Текст
                    Дзасохты
Музафер


ДÆЛЛАГ ИР Отсканировано 24-25 июня 2013 года специально для эл. библиотеки паблика «Бæрзæфцæг» («Крестовый перевал»). Скангонд æрцыд 2013 азы 24-25 июны сæрмагондæй паблик «Бæрзæфцæг»-ы чиныгдонæн. http://vk.com/barzafcag ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
Дзасохты Музафер
84 Осет Д-16 Редактор З.У. Дзуцева Дизайнер В.А. Цагараев Художественный редактор Г.З. Чеджемты Корректор Э.Дз. Баликоева Компьютерная верстка Н.А. Семенова © Дзасохов М.С., 2007 ISBN 5-7534-0357-3 © Цагараев В. А., дизайн, 2007
МÆ МАДЫЗÆНÆГ ХО ДИБÆХАН! Дæумæ дзурын мæнг дунейæ æцæг дунемæ: ацы чиныгæй дæ ном ардзынæн, зæгъгæ, дын зæрдæ куы бавæрдтон, уæд кæдæм батагъд кодтай? Цæуыннæ банхъæлмæ кастæ йæ рацыдмæ? Æви дæм мæрдты бæстæйы дæр æнхъæлмæгæсджытæ уыди? Нæфыд дæ нæ базондзæни, ды дæр æй нæ базондзынæ, уымæн æмæ кæрæдзийы никуы федтат, фæлæ дын æй Вёринкæ бацамондзæн, æмæ-иу ыл бацин кæн. Дæ фыд дæн, зæгъгæ, дын куы зæгъа, уæд-иу æй дæ хъæбысы акæн. Мæн тыххæй дæр. Райæйы тыххæй дæр. Мах дæм, зæгъ, уæлæуыл бирæ фенхъæлмæ кастыстæм, фæлæ куы нæ зындтæ, уæд дæм æз мæ хо æмæ ме ’фсымæры разæй фæдæн... Веринкæйы хъæбысæй дæр сывæллонæй фæхицæн дæ, æмæ дыл сабийы узæлд куы кæна, уæд-иу дæм диссаг ма фæкæсæд: рæвдауынæй дæ кæй нæ бафсæст, уый тыххæй афтæ кæндзæн. Ноджыдæр-ма дæм иу хатт дзурын: Дибæхан, ацы чиныгæй арын дæ рухс ном. Цалынмæ цæрон, уæдмæ мын стъалыйау æрттивдзæн... Дæу мысгæйæ йæ зæрдæйы саутæ чи никуы сисдзæн, дæ уыцы æфсымæр Музафер 5
ФЫЦЦАГХАЙ Мæхи куыд зонын, афтæ хорз æн- дæр искæй куы зонин, уæд мæхи тыххæй офтæ бирæ нæ фыссин. Генри Девид Торо I Æз куы райгуырдтæн, уæд нæ хъæуыл фынддæс азы йеддæмæ нæма цыд... Æвæдза, ахъуыды кæнгæйæ, диссаг та куыннæ у: дæ райгуырæн хъæуæй фынддæс азы кæстæр йеддæмæ ма у! Уæвгæ, хъуыддагмæ æндæр цæстæй куы акæсай, уæд дзы диссагæй ницы ис. Хъæуыл фынддæс азы нæ, фæлæ иунæг бон куы цæуа — кæд ахæм хъæутæ уæвгæ дæр ис, уæд — уæддæр ын бирæ хъæбултæ уæвæн ис, уымæн æмæ сывæлло- ны райгуырдæн боны хæрзчысыл хай дæр фаг у. Стæй, хъæбул йæ мадæй фынддæс азы кæстæр йеддæмæ кæд нæ уыд, ахæм хабæрттæ — цас дæ фæнды, уыйбæрц. Афæрсут-ма хистæрты, æртиссæдз—дæс æмæ æртиссæдзаздзыдты — кар- джындæрты кой нал кæнын — кæддæра сæ мадæл- тыл, сæ амонд куы ссардтой, уæд цалгай азтæ цыди. Бирæтæ уын зæгъдзысты: мæ мад чындзы æрцыди æртындæс-цыппæрдæсаздзыдæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр кæуыл цыд, уыдоны нымæц къаддæр нæ уыд, фæлæ чындзы хæрзæрыгонæй цæуын нæ фыдæлтæ æгъдауыл нымадтой. 0, мæ ныхас мæ хъæуы карæй райдыдтон. Адæй- маг, цы хъæуы райгуыры, уымæй вæййы бирæ кæнæ чысыл кæстæр. Уæвæн ис æмæ уой æмгæрттæ. Æз, мæхи кой кæм кæнын, уым мæ дарддæры ныхас дæр мæ хъæуыл уыдзæн. Уæдæ афтæ: уæлдæр куыд загътон, афтæмæй, боны рухс цы хъæуы федтон, уымæй дæн фынддæс азы кæстæр. Мæ райгуырдæй фынддæс уалдзæджы раздæр Урсдоны рахиз фарсмæ Уæлладжыры комæй æрлыгъдысты дыууæсæдæ фæндзай иу бинонтæ æмæ сæ хъæу схуыдтой Бæрæгъуын — Красногор. Зын хабæрттæ уыдысты уыдон: дæ фыдæлтæ бирæ ’нустæ кæм фæцардысты, уырдыгæй сыст, иу кауы мих сагъд дæр кæм нæ уыд, уым хæдзар аразынмæ
бавнал, дæ абонæй дæ сом мигъæмбæрзтдæр уæвгæйæ. Фæлæ адæмы ницы урæдта. Куьцщæр сын бар лæвæрд æрцыд, афтæ хохæй быдырмæ цæуыныл ныллæууыдысты. Туг хæссы, æвæццæгæн, æмæ хохæгтæ сæ рагфыдæлты уæзæгмæ атындзыдтой. Уыимæ иугæйттæй нæ, фæлæ бирæгæйттæй, иу хъæуæй нæ, фæлæ дæсæй фылдæр/ Красногоры чи æрцард, уыдон ралыгъдысты Бадыхъæу æмæ Дæйыхъæуæй, Æрхон æмæ Холыстæй, Цъамад æмæ Уыналæй, Луар æмæ Джимийæ, Нузал æмæ Нæзыджынæй, Куырæйттæ æмæ Тæмискъæй, Цъæй, Цъус æмæ Къо- райæ, æдæппæт фынддæс хъæуæй. Куы зæгъын, райгуырæн бæстæ ныууадзын хуымæтæджы хъуыдцаг нæ уыд. Уымæй æнцондæр нæ уыд ног ран æрбынæтгон уæвын. Куыд дзу- рынц, афтæмæй хъæуæн бынат æнцонæй нæ равзæрстой. Ног æрлидз- джытæн фыццаг радих кодтой мин æмæ æрдæг дæсæтины зæхх. Алы удыл æй куы байуæрстой, уæд сын не сфаг æмæ ма сын ноджыдæр фон- дзыссæдз дæсæтины бафтыдтой, Урсдон æмæ Дур-Дуры доны рахиз фарс цы зæххытæ уыд, уыдон. Уырдæм хауди, уырыссагау зæронд станицæ кæй хонынц, уыцы дæргъæццон уæлкъуыбыр — Хъæууат, стæй Фæсхъæу- уат æмæ Хуыдзых. «Хъæууат» цы амоны, уый, æвæццæгæн, алкæмæн дæр æмбæрстгонд у, фæлæ, йæ фæзуат фынддæс æмæ æхсæзыссæдз гектары бæрц кæмæн ахсы, уыцы хъæздыг саумæр зæххы хайæн ахæм æнамонд ном цæмæн радтой, уый бирæтæ нæ зондзысты. Цæвиттон, ныртæккæйы Николаев- скы станицæ раздæр ам уыдис. Хъазахъхъæгтæ сæ бынатæй цæмæн сыс- тадысты, уый бæлвырддзинадæн мæхи дæсны нæ хонын, фæлæ, цы фе- хъуыстон, уый зæгъдзынæн. Хъусгæ та фæкодгон дыууæ хабары: рын, дам, сыстади хъæуыл, æмæ адæмы сæ бынат ивын бахъуыди. Уый иу хъуыды. Иннæ хъуыды та донимæ баст у. Уæлкъуыбыр цыдæриддæр ахаста — дон æм хæстæг никуы ис. Чи зоны, дыууæ хъуыдыйæ иу дæр раст нæу, фæлæ раздæры нæргæ хъæу æдзæрæгæй кæй баззад, уый бæлвырд у. Ууыл дзу- ры, абоны онг цы ном хæссы, уый дæр — «Хъæууат». Ныхас «хъæууат» фехъусгæйæ, зæрдæ бамæгуыр вæййы, фæлæ «Хъæу- уат» ном чи хæссы, уыцы цъæхфæлыст бæрзонд рагъы уындæй красно- гойрæгтæй кæй зæрдæ нæ барухс уыдзæн, ахæм зынæй ссардзынæ. Хъæу- уат æнæбарæвдаугæ нæ фæвæййы Кæрдзыны сæрты уæрæх лæгъз фæнда- гыл цæуæг бæлццæтты цæст дæр. Уæлдай рæсугъддæрæй разыны, Ел- хоты гæмæхтæм хæстæг цы уæлбыл ис, уырдыгæй. Красногорæй йæм хæрдмæ кæсын хъæуы, ардыгæй — Æрджынарæджы бæрзонддæр цъуппæй та — бынмæ. Ардыгæй ма зынынц, Красногормæ чи нæ зыны, уыцы зæххытæ дæр — Фæсхъæууат æмæ Хуыдзых. Гъе æмæ ма ног æрлидз- джыты зæххытæм Хъæууат, Фæсхъæууат, Хуыдзых æмæ, уым уæлæмæ цы тъæпæнтæ ахаста, уыдон куы бафтыдтой, уæд бавнæлдтой фидæны хъæуæн бындур æвæрынмæ. Уый та, раздæр ма йæ куы загътон, æнцон нæ уыд. Чи зоны, ныртæккæ нæ горæты ног сыхтæ чи аразы, уыдоны куы фæзмыдтаиккой, уæд сæ бирæ фыдæбон кæнын нæ бахъуыдаид: кæй кæм фæнды, уым йæ хæдзарæн бындур æрæвæрдтаид æмæ, сых бæрæг дæр кæм нæй, йæ уынгтæ уынджы хуызæн дæр кæмæн не сты, 8
лæг йæ зонгæ, йæ хæстæгмæ æнцонæй фæндаг кæм не ссардзæн, ахæм хъæу иу заман йæ къæхтыл слæууыдаид. Фæлæ мæ хъæуккæгтæ æндæр фæндагыл ацыдысты. Æппæты фыццаг хъæуæн бынат равзарын хъуыд. Ам æрлидзджыты дзырддзæутæ лæгтæ иу хъуыдыйыл хæст нæ уыдысты. Чи загъта, Урсдо- ны тæккæ былæй дзы хуыздæр бынат нæй. Чи амыдта уæлбылмæ — ныртæккæ уæлмæрдтæ кæм сты, уымæй чысыл уæлдæр, фæстæдæр си- лосы дзыхъхъ кæм скъахтой, уый æркомкоммæ. Николаевскаг хъазахъ- хъаг та сын хуыздæрæн Джермецыччы рæгъты бын равзæрста. Уыцы фæндон иуты зæрдæмæ дæр нæ фæцыд. Фыццаджыдæр, ног æрлидз- джытæ Джермецыччы рæгъты быны зæххытæм ницы бар дардтой, дык- кагæй та сын хъазахъхъаг уынаффæгæнæг кæй фæлæууыд, уый сæм хар- дзау æркаст. Уæлладжырæгтæй кæд ног зæххытыл иуæн дæр хæдзар нæма уыд, уæддæр алчи йæхи фысымыл нымадта, хъазахъхъаджы та — уазæ- гыл, æмæ сæхи æгуыдзæджы бынаты æвæрыныл разы нæ уыдысты, ома æвзæр фысымæн уазæг уынаффæ кæны, зæгъгæ. Хъуыдытæ æмæ уынаффæтæ кæрæдзиимæ цас фæбыцæу кодтой — Хуыцау йæ зонæг, фæлæ фылдæры зонд фæуæлахиз: равзæрстой Урсдо- ны был. Раст зæгъын хъæуы, уæлбыл чи æрцард, иу ахæм адæймаг дæр разынд: Гаситы Коки. Суанг ма æрхыбыл хæдзар дæр сарæзта. Куыд дзурынц, афтæмæй мæлгæ дæр уым акодта, фæлæ йæ фæдыл куы ничи ацыд, уæд ма йæ байзæддæгтæн иннæты æнæбафæзмгæ цы уыди, æмæ уыдон дæр дæлбылмæ æрлыгъдысты. Уæды хабæрттæ хъусгæйæ, мæ фыдæлтæм нæ хæлæг кодтон, уымæн æмæ, уыдоны бынаты æз цы кодтаин, уый зын зæгъæн у. Горæты сæрмæ мын иу зæххы гæппæл ис æмæ дзы, кæм цы ныссадзон, ууыл сагъæсæй батыхсын. Раст-равджы дзы бæлас нæ, фæлæ хъæдындзы хуым дæр ни- куы ныссагътон. Бирæ бæргæ фæхъуыды кæнын, фæлæ, зæгъæн ис, æмæ алы хатт дæр фæрæдийын, мæ хуымæн дæр тæккæ æвзæрдæр бынат равзарын, мæ бæлас та ахæм ран ныссадзын, иу кæнæ йæ дыууæ хатты къахын кæцæй бахъæуы. Уæд хъæуæн хуыздæр бынат равзарын æнцон уыд! Нæ уыд, æмæ хъуыддаг тæккæ дзырддзæугæдæр лæгты бæрны дæр уымæн бакодтой. Уыдон та уыдысты Хуыдæлты Тасолтан, Габанты Да- догка, Къутæрты Сабан, Æккæлаты Гаппо, Цæллагты Ярослав æмæ иннæтæ. (Амæй фæстæмæ ма мæм мæ хъæуккæгтæй бирæты кой уыдзæн, æмæ дзы, æгас чи нал у, уыдонæн иумæйаг рухсаг зæгъын. Фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, мард, дам, рухсаг зæгъынæй не ’фсæды. Стæй ма-иу афтæ дæр загътой: цалынмæ мардæн рухсаг зæгъæг уа, уæдмæ мæрдтыл нымад нæу. Мæ хъæуккæгтæй æгас чи нал у, уыдон иууылдæр — никæй дзы хъулон кæнын — дзæнæты бадæнт. Мæрдты сызгъæрин талатæ су- адзæнт! Мард аудæг дзуары аудæгæй хуыздæр у, зæгъгæ, хъусын, æмæ, сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыдоныл цардаудæн кæнæнт!) Кæд æвзæрст лæгтæ хъæутæн бындурæвæрджытæй нæ базæронд сты, уæддæр, сæрмагонд скъолаты чи бакаст, æмæ ахæм хъуыддæгтæ йæ цард- цæрæнбонты чи фæкодта, уыдонæй æвзæрдæр нæ сарæхстысты. Уæвгæ 9
ныхас «æвзæр» та мæ дзыхæй куыд ссыд, бирæ хуыздæр куы сарæхстыс- ты, уæд? Топпы фаты хуызæн раст уыдысты канд уынгтæ нæ, фæлæ цæхгæрмæуынгтæ дæр. Алы сыхы дæр кæрæдзийы комкоммæ фæндзгай æмхуызон хæйттæ. Уыимæ хъуамæ хæдзæрттæ дæр арæзт æрцыдаиккой кæрæдзийы комкоммæ, цæмæй уынг рæсугъддæр уыдаид, уый тыххæй. Æндæрхуызон хъуыдыгæнджытæ дзы ма уыдаид, уый мæ нæ уырны, æрмæст дзы йæхи фæндыл ничи ацыд. Иæ хæдзар йæ зæххы хайыл рæбындæр дæр ничи бахаста, астæумæ дæр æй нæ фæхæстæг кодта æмæ, æз цы хъæу æрæййæфтон, уый иу адæймаджы къухæй арæзты хуызæн уымæн уыди. Нæ хъæу хъæуыл нымад æрцыд, ацы æнусæй дыууæ ’мæ ссæдз азы куы рауад, уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, афæдзмæ хъæу саразæн нæ уыд. Уæлдайдæр уыцы тыхст æмæ æвадат рæстæджы. Хъæу аразынмæ дыууæ азы раздæр бавнæлдтой. Æнæзæхх æмæ зæххъуаг хохæгтæн Николаевскы станицæйы зæххыты иу хай куы ’рдих кодтой, уæд сæм уæлладжырæгтæ уалдзæджы фæзындысты, бахуым сæ кодтой, базылдысты сæм æмæ-иу фæззæджы сæ хуымты бæркад бафснайдтой. Уыцы рæстæджы, кæмæн куыд йæ къух амыдта, афтæ арæзта рæстæгмæ цæрæн бынæттæ, бирæтæ та цардысты хуымæтæджы мусонгты. Дыууæ азмæ хъæу хъæуы хуызæн куы фæци, уæд та дзырддзæугæдæртæ æрæмбырд сты, ном ыл сæвæрæм, зæгъгæ. Уæды хабæртты бæлвырддзинæдтæ зын базонæн бæргæ нæ уыды- сты, фæлæ, цæрæнбонты цы низтæй сæйын, уыдон мæ бахъыгдардтой. Мæ мад мын-иу афтæ загъта: «Дæ зивæджы дæ мæлæт ис». Æмæ нæ рæды- ди. Ме ’ннæ низ та — стырзæрдæ. Зивæг куы нæ кодтаин, стырзæрдæ куы нæ уыдаин, уæд, æз цы хистæрты æрæййæфтон, уыдонæй мын уæды хабæрттæ сæрæй бынмæ чи нæ радзырдтаид, ахæмтæ бирæ нæ разындаид, уымæн æмæ хъæуаразджытæ сæхæдæг уыдысты. Фæлæ, бирæтæ бонæн баизæрæй куыннæ тæрсынц, афтæ æз та хистæрты цардæн фæуын æнхъæл нæ уыдтæн, уыдонæй искæй фындз амæрзын æмæ йæ зондæй бафæрсын хуыздæр рæстæджытæм æргъæвтон, цалынмæ æппын- фæстаг нæ байрæджы, уæдмæ... Хъæуы хистæртæ æрæмбырд сты, уæдæ цы уыдаид, æмæ тæрхон кæнын райдыдтой, цæмæй, кæм æрцардысты, сæ хæдзæрттæй цы хъæу рауад, уымæн ном раттаиккой. Куы зæгъын, бæлвырддзинæдтæ, чи зоны, æмæ макуыуал базонæм, фæлæ, ног цæрæн бынат «Красногор» кæй схуыд- той, уый уайтагъд æппæт адæмыл дæр ахъæр. Ахæм ном ыл цæмæн сæвæрдтой, уый дæр ничиуал зоны. Æвæдза, иуæй-иу хъуыддæгтæ адæмæй æгæр тагъд айрох вæййынц. Æмæ хуымæтæджы хъуыддæгтæ мауал хъуыды кæн, фæлæ, цæрынмæ кæдæм æрцыдтæ (хохæй чи ралыгъд, уыдонæй ма дæсгæйттæ ныр дæр æгас сты), кæнæ боны рухс кæм федтай, уыцы хъæу цыппæрдæс æмæ æртиссæдз азы размæ афтæ цæмæн схуыдтой, уымæн бæлвырд дзуапп раттын макæйуал бон уæд, уæд уый кæцырдæм фидауы? Ацы уайдзæф æппæты фыццаг мæхицæн кæнын, уымæн æмæ мæ хъæуы, мæхимæ гæсгæ, мæнæй фылдæр ничи уарзы. Стæй мæм канд кæсгæ нæ кæны, фæлæ æцæгæй дæр афтæ у. Чи зоны, мæнæй йæ къаддæр чи уарзы, 10
ахæмтæ куыд нæй, афтæ нæй, мæнæй йæ фылдæр чи уарзы, ахæмтæ дæр. Хаттæй-хатт мæм афтæ дæр фæкæсы, цыма Красногор æрмæстдæр мæн райгуырæн хъæу у. Исты хорздзинад дзы куы ’рцæуы, уæд ыл цыма мæнæй тынгдæр ничи фæцин кæны, йæ зын та мæнæй зындæр никæмæн вæййы, цæмæдæр гæсгæ афтæ фæнымайын. Кæддæр, райдайæн скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд мæм æнæнхъæлæджы цавæрдæр газет æрбахауд, æмæ дзы бакастæн дисса- джы хабар: кæд æмæ ма мæ хъæуæн разынд æмном. Уæвгæ бынтон æмнæмттæ нæ уыдысты, уымæн æмæ газеты цы горæты тыххæй фыс- той, уымæн ма йæ кæрон уыд дыууæ уæлдай дамгъæйы (Красногорск), фæлæ мæм уыдон раззæгты цинæй нымады дæр нæ уыдысты. Мæс- куыйы облæсты Красногорск горæт кæй «раргом» кодтон, уымæй мæхи Колумбæй къаддæр сгуыхтыл нæ нымадтон. Нæ сыхæгтыл æрзылдтæн æмæ йæ ме ’мгæрттæй кæмæ нæ равдыстон, ахæм нал баззад. Дыккаг бон газет мемæ скъоламæ ахастон. Æрмæст ыл иу ран дæр мæ хуызæн нæ бацин кодтом. О, æмæ уын уый дзырдтон. Нæ хъæуыл «Красногор» ном цæмæн сæвæрдтой, уый бæлвырддзинæдтæ кæд ничиуал зоны, уæддæр йæ рав- зæрды тыххæй ис æппынкъаддæр дыууæ хъуыдыйы. Фыццаг цыма фи- дардæр бындурыл æнцайы, афтæ мæм кæсы. Советон хицаудзинад куы фæуæлахиз, «сырхытæ» сæ уынаффæтæ æххæст кæнынмæ куы бавнæлд- той, уæд райдыдтой зæххæй. Кæмæн нæ фаг кодта, уыдонæн, æгæр бирæ кæмæн уыд, уыдоны хæйттæй æрлыг кодтой æмæ сын быдырмæ рали- дзыны фадат фæци. Гъе, æмæ хæхты цæрджытæн ахæм хорздзинæдты чи бацыд, уыдоны нæ ферох кодтой, сæ номæй сæхи «сырх хохæгтæ», ома «красные горцы», зæгъгæ, рахуыдтой. Дыккаг хуызы хъуыдыгæнджытæ та афтæ зæгъынц: хохæй цы хъæутæй æрлыгъдысты, уыдоны цур сырх хох уыди, æмæ сæ ног цæрæн бынат дæр ахæм номæй схуыдтой. Зын баууæндæн у, афтæ чи дзуры, уыдоныл, уымæн, æмæ кæд ахæм хох æцæгæй уыдис, уæд ныртæккæ дæр хъуамæ уаид æмæ йæ адæм зониккой. Цыбыр дзырдæй, дыккаг зондылхæст адæм хъæуы номы равзæрды хабар суй цы кæнынц, æндæр æм ногдзинадæй ницы хæссынц. Диссаг цы у: мæ хъæуæн йæ иу ном куыд равзæрд, уый бæрæг нæу, афтæмæй ма йын фæзынд дыккаг ном дæр — Бæрæгъуын. Быдырмæ ра- лидзджыты-иу сæ хæстæджытæ кæнæ сæ зонгæтæй бафæрсæг куы фæци, кæм æрцардыстут, зæгъгæ, уæд-иу дзуапп радтой: «Дæлæ Бæрæгъуыны зæххытыл». Цæмæн сæ хуыдтой «Бæрæгъуыны зæххытæ»? Чи уыди Бæрæгъуын? Адæймаг æви цæрæгой? Уыцы фарстытæ дæр та абоны фæлтæрæн æнæ дзуаппæй баззадысты. Цалынмæ хъæуы цардтæн — хъæуы та батыдтон мæ царды хуыздæр нудæс азы, уæдмæ, «Бæрæгъуын» дæр ма цæмæн хуыйнæм, ууыл ахъуы- ды кæнын мæ зæрды никуы æрæфтыд. Фæстæдæр, горæты цæрын куы райдыдтон, уæд-иу мæ арæх, кæцон дæ, зæгъгæ, бафарстæуыд æмæ-иу дзуапп радтон: — Красногойраг. 11
— Красногор... Красногор... — фылдæр хæттыты-иу хъуыдыты аны- гъуылдысты ме ’мныхасгæнджытæ. — Æмæ уый та кæм и? — ногæй та-иу мæ бафарстæуыд. Мæнæн-иу æхсызгон кæм уыдаид, афтæ сæрыстыр кæмæй уыдтæн, мæ уыцы райгуырæн хъæу, гуырд у æви гуыринаг % уый дæр чи нæ зоны, зæххыл ма ахæмтæ дæр кæй ис, ууыл баууæндын, фæлæ-иу, мæхи- уыл ныххæцгæйæ, дарддæр дзуапп лæвæрдтон: — Æрыдоны районы... Æрыдонæй авд километры фалдæр. Ахæм ныхæстæ фехъусгæйæ-иу фæрсæджы цæсгом фæрухсдæр æмæ- иу цыма къуырццзæвæнæй раирвæзт, уый хуызæн-иу, дзæвгар фæхъæл- дзæгдæр уæвгæйæ, загъта: — Бæрæгъуын? — О, о. Бæрæгъуын. — Омæ афтæ загътаис, æндæр — Красногор. Раст зæгъын хъæуы, бынтон æндæр уавæры дæр-иу бахаудтæн. Цæмæй мæ къаддæр фæрстытæн дзуапп дæттын хъуыдаид, уый тыххæй-иу æндæр хатт та, кæцон дæ, зæгъгæ, бафæрсджытæн ахæм дзуапп радтон: — Бæрæгъуыйнаг. — Бæрæгъуын... Бæрæгъуын... Ахæм хъæуы ном фыццаг хатт хъусын... Ныр та-иу «æххуысмæ» Красногормæ фæдзырдтон. Æмæ-иу нæ фæрæдыдтæн. Бæрæгъуын чи нæ зыдта, уый æнæмæнг зонгæ уыд Крас- ногоримæ æмæ-иу ныхас фæлмæн уайдзæфæй ахицæн: — Уый та цавæр Бæрæгъуын æрхъуыды кодтат, Красногор у æмæ йæ Красногорæй уадзут! Мæнæн дыууæ номы дæр æмхуызон адджын сты. Кæцыфæндыйы кой дзы куы рацæуы, уæддæр зæрдæ æмхуызон адджын рæхуыст скæны, фæлæ мæм цæмæдæр гæсгæ уæддæр «Бæрæгъуын» хæстæгдæр у. Цыма мады ном у, афтæ мæм кæсы. «Бæрæгъуынты М.», зæгъгæ, ма мын суанг ахæм фæсномыг дæр уыди. Мæ уацхъуыдты бын ахæм фыст куы фæзынд, уæд мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, Бæрæгъуынтæй мыггаг æцæгæйдæр кæй ис. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Бæрæгъуынтæ нæ хъæумæ цæрынц тынг хæстæг — Кæрдзыны. Кæрдзынæй мах æхсæн та фондз километры йеддæмæ нæй. Хъыгагæн, уыцы мыггагæй лæгæй-лæгмæ ни- куыма никæуыл сæмбæлдтæн, сæхицæй та мæ агурæг никуы фæци. Чи зоны, мæ фыстытæ мын-иу куы бакастысты, уæд сæ зæрдæмæ нæ цыды- сты æмæ дзы алчидæр йæхинымæр скарста: «Ахæм фыстытæ кæй къухы бынæй рацыдысты, уыимæ цас нæ базонгæ уай, уыйас хуыздæр». Чи зоны, Бæрæгъуынтæ Бæрæгъуынмæ хæстæг кæй цæрынц, уый хуы- мæтæджы нæу, фæлæ мæ хъæуимæ баст иннæ хъуыддæгты хуызæн ацы хабар сбæлвырд кæнын дæр мæ къухы нæма бафтыд. Мæ хъæуæн дыууæ номы кæй ис, уый та мæм куыдфæстæмæ хорз кæсын дæр ма райдыдта. Ныр мæ, кæцон дæ, зæгъгæ, исчи куы бафæрсы, уæд сын фæзæгъын: — Бæрæгъуыйнаг. Мæ хъæу Красногор дæр хонынц. Номдзыд горæт- ты хуызæн ын дыууæ номы ис. Цавæр номдзыд горæттæ, зæгъгæ, мæ куы бафæрсынц, уæд сын ра- нымайын: 12
— Ленинград — Бетъырбух, Куйбышев — Самарæ, Киров — Вяткæ... Æвæдза, диссаджы хъæу у нæ хъæу. Диссаг у æппæты фыццаг йæ цæрджытæй. Ирыстоны хъæутæй йæ æппæты фыццаг, раздæр Хъырупс æмæ Салыгæрдæн кæй хуыдтой, уыцы Алагиримæ абарин. Нæмттæ æмæ мыггæгтæ куыд равзæрдысты, уыдон сæрмагонд ахуырад иртасы — оно- мастикæ. Æз уымæ ницы бар дарын, стæй йæ хæстæ мæхимæ исынмæ дæр нæ хъавын. Æз спайда кæнынмæ хъавын, адæмæй кæй фехъуыстон, уыцы ныхæстæй. Иуæй-иуты хъуыдымæ гæсгæ «Алагир» равзæрд дыууæ дзырдæй: Уæллаг æмæ Ир-æй. Кæд æцæг афтæ у, уæд нæ хъæуæн схонæн ис Дæллаг Ир, уымæн æмæ йæ цæрджытæ иууылдæр сты Уæлладжыры комæй рацæугæ, цæргæ та æркодтой Алагирæй дæлдæр. Цы хъæутæй ралыгъдысты, уыдон кæрæдзимæ æввахс лæууыдысты. Чи зоны, ныртæккæ се ’ппæтыл иу бонмæ æрзилæн уаид. Кæд дзы дарддæр исчи цард, уæд æрмæстдæр цъæййæгтæ. Уырдыгæй та йæм ралыгъдысты æрмæстдæр иу мыггаджы минæвæрттæ — Баситæ (дыууæ хæдзары). Бæрæгъуын кæд алы хъæутæй арæзт æрцыд, уæддæр фыццаг бонæй фæстæмæ иу бинонты цардæй цæрын райдыдтой. «Дæу у» «мæн у» дзы никæцы сыхæй райхъуыст. Кæд цин кодтой, уæддæр — афтæ. Дыууæ- фондзыссæдз бинонтæй фылдæр кæм æрцард, уым худын кæм хъуыд æмæ кæуын кæм хъуыд, ахæм хабæрттæ куыннæ хъуамæ уыдаид! Уыдысты дзы иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр. Тæхуды, хъæуы фыццаг бонæй фæстæмæ цы ахсджиаг цаутæ æрцыд, уыдонæй иу-цалдæр уæддæр куы зонин, уæд сæ куыд æхсызгонæй радзу- рин адæмæн. Уæд та, æппæты фыццаг ацы зæххыл боны рухс чи федта, уый ном куы зонин! Æппынницы, фæлæ йын йæ ном æмæ йæ мыггаг рæстæджы фæлмæй уæддæр сисин æмæ йæ базонгæ кæнин ныры æмæ су- инаг фæлтæрты минæвæрттимæ. Афтæ мæм кæсы, цыма йын йæ ном ал- чидæр æхсызгонæй мысид, дзыккакъах кæй фæци — йæ фæстæ райгуырд сæдæгай æмæ мингай чызджытæ æмæ лæппутæ — уый тыххæй. Нæ хъæумæ чи ’рлыгъд, уыдонæй алчидæр куыннæ у кад æмæ рады аккаг. Фæлæ дзы цыма, фыццагдæр чи райгуырд, уый сæрмагонд бынат ахсы, уæлдай æргом аздахыны аккаг у. Ацы ран мæ зæрдыл Нарты кадджытæ æрлæууыдысты. Æхсар æмæ Æхсæртæг кæрæдзийы куы амардтой, уæд сыл Æхсæртæджы ус Дзерассæ фыркуыдæй йæхи куыд мардта, афтæ йæ Уастырджи æрбаййæфта. Цæ- уыл кæуыс, зæгъгæ, йæ куы бафарста, уæд ын сылгоймаг афтæ: — Куыннæ хъыг кæнон? Мæнæ ацы дыууæ ’фсымæры мæн тыххæй фæмард сты, æмæ сæ куыд баныгæнон, уымæн ницы амал арын. Уастырджи йын загъта: — Усай, уыдон æз баныгæнин, бæргæ, усæн мын куы рацæуис, уæд. — Цæуыннæ дын ацæудзынæн усæн, ацы мæрдты куы баныгæнæм, уæд, — дзуапп радта Дзерассæ. Уастырджи йæ ехсы фындзæй зæхх æркъуырдта, æмæ дыууæ ’фсымæ- ры марды ингæны фестадысты, сæ ингæныл та фæзынд диссаджы цырт, чъыр æмæ дурæй амад, рæсугъд галуан йæ алыварс, афтæмæй. Уæд Дзерассæ дзуры Уастырджимæ: 13
— Цæй уæдæ æз мæхи ахсон уæртæ денджызы был, кæннод тугæрхæмтгæй демæ куыд фæцæуон?! Ды уал ам бад, æз ныртæккæ фез- дæхдзынæн. Уастырджи баууæндыд Дзерассæйыл. Дзерассæ былмæ куыддæр бахæццæ, афтæ денджызы йæхи баппæрста æмæ йæ фыды бæстæ Донбет- тыртæм ныффардæг... Бонтæ цыдысты. Дзерассæ æнхъæлцау кæй у, уый йыл тынгæй- тынгдæр бæрæг дардта. Иу бон ын йæ мад афтæ: — Ацу Нарты уæзæгмæ — уыдоны стæджы хъæд афтæ у, æмæ, сæ уæзæгыл чи нæ райгуыра, уый сæхицæй нæ хонынц. Дзерассæмæ бахъардтой уыцы ныхæстæ æмæ бацагуырдта Æхсæртæджы хæдзар. Йæ рæстæг куы ’рцыд, уæд ын райгуырд дыууæ фаззоны — Уырызмæг æмæ Хæмыц. Арф хъуыды ис ацы кадæджы. Райгуырæн зæххæн æмбал дзы нæй. Райгуырæн уæзæг, чи йыл райгуыра, уымæй адджындæр никæмæн у, уымæй тынгдæр никæмæй риссы, уымæй æхсызгондæр никæмæн у йæ хорздзинад. Уый нæ фыдæлтæ хорз æмбæрстой æмæ сæ хуыздæр уацмы- сы фыды уæзæгæн ахæм стыр аргъ уымæн кодтой. Мах та, хъыгагæн, ахæм хабæрттæм нæ хъус фаг нæ дарæм, цы хъæздыг бынтæ нын баззад, уыдонæй нæхи бонджын нæ хонæм. Уый хыгъд дзы пайда кæнынц зонд- джын адæмтæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй Америчы Иугонд Штатты алы адæймаджы бон дæр у цыфæнды стыр бынат æрцахсын... президенты бынатæй фæстæмæ. Ацы бæстæйы конституцимæ гæсгæ президент суæ- вын йæ бон у, растдæр зæгъгæйæ та, йæ бон нæу, Америчы зæххыл чи нæ райгуырд, уымæн. Зæгъæм, Уæрæсейы кæнæ Ирыстоны конститу- цимæ исчи ахæм ивддзинад бахæссынвæнд куы скæнид, уæд «адæмы сæрхъуызойтæ» бæстæ сæ сæрыл сисиккой, уый, адæймаджы бартæм чи ныхилы, æппæт адæмæн æмхуызон бартæ чи нæ дæтты, ахæм хъуыддаг у, зæгъгæ. Мæнмæ гæсгæ та уым аиппæй ницы уаид. Аипп у, Уæрæ- сейы, уæлдайдæр та Ирыстоны Конституцийы ахæм закъон кæй нæй. Мæнæн исчи нæ парламенты ныхасы бар куы раттид, уæд фæндон бахæс- син, цæмæй нæ закъонты æмбырдгондмæ бафтауой: «Ирыстоны прези- дент, парламенты, хицауады разамонджытæй æвзæрст цæуæнт, нæхи зæххыл чи райгуырд, æрмæстдæр ахæм адæймæгтæ...» Бæрæгъуыны, рухс дунемæ фæзынгæйæ, æппæты фыццаг кæй кæуын райхъуыст, уый базонын мæ тынг фæнды, уымæн æмæ уыцы арфæйы аккаг адæймаг, хъæуы цы æртæ мины æмæ сæдæ дыууын æртæ цæрæджы уыд, уыдонæй се ’ппæтæй дæр бæрæгъуыйнагдæр æмæ красногойрагдæр уыд. Æрмæстдæр уымæн уыд йæ бон зæгъын: «Æз райгуырдтæн ацы хъæуы. Сымах кæд ам цæрут, уæддæр æндæр рæттæй рацæугæ стут». Кæд искуы искæй æнæзонгæ адæймагимæ ныхас кæнын фæндыд, уæд мæн дæр фæнды. Фæнды мæ, нæ хъæуы æппæты фыццаг авдæны кæй ауызтой, уымæн цалдæр ныхасы зæгъын: «Кæд æгас дæ, уæддыл цыппæр- дæс æмæ æртиссæдз азæй фылдæр нæма цæуы, æмæ дын Хуыцау цы бонтæ снывонд кодта, уыдон амондджын æмæ зæрдæрухсæй батон! Канд 14
дæхи кæстæртæ нæ, фæлæ æппæт хъæуы кæстæртæй иуы зындзинад дæр ма фен, афтæмæй сæ уæле бирæ азты кадджын æмæ зæрдæрухсæй фæбад. Бузныг дын, нæ хъæуккæгты æхсæн хистæры бынат бацахсынмæ дæ ныфс кæй бахастай, уый тыххæй. Чи дæ, уый куы зонин, уæд бацархаин, цæмæй дын Бæрæгъуын-Красногоры кадджын гражданины ном раттой, ууыл. Стæй дæ ууыл дæр нæ ныууадзин. Цыфæнды стыр фынджы уæл- хъус дæр дæ æдзухдæр æппæты уæле бадын кæнин, уымæн æмæ, дæуæй хистæр чи у, уыдон иууылдæр уазджытæ сты, уазæг та хъуамæ фысымы дæллаг фарс бада. Цыбыр ныхасæй, дæу скадджын кæныны тыххæй ни- цæуыл бацауæрдин, уымæн æмæ дæуæй буцгæнинагдæр хъæуккаг мæнæн дæр æмæ иннæ бæрæгъуыйнæгтæн дæр нæ уыдзæн. Цæмæй бирæ фæцæрай, уый ма мæ цæй тыххæй фæнды: дæ кæстæртæн дæр ныфс уыдзынæ, мах дæр дæуæй къаддæр нæ фæцæрдзыстæм, зæгъгæ... Кæд æгас нал дæ, уæд та... Стыр æвгъайуаг хъуыддаг у, абонмæ кæй нæ фæцардтæ, уый. Уæвгæ, лæг цас фæцæра, уымæ гæсгæ йын аргъ- гонд нæ цæуы. Хорзæй цы сарæзта, уыдон сты йæ лæгдзинад æвдисæг. Адæмы ’хсæн цы фарны мыггæгтæ байтыдтай, уыдон амондджын æвзартæ суадзæнт. Цæмæ бæллыдтæ æмæ дын цы нæ бантыст, уый, цæрынæй кæимæ нæ бафсæстæ, уыдонæн бантысæд. Дæ хорз зæрдæйыл куы уыдтæ, уæд-иу сæм цы цæстæй кастæ, ууыл дæ къух мæрдты дæр ма сис. Дæ бадæн рухс дзæнæты цъæх фæзы уæд!» Цин æмæ зиан æфсымæртæ сты, зæгъгæ, фæзæгъынц. Кæд æцæг афтæ у, уæд, мæнмæ гæсгæ, цин хистæр æфсымæр хъуамæ уа. Æмæ ахæм хистæр æфсымæрыл æз нымайын, нæ хъæуы фыццаг чи райгуырд, уыцы адæймаджы, кæстæрыл та — æппæты раздæр дзы бонрухс кæуыл бата- лынг, уый. Зындгонд у уыцы лæджы ном. Зонын æй канд æз нæ, фæлæ æппæт хъæубæстæ дæр — Гаситы Мыст. Хъыгагæн, йæ кой фылдæр адæм тыхст заман скæнынц. Исчи искæмæ куы фæмæсты вæййы, уæд æй арæх афтæ ралгъиты: «Гаситы Мыстæн фæлдыст фæу!» Сырдоны æмбисонд æрымысыдтæн. Хин æмæ кæлæн кæм нæ уыд! Нарты адæмæн бафæдзæхста, куы амæлон, уæд-иу мæ, адæмы хъæр кæм хъусон æмæ фосы уасын кæдæм хъуыса, уым бавæрут, зæгъгæ. Цы бирæ фыдбылызты сæ баппæрста, уый зæрдыл даргæйæ, Нарт Сырдонæй сæ маст райсын сфæнд кодтой æмæ йæ ныхасы бавæрдтой. Адæм-иу кæрæдзимæ куы рамæсты сты, уæд-иу сæ иу иннæйы фæлдыс- та: «Махæй, уæдæ, мæнг чи зæгъы, уый мæнæ Сырдонæн бæх уæд!» Уæд Нарты адæм загътой: «Амæн нын йе ’гасæй йæ мард ноджы диссагдæр куы у æмæ нын фыддæрæн куы фæци: цæй æмæ йæ скъахæм æмæ йæ фурды баппарæм!» Скъахтой йæ æмæ йæ фурды баппæрстой. Сырдон уыдис Донбеттыр- ты хæрæфырт æмæ, фурды куы бахауд, уæд райгас æмæ ссыд Нарты ныхасмæ. Нарт загътой: «Сырдонæн дурты бын дæр мæлæн нæй!» Гаситы Мыстæн иу иннæйы цæмæн фæфæлдисы, уый нæ зонын, фæлæ йæ мæстыйæ кæй фæзæгъынц, уый дызæрдыггаг нæу. Мæнмæ гæсгæ та 15
Мыст азымы бадаринаг ницæмæй у. Авдæны гуыпп-гуыпп кæм райхъуы- сы, уым чырынæн дæр æнæуæвгæ нæй, чи райгуырд, уыдонæн æнæмæлгæ куыд нæй, афтæ. Нæ хъæуы дæр æппæты разæй искæй мæлын хъуыд. Æмæ уыцы зын хæс йæхимæ райста Мыст. Йæ хистæртæй никæмæ фæдзырдта, йæ кæстæртæй йæ разæй никæй фæкодта, ,афтæмæй ацыди, раздæхæн кæцæй нал и, уыцы фæндагыл. Мæлын æнцон никæмæн уыд, стæй мæлæтыл ардыгæй фæстæмæ дæр зæрдæхъæлдзæгæй исчи сæмбæла, уый æнхъæл нæ дæн, фæлæ Мысты уавæры мæлын ноджы зындæр уыд, уымæн æмæ йæ уд иста, уæлмæрдтæ кæм нæма уыд, ахæм хъæуы. Уæвгæ, фæндаг мæрдтæм дæр ис, зæгъгæ, ахæм æмбисонд цы адæмы æхсæн райгуырд æмæ йæ иу фæлтæрæй иннæ фæлтæрмæ цы дзыллæ фæхастой, уыдон сæ мардæн бынат куыннæ хъуа- мæ ссардтаиккой! Чи зоны, хъæубæсты уæлмæрдты сагъæс уымæй размæ дæр уыди, фæлæ, фыццаг зиан куы ’рцыд, уæд бирæ хъуыды кæнынæн рæстæг нал уыд: равзарын хъуыд уæлмæрдты бынат æмæ йын равзæр- стой. Раздæр хъæуы дзырддзæугæ лæгты иу хай адæмы æрцæрын кæнынмæ кæм хъавыд, уымæй чысыл дæлдæр. Куыройыдон йæ рæбынты кæмæн згъоры, уыцы уæлбыл. Хъæу армытъæпæныл æвæрдау кæцæй зыны, уым. Акодта фыццаг къахдзæфтæ — кæд мардæй афтæ зæгъæн ис, уæд — Мыст æппæты зындæр цæуæн фæндагыл. Йæхимæ райста, æгас адæй- маджы бон райсын кæй нæу, ахæм уаргъ æмæ йæ ахаста йе ’нусон цæрæн бынатмæ. Уæддæр ма йæ мæ хъæуккæгтæ цæмæдæр гæсгæ азымы фæда- рынц æмæ йын кæрæдзийы фæлдисынц, уымæй Мыстæн хæрзæджы кæй цæуынц, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæй, афтæмæй. Мыст Ичъынайы калмау уæлæуыл куы баззадаид, уæддæр хъæуы фыц- цаг искæй мæлын хъуыд æмæ уæд уый дæр дæлджинæг кæнын хъуыдаид? Мæнмæ гæсгæ, ахæм адæймагмæ æндæр цæстæй кæсын хъæуы, уымæн æмæ адæмы сæрыл йæ уд нывондæн æрхаста. Иуы дæр кæдæм нæ фæнды, уырдæм разæй ацыд. Уый афтæ нæ амоны, æмæ сын уæлмæрдтæм фæндаг бацамыдта. Уырдæм фæндаг амонын никæмæн хъæуы. Кæд ацы дунемæ искæмæн фæндаг амонын хъæуы, уæд ын хъæуы ардыгæй дæр. Дыууæ ранмæ дæр фæндæгтæ амонæг Уæллаг у. Дæ хъысмæты цы фыст ис, уымæй дарддæр дæ бон ницы у. Бæсты бикъ-комы дæгъæл куы фестай, уæддæр дын дæ ныхыфыст æнæвзаргæ нæй. II Æнцон цæрæн нæ уыди фыццаг рæстæг хъæуæн. Хъуаг æййæфтой алцæмæй дæр. Уадзæн ног хæдзараразæг загъдæуы. Калм дæр, дам, дзы йæ хуынкъмæ лидзы. Уæд уыцы-иу рæстæг дыууæфондзыссæдз хæдзарæй фылдæр кæм арæзтой, уыцы хъæуæй хъуамæ Ирыстоны кæлмытæй иу дæр йæ хуынкъæй йæ сæр сдарын мауал бауæндыдаид. Хæдзар, кæй зæгъын æй хъæуы, сæйрагдæр уыд, фæлæ сæ иннæ арæзтæдтæ дæр къаддæр сагъæсы не ’фтыдтой. Бынæттæ хъуыди фос æмæ мæргътæн, бынæттæ хъуыди, сæ зæххы хæйттыл цы хор зайын кодтой, уымæн дæр. Аразын 16
хъуыди, æппæт хъæуæн иумæйаг чи уыд, ахæм бæстыхæйттæ: куырой, скъола, медицинон пункт, дукани, кæсæндон. Æппæты фыццаг куырой саразыныл кæй батыхстысты, уым диссагæй ницы уыд, уымæн æмæ афтид голлаг хъен нæ лæууы. Зондджын лæджы загъдау, цæмæй цардаиккой, уый тыххæй сæ хæрын хъуыди æмæ тæккæ гæрзармдæртæ бавнæлдтой уыцы хъуыддагмæ. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ нартхорыссæны фыдтæ разылдысты, зымæг сæлгæ чи нæ кодта, сæрд — ивылгæ, уыцы суадоныл. Чи зоны, уымæй размæ йын æндæр ном уыди, фæлæ куырой куы скуыста, уæд æй иууылдæр Куыройыдон хонын райдыдтой. Бирæ хæрзты бацыд уыцы куырой мæ хъæуккæгтæн. Бирæ ссинаг æм фæхастон æз дæр. Уæд дзы куыройгæстæй Хуыцауы сконд дыууæ лæджы куыста — Бæцойты Тегка æмæ Икъаты Цæрай. Хæсты фæстæ, хор бын- тон кадавар куы уыд, уæд дæр мæ куыройы мызд никуы айстой, афтæмæй нын-иу алы хатт дæр нæ нартхоры цалдæр килæйы æрыссадтой. Ссинаг, куыд мæхæдæг, афтæ не ’ннæ бинонтæ дæр фылдæр æккойæ хастам. Цæуыл аластаиккам, уый дæр нæм нæ уыд, уæрдоны цы бавæрдтаиккам, уый бæрц хор дæр нæ рæбыны нæ зыдтам æмæ уымæн. Куыройы фæстæ мæ хъæуккæгтæ æппæты тынгдæр цæуыл батыхстыс- ты, уый уыди скъола. Æртæ азы йеддæмæ нæ бауагътой сæ кæстæрты æнхъæлмæ кæсын. Рагацау куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй скъо- лайæн бынат ныууагътой хъæуы бæрæгастæу æнæхъæн цыппæрдигъон тъæпæн. Чысыл фæстæдæр скуыста медицинон пункт, байгом кæсæндон. Цыбыр дзырдæй, цæрæг уд йæхиуæттæ домдта, фæлæ ног бынат цæрæг уды цæуылты домдта, уымæ бирæтæ цæттæ нæ уыдысты. Цæвиттон, хъæубæстæ кæм æрæнцад, уый цъымарабын уыд. Æрлидзджытæ йæ куыннæ зыдтой, фæлæ се ’нæниздзинадыл æвзæрырдæм афтæ тагъд æмæ тынг фæзындзæн, уый æнхъæл нæ уыдысты. Сæрд йæ тæмæны куы ба- цыд, уæд къогъо сарæх, тæфсæджы къогъо, æмæ адæм ризæгæй рынчын кæнын райдыдтой. Хæххон сыгъдæг уæлдæфыл чи сахуыр, цъитийы сатæгæй чи улæфыд, уыцы адæмы канд тæфсæг нæ тыхсын кодта, фæлæ сахъат кæнын райдыдтой сæ рæуджытæ дæр. Бирæты-иу фæстæмæ сæхи дзæбæх кæнынмæ хохмæ цæуын бахъуыд. Уым-иу спайда кодтой сæ фы- дæлты хостæй. Хохы цæрджытæй-иу йæ рæуджытæм йæ зæрдæ кæмæн фехсайдта, уымæн-иу амыдтой ахæм мадзал: цъитийы фæзгъæртæм хъу- джы æрдуц æмæ, ихы къæрттытæ куы стайой, уæд уыцы æхсыр нуаз. Сæрддон-сæрддæргъы ахæм æхсырæй йæхимæ чи фæкаст, уый-иу фæстæмæ дзæбæхæй æрыздæхт. Рæуджыты низ дæр куыннæ, фæлæ мæ хъæуккæгтæн ноджы фылдæр хъыцъыдæттæ баназын кодта тæфсæг. Бирæ дзы фæсадтæн мæхæдæг дæр. Хæсты фæстæ азтæй иу дæр ахæм нæ хъуыды кæнын, тæфсæгæй кæд нæ фæрынчын дæн. Фæрынчын-иу сты мæ дыууæ хойы дæр. Адæймагмæ-иу хæрын нал цыд. Цыбыр рæстæгмæ-иу йæ зæнгты хъару нал уыд. Слæмæгъ- иу. Йæ сæр-иу зылди. Ноджы йæ дзæбæх цы хинæтæй кодтой, уыдонæн- иу æрмæст сæ уындæй дæр адæймаг ныккæрзыдта. Уыцы бур-бурид лыстæг цæппæргæндтæ-иу лæг куы ауыдта, уæд-иу бакатай кодта, уыдон та чи ну- 2 Дзасохты М. 17
аздзæн, зæгъгæ. Æнæ нуазгæ та сын нæ уыди. Æндæр æй ницæмæй дзæбæх кодтой. Кæд æй дзæбæх кодтой, уæддæр ын мах ницы зыдтам. Кæд Хуыцауы фæнда, уæд мыл аст мæйы фæстæ æртиссæдз азы сæххæст уыдзæн. Уыцы рæстæджы дæргъы рынчын дæр куыннæ фæуы- даин æмæ хостæ дæр куыннæ фæнызтаин, фæлæ дзы уæддæр хинæйæ мастдæр хосыл нæ сæмбæлдтæн. Иу-фондз æмæ йыл дыууиссæдз азæй фылдæр мæ цæст хæцгæ дæр нал æркодта, фæлæ мæм æй дардæй дæр куы равдыстæуаид, уæд ивгъуыд бонтæ мæ цæстыты раз сног уаиккой, мæ уд мын гæркъайы хуынчъы аластæуаид, катайы бахауин, кæд мын æй нуазын кæнынц, зæгъгæ. Йæ нуазын дæр зын куыннæ уыд, фæлæ- иу дзыхы маст кæд æмæ кæдмæ не ссыд. Сæкæр кæнæ къафетт ахæргæйæ- иу адæймаг хъизæмарæй бæргæ тагъддæр фервæзтаид, фæлæ ахæм буц хæринæгтæ æххормаг азты тъæнджы мæй хъуыдыдыйæ æнцондæр ссарæн нæ уыдысты. Уыцы рæстæджытыл куы фæхъуыды кæнын, уæд, Белогорцев Тимо- фейы кæд не ’рымысын, ахæм заман нæ вæййы. Уæздан адæймаг уыд. Хæдæфсарм, хъæрæй дзурын зонгæ дæр нæ кодта. Адæм æй бирæ уарз- той. Алы хæдзармæ дæр æнæхойгæйæ цыд. Уыцы дæргъæй-дæргъмæ æртæ уынджы-иу кæй кæртмæ нæ бахызт, ахæм нæ разындаид, фæлæ йыл иу куыдз дæр никуы срæйдта. Иууылдæр æй хион хуыдтой æмæ-иу сæ къæдзилтæ тилгæ йæ размæ ратахтысты. Тимофей хъæубæстæн ахæм уар- зон уыдис, æмæ йæм йæ фыды номæй ничи дзырдта. Стæй йын йæ фыды ном æз абон дæр нæ зонын. Хистæрæй-кæстæрæй йæ иууылдæр Тимафе хуыдтой. Мæ нымадмæ гæсгæ йыл иу-æртиссæдз азмæ ’ввахс цыдаид, фæлæ йæм, йæ фыды номæй кæй нæ дзырдтой, уый йæм нымады дæр нæ уыди. Цыма æмбæлгæ афтæ кодта, йæхи уый хуызæн дардта. Тимафе канд хæларзæрдæ адæймаг нæ уыд, фæлæ ма уыд хорз дохтыр дæр. Хуымæтæджы фелсыр уæвгæйæ, йæ зонындзинæдтæ бирæ дохтырæй фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ уыдысты. Къæсхуыртæ гуыбыргомау кæсæнцæстджын Белогорцев-иу, йæ чысыл цыппæрдигъон чумæдангонд йæ къухы, афтæмæй уынджы куы фæзын- ди, уæд-иу адæм йæ размæ цæуын райдыдтой. Алчидæр-иу æй хуыдта йæ рынчыны фенынмæ. «Нагъ»-иу никуы никæмæн загъта. Цы рынчыны тыххæй йæм фæдзырдтой, уый бабæрæг кæныны фæстæ-иу йæ фæндаг иннæтыл ракодта æмæ-иу, цалынмæ æппæт рынчынты дæр федта, уæдмæ нæ ныууагъта. Сахатмæ гæсгæ нæ куыста. Бирæ бонты-иу нæ хъæуы æнафонтæм ба- фæстиат. Цæуын та йæ Николаевскмæ хъуыд: уым цард. Нæхи хъæуы куыста, уæлдæр ахуыргонддзинад кæмæ уыд, ахæм сылгоймаг дохтыр, фæлæ ууыл Тимафейы хуызæн не ’ууæндыдысты. Тимафе зæронд заманы хæдзарон дохтыры хуызæн дзæбæх кодта алы низтæй дæр. Стæй æрмæст афтеччы хостæй нæ. Хорз арæхст адæмон медицинæйы мадзæлттæй пай- да кæнынмæ. Дзæбæх кодта кæрдæджытæй, зонгæ уыд ирон хостимæ. Уæлдай фылдæр куыст ын уыди сæрдыгон, тæфсæг-иу куы сарæх, уæд. Рынчынтæм цæуынæй никуы бафæллад, фистæгæй зылди хъæуы уынгты, æмæ йæм алы хæдзары дæр æнхъæлмæ кастысты зæрдиагæй, 18
уымæн æмæ зыдтой: Тимафе кæй фена, уымæн рафысдзæн, кæмæй адзæбæх уыдзæн, ахæм хостæ. Тæфсæджы ныхмæ тох кодтой æндæр фæрæзтæй дæр: цъымараты калд- той, тæфсæг æфтауæг къогъотæ чи куынæг кодта, ахæм хостæ. Хæсты фæстæ уыцы хъуыддагыл куыста Цомайты Мæрзабег. Санэпидстанцæйæ уыдаид, æвæццæгæн, хостæ хаста æмæ сæ пырх кодта цъымараты. Мах хъæугæрон цардыстæм æмæ-иу нæ фосы фæдыл цæугæйæ цъымаратæм æнæбафтгæ нæ уыди. Доны уæлцъар-иу, цыма йыл бензин ныккодтой, уый хуызæн хосæй хъулон дардта. Къогъоты ныхмæ тох æппынфæстаг йæ нысаныл сæмбæлд. Раздæр тугцъиртæ фесæфтысты, уый фæстæ — тæфсæг. Кæд цыфæнды зын рæстæг уыд, уæддæр медицинæ йæ куыст кодта. Алыхуызон уколтæ кæнынмæ-иу нæм скъоламæ арæх фæзындысты. Мах уымæй тарстдæр ницæмæй кодтам, æмæ нын-иу дохтыртæ се ’рбацыд никуы схъæр кодтой. Æдзухдæр-иу фæзындысты урочы астæу. Фылдæр хæттыты-иу æрбацыдысты директоримæ. Ахæм заман æппæты хъæба- тырдæр æмæ ныфсджындæр чи уыд, уый зыр-зыр дæр-иу ссыд, фæлæ-иу директор къæсæргæрон футболæйхъазæгдуаргæсы хуызæн куы ’рлæууыд, уæд-иу сæ уавæр бамбæрстой æмæ, скъæты кæй баййафынц, ахæм бирæ- гътау сæхи къуымтæм нылхъывтой. Æз, уколæй æппæты тынгдæр чи тарст, уыдонимæ нымад уыдтæн. Цомайты Гришæ ма мæ абон дæр бафæрсы, иу хатт, дам, уколтæ кæндзы- сты, уый куы базыдтам, уæд Хъæууатмæ куыд алыгъдыстæм, уый, дам, нал хъуыды кæныс. Уколæй фервæзыны тыххæй æз Хъæууатмæ нæ, фæлæ Елхотмæ дæр фæлыгъдаин, уымæн æмæ уæды судзин ныры судзины хуы- зæн нæ уыд. Адæймагæн-иу йæ цонг ныррæсыд, йæ тæвд-иу ссыд. Цы- быр дзырдæй, фæрынчын, цалдæр боны-иу йæ чемы нал æрцыд. III Хъулæттæ мады гуыбыны куы ис, уæд, фынддæс хъæуы минæвæрттæ кæм æрцардысты, уым нæ уыдаид? Уыди дзы, стæй иу æмæ дыууæ нæ. Иуты къухы хæдзæрттæ саразын тагъддæр бафтыд, иннæтæн та сæ арæз- тад ныддæргъвæтин. Иутæ ма сæ хорз хæдзæрттæ дæр арæзт фесты, иннæтæ та мæнгагъуыстытæ дæр нæма сарæзтой. Адæм алыхуызæттæ кæй сты, уымæ гæсгæ сын æнтысгæ дæр æмхуызон нæ кодта. Сæрæндæр чи уыд, уымæн фылдæр æнтыст. Йæ къух кæмæн амыдта, уый æдыхстдæрæй ар- хайдта. Фæкæсæг кæмæ уыд, уыдон сæхи бæхджынтæ хуыдтой æмæ фи- стæджыты разæй куыннæ хъуамæ фæуыдаиккой! Цыфæнды хъуыддаджы дæр иутæн æнæфæразæй уæвгæ нæй, фæлæ ирон æгъдау дæр йæ куыст кодта. Бынтон аразæй уæвын никæй уагъта. Æвæрæздæр чи уыд, уыдонæн сæхимæ хъусыны фадат нæ радта. Зиууæттæ- иу куы иуы кæртæй бакастысты, куы иннæйы кæртæй æмæ цыбыр рæстæгмæ, тæдзгæ кæуыл кодта, иунæг ахæм бинонтæ дæр нал баззад. Кусын цæсты рухс чи хуыдта, æнæ раны ранæй дæр дон рауадздзæн, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæмтæ дæр хъæуы цæрджыты æхсæн фæзын- 19
ди. Сæ иу уыди Реуазты Петкæ — нæ сыхаг. Уый, йæ алыварс куы акаст, уæд бамбæрста, æнæ раны ранæй йæ дон уадзын кæй нæ хъæ>/ы, уымæн æмæ уыцы дон — Куыройыдон — йæ чъылдыммæ калди. Йæ равзæрæн уалæ кæмдæр сæхи Хъасайты цур уыд. Чысыл къардиугонды бын зæххæй стыдта æмæ хъуыр-хъуыргæнгæ уырдыгмае’ разгъордта. Уым дæлæмæ йыл суадæттæ æфтгæ цыди, æмæ уæлмæрдты былы ракомкоммæ афтæ сдынджыр, æмæ йæ сæрты хид аразын бахъуыд. Куыддæлæмæ та йыл ноджы фылдæр къабæзтæ сæхи бастой. Хъæуы бын дзы адæймаг иуæй-иу рæтты ныгъуылгæ дæр акодтаид. Сырх куырой дæр — афтæ хуыдтой сæ ног куырой хъæубæстæ, сырх дурæй амад кæй уыди, уымæ гæсгæ — уым æрбынат кодта. Гъе, æмæ Петкæйы бафæндыд йæхицæн уырдæм хæстæг куырой саразын. Иутæ афтæ зæгъынц, йæхæдæг æй са- рæзта, иннæтæ та — николаевскаг хъазахъхъагæй, дам, æй балхæдта. Цыдæриддæр уыди, уæддæр сырх куыройы уæллаг фарс фæзынди ног «цæрæг».,Схуыдтой йæ «Петкæйы куырой». Куырой ма уыди Дзитойты Хадзымуссæмæ дæр. Фæлæ дзы иу дæр райгондæй нæ баззад: кулакты номхыгъдмæ бахаудтой. Хадзымуссæ æрхъуыдыджындæр разынд: йæ куыройы фыд хъилыл бакодта æмæ йæ схаста Салыгæрдæнмæ партийы райкомы секретарь Бутаты Хъазыбегмæ æмæ йын афтæ: «Мæнæ мæ ацы хуынкъ дуры тыххæй скулак кодтой...» Хъазыбег хъуыддаг куы бамбæр- ста, уæд æй кулакты номхыгъдæй ахахх кæнын кодта, фæлæ Петкæйыл кулачы ном сбадт. Ууыл куы баззадаид, уæд ын бæргæ бабыхстаид, фæлæ йæ йæ хæдзарæй сыстын бахъуыд. Стæй канд йæ хæдзарæй нæ, фæлæ Ирыстонæй дæр. Уыцы хæрам митæн йæ фыд Сослæнбег нæ бафæрæзта æмæ йæхицæн мæлæт хуыздæрæн равзæрста... Петкæйæн йæ хæдзар куы байстой, уæд йæ бирæ бинонтимæ йæхи Дагестанмæ айста. Иуцасдæр Дербенты фесты, стæй, сæ рæстдзинад куы рабæрæг, уæд сын фæстæмæ æрбаздæхыны бар радтой æмæ, дзæвгар рæстæг колхозы дзулфыцæн кæм уыд, сæ уыцы хæдзары æрцардысты. Бирæ азты фæстæ мын Петкæйы хæрæфырт Хапсæты Майрæм куыд радзырдта, афтæмæй йæ мадыфсымæры кулак маст исыны охыл ра- хуыдтой. Цæвиттон, æртынæм азты, колхозтæ аразын куы райдыдтой, уæд хъæуы уæлмæрдты уæллаг фарс бындур æрæвæрдтой бæхдонæн. Хъай- вантæн сын хъæдæрмæг нæ фаг кодта æмæ Петкæмæ æрхатыдысты, дæ куыройы кæрты цы гæдыбæлæстæ ис, уыдон нын радт, зæгъгæ. Разыйы дзуапп дзы куы нæ райстой, уæд æй, фырхъæздыгæй йæ буд кæмæн мыз- ти, уыдонæй рахуыдтой. Уæлдæр ма йæ куы загътон: Петкæйæн бирæ цот уыд. Фыдыбæстæйы хæст куы райдыдта, уæд йæ цыппар фырты ацыдысты тохы быдырмæ. Хæсанæ, Барис æмæ Мысост уым баззадысты. Фæстæмæ ма дзы сыздæхт æрмæст Иван. Уый дæр — цæнкуылтæй. Кулактæ ма скодтой Дзасохты Хæчъассæ, Мзокты Беба æмæ Хъуппе- ты Темырцийы (йæ фырттæ Тимофей, Дзибæло æмæ Миха). Дæс æмæ æртиссæдзаздзыд Хъуппеты Дзандар (Гугуйы фырт) мын куыд радзырд- та, афтæмæй йын йе ’рвадæлты хъæздыджыты номхыгъдмæ бахастой, сæ самандур хæдзары къултæн агуыридурæй «цъар» кæй скодтой æмæ къада 20
куыройæ бирæ стырдæр чи нæ уыд, ахæм нартхорыссæн кæй сарæзтой, уый тыххæй. Мах хъæумæ кулактæ агурæг чи рарвыста, уый дæр цас зонды хицау уыд — Хуыцау йæ зонæг. Кæд уыцы хъуыддаг, мæнæ китай- аг æмбисонды загъдау, хуыдалынг уаты сау гæды æрцахсынæй — уæл- дайдæр, гæды кæм нæй, ахæм хуыдалынг уаты — зындæр уыд, уæддæр «тугцъирагурджытæ» сæ къухтæм æмхасæнтæ кæнгæйæ сæ размæвæрд хæс сæххæст кодтой. Ссардтой, кулачы ном куывд скæныны фæстæ дæр кæуыл не сбадтаид, ахæмты æмæ сыл æй лæгдыхæй ныххуырстой. Цæй кулак æмæ цæй хъæздыг адæм уыдис, куыройы фыдтæ чи марзта, тæфсæгæй æмрызт чи кодта, уыцы адæмы æхсæн! Хуыцау хорз, æмæ «ног цардаразджыты» цæст бирæтыл не ’рхæцыд, стæй, кæуыл æрхæцыд, уыдон дæр карз æфхæрд нæ баййæфтой: Сыбырмæ дзы никæй ахастой, Гандзайы амæддагдзы никæй бакодтой... Хæдзæрттæ, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр арæзтой самандурæй, фæлæ бæстыхæйтты къултæ цауддæртæ куыд уыд, афтæ уыд хуыздæртæ дæр. Цауддæртæ кодтой сахъарийæ, хуыздæртæ — агуыридурæй. Æппæты зындæр ссарæн, кæй зæгъын æй хъæуы, уыди агуыридур. Зындæр ссарæн, стæй — зынаргъдæр. Агуыридурæй амад хæдзæрттæ нæ хъæуы нымадæй цалдæр йеддæмæ нæ уыд. Агуыридурæй амад хæдзæртты хицæуттæ систы Хуыдæлты Цæппо, Цомайты Гадæцци æмæ Мзокты Доци. Мæ фыд Созырыхъойæн — хъæуы йæ цæмæдæр гæсгæ (æвæццæгæн, мады номæй) Сосыгко хуыдтой — дæр, кæд йæ буд нæ мызти, уæддæр йæ бон баци хæдзар агуыридурæй самайын, скæсæнырдыгæй йын цы къул уыдис æмæ ис, уымæй фæстæмæ, Нарты Сосланы уæраджы чъиритæ æнæсæрстæй куыд баззадысты, уыйау. Дур ын нал сфаг æви барæй афтæ бакодта, уый нæ зонын, фæлæ нæ хæдзарæн йæ нарæгдæр къултæй иу самандурæй амад у. Раджыйы хуызæн ма ныр дæр амайынц æрдæгсаман- дур, æрдæгагуыридур къултæ. Æдде — агуыридур, мидæгæй — саман- дур. Мах хæдзары къултæ сты иууылдæр агуыридурæй æмæ дзы раст-рав- джы зæгæл абон дæр нæ бакъуырдзынæ. Самандур æмæ сахъарикъул хæдзæрттæ чи кодта, уыдоны арæзтадон æрмæг агурынмæ дардмæ цæуын нæ хъуыд: æлыгбын сыджыт — алы ран дæр арæх. Иннæ ахæм — зыгуым. Уæдæ сахъарикъуларазджытæй дæр уис æмæ михыл никуы ничи батыхст. Æхсæры къохтæй хъæздыг уыдысты канд Даргъ хуымтæ æмæ Къобосты хъæд нæ, фæлæ Фæсхъæууат æмæ Хуыдзых дæр. Самандур ахъаззаджы æрмæг уыд саратæ æмæ фосы бынæттæн, æмбондтæ æмæ хъæууон æндæр арæзтæдтæн. Мæ рæстæджы дæр ма йæ кодтой. Рады фыййау уæвгæйæ-иу, адæймаг ногконд самандуры джип- пытæм фосæн баирвæзынæй тынгдæр ницæмæй тарст. Фыстæн, уæл- дайдæр та сæгътæн, уыдоныл акафынæй хуыздæр мацы ратт. Цалынмæ- иу дæ фосы кондимæ хъæуæй адард уыдаис, уæдмæ дæ цыппар цæстæй кæсын хъуыд. Самандуры куыст мæхи рагъыл дæр бавзæрстон. Уæззау куыст у йæ райдайæнæй йæ кæронмæ дæр. Фыццаджыдæр, скъахын хъæуы æлыг- бын зæхх. Уый фæстæ йæ, дон ыл кæн, афтæмæй змæнтын хъæуы зы- гуымимæ. 21
Куыстæн йæ фыццаг хай кондыл банымай, фæлæ къаддæр ахсджиаг нæ уыд самандуртæн сæ хус кæнын рæстæг дæр. Кæд фæд-фæдыл цалдæр хурбоны скæна, уæд — дæ амонд. Дæ фыдæбæттæ нæ фæдзæгъæл уыдзы- сты. Дæ арæзтадон æрмæг дын афоныл дæ хæдзармæ баласыны фадат фæуыдзæн æмæ йæ аууон ран бафснайдзынæ. Уым жм хур куынæуал кæса, уæддæр, куыд æмбæлы, афтæ бахус уыдзæн æмæ дзы кæдфæндыдæр спаида кæндзынæ. Йæ фæллæйттæ-иу кæмæн фæдзæгъæл сты, ахæмтæ дæр уыди. Цы самандуртæ скодта, уыдоныл тыхджын къæвда æрцыд æмæ-иу æмиас цыппæрдигъон расткъуымонтæм сæ фыццаг хуызæй ницыуал уыд. Зыгуым- æмхæццæ æлыджы къуыбæрттæ-иу дзы рауад. Бирæ хæрзты бацыд ног хæдзаргæнджытæн самандур. Цы бæстыхæйттæ дзы сарæзтой, уыдон абоны онг дæр фидар лæууынц. Иуы хицау дæр дзы никуыма рахъаст кодта. Самандуркъул хæдзæрттæм иу диссаджы мини- уæг ис: сæрдыгон дзы сатæг вæййы, зымæгон — хъарм. Стæй цыма ца- вæрфæндЫ арæзтадон æрмæгæй дæр буарæн пайдадæр сты, афтæ мæм кæсы. Адæймаг зæххыл цæрынæн райгуырд æмæ йæм цас хæстæгдæр уа, уыйас хуыздæр у. Самандурыл ныртæккæ дæр стырзæрдæ кæнын нæ хъæуы. Скæсæны абон дæр бирæ рæтты нымад у ахъаззаджы арæзтадон æрмæгыл. Ахæм бæстæтæ ис, æмæ дзы цыппар-фондзуæладзыгон хæдзæрттæ кæм аразынц. IV Уынгæг кæмтты зæрдæуынгæгæй чи цард, уыдон, ахуырæн аргъ кæнын кæй зыдтой, уый рабæрæг хæрзцыбыр рæстæгмæ. Адæмæй алкæмæн хæдзар нæма уыд, афтæмæй аразын райдыдтой скъола, хъæуæн йæ тæккæ бæстастæу, æппæты райдзастдæр æмæ рæсугъддæр ран. Æнæхъæн зылд иууылдæр уымæн дихгонд æрцыд. Иуырдыгæй дæр фондз хæдзары са- разæн кæм уыд æмæ иннæрдыгæй дæр, ахæм зæххы хай. Скъола сцæттæ æртæ азмæ. 1995 азы йыл сæххæст дæс æмæ æртиссæдз азы. Ног хъæу йе скъолайы йæхицæй æртæ азы кæстæр уæвын йеддæмæ нæ бауагъта. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъолайæ æртæ азы чи фæцух, уыдон бадын бахъуыди сæхицæй æрыгондæртимæ... Уæдæй нырмæ къорд азы рацыд. 1986 азы 18 сентябры нæхи телеуы- нынадæй Чехойты Сæрæбийы тыххæй уыди сæрмагонд равдыст. Уыцы аз поэты райгуырдыл сæххæст дæс æмæ ’ртиссæдз азы. Йæ бацæттæ кæнын мæнæн бахæс кодтой. Йæ амонæг дæр мæхæдæг уыдтæн. Равдыст куы фæци, ууыл бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ нæ фатеры райхъуыст теле- фоны дзæнгæрæг. Дзæнгæрджытæ кæрæдзимæ куыд хæстæг уыдысты, уымæ гæсгæ бамбæрстон, æндæр горæт кæнæ хъæуæй кæй дзырдæуы. Телефонисткæ мын куыд бамбарын кодта, афтæмæй нæ агуырдæуыд Беслæнæй. Хæтæлы райхъуыст сылгоймаджы хъæлæс. Чи дæн, уый куы базыдта, уæд мын йæхи бацамыдта: Доски... Æхсызгон мын куыннæ уыдаид нæ сыхаджы хъæлæс фехъусын. Нæ сыхаг хæсты размæ уыдис, фæлæ, Сындзыхъæумæ чындзы куы ацыд, 22
уый фæстæ дæр хъæубæстыл йæ зæрдæ нæ аивта. Йæ алы æрцыды фæстæ дæр-иу сыхбæсты, уæлдайдæр сыхбæстæн сæ кæстæрты зæрдæты ныу- уагъта æнæферохгæнгæ фæд. Ахуыргæнæгæй куыста æмæ-иу алкæмæндæр æнæисты лæвар æрхæсгæ никуы фæцис. Кæмæн — тетрад æмæ ручкæ, кæмæн — чиныг æмæ кърандас, кæмæн — фыстхалæн æмæ линейкæ, кæмæн та — се ’ппæт дæр иумæ. Мах хæдзары æртæ скъоладзауы уыд æмæ нæ иу дæр æнæ рæвдыдæй никуы баззад. Доскийы æрцыд-иу нæ алчидæр бæрæгбоныл нымадта. Æмæ мæм телефонæй дæр уыцы Доски дзырдта. Сæрæбийы тыххæй равдыст кæй сарæзтон, уый фæдыл мын арфæ ра- кодта, стæй æваст йæ мысинæгтæм рахызт: — Мах Сæрæбиимæ иу къласы ахуыр кодтам. Фыццаг къласæй æвдæмтæм. Æз Æккæлаты Вераимæ иу партæйыл бадтæн. Ды Верайы цæмæй хъуыды кæндзынæ?! — цыма йæ æцæгæйдæр кæй нæ хъуыды кæнын, ууыл фидарæй æууæндыд, уый хуызæн бафиппайдта Доски. — Куыннæ йæ хъуыды кæнын?! Фыццæгæм къласæй мын цыппæрæм къласмæ ахуыргæнæг куы уыди! — Æцæг зæгъыс? — дисхуызæй мæ афарста Доски. — Канд мæнæн нæ, фæлæ мæ кæстæр хо Дибæханæн дæр. Доскийыл цыма стыр хорз æрцыд, уый хуызæн бацин кодта æмæ дарддæр дзырдта: — Сæрæби та нæ хæдфарсмæ бадт. Верамæ йæ зæрдæ ’хсайдта æмæ-иу æм дзырдæппарæн кодта. Иуæй-иу хатт-иу йæ къух нæ партæйыл æрæвæрдта, æмæ та-иу ын уæд Вера афтæ: «Айс дæ дзæмбы!» Сæрæби æдзухдæр фысгæ кодта. Ахуыргæнæг-иу æй ахæм уайдзæфæй æфхæрдта: «Дæуæй хæдзары сæр ахорæг йеддæмæ ницы рауайдзæн!» Сæрæбийы тыххæй йæ ныхас куы фæци, уæд рахызт æндæр хабæрттæм: — Сымах бинонтимæ тынг хæларæй цардыстæм. Уæ лæппутыл уын нæмттæ дæр мах сæвæрдтам. Хъазыбег, Зауырбег, Мурат... — Мурат дзы нæ уыди. — Иу дзы Мурат хуынди... Ацы ран Доски рæдигæ кодта, уымæн æмæ мын хæсты размæ цы ’фсымæртæ амард, уыдон Хъазыбег, Зауырбег æмæ Солтанбег хуындысты. — Дæ фыдыфсымæр Аслæнбеджы зæрдæмæ цыдтæн,— цыма, йæ ныхæстæ конд куынæуал фæуа, уымæй тарст, уый хуызæн тагъдгомау дзырдта Доски. — Сосыгкойы дæр фæндыди. Æмæ-иу уый фæстæ ис- тæуыл куы стыхстæн, уæд... Ацы ран Доски иучысыл хъусæй алæууыд, стæй æндæр ныхæстыл фæци: — Кæннод, Вёринкæимæ* куыд фæцардыстæм, уый та! Ды уыцы рæстæг хъæбысы уыдтæ æмæ мын-иу дæумæ ацамыдта: «Мæнæ дын иу ахæм куы фæуа, уæд дæм цард бынтон æндæрхуызон фæкæсдзæн». Доскийы куыд бамбæрстон, афтæмæй йын кæддæры хабæрттæ мысын æхсызгон уыд. Цыдæр хъарм цыди йæ алы ныхасæй дæр. Циндзинад ын * Мæ мад. 23
