ, 188. Радзырдта йæ Гаглойты Григол, 1932 аз. 1 6 с о б а — Иры тыхы заман (гуырдзиагау). 2 С ы б а — хъæу Ручъы зылды. 3 У а н е л — хъæу Цъалагомы, Стыр Леуахийы был. 4Уанелы Тутыр-кувæндонУанелы. 5Хъæу хæссын — стæрызаманхъæуыфæллойтæлæткæнын. 6Хъасарайы нарæг —исТырсыгомы. Æгъуызаты балц Рацъмæ. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 131—132. Радзырдта йæ Абайты Цицка, 1928 аз. 1 Цъеретели,2Херхаулидзе — гуырдзиагæлдæрпымыггæпæ. Кар- санатæ æмæ Дауыратæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 117—119. Радзырдтæ йæ Дауыра- ты Къæлæуы фырт Хуысинæ, 1959, Ламардон. Ныффыста йæ Цагьаты А. Дз. 1А ц ы хъæуы-ныхасцæуыХуссарЛамардоныл. 2Хъахъхъæдур — хъæу Дæргъæвсгомы. Хъессаты мыггаджы равзæрд. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 64—67. Радзырдта йæ Хъессаты Гадзыбе, 1960, Захъхъа. Ныффыста йæ Цагъаты А. Дз. 1 Р е с — хох Рукъæй Захъхъайы æхсæн. Хуырымты мыггаджы балыгьд Цмимæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 60—61. Ныффыста йæ Цæллагты Муссæ. 1 Ц м и — хъæу Туалты, Зæрæмæджы фарсмæ. Цхуырбатæ Мсхлебы куыд æрцардысты. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 142—148. Радзырдта йæ Цхуырбаты Хъараманы фырт Уагко, 1953. Ныффыста йæ Цхуырбаты Уасилы фырт Софрон. 1 М с х л е б — хъæу Дзауы дæллаг фарс. 423
Куыд æрлыгьдысты Хъæцмæзтæ Хъеуселтмæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 148 ф. Радзырдта йæ Хъæцмæзты Бесо, 1961, Хъеуселт. Ныффыста йæ Цыбырты Людвиг. ^Хъеуселт — хъæу Хуссар Иры. 2Нузал, 3Цъæй — хъæутæУæлладжырыкомы. Мамытты мыггаг. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 64. Радзырдта йæ Мамытгы Хос- ройы фырт Ауызби, 1960 аз, Уæллаг Зæрæмæг. Ныффыста йæ Цагъаты А. Дз. ]Ам æппæты разæй — ныхасцæуыУæллагЗæрæмæджы. Кодзыртæ æмæ Гаглойтæ. Мыхуыр уыд: ХИФ, 1936, 327 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан. Ацы хабæрттыл арæзт у Беджызаты Чермены новеллæ «Кодзыртæ* («Мæс- гуытæ дзурынц»). ^Мидæггаг Ерман — хъæуУрстуалты. Джыккайты Тоти. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 62. Ныффыста йæ проф. Е.Г. Пчели- на, 1950, Дзомагъ. ^Бæхвæндаг — æфцæг Джинатæй Дзомагъы æхсæн. Дзиццойы таурæгь. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 61-62. Ныффыста йæ проф. Е.Г. Пчелина, 1950, Уанел. ^Урсдзуар -хъæуæмæкомДзауырайоны. Беджызатæ æмæ Тотыратæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 177-178. Радзырдга йæ Бураты Симон, 1948, Къабузтæ (Урстуалты). Ныффыста йæ Беджызаты Дудар., Беджызатæ æмæ Тыбылатæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 175—177. Радзырдта та йæ Беджызаты Леуан, 1840, Едыс. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. *Залтаров — Золотарев, паддзахы æфхæрæг æфсады раздзог 1850 азы Цъалагоммæ ныббырсты заманы. 2Хæныкъаты хъæу — ис Ручъызылды. Надиратæ æмæ Козатæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 175. Радзырдта йæ Бе- джызаты Леуан, 1940, Едыс. Ныффыстайæ Беджызаты Дудар. 1 Ч е л и а т — хъæу æмæ ком Урстуалты. Рæмонаты алыгьд Гудзаретмæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 141-142. Радзыр- дта йæ Сланты Гарсойы фырт Михел, 1948, Брытъат. Ныффыста йæ Беджы- заты Дудар. ^Дæллаг Брытъат — хъæуУрстуалты. 2Гудзарет — иронхъæуГуырдзыстоны, Боржомырайоны. Плиты мыггаг Чысанмæ куыд алыгьди. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 136—140. Радзырдта йæ Плиты Естъа, 1949, Захъор. Ныффыста йæ Плиты Тенгиз. «Тибы хасты фæу!» Мыхуыр уыд: ИАА, III, 183 ф. Радзырдта йæ Гаджиты Алексийы фырт Габо, 1960 аз, Нар. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. Лæсчъы хæрд. Мыхуыр уыд: ХИАУ, 154. Радзырдта йæ Багаты Уанкъа, Хъемултайаг, 1927 аз. Цымыти æмæ Хидыхъус. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 268—269. Радзырдта йæ Гуыриаты Вано, 1940 аз, Лæц. Ныффыста йæ Къадзты Нинæ. Лисрийы мæсгуытæ. Мыхуыр уьщ: ИАА, III, 269. Радзырдта йæ Дарчиты Антъон, 1960, Лисри. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. Тотыраты Огъа. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 297-298. Радзырдта йæ Бураты Григолы фырт Симон, 1948, Къабузтæ. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Абайты Дзоццæ. Мыхуыр уыд: ХИФ. 198-199. Радзырдта йæ Абайты Ас- лæмырзæ, 1933 аз, Едыс. ^Хадзы-мустафæ — топпы мыггаг (ХИФ-ы фиппаинаг, 405 ф.). 2Хилакъ-ком - Куырттатыкомысæр. 3Тъепыхъæу —исТырсыйы. Тотыраты Дауыт. Мыхуыр уьщ: ИАА, III, 172—175. Радзырдта йæ Бураты Симон, 1948, Къабузтæ. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. 424
Тотыраты Уариган. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 220-221. Радзырдта йæ Бе- джызаты Леуан, 1940 аз, Едыс. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. 1 К у ы р т т а т æ — ам: афтæ хуыдтой æртæ Ерманы, Куырттатæй æрбали- дзæг кæй уыдысгы, уымæ гæсгæ. 2Хъуымаг — топпымыггаг, чизоны, мадзайраг (МадзаруыдХъуымы доны был.). Тыбылаты Майор æмæ Сланты Дриго. Мьтхуыр уыд: ИАА, ГП, 194. Ра- дзырдта йæ Сланты Михел, 1948, Брытъат. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. 1 С а р а т — хосы мыггаг, хъыггаг, судзаг. Цæлхъости Гуйман. Мыхуыр уыд: ИАС, 1,618-619. Радзырдта йæ Хъара- ты Мырзабег, 1933 аз, Лескен. Ныффыста йæ Цъеуты Израил. Болайы хабæртгæ. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 301—302. Куырыхон лæгты таурæгътæ Санаты Сем. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 271—274. Радзырдта йæ Сланты Иликъо, 1940, Брытъат. Ныффыста йæ Беджызаты Васо. !Лæц,2Къора — хъæутæ Куырттаты комы. Санаты хъæу уыд Хъæни. 3Стырхох - æфцæг Хилакъæй Захъамæ. 