хаста, мæнимæ кæй дзуры, уый дæр. Æз æм фæкъæйныхдæр дæн, стæй мæ, мæ фыдыфсымæрмæ цы цæстæй каст, уый базонын дæр фæндыд æмæ йæ бафарстон: — Дæхи фæндыди? Сылгоймаг фегуыппæг. Цы йæ зæрды уыд, уый зæгъынмæ йæ ныфс кæй нæ хаста, уый бамбæрстон æмæ ныхас æндæрырдæм аздæхтон. Иуцас- дæры фæстæ та ныхас йæ фыццаг фæдмæ раздæхт. — Уырдыс* мæ-иу баййардта: «Кæд дзы исты хæрдджын дæ, кæд дзы исты дæрдджын, уæд мын æй зæгъ, æмæ йæ æз дæр зонон...» Æз ын-иу дзуапп радтон: — Ницы хæрдджын дзы дæн, ницы дæрдджын дзы дæн. Йæ хотæм цы цæстæй кæсы, мæнмæ дæр ахæм цæстæй кæсы. Искуы мыл иунæгæй куы амбæлы, уæд, фырæфсæрмæй цы фæуа, уый нал фæзоны, йæхи иннæрдæм кæсæг скæны æмæ мæ рæзты аивгъуыйы... Утæппæт ныхæстæ мын Доски ракодта телефонæй. Ноджы алы хабар дæр бæлвырд дзырдта, æмæ мæ бафæндыд йемæ фембæлын. Доски уæд йæ фырт æмæ уый бинонтимæ цард Беслæныхъæуы æмæ, куыд баныхас кодтам, афтæмæй йæм хъуамæ æз ныццыдаин æмæ мын бæлвырд хабæрттæ фæкодтаид, фæлæ хъуыддæгтæ аразæг Хуыцау у — нал нын бантыст фем- бæлын. Доски, хъыгагæн, бирæ нал ацард. Паралич æй ныццавта, æмæ йæ 1986 азы 25 ноябры бавæрдтой. Хъæргæнæг мæм нæ уыди. Йæ зианы хабар ын базыдтон æнæнхъæлæджы. Цæвиттон, уымæй чысыл раздæр журнал «Ногдзау»-ы кусын райдыдтон æмæ мæм уыцы бон дыууадæс са- хатыл хъуамæ зындгонд фосдарæг, Советон Цæдисы Сæйраг Советы де- путат, нæ тæккæ сыхаг Реуазты Светланæ йæхи фыст æрмæгимæ ссы- даид, фæлæ нæ фæзынд. Дыккаг бон мын хабæрттæ радзырдта, нæхи Доскийы мардмæ, дам, уыдтæн æмæ уый тыххæй не ссыдтæн. Ацы хабæрттæ иууылдæр не скъолайы коймæ рауадысты. Чи зоны, Æккæлаты Вера, Чехойты Сæрæби, Реуазты Доски æмæ ма бирæ æндæртæ æмгæрттæ нæ уыдысты, фæлæ сын иу къласы ахуыргæнгæ æрцыди. Æккæлаты Вераимæ иу къласы ахуыр кодта мæ фыдыхо Оля. Сæ къам иумæ ист дæр ис. Уыцы къамы ма сты Хлойты Заретæ, Æккæлаты Вера. Годжиты Уырысби мын радзырдта, æз дæр, дам, уыцы къласы ахуыр кодтон. Немæ, дам ма иу къласы ахуыр кодтой Тохты Иван (фидæны фыссæг), Реуазты Батырбег æмæ Гадзыбе (Уæхæйы фырттæ), Дзасохты Агуыбе (Тасолтаны фырт), Цопанты Ефим, Хъуппеты Георги, Чехойты Уырызмæг, Муцъуаты Валодя (хъæдгæройнаг, йе ’фсымæр Хаджумар скъолайы директорæй куыста, æмæ уыцы рæстæг уым цардысты), Гаси- ты Уарзет æмæ Дзасохты Таня. Хорз скъолайыл нымад уыд Бæрæгъуыны скъола. Йæ бæстыхай дæр, йæ ахуыргæнджытæ дæр. Хистæртæ арæх æрымысынц Быгъуылты Бари- сы, Себетты Захар æмæ Ольгæйы, Тотойты Мишæйы, Дзугаты Нинæйы æмæ иннæты — Бæрæгъуыны скъолайы фыццаг ахуыргæнджыты. Æз уыдонæй иуы дæр не ’рæййæфтон, фæлæ мæхи ахуыргæнджыты никуы * Доскийы æфсымæр. 24
ферох кæндзынæн. Арæхдæр æрымысын Æккæлаты Вера æмæ нæ дирек- тор Епхиты Зауырбеджы. Вера, куыд бамбæрстат, афтæмæй уыди мæ фыццаг ахуыргæнæг. Чи зоны, æндæр ахуыргæнæджы къухмæ куы бахау- даин, уæд скъолайæн дæр æндæр барæнæй аргъ кодтаин, ахуыргæнæгмæ дæр æндæр цæстæй кастаин, фæлæ Вера ахæм адæймаг уыд, æмæ йæ фæрцы скъолайæн дæр æнæбауарзгæ нæ уыд æмæ ахуыргæнæгæн дæр. Фыццаг къласмæ куы бацыдтæн, уæд Верайыл цыдаид иу авд æмæ ссæдз азы бæрц. Уый фæстæдæр базыдтон, фæлæ уæд йæ карæн цы ’мбæрстон? Мæнмæ касти тынг æрыгон æмæ рæсугъд. Уæвгæ, æрыгон æмæ рæсугъд æцæгæй уыди. Фæлмæндæр адæймагыл бирæ нæ сæмбæлдтæн мæ царды. Цыппар азы йæм фæцахуыр кодтон æмæ дзы иу хъæрæй ныхас никуы фехъуыстон, иу уайдзæф дзы мæ зæрдыл нæ бадард- тон. Ахæм цæстæй канд мæнмæ нæ каст, афтæ канд æз нæ хъуыды кæнын. Дыууæ æви æртæ хатты цалдæргай къуыритæ фæцух кодта, йæ лæппумæ, дам, ацыди — Вера дæр Доскийы хуызæн сындзыхъæуккаг чындз уыди, уымæн дæр йæ лæг хæстæй нал сыздæхт æмæ уал йæ мойы ныййарджыты фæндонмæ гæсгæ йæ лæппуйы уым ныууагъта — æмæ цалынмæ фæстæмæ здæхт, уæдмæ-иу, фырадæргæй^цы фæуыдаин, уый нал зыдтон. Тарстæн, куынæуал æрцæуа, уымæй. Йæ бæсты нын-иу ахуыргæнæг чи уыд, уыдонмæ-иу æндæрхуызон цæстæй кастæн. Иннæтæ дæр-иу æм тынг æнхъæлмæ кастысты. Куы фæзынд, уæд-иу цыма нæ иумæйаг мады дзæвгар рæстæг нæ федтам æмæ нæм æнæнхъæлæджы фæзынди, афтæ цин-иу кодтам. Фæлмæн адæймаг уыд ^Вера. Фæлмæн — йæ бахудт, йæ ныхас, йæ къахдзæф, йæ цæстæнгас. Йæ фыд Бæбу зæронд лæг уыд. Уый дæр йæхи хуызæн уæздан, хъæубæсты — нымад. Хъуыды ма кæнын, иу хатт нæ Вера сæхимæ цыдæр кусынмæ ахуыдта. Кæд нæ рæдийын, уæд — картоф къахынмæ. Уæвгæ, фæткъуытæ тонынмæ дæр уыдаид, уымæн æмæ сæм хорз дыргъдон уыд. Мах иууылдæр тынг бацин кодтам, нæ ахуыргæнæгæн цыдæр æххуысхъом кæй стæм, ууыл, æмæ æмхуызонæйдæр ацыдыстæм. Иуцасдæр цæхæрадоны куы фестæм, уæд нæм Вера, йæ дзаумæттæ раив- та, афтæмæй фæзынди. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ йæ æз хæдзарон дзаумæтты фыццаг хатт федтон, æмæ мæ дисæн кæрон нал уыд. Ноджы тынгдæр дис та фæкодтон, кæфойы дзаг бур-бурид кæрдотæ нын куы рахаста, æмæ дзы фыццаг йæхæдæг хæрын куы райдыдта, уæд. Ахуыргæнæгæн йæ бæрæгбоны дарæс раивын æнхъæл дæр никуы уыдтæн, стæй хæргæ кæна, зæгъгæ, афтæмæй дæр мæ цæстытыл никуы ауад. Зæды цæстæй кæмæ кастæн, мæ уыцы ахуыргæнæджы ахæм уавæ- ры куы федтон, уæд мæ цæмæйдæр фæфыдæнхъæл кодта. Раст зæгъын хъæуы, хæдзарон дарæс дæр ыл тынг фидыдта, æмæ йæм æрмæст уый тыххæй ницы аипп æрхастаин, фæлæ йæ иннæ адæмы хуызæн хæргæ кæй федтон, уыцы хъуыддаг мæм цыдæр гадзрахатæй рацæуыны хуызæн фæкаст... Æмгъуыдтæ кæнын кæй ницæмæн хъæуы, уый мæхиуыл цал æмæ цал хатты бавзæрстон, уæддæр мын иу сен сен нæ вæййы. Авдазон скъола фæуыны фæстæ, Верайы, зæгъæн ис, æмæ иу хатт дæр нал федтон. Æз 25
Николаевскы станицæйы ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд Вера Ала- гирмæ алыгъд. Кæд æмбæлгæ нæ кодтам, уæддæр æй мысыдтæн. Искуы йæ куы бабæрæг кæнин, уый мæ фæндыди, фæлæ мын не ’нтыст. Уæл- дай арæхдæр та-иу мæ зæрдыл фæстаг азты лæууыд. Чи йæ зыдта, уыдо- ныл-иу куы амбæлдтæн, уæд сæ æнæафæрсгæ никуьь,фæдæн. Афтæ, ца- лынмæ мын дзы иу, Вера амард, зæгъгæ, нæ загъта, уæдмæ. Уыцы ран арф ныуулæфын йеддæмæ мæ бон ницыуал баци. Мæ мады карздæр æлгъыстытæй иу мæ зæрдыл арæх æрлæууы. Куы смæсты — мæсты тынг стæммæ кодта — уæд ын-иу йæ маст æппæты тынгдæр ахæм дзырдтæ ссæуын кодтой: «Фæсмон фæкæн!» Йæ заманы уыцы ныхæстыл никуы ахъуыды кодтон, се ’мбæхст хъуыды мæм фæстагмæ хъарын райдыдта... Епхиты Зауырбег йеддæмæ мæнæн директор нæ уыди. Фыццаг къласы фыццаг бонæй æвдæм къласы фæстаг боны онг не скъолайæн разамынд лæвæрдта Алиханы фырт. Нæ хъæуккаг нæ уыди, афтæмæй Бæрæгъуыны кадджындæр лæгтæй иу сси, йæ хæдæфсармдзинадæй, йæ уæззау зондæй, йæ куырыхондзинадæй. Зауырбег Æрыдонæй æрбалыгъд. Мах хъæуы хæсты рæстæг æрцард. Зауырбеджы тыххæй дыууæ ныхасы зæгъыны размæ уал нæ ног скъолайы хабæрттæ хæрзцыбырæй радзурон. Æхсæрдæс азы цæрæнбон йеддæмæ йын хъысмæт нæ саккаг кодта. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, ууыл афæдзæй чысыл фылдæр куы рацыд, уæд, йæ сæрмæ цы сау мигътæ æрæмбырд, уыдон скъолайæ «скъолайы хæлд» сарæзтой. Хъыгагæн, афтæ хуынди бирæ азты дæргъы адæмы уарзондæр бæстыхай, немыц æй куы фехæлдтой, уæд. Бæрæгъуын немыцы къухмæ хæсты дыккаг аз зымæджы бахауд. Тых- гæнджытæ адæмы зæрдæ æппæты тынгдæр цæмæй скъахтаиккой, ууыл сæ бирæ хъуыды кæнын нæ бахъуыд: фехæлдтой, алы хæдзармæ дæр рухс кæцæй калд, уыцы агъуыст. Немыцæн фæци къæссайы комылхæццжытæ дæр. Хъæубæсты хистæртæй, дам, иу, немыц скъола халынвæнд скод- той, уый куы базыдта, уæд сын афтæ зæгъы: «Цæмæн æй халут, хъæу уæ къухы куы ис, æмбырдтæ кæнынмæ уын уæддæр бæздзæн». Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ нæхи хъæуккаг пъæлицæйаг цæхæртæ акалдта: «Халын æй хъæуы, халын! Ардыгæй бирæ бардаччытæ рацыд!» Æмæ йæ фехæлдтой. Скъола æнæхæлдæй нæ хъуыды кæнын. Уæд ма æз хæрзсывæллон уыдтæн, стæй йæм мах дæрддзæфгомау цардыстæм. Уыйхыгъд, «скъолайы хæлд» æппæты тынгдæр кæй зæрдыл лæууы, уыдоныл мæхи банымайын мæ бон у. Æнæхъæн скъолайæн æмæ хæлд скъолайæн æппындæр иумæй- агæй ницыуал баззад, кæд сæ бындур æмæ сæ къултæ иу уыдысты, уæддæр. «Хæсты размæ» æмæ «хæсты фæстæ» куыд алыхуызæттæ уыдыс- ты, уымæй ноджы тынгдæр хицæн кодтой «скъола», æмæ «скъолайы хæлд». Кæд скъоламæ раст фæндæгтæ хуыдтой, ахуырдзаутæ сыл зæрдæхъæлдзæгæй уадысты, уæд скъолайы хæлдмæ та сидтысты, галиу, фыдуагдзинадыл сæ чи амидин кодта, ахæм фæндæгтæ. Немыц мах хъæуы фесты 1942 азы 31-æм октябрæй 25-æм декабрьмæ — ома æдæппæт мæй æмæ 26 боны. Ирыстоны зæххæй сæ куы асырдтой, уæдмæ дæр бирæ æнхъæлмæ кæсын нал бахъуыд. Адæм сындæггай сæ 26
чемы цæуын райдыдтой. Чи йæ хæлд хæдзар аразынмæ бавнæлдта, чи йæ дзаумайы муртæ æмбырд кодта: кæмæн сæ немыц алырдæмыты фæхас- той, кæмæн та сыл йæхи сыхæгтæ фæхæлоф кодтой (хъыгагæн, ахæмтæ дæр разынд), чи йæ фосы агуырдта. Æрмæст скъола аразынмæ бавна- лынмæ йæ ныфс ничи хаста — уымæн уæлдай фылдæр фæрæзтæ хъуыд. Уыцы рæстæг скъолайы бынат æрцахста «скъолайы хæлд», «хæлд скъола» нæ, фæлæ. Ардæм хъæуы алы кæрæттæй æмбырд кодтой лæппутæ æмæ, хистæрты цур сæ тæккæ фыдуагдæр йæ ныфс цы хъуыддагмæ нæ бахаста- ид, уый æппæты фырнымддæр æмæ сабырдæр уæндонæй кодта. Хъазы- дысты къам æмæ æхцайæ, нæ ауæрстой æвзæр дзурыныл. Уæлдайдæр куы фæуалдзæг кодта æмæ скъолайы хуссайраг дæргъæй-дæргъмæ къул хуры тынтæ куы батавтой, уæд ма-иу æхцайæхъазджыты уымæй хуыздæр цы хъуыд! Æхцайæ хъазыдысты дыууæ хуызы — села æппаргæйæ æмæ æвзист абази, арæхдæр æрхуы суари къулыл цæвгæйæ. Хурбон-иу се- лайæ æппарджытæ дæр къулыл цæвджытыл бафтыдысты. Ахæм рæстæджытæ скодта, æмæ-иу се ’ппæтæн бынат куынæуал уыд. Хатгай- иу хуыздæр хъазджытыл æрæмбырд сты æмæ, дардæй кæсгæйæ, æхца къулыл чи цавта, уыдоны цæсгæмттæ нæ раиртæстаис. Куыннæ уыди дæсны хъазджытæ! Фæлæ æппæты арæхдæр æмбылдта, æхца къулыл дæсны чи цавта æмæ йе ’нгуылдзтæ даргъдæр кæмæн уыдысты, уый. Фыццаг ныццæвæджы æхца кæм æрхауд, уырдæм-иу ныхъхъавын хъуыдис йæ ныхмæлæууæджы. Уый хъуамæ бацархайдтаид, йе ’хца тæккæ хæстæгдæр баппарыныл, уымæн æмæ цæмæй рамбылдтаис, уый тыххæй хъуамæ дыууæ ’хцайы æхсæн уыдисныйæ фылдæр дæрддзæг ма уыдаид. Ахæм уавæры та æмбылдта даргъæнгуылдзджын. Скъолайы хæлды хъазыдысты къамæй дæр. Арæхдæр — хистæртæ. Ардæм цыдысты, скъолайы чи нæ ахуыр кодта, суанг уыдон дæр. Фылдæр хæттыты мах, ома кæстæрты, сæ цурмæ цæуын дæр нæ уагътой. Æхцайæ- хъазджытæ æмæ къамæйхъазджыты (уыдон дæр æхцайыл хъазыдысты) æхсæн-иу быцæутæ æмæ хъаугъатæ дæр рауад, искуы-иу хатт ма-иу сын суанг хылмæ дæр асайдта. Ныййарджытæ сæ сывæллæтты скъолайы хæлдæй тынгдæр ницæмæй хъахъхъæдтой. Иу дзы-иу иннæмæн куы загъта, дæ лæппуйы дын скъо- лайы хæлды федтон, зæгъгæ, уæд-иу йæ цыфæнды куыст дæр фæуагъта æмæ-иу хъæуы астæумæ фæцагайдта. Ахæм заман-иу скъолайы хæлды уæвджытæй лæбурæджы фыццагдæр чи ауыдта, уый-иу, кæй мад кæнæ фыд уыдаид, уымæн хъуыддаг æмбарын кæныныл фæци. Уый-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, сæхимæ лидзынмæ фæцагайдта. Сæхимæ сардауынæй чи фæтарст, уыдон дæр-иу æнæбары сæ хæдзæрттæ бацагуырдтой. Скъолайы хæлдмæ цæуджытæ иууылдæр хæлд кæнæ та рæхджы чи фехæлдзæн, ахæмтыл нымад уыдысты. Мах скъолайы хæлдмæ цыдыстæм хистæрты фæзмгæйæ, цыма уыдонмæ хæстæгдæр куы лæууыдаиккам, уæд тагъддæр адынджыр уыдаиккам, уыдоны кармæ æнцондæрæй бацыдаик- кам, уый хуызæн. Фылдæр хæттыты-иу мæм хъазыны рад дæр не ’рхауд, стæй нæ дынджыртæ уадзгæ дæр нæ кодтой. Ахæм бонтæ-иу скодта, æмæ нын кæсыны бар дæр кæд нæ уыд. Уæддæр-иу скъолайы хæлдæй нæ ра- 27
цыдыстæм. Уым уæвын нæм, цыфæнды ран уæвынæй дæр хуыздæр каст æмæ-иу сисы сæрмæ схызтыстæм. Дыууæрдæм-иу ратæх-батæх кæнын систам. Уæвгæ, уырдæм схизын алчи нæ уæндыд, уымæн æмæ тæссаг уыд рахауынæй. Цыппар-фондз метры бæрзæндæн сисы сæр дугъ кæнынмæ алчи йæ ныфс нæ хаста. Хуыцау хорз, æмæ дзы н^куы ничи рахауд, фыдбылыз дзы никуы никæуыл æрцыд, æрцæуынæй та тæссаг уыд. Бирæ азты фæхаста кæддæры скъола «скъолайы хæлды» ном. Йæ са- разынмæ къухтæ тынг æрæджиау равдæлдысты. Мæ хъæуккæгтæ, цалынмæ скъолайæн æндæр бæстыхай агуырдтой, уæдмæ дæр фæсивæд дзæгъæл бадт нæ кодтой. Ахуыр кодтой Цомайты Дзекатæ æмæ Дзиботы, стæй ахуыргæнджытæн сæхи хæдзæртты. Иутæ та дзы цыдысты не ’рвадæлты чызг Венерæтæм. Уыдон нæ бакомкоммæ цардысты æмæ йæ уымæй зо- нын. Венерæ сын цы лæвæрдта, уый нæ зæгъдзынæн, фæлæ сæ цыма гуырдзиаг æмдзæвгæтæ æнæчиныгмæ кæсгæ дзурыныл дæр ахуыр кодта, афтæ мæм кæсы... Æз дæр ма дзы мæ зæрдыл дыууæ рæнхъы бадардтон: «Деда гамоши, уай чъырыстæн ши». Æз сæ куыд бахъуыды кодтон, афтæмæй сæм сæ фыццаг, ома æцæг хуызæй, æппындæр ницыуал и æмæ уымæ гæсгæ, цы амонынц, уый, Гуырдзыстоны æвзаджы дæснытæ иууылдæр куы ’рæмбырд уой, уæд дæр нал равзардзысты. Чызджытæ æмæ лæппутæ иуцасдæр кæйдæр къуымты куы фæрахау- бахау кодтой, уæд скъола байгом Мзокты æфсымæртæ — Доци, Дженар- дыхъо æмæ Гуыргъохъы (Беккуызарты Газиты уæллаг фарс) хæдзары. Уый хъæуы дæллаг кæрон, Урсдоны былмæ хæстæг уыди æмæ бирæтæм дзæвгар фæдарддæр. Ног скъолайы уыди дыууæ агъуысты: иу стырдæр — Доциты хæдзар, иннæйы та — Мзокты Тотырадзы хæдзар, æдæппæт цыппар æви фондз уаты. Гъе æмæ къаддæр агъуысты дыууæ уаты царди скъолайы директор Епхиты Зауырбег. Уыдис ын дзы зæххы хай дæр. Зауырбег кæй хæдзары царди, уыдоны тыххæй мæ иучысыл бæлвырддæр зæгъын фæнды. Цæвиттон, Мзокты Тотырадзæн уыдис дыууæ хойы: Фатъимæт æмæ Зориа (Зорычкæ). Зорычкæ смой кодта нæхи хъæуккаг Æккæлаты Тæтæрхъанмæ. Фатъимæт зонгæ уыди елхотаг Тотыккаты Муссæимæ. Кæрæдзийы зæрдæйыуаг æмбæрстой æмæ хъуамæ сæ цард баиу кодтаик- кой. Уый æфсымæр куы бамбæрста, уæд сæ ныхмæ сыстад. Нæ хъæуккæгтæй мын иуæй-иутæ куыд дзырдтой, афтæмæй йæ хойы йе ’мбæлттæй кæмæндæр дæттынмæ хъавыд. Уыцы хабар Муссæйы хъустыл æрцыд, æмæ сфæнд кодта чызджы Зилгæмæ йæ мадырвадæлтæ Псхацъæ- тæм ахæссын. Æмæ йæ фæнд æххæст дæр скодта. Æфсымæрæн æхсызгон кæм уыдаид уыцы хабар фехъусын æмæ йæ хойы агурæг Зилгæйы балæууыд, æрмæст йæ масты фæдыл ацæуыны бæсты сфæнд кодта хинæй рацæуын. Чызджы йæхиуыл æрæууæндын кодта. Загъта йын: «Цалынмæ хабар ничима базыдта, уæдмæ ацы уавæрæй фер- вæзыныл бацархай. Нæхимæ цом æмæ дæ æз æгъдауыл арвитдзынæн». Чызг йе ’фсымæры ныхæстыл дыууæ нал загъта, баууæндыди йыл æмæ Бæрæгъуынмæ ссыди, фæлæ дуне ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ хъуыд- дæгтæ бынтон æндæрырдæм æрзылдысты: Тотырадз йæ ныхасæн хицау 28
нæ разынд. Йæ хойы Тотыккатæн раттыныл нал сразы. Ныртæккæ ацы рæнхъытæ куы фыссын, уæд, ома дæс æмæ æртиссæдз азы фæстæ, хъуыд- дæгты бæлвырддзинæдтæ зын равзарæн сты, фæлæ Фатъимæты хъысмæт ноджы æвирхъаудæр разынд. Тотырадз æй Муссæйæн нал ратдзæн, уый куы базыдта, уæд ын цард ад нал кодта æмæ йæхи амардта. Куыд дзу- рынц, афтæмæй йе ’фсымæры дамбацайæ. Уæвгæ, ахæм дзурджытæ дæр ис, Тотырадз, дам, æй йæхæдæг амардта. Ис æндæр зондыл хæст адæмтæ дæр, фæлæ дзы чи растдæр у, уый, куы зæгъын, уыйбæрц рæстæг ра- цæуыны фæстæ зын равзарæн у. Кæй кой кæнын, уыдон æгас нал сты æмæ, кæд мæ ныхæстæй исты раст нæу, уæд сæ мæрдтæм хатыр курын. Цы фехъуыстон, уыдæттæ фыссын, сæ рæстдзинады тыххæй та дзуапп дæттын мæ бон нæу. Фатъимæты æвирхъау хабар фехъусыны фæстæ Муссæйы уæнг амард, боны рухс ын циндзинад нал хаста, хур æй нал тавта. Йæхицæн бирæ зæрдæтæ цы уарзонæй æвæрдта, уый амарды фæстæ йæхæдæг дæр мардæй уæлдай нал уыд. Уый æнæуынгæ нæ уыдысты канд хæстæджытæ æмæ хиуæттæ нæ, фæлæ æцæгæлæттæ дæр. Зыдтой йæ, педтехникумы кæимæ ахуыр кодта, йæ уыцы æмбæлттæ дæр, уæлдайдæр та Дзæхаты Темыр- хъан. Уый фыста æмдзæвгæтæ, йæхæдæг хъуыды кодта музыкæ. Мус- сæйы æрвылбоны уавæр уынгæйæ, йæ зæрдæйы дуæрттæ байгом сты æмæ дзы райгуырд, канд æцæг уарзондзинады æнкъарæнтæй конд æмдзæвгæйы рæнхъытæ нæ, фæлæ ма зарæджы мелоди дæр. Схуыдта йæ «Муссæйы хъарджытæ». Горæтмæ куы нæма сæфтыдтæн, уæд дæр уыцы зарæджы кой хъуыстон. Мæ зæрдыл ма дзы дыууæ рæнхъы ныры онг дæр дарын: Абонæй фæстæмæ сусæг уарзондзинад Макæйуал бадомæд. Институт каст фæуыны фæстæ «Рæстдзинад»-ы æртæ азы бæрц бакуыс- таин, афтæ редакцийы уыцы зарæджы кой рауад. Хъаныхъуаты Валодя, газеты уæды редактор дæр уым уыд æмæ нын Темырхъаны хабæрттæ куы радзурид. Мæ хъæуккаг æмæ, дам, мæ ахуыргæнæг уыди. Валодяйы ныхæстæй базыдтон, хæсты фыццаг бонты Муссæ хæцæг æфсадмæ кæй ацыд æмæ фæстæмæ кæй нал раздæхт. Ноджы базыдтон, дыууæ чызджы йын кæй баззад. Сæ иу Волгограды облæсты цард æмæ мын уыимæ фем- бæлыны фадат нæ фæци, фæлæ ссардтон йæ хистæр чызг Ленæйы — царди Беслæны нартхоры комбинаты поселочы, æмæ йæ фæфæрстытæ кодтон. Уымæй уæлдай фембæлдтæн, Темырхъан 1926—1930 азты ирон педтехникумы кæимæ ахуыр кодта, уыцы фысджытимæ. Уыдон та уыды- сты Мамсыраты Дæбе, Бесаты Тазе, Хъайтыхъты Геор æмæ ма ноджыдæр чидæртæ. Техникумы литературон къордæн разамынд лæвæрдта Гуыриа- ты Гагуыдз. Темырхъаны чи зыдта, уыдонæй-иу йæ кой кæмæн ракодтон, уый-иу Дзы æнæраппæлгæ нæ фæци. Дæбе та мын афтæ загъта: «Темырхъаны хуызæн аив заргæ ирон адæймаджы нæма федтон. Уыдис ын, зæрдæйы уидæгтæ-иу кæмæ базмæлыдысты, ахæм хъæлæс». 29
Ахæм хъæлæсæй-иу зарыд, æвæццæгæн, Тотыккаты Муссæ æмæ Мзок- ты Фатъимæты æнамонд æмæ уыцы-иу рæстæг амондджын — ахæм дис- саджы зарæг кæй фæрцы райгуырди, уый æрмæст æнамонд схонæн куыд ис! — уарзондзинады зарæг. О, æмæ не скъола дæр хæсты фæстæ уыцы Фатъимæтты хæдзары уыд. Сæ хæдзар, куыд дзурынц, афтæмæй уæй акодтой æмæ дзы Бæрæгъуыны бирæ фæлтæртæ бирæ азты дæргъы ахуыр кодтой æмæ истой æнæххæст астæуккаг ахуыргонддзинад. Æз æм мæхæдæг дæр дыууæ æви æртæ азы фæцыдтæн, стæй нæ раивтой дæллаг, стырдæр агъуыстмæ — Доциты хæдзармæ. Хъуыды ма кæнын, уæллаг скъолайы, растдæр зæгъгæйæ та — скъо- лайы уæллаг агъуысты куы ахуыр кодтон, нæ хъæуы электрон рухс уæд фæзынди. Мæ нымадмæ гæсгæ уыцы рæстæг скуыста Бехъаны электро- станцæ æмæ, раздæр ток кæдæм бауагътой, уыцы бæстыхæйттæй уыди скъола дæр. Махæй уымæй размæ электрон цырагъ зынæй исчи федтаид æмæ не ’ппæтмæ дæр диссаг каст. Кæд цыфæнды цин кодтам, уæддæр нæ цымыдисдзинад къаддæр нæ уыди. Æмæ кæцырдыгæй нæ бафæлвæрд- там электрон телты хъару! Иæ иу тагмæ февналгæйæ куыд цæвы, уый нæ алчи йæхиуыл бавзæрста. Дыууæ телы кæрæдзиуыл андзæвгæйæ цы цæхæр акалынц, уымæ кæсынæй дæр куы бафсæстыстæм, уæд ноджы дарддæр авнæлдтам. Цырæгътæ-иу разылдтам æмæ-иу патроны нæ ручкæтæ стъы- стам æмæ-иу пъеро цæхæртæй фæйнæрдæм фæтахт. Хуыцау хорз, æмæ ручкæйы хъæд æфсæйнагæй нæ уыд, æндæр дæ балгъитæг афтæ... Мæ зæрдыл ма цы лæууы — зымæгон-иу нæ чернилæдæттæ къласы куы ныууагътам, уæд-иу дзы райсоммæ чернилæ ныссалд æмæ-иу æй ца- лынмæ æртайын кодтам, уæдмæ, цæмæй фыстаиккам, уый нæ уыд. Ноджыдæр ма Муссæ æмæ Фатъимæты тыххæй иу ахæм хабар. Ра- дзырдта мын æй нæхи хъæуккаг нудæс æмæ æртиссæдзаздзыд Годжиты Уырысби. Иу хатт, сæрд йæ тæккæ тæмæны уыдаид, афтæ Берды суадо- ны был — ис ахæм суадон Бæрæгъуыны Чехойты Бердты акомкоммæ хъæугæрон Куыройыдонмæ хæстæг — кæрдæгыл бадтысты æмæ «Мус- сæйы хъарджытæ» зарыдысты. Уыцы хабар Фатъимæты хо Зорычкæ куы фехъуыста, уæд тагъд-тагъд хуын арæвдз кодта æмæ йæ фæсивæдæн суа- доны былмæ рахаста. Фæндыди йæ, йæ хойы ном ын куы ссардтаиккой, уый. Æмæ йын йæ фæндон сæххæст кодтой... Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Фатъимæтты хæдзары иу хайы царди Епхиты Зауырбег. Уындджын æмæ кадджын нæлгоймаг уыд Зауырбег. Рæстæмбис асæй бæрзонддæр, йе уæхсчытæ, цас æмбæлд, уымæй чы- сыл дæлдæр уагъд, дæргъæлвæс цæсгом, цъæх-цъæхид цæстытæ, йæ сæрыхъуынтæ цыма æппындæр сау никуы уыдысты, уый хуызæн — ха- лас. Скъолайы кæрты-иу арæх лæууыд. Æдзухдæр «Беломор» бапъерозтæ дымдта. Йæ иу къах-иу чысыл раздæр æвæрд, афтæмæй-иу иннæуыл æрæнцой кæнгæйæ хъуыдыты аныгъуылд. Скъолайæн канд дæсны раза- мынд нæ лæвæрдта, фæлæ ма уыди, йæ предмет — истори — хорз чи зыдта æмæ йæ скъоладзаутæн бауарзын кæнынмæ чи арæхст, ахæм ахуыр- гæнæг дæр. Къухæй дæр дæсны уыд. Уарзта зæххы куыст. Йæ цæхæрадо- 30
ны цы халсартæ зад, ахæмтæ ма хъæуы искæмæ уыд, уый æнхъæл нæ дæн. Скъола цалцæг кæныны куыстытæ йæ къуырцдзæвæнмæ никуы батард- той. Алцæ^ыл дæр-иу батыхст рагацау. Бирæ куыстыты-иу йæхæдæг дæр архайдта. Йе ’ххуысгæнджытæн-иу разамынд йæхæдæг лæвæрдта. Бирæ нæ дзырдта, фæлæ йæ алы ныхасы дæр уæз уыди. Йæ ныхасæн ын аргъ кодтой ахуыргæнæгæй, скъоладзауæй. Мæхи ахуыргæнæг Ве- райы хуызæн Зауырбегæй дæр иу схуыст ныхас нæ хъуыды кæнын. Скъо- ладзаутæ-иу æй дардмæ дæр куы ауыдтой, уæд-иу тæхгæ чи кодта, уый йæ тæхын фæуагъта, хъæрæй ныхас æмæ худгæ чи кодта, уыдон та — сæ дзурын æмæ худын, афтæмæй-иу æфсæрмхуызæй йæ рæзты баивгъуыд- той. Цыфæнды уазал бон дæр, йæ цуры дæ худ ма фелвæстаис, уымæн уæвæн нæ уыд. Кæд йæ царды фылдæр азтæ Бæрæгъуыны арвыста, уæддæр йæ ныхасыхъæд нæ аивта: дзырдта æрыдойнæгты хуызæн. Искæмæ, чи зоны, æрыдойнæгтæ æндæрхуызон дзурынц, зæгъгæ, куы фехъусой, уæд диссаг фæкæсдзæн, фæлæ уым диссагæй ницы ис. Æцæгæйдæр, æры- дойнæгтæн сæхи ныхасыхъæд ис, бæрæгъуыйнæгтимæ йын фемхæццæгæнæн нæй, афтæмæй кæрæдзимæ тынг æввахс цæрæм, стæй уыдонæн дæр сæ фылдæр Уæлладжыры комæй ралидзæг сты. Æры- дойнæгтæ куыддæр зарæгау дзурынц, ныхасы кæрæттæ цыдæр æнахуыр цыбыр фæкæнынц. Зауырбег дæр, цы адæмы æхсæн схъомыл, уыдоны ныхасыздæхт нал аивта. Верайæ хъауджыдæр Зауырбегыл арæх æмбæлдтæн. Хъæуы уæвгæйæ- иу æй, зæгъæн ис, æмæ алы хатт дæр федтон. Иу хатт та институты сæм- бæлдыстæм. Кæцы курсы ахуыр кодтон, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ Зауырбегимæ æмбар ныхас кæнынмæ мæ ныфс кæм бахастон, уым, æвæц- цæгæн, хистæр курсытæй кæцыдæры уыдаин. Зауырбеджы та ахуыр- гæнджыты, чи зоны, директорты курсытæм сæрвыстой, æмæ-иу æй алы бон дæр федтон. Æз фысым кæм уыдтæн, уым мæхицæн хæсыл нымад- тон Зауырбегæн æгасцуай зæгъын. Дыууиссæдз азмæ æввахс цæуы уыцы хабарыл æмæ йæ дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ мæ цыма фынджы æгъдæуттæ кæнын нæ бауагъта, афтæ мæм кæсы. Цыбыр дзырдæй, æмдзæрæны фæминас кодтам, мæ цæсгом ма суанг мæ кæддæры дирек- торимæ иу сыкъа баназын дæр бахъæцыд. Нæ фынг кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд фæстаг ныхасы бар мæн уыд æмæ загътон: — Цæй, уæдæ кæй ахордтам, кæй анызтам, уый нын хæлар уæд! Зауырбег уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд мын аивæй бамбарын кодта: — «Кæй ахордтам, кæй анызтам» нæ, фæлæ «цы ахордтам, цы анызтам». Уыцы ныхæстæ мæ цæрæнбонты нал ферох уыдзысты... Арæх æрымысын Сопойты Мухарбеджы. Уый та ахуыры хайады сæргълæууæг уыди. Хæрзæрыгонæй хæстмæ ацыд æмæ, йæ къах ахауд, афтæмæй сыздæхт. Арифметикæ нын лæвæрдта. Цалынмæ Мухарбегмæ ахуыр кодтон, уæдмæ хынцинаг скæныныл никуы батыхстæн, алы хатт дæр-иу æй мæхæдæг бахынцын бафæрæзтон, фæлæ Мухарбегæй куы фæхицæн дæн — уый фæстæ нын арифметикæ чи лæвæрдта, уый нал хъуыды кæнын — уæдæй фæстæмæ иу хынцинаг дæр кæронмæ никуы- 31
уал скодтон. Чи зоны, Мухарбег афтæ дæсны амыдта, æмæ уымæ гæсгæ хынцинæгты зындзинæдтæ ницæмæ дардтон, чи зоны, фæстæдæр цы хынцинæгтыл æмбæлдтæн, уыдон зындæр уыдысты, фæлæ, куы зæгъын, Мухарбеджы дуг нымайын иу дугыл, Мухарбеджы фæстæ цы рæстæг уыд, уый та æндæр дугыл. Кæимæ ахуыр кодтон, уыдонæй кæмæ цавæр зæрдæргъæвддзинад уыд, уый ма кæй зæрдыл лæууы, фæлæ дзы нæхи Махарбегæн — Ханджеты Махарбегæн — æмбал кæй нæ уыд,иуый бæлвырд у. Уый æппæт пред- меттæм дæр æмхуызон хорз арæхст. Йæ зæрдыл алцыдæр æнцонæй дард- та. Цы хъуыста, уый дæр-иу йæ зæрдыл бадардта, кæсгæ-иу цы бакодта, уый та-иу æй æппындæр никуыуал ферох. Хъуыды ма кæнын: фæлварæн- ты рæстæг-иу кæнæ йæ хæдфарсмæ сбадтæн, кæнæ йæ хæдразæй. Йæ къух- фыст æнцонæвзарæн уыд æмæ-иу ын йæ хынцинæгтæ, мæ цæст дæр не ’рныкъуылдтон, афтæмæй рафыстон. Мæнæй-иу сæ рафыста мæ фарсмæ бадæг, уымæй та, нæ разæй чи бадт, уый æмæ афтæ дарддæр... Фадат аразæг у, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц. Махарбег æндæр уавæрты куы хъомыл кодтаид, уæд, чи зоны, æндæр фæндагыл ацыда- ид, фæлæ йын йæ гыццылæй фæстæмæ йæ риуы дзаг сулæфыны фадат никуы фæци. Хæрзсывæллон уыд, афтæмæй йæ мад амард. Раджы райдыдта Махарбег хæдзары куыстытæ кæнын. Кæд ма йын хистæр æфсымæртæ æмæ хотæ уыди, уæддæр се ’ппæтæй дæр фыдæбон- джындæр уыд. Иæ фыд Ханджейы фарсмæ дзы уымæй æнгомдæр ничи æрбалæууыд. Уис кæнæ мих кæнынмæ цæуы, уæд дæр йæ хуыздæр æмбал Махарбег, хъæдуры хъилтæм — уæд дæр... Ахуыр та ма кæд кодта, уый диссаг уыди. Уæвгæ-иу æй фылдæр хатт ахуыры сæр хъæугæ дæр нæ код- та. Урочы-иу цы фехъуыста, уый йын фаг уыд. Хæдзармæ куыст та фылдæр хатт, кæнæ урочы, кæнæ урокæй урочы ’хсæн цы улæфты рæстæг уыд, уæд кодта. Абон дæр мæм диссаг кæсы, Махарбег астæуккаг скъола сызгъæрин майданимæ каст кæй нæ фæци, уыцы хъуыддаг. Æфсады размæ уæлдæр скъоламæ бацæуыныл архайгæ дæр нæ кодта: йæ фадæттæ нæ амыдтой, фæлæ куы сыздæхт, уæд хæххон-металлургон институтмæ æнтыстджынæй фæлварæнтæ радта æмæ иуцасдæр ацахуыр кæныны фæстæ фæсаууонмæ раивта. Ахуыр фæуыны фæстæ дæр йæ фадæттæ æмæ гæнæнтæй пайдагонд не ’рцыд. Æрыдоны бæгæныйы заводы фæкуыста. Иуцасдæрæй фæстæмæ йæ ахсæнæй хъæрзын райдыдта. Низ æй æгæр куы тыхсын кодта, уæд йæ бинойнагимæ мæнмæ дæр ссыдысты. Цæмæй йын баххуыс кæнын мæ бон уыд?! Мæхинымæр сагъæсы бацыдтæн, кæмæн æй фенын кæнон, зæгъгæ, æмæ мæ зонгæ дохтыртæй хуыздæрæн равзæрстон Годжыцаты Амырханы. Уый мын мæхи цалдæр хатты зын уавæрæй фервæзын кодта, суанг-ма мын мæ тæн дæр бахуыдта, æмæ дзы ракуырдтон, цæмæй йæ фена. Бацыдыстæм æм, федта йæ, Махарбег ын йæ хабæрттæ бæлвырд куы радзырдта, уæд ын цыдæр хостæ рафыста, æнæмæнг сæ ссар, кæннод дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн, зæгъгæ. Махарбегæн-иу йæ ахсæн тынг куы рыст, уæд-иу содæ анызта æмæ-иу ын фенцад. Уыцы хъуыддагмæ 32
Амырхан хорз цæстæй нæ ракаст. Загъта йын, содæ арæх нуазын æй хорзмæ кæй не ’ркæндзæн... Махарбегитæ сæхимæ ацыдысты. Амырханмæ куы уыдыстæм, ууыл бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мæм фæхабарчындæуыд, Махарбег, дам, фæзиан... Хæстæй сахъатæй канд Сопойты Мухарбег не ссыд. Сæ къæхтæ ахау- дысты Цæллагты Джамботт, Хъантеты Саламан æмæ Кобесты Дженар- дыхъойæн. Æнæ цонгæй сыздæхт Грицаенко Гришæ (хæсты размæ ма нæ хъæуы æндæр адæмыхæттытæй цардысты Рыбкин Филиппы бинонтæ). Æз сæ цæмæй хъуыды кæнын, фæлæ куыд дзурынц, афтæмæй знаджы нæмгуытæ фыдæнæны хуызæн бакодтой: уæнгхъуагæй ныууагътой нæ хъæуы тæккæ сæрæндæр æмæ цæхæрцæстдæр лæппуты. Кобесты Дже- нардыхъо, мæ мадыфсымæр Хосаты Тасолтан — хæстæй нал ссыд — æмæ мæ мады иннæ æфсымæр Хæчъассæйы бинойнаг Райкæимæ къамы иумæ ист сты, æмæ уыцы дыууæ лæппуйы цæхæркалгæ цæстытæм бакæ- сын йæхæдæг диссаг у. Сæ риутыл «Ворошиловы топпæйæхсæджы» ри- уылдаргæ нысантæ. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ ахæм нысан райсын стыр кадыл нымад уыд... Беккуызарты Гаппо та нын географи лæвæрдта. Уый дæр хæсты ар- хайæг уыд. Йæ предмет амонгæйæ-иу нын арæх ракодта йæ хæстон фæндæгты кой. Мæ зæрдыл ма лæууы, Прибалтикæйы республикæты æрдз куы ахуыр кодтам, уæд уымы цъымараты йæ хæстон æмбæлттимæ æд бæхтæ цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыцы хабæрттæ нын куыд лæмбынæг дзырдта, уый. Куыннæ æрымысон Хуыриаты Минкæйы! Канд ботаникæ нын нæ лæвæрдта, фæлæ ма уыди, цы къласы ахуыр кодтон,уый разамонæг дæр. Минкæ дæр æндæрхъæуккаг уыд — пысылмонхъæуккаг. Æппæты фыц- цаг нæм фæндзæм къласы æрбацыд. Алы ног ахуыргæнæджы хуызæн уый дæр йæ урок райдыдта номхыгъдæй. Фондз æви æхсæз мыггаджы фæстæ мæнмæ дæр æрхæццæ. Мæ мыггаг бæргæ æнæкъуызгæйæ бакаст, фæлæ мæ номмæ куы ’рхæццæ, уæд ныссуйтæ. Алырдыгæй йæм цалдæрæй мæ ном сдзырдтой, фæлæ дзы Минкæ иумæ дæр нæ байхъуыста. Йе ’рфгуы- тæ куыд æлхынцъ уыдысты, афтæ æлхынцъæй баззадысты. Йæ ручкæ мæ мыггаджы сæрмæ афыссынæввонг иуцасдæр афæстиат уæвыны фæстæ загъта: — Уый та цавæр «Музафер» у?! Ардыгæй фæстæмæ уыдзынæ Мурат! Иууылдæр ныххудтысты æмæ уайтагъд къласы «Мурат», «Мурат» йеддæмæ хъус ницыуал ахста. — Басабыр ут! — ныллæг, фæлæ йæ ныхмæ сдзурæн кæмæн нæ уыд, ахæм хъæлæсыуагæй загъта Минкæ æмæ дарддæр номхыгъд касти. Урочы фæстæ, æппындæр кæй нæ хъуыдтæн, уый дæр-иу мæм мæ номæй ныхъхъæр кодта, ме ’цæг ном нæ, фæлæ мæ ног номæй. Раздæр мæхимæ дæр худæг каст, цыма мыл æрымысгæ ном никуы сбаддзæн, афтæ ’нхъæлдтон. Æмæ фæрæдыдтæн. Уыцы ном мыл бæхбадт скодта æмæ, цалынмæ дæс къласы каст фæдæн, уæдмæ ме ’ккойæ æрхизын нал бакуымдта. Уæвгæ ма мæм ныр дæр мæ «хæдæвзæрд» номæй иуæй- 3 Дзасохты М. 33
иутæ сдзурынц, уæлдайдæр, Николаевскы кæимæ ахуыр кодтон, уыдон. Скъолайы директорæй Цæголты Николай куыста. Ахуыргæнджыты æхсæн бæрæг дардта канд йæ зонындзинæдтæй нæ, фæлæ йæ хæдæфсарм æмæ уæздандзинадæй дæр. Йæ алы уæнджы алы ’гъдау ис, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæг уыди. Ныхасы уæз æнкъардта, кæм цы зæгъын хъæуы, уый зыдта æмæ-иу, цы загъта, уымæн аргъ’ кæддæриддæр уый тыххæй уыди. Мæ ном аивыны зонд мæм, растдæр зæгъгæйæ та — ме ’цæг ном фæстæмæ мæхиуыл «сæвæрыны» хъуыды мæм, авд къласы куы фæуд кодтон, уæд дæр уыдис, фæлæ директормæ бацæуынмæ мæ ныфс нæ бахастон æмæ авдазон скъола фæуыны тыххæй æвдисæндар кæйдæр номыл фыст æрцыд. Æртæ азы куыд агæпп кодтой, уый зонгæ дæр нæ бакодтон æмæ та кæддæры хуызæн — ныр ноджы карздæрæй — мæ номы сагъæсы бацыдтæн. Директормæ бацæуынмæ мæ ныфс нæ бахастон, фæлæ ахуыры хайады сæргълæууæг Филимон Иваны фырт Галичмæ бацыдтæн. Куы байрæджы уа, уымæй тарстæн, уымæн æмæ дыккаг бон аттестаттæ хъуамæ лæвæрдта- иккой. Филимон Иваны фырт уыдис диссаджы хæларзæрдæ адæймаг. Йæ предмет — биологи нын лæвæрдта — цыма кæрæй-кæронмæ æнæрлæугæйæ дæр радзырдтаид, афтæ мæм каст. Тагъд кæй дзырдта, уый тыххæй нæ — æнæхъæн афæдзы дæргъы йæ цы уроктæ раттын хъуыд, уыдон æдзæттæйæ раттын йæ бон уыд, кæд æмæ кæм бахъуыдаиккой, уым. — Ау, æмæ дыл ныронг дзых нæ уыди?! — уыциу рæстæг уайдзæфы хуызæн дæр чи уыд æмæ дис дæр кæмæ хæццæ кодта, ахæм хъæлæсыуа- гæй мæ бафарста Филимон Иваны фырт æмæ уайтагъд ахуыргæнджыты уаты фæмидæг. Дзæвгар рæстæг нал фæзынд. Куы рацыд, уæд мын, йæ мидбылхудт тыххæй уромгæйæ, афтæ: — Дæ ном куыд хуыйны, загътай? Цу дæхæдæг сын æй зæгъ, — дзуап- мæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй йæ ныхас дарддæр кодта ахуыр- гæнæг. — Иу-фондз минуты фæстæдæр мын æй куы загътаис, уæд ферæ- джы уыдаид: куыддæр бацыдтæн, афтæ аттестат дæуæн рафыссынмæ хъа- выдысты. Ахуыргæнджыты уатмæ куы бацыдтæн, уæд, аттестаттæ чи цæттæ код- та, уыдон мæм, цал уыдысты — уæвгæ та къордæй фылдæр уыдысты — уалæй ракастысты. Аттестат фыссынæввонг кæй разы уыд, уый, куыд бамбæрстон, афтæмæй се ’ппæты хъуыды дæр загъта: — Æртæ азы ахуыр Мураты фæкодтам, аттестат дæтгæ та Музаверæн æрцыди. Диссаг цы у, мæ ном дзурынмæ бирæтæ нæ арæхстысты. Музавер мæ чи хуыдта, уыдон дæр дзæвгар уыдысты. Хъæууон скъолайы мæм Муза- верæй дзургæйæ баззад Беккуызарты Гаппо. Мæ мадымад мæ хуыдта Бу- зафер, нæхи Алихан та мын мæ ном дзурын æппындæр нæ базыдта æмæ мæ хуыдта Мæрзабег. Ныр та мæ аттестат дæттæг дæр Музавер куы схуыдта, уæд мæм диссаг нæ фæкаст æмæ, куыд хуыйнын, уый йын гæх- хæттыл фыссын бахъуыд. Тынг мæ фæндыд, мæ ном æппынфæстаг раст 34
фыст куы ’рцыдаид, уый æмæ æхсæз азы кæйдæр номимæ фæцæугæйæ тыххæй-фыдæй мæ къухы бафтыд. Уæдæй абонмæ мæ ном аивын никæ- мæнуал бауагътон, ахæм фæлтæрæнтæ та уыдис... Цыппæрæм курсмæ куы бахызтæн, уæд ме ’мбæлттимæ ацыдтæн Ка- захстанмæ нæузæххытæ кусынмæ æмæ цалдæр мæйы уым фестæм. Уымæй размæ-иу кæмфæнды куы уыдтæн, уæддæр мæ ном хуымæтæджы хъуыд- дæгтæй раст дзурын ничи зыдта, фæлæ мæм ам иууылдæр мæ номæй дзырдтой. Казахæггæн та уый уæлдай æхсызгондзинад лæвæрдта, уымæн æмæ сæхи лæппутыл арæх цы ном æвæрдтой, уый ма æндæр адæмы ’хсæн дæр кæй ис, уый сæм, иуæй, диссаг каст, иннæмæй та йыл цин кодтой æмæ-иу мæм суанг зæронд лæгтæ, æппындæр-иу сæ куы ницæмæн хъуыдтæн, уæддæр дардæй дæр ныхъхъæр кодтой: «Музафар!» Куы-иу сæм ракастæн, цы кæнут, зæгъгæ, уæд-иу ныххудтысты æмæ та-иу мæм сæ къухтæ фæтылдтой, цыма-иу афтæ зæгъынмæ хъавыдысты, тыхсгæ ма кæн, мах дын ам стæм, зæгъгæ... Филимон Иваны фырты тыххæй ма мын иукъорд ныхасы æнæ зæгъгæ нæй. Мæ фæстæ ма скъолайы иуцасдæр бафæстиат, стæй партион куыстмæ рацыд. Равзæрстой йæ партийы Æрыдоны райкомы секретарæй. Кæд ма исты зонын, уæд йæхæдæг мичуриныхъæуккаг уыди. Ие ’фсы- мæры лæппу (йæ ном ын нал хъуыды кæнын), æз институты куы ахуыр кодтон, стæй уый фæстæ дæр немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг уыди. Партийы райкомы цас акуыста, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ йæ уый фæстæ цалдæр æмæ ссæдз азы нал федтон. Иу бон мæ кусæн уаты бадтæн (уæд мæ куысты бынат Леоновы уынджы фыццæгæм уæладзыджы уыди). Иу заман рудзынгæй ракастæн æмæ Филимон Иваны фырты куы ауынин. Кæд ыл азтæ дзæвгар рацыд, уæддæр йæ тагъд цыдыл нæ сыс- тырзæрдæ æмæ уыцы цырдгомау кæдæмдæр фæцæйуад. Æз уынгмæ раз- гъордтон æмæ йæм дзурын: — Филимон Иваны фырт, Филимон Иваны фырт! Уый æваст фæлæууыд æмæ мæм сагъдауæй кæсгæйæ баззад. Йæ цурмæ куы бацыдтæн, уæд ын салам радтон. Нал мæ базыдта, уый бамбæрстон æмæ йын мæхи амонын. — Николаевскы æз дæ ахуыргæнинаг уыдтæн... Йæ цæстытæ арæх тъæбæртгæнаг уыдис, фæлæ уыцы уысм цыма сæ тъæбæртт ноджы фæтынгдæр, афтæ мæм фæкаст æмæ мын æцæгхуызæй куы зæгъид: — Ды, мæнмæ гæсгæ, рæдигæ кæныс, мæнæн урссæр ахуыргæнинæгтæ нæ уыдис. Цалдæр хабары йын куы радзырдтон, уæд мæ уайтæккæ дæр æрхъуы- ды кодта æмæ раджыиы цаутæ мысыныл фестæм. Мæ хотæ кæмыты сты, уымæй мæ фарста. Йæ бирæ скъоладзаутæй цæмæдæр гæсгæ æппæты фыццаг æрымысыди Малиты Василийы (уæд æй Васойæ ничима зыдта). Бæрæг уыд, йæ фенын æй кæй фæндыд, уый æмæ йын зæрдæ бавæрдтон йæ фæндон Васомæ фæхæццæ кæнынæй. Йæ адрис мын радта æмæ йæ цасдæры фæстæ Васоимæ бабæрæг кодтам... 35
Йæ зианы хабар ын хъусгæ фæкодтон, фæлæ мын мæ кæддæры ахуыргæнæгæн фæстаг фæндараст зæгъыны фадат нæ фæци æмæ дзы мæрдтæм хатыр курын... Хосаты Денис, мæ мадырвад, хæсты уыди. Куы ссыд, уæд йæ риуæй цы хæрзиуджытæ æрттывта, уыдоны сызгъæрин цæхæр ма абон дæр мæ цæстыл уайы. Денис æфсæддон фæтк йæ зæрдæмæ афтæ хæстæг айста, æмæ æфсадæй рацæугæйæ йæ дарддæры цард сбаста æфсæддон хъуыдда- гимæ: лæвæрдта нын физкультурæ æмæ хæстон хъуыддаг. Дугъы-иу куы уадыстæм, уæд нын-иу рагацау, кæуылты тæхдзыстæм, уыцы фæндаг бæлвырд бацамыдта: «Куыддæр Хапсæты Цæлыкты цурмæ бахæццæ уат, афтæ дæлæрдæм фæзилдзыстут, Алæджыхъоты Федорæты раз галиуырдæм фæцагайдзыстут æмæ Хъуппеты Чепеты рæзты скъоламæ уæ ных сараз- дзыстут». Дугътæн-иу, нæхæдæг куы згъордтам, уæд дæр æмæ-иу æндæр кълас куы згъордта, уæд дæр сæ тæккæ диссагдæр уыди йæ фæстаг цыппæрæм хай, ома. комкоммæ ахуыргæнæджы размæ чи хуыдта, уыцы фæндаг. Уым-иу рабæрæг сты, разæй чи фæци, уыдон дæр, фæсте чи баззад, уыдон дæр. Физкультурæйы уроктæ хæрзыстæм хатт йеддæмæ иууылдæр уынджы кодтам. Скъолайы кæрты уыди турник, хæрдмæбырæн бæндæнтæ фидар- гонд кæуыл уыд, ахæм дыууæ бæрзонд быцæуыл æвæрд рельс, волей- болæй æмæ баскетболæй хъазæн фæзтæ, гимнастикон цæгтæ. Цыбыр дзырдæй, хъæууон уавæрты саразæн цæмæндæриддæр уыди, уыдонæй хъуаг ницæмæй уыдыстæм. Бирæ адæм-иу æрæмбырд — уæлдайдæр фæсурокты — скъолайы кæртмæ. Хъазыдысты-иу алыхуызон спортивон хъæзтытæй, сæ арæхстдзинад æвдыстой турникыл зилынæй. Мæнæн мæ бон мæхицæй раппæлын ницæмæй уыди, уымæн æмæ, кæйдæр загъдау, уæд дæр нырæй рæвдздæр никæцы хъуыддагмæ уыдтæн. Фæлæ цæмæ бакастаин, уый дзы уыдис. Зæгъæм, Беккуызарты Валогкæ-иу волейболæй хъазгæйæ, пуртийæ йæхи уæлдæр куы фехста æмæ-иу æй уырдыгмæ йæ тых-йæ бонæй куы ныццавта, уæд-иу æй йæ ныхмæлæууæг, цалынмæ пуртийы тъæпп зæххыл фæцыд æмæ йæ рыг не скалд, уæдмæ уынгæ дæр нал акодта. Ноджы дис- сагдæр уыдысты турникылзилджытæ. Иуæй-иутæ-иу сæ арæхстдзинад æвды- стой рæтты æххуысæй. Мыййаг, сæ къухтæ куы феуæгъд уой æмæ сæхи куы ныццæвой, уымæй тæрсгæйæ-иу рæтты æххуысæй сæхи турникмæ цонджы хъултæм бабастой æмæ-иу афтæмæй алыхуызон зылдтытæ кодтой. Фæлæ, рон кæй нæ хъуыд, ахæмтæ дæр уыдис. Æз дзы мæ зæрдыл бадард- тон Æккæлаты Габолайы. (Бирæ азты дæргъы паддзахадон æдасдзинады комитеты фæкуыста. Дæлбулкъоны цины пенсийы ацыди). Æрæджы йæ къуылыхæй цæугæ куы федтон, уæд мæ цæстытыл нæ баууæндыдтæн, кæддæры цæхæрцæст лæппу низæн афтæ æртасын куыд бакуымдта, зæгъгæ, мæхинымæр дисы бацыдтæн. Уæвгæ та дзы диссагæй ницы ис. Дæс æмæ æртиссæдз азы кæуыл фæцæуы, уыдонæй чи къуылых вæййы, чи цы. Азтæ æмæ низтæн сæ куыст æнæкæнгæ нæй. Уæддæр Габола мæ цæстытыл цæхæрцæст — уæвгæ йæ цæстыты цæхæр ныр дæр нæма ’рмынæг — æмæ саусæрæй уайы. Турникмæ-иу куы сгæпп 36
кодта, уæд-иу цалынмæ адæмы йæхимæ æркæсын кодта, уæдмæ не ’рхызт. Мæнмæ дзы æппæты диссагдæр йæ «солнце» кастис. Æнæ рæттæй турни- кыл хæцгæйæ зилын-иу куы райдыдта, уæд-иу адæймаг цин дæр кодта — ахæм æвзыгъддзинад æвдисæгмæ кæсын æхсызгон кæмæн нæ уыдаид! — æмæ тæрсгæ дæр — йæ къухтæ куы феуæгъд уыдаиккой, уæд йæхи хуымæ- тæджы цæфтæ нæ ныккодтаид. Фæлæ Габолайыл, цæмæй йын тарстыс- ты, уый никуы ’рцыд. Æдзухдæр-иу турникæй æрхызт уæлахиздзауæй. Кæд-иу тынг бафæллад, уæддæр æй æддæмæ никуы равдыста. Спортивон фæзы мыл бирæ сахæттæ аивгъуыдта. Кæм-иу урокты фæстæ нæхимæ нæ батагъд кодтон, кæм та-иу хæринаг ахæрыны фæстæ нæхицæй уырдæм атындзыдтон. Хъазыдыстæм-иу футболæй, волейболæй, баскет- болæй. Пурти-иу нæм æппындæр куы нæ уыди, уæддæр кæрæдзимæ æмгæрттæ æмæ æрдхæрдтæ куыд фæтырнынц, афтæ иу ранмæ тырныд- там. Цæрæнбонты кæй никуыуал ферох кæндзынæн, ахæм цау дæр мыл ам æрцыди... Уыцы изæр дæр та футболæй хъазыдыстæм. Нæ ныхмæлæуджытæн хæрды кодтам æмæ иууылдæр уыцы зæрдиагæй архайдтам, цæмæй пурти бакъуырæм æмæ хыгъд сæмхуызон уа, ууыл, фæлæ нæ фæндæй ницы уади. Ноджы ма мæм иу заман, цыма тæрхонгæнæг хæрам бакодта, афтæ дæр фæкаст æмæ, фырмæстæй фыццагдæр мæ дзыхы цы фыдынд ныхас абадт, уый сдзырдтон. Уыцы рæстæг мæ рæзты æрбацæйцыд Хъуппеты Алихан. Уый та цавæр æвзаджыхатт у, зæгъгæ, мæм куы сдзырдта, уæд фырæфсæрмæй зæххы скъуыды куы ныххаудаин, уый дæр мæ фæндыд, фæлæ байрæджы. Алихан мæнæй æртæ къласы уæлдæр ахуыр кодта æмæ, хистæры цур мæхи ахæм æнæгъдауæй кæй равдыстон, уый мын мæ ас- тæуыстæг асаста. Иуцасдæр мæ бынатæй фезмæлынхъом нал уыдтæн, мæ цæсгом артау куыд сыгъди, уый æнкъардтон. Алихан йе ’мбæлттимæ скъолайы кæртæй ахызт, уæддæр ма æз цавддурау лæууыдтæн æмæ хъуы- ды кодтон, мæхи цы уавæры баппæрстон, ууыл. Цыфæнды хъæдгом дæр рæстæг байгас кæны, зæгъгæ, фæзæгъынц, фæлæ уыцы æмбисонд мæнæн ницы баххуыс кодта. Уый нæ, фæлæ ма цалдæр боны фæстæ мæ цæфмæ цæхх дæр фæхæццæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй фæскомцæдисы рæнхъытæм цыппæрдæсаздзыдæй истой, æз та сфæнд кодтон æртындæсаздзыдæй бацæуын. Уый тыххæй мæ азтæм афæдз бафтыдтон æмæ мæ гæххæттытæ балæвæрдтон. Æмбырдмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ дæр фæдзырдтой, æмæ æрбацыдтæн, фæлæ дзы Али- ханы куы федтон, уæд мæ зæнгтæ адон сты. Æз йæ рæзты цæуын дæр нал уæндыдтæн, ам та æппæты къуындæгдæр ран мæ размæ фæци. Фæстæмæ цæуæн мын кæй нал уыд, уый зыдтон, æмæ, Алиханмæ кæцæй нæ зындаин, мæхимæ гæсгæ ахæм ран сбадтæн. Æмбырд райдыдта. Райдыдтой гæххæттытæм кæсын. Иуы сыстын кæнынц, фарстатæ йæм дæттынц, рекомендацитæ йын чи радта, уыдонæй Дагр чидæртæ радзуры. Цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйбæрц тынгдæр тыхсын, мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Исчи куы сыстид æмæ куы зæгъид, абон уал æгъгъæд у, иннæты та æндæр хатт райсдзыстæм, зæгъгæ, уый 37
дæр мæ фæндыд. Кæд, мыййаг, Алихан уыцы æмбырдмæ исты æфсонæй нал æрбацæуид. Цалынмæ уыцы хъуыдытæ кодтон, уæдмæ сæрдариуæггæнæг мæ мыг- гаг сдзырдта... Мæ мидбынаты фестъæлфыдтæн. Мæ фарсмæ бадæг мæ æрбасхуыста, уæлæмæ сыст, зæгъгæ. Слæууыдтæн. Иннæты хуызæн мæ курдиат бакастысты. Æмбырды архайджыты базонгæ кодтой мæ царды хабæрттимæ. — Рекомендаци йын чи радта, уыдонæй исчи исты зæгъдзæн? — ба- фарста сæрдариуæггæнæг. Алихан йæ бынаты базмæлгæйæ сдзырдта: — Кæд æмбæлы, уæд æз дыууæ ныхасы зæгъдзынæн... Зæхх мæ быны сдыууæрдæм. Кæм дæн, уымæн ницыуал æмбæрстон. Алиханы ныхæстæ дард кæцæйдæр хъуысæгау мæ хъустыл уадысты, фæлæ, цы амыдтой, уый не ’мбæрстон. Æппынфæстаг мæм дзы цы бахъардта, уыдон уыдысты: — Фæлæ хаттæй-хатт æвзæр дзыхæй дæр сдзуры... Цыма, зæххон дунеимæ цы лыстæг тагæй баст уыдтæн, уый фескъуыди æмæ æбæрæг ран ауыгъдæй аззадтæн, уыйау фæдæн. Дарддæр цы дзырд- той, уымæн ницыуал æмбæрстон. Ныхæстæ иууылдæр хъуыстон, фæлæ сæ цыма æндæр æвзагыл дзырдæуыд, уый хуызæн мæ хъусты иуфæрсты æцæгæлон мыртæ кæдæмдæр згъордтой. — Сбад! — æрбасхуыста та мæ мæ фарсмæбадæг. Цалынмæ мын мæ хæдоны дыс æривæзта, уæдмæ мæ цы домдта, уый нæ бамбæрстон æмæ æрæджиау æрбадтæн. Мæ ныхы хид рахъардта, фæлæ йæ асæрфын нæ уæндыдтæн. Æддæмæ рацыдтæн æмæ мæ риуы дзаг сыгъдæг уæлдæф сулæфыны фæстæ чысылгай ме ’муд цæуын райдыдтон. Нæхимæ хъæугæрæтты ссыдтæн. Нæ хайы кæрон кауы рæбын дзуццæ- джы æрбадтæн æмæ, æмбырды цы ныхæстæ кодтой, уыдоны мидисыл хъуыды кæнын райдыдтон. Мæхи цæуыл хæрон, ахæмæй дзы ницы уый- ас уыди. Иууылдæр мæ æппæлыдысты. Суанг ма Алихан дæр. Хорз ахуыр кæны, загъта. Дзæбæх лæппу у, загъта, фæлæ, дам, хаттæй-хатт æвзæр дзыхæй сдзуры. Ехх, уыцы «фæлæ» ма дзы куы нæ уыдаид, уæд, æвæдза, цы тынг хъал уыдаин. Фæскомцæдисмæ мæ райстой. Ме ’мгæртты разæй, афон мын нæма уыд, афтæмæй. Уæвгæ æгæр раджы цин кодтон. Сæйрагдæр фæскомцæдисы райком уыд. Æцæг ист мæ хъуа- мæ уым ракодтаиккой, билет мын раттаиккой... Æрхæццæ уыцы бон дæр. Райстой мæ фæскомцæдисы райкомы, рад- той мын билет. Фæстæмæ, цал уыдыстæм, уалæй здæхтыстæм хъæлдзæгæй. Цыма Хъарсы фидар кæй басастам, уый тыххæй æвдисæн- дартæ нæ дзыппыты уыдысты, уый хуызæн. Мæ билетмæ цал æмæ цал хатты æркастæн, фылдæр — сусæгæй. Уæддæр ын йæ уындæй не ’фсæстæн. Цыдæр тых мын лæвæрдта. Цыма, цы уыдтæн, уымæй бирæ хистæр фæдæн, мæ зонд фæфылдæр, мæ асыл бафтыд, афтæ мæм каст. Исты æфсонæй-иу мæхи фæсте фæурæдтон, мæ билет-иу фелвæстон æмæ та-иу æм æркастæн... 38
Алихан мæнæй æртæ азы хистæр йеддæмæ нæу. Нæ дыууæйы сæртæ дæр халас адардтой, фæлæ ма мæ хъæуккагæй абон дæр æфсæрмы кæнын. Кæддæр йæ цуры мæ дзыхæй æнæфсарм ныхас кæй сирвæзт, уый тыххæй дзы къæмдзæстыг дæн... V Мæ фыд хæсты куы нæ баззадаид, уæд æй цы хуыдтаин, уый абон дæр нæ зонын. Нæ мад нын æй «папæ»-йæ амыдта, æмæ йæ мах дæр фæсаууонмæ афтæ хуыдтам. Уæвгæ мæнæн дæр æмæ мæ кæстæр хо Райæйæн дæр цæй «папæ» уыди, хъуыды дæр æй куы нæ кæнæм, уæд? Дибæханимæ та кæрæдзийы уынгæ дæр никуы фæкодтой. Мæ фыд хæстмæ куы ацыд, мæ кæстæр хо уымæй фондз мæйы фæстæдæр райгуырд. Мæ фыдæй иу писмо йеддæмæ нæ райстам. Уый дæр хæстæн йæ тæккæ рай- дайæны. Афтæмæй, папæ, чызг ын райгуырд æви лæппу, уый нæ ба- зонгæйæ мæрдтæм бацыд. Уæдæ Дибæхан йæ фыды кæй никуы федта, ууыл та дзурын дæр нæ хъæуы. Лермонтов Михаилы рæнхъытæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты: Несчастная судьба отца и сына: Жить розно и в разлуке умереть. Кæд ахæм хъысмæт æнамонд уыди — æнамонд кæй уыд, уый та дызæр- дыггаг нæу — уæд мæ фыд æмæ мæ хойы хъысмæт ноджы æнамонддæрыл нымаинаг у. Кæд цыфæнды уыди, уæддæр нын нæ фыд «папæйæ» баззад, нæ мадмæ та — йæ фæлмæн къухты рæвдыд кæмæн бавзæрстам, — йæ номæй дзырдтам. Æппæт хъæуæн нæ зонын, фæлæ нæ сыхы фылдæр сæ ныййарджытæм сæ номæй дзырдтой. Мæнмæ гæсгæ папæтæ æмæ мамæтæ, нанатæ æмæ бабатæ, дзыццатæ æмæ бæппуты хабар зын равзарæн у. Зæгъæм, нæ мадымад Лезийы дзыцца хуыдтам. Нæ мады хистæр хо Евдинкæмæ та йæ цот дзыццайæ дзырдтой, сæ мадымадмæ та — йе ’цæг номæй. Нæхи сыхыл куы дзурæм, уæд дзы иу фæтк бæрæг раиртасæн нæй. Хъантеты Геор æмæ Лазигкайы сæ цот хонынц папæ æмæ мамæ, Дзасох- ты Лади æмæ Олгæмæ дзырдтой сæхи нæмттæй. Реуазты Сафонка æмæ Винерæмæ — баба æмæ мамæйæ, сæ фыдымад Маринæмæ — нанайæ. Нæхи Аксо æмæ Чабæханы сæ фырт Хадзыби хуыдта Чабæхан æмæ папæ, йæ фыдымад Хæмысиаты та — дыдта, нæхи Адзыртт æмæ Лезайы сæ фырт Тасолтан хуыдта бæппу æмæ Леза. Куыд уынæм, афтæмæй, куыд ныййарджытæм, афтæ уыдоны ныййарджытæм дæр алы бинонтæ алы нæмттæй дзырдтой æмæ дзурынц. Кæйдæр загъдау, ном фæкæсыны тыххæй у æмæ дæ уарзон адæймагмæ цы номæй дзурай, уый, цы цæстæй йæм кæсыс, уый æвдисæг нæу. Уæвгæ, æргом дзургæйæ, æз мæ мадмæ йæ номæй куы нæ дзырдтаин, фæлæ йæ «дзыцца», «мамæ» кæнæ æндæр исты номæй куы хуыдтаин, уæд, йæ ныййарæджы йæхи номæй чи хоны, Уыдоныл, чи зоны, дис кодтаин, цыма сæ сыхæгты ус у, уый хуызæн 39
æм йæ номæй куыд дзуры, зæгъгæ. Уæ фарн бирæ уæд, фæлæ мæм мæ лæппутæй исчи мæ номæй куы сдзуры — дзургæ та мæм скæны æппæты кæстæр Ацæмæз, уый дæр хъазгæйæ — уæд мын хъыг вæййы, йæ зæрдæ мæм мæ номæй сдзурын куыд батардта, зæгъгæ. Фæлæ, æвæццæгæн, алцыдæр ахуырæй у, æмæ дуне иннæрдæм куы афæлдæхтаид, уæддæр мæ мадмæ «мамæ» дæр никуы сдзырдтаин æмæ «дзыцца» дæр. Мады тыххæй дзургæйæ, арæх Астафьев Викторы ныхæстæ æрымы- сын. Кæддæр æй иу журналы уацхæссæг бафарста, Шукшин Васили- имæ, дам, лымæн нæ уыдтæ. «Йемæ фембæлдтытæ кодтон, — загъта фыссæг, — фынджы уæлхъус дæр бадтыстæм, фæлæ уый, æмбæлттæ уыдыстæм, зæгъыны фаг нæу. Уæвгæ, уый кæмæндæрты æгæр дæр ма уыдаид. Йæ ингæны уæлхъус ын бирæ хæлæрттæ фæзынд. Æз Шукшины тыххæй никуы ныффысдзынæн. Стæй мæ мады тыххæй. Уыдон мæн сты æмæ хъуамæ мемæ баззайой. Мæ мады чысылтæ йеддæмæ нæ хъуыды кæнын...,Уæд мыл æрмæстдæр авд азы цыд. Цы кадавар нывтæ дзы мæ зæрдыл бадардтон, уыдон гæххæттыл никуы баууæнддзынæн. Дæ зæрдæйæн адджын цы у, йæ рæбинагдæр къуымы кæй æмбæхсыс, уый гæххæтмæ куы рахæссай, уæд цыдæр хъуаг фæвæййы». Æмбарын Викторы. Æууæндын ын йæ ныхæстыл. Цыма Тютчев Фе- доры ныхæсты мидис райхæлдта, афтæ мæм кæсы. Уый та афтæ фыста: «Мысль изреченная есть ложь». Тынг арф нывнæлдта поэт. Цыппар цыбыр дзырды фæрцы йын бан- тыст, бирæ ныхæстæй дæр71стæй дæр 43ъæн чи нæу, ахæм хъуыды зæгъын. Кæддæр йæ ныхмæ радзырдта Евтушенко Евгений. Ацы рæнхъы ныхмæ ныффыста æнæхъæн статья. Ныффыссæн алкæй ныхмæ дæр ис, стæй быцæу кæнын дæр аипп нæу. Æрмæст хъуамæ дæ фысты исты хатдзæгмæ æрцæуай, дæ быцæуы фæрцы рæстдзинад сбæрæг уа. Евтушенко та йæ фысты цы хатдзæгмæ æрцыд, уый мæнг бындурыл æнцайы, йæ быцæуы фæрцы та рæстдзинад не сбæрæг. Зын фыссæн у мады тыххæй. Астафьев дæр æм уымæн зивæг кæны. Стæй^ ма ам ноджыдæр иу хабар ис. Виктор сидзæрæй хæрзсабийæ баз- зад. Йæ мады йын дон куы аласта, уæд ыл авд азы йеддæмæ нæ цыд. Чи зоны, цы цалдæр фæлмæвæрд нывы дзы йæ цæстыл уайы, уыдон искæмæн куы радзура кæнæ сæ куы ныффысса, уæд ын афтæ адджын нал уыдзыс- ты, цалдæр æмæ æртиссæдз азы йæ мид-зæрдæмæ æхсызгонæй кæмæ каст, йæ мадимæ баст уыцы адджын цаутæ йæм æндæрхуызонæй куы разыной, уымæй тæрсы. Стæй, мæ мады тыххæй никуы ныффысдзынæн, зæгъгæ, зæгъы, фæлæ, уацхæссæгимæ ныхас кæнгæйæ, бафиппайдта: «Далæ уым, фæлмы фæстæ, ардыгæй иу-фынддæс километры дарддæр, ис мæ райгуырæн хъæу Овсянкæ. Уым райгуырдтæн, уым бацыдтæн скъоламæ. Уымæй чысыл ацырдæмдæр, Шалунины Гал кæй хонынц, уыцы къардиуы цур æртын фыццæгæм азы мæ мады ссардтой доны...» Мады тыххæй зын фыссæн у, фæлæ уæддæр... Уырыссагау мæ мад Верæ фыста, фæлæ йæ адæм иууылдæр Веринкæ хуыдтой. Райгуырди 1906 азы Дæйыхъæуы. Дæйыхъæу бæрзонд ран æвæрд 40
ис. Иу хатт æм Хъантеты Мишæимæ газик-машинæйыл Æрхоныуылты ссæуынмæ хъавыдыстæм. Уымæй размæ ахæм фæндæгтыл никуы ацыдтæн. Нæ машинæ-иу æмхæрд ссæуæны куы фæуæлæмæ кодта, уæд- иу æй фæфæлдæхынмæ бирæ нал хъуыд. Иу тæссаг ранæй куы аирвæз- тыстæм, уæд-иу мæхинымæр загътон, ныр фæндаг фæхуыздæр уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ та-иу, æнцондæр ратулæн кæцæй уыд, ахæм ранмæ схæццæ стæм. Гæнæн нал уыд, æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм. Уæддæр Дæйыхъæумæ иу хатт бафтыдтæн... Цыппæрдæс æмæ ссæдз азы рацыд уæдæй. Хъодзаты Æхсаримæ сфæнд кодтам дæргъвæтин балцы ацæуын. Райдыдтам æй Арыхъхъæй. Нæ фы- сым уыди Гусалты Барис. Уыцы рæстæг Заманхъулы ахуыргæнæгæй куы- ста. Уырдыгæй нæ фæндаг адардтам Кæсæг-Балхъармæ. Æхсары мад æмæ фыд Мыртазаты цардысты, æмæ уым дæр иу æхсæв фестæм. Нæ иннæ фысымтæ уыдысты Хосаты Тæтæрхъантæ. Цардысты, мæ мад кæм рай- гуырд æмæ Хосатæ кæцæй рацыдысты, уыцы хъæу — Дæйыхъæуы. Мызурыбын скъолайы дæллаг фарс, Æрыдоны сæрты цы хид ис, ууыл рахиз фарсмæ бахызтыстæм æмæ Бады комы фæхæрдмæ кодтам. Уæд дзы машинæвæндаг нæ уыд æмæ нæ фистæгæй цæуын бахъуыд. Фæндаджы уазæг нæхи бакодтам æмæ нæ, иу сахат дæр æххæст нæма рацыд, афтæ хъæумæ схæццæ кодта. Хъæу, зæгъгæ, ма дзы нымадæй цалдæр хæдзары царди. Æз уымæй размæ фехъуыстон, мæ хъæуккаг, мæ сиахс Хъантеты Буца уырдæм кæй балыгъд æмæ, хъæуы фыццагдæр кæуыл амбæлдтæн, уый дзы бафарстон. — Буцатæ? — мæхи фæрсынмæ мын фæци, æххуысмæ кæмæ фæдзырд- тон^уыцы æртындæс-цыппæрдæсаздзыд лæппу. — Æз йæ лæппу дæн. Иæ мад Женя дæр æмæ Буца дæр сæхимæ куы нæ разындысты, уæд нын лæппу Дæйыхъæумæ фæндаг бацамыдта, æмæ дарддæр нæ фæндаг дардтам. Буцайы лæппуйы ныхæстæм гæсгæ нæ бирæ цæуын нæ хъуыд. Иу бæрзонд рагъмæ нын бацамыдта, уый сæрты куы ахизат, уæд, дам, уæм Дæйыхъæу разындзæн. Ацы къахвæндагыл цæут æмæ, дам, нæ фæрæди- дзыстут. Мах къахвæндагыл бæргæ цыдыстæм, фæлæ, æвæццæгæн, фæрæды- дыстæм. Рагъ дæр фæсте аззад, уæддæр нæм хъæу нæ разынд. Иу афон бахæццæ стæм, кæддæр хъæу чи уыдаид, фæлæ ныр хæдзары бындуртæ йеддæмæ кæм ницыуал баззад, ахæм ранмæ. Иу сисы рæбынæй суадон калд. Уый цур нæхи æрфистæг кодтам, дон банызтам, нæ фæллад суагъ- там æмæ та иу къахвæндагыл бафтыдыстæм. Иуцалдæр раны ма бафип- пайдтам хæдзары æрдæгхæлд систæ. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй, дон кæм банызтам æмæ нæ фæллад кæм суагътам, уый уыди Цъус, Ре- уазтæ кæм цардысты, уыцы хъæуы бынат. Цъусæй нæ цы къахвæндаг рахуыдта, уымæн мæлæт макуы уæд — æппынæфæстаг нæ Дæйыхъæумæ уый æрхæццæ кодта. Уыцы къахвæнда- гыл нæ бафтыдыстæм, зæгъгæ, уæд зын зæгъæн уыд, мæ мадырвадæлты дуар цафон бахостаиккам, уый. Фæлæ, куы зæгъын, уыцы къахвæнда- джы фæрцы изæрдалынгты Хосаты Тæтæрхъанты дуармæ лæууыдыстæм. 41
Тæтæрхъаны уымæй размæ дæр хорз зыдтон. Йæ хо Ханысиат нæ хъæук- каг Хъуппеты Гæтцийы ус уыд, æмæ-иу æй арæх абæрæг кодта. Æдзухдæр- иу, дыууæ бæхы ифтыгъд кæм уыд, ахæм бричкæйы цыди æмæ-иу арæх йæ фæндаг махыл ракодта. Бæрзонд, къабазджын лæг у^ыди Тæтæрхъан. Азтæ йыл кæд бирæ цыд, уæддæр йæ бакаст цæсты ахадыдта. Æнæисты лæвæрттæ бакæнгæ нын-иу никуы фæци. Сом мын куы радта, уый мæ никуы ферох уыдзæн. Уæд дæр та Бæрæгъуыны уыди. Иннæ хæттыты хуызæн та мах дæр абæрæг кодта. Мæ мадæн-иу уазæджы æрбалæудæй æхсызгондæр ницы уыд (уагæры ма йæ къух куы амыдтаид, йæ рæбынæй исты райсыныл йæ зæрдæ куы дардтаид!): хур ыл-иу ракаст, йæ цæсгомæй-иу цин асурын нал куымдта. Цыма йæм бирæ истытæ уыд, уый хуызæн-иу, кæцæй цы радава, ууыл сси. Уæлдай амондджындæр та-иу йæхи хуыдта, йæ цæгатæй- иу æм исчи куы фæзынд, уæд. Сидзæргæс кæй у, уый-иу дзы æрбайрох, йæхи-иу иунæг нал хуыдта, арвы цъæх-иу йæ сæрмæ стырæй-стырдæр кодта. Куыннæ та бации кодтаид уæд дæр Тæтæрхъаныл! Уайтагъд фынг арæвдз, æмæ хо æмæ æфсымæрæн зæрдиаг ныхас бацайдагъ. Тæтæрхъан æмæ мæ мад цас хæстæг æрвад уыдысты, уый нæ зонын, фæлæ, Хосатæ чысыл мыггаг кæй сты, уый зæрдыл даргæйæ, хъуыдыгæнæн ис: æввахс уыдыс- ты, стæй канд уыдон нæ, фæлæ уыцы мыггаг хæссæг адæм иууылдæр... Тæтæрхъан фынгæй сыстад, æмæ иууылдæр кæртмæ йæ фæдыл рацы- дыстæм. Уынджы йæм йæ дыууæ бæхы бричкæйы ифтыгъдæй æнхъæлмæ кастысты. Хæрзбон зæгъыны рæстæг куы ралæууыд, уæд мæм Тæтæрхъан уæле бынмæ мидбылхудгæйæ æркаст, йæ армытъæпæнæй мын мæ сæр бауыгъта æмæ йæ дзыпп сгарынмæ фæци. Æз бамбæрстон, цыдæр дæттынмæ мын кæй хъавы, уый, æмæ фырæфсæрмæй мæ цæстæнгас æндæрырдæм аздæхтон. — Айс! — мæ хъустыл ауадысты Тæтæрхъаны ныхæстæ. Æз æм скастæн æмæ йæ къухы ауыдтон дзыхъхъынног æхца. — Айс, дæхицæн дзы тетрад балхæндзынæ. Уыцы æфсæрмытæгæнгæйæ йæм мæ къух бадардтон. Цалынмæ Тæтæрхъаны бричкæ тигъы аууон фæци, уæдмæ ме ’хцамæ æркæсын нæ бауæндыдтæн. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй разынд æнæхъæн сом. Уымæй та балхæнæн уыд иу нæ, фæлæ цалдæр тетрады. Стæй хуымæтæджы сом дæр нæ уыди: дзыхъхъынног. Ныртæккæ дæр ма мæм афтæ кæсы, цыма йыл æппæты фыццаг Тæтæрхъаны къух андзæвд. Дзæвгар рæстæг æм бавналын мæ цæст нæ уарзта. Æфснайдæй йæ дард- тон, цыма мæм цас фылдæр рæстæг лæууыдаид, уыйас йæ бæрцыл æфты- даид, уый хуызæн. Бирæ хæттыты æрымысыдтæн Тæтæрхъаны уыцы лæвар. Уыимæ, мæ зæрдыл цал хатты æрлæууы, уал хатты мын æрхæссы циндзинад, сног мын вæййынц мæ сабибонтæ, Тæтæрхъан та мæ разы æппæт дунейы хъæздыгдзинæдты хицауы хуызæнæй разыны. Уыцы цау мæ суанг æмдзæвгæ ныффыссынмæ дæр сразæнгард кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, ссардтон дзы, адзалы бонмæ дæр сæрыстыр кæмæй уыдзынæн, йæ рæдау- 42
дзинадæн та бирæ æмбæлттæ кæмæн не ссардзынæн, мæ мады уыцы æфсымæр Хосаты Тæтæрхъаны рухс ном: Æхца мын батыхти зæрины, Æнхъæвзта денджызау мæ цин... Кæд нал и сомы кад дæр мины, Уæдцæр мæнæн дæ сом у мин. Ацы рæнхъытæ ныффыстон 1991 азы 14 декабры, Тæтæрхъан мын сом куы радта, ууыл бирæ дæсгай азтæ куы рацыд, уæд. Нал и Тæтæрхъан. Рухсаг уæд. Æз дзы мæхи мæрдтæм хæсджыныл нымайын. Хæсджыныл æмæ аххосджыныл. Хæсджыныл — бирæ хорз- дзинæдтæ дзы кæй зонын, уый тыххæй. Аххосджыныл та... Уæвгæ уый тыххæй —- æндæр ран... Тæтæрхъаны ус Гисга фæндзайæм азты амард. Хъантеты чызг уыд. Веринкæ, Гисга æмæ Тæтæрхъаны æфсымæр Хæмæтхъан иумæ къамы ист дæр сты. Хæмæтхъан ирон дарæсы астæуæй бады, Веринкæ æмæ Гисга йæ фæйнæфарс лæууынц. 0, æмæ Тæтæрхъан уыцы рæстæг сæхимæ нæ разынд, фæлæ нæм йæ фырт Чермен æмæ уый бинойнаг Зойæ (Гогиан) хорз цæстæй ракасты- сты. Нæ фысымтæй мæ зæрдыл тынгдæр ахæм дыууæ хъуыддаджы ба- дардтон. Æхсæвæрыл фысымтимæ кæрæдзийæн нæ хабæрттæ куы фæдзырдтам, уæд нын чындз уат бакодта. Æнæнхъæлæджы æвдисæн уыдтæн, сылгой- маг бандоныл куыд алæууыд æмæ дурын пецы уæхскæй сыгъдæг хуыс- сæнгæрзтæ куыд райста, уымæн. Уымæй размæ дæр хъуыстон — хохы уа, быдыры — кæцыфæнды хъæуы алы хæдзары дæр уазæгæн йæ сыгъдæг хуыссæнтæ æфснайдæй кæй фæлæууынц æмæ куы бахъæуынц, уæд сæ цæттæйæ кæй райсынц. Ныр уыцы ныв мæхи цæстæй куы федтон, уæд мæ ноджы тынгдæр бауырныдта, нæ фыдæлтæ уазæг сбуц кæнынæй сыгъ- дæгдзинад къаддæр кадыл кæй нæ нымадтой... Замманай хурбон скодта. Хæхты цъуппытæм цыма мин хуры уыциумæ æрбакастысты, уый хуызæн цъитийæ, хъæдæй, кæрдæгæй æмæрттывд кодтой. Æхсаримæ кæртмæ рацыдыстæм, æмæ, нæ алыварс цы дисса- джы æрдз уыд, уымæ кæсынæй нал æфсæстыстæм. Адæймаг улæфыд йæ риуыдзагæй. Йæ хъуыдытæ уыдысты сыгъдæгдзинад, æнусондзинад æмæ фарныл. Цалынмæ нæ алчи йæхи хъуыдыты ахæсты уыди, уæдмæ хæдза- ры æфсин суадонæй æрбацæйыздæхт, йæ къухы бедрайы дзаг дон, афтæмæй. Уый йæ дыууæаздзыд лæппу Солтанбег куы-ауыдта, уæд йæ размæ батахт æмæ йæ мады къухæй бедра исыныл ныллæууыд. Мадæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ бедра зæххыл æрæвæрдта. Лæппу йыл йæ дыууæ къухæй ныххæцыд æмæ йæ йæ тых-йæ бонæй архайы зæххæй фæхицæн кæныныл. Мад æм дзуры, уæззау у, æмæ йæ не сфæраздзынæ, зæгъгæ. Лæппу уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта, æмæ бедра зæххæй фæхицæн. Фæстæмæ йæ куы ’рцæйæвæрдта, уæд фæкъул, æмæ йæ къахыл уазал дон æркалд. Лæппу ныккуыдта, æмæ йæ цæссыгтæ фемæхстысты... 43
Дисы мæ бафтыдта мæ мады гыццыл æрвад. Йæхицæй дыууæйыйас донæй дзаг бедра зæххæй куы иста, уæд дзы иу сым дæр нæ райхъуыст, фæлæ доны цалдæр æртахы тыххæй йæ кæуын нал баурæдта... Уæдæй ардæм Чермены фырты нал федтон. Фæсаууонмæ йын йæ хабæрттæ хъусын. Ус ракуырдта, цот дæр ын ис. Иунæг хатт йеддæмæ кæм никуы уыдтæн æмæ иунæг æхсæв йеддæмæ кæм никуы бафысым кодтон, уыцы хъæуы мæ мад фæцард æхсæрдæс азы. Стæй Бæрæгъуынмæ ралыгъдысты. Уæдмæ йæ фыд Садуллæ амард æмæ цыппарæй (Евдинкæ чындзы, йæ фыд ма æгас куы уыд, уæд ацыд), Веринкæ сæ хистæр, афтæмæй сæ мад Лезийы æвджид баззадысты. Мæ мадымад Хлойты чызг уыди, Цомайты хæрæфырт. Цыппар æфсымæры иу хо. Цæгатæй хъæздыг бæргæ уыди, фæлæ иу хъæуæй иннæмæ хæдзар зын дарæн у. Мæ мадымад-иу мын дзырдта, йæ цот схæссыныл цы фыдæбæттæ фæкодта, уыцы хабæрттæ. Йæ хистæр фырт Хæчъассæ гыц- цыл лæппуйæ, хъæдмæ-иу куы ацыд, уæд æм куыд æнхъæлмæ каст, хъæуы бынмæ-иу йæ размæ куыд ныццыд... Мæ мадæй фыддæр сидзæр бонтæ бавзæрста мæ фыд. Йæ мад Мария (Хъæрджынон) ацы æнусæй нудæс азы куы рацыд, уæд амард. Йæ усгур фырт Гæстæнтийы амарды фæстæ бирæ нал ацард. Мæ фыдыфыд Елдза- рыхъо йæ скъæфгæ ракодта. Куы йæ фæцæйхастой, уæд, дам, йе скъæфджыты бафарста: «Кæдæм мæ хæссут, уый-ма мын уæддæр зæгъут». Ростовмæ, зæгъгæ, йын дзуапп радтой. Комы иуцасдæр куы суадысты, уæд Мария куыннæ базыдтаид фæндæгтæ æмæ сын афтæ: «Ай цавæр Рос- тов у, Бадыхъæумæ куы цæут, уæд?» Мæ зæрдыл æндæр скъæфты хабар æрбалæууыд. Ацы æнусы дыккаг æмбисы райдайæны æрцыд хъуыддаг. Скъæфæг ацы хатт дæр не ’рвадæл- ты лæппу уыди. Цы чызджы аскъæфта, уый йæ куы бафарста, кæдæм мæ хæссыс, зæгъгæ, уæд ын дзуапп радта: «Сталинабадмæ». Бадыхъæуы йæ бæхæй куы ’рæргъæвтой æмæ чызг, кæм ис, уый куы базыдта, уæд ын лæппу мидбылты худгæйæ загъта: «Йе «Сталин» фæндагыл ахауд. «Бад» ма дзы баззад». Мæ фыдыхо Оляйы ныхæстæм гæсгæ йæ мадæн сывæллон гуырди цыппар азæй цыппар азмæ. Кæд уыцы ныхæстæ раст сты, уæд мæ фыды райгуырды азмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн ис, йе ’фсымæртæ æмæ хотæ кæд райгуырдысты, уый дæр. Мæ фыд йæ гæххæттытæм гæсгæ уыди 1904 азы гуырд. Йæ хистæр æфсымæр 1900-æм азы кæй райгуырдаид, уый æнцон бауырнæн у, уымæн æмæ, дам, усгур лæппуйæ амард. Цыма хос кæрдгæйæ стæвд, афтæмæй зæххыл бафынæй æмæ уый фæстæ уæззау низæй фæрынчын, ахæм ныхæстæ мæ хъусыл æрцыд. Мæ фыды кæстæр хо Маня (ставддуртаг Хъантеты Микъалайы биной- наг уыд, хæсты размæ амард, æртæ чызджы æмæ йын лæппу баззад, Микъала та хæстæй нал ссыд), уыд 1908 азы гуырд, Аслæнбег (хæсты рæстæджы фесæфт) — 1912, Оля (æрыдойнаг, Цомайты Акканы биной- наг) — 1916 азы гуырд. Мæ фыд Бæрæгъуынмæ куы ралыгъд, уæд ма йæ фыддæр æгас уыд. Суанг ма йын æртыккаг ус дæр (Чехойтæй) æрхастой. Йæ дыккаг нæ 44
фæрæстмæ, æмæ йæ мæ фыд йæ цæгатыл сæмбæлын кодта. Бирæ нал ацард Елдзарыхъо. Уайтагъддæр амард, æмæ мæ фыд йæ кæстæртæн уыди мады бæсты дæр æмæ фыды бæсты дæр. Сидзæртæй æппæты фылдæр æфхæрд баййæфта Оля. Йæ мадæй куы фæхицæн, уæд ыл фылдæр-фылдæр цыдаид æртæ азы. Уыцы карæнæй фыццаг иу фыдыусы къухмæ бахауд, стæй — иннæ. Зын бамбарæн нæу, «йæ рард дæр ысхуыстæй, йæ рæвдыд дæр — над» кæмæн уыд, уыцы дыууæ мадæй цас рæвдыд баййæфтаид, уый. Æппæты фыдæбонджындæр та уыди мæ фыд. Кæд хотæ æмæ æфсымæрты хистæр уыди, уæддæр мадæй раджы фæхицæн: цыдис ыл æдæппæт фынддæс азы. Фыд йæхи дарын- хъом дæр нал уыд, афтæ Сосыгкойы уæхсчытыл æрæнцадысты бинонты мæт æмæ хæдзары сагъæс. Æвæццæгæн, се ’ппæты æгуыдзæгдæртæй нæ уыд, æндæр агуыридурæй хæдзар нæ самадтаид. Мæ мад æмæ мæ фыд сæ цард кæд баиу кодтой, уыцы аз сбæлвырд кæнын мæ бон нæ баци, фæлæ сæ дыууæ дæр мæ райгуырды размæ бирæ цæссыгтæ калгæ дæр кæй фæкодтой æмæ ныхъуыргæ дæр кæй акодтой, уый æппæт хъæубæстæ дæр хорз зонынц. Æнхъæлдæн, Толстой Лев загъ- та: иу фырт фырт нæу, дыууæ фырты — фырты æмбис, æртæ фырты —- уый дын фырт! Æртæ фырты райгуырди мæ мад æмæ мæ фыдæн дæр фæд-фæдыл. Толстойы хъуыдымæ гæсгæ уыдон иу фыртыл нымад хъуа- мæ уыдаиккой, фæлæ Уæллагмæ æндæр фæндтæ уыди. Иуæн дæр дзы цæрын нæ бантыст. Дыууæйыл дзы æртыгай азтæ цыд, иуыл — фондз, афтæмæй кæугæйæ ныууагътой сæ ныййарджыты. Зын бамбарæн нæу, йе ’ртæ хъæбулы мæрдæй цыбыр рæстæгмæ (дыууæйæ иу къуырийыл амар- дысты) йæ къухтæ йæ дæлæрмтты чи акодта, уыцы мад æмæ фыды уавæр. Уæвгæ уыцы рæстæджы йæ чызджытæй æмæ лæппутæй чи бавдæлон, уыдон иу æмæ дыууæ нæ уыдысты. Уæддæр дзы махæй уæззаудæр цæфтæ бирæтыл не ’руад. Хæдзары дзаг сывæллæттæй иуы хъæр дæр мауал хъуы- сæд! Дæ комы-комдзæгтæй кæй хастай, уыдоны хъæлæс цалдæр бонмæ бамыр уæд!.. Адæймаджы фæрстæ фидар куы нæ уаиккой, Хуыцауæй йын цыдæр тыхдæттæг куы нæ уаид, уæд куыд хъуамæ бафæразид ахæм уæззау цæфтæн?! Куыд хъуамæ схæссид йæ дзыхмæ хойраг æмæ ма йæм куыд разынид йæ комдзаг аныхъуырыны фаг хъару? Цавæр тых ма йын ратты цæрыны ныфс, кæй ныфсæй цард, уыдоныл æдзардæй боны рухс куы баталынг, уæд?! Адæймаг цыфæндыйæ дæр фидар у, æндæр ахæм цæфты фæстæ хъуа- мæ йæ къæхтыл мауал слæууид. Сæ къæхтыл лæугæйæ баззадысты мæ мад æмæ мæ фыд. Хъысмæт сын цы карз тæрхон рахаста, уымæн бых- сыдтой, кæд ын цыфæнды зын быхсæн уыди, уæддæр. Фыдæлтæ, æвæццæгæн, хуымæтæджы нæ загътой: «Фыдбылызæн йе ’рцæуынæй тæрс, фæлæ куы ’рцæуа, уæд дзы фидар лæууынæй хуыздæр хос нæй». Уыцы рæстæджы адæм æхца бакусынмæ дард рæттæм цæуынæй дæр нæ тарстысты. Уæлдай арæхдæр цыдысты Америкмæ. Уыдис дзы мæ мады- фыд Садуллæ дæр. Цас мулк дзы схаста, уый йæ фæдонтæй иуыл исты хуызы куы фæбæрæг уыдаид, уæд мæ иучысыл уæддæр бауырныдтаид, 45
ахæм балцыты цæуын кæй хъуыди, уый. Фæлæ дзы цыма мæ мадыфыдæй уæлдай иннæтæй дæр исы бын ничи фæци, горæты дзы цъæхсæртæ ничи аскъæрдта, афтæ мæм кæсы. Хуыздæр уавæрты нæ бахаудтой, фæстæ- мæ чи нал раздæхт, уыдон дæр. Иуæндæс æмæ дзы ссæдз азы размæ иуыл — Тауытты Дзамбегыл мæхæдæг дæр сæмб/елдтæн. Америчы фынддæс æмæ дыууиссæдз азы фæци. Йæ райгуырæн бæстæмæ дæр уал азы фæстæ æрбацыд. Æмæ йæм æппæты тынгдæр цæмæ бахæлæг код- тон, йæ уыцы хъæздыгдзинад баст уыд йе ’взагимæ. Нæ йæ ферох кодта. Дзырдта сыгъдæг дыгуронау. Æрмæст-иу хаттæй- хатт йæ ныхасы иу англисаг дзырд «ноу», зæгъгæ, фæкодта. Дзамбег царди горæт Сиэтлы, Вашингтоны штаты. Куыд радзырдта, афтæмæй, революцийы размæ Америкмæ чи ацыд, уыдонæй ма уæд бирæтæ æгас уыдысты. Кæрæдзийы зыдтой, кæд алы горæтты цардыс- ты, уæддæр. Сæ фылдæр æнæустытæй базæронд сты. Алкæй дæр дзы нæхимæ рацæуынæй ныфс уыди æмæ дзы æцæгæлон бæстæйы æцæгæлон адæмæй йæхицæн къайаг ничи равзæрста. Зæрондæй дзы хъуыддаг чи бакодта, уыдонæн та цот нал рацыд, æмæ афтæмæй сæ царды кæронмæ æнхъæлмæ кастысты. Тауыты-фырты ныхæстæм гæсгæ ирæттæ сарæзтой иумæйаг номхыгъд æмæ-иу бахъуаджы сахат кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууыдысты. Исчи-иу дзы куы амард, уæд-иу алы горæттæй æрæмбырд сты, æмæ ирон æгъдау куыд амыдта, ахæм кад скодтой зианæн. Уыдис сæм иумæйаг хыгъд дæр. Фæрæзтæ йæм хастой, йæ къух кæмæн куыд амыдта, афтæ. Хъæугæ та сæ кодта, мæгуырдæр чи цард, уыдонæн æххуысæн. Уыцы фæрæзтæ арæхдæр хардз кодтой ингæны фаг зæхх балхæнынæн. Америчы зæхх кæмфæнды дæр зынаргъ у, уæлдайдæр стыр горæтты. Ахæм хабæрттæ иу æмæ дыууæ нæ уыди, чи амард, уый бинонтæм ингæны фаг зæхх балхæ- нынæн æхца кæд нæ фаг кодта. Уæд-иу иумæйаг хыгъдæй фæрæзтæ дих кæнын бахъуыд. Æмæ-иу радих кодтой. Баныгæдтой-иу, бирæ æхца ба- кусын æнхъæл йæ райгуырæн бæстæ чи ныууагъта æмæ æнусмæ йæ би- нонты, йæ хæстæджыты уындæй æнæхай чи фæци, уыцы лæджы æцæгæлон зæххы. Айфыццаг мæм нæ хæрæфырты чызг Уырымты Зойæ æрбахаста йæ фыдыфсымæр Гæбисы писмо. Уый дæр, кæддæр Америкмæ чи афтыд, фæлæ фæстæмæ æрбаздæхын кæмæн нал бантыст, уыдонæй уыд. Йе ’фсымæр Мишкайы хабæрттæ йæм кæцæй байхъуыстысты — Хуы- цау йæ зонæг. Æппæты диссагдæр мæм, Цъамадæй, дам, раджы ра- лыгъдыстут, зæгъгæ, кæм фæрсы, уыцы бынат фæкаст. Цъамадæй Мишка ралыгъд иннæты хуызæн дыууæ ’мæ ссæдзæм азы. Гæбис писмо куы ’рбар- выста, уый та уыдис цалдæр æмæ дыууиссæдз азы фæстæдæр. Уал азы Гæбис нæ зыдта, йе ’фсымæр кæм и æмæ цы кусы, уый. Фæйнæ фæнда- гыл ацыдысты иу мадæй райгуыргæ дыууæ ’фсымæры. Гæбисæн кæйдæр зæххыл йæ фæд фесæфт, Мищка та йæ уарзон адæмы ’хсæн фæцард кад- джын æмæ æгъдауджынæй. Йæ хистæр чызг Пæсæ уыдис дохтыр. Та- мерлан каст фæци хæххон-металлургон институт æмæ бирæ азты дæргъы кусы Джезказганы наукон-куыстадон иугонд «Цветмет»-ы генералон ди- 46
ректорæй. Ис æм цалдæр паддзахадон хæрзиуæджы, лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы Паддзахадон преми, уыдис Казахты ССР-йы Сæйраг Советы депутат. Мишкайы чызг Зойæ сси ахуыргæнæг, уыдис скъолайы директор. Кæстæр Мурат дæр фæци каст хæххон-металлургон институт, пенсийы ацæуыны размæ уыдис хæххон-металлургон техникумы ахыргæнæг. Мишкайæн канд йæ цот нæ, фæлæ ма йæ цоты цот дæр сты цотджынтæ... Америкæй уæлдай æхца кусынмæ цыдысты Канадæмæ, Харбинмæ, Бухармæ. Мæ фыды, чи зоны, æхцайы сагъæс уыйас не ’ндæвта, афтид къултæм кæсыны маст æй цас хордта æмæ æндæр уавæрты ацæрыны тыххæй Бухармæ ацыд. Иуцасдæр дзы фæци æмæ фæстæмæ ссыди. Йемæ цы сласта, уый нæ зонын, фæлæ се ’хсæн æнæмæнг уыди мæ ном дæр. Мæ фыды ссыдыл бирæ нæма рацыд, афтæ æз райгуырдтæн, æмæ мыл сæвæрдта, Астæуккаг Азийы уæвгæйæ цы дыууæ лæппуимæ базонгæ — Сæлуат (нæ цытджын ахуыргонд Абайты Васо мын куыд загъта, афтæмæй, Сæлуат æмæ Салават иу сты) æмæ Музафер — уыдонæй иуы ном. Кæд искуы хæлардзинады фæрцы искæуыл ном æвæрд æрцыд, уæд уыдоны хыгъдмæ æз дæр бахаудтæн. Мæ номы хуызæн нæмттыл сæмбæлдтæн Казахстаны, зæрæстон зæххыты куы уыдтæн, уæд, Болгарийы — Кыр- джалийы окруджы цы туркæгтæ цæры, уыдонæй мæ номы хуызæн нæмттæ бирæтыл ис. Стæй тюркаг æвзагыл чи дзуры, уыцы бæстæты Музафер ном арæх æмбæлы. Амонгæ та кæны фæуæлахизуæвæг, Виктор — уæла- хиз, мæ ном та — фæуæлахизуæвæг. Ирон адæмы æхсæн канд æз нæ хæссын уыцы ном. Кæд фылдæр сты, уæддæр нæ зонын, фæлæ мын Ирыстоны ис иу æмном. Иæ мыггаг у Гетъотæй. Ныртæккæ кæм цæры, уый нæ зонын, фæлæ гуыргæ ракодта æмæ схъомыл Стыр Дыгуры. Мæ райгуырды боныл мæ мæ фыдыхо Оля сдызæрдыг кодта. Хæсты рæстæджы нæ хъæуккæгты райгуырды тыххæй æвдисæндартæ фесæфтыс- ты æмæ нын сæ бæсты гæххæттытæ лæвæрдтой фæндзайæм азты. Уыцы ран куыд фыст æрцыди, афтæмæй райгуырдтæн мин фарастсæдæ æртын æвдæм азы дæсæм январы, Оля та афтæ зæгъы, фараст æмæ, дам, ссæдзæм январы райгуырдтæ. Баууæндыдтæн ыл. Æмæ йыл дызæрдыг дæр цæмæн хъуамæ фæуыдаин, кæд æмæ, куы райгуырдтæн, уæд мæ фыдыхойыл ссæдз азмæ æввахс цыди! Азтæ цыдысты. Æргом дзургæйæ, мæ райгуырды боны фæдыл нæ хæдзары æртæ чъирийы дæр никуы скодтам. Фыццаджыдæр, уыцы æгъдау ирон адæммæ нæ уыди. Хæдзары-иу лæппу куы райгуырд, уæд ын-иу кæхц скодтой æмæ-иу ууыл йæ райгуырæн бонтæ фесты. Чи зоны, ис- куы-иу хатт ма-иу дзы æндæр хабæрттæ дæр уыди. Кæм, фыццаг хатт хос кæрдынмæ куы цыди, уæд, кæм та æндæр исты бæлвырд хъуыддаджы фæдыл, фæлæ ныры хуызæн алы аз гуырæн бон нæ бæрæг кодтой. Дык- кагæй та, мæхимæ ахæм адæймаг нæ кæсын æмæ, дунемæ цы бон фæзындтæн, уымæй бæрæгбон саразон. Фæлæ рацæй-рабон, æмæ — уæ фарн бирæ уæд! — хъуыддаг бакодтон. Уæдæй фæстæмæ, мæ бинойнаг — ноджыдæр ма уæ иу хатт хатыр курын — мæн никуы бафæрсы, афтæмæй фараст æмæ ссæдзæм январы бæрæгбоны фынг сцæттæ кæны. Кувын 47
хорз у, æмæ æртæ чъирийæ Хуыцауы ном ссарын, бинонтæн дæр къаты бонæй бæрæгбон рауайы. Афтæ кодтам хæрзæрæджыйы онг. Иу æртæ-цыппар азы йыл цæудзæн, афтæ Алагиры сæмбæлдтæн Хъуп- петы Хъазыбегыл. Бæрæгъуыны цардысты, кæддæр иу къласы ахуыр код- там, æмæ нæ хæлардзинад уыцы сыгъдæгæй баззад. ^Кæрæдзийы уынд нын æхсызгон вæййы. Нæ сабибонты цардæй ма нæ зæрдыл цы чысыл муртæ лæууы, уыдон æрымысæм, фæлæ мын Хъазыбег уыцы хатт цы хабар ракодта, уый дзы уымæй размæ никуы фехъуыстон, стæй мæ дисы дæр бафтыдта. — Æз æмæ ды иу æхсæв райгуырдыстæм, уый зоныс? — бафарста мæ, æдзухдæр куыд фæкæны, афтæ йæ мидбылты худгæйæ Хъазыбег. — Нæ зонын, — хъуыдыты аныгъуылгæйæ, дзуапп радтон æз. — Иу æхсæв райгуырдыстæм, уæдæ, — дарддæр дзырдта Хъазыбег. — Мæ мад-иу афтæ загъта, ды, Дзасохты Музафер, Бæцойты Гатæгъæз, Нартыхъты Савел æмæ Икъаты Юрик иу æхсæв райгуырдыстут. Æргом дзургæйæ мæ Хъазыбеджы ныхæстæ нæ бауырныдтой. Кæй ранымадта, уыдонæй мæм ме ’мгар йæхи йеддæмæ ничи каст. Иннæтæй кæй мæхицæй хистæр хуыдтон, кæй — кæстæр. Иуцасдæр æнæ дзургæйæ фæлæууыны фæстæ Хъазыбеджы бафарстон, кæд райгуырдтæ, зæгъгæ, æмæ мын æртын æвдæм азы дæсæм январы, зæгъгæ, куы загъта, уæд мæ хъустыл нæ баууæндыдтæн æмæ ма йæ ноджыдæр иу хатт бафарстон: — Кæд загътай, кæд? Æмæ та мын йæ раздæры ныхæстæ рафæзмыдта. Фыццаг хатт мæ фыдыхойы ныхæстыл фæдызæрдыг дæн. Кæд Оляйы ныхæстæ раст сты, уæд Хъазыбеджы ныхæстæ, мæ паспорты фыстыты халдих куыд рауадысты, мæ райгуырæн боны кой нæм уымæй размæ куы никуы уыди, мæ паспорт та мын йæ цæсты кæронæй дæр куы никуы федта, уæд? Куы зæгъын, дызæрдыджы бахаудтæн. Хъазыбеджы ныхæсты æцæгдзи- над сбæлвырд кæныны тыххæй Бæцойты Гатæгъæзы фарстон æмæ мын йæ райгуырды мæй дæр æмæ нымæц дæр æндæр рахуыдта. Нартыхъты Савелы — нæ хæрæфырты — цыртыл та æртын æхсæзæм аз фыст ис. Мæ фыдыхойæ хатыр курын, фæлæ цыма Хъазыбег растдæр у, афтæ мæм кæсы. Мæ фыдыхо та фæрæдийын дæр зоны, алы адæймаг дæр куыд зоны, афтæ. Ныр æрæгæй нырмæ мæ райгуырды бонтæй мæ зæрдæмæ фæ- хæстæгдæр, нудæс боны раздæр дзы кæцы амоны, уый, уымæн æмæ йын æртæ ’вдисæны ис: мæ паспорт, Хъазыбеджы паспорт æмæ йæ мады ныхæстæ. Ныр сывæллæтты зындгонд зарæджы архайæг ныхæстæ мæ зæрдыл арæхæй-арæхдæр æрлæууынц. Кæфхъуындар Генæ куыд фæза- ры, уый ма хъуыды кæнут? К сожаленью, день рожденья Только раз в году. 48
Адæмæн дæр æмæ кæфхъуындартæн дæр афæдз иу гуырæн бон йеддæмæ нæ вæййы, фæлæ æз, æвæццæгæн, сæ иутæм дæр нæ хауын æмæ иннæтæм дæр æмæ иуæй-иу хатт афæдз мæ гуырæн бонтæ бадыууæ вæййынц. Мæ зонгæтæ æмæ мын мæ хæстæджытæй иутæ иу бон арфæ фæкæнынц, иннæтæ — иннæ бон. Раздæр мын чи раарфæ кæны, уыдоны ма фараст æмæ ссæдзæмы дæр арфæйы ныхæстæ кæнын бахъæуы. Уырыссаг куыд фæзæгъы: «Не было ни гроша, да вдруг алтын», мæ хъуыддаг дæр афтæ рауад: раздæр мæ гуырæнбон иу хатт дæр нæ бæрæг кодтон, ныр та йæ афæдз дыууæ хатты дæр сбæрæг кæнын. Хъазт хъазт у, фæлæ бæлвырддзинад алы хъуыддаджы дæр хъæуы, уæлдайдæр уыцы хъуыддаг адæймаджы райгуырдимæ баст куы уа, уæд. VI Æз ахæм хæдзары райгуырдтæн, иу чиныг дæр кæм нæ уыд. Мæ фыд кæсын æмæ фыссын зыдта, мæ мад та æнахуыргонд уыди. Нæ зыдта уырыссагау дæр. Кæсын æмæ фыссын мæ карæнты ныййарджытæй ис- куы-иу йеддæмæ нæ зыдта, уымæн æмæ рæстæг ахæм уыди. Скъолатæ нæ фаг кодта, уæлдайдæр хæхбæсты. Уырымты Мишкайы бинойнаг Нутæ (Беккуызарон) мах хæрæфырт уыдис. Йæ мад Минæты ма æз дæр æрæййæфтон. Сидзæргæсæй баззад, фæлæ йæ ныфс нæ асаст. Йæ лæг куы амард, уæд ын йæ сывæллæтты уадзын кодтой, дæ цæгатмæ ацу, мах сæ схæсдзыстæм, зæгъгæ. Нæ сын бакоммæ каст. Схаста йæ дыууæ чыз- джы — Неттæ æмæ Нутæйы æмæ йæ фырт Дæццыгойы. Неттæ Акъоты Матвейы бинойнаг уыд. Цæрæнбонты Мæскуыйы фæцардысты. Матвей иу-ссæдз азы размæ амард, Неттæ ма абон дæр æгас у. Фæстаг хатт ма йæ федтон Нутæйы зианы. Дыууæ мæйæ йыл фылдæр нæма цæуы, афтæ амард дæс æмæ цыппарыссæдзаздзыдæй. Неттæйыл дæр цыппарыссæдз азæй уæлæмæ цæуы, фæлæ йæ хойы зианмæ ссыди. Тынг нæфæразгæйæ. Цалынмæ йын мæхи бацамыдтон, уæдмæ мæ зонгæ дæр нал бакодта. Диссаджы адæймаг у Неттæ. Ацал-ауал азы ирон адæмæн лæггад кæнынæй нæ бафсæст. Абон дæр ма йæ фатер уазæгæй нæ цух кæны. Ахæм бон не скæндзæн, йæ дуар ын кæд нæ бахойынц. 0, æмæ мын мæ фыды хабæрттæ Нутæ радзырдта. Уæды рæстæджы алы хæдзарæй дæр иу сывæллонæн йеддæмæ скъоламæ цæуыны бар нæ уыд æмæ уыцы бар æрхауд, мæ фыдыхотæ æмæ æфсымæртæй хистæр чи уыд, уымæ — Гæстæнтимæ. Мæ фыд æм хæлæг кодта æмæ-иу скъоламæ йæ разæй фæци. Бинонтæ цы кодтаиккой, уый куынæуал зыдтой, уæд- иу æй стъолы къахмæ бабастой. Лæппу-иу йæ баст райхæлдта æмæ-иу ын куыддæр фадат фæци, афтæ иу скъолайы бамидæг. Афтæмæй-афтæмæй йыл фæцахуыр сты æмæ йæ ахуыргæнджытæ фæстагмæ урокæй нал æрвыс- той. Æппынницы, фæлæ кæсын æмæ фыссын уæддæр базыдта. Уымæн мын цардæгас æвдисæн сты, стыр хæзнайау æфснайдæй кæй дарын, йæ уыцы дыууæ писмойы. Дыууæ дæр кърандасæй фыст. Дыууæ дæр — аертæтигъонтæ. Иу дзы ныффыста, милуангай адæймæгтæ сæ царды тæккæ æнамонддæрыл кæй нымайынц, уыцы боны хæдразмæ: мин фарастсæдæ 4Дзасохты М. 49
цыппор фыццæгæм азы иу æмæ ссæдзæм июны — дыккаг райсом раджы райдыдта хæст. Йæ писмойы салæмттæ æрвыста не ’рвадæлтæ Аксо, Хæмысиат, Чабæхан, Хадзыби, Реуазты Ципкæ, Хъантеты Буца, Реуаз- ты Лексо, Сона, Валодя, Цвет, Чехойты Чермен æмæ Лизаветæн. Сæрма- гонд салæмттæ æрвыста Дзасохты Лубæ æмæ Алихана&н. Не ’рвадæлтæй нæм уæд дæр, æвæццæгæн, уыдонæй хæстæгдæр ничи уыд. Уый фæстæ дæр афтæ кæй уыд, уымæн мæхицæй хуыздæр æвдисæн нæ хъæуы, уымæн æмæ Алихан æмæ Лубæйæ, зæрдыл бадаринаг чи у æмæ уымæ гæсгæ рохгæнæн кæмæн нæй, бирæ ахæм хорздзинæдтæ зонæм. Иу ныхасæй, номæй номмæ нымайы, иу бинонты хуызæн кæимæ фæцард, уыдоны нæмттæ. Сæрмагонд салæмттæ æрвиты мæнæн дæр. «Мæнæн дæр» нæ, фæлæ æппæты разæй мæ кой скодта. Писмо талф- тулфы уавæры кæй фыста, уый йæ алы дамгъæйыл дæр зыны. Фæстагмæ йыл йæхæдæг дæр басаст: «Нал мæ ’вдæлы, дзурынц мæм...», æмæ ууыл йæ писмо фыст фæци. Уæдæй фæстæмæ дзы писмо нал райстам. Кæд райстам, уæддæр æй æз, æвæццæгæн, никуыуал базондзынæн... Академик Иван Павлов йæ мæлæты рынчын куы ’рци, уæд ыл меди- цинон институты студенттæ æрæмбырд сты æмæ сын дзырдта, адæймаг мæлгæйæ йæхи куыд фенкъары, уыдæттæ. Йæ къæхтæ куыд æндзыг код- той, йæ къухтæ куыд ницыуал æмбæрстой, уыдæттæ сын куыд амыдта, афтæ райхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Павловы чидæр агуырдта. Иванæн æй куы фехъусын кодтой, уæд сын уый афтæ: «Чидæриддæр у, зæгъут ын: Павловы не ’вдæлы — мæлгæ кæны...» Мæ фыдмæ дæр, æвæццæгæн, тынг ахсджиаг хабары фæдыл æрба- дзырдтой, æмæ йæ писмо уымæн фæцыбыр кодта. Бæстондæр писмо ныффыссынмæ йæ нал равдæлди, дыккаг бон хæст кæй райдыдта, уый тыххæй, Павловы телефонæй дзурынмæ куыднæуал равдæлди, афтæ. Куы зæгъын, уæдæй фæстæмæ мæ фыдæй писмо нал райстам. Мин фарастсæдæ цыппор фæндзæм азы райдайæны нæм хæстон коммисарадæй цы гæххæтт æрбацыд, уым фыст уыд: «Дзасохты Созырыхъо Елдзары- хъойы фырт, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад равдисгæйæ, æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, Социалистон Фыдыбæсты сæрвæлтау тохы æбæрæгæй фесæфт мин фарастсæдæ цыппор дыккæгæм азы иуæндæсæм сентябры». Мæнмæ гæсгæ, уыцы хабарыл зын баууæндæн у. Ау, кæд мæ фыдæй фæстаг писмо куы райстам, уый фæстæ ма афæдз æмæ æртæ мæйы бæрц цардæгас уыд, уæд нæхимæ иу хахх куыд никуыуал ныккодта? Уæвгæ кæд ныккодта, уæддæр æй æз нæ зонын. ...Мæ ныхас чиныгæй райдыдтон. Чингуытæ, æргом дзургæйæ, нæ иннæ сыхæгтæй дæр, зæгъæн ис, æмæ никæмæ уыдис. Кæд уыди, уæддæр — моллойы чингуытæ. Хæсты хæдфæстæ нæ хъæуы фæзынди иу дæсны. Валодя йæ хуыдтой. Æнхъæлдæн, елхотаг уыдис. Адæм æм бирæгæйттæй цыдысты. Фылдæр æй фарстой, хæстæй чи нæма ссыди, уыдоны би- нонтæ. Фæлæ иннæтæн дæр фарста. Бирæты хъуыртыл фæзынди, сау сæракæй агъуд кæмæн уыд, ахæм æртæтигъон чингуытæ. Ахæм чингуы- тæ, зæгъæн ис, æмæ алы хæдзары дæр уыдис. Стæй иугæйттæ нæ, фæлæ цалдæргæйттæ... 50
Фыццаг къласмæ куы бацыдтæн, уый ма мæ зæрдыл хорз лæууы. Хур- бон уыди цыппор фæндзæм азы фыццæгæм сентябрь. Мæ мад мын ног хæдон бахуыдта. Сырх хъуымацæй. Иу кæсæны саст нæм уыди æмæ йæм, цалынмæ скъоламæ ацыдтæн, уæдмæ иу фондзыссæдз касты бакодтон. Мæхимæ хуымæтæджы рæсугъд кастæн. Уымæй размæ мыл, искуы ног дзаума уыд, уый нæ хъуыды кæнын. Уыдаид мыл, фæлæ уыцы диссаджы хæдоны цур рыг дæр нæ калдтой. Ноджы ма мæ ног хызын мæ фарсыл куы ’рцауыгътон — уый дæр хъуымацæй уыд — уæд фырцинæй сырæзтæн. Бафтыд канд мæ дæргъыл нæ, фæлæ мæ уæзыл дæр. Кæд скъоламæ хъæлдзæгæй ацыдтæн, уæддæр дзы, зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæмæй ницæуыл сæмбæлдтæн. Нæ чингуытæ уыди, нæ — тетрæдтæ. Нæ уыди, цæмæй фыстаиккам, уый дæр. Чернилæйы бæсты пайда кодтам бæрæзейы гагадыргътæй. Уыдон-иу фæззæджы срæгъæд сты æмæ-иу сæ сау нæмгуы- ты цъæлæй рауад, фыссынмæ чи бæззыд, ахæм тæнгъæд. Нæ уыди гæххæтт. Фыстам зæронд газетты кæрæттыл. Кæд ма исты зонын, уæд къласы ахуыргæнæг йеддæмæ чиныг никæмæ уыд. Алы предметæй дæр — иу. Верайы чингуытæ афтæ сыгъдæг уыдысты, æмæ сæм раст-равджы бавналын йæ ныфс ничи хаста. Æз-иу чиныг райсыны размæ рагацау мæ къухтæ ныхсадтон æмæ-иу æрмæст уый фæстæ бахастон мæ ныфс Ве- рамæ, чиныг-ма мын фенынмæ авæр, зæгъгæ. Зымæг куы ралæууыд, уæд тынгдæр тыхсын райдыдтам. Бæрæзетæ фесты, чернила та нæ фаг кодта. Кълæсты фылдæр хатт арт нæ кодтой, æмæ дзы хъарм дзаумæтты бадгæйæ дæр уазал уыд. Уæддæр ахуыр код- там. Искуы-иутæй фæстæмæ нæ скъола ничи ныууагъта. Кæсын, фыс- сын базыдтам æмæ ма махæй хъалдæр кæм уыди. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахуыры мидæг кæсын базо- нынæй зындæр ницы ис. Скъоламæ дзæвгар азтæ фæцæуынц, каст дæр æй фæвæййынц, фæлæ бирæтæ, чи зоны, скъоладзаутæн сæ фылдæр хай, хорз кæсын нæ базонынц. Баууæндæн ис ууыл, уымæн æмæ-иу къласы хъæрæй кæсын куы хъуыд — хъæрæй кæсыны сæр та-иу арæх бахъуыд, уымæн æмæ, чингуытæ кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ хæдзармæ куыст дæр къласы кастыстæм — уæд-иу бирæтæ уыцы хъуыддагмæ сæ ныфс нæ хас- той. Мах къласы æппæты æнæкъуызгæйæдæр касти Реуазты Костя. Хъуы- ды ма кæнын, ахуыргæнæг-иу æй куыд арæх сыстын кодта, уый. Скъо- лайы та æппæты тынгдæр, мæнмæ гæсгæ, арæхст Цомайты Хъазыбег. Уый махæй дæлдæр къласы ахуыр кодта, фæлæ кæсын æвдæмкъласонтæй дæр хуыздæр зыдта. Скъоладзаутæ-иу ыл æрæмбырд сты æмæ йæм лæмбынæг хъуыстой. Дисы сæ æфтыдта йæ арæхстдзинад. Касти æнæкъуызгæйæ, алы дзырды нысаниуæг æнкъаргæйæ. Æз-иу мæхинымæр тарстæн, куы фæрæдийа, уымæй, фæлæ иу хатт дæр никуы фæкъуыхцы. Иуцасдæры фæстæ нæ уавæртæ фæхуыздæр сты. Фæарæхдæр сты тетрæдтæ, фæзындысты фыццаг чингуытæ дæр. Стæй канд ахуыргæнæнтæ нæ. «Нарты кадджытæ» куы рацыдысты, уæд скъолайы æндæр кой нал уыд. Фæстæмæ цæугæйæ мæ фæндаг дуканийыл ракодтон. Тæрхæгыл цы чингуытæ уыд, уыдоны æхсæн, мæй стъалыты астæу куыд бæрæг дара, афтæ бæрæг дардта. Сызгъæрин доны тылд дамгъæтæй йыл цы диссаджы 51
ныхæстæ фыст уыд, уыдон дардмæ дæр цæст рæвдыдтой. Бæргæ, хæстæг- мæ йæ куы федтаин, куы йæ рафæлдæхтаин æмæ йын йæ нывтæ — скъо- лайы куыд дзырдтой, афтæмæй дзы мидæгæй диссаджы хуызджын нывтæ уыд — куы федтаин, фæлæ мæ ныфс нæ бахастон, ахæм чингуытæ кæсынмæ дын раджы у, зæгъгæ, мын куы зæгъой, уьщæй тæрсгæйæ. Рувас сæнæфсиры цуппæлттæм куыд фæкаст æмæ йын дзы ницы пайда ис, уый куы бамбæрста, уæд, нырма цъæх сты, зæгъгæ, дарддæр куыд ацыд, афтæ æз дæр «Нарты кадджытæм» фæкæсыны фæстæ зивæггæнгæ дуканийы къæсæрæй рахызтæн. Мæ цымыдисдзинад фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ кодта. Скъоламæ цæугæйæ дæр æмæ фæстæмæ здæхгæйæ дæр мæ фæндаг уыди дуканийыл. Йæ къæсæрыл-иу фæцæйхызтæн дыууæ æнкъарæнимæ. Иуæй, цин код- тон, уыйбæрц диссæгтæ фыст кæм ис (уæдмæ йæ скъолайы хъæрæй кæсын райдыдтой, æмæ-иу алы бон дæр исты ног хабар базыдтон), уыцы чиныг кæй фендзынæн, ууыл, иннæмæй, тарстæн, куынæуал дзы уа æмæ дзы æнæхай куыфæуон (кæмдæр мæ зæрдæйы арфдæр къуымы æмбæхстæй дар- дтон, искуы мын йæ балхæныны фадат кæй фæуыдзæн, ууыл), уымæй. Иуахæмы та, скъолайæ раздæхгæйæ, иннæ хæттыты хуызæн мæ фæндаг дуканийыл акодтон. Мæлæты бирæ адæм дзы баййæфтон. Цалдæр ацæргæ лæджы уыцы цымыдисæй цæмæдæр кастысты. Хæстæгдæр сæм куы ба- цыдтæн, уæд бамбæрстон, сæ иуы къухы дзы «Нарты кадджытæ» кæй уыдис. Ноджы æввахсдæр сæм мæхи байстон æмæ нывтæм кæсын рай- дыдтон. Куыннæ мæ бафтыдтаиккой дисы Тугъанты Махарбеджы нывтæ! Цыма бынтон æндæр дунейы февзæрдтæн æмæ, цы бæстæмæ бахаудтæн, уым мæхæдæг дæр архайæг уыдтæн, афтæ мæм каст. Ноджы мын алы нывмæ дæр уыди бæстон кæсыны фадат: чиныг кæмæ уыд, уый-иу ца- лынмæ ныв иууылдæр дзæбæх федтой, уæдмæ фарс нæ афæлдæхта. Мæ астæу къæдзæй дарынæй бафæллад, уæддæр цæстытæ кæсынæй нæ фæлла- дысты. Иу ныв мæм каст иннæмæй цымыдисагдæр æмæ цæстыахадгæдæр. Ноджы дзы алкæцыдæр æмбæрзт уыд бапъерозы цъары хуызæн тæнæг сыр-сыргæнаг гæххæттæй: куыд арæхстгай йæм æвналын хъæуы, уымæн ма ноджыдæр иу æвдисæн. «Нарты кадджыты» хабар нæ сыхмæ дæр схæццæ. Йæ кой кодтой арæхæй-арæхдæр. Ноджы канд кæстæртæ нæ, фæлæ хистæртæ дæр, ома кæсын чи зыдта, уыдон дæр, æмæ чи нæ зыдта, уыдон дæр. Æлхæнгæ йæ чи бакодта, ахæм дæр фæзынди. Фыццагдæр æй кæмæ федтон, уый ма кæй зæрдыл лæууы, фæлæ нæ сыхæгтæй кæмæдæр кæй фæзынд, уый куы базыдтон, уæд^хабар нæхимæ бамбарын кодтон, мах дæр æй балхæнæм, зæгъгæ. Йæ зæгъын куыд æнцон уыд, йæ балхæнын афтæ æнцон нæ уыд, æмæ мæ фæндон уымæй размæ дæр ской кæнын уый тыххæй нæ уæндыдтæн, уымæн æмæ нæ хæдзары æхцайы капекк нæ зыд- тон. Мæ фыды тыххæй пенси авд туманы æмæ дыууæ сомы истам æмæ рагацау бæрæг уыд, алы суари дæр цæуыл хардзгонд æрцæудзæн, уый: сапон, цæхх, фæтæген, спичкæтæ, кæд ма дзы аззадаид, уæд, чи зоны, æмæ сæкæр дæр, чиныджы аргъ та æнæхъæн æртæ туманы уыдис. Кæцæй 52
мын æрхастаид уыйбæрц æхца Веринкæ? Йæхимæ уæвгæ нæ уыди, æфстау исынмæ та зивæг кодта. Стæй махæй уæлдай йæ буд кæмæн мызти? Уыдис кæмæдæрты æхца дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ æфстау кæмæй райстаид, уымæн æй фидын хъуыдис, æмæ дæ рæбыны куы ницы зонай, уæд курæг дæр цæй ныфсæй æмæ кæй ныфсæй ацæудзынæ! Мæ мадæн æхсызгон уыд, чиныгыл æнувыд кæй дæн, уый. Уыцы-иу рæстæг ын хъыг уыд, афтæ цыбыркъух кæй у æмæ мæ фæндон сæххæст кæнын йæ бон кæй нæу. Цыдæриддæр уыди, уæддæр кæмæйдæр æфстау райста æмæ мын æртæ туманы куы радта, ацу æмæ чиныг балхæн, зæгъгæ, уæд мæхицæй амондджындæр никæйуал хуыдтон. Дуканимæ кæуылты тахтæн, уый нæ хъуыды кæнын, æрмæст мыл базыртæ кæй разад, уый бæлвырд уыд. Цæстыфæныкъуылдмæ дуканийы балæууыдтæн æмæ, куыд- дæр чиныг мæ къухы бафтыд, афтæ нæхимæ фæцагайдтон. Бæллыдтæн, куы ничи мыл амбæлдаид, уымæ. Исчи мын æй куы байстаид, уымæй тарстæн, æри æркæсон æм, зæгъгæ, мын æй куы куырдтаиккой, уымæй дæр. Исгæ мын æй куы ничи бакодтаид, уæддæр æм æркæсын кæй ба- фæндыдаид, ахæмтæ разындаид æмæ мæ уый дæр нæ фæндыд. Куы йæ счъизи кæной, уымæй тарстæн, стæй, фæндагыл æгæр бирæ куы бафæ- стиат уон, уымæй дæр. Хуыцау хорз, æмæ мыл ничи амбæлд. Уайтагъд нæхимæ балæууыдтæн. Мæхимæ уæдæй хъæздыгдæр никуы фæкастæн: «Нарты кадджытæй» сæрæвæрæн скодтон, фæстæдæр мæм цы бирæ чин- гуытæ фæзынд, уыдонæн. Кæсынмæ цастæ арæхстæн, фæлæ мæхиуыл нæ ауæрстон. Уæнггай кастæн нæ фыдæлты æмбисонды таурæгътæ. Бирæ æнусты дæргъы дзыхæй- дзыхмæ чи цыди, уыцы кадджытæ æмкъахдзæф æрбакодтой нæ хæдзармæ, нæ хæдзарæй та — æндæр хæдзæрттæм дæр. Кæсыныл куы фæцалх дæн, уæд мæ ныфс бахастон сыхæгты цур кæсынмæ дæр. Хъæрæй кæстытæ-иу сарæзтам канд нæхимæ нæ, фæлæ уынджы дæр. Фæстæдæр нæ чингуытыл æфтгæ цыди. Дуканийы æнæ чиныг цæхх дæр æмæ сæкæр дæр нал уæй кодтой. Иу бон уыди æви се ’хсæн рæстæг рацыди, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ Веринкæ схаста дыууæ ирон чиныджы: Хъайтыхъты Георы «Æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ» æмæ Мыр- тазты Барисы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Уад». Нæ мадæй кæд чингуы- тæн æхца не ’нтыст æмæ сæ дуканигæсы къухæй зивæггæнгæ райста, уæддæр сыл мах, уæлдайдæр æз æмæ Райæ — Дибæ уæд скъоламæ нæма цыд — бацин кодтам. Иронау кæй уыдысты, тынгдæр уый тыххæй, стæй, æмдзæвгæтæ кæй уыдысты, уый тыххæй дæр. Райæ уайтагъд æмдзæвгæтæ æнæчиныгмæ гæсгæ ахуыр кæныныл фæци. Æппæты фыццаг базыдта Мыртазты Барисы æмдзæвгæ. Йæ сæр ын нал хъуыды кæнын, фæлæ дзы уыди ахæм ныхæстæ: «Макуы дæ баййафæд сонт нæмыг, макуы...» Скъолайы дæр æй радзырдта æмæ дзы куы раппæ- лыдысты — мачи дын мацы зæгъæд, афтæмæй æмдзæвгæ чи сахуыр кодта æмæ йæ урочы чи радзырдта, уыцы скъоладзауæй цавæр ахуыргæнæг нæ раппæлид! — уæд иннæ æмдзæвгæтæ ахуыр кæнынмæ дæр бавнæлдта. Цыбыр рæстæгмæ Барисы чиныджы ахæм æмдзæвгæ нал уыд, Райæ æнæчиныгмæ кæсгæ радзурын кæй нæ зыдта... 53
Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ ирон фысджыты чин- гуытæ кæддæриддæр дæлджинæггонд цыдысты. Уазал цæстæй сæм æрмæст разамонæг кусджытæ, стыр къæлæтджынтыл бадджытæ нæ кастысты, фæлæ адæмæн сæ фылдæр. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ сæ хæрзхъæддзи- над ныллæг кæй у, уый тыххæй нæ. Райдианæй-байдианмæ нæхæдæг нæхи цæсты нæ ахадæм... Нæ хæдзары чингуытæ æртæйы онг куы схæццæ сты, уæд нæм цыма æнæхъæн библиотекæ уыдис, афтæ мæм каст. Ирон ныхасмæ мæ «Нарты кадджытæй» тынгдæр никæцы чиныг сразæнгард кодта. Уырыссаг чингуы- тæм мæ хъус уыйас нæ дардтон, уымæн æмæ уырыссагау чингуытæ кæсыны бæрц нæма зыдтон. Кæсгæ сæ кодтон, фæлæ æппæт ныхæстæ не ’мбæрстон, дзырдуæттæ та мæнмæ нæ уыди æмæ ирон чингуытæй мæ мондæгтæ уагътон. Ирон дзырд мын уæлдай ад кодта, ирон дамгъæтæй фыст мæ зæрдæмæ хæстæгдæр лæууыд. Иу хатт мæм кæцæйдæр Четойты Барисы фыст чысыл чиныггонд æрбахауд. Ие ’ддаг цъарыл стыр дамгъæтæй фыст уыд: «Куыд æрзайын кодтам нартхоры хъæздыг тыллæг». Цал гек- тары цалгай центнертæ æрзайын кодтой, уыдæттæ мæ не ’ндæвтой. Æз цин кодтон æрмæстдæр иу хъуыддагыл: нартхоры хъæздыг тыллæг æрза- йын кæныны тыххæй дæр иронау фыссæн кæй ис. Барисы чиныг мæ иннæ чингуыты фарсмæ кадджын бынаты дæр уымæн сæвæрдтон. Чингуытæй æмæ газеттæй хъæздыг нæ уыд мæ сабидуг. Постхæссæджы куыстмæ дæр, æвæццæгæн, уымæн хæлæг кодтон. Икъаты Сона-иу нæ рæзты йæ хызыны дзаг газеттимæ куы ’рцæйцыд, уæд æй амондджыныл нымадтон, уыдонæй кæцыфæндыдæр йæ бон бакæсын кæмæн у, зæгъгæ. Сона, газеттæ кæсын уарзын, уый куы бамбæрста, уæд мын-иу хаттæй- хатт искæй газет авæрдта, цалынмæ фæстæмæ здæхон, уæдмæ дзы акæс, зæгъгæ. Ахæм заман-иу мæ хæлæг цинæй раивта æмæ-иу газет кæсыныл фæдæн. Газеттæн сæ тæккæ кадджындæрыл нымадтон «Рæстдзинад» æмæ районы газет «Ленинон». Фыццаг — æнæхъæнæй, дыккагæн та йе ’мбисæй фылдæр иронау фыст кæй уыд, уый тыххæй. Нæ хъæуы «Мах дуг» ра- фыссын йæ бон, чи зоны, искæмæн уыдаид, фæлæ йæ исчи иста, уый зæгъын мæ бон нæу. Библиотекæмæ фæндаг куы базыдтон, уæд мын мæхи дæр базыдтой. Уыцы рæстæджы дзы Кобесты Азæ куыста æмæ, цæмæй фæсивæд чиныгыл фæцалх уой, уымæн чысыл нæ арæзта. Æппæты фыццаг йæхæдæг каст чингуытæ, уарзын сæ кодта иннæтæн дæр. Ам рафæлдæхтон фыццаг хатт «Мах дуг» æмæ йын уæдæй фæстæмæ кæсын райдыдтон йæ алы номыр дæр. Чингуыты бæрцæй мæ æппæты тынгдæр дисы бафтыдта нæхи Алиха- ны фырт Амырхан. Алы рæтты ахуыргæнæгæй куыста. Иу заман цыбыр æмгъуыдмæ нæхи хъæуы куы ’рцард, уæд ма йæ уымæй размæйы чингуы- тыл бафтыдысты, йемæ кæй æрбаласта, уыдон дæр. Фыццаг хатт уæд базыдтон, иу кæнæ иннæ фыссæджы бирæтомон уацмыстæ хъæумæ дæр рафыссæн кæй ис, уый. Амырханæн-иу постхæссæг рæстæгæй-рæстæгмæ æрбалæвæрдта, уымæй размæ кæм куыста, уым цы чингуытæ рафыста, уыдоны радон томтæ. Фыццаг хатт йæ чингуытæ кæм уыдысты, уыцы уатмæ куы бацыдтæн, уæд мæхинымæр дис кодтон, утæппæт чингуытæ 54
кæм балхæдта, стæй йын каст та кæд фæуыдзысты, зæгъгæ. Мæ цымы- дисдзинад мын, æвæццæгæн, бамбæрста æмæ мын чингуытæ кæсынмæ дæттын райдыдта. Иуцалдæр чиныджы мын лæвар дæр бакодта. Мæ чингуыты нымæц мын фæфылдæр кодта ме ’мхæрæфырт Гатеты Тамарæ дæр. Сæрды сæм каникулты заман куы сæфтыдтæн, уæд мæ йемæ скъоламæ ахуыдта. Уыцы аз, йæ бинонтæ тыхст уавæры кæй бахаудыс- ты, уымæ гæсгæ Сталинграды облæсты йæ ахуыргæнæджы куыст ныу- уагъта æмæ сæхимæ Алагирмæ ссыди. Ахуыргæнæджы куыст ын нæ уыди æви йæхи бафæндыд, уый нæ зонын, фæлæ скъолайы библиотекæйы кусын райдыдта. Æмæ мын цалдæр чиныджы, библиотекæмæ мæ куы ахуыдта, уæд балæвар кодта. Библиотекæйы чингуытæй нæ, йæхæдæг кæй балхæдта æмæ йæ куыстмæ кæй ахаста, ахæмтæ. Токаты Асæх-иу афтæ загъта: «Сывæллон хæдзары фæндыр у». Уыцы ныхас мæ зæрдæмæ фæцыди. Сывæллон цы хæдзары нæй, уый хасты хуызæн у, уæдæ цы у! Æз та чиныгæй афтæ зæгъин: «Дзаумайæн кæд зондджын схонæн ис, уæд, хæдзары цы дзаумæттæ ис, уыдонæн чиныг у сæ тæккæ зондджындæр». Чиныг цы хæдзары нæй, уый хъæздыгдзинæдтæ, цыфæнды бирæ куы уой, уæддæр цæсты нæ сахаддзысты. VII Чиныгкæсджытимæ фембæлдтыты рæстæг цы фарстытæ фæдæттынц, уыдонимæ арæх вæййы ахæм дæр: «Фыссын кæд æмæ куыд райдыдтай?» Алчидæр алыхуызон дзуапп фæдæтты, уымæн æмæ хæстæг хъысмæттæ кæд ис, уæддæр иухуызон хъысмæттæ нæй. Иухуызон фæндæгтыл ацæ- уæн ис, фæлæ йыл иухуызон къахдзæфтæгæнæн нæй. Хæлæг кæнын хорз миниуæг у æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ æз мæ царды райдайæны æппæты тынгдæр хæлæг кæмæ кодтон, уыдон уыдыс- ты, скъолайы ахуыр кæнгæйæ, фыссын чи райдыдта æмæ йæ уацмыстæ мыхуыры кæмæн цыдысты, уыдонмæ. Мæ хорз зонгæ — кæд мæнæй хистæр у, уæддæр æй æз мæ хæларыл нымайын — Абайты Левæ мын ахæм хабар радзырдта: — 1949 азы нæхимæ, Ногиры скъолайы, ахуыр кодтон æстæм къла- сы. Ме ’мбæлтты хуызæн æз дæр тæлфаг уыдтæн. Химийы урочы цы фыдуагдзинад ракодтон, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ, æвæццæгæн, æфхæрыны аккаг уыдтæн, æндæр мæ ахуыргæнæг урокæй нæ рарвыста- ид. Сæргуыбырæй рудзгуыты бынты рацæйцыдтæн. Дыккæгæм кълас кæм ахуыр кодтой, уыцы уаты гом рудзынгæй мæ хъустыл ауад лæппуйы зæлланггæнаг хъæлæс. Канд йæ хъæрæй ныхас мæ не ’рурæдта, фæлæ мæ зæрдæмæ фæцыд, куыд æнæкъуызгæ æмæ аив дзырдта, уый дæр. Лæмбынæгдæр æм куы ’рыхъуыстон, уæд мæм æмдзæвгæйы рæнхъытæ цыдæр зонгæ фæкастысты, фæлæ цалынмæ ууыл хъуыды кодтон, уæдмæ уый дзуапп лæвæрд фæци, æмæ ахуыргæнæг фæдзырдта дыккаг скъола- дзаумæ. Ацы хатт йæ арæхстдзинад æвдыста, йæ дзыккутæ дыууæ быдæй йе уæхсчытæй кæмæн фæдæлдæр сты, ахæм цъæхдзæст чызг. Иу уысм хъусæй алæууыд, стæй та уый дæр йæ размæ дзуапдæттæджы хуызæн æмдзæвгæ дзурын райдыдта: 55
Быдыртæ дидинæг калынц, Хъæд дæр æфтауы сыфтæр. Дæттæ нæ арф кæмттæй уайынц, Хъуысы æхсæрдзæнты хъæр. Мæ хъустыл нæ баууæндыдтæн, ме ’мдзæвгæйы рæнхъытæ куы ай- хъуыстон, уæд. Раздæр æй лæппу куы каст, уæд ма йын æрмæст йæ фæстаг ныхæстæ айхъуыстон, фæлæ ныр æмдзæвгæ йæ райдайæнæй йæ кæронмæ дзырд куы фæци, уæд мæ дызæрдыгдзинадæй ницуал аззад. Ныр та дис кæнынмæ фæдæн. Æндæраз мын «Мах дуджы» цыппæрæм номыры, «Уалдзæг», зæгъгæ, цы ’мдзæвгæ рацыд, уый ме ’мхъæуккаг скъоладзаутæ урочы æнæчиныгмæ кæсгæйæ цæмæн дзурынц, уымæн- дзуапп раттыныл архайдтон, фæлæ мæ бон нæ баци... Æртыккаг скъоладзаумæ ахуыргæнæг фæйнæджы цурмæ куы фæдзырд- та, уæд мын чысыл фенцондæр, уымæн æмæ уый разынд нæ сыхæгты лæппу. Урок куы фæци, уæд æй ссардтон, æмæ хъуыддæгтæ иууылдæр рабæрæг сты. Лæппу мын куыд радзырдта, афтæмæй æмдзæвгæ мыхуыр- гонд уыд «Кæсыны чиныджы». Йæ ныхæстыл дызæрдыг кæй кæнын, уый куы бамбæрста, уæд, чысыл мæм ам фæлæуу, зæгъгæ, азгъордта. Уайтагъд фæстæмæ чиныгимæ фæзынд, æмдзæвгæ мыхуыргонд кæм уыд, уыцы фарс рафæлдæхта: — Мæнæ йæ дæхæдæг дæр фен. Æркастæн æмæ — ме ’мдзæвгæ. Йæ быны мæ ном æмæ мæ мыггаг фыст. Куыд бамбæрстон, афтæмæй, канд мæ хъæуккæгтæ нæ, фæлæ мæ хæстæджытæ æмæ мæ хорз зонгæтæй дæр, æстæм къласы скъоладзауы фыст æмдзæвгæ ахуыргæнæн чиныджы мыхуыргонд æрцæудзæн, уый йæ зæрды кæрон дæр никæмæн æрæфтыдаид, Абайты мыггагæй стырдæр та Ирыстоны уæвгæ нæй. Уæдæ дзы Левæтæн дæр æнæуæвгæ нæ уыдаид. Мæхицæй хуымæтæджы буц ныддæн! Цин, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг кодтон, фæлæ химийы урокæй æнæхай кæй фæдæн, уый мын æнцой нæ лæвæрдта. Аххос мæхи кæй^уыд, ууыл сæттын дæр мæ нал фæндыд, мæхинымæр хъуыды кодтон: «Иæхи фыст æмдзæвгæ Ирыстоны æппæт скъолаты дæр кæмæн ахуыр кæнынц, уымæн ахæм фыдуагдзинæдты тыххæй хъуамæ барст цæуид». Мæ хъуыдытæ-иу дарддæр куы ахæццæ кодтон, уæд-иу нæ химийы ахуыргæнæджы бынтон азымджын нал хуыд- тон, уымæн æмæ, мæхæдæг цы нæ зыдтон, уый иннæты хуызæн уый дæр нæ зыдта, æмæ-иу мæ мастæй дзæвгар ахауд. Ууыл цал боны рацыдаид, уый зын зæгъæн у, фæлæ фæсурокты нæхимæ фæцæйцыдтæн. Куыддæр æртыккагтигъмæ ныххæццæ дæн, афтæ мыл иу къæбæлдзыгсæр бурдзалыг лæппу фæсте дурадзагъдæй куы ралæу- уид. Дуртæ гыццыл уыдысты, стæй мыл дзы никæцы суад, фæлæ уæддæр рамæсты дæн, хылычъийы йас йеддæмæ чи нæ уыд, уый мæм куыд ба- уæндыд, зæгъгæ. Æрлæууыдтæн æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн. Асурин æй æмæ мæхицæй бирæ къаддæримæ — лæппуйыл иу-аст азæй фылдæр нæ цыдаид — тохы куыд бацæудзынæн?! Æппынфæстаг сфæнд кодтон йемæ аныхас кæнын: 56