4Хъæлласæн (Хъæдласæн) — æфцæгУрстуалтæйТырсымæ. Санаты Семы æмбисæвдгæ. Мыхуыр уыд: ХИФ, 1936,355—356 ф. Радзырдга йæ Беджызаты Леуан. Санаты Семы хабæртгæ. Мыхуыр уыд: «Фидиуæг», 1964, № 6. Æрæмбырд сæ кодта проф. Æлборты Барысби. Семы хабæрттæй ноджы мыхуыргонд ис: «Фидиуæг», 1981, № 11, 84-87 ф. Хетæгкаты Гуыба. Мыхуыр уыд: Салагаева 3. Коста Хетагуров и осетин- ское народное творчество. — Орджоникидзе, 1959, с. 41—42. Хетæгкаты Ан- духъапары мысинæгтæй. Ам цæуы чиныгаразæджы тæлмацæй. 1 Барзыхъæу — хъæу Куырттаты комы. Томайты Созырыхъо. Мыхуыр уыд: «Фидиуæг», 1965, № 10. Йæ сæргонд — «Зылындзаст Орфей». Ныффыста йæ Хæныкъаты Уæлгъа. Тиб æмæ Нары быцæу. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 222—225. Йæ сæргонд — «Тиб æмæ Нар». Ныффыста йæ Дзанайты Сергей, 1932 аз. Йæ радзурæг бæ- рæг нæу. 1 Ц ъ е с - хъæу Нары зылды. 2Куырттаты хъæу— Туацъæ, Къостайыхъæуыфарсмæ. Мæхæмæты ныхас Нары. Мыхуыр уыд: ХИФ, 196 ф. Радзырдта йæ Бе- джызатыЛеуан. Демыраты Кацо. Мыхуыр уыд: «Мах дуг», 1984, № Ц, 60—64 ф. Радзырдта йæ Гусаты Гадзийы фырт Ханджери. 1 Гандзайаг бауæд (æлгъыст): Гандза — сахар Фæскавказы, ныры Кирово- бад. Раджы заманы уым уыд цагъарты базар. Къоста уазæгуаты. Мыхуыр уыд: «Фидиуæг», 1949, № 4, 43 ф. Радзырдта йæ Дзугаты Гæбила. Ныффыста йæ Дзугаты Георги. Дзомагъ. Ивддзаг æгасцæуай. — «Фидиуæг», 1949, № 4,44 ф. Радзырдта йæ Дзугаты Хасæхъо. Дзомагъ. Ныффыста йæ Дзугаты Георги. •Зыруггом — исТуалты. 23екуци — экзекуция, паддзахы заманы хъæу кæнæ сахарыл æфсад æрбадын кæньтн æфхæрыны охыл. 3 Л а б æ — хъæу Хъæрæсейы, ныр — Хетæгкаты Къостайы хъæу. Къостайы тыххæй иу хабар. Мыхуыр уыд: ИАА, III, 300—301. Радзырдта йæ Дыгъуызты Абел, 1940 аз, Сатихъар (Цхинвалы район). Ныффыста йæ Плиты Илья. ^Дменис^Сатихъар - хъæутæ Хуссар Иры Цхинвалы районы.
л1\ ч(Ш»у мШ СÆРГÆНДТÆ Джыккайты Шамил. Таурæгъ — адæмы дзургæ истори 3 МИФОН ТАУРÆГЬТÆ Æрвон таурæгьтæ ХурæмæМæй 23 Мæй 24 Мæйхортæ 25 Авдхойы 26 Гуырдзыхан æмæ Бонвæрнон - Бурсамдзели 28 Ахсахъ-Темур æмæ Лæдæртæ 30 Æртхъирæны мæй æмæ Мартъи - Фыццаг адæмты таурæгьтæ Артъауыз æмæ йе сфæлдисонтæ 32 Фыццаглæгæмæус - Æвыды-выдоны рæстæг 33 Уæйгуытæ куыд фесæфтысгы 36 Царциатæ куыд фесæфтысты 37 Нартæ æмæ Даредзантæ 38 Амыран æмæ Пакъуындзæ 39 Амыран æмæ цуанон 40 Амыран 41 АрыгæмæМæгра 42 Мæрдгы бæсты таурæгьтæ Мæрдтыайдæн 44 Адæймаджы тæригъæдтæ — Хиуарзонлæг 45 Дзуæртгæ æмæ кувæндæтты таурæгьтæ Уастырджи зæд куыд фестади 50 Цæмæн у Уастырджи Лæгты дзуар 51 Фæлвæра 53 Рекомы кувæндон — Рекомы таурæгъ — Æфсатий тауæрæхъ 54 УастырджиæмæБыдырыдзуар 56 426
Уасгергий карди цæф æмæ мудзурай рæтъунзт 57 Тæтæртуппи тауæрæхъ — Хетæджыкъох 58 Фæцбадæн — Чи у кадцжындæр ирон адæмæн сæ дзуæрттæй? 59 Мудибиндзитæ куд рантæстæнцæ Дигори 62 Тхостыдзуарысæфт 63 Ногдзуар 64 Куырысдзаутæ 65 Агайтыкъодах 66 Хъудыбардуаг - Гуццаты Найфат 68 Зæрæмæджы чиныг 69 Дæлимонты таурæгьтæ Саубарæг 70 Руймон 71 Гæлиатыкалм 72 Хъомрын - Ус-бирæгъ 73 Хæйрæг мæнæуы куыд сайдта 74 Мæгуыр лæг æмæ хæйрæджытæ 75 ЛæджийыфыртДзамболат 76 Къæрных æмæ хæйрæг 78 Къусхаты уæйыг 79 Саккаты уæйгуыты фынæй 80 Æрдз æмæ цæрæгойты таурæгьтæ Чызджытыхох 82 Гакк-гукк — Теуайыаргъау — Уæрцц æмæ уагъылы . 84 Ерцьойыцад 86 ИСТОРИОН ТАУРÆГЬТÆ Падцзæхты таурæгьтæ Мачъидон Алыксан 89 Макъедон Александр ...94 Ос-Бæгъатыр æмæ Цæразонтæ 97 Ос-Бæгъатыр æмæ Тамар-непе 98 Тамар мой куыд скодта 99 Тамар-дедопали 99 Ос-Бæгъатыр æмæ хан 101 Сыбайыдзуар — Æхсиныбадæн — Ос-Бæгъатыр æмæ падцзах 102 Ахсахъ-Темур - Ахсахъ-Темур Дигорæмæ кутемæй æрцудæй 104 Ахсахъ-Темур (вариант) 106 Æддагбæстон тыхгæвджыты ныхмæ тохы таурæгьтæ Хъæрæм-Кермени æфсад Морги 107 Ногъайи тауæрæхъ — 427
Хъæрæмхан — адæмы фыдхор 108 Кæсгонæлдар Инал — Хъайтыхъы-фырт Сар-Аслæнбег 110 Хъантемурти Мазухъи тауæрæхъ 113 Мустафидзубанди 116 Хъæрæмсаухалти Мустаффæ 117 Ассийзар 120 Бесолы фырт Бæрек 121 Дзывгъисы лæгæт 122 Цъамад æмæ сахы æфсæдты хæст — Гæлиатæ æмæ Уызы мыггаг сахы æфсæдтимæ куыд хæцыдысты 123 Сах Гæлиаты хъæу куыд бацахста 124 Гайтымæсыг — Седанати тауæрæхъ 125 Кодзырты Таймураз — Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта 131 Дудиатыхъан 132 Мæсугъæу æма Дзæрæсте Кетæй цæмæн фестадæнцæ 133 Мæсхъæу (вариант) 134 Наурузти æрбацуд хонхмæ — Музатымыггаг 135 Наниты Биандур 137 Цихисопелийы мæсыг - Хуыгаты Милойы хо Хæзна 138 Тотырадзы таурæгь — Падцзахмæ минæвæртш таурæгьтæ Куырттаты кадæг 140 Куырттаты балц 145 Мамиаты Хъарадзауы хабар 147 ЦæлыккатыДзаджейыкард 149 Куырттаты цагъд 151 Паддзахы ныхмæ тохы таурæгьтæ Мæличчыфырт 154 Йаларыхæст 155 Хазби æмæ Уæрæсейы паддзах — Хадзыбийы æмбисонд 158 Тогойтымæсыг — Хъуды абырджытæ 159 Томайтыхæст 164 Талгъик-наиб 166 Æдцарады ныхмæ тохы таурæгьтæ Цæразонтæ 168 Бадилатæ Цæргæсатæй хъалон куыд истой 169 СтырДыгур 171 Туйгьанти Тæтæрхъани зар - Бæтæйыфырттæ 175 Бæтæйы фырт Аслæнбег абырæг цæй тыххæй сси 179 Хъарадзауты Мысырби 183 Дыгуры æрбалæбурд Мамысонмæ 185 Туалты таурæгъ 187 Тлаттаты Чермен 188 428
Черменæн - кæвдæсарды хай - Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куыд ацыд 189 Чермен æмæ сомихаг 190 Куымæриттаты домбай Тъотъор 191 Маралеты мæсыг 195 Бæлтайыæлдар 197 Салайы æмбисæндтæй 198 Цъинубаны мæсыг 200 Ерыстауты Сала — Лекъуаны æлдар 201 Фидарымæсыг 203 Тъатъе æмæ Сандро 207 ХуыбиатыУасо — ПухатыИликъо 208 Зурайыкадæг 209 БЫНÆТТОН ТАУРÆГЪТÆ Æгьдауы таурæгьтæ Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры 213 Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры таурæгъ 219 Уастырджи уазæгуаты 222 Фæлвæрайы фырт Будзумар 224 Буры фырт Мæхæмæты зарæг 226 Хуыбиатæ арс цæуылнæ марынц 228 Мæгуыр лæг æмæ лæппу 234 Цæхджьш хойраджы аргъ 235 Иунæджыкадæг 237 Базыргантæ 239 Гуырдзыйы падцзахы худ 241 Саккаты хæйрæг — Бытъæйы таурæгь 242 Бирæгъы хинтæ æмæ цуаноны раст гæрах — Дзæгъæлдзæуæг 243 Хингæнæгус 244 Пысылмон дины райст — Æртæ тæригъæды 245 Хуыцауыазар 248 Зджыды рæсугъд 252 Мзораты Мзоры кадæг 256 Дзлаты рæсугъд Азаухан æмæ Æмзораты чысыл Æмзор (вариант)... 260 Хæтæгбарæг 262 Лæппу æмæ чызг куыд бафидыдтой 268 Æртæ ’фсымæры куыд ссардтой сæ давд бæхтæ 271 Æлдарычьгадз 273 ХъуьщæбердÆдæсыфырт 279 Асыйыæлдар ...282 Егор-æлдар 283 Хъансаубий-æлдаридзубанди 285 Хъансауби æмæ Хъамбодти (вариант) 290 Тæрион Тулабег 293 429