— Цæмæн мыл æхсыс дуртæ, зонгæ дæр дæ куы нæ кæнын, уæд? — Ды мæ нæ зоныс, фæлæ дæ æз зонын, — æртхъирæнгæнæджы хъæлæсæй дзуапп радта лæппу. — Цæмæй мæ зоныс? — Ды Абайты Л. нæ дæ? — Дæн, æмæ цы? — Куыд цы? Дæу тыххæй знон «дыууæ» райстон, уый мын æгъгъæд нæ уыд, фæлæ ма мæ мæ фыд дæр фæнадта. — Æмæ æз уым цы аххосджын дæн? — Куыд цы аххосджын дæ? Æмдзæвгæ «Уалдзæг» куы нæ ныффыста- ис, уæд дзы æз «дыууæ» нæ райстаин. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ мæ мастæй ницыуал аззад. Мæ хъæлæсы- уаг фæфæлмæндæр кæнгæйæ йын загътон: — Цæмæй «дыууæтæ» ма исай, уый тыххæй ахуыр кæнын хъæуы. Æз уыцы æмдзæвгæ куы нæ ныффыстаин, уæддæр чиныджы æндæр æмдзæвгæ ныммыхуыр кодтаиккой æмæ уый нæ сахуыр кæныны тыххæй дæр «дыу- уæ» райстаис. Мæхинымæр дис кодтон, æмдзæвгæ ныффыссæг æз кæй дæн, уый цæмæй базыдта, зæгъгæ, æмæ йæ бафарстон: — Æмæ уыцы æмдзæвгæ æз ныффыстон, уый дын чи загъта? — Дæ сыхаг, æндæр чи? Уый дзы «фондз» райста, æз та — «дыууæ»... Æз дæр Левæйы хуызæттæм хæлæг кодтон. Уæвгæ уыцы хъуыддагæн, чи зоны, хæлæгыл банымайæн дæр нæ уыди, уымæн æмæ мæн фæндыди, ме ’мгæрттæй æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ чи фыста æмæ сæ мыхуыры чи уагъта, уыдонæй уæвын. Фæндыди мæ, зæрдæйы цы æнкъарæнтæ уыд æмæ зæгъын кæй нæ фæрæзтон, уыдон ныффыссын æмæ сæ мыхуыр- гондæй фенын. Фæндыди мæ, фæлæ мæ фæндтæ раргом кæнын никæй цур уæндыдтæн, тарстæн, худын мыл куы райдайой æмæ мæ мæ царды æппæты стырдæр ныфс цы бæллиццæй ис, уый цъыфæйдзагæй зæххы æппæрстæй куы фенон. Уымæй та тæссаг уыд. Уыцы кары сывæллæттæ кæрæдзийæн фидис кæнын цы хъуыддаджы тыххæй нæ райдайынц, ахæм зын ссарæн у, фылдæр хатт, цы фыдраконддзинады сæргъы æрлæууынц, уый нæ фембарынц, афтæмæй. Цыппæрдæс-фынддæсаздзыдты æхсæн ныхас куыннæ рауайы, чи сæ цы суæвынмæ хъавы, уый тыххæй, æмæ иуахæмы мах æхсæн дæр рауад ахæм ныхас. Иу-фондз лæппуйы уыдаиккам, æвæццæгæн. Иуы дæр дзы нал хъуыды кæнын, Дзусты Юричы йеддæмæ, уымæн æмæ фарст уый радта, чи уæ цы суæвынмæ бæллы, зæгъгæ. Цæмæй нæ хъуыдытæ æнцондæрæй раргом кæнæм æмæ нæ йæ зæрдæйы арфы чи цы æмбæхста, уый зæгъын бафæразæм, уый тыххæй нын Юрик фыццаг йæхи бæллиц загъта. Цы загъта, уый нал хъуыды кæнын, иннæтæ цы загътой, уый дæр мæ ферох — зæгъгæ та иууылдæр æнæмæнг кодтой — фæлæ рад мæнмæ куы ’рхæццæ, уæд сæфсон кодтон, цы суæвынмæ хъавын, уый нæма зонын, зæгъгæ. Афтæмæй та, цы загътаин, уый уыдис. Абон дæр мæхицæй бузныг дæн, мæхиуыл ныххæцын кæй бафæрæзтон æмæ цæсты кæй нæ бафтыдтæн, уымæй. 57
Бонтæ цыдысты, фæлæ мæ бæллиц нæ мынæг кодта. Библиотекæмæ- иу куы ныццыдтæн, «Пионерская правда»-иу куы райстон æмæ дзы фæндзæм-æхсæзæмкъласонты æмдзæвгæтæ мыхуыргондæй куы федтон, уæд зæххыл нал ныдзæвыдтæн, мæ бæллицтæ-иу мæ ахастой, базыр- джын адæймаг йеддæмæ бынат кæмæн нæй, ахæм дунемæ. Кæйдæр æнтыстдзинады фæрцы-иу мæхи нымадтон тæккæ амондджындæртæй иуыл. Афтæ-иу мæм каст, цыма мæ рад дæр ралæудзæн æмæ æз дæр, мæнæй дард чи цæры, мæ уыцы æмгæртты фарсмæ æрлæудзынæн æмæ мæхи нымайдзынæн се ’мсæрыл... Æмбæхсæн алцæмæн дæр ис, фæлæ цæрæнбонты æмбæхсæн ницæмæн ис. Фыдæлтæ хуымæтæджы нæ дзырдтой: мæсыг сусæгæй цасфæнды куы фæцамайай, уæддæр иу заман йæ цъуппæн æнæсзынгæ нæй. Мæ бæллицтæ раргом кæнынæй кæд цыфæнды тынг тарстæн, уæддæр сын иу бон ду- нейы рухс æнæфенгæ нæ уыд. Уыцы хъуыддаджы сæйраг аххосджын уыд мæ хуыздæр æмбал Лолаты Хадзыби. Растдæр зæгъгæйæ та мын йæ сусæг фæндтæ раздæр уый раргом кодта. Æз иунæг æмдзæвгæ дæр куынæма ныффыстон, фæлæ ныффыссынмæ куы хъавыдтæн, уыцы рæстæг Ха- дзыби бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста. Раст зæгъын хъæуы, кæсынмæ мæм сæ куы радта, уæд куыддæр фæныхкъуырд дæн: афтæ хорз мæм фæкасты- сты, æмæ фæтарстæн, Хадзыбийы хуызæн ныффыссын куы никуы базо- нон, уымæй. Иу заман Хадзыби уазæгуаты ацыд Алагирмæ йæ мадырвадæлтæм æмæ уырдыгæй æрхаста, Дзбойты Викторы æмдзæвгæтæ мыхуыргонд кæм уыды- сты, районы уыцы газет «Раздзоджы» цалдæр номыры. Хадзыби мын куыд радзырдта, афтæмæй, дам, Виктор дæр нырма скъолайы ахуыр кæны. Æппæты стырдæр дисы та уæд бацыдтæн. Уырыссагау чи фыста, уыцы скъоладзауты æмдзæвгæтæ дæр сæ цуры ницыуал мардтой, уымæн æмæ уыдон иронау фыст уыдысты, сæ ныффыссæг та дард кæмдæр нæ цард æмæ йæ фенынмæ авд хохы сæрты хизын нæ хъуыд. Кæй бафæндыдаид, уый Алагирмæ ссыдаид, уырдыгæй та Цраумæ — Хадзыби мын куыд загъта, афтæмæй Виктор царди уыцы хъæуы — фистæгæй бауайæн дæр уыд, æмæ дæхи цæстæй федтаис, дæуæй хæрзчысыл хистæр йеддæмæ чи нæу, уыцы фыссæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ме стырдæр бæллицтæй иу уыд удæгас фыссæг фенын. Уыцы сæрд Æрыдоны мæ фыдыхотæм уазæгуаты уыдтæн æмæ, районы библиотекæйы рæзты фæцæйцæугæйæ, бакастæн хъусынгæни- наг. Уый адæмы хуыдта Мамсыраты Дæбейы роман «Хъæбатырты кадæг»- мæ гæсгæ чиныгкæсджыты конференцимæ. Æз нæхимæ æмбойны фæзи- линаг уыдтæн, фæлæ мæ уыцы хъусынгæнинаг баурæдта. Конференцийы агъоммæ библиотекæмæ бацыдтæн æмæ адæмы æмбырдæй баййæфтон. Дæбе нæма фæзынд. Иуцасдæр ма банхъæлмæ кастæн, стæй куы нæ æмæ куы нæ зынд, уæд мæхи цæуынмæ æрцæттæ кодтон. Уалынмæ библио- текæйы кусæг — сæргълæууæг уыдаид, æвæццæгæн — фехъусын кодта, Дæбе фæрынчын, æмæ конференци æндæр бонмæ æргъæвд æрцыд, зæгъгæ. Æз мæ фæндаг мæ фыдыхойыл ракодтон æмæ сын загътон, нæхимæ кæй цæуын, уый. Æмæ Бæрæгъуынмæ фæцагайдтон. 58
Куыд тынг мæ фæндыд Дæбейы фенын! Уæлдайдæр «Хъæбатырты кадæг» «Мах дуджы» куы мыхуыр кодтой, уæд æй бакастæн æмæ бæллыдтæн йæ ныффыссæгимæ лæгæй-лæгмæ фембæлынмæ, йæ хъæлæс ын фехъусынмæ, цы фарстатæ йæм дæтдзысты, уыдонæн цы дзуæппытæ дæтдзæн, уыдон базонынмæ. Дæбейы фыстытæй мын бирæтæ мæ цард мæ зæрдыл æрлæууыы кодтой. Алцыдæр мæм дзы хъардта, алцæуыл дæр дзы æууæндыдтæн, æмбæрстон, Ботасы амарды фæстæ Госкайы уæхсчы- тыл цы уæз æрæнцад, уый дæр. Копа куы фæрынчын æмæ мæлыны къахыл куы ныллæууыд, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма нæхи бæхыл исты æрцыд, æмæ уый уæлхъус лæууын. Махмæ бæх никуы уыд, фæлæ кæд искуы саси фæзынд, уæд-иу дзы æппæты фыццаг мах фыс фæрынчын. Кæркниз дæр-иу йæ бæллæхтæ нæ кæркдонæй райдыдта. Искæй стур цъымарайы нынныхст æмæ мæцъисæй ласинаг фæци, уæд уый дæр мах хъуг йеддæмæ хъуамæ макæй уыдаид. Дæбейы фенын мæ тынгдæр уымæн фæндыд, мæгуыр лæджы цард кæй æмбæрста, йæ тухитæ йæ зæрдæмæ арф кæй иста, фыццаджыдæр та — йæ миддуне равдисынмæ йын кæй арæхст æмæ йыл чиныгкæсæджы кæй æууæн- дын кодта. Фæлæ мæ фæндон йæ рæстæджы нæ сæххæст. Стæй ма, æвæццæгæн, хæрзсаби уыдтæн. Цардмæ кауы хуынчъытæй кастæн æмæ дзы дардмæ нæ, фæлæ хæстæгмæ дæр бирæ цыдæртæ нæ уыдтон, æндæр фыс- джытæ нæхи хъæуы дæр уыди. Æнæхъæн Ирыстоны дæр кæй зыдтой, чингуытæ кæмæн рацыд, йе ’мдзæвгæтæ газеттæ æмæ журналты кæмæн мы- хуыр кодтой. Уыдонæй иу уыди Чехойты Сæрæби. Йæ фыццаг чиныг «Æргом зæрдæ» мыхуыры рацыд хæсты размæ, фæлæ, йæхæдæг куыд никæцæйуал зынд, афтæ нал зындысты йæ фыстытæ дæр: хæстæй куы ссыди, уымæй йæ дыууæ азы фæстæдæр æрцахстой, ницы аххосджын уыд, афтæмæй. Æмдзæвгæтæ хæсты агъоммæ фыссын райдыдта Хъаммæрзаты Алихан дæр, суанг ма йын сæ скъолайы дæр ахуыр кодтой. Иннæ ахæм Тохты Иван^— хъæубæсты йæ ацы номæй ничи зыдта, иууылдæр æм Ванæйæ дзырдтой. Йæ заманы мын уыдоны хабæрттæ исчи куы радзырдтаид, уæд сын сæ уацмыстæ кæсгæ бакодтаин, фенæн дзы кæмæн уыд, уый та уынгæ фæкодтаин, фæлæ, куы зæгъын, мæ сабидуджы арæнтæ тынг къуындæг уыдысты æмæ, нæхи хъæуы цы хабæртгæ цыди, уыдон æмбарынхъом дæр нæма уыдтæн. Нæ хъæуы скъола авдазон кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу авд къласы фæ- уыны фæстæ ахуыр кодтам Николаевскы станицæйы. Уырдæм астæуккаг ахуыргонддзинад райсыны тыххæй цыдысты, станицæйы уæллаг фарс цы хъæу уыд, уырдыгæй дæр — Мустыздæхæй. Фарæстæм къласы ахуыр код- таин, æвæццæгæн, афтæ мæ равзæрстой районы фæскомцæдисон кон- ференцимæ делегатæй. Конференци уыди Чырыстоныхъæуы — Нико- лавскы станицæ Дыгуры районмæ хауд. Цæмæй районы центрмæ бафты- даин, уый тыххæй мæ ахизын хъуыд дыууæ хъæуы — Николаевскы æмæ Мустыздæхы сæрты. Хур иу бæндæны бæрц суадаид, афтæ Мустыздæхæй фæуæле дæн. Мæ фæндаг кæрæй-кæронмæ цæстæнгасæй сбарстон æмæ дзы разæй иу змæлæг куы бафиппайдтон, уæд мæ зæрдæ чысыл фæрухсдæр, ныхасæмбал мын фæуыдзæн æмæ рæстæг тагъддæр аивгъ- уыйдзæн, зæгъгæ. Ноджы мæ разæй чи цыд, уый дæр цыма мæнæй хистæр 59
нæ уыд, йæ асмæ гæсгæ мæм афтæ фæкаст. Бæлццон иу заман фæстæмæ фæкаст, æмæ мæ куы ауыдта, уæд, цыма чи дæн, уый базоныныл ар- хайдта, уыйау хъуыдыты аныгъуылд. Иуцасдæр йæ бынатæй нал фезмæ- лыд, стæй йæ фæндагыл араст, æрмæст сындæгдæр къахдзæфтæй. Æз мæ цыд фæтагъддæр кодтон æмæ йæ уайтæккæ дæр баййæфтон. Базонгæ стæм. Куыд рабæрæг, афтæмæй ме ’мбæлццон разынди Ма- литы Васили (Васо). Уый дæр ахуыр кодта Николаевскы астæуккаг скъо- лайы æмæ мæн хуызæн цыди районы конференцимæ. Уымæй размæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, иумæ æмбæлдаиккам, фæлæ зонгæ нæ уыдыстæм. Æхсызгон уыд нæ дыууæйæн дæр, иу хъуыддаджы фæдыл иу ранмæ кæй цæуæм, уый кæрæдзийæн фехъусын кæнын, æмæ нын уай- тагъд хæлар ныхас бацайдагъ. Уый размæ æмбæхстæй арф ран цы хъуы- дытæ дардтон, уыдоны дуæрттæ гом кæнынæй нал тарстæн. Ныхас лите- ратурæйы тыххæй, æнхъæлдæн, Васо райдыдта. Æмдзæвгæтæ кæй фыс- сы, уымæй мæ хуызæн сусæгдзинад нæ арæзта. Кæй фыссы, уый иу хъуыддаг уыд,фæлæ ма мын радзырдта, ныртæккæ цы фыссы, уыдæтты тыххæй дæр. Йæ ныхæсты æцæгдзинадыл ын кæй баууæндыдтæн, уымæ гæсгæ дзы æз дæр мæ хъуыдытæ нæ басусæг кодтон. Ныхас ныхасы къах- та æмæ мын афтæмæй йæ фыды кой дæр ракодта. Зындгонд фыссæг, дам, уыд, фæлæ йæ æртын æвдæм азы æрцахстой. Æртын æвдæм азы йæ кæй æрцахстой, уый мæ уырныдта, фæлæ фыссæг уыдаид, уымæй дæр зындгонд фыссæг, ууыл тынг фæдызæрдыг дæн. Уæлдайдæр мæм Васо йæ ныхæстæм гæсгæ дзæбæх лæппу фæкаст. Мæхинымæр ма йыл суанг мæ зæрдæ дæр фæхудт: «Дзæбæх лæппуйы хуы- зæн куы дæ, уæд гæды ныхæстæ цæмæн кæныс?» Æрмæст дзургæ ницы скодтон, кæд искæй сайыс, уæд дзы дæхи сайыс, зæгъгæ. Дыууæ азы рацыдаид нæ фембæлдыл, чи зоны, æртæ, афтæ Васоимæ фембæлдыстæм æндæр ран æмæ æндæр уавæрты: дыууæйæ дæр горæты ахуыр кæнын райдыдтам. Уæдмæ Малиты Георгийы ном, зындгонд æмæ хæдбындур фыссæджы ном, хъæрæй дзурыны дуг дæр ралæууыд. Васои- мæ нæ фыццаг фембæлд ма абон дæр куы ’рымысын, уæд кæддæр Мус- тыздæхæй Чырыстоныхъæумæ фæндагыл, мæ фыд зындгонд фыссæг у, зæгъгæ, кæй загъта, ууыл кæй нæ баууæндыдтæн, уый тыххæй мæхицæй дæр æмæ Васойæ дæр æфсæрмы фæкæнын... Цалынмæ æмдзæвгæтæ фыссыны хъуыды зæрдæйы билцъ уагъта, уæдмæ хуымæтæджы уацхъуыдтæ фыссыны талатæ сыфтæр дæр ма раф- тыдтой. Кæд-ма исты зонын, уæд мæ мыггаг мыхуыргонд дамгъæтæй фыстæй «Ленинон»-ы фæзынд, авдазон скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд æмæ уыди, нæ абана æвзæр кæй куыста, уый тыххæй. Йæ фæстæ фæзындысты æндæр æрмæджытæ. Иу хатт районы газеты редакцимæ дæр бацыдтæн. Баййæфтон дзы — бæрнон секретарæй куыста, æнхъæлдæн — Хосроты Михалы. Ацæргæ лæг уыди, фæлæ мемæ, цыма йе ’мгар уыдтæн, ахæм ныхас фæкодта. Мæ уацхъуыдтæ мыхуыры фæзындысты «Рæстдзинад»-ы дæр. Кæд-иу цалдæргай рæнхъытæ йеддæмæ нæ уыдысты, уæддæр зæрдæйæн уыйбæрц циндзинад хастой, æмæ йын абарæн ницæимæ уыд. 60
Ме ’мкъласонтæй ма газетмæ фыссыныл архайдта Хуыдæлты Хадзыби. Иу хатт æм писмо дæр æрæрвыстой. Æстæм къласы ахуыр кодтам, афтæ йæм æрбахастой, фыстытæ иууылдæр машинкæйæ мыхуыргонд кæм уыды- сты, ахæм писмо. Чи йæм хъуамæ æрæрвыстаид, зæгъгæ, иууылдæр дисы бацыдыстæм æмæ йæ алыварс амбырд стæм. Æнхъæлмæ кастыстæм, кæд æй байгом кæндзæн, уымæ, фæлæ Хадзыби нæ тагъд кодта. Писмо йæ дзыппы нывæрдта, æмæ йын цы нæ фæкодтам, райхал-ма йæ, зæгъгæ, уæддæр нæ бакоммæ каст. Уæдмæ урок райдыдта, æмæ скъоладзаутæй алчи йæ бынаты сбадти. Адæмæй писмойы хабар уайтæккæ дæр æрбайрох, мæнæн та мæ цымыдисдзинадыл æфтгæ цы бакодта, æндæр къаддæр нæ фæци. Иуафон Хадзыби къонверт райхæлдта — мæн йеддæмæ уыцы хъуыд- даг ничи бафипайдта — æмæ дзы систа сыфы æрдæг гæххæтт. Фыстытæ уым дæр уыдысты машинкæйыл мыхуыргонд. Фæстæдæр мæм Хадзыби йæ писмо равдыста. Куыд рабæрæг, афтæмæй фæсивæды газетмæ арвыста йæхи конд дзырдбыд, æмæ йæм писмо дæр уый фæдыл æрæрвыстой. Цы йæм фыстой, уыдæттæ мæ ферох сты, фæлæ мæхинымæр дис кодтон дыууæ хъуыддагыл: дзырдбыд саразынмæ йæ ныфс кæй бахаста æмæ йæ иу адæймагæн дæр куыд не схъæр кодта, ууыл. Мæ цæсты Хадзыби дзæвгар сырæзт. Уыцы писмойы фæстæ мæм не ’ппæтæй зондджындæр кæсын рай- дыдта. Дзырдбыд саразын хуымæтæджы хъуыддагыл нæ нымадтон. Æрмæст тырнындзинад фаг нæ уыд, хъуыди зонындзинæдтæ, стæй цыма редак- цийы кусджыты æмсæр у, ахæмыл æй банымадтой æмæ йæм хуымæтæджы писмо дæр не ’рæрвыстой, фæлæ машинкæйыл мыхуыргондæй... Дæсæм къласмæ куы бахызтæн, уæд нæ хъæумæ кусынмæ æрæрвыс- той пединституты студентты. Иуцалдæры мыггаджы дзы фæсаууонмæ зыдтон. Стæй сæ мыггæгтæ нæ, фæлæ ма сæ уацмыстæм гæсгæ дæр. Бæгъиаты Хъазыбег, Гапты Альберт, Цæрукъаты Таймураз, Тыбылты Солтан, Гæдиаты Тотырбег, Боциты Солтан, Дзуццаты Эльбрус... «Мах дуджы» дзы иу æмдзæвгæ дæр кæмæн бакастæн, уыдонæй алчидæр цыма мæ хæстæг кæнæ мæ хъæуккаг уыд, афтæ нымадтон. Бирæ æмдзæвгæтæ дзы, ахуыр сæ нæ кодтон, афтæмæй мæ зæрдыл бадардтон. Абон дæр мæ нæ рох кæнынц Тыджыты Юрийы æмдзæвгæйы рæнхъытæ: Уæд дæ рафауæг та чи у: Хорздзинад дын уарзы цæст. Иунæг зæрдæ и мæ риуы, Айста йæ æндæр æрмæст. Æмæ уыцы лæппутæй чидæртæ ам ис, зæгъгæ, куы фехъуыстон, уæд куыннæ бацин кодтаин, сæ мыггæгтæ æмæ нæмттæ æмдзæвгæйау кæмæн зæланг кодтой, уыдоны мæхи цæстытæй кæй фендзынæн, ууыл. Фыц- цагдæр кæимæ фембæлдтæн, уый уыди Бæгъиаты Хъазыбег. Мæ хабæрттæ йын куы радзырдтон, уæд мæ цæмæдæр гæсгæ Тыджыты Юримæ сардыд- та, уый, дам, дын баххуыс кæндзæн. Æцæгæйдæр мæм Юри зæрдиагæй байхъуыста. Уæдмæ цы ’мдзæвгæтæ ныффыстон, уыдонæй йæм иу рад- тон. Бирæ рæнхъытæ дзы аивта, бирæ ныхæсты сæрмæ æндæртæ ныф- фыста æмæ мæм æй фæстæмæ куы лæвæрдта, уæд загъта: 61
— Гъер-ма йæ арвит, кæддæра йæ нæ рауадзиккой! Юрийæн уымæй размæ мæ хъаст ракодтон, районы газетмæ æмдзæвгæтæ арвитын, фæлæ мын сæ никуыма ныммыхуыр кодтой, зæгъгæ, æмæ, цыма фæсаууонмæ кæйдæр цæуылдæр баууæндын кæнынмæ хъавыд, ахæм ныхæстæ дæр уый тыххæй загъта. Ме ’мдзæвгæйы рацыдмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд: уайтæккæ дæр мыхуыры фæзынд. «Фæззæг» — афтæ хуынди, фыццагдæр мын мыхуы- ры цы литературон уацмыс рацыд, уый. Ме сфæлдыстадон фæндаджы уалдзæг — ацы стыр ныхæсты тыххæй хатыр курын чиныгкæсæгæй — райдыдта «Фæззæг»-æй. (Ады ран мæ зæрдыл æрбалæууыдысты Пушкины ныхæстæ: «И стал «Последний день Помпеи» Для русской кисти первым днем». Уыцы æмдзæвгæйы фæстæ базонгæ дæн Хъаммæрзаты Алиханимæ дæр. Æхсызгон ын уыд, мæ фыст мын мыхуыры куы федта, уæд. Раппæлыди дзы, фæлæ мын йæ фиппаинаг дæр загъта. Юрийæ дæр аирвæзт, редак- цийы дæр æм хъусдарæг нæ фæци æмæ «Фæззæджы» иу куплеты рæнхъытæ иннæтæй.уæлдай уыдысты иугай уæнгтæ къаддæр, æмæ мæ Алихан куы бафарста, афтæ куыд рауад, зæгъгæ, уæд ын дзуапп раттыны бæсты мæхæдæг загътон: — Афтæ гæнæн нæй? Цыфæндыйæ дæр мæ фыццаг æмдзæвгæ тынг сразæнгард кодта æмæ ма йæ хæдфæстæ редакцимæ ноджыдæр дыууæ æмдзæвгæйы арвыстон. Иу дзы ^Фæззæг^-æй уыди æртæ хатты даргъдæр. Дыууæ дæр иу номыры мыхуыргонд æрцыдысты. Уæд «Ленинон»-ы редакторæй куыста Тлатты Æмзор. Цыппар æмæ йыл ссæдз азы йеддæмæ нæма цыд, фæлæ йыл ахæм бæрнон куыст баууæндыдысты. Фæстæдæр Æмзоримæ бахæлар стæм. Нæ хæлардзинад цыфæнды зын рæстæджы дæр никуы фæцудыдта. Абон дæр нæ ахастдзинæдтæ нæ фендæрхуызон сты. Кæд дзы исты аивта, уæд — æрмæстдæр хорзырдæм. Бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ. Цыфæнды зивæггæнагæй дæр бын- тон дзæгъæл бадт нæ фæкодтон. Фысджытæ сæхæдæг сæ куыст «бархи æнæбары куыст» (уырыссагау «добровольная каторга») хонынц. Мæ зи- вæджы хурхыл бахæцын-иу кæм бафæрæзтон, уым мын-иу цыдæртæ бан- тыст. Мæхи-иу мын æфсондзы бынмæ батæрыны фадат куы фæци, уæд- иу мæ уаргъ, цас мæ бон уыд, уыйбæрц ахастон. Ныффыстон цыдæртæ, цы пайда сты æмæ кæй хъæуынц, уый нæ зонгæйæ. Мæ бон фылдæр æмæ, чи зоны, хуыздæр ныффыссын дæр уыди, фæлæ нæ рауади. Фылдæр кæй нæ ныффыстон, уый фæсмойнаг нæу. Цы ныффыстон, уыдон мин хатты къаддæр куы уыдаиккой, мин хатты тыхджындæр уæвгæйæ, уæд мæхи амондджын хонин. Фæлæ «куы уыдаиккой» æмæ «куы уаиккой» æцæгдзинадмæ ницы бар дарынц. Ацы хъуыдытæ фысгæйæ мæ зæрдыл иу ахæм хабар æрлæууыд. Субботин Василийы чингуытæй йæ кæцыдæры бакастæн. Уый та йæ æндæр кæмæйдæр фехъуыста... Фадеев Александр нæ бæстæйы фысджыты Цæдисы сæрдарæй бирæ фæкуыста. Уыцы бынаты уыди суанг йæ амæлæты боны онг. Цыппорæм азты дыккаг æмбис уыдаид, æвæццæгæн, адæмыл хæсты фæстиуджытæ уæлдай тынгдæр куы ’руæз кодтой, уæд фысджыты Цæдисы сæрдармæ 62
æрбацыд иу зæронд ус. Йæ иу къухы лæдзæг, йе ’ннæйы — зæронд хы- зын, афтæмæй бахызти Фадеевы кусæн уатмæ бацæуæнмæ. Æрыгон чызгæн бамбарын кодта, сæрдаримæ йæ фембæлын кæй фæнды. — Куы мæ фæрса, чи у, зæгъгæ, уæд ын цы дзуапп ратдзынæн? — батыхсæгау кодта чызг. — Зæронд ус, зæгъгæ, йын зæгъдзынæ, кæддæр, зæгъ, æмдзæвгæтæ дæр фыста... — Мæнæ уал ам æрбад, — бандонмæ йын ацамыдта секретарь, — ныртæккæ йын зæгъдзынæн.- Иучысыл мидсагъæсы уавæры фæуæвгæйæ, дызæрдыггæнгæ сыстад æмæ уыцы нæвæндонæй дуарыл йе уæхскæй бахæ- цыд. Фадеев цыдæр фыста, фæлæ дуары уынæр айхъусгæйæ, йæ кусын фæ- уагъта æмæ секретарьмæ скаст. Уый, цыма цыдæр æгъдау халы æмæ рага- цау йæ рæдыдыл сæтты, ахæм хъæлæсыуагæй хатыркурæгау сдзырдта: — Иу зæронд ус дæм æрбацыди... — Цавæр зæронд ус? — бустæхуызæй йæ сонт фарст акодта лæг. — Тынг зæронд ус. Лæдзæджы æнцæйтты тыххæй цæуы. Мæгуыр... Æмдзæвгæтæ, дам, фыстон. Фæстаг ныхæстæ айхъусгæйæ, Фадеев фæфæлмæндæр. Иуцъус æдзæмæй алæууыд, стæй, цыма зæронд ус кæй æрбацыд, уый чызджы аххос уыд, афтæ бардзырд дæттæгау загъта: — Фæдзур æм... Чызг йæхинымæр сцин кодта, цыма, дзæбæхæй рацæуæн кæцæй нал уыд, уырдыгæй сæрæгасæй раирвæзт, уыйау æмæ феддæдуар. Чысыл фæстæдæр къæсæрыл æд лæдзæг æмæ æд хызын æрбахызт зæронд ус. Фадеевмæ хæстæгдæр цы бандон уыд, ууыл æрбадт, йæ дзæкъулы зæронд йæ уæрджытыл æрæвæрдта æмæ йæ лæдзæгыл æрæнцойгæнгæйæ загъта: — Зын цард мæ æрбахуыдта ардæм, Алыксандры фырт. Базæронд дæн. Чи мын баххуыс кæна, иу ахæм адæймаг ацы зæххыл нæй. Дæуыл ма мæ зæрдæ дардтон, æмæ дæм æрбацыдтæн... Фадеев йæ тымбылкъухтæ йæ ныхмæ ныббыцæу кодта æмæ сагъæсы бацыди, сылгоймагимæ сæ ныхас куыд тагъддæр æмæ хуыздæрæй ахицæн уа, ууыл. Зæронд ус йæ хъæстытæ фæци, уæддæр Фадеев йæ ныхас цæмæй райдайа, уый нæма зыдта. Æваст йæ зæрдыл æрбалæууыд, секретарь ын, зæронд ус æмдзæвгæтæ фыста, зæгъгæ, кæй загъта æмæ йæ афарста: — Æмдзæвгæтæ фыстай, зæгъгæ, мын загътой... — Фыстон бæргæ æмдзæвгæтæ дæр. Стæй ма ныр дæр искуы-иу хатт цыдæртæ ахылы-мылы кæнын... Фадеев та, дарддæр цы дзура, уый нал зыдта, стæй йæ æваст афарста: — Иуцалдæр рæнхъы радзурын дзы дæ бон никæцыйæ у? — Цæуыннæ? — чысыл фæхъæлдзæгдæр зæронд ус æмæ йæ лæдзæджы æххуысæй бандоныл арфдæр æрбадгæйæ райдыдта: В лесу родилась елочка, В лесу она росла, Зимой и летом стройная, Зеленая была. 63
Уыцы рæнхъытæ айхъусгæйæ, Фадеев йæ бынатæй фестад, йæ ар- мытъæпæнтæ стъолыл авæрдта, зæронд усмæ æргуыбыр кодта æмæ æппæты диссагдæр хабар фехъусæгау бафарста: — Уыцы æмдзæвгæ ды ныффыстай?.. — Æз æй бæргæ ныффыстон, дæ фæхъхъау фæуон..^ Фадеев йæ бынаты æрбадт æмæ йæ цæстытæ йæ дыууæ армытъæпæнæй бамбæрзгæйæ хъуыдыты аныгъуылд. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ са- бибонтæ. Æрымысыд, гыццыл лæппуйæ-иу ын уыцы зарæг йæ мад куыд зарыд æмæ-иу, заз бæласы йæ бындзарыл кæм алыг кодтой, уыцы бы- натмæ куы ’рхæццæ, уæд-иу йæ цæссыгтæ куыд æркалдысты... Фадеев зæронд усæн зæрдæ бавæрдта, кæй йын баххуыс кæндзæн, уымæй æмæ йæ къæсæргæронмæ рафæндараст кодта. Уый фæстæ секре- тарьмæ фæдзырдта æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй зæронд усæн дыууæ курдиаты ныффыссын кæна, иу баххуысы тыххæй, иннæ - фысджыты Цæдисмæ райсыны тыххæй... Субботин зæронд усы ном æмæ мыггаг нæ фыссы, фæлæ зындгонд зарæг «Заз бæлас»-ы ныхæстæ («Æрзади хъæды заз бæлас...») ныффыста Кудашева Раисæ (1878 — 1964). Йæ зарæг ын дæс æмæ дыууиссæдз азы æнхъæлдтой адæмон, афтæмæй та йæ ныффыссæг хæрзæрæджыйы онг дæр æгас уыди. Куыд дзурынц, афтæмæй Кудашева æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта æстдæсаздзыдæй. Мыхуыр сæ кодта сывæллæтты журналты. Йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг мыхуыры рацыди 1957 азы, нудæс æмæ йыл æртиссæдз азы куы цыди, уæд. Æвæдза, иунæг ахæм «Заз бæлас» куы ныссадзай литературон хъæды, уæд дæр фаг у. Дæ уацмыстæй иу уæддæр ахæм бынат куы ’рцахса адæмы зæрдæты, уæддæр дæ бон фидарæй зæгъын у: дзæгъæлы нæ фæцардтæн... Нæ бæстæ сур зæххы æхсæзæм хай куы ахста, уæд фысджыты Цæдисы уæнгтæ дæс минæй фылдæр уыдысты. Уыдонæй алчидæр ахæм «Заз бæлас» куы ныссагътаид, уæд улæфын цас æнцондæр уаид! Ахуыргæндтæ хъæд зæххы «рæуджытæ» хонынц. Уæ цæстытыл-ма ауайын кæнут, дæс мин «Заз бæласы» цы хъæды уаид, уый æрвылбон цас хорздзинæдты цæ- уид дзыллæтæн! Литературæ дæр æрдзы иннæ фæзындтыты хуызæн у. Йæ бирæ æдзух — æдзух нæ, фæлæ арæхдæр — йæ хорзыл дзурæг нæу. Бирæ, хорз куы нæ уа, уæд хохæй дæр нæ ахады, хорз чысыл куы уа, уæд дæр хохау куыд ахады, афтæ. VIII Куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæм цæуынхъом куы фæдæн — уырдæм цæуынхъомыл та нымад æрцыдтæн, мæ мад мæ æндæр сыхтæм уадзын куы райдыдта, уæд — уæд мæхимæ бирæ хистæр фæкастæн. Уыцы заман мæхи тынг æнамондыл нымадтон, саби ма кæй уыдтæн, уый тыххæй. Чындзæхсæв æмæ куывды бадын афон кæмæн уыд æмæ алы ахæм бæрæгбо- ны дзаг фынджы уæлхъус йæ зæрдæйы дзæбæхæн чи бадти, хæрд æмæ 64
нозт кæй раз уыдысты, уыдонмæ кæсгæйæ-иу мæ комыдæттæ уадысты. Фынджы фарсмæ бадджытæй хæлæг нæ кодтон æппæты хистæр Цогойты Сосæ æмæ-иу йæ фæйнæфарс цы дыууæ лæджы бадт, уыдонмæ. Иннæ- ты раз-иу бадты кæронмæ дзæвгар фæтæнæгдæр, æртæ хистæры раз та- иу, куыд уыди, афтæмæй баззад. Кæд-иу банызтой, уæд стæм хатт, кæд- иу фынгмæ æрæвнæлдтой, уæд та иу комдзагмæ. Дис кодтон сæ фæра- зондзинадыл. «Нарты кадджыты» дæр ма йæ куы фыстой, дзаг фынгмæ Нарты Уырызмæг дæр нæ лæууыд, зæгъгæ. Нарты Уырызмæгæн нæ зо- нын, фæлæ Цогойты Сосæ фæрæзта дзаг фынджы уæлхъус бадгæйæ бæрæчетмæ фидауцы цæстæй кæсын. Æмæ, куы зæгъын, фынджы уæл- хъус бадджытæй мæ алкæмæй дæр фæндыди, Сосæ æмæ йæ фæйнæфарс бадджытæй фæстæмæ. Дзаг фынгмæ кæсын дардмæ куы нæ фæрæзтон, уæд æм хæстæгæй кæсын куыд хъуамæ бафæрæзтаин? Уыимæ дын йæ дæле бадджытæ! Нуазгæ дæр кодтой æмæ хæргæ дæр. Æрмæст дзы бирæтæн сæ хæрд сæ фарсыл нæ хæцыд... Дæ разы дзаг фынгтæ уæд, дæ алыварс та — æххормаг сывæллæттæ, уæд афтæмæй йæ комдзаг адджынæн чи аныхъуырдзæн? Уыдис дзы, адджынæн æй чи ныхъ- уырдта, ахæмтæ дæр. Уыдон гæдыйы хуызæн никæй уыдтой, афтæмæй хордтой. Хай-иу сæ чи куырдта, уымæн-иу хъуамæ сæ лæдзæджы кæронæй бахай кодтаиккой кæнæ та-иу сæхи нæхъусæг скодтаиккой. Уыдон кæстæртæн, ома мах карæнтæн, зындгонд уыдысты æмæ сæм хæстæг нæ цыдыстæм. Фынджы æгъдаумæ цырддзастæй кастысты уырдыгыстджытæ. Мах хуы- зæн æххормаггуыбынты йæм хæстæг нæ уагътой. Раст зæгъын хъæуы, бынтон æнæрхъуыдыйæ-иу нæ баззадыстæм. Нæ хардз-иу нын рахастой æмæ-иу æй алырдæм аскъæфтам. Фæйнæ уæлибæхы карсты æмæ-иу нæм дзы фæйнæ дзидзайы кæрдихы кæд æрхауд, уæд — хорз. Æмæ-иу уымæй чи бафсæстаид! Сæрæндæртæ-иу цалдæр чъирийы дæр аскъæфтой, къæбицæй дæр-иу фæфос кодтой, фæлæ фылдæры къухы уый не ’фты- дис. Ахæм заман та хай курынæй хуыздæр хос нæ уыд. Æмæ уырды- гыстæг исчердæм фæцис, уæд дæ хъару ’мæ дæхæдæг — дæ зæрдæ кæуыл дарыс, уымæ фæстæты бауай, фæкæсын æй кæ æмæ дзы хай ракур. Уыдис-иу ахæмтæ дæр, æмæ уырдыгыстджыты йæхæдæг чи хъахъхъæд- та. Лæуджытæй-иу къæбицмæ исчи арахъмæ куы ауад, кæнæ йæм исчи куы фæдзырдта, уæд-иу фынджы уæлхъус бадæг, хæстæгдæр æм-иу цы лæппу лæууыд, уымæ къухæй ацамыдта, рауай-ма, зæгъгæ. Хистæр-иу рагацау йæ дзидзайы карст æмæ уæлибæхы цыппæрæм хай цæттæйæ дард- та æмæ-иу æй лæппуйы къухы фæсагъта. Лæууæг-иу æй куы нæ ’рбаййæ- фта, уæд-иу фысы комæй хал чи нæ раласдзæн, ахæм сабыр лæджы бадт акодта. Бирæты-иу уырдыгыстæг йæ «фыдраконддзинады» уæлхъус æрбаййæфта, æмæ-иу кæд фынджы уæлхъус бадæг йæхицæй хистæр уыд, уæддæр ын-иу бауайдзæф кодта: «Уæхæдæг сæ æвзæр ахуыр кæнут, стæй сæ уый фæстæ фауын райдайут!» Хистæрты æхсæн уыд бынтон æндæр зондыл хæст адæм дæр. Хай дæр дзы нæ куырдтаис, кæсгæ дæр æм нæ кодтаис, фæлæ-иу æм хæстæг кæй бацыдтæ, æрмæст уый дæр ын тых кодта æмæ-иу æппынфæстаг йæ маст 5ДзасохтыМ. 65
цæмæй ссыдаид, ахæм мадзал ссардта. Дæ номæй-иу дæм фæдзырдтаид. Куы-иу æм фæкастаис, уæд-иу дын загътаид: «Рауай, хай дын авæрон». Батахтаис-иу йæ цурмæ æмæ дыл-иу йæ лæдзæг æруагътаид, уый дын хай, зæгъгæ. Уыцы бонтæ мысгæйæ ныр æндæр хъуыдымæ æрцæуын. Кæддæр хæлæг кæмæ кодтон, уыдонæн ныр та тæригъæд кæнын. Сæ фылдæрæн. Сы- вæллæтты æххормаг цæстытæ уынгæйæ йæ комдзаг йæ хъуыры кæмæн нæ цыди, къæбæр адджынæн чи нæ хордта. Зын уыди куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ кæнын, æнцондæр нæ уыди ахæм куывдтæ æмæ чындзæх- сæвты бадын. Æцæг лæгтæн, æцæг адæймæгтæн. Æрмæстдæр йæхи мæт чи кæны, уымæн зыны дæр æнцон вæййы, æнцоны та йын зын нæ вæййы. Бынтон æндæрхуызонæй мæ зæрдыл лæууынц Сидæн æмæ Ичъынайы куывдтæ. Уым алцыдæр æмæ алкæй фаг дæр уыди, уымæн æмæ ницæ- уыл ауæрстой. Цæрадзонтæ æмæ Сидæмонты куывдмæ алчидæр мысай- наг хаста, йæ рæбыны цы зыдта, уымæй фæстæмæ ницæуыл хæцыд. Æмæ-иу цыфæнды заман дæр куывд мæгуырхуызæй нæ разынд. Æфсæст æмæ дзы æххормæгтæ нæ уыди, хайкурджытæ куыннæ уыди, афтæ. Цæрадзонты кувæндон — Сидæн Къасарайы Æрыдондоны галиу фарс къæдзæхы уæхскыл баззад, фæлæ йæм быдыры дæр куывтой. Куывтой йæм, Цæрадзонтæй йæхи чи хуыдта, уыцы хъæутæй ралидзджытæ. Уыдон та уыдысты Бадыхъæу, Нузал, Нæзыджын, Къора æмæ Уæллаг Зæрæмæг. Алы фæззæг дæр мысайнæгтæй æлхæдтой æмæ ма ныр дæр æлхæнынц кусæрттаг. Уымæй уæлдай кодтой къусбар. Къусбармæ цытæ хаудта, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ дзы зад кæй уыд, уый мæ зæрдыл хорз лæууы. Æмбырд ма кодтой æхца дæр, кусæрттагæн. Хъæубæстæ-иу фæкъордтæ-къордтæ сты æмæ-иу цалдæр куывды дæр сарæзтой. Ичъы- найы куывд уыди раздæр. Хъуппеты Дзандар куыд зæгъы, афтæмæй Цæрадзонты куывд вæййы нырхæны мæйы (сентябры) æртыккаг цыппæ- рæмы, Ичъынайы бон та уымæй дыууæ къуырийы фæстæдæр. Куывд-иу кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд-иу сбæлвырд кæнын хъуыд, иннæ фæззæджы фысым чи уыдзæн, уый. Ахæм кад-иу кæмæ ’рхауд, уымæн-иу адæмы æхсæн радтой сгуы æмæ бæгæныйы нуазæн. Сидæн æмæ-иу Ичъынайы бонтæ куы ралæууыдысты, уæд-иу фысымты алыварс æрæмбырд сты, хъуыддæгтæм рæвдздæр чи уыд, уыдон æмæ-иу сарæзтой, иннæ уыцы афонмæ сæ зæрдыл кæй дардтой, ахæм куывд. Кæд мæ сабибонтæ цыфæнды тыхст æмæ уырыд рæстæджытæм æрцы- дысты, уæддæр дзы хъæлдзæгдзинад йæхи фæсдуар æрæвæрын никуы бауагъта. Цыфæнды зын уавæрты дæр цард йæхиуæнтæ домдта. Хæст цы цæссыгтæ фæкалын кодта, уыдон афтæ бирæ уыдысты, æмæ адæй- маджы зынæй уырныдта, искуы ма зæрдæтæ æртæфсдзысты, æмæ дзы амонд йæ раздæры бынат æрцахсдзæн, уый. Мах цы дыууæ сыхы астæу цардыстæм, уыцы ссæдз хæдзарæй хæсты баззадысты Дзасохты Агуыбе, Аксо, Сослан æмæ Сосыгко, Нартыхъты Гадзыбе, Реуазты Хæсанæ, Барис, Мысост, Муха, Къоста, Савел, Афæхъо, Цуцаты Бадджери, Дзусты Васкæ. Хæсты рæстæджы немыц амардтой Реуазты Уырдыс æмæ Мысырыхъойы. 66
Ссæдз хæдзарæй фæхъуыд æхсæрдæс амæй-ай гуыппырсардæр лæппуйы. Уыйбæрц зиантæ цы дыууæ сыхыл æрцыд — ахæм сыхтæ та хъæуы дæсгæйттæ уыд — уырдыгæй ма искуы фæндыры цагъд райхъуысдзæн, уый æнхъæл адæймаг нал уыд. Фæлæ райхъуыст. Стæй канд мах сыхæй нæ — хъæуы цал фæндыры уыд, уал раны-иу изæрыгæтты сарæзтой къæрццæмдзæгъд хъазт æмæ-иу хистæртæ кæстæрты кафтмæ кæсгæйæ мысыдысты се ’взонг бонтæ, раздæхæн кæмæн нал уыд, уыцы амондджын дуг. Иу заман нæ сыхæн фæндыр фаг нал уыд æмæ балалайкæты «сдзурын» кодтой. Кæд ма исты зонын, уæд сæ уыцы хъуыддагыл нæхи Алиханты Аслæнбег фæцалх кодта. Йæхæдæг дæсны цагъта æмæ йæхи балалайкæ- йыл иннæтæн дæр цæгъдын амыдта. Иууылдæр мæлæты зæрдæргъæвд ра- зындысты. Цыма сæ фесхойын йеддæмæ ницы хъуыд, уый хуызæн æмхуы- зонæй февнæлдтой. Алы хæдзары дæр, зæгъæн ис, æмæ балалайкæ ра- зынд. Нæхи Дибæхан дæр хуымæтæджы къухты хицау басгуыхт! Бала- лайкæйæ цæгъдын куыд фæцахуыр, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Цыма цæрæнбонты дæр афтæ дæсны цагъта, уый хуызæн йе ’нгуылдзты змæл- дыл цæст нæ хæцыд. Æз-иу æм кæсынæй нал æфсæстæн. Кастæн æмæ дис кодтон йæ арæхстдзинадыл. Иуæй-иу хатт-иу мæм йæхæдæг дæр æр- бакаст, йæ мидбылты-иу бахудт, æмæ-иу балалайкæйы зæланг ноджы фæтынгдæр. Иуцалдæр цæгъдæджы-иу куы баиу сты, ахæм изæртæ дæр- иу скодта. Уæд-иу æрæмбырд уæлдай фылдæр адæм. Хъазтмæ-иу æр- цыдысты хистæрæй-кæстæрæй. Хуынтæ-иу чи рахаста, ахæмтæ дæр уыди. Æвæдза, рæстæджытæ куыд тагъд ивынц! Æз ахæм хъæуы хъомыл код- тон, æмæ æнæхудæй цæуын ронбæгъд уæвынæй уæлдай кæм нæ уыд, гомсæр æмæ бæгъæввадæн иу кад кæм кодтой, растдæр зæгъгæйæ та дзы иуæн дæр кад кæм нæ уыди. Чындзæхсæв, чызгæрвыст кæнæ æндæр исты бæрæгбоны рæстæджы-иу хъазтмæ нуазæн куы рахастой æмæ-иу дзы арахъ- хъы сыкъа куы уыди, уæд-иу йæ хицæуттæ зын уавæры бахаудысты: кæмæ- иу æй авæрдтаиккой, уый нæ уыди, уымæн æмæ-иу лæппу-фæсивæд фæскъуымты абырыдысты, мæнæн исгæ куы ’рцæуа æмæ йæ нуазын куы бахъæуа, зæгъгæ. Арахъхъы нуазæн райсыны бæсты кæцыфæнды лæппу цалдæр кафты скæныныл дæр сразы уыдаид. Ныр та, æнхъæлдæн æмæ, хъуыддæгтæ бынтон иннæрдæм ныззылдысты. Иу хатт акафыны бæсты цалдæр чи бануаздзæн, уыдон фæфылдæр сты. Стæй уæды хъазт æмæ ныры хъазт кæрæдзимæ дæрддзæф лæууынц. Фæскуыст-иу алчи йæ уынджы цы хъазт сарæзта, уым ныртæккæйы дынджыр, фондзыссæдз адæймагæй уæлæмæ кæм вæййы, уыцы хъазтæй фылдæр циндзинад уыд. Ноджы-иу фæндыры уæлхъус цалдæрæй куы алæууыдысты æмæ-иу дзы иу куы базарыд, иннæтæ та йын фæндыры æмхъырнд куы бакодтой, уæд ма уымæй диссагдæр адæймаг хъусгæ дæр цæмæ бакодтаид æмæ кæсгæ дæр. Зарæггæнæг канд зындгонд ныхæстæ нæ фæзмыдта, фæлæ мысыди йæхиуæттæ дæр. Кæм-иу дзы, чи кафыд, уыдонæй искæй фæрæхуыста кæнæ та-иу æй хуыздæр кафынмæ сразæн- гард кодта. Зарæг-иу фылдæр хатт истой кæрæдзийы дзыхæй. Хъазт-иу йæ тæмæны куы бацыд, уæд-иу фынгты уæлхъус чи бадт, уыдонæй дæр 67
бирæтæ сыстадысты, рæстæгмæ-иу сæ кæрдзын кæнын фæуагътой æфсинтæ æмæ-иу фæсивæды хъæлдзæгдзинадмæ кæсгæйæ хъуамæ сæ чъи- ритæ дæр басыгъдаиккой. Хъазты-иу бирæтæ сæ амонд ссардтой. Сæхицæн-иу дзы чындзытæ æвзæрстой ныййарджытæ. Ныры хуызæн раджы дæр чындзхæсджытæ æмæ хуындзæуттæ æрвыстойрæсугъддæр æмæ уæздандæр чызджыты, кадджындæр æмæ бакастджындæр лæппуты. Хъазты заман-иу фæсивæдæн фæзынди ног зонгæтæ. Уыцы хъуыддаг-иу йæ къу- хы кæмæн нæ бафтыди, уыдон та кæрæдзиуыл сæ цæст æрæвæрдтой æмæ- иу фадæттæ ссардтой æндæр ран фембæлынæн. Кафаг лæппу хæдзар нæ дары, зæгъгæ, ахæм æмбисонд дæр ис ирон адæммæ. Уый æцæг дæр афтæ куы уаид, уæд Ирыстоны фылдæр хæдзæрттæ æнæдарæг уыдаиккой. Чи зоны, æдзухдæр кафгæ чи кодта кæнæ та кафын йеддæмæ чи ницы зыдта, ахæм лæппуйæ загъдæуыд, хæдзар нæ дары, зæгъгæ. Ахæм лæппутæ та хъуамæ хæрзчысыл уыдаиккой. Кадджын уыды- сты кафаг лæппутæ дæр æмæ фæндырдзæгъдаг чызджытæ дæр. Адæмы циндзинад-иу фæдывæр, фæндыримæ чи зарыд, уыдонмæ хъусгæйæ. Абон дæр ма мæ хъустыл уайы Цогойты Мухарбеджы хъæлæс. Фæндырдзæгъдæ- джы фæстæ-иу куы алæууыд æмæ-иу зарæджы «къахдзæф» ацахсгæйæ йæ цъæхснаг хъæлæс куы ныййазæлыд, уæд-иу кафджыты уæнгты змæлд фен- дæрхуызон, фæндырдзагъд дæр-иу фæтынгдæр, æмдзæгъдыл дæр-иу баф- тыд. Уыимæ зарæг, фæндырдзагъд æмæ æмдзæгъд кæрæдзиуыл, саргъ дугъ- он бæхыл куыд фидауа, афтæ фидыдтой. Исчи зæгъдзæн, алы фæлтæр дæр йæхи рæстæгæй феппæлы, зæгъгæ. Чи зоны, афтæ чи ахъуыды кæна, уый нæ фæрæдидзæн. Фæлæ, йæ рæстæгæй чи феппæлы, уый дæр, мæнмæ гæсгæ, нæ фæрæдийы. Алы хъуыддаджы рæстдзинад дæр абаргæйæ разыны. Мæ рæстæджы цы хъазт уыди, уымæн зæгъæн ис, æмæ ныртæккæйыонимæ иумæйагæй ницы ис. Заргæ ныртæккæ дæр къаддæр нæ кæнынц. Чи зоны, нырæй фылдæр зарджытæ хъазты никуы уыди, фæлæ кæддæры хуызæн цæсты ахадой, уый æнхъæл нæ дæн. Раздæр-иу зарæг хъазты фидауц бæрзонддæр систа, ныры зарæгта йæ йæ быны акæны. Иугæр музыкалон инструменттæ скуыс- той æмæ ма сыл микрофон дæр бафтыд, уæд кувæг æмæ амменгæнæг нæ, фæлæ цæвæг æмæ марæг кæрæдзийы нал фембарынц. Дæ амонд куы уа, уæд «музыканттæй» дарддæр бадт фæуыдзынæ æмæ дæ, чи зоны, дæ хъусты къæрмæджытæ тъыссын ма бахъæуа. Фæлæ дын уæддæр, цалынмæ зарæг фæуа, уæдмæ дæ фарсмæ бадæгимæ иу ныхас скæныны фадат нæ фæуыдзæн, уымæн æмæ, хъæлæсыдзаг куы хъæр кæнай, уæддæр дæ нæ фехъусдзæн. Æмдзæгъды хабар дæр хуыздæр уавæры нæй. Мæ рæстæджы тынгдæр къухтæй æмдзæгъд кодтой. Иуæй-иуты къухæмдзæгъд афтæ цъæхснаг уыд, æмæ-иу æм адæм æркастысты, уыдон цавæр армытъæпæнтæ сты, зæгъгæ. Уыдон та-иу уыдысты хуымæтæг кусæг лæппуйы фидар армытъæпæнтæ, адæймаджы дисы чи æфтыдта æмæ йын уыцы-иу рæстæг цин чи хаста. Стыр хъазты-иу æмдзæгъд кодтой лæдзджытæй дæр. Даргъ фæйнæгыл- иу дыууæрдыгæй хæцыдысты, астæуæй та-иу цалдæрæй æмдзæгъд код- той. Уый дæр къухæмдзæгъдау фæндыры цагъдимæ тынг фидыдта. 68
Æмдзæгъд кæныны рад-иу кæмæ ’рхауд, уый-иу фырцинæй цы фæуыда- ид, уый нал зыдта, уымæн æмæ йæхи хъазты архайæгыл нымадта. «Æмдзæгъд!», зæгъгæ-иу кафæг æмдзæгъдгæнджытæм куы басирдта, уæд- иу сæ лæдзджыты къæрцц дзæвгар фæрæвдздæр, кафт та-иу йæ тæккæ тынджы бацыд. Ныр къухæй арæх нал æмдзæгъд кæнынц, лæдзæгæй æмдзæгъд кæнын та бынтон ферох. Йæ бæсты нæм фæзынди гуымсæг, фæндырдзагъдимæ чи нæ фидауы, арæх æй йæ быны чи фæкæны. Сæйрагдæр та, нæ фыдæлтæм ахæм æмдзæгъдгæнæг никуы уыд... Уæлдæр Цогойты Сосæйы кой кодтон, нæ хъæуы хистæр уыдис, зæгъгæ. Чи зоны, уымæй хистæр ма дзы разындаид, фæлæ тæккæ кад- джындæр фынгты уæлхъус æгъдау уый лæвæрдта. Йæ рихитæ цъитийы хуызæн урс-урсид уыдысты. Уæз уыди йæ къахдзæфы, йæ ныхасы, йæ куывды, æмæ йæ алчи йæ бæрæгбоны фынджы хистæрæн уымæн бадын кодта. Уынгты-иу уæзбын къахдзæфтæгæнгæ йæ лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ куы фæцæйцыд, уæд ын æгъдау лæвæрдтой кæстæрæй- хистæрæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй. Бадгæ чи кодта, уыдон ын-иу куыннæ сыстадаиккой, лæугæ чи кодтаид, уыдон-иу ын сæ сæртæй ныллæг куыннæ акуывтаиккой! Сæ чъирикувæгæй стырдæр æгъдау кæмæн хъуа- мæ лæвæрдтаиккой, сæ куырыхон хистæрæй хуыздæр кад кæмæн хъуамæ кодтаиккой! Уæлдæр ма кодтон Цогойты Мухарбеджы кой дæр, хъазты уымæй за- рагдæр нæ уыди, зæгъгæ. Уæвгæ, чи зоны, хуыздæр чи зарыд, ахæмтæ дæр разындаид, фæлæ дзы æз мæ зæрдыл Мухарбеджы бадардтон. Уый хъæлæсæй цъæхснагдæрæй мæм никæй хъæлæс æрбайхъуысы мæ саби- дугæй, уымæй тынгдæр мын ничи æрымысын кæны фæндырдзагъд æмæ хъырнын, фæндырдзагъдимæ зарын. Дзæвгар рæстæг фæхаста «усгуры» ном Мухарбег. Чындзæхсæвмæ-иу ын цы галтæ схастой, уыдон-иу базæронд сты, Мухарбег та ма-иу уыцы лæппуйæ лæууыд. Бирæ азты Сосæ хъæуы хистæрыл нымад уыд, йæ фырт Мухарбег та усгурыл. Йæ афон куы ’рцыд, уæд хъуыддаг бакодта Мухар- бег. Бирæ азты йæ хорздзинады абадынмæ чи бæллыд, уыдоны нæ фæфыдæнхъæл кодта: сарæзта сын нæртон чындзæхсæв... Иæ заманы, Сосæйыл цал азы цæуы, уымæй искæй бафæрсын мæ зæрды никуы ’рæфтыд. Æрæджыйы онг нæ зыдтон, Мухарбег бинонты хъуыддаг цалаздзыдæй бакодта, уый дæр. Цалдæр мæйы размæ дыууæ хъуыддагæй дæр Мухарбегæн йæхи бафарстон. Йæ дыууæ дзуаппы дæр мæ дисы бафтыдтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй, Сосæ фынддæс æмæ æртиссæдз азы йеддæмæ нæ фæцард, ныртæккæ Мухарбегыл цас цæуы, уымæй чысыл фылдæр, фæлæ Мухарбеджы хъæуы зæронд дæр ничи ра- хондзæн, хъæуы зæронддæр кæй нæу, уый тыххæй, стæй йæ азтæй æры- гондæр кæй зыны, уый тыххæй дæр. Уæдæ бинонты хъуыддаг дæр, адæммæ куыд каст, афтæ æрæджиау нæ бакодта: цыдис ыл æхсæрдæс æмæ ссæдз азы. Уæ фарн бирæ уæд, фæлæ, мæныл, мæ иунæджы цардæн хæрзбон куы загътон, уæд уымæй кæд чысыл фылдæр цыд, уæддæр мыл адæм сæ цæст, Мухарбегыл куыд æрæвæрдтой, афтæ не ’рæвæрдтой. Дыууæ дзуаппыл дæр уымæн фæдис кодтон... 69
IX Мæ мадымад Лези — мах æй Дзыцца хуыдтам — афтæ дзураг уыд: «Абон райсомæй цы бахордтон, уый мæ ферох, фæлæ рагон хабæрттæ мæ зæрдыл хорз лæууынц». Мæхæдæг дæр, æнхъæлдæн^ахæм уавæрмæ фæцæуын. Ивгъуыд бонтæ мæ цæстытыл кæддæры хуызæн ирдæй уайынц. Уæлдай тынгдæр мысын хъæуы цард. Мæ сыхæгтæ мын кæддæриддæр зынаргъ уыдысты, фæлæ мыл цыма цас фылдæр азтæ цæуы, уыйас мæ зæрдæмæ хæстæгдæр кæнынц, афтæ мæм кæсы. Иуæй-иу æхсæв мæм хуыссæг хæстæг куы нал фæцæуы, уæд арæх мæ хъуыдыты нæ хъæуы балæууын. Нæ сыхы кæй хæдзары къæсæрæй нæ бакæсын, ахæм нал баззайы. Мæ цæстыты раз сыстынц бирæты сурæттæ... Цал æмæ цал азы рацыд, хъæуæн хæрзбон куы загътон, уæдæй нырмæ! Ставд нымадæй уыдон дыууиссæдзæй фылдæр сты. Бирæ ивддзинæдтæ æрцыд уæдæй нырмæ нæ сыхы. Æз дзы кæй зыдтон, уыдонæн сæ фылдæр — хистæртæ та, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр — се ’нусон фæндагыл ацыдысты. Æппæты разæй нæ сыхы чи амард, уыдон тынг цъæррæмыхстытæй хъуыды кæнын. Хæрзсывæллон уыдтæн, афтæмæй нæхимæ кодтой Хъан- теты Буцайы лæппу Юрик æмæ йæ чызг Верæйы марды кой. Дзырдтой Реуазты Афæхъойы иунæг фырт Дзаххотт дæр, дам, амард. Уый фæстæ æвирхъау хабар айхъуыст хъæуыл. Немыц Даргъ Хуымты амардтой, нæ хæддæле чи цард, Реуазты уыцы Мысырыхъойы. Амардтой йæ, не ском- коммæ чи цард, Реуазты иннæ уыцы лæппу Уырдысимæ. Фондз азы йеддæмæ мыл нæ цыди, фæлæ Уырдысы ныгæнæн бон хъуыды кæнын. Уый фæстæ амард нæхи Ладийы мад Гуассæ, Хъантеты Боци, Дзегка, нæхи Бибо, Хъантеты Дзæлиго, йæ чызг Елетхан. Кæй ранымадтон, уыдон, Елетханæй фæстæмæ, хорз нæ хъуыды кæнын. Стæй Елетханæн дæр йе ’ддаг бакастæй мæ зæрдыл ницы лæууы, фæлæ куыд цæрдæг уыд, уый мæ цæстытыл уайы... Нæ кæрты астæу хосы уæрдон акалдæуыд, æмæ сыхы сывæллæттæ йæ алыварс дугъ систой. Цæмæдæр гæсгæ дзы Елетхан уайы мæ цæстытыл йæ алыварс тæхгæйæ. Цыма йæ баййафыныл архайынц æмæ йæ бон никæмæн у. Бæстæ хъæр æмæ ахст сси. Æппæты амондджындæрыл йæхи нымайы Елетхан, уымæн æмæ йæ баййафын йæ бон никæмæн у... Елетхантæ нæ хæдуæллагфарс цардысты. Сæ хæдзары къул мах цæхæра- донимæ æмарæн кодта. Сæ рудзгуытæй та иу цæхæрадонмæ «касти». Мæ мад-иу Дзæлигойы, Елетханы мады, арæх æрымысыди. Сæрдыгон цæхæрадоны кусгæйæ-иу куы сдойны дæн, уæд, дам-иу æй цыма Дзæлиго зонгæ кодта — сæ рудзынг байгом æмæ-иу мын хъæзын къусы къуымæл ралæвæрдта, дæ ком ауазал кæн, зæгъгæ. Мæ мады уыцы ныхæстæ мæ нæ рох кæнынц. Никуы ферох кæндзынæн Дзæлигойы ном дæр... Æвæдза, нæ сых тынг стæнæг и. Утæппæт хистæртæй ма баззад æрмæстдæр цыппар. Нæхи Лубæ, дæс æмæ йыл цыппарыссæдз азæй фылдæр цæуы, æмæ Хъантеты Геор, фондз æмæ цыппарыссæдзаздзыд. Реуазты Венерæ æмæ нæхи Тамарæ (Хьодзасон) уыдонæй дзæвгар кæстæр сты, фæлæ уæддæр хистæрты бынатмæ бацыдысты. 70
Куы зæгъын, утæппæт хистæртæй цыппар йеддæмæ æгас ничиуал у. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй ма бирæ азты хистæры ном æнæниз æмæ зæрдæрухсæй фæхæссой. Нæ сыхы иннæ цæрджытæй мæнæй хистæр иу дæр нал ис. Ацыдысты канд хистæртæ нæ. Кæстæртæй дæр бирæтæ нал сты (уæле дæлæмæ райдайон): Дзасохты Баса, Сæли, Тамарæ, Сослан, Мария (Касиан), Бутускæ, Гагуыдз, Лади, Уæлгæ, Хъазыбег, Дзусты Елена (фондзыссæдз азæй фылдæр фæцард), Дзитойты Алихан, Дзасох- ты Алихан, Налди, Амырхан, Аслæнбег, Хъантеты Хаджумар, Лазигка, Валодя, Федыр, Реуазты Маринæ, Сафонка, Ирæ, Дзасохты Хæмыси- ат, Чабæхан, Хадзыби... Мæ мад æвирхъау мард акодта. Дыууæ ’мæ дыууиссæдз азы размæ. Куыд æмæ цы уавæрты, уыдон мæ чингуыты фыст сты. Цалдæр сылгой- магæй гутæтты сæр бадгæйæ суадоны сæрты æрбацæйхызтысты. Гутæтты цæлхытæ дзыхъхъы куы ныххаудысты, уæд Веринкæ^гутон здахæн рулмæ йæ фæсонтæ ’рхаста æмæ мæлæтдзаг цæф фæци. Йемæ чи бадт, уыцы устытæй иу уыди Цогойты Гуассæ. Гуассæ мын æй йæхæдæг дзырдта. Уыцы хабар куы базыдтон, ууыл афтæ бирæ нæма цæуы. Гуассæйы бæлвырддзинæдтæй бафæрсынмæ хъавыдтæн, æмæ мын ахæм фадат уæвгæ дæр фæци, фæлæ мын, хъыгагæн, ницуал радзурын йæ бон баци. Тынг базæронд, стæй уæдæй нырмæ азтæ дæр чысыл нæ рацыд. Мæ дыууæ хоимæ бынтон иунæгæй баззадыстæм. Сæ хистæр æз уыдтæн æмæ мæныл дæр æвддæс азы йеддæмæ нæма цыд. Райæйыл — мæ хоты хистæрыл — цыппæрдæс, Дибæханыл — дыууадæс азы. Куыд аирвæзтыстæм, уый мæм абон дæр диссаг кæсы. Йæ ахуыр дæр нæ куыд ничи ныууагъта, сахъат дæр нæ куыд ничи фæци æмæ ма бирæ æндæр цæуылдæрты хъуыды кæнгæйæ æрцæуын ахæм хатдзæгмæ: адæмы руаджы нæ фæцудыдтам, цы сыхбæсты цардыстæм, уыдоны фарнæй хай- джын уыдыстæм æмæ нæ зындзинæдтæ ницæмæ дардтам. Стæй кæрæдзи- уыл æнувыд уыдыстæм. Канд хотæ æмæ æфсымæр нæ уыдыстæм, фæлæ нæхимæ райстам мад æмæ фыды хæстæ дæр. Мæ бон фидарæй зæгъын у: кæрæдзийы зæрдæхудты никуы бацыдыстæм. Никуы бацыдысты нæ зæрдæхудты сыхбæстæ дæр... Веринкæ куы амард, уæд мын мæ цард ад нал кодта. Мæ мад цы зæххыл нал цыд, ууыл цæуын мæн дæр нал фæндыд. Нал мæ фæндыд, мæ мад цы уæлдæфæй нал улæфыд, уымæй улæфын. Мæ мад цæрынæй цы хæдзары нæ бафсæст, уый мæ нал æндæвта. Мæ мадмæ цы хур нал каст, уый мæ нал тавта. Æнæ Веринкæ мæ ацы дунейы ницыуал урæдта. Цæрынæй мæм амæлын хуыздæр каст... Веринкæ иу минут дæр мæ зæрдæйæ нæ цух кодта. Уæлмæрдтæ нæм, цæхæрадæттæ-иу куы бафснайдтой, уæд дæр хорз зындысты, нæ хайы кæронмæ рацæугæйæ та-иу бынтон æрбаввахс сты. Рацыдтæн-иу цæхæра- доны чъылдыммæ æмæ-иу, адæммæ кæм нæ зындаин, ахæм бынат ссард- тон æмæ-иу мæ тыппыртæ суагътон. Мæ сæрмæ арв сау мигътæй нæ зын- ди, иу рухсы цъыртт мæм никæцæйуал калд. Хъуыды кодтон æрмæстдæр мæхиуыл. Иуахæмы та æрмæстдæр мæхи мæты куы бацыдтæн, уæд фыц- цаг хатт мæ алыварс чысыл уæрæхдæр акастæн. Æппæты фыццаг мæ хотæ 71
мæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Мад æмæ сын фыд кæй нал и, уый фаг нæу, ныр та æнæ ’фсымæрæй дæр баззайой? Цы фæуыдзысты? Исчи сæ куы хъыгдара, уæд сæ сæрыл чи сдзурдзæн? Æз мæ уавæрæй фервæз- дзынæн, фæлæ мæ фæстæ уыдон цы ми кæндзысты?.. Зымæг аивгъуыдта. Уалдзæг дæр фæсте аззад. Дæс къласы кæй фæуд кæнын, уый мæм тынгæй-тынгдæр хъарын райдыдта. Адæмы ’хсæнмæ арæхдæр æфтыдтæн, æмæ мæ æнтъыснæг хъуыдытæ къаддæр тыхсын код- той. Искуы ма худыны номыл мæ былтæ базмæлдзысты, уый æнхъæл нал уыдтæн, фæлæ удæгас адæймагæн æдзух иу уавæры уæвæн нæй. Ме ’мбæлттæ кæм худтысты, уым-иу æз дæр бахудтæн. Веринкæ-иу мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд ыл-иу цыма гадзрахатæй цыдтæн, афтæ-иу мæм фæкаст, æмæ та-иу хъæлдзæгдзинад мæ цæсгомыл ахуыссыд. Иу хатт чызджытæ нæхимæ нæ уыдысты, афтæмæй нæ рудзынг сæрфтон. Сæрфтон æмæ мæхинымæр цыдæр зарæгæн бахъырныдтон. Уыцы замдн мæ рæзты æрбацæйцыд дæлæсыхаг лæг æмæ мын салам рад- та. Кæд мын мæ зарын фехъуыста, зæгъгæ, мæхи цы фæкодтаин, уый нал зыдтон. Хæрзаг ма зæгъа, йæ мад амард, уый та зарыныл схæцыд. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: «Мæгуыр амæлæг, чи цæра, уый та йæхицæн амæлттæ кæндзæн». Кодтам амæлттæ, уæдæ нæ кодтам! Алы хъуыддаг дæр нæхимæ каст, фæлæ нæ сыхбæстæ сæхи дард никуы аластой. Исчи йæхинымæр ахъуыды кæндзæн, ау, иу хæстæг-хион сын куыд нæ уыди? Уыди нын хæстæджытæ алырдыгæй дæр, æрмæст нæм дзы хæстæг ничи цард. Æппæты æввахсдæр нæм уыди нæ фыдыхо Оля, æмæ нын уый дæр иу хъæуæй иннæмæ нæ хъуг дæр не ’рдыгътаид, нæ цæхæрадон дæр нæ бафснайдтаид, хæринаг дæр не скодтаид. Нæ хæстæджытæй нæм æппæты дарддæр нæ мадыфсымæр Хæчъассæ царди, фæлæ нын уымæй стырдæр ныфс ничи уыд. Иæхицæн аст сывæллоны уыдис, уæддæр мах никуы ферох кодта, йæ цæст нæм дардта, рацыдис-иу нæм æмæ-иу нын зæрдæтæ февæрдта, нæ тыхстытæ нын-иу сарæзта. Хæчъассæйы ацыды фæстæ-иу нæхимæ дзæвгар тыхджындæр фæкастыстæм, ныфс нæ-иу ба- цыди. Мæ зæрдæмæ рухсы тынтæ æхха^ссын райдыдтой. Ноджы скъола каст куы фæдæн æмæ горæтмæ цæуынвæнд куы скодтон, уæд зæрдæйы цыдæр бæллицтæ стæлфыди. / Горæты иунæг хатт йеддæмæ никуы уыдтæн. Хъантеты Геор æмæ йæ чызг Зинæимæ. Ныр мæхицæн цæугæ æрцыд. Раст зæгъын хъæуы, мæ ныфс цæуыл дардтон, уымæн мæхæдæг дæр ницы зыдтон. Уæддæр ацыдтæн... Уæд дæр æмæ уый фæстæ дæр мæ сыхбæстæ æдзухдæр мæ зæрдыл лæууыдысты. Уыдонæй мын адджындæр зæххыл адæм нæй. Æмæ кæд сæ фылдæр æгас нал сты, уæддæр мæнæн мæ цуры цардæгасæй лæууынц... Мæ хъуыдытæ мæ ивгъуыдмæ куы ахæссынц, уæд мæ зæрдыл арæхдæр сæрд æрлæууы. Уæд-иу мах сыхæгтæ иннæты хуызæн кæрæдзийы арæхдæр уыдтой, уæлдайдæр кусгæ чи нæ кодта, уыдон æмæ сывæллæттæ. Иу кæнæ-иу дыууæ хæдзары дуармæ бæлæсты бын аууоны рабадтысты æмæ- иу ныхæстæн кæрон нал уыд. Æрмæст ныхæстыл дзы йæ рæстæг ничи сæфта. Чи-иу йе ’лвисинаг кæнæ йæ хуыйинаг рахаста йемæ, чи та йæ 72
сывæллоны рæвдыдта, чи — хуртуан хъахъхъæдта. Ахæм куыстыты та ныхæстæ кæнын ницы хъыгдардта. Алы сыхы хуызæн нæ сыхы дæр дæс хæдзары уыд, фæлæ иу дон нæ нызтой. Уæлæрдыгæй чи цард, уыдон цыдысты, Касианты цур цы суа- дон уыд, уырдæм, иннæтæ дон хастой нæ хайы фæстейæ. Уым дæр уыд суадон. Суадæттæй нæ зæхх тынг хъæздыг у, уæлдайдæр йе скæсæныр- дыгæй фарс. Дæсгай рæтты дзы æвзæры цæстысыджы хуызæн уазал дон. Уыдонæй алчидæр уырдыгмæ згъоры æмæ иу афон Куыройыдоныл йæхи бафæдзæхсы. Дæллаг сыхы уавæр иуцасдæр æндæрхуызон уыд. Уæлæр- дыгæй чи цард, уыдон мах суадонмæ цыдысты, дæллаг хайы цæрджытæ та дон хастой Дзусты Михелты цъайæ. Нæ хъæуы уынгты дон цыди къанæутты дæр. Фаллаг сыхæй цы къанау калд, уый-иу мах уынгты галиу фæрсты дæлæмæ фæзылди. Кæд астæуæй чи цард, уыдонмæ дардгомау уыд, уæддæр дзы дон хастой. Нуазынæн нæ бæззыд, фæлæ дзы пайда кодтой арахъхъ уадзгæйæ, донхорыг кæнгæйæ, æхсадтой дзы дзаумæттæ. Иуæй-иутæ-иу сæ цæхæрадæтты скъахтой цъайтæ, æмæ æвзартыл дон кæныны тыххæй дардмæ цæуын нæ хъуыд. Махæн ахæм цъай уыд нæ гыццыл цæхæрадоны. Халсарты хуым- тыл-иу дон уырдыгæй кодтам. Не ’рвадæлты зæронд ус Налдийы-иу гуыбыр-гуыбыр йæ доны бедра- имæ цæугæ куы ауыдтам, уæд-иу дугъы рауадыстæм, чи йæм фæраздæр уыдзæн æмæ йæ бедра хæссын кæмæ ’рхаудзæн, зæгъгæ. Налдийæн-иу æхсызгон куыннæ уыдаид йæ кæстæрты уæздандзинад æмæ-иу ын цыма хæдзар сарæзтæуыд, уый хуызæн йæ цæсгом ныррухс. Иннæ ахæм Æнди. Уый дæр не ’рвадæлтæй уыди. Къутуты — афтæ хуыдтой колхозы хордон — нартхорызгъалæгæй куыста æмæ-иу алы изæр дæр лæгуæрдоны хъузджытæ ласта. Мах-иу йæ размæ ацыдыстæм æмæ-иу ын йæ лæгуæрдон гыбар- гыбургæнгæ сæ хæдзары дуармæ балæууын кодтам. Цас арфæтæ-иу нын фæкодта зæронд лæг! Фæстæдæр ын йæ хойы лæппуимæ дæр базонгæ дæн. Лæппу, зæгъгæ, зæронд лæг уыди. Абайты Бæбуйы бирæтæ зонгæ дæр кодтаиккой. Цъæйы турбазæйы куыста. Хæххон фæндæгтыл цæуын бирæ лæппуты сахуыр кодта. Цыппарыссæдз азæй йыл фылдæр цыди, уæддæр йæ кусын нæ ныууагъта. Уæздандзинад уыди нæ сыхы иугæнæг тых, хистæрæн æгъдау кæнын йæхицæн хæсыл чи нæ нымадта, ахæмтæ дзы кæд уыди, уæддæр иннæты æхсæнæй нæ зынди, фæлæ дзы, хъыгагæн, бирæтæ хæсгæ мæрдтæ фес- ты. Хъантеты Валодя æфсады фæмард, Дзасохты Амырханы Хасавюрты (скъолайы директорæй куыста) амардтой, Бухары кæйдæр къухæй мæрдтæм бацыд нæхи Бутускæ, æвирхъау мард акодта Дзитойты Алихан, Чернобылы радиацийы марг афонæй раздæр йæ цард аскъуыдта Дзасохты Хъазыбегæн. Æмæ, куы зæгъын, нæ сых стæнæг. Мæ зæрдæ сриссы, нæхи Басаты хæдзары бынаты йæ бындуртæ йеддæмæ мæ цæст куы ни- цæуылуал æрхæцы, уæд. Сафтид нæхи Бутускæ æмæ Гагуыдзы хæдзар дæр (Гагуыдзы фырт Хуыцауы уазæг уæд, йæ мад æмæйæ бинонтимæ цæры, цы горæты райгуырд, уым — Дзæуджыхъæуы). Йæ раздæры хи- цæуттæй ничиуал ракæсы нæ иннæ æрвад Ладийы хæдзарæй (Цæрадзон 73
йæ бинонтимæ алыгъд Æрыдонмæ). Дзасохты Алиханы кæддæры гуып- хæдзары ма æрмæст Лубæ баззад. Йе ’ртæ фырты сæ мад æмæ фыды разæй æнафоны мæрдтæм бацыдысты. Агуыбе, ссæдз азы дæр ыл нæма цыд, афтæмæй фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Тохы быдыры хъæба- тырæй хæцыд йæ хистæр æфсымæр Амырхан. Йæ цонг уæззау цæф фæци, афтæмæй сахъатæй æгас хæдзар ссардта, фæлæ йæ нæхи цыфыддæр знæгтæ мæрдтæм барвыстой. Мыггаджы аргъ лæппу уыди Аслæнбег, æфсымæрты кæстæр, зонд- джын, æгъдауджын, æмгаруарзон. Пединституты физикон-математикон факультеты ахуыр кодта, фæлæ уæззау низы ахæсты бахауд æмæ йæ ахуыр ныууагъта. Алихан æмæ Лубæ ницæуыл ауæрстой, цæмæй сæ фæстаг ныфсы фер- вæзын кæной: нæ сын бантыст. Авд æмæ ссæдзаздзыд усгур лæппуйæ мæрдтæм бацыд. Веринкæйы фæстæ афæдз дæр нал ацард. Горæты рын- чындоны амард æмæ йæ куы сцæйластой, уæд æз йæ размæ рацæуыны бæсты нæ хайы кæронмæ фæдæн æмæ мæ куынничи уыдтаид, афтæ мæ тыппыртæ уагътон. Нæ хъæуы мæ æппæты стырдæр ныфс Аслæнбегæй уыд. Æмæ та уымæй дæр фыдæнхъæл фæдæн. Бирæ ныфсытæ дзы æвæрдтон мæхицæн. Æппæты зындæр уавæры-иу куы бахаудтæн, уæддæр Аслæнбегыл мæ зæрдæ дардтон. Уырныдта мæ, раст фæндаг мын кæй бацамондзæн æмæ кæцыранфæндыдæр мæ фарс кæй æрбалæудзæн. Æмæ та мæ уый дæр иунæгæй ныууагъта... Доски Алиханты дæллаг фарс царди. Йæ мад Маринæ Аслæнбеджы мад Лубæйы фыдыхо уыд. Æмæ мæм Доски, Сæрæбийы тыххæй теле- равдысты фæстæ Беслæныхъæуæй телефонæй куы сдзырдта, уæд нæм Ас- лæнбеджы кой дæр рауад — цыфæндыйæ дæр цыбыр рæстæгмæ бирæ хабæрттæ æрымысыдыстæм. Афтæ, дам-иу загъта, Музаферæй цы ра- уайдзæн, уый, дам, ма куы федтаин... Хуыцау йæ зонæг, цы суæвын æнхъæл мын уыди. Кæд мыл æцæгæйдæр йæ зæрдæ истæмæй дардта æмæ йе ’ууæнчы аккаг нæ разындтæн, уæд дзы мæрдтæм хатыр курын. Хорз уæвын кæй нæ фæнды, ахæм зЬш ссарæн у, фæлæ, адæймаг, æвæццæгæн, йæ ныхыфысты цы уа, уый æвзары. Уæллаг ын цы ныв скæрды, уый арæнтæй ахизæн ын нæ вæййы... Мæнæй дæс азы хистæр уыд Аслæнбег, фæлæ, цыма йе ’мгар уыдтæн, йæхи мемæ афтæ дардта. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, æнкъардтон уавæр æмæ архайдтон, мæ кар куыд амыдта, уыцы митæ кæныныл, Аслæнбег та-иу мæ æдзухдæр йæхи æмвæзмæ иста æмæ-иу мемæ ныхас кодта, æмга- римæ куыд фæныхас кæнынц, афтæ. Канд нæ сыхы нæ, фæлæ нын æнæхъæн хъæуы цы ’рвадæлтæ уыд, уыдонæй дæр нæм зæрдæйæ Алихантæй хæстæгдæр ничи уыд. Сидзæргæ- сы хæдзар хъуагæй фылдæр цы вæййы. Æмæ-иу нæ цы нæ бахъуыди! — бæндæн, фæрæт, хырх... Лæгуæрдон, тачкæ, къахæн... Нæ сæр-иу æдзухдæр Алихантæм фæцавтам. Æмæ искуы афтидкъухæй æрцыдыстæм, уый нæ хъуыды кæнын. Уæдæ æнæлæг хæдзары кæнинаг хъуыддæгтæ цас вæййы! Уыдонмæ дæр-иу фылдæр Алиханмæ дзырдтам. Бирæ рæтты йæм 74
дзурын дæр нæ хъуыд. Нæ быру искуы æмпъузинаг фæци, кæнæ кау æмбæрзинаг у, уæд-иу Алихан йæхæдæг фæраздæр. Нæ рæзты уæрдоны цæуы — махмæ æнæрбадзургæ никуы фæци, кæд уæ куыроймæ исты ла- сын хъæуы, зæгъгæ. Фæстæмæ здæхгæйæ дæр-иу нæ разы йæ уæрдон баурæдта: йæ сугты сæр-иу нæ хай æнæбастæй æвæрд уыд æмæ-иу нын æй дуармæ аппæрста. Афтæ хæларæй фæцардыстæм цæрынæй хæрынмæ. Алиханы зондыл хæст уыд Аслæнбег дæр. Мæ гыццылæй фæстæмæ дæр ыл мæ хæрзæфсымæры хуызæн сахуыр дæн æмæ, куынæуал уыд, уæд мæхимæ тынгдæр сидзæр фæкастæн. Ноджы ма уыцы аз мæ мадымад Дзыцца дæр амард. Дзыццайы тыххæй мæ иуцалдæр ныхасы зæгъын фæнды. Йæ фæлгонц мæ чингуыты æнцон базонæн у, фæлæ ма мæхицæн хæсыл нымайын ам дæр йæ кой ракæнын. Лæджыхъæдджын сылгоймаг уыд. Кæд асæй, тым- был къухыйас йеддæмæ нæу, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм уыд, уæддæр йæ ныфс йæ асæй бирæ фылдæр ахадыдта. Фондз сывæллонимæ сидзæргæсæй баззад æмæ сæ схаста. Алкæй дæр дзы царды фæндагыл бафтыдта. Йæ цоты кæстæр Тасолтан хæстæй нал ссыд. Уый фæстæ йæ разæй мæрдтæм бацыд йæ астæуккаг чызг — мæ мад. Фыдты фыд хъæбулæй бавдæлон уæвын у. Йæ кæстæры зындзинад чи бавзæрста, зæрдæйы рыст уымæй тынгдæр чи зоны! Фæлæ Дзыцца йæ мидуавæр æддæмæ никуы равдыста. Веринкæ куы амард, уæд Дзыцца йæ сæрæн нæ уыд. Уæддæр зианмæ йæхи раласын кодта. Хохæй — быдырмæ. Æмæ цалдæр мæйы махимæ баззад. Хуыссæнæй æддæмæ нæ хызт, афтæмæй. Сæйгæ рынчынæй дæр нын ныфс уыд. Амыдта нын алы хъуыддаг дæр. Æмæ йæм хъуыстам. Æххæст кодтам, цæуыл нæ домдта, уыдон иууылдæр. Цалдæр мæйы нæм фæци, æмæ дзы æз иу цæссыг æрхаугæ никуы федтон. Ома дзы йæ хъæбул нæ рысти? Фыдгулы зæрдæ^афтæ куы рыстаид, фæлæ йæхиуыл хæцыд. Махыл хъуыды кæнгæйæ. Йæ цуры-иу нæ исчи йæхи лæмæгъæй куы равдыста æмæ-иу йæ цæссыг куынæуал баурæдта, уæд-иу ыл сбустæ код- та, сымах йеддæмæ йæ мад никæмæн амард, зæгъгæ. Уыцы рæстæг-иу йæхи зæрдæ цы уавæры уыд, уый та Хуыцау йеддæмæ чи зыдта! Цас ма нæм фæуыдаид, уый зын зæгъæн у, фæлæ йыл низ тых- джындæр кæнын райдыдта æмæ йæ Хæчъассæ фæстæмæ Буронмæ аласта. Хæрзцыбыр рæстæг ма рацыд, афтæ йын йæ мард æрластой. Йæхи хохы ныгæнын нæ бауагъта. Иæ фыртæн бафæдзæхста, æз, дам, амы мæрдтæй никæй зонын, æмæ-иу мæ нæхимæ алас, зæгъгæ. Æрласта йæ Бæрæгъуын- мæ йæ фыдыфсымæр Хæмæты фырт Амырханы хæдзармæ æмæ йæ уыр- дыгæй рахастой. Аслæнбег æмæ Дзыцца куынæуал уыдысты — дыууæ дæр Веринкæйы фæстæ афæдз дæр нал ацардысты — уæд мæ зæрдæ ни- цæуылуал лæууыд. Цыма хъысмæтæй цы уæззау хæстæ дардтон, уыдон цыбыр рæстæгмæ фидинаг уыдысты, уый хуызæн. Аслæнбег æмæ Дзыцца удыкондæй дæр кæрæдзимæ хæстæг лæууыды- сты. Сæ иуы дæр æмæ се ’ннæйы дæр адæм æргомдзырд хуыдтой. Дæлгоммæ ныхæстæ сын æнад уыдысты. Дзыцца-иу афтæ загъта, Аслæн- беджы, дам, æргомдзырд кæй у, уый тыххæй уæлдай фылдæр уарзын. Аслæнбег-иу йæхæдæг дæр Дзыццайæ раст афтæ загъта... 75
X Хæлæг кæнын бирæтæ аиппыл нымайынц. Хуыцау адæймаджы куы сфæлдыста, уæдæй фæстæмæ йæ уыцы миниуæгыл къух сисын домынц, дæхи дзы хиз, зæгъгæ, йын дзурынц, фæлæ уæддæр хæлæг кæнæм. Кæрæдзимæ дæр, дзаумамæ дæр, хъæздыгдзинадмæ дæр. Мæ сабийы бонты бирæ цæмæдæрты нæ хæлæг кодтон. Хъæздыгдзинадмæ никуы бæллыдтæн. Рæсугъд æмæ зынаргъ дарæс мæ уд-мæ дзæцц никуы схуыд- тон. Суанг фыд кæмæн уыд, уыдоны бынаты февзæрыныл дæр никуы ахъуыды кодтои, уымæн æмæ мæ зæрдæ дардтон, мæ мад мæ æрвылбон кæй миниуджытæ фæзмын домдта, уыцы фыд, раджы уа-æрæджы, кæй фæзындзæн æмæ нæ хæдзары хъуыддæгтæ сæ гаччы кæй абаддзысты. Мæ фыдмæ æнхъæлмæ кастыстæм æнæхъæн бинонтæй дæр, уымæн æмæ, кæд æмæ кæм амард, уый ничи зыдта. Æнæбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ, кæмæй дзырдтой, уыдонæй-иу æгас иу æмæ дыууæ разынди?! Зæххыл иу ахæм адæймаг нæ уыд, дæ фыд кæм амард, уый федтон, зæгъгæ, чи загътаид. Ничи федта, куыд æй ныгæдтой, уый дæр. Æргом дзургæйæ ма йæм æз абон дæр æнхъæлмæ кæсын. Хæсты хабæрттæ кæм вæййы, ахæм кино куы февдисынц, уæд дзы мæ фыды фæагурын. Цыма йæ æцæгæйдæр куы ’вдисиккой, уæд æй базонин, уый хуызæн. Абоны онг йæ номыл дыууæ кæрдзыны никуыма ныххæлар кодтон. Ирон æмби- сонд дæр мæ ницæуыл ахуыр кæны. «Зынг» зæгъынæй комæн басудзынæй тæрсын. Чи зоны, æмæ рæдийын... Кæд æцæг афтæ у, уæд искуы мæ рæдыд сраст кæндзынæн. Хæлæг кæнын кæд адæймагæн йемæ нæ райгуыры, уæддæр дзы дзæвгар кæстæр уа, уый æнхъæл нæ дæн. Æмæ, куы зæгъын, кæд бирæ цæмæдæрты нæ хæлæг кодтон, уæддæр ацы хъуыддаджы бынтон æнæ- аипп нæ уыдтæн. Кæддæрты мæм бæхыл абадынæй хуыздæр ницы каст, æмæ-иу барæджы кæцы ран федтон, уым йæ фæстæ кæсгæйæ баззадтæн. Уæлдай тынгдæр хæлæг кодтон, ме ’мгæрттæй-иу бæхы кæуыл баууæн- дыдысты æмæ-иу ыл бæгуылæгау уынгты чи фæцæйцыд, уымæ. Бæхимæ æмбæлдтæн бынтон сабийæ фæстæмæ. Мæ фыд бæхыл куы- ста æмæ уый руаджы. Цыппар-фондзаздзыдæй дæр адæймаг йæ зæрдыл цыдæртæ кæй бадары, уый мæхицæй зонын. Мæ фыд, цыма кæрдæг æрбаласта, афтæ мæм кæсы. Кæрдæг ракалдта, бæхы суагъта æмæ йыл мæн авæрдта. Веринкæ уый куы ауыдта, уæд, фырадæргæй цы акодта- ид, уый нал зыдта. Мæ фыдæн дзырдта, рахаудзæн æмæ йæхи ныппырх кæндзæн, зæгъгæ, фæлæ йæм уый нæ байхъуыста. Бæхы уынгмæ ракод- та æмæ йæм йæ дыууæ къухæй февзыста. Æз зæхмæ афтæ бæрзондæй уый размæ никуы ракастæн, стæй ма бæх йæ бынатæй куы фæцагайдта, уæд фыртæссæй цы фæуыдаин, уый нал зыдтон. Мæ амондæн ын йæ барцыл хæст бафæрæзтон æмæ йыл дыууæ къухæй ныззæгæл дæн. Кæд цыфæнды фидар хæцыдтæн, уæддæр нæ рахаудзынæн, уый мæ нæ уырныдта. Хуы- цау хорз, æмæ фæллад бæх уайтагъд йæ сæппæй банцад æмæ чысыл æддæдæр æрлæууыд. Веринкæ лæф-лæфгæнгæ мæ уæлхъус февзæрд. Уæдмæ мæ фыд дæр æрбахæццæ æмæ мæ бæхæй æриста. Веринкæйы хъæбысы дæр ма мæ зыр-зыр цыд. Æрмæст кæугæ не скодтон... 76
Ууыл бирæ азтæ рацæуыны фæстæ та бæхыл абадын мæ уд-мæ дзæцц сси, фæлæ мæм уыцы амонд нæ хауд. Бæхыл бадынæй къаддæр нæ хæлæг кодтон, велосипед кæмæ уыд, уыдонмæ. Æрмæст та уыдон дæр бæхæй арæхдæр нæ уыдысты. Сæ хицæутты та сын хуыдтон тæккæ хъæздыгдæр адæм. Велосипедтæ уыдис Нартыхъты Виктормæ, Чехойты Валодямæ, Хъуппеты Никъиформæ. Уыдис ма ноджыдæр кæмæдæрты, фæлæ се ’ппæты нал хъуыды кæнын. Стæй дыдзæлхыг «уæрдæтты» хицæуттæ адæм иууылдæр куы уыдаиккой, уæддæр дзы мæ зæрдыл тынгдæр ахæм дыууæ хъуыддаджы бадардтаин... Æрыдонæй æрбацæйцыдтæн. Фистæгæй. Къанау цы кæнгæ цæугæ- дон хонæм, уый Æрыдон æмæ Бæрæгъуыны æхсæн арæн уыдис. Доны сæрты-иу куы бахызтаис, уæд-иу чысыл фалдæр фæндаг фæсаджил. Ком- коммæ, ома дæ фæндагыл дарддæр куы цыдаис, уæд дæ бахуыдтаид, Æрыдоны халсартыкуыстгæнæг æстæм совхоз кæй хуыдтой, уырдæм. Зулаив цы уæрдонвæндаг азылд, уый та Бæрæгъуынмæ фæндаг уыд. Йæ кæрæтты телефоныхъæдтæ фаты хуызæн æмрастæй цыдысты суанг Къуту- ты цурмæ, уым рахизырдæм уæлмæрдты былты фæуырдыг кодтой æмæ Дзусты Темболатты рæзты хъæуы уынгты баивгъуыдтой. Къанауы сæрты æрбахызтæн æмæ нæхимæ фæндагыл араст дæн. Иучы- сыл рауадаин, афтæ мæ фæстæ цыдæр уынæр айхъуыстон. Фæкастæн, æмæ чидæр велосипедыл æрцæйцыд. Фæндагæн йæ лæгъздæр фарс цыдтæн æмæ иннæрдæм бахызтæн, цæмæй дыдзæлхыджы хицауы йæ «уæр- дон» къуыбыртыл тулын ма бахъуыдаид, уый тыххæй. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ велосипеды хицау мæ цуры æрурæдта æмæ мæм дзуры: — Рауай, абад. Алцæмæ дæр æнхъæлмæ кастæн, фæлæ мæн тыххæй исчи йæ велоси- пед бауромдзæн æмæ, иунæгæй дæр зын цæуæн цы фæндагыл уыд, уым ма мæн дæр йæ фæсарц сæвæрынмæ йæ ныфс бахæсдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ æдзæмæй лæууыдтæн. — Абад æмæ дæ ныххæццæ кæнон, — дзуры та мæм ногæй бæлццон. Йæ фæсарц нæ, фæлæ йæ разæй, руль æмæ бадæн цы хæтæлæй фи- даргонд уыдысты, ууыл мæ сбадын кодта. Фæндаг искуы-иу ранæй фæстæмæ къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ уыд, къуыбырджын. Ноджы дыууæйæ куы ’руæз кодтам, уæд цæуын дзæвгар фæзындæр. Зæронд велосипеды хъыс-хъысыл дæр бафтыд. Цасдæр ра- уайыны фæстæ мæм фæсмон æрцыд, велосипедыл сбадыныл кæй сразы дæн, уый тыххæй. Фæндаг æвзæр æмæ даргъ уыди: цæуын нæ хъуыди иу- цыппар километры бæрц æмæ, цалынмæ ныххæццæ уыдаиккам, уæдмæ мæ хæрзгæнæджы хурхæй амардтаин. Раст зæгъын хъæуы, æрдæгфæнда- гыл мæм рахизыны зонд дæр æрцыди, фæлæ сдзурын нæ бауæндыдтæн. Уæлмæрдты был рахызтæн. Нæхимæ комкоммæ фистæгæй хæстæг уыд. Велосипеды хицау ма мæ дарддæр ласыныл дæр разы уыд, ам дæлæмæ, дам, фæндаг уырдыг у, стæй — лæгъз, фæлæ йын нал сразы дæн. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй, велосипедыл мæ чи ’рбаласта, уый уыди Цомайты Хатуйы фырт Михал. Уый мæнæй æхсæз азы хистæр уыд æмæ зыдта, йæ хæстæг кæй дæн, уый æмæ, кæд кæстæр уыдтæн, уæддæр мын балæггад кодта. Ноджы хуымæтæджы хæстæджытæ нæ 77
уыдыстæм, фæлæ — дыууæрдæм хæстæджытæ. Цæвиттон, Хату æмæ мæ мадымад Лези хо æмæ æфсымæрæй райгуырдысты, стæй Михалы мад Сенæги Дзасохты хæрæфырт уыди... Уæд Михал Æрыдоны МТС-ы мотористæй куыста æмæ-иу алы бон дæр уырдæм велосипедыл цыди. Уæздан æмæ хæдæфсармæй зыдтой канд Михалы нæ, фæлæ се ’ппæт бинонты дæр. Михал бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллой фæкодта Ирыстоны куыстуæтты. Райста паддза- хадон хæрзиуджытæ, уыдонимæ Ленины орден дæр... Бирæ хорздзинæдтæ зонын адæмæй, фæлæ мын Михалы уæздандзинад уæлдай ад кæны. Куы йæ фенын, уæд кæддæры цау кæд не ’рымысын æмæ йæ кой кæд нæ ракæнын, ахæм фембæлд нæ вæййы. Дыккаг хабар та мæ зæрдæйы æндæр фæд ныууагъта... Уый дæр вело- сипедимæ баст у. Уыцы велосипеды хицау дæр Михалы хуызæн нæ хæстæг уыди. Æз-иу сæм арæх уыдтæн. Уæлдайдæр, велосипед сæм ис, уый куы базыдтон, уæд. Уый дæр мæнæй цалдæр азы хистæр уыд. Æз ма авдазон скъолайы, ахуыр кодтон, уый та хъуамæ Николаевскы дæс къласы фæуы- даид. Куы-иу сæм ныццыдтæн, уæд мæм æй абадынмæ дæр никуы авæрд- та, куыддæр каст фæуон, афтæ горæтмæ ахуыр кæнынмæ цæудзынæн æмæ йæ дæуæн дæтдзынæн, зæгъгæ. Уыцы ныхæстæ мæм афтæ тынг бахъардтой, æмæ сæм арæх цæуын дæр нал уæндыдтæн. Тарстæн, æнæ кургæ та йæ куы нæ фæлæууон æмæ мæм куы фæхæрам уа. Тарстæн, арæх сæм куынæуал цæуон, уæд, велосипед æй нал хъæуы æмæ уый тыххæй нал цæуы, зæгъгæ, куы ахъуыды кæна, уымæй дæр. Нæ сæм ныууагътон мæ цæуын. Æрмæст æй кургæ никуыуал ракод- тон, йæхæдæг та мын афтæ никуы загъта, марадз, иу тигъæй йыл иннæмæ уæддæр абад, зæгъгæ. Фæлæ йæм уый тыххæй мæ зæрдæйы уаг нæ ив- тон. Æз æнхъæлмæ кастæн, æппынфæстаг велосипед мæхи кæд бауыдзæн, уыцы амондджын бонмæ. Нæ алы фембæлдырæстæгдæр-иу йæ зæрдæйы- уаг базоныныл æнæбацархайгæ нæ фæдæн. Иæ раздæры хъуыдыйыл фи- дар кæй хæцы, уый мын куы бамбарын кодта æмæ, цæуыл бадзырдтам, уымæн ивæн нæй, зæгъгæ, комкоммæ куы загъта, уæд та-иу цыма, цы уæлахизмæ тырныдтон, уымæ иу къахдзæф фæхæстæгдæр дæн, уый хуызæн зæрдæрухсæй нæхимæ здæхтæн. Цыдысты бонтæ. Нæ хæстæджыты лæппу астæуккаг скъола каст фæци, бацыди институтмæ дæр, фæлæ йæм йæ ныхас аивыны зонд нæма ’рцыд. Фыццагау мын зæрдæ æвæрдта велосипед раттынæй. Зæрдæ æвæрдта, фæлæ мын æй нæ радта. Уый ма пенсимæ дæр ацыди, уæддæр мæ уыцы хабар нæ рох кæны. Ома йæм фыд-зæрдæ бадардтон? Æппындæр нæ. Нæ ахастдзинæдтæ куыд уыдысты, афтæмæй баззадысты. Кæд Михалимæ амбæлгæйæ æдзухдæр кæддæры хабар æрымысын, уæд ме ’ннæ хæстæгимæ раджыйы хабарæн йæ кой дæр нæ вæййы. Цыма уæвгæ дæр никуы уыди, дыууæйæ дæр афтæ дарæм нæхи. Æз кæй никуы ницы фæдзурын, уым диссагæй ницы ис. Диссаг у, уый йæ дзыхыл кæй ныххæцы, бирæ азты фæстæ мæ хатыр куыннæ ракуры. Æппынницы, фæлæ йæ кæддæры митæ хъазынырдæм уæддæр куынникуы аздахы... 1996 аз, май, Кисловодск 78
ДЫККАГ ХАЙ Писать Мето/гез заманчиво и приятно... Александр Пушкин Воспоминания — богатство старости. Фаинаэ Раневская I Тæригъæд, дам, авд фæлтæры хæс- сы. Мæхи тæригъæдджыныл нымайон æви нæ, уый дæр бæлвырд нæ зонын, уæвгæ тæригъæд кæмæ нæй, иу ахæм адæймаг цы зæххыл нæма райгуырд, уым æз æнæтæригъæд кæм уыдзынæн! Æнæаипп кæм уыдаик- кой мæ фыдæлтæ дæр, уæлдайдæр, мæ райгуырды размæ цы авд фæлтæры цард, уыдон? Авд фæлтæры кой уымæн кæнын, æмæ сæ тæригъæды фæстиуджытæ, куыд мæхæдæг, афтæ мæ хистæр æмæ кæстæр мадызæнæг æгæр дæр ма бавзæрстой. Ме ’ртæ хистæр æфсымæры гуыргæ ракодтой, фæлæ цардæй ницы федтой: фондз азæй дзы фылдæр ничи фæцард. Æз æмæ мæ дыууæ хойæн хъысмæт фагæй фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ фæци. Бынтон æнахъомтæй æнæфыдæй кæй баззадыстæм — Дибæхан та, кæд гуыринаг кæй уыд, мæ фыд уый зыдта, æндæр ын йæ райгуырды хабар хъусгæ дæр нал фæкодта — хъысмæтмæ уый æгъгъæд нæ фæкаст, фæлæ ма нæ æнæныййарæгæй дæр ныууагъта. Вёринкæ æмæ папæйæ иу дæр йæхи низæй нæ амард. Цас фæцарда- иккой, уый Хуыцау йеддæмæ чи зоны, фæлæ мæ фыдæн хæсты быдыры йæ зынг куы ахуыссыд, уæд ыл дыууиссæдз азы дæр нæма цыд. Мæ мад æвирхъау хуызы фæмард аст æмæ дыууиссæдзаздзыдæй. Чи дзы цас фæцард, уыцы азтæ кæрæдзимæ бафтау, уæд дзы рауайдзæн 85-87 азы. Ныртæккæ, ацы рæнхъытæ куы фыссын, уæд Ирыстонæй дæн цалдæр фондзыссæдз километры дарддæр, фæлæ мæ зæрдæ нæхимæ тынг æхсайы. Мæ фыды кæстæр хо Оляйы тыхст рынчынæй ныууагътон. Мæ хистæртæй ма мын æрмæстдæр уый баззад. Хуыцау тагъд рæстæджы ма зæгъæд, фæлæ уый куынæуал уа, уæд ма, мæ мады мадырвадæлты ус Серычкæйы загъ- дау (мæ мадыфсымæр Хæчъассæйы зианы хабар куы фехъуыста, уæд уый дæр афтæ загъта), мæхи кæмæй схондзынæн, уый нал уыдзæн. 0, æмæ Оляйыл ныртæккæ цæуы, мæ мад æмæ мæ фыд дыууæйæ цас фæцарды- сты, уыйбæрц. Иннæ бæллæхты кой нал кæндзынæн, фæлæ, кæй ранымадтон, уыдон дæр фаг сты, мæ фыдæлты авд фæлтæрæй кæцыдæрты тæригъæдджын рахонынæн. Уæвгæ, уыцы фыдæлтæн мæ фыды ’рдыгæй сæ нæмттæ дæр нæ зонын, мæ мады ’рдыгæй та суанг сæ мыггæгтæ дæр. Исчи мæ куы бафæрсы, кæй хæрæфырт дæ, зæгъгæ, уæд æрмæст Хосаты койæ хъуыд- даг нæ ахицæн вæййы: ранымайын, мæ иннæ фыдæлтæй чи кæй хæрæфырт уыди, уый дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæйонгты сæ зонын, уый онг. 79
Зонгæ та кæнын хæрзгыццыл: мæ фыд Сосыгко уыди Хъæрджынты хæрæфырт, уый фыд Елдзарыхъо - Бесолты, уый фыд Дауыт - Хуыдæл- ты, уый фыд Байма - Гаситы, уый фыд Бабо (Баба) - Гатеты хæрæфырт. Уымæй дарддæр мæ хæстæджыты нымайын мæ бон нал бавæййы. Чи зоны, иуæй-иутау хæдзары карджын хистæртæ., куы ’рæййæфта- ин, уæд, раздахæн кæмæн нал и, уыцы æнустæм хæстæгдæр лæууыда- ин, æппынницы, фæлæ мын царды кæй тæригъæдтæ фидгæ æрцыд, уыдоны нæмттæ уæддæр зонин. Уæвгæ, æмбисæндтæ дæр куыд æмбаргæ сты, уый зын раиртасæн у. Мæхи æмæ мæ мадызæнæджы кой кæнын, фæлæ мæ ныййарджытæн та кæй аххос уыд, кæй азар сæ басыгъта, сæ цоты хуртæй нæ бафсæстысты, афтæмæй тыхмард бынтон æнафоны кæй аххосæй акодтой? Францы, дам, бæллæхтæ иууылдæр сылгоймаджы æккой баппарынц. Кæмдæр цыдæр фыдбылыз æрцыд, уæд сæ бирæ хъуыды кæныны сæр нæ бахъæуы: æвиппайды сылгоймаджы агурынмæ фæвæййынц. Æмæ, чи зоны, раст фæкæнынц. Уыцы æгъдауæн бындур куы нæ уаид, уæд æй иу фæлтæр иннæмæ нæ фæлæвæрдтаид, искуы æрдæгфæндагыл баззадаид æмæ йæ абон ничиуал зонид. Иннæрдыгæй та алцы сылгоймаджы аххос кæнын бынтон растыл зын банымайæн у. Мæ зæрдыл ирон театры кæцыдæр спектаклы иу ныв æрлæууыд. Иу лæг дзы францæгты хуызæн алцыдæр сылгоймаджы аххос кодта. Стæй йæм иуахæмы йæ хъуыдытæ дызæрдыггаг фæкастысты æмæ иуцасдæр йæхинымæр фæсагъæс кæныны фæстæ йæхи бафарста: «Мæ хъуг фад- низæй фæрынчын æмæ цымæ уым дæр сылгоймаг у азымджын?» Алырдæм дæр æй куы сбарста, уæд загъта: «Сылгоймаджы къуыммæ бахæссæн бирæ кæмдæрты ис, фæлæ алы ран аххосджын нæу!» Уыйау, фыдæлты азымы дарын фæстагæттæн кады хос уа, уый æнхъæл нæ дæн. Æз æрмæстдæр фыдæлтыккон æмбисæндтæй иуы кой ракодтон æмæ уый фæдыл мæ хъуыдыты адзæгъæл дæн. Стæй мæхи æмæ мæ кæстæрты дæр тæригъæдтæ фидæгыл нæ нымайын. Царды цы фæндæгтыл рацыдтæн, уыдонæй никæцыйæ хъаст кæнын. Мæ райгуырды размæ (æви куы райгуырдтæн, уæд) мын мæ ныхы цы ныффыстæуыд, уый æвза- рын, ме ’ргъомбасты цы фæци, уый хæссын æмæ хъысмæтæй рахъаст кæнон, уый мæ зæрды кæрон дæр никуы ’рæфтыд. Иуæй-иуты хуызæн мæ фæстæмæ раздахын ницы фæнды. Мæ царды тæккæ амондджындæ- рыл цы бон нымайын, уый дæр дыккаг хатт нал бавзарин, уымæн æмæ мын раздæры ад нал скæнид, цы бавзæрстон, уый фыццаджы хуызæн нал банкъарин, чи зоны, раздæр-раздæр та уымæн, æмæ иунæг цауæн дæр фæстæмæ раздахæн кæй нæй. Цард къæвдабонтæ æмæ хурбонтæй арæзт у. Фæскъæвда хурбон куыд адджын у, афтæ адæймагæн амонд æрхæссы, судзгæ хуры фæстæ фæлмæн къæвда куы рацæуы æмæ дуне сатæгæй куы байдзаг вæййы, уæд уый дæр. Бонтæй рауайы мæйтæ, мæйтæй - афæдзы афонтæ. Уалдзæджы фæстæ зымæг никуы ралæууы. Цæмæй адæймагæн йæ цард йæ фарсыл бахæца, уый тыххæй хъуамæ дидинæгæн йæ дыргъ фена, дыргъæн - йæ бæркад. 80
Бæркадцжынæй зымæджы къæсæрæй дæр бахизæн ис. Стæй канд бахизæн нæ, фæлæ, дзы цас гæнæн ис, уыйбæрц фылдæр фæцæрæн дæр. Куы зæгъын, цардæй чи хъаст кæны, уыдонæй нæ дæн. Цы ис, уый дæм хорз куы нæ кæса, уæд, хорз цы у, уый никуы банкъардзынæ, дæхи амондджын куы нæ хонай, уæд амондцжын никуы уыдзынæ. Мæ иу зонгæ сылгоймаг йæ лæгæн æртыккаг ус уыд æмæ-иу хъазгæйæ афтæ дзырдта: «Нæ лæджы устытæй тынг бузныг дæн». Цæмæй, зæгъгæ, йæ куы бафар- стон, уæд мын мидбылхудгæйæ дзуапп радта: «Ахæм лæджы мын ныу- уагътой! Уыдон æдылы къоппатæ куы нæ уыдаиккой, уæд æм цымæ цы аипп ардтой?! Æгъдау æм нæй? Адæм æй нæ уарзынц? Цы дзы сæ зæрдæмæ нæ цыд? Искуы-иу хатт къуымæлдзæфæй æрбацæуы, æмæ уым диссагæй цы ис?! Æнцад, æнæуынæрæй йæ хуыссæн бацагуры æмæ райсомæй афо- ныл йæ куыстмæ ацæуы. Æмæ мын ахæм лæджы чи балæвар кодта, уыдонæй бузныг куыннæ хъуамæ уон?!» Æз дæр мæ цардæй ницæмæй хъаст кæнын, нæ фæлæ Хуыцауæй буз- ныг дæн. Кæд мæ царды фыццаг æмбисы, растдæр зæгъгæйæ та, цы рацардтæн, уымæн йæ фыццаг цыппæрæмхайы, мæ сæр бирæ фыдтæ баййæфта, уæддæр мыл фæстæдæр хуыздæр бонтæ скодта, бирæ цыдæртæ мæ кæй фæрцы ферох - уæвгæ уыдон рохгæнæн нæй, фæлæ уæддæр - мæ цæстыдзагæй дунемæ кæй фæрцы ракастæн, адæмы хуыздæртæм мын фæндæгтæ чи бацамыдта. Мæ повесттæ æмæ романты, суанг ме ’мдзæвгæты мæ царды хабæрттæй бирæ цыдæртæ равдыстон. Кæддæр Сергей Есенин йæ чингуытæй кæцыдæрæн йæ автобиографи ныффыста æмæ дзы фæстагмæ ахæм хъуы- ды загъта: иннæ хабæрттæ иууылдæр базондзыстут ме ’мдзæвгæтæй. Гюс- тав Флоберы хъуыды ноджы бæлвырддæр уыд: «Æхсин Бовари — уый æз мæхæдæг дæн». Адæймаг цыфæнды куы фысса, кæйфæнды царды хабæрттæ куы ’вди- са йæ уацмысы, уæддæр ын йæхицæй дард ацæуæн нæй, йæхи удыхъæды миниуджытæ дзы равдисдзæн. Æввахс мæ чи зоны, уыдонæн мæ фысты- ты, кæй зонынц, ахæм хабæрттæ бирæ разындзæн. Мæ бинонтæ æмæ мæ хæстæджыты кой нал кæнын, фæлæ мæ сыхæгтæ, мæ хъæуккæгтæ, мæ зонгæтæй арæх æрыхъусын, фæсномыгæй кæй хабар фæкæныс, уыдон нын амонын нæ хъæуы, зæгъгæ. Уæвгæ дзы хатгай иуæй-иутæ рæдигæ дæр фæкæнынц. Се ’хсæн, мæ фыны дæр кæй никуы федтон, ахæм лæбур- джытæ дæр разыны. Кæддæр йæ мадæн æвзæр чи уыд, мæ иу радзырды ахæм æртæ ’фсы- мæры кой уыд. Сæ ныййарæг куы фæрынчын, уæд сæ иуы дæр нал хъуыд æмæ йæ кæрæдзимæ ралас-балас кодтой. Мæ уацмыс мыхуыры куы ра- цыд, уæд мæм иу гуыппырсар додойгæнгæ æрбацыд æмæ мын алывыд акалдта, чи стæм, цы стæм, уый дзæбæх зонгæ дæр куы нæ кæныс, суанг ма нын нæ мыггаг дæр раст куы нæ ныффыстай, уæд нæ æнæхъæн хъæуыл цы фæхудинаг кодтай, зæгъгæ. Кæд, дам, нын нæ нæмттæ аив- тай, уæддæр, дам, нæ адæм базыдтой. Куыддæртæй мæхи сраст кодтон, стæй мæ мæхи раст кæныны тыххæй мысын дæр ницы хъуыди, уымæн æмæ хъастгæнæджы уымæй размæ ни- 6 Дзасохты М. 81
куы федтон, никуал æй федтон уый фæстæ дæр. Цы йын зæгъинаг уыдтæн, уыдон дзырд куы фæдæн, уæд йæ маст иуцасдæр æрлæмæгъ æмæ ма мын фæстагмæ афтæ: «Кæд мæ æнæдзургæ нæ уадзыс, уæд æппæты тынгдæр аххосджын нæ кæстæр у. Æрмæст йæ ном Уырызбег нæ хуыйны, фæлæ Хуысинæ. Ныййарджытæ хъуамæ уыимæ цардаиккой. Н’æ фыд куы амард, уæд мады ме ’ккой баппæрста. Иуцасдæр мæм фæци, æмæ мæ биной- нагæн йæ бон куынæуал уыд, уæд æй астæуккаг æфсымæрмæ аластон...» Ахæм æмбисæндтæ канд мæныл не ’рцыд. Мамсыраты Дæбейы тыххæй Токаты Асæх йæ мысинæгты ахæм хабар радзырдта: «Иу хатт абалц кодтам Быдыры Дæргъæвсмæ. Дæргъæвсы уынгты куы сцæйцыдыстæм, уæд Дæбе иу хæдзары цур бауромын кодта машинæ. - Ам цæры мæ хорз хæстæг... Æз тагъд фездæхдзынæн,- загъта, рахыз- ти машинæйæ æмæ бацыди кæртмæ. Мах лæууæм, шофыримæ ныхас кæнæм, æнхъæлмæ кæсæм, фæлæ Дæбе нал æмæ нал зыны. Æз рахызтæн машинæиæ, бацыдтæн кæрты дуармæ хæстæг. Райхъуысти мæм сылгой- маджы хъæрæй ныхас. Бакастæн æрдæгæхгæд дуарæй. Дæбе бадти кæрты астæу... Ацæргæ ныллæг, фæлæ хæрзхуыз сылгоймаг лæууыд йæ разы æмæ мæстыйæ цыдæр цъæлхъæр кодта. Сылгоймаг мæсты уыд, уый бамбæр- стон æмæ фæстæмæ раздæхтæн. Чысыл фæстæдæр рацыди Дæбе дæр. Цыбырæй та хабар афтæ уыди. Дæбейæн уымæй бирæ раздæр мыхуы- ры рацыди худæджы радзырд, арахъхъ уæйæн чи кæны, ахæм сылгой- маджы тыххæй. Уыцы усы, Дæбейы хæстæджы, цавæрдæр фыдæвзаг сар- дыдта, радзырд дæуыл ныффыста, зæгъгæ. Сылгоймаг рафыхти... Ныр æй йæ кæрты куы федта, уæд ыл йæ маст акалдта... Уырдыгæй суанг хъæуы астæумæ, лæгтæ кæм лæууыдысты, уырдæм ницыуал дзырдта Дæбе. Æрмæст ма йæхинымæры хъуыр-хъуыр кодта: «Æвзæгтæ, æвзæгтæ... Æвзаг цард дæр аразы, æвзаг цард дæр халы — кæй комы уа, уымæ гæсгæ...» Æмæ, дам, зынгджын стъæлфаг нæу, стæй, дам, къæрныхы сæрыл зынг нæ судзы. Уæллæй, афтæ судзы, æмæ хуыздæр нæ хъæуы. Стæй цæмæй дæхи цыбырхъуырæй равдисай, дæ къуымыхдзинад æнæхъæн адæ- мыл ныхъхъæр уа, уый тыххæй зынгджын уæвын дæр нæ хъæуы æмæ къæрных уæвын дæр. Уымæн мæхæдæг цалдæр хатты æвдисæн уыдтæн. Цæвиттон, мæ повесть «Уалдзыгон стъалытæ» мыхуыры куы фæзынд, ууыл цас рæстæг рацыдаид, уый ма чи хъуыды кæны, фæлæ иуахæмы не ’рвадæлтæм зианы уыдтæн æмæ, рагæй кæй нал федтон, мæ уыцы хъæук- кагыл сæмбæлдтæн. Уый мæнæй дзæвгар хистæр уыд, кæмдæр бирæ рæстæг фæци æмæ кæрæдзийы нал базыдтам. Чидæр нæ ногæй базонгæ кодта. Мæ хъæуккаг мæ ном куы айхъуыста, уæд фырмæстæй цæхæртæ акалдта, йæ бурдзалыг æрфгуытæ йæ ныллæг ных ноджы фæнарæгдæр кодтой. Æваст йæ сырх сæрыхъуынты онг сæхи сæппæрстой, йæ тæнæг былты зыр-зыр ссыд æмæ, адæмы йæхимæ чи ’ркæсын кодта, ахæм хъæлæсыуагæй сдзырдта: — Уæдæ ды «Мах дуг» («Уалдзыгон стъалытæ» раздæр журналы мы- хуыргонд æрцыд) фаджысæй (уый йæ йæ тæккæ номæй загъта) чи фесæф- та, уый дæ? 82
Адæм æм æррамæ кæсæгау æркастысты. Æгæр-æгæр куы кодта, уæд æм мæ фарсмæцæуæг, ме ’мхæрæфырт Кобесты Хадзымурат йæ къух си- сынмæ хъавыд, фæлæ йæ æз æмæ, мемæ чи уыд, уыдон нæ бауагътам, зианджын æмæ мæрддзыгойы адæмæй худинаг у, зæгъгæ. Цæуыл смæсты мæ хъæуккаг? Йæ номы хуызæн номыл мæ повесты кæй сæмбæлд, уый йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, мæн йеддæмæ, дам, ахæм ном никæуыл ис æмæ, дам, æз, ды цытæ фыссыс, ахæмæй никуы ницы бакодтон. Фыццаджыдæр, мæ хъæуккагыл цы ном сæвæрдтой, ахæм нæмттæ иу æмæ дыууæ нæй, суанг ма йыл аргъæутты дæр æмбæлæм. Дыккагæй та, кæд повесты цы хабæрттыл дзырдæуы, уыдонмæ ницы бар дарыс, стæй дыл уыдонæй дæр никæцы бады, уæд адæмы дæхимæ цы ’ркæсыы кодтай? Ахæм уавæры иу æмæ дыууæ хатты куы бахаудаин, уæд ницы кæны, фæлæ мыл, иуæй, ахæм цаутæ къордæй фылдæр æрцыди, иннæмæй та мын-иу дзы алкæцыдæр масты хос фæци, фæлæ та-иу цыфæндыйæ дæр мæхицæн зæрдæтæ æвæрынмæ фæдæн. Мæ хæлæрттæй хабæрттæ кæмæн радзурын, уыдонæй та ма мыл иуæй-иутæ суанг уайдзæфтæй дæр ралæууынц, хъуамæ цин кæнай, дæ фыстытæ аххосджынты кæй рæхойынц, сæхи дзы кæй ссарынц æмæ сæ сæхимæ кæй æрыхъусын кæнынц... Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй фыссæг, кæимæ цард æмæ цæры, кæмыты уыди æмæ цы федта, уыцы нывтæ йæ зæрдæйы æппæты арфдæр фæд ныууадзынц æмæ фысгæ дæр уыдоны тыххæй уымæн фæкæны. Мæ ивгъуыд бонтыл куы ахъуыды кæнын, уæд мæ арæх, цы фæндагыл ра- цыдтæн, ууыл афæлгæсын æрфæнды. Ахæм зонд адæймагмæ, æвæц- цæгæн, азты уæз æнкъарын куы райдайы, арæхдæр уæд æрцæуы. Афтæ куы нæ уаид, уæд бирæ хабæрттæм æндæр цæстæй кæсид æмæ, цæмæй сæ ахсджиагдæртæ ма ферох уой, уый тыххæй сæ йæхимæ фыссид æмæ, сæ афон куы ралæууид, уæд сæ, куыд æмбæлы, афтæ уæрæх æмæ æххæстæй спайда кæнид. Фæлæ, æвæццæгæн, алы карæн дæр йæхи ми- ниуджытæ ис æмæ, цы ис, уымæй разы уæвын хъæуы. Бирæ федтон, зæгъгæ, нæ зæгъын, бирæ зонын, зæгъгæ, ууыл ахъуыды кæнынæй та мæ Хуыцау бахизæд, фæлæ цы федтон, уыцы цаутæй иуæй-иуты тыххæй цыма радзурын æмбæлы, афтæ мæм кæсы. Кæд не ’мбæлы, уæддæр мæ хъуыдымæ гæсгæ рохуаты ныууадзынмæ æвгъау сты. Бирæ номдзыд адæмы федтон, кæимæдæрты дзы зонгæ дæр уыдтæн. Зæгъæм, кæд адæмы фыддæр уыди æмæ йæ мæ цæсты- сындз хонын, уæддæр федтон Никитæ Хрущевы, иумæ ма къамы ист дæр стæм. Фембæлдтæн Михаил Шолоховимæ, Лидия Русланова- имæ, Борис Спасскиимæ (шахмæттæй йемæ дæр хъазыдтæн), Мари- эттæ Шагинянимæ, Сергей Есенины чызг Татьянæимæ, зыдтон, «В окопах Сталинграда»-йы тыххæй Сталины преми райсæг Виктор Не- красовы, ныхас кодтон зындгонд фысджытæ Аркади Первенцев æмæ Сергей Воронинимæ, ме ’мдзæвгæтæ мын тæлмац кодтой Яков Коз- ловский æмæ Вероникæ Тушнова... Фæлæ уыцы хабæртты тыххæй фæстæдæр... 83
II Мæ фыццаг æмдзæвгæ республикон мыхуыры фæзынд, скъола каст куы фæдæн æмæ институтмæ куынæма бацыдтæн, уæд - 1955 азы «Мах дуджы» фарæстæм номыры. Абоны хуызæн ма йæ хъуыды кæнын: рады фыййау уыдтæн æмæ мæ фыстæ хызтон Сидæны кувæндон бæласы дæллаг фарс. Уæд постхæссæг Икъаты Сона уыди æмæ йын, æвæццæгæн, нæхимæ загътой, фыййау дæн, зæгъгæ. Икъатæ хъæугæрон Сидæны бæласмæ хæстæг цардысты, æмæ мæм Сона хæрзæггурæггаг фæци «Мах дуг»-имæ. Ме ’мдзæвгæ мыхуыргонд кæм уыд, уыцы фарс мын йæхæдæг рафæлдæхта æмæ мæм æй афтæмæй радта. Æз мæ цæстытыл нæ баууæн- дыдтæн æмæ та-иу журнал цалдæр хатты бафæлдахыны фæстæ ногæй ра- фæлдæхтон æмæ та-иу мæ ном æмæ мыггаг мыхуыргондæй куы ауыдтон, уæд-иу цины уылæнтæ зæрдæйы аленк кодтой. Раст зæгъын хъæуы, ме ’мдзæвгæ, куыдæй арвыстон, афтæмæй нæ рацыд. Чидæр æй йæхимæ гæсгæ фæхуыздæр кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ уæды цæстæй акæсгæйæ дæр æмæ абоны цæстæй акæсгæйæ дæр бирæ æвзæрдæр фæкодта. Фæлæ ныхас ууыл нæу, уымæн æмæ мæм уæд куыд касти, афтæмæй сæйрагдæр уыди, журналы мæ номыл цыдæр мыхуыргонд кæй æрцыд, уый. Уыцы заман «Мах дуджы» фæстаг фарсыл ахæм фыстытæ уыд: «Журнал «Мах дуг» мыхуыр кæны ирон советон фысджыты уацмыстæ...» Дарддæр дзы цы фыст уыд, уыдон мæм афтæ нæ хъардтой. Мæнæн сæйрагдæр уыд «Мах дуг» ирон фысджыты уацмыстæ кæй мыхуыр кæны. Иугæр ирон фысджыты уацмыстæ чи мыхуыр кæны, уыцы журналы ме ’мдзæвгæйæн бынат разынд, уæд æз дæр ирон... Дарддæр цы ныхæстæ хъуамæ загъ- дæуа, уыдон зæгъынмæ кæд æвзаг нæ тасыд, уæдцæр зондæн йæ куыст æнæкæнгæ нæ уыд æмæ зæрдæйы циныл æфтыди... Уымæй афæдз раздæр ме ’мдзæвгæтæ Æрыдоны районы газет «Лени- нон» куы рауагъта, уæд сæ нæхи Аслæнбег кæй бакастаид, ууыл æз æппындæр дызæрдыг нæ кæнын, чи зоны, Доскийæн дæр уый тыххæй загъта, Музаферæй цы рауайдзæн, уый фенын мæ тынг фæнды, зæгъгæ. Тохты Ванæмæ мæ схонын дæр, æнхъæлдæн, Аслæнбеджы зæрды æрæфтыд. Раздæр ма йæ куы загътон, нæхи хъæуы æртæ поэты уыд: Чехойты Сæрæби, Тохты Ванæ æмæ Хъаммæрзаты Алихан. Сæрæби цалдæр азы хасты фæуыны фæстæ 1954 азы суæгъд æмæ хъæумæ æрцыд. Сыбырæй куы сыздæхт, уый фæстæ йæ фыццаг хатт федтон Веринкæйы зианы. Куыд дзырдтой, афтæмæй ахстæй уый хæдразмæ ссыд. Тохты Ванæ æмæ Хъаммæрзаты Алихан нæхи хъæуы цардысты. Ме ’мдзæвгæйы тыххæй мын æппæты фыццаг йæ хъуыдытæ дæр Алихан загъта. Алиханæй ма иу хъуыддаг мæ зæрдыл бадардтон. Бадардтон, зæгъгæ, цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ нæ ферох уыдзæн: мæ мады цыртыл йæ ном, йæ мыг- гаг, йæ райгуырд æмæ амæлæты азтæ Алиханы къухæй фыст æрцыдысты. Хъаммæрзайы-фырт канд æмдзæвгæтæ нæ фыста, фæлæ уыд нывгæнæг дæр. Кæддæр æвзæрстыты рæстæг Сталины ныв афтæ хорз скодта, æмæ йыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Æнусы æмбисы сæрты йæм кæсын æмæ нывгондау - цыма нывгонд нæ уыд, уый хуызæн! - мæ цæстытыл уайы. Зæххыл æвæрд уыди, уæддæр гыццыл нæ зынди. Мæ нымадмæ гæсгæ, 84
Сталин, царды цæй бæрзæндæн уыд, уымæй стырдæр йеддæмæ къадцæр нæ уыд. Алихан дамгъæтæ фыссынмæ дæр рæвдз уыди. Хъæуы разамынд лозунгтæ æмæ плакаттæ фыссæгыл никуы стыхст. Æвзæрстыты рæстæг уа, æндæр бæрæгбон æрбахæццæ кæна, Алиханы-иу клубы, кæсæндоны кæнæ хъæусоветы æдзухдæр федтаис ахорæнтимæ архайгæ. Хъыгагæн, уæззау низы ахæсты бахауд æмæ йæ курдиат æххæстæй нæ райхæлд. Азтæ йыл цас цыдаид, уый нæ зонын, фæлæ йæ лæджы кары æрдæгмæ кæнæ бахæццæ уыдаид, кæнæ нæ, афтæмæй мæрдтæм бацыд. Фыстытæ та йын куыннæ баззадаид! Бирæ дæр ын баззад. Сæ фылдæр — æнæмыхуыргонд. Куыд дзурынц, афтæмæй йæм йе ’мсис адæм æмбæлгæ цæстæнгас нæ дардтой æмæ йæ æнæраст хъуыддæгтæ йæхимæ хъусыныл фæкодтой. Чи зоны, мыхуыры оргæнтæм хæстæг цæуын дæр уымæн зивæг кодта. Мæ хъæуккæгтæй мын æй чи дзырдта, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ, дам, куы амард, уæд ын сæ хæстæджытæй иу ус йæ къухфыстытæ басыгъта, адон, дам, уыдысты йæ сафæг, афонæй раздæр, дам, мæрдтæм адоны тыххæй бацыд... О, æмæ Аслæнбегимæ Ванæтæм ссыдыстæм. Фæндыди йæ, æмдзæвгæтæ чи фыссы, йæ уыцы æрвады зындгонд поэтæн фенын кæнын. Æз тынг зивæггæнгæ цыдтæн. Тарстæн Ванæимæ фембæлынæй. Мемæ мæ фыстытæй исты рахастон æви нæ, уый ма кæй зæрдыл лæууы, фæлæ мæ истæмæйты куы фæрса, уæд, цы дзурдзынæн, уый куы нæ базонон, уымæй ме уæнджы мигъ бадт. Ванæ та фендджын адæймаг уыд. Хæсты размæ каст фæци ирон педтехникум, нæ зындгонд фысджытæй бирæтæ кæм ахуыр кодтой, уыимæ Ванæйæн йæхиимæ дæр, уыцы педтехникум. Тарстæн, кæд мын мæ фыстытæй искæцыйыл йæ цæст æрхæцыд æмæ дзы йæ зæрдæ нæ барухс, уымæй дæр. Тæрсгæ цæмæйты кодтон, уыдон мæ нæ рох кæнынц, фæлæ фембæлды рæстæг цы ныхæстæ кодтам, уыдонæй, зæгъæн ис, æмæ мæ зæрдыл ницыуал лæууы. Æрмæст хорз хъуыды кæнын, Ванæйы стъолыл радиоприемник æмæ Къостайы æртæто- мон кæй лæууыди, уый. Мæ зæрдыл бадардтон, Ванæ тынг рынчын кæй уыд, уый дæр. Хæсты размæ йе ’нæниздзинад фæцудыдта, фæлæ æры- гон лæппумæ æнцад бадын худинаг каст æмæ акъоппытæ къахджыты æмрæнхъ æрлæууыд. Кодта æндæр куыстытæ дæр æмæ бынтон раууатмæ æрцыд. Астæуыстæджы хъултæй иу дæр нал куыста. Æрмæст, йæхи куыд дардта, уымæ гæсгæ ничи загътаид, низæн тасын бакуымдта, зæгъгæ. Низæн тасын æцæгæй нæ бакуымдта Ванæ. Уый ноджы хуыздæр базыд- тон фæстæдæр, йæхиимæ дæр æмæ йын йе сфæлдыстадимæ дæр хæстæгдæр куы базонгæ дæн, уæд. Æмæ ма уыцы фембæлды тыххæй цалдæр ныхасы. Аслæнбег æмæ Ванæ цæуылдæр ныхас кодтой, афтæмæй чидæр дуар æрбахоста. Сæ сыхæгты лæппу уыдаид, æвæццæгæн, Аслæнбегæй хистæр, Ванæйæ кæстæр, ахæм. Салам раттыны фæстæ æрбадт æмæ ныхасгæнджытимæ баиу. Иу заман, цавæр ныхас загътаид, уый æрымысын ма кæй бон у, фæлæ йын æфсарм- джын рахонæн нæ уыд, уымæн æмæ йын Ванæ уырыссагау афтæ бакод- та: «При несовершеннолетних нежелательно такие слова произносить». Кæд æй, цæмæй æз ма бамбарон, æндæр æвзагыл уый тыххæй загъта, 85
уæд нæ фæрæдыди, уымæн æмæ кæд уыцы ныхæстæ мæ зæрдыл бадард- тон, уæддæр, «несовершеннолетний» цы амоны, уый нæ зыдтон... Ванæимæ уый фæстæ тынг балымæн стæм. Хъæуы уæвгæйæ-иу æм кæд нæ бауадтæн, ахæм замантæ бирæ не скодта. Кæрæдзимæ писмотæ дæр фыстам. Фæсмон кæнын, йæ писмотæ йын кæй «æ бахъахъхъæд- тон, ууыл. Стæй канд Ванæйы писмотæй нæ фæкодтон æнæхай мæхи. Бирæ адæм мæм фыстой, уæлдайдæр «Рæстдзинад»-ы кусын куы райдыд- тон, уæд. Дыууадæс азы бæрц дзы фæкуыстон æмæ уыцы рæстæджы дæргъы иу æмæ дыууæ писмойы нæ райстон Хуссарæй, зæгъай, Цæгатæй. Уæлдайдæр мæ культурæйы хайады сæргълæууæгæй куы сæвæрдтой æмæ аивад æмæ литературæйы фарстатæ мæнмæ æмæ, кæимæ куыстон, уыдонмæ хауын куы райдыдтой, уæд. Уыдон бахъахъхъæдтон, зæгъгæ, уæд бирæ ахсджиаг цаутæ рох кæнын нæ бауагътаиккой, аивад æмæ лите- ратурæйы иу кæнæ иннæ архайæджы цард æмæ сфæлдыстад бæлвырддæр раиртасынæн æнæмæнг феххуыс уыдаиккой. Ванæ бирæ нæ фыста, стæй тагъд дæр нæ кодта, фæлæ йын йæ ар- хайдмæ бахæлæггæнæн уыд. Раст-равджы гæххæттыл иу рæнхъ дæр ни- куы баууæндыд. Цалынмæ-иу зæрдæ æмæ зонды срæгъæд, уæдмæ йын бонрухс нæ уынын кодта. Кæронмæ-иу цы уацмыс фæци, уый-иу арæхдæр мæнмæ сæрвыста. Æмдзæвгæ-иу цыфæнды хорз куы уыдаид, уæддæр дзы кæронмæ разы никуы уыд. Йæ писмойы-иу уый æнæмæнг бафиппайдта. Кæд нæ фысджытæй искæй хæдæфсарм рахонæн ис, уæд уыдонæй иу уыд Ванæ дæр. Схъæл ныхас, хиуылæрвæссондзинад ын æнад уыдысты. Уый бæрæг у йæ фыстытæй дæр. Кæд бирæ азты дæргъы, зæгъæн ис, æмæ уатæй дарддæр никæдæм цыд, уæддæр йæ ныфс нæ саст. Зæрдæмæ- гуыргæнæг ныхас дзы нæ фехъуыстаис... Ахæм цау æрымысыдтæн. Йæ фыд Дрис мæлæты рынчын æрци. Хуыз- дæрæн ма йæ горæты рынчындонмæ сластой. Ванæимæ йæм ныццы- дыстæм. Уынджы фаллаг фарсмæ нæ бахизын хъуыд æмæ иу афон, дыу- уæрдыгæй дæр змæлæг куынæуал уыд, уæд фæцагайдтам. Фæцагайдтам, зæгъгæ, Ванæйæн йæ бон цас тагъд цæуын уыд! Уынджы астæумæ бахæццæ уыдаиккам, афтæ дæлæрдыгæй иу машинæ кæцæйдæр рагæпп ласта. Фæтагъддæр кæнæм, зæгъгæ, Тохы-фыртмæ дзурын, фæлæ уымæн тагъддæр къахдзæфгæнæн нæ уыд æмæ мæм, цыма машинæйæн йæ кой- йæ хъæр дæр нæй, уый хуызæн дзуры: - Лæг марыны бар æм нæй! Иннæ хабар та фысджыты Цæдисы тыргъты æрцыдис. Дыккæгæм уæ- ладзыгмæ схызтыстæм (фысджыты Цæдис партийы уæды обкомы агъуы- сты чъылдыммæ Цæдисты хæдзары уыд) æмæ ныл уым Хъайтыхъты Геор амбæлд. Фæцæуæм æртæйæ, æмæ æмбисфæндагмæ ’ввахс Ванæ афтæ куы бакæнид: «Геор, мæхи сæр æмæ мæ дæ къæхтæ куы уаиккой!» Ахæм ныхæстæн Геор дзуапп ма раттаид, уый мæ никуы бауырныдтаид, фæлæ уæд йæ былы бынæй иу сым дæр не ссыд. Чи зоны, цыргъзонд ныхасæн аккаг аргъ скодта, чи зоны, æндæр истæй тыххæй. Тохы-фыртæй-иу цыргъзонд ныхæстæ арæх схауд. Аргъ дæр сын код- та. Хозиты Яковы эпиграммæ дæр æппæты фыццаг уымæй фехъуыстон. 86
Æппæты фыццаг, зæгъгæ, йæ уымæй фæстæмæ никæмæйуал фехъуыс- тон. Мыхуыры дæр ыл никуы сæмбæлдтæн. Яков Боциты Бароныл цы эпиграммæтæ ныффыста, уыдон иууылдæр зындгонд сты. Фæлæ, куы зæгъын, ацы эпиграммæ цæмæндæр гæсгæ рохуаты баззад, афтæмæй та иннæтæй къаддæр цыргъзонд нæу. Зындгонд куыд у, афтæмæй Бароны чингуытæй иу хуынди «Цины бонтæ». Уый тынг раджы рацыд (1937 азы) æмæ йæ абоны фæлтæры минæвæрттæй бирæтæ нæ зондзæн, фæлæ «Саст рæхыс» — йæ номдзыд роман — амонын никæмæн хъæуы, уымæн æмæ йæ скъолаты ахуыр кæнынц. Гъе, æмæ Яковы эпиграммæ дæр ацы дыууæ чиныджы нæмттимæ баст у: «Цины боитæ», «Саст рæхыс»-тæ Ис «Когиз»-ы* тоии, Уымæи æмæ у сæ фыссæг Боциты Барои. Цы поэтты кой ракодтон, уыдон æртæйæ дæр нæхи хъæуккæгтæ уыды- сты, фæлæ уыдонæй раздæр базонгæ дæн Дзугаты Хъазыбегимæ. Уый дæр æмдзæвгæтæ фыста. Цалдæр æмдзæвгæйы йын бакастæн нæ рай- оны газеты (Хъазыбег æрыдойнаг уыд). Фыста, куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр. Фæсаууонмæ йæ зыдтон. Фехъуыстон, мæнæй иу кълас дæлдæр кæй ахуыр кæны, уый дæр. Йæ иу æмдзæвгæйы фыста, хорз чи ахуыр кодта, ахæм лæппу æваст æвзæр бæрæггæнæнтæ исын куыд рай- дыдта, уый тыххæй. Æмдзæвгæйы кæрон рабæрæг, аххос цæй мидæг уыдис, уый: Мой подсказчик Родии Коля Проболел четыре дия. Дзуапп дæтгæйæ-иу ын, цы нæ зыдта, уый ахуыргæнæджы сусæгæй чи дзырдта, уыцы Родин Коля цыппар боны кæй фæрынчын, уымæ гæсгæ йе ’мкъласон «дыууæ»-тæ исын райдыдта. Хъазыбегимæ «Ленинон»-ы редакцийы хъуамæ базонгæ уыдаин, æндæр кæм! Тынг ныфсджын æмæ мæм сæрæн фæкаст. Зыдтой йæ канд районы газеты кусджытæ нæ, фæлæ фысджыты Цæдисы дæр. Æз фысджыты Цæдисы никуыма уыдтæн, уый куы базыдта, уæд æм диссаг фæкаст æмæ мæ разæнгард кодта, загъта мын, комкоммæ, дам, Балаты Темболмæ бацу æмæ йæм.де ’мдзæвгæтæ равдис. Кодта мын æндæр фысджыты кой дæр: уыдонимæ дæр зонгæ уыд. Æз æм мæхинымæр, кæй зæгъын æй хъæуы, бахæлæг кодтон, фæлæ мæ цыфæнды тынг куы фæндыдаид, уæддæр фысджыты Цæдисмæ бацæуын мæ ныфс ницы хуызы бахастаин. Куыд бацæудзынæн æмæ сын мæхи куыд амондзынæн, уыдæттыл-иу куы ахъуыды кодтон, уæд-иу фырæфсæрмæй мæ цæсгом ссыгъд, мæ зæнгты- иу хъаруйы мыггаг нал уыд, мæ къæхты бын-иу зæхх кæдæмдæр * Когиз — комитет государственного издательства (паддзахадон рауагъдады комитет). 87
фæцæйцыд. Æппынфæстаг æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: «Цыфæнды куы фæуа, уæддæр фысджыты Цæдисы къæсæрæй бахизыны фагхъару мæхимæ не ссардзынæн». Дæс къласы каст фæуыны фæстæ хъуамæ иуцасдæр сулæфыдаин, æз та сагъæсты бын фæдæн. Ахуыр кæнын мæ фæндыди;>фадæттæ та мын нæ уыд. Мæ кæстæр хотæй иуыл фынддæс азы цыд, иннæуыл — æртындæс. Æмæ сæ цыппар фæндаджы астæу иунæгæй куыд ныууагъта- ин?! Мæ уыцы хъуыдытæ мын куы бамбæрстой, уæд мыл дыууæрдыгæй уайдзæфтæй ралæууыдысты, уæд, дам, ма дæс къласы та цæмæн фæдæ, кæд дæм дарддæр ахуыр кæныны зонд нæ уыд, уæд. Æнæ мæн куыд уыдзыстут, зæгъгæ, сын куы загътон, уæд мæ фæрстыты бын фæкодтой: «Æмæ нын дзаумæттæ ды ’хсадтай? Кæнæ нын хæринаг кодтай? Æви нын нæ хъуджы дыгътай? Уæдæ нæ уроктæ дæр æнæ дæу æххуысæй скæндзыстæм!» Иу дзырдæй, ахуыр кæнынмæ куы ацæуон, уæд цыма мæ хоты цард хуыздæр йеддæмæ æвзæрдæр ницæмæй фæуыдзæн, мæхимæ дæр афтæ’кæсын райдыдта... Кæдæм бацæуон, уый мын рагацау бæрæггонд уыд: педтехникум, койæ рагæй кæй зыдтон, æрмæст йæ ном фехъусгæйæ дæр-иу мæ зæрдæйы рæбинагдæр тæгтæ кæмæ базмæлыдысты, уыцы педтехникум. Цæмæй ма мæ йæхимæ сайдта: ахуыр кæнын дзы институтæй дыууæ азы къаддæр хъуыд. Уый та мæ уавæры мæнæ нæ уыд. Мæ хотæм ахуыргæнæгæй раздæр æрæздæхтаин, фæлæ мæ уынаффæтæй ницы рауад. Уыцы азæй фæстæмæ æви уымæй размæ дæр афтæ уыд, уый нæ базыдтон, фæлæ æз мæ гæххæттытæ куы бахастон, уæд техникуммæ фæлварæнтæ иннæ ахуыр- гæнæндæттæй раздæр дæттын райдыдтой. Иу дзырдæй, байрæджы код- тон. Æндæр уавæрты куы уыдаин, уæд мæстджынæй рацыдаин, фæлæ уæд мæхи фæсмонæй хæрыны онг не ’рцыдтæн. Байрæджы кодтон æмæ мæ хоты раз дæр сыгъдæг цæсгомæй æрлæудзынæн. Фæлæ ма сфæнд код- тон мæ гæххæттытæ пединститутмæ раттын. Уырдæм æрæджы нæма уыд. Мæ зæрдæ цæуыл дардтон, уый абон дæр нæ зонын, фæлæ, æвæццæгæн, æппæт хъуыддæгтæ аразæг дæр Хуыцау у. Институт кæм ис, уый дæр фæрсгæ-фæрсгæ ссардтон. Куы бацыдтæн, уæд, гæххæттытæ кæдæм лæвæрдтой, уыцы рудзынджы цур иу цъиуызмæлæг дæр нæ уыди. Иуцасдæр цы кодтаин, уый нæ зыдтон æмæ цавддурау мæ бынаты æнæзмæлгæйæ лæууыдтæн. Уалынмæ кæцæйдæр фæзынд, иу мæхи карæн хъоппæгдзæст, тымбылдзæсгом, сауæрфыг рæсугъд чызг æмæ цыма, дæс азы иумæ фæцахуыр кодтам, уый хуызæн мæ куы афæрсид: ~ Ды дæр дæ гæххæттытæ дæттыс? 0, зæгъгæ, йын куы загътон, стæй кæцы факультетмæ, уый куы ба- зыдта, уæд бæлвырд фæхъæлдзæгдæр. — Æз дæр сæ уырдæм радтон... Кæд сæ радта, уæд ма фæстæмæ цæмæ ’рбацыд, уымæй дæр æй нал бафарстон, уымæн æмæ чызг мæ хъуыддæгтæ кæнынмæ фæци. Мæ гæххæттытæ мын арафæлдах-бафæлдах кодта æмæ дзы куы ницы аипп ссардта, уæд загъта: - Курдиат ныффыссын йедцæмæ дæ ницуал хъæуы. 88
Йæ ныффыссынмæ зивæг кæй кæнын, уый йæ кæцыдæр æнкъарæнæй бамбæрста æмæ мæ бæсты курдиат фыссынмæ февнæлдта. Фыст æй куы фæци, уæд мæм æй авæрдта, дæхи къухæй йæ рафысс, зæгъгæ. Мæ гæххæттытæ куы радтон, уæд базонгæ стæм: Гуæцæлты Валя, цыколайаг. Цалдæр къуырийы фæстæ дыууæйæ дæр студенттæй агæпп ластам æмæ фондз азы иу къорды фæцахуыр кодтам... Фыццаг хатт мæ уæд бауырныдта, сины сæстытæй дæр кæцыдæртæ кæй фæрæстмæ вæййынц, уый. Техникуммæ, къаддæр ахуыр кæнын дзы кæй хъæуы, тынгдæр уый тыххæй цыдтæн, институтмæ та - кæй нæ бахаудзынæн, ууыл мæ зæрдæ даргæйæ. Иу ныхасæй мæ техникум баха- уынæй фыдæнхъæл фæкодта, институт та — нæ бахауынæй. Фыццаг фæлварæн лæвæрдтам ирон æвзагæй. Фæлварæнтæ чи иста, уыдон цал уыдысты, уый ныр зын зæгъæн у, уымæн æмæ уæдæй нырмæ æнусы æмбисмæ æввахс рацыд, бынтон бæлвырд нымайгæйæ та - фа- раст æмæ дыууиссæдз азы, фæлæ дзы иуы ном æнæрæдыдæй мæ бон зæгъын у: Æхсараты Райæ, дæсгай азты дæргъы ирон æвзаг æмæ литера- турæйы кафедрæйы чи фæкуыста, йе ’фсымæр Энвер Фыдыбæстæйы Стыр хæсты кæмæн фæмард, Советон Цæдисы Хъæбатыры ном кæмæн рад- той, Æхсараты уыцы Райæ. Фæстæдæр мын Райæ куыд дзырдта, афтæмæй мын мæ фысгæ куысты цалдæр рæдыды сраст кодта. Иу ныхасæй, цæмæй æвзæр бæрæггæнæн ма райстаин, ууыл бацархайдта. Хъæуккаг мæгуыр лæппу кæй дæ, уый, дам, де ’ддаг бакастыл дæр бæрæг уыд æмæ, дам, дын тæригъæд кодтон. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Райæ ахæм æх- хуыстæ бирæтæн бакодта, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма йæм йæ хорздзи- нæдтыл фæсмон никуы ’рцыд. Аргъ нæй Райæйы хуызæн адæймæгтæн. Чи зоны, Æхсарон куы нæ уыдаид, уæд мæ дарддæры хъуыддæгтæ куыд ацыдаиккой, цавæр фæндæгтæ мæм æнхъæлмæ каст... Афтæ æнхъæл дæн, æмæ цалфæнды- хуызоны куы уыдаиккой, уæддæр дзы, æз кæй сæргъы æрлæууыдтæн, уымæй амондджындæр нæ уыд, цы нысанмæ тырныдтон, уымæ цæугæйæ дзы, Райæйы фæрцы кæуыл баззадтæн, уымæй хуыздæр никæцы разын- даид. Ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд, нæ хъæумæ колхозæн æххуыс кæнынмæ чи ’рцыд, уыцы студентты иууылдæр институты сæййæфтон. Иуты ма дзы каст фæуынмæ афæдз хъуыд, иннæтæ та æртыккаг курсмæ бахызтысты. Уæд ма институты цыппар азы ахуыр кæнын хъуыд. Афæ- дзы фæстæ ма йæм иу аз бафтыдтой. Фыццаг дзы кæуыл амбæлдтæн, уый уыди Бæгъиаты Хъазыбег. Бæрæгъуыны дæр æппæты разæй уыимæ базонгæ дæн. Мæ фыццаг фембæлд нæхи хъæуы æмæ нæ фыццаг фембæлд горæты... Уыдоны æхсæн бирæ æвирхъау хабæрттæ æрцыди мæ царды. Афæдзы размæ — уæвгæ, Хъазыбегимæ куы базонгæ дæн, ууыл фараст мæйы дæр æххæст нæма рацыд - æз уыдтæн дунейы тæккæ амондджындæр адæймаг, фæлæ уыцы амондæй иунæг бонмæ ницыуал аззад - 1954 азы 27 ноябры мæ мад трагикон æгъдауæй фæмард. Хъазыбег, æнкъараг зæрдæйы хицау, уайтæккæ дæр, мæхи куыд дарын, ууыл фæгуырысхо 89
æмæ мæ, цы кæнын, уымæй бафарста. Радзырдтон ын мæ хабæрттæ. Куыннæ фæхъыг кодтаид мæ хъыгыл, фæлæ мын йæ бон, зæрдæтæ бавæ- рынæй уæлдай, цæмæй баххуыс кæнын уыд! III Мæ фыды хæсты размæ цалдæр къуырийы æмгъуыдмæ æфсæддон ахуыр- тæм куы акодтой, уæд мæныл цыппар азы æмæ фондз мæйы дæр æххæст нæма цыди, фæлæ дзы мæ зæрдыл къорд хабары бадардтон. Хъуыды ма кæнын, йæ сæрдасæн куыд цыргъ кодта, уый. «Кодта», зæгъгæ, дыу- уæйæ йæ цыргъ кодтам. Мæнмæ роны иу кæрон радта, иннæуыл та йæхæдæг хæцыд. Цыргъ кæнын райдайыны агъоммæ мæ цалдæр хатты бафарста, фидар хæцдзынæн, нæ, уымæй. Æз мæхимæ хуымæтæджы лæг фæкастæн! Ныфс ын бавæрдтон, роны кæрон кæй не суадздзынæн, уымæй æмæ дыууæ къухæй роныл ныддæвдæг дæн. Ноджы мæ галиу къах фæразæй’ кодтон æмæ йыл быцæуы хуызæн мæ уæз ауагътон. Рахиз къах кæд фæсте уыд, уæддæр хъæддых лæууыныл архайдта. Иу дзырдæй, дыу- уæ къахы æмæ дыууæ къухы хъару мæ ныфс æмæ сæрыстырдзинадимæ куы баиу, уæд мæ папæ бафарста: - Цæттæ дæ? Роны кæрон дыууæ къухæй тынгдæр нылхъывтон, мæ къæхтыл мæ уæз æруагътон æмæ мæ фыдæн мæ сæры батылдæй бацамыдтон, райда- йын дæ бон у, зæгъгæ. Папæ роныл йæхирдæм ахæцыд æмæ мæ бынаты лæугæйæ куы баз- задтæн, уæд цыргъ кæнынмæ бавнæлдта. Сæрдасæн-иу иуырдæм роныл йæхи хафгæ рацыд, стæй-иу уыцы рогæн фæфæлдæхт æмæ-иу папæйы ’рдæм ацъыгъгъуытт кодта. Афтæ цалдæр хатты. Æз мæ тых-мæ бонæй роныл фидар хæцыныл архайдтон, фæлæ кæронмæ куы нæ бафæразон, уымæй тæрсын райдыдтон, æрмæст æй фыдæн схъæр кæнын нæ бауæн- дыдтæн. Æмæ... фæрæдыдтæн. Иу заман папæ роныл йæхирдæм тынгдæр ахæцыд, цы - мæ дыууæ къахы дæр фæцудыдтой æмæ рон йæ астæуыл æмбисы онг фæлыг. Папæ йе ’взистæргъæвæгджын рон афтæмæй куы ауыдта, уæд фырмæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Суанг ма мын мæ уалхъус дæр ныццавта... Мæ фыдæй ма мæ зæрдыл лæууы къорд æндæр хабары дæр. Уыдоны кой мæ кæцыдæр чингуыты кæнын. Уæлдæр ма йæ куы загътон, мæ фыдæй куы фæхицæн дæн, уæд бынтон саби уыдтæн, фæлæ мæ кæстæр хо Дибæхан æнæмадæй куы баззад, уæд ыл дыууадæс азы цыд, афтæмæй дзы йæ зæрдыл æппындæр ницыуал лæууы. Æрæджы йæ фарстон, Ве- ринкæ дæ зæрдыл куыдæй лæууы, зæгъгæ, æмæ дзы æрмæстдæр иу хабар æрымысыд... Нæ хæдзарæн даргъ тыргътæ уыд. Кæрæй-кæронмæ йыл фæйнæджытæ хуыд. Хæсты рæстæджы сæ немыц сугæн фефтыдтой æмæ, Ставд-Дуртæй куы ссыдыстæм (нæ хъæуккæгтæй бирæтæ немыцæй тæрсгæйæ уырдæм алыгъдысты), уæд ма дзы æрмæст бынхъæдтæ сæййæфтам. Веринкæ йæ алыхуызон фæйнæджытæй бамбæрзын кодта æмæ йыл хæдзармæ цæуæн 90
фæцис. Фæйнæджытæй иутæ бæзджындæр уыдысты, иннæтæ — тæнæгдæр, стæй алырдæм тæстытæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, се ’хсæн уыд бирæ зыхъхъыртæ. Дæргъæй-дæргъмæ тыргътæ арæх мæрзын хъуыд, уымæн æмæ, иуæй, ныллæгуыдысты, иннæмæй - гом æмæ-иу нæ фыстæн, уæлдайдæр та — сæгътæн уырдæм схизыны фадат куы фæци, уæд зивæг никуы бакодтой. Хъомтæм-иу афоныл куы нæ ракастыстæм, уæд-иу уыдон дæр уæле бынмæ ракæсын сæхицæн хæсыл банымадтой. Алыхуызон мæргъты кой кæнгæ дæр нал кæнын. Гъе æмæ-иу уымæ гæсгæ тыргътæ арæх мæрзын хъуыд. Стæй канд тыргътæ нæ, фæлæ тыргъты бын дæр: мæрзгæ-мæрзын-иу бырæттæн фæйнæджы зыхъхъыртæй æнæныккæлгæ нæ уыд æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ бынмæ бырын æмæ бырæттæ рахафын бахъуыд. Гъе æмæ иу ахæм заман Веринкæ Дибæмæ дзуры: - Къæлидоры (цæмæдæр гæсгæ тыргъты бæсты къæлидор дзырдтам) бын-ма ныммæрз. - Æз дзы нæ бацæудзынæн,- дзуапп ын радта чызг. Æфсон кодта, æндæр дзы куыннæ хъуамæ бацыдаид, уымæй размæ йæ иу æмæ дыууæ хатты ныммарзта! Зивæг кодта æмæ æфсон ссардта, уыимæ, баууæндæн кæуыл нæ уыд, ахæм æфсон. Æмæ йын уæд Веринкæ дæр афтæ: - Уæдæ дзы æз бацæудзынæн... Æрмæст ма ацы хабар æрымысын баци Дибæйæн йæ бон. Чи зоны, уый йæ амонд у. Мæ хуызæн дзы бирæ цаутæ йæ зæрдыл куы дарид, уæд ын зындæр цæрæн уаид, фылдæр цæссыгтæ фæкалдтаид. Æнусы æмбис рацыд, æнæ мадæй куы баззадтæн, уæдæй нырмæ, фæлæ йæ кой рацæугæйæ, мæ цæстытæ доны кæд нæ разылдысты, ахæм бон нæ хъуыды кæнын, æнæкæугæйæ мæ мады тыххæй дзурын нæ фæразын. Фæстæдæр мæ ацы хъуыдытæ æмдзæвгæйы хуызы дæр загътон: Мæ цæстыл ауайæд мæ хъæу — Мæ ивгъуыд февзæры мæ цуры... Мæ бои æиæцæстысыг иæу Мæ мады тыххæй дзурыи. Уымæй ноджы фæстæдæр та Лев Толстойы боныджы бакастæн ахæм рæнхъытæ: «Мæ мады тыххæй æнæкæугæйæ дзурын мæ бон нæу». Тынг диссаг мæм фæкаст, нæ хъуыдытæ кæй баиу сты, уый. Уымæй мæм къаддæр диссаг нæ фæкаст, цытджын уырыссаг фыссæг йæ мады зонгæ дæр куы нæ кодта - йæ ныййарæгæй куы бавдæлон, уæд ыл дыууæ азы дæр æххæст нæма цыд — уæд ын цымæ йæ зæрдæ уынгæг цавæр хъуыддæгтæ кодтой? Æртыккаг диссаг та уый уыдис, æмæ Толстойыл ацы рæнхъытæ фысгæйæ цыппарыссæдз азы кæй цыд. Дæ мады зонгæ дæр ма кæн, афтæмæй зæронд лæгæй йæ кой кæнгæйæ дæ цæссыг уромын ма фæраз! Æвæццæгæн, ныййарæгмæ уарзондзинад адæймагæн йемæ райгуыры æмæ амæлы, йæхæдæг цардæй куы ахицæн вæййы, æрмæстдæр уæд... Мадæн цалфæнды хъæбулы куы уа, уæддæр се ’ппæты дæр æмхуызон фæуарзы, æмхуызон тынг æй фæуарзынц хъæбултæ сæхæдæг дæр, фæлæ 91
мæнмæ цæмæдæр гæсгæ афтæ кæсы, цыма мæн Веринкæ мæ хотæй фылдæр уарзта, стæй йæ мæхæдæг дæр фылдæр уарзын — «уарзтон» зæгъын ме ’взаг тасгæ дæр нæ кæны, уымæн æмæ йæ мæрдтæм фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ уарзын. Зондæй йæ æмбарын, раст кæй нæ дæн, уый, фæлæ зæрдæйы ныхмæ æрлæууын никæй бон у. Уый ничи баууæндын кæндзæн, Веринкæ мæн фылдæр нæ уарзта, ууыл. Уæдæ йæ æз фылдæр кæй уарзын, ууыл та мæхæдæг фидарæй æууæндын, æвдисæнтæ дзы нæ хъæуы. Веринкæ тынг хиуылхæцгæ адæймаг уыд. Фæразон, зындзинæдтæн - быхсаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ маст-иу йæ хъуырмæ куы схæццæ, ахæм рæстæджытæ дæр ыл-иу скодта æмæ-иу уæд суанг Уæллагыл дæр - табу йæхицæн уæд! - нал бацауæрста: — Амæндтæ уарæг дæлæмæ ’рхауæд! Уæлдай карздæр ныхæстæ-иу ссардта, рæстæй-иу æй чи бафхæрдта, йæхи æмæ-иу йæ сывæллæтты тæригъæды чи бацыд, уыдонæн. Æлгъитгæ- иу сæ нæ кодта, фæлæ сыл-иу йæ рæстдзинад бафтыдта, йæ рыст зæрдæйы маст райгсын-иу арв æмæ зæххы æвджид бакодта, ницы аххосджын уæвгæйæ-иу йæ сыгъдæг уды тæригъæды чи бацыд, уый бадомын-иу хурæн бафæдзæхста... Хъуыды ма кæнын, иу хатт нын нæ уистæ Даргъ хуымтæй (ис ахæм къох Бæрæгъуыны зæххыл) дæлæсыхаг Бæгка куы ’рбаласта, уæд арвмæ йæ къухтæ æххуысагур даргæйæ цы ныхæстæ загъта, уый: «Мæ сывæллæт- ты тæригъæды чи бацыд, мæ рыст цæнгты фæллад чи ницæмæ ’рдардта, уымæн æй Хуыцау ма ныббарæд!..» Æлгъитын нæ уарзта, фæлæ-иу дзы хаттæй-хатт ахæм ныхæстæ дæр схауд. Хылгæнгæ йæ никуы никæимæ федтон. Æрмæст кæддæр нæ сыха- гимæ фæзулдзых. Ноджы ма не ’рвадæлтæй дæр куы нæ уыдаид! Кæйдæр нæ карз æлгъыст ракодта. Æнхъæлдæн, сæ зæронд ус. Æнхъæлдæн, мæн. Веринкæйæн æй кæнæ æз радзырдтон, кæнæ йæ йæхæдæг фехъуыста. Ома сæм уый фæстæ лæбургæ бакодта, исты уайдзæфтæ сын загъта? Нæ-а. Йæ маст æдзæмæй равдыста: цалдæр азы сæм дзыхæй нал сдзырдта. Йæхицæн дзурæгау цы ныхæстæ загъта, уыдон ма абон дæр мæ хъустыл уайынц: — Цагъды уæлдæйттæй ма мын чи баззад, уымæн ахæм карз æлгъыс- тытæ ракæн... Уагæры йын цы ракодта?! Кæд æлгъитын нæ уарзта, уæддæр, йæ маст цæмæй ссæуа, ахæм ныхæстæ-иу ссардта, уымæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр кæй никуы фехъуыстон, ахæмтæ. Уыдон дæр-иу фылдæр мæ хотæм хаудысты... Цалынмæ Бехъаны ГЭС скуыста, уæдмæ куы сойын цырагъы рухсæй пайда кодтам, куы та — фæтæгены цырагъы. Нæ мады боныгон быдыры куыстытæй не ’вдæлд æмæ-иу йе ’мпъузинæгтæ æхсæвмæ æрхаста. Ахæм заман-иу дзы цырагъы рухс чи баууон кодта, ууыл-иу бустæй ралæууыд: — Рухсы къуырæйттæ дæ акъуырæнт! Уыцы ныхæстæ цы амонынц, уый махæй ничи зыдта, фæлæ цырагъæй иуфарс алæууын кæй хъæуы, уый æнæмæнг кæнинаг хъуыддагыл нымад- та æмæ-иу, ныхас кæмæ хауд, уый йæхи иуфарс айста. 92
Æртæ мадызæнæджы стæм, æмæ нæ Райæйæ ныллæгдæрæй ничи баз- зад. Раст зæгъын хъæуы, уый не ’ппæтæй дæр фыдæбонджындæр уыд. Хæринаг кæнын, дзаумæттæ æхсын фылдæр уымæ хауд. Уæдæ хъуг ду- цын дæр Райæмæ каст, уымæн æмæ Дибæ бынтон сывæллон уыд. Æппæт уыдæттæ йæ рæзтыл искæцырдыгæй фæзындысты æви нæ, уый нæ зо- нын, фæлæ йæ сыхы дæр «Гыццыл Райæ» хуыдтой, - нæ хæддæле чи цард, уыдоны чызг дæр Райæ (Реуазтæй) хуынди æмæ уый мæ хойæ бæрзонддæр уыди. Уый иу хъуыддаг, фæлæ ма дзы ис æндæр хабар дæр. Веринкæ-иу Райæмæ куы дзырдта æмæ-иу æй куы нæ хъуыста, уæд-иу æм ноджы хъæрдæрæй фæсидт: - Рай-йæ! Æппынфæстаг-иу æй чызг куы фехъуыста, уæд ын-иу дзуапп радта: -Уæй! - Руайгæ бакæн, уый дын «уæй»! Къуырма бадæ, дæ хъусты хæф ма- куы фæмиза, абондæргъы дæумæ куы дзурын, уæд кæм зæххы скъуыды ныххаудтæ! Ацы хабæрттæ, чи зоны, Райæ хъуыды дæр нал кæны, æмæ сæ куы бакæса, уæд мæм, гæнæн ис, æмæ фæхæрам уа, фæлæ æз мысгæ ницы æркодтон, цы фехъуыстон æмæ мæ цы нæ ферох, уый сусæг кæнын та мæ туджы дæр нæй æмæ Райæйы туджы дæр æмæ йæм дзы хъуамæ хъыг мацы фæкæса. О, æмæ, зæгъын, кæд, Райæ махæй ныллæгдæрæй кæй баззад, уым Веринкæйы ныхæстæ дæр исты сахадыдтой... Ноджыдæр-ма мæ мадæй иу ахæм æлгъыстмæ хæстæг ныхæстæ мæ зæрдыл бадардтон. Йæ дзуапп бæлвырд кæмæн уыд, ахæм истæмæй-иу дæ куы бафарстаид æмæ йын-иу, «нæ зонын», зæгъгæ, куы загътаис, уæд дыл-иу фæхъæр кодтаид: - Дæ зонгуытыл фæбыр, кæд æй зоныс, уæд! Мæнæ ацы рæнхъытæ куы фыссын, уæд мæ сæры февзæрд æнахуыр хъуыды. Уæлдæр цы уайдзæфты кой ракодтон, уыдонмæ æнæнхъæлæджы раиртæстон æнахуыр иудзинад: æртæйы дæр ис рифмæгонд дзырдтæ: къуы- рæйттæ - акъуырæнт, Райæ — руайгæ, зонын — зонгуытыл. Хуымæтæ- джы афтæ уа, уый æнхъæл нæ дæн... Веринкæ нæ уарзта æнæфсарм ныхас, æнæуаг дзыхæй дзурын. Йæ цуры дæлгоммæ ныхас кæнын дæр ничи уæндыд. Тæрсгæ дзы ничи код- та, æфсæрмы та, чи йæ зыдта, уыдон - иууылдæр. Быдыры кæимæ куыста, уыдонæй бирæтæй фехъуыстон, æвзæр дзыхæй дзурын нымады дæр кæмæ нæ уыд - ахæм сылгоймæгтæ та алы хъæуы дæр уыдис - су- анг, дам, ма дзы уыдон дæр стъæлфыдысты. Исчи, дам-иу дзы æнæуаг ныхас зæгъынмæ куы хъавыд, уæд, дам-иу йæ алыварс ахъахъхъæдта æмæ, дам-иу, Веринкæ уым куы уыд, уæд, дам-иу йæ дзых йæ армытъæпæнæй амбæрзта. Æнæфсарм ныхæстæ чи нæ уарзта, уымæн ноджы тынгдæр уæнгæл уыдысты æнæфсарм митæ... Иу хатт Æрыдонæй æрбацæйцыдыстæм. Къутуты цурмæ (афтæ хуыд- там, колхозы хортæ кæдæм ластой, уыцы бынат) куы фæцæйхæццæ код- там, уæд кауы рæбын иу лæджы чъылдымыздæхтæй ауыдтам. Веринкæ 93
иннæрдæм азылд æмæ йæхицæн дзурæгау дзырдта, æз дæр кæй хъуыс- тон, ахæм ныхæстæ: «Дæ ныхбынтæй туг фæкæлæд, мæ ныхбынтæй — æхсыр! Дæ ныхбынтæй туг фæкæлæд, мæ ныхбынтæй — æхсыр». Ца- лынмæ уыцы ныхæстæ къорд хатты дзырдта, уæдмæ лæгæн йæ кой дæр нал уыд. Æвæццæгæн, Къутутæм бацыд. Мах дæр дарддæр нæ фæнда- джы кой кодтам. Мæ мады куыд хъуыды кæнын, мæ фыды афтæ куы зыдтаин, уæд мын дыууæ хатты зындæр уыдаид. Кæд дзы исты зонын, уæд - адæмы ныхæстæй. Уæвгæ адæмы ныхæстыл дæр æууæнк нæй. Сæ иуæй-иутыл. Мæ фыды тыххæй сæ цы бирæ ныхæстæ фехъуыстон, уыдонæн сæ тæккæ ахсджиагдæр раст нæ рауад. Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ хъусын: «Сосыгкойæн дурты бын дæр мæлæт нæй!» Уæлдайдæр хæсты фæстæ фыццаг азты. Кæй фырт дæн, уый-иу чи базыдта, уыдон-иу мын зæрдæтæ æвæрынмæ фес- ты, цы лæгдзинæдтæ йæм уыди, уыдон дзурынмæ-иу февнæлдтой, æппæты фæстагмæ та-иу загътой: «Тæрсгæ ма кæн, тагъд æй ардæм хъæуы. Сосыг- койы дурты бын куы баныгæной, уæддæр ын мæлæт нæй!» Афтæ мын дзырдтой, канд нæ хъæуккæгтæ нæ, фæлæ йæ æндæр хъæутæй чи зыдта, уыдон дæр. Раздæр сыл, раст зæгъгæйæ, æууæндыдтæн æмæ æнхъæлмæ кастæн, папæ хæстæй кæд ссæудзæн, уымæ, фæлæ куынæ æмæ куынæ зынд, уæд адæмы ныхæстæм æндæр цæстæй кæсын райдыдтон: цæмæй мын мæ зæрдæ балхæной, уый тыххæй афтæ дзырдтой, ныфс мæ бауадзын уыд сæ зæрды, уымæн æмæ ныфсимæ цæрын æнцондæр у, хорздзинадмæ æнхъæлмæ кæсын адæймаджы зоныгдзавдæй ирвæзын кæны. Мæ хуыздæр æрдхорд Лолаты Хадзыби мын нæхи хъæуккаг Æккæлаты Дауыры афтæ фæзмыдта: «Мæрдтæй цæуæн куы уаид, уæд дзы Дзасохты Сосыгкойæ раздæр ничи раздæхид!» Уыцы ныхæстæ куы фехъуыстон, уæд ма мын цы бамбарын хъуыд, мæ фыд æгас кæй нал у. Уый ма суанг, йæ мæлæтыл æппындæр чи не ’ууæндыд, уыдоны дæр куы бауырныдта. Уæддæр æм æз æнхъæлмæ кастæн. Кæй ссæудзæн, ууыл мæ æууæндын кодтой Веринкæйы ныхæстæ. Йæ зæрдæмæ чи нæ цыд, ахæм ми-иу куы бакодтон, уæд-иу мæм афтæ ’ртхъирæн кодта: - Фæлæуу, мæнæ папæ ссæуа! Ахæм заман-иу тæрсыны бæсты цин кодтон, папæ ссæудзæн, зæгъгæ. Æрмæст уыцы цинтæй æцæг цин никæцы рауад, фæлæ ма абон дæр мæ фыды тыххæй ногæй-ногдæр хабæрттæ хъусын. Чи зоны, се ’ппæт раст не сты, чи зоны, къæхтæ-къухтæ дзы кæуыл бафтыдæуыд, ахæмтæ дæр дзы ис, фæлæ ахъуыды кæнгæйæ мæхинымæр афтæ фæзæгъын: кæй хъæуы мæ фыдыл истытæ мысын? Зæгъæм, нæ сыхы чысыл дæлдæр чи цард, Цуцаты уыцы Агуыбе мын ахæм хабар радзырдта. Нæ алыварс цы ’рвадæлтæ цард (фондз хæдзары), уыдонæй иутæ арахъхъ арæх уагътой. Арахъхъ та чи нæ уагъта, фæлæ уыдон, æвæццæгæн, иннæтæй арæхдæр уагътой æмæ, дам-иу Сосыгко афтæ загъта: «Бесотæ арахъхъ куы фæуадзынц, уæд сæ бæлæстæ дæр ра- сыг вæййынц». Уыцы хабар куы фехъуыстон, уæд мæ мидбылты бахудтæн. Агуыбе- йыл цæмæй тынгдæр баууæндон, уый тыххæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: 94
«Уый æцæгæйдæр афтæ уыди. Иннæты бæлæсты къалиутыл-иу иу сыф дæр не змæлыд, Бесоты бæлæстæ та-иу ратас-батас кодтой». Нæ хъæуы цалдæр бичетты уыди. «Бичетт» цы амоны, уымæн абон дæр ницы зонын. Кæд «пикет»-æй равзæрд, уæддæр бæрæг нæй, фæлæ махмæ, хъæуы цыппар уынджы фæндæгтæ цы ран баиу вæййынц, уым- иу обаугонд скодтой, йæ алыварс ын-иу бæлæстæ ныссагътой, астæуæй та-иу фæхсбандæттæ сарæзтой. Мах сыхы цы бичетт уыд, уый астæу зади бæрзонд акаци бæлас. Йæ алыфарс та уыди бандæттæ. Æз ма дзы æрæййæфтон ставд бæласы лыггаг æмæ-иу адæм уым фæрсæй-фæрстæм рабадтысты. Иуахæмы та сыхы лæгтæ акаци бæласы бынмæ æрæмбырд сты æмæ алы ныхас кодтой. Иутæ фæхсбандоныл бадтысты, фаллаг сы- хаг та - бæласы ставд, фæлæ зылын лыггагыл. Папæйы сæры æнахуыр хъуыды кæцæй февзæрд: фæстæты бауад æмæ, лæг цы къодахыл бадт, ^ый фæфæлдæхта. Лæг фæуæлгоммæ æмæ ма йыл къодах дæр батылд. Йæ сæр рог цæф фæци, фæлæ йæ былы туг куы рахъардта, уæд кæ- уынхъæлæсæй нырдиаг кодта: — Уауу, мæ сæй, уауу, мæ дыл! Дæ мадыл... Сосыгко! Уауу, мæ сæй, уауу, мæ дыл! Дæ мадыл... Сосыгко!.. Ацы хабар та нæ хæрæфырт Уырымты Мишкайы бинойнаг Беккуызар- ты Нутæйæ (Анутæйæ) фехъуыстон. Нутæ Холысты райгуырд. Йæ фыд куы амард, уæд фылдæр йæ ма- дырвадæлтæм хъомыл кодта. Уыдон та Бадыхъæуы цардысты. Мæ фыд дæр уым райгуырд, стæй æстдæс азмæ, цалынмæ Бæрæгъуынмæ ралыгъд, уæдмæ уым цард æмæ Нутæимæ кæрæдзийы хорз зыдтой. Хæрæфырт æмæ мадырвадæй уæлдай ма уыдысты æмгæрттæ дæр. Иу хатт, дам, мын Со- сыгко афтæ зæгъы: алы мыггаджы дæр цалдæр æвзæры ис, махмæ та иу йеддæмæ нæй æмæ, дам, дын дæ мадырвадæлты æз уымæй фервæзын кæндзынæн. Куыд, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд, йæ цæсгомы иу нуар дæр нæ фезмæлыд, афтæмæй загъта: «Мызурыбынмæ йæ мемæ ра- цæйхондзынæн, хидыл куы фæцæйхизæм, уæд æй фесхойдзынæн æмæ дарддæры хъуыддæгтæ Бады дон бакæндзæн. Æз фæфæдис уыдзынæн æмæ адæмæн фехъусын кæндзынæн, йæ сæр разылд æмæ доны ныххауд, зæгъгæ». Ацы хабар дæр мын, æнхъæлдæн, Нутæ дзырдта. Гыццылæй, дам, тынг фыдуаг уыд Сосыгко. Хистæр кæстæрæн зондамонæг кæм нæ вæййы æмæ йын-иу, коммæ кæс, зæгъгæ, ахæм зæгъджытæ куыннæ фæуыдаид. Иуахæмы та йæм чидæр æрлæууыд æмæ йын иннæтæй карздæрæй бафæ- дзæхста: - Коммæ кæс, коммæ, Сосыгко! - æмæ дарддæр йæ фæндагыл ацыди. Сосыгко бавдæлд, æмæ, Бады ком дзæбæхдæр кæдæм зынд, уым къар- диуы сæр сбадт æмæ Фæсфидарæй (ис ахæм хох Бадыхъæуы) йæ цæст нал иста. Цас фæбадтаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ иу заман, уайдзæф ын чи бакодта, уыцы лæг фæстæмæ ’рбацæйцыд. Лæппуйы æнахуыр ран бадгæ куы федта, уæд æм дзуры: - Уым та цы кусыс, Сосыгко? — Афтæ мын нæ загътай, коммæ кæс, зæгъгæ?! 95
Нартыхъты Габоци куыд зæгъы, афтæмæй мæ фыды хорз зыдта. Уый мæнæй къорд азы хистæр у, иннæмæй Бæрæгъуыны кæрæдзимæ хæстæг цардыстæм. Уæ хæдзар, дам, куы арæзтат - æвæццæгæн, уыдоны бæсты- хай раздæр срæвдз - уæд нæм Сосыгко æрцыд æмæ, дам, уæ хæдзарæн мах хæдзары хуызæн бындур æрæвæрдта. Æцæгæйдæр,-Габоциты хæдзар махоны хуызæн тигъыл æвæрд ис, æрмæст уыдонæн — иу фисыныл, махæн та фондз хæдзары уæлдæр раст ахæм фисыныл. Сæ дуæрттæ, сæ рудзгуы- тæ, дам, бынтон иухуызон æвæрд сты. Иу хатт ыл мæ фыд йæ бæхы куыд баууæндыд, уый дæр дзы нæ ферох. Бæхыл, дам, мæ бæргæ сæвæрдта, фæлæ æдас нæ уыдтæн. Тæрсгæ-ризгæйæ, дам, æй уæддæр бæхдонмæ бахæццæ кодтон. Габоци мын куыд радзырдта, афтæмæй хæсты размæ Бехъаны Къо- бостæн стыр хъæд уыди. Уый ма бирæ æндæр кæмæйдæрты дæр фехъуы- стон. Ныр дзы ахæм стыр бæлæстæ нал ис, фæлæ уæд йæ тулдзытæ ар- выл æмбæлдысты. Нæ хъæуккæгтæ йæм æхсæвыгæтты цæуаг уыдысты. Дыкъухыг хырхытæ-иу ахастой æмæ-иу, æхсæв бонæй нæма фæхицæн, афтæ сугæй дзаг уæрдон кæнæ бричкæ Бæрæгъуыны куы иу хæдзары кæрты балæууыд, куы - иннæ. Мæ фыд дæр, æвæццæгæн, ком нæ дардта. Мæ мады ’фсымæр Хæчъассæ мын куыд дзырдта, афтæмæй, нæ хæдзары мæт уыйбæрц нæ кодта, адæмыл цас тыхсти. Куы иу, куы иннæйы тыххæй æхсæвдзу кодта, афтæмæй та-иу хъуамæ нæхимæ суджы къæцæл нæ уыда- ид. Веринкæ йæ комæфтыд хуыдта. Махмæ «дзырдамонд» нæ дзурынц, фæлæ «комæфтыд». Æппындæр, дам-иу куы ницы ракодтаид, уæддæр, дам-иу æй ууыл сæвæрдтой. Æвæццæгæн, ацы хабар дæр иу ахæм заман æрцыд. Къобосты хъæды иу æхсæв акалдæуыд цалдæр бæласы. Райсомæй хъæдгæстæ Бехъаныл куы азылдысты, уæд куыннæ бафиппайдтаиккой, сæ бæлæсты ставддæртæй къалиутæ йеддæмæ куы ницыуал баззад, уæд! Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццагдæр кæуыл фæгуырысхо сты, уый уыди мæ фыд. Хъæдгæс Бобола æппæты разæй бахоста мах кулдуар. Папæ, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый куы базыдта, уæд æй, сугтæ æркалæн æмæ бафæсвæдгæнæн кæмыты ис, уырдæмыты фæрахон-бахон кодта, уымæн æмæ зыдта, бæлæстæ чи акалдта, уыдонмæ кæй ницы бар дары. Уæддæр Боболайы нæ уырныдта, Сосыгко бæласкалджытимæ нæ уыди, уый. Уæд мæ фыд бавдæлд, æмæ йæ скъæтмæ басайдта, уым дæр-ма баджигул кæн, зæгъгæ. Куыддæр æрдæгталынг скъæты фæмидæг, афтæ йын папæ хъу- джы къæлæт йе ’фцæгыл æрцауыгъта. Лæг, къæлæт йæ хъуырыл, афтæмæй æддæмæ лидзæг фæци. Уæдмæ кæрты сыхæгтæ æрæмбырд сты æмæ, лæджы афтæмæй куы федтой, уæд алырдыгæй сæ пыррыччытæ райхъуы- стысты. Ацы хабар мын Габоци, цал хатты амбæлæм, уал хатты радзуры. Йæ дзырдарæхсты кой дæр мæ хъусыл арæх æрцæуы. Уыимæ, дам, никæуыл ауæрста. Хæстæг у, хион у - уæлдай йын нæ уыд. Кæмæн цы ’мбæлд, уый зæгъынæй æфсæрмы нæ кодта. Не ’рвадæлтæй иу йæ фос ныууæй кодта, хæрзмыггагдæрæй аивынмæ сæ хъавыди, æви сын се ’хцайæ æндæр исты балхæнын йæ зæрды уыд, 96
Хуыцау йæ зонæг, фæлæ йæ кæрты цыппæркъахыг нал ныууагъта. Дзыппы цы ’хца уа, уый та бирæйы фаг нæ кæны æмæ уымæн дæр йе ’хцатæ цыбыр рæстæгмæ ницытæ ’мæ мацытыл фесты, æмæ лæг уæзæджы къæйыл аззад. Æмæ, дам, дзы мæ фыд афтæ загъта: «Джери йæхи йæхæдæг кулак скодта». Стæй, дам, ын иу хатт та афтæ загъта: «Джери, амæл, зæгъгæ, дын зæгъин, фæлæ уæд куывды цæуыс. Фæлтау уал цæр æмæ хъизæмар кæн!» Æмæ мæ фыды кой кæцырдыгæй не ’рыхъусын!.. Томайты Дзантемыримæ къорд азы «Рæстдзинад»-ы редакцийы фæкуыс- там, фæстæдæр та иу-дæс азæй фылдæр иу кæрты фæцардыстæм. Кæцы аз уыд, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ йын санатори «Ирыстон»-мæ путевкæ радтой. Уым базонгæ мæ хъæуккаг Сопойты Смелимæ. Мæ кой сæм цы хуызы рауадаид, уый абон ничиуал сбæрæг кæндзæн, уымæн æмæ дзы иу дæр æгас нал у (рухсаг уæнт дыууæйæ дæр!), фæлæ, æвæццæгæн, мæ койæ мæ фыды коймæ рахызтысты. Смел нæ хъæуæй раджы рацыдаид, уымæн æмæ йæ æз не ’рæййæфтон, фæлæ мæ фыдимæ кæрæдзийы хорз зыдтой æмæ йын йæ хабæрттæ Дзантемырæн фæкодта. Томайы-фырт санаторийæ куы ’рцыд, уæд мыл Смелы фæдзæхст сæмбæлын кодта, ссарæд, дам, мæ — йæ телефон æмæ мын йæ адрис дæр радта — æмæ, дам, ын æз йæ фыды хабæрттæ фæкæнон. Цæттæ кодтон мæхи фембæлдмæ, фæлæ хъуыддаг иу бонæй иннæмæ æргъæвтон æмæ та мыл, бирæ хæттыты цы сайд æрцыд, ахæм сайд æрцыд. Смел, æвæццæгæн, уымæй размæ дæр хъыгдард уыд æмæ санаторийæ æрцæуы- ны фæстæ бирæ нал ацард. Куыннæ фæсмон кодтаин, фæлæ ма дзы цы рауад! Æрмæст кæмдæр цыдæр кæй ис, уый та мæ бауырныдта. Смел мæрдтæм цы диссæгтæ фæцæйхаста, уыдоны размæ дзырды зæрингуырд Хъайтыхъты Азæмæт фæци æмæ мын мæ фыды фæрнæйдзаг хъуыддæгтæ, фæстæмæ здæхæн кæцæй нал и, уырдæм хæссын нæ бауагъта. Цæвит- тон, Азæмæт дæр Смелыл æнæнхъæлæджы фембæлд æмæ дзы мæ фыды тыххæй цы ныхæстæ фехъуыста, уыдонæй æртæ хабары ныффыста. Ныф- фыста сæ афтæ дæсны æмæ аив æвзагæй, æмæ Смелимæ кæй нæ фембæлдтæн, ууыл фæсмон нал кæнын. Суанг ма мæм ахæм хъуыды дæр сæвзæрд: æгайтма нæ фембæлдтæн, уыцы хабæрттæ мæнæн куы ра- кодтаид, уæд æз сæ ныффыссынмæ афтæ хорз нæ сарæхстаин. Цæмæй Азæмæты дзырдарæхстдзинадыл сымах дæр баууæндат æмæ уæм мæ ны- хæсты рæстдзинад тынгдæр бахъара, уый тыххæй дзырды бар радтæм тау- рæгъгæнæгæн: «Мæ бирæ хæлæрттæй иу бæрæгъуыйнаг Сопойты Смел уыдис (рухсаг уæд!). Кæддæр мын йæхи конд кард балæвар кодта, æмæ йæм ныр куы ’ркæсын, уæд мæм цыма йе ’рттиваг æндон фарсæй фæлмæн мидбылхудгæ ракæсы. Мæ цæстытыл ауайы хæрзконд, хæрзуынд, уæх- сты хуызæн æнæ уæлдай фыд ирон лæджы фæлгонц. Смелы æвзагыл æдзухдæр бадти йæ уарзон хъæуы ном. Иу дон кæимæ нызта, иу уæлдæф кæимæ улæфыд, уыдоны-иу хъæуы сæрæй хъæуы дымæгмæ номхыгъдæй нымайын куы байдыдта, уæд-иу комы цæгатмæ хурбакæсæгау йæ тæнæг цæсгом ныррухс, худындзæг-иу йæ цæстытыл абадт. Раппæлынæй уæлдай дзы никуы никæй фыдгой фехъуыстаис. 7 Дзасохты М. 97
Санатори «Ирыстон»-ы улæфгæйæ мын-иу Смел йæ цардæй бирæ хабæрттæ æрымысыд. Мæнæ дзы æртæ цауы. ...1932 азты Ирыстоны хъæууон дуканийы хъуымац зын ссарæн уыдис, Бакуйы дуканиты та, дам, алыхуызон хъуымæцтæй тæрхæджытæ дæлæмæ тасыдысты. Мах æртæ æмбалæй, Дзасохты Сосыгко, Хъантеты Буца æмæ æз, бæгуылæгтау ауынаффæ кодтам æмæ номдзыд Бакуйы сахары иу изæр поездæй æрхызтыстæм. Дард, æнахуыр бæстæйы, æнæзонгæ адæмы ’хсæнмæ æртæйæ дæр фыццаг хатт бахаудыстæм æмæ нæхи бæрнаджы фосау æнкъардтам. Æхсæвы вагзалы иу къуымы бæргæ бакъуыбар стæм, фæлæ нæ нæ хохаг дарæс уайтагъддæр цæстфæлдахджытæ æмæ дзыпкъахджыты цæсты баф- тыдта. Бæлццон адæмæй вагзалы къухбакæнæн нæ уыди. Раст мæнæ чыргъæ- ды бындзытæ къуырттæвæргæйæ куыд фæгуыв-гуыв кæнынц, афтæ сæ уынæрæй не ’нцадысты. Дзæбæх арæзт, къæсхуыргомау лæппулæг нæ разы цæуылдæр скатай. Уалынмæ дын нæм замманай дзыппыдаргæ сахат бавдисгæ йæхи куы ’рбакъултæ кæнид: — Фæндаггаг мæм нал ис æмæ уæ ацы сахат ничи балхæнид? Уæды рæстæджы ахæм дзаума тынг кадджын уыдис æмæ йæм мæ зæрдæ бахъазыд. — Багæдзæ уал кæ, Смел, сом уал нæ хъуыддæгтæ бакæнæм,— фæзæгъы Сосыгко, фæлæ сахаты хицау йæхи бынтондæр куы ныммæгуырхуыз код- та, уæд ын фæтæригъæд кодтон. Æхца куыддæр йæ къух ссардта, афтæ поездмæ æнхъæлмæгæсæг адæмы ’хсæн фæтары. Аслам аргъæй ахæм зынаргъ дзаума мæ къухы кæй бафтыд, ууыл куыннæ бацин кодтаин, фæлæ йын йæ сæр куы фегом кодтон, уæд мæ буар ауазал. Туг сæрмæ ныццавта, цæстытæ атартæ сты, къæмисæнты дзæхст-дзæхст ссыд. Мæ къухты уыди зæронд сахаты афтид агъуд. — Иугæр топп куы фехсай, уæд ын йæ нæмыг нал æрцахсдзынæ, дæхи дзæгъæлы мауал хæр,— сабыр мæ кодтой ме ’мбæлттæ, фæлæ мæнæн мæ масты дзæкъул ныддымст æмæ мæ къухы фыдтæм дæндагæй лæбурдтон, сайд мыл цæмæн æрцыд, зæгъгæ. Адæймаг цæуæнты куы нæ ауайа, хæтæнты куы нæ ахæта, уæд фæнда- гыл рæдийаг вæййы. Махæн дæр иу рæдыд æгъгъæд нæ уыд æмæ та дыкка- джы дæр ныссагъдыстæм. Усгуры кары чи уыдаид, ахæм пыррыкрихи лæппу ныл тамако пъæртгæнгæ йæхи ахаф-ахаф кодта. Цæстфæлдахджыты, дзып- къахджыты фаудта, алы какулатæ сыл калдта. Йæхи ныл тæригъæдгæнæг скодта æмæ нæм йæ дæндæгтæ къæс-къæсгæнгæ æрбахаты: — Æз зонын, уе ’фхæрæг кæм бады, уый. Кæд уæ фæнды, уæд цомут æмæ уæ тын уæ къух ссара. — Æ, Хуыцауы хорзæх дыл, зæгъын, сæмбæла, — бацин кодтон æз æмæ дын æртæйæ дæр нæ хæрзгæнæджы фæдыл фæраст стæм. Уынгмæ нæ расайдта, æмæ ныл уым аууоны сæхи хъæрццыгъатау ныццавтой. Не ’хцайы капеччытæ нын астигъынмæ хъавыдысты, фæлæ мах дæр, уыдон куыд æнхъæл уыдысты, бынтон афтæ сæ лæппынтæй нæ разындыстæм. 98
Нæ хъæр, нæ хъæлæбамæ милицæ æхситгæнгæ фæзындысты. Стигъ- джытæ стигъджытæ сты æмæ цæстыфæныкъуылдмæ фæтары сты. Ми- лицæ махыл нæ баууæндыдысты, æгъдаухалджыты гакк ныл аныхæстой æмæ нæ къарцы фæмидæг кодтой. Камерæйы баййæфтам, йæ тæнтæ хоры къутуйау кæмæн ныддымсты- сты, ахæм дынджыр хæмхудджын азербайджайнаг лæджы. Уый-иу фынæйæ куы ныххуыррытт кодта, уæд-иу цары сæрстытæ æрызгъæлдыс- ты. Æмæ афтид ууыл куы уыдаид, фæлæ дзы йæ гуыбыны гыбар-гыбу- римæ цы уæззау тæф цыд, уымæн зын быхсæн уыд. Нæ улæфæнтæ-иу хæдæтты фæдджитæй бæргæ сæхгæдтам, фæлæ... Сосыгко йæм мæстæй æхсысти, фæлæ йæ Буцаимæ сабыр кодтам, æмæ та-иу уæд йæ цæхæр цæстытæй мæн асыгъта, адон нын дæ фыдбылызтæ сты, зæгъгæ. Мæ аххос зыдтон æмæ-иу фырæфсæрмæй мæ сæр мæ сагæхты атъыстон. Цыдæриддæр уыди, уæддæр фыдæхсæв фыдрынау ахуыссыд. Нæ амондæн уыдаид, нæ зонын, фæлæ хуры цæстæй хуыцаубон ракаст æмæ бæстæ базмæлыд. Уыцы бон милицæйы кусджытæн дæр улæфæн бон уыд, æмæ хайады радгæсы æвджид уыдыстæм. Кæртмæ нæ атезгъо кæнынмæ куы рахуыдта, уæд нæ цурмæ æрбацыд, æртын фондз азы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм сырхуадул, хæрзконд лæг, хуымæтæг, аив дарæсы. Гуыр- дзиаг кæй уыд, уый бакастæй дæр æмæ йæ ныхасыхъæдæй дæр бæрæг уыд. Радгæс ын рапорт куы радта, уæд, хицау кæй у, уый бамбæрстам æмæ нæ цæмæй нæ цыппæрæймаг æмбалæй фæиртаса, уый тыххæй йын нæхи ныффæлдыстам. Хицау, æвæццæгæн, мах феныны размæ базыдта, кæцæй стæм, нæ аххос цæй мидæг ис, уыдæттæ. Ноджы ма йæ хорз зæрдæйыл уыдис æмæ хъазæгау фæзæгъы: - Мæнæ мæ богалæй зæгъут? Уымæй уæ æз ныртæккæ дæр фæхицæн кæндзынæн. Æрмæст дзырдæй, йемæ хъæбысæй рахæцут æмæ уæ йæ кæд исчи абырса, уæд - уæ хæдзæрттæм фæндараст! Кæд мæ богал фæуæ- лахиз уа, уæд уымæн та бапъерозты къопп æмæ дзулы буханкæ. Богал ныццин æмæ кæрты къуымты йæ дынджыр къабæзтæ ивазгæ арсау æрзылд. Мах кæрæдзимæ кæсыныл фестæм. Хицау йæ мидбылты бахудгæ уайдзæфгæнæгау скæрды: - Ау, сау халон хохаг сахъ цæргæсы абырса, мæн уый нæ уырны, æви уæ уæ хæдзæрттæм нæ фæнды?! Уыцы ныхæсты зынгæй Сосыгкойы топпыхос ныппæртт ласта. Йæ цъæх цæстытæ ферттывтой æмæ хицауы раз балæугæ фæзæгъы: - Раст зæгъ, нæ асайдзынæ? - Гъе, гормон, уый та куыд загътай? Лæгтæ куы хуыйнæм! - Цæй, уæдæ, цы уа, уый уæд, чызджы быны, мыййаг, куы нæ кæндзынæн,- махæй бар курæгау фæзæгъы не ’мбал æмæ кæрты астæумæ уæндон къахдзæфтæгæнгæ бацæуы. Дыууæ лæджы арс æмæ йæ хъыбылау кæрæдзи цæнгтыл куы ’рхæцы- дысты, уæд мах Буцаимæ кæрæдзиуыл бакъул стæм æмæ, дарддæр цы уыдзæн, зæгъгæ, адæргæй гæдыхъæдау рызтыстæм. Æмæ кæд цыппæр- гай цæстытæй кастыстæм, уæддæр, æвиппайды цы ’рцыд, уый нæ бафип- 99
пайдтам. Хицауы богалæн уæлгоммæ йæ тъæпп зæххыл фæцыд æмæ йæ дзагъыр цæстытæ хъоппæгæй аззадысты. Зæххæй дзыккафыцæн къаннæг аджы бынау цы цъæх дур зынд, уымæ йæ къæбут æрхаста æмæ адæргъ. Хицауы сырх цæсгом цикъæйау афæлурс. Иæ цонджы тугдадзин ма йын асгæрста, гъе стæй мах æртæйæ дæр йæ кусæн уаты’фæмидæг кæны, нæ гæххæттытæ, æхцатæ, рæттæ нын нæ къухты фæсадзы æмæ нæ фед- дæдуар кæны, ам, дам, уæ дымгæ дæр куыд нал уа, афтæ. Фароны фистимæ нæ къонатыл сæмбæлдыстæм. Хиуæттæ, сыхæгтæ, зонгæтæ нæ фарстой нæ балцы хабæрттæй, фæлæ дзы раппæлинагæй ницы уыд. Мæ сахаты хабар хъæубæстыл айхъуыст æмæ-иу мæ ме ’мгæрттæ мæстæй марæгау дардæй дæр фелхыскъ кодтой, Смел, æркæс-ма дæ са- хатмæ,рæстæг цас амоны, зæгъгæ, фæлæ ацал-ауал азы нæ хуылфыты æмбæхстæй цы сусæгдзинад фæхастам, ныр æз дæуæн уый райхæлдтон æмæ Хуыцауæй курын хатыр, - загъта Смел æмæ йæ хæзнаты чырыны дуар æрæхгæдта. ...Цыдйс 1933 æххормаг фыд аз. Бурдым мыдамæст фæззæг теуайау схæц-ныххæцгæнгæ нæ хъæумæ дæр æрбахæццæ, æмæ адæм иучысыл фæхъыртхъомдæр сты. Нæ колхозы правленийы уынаффæмæ гæсгæ Хуы- дæлты Хадзымæт, Кобесты Хадзырæт, Дзасохты Сосыгко, Хосаты Гæбæти æмæ æз фондз бричкæйæ нæ изæр ныххастам Æрджынарæгмæ не скъо- лайæн сугтæ ласынмæ. Сыздæхтам Дзылаты коммæ æмæ уым иу рæсугъд фæзы суадоны был æрфысым кодтам. Нæ бæхты суæгъд кодтам, сæ раз- заг къæхтыл сын сахсæнтæ бафтыдтам, æмæ фæсалгæрдæджы хуыр- рытгæнгæ хызтысты. Бон æрцъынд. Тар æхсæв йæ бартæ райста æмæ ололийы æнкъард хъарæг æрдзы сабырдзинад хæлдта. Мах гуыргуыраг арты фарсмæ нæ уæйлаг нымæттæй иу æрытыдтам æмæ йыл æрфынг кодтам нартхоры кæрдзынтæ, хæндыджы цыхт, æйчытæ æмæ арахъхъы æвгтæ. Нæ нард фынгæвæрдмæ цалхыдзаг мæй дæр бæгънæг сабийау сцыбæл, нæ сæрмæ йæ цыппæртыл æрбахылд æмæ нæм йæ дынджыр цæст хай курæгау ныддардта. Нæ буц хистæр Хадзымæт куыддæр йæ къухмæ дзаг сыкъа райста, афтæ дыууæ хотыхджын лæджы нæ уæлхъус февзæрдысты. Милмæ сисгæйæ нæ зæххыл дæлгоммæ куы ныххуыссын кодтой, уæд дзы иу иннæмæ йæ дыууæхстон авæры æмæ нын не ’хсæвæр зыдгæнгæ йæ дзæкъулы æфснайы. Нæ зонын, Сосыгко нæ цурæй йæхи куыд фæтылиф кодта. Топпытæ нæм чи дардта, уымæ гæдыйау фæстæты æрбахъуызыд æмæ йын фатхъæдæй йæ бæрзæй ныддаудта. Лæг æнæ хъыпп, æнæ сыппæй фæсутыр. Сосыг- ко йын йæ гæрзтæ фелвасы æмæ иннæ тыхгæнæджы къухтæ куы сдарын кæны, уæд йæ хъæр анæры: - Хадзымæт, Хадзырæт, бæндæнтæ! Чысыл фæстæдæр дыууæ гуыдынхъус тыхгæнæгæн цыппæртæ бастæй се ’взæгтæ хатыр курынæй бапъерозы гæххæттау тæнæг кæнын байдыд- той, афтæмæй ныл æрбон. Не ’нæхуынд уазджытæ сæхи хуыдтой змей- кæйаг цуанæттæ. Хадзымæт æмæ сæ Хадзырæттоппæргъæвдæй хъахъхъæд- той, афтæмæй нын нæ бричкæтæ сугтæй куы байдзаг кодтой, уæд сæ Хуыцауы бар ныууагътам. 100
Хур арвы астæумæ схæццæ, афтæ мах дæр дзагармæй къæс-къæсгæнгæ паддзахвæндагмæ æртылдыстæм æмæ изæрæй нæ хæдзæртты Сосыгкойы цæрæнбоны тыххæй скуывтам. ...1937 азы дæр ма колхозон æппæт куыстытæ дæр уæхскуæзæй уыдыс- ты. Уæрæх быдырты зад хуымтæ рувынмæ къæпитæ нæ фаг кодта, æмæ колхозонтæ тыхстысты. Уалынмæ дын чидæр сæрдары хъусы куы бацæгъ- дид, уартæ, дам, Мызуры æрзæткъахæнты механикон æрмадзы куырдæй кусы сызгъæрин къухты хицау Хъуппе^ты Сослæнбег. Уый, дам, æфсæйнагæй лæджы нывтæ дæр аразы. Йæ цæфхады конд - æндон æхсыст, йæ рацагъд къæпи та, дам, алмаси. Ацы хабар нын нæ сæрдары уæззау уаргъ фæрогдæр кодта. Сосыгкойы къухты æрмæджы æхца ныс- садзын кодта, æмбалæн та йын мæн хал схаудта æмæ иу бон нæ изæр Мызурмæ бахастам. Нæ уæздан фысым Дзусты Бате нæ фырбуцæй цармæ скæсын кодта. Уæд æз фыццаг хатт фæхъæстæ дæн, фондзыстъалыджын сомихаг коньяк кæй хонынц, уыцы диссаджы нуазинаг æмæ сау еугæфæй. Фæсахсæвæр ма дзæвгар фæмысыдыстæм ивгъуыд бонтæ, стæй уæд райдзаст уаты сыгъдæг, фæлмæн хуыссæнты æфсæстæй батылдыстæм. Цæйбæрц арæдзæ- мæдзæ кодтаиккам, нæ зонын, фæлæ уалынмæ хох рафæлдæхæгау бæстæ гыбар-гыбур сси. - Фæдис, хъаймæт æрцыдис! - хъуысти уынгæй хъæртæ, æмæ мах дæр нæ фысымтимæ феддæдуар стæм. Адæм цъалхæй-малхæй сæ фатертæй къæдзæхрæбынтæм лыгъдысты. - Цы у, цы бæллæх æрцыди? - хуыссæгхъæлдзæгæй чидæртæ кæрæдзи фарстой. Куыд рабæрæг, афтæмæй Æрыдоныдон фурдау раивылд æмæ æнæхъæн ком йæ сæрыл систа. Доны былты цы уæладзыг хæдзæрттæ уыд, уыдоны спичкæйы къоппытау ныхъуырдта. Йæ уазал дымгæ къæдзæхты сæрмæ дæр хæццæ кодта æмæ былтæ цавта. Æнæхъæн поселок фыдæхсæв фæци, афтæмæй ныл æрбон. Тарст адæм стырæй, чысылæй къæдзæхрæбынты, дурты сæртыл хуыргæрчытау ба- къуыбæрттæ сты. Ивылд дон знæтæй-знæтдæр кодта. Адæймаджы сæр- иу æм хохы сæрæй кæсгæйæ дæр разылд. Æнæхъæн комы, суанг На- рыхъæуæй Алагирмæ цъиу атæхæн дæр нал уыд. Иу хид, иу ауæзты мур дæр дзы никæмуал баззад. Садоны та æрзæткъахджытæн æфсæддон хæйттæ ссад æмæ æндæр хойраджы продукттæ бæхуаргъæй хастой Ходы æфцæгыл. Поселочы куыстуæттæ дæр иууылдæр ныллæууыдысты. Æвдæлон адæм- иу уæлбылты къордтæ-къордтæй Æррадоны уылæнтæм кæсгæйæ сæ уæгъд рæстæг мардтой. Мах къордимæ лæууыди æрзæтыссæн фабричы кусæг Таболты Уывыдзыхъо, йæ дæларм, куысты йын кæй радтой, дыууæ ахæм дзыхъынног бур батинкæйы. Куы-иу иуæрдæм бауад, оххытæ-ох- хытæгæнгæ, куы та — иннæрдæм. Раст æй цыма ардаугæ ачынд, уыйау дын Сосыгкойы куы афæрсид: ~ Цымæ ацы доны иннæрдæм чи баленк кæна, ахæм лæг искæм ис? - Мæнæ дæ дæларм цы батинкæтæ ис, уыдон æри æмæ æз баленк кæндзынæн,- фæцырд Сосыгко. 101
Æз ын фыццаг хъазын æнхъæл уыдтæн, фæлæ хъуыддаг æцæг хæснагмæ куы рахызт, уæд мæ зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста. Ноджы ма Уывыдзыхъойæн къæссайы комылхæцджытæ дæр куы фæцис, уæд нæ фысым Батейы агурæгфæдисы азгъордтон. Фæстæмæ куы фездæхтыстæм, уæд кæсæм, æмæ Сосыгко фаллаг фарс айнæг къæдзæхы сæрæй фæлгæсы. - Сосыгко, ацырдæм мауал сфæнд кæн! - нæ удтæй арт цæгъдгæ йæм мах Батеимæ хъæр кæнæм. Уый нæм йæ къух, хорз, зæгъгæ, фæтылдта æмæ бæрзондæй йæхи æрра уылæнтæм нывзылдта. Æз адæргæй кæм лæу- уыдтæн, уым æрбадтæн æмæ дыууæ къухæй мæ цæстытыл ныххæцыдтæн. Донæй сурмæ куы сгæпп ласта, уæд фæйнæрдыгæй, ура-а, зæгъгæ, адæ- мы хъæр райхъуыст, æмæ та æз дæр ме ’муд æрцыдтæн. Æз, куыд æнхъæл уыдтæн, Уывыдзыхъо ахæм æнæрхъуыды нæ ра- з^ынд. Сосыгкойæн цы батинкæтæ фæхæрд, уыдон ын уынджы нæ радта. Йæ сыхæгтимæ нæ сæхимæ ахуыдта, нæл сæгъ нын акусарт кодта æмæ ма ды дæр уым куы уыдаис. Нæ фьюымтæм уазæджы фынгыл къуыри фæбадтыстæм æмæ, ивылд дон куы нæ сабыр кодта, уæд Ходы æфцæгыл Къора-Урсдонмæ фистæгæй алæвæрдтам, уырдыгæй та - нæхимæ. Сæрæн, ныфсхаст, æвзыгъд лæппулæг Сосыгко колхозон быдырты дæр бæргæ исты сгуыхтдзинæдтæ равдыстаид, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы сæраппонд йæ цард нывондæн æрхаста. Уый хъысмæтмæ æгъгъæд нæ фæкаст, æмæ, сæ хуртæй кæмæн нæ бафсæст, уыцы æртæ æнахъом хъæбулы йын ноджы уæззаудæр дурæй ныццавта. 1954 азы кол- хозон быдыры сæ мад Веринкæ йæ куысты уæлхъус фæмард. Фыдуаг зымæджы карз тымыгътæн сæлын нæ бакуымдтой Сосыгкойы æртæ сызгъæрин талайы: Музафер, Дибæхан æмæ Рая. Хуры рæдау тынтæм сæхи ивæзтой æмæ адæмы рæгъы рацыдысты... Сопойты Смел ма цыдæр зæгъинаг уыдис, фæлæ æхсæвæрмæ сидæг санаторийы дзæнгæрæг йæ хъуыры фæбадт, æмæ æз дæр мæ блокнот бах- гæдтон». IV Мадызæнæджы быныл баззайын дæр æнамонддзинад у, уæдæ цы, æндæр-иу мæ мадыхо Катйаннæ йæ хъысмæтæй нæ хъаст кодтаид. Йæ хистæр хотæ Веринкæ æмæ Евдинкæ (мах æй Гыгы хуыдтам) йæ разæй фесты, йæ кæстæр æфсымæртæй иу — Тасолтан хæсты баззад, Хæчъассæ та Евдинкæйы фæстæ амард. Æмæ-иу куы ратыхст, уæд-иу, мæгуыр, афтæ фæкодта: «Цымæ мæ Хуыцау мæ хотæ æмæ æфсымæрты фæстæ цæмæн ныууагъта, ацы дунейы цы нæ федтон, ахæмæй ма мын цы баз- зад?! Цæуыннæ мæ айсы йæхимæ?» Катйаннæйыл дæс æмæ æртиссæдз азæй уæлæмæ цыд. Мæ фыдыхо Оляйы царды зилдухæнтæ зындæр уавæрты баппæрстой. Æртæ ’фсымæры æмæ дыууæ хойы уыдысты, æмæ Оляйыл фондз æмæ ссæдз азы дæр нæма цыд, афтæ дзы иу дæр æгас нал уыд. Йæ мадæй дзидзидай сывæллонæй бавдæлон, йæ фыдимæ дæр уыйас бирæ нæ 102
фæцард, стæй, цы фæцард, уый дæр — фыдыустытимæ, фыццаг — иуимæ, уый фæстæ та — иннæимæ. Кæд ацы дунейы искæмæй рæвдыд баййæфта æмæ фæлмæн ныхас фехъуыста, уæд — Веринкæйæ. Афтæ куы нæ уыда- ид, уæд ын йæ мардмæ йæ уæрджытæ хойгæ не ’рбацыдаид, йæ рустæ йыл нæ ныттыдтаид. Кæд æм йæ номæй никуы сдзырдта æмæ йæ «Чындз» хуыдта, уæддæр æм чындзы цæстæй нæ каст, Веринкæ йæм ходыгъды цæстæй куыд нæ каст, афтæ. Хоты хуызæн уыдысты. Дыууадæс азы кæй æхсæн вæййы, ахæм хотæ иу æмæ дыууæ вæййы! Ралæууыд 1947 азы зымæг. Бæстæ фыруазалæй къæрццытæ кодта. Уый размæ зæххыл хоры гага не ’рзад. Быдыртæ басыгъдысты. Адæм сыдæй мардысты, сыдæй мæлын чи нæ куымдта, уыдон та рæсигæ кодтой. Мах дæр иннæтæй ницæмæй хицæн кодтам, фæлæ цыфæндыйæ дæр цард йæхиуæттæ домдта. Лæппутæ устытæ хастой, чызджытæ чындзы цыдыс- ты. Кодтой авдæнбæттæнтæ æмæ кæхцытæ, ноггуырдтыл æвæрдтой нæмттæ, бадтысты куывдты. Оляйæн дæр йæ чындзы цæуæн бон ахæм гæвзыкк рæстæг æрæййæфта. Фæлæ адæм хорз сты. Нæ фарсмæ æрба- лæууыдысты. Алы рæттæй хуынтæ хастой. Кæд мыл дæс азы йеддæмæ нæ цыд, уæддæр ма цыдæртæ хъуыды кæнын. Фауыны хуызы йæ дзырд- таиккой, æвæццæгæн, æндæр иннæ хуынты астæу нæ хæстæгдæр æрва- дæлты æртæ кæрдзыны цæмæн равзæрстой?! Æртæ кæрдзыны, зæгъгæ, барæй ныффыстон, уымæн æмæ хуыны чъиритæ нартхоры ссадæй конд уыдысты. Адæм сыл сæ цæст уымæн æрæвæрдтой. Цы бакодтаиккой, мæгуыр, кæд сæ рæбыны дзуллаг нæ разынд, уæд! Уæвгæ сын, чи зоны, сæхи цæсты æфтауын не ’мбæлд, иннæ адæмæй алчи æртæ чъирихор мæнæуы ссад куы ссардта, сидзæргæстæ сæхи дæлджинæджы бынаты куы нæ ’рæвæрдтой, уæд лæгджын хæдзар, махмæ тæккæ æввахсдæр æрвадæлтæ, сæхимæ адæмы цы ’ркæсын кодтой?! Чи зоны, мæ ныхæстæ раст не сты, дардæй кæсгæйæ уайдзæфтæ кæнын æнцон у, фæлæ сæм хæстæгæй чи каст, уыдонмæ дæр æндæр хъуыды нæ уыд. Цыдæриддæр уыди, уæддæр мæ фыдыхойы æрыдойнæгтæ Цомайты Акканæн ахастой, цæмæй мын мæ ног сиахс дыууæрдæм хæстæг æй- йафын райдайа, уый тыххæй. Чындзæхсæвæй фæстæмæ канд мæ фы- дыхойы сæрыхицау нæ уыд, фæлæ ма мæ мадымад Лезийы мадыфсымæр дæр. Чындзы куы ахастой, уый дыккаг бон Веринкæ сыхæгтæ æмæ хиуæтты æххуысæй хуындзæутты срæвдз кодта æмæ сæ Æрыдонмæ арвыста. Хуын- дзау чи уыд, уыдонæй ма æрмæстдæр нæхи Алиханты Аслæнбеджы хъуыды кæнын, иннæтæ чи уыдысты, уый мæ ферох. Кæд ма исты зонын, уæд мæ къæхтыл уыдысты Веринкæйы къалостæ. Къанауы былмæ куы бахæццæ стæм, уæд миты рагъыл хъазт сарæзтам, æмæ фæндыры зæлтæ быдырты сæрмæ фæйлауæнтæ кодтой... Фыццаг рæстæджыты Оляйы зæрдæ йæ ног хæдзары ницæмæй рай- гонд уыд. Лæппу йын райгуырд æмæ цалдæр мæйы фæстæ амард. Дык- каг лæппуйы райгуырдыл цæттæдæрæй сæмбæлдысты. Фыццаджыдæр, рагацау ахъуыды кодтой номыл. Æрлæууыдысты Сослæнбегыл. Хуымæ- тæджы нæ. Сæ мыггаджы уыдис ахæм номимæ зæронд лæг. Нæхи хъæук- 103
каг. Иугæр уый бирæ цæры, уæд хъуамæ йæ кæстæры дæр уыцы амондæй хай фæуа. Дыккагæй та йын авдæн æрбахастой нæхицæй, ома Оляйы цæгатæй, мæн кæм ауызтой, уыцы авдæн. Цæмæйдæр сæм æз амонд- джын фæкастæн. Афтæмæй мæхæдæг дæр цæрæццæгтыл бирæ фыдæбæт- ты фæстæ нымад æрцыдтæн. Кæд ма йæ хъуыды кæнут, уæд мæнæн уыдис æртæ’хистæр æфсымæ- ры, æмæ æртæйæ дæр фæд-фæдыл амардысты. Æз куы райгуырдтæн, уæд мæ нæхи Аслæнбеджы мад Лубæ хуыйы цармы батыхта, кæд цæринаг уа, уæд ын ницы уыдзæн, зæгъгæ. Рæстæг куыд равдыста, афтæмæй мын ницы уыд æмæ мæ фæстæмæ дзæбæхæй райстой. Амонды хос фæци уыцы авдæн чысыл Сослæнбегæн дæр. Авдæн ма ныртæккæ дæр æгас у. Цомайты цары æфснайдæй лæууы. Куы йæ фенин, уый мæ бæргæ фæфæнды, фæлæ мæ хæрæфырттæм куы вæййын, уæд мыл мæрдырох бахæцы, мæхи зæрдыл уæвгæ не ’рлæууы, мæ зæрдыл та мын æй лæууын ничи ’ркæны. Мæ авдæны æрмæст Сослæнбеджы нæ ауызтой, фæлæ ма йæ фырт.Мараты дæр. Куыд загътон, афтæмæй Оляйæн уыдтæн хуындзау. Йæ лæппу Со- слæнбег ус куы куырдта, уæд уымæн та мæ иннæ хæрæфырт Баситы Алы- бегимæ минæвар ацыдтæн æмæ дзы ницæмæй фæсмойнаг дæн. Æхболæт- ты Алиханы хæдзары ссардтам уазæгуарзон фысымтæ, сæйрагдæр та уыдис, æнæдзуаппæй нæ кæй нæ рарвыстой æмæ нын сæ дохтыр чызг Фатимæйы раттыныл кæй сразы сты, уый. Диссаджы чындз басгуыхти Æхболон. Ацал-ауал азы мæ фыдыхойæн цы лæггад кæны, уый æмбисондæн дзу- ринаг у. Æниу куыд уазæгуарзон æмæ кæрдзындæттон у, уый та! Сæдæ барæджы сæ дуармæ куы ’рфистæг уаиккой, уæддæр сын цыма лæггад кæнын бафæразид, æгъдау сын раттид, хъæстагæй дзы ничи баззаид, афтæ мæм кæсы. Кæсгæ мæм нæ кæны, фæлæ уый æцæгæйдæр афтæ кæй у, уымæн мæхæдæг æвдисæн иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн. Кæцыфæнды афон сæм куы бахойын, стæй сæм кæимæфæнды æмæ цал- фæнды æмбалимæ куы бацæуын, уæддæр цыбыр рæстæгмæ нæртон фынг нæ разы февзæры. Афтæ ныр дæс æмæ ссæдз азы бæрц. Фынджы уæл- хъус дæр æмæ йын адæмы астæу дæр арфæйы ныхас зæгъын кæддæриддæр мæхицæн хæсыл фæнымайын. Иуахæмы та йын арфæтæ кæнын куы рай- дыдтон, уæд йæ мидбылты бахудгæйæ куы сдзурид: — Ды та æдзух мæнæй феппæлыс! - Тыхсгæ ма кæн, фауын дæ куы хъæуа, уæддæр дæм нæ бафсæрмы кæндзынæн,- дзуапп ын радтон æз. Бонтæ цыдысты, азтæ кæрæдзийы ивтой. Сослæнбег æмæ Фатимæйæн фæзынди кæстæртæ, раздæр — Иннæ, уый фæстæ — Марат. Марат куы нæма райгуырд, уæд йæ ныййарджытæ — дыууæ дохтыры — ацыдысты дард балцы — Хуссар Йеменмæ, чысыл Иннæйы та фыдымадмæ ныу- уагътой. Цалдæр азы зæронд ус æмæ гыццыл чызг адджынæй фæцардыс- ты. Ныййарджыты зæрдæ сæ хъæбулмæ не ’хсайдта, уымæн æмæ сæ ныфс уыди, куыд бинонты хистæрæй, афтæ кæстæрæй дæр. Куы-иу сæм ныц- цыдтæн, уæд-иу Оля æппæты фыццаг цæмæй раппæлыд, уый — Иннæйы ахуырæй: æппæт предметтæй дæр иста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Скъо- 104
ла дæр майданимæ каст фæци. Йæ дарддæры ахуырæн равзæрста йæ ный- йарджыты дæсныйад æмæ бацыд медицинон академимæ. Ам дæр йæ ахуыр нæ фæлæмæгъдæр - райста сырх диплом. Мæскуымæ ординатурæмæ ацæ- уыны размæ ссардта йæ амонд. Уым дæр та сæйрагдæр архайджытæй иу уыдтæн æз: Иннæйы куы лæвæрдтам, уæд æппæты уæле бадтæн, ома чызгдæтджытæн уыдтæн сæ хистæр. Æмæ ма ноджыдæр иу ахæм хъуыд- даг. Иннæйæн лæппу куы райгуырд, уæд уыдтæн кæхцæрбахæсджыты хистæр. Фынджы уæлхъус та бадтæн мыггаджы хистæры фарсмæ. Ацы хабæртгæ иууылдæр радзырдтон, нæ хæдзарвæндаг хæрзæмбæлджытæ кæй сты, уый равдисыны тыххæй. Гыццылæй фæстæмæ дæр нæ сыхæгтæ бæллыдысты, цæмæй-иу искуыдæм балцы кæнæ æндæр исты хъуыддаджы фæдыл цæугæйæ сæ размæ фæуыдаиккам, уымæн æмæ зыдтой, куы сыл амбæлæм, уæд рæствæндаг кæй фæуыдзысты. Уыцы хъуыддаг æцæгæйдæр афтæ кæй у, уый тыххæй ма æрхæсдзынæн иу æвдисæн. Горæтмæ куы слыгъдыстæм, уæд-иу нæ алы хатт дæр нæ сыхæгтæ ис- куыдæм цæугæйæ сæ размæ цæуын кодтой, афтæмæй та-иу, хæрзæмбæлæг стæм æви нæ, уый зонгæ дæр нæ кодтой. Иу рæстæджы нæ сыхæгтæ уыдысты Хуыдиатæ. Уæд цардыстæм раздæры Ной Буачидзейы номыл уынджы, Пушкины скъола кæй хуыдтой, уый бакомкоммæ. Костя æмæ Мисурæтæн уыдис иунæг чызг - Нинæ. Ие скъоламæ цæуыны рæстæг куы ’рхæццæ, уæд нæм Мисурæт æрбацыд æмæ Дибæмæ æрхатыд, скъо- ламæ, дам, æй ды ахон, сымахæн, дам, хорз къах и. Æмæ æцæгæйдæр Нинæйы балц фæрæстмæ. Скъола каст фæци сызгъæрин майданимæ. Уый фæстæ райста дохтыры дæсныйад, йæ амонд ссардта, хъомыл кæны æртæ лæппуйы. Чи зоны, мæ ныхæстæ кæйдæр зæрдæмæ ма фæцæуой, æнæнхъæлæджы хабæрттыл сæ банымайой, фæлæ цы фыссын, уыдонæй иу дæр æры- мысгæ нæу, стæй цæйбæрц рацардтæн, уыцы рæстæджы дæргъы иу хатт дæр никæмæй ма фехъуыстон, мах хæдзарвæндагæй исчи кæйдæр размæ фæци æмæ уыцы чидæр фæндарасты фæндагыл нæ ацыд, зæгъгæ. Кæд рæствæндаг кæй фæвæййынц, уымæ мах æппындæр ницы бар дарæм, уæддæр мын æхсызгон у, уадз æмæ нæ адæм фыдæмбæлджыты бæсты хæрзæмбæлджытæй зоной. V Астæуккаг скъола каст куы фæдæн, уæд мæ ахуыргæнæн чингуытæй кæцыдæры æппæты фæстаг сыфыл ныффыстон: «Хæрзбон, скъола!» Цæмæдæр гæсгæ, уырыссагау. Уæвгæ уый бынтон æнæнхъæлæджы нæ уыд: авдазон скъолайы куы бакастæн, уæдæй фæстæмæ мын ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæныны фадат нал уыд, уымæн æмæ, уыцы пред- меттæ кæм цыдысты, ахæм скъола нæ хъæумæ хæстæг нæ уыд, æмæ ахуыр кæнын райдыдтон уырыссаг астæуккаг скъолайы - Николаевскы стани- цæйы. Уырдæм канд мах хъæуккæгтæ нæ цыдысты, фæлæ ма Мустыздæх æмæ, раздæр халсарыкуыстгæнæг Æрыдоны æстæм совхоз кæй хуыдтой, уый кусджыты сывæллæттæ дæр. Æппæт предметтæ дæр - уырыссаг æвзаг 105
æмæ литературæйæ фæстæмæ ирон æвзагыл чи ахуыр кодта, уыдон æрмæстдæр уырыссаг æвзагыл (фæсарæйнагæй фæстæмæ) кæм дзырд- той, уым цас арæхстаиккой, уый зын бамбарæн хъуамæ ма уа, фæлæ уырыссаг скъоладзаутæй æвзæрдæр бæрæггæнæнтæ нæ истам. Сызгъæ- рин майдантæ кæмæн саккаг кодтой, ахæмтæ дæр дзьцуыдис. Фыццæг- ты-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, зындзинæдтыл дæр æмбæлдыстæм. Къуыхцы кодтам, рæдыдыстæм, худæджы уавæрты дæр-иу бахаудтам. Æстæм къласмæ куы бацыдыстæм, уæд иу урочы ахуыргæнæг нæ хъæук- каг чызджы сыстын кодта кодта æмæ йæ фæрсы: — Урок рассказать можешь? - Можу,- дзуапп ын радта чызг. Иууылдæр ныххудтыстæм, цыма нæхæдæг уымæй хъабедзендæр уыдыстæм, уый хуызæн. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, куырис сыгъди æмæ йыл бæттæн худти. Мах худын нæ хъуыди, фæлæ ахуыр кæнын. Æмæ ахуыр кодтам. Ахуыр кодтам кæрæдзиуыл худгæйæ дæр. Иу къласы кæимæ бадтæн, уыдонæн сæ фылдæр станицæйæгтæ уыды- сты æмæ скъолайы фæстæ алырдæм ныппырх сты. Бирæты дзы уæдæй нырмæ уынгæ дæр нал фæкодтон. Ам дзы чи баззад, уыдонæй дыууæйыл арæхдæр амбæлын. Уæлдæр ма йæ куы загътон: Николаевскы скъоламæ цыдысты æстæм совхозы кусджыты сывæллæттæ, канд æстæм къласмæ нæ, фæлæ фыццæгæм къласмæ дæр, уымæн æмæ поселочы ницавæр скъола уыд. Уыцы дуджы совхозы директорæй куыста Николай Щербинин, фæстæдæр æй равзæрстой Николаевскы станицæйы Легейдойы номыл колхозы сæрдарæй. Мæнмæ гæсгæ йын Социалистон Фæллойы Хъæбатыры ном дæр уыцы бынаты кусгæйæ радтой. Гъе æмæ мемæ иу къласы ахуыр кодта йæ фырт Толик. Фæстæдæр сси хъæууонхæдзарадон наукæты кандидат, ныртæккæ кусы Хæххон æмæ хохрæбын хъæууонхæдзарадон наукон-ир- тасæг институты. Мемæ ма ахуыр кодта ме ’мхъæуккаг, ме ’мхæрæфырт Кобесты Азæмæт. Уый та, Новочеркасскы политехникон институт каст фæуыны фæстæ бирæ азты бакуыста мелиораци æмæ доны хæдзарады министрады, уыди йæ разамонæг дæр. Мæ ацы дыууæ æмкъласоны цардвæндагыл уæлæнгай цæстæнгас ахæсгæйæ дæр раиртасæн ис, адæймагæн йæ хъысмæт бирæ кæмдæрты æмæ бирæ цæмæйдæрты йæхицæй аразгæ кæй у. Толик - кæд дæсгай азты кæмæндæрты Анатолий Николайы фырт у, уæддæр мæнæн, скъо- лайы йæм куыд дзырдтон, уыцы Толикæй баззад - иуæй, йæ мадæлон æвзагыл ахуыр кодта æмæ йын махæй æнцондæр уыд, иннæмæй, хуы- мæтæг бинонты æхсæн нæ хъомыл кодта. Йæ мад уыди медицинон кусæг. Уæлдæр ахуыргонддзинад æм уыди æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ нæ хъæуы медицинон пунктæн разамынд лæвæрдта. Махæй Николаевскмæ цас уыд, махæй æстæм совхозмæ уымæй къаддæр дæрддзæг уыд, афтæмæй Толичы мады æрвылбон дæр йæ куыстмæ ластой тачанкæйы. Ахæм дыу- уæ бæхы ифтыгъд дзы уыд, æмæ-иу уынгты куы ’рцæйтахт, уæд-иу йæ размæ маргъы мыггагæй цыдæриддæр уыд, уыдон фæйнæрдæм лидзынмæ фесты. Æдасдæр нæ уыдысты цыппæркъахыгтæ дæр. Бæхтæрæджы ном 106
Богдан хуынди. Йæ пыррыкк рихитæ-иу дымгæмæ ныппака сты, афтæмæй-иу рохтыл дыууæ къухæй фидар ныххæцыд, цыма сæ иу уысм дæр сæхи бар куы суагътаид, уæд тачанкæ зæххæй фæхицæн уыдаид æмæ йæ æрцахсын никæйуал бон бауыдаид. Дохтыр мад æмæ директор фыдæн уыдис иунæг хъæбул æмæ йæм æвзæр цæстдард хъуамæ ма уыдаид. Лæппу йæхи дарын зыдта, иннæтæй æндæрхуызон уæвыныл никуы бацархайд- та. Абоны цæстæй акæсгæйæ, цыма дзаумайæ дæр уыйас ницæмæй хицæн кодта. Уæдæ ахуыры дæр, уымæй хуыздæр чи арæхст, ахæмтæ уыди нæ къласы, йæ зонындзинæдтæ уымæй цауддæр кæмæн уыдысты, ахæмтæ дзы куыд уыди, афтæ. Кæд нæ рæдийын, уæд кæнæ райдайæн скъолайы, кæнæ авдазоны, нæ къласы ахуыр кодта Реуазты Нинæ. Уый «æртæ» дæр никуы райста æмæ «фондз» дæр - иууылдæр ын «цыппартæ» æвæрдтой. «Цыппартыл» ахуыр кодта Толик дæр. Чи зоны, æндæр бæрæггæнæнтæ дæр иста, фæлæ цыма сæ фарастдæсæм хай «цыппартæ» уыдысты, цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ кæсы. Æндæр бинонты æхсæн хъомыл кодта Азæмæт. Йæ мад уыди хæдзары æфсин, бирæ бинонтæ кæм уыд — уыимæ иууылдæр йæхицæй кæстæртæ - ахæм хæдзары æфсин. Йæ сæрыхицау Хадзырæты кусынмæ ничи амбылд- таид. Уæлдай фылдæр уарзта фос. Ныртæккæйы заман æй æрыгонæй куы ’рæййæфтаид, уæд ын йæ фысы дзугтæ æмæ хъомрæгъæуттæ зæхх нæ урæдтаид. Фæлæ уыцы дуджы дæр, цас гæнæн уыд, уыйбæрц амæлттæ кодта. Фос дардта. Зилынæй сæм нæ фæлмæцыди. Кæд истæмæй тых- сти, уæд æрмæстдæр, бирæ кæнын ын сæ кæй нæ уагътой, уымæй. Бирæ кæнын ын сæ канд хицауад нæуадзгæ нæ уыд. Ууыл нæ ауæрстой, хæлæг æм чи кодта, кæйдæр фæллоймæ ныхилын чи уарзта, уыдон дæр. Ахæм бон-иу райхъал, æмæ-иу йæ фосы рæгъауы къорд галы кæд нал банымад- та. Давджытæ йæм цыдысты фистæгæй дæр æмæ машинæты дæр. О, о, машинæты. Иу хатт уыди æви фылдæр хæттыты, уый бæлвырддзинад базоныныл никуы бацархайдтон, фæлæ дзы машинæйы дзаг стуртæ куы фæхъуыд, ахæм рæстæджытæ дæр скодта... Азæмæт уыд авд æфсымæры æмæ дыууæ хойы хистæр. Мæнæй дыууæ азы хистæр уæвгæйæ иу къласы цæмæн ахуыр кодтам, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын. Цыфæндыйæ дæр кæцыдæр кълæсты бафæстиат æмæ йæ афтæмæй сæййæфтаин. Мæ зæрдыл ма лæууы, ахуыр куы фестæм, уæд нын иу райсом нæ кулдуар æрбахоста. Кæрæдзиуыл бацин кодтам. Цы фæндтæ мæм ис, уымæй мæ бафарста. Дарддæр ахуыр кæнын мæ зæрды ис, уыйкуы бам- бæрста, уæд мын йæхи хабæрттæ дзурынмæ дæр фæци. Йæхи фаг цæттæйыл нæ нымадта æмæ ахуыр кæнынмæ цæуын иннæ азмæ аргъæ- вын сфæнд кодта. Æцæгæйдæр, æнæхъæн афæдз чингуытæй йæ сæр не схъил кодта æмæ дыккаг аз æнтыстджынæй фæлварæнтæ радта Новочер- касскы политехникон институтмæ. Йæ дарддæры цардвæндаджы тыххæй уæлдæр загътон. Толик æмæ Азæмæт кæд фæйнæхуызон бинонты æхсæн равзæрдысты, уæддæр сæ иу кодта нысанмæ тырнындзинад. Уый куы нæ уыдаид, уæд 107