Тасолтанты хабар 295 Хæмицати Хæмиц 297 ДигориХъабан 298 Мадызæрдæ 301 Мады зæрдæ (вариант) 302 Астантымæсыг 303 Беджызатæ бирæгъ куыд бастыгътой — ХъессатыЕба 304 Тых æмæ зонд (Рагон таурæгъ) 306 Зоратæ мæсыг куыд амадтой 307 Хъæдæргъæвæн 310 Сауджыны фæнад 312 Куыдзан æмæ Хуыдзионы аскъæфт 313 БагусæмæБага 314 Софиайы таурæгъ 315 Ногнымæт 316 Мыггæгты таурæгьтæ Æртææфсымæры 319 Нузалы чингуытæ — Тæгиаты равзæрд 320 Хæкъуынайы мæсыг 322 Куырттатаг кадæг 324 Ларс æмæ Хуха 325 Дыгур Къæмынты куыд æрцардысты 330 Хетæг 332 Хетæджы тыххæй 333 Гоцьи 335 Гоцьийы хæст Гаджитимæ 336 Бадилаты таурæгъ 337 Бадилатæ — Хантææмæурус 338 Томайтæ куыд сæвзæрдысты 339 Царциатæ æмæ Цъыбыртты диссæгтæ 340 Куыд равзæрдысты Хуыгатæ 342 Мьитæгтытох - I. Диссаджы къус - II. Лæгбирæгъ æмæ мæличчы лæппу 343 III. Гаглойтæ æмæ Санахъотæ 344 IV. Санахъотæ æмæ Кæркуыстæ 345 ГнугъæмæÆгьуызатæ 348 Æгъуызатæ стæры куыд цыдысты 351 Æгьуызаты балц Рацьмæ 352 Карсанатæ æмæ Дауыратæ 353 Хъессаты мыггаджы равзæрд 355 Хуырымты мьптаджы балыгъд Цмимæ 357 Цхуырбатæ Мсхлебы куыд æрцардысты 358 Куыд æрлыгъдысты Хъæцмæзтæ Хъеуселтмæ 362 Мамытты мыггаг 363 Кодзыртæ æмæ Гаглойтæ 364 Джыккайты Тоти 364 Дзиццойы таурæгь 365 430
Беджызатæ æмæ Тотыратæ 366 Беджызатæ æмæ Тыбылатæ 367 Надиратæ æмæ Козатæ 368 Рæмонаты алыгъд Гудзаретмæ - Плиты мыггаг Чысанмæ куыд алыгъди 369 «Тибы хасты фæу!» 372 Лæсчъыхæрд - Цымыти æмæ Хидыхъус 373 Лисрийы мæсгуытæ - Тотыраты Огъа 374 АбайтыДзоццæ — ТотыратыДауыт 376 Тотыраты Уариган 378 Тыбылаты Майор æмæ Сланты Дриго , 379 Цæлхъости Гуйман 380 Болайы хабæрттæ 381 Куырыхон лæпы таурæгьтæ СанатыСем 382 Санаты Семы æмбисæндтæ 385 Санаты Семы хабæрттæ 386 Хетæгкаты Гуыба 387 Томайты Созырыхъо 388 Тиб æмæ Нары быцæу 390 Мæхæмæты ныхас Нары 392 ДемыратыКацо 393 Къоста уазæгуаты 401 Ивдцзагæгасцæуай - Къостайы тыххæй иу хабар 402 Фиппаинæгтæ 403
Литературно-художественное издание Составитель ДЖИКАЕВ ШАМИЛЬ ФЕДОРОВИЧ ОСЕТИНСКИЕ ЛЕГЕНДЫ (на осешинском языке) Редакгор М А БУДАЕВА Художник М.Ф.ДЖИКАЕВ Технический редактор А.В.ЯДЫКИНА Компьютерная верстка З.С. МИСИКОВОЙ Сдано в набор 17.03.14. Подписано к печати 21.08.14. Формат бумаги 60х90’/|б. Бум. офс. №1. Гарн. шрифта «Типез». Печать офсетная. Усл.-пл. 27. Учетно-изд. л! 26,09. Тираж 500 экз. Заказ №289 от 09.10.2014. С 2. Министерстао купьтуры Республики Северная Осетия-Алания. ГУП РСО-Алания «Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Отпечатано с готовых диапозитивов в типографии ООО «Медиа-Полис», 344038, г. Ростов-на-Дону, пр. М. Нагибина, 14 а.