Толикæн йæ дохтыр мад æмæ директор фыд (чи зоны, директор фыд ын къуылымпыйы хос нæ фæци, фæлæ йын йæхæдæг, ома фырт фидар æнцой куы нæ уыдаид, уæд йæ къухы уыйбæрц нæ бафтыдаид) ницы баххуыс кодтаиккой, Азæмæт хуымæтæг бинонты æхсæн кæй хъомыл кодта, уый йæ куыннæ бахъыгдардта, афтæ... Август йæ кæронмæ фæцæйхæццæ кодта. Горæтмæ райсом цæудзынæн, зæгъгæ, афтæ та, «Хæрзбон, скъола!» кæм ныффыстон, уыцы чиныг мæ размæ фæци. Бирæ цыдæртæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта. Æрымы- сыдтæн, Веринкæйæн, цæхх æви сапонимæ цы чингуытæ балхæнын код- той, уыдонæй иуы æмдзæвгæйы рæнхъытæ: Ацы бонты кадимæ Бад, тæхуды, мадимæ, Фæлæ нæй гæнæн. Мады бæсты ме ’мбæлттæ, Ме ’фсымæртæ, ме ’мгæрттæ Барæвдауынц мæн. Цæй кад æмæ цæй цыдæр!. Фæлæ мæ куыд тынг фæндыди, Веринкæ мæ цуры куы уыдаид. Скъола куы фæуыдзынæн, уыцы бонмæ куыд тынг бæллыди! Æмæ йæ хъысмæт уыцы чысыл цинæй дæр — уæвгæ уымæн тæккæ стырдæр цинтæй иу уыдаид - æнæхай куыд фæкодта! Мæ уроктæ ахуыр кæнгæйæ-иу исты куы нæ ’мбæрстон, уæд-иу хаттæй-хатт афтæ стыхстæн, æмæ диссаг. Ахæм заман-иу Веринкæ йæ цыфæнды куыст дæр ныууагъта æмæ-иу мæнмæ йæ каст скодта. Æз-иу хуыздæрæн, цы нæ ’мбæрстон, уый ног æмæ ногæй кастæн. Веринкæ кæсын-фыссын нæ зыдта, фæлæ зонд æмæ зæрдæйæ æнкъардта, цы кæнгæ у, уый æмæ та мын-иу сабырæй афтæ: — Дарддæр æй бакæс, дарддæр, æмæ йæ уæд бамбардзынæ... Æмæ диссагæй цы кæныс! Дарддæр-иу æй бакастæн æмæ-иу алцыдæр йæ бынаты абадт. Афтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд. Æрмæст-иу мæн, куыд кæнын хъæуы, уый иу хаттæй иннæмæ ферох, æмæ та-иу мын уæд Веринкæ къуырцдзæвæнæй рацæуынæн баххуыс кодта. Мæ мадыфсымæр кæд дард цард, уæддæр-иу нæ хохæй быдырмæ арæх абæрæг кодта. Кæм нын-иу къафеттæ æрхаста, кæм æндæр исты зæрдæлхæнæнтæ. Йе ’рбалæуд нын-иу кæддæриддæр бæрæгбоны хуызæн уыди. Æнæмæнг-иу нæм уыди кусарт. Карк дæр кусарт у, уæдæ циу! Туг дзы не суадзынц! Æртæ цæрвджын уæлибæхы тыххæй та дзурын дæр нæ хъуыди. Уыдоны фарсмæ графин арахъхъ куы ’рæвæрай, уæд уый кæцы бæрæгбоны фынгæй цауддæр уыдзæн! Хæчъассæ-иу Хуыцау æмæ Уастыр- джийы ном ссарыны фæстæ нæ царды бæстондæр хабæрттæм рахызти. Цæмæй цæрæг стæм, цы нын нæ фаг кæны, цæмæй нын баххуыс йæ бон у æмæ-иу кæдæмыты нæ ахæццæ! Æз-иу æм лæмбынæг хъуыстон, уымæн æмæ, цы дзырдта, уыдон иууылдæр махимæ баст уыдысты. Æхсызгон мын уыд, цæмæйты тыхсæм æмæ нæ нæ уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй цы саразын хъæуы, уыдон кæй æмбары æмæ нын йе ’ххуысы хай кæй нæ хæлæг кæны, уымæ кæсын æмæ хъусын. Цæйфæнды тыххæй дзургæйæ 108
дæр-иу мах рохуаты никуы баззадыстæм: куыд ахуыр кæнæм, Веринкæйы коммæ кæсæм æви нæ æмæ афтæ дарддæр. Уыцы заман ралæууынæй тынгдæр-иу ницæмæй тарстæн, уымæн æмæ-иу æй Хæчъассæ алы хатт дæр æртхъирæнæй фæци: «Веринкæйы коммæ куы нæ кæсат, уæд æй æз нæхимæ ахондзынæн, æмæ-иу ам иунæгæй цæрут». Хуыцау хорз, æмæ нæ Веринкæ никуы никæмæй рахъаст кодта, хъаст нæ, фæлæ-иу нæ æппæлынмæ фæци. Цæмæн, уый нæ зонын. Æвæццæгæн, цæмæй хуыздæр ахуыр кæнæм, коммæгæсдæр уæм, хуыз- дæрты фæзмæм, уый тыххæй. Уæдæй нырмæ æнусы æмбисæй фылдæр рацыд, фæлæ мæ Хæчъассæйы æртхъирæн цы тас бауагъта, уымæй абон дæр æххæст нæма ссæрибар дæн. Кæддæры уавæры мæхи куы авæрын, уæд мæ зæрдæ, уызын истæмæй куы фæтæрса, уый хуызæн æрбатымбыл вæййы, арвæй мæм иу цъæх гæбаз нал фæзыны, зæхх мæ быны кæдæмдæр фæцæйцæуы. Хæчъассæ, æвæццæгæн, зыдта, кæмæн, кæм æмæ цы зæгъын хъæуы, уый, стæй йæ ныхæстæн цы ахадындзинад уыдзæн, уый дæр æмæ сæ афтæ арæх уымæн дзырдта. Сæхимæ-иу аздæхтаид, йæ ацыдыл-иу бонтæ æмæ къуыритæ рацыдаид, уæддæр-иу мæ йæ ныхæстæ нæ рох кодтой. Дæ уроктыл æрбадын дæ нæ фæнды, Веринкæ дæ искæдæм æрвиты æмæ зивæг кæныс, кæнæ дæ, фыдуагыл нымад чи у, ахæм лæппутæ семæ искуыдæм хонынц, уæд Хæчъас- сæйы ныхæстæ дæ зæрдыл æрбалæугæйæ фыццаг хъуыддаг дæр нæ бакод- таис, стæй дыккаг æмæ æртыккаг дæр. Веринкæйæн Хæчъассæтæм, ома йæ цæгатмæ акæнынæй тас æппæты тынгдæр мæн аххосæй уыд, уымæн æмæ, иуæй, æз хистæр уыдтæн, иннæмæй, лæппу, æмæ фæрæдийынæй тас тынгдæр мæнæн уыд. Æмæ бирæ цæмæйдæрты мæхи хъахъхъæдтон, кæд мын æдзух не ’нтысти, уæддæр. Стæй кæимæфæнды куы фæхыл уыдаин кæнæ скъолайы хæлды æхцайæ хъазыдаин æмæ мæ Веринкæ куы базыдтаид, уæддæр мæ цыма Хæчъассæйы цæсты нæ бафтыдтаид, афтæ мæм каст, æндæр мæм, Хæчъассæйæн цæмæй рафаудтаид, ахæмæй ницы уыд?! Цас дæ фæнды, уыйбæрц. Фæлæ Веринкæ зондджын уыд. Хуыздæр цы уыдзæн æмæ фыддæр цы уыдзæн, уый йæ алы нуарæй дæр æнкъардта, æндæр, тамако дымын кæй райдыдтон, æрмæст уый йын куы загътаид, уæд ма цæсты бафтынæн уымæй фыддæр цы хъуыди! Тамако та дымын райдыдтон æвдæм къласы (кæстæртæй мæ исчи бафæзма, уый тыххæй йæ нæ фыссын. Мачи мæм бахæлæг кæнæд, æвзæр миниуæгыл хæрзсывæллонæй фæстæмæ кæй фæцахуыр дæн, уый тыххæй. Цалдæр азы фæдымыны фæстæ йæ нык- куыйты уагътон æмæ йæ ныр цыппар æмæ дыууиссæдз азы нал дымын. Стæй ма уын уый дæр зæгъдзынæн, æмæ мæ хоты цур тамако кæй никуы сдымдтон. Кæд мæнæй кæстæр уыдысты, уæддæр сæ æфсæрмы кодтон, цы не ’мбæлы, ахæм хъуыддаг сæ цуры куы бакодтаин, уæд цыма уыдон дæр фауинаг хъуыддæгтæм разæнгардгæнæг уыдаин, афтæ мæм каст). Цыфæнды сусæг æй куы кодтаин, уæддæр мын нæ бантыстаид, уымæн æмæ давоны хæрд куыннæ сусæг кæны, афтæ басусæггæнæн нæй тама- койы дымдæн дæр. Зыдта, кæй зæгъын æй хъæуы, Веринкæ, æвзæр миниуæгыл кæй фæцалх дæн, уый, фæлæ зыдта уый дæр, йæ ныхæстæй 109
кæй ницы рауайдзæн æмæ цыма ницы ’мбары, йæхи афтæ дардта. Хæчъас- сæйыл дæр мæ уый тыххæй никуы сардыдта. Иуæй, йын хъыг уыдаид, иннæмæй, мæн цæсты бафтыдтаид, сæйрагдæр та - ницы дзы рауадаид. Уæдæ мæм æндæр фыдуагдзинæдтæ дæр разындаид, фæлæ мæ Верин- кæйы руаджы Хæчъассæйы раз къæмдзæстыгхуызæй æрлæууын никуы ба- хъуыд. Æрмæст мæхи уæлахиздзауыл никуы банымадтон. Уæлахиздзау нæ, фæлæ мæ мадыфсымæры ныхæстæ мæ зæрдыл дардтон. Кæм-иу мæ æрбайрох сты, уым мæ тæрхонгæнджытæ уыдысты мæ хотæ, уæлдайдæр Райæ. «Фæлæуу, Веринкæ æрбацæуа, æз дæ кæддæра нæ сардауин!» Ахæм æртхъирæнтæ мæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бакодта. Æмæ кæд йæ ныхас бирæ хæттыты нæ сæххæст кодта, уæдцæр мæ куы сардауа, уымæй кæддæриддæр стъæлфыдтæн. Райæ ’мæ Дибæ мæнæй фæзминагдæр уыды- сты. Лæгъстæмæ-иу сæм куы цыдтæн, ахæм бонтæ мыл-иу иу æмæ дыу- уæ нæ акодта. Сæхæдæг мæ ницæмæй стьæлфыдысты, уымæн æмæ сæ Веринкæйыл цæй тыххæй сардыдтаин, ахæмæй ницы кодтой. Уæлдай æнцондæрдарæн уыди Дибæхан. Цæмæн, уый нæ зонын, фæлæ нæ мады, лæппу куы фæуыдаид, уый тынг фæндыди. Чысылæй фæстæмæ дæр уыцы сабыр рахаста. Мамсыраты Дæбейы «Мæ царды тау- рæгъ» мæ зæрдыл арæх æрлæууы. Мæ мад Гæба, дам-иу афтæ дзырдта: «Аст сывæллонæй мын амæй æнцондæр дарæн ничи уыдис. Дунемæ куыд- дæр фæзынд, афтæ иу хъыллист фæкодта æмæ ныхъхъус. Уымæй фæстæмæ кæугæ дæр никуы скодта». Ахæм сывæллон уыди Дибæ дæр. Ноджы сæ нæмтгæ дæр куыд æнгæс сты: Дæбе — Дибæ. Æртæ азмæ къахæй нæ ауад, стæй дзыхæй не сдзыр- дта. Хæрзсывæллонæй-иу æй Веринкæ пецы сæр ныууагъта æмæ-иу бы- дырмæ ацыд. Фæстæмæ-иу æй, кæцырандæриддæр ныууагъта, уым æрбаййæфта. Уыцы рæстæг-иу махæй чи скъолайы уыд, чи — уынджы хъазыд. Иу изæр Веринкæ быдырæй æрбацыд æмæ та Дибæйы пецы сæр бадгæ æрбаййæфта. Иæ дæлæрмттыл ын фæхæцыд æмæ йæ йæ хъæбысмæ рай- сынмæ куыд хъавыд, афтæ сывæллоны кæуын ссыд. Цы кæныс, зæгъгæ, йæ фæрсы, фæлæ йын цы дзуапп хъуамæ радтаид, дзургæ куы нæма код- та, уæд! Йæ цæссыгтæ йын æрсæрфта, фæлмæн ныхæстæ йын акодта, æмæ йæ кæуынæй банцад. Дыккаг изæр дæр афтæ. Пецы сæрæй йæ рай- сынмæ куыд хъавыд, афтæ та ныккуыдта. Мæ чызг цыдæр кæны, зæгъгæ, Веринкæ катайы бацыд. Хъуыддаг дохтырмæ хæссыны онг куы ’рхæццæ, уæд ын æнæнхъæлæджы йæ рахиз дæларммæ фæкомкоммæ æмæ дзы дын- джыр сынкъыл йæ цæст куы ’рхæцид. Цыдæр хостæ йын скодта, æмæ дыккаг бон сынкъ фæкъæртг. Æртыккаг бон йæ рæсыд æрбадт æмæ та Дибæйыл йæ иунæджы сахæттæ ныддаргъ сты. Æдзух иунæг нæ уыди, мах-иу æй абæрæг-абæрæг кодтам, фæлæ йæм дзæгъæлы нæ зæрдæ ’хсайд- та. Пецы сæр хъармы бадынæй нæ фæлмæцыди. Йæ амонд уыд, æмæ æддæмæ рахизыныл никуы афæлвæрдта, æндæр кæнæ хаугæ ракодтаид, кæнæ тавд къæйыл йæхи басыгътаид. Райæ уыцы гыццылæй дæр фырсæрæнæй цæстытæ къахта. Фæстæгтимæ йæ бæтгæ куы бакодтаис, уæддæр дзы нæ бафæрæзтаид, йæ рæхыстæ 110
атыдтаид æмæ раззæгты æмрæнхъ алæууыдаид. Ахуыр дæр махæй хуыздæр кодта. Уæлдай зæрдæргъæвддæр уыди, бæлвырд наукæтæ кæй хонынц, уыдонмæ. Æз æмæ Дибæ та иухуызон къуымых уыдыстæм. Исты бахын- цынæй зындæр нæм ницы каст. Райæ та ахæм хабæрттæ æнцонæй кодта. Фæстæдæр нæхи базарадон техникум æмæ Мæскуыйы финансон-эконо- микон институт каст дæр хуымæтæджы нæ фæци, стæй йæ царды бирæ азтæ статистикон управленийы нæ арвыста... Институтмæ ахуыр кæнынмæ ацæудзынæн, зæгъгæ, уый размæ цалдæр боны мæхи фæндагмæ фæцæтгæ кодтон. Цы цæтгæ кæнын мæ хъуыдис, фæлæ уæддæр. Нæ хæдзары къуымты разил-базилæй нал æмæ нал фæлладтæн. Суанг ма цармæ дæр схызтæн. Гыццыл цæхæрадонæй куы ’рцыдтæн, уæд стыр цæхæрадонмæ мæ ных сарæзтон. Дæргъæццон чыла- уитæ сæ тæккæ цæттæйæ уыдысты. Æвæдза, лæгæн йæхи зæххыл цы дыргъ æрзайа, уымæн æмбал нæй. Стæй канд дыргъ нæ: халсар дæр æмæ хор дæр. Зондджын адæм куыд зæгъынц, афтæмæй, адæймагæн æппæты пайдадæр сты, кæм цæры, уым цы дыргъ, халсар æмæ хор зайы, уыдон. Афтæ хъуыдыгæнджытæ, мæнмæ гæсгæ, нæ рæдийынц. Цавæрдæр про- фессоры фæфæзмынц, æнхъæлдæн, йæ мыггаг Лизунов уыди. Æз цы институтмæ бацыдтæн, уым, дам, ахуыргæнæгæй куыста. Дыууæ саха- ты, дам-иу лекци фæкастаид, стæй, дам-иу æппæты фæстагмæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ: «Раст афтæ хъуыды кодта Карл Маркс дæр». Афтæмæй та, дам-иу цыдæриддæр фæдзырдта, уыдон иууылдæр Марксы чингуы- тæй ист уыдысты. Уыйау æз дæр, зондджын адæмы хъуыдытыл дыууæ зæгъинаг нæ дæн. Нæ сыхæн йæ галиуфарсырдыгæй цы фондз хæдзары ис, уыдоны цæхæрадæттæй иуы æхсæн дæр кау быд нæ уыд. Стæй йæ сæр хъæугæ дæр ницæмæн кодта, уымæн æмæ кæйдæр зæххыл раст-равджы æцæгæлон къах никуы андзæвдаид, кæйдæр фæллоймæ никæй къух батасыдаид. Уæвгæ цæхæрадæтты кой цы кæнын! Мæ заманы йæ хæдзарыл гуыдыр ничи æвæрдта. Кæд-иу исчи йæ дуар къæндзыйæ æрæхгæдта, уæд æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йæ дымгæ ма байгом кæна æмæ йæм фос кæнæ маргъæй мацы бацæуа. Стæй ма ноджыдæр иу хъуыддаджы тыххæй: хæдзары бинонтæй бынаты кæй ничи ис, уый мидæмæ цæуæг базона æмæ фæстæмæ раздæха. Кæддæр махæй Хъантеты Георты æхсæн арæнмæ хæрзæввахс ныссагъ- дæуыд — мæ фыд уыдаид, æндæр чи! — цалдæр фæткъуыбæласы. Дисса- джы зайаг уыдысты. Сæ афонмæ-иу куы ахæццæ сты, уæд-иу сæ дæргъæццон фæрстæ пъæрæпъоппы хуызæн æрттывтой. Уыцы сæрд сæ зайæн уыд æмæ фырзадæй дæлæмæ тыдтой. Æппæты ставддæр фæткъуы- тæ цы бæласыл зад, уымæ схызтæн. Тæккæ заддæр къалиуыл сонт хæст фæкодтон æмæ рæгъæддæр фæткъуытæй цалдæр йæ къалиуæй феуæгъд. Бынмæ ныккастæн æмæ иууылдæр Георты зæххы балæууыдысты... Хæрзæрæджы базонгæ дæн Майрæмыхъуаты Фатимæимæ. Йæхи мын бацамыдта, стæй мын афтæ зæгъы, ме ’фсин, дам, дæ сыхаг уыд. «Цавæр æфсин? Цавæр сыхаг?» — мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн. Мæ ног зонгæ мæ бирæ хъизæмар кæнын нæ бауагъта: 111
— Хъантеты Антонинæйы нæ зоныс? — Куыннæ йæ зонын! Æмæ уый де ’фсин у? Хуымæтæджы æхсызгон мын уыди Антонинæйы ном фехъусын! Рагæй, тынг рагæй йæ нал федтон, йæ уындмæ та бæллыдтæн. Хуыцау дæр мын æй бахатыр кæнæд, стæй Антонинæ дæр, фæлæ йын Зегас æнхъæл нал уыдтæн. Кæддæр, æнусы æрдæгæй фылдæры размæ чындзы ацыд æмæ йыл уæдæй нырмæ никуыуал фембæлдтæн. Кæмдæр хохы куыста, уый хъуыстон, фæстæдæр, дам, йæ фыртимæ Беслæныхъæуы æрцард, зæгъгæ, мæ хъустыл æрцыд, фæлæ та дзæвгар рæстæг йæ кой никæцæйуал рай- хъуыст æмæ мæм æнамонд хъуыдытæ дæр уымæн сæвзæрд. Фатимæ мын йæ хабæрттæ куы радзырдта, уæд та æрымысыдтæн йæ мад Дзæлиго æмæ мæ мад Веринкæйы. Мæ цæстытыл ауад, Веринкæ хъæдыцдзы хуымтæ рувгæйæ уыцы судзгæ хурмæ куыд сдойны æмæ нæхимæ цæуынмæ куы рахъавыд, уæд Дзæлиго, нæ цæхæрадоны ’рдæм сын цы рудзынг уыд, уый куыд байгом кодта æмæ, йæ къухы уазал къуымæлы къус, афтæмæй Веринкæмæ куыд радзырдта: — Дæ ком дзы ауазал кæн!.. Фатимæ мын бæстондæр хабæрттæ дæр радзырдта. Ме ’фсин, дам, афтæ зæгъы, мах, дам, сын сæ фæткъуытæ бирæ фæдавтам. Фыцца- джыдæр, æз цы бæласы сæрæй кастæн, стæй иуырдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр рæгъ-рæгъы сагъд чи æрцыд, уыцы фæткъуытæн сæ къалиуты æмбис Хъантеты зæххы сæрмæ айтынг. Дыккагæй та, хъуамæ ауæдзæй цыппар- æхсæз метры дардцæр сагъд æрцыдаиккой, цæмæй нæ сыхæгты зæхмæ аууон ма дардтаиккой æмæ дзы исты зайын кæнынæн фадæттæ уыдаид. Æртыккагæй та-иу кæд нæ бæлæстæй дыргътæ сыхæгты ’рдæм æрызгъæлд æмæ-иу уыдонæй сывæллæттæ — Антонинæ уыцы рæстæг сывæллон уыда- ид, уæдæ цы! — кæд рауыгътой, уæд уый давдыл нымад цæмæн хъуамæ уа?! Уырыссаг æмбисонды загъдау: «Что с возу упало, то пропало». Ра- джы кæддæр, хъæздыджытæ æмæ мæгуыртæ куы уыд - цыма ныртæккæ ахæм рæстæг нæу, уый хуызæн! — уæд мæгуыртæ сæ хуымтæм, æлдары зæххытыл цы фæндæгтæ уыд, ууылты цыдысты æмæ, дам-иу сæ дзаг уæрдæггæй цыдæридцæр æрхауд — халсар, хор кæнæ исты дзаума — уый, дам, сын-иу сисыны бар нал уыд, уымæн æмæ фæндаджы алыфарс зæххытæ æлдары уыдысты. Уыйау, кæд-иу Хъантеты сывæллæттæ, сæ зæххыл цы фæткъуытæ раййæфтой, уыдон рауыгътой, уæд уый хъуамæ хуыснæгдзинадыл нымад ма уыдаид. Антонинæ цавæр давд йæхиуыл æрымысыд, уый нæ зонын, фæлæ мæхи куы хъуыды кæнын, уæдæй фæстæмæ нæ фæткъуытыл, исчи сæм фæныхылдта, зæгъгæ, никуы фæдызæрдыг дæн. Уый нæ, фæлæ ма Хъан- теты ’рдыгæй фарс нæ фæткъуыты бын мæ цæстыл уайы хуыры хуызæн дзагæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ иу-сæ æруыгътам æмæ-иу сын сæ дзæбæхдæртæй фæткъуыйыхустæ скодтам, иннæтæ та-иу фосæн радтам. Фатимæ ма мын радзырдта, Антонинæ, дам, дæ фыстытæ бакæсынмæ кæй бæллы, тынг, дам, фæдзæхста, кæд гæнæн ис, уæд мын «Урсдоны былыл Бæрæгъуын...» æрæрвитæд, зæгъгæ. Арвыстон ын æй, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хæдфæстæ йæм телефонæй дæр ныдздзырдтон æмæ фыр- 112
цинæй йæ дзыхы дзырд нал бадт, æрмæст ма «Музафер, Музафер!» æмæ «Мæнæ диссаг! Мæнæ диссаг!» кодта... Бæласæй æрхызтæн æмæ мæ тæккæ хъусы фæрсты къуыртт-къуырт- гæнгæ ныллæджыты атахт, сауцъиуæй чысыл стырдæр даргъбурбырынкъ æмæ даргъкъæдзилджын æнахуыр маргъ. Нæ дынджыр цæхæрадоны йыл уæд фыццаг хатт сæмбæлдтæн, фæлæ йыл нæ гыццыл цæхæрадоны, мæхи кæд не скъуырæгау кæнын, ахæм хатт, зæгъæн ис, æмæ никуы вæййы. Тынг диссаджы маргъ у. Йæ ном цы хуыйны, уый, кæйдæриддæр фарстон, уыдонæй ничи зыдта. Ахстон цы ран кæны, йæ лæппынты цæмæй хæссы, йæхæдæг цы хæры — ацу æмæ йæ базон! Кæцæйдæр æваст фæзыны, ныллæг-ныллæг дæ иувæрсты кæмдæр къалиутæ кæнæ бæрзонд пыхсыты аныгъуылы æмæ сауджыны бæхы сæфт æрбакæны. Йæ «къуыр- къуыр-къуыр-къуыр!» дæ хъусты иуцасдæр фæйазæлдзæн, йæхæдæг ни- кæцæйуал разыны. Йæ «къуыр» æнæмæнг вæййы цыппар хайæ арæзт, къаддæр дæр нæ, фылдæр дæр. Кæддæр æстæм æви фарæстæм кьласы куы ахуыр кодтон, уæд Тургеневы «Бежин луг» бакастæн, æмæ уым, кæуыл банафон, уыцы цуаноныл æхсæвыгон йæхи цы маргъ сцæйкъуыр- дта, алы хатт дæр-иу мын уый мæ зæрдыл æрлæууын кодта. Æрмæст уыцы æхсæвыгон тæхæг маргъ кæд ныллæджыты ратахт æмæ цæмæй цуа- ноныл йæхи ма скъуыра, уый тыххæй иуфарсырдæм цæхгæр фæзылд æмæ талынджы аныгъуылд, уæд мæ зонгæ цъиу та мæ иувæрсты æмраст атæхы æмæ фæцыдæр вæййы. Тургеневы маргъ æнæуынæрæй атахт, мæнон та æдзухдæр къуыр-къуыргæнгæ æрбайсæфы, цыма афтæ зæгъынмæ фæхъа- вы: «Æгас кæй дæн, ууыл дæ баууæндын кодтон æмæ дын уый æгыъæд фæуæд. Иннæ хатт та фембæлдзыстæм, æдзухдæр куыд вæййы, афтæ æнæнхъæлæджы». Институтмæ бахаудтæн, уый сыхбæстæ мæй æмæ æрдæджы размæ ба- зыдтой, фæлæ, горæтмæ кæд цæудзынæн, уый нæ бинонтæ йеддæмæ никæмæн ма загътон. Цæхæрадонæй куы ’рбацыдтæн, уæд кæртæй кæсын, æмæ бичетты Реуазты Валодя лæууы. Рауай-ма ардæм, зæгъгæ, мæм фæдзырдта. Институтмæ кæй бахаудтæн, уый йын сæхимæ загътаиккой, æндæр æй цæмæй базыдта, ам куы нæ вæййы, уæд?! Арфæтæ мын фæкод- та, стæй мæ сæхимæ бахуыдта æмæ мын сæрдасæн балæвар кодта. Ба- хъæудзæн, дам, дæ. Цæмæн мæ бахъæудзæн, уый мын нæ загъта, фæлæ ма мæм уыцы сæрдасæн абон дæр æфснайдæй лæууы. Реуазтимæ лымæнæй фæцардыстæм. Сæ лæппутыл (Валодяйæн дæр хæсты размæ йæ цалдæр æфсымæры гыццылтæй амардысты) сын нæмттæ мæ фыд сæвæрдта, сæ чызджытæ Светæ æмæ Розæйыл та — мæ фыдыхо Оля. Валодя ракуырдта Плиты Мæдинæты. Мæнæн авдазон скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæ лæвæрдта. Веринкæ та йын кæнгæ мад уыди. Хъыгагæн, Валодя æмæ Мæдинæты цард нæ ацыд. Фæстæдæр дыууæйæ дæр, сæ афонæй иуцасдæр фæстæдæр райстой уæлдæр ахуыр- гонддзинад: Валодя — хъæууонхæдзарадон институты, Мæдинæт — педа- гогон. Ноджы стырдæр хъыгагæн, сæ дыууæ дæр æнафоны се ’нусон фæндагыл ацыдысты. 8 Дзасохты М. 113
Реуазтæй ссæуыны фæстæ, Веринкæ-иу куыстæй æрбаздæхгæйæ фæлладæй нæ тыргътæм схизæн цы асины æртыккаг къæпхæныл æрбадт, æз дæр мæхи ууыл æруагътон... Кæд мын мæ хотæ цыфæнды зæрдæтæ æвæрдтой, уæддæр уымæй мæ сагъæс къаддæр нæ кодта. Куыд уыдзысты, цы уыдзысты? Уыцы фар- стытæ мæ сагъæсы бафтыдтой. Цæй бирæ ивддзинæдтæ æрцыди мæ цар- ды хæрзцыбыр рæстæгмæ! Ноджы нæ хъуццытæ, цыма дзырд бакодтой, уый хуызæн дыууæйæ дæр ныззадысты. Дыууæ дæр нæм рæуæдтæй æрбаф- тыдысты. Иу иын дзы нæ мадыхо Евдинкæ радта, иннæ — Хæчъассæ. Хæчъассæ нын кæй радта, уымæн афон дæр нæма уыд: дæркъæй ныззад. Райæ сын иунæгæй цытæ кæндзæн? Дибæ дзы иумæ дæр хæстæг цæуын нæ уæндыд, стæй куы уæндыдаид, уæддæр цы йæ бон уыд! Йæ гыццыл æнгуылдзты фæдæгыл æрхæцыны фаг хъару нæма уыд. Уæвгæ æз нæхимæ куы уыдаин, уæддæр, Райæйы загъдау, хъуццытæ дыгътаин? Нæ кау дæр ивинаг уыд. Кæд æмæ кæд быд æрцыд! Веринкæ-иу ыл цы сæнæрттæ батъæпп кодта, уыдоны фæдтæ ма йыл бæрæг дарынц, фæлæ уыдон дæр æмбыд къæцæлтимæ зæххы хай куы бауыдзысты, уымæ бирæ рæстæг нал баззад. Иу хъуг йеддæмæ нæм куы нæ уыд, уæд нын сæнар нæ фаг кодта æмæ-иу Хъæууатæй ластам. Уым фысвосæн уæтæртæ уыд, æмæ-иу сæ быны бæзджын фаджыс ныхъхъæбæр, адæм æй самандуры йас цыппæр- дигъон хæйттæй къахтой æмæ, суг кæмæн нæ фаг кодта, уыдон æй хæзнайы хуызæнæй чи лæгуæрдоны, чи хæрæгыл ласта. Мах дæр-иу дзы, фадат куы амыдта, уæд сластам. Цармæ фæкомкоммæ дæн æмæ мæ зæрдæ иучысыл барухс. Мæхи зо- нынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ нæ къорыпп хъайвантыл æвæрд уыд. Нартхор ма дзы æмбисæй фылдæр баззад. Уыдон ма Веринкæйы фæллæйттæ уыдысты. Æвæдза, хъуыддæггæ куыд хорз фæцæйцыдысты! Нæ мадæн æххуысхъом фестæм, нæ дыууæ хъуджы ныззадысты... Уымæй размæ нæм дыууæ хъуджы никуы уыд, уымæн æмæ нын рæуæд нæ цард: афæдз дæр ыл-иу æххæст нæма рацыд, афтæ-иу амард. Фаг зылд æм кæй нæ уыд, уый тыххæй æви низтæ æрмæстдæр мах рæуæдтæм уæндыдысты, уый нæ зонын, фæлæ нæ рæуæд галы кармæ дæр никуы фæцард, хъуджы кармæ дæр никуы ахæццæ. Ныр нæ дыууæ стуры дæр ныззадысты, фæлæ нæ цин кæныны бæсты сагъæсы бафтыдтой. Цыфæндыйæ дæр сагъæсты коммæ кæсын нæ хъæуы. Бон цæуы æмæ фарн хæссы. Ау, бонтæн фæуæн куы нæ ис, уæд се ’хсæн фарнхæссæг чи разына, ахæмтæ нæ фæуыдзæн? VI Иронау цыфæнды стыр рæдыд куы фæкæнай, уæддæр дыл ничи ба- худдзæн, фæлæ уырыссагау фæрæдыдтæ, уæд дæ гуырæй райгæ у - цæрæнбонты дæр дын æй нал ферох кæндзысты, цасфæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр дын æй, дæ зæрдыл чи ’рлæууын кæна, ахæмтæ ра- зындзæн. Куы нæ дын æй æрлæууын кæна, уæддæр æй йæ зæрдыл дардзæн. Мæхæдæг дæр уыдоны номхыгъдмæ хауын, æндæр иу хатт иу æмбырды ирон студент ныхас кодта æмæ «в филармонию»-йы бæсты «на 114
филармонию» загъта æмæ йæ мæ зæрдыл бадардтон. Кæй фæрæдыди — æргом дзургæйæ, фæрæдыди, уый æз æмбаргæ дæр нæ бакодтаин, залы бадджытæ бæстæ сæ сæрыл куы нæ систаиккой, уæд, — уый тыххæй йæ нæ бадардтон мæ зæрдыл, фæлæ йыл адæм сæхи худæгæй кæй схастой, уый тыххæй мæ нæ ферох. Уæд цымæ хохы цъасæй цы лæппу рацыд, уый кæйдæр æвзагыл дзургæйæ иунæг ран кæй фæкъуыхцы, уымæй цас азы- мы бадаринаг уыд! Ноджы йыл куыд зæрдиагæй худтысты, уый мæ цæстыл куы ауайы, уæд сæм мæ маст, кæддæр куыд рафыхт, уымæй къаддæр нæ рафыцы. Иннæ лæппу та «маститый»-ы бæсты «мастистый» загъта, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уыцы ныхас йæ дзыхæй æнæнхъæлæджы схауд, уымæн æмæ уый горæтаг скъолайы ахуыр кодта æмæ уырыссаг æвзаг æвзæр нæ зыдта, фæлæ йын æй уæддæр нæ ныббарстой. Цы дыууæ лæппуйы кой ракодтон, уыдонæн сæ нæмттæ барæй нæ фыссын, фæлæ сыл зынæрвæс- сон худт чи кодта, уыдон фæрæдыдысты, уымæн æмæ сæ былысчъил- гæнджытæй царды рæсугъддæр фæндæгтыл ацыдысты: сæ иу сси министр (рухсаг уæд! Æнæнхъæлæджы фæмард), иннæ та - философон наукæты доктор, профессор, цæры æмæ кусы Мæскуыйы. Мæхæдæг дæр куыннæ хъуамæ рæдыдаин, фæлæ мæ дзы дыууæ рæды- ды никуы ферох уыдзысты. Фыццаг курсы цалдæр боны ацахуыр кодтон, афтæ центрон поликли- никæмæ дохтыртæм цавæрдæр гæххæтт исынмæ бацыдтæн. Уæд уыцы поликлиникæ уыдис Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы бакомкоммæ. Мидæмæ куы бахызтæн, уæд къулыл ауыдтон, поликли- никæйы чи кусы, уыцы дохтырты дæргъæй-дæргъмæ номхыгъд. Кæрæй- кæронмæ йыл мæ цæст æрхастон æмæ дзы Хъæрджынтæй иу сылгойма- джы мыггаг куы ауыдтон, уæд цыма, рагæй кæй агуырдтон, мæ уыцы хæстæгыл хæрхæмбæлд фæдæн, афтæ йыл бацин кодтон. Æмæ куыннæ! Мæ фыдымад Мария Хъæрджынты чызг уыд, фæлæ уæды онг уыцы мыггагæй иу адæймагыл дæр никуы сæмбæлдтæн. Уымæн æфсон дæр уыд æмæ æфсон дæр нæ уыд. Æфсонæн бæззыд, мæ фыдымад, ссæдзæм æнусæй нудæс азы куы рацыд, уæд кæй амард, уый. Фæлæ уый фаг æфсо- ныл банымайæн нæ уыд, уымæн æмæ, мæ фыды мадырвадæлты хæс уыд сæ хæстæджытимæ бастдзинад дарын. Фæлæ уæд æз уыдæттыл нæ хъуыды кодтон. Æз цин кодтон, мæ фыды мадырвадæлтæй ма æгас адæймаг кæй разынд æмæ йын лæгæй-лæгмæ феныны фадат кæй ис, ууыл. Регистратурæйы цы сылгоймаг бадт, уымæ æнхъæлмæгæсæг куынæ- уал уыд, уæд мæ сæр чысыл рудзынггондæй бадардтон æмæ йæ бафар- стон, номхыгъды Хъæрджынтæй цы сылгоймаджы мыггаг фыст ис, уый ам кусы, зæгъгæ. 0, ам, дам, кусы. Цы сылгоймагимæ дзырдтон, уый, иуæй, уырыссаг уыд, иннæмæй, ирон куы уыдаид, уæддæр æм горæты уавæрты иронау куыд хъуамæ сдзырд- таин, æнæфенд хъæуккаг кæй дæн, уый æнæуи дæр бæрæг куы уыд, уæд?! Æмæ йæ æз дæр уырыссагау бафарстон: - Чем работает? Сылгоймаг мæм æрбакаст æмæ мæ фадыварцæй — кæд сæрæй къæхтæм нæ зындтæн, уæддæр - базыдта, чи дæн æмæ цы дæн, уый æмæ мын 115
ахуыргæнæг скъоладзауæн куыд дзура, ахæм фæлмæн хъæлæсыуагæй бам- барын кодта: — Не чем работает, а кем работает. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хид мæ къæхты бынæй акæлыны фаг æфсæрмы фæдæн, фæлæ мын, æвдисæнтæ кæй нæ фæци, уый мæ бын- тон æгады уавæрæй фервæзын кодта... Ссардтон уыцы Хъæрджыноны дæр. Мæхи йын бацамыдтон. Бацамыд- тон, зæгъгæ, сæ хæрæфырты лæппу кæй дæн, уый йын загътон, фæлæ йын, æвæццæгæн, ахæм хæстæджытæ бынтон бирæ уыд, кæнæ та сæ хæстæджытыл нымайгæ дæр нæ кодта æмæ, æз цæмæты æнхъæлмæ кастæн - æнхъæлмæ та кастæн, кæй мыл бацин кæндзæн æмæ мын дыууæ хъарм ныхасы кæй зæгъдзæн, уымæ — уыдонæй куы ницы федтон æмæ фехъуыс- тон, уæд, цæмæй тагъддæр фæхицæн уæм, ууыл бацархайдтон. Æрмæст фæсмон ницæуыл фæкодтон. Мæ фыды мадырвад куы нæ уыдаид уæд, иунæг адæймаджы раз цы рæдыд æруагътон, уый мыл хъуамæ бирæ фылдæр адæмы ’хсæн æмæ æвзæрдæр уавæрты æрцыдаид. Æппынфæстаг, дæсгай азты фæстæ цы ’рымысыдаин, уый мын нæ уыдаид. Мæ иннæ рæдыд та баст у Æлборты профессор Барысбиимæ. Уый æртынæм æви цыппорæм азты æнаххосæй ахст æрцыд æмæ, бирæ азты фæстæ куы суæгъд, уæд кусын райдыдта пединституты. Махæн амыдта аив кæсын. Мæнмæ гæсгæ, уый, цы зыдта æмæ рæзгæ фæлтæрæн йæ бон раттын цы уыд, уымæ дард лæууыд, уымæн æмæ йæхæдæг, иуæй, кæсыны дæсны нæ уыд, иннæмæй та, уыцы дæсныйадыл искæй сахуыр кæнынмæ арæхсгæ дæр нæ кодта. Нæ къорды иу чызг ахуыр кодта, «код- та», зæгъгæ, æндæр кæцыдæр хайады йæ хъуыддаг нæ цыд æмæ йæ ирон- уырыссаг хайадмæ æрбаивтой, уымæн æмæ уым кау ныллæгдæр уыд æмæ йæ сæрты æнцондæрæй хызтысты. Уыцы чызгæн та, куыд бамбæрстон, афтæмæй, йæ сæрыл чи рахæца, ахæмтæ^уыд, æмæ хъуамæ цыфæндыйæ дæр уæлдæр ахуыргонддзинад райстаид. Йæ ном æмæ мæ йæ мыггаг дæр нæ ферох сты, фæлæ йæ фыд Ирыстонæн кады лæг уыд, æмæ мæ уый цæсты ’фтауын нæ фæнды. Фæлæ йæ чызг ахуыр кæнынæн дæр кæй нæ уыд, аив кæсынмæ дæр кæй нæ арæхст, уæлдайдæр иронау, уый басусæг кæнын мæ бон нæу, уымæн æмæ уыцы хъуыддагæн мæхæдæг æвдисæн иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн, иу хатт та мын йемæ быцæуы æнæбацæугæ нал уыд. «Загъд» та Æлборы-фырт йæхæдæг ракъахта. Иу ахуырты заман аив кæсынмæ рахуыдта, цалдæр боны размæ нæ къорды чи фæзынд, уыцы чызджы. Мæнмæ куыд каст, афтæмæй йæ Барысби уымæй размæ дæр зыдта. Чи зоны, йæ фыды йын йæхицæй хуыздæр зыдта æмæ æдде бакæсгæйæ афтæ зынд, цыма йæм махæй, ома «бындурон» студенттæй, æввахсдæр уыд æмæ йæ «хиондæрыл» нымадта. Цыдæриддæр уыди, уæддæр Æлборы-фыртмæ гæсгæ Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фæстаг салам» афтæ хорз бакаст, æмæ йæ махæй алкæмæн дæр бафæзмыны акка- гыл банымадта. Цыма йын йæ арæхстдзинæдтæн æгæр стыр аргъ скодта, нæ къорды уæнгтæм афтæ фæкаст, æмæ дзы чи йæ бынаты базмæлыд, чи æргомæй йæ хъуыды загъта. Фæстæгтимæ уыдтæн æз дæр. Барысби йæ 116
мидбылты бахудт æмæ мæ размæ рахуыдта, кæд мемæ æцæгæй разы нæ дæ, уæд, табуафси, дæ лæгдзинад æмæ дæхæдæг, дæ курдиат равдисыны фадат дын ис, зæгъгæ. Æз, цæуыл мæ зæрдæ дардтон, уый абон дæр нæ зонын, уымæн æмæ аив кæсынмæ мæ арæхстдзинæдтæ уæд дæр æмæ ныр дæр тынг дард лæууыдысты æмæ лæууынц, фæлæ мæ иу хъуыддаг ныфс бауагъта: «уазæг чызг» куыд бакаст, уымæй æвзæрдæр бакæсын тынг зын уыд æмæ мæм цыдæриддæр артисты миниуджытæй уыд, уыдоныл нæ ауæрдгæйæ æмдзæвгæ кæсын райдыдтон. Артист та уæвгæ уыдтæн, уымæн æмæ, куыддæр ахуыр кæнын райдыдтам, афтæ нæ иуты кафджыты къордмæ ныффыстой, иннæты - драмонмæ. Кафынмæ кæй нæ арæх- сын, уый уайтæккæ дæр рабæрæг, фæлæ кæй никуы сарæхсдзынæн, уый рахатынæн дæр бирæ фылдæр бонтæ нæ бахъуыд æмæ мæ цыбыр рæстæджы фæстæ ныхъхъуытты уагътой, фæлæ драмон къорды баззадтæн. Нæ раза- монæг уыди, æгас Иры дзыллæтæн дæр бирæ зæрдæрухс сахæттæ чи бав- зарын кодта æмæ æрмæст йæ ном айхъусгæйæ дæр цæсгомыл мидбылхудт кæй фæрцы февзæры, Мæхъиты уыцы Лавер (Валодя). Къорд спектаклы æвæргæ дæр скодтам, уыимæ Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы», Саулохты Мухтары «Усгур Гаци». Рольты хъазыдысты Гаджиты Илья, Малиты Васо, Мыкагъаты Нинæ, Хъантемыраты Райæ, Хъодзаты Æхсар, Цъебойты Сергей æмæ ма ноджыдæр чидæртæ. Уыцы бонтæ мысгæйæ мæ зæрдыл æдзухдæр иу хабар æрлæууы. Ахæм заман мæ цæсгомыл мид- былхудт куыд ахъазы, уый æнæ айдæнмæ бакæсгæйæ дæр мæ цæстыл ауайы, мæ зæрдæ хуры тынтæй айдзаг вæййы, уымæн æмæ кæддæры æвзонг туг мæ къабæзты базмæлы, рæстæджы фæлм чи асуры, ахæм фæлмæн дымгæ мыл йæхи ахафы, йæ фæнык кæмæн афучындæуы, уыцы цæхæрмæ мæхи тавынмæ фæвæййын... Цæвиттон, рольтæ уаргæйæ Тлаттаты Чермены уавæры бахаудтæн: тæккæ гæбæрдæр роль мæ хай фæци. Саламджери мæ уды кондмæ хæстæгдæр кæмæ æмæ цæмæн фæкаст, уый нæ бамбæрстон, фæлæ ме ’ргъомбасты, Асиат йæ цæсты сындз кæмæй уыдта, йæ карз уайдзæфтæй дæлджинæгæй скæсын кæй нæ уагъта, уыцы усгур фæци æмæ йын цы ’нæхæсгæ уыд! Пьесæ лæмбынæгдæр куы бакастæн, уæд Саламджери мæ зæрдæмæ æппындæр нæ фæцыд, фæлæ, репетицитæ куы райдыдтам, уæд сындæггай-сындæггай мæ хъуыды ивта. Ахæм роль мæм кæй æрхауд, уый тыххæй ма мæм суанг хæлæггæнджытæ дæр фæзынди. Асиаты ролы хъазыд тынг рæсугъд чызг. Ахуыр кодта мæнæй иу курс дæлдæр. Йæ ном æмæ йын йæ мыггаг дæр нæ ферох кодтон, - кæд уæдæй нырмæ æнусы æмбисы бæрц рацыд, уæддæр,- фæлæ сæ барæй нæ фыссын: æрæджы цардæй ахицæн, рухсаг уæд! Ныхас, мæ роль мæ зæрдæмæ цæуын цæй тыххæй райдыдта æмæ мæ уавæры февзæрын кæйдæрты цæмæн бафæн- дыд, уый тыххæй рауад, æмæ мæ хъуыды кæронмæ ахæццæ кæнон... Саламджери Асиаты куы аскъæфта æмæ йæ йе ’мбæлттæ чызгимæ иунæгæй куы ныууагътой, уæд дзы ахæм ныв æвдыстæуы. Хъуамæ скъæфæг æрæмудон уыдаид йæ фидæны бинойнагимæ. Режиссеры хъуы- дымæ гæсгæ Саламджерийы ахъæбыс кæнын хъуыд Асиаты. Кæй зæгъын æй хъæуы, чызг æй йæхимæ хæстæг цæуын нæ уагъта. Саламджери та 117
йын тыххæй ахъæбыс кæнынмæ хъавыд. Артист хъуамæ мæнг хъæбыс кодтаид, фæлæ, æвæццæгæн, мæ хъæбысы мæнгдзинадæй ницы уыд æмæ мын, мæ уалхъусы бæсты мæ армытъæпæн цæвын кæм хъуыд — чызджы цæф цæмæй æцæг ма уыдаид, уый тыххæй-иу æз мæ уæлкъух мæ русыл авæрдтон æмæ-иу цæф армытъæпæныл æруад - уым>мын иу хатт ме ’мхъазæг афтæ: «Ацы хатт дæ æцæгæй цæвдзынæн!» Мæ роль мæ зæрдæмæ, сценæйы ахæм чызгимæ кæй хъазыдтæн, уый тыххæй цæуын райдыдта, хæлæггæнджытæ дæр мæм уый тыххæй фæзынди... Хæдахуыр артисттæ бирæ хорз фæлгонцтæ сарæзтой, фæлæ дзы æз мæ зæрдыл æппæты тынгдæр бадардтон Малиты Васойы, уæлдайдæр та Отел- лойы ролы хъазгæйæ. Йæ монолог-иу ын куы дзырдта, уæд-иу йæ ныхæстæ адæймаджы уæнгты дыздызгæнгæ ацыдысты... О, æмæ ныхас аив кæсыныл рауад. Æз Мухарбеджы æмдзæвгæ æнæ чиныгмæ кæсгæйæ дзурын зыдтон æмæ архайдтон, алы дзырды дæр цы хъуыды æвæрд уыд, уый равдисыныл. Ме ’мбæлттыл дæр-иу мæ цæст ахастон æмæ цыма, куыд дзурын, уый уыдоны зæрдæмæ дæр цыд, афтæ мæм каст. Каст куы фæдæн, уæд ма дзы кæйдæрты æмдзæгъд дæр рай- хъуыст. Æлборы-фырт та йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: — Хорз æй бакастæ, фæлæ Зæирæйы амбулын дæ бон нæ баци. Хъыг мын куыннæ уыдаид мæ ахуыргæнæджы ныхæстæ фехъусын, фæлæ абоны онг дæр мæ хъуыды нæма аивтон. Зæирæйы каст, кæимæ ахуыр кодтон, уыдонæй кæцыфæндыйы кастæй дæр цауддæр уыд, уымæн æмæ уыдон иууылдæр хъæуккæгтæ уыдысты æмæ ныхæстæ уырыссагыздæхт уæддæр нæ дзырдтой. Стæй йæм æрмæст уыцы аипп нæ уыд: ныхæстæ æххæстæй нæ дзырдта, логикон цавд кæм æвæрын хъæуы, уый нæ иртæ- ста, цыбыр дзырдæй, ирон ныхасы ад не ’нкъардта. Нæ быцæу дæргъвæтин ахаста. Мæ фарсхæцджыты цур мæнмæ ныха- сы бар нал хауд. Барысбийыл æрæмбырд сты æмæ дзы алчи йæ хъуы- дыйы сæрвæлтау тохы бацыд. Уый сæм хъуыста, алкæмæн дæр лæвæрдта йæ зæгъинæгтæ дзурыны бар. Йæ мидбылты худти, фæлæ, цы уынаффæ рахаста, уымæй къæрттæй цъула н’ аппæрста. Мæнмæ ма кæмдæр афтæ кæсын дæр райдыдта, цыма йæхи барæй афтæ дардта, фæндыди йæ сту- дентты «ракъахын», сфæлдыстадон ерыс сæм райгуырын кæнын. Кæд æцæгæйдæр йæ размæ ахæм хæс сæвæрдта, уæд йæ фат мысаныл сæмбæлд. Уымæй размæ иу лекци дæр æмæ иу семинар дæр уыйбæрц ныхæстæ ни- куы расайдта. Бынтон æнафон дæр ма быцæу кодтам. Институтæй рацыдыстæм изæр- далынгты. Æлборы-фырт, кæд карджын уыд, уæддæр-иу арæх фистæгæй цыд. Ноджы институтмæ дард нæ цард æмæ-иу æй йæ къæдз лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ куы институтмæ, куы институтæй цæугæ федтон. Уыцы изæр дæр сæхимæ йæхи фистæгæй цæуынмæ рарæвдз кодта. Арæхдæр-иу уырыссагау дзырдта, æмæ йæм æз дæр уырыссагау æрхатыдтæн: — Борис Андреевич, можно вас провести? (Мæ мæгуыр зæрдæйæ, уæхимæ дæ бахæццæ кæнон, зæгъгæ, зæгъынмæ хъавыдтæн). Барысби æргомдзырд уыди. Йæ хъуыды зæгъын фæстæдæрмæ никуы ’ргъæвта. Иу хатт æй тынг быцæугæнгæ баййæфтон зындгонд историк, 118
Ленинон премийы лауреат Евгений Крупновимæ. Цавæр æмбырд уыди, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ Ирыстонмæ ссыд бирæ номдзыд ахуыр- гæндтæ, уыдонимæ не ’мзæххон, мæздæггаг, Кавказы рагон истори ир- тасджыты дзырддзæугæдæртæй иу - Крупнов дæр. Æз иучысыл айрæджы кодтон - студенттæ дæр æмбырдмæ хуынд уыдысты - æмæ залмæ куы бахызтæн, уæд дыууæ ахуыргонды уыдысты сæ быцæуы тæмæны. Круп- нов иу дзырдта, Æлборы-фырт — иннæ. Фыццаг-иу йæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй æрхаста бæлвырд æвдисæнтæ, дыккаг-иу семæ не сра- зы. Сæ быцæу сæ иудзинадмæ не ’ркодта. Алчидæр дзы йæ хъуыдыйыл фидар хæцгæйæ баззад. Уый тыххæй зæгъын: Барысби æргомдзырд уыд, цы хъуыды кодта, уый æмбæхстæй дарын нæ зыдта. Йæ разы студент уыдаид æви академик — уæлдай йын нæ уыд. Мæ мæгуыр зæрдæйæ йын кæстæриуæг бакæнынмæ хъавыдтæн. Кæд мын мæ артисты миниуджытæ ницæмæ ’рдардта, уæддæр мын мæ уæздандзинадæн кæй ницы хъом у, уый равдисын мæ зæрды уыдис, фæлæ та ам дæр мæ хъуыддаг нæ ацыд. Æлборы-фырт мæ ныхæстæ айхъусгæйæ хъæрæй сдзырдта: - «Провести» нехорошо. Кæд изæрдалынгтæ сæхи зæххыл æруагътой æмæ мæ цæсгомы хуыз куыд аивта, уый иуфарсырдыгæй кæсæг дæр нæ бафиппайдтаид, уæддæр мæхæдæг бамбæрстон, мæ цæсгом куыд ссыгъд, уый. Ноджы бамбæр- стон, цы рæдыд æруагътон, уый дæр æмæ мæхи сраст кæныныл батагъд кодтон: - Проводить зæгъынмæ хъавыдтæн. - Уый æндæр хъуыддаг у,- загъта мæ «дæлджинæггæнæг» профессор æмæ, цыма, уыцы бон цы бирæ хъуыддæгтæ бакæнын йæ зæрды уыд, уыдонæн сæ фæстаг æххæстгонд æрцыд, уый хуызæн уырыссагау сдзырдта: - Это другое дело,- æмæ йæ къæдз лæдзæг йæ разæй фыццаг «къахдзæф» акодта... Кæд цыфæнды æууæрстыты бахаудтæн, уæддæр, цы уæздандзинад равдисынмæ хъавыдтæн, ууыл мæ къух нæ систон æмæ мæ ахуыргæнæ- джы сæ хæдзары дуармæ бахæццæ кодтон. Ацы ныхæстæ иууылдæр, дзурын раст кæй хъæуы - уæлдай нæу, уырыссагау уа æви иронау - уый тыххæй кæнын. Фæлæ та ам дæр мадæ- лон æвзаг дæлджинæггонд цæуы. Ирон рæдыд рæдыдыл нæ нымайæм, уырыссагау иунæг рæдыд куы фæкæнай, уæддæр фаг у, цæмæй дæ æна- хуыргондыл банымайой, уымæн. Иронау дзур, æмæ дын алцыдæр барст уыдзæн, ома цалфæнды рæдыды куы фæкæнай, уæддæр дын æй аны- хъуырдзыстæм, «барст» дын уыдзæн кæцыфæнды «тыхтона» дæр. Нæхæдæг нæхицæн фаг аргъ нæ кæнæм. Ирон æвзагмæ алы ран дæр æцæгæлон цæстæй кæсæм. Афтæ нæ дзурæм, ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг раздæр бирæ хуыздæр уыди, зæгъгæ? Хуыздæр уыди, фæлæ бирæ хуыз- дæр нæ уыди. Йæ сæйрагдæр хорздзинадыл банымайын хъæуы, æппæт предметтæ дæр иронау кæй ахуыр кодтам, уый. Фæлæ уæд дæр ирон æвзаг æмæ литературæ иннæ предметты æмрæнхъ нæ лæууыдысты. Кæд сын искæцытимæ æмкад рахонæн уыдис, уæд — черчени æмæ физкуль- 119
турæимæ. Иннæ скъолатæн нæ зонын, фæлæ махмæ афтæ нымад уыди. Къухы цы уа, уый цæсты нæ ахады, зæгъгæ, æмбисонд дзæгъæлы нæ баззад. Зондджын адæймаг йе ’взагыл не суæлæхох уыдзæн, кæйдæр æвзаг йæ удæн адджындæрæн нæ райсдзæн. Фæлæ махæн нæ фыддæр æндæр зон- дыл хæст у. Дæхи æвзагыл алы хъуыдыйады дæр фæкæл-фæкæлгæнгæ цæуæн ис, æппын æй куы нæ зонай, уæдцæр ирон кæй дæ, уый дын ничи байсдзæн. Æрмæст дæ мыггаг дæр дæ æцæг ирæтты фарсмæ æрлæу- уын кæндзæн, æмæ та адæмы сфыст куы ’рбахæццæ уа, уæд паддзахады дæр асайдзынæ æмæ адæмы дæр. Паддзахады, чи дæ, уый раст кæй нæ бацамыдтай, уымæй, ирон адæмы та — сæ нымæцмæ кæй нæ хауыс, афтæмæй дæхи уыдоныл кæй банымадтай, уымæй. Цас æмæ цас сты ахæмтæ! Ирон дæн, зæгъгæ, фысгæйæ æмæ дзургæйæ! Минтæ, дæсгай минтæ. Цы ис ирон адæмимæ иумæйагæй уымæн, ма- дæлон æвзаг — уæвгæ ма ахæмтæн цæй мадæлон æвзаг ис! — чи нæ зоны? Иронау чи нæ зоны, уымæн æцæгæлон сты ирон æгъдæуттæ, нæ кувæндæттæ æмæ фæдзæхст бынæттæ, нæ кадджытæ æмæ аргъæуттæ, не ’лгъыстытæ æмæ хъарджытæ. Æвзаг у адæймаджы зæрдæ æмæ зонд. Цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ сæфæн нæй æгъдау æмæ фæткæн, намыс æмæ джелбеттæн, кад æмæ уæздандзинадæн. Æнæуаг, æнæчетар адæймагæн тæккæ стырдæр уайдзæф бакæнынмæ куы фæхъавынц, уæд ын арæх афтæ фæзæгъынц: «Ирон дзыхæй куы дзурыс, уæд дæ сæрмæ цытæ хæссыс?» Уым стыр диссаджы хъуыды ис. Цæмæй лæджы ном сæрыстырæй хæссай, уымæн, æрмæстдæр иронау куы дзурай, уый дæр фаг у, уымæн æмæ иронау дзурæгыл уæздан уæвын фидауы, лæгдзинад дзы домы, кад æмæ йæм намысы бæрзæндтæм сиды. Ис æндæрхуызон уайдзæф дæр: «Ирон куы дæ, уæд цытæ кæныс?» Ирон уæвын иронæн æппæты бæрзонддæр хæрзиуæг у. Иугæр ирон мад æмæ фыдæй райгуырдтæ, иронау дзурыс, уæд дыл уыцы дыууæ хъуыд- даджы уæззау хæс æрæвæрдтой. Хæрæг уаргъæн кæй нæ ахæсдзæн, ахæм хæс нæ, фæлæ, æцæг адæймаг йæ райгуырдæй йæ царды фæстаг бонмæ тырысайау бæрзæндты хæссын кæй бафæраздзæн, ахæм хæс. Ирон æмæ ирон æвзагæй уæлдай нæй. Æвзаг куы дæлдон кæна, уæд ироны дæр йæ фæдыл ласы, ирон куы дæлдон кæна, уæд ма йе ’взаг кæй хъæуы? Пайдагæнæг кæмæй нал уа, уый æвзаг ничиуал рахондзæн. Бирæгъты ’хсæн куы цæрай, уæд хъуамæ ниуын сахуыр уай. Ацы уырыссаг æмбисондæн фæсномыг хъуыды ис. Йæ мидис та æппæрццæг у. Фæлæ дзы рæстырдæм спайдагæнæн дæр ис. Кæй уæрдоны бадай, уый зарæг куы нæ кæнай, уæд дæ, иуæй, æмбаргæ æмæ уарзгæ нæ бакæн- дзысты, иннæмæй та дæ, чи зоны, хизын дæр ракæной. Æз алы æвзагæн дæр аргъ кæнын. Бæрзонд æвæрд мæм сты канд адæмты æвзæгтæ нæ, фæлæ мæргътæ æмæ сырдты æвзæгтæ дæр. Хъæуы ма куы цардыстæм, уæд-иу дыууæизæры астæу нæ пецы бын цы гæрæн уыдис, уырдыгæй цъыс-цъысаджы зарын куы райхъуыст, уæд- иу мæм уымæй хуыздæр ницы каст. Цыдæр адджын хъуыдыты-иу аны- 120
гъуылдтæн, æппындæр кæм никуы уыдтæн, стæй æппындæр кæм никуы уыдзынæн, ахæм дунейы-иу балæууыдтæн æмæ-иу мæ уырдыгæй фæстæмæ здæхын нал фæндыд. Кæннод-иу нæ тутатæ куы срæгъæд сты æмæ-иу сæ къалиутæ сауцъиутæй куынал зындысты, уæд цы æнахуыр хъæлæба код- той, уый ма ныр дæр мæ хъустыл уайы. Иннæ ахæм дыгоппон цъиутæ. Арвы цъæхмæ-иу сфардæг сты æмæ цыма æнæзынгæ æндахæй ауыгъд уыдысты, уыйау-иу сæ бынатæй нал змæлыдысты. Растæр зæгъгæйæ та, змæлыдысты æрмæст сæ базыртæ æмæ зæххыл фарны нæмгуытау тыдтой сæ диссаджы зарæджы мыртæ. Йæхимæ-иу мæ æрыхъусын кодта гакк- гуччы хъарæгæнгæс хъæлæс. Гакк-гуччы коймæ уыг æмæ дзылыйы æмбисонд æрымысыдтæн. Дзы- лыйæн йæ лæппын амард æмæ йæ уыгмæ баппæрста, ды йыл ку, дæуæн, дам, дæ сæр дынджыр у. Мæ хъуыдыты арфдæр ацыдтæн æмæ æмбисонд адарддæр кодтон. Дзылыйы лæппыныл уыг фæкуыдта, мæгуыр, уæдæ цы кодтаид! Уыцы рæстæг чъырттым йæ цуры абадт æмæ йæм дзуры: — Мæнæн мæ лæппынтæй дыууæ куы амард, уæд уыдоныл цæуыннæ кæуыс? Нæгъ зæгъын та йæ бон нæ баци æмæ чъырттымы лæппынтыл дæр фæкуыдта. Чъыртгым дзы тынг фæбузныг æмæ уыцы бæласæн йæ уæлдæр къалиуыл абадт. Иуцасдæр рæстæг рацыд æмæ та уыг ногæй кæуын рай- дыдта. Ацы хатт — уынгæгдæр хъæлæсæй. Чъырттым йæхи бынмæ ра- уагъта, йæ фарсмæ абадт æмæ йæ фæрсы: — Ныр та ма цæуыл кæуыс? — Мæхиуыл. — Цæмæн? — Куы амæлон, уæд мыл кæуæг кæй нæ уыдзæн, уый тыххæй. Æмбисонд æмбисонд у, фæлæ гакк-гуччы уасын æхсызгонæн никуы æрымысын, уымæн æмæ, иуæй, æнкьард у, иннæмæй, ацы маргъ йæхи куыд дары, уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Фыццаджыдæр, йæ айк æндæр маргъы ахстонмæ кæй баппары, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, сусæгæй. Дыккагæй та, уым цы æйчытæ баййафы, уыдон хæргæ дæр бакæны. Чи зоны, уыг рæдигæ кодта, мæхи мардыл мын кæуæг нæ уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ кæд æгад искæцы маргъы мард уыдзæн, уæд гакк- гуччы, лæппынтæ чи никуы схъомыл кодта æмæ искæй лæппыны мар- дыл дæр чи никуы скуыдта. Бурцъиутæ ’мæ булæмæргъты кой нал кæнын, уымæн æмæ уыдонæй аивдæрæй мæ зонгæ мæргътæй никуыма ничи ныззарыд. Æцæгæлон мын нæу суанг хæфсыты уасын дæр, мыдыбындзы дыв-дыв дæр! Æвзæгты кой та кæнгæ дæр нал кæнын. Зæххыл мин дыууæсæдæ иу æвзаджы ис, æмæ дзы алы æвзагыл дæр дзурын куы зонин, уæддæр мын дзы мæхи ’взагæй адджындæр никæцы уаид, уымæн æмæ «мæхи» мæхи у, «исчи» та исчи у. Мæ кæддæры сыхаг Хуыдиаты Ола-иу афтæ зæгъаг уыдис, «мæхи» æмæ «исчи» дзургæйæ былтæ цы уавæры вæййынц, ууыл, дам-ма ахъуыды кæн: «мæхи» дзургæйæ кæрæдзиуыл сæмбæлынц, «исчи» дзургæйæ та фæйнæрдæм фæцæуынц. 121
О, фæлæ мын искæй æюаг дæр æцæгæлон нæу. Афтæ мæм кæсы, цыма папуасты æхсæн куы цæрин, уæддæр сын се ’взаг сахуыр кæнин. Æнæмæнг æй сахуыр кæнин, уымæн æмæ мæ цуры исчи, кæй не ’мбарын, ахæм æвзагыл дзура, уый мæхицæн нæ ныббарин, мæхи дзыхъхъы лæууæгыл нымаин. Уæлдæр цы рæдыдты кой ракодтон, уыдон мьщ хорз æххуыс фес- ты, канд уырыссаг æвзаг хуыздæр базонынæн нæ, фæлæ зонындзинæдтæм фæндæгтыл разæнгарддæрæй цæуынæн. Уыцы фæндæгтæй мæ иу ахуыдта библиотекæмæ, Ирыстоны тæккæ стырдæр библитекæмæ. VII Кæсæндон институты дæр уыди, фæлæ уырдыгæй фылдæр ахуыргæнæн чингуытæ истам, стæй цæмæдæр гæсгæ уым бадыныл нæ фæцахуыр дæн. Фыццаг курсæй фæстæмæ хицæн къахвæндаг скодтон республикон биб- лиотекæмæ — уыцы рæстæджы ныртæккæйы фæсивæдон библиотекæйы бæстыхайы уыд. Директорæй дзы куыста Цæлыккаты Евгени. Кæсæн залмæ йæ кусæн уаты рæзты цыдыстæм æмæ-иу ыл арæх амбæлдтæн. Зонгæ нæ уыдыстæм, фæлæ, зæгъæн ис, æмæ алы бон дæр æмбæлдыстæм æмæ фæстагмæ кæрæдзийæн салам дæттын дæр райдыдтам. Йæ дзыхы ныхас ын никуы фехъуыстон, æрмæстдæр-иу йæ сæр батылдта æмæ-иу дарддæр ацыд. Ныхасгæнгæ йæ никуы федтон канд кæсджытимæ нæ, фæлæ йæ кусджытимæ дæр. Æвæццæгæн, уый библиотекæйы кусджыты профессион миниуæг у. Дзурын бирæ нæ уарзынц, куы дзурой, уæд та, æнæдзургæ кæм нал вæййы, уым. Уый дæр, кæимæ ныхас кæны, уый йеддæмæ йæ ныхас куынникæмæ хъуыса, афтæ. Дзурынц, зæгъгæ, дам, XV æнусы иу библиотекæйы дуарыл ахæм фыст уыд: «Наукæтæ чи ахуыр кæны, уыдонæй ардæм чи ’рбацæуа, уый дуар йæ фæдыл æнæуынæрæй æрбахгæнæд, стæй йæ къæхты хъæр ма райхъуысæд. Уый музæты зæрдæмæ нæ цæуы. Ам искæй куы ’рбаййафа, уæд ныхæстыл ма схæцæд, фæлæ йын æнæдзургæйæ йæ сæрæй акувæд, уымæн æмæ ам мæрдтæ дзурынц æгæстимæ». Афтæ мæм кæсы, цыма Цæлыччы-фырт æмæ йе ’мкусджытæ ацы фыст сæхицæн ардбахæрдæн райстой æмæ йæ æнæмæнг æххæстгæнинагыл ба- нымадтой. Библиотекæ мæм кувæндоны хуызæн каст. Уæлдай сыбыртт дзы никæцæй райхъуыстаид. Цыма дзы алкæуылдæр нымæтын дзабыртæ уыд, уый хуызæн дзы йæ къах уынæр никæмæн кодта. Чингуытæ æмæ дзы газеттæ та куыннæ фæлдæхтой, фæлæ сæ уынæр дæ хъустыл не ’рцыдаид. Библиотекæмæ чи цыд, уыдонæй алкæмæн дæр йæхи бынат уыд. Иу дзы-иу иннæйы бандоныл кæд сбадт, уæддæр тынг стæм хатт. Агъуыст алкæй фаг дæр куыд кодта, уый мæм абон дæр диссаг кæсы. Библиотекæ бирæ адæмы базонгæ кодта. Чызджыты — чызджытимæ, лæппуты — лæппутимæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, чызджыты — лæппу- тимæ. Ам фыццаг хатт бирæ чызджытæ æмæ лæппутæ кæй фембæлд, æмæ дзы бирæты фембæлд уарзондзинадмæ кæй рахызт, ууыл æз æппындæр дызæрдыг нæ кæнын. Библиотекæйы къæсæрæй фыццагхатг кæд бахызтæн, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ йæ нымайын амондджын боныл. 122
Нæ фыдæлтæ кæсын æмæ фыссын нæ зыдтой, нæ сæм уыд скъолатæ æмæ академитæ дæр, фæлæ сæм уыди сæхи университеттæ, Сорбоннæтæ æмæ Кембриджтæй къаддæр зонындзинæдтæ кæм нæ истой, ахæм уни- верситетгæ. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд куыд хъуамæ сфæлдыстаиккой Нарты кадджытæ æмæ куыдæй хъуамæ æрлæууыдаиккой дунейы тæккæ зындгонддæр æмæ арфхъуыдыджындæр эпостæ сфæлдисæг адæмты æмрæнхъ! Ирон фынджы æгъдæуттæ кæцыфæнды чиныгæй дæр къаддæр нæ лæвæрдтой уæздандзинадыл ахуыр кæнынæн. Сылгоймагæн аргъ кæнын, хистæрæн æгъдау дæттын, уазæджы бахынцын æмæ бирæ æндæр хъуыддæгтæ лæджы ахуыр кодтой лæг уæвыныл, сылгоймаджы — уæздан- дзинадыл. Таурæгътæ, кадджытæ, аргъæуттæ, зарджытæ дæр диссаг куыннæ сты, фæлæ мæнмæ ирон хъарджытæ тæккæ тыхджындæр æнкъарæнтæ æвзæрын кæнынц. Æппындæр кæй никуы федтай, уынгæ нæ, фæлæ йæ кой дæр кæмæн никуы фехъуыстай, уыцы адæймагыл хъарæг кæсыс, æмæ дæ цæссыг бауромын дæ бон нæу, йæ алы сулæфтмæ дæр ахæм тых ис, æмæ дын дæ зæрдæ йæ тæккæ бынæй нызмæлын кæны, дунейы цыдæриддæр ис, уыдон дæ ферох сты, дæ хъуыдыты баст сты, йæ бонрухс кæуыл баталынг, уымæн йæ мæлæт цытæ расайдта, уыимæ. Афтæ дæм кæсы, цыма, æдзардæй мæрдтæм чи бацыд, уый дæ туг, дæ къабаз уыди æмæ дæуæй дæр йæ ныййарæг мад æмæ фыдæй къаддæр нæ риссы. Стыр хъыгагæн, хъарæг кæнын чи зоны, ахæм устытæ бирæ нал ис. Æмæ нæ Хуыцау хъарæг кæнынæй бахизæд, фæлæ цардæн йæ кæнонтæ æнæкæнгæ нæй, авдæны гуыртт-гуыртт кæцæй райхъуысы, уырдыгæй раджы уа-æрæджы чырыны хостæн æнæрайхъуысгæ нæй. Ирон æгъдæуттæ карз, фæлæ раст уыдысты. Уыдон кæд фыст нæ уыды- сты, уæддæр цыфæнды фыст закъонтæй дæлдæр не ’рлæууыдаиккой. Ныртæккæ стыр быцæутæ цæуы, марыны тæрхон хъæуы æви нæ, уый тыххæй. Нæ фыдæлтæ-иу кæйдæрты амардтой. Чи-иу бæхы къæдзилы амæттаг баци, чи та — сæрсæфæн былы. Бутатæ та, дам, сæ мады былæй аппæрстой. Мæнæн Бутатæ хæстæг æййафынц. Хъæрджынтимæ хæрзæрвадæлтыл нымад сты. Фæлæ сæ кæуыл амбæлын, уымæн сæ зæронд мады хабар йæ зæрдыл æрлæууын кæнын. Бутаты Тотырбегимæ «Рæстдзинад»-ы редакцийы бирæ азтæ фæкуыстам æмæ-иу ын афтæ куы загътон, сымах уæ мадыл куы нæ бацауæрстат, уæд ма уæ хæрæфырты лæппуйыл бацауæрддзыстут, зæгъгæ, уæд-иу, арæх куыд кодта, афтæ йæ фындзы бын дыууæрдæм адаугæйæ загъта: — Уый ныл чидæр мысгæ æркодта, сылгоймаг йæхæдæг рахауд. Сæгъты фæдыл къæдзæхмæ схызт, йæ къах фæбырыд æмæ сæрсæфæн былæй ахауд. Фæлæ йыл Бутаты Победæ сæтты. Суанг ма йæ фыдæлты фыдраконд- дзинад фæцæхджындæр кодта: «Кæддæр иу кино цыди, «Сбрось маму с поезда», зæгъгæ, æмæ уый Бутаты поезд уыди», — зæгъы Победæ. Хъазт хъазт у, фæлæ нæ фыдæлтæм марыны тæрхонæй тыхджындæр фæрæзтæ уыд. Худинаджы зарæг, æддæдзастæн йæ хæлаф йæ хъуырыл æрцауындз, афтæмæй йæ хъæуы уынгты æрцæуын кæн, хæрæгыл æй фæстæрдæм сбадын кæн... 123
Хъоды. Уымæй карздæр тæрхон зын рахæссæн уыди. Иу адæймаг дæм дзыхæй мауал дзурæд, дæ къæсæрæй мачиуал хизæд, макæйуал къæсæрæй хиз, дæ фос дын йæ фосимæ мачиуал уадзæд... Æмæ ма ноджыдæр бирæ æндæр хъуыддæгтæй æнæхай фæуы, уый мæлæты тæрхонæй къаддæр æфхæрд у? О, фæлæ фæзминаг хъуыддæгтæ фылдæр уыди, бирæ фылдæр. Фылдæр уыдысты хорз хъуыддæгтыл ахуыргæнæг фæрæзтæ дæр. Зондджын лæг афтæ загъта, æз, дам, хорздзинадыл æвзæртыл ахуыр кæнын: уыдон куыд кæнынц, афтæ нæ кæнын. Чи зоны, уый дæр раст хъуыды у, фæлæ, хæрзтæ цы кæнынц, уый фæзмын мæнмæ растдæр кæсы. Æмæ, нæ фыдæлтæм цы диссаджы æгъдæуттæ уыди, уыдон сын уыдысты скъола дæр æмæ университет дæр... Библиотекæйы мæхи куыд дарын хъæуы, ууыл уайтæккæ дæр фæца- хуыр дæн. Зонгæтæ дæр мын дзы фæзынди. Тæккæ арæхдæр дзы кæуыл æмбæлдтæн, уый уыди Айларты Чермен. Куы базонгæ стæм, уæд кæрæдзийæн нæ хабæрттæй дæр цыдæртæ радзырдтам. Чермен æмдзæвгæтæ кæй фыста, уый зыдтон, фæлæ йæм чиныг рауадзыны фаг уацмыстæ ис, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Айлары-фырт та уыцы рæстæг йæ фыццаг æмбырдгонд мыхуырмæ цæттæ кодта. Тынг мæ фæндыд, тагъддæр куы рацыдаид, уый, уымæн æмæ Чермен мæнæй чысыл хистæр йеддæмæ нæ уыд æмæ, афтæ æрыгонæй чиныджы автор куы суыдаид, уымæ мæхи цинмæ бæллæгау бæллыдтæн. Чермен мединституты ахуыр кодта, бирæ уарзта аивадон литературæ дæр. Уыцы азты парахатæй уадзын райдыдтой Сергей Есенины уацмыстæ. Æргом дзургæйæ, уæды онг æз номдзыд поэты сфæлдыстадимæ зонгæ нæ уыдтæн. Бæрæгъуынмæ йын йæ кой хъусгæ дæр никуы фæкодтон. Фыц- цаг хатт Чермены стъолыл федтон йæ дыууæ томы. Уыдис сын фæлурс къæрдæгхуызцъæх цъæрттæ. Цалынмæ Чермен дыккаг том каст, уæдмæ дзы æз ракуырдтон, цæмæй мæм фыццаг æркæсынмæ авæра. Æркæсынмæ нæ, фæлæ йæ кастæн æмæ кастæн. Уыцы рæстæг мæ ног зонгæ та иннæ чиныг афтæ зæрдиагæй каст æмæ, цалынмæ библиотекæ æхгæныны рæстæг не ’рхæццæ, уæдмæ уый дæр æмæ æз дæр нæ сæртæ не схъил кодтам. Тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ поэты фыстытæ. Уæдæй фæстæмæ ахæм бон нæ уыд, æмæ Есенины чингуытæй кæцыдæр ма райстаин æмæ йæ дзæвгар рæстæг ма фæкастаин. Æмдзæвгæтæ мын иу хатт æмæ дыууæ хатты бакæсын фаг никуы уыд æмæ сæ кастæн æмæ кастæн. Фæстагмæ дзы бирæтæ æнæчиныгмæ кæсгæйæ дæр базыдтон æмæ ма мæ абон дæр нæ ферох сты. Иу дзырдæй, Есенин сси мæ уарзондæр поэттæй иу. Есенинимæ баст æрмæг-иу мыхуыры куы фæзынд, уæд-иу æй æнæбакæсгæ нæ фæдæн. Уæдмæ цæуын райдыдтой, йе сфæлдыстад иртæст кæм цыд, ахæм чингуытæ, йе ’мбæлттæ æмæ йæ зонгæты мы- синæгтæ. Хъуыды ма кæнын, уыцы рæстæг-иу мыхуыры, уæлдайдæр спортивон мыхуыры, арæх фæзындысты Константин Есенины æрмæджытæ. Куыд базыдтон, афтæмæй уый уыди поэты фырт. Кæцы аз уыд, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ журнал «Новый мир»-ы мыхуырæй рацыд Татьянæ Есенинайы повесть «Женя - чудо XX века». 124
Куыд рабæрæг, афтæмæй уый дæр уыд Есенины чызг. Чысыл фæстæдæр Мæскуыйы уынджы фæцæйцæугæйæ фемдзаст дæн, бирæ хъусынгæ- нинæгтæ ныхæст кæм уыд, ахæм фæйнæгмæ. Æнæнхъæлæджы фæком- коммæ дæн, чиныгкæсджыты конференцимæ чи хуыдта, ахæм хъусын- гæнинагмæ. Ноджы хæстæгдæр бацыдтæн фæйнæгмæ æмæ базыдтон, кон- ференци кæй уыдзæн библиотекæйы Татьянæ Есенинайы повестьмæ гæсгæ («Женя - чудо XX века»). Библиотекæйы адрис рафыстон æмæ, уыцы бон цы хъуыддæгтæ бакæнынмæ хъавыдтæн, уыдон фæстæдæрмæ аргъæв- тон æмæ Мæскуыйы, йæ кой æппындæр кæмæн никуы фехъуыстон, уыцы уынг агурын райдыдтон. Ахæм хъуыддагмæ та, æвæццæгæн, зæххыл мæнæй къуымыхдæр адæймаг нæ разындзæн. Цæмæй мыл баууæндат, уый тыххæй уын иучысыл хабар радзурон. Мæ чиныг мыхуырмæ цæттæ кодтой Мæскуыйы рауагъдад «Детская литература»-йы. Уый та уыд - кæд ма ныртæккæ дæр уым ис, уæддæр нæ зонын, стæй кæд уæвгæ дæр нал и, уæд дæр афтæ — метро «Дзержин- ский»-йæ схизæны аэрофлоты кассæты фарсмæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы метройæ схизæн ис «Детский мир»-мæ дæр. Къорд хаттæй мæ фылдæр цæуын бахъуыд рауагъдадмæ - иу нæ, фæлæ мын дзы дыууæ чиныджы рацыд - æмæ-иу алы хатт дæр фæрæдыдтæн. Метройы вагонæй- иу куы рахызтæн, уæд-иу мæхицæн загътон, ацы хатт мын фæрæдийæн нал ис, зæгъгæ, фæлæ та-иу кæс æмæ мæ размæ «Детский мир» фæци. Ныр чиныгкæсджыты конференцимæ цы библиотекæ хуыдта, уый æнцонтæй кæй не ссардзынæн, ууыл хъуыды дæр нæ акодтон, уымæн æмæ зыдтон, куы нæ ацæуон, уæд фæстæдæр фæсмон кæй кæндзынæн. Бирæ фæразил-базил кæныны фæстæ æрхæццæ дæн, йе ссарыныл боны æмбисæй фылдæр кæуыл бахардз кодтон, уыцы библиотекæмæ. Æргом дзургæйæ фыдæнхъæл бирæ цæмæйдæрты фæдæн. Фыццаджыдæр, биб- лиотекæ æрбынат кодта хæрзгыццыл агъуысты. Иу дæс æмæ дзы дыу- уиссæдз бынатæй фылдæр нæ уыдаид. Æмæ уый дæр адæмæй нæ бай- дзаг. Афонæй чысыл фæстæдæр, адæммæ се ’ргом, афтæмæй разæй ра- бадтысты цалдæрæй. Сылгоймæгтæ дыууæ йеддæмæ нæ уыдысты, æмæ дзы Есенины чызг кæцы у, уый ничи базыдтаид, уымæн æмæ дзы поэты æнгæс иу дæр нæ уыд. Æмбырд байгом кодта сылгоймæгтæй иу. Йæ фыццаг ныхæстæй сбæрæг, Татьянæ уый кæй нæу. Мæн фæндыди, иннæ дæр куы нæ уыда- ид, уый, уымæн æмæ йæм Есенины хуызæнæй дæр ницы уыд, стæй йæ бакаст дæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Мæхинымæр ма мæ зæрдæ дардтон, кæд, зæгъын, æмбырдбайгомгæнæг уазæджы æндæр уатæй æрбахондзæн, цæмæй йæ фæзынд æнæнхъæлæджы уа, фæлæ фæрæдыдтæн: Есенины чызг уыди, йæ фарсмæ чи бадт, уый. Йæ ном ын куы загъта, уæд ын адæм нымдзæгъд кодтой. Сылгоймаг цалдæр ныхасы загъта повесты ав- торы тыххæй. Радзырдтой ма ноджыдæр цалдæрæй, стæй ныхасы бар радтой Татьянæйæн. Цы ныхæстæ загъта, уыдоны, зæрдыл цы бадарай, ахæмæй ницы уыд. Æрмæст базыдтон, Ташкенты кæй цæры, уый. Йæ фыды тыххæй иу ныхас дæр нæ загъта. Æмбырдмæ æрбацæуджытæ, цыма ныхас бакодтой, уый хуызæн æм Сергейы тыххæй иу фарст дæр нæ рад- 125
той. Мæнмæ рагацау цалдæр фарсты сæвзæрд - фылдæр йæ фыдимæ баст - фæлæ мæхинымæр ахъуыды кодтон, æвæццæгæн, зæгъын, кон- ференцийы архайджытæн рагацау загъдæуыд, йæ фыды кой мачи скæнæд, зæгъгæ, æмæ æз дæр иннæты бафæзмыдтон. Адæм сыстадысты. Уазджытæн, куыд бамбæрстон,’афтæмæй ницы еблуагъæ загътой. Афтæ мæм хуымæтæджы нæ фæкаст. Татьянæ, йæ фæстæ дыууæ лæппулæджы, афтæмæй мæ тæккæ рæзты уынгмæ рацæй- цыд. Йæ къухы, лыстæг æндæхтæй-иу ставд цæстытæ кæмæн уыд - ныр дæр ма йыл искуы-иу хатт фембæлæн вæййы, фæлæ уæд арæх уыди - ахæм хызгонд. Цыдæр тыхтæттыл дзы мæ цæст æрхæцыд, бынтон мæм куы ’рбаввахс, уæд та сын сæ астæу ауыдтон сæны авджы хъуыр. Фæстæмæ ма йе ’мбæлццæттæм иу каст куы фæкодта, уæд мæм ноджы фыдынддæр фæкаст. Цыбыр ныхасæй, мæ бон фесæфт, фембæлдæй дæр мæ зæрдæ ницæмæй барухс, фæлæ Есенинмæ мæ цæстæнгас нæ аивта. Куыд фылдæр æй кастæн, уыйас мæ зæрдæмæ тынгдæр цыд. Фылдæрæй-фылдæр код- той йе сфæлдыстад иртасджытæ дæр. Бæлвырддæргæнгæ цыдысты йæ царды цаутæ. Уыцы хъуыддагыл уæлдай зæрдиагдæрæй куыстой Сергей Кошечкин æмæ Юрий Прокушев. Сергеимæ зонгæ нæ уыдтæн, фæлæ газет «Правда»-йы куы куыста, уæд мын ме ’мдзæвгæтæ бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рацыдысты. Прокушевимæ та Мæскуыйы базонгæ дæн. Уæлдæр партион скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд нæм лекци каст æмæ йæм фæслекци бацыдтæн, кæцæй дæн, чи дæн, уый йын загътон, Есе- нины сфæлдыстад бабæстон кæныныл зæрдиагæй кæй архайы, уый зæгъын дæр мæ нæ ферох. Есенины бирæ кæй уарзын æмæ дзы цалдæр æмдзæвгæйы ирон æвзагмæ кæй ратæлмац кодтон, уымæй бахахх кæнынмæ хъавыдтæн, ме ’рбацыды сæр хуымæтæджы кæй нæ уыд. Куыд бамбæр- стон, афтæмæй Юрийы мæ ныхæстæ ницæмæн хъуыдысты æмæ, цæмæй нæ ныхас фæцыбыр уа, уый тыххæй мын йæхимæ гæсгæ зæрдæлхæнæнæн загъта: «Уæдæ мах иу хъуыддагыл кусджытæ стæм». Есенинмæ цы уарзондзинад дардтон, уый ма суанг мæ хотæ дæр ба- зыдтой æмæ-иу мæ байардтой, Есенины æмдзæвгæтæ-ма нын радзур, зæгъгæ. Нæ сын-иу разы кодтон, фæлæ фæстæдæр, куы фæкарджындæр дæн æмæ-иу хатгай нæхимæ хъæлдзæгæй куы ’рбацыдтæн, уæд-иу мын мæ дæлæрмттыл фæхæцыдысты, диваныл-иу мæ æрбадын кодтой æмæ- иу сын цалынмæ дзæвгар рæстæг поэты æмдзæвгæтæ нæ фæкастæн, уæдмæ- иу мæ сыстын нал бауагътой. Есенины сæрыл тох кæнгæйæ ма иу хатт æмбылды дæр фæдæн. Уæд «Рæстдзинад»-ы куыстон. Хæснаг та Хæблиаты Сафаримæ скодтон. Цæвиттон, Сафармæ ахæм миниуæг уыди: мæ дзыхæй-иу ныхас нæма схауд, афтæ-иу, цы загътон, уый ныхмæ радзырдта. Мæстæй марыны тыххæй, цæмæй мæхи раст кæнынмæ фæуон, мæ хъуыды иуцалдæрыр- дыгæй бафидар кæнон. Цæмæдæр гæсгæ йæм уый хорз каст. Уыцы хабар Ходы Камал дæр бафиппайдта æмæ та-иу, Сафар йæхи куыд дары, уымæ кæсгæйæ мæнæн афтæ фæкодта: «Дæ ныхмæ та дзуры!» Ныхас Есенины тыххæй куыдæй рауад, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ Сафар, Сергейы фыстытæ мæ зæрдæмæ куыд тынг цæуынц, уый куы 126
фехъуыста, уæд та мæ хъуыры абадти, уый та, дам, цæй поэт у. Ды йæ, зæгъын, нæ зоныс, æмæ уымæн афтæ дзурыс. Уыцы ныхæстæ айхъуыс- та, цы! - йæ тъæнгтæ йын ацагъта. Кæд, дам, ма Есенины æз нæ зо- нын, уæд ма йæ чи зоны. Æз Сафарæй раздæр смæсты дæн æмæ та мæ ныхæстæ сфæлхат кодтон: — Нæ йæ зоныс, нæ, æндæр афтæ нæ дзурис!.. Хъуыддаг хæснагмæ æрцыдис. Хъуамæ æрбадтаиккам æмæ алчидæр фыссын райдыдтаид, поэты æмдзæвгæтæй æнæ чиныгмæ кæсгæйæ цæйбæрц зоны, уый. Уæдмæ нæ быцæуы хабар редакцийыл айхъуыст æмæ иууылдæр циркмæ кæсæгау кастысты. Фыстам, фыстам æмæ фыс- там. Нал æй хъуыды кæнын, бæлвырд рæстæг радтам кæрæдзийæн æви, чи цæйбæрц зыдта, уыйбæрц фыссыны бар ын уыдис, уый, фæлæ иу афон æрхæццæ бæрæггæнæнтæ хынцыны рæстæг. Рацæй-рабон, æмæ Са- фар фæуæлахиз. Сафары зæрдæргъæвддзинадимæ зын ахæцæн уыд, стæй йын йæ ав- налæнтæ зонгæ дæр кодтон, фæлæ мыл Есенины зонынæй фæуæлахиз уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма мыл Сафар кæмфæнды куы фæуæлахиз уа, уæддæр Есенины мæнæй хуыз- дæр нæ зондзæн, æмæ фæрæдыдтæн, афтæмæй та, чи никуыма ’рцыд, ахæмæй дзы ницы уыд. Нæртон Сослан дæр ма куы фæрæдыд: мæнæй тыхджындæр нæй, зæгъгæ, тыхагур куы ацыд. VIII Институты сфæлдыстадон арт мæ бацыды размæ дæр æнæхуысгæйæ сыгъди. Хæст куы фæци, уæд ма дзы чи раирвæзт, уыдонæй йæ ахуыр чи дарддæр ахæццæ кодта, чидæртæ та ма дзы суанг фыццаг курсмæ дæр бацыди. Æз ма дзы кæйдæрты æййафгæ дæр бакодтон. Æййафгæ, зæгъгæ, фыццагкурсон уæвгæйæ, иу уаты кæимæ цардтæн, уыдонæй иу - Цæголты Али уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг æмæ ахуыр кодта физи- кон-математикон факультеты. Литературæйы йæ тыхтæ чи фæлвæрдта, уыдон сæ уацмыстæ хицæн чиныгæй дæр рауагътой. Хистæртæ ахуыр фесты æмæ та ног фæлтæры æхсæн дæр фæзынди курдиæттæ. Уагътой къухæй- фысгæ журнал «Æвзонгдзинад». Фæзындысты дзы ме ’мдзæвгæтæ дæр. Иннæтимæ мын мæ къам дæр, институты тыргъты цы фæйнæг уыд, уым бакодтой. Уæле дзы стыр дамгъæтæй ныффыстой: «Уыдон уадзынц «Æвзонгдзинад». Журнал мыхуыр кодта Боциты Солтаны, Цæрукъаты Таймуразы, Дзуццаты Эльбрусы, Хъодзаты Æхсары, Владимир Пальчи- ковы, Гаджиты Ильяйы, Александр Смирновы, Альберт Налбандяны, Алинæ Бобылева æмæ бирæ æндæрты æмдзæвгæтæ. Фæстæдæр, бирæти- ражон газет «Педагогическая смена» цæуын куы райдыдта, уæд æрыгæт- ты сфæлдыстад фылдæр адæм базыдтой, уымæн æмæ газеты тираж чы- сыл нæ уыдис æмæ, зæгъæн ис, алы студент æмæ ахуыргæнæгмæ дæр хæццæ кодта. Хъуыды ма йæ кæнын, редактор ын уыдис Тахъазты Ха- рум. Газеты редакци стыр æргом здæхта æрыгæтты сфæлдыстадмæ, мы- хуыр сын кодта се ’мдзæвгæтæ, радзырдтæ, æмбисæндтæ æмæ хуымæтæ- джы уацхъуыдтæ. 127
Кæцы аз уыд, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ «Педагогическая смена»-йы редакци расидти сусæг конкурс хуыздæр æмдзæвгæ ныффыссы- ныл. Мæнмæ гæсгæ дзы, чидæриддæр фыста, уыдон иууылдæр ахайдтой, уыдонимæ æз дæр. Хъуамæ алчидæр йæ уацмыс барвыстаид фæсномы- гимæ. Жюрийы уæнгтæ æркастысты æппæт уацмыстæм д&р æмæ æрцыды- сты иумæйаг уынаффæмæ: сбæрæг кодтой, сæ хъуыдымæ гæсгæ, чи цы бынаты аккаг уыд, уый. Мæнмæ — кæд ма исты зонын, уæд — фыццаг бынат æрхауд. Кæйдæр хъуыдымæ гæсгæ та хъуамæ фыццаг бынат æндæрæн раттаиккой. Уый та уыди, «æндæртимæ» чи ахуыр кодта æмæ, уыдоны нымадмæ гæсгæ æз йæ цуры рыг дæр кæмæн нæ калдтон, ахæм æрыгон курдиат. Кæй сæрыл хæцыдысты, уымæ та мæнæй кæнæ дæлдæр, кæнæ та æппындæр ницавæр бынат æрхауд. Жюри æндæрхуызон уынаффæ куы рахаста, уæд, фыццаг бынаты аккагыл кæй нымадæуыд, уый æмкурсонтæ бавдæлдысты, æмæ мæ номæй писмо ныффыстой, цыма æз жюрийы уæнг- ты хъуыдыимæ разы нæ дæн, мæнæн цы бынат саккаг кодтой, уый се ’мкурсонæн раттын æмбæлд æмæ мæм æй æрбахастой. Цы уавæры бахаудтæн, рæстдæр зæгъгæйæ та, цы уавæры мæ сæ- вæрдтой, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон, куыд кæнгæ мын у, ууыл ахъуы- ды кæныны фадат мын уæвгæ дæр нæ фæцис, афтæмæй фысты бын мæ къух бавæрдтон. Чи мæм æрбацыд, уыдон мæ хуымæтæджы разыйæ баз- задысты, мах, дам, æй зыдтам, нæ хъуыдыйыл дыууæ кæй нæ зæгъдзынæ, уый. Уыцы хъуыддагыл ма абон дæр дис кæнын. Æнæбындурдæр хъуыды сæрмæ æрцæугæ нæ уыдзæн. Уыдон фæрæдыдысты, уый афтæ диссаг нæ уыд, фæлæ æз та цæмæн фæрæдыдтæн? Цы кæнын, ууыл цæуыннæ ахъуы- ды кодтон, чи фæрæдыд æмæ фæсмон кæмæ æрцыд, мæхи ахæмы бына- ты цæмæн сæвæрдтон? Фарстатæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, фæлæ дзы рæстырдæм дзуапп раттын никæцыйæн фæрæзтон. Æркасты æууæлтæ развæлгъау алкæмæн дæр зындгонд уыдысты. Чи сæ расидт, уыдонæн дæр, кæмæ фæсидтысты, уыдонæн дæр. Стæй канд уыдонæн нæ — газеткæсджытæн се ’ппæтæн дæр. Уæдæ уынаффæ рахæс- сын дæр иу адæймагæн хæсгонд не ’рцыд. Цал уыдысты, уый нæ зонын, фæлæ жюри чи хуынди, уый дæр иу æмæ дыууæ адæймагæй нæ уыдаид, фæлæ фылдæрæй. Куыннæ хъуамæ æрбахуыдтаиккой уырдæм, хъуыддаг равзарын йæ бон кæмæн уыд, ахæм адæймæгты! Æвæццæгæн, сыл æу- уæнк дæр уыдаид. Æппæты сæйрагдæр та уыди, хæрам бакæнын дзы искæй куы фæндыдаид, уæддæр ын кæй нæ бантыстаид. Конкурс уыди æхгæд. Уацмысты бын алчидæр сæвæрдта йæ фæсномыг. Ацу æмæ ба- зон, хъуынайы бын дур ис, уый! Фæлæ уæддæр жюрийы уынаффæ кæйдæрты зæрдæмæ нæ фæцыди. Хъуамæ преми кæмæн радтой, уымæн æй фенад кодтаиккой, йæ гыццыл цин ын байстаиккой. Писмо мæм куы ’рбахастой, уæд æппæты фыццаг цæуыл ахъуыды код- тон, уый дæр нæ сусæг кæнын: афтæ куы банхъæлой, æз уыцы преми райсынмæ мæ былыцъæрттæ хордтон, æнæ уыцы хæрзиуæгæй мын мæ дарддæры цард ад нал скæндзæн. Ноджы ма стъæлфыдтæн, куы нæ йæ 128
бафыссон, уæд мæ цытуарзаг куы рахоной, кадмæ бæллæгыл мæ куы банымайой. Цыбыр ныхасæй: нæ мæ фæндыди, æрвылбон дæр кæуыл æмбæлдтæн, салам кæмæн лæвæрдтон, уыдоны æнæ дзуаппæй аздахын, сæ зæрдæхудты бацæуын. Цæй дзуапп æмæ цæй зæрдæхудт! Сывæллон кæд нал уыдтæн, уæддæр мæ хъуыдытæ сывæллоны зондæй дарддæр не ’ххæссыдысты æмæ мæхи æдылыйы бынаты сæвæрдтон. Хæрæгæн, дам, йæ сæр фынгмæ хастой æмæ зæхмæ тылди. Уæвгæ мæ чи фæрæдийын кодта, уыдон дæр мæнæй бирæ дарддæр нæ ацыдысты. Жюрийы уынаф- фæйы ныхмæ тох кæнын тымбылкъухæй дур цæвынæй уæлдай нæ уыд. Мæ писмо уайтæккæ дæр жюримæ фæхæццæ кодтой. Æмæ дзы цы хъуамæ рамбылдтаиккой! Цæсты мæ бафтыдтой, æдылыйы бынаты мæ сæвæрдтой. Сæхиуыл та косайы æмбисонд æрцыд. Чи зоны, мæныл дæр... Кæддæр, дам, косайæн фехъусынчындæуыд, кæмæндæриддæр, дам, йæ сæрыл хъуын нæй, уыдонæн, дам, сæ сæры цæрмттæ стигъгæ ссæ- уынц, цæмæй дзы гуымсæджытæ (барабантæ) саразой. Коса уый айхъуы- ста, цы! - айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ сæрдасæн радавта æмæ йæ сæрыл ралæууыд, ни вам, ни нам (мæн дæр нал хъæуы, фæлæ дзы сы- махæн дæр ницы пайда ис), зæгъгæ. Уыйау, мæнæн преми кæй нал рад- той, уый мæм афтæ тынг нæ бахъардта, сывæллоны ми мыл кæй æрцыд, мæхæдæг мæхи — канд мæхæдæг нæ, фæлæ кæйдæрты æххуысæй - æды- лыйы бынаты кæй сæвæрдтон. Уайдзæфтæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, кодтой. Канд жюрийы уæнгтæ нæ, фæлæ мæ зонгæтæ, æппæты карздæр ныхæстæ та фехъуыс- тон мæ хæлæрттæй. Æмæ мын уайдзæфтæ кæнын нæ хъуыд? Æфхæрыны аккаг нæ уыдтæн? Хъуыди æмæ уыдтæн. Стæй мæ æфхæргæ дæр бакод- той. Ацы хабары хæдразмæ институты парткоммæ курдиат балæвæрдтон, цæмæй мæ Коммунистон партийы рæнхъытæм кандидатæй райстаиккой. Æртæ рекомендацийы мын ныффыстæуыд. Мæ хъуыддæгтæ хорз кæй ацыдаиккой, ууыл дызæрдыг нæ кодтон. Фæлæ ма конкурсы фæстæ цæ- уыл хъуамæ мæ зæрдæ дардтаин! Уæд партбюройы секретарь уыди Геор- гий Кравченко. Йæ фыд уырыссаг уыд, йæ мад та Хуыцъистатæй. Лек- цитæ нын касти советон литературæйæ. Зыдта мæ, уæдæ мæ нæ зыдта! Æхсæнадон царды цыдæртæ змæлыдтæн, уыдтæн ФÆЛКЦ-йы бюройы уæнг, къорды старостæ... Партийы рæнхъытæм цæуынмæ кæй хъавын, уыцы хабар Георгимæ куы бахæццæ, уæд бацин кодта. Иу дзырдæй, студентæй коммунист суæвын бирæтæн не ’нтыст, фæлæ æз хъуамæ уыцы кады аккаг разындаин. Хъуамæ разындаин, фæлæ нæ разындтæн. Æз мæ къух цы писмойы бын бавæрдтон, дыккаг ахæм, æвæццæгæн, зын ссарæн у. Сусæг конкурс расидтысты. Дæ цæстытæ дын артмæ ничи ныддардта, ис-нæй уæддæр дын дзы æнæархайгæ нæй, зæгъгæ. Дæ рæбы- ны хуыздæрæй цы ссардтай - цас рæбынтæ дæм уыди, фæлæ уæддæр - уый бацæттæ кодтай, чи дæ, уый бамбæхстай, уымæн æмæ конкурсы æууæлтæ афтæ домдтой, дæ писмо посты лагъзы ныппæрстай. Рацæй- рабон æмæ дæ хал схаудта. Чи зоны, æнхъæл дæр нæ уыдтæ, афтæмæй дæ фæуæлахизуæвджытæй иуыл банымадтой, æнæхъæн институты йæ 9ДзасохтыМ. 129
фехъусын кодтой. Куыд хъуамæ дардтаид дæ бынаты йæхи æндæр? Цин кодтаид, уымæн æмæ ахæм хабæрттæ царды арæх нæ вæййы, уæлдайдæр студенты царды. Ды та цытæ бакуыстай? Бавдæлдтæ æмæ, дæ фæллойæн аккаг аргъ чи скодта - чи зоны, фæллой рахонæн дæр ыл нæ уыди, стæй йын аккаг аргъæй фылдæр кад скодтой - уыдонæн уайдзæфтыл схæцыдтæ, сымах исты куы ’мбариккат, уæд преми уартæ Б-йы-фыртæн радтаиккат, зæгъгæ. Жюрийы уæнгты бынаты ахæм фарст раттын æмбæлди: «Фыцца- джыдæр, кæд дæхи премийы аккагыл нæ нымадтай, уæд дыл цы тыхбе- гара уыд, æнцад дæ бынаты цæуыннæ бадтæ? Дыккагæй та, кæд жю- рийæн æххуыс кæнынмæ хъавыдтæ, уæд, преми раттын кæмæн æмбæлд, уый фæсномыг исты хуызы базыдтаис, жюрийы уæнгтæм æй фæхæццæ кодтаис æмæ, ныртæккæ цы дзыхъхъы ныххаудтæ, уый иуфæрсты ацы- даис æмæ бынæй уæлæмæ нæ дзурис». Бынæй уæлæмæ кæй дзырдтон, уый мын цыбыр рæстæджы фæстæ парткомы секретарь фехъусын кодта. Дæуæн, дам, нырма партимæ цæ- уынмæ раджы у. Кравченкомæ æппындæр нæ фæхæрам дæн. Хæрам нæ, фæлæ ма дзы бузныг дæр фæдæн. Æгайтма мын цы хъуыди, уый дæр загъта æмæ мын цы ’мбæлди, уый дæр бакодта. Ацы дунейы алцæй тыххæй дæр дзуапп дæттын хъæуы. Исчи бафæрсдзæн, ау, хъуыддаг æнæхъæн институтыл кæм айхъуыс- ти, уым, цалдæр студенты кæй фарс рахæцыдысты, уый, йæ фæсчъыл- дым цытæ цæуы, уымæн ницы зыдта? Стæй кæд зыдта, уæд йæхи куыд дардта? Уыцы фæрстытæн дзуапп раттынмæ мæ ныфс нæ хæссын, уымæн æмæ дзы хъусгæ дæр никуы ницы фæкодтон, йæхи та, раздæр куыд дард- та, уымæй никæцырдæм фæуæзгæдæр ис. Иу сен сен кæмæн нæу, ахæм адæмы нымæц цас у, уый нæ зонын, фæлæ йæ кæд исчи зоны æмæ мæн уыдонимæ нæ нымайы, уæд рæдийы, уымæн æмæ уæлгоммæ фæлдæхт халамæрзæныл къорд хатты дæр ныл- лæууын, кæд йæ иу цæф иннæмæй тыхджындæр йеддæмæ лæмæгъдæр нæ вæййы, уæддæр... Уæлдæр цы Б-йы-фырты кой уыд, уыимæ нæм иу сæрдыгон бон фæсивæдон газеты редактормæ фæсидтысты, цæмæн, уый нын нæ загъ- той, афтæмæй. Уæд редакци, ныртæккæ ЗАГС кæм ис, уыцы агъуысты уыдис. Гауызтæ тыд кæм уыд, ахæм тыргъмæ куы бахызтыстæм, уæд цыма кувæндоны къæсæрыл æрлæууыдыстæм, афтæ мæм фæкаст. Чи стæм æмæ нæм чи фæдзырдта, уый куы бамбарын кодтам, уæд нæ иу æрыгон чызг, «Редактор», зæгъгæ, цы дуарыл фыст уыд, уый къæсæрæй фæмидæг кодта. Нæ размæ рацыд фæтæнуæхск бæрзонд лæппулæг æмæ нын рагон зонгæтау худгæбылæй нæ къухтæ райста. Нæ ахуыр, нæ царды хабæрттæй нæ бафарста, стæй нæм цæмæн фæдзырдта, уый дæр бамба- рын кодта. Куыд загътон, афтæмæй сæрд йæ тæккæ тæмæны уыд. Ахæм заман та кусæг адæмæй алчидæр фæтырны отпусчы ацæуынмæ. Редакцийы кус- джытæ, æвæццæгæн, æгæр бирæйæ фæхæлоф кодтой сæ фæллад уа- дзынмæ ацæуынмæ. Редактор гомгæрццæй аззад æмæ сæрды мæйты нæ 130
дыууæйæ иуы кусынмæ райсын йæ зæрды уыд. Уæд ма «Молодой комму- нист» иронау дæр цыди æмæ хицауы, æвæццæгæн, мадæлон æвзагыл чи фыссы, ахæм æххуысгæнæг тынгдæр хъуыд. Уыдон иууылдæр бамбæр- стон, фæлæ мæ мæхинымæр иу хъуыддаг дисы бафтыдта. Кæд æй иу кусæг йеддæмæ нæ хъуыди - хъæугæ та йæ, йæ ныхасы райдайæны йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй иу кусæг йеддæмæ нæ кодта — уæд нæм дыууæйæ цæмæн фæдзырдта, уый дæр - иумæ? Кæд нæ чи цы у, уый хуыздæр базонынмæ тырныдта, уæд уый размæ искæй бафарстаид, кæд уый йæ къухы нæ бафтыд, уæд та нæм хицæнтæй фæдзырдтаид, немæ аныхас кодтаид æмæ йæм нæ алкæй тыххæй дæр уæлæнгай хъуыды уæддæр сæвзæрдаид. Уый афтæ æнæуи зæгъын, æндæр æз мæхинымæр цы хъуы- ды кодтон, уый хъуыддагмæ ницы бар дардта. Редактор йæ ныхæстæ фæудыл банымадта, фæлæ махæн куыд гæнгæ уыд, уый нæ зыдтам æмæ æнхъæлмæ кастыстæм. - Цы зæгъут? - сабырдзинад фехæлдтой редакторы ныхæстæ. - Чи уæ хуыздæр сарæхсдзæн? Цы дзуапп раттæн уыд ахæм фарстæн? Иумæ дæр ма куы нæ уыдаик- кам, уæддæр ницы кæны. Иугæйттæй нæ алкæй дæр бафæрсæн уыдаид, сарæхсдзæн æви нæ сарæхсдзæн, уымæй, фæлæ дыууæйæ иумæ? Æз ме ’мбалмæ ацамыдтон, уый, зæгъын, хуыздæр сарæхсдзæн. Редактор мæ ныхасыл дыууæ нал загъта. Ме ’мбал та, куыд бамбæр- стон, афтæмæй ныхас нæ, фæлæ ныхасы ’рдæг зæгъинаг дæр нæ уыд, æмæ ууыл хъуыддаг лыггонд æрцыд. Ме ’мбал сæрддон-сæрддæргъы фæкуыста редакцийы. Куыд куыста, уый, æвæццæгæн, сусæггагæй нæ баззад, æз куыд куыстаин, уый та ацы дунейы ничи базондзæни, уымæн æмæ мæ фæндаг мæхицæн мæхæдæг æрæхгæдтон ме ’мбал æмæ редакто- ры æххуысæй, стæй ма мæ уæздандзинады æххуысæй дæр, мурмæ дæр кæй ницæмæ æрдардæуыд æмæ ахæм адæмы æхсæн гуырд у æви гуыринаг у, уый æвдисын дæр кæй нæ хъуыд, мæ уыцы уæздандзинады æххуысæй. Ам дæр та мæхимæ иу аипп хæссын. Цæмæн фæразæй кодтон мæхи, фарст комкоммæ мæнмæ куы нæ хауд, уæд? Дзуапп ын куы нæ раттаин, уæд мыл куы никæй зæрдæ фæхудтаид, чысыл куы фæгæдзæ кодтаин, уæд мын æй мæ цæстмæ куы ничи бадардтаид. Фæлæ ахæм ран дзыл- лæйы æфсæрм мæн бацæуы, цыма мыл дунейы адæм сæ цæст æрæвæрынц, афтæ мæм цæмæн фæкæсы, уый абон дæр нæ зонын. Афтæмæй ма мын аргъгæнæг дæр куы уаид, искæмæн бæсты куы цæуид, уæздан ныхас дзы искæмæй иу хатт уæддæр куы фехъусин. Ницы та фехъуыстон уыцы фембæлды фæстæ дæр ме ’мбалæй. Ре- дакторы цур мæн тыххæй иу ныхас дæр нæ загъта, афтæмæй та нæм нæ фысым, кæд дыууæйæ уыдыстæм, уæддæр иу хъуыддаджы тыххæй фæдзырд- та, æмæ æз мæхи куыд дардтон, уымæн дæр йæхи афтæ дарын йæ бон уыди. Йæ бон уыди, æз æй мæхицæй куы фæуæлдæр кодтон, уæд мæ ныхмæ иу ныхасы æрдæг сдзурын уæддæр бафæлварын. Чи зоны, æз æй сдзырд дæр нæ бауагътаин, фæлæ мын уыцы фадат дæр нæ радта, хъуыс- та, цы дзырдтон, уымæ, фæлæ æз дæр ахæм адæймаг кæй уыдтæн æмæ нæ уавæртæ иухуызон кæй уыдысты, уый йæм кæд хъардта æмæ йæ 131
æмбаргæ дæр кодта, уæддæр æй æддæмæ нæ равдыста. Нæ йæ равдыста æддæмæ, уынгмæ куы рацыдыстæм, уæд дæр æмæ уыцы хабарыл æнусы æмбис куы рацыд, уæд дæр. Уæвгæ мæнæн мæ хъуыддæгтæ арæх афтæ рауайынц: чысыл хорзы кæмæн бацæуын, уый мын æй хъуамæ стыр æвзæрдзинадæй бафида. Се ’ппæт нæ, фæлæ сæ иуæй-иутæ. Уыдоны тыххæй ма, чи зоны, æндæр ран ныхас рауайа... IX Ахæм фысджытæ ис: дзæвгар азты семæ зонгæ уыдтæ, арæх æмбæлды- стут, иумæ цæхх-къæбæр бахордтат, бирæ фæцард, афтæмæй йе ’нусон фæндагыл ацыд, фæлæ дзы цы ’рымысай, уый нæй. Нæ дзы иу хорздзи- над дæ зæрдыл бадардтай, нæ, чидæр цы загъта - иу æвзæрдзинад. Хъай- тыхъты Геор уыдонмæ нæ хауы. Раздæр куыд загътон, афтæмæй нæ хæдза- ры фыццагдæр цы чингуытæ фæзынд, уыдонæй иу уыд Георы «Æмдзæв- гæтæ æмæ кадджытæ», фæлæ йын йе ’мдзæвгæтæй уымæй размæ дæр кæцыдæртимæ - уæлдайдæр, ахуыргæнæн чингуытæм хаст чи ’рцыдис, уыдонимæ - зонгæ уыдтæн. Æртиссæдз азмæ æввахс рацыд, Георы æмдзæвгæ «Зымæг» скъолайы куы ахуыр кодтам, уæдæй нырмæ, фæлæ мæ нæма ферох. Мæнæ йæ райдайæн рæнхъытæ: Чи байтыдта кæрты урс-урсид ыссад? Цавæр лæгмæ разынд уыцы стыр бæркад? Институты ахуыр кæнгæйæ Георы æрæййæфтон фысджыты Цæдисы сæрдарæй. Йæ кусæн уатмæ бацæугæйæ-иу адæймагыл афтæ бацин код- та, æмæ та-иу æй бафæндыд уырдæм ногæй æмæ ногæй бацæуын. Æмæ мах дæр цыдыстæм, уымæн æмæ Геор æдзухдæр поэзийæ цард. Кæмдæриддæр уыдаид, уым рифмæтæй дзырдта, уыимæ хуымæтæджы рифмæтæй нæ, фæлæ-иу адæймаг йæ зæрдыл кæй бадардта, хъæлдзæг- дзинады хос ын-иу чи фæци, иу æй иннæмæн радзурын йæхицæн хæсыл кæм нымадта, ахæм рифмæтæй. Æнæмастдæр адæймагæн скæнæн нæ уыд, йæхицæн æй знаг никуы ничи схуыдта. Уарзтой йæ канд йе ’мсис адæм нæ, фæлæ, кæимæ ’мбæлди, уыдон иууылдæр. Кæдæмфæнды куы ацыдаид, уæддæр ын-иу фæзынди ног хæлæрттæ. Æнæ адæмæй йын цард ад нæ кодта, фæндыди йæ æдзухдæр уыдоны æхсæн уæвын, уымæн æмæ йын дзы алчидæр дзуапп лæвæрдта уарзондзинадæй. Геор тынг ахуыр- гонд адæймаг уыд, фыццаджыдæр, кæсгæ бирæ кодта, сæйрагдæр та, цы-иу бакаст, уый-иу æй никуыуал ферох. Куыд дзурынц, афтæмæй Пушкины æмдзæвгæтæй фыст роман «Евгений Онегин» кæрæй-кæронмæ æнæчиныгмæ кæсгæйæ дзурын зыдта. Æмæ ууыл баууæндæн ис. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы уацмыс поэт ратæлмац кодта ирон æвзагмæ. Мæхицæй йæ зонын, стæй тæлмац чи кодта, уыдон дæр зæгъдзысты, цæмæй иу кæнæ иннæ уацмыс ратæлмац кæнай, уый тыххæй йæ дæсгай хæттыты бакæсын кæй хъæуы. Георы та, цæмæй йæ зæрдыл исты бадардтаид, уый тыххæй йæ дæсгай хæттыты кæсыны сæр ницавæр 132
уацмыс хъуыд, дыууæ-æртæ хатты дæр ын фаг уыд. Бирæ дæр уымæн зыдта. Дæсгай азты дæргъы Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæтты фæ- куыста философийы ахуыргæнæгæй, философи æмæ поэзи та кæрæдзи- имæ баст сты. Поэзийы хъуамæ философи уа, хъуыдыты философи, лæджы зонды арфмæ чи ныххизын кæна, царды нысаныл сагъæсы йæ чи бафтауа, æрдзы цауты бастдзинад раиртасынмæ йæм чи сида, ахæм фи- лософи. Уырыссагау ахæм ныхас ис: «ходячая энциклопедия». Алцыдæр чи зоны, цæугæ-цæуын æм цыфæнды зын фарст куы раттай, уæддæр æххæст дзуапп кæмæй райсдзынæ, ахæм адæймагмæ-иу дзырдтой уыцы номæй. Хъыгагæн, мах адæймагæн, цалынмæ нæ разы вæййы, уæдмæ фаг аргъ нæ фæкæнæм. Лæгæй лæг зæгъыны ныфс нæм, суанг куы амæлы, уæд дæр æдзух нæ разыны. Иоганн Вольфганг Гетейы фарсмæ цы Иоганн Петер Эккерман уыд, Георы цур иу ахæм лæг куы фæуыдаид, уæд йæ фæстæ диссаджы чиныг ныууагътаид, чи зоны, Геор йæ даргъ царды дæргъы цы бирæ бынтæ ныууагъта, уыдоны хуыздæры фарсмæ æрæвæрынмæ бæззыдаид. Фæлæ мах æндæр зондыл хæст стæм, нæ хорзæй хорз зæгъыны бæсты фæлтау хъусæй лæудзыстæм, нæхицæй къуыттытæ æмæ къуырматæ сараздзыстæм... Хорз сæрдар уыди Геор фысджытæн. Йæ цæст алкæмæн дæр уарзта, фыдаудæн никæуыл кодта. Раст зæгъын хъæуы, кæйдæрты коммæ дæр- иу бакаст, чидæртæ та-иу æй рæдийын дæр фæкодтой. Уыцы рæдыдтæ дæр-иу ыл йæ фырхæларзæрдæйæ æрцыдысты. Йæ цуры-иу чи уыд, уый хъуыдытæ-иу æм кæд растдæр нæ кастысты, уæддæр-иу йæ разы уæвæ- джы зæрдæхудты бацæуынæй тæрсгæйæ, куыд не ’мбæлд æмæ-иу йæхи куыд нæ фæндыд, афтæ бакодта. Уыцы миниуæг аипп кæй у, уый тыххæй ныхас дæр нæй, фæлæ аипп кæмæ нæй, ахæм адæймаг та ацы зæххыл кæцы дуджы цард? ...Цыдысты Геормæ бирæ хъуыддæгты фæдыл фысджытæ æххуысмæ, уымæн æмæ уый канд сæ сæрдар нæ уыди, фæлæ ма уыди сæ депутат дæр. Депутат уæд адæмæн лæггадгæнæгыл нымад уыди, стæй канд ны- мад нæ уыди, фæлæ сын æцæгæй лæггад кодта. Абоны депутаттæ æмæ уæды депутатты æхсæн хæхтæ æмæ быдыртæ ис, арв æмæ зæххау кæрæдзимæ дард сты. Ныртæккæ иуæй-иу хатт нæ парламентæй цы хабæрттæ райхъуысы, ахæмтæ Цæгат Ирыстоны кæддæры Сæйраг Сове- ты сессийы фæскъуым куы рачындæуыдаид, уæддæр, кæмæй рацыдыс- ты, ууыл кæнæ уыдоныл зарджытæ скодтаиккой, цæмæй сæм адæм се ’ргом аздæхтаиккой, цæсты сæ бафтыдтаиккой æмæ сæ дыккаг хатт æвзаргæ нæ, фæлæ сæ, кæм уыдысты, уырдыгæй дæр фæтардтаиккой. Фæлæ, куы зæгъын, мах рæстæджы диссаг диссаг нал у, афтæмæй та диссæгтыл бонæй-бонмæ æфтгæ цæуы, дисгæнджыты нымæц та къаддæр кæны, æндæр ма искуы ахæм диссаг фехъуыстæуыдзæн: адæмæн сæ туг сæ цæстытæй куы калди - уæвгæ абон уыцы туг къаддæр нæ фæци - сæ мæгуыры хъиутæ хæрынмæ куы ’рцыдысты, уæд нæ парламенты иу хай бавдæлд, æмæ ныхасмæ рахаста - уый уыди 1999 азы сæрды - ахсджи- агдæрæн скæнæн нæй, ахæм фарста: депутатты риуылдаргæ нысантæ сыз- 133
гъæринæй кæнæм æви нæ. Иутæ загътой: «0!», иннæтæ - «Нæ!» Хуыцау хорз, æмæ раст зондылхæст адæмы хъуыды фæуæлахиз æмæ Уæрæсейы сызгъæрин æвæрæнтыл былар æфтауын нæ бауагътой. Ацы хабар мæ хъустыл куы ’рцыд, уæд ыл нæ баууæндыдтæн, фæлæ йæ радио, телеуынынад æмæ газеттæ кæрæдзийы дзыхæй исын куы рай- дыдтой, уæд ма йыл цы ’нæбаууæндгæ уыдис! Мæ дис равдисыыæн хуыз- дæр мадзал не ссардтон æмæ газет «Рæстдзинад»-мæ ныффыстон цыбыр уацхъуыд. Радтон ын ахæм сæргонд: «Сызгъæрин курдиат». Редакцимæ мын æнæрвыстæй баззад, фæлæ йæ абон уæ размæ хæссын: «Нæ сызгъæ- рин депутаттæй йæ сызгъæрин зæрдæйы ракомкоммæ сызгъæрин нысан æрцауындзын кæй сызгъæрин зонд æрцахста, уый цæрæнбон бирæ уæд, фæлæ уыцы хъуыдыйы фарс чи схъæлæс кодта, уыдоны сызгъæрин мыггæгтæ нæ сызгъæрин газет «Рæстдзинад» сызгъæрин дамгъæтæй куы ныммыхуыр кæнид, уæд цыма, ныронг йæхи хуымæтæг æвзарæгыл чи нымадта, уыдон сызгъæрин фестиккой, афтæ мæм кæсы æмæ, уæ хорзæхæй, уыцы сызгъæрин курдиат сæххæст кæнынмæ ма фæзивæг кæнут. Сызгъæрин нысанхæссæг депутат равзарын йæ зæрды кæрон дæр кæмæн никуы уыд, уыцы хуымæтæг æвзарæг Дзасохты Музафер. 1999 азы 9 июль»... Мыртазты Барис æмæ Геор бынтон лымæн нæ уыдысты, се ’хсæн-иу изгарддзинад куы сæвзæрд, ахæм рæстæджытæ сыл иу æмæ дыууæ хатты нæ акодта. Кæрæдзиуыл эпиграммæтæ фыстой æргомæй дæр æмæ фæсно- мыгæй дæр. Сæ быцæутæ-иу суанг фельетоыты онг дæр ахæццæ сты. Геор диссаджы юморист уыди, тынг арæхст сатирæйы хæцæнгарзæй ар- хайынмæ. Иу хатт мæм мæ куыстмæ æрбацыд æмæ мын афтæ зæгъы, мæ ног æмдзæвгæйы сæрмæ, дам, «Мыртазты Барис», зæгъгæ, бафыстон. - Цæмæн? - бафарстон æй æз. — Уæддæр та йæ давгæ кæндзæн. Æлхысчъытæхъуаг æй Барис дæр нæ уагъта, фæлæ йын уæддæр аргъ кодта. Георæн йæ цуры куы лæууай, уæд, дам, дын цыфæнды хъуыддаг дæр сараздзæн. Георæн йæ цуры куы нæ лæууыдаис, уæддæр дын сарæз- таид хъуыддаг, уымæн æмæ бирæ адæмы зыдта, стæй йын йæхи дæр бирæтæ зыдтой. Кусгæ канд институттæ - философи алы рæстæджыты цалдæр институты лæвæрдта - æмæ фысджыты Цæдисы нæ кодта, фæлæ партийы обкомы дæр æмæ, кæимæ куыд дзургæ у, уый йын амонын нæ хъуыд. Хæсты хæдфæстæ уыдаид уый, æвæццæгæн. Партийы обкомы пропа- гандæ æмæ агитацийы хайады уæд куыста. Æмæ иу фæззыгон бон обко- мы кусджытæн картоф æрбаластой æмæ йæ кæрты акалдтой. Хуымæтæгдæр кусджытæй алчи йæ мæгуыры бон зыдта æмæ йæхи голджытимæ æрба- цыд, хицауадмæ хæстæгдæр чи уыд, уыдоны сагъæстæ та иумæйаг хайа- ды хицау Алексей Пешков йæхимæ райста æмæ дзы рагацау алкæмæн дæр голджытæ æрцæттæ кодта. Уый Георы хъустыл æрцыд æмæ Пешковы кусæн уаты смидæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтидкъухæй йæ рарвыста: зындгонд партократмæ хуымæтæджы инструктортæ номхыгъды мелæй фыст дæр нæ уыдысты. 134
Георæн хъыг куыннæ уыдаид, йæ курдиатæн ын аргъ кæй не счын- дæуыд, уый, æваст йæ поэтикон хæцæнгарзмæ февнæлдта æмæ, картоф- æвгæнджыты цурмæ куы рацыд, уæд хъæрæй загъта: Заведуюший наш Пешков Ие стоитдвух пустых мешков. Ома дыууæ афтид голладжы мын чи нæ радта, уый йæхæдæг дыууæ афтид голладжы йаргъ нæу. Ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты Цæгирпединституты историон-фи- лологон факультеты чи ахуыр кодта, уыдонæй бирæтæ сæ хъус дардтой сфæлдыстадмæ, сæхимæ та сын фаг хъусдард уыд фысджыты Цæдисы ’рдыгæй, комкоммæ та Хъайтыхъты Георы ’рдыгæй. Уымæй, зоныг- дзавд кæмæй фæуыдаис, де уæнг дын чи амардтаид, ахæм ныхас никуы фехъуыстаис. Уæдæ йе стипенди ссæдз туманы (зæронд, ома æхсайæм азты размæйы æхцатæй) йеддæмæ кæмæн нæ уыд, уымæн ма-иу искуы- иу хатт дæс æмæ ссæдз - дæс æмæ дыууиссæдз туманы куы радтой, уæд уый æххуыс нæ уыди? Уыди æмæ-иу райдайгæ литератортæ Георы фæрцы иуæй-иу мæйты сæхимæ æхцамæ цæуын нал бахъуыд. Георæй ноджы стырдæр хорздзинæдтæ дæр зонын. Фæстæдæр, мæхицæн æмдзæвгæты чингуытæ цæуын куы райдыдта, уæд æй бафæн- дыд, цæмæй сæ хуыздæртæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгонд æрцæуой. Дæлрæнхъонтæ, дам, сцæттæ кæн æмæ дын сæ æз мæ зонгæ тæлмацгæн- джытæй искæмæ Мæскуымæ арвитдзынæн. Дæлрæнхъон тæлмац никуы скодтон æмæ мæхинымæр тыхстæн. Хабар Дзугаты Савели (уый дæр мæн хуызæн уыцы рæстæг «Рæстдзинад»-ы куыста) куы бамбæрста, уæд мын зæрдæтæ æвæрынмæ фæци: - Ууыл ма æппындæр ма тыхс, æз дын сæ стæлмац кæндзынæн. Баххуыс кæнынмæ мын йæ цæттæдзинад кæй равдыста, уый мын æхсызгон куыннæ уыди, фæлæ, сарæхсдзæн, ууыл мæ зæрдæ нæ дард- тон, йæхæдæг æмдзæвгæтæ чи фыссы, ахæм сæ цыма хуыздæр раивтаид, афтæ мæм каст, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй фæрæдыдтæн. Æцæгæй мæм Савели уыцы бон цалдæр æмдзæвгæйы тæлмацгондæй æрбахаста. Фысджыты Цæдисмæ бацыдтæн, æмæ мын Геор афтæ: — Арвитдзыстæм сæ Вероникæ Тушновамæ. Хорз поэт у, стæй тæлмац дæр хорз кæны. Ме ’мдзæвгæтæ мын раивта, æмæ мæ зæрдæмæ фæцы- дысты. Куыд зæгъыс? Цы хъуамæ загътаин? Сылгоймаджы æмдзæвгæтæй кæсгæ никуы ницы бакодтон, фæлæ мын йæ ном хорз зындгонд уыд. Георæн разыйы дзуапп радтон, фæлæ тарстæн, куы нæ мын сæ ратæлмац кæна, уымæй. Веро- никæ Тушнова æмæ æз кæрæдзимæ дард уыдыстæм. Уымæн йæ ном æппæт Советон Цæдисы дæр зындгонд уыд, мæнæн та... - Æмæ сæ стæлмац кæндзæн? -мæ дызæрдыгдзинад æргомæй равды- стон Георы цур. — Куыынæ сæ стæлмац кæндзæн! Æз йемæ ныхас кодтон. Арвит сæ. Дæ писмойы мæ кой дæр скæндзынæ. Демæ, зæгъ, мæнæй-уый ныхас кодта. 135
Геор куыд загъта, афтæ бакодтон. Писмойы йæм цытæ ныффыстон, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ мæм йæхи писмо абон дæр æфснайдæй лæууы. Вероникæ фыста: «Дорогой тов. Дзасохов! Простите, что не об- ращаюсь по имени-отчеству, т.к. потеряла листок с Вашим адресом и еще раз простите - забыла Ваше имя. С удовольстви^м перевела Ваши хорошие стихи - моя вина, что так задержала. Болела, и серьезно. Пос- ле Вашего звонка выяснила, что письмо еще не отправила и взялась за переделку «К морю». Получилось теперь удачнее и точнее, но, к сожале- нию, с большим опозданием. Теперь еще раз простите меня за все, вместе взятое! Крепко жму руку. Вероника Тушнова. 23.03.64 г.». Ацы писмо куы райстон, ууыл афæдзæй чысыл фылдæр йеддæмæ нæма рацыд, афтæ мæм Хъаныхъуаты Валодя, «Рæстдзинад»-ы уæды редак- тор, фæсидти æмæ мын афтæ: — Чингуыты рауагъдады директор Зæнджиаты Дæгкайæн Ялтæйы фыс- джыты сфæлдыстадон хæдзармæ пз^евкæ сæрвыстой æмæ дæ кæд фæнды, уæд йæ бæсты дæ бон ацæуын у. Йæхицæн ныртæккæ фадат нæй. Цыбыр дзырдæй, дыккаг бон Минводы хæдтæхæджы сбадтæн æмæ сахат æмæ ’рдæджы фæстæ Симферополы балæууыдтæн. Уырдыгæй мæ фæндаг уыди Ялтæмæ. Æнæнхъæлæджы дзæнæты бæстæйы балæууыдтæн. Федтон æмæ базонгæ дæн Мариэттæ Шагинян, Анастасия Цветаева (Ма- ринæйы хо), Аркадий Первенцев, Виктор Некрасов æмæ бирæ æн- дæртимæ. Æппæты тынгдæр дзы мæ зæрдæмæ фæцыд Виктор Некрасов. Йæхи- уыл дæр азтæ дзæвгар цыд, фæлæ йæ мад бынтон зæронд уыд. Æмæ мæ зæрдæмæ цæмæй фæцыд - йæ мады иу минут дæр цух нæ уагъта. Æдзухдæр цыдысты дæларм-уæларм хæцгæ. Сихор цы фынгтыл хордтам, уыдон фæрсæй-фæрстæм уыдысты, бон цалдæр хатты æмбæлдыстæм æмæ зонгæ нæ баистæм, афтæмæй кæрæдзийæн салам дæттын райдыдтам. Уыдон йæ мадимæ бадтысты иу сылгоймаг æмæ нæлгоймагимæ. Кæрæдзийæн цы бавæййыдысты, уый нæ базыдтон, фæлæ цыфæндыйæ дæр иу би- нонтæ уыдаиккой. Некрасовтимæ цыма тынг хæлар уыдысты, стæй рагæй, афтæ мæм фæкаст, фæлæ иу заман цæуылдæр нæ бафидыдтой æмæ се ’хсæн дæрзæг ныхæстæ рауад. Уый фæстæ дæр ма иу фынджы уæлхъус бадтысты, фæлæ сæ иумæ тезгъогæнгæ нал федтон. Виктор, йæ мадæн ахæм диссаджы кад кæй кодта, ууыл бирæтæ сæ цæст æрæвæрдтой æмæ-иу æй йæ къухыл хæцгæ куы ’рбацæйхуыдта, уæд- иу æм кæсынтыл фесты. Аркадий Первенцев йæ рæстæджы хъуыстгонд фыссæг уыд. Сфæлды- ста иуæндæс романы, радтой йын ССР Цæдисы паддзахадон преми. Сценари ныффыста киноныв «Третий удар»-æн. Сфæлдыстадон хæдзары уыдис йæ бинойнагимæ. Чи нæ базонгæ кодта, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ базонгæ стæм. Уыдон мæ базонгæ кодтой зындгонд уырыссаг поэт Владимир Луговскойы бинойнагимæ. Хъыгагæн мæ йæ ном ферох. 136
Иу изæр кæрты бандоныл цыппарæй бадтыстæм æмæ ныхæстæ код- там. Цæмæдæр гæсгæ чидæр Михаил Шолоховы кой ракодта — Первен- цевимæ æмбæстæгтæ кæй уыдысты, кæд уый тыххæй. Сабыргай-сабыр- гай «Тихий Дон»-ы хабæрттæм дæр рахызтыстæм. Дзырдтам канд чины- джы тыххæй нæ, фæлæ, романы бындурыл цы киноныв арæзт æрцыд, уый тыххæй дæр. Киноныв мæ зæрдæмæ куыд тынг фæцыд, уый Лугов- скойы ус куы фехъуыста, уæд Первенцевы бинойнагмæ ацамонгæйæ афтæ куы фæкæнид: - Аксиньяйы ролы хуыздæр ничи ахъазыдаид... Первенцевы ус актрисæ кæй уыд, уый ма мын цы базонын хъуыд, фæлæ, стыр хъыгагæн, йæ мыггаг кæмæй у, уымæй бафæрсынæй баф- сæрмы кодтон. Луговскойы усимæ куы нæма базонгæ дæн, уæд мын, сфæлдыстадон хæдзармæ мæнæй раздæр чи ’рцыд, уыдонæй чидæр поэты хабæрттæ ра- дзырдта. Цæвиттон, Владимир Хъырым йæ уды бæрц, зæгъгæ, куыд фæзæгъынц, афтæ уарзта. Фадат ын-иу куы фæци, уæд æдзухдæр ардæм цыд. Йæ мæлæты рынчын куы ’рци, уæд йæхиуæттæн бафæдзæхста, цæмæй йын йæ зæрдæ, Ялтæйы А. П. Чеховы номыл сфæлдыстадон хæдзары кæрты цы дынджыр къæдзæхдур ис, уым бавæрой. Æмæ йын йæ фæдзæхст сæххæст кодтой. Иу лæг иннæйы уæхсчытыл куы слæууа, уæд кæдæм сæххæсдзæн, ахæм бæрзæндыл дур байгæрстой, зæрдæ дзы бавæрдтой æмæ йæ поэты барельефæй сæхгæдтой. Куыд мын радзырдтой, афтæмæй-иу йæ биной- наг - йæхицæй иу-ссæдз азæй дæр кæстæр, тынг аив æмæ зæрдæмæдзæугæ сылгоймаг - алы аз дæр йæ гуырæн бон Мæскуыйæ стахт æмæ-иу ын, йæ зæрдæ цы дуры æвæрд ис, уый бын рухсаг загъта, балтæ-иу ын ныххæлар кодта - дыргътæй, дам, балæй фылдæр ницы уарзта - æмæ-иу сæ зæххыл байтыдта. Луговскойы бинойнагимæ цы бон базонгæ дæн, поэт дæр уыцы бон райгуырд æмæ къæдзæхдуры бын сау балтæ пырхæй мæхæдæг дæр федтон. Уыцы изæр бирæ фæныхæстæ кодтам. Фарстой мæ Ирыстонæй, иумæй- аг зонгæтæ дæр нын разынди. Иуахæмы мæ Луговскойы бинойнаг бафар- ста, уырыссаг æвзагмæ, дам, дæ ничи тæлмац кæны. Æз ын кæйдæрты ранымадтон, уыдонимæ Вероникæйы дæр. Тушновайы ном куы айхъуы- ста, уæд фенкъард æмæ мæ афарста: — Тынг рынчын кæй у, уый зоныс? Нæ зонын, зæгъгæ, йын загътон. Ноджы йын загътон, лæгæй-лæгмæ кæй никуы сæмбæлдыстæм, уый дæр. Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты, афæдзæй чысыл раздæр мæм йæ писмойы цы ныхæстæ ныффыста, уыдон: «...рынчын уыдтæн, стæй тынг рынчын». Вероникæйы тæлмацтæ мæ зæрдæмæ фæцыдысты. Уый фæстæ дæр мæ фæндагыл бирæ хорз тæлмацгæнджытимæ фембæлдтæн æмæ æппæты тынгдæр кæй куыстыл бацин кодтон, уыдоны æхсæн Тушнова сæрма- гонд бынат ахсы. Æмдзæвгæтæ газеты мыхуыры куы рацыдысты, уæд мæ бафæндыд Вероникæмæ ног дæлрæнхъонтæ арвитын. Газетимæ цы пис- мо арвыстон, уым æм æрхатыдтон, дæлрæнхъонтæ ма скодтон æмæ, кæд 137
дæ зæрдæмæ фæцæуой, уæд сæ ратæлмац кæн, зæгъгæ. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мæм йæ писмойы фыста: «Дорогой Музафер! Получи- ла газету - спасибо. А стихи, как видите, так понравились, что перевела тотчас же. Понравилось больше всего первое. (Вероникæ цы ’мдзæвгæйы кой кæны - «Цард æмæ мæлæт» - уый райдайæнæй кæронмæ дæр у тынг æнкъард фыст. Зæгъæм, ис дзы ахæм рæнхъытæ: Ахæм рæстæг ралæудзæни искуы: Дзыллæ фынггыл баддзысты мæ хисты, Иу аипп мæм нал ардзысты адæм, Нал уыдзæн кæрон мæ цыт, мæ кадæн... Афтæ вæййы алы хатт дæр царды: Скадджын кæнынц удæгæстæ марды. Æвæццæгæн, йæ царды кæрон кæй æрхæстæг, уый æнкъардта æмæ ’мдзæвгæ йæ зæрдæмæ арф уымæн айста.) Но и остальные тоже. Желаю Вам здоровья и дальнейших успехов в работе — вообщем, много хороших стихов. Хорошо, что пишете свободно. Крепко жму руку. Вероника Тушнова. 18/У1-64 г.». Цæмæй зыдтон, Хъырымы Луговскойы бинойнаг, Тушнова тынг рын- чын у, зæгъгæ, куы загъта, уæд кæй фенкъард, уымæн æвирхъау æфсон кæй уыд. Уыцы аз йæ кусынæй банцад, бирæ зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ ма чи ныффыстаид æмæ, дæс æмæ дыууиссæдз азы йеддæмæ кæуыл нæма цыд, уыцы курдиатджын поэт Вероникæ Тушновайы зæрдæ. X Георы тыххæй мæм бирæ дзуринæгтæ ис, уымæн æмæ арæх æмбæл- дыстæм. Кæмфæнды куы куыстаин, уæддæр мыл стырзæрдæ нæ кодта, цыди мæм уазæгуаты, касти мын йе ’мдзæвгæтæ. Æз æм хъусынæй нæ фæлладтæн, уымæн æмæ, уый цытæ дзырдта, уыдон æндæр искæмæй нæ фехъуыстаин. Цыдтæн æм æз дæр, уæлдайдæр, фысджыты Цæдисы куы куыста, уæд. Иуахæмы та сфæнд кодта иу æмдзæвгæйы изæр саразын. Цал сахатмæ йæ снысан кодта, уый мæ зæрдыл нал лæууы, фæлæ дыууæйыл кæй нæ уыдаид, уый бæлвырд у, уымæн æмæ, дам - «дам» уымæн зæгъын æмæ ацы хабар кæмæйдæр фехъуыстон - кæддæр Геор фысджыты æмбырд са- рæзта дыууæ сахатыл, фæлæ йæм иу адæймаг дæр не ’рбацыди. Æндæр бон æндæр рæстæгыл æмбырдмæ та иууылдæр æрбацыдысты. Айфыццаг цæуыннæ ’рбацыдыстут, зæгъгæ, сæ куы бафарста, уæд ын дзуапп радтой: «Дыууæйыл уыдзæн, зæгъгæ, ныффыстай, ома кæнæ уыдзæн, кæнæ - нæ, зæгъгæ, æмæ уый тыххæй не ’рбацыдыстæм». Уый йыл, чи зоны, исчи мысгæ ’ркодта, фæлæ мах цы æмбырдмæ хуыдта, уырдæм алчидæр æрбацыд, йæ ног æмдзæвгæтæй хуыздæрыл кæй нымадта, уыдонæй иуимæ. Кæрæдзийы фæдыл кастыстæм не ’мдзæвгæтæ. Рад Хъодзаты 138
Æхсармæ куы ’рхæццæ, уæд йæ дзыппытæ сгарынмæ фæци, фæлæ, ма- радз-зæгъай, кæд ма йе ’мдзæвгæ ардта. Куынæ æмæ куынæ рæвдз код- та, уæд æм Геор дзуры: Хъодзаты ’Хсар, Де ’мдзæвгæ ссар, Фесаф дæ сагъæс Æмæ йæ бакæс! Иууылдæр ныххудтыстæм. Цалынмæ сабыр кодтам, уæдмæ Æхсар дæр йе ’мдзæвгæ ссардта, йæ сагъæсæй фервæзт æмæ йæ кæсын райдыдта. Мæ зæрдыл ма ноджыдæр ахæм хабар æрлæууыд. Ивгъуыд æнусы æстайæм азты астæу Геор сабырдзинад хъахъхъæнæг Советон фонды куы- ста. Районтæм арæх цыдыстæм, сарæзтам-иу литературон изæртæ, фем- бæлдыстæм-иу фæллойгæнджытимæ. Бахъуаджы сахат-иу йæ фарсмæ кæй æрбалæууыдтæн, уый дзы нæ ферох æмæ, уæлдæр цы фонды кой ракод- тон, уый куысты зæрдиагдæрæй чи архайдта, уыдоны номхыгъдмæ мæн дæр бахаста æмæ мын Мæскуыйæ правленийы сæрдар А. Карповы къух- фыстимæ сæрвыстой Кады гæххæтт. Геор мæм æрдзырдта, рацу æмæ, дам, дын дæ хæрзиуæг раттон. Уыцы бонты цыдæр æнæвдæлон уыдтæн æмæ мæ къухы ссæуын нæ бафтыд. Дыккаг хатт мæм куы ’рдзырдта, уæд дзы фефсæрмы дæн æмæ йæм, сихоры улæфты рæстæг ралæууыд, афтæ телефонæй сдзырдтон. Кæд мæм, зæгъын, фæлæудзынæ, ома кæд сихор кæнынмæ нæ ацæудзынæ, уæд дæм ссæуон. Рацу, зæгъгæ, загъта, æз, дам, абон сихор нал кæнын, цалынмæ дын дæ Кады гæххæтт раттон, уæдмæ. Фæцæуынæй йын зæрдæ бавæрдтон, æрмæст ма йæ бафарстон, кæцы ран бады, уымæй. Загъта мын æй: фæндзæм уæладзыджы æхсæзæм уаты. Дыууæйæ, дам, дзы бадæм. Æз трамваймæ атагъд кодтон æмæ цалдæр минуты фæстæ схæццæ дæн. Уайтагъд мæ лифт фæндзæм уæладзыджы балæууын кодта. Æхсæзæм уат агурыныл дæр бирæ рæстæг нæ бахардз кодтон: лифтæй куы рахызтæн, уæд мæ тæккæ размæ фæци. Цалынмæ лифты цыдтæн, уæдмæ дыууæ рæнхъы мæ дæлæвзаг рауай-бауай кодтой, сæхицæн ма æмбæлттæ агуырд- той. Георы дуар куы байгом кодтон, уæд æртыккаг æмæ цыппæрæм рæнхъ дæр сæ бынаты абадтысты: Фæндзæм уæладзыг, Æхсæзæм уат, Иу дзы фæуадзыг, Иннæ ма бадт. Геор йæ хъæлæсыдзаг ныххудт, мæ размæ рацыд æмæ мæ йæ хъæбысы ныккодта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йын æмдзæвгæтæй дзуапдæт- джытæ кæд искуы фæцис, уæддæр, арæх уыдаиккой, уый æнхъæл нæ дæн æмæ цыма мæ цыппар рæнхъыл зæрдæйæ бацин кодта, афтæ мæм фæкаст. Кæддæрты-иу горæты уынггы мæ цæст иу саулагъз, саурихи ныллæг- гомау лæппуйыл арæх æрхæцыд. Иннæтæй дæр куырдтаид, æвæццæгæн, фæлæ мæныл цал æмбæлды кодта, уал хатты-иу мæ абази куырдта. Уыимæ 139
йæ фылдæр дæр нæ хъуыди æмæ къаддæр дæр. Куыддæр-иу мæм æрбахæстæг, афтæ-иу æваст, æри-ма абази, зæгъгæ, фæхъæр кодта. Рад- тон ын цалдæр хатты, фæлæ дзы фæстагмæ фæлмæцын райдыдтон æмæ йын йæхи «хæцæнгарзæй» спайда кодтон. Иуахæмы та мæм куы ’рбацæй- æввахс кодта, афтæ йæ разæй фæдæн æмæ йæм сдзырдтрн: «Æри-ма аба- зи!» Уый, нæй мæм, зæгъгæ, фæкодта æмæ уæдæй фæстæмæ мæ фæрсты дæр никуыуал ауад. Æз цыппар рæнхъы Георæн, цæмæй æмдзæвгæтæй мауал дзура, уый тыххæй нæ загътон, фæлæ Робиччы (мæнмæ гæсгæ, абазитæ чи куырдта, уыцы лæппуйы афтæ хуыдтой) ныхмæ цы мадзалæй спайда кодтон, ахæм мадзал мæ иу хъуыддагæй фервæзын кодта... Уый ныртæккæ сарæх сты «сæйраг редактортæ», æндæр раздæр - æз Ирыстоны газеттæ æмæ журналты кой кæнын - сæ кой дæр нæ уыди, уымæн æмæ мыхуыры алы оргæнæн дæр уыди редактор, редакторимæ та куыстой йæ хæдивæг, бæрнон секретарь, хайæдты хицæуттæ, литерату- рон кусджь1тæ æмæ афтæ дарддæр. Кæцыдæр рæстæгæй фæстæмæ хуымæ- тæджы редактор фаг нал уыд æмæ ма йæм «сæйраг» бафтыдтой. Мæ ны- мадмæ гæсгæ, уый ницæмæн хъуыд. Зæгъæм, æз газет «Молодой комму- нист»-ы редактор уыдтæн, ныр ссæдзæм аз та — журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор æмæ мæм раздæры редактор ныры сæйраг редакторæй дæлдæр æвæрд нæу. Уый нæ, фæлæ мæм æрмæст «редактор» кадджындæр у, уымæн æмæ ныр редакторты нымæцыл дзæвгар бафтыд. Иу мыхуыры оргæны сæйраг редакторы фарсмæ уæвæн ис хистæр редактор æмæ бирæ хуымæтæджы редактортæн. Раст зæгъын хъæуы æндæрхуызон хъуыдыгæн- джытæ дæр ис. Дыууæ къуырийæ фылдæры размæ нæ президенты иу ука- зы нымадæуыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ дарддæры рæзты къа- мисы уæнгты нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Йæ цæттæгæнджытæ ма, æвæц- цæгæн, раздæры хъуыдыкæнынады уацары уыдысты æмæ нæ журналтæ æмæ газетты разамонджыты (иууылдæр къамисы уæнгтæ) се ’ппæты дæр схуыдтой редактортæ, афтæмæй та сæйраг редактортæ уыдысты. Уый нæ газеттæй иуы хицауы зæрдæмæ нæ фæцыди æмæ, æ^мæджытæ редакци кæныны бæсты президенты указ «средакци» кодта. Иæхи кой дзы кæм уыд, уым «рæдыд» ауадзын нæ бауагъта æмæ «редактор»-æй «сæйраг ре- дактор» сарæзта. Афтæмæй, мæгуыр сæ бон, иннæтæ «хуымæтæджы ре- дактортæй» баззадысты, уый та - «сæйрагæй». О, æмæ уыцы сæйраджы хабар цыма Георы зæрдæмæ дæр нæ цыди, афтæ мæм каст. Ноджы мæ кусæн уаты дуарыл мæ ном æмæ мæ мыгга- джы бын фыст уыд, цы кусæг дæн, уый, ома сæйраг редактор. Геор-иу къæсæрæй куы ’рбахызт, уæд-иу мын салам дæр нæма радта, афтæмæй- иу йæ ныхас даргъ айвазгæйæ сдзырдта: «Гы-лав-ный!» Афтæ иу хатт дæр æмæ иннæ хатт дæр. Раздæр æй ницæмæ дардтон, фæлæ фæстагмæ мæ зæрдæмæ нал цыд. Хъуыды кодтон, хъуыды кодтон æмæ ницы æрымы- сын мæ бон уыд. Иуахæмы та мæ дуар байгом æмæ та Георы «гы-лав- ный» мæ хъустыл ауад. Æз айтæ-уыйтæ нал фæкодтон æмæ йын дзуапп радтон: «на-род-ный!» (Геор уыди Цæгат Ирыстоны адæмон поэт.) Уæдæй фæстæмæ Георæй главныйы кой нал фехъуыстон. 140
Георимæ канд Ирыстоны не ’мбæлдтæн, фæлæ бирæ æндæр рæтты дæр. 60-80 азты арæх уыдысты аивад æмæ литературæйы бонтæ, куыд Мæскуы æмæ Ленинграды, афтæ сыхаг республикæты дæр. Кæмдæрты дзы æз дæр архайдтон æмæ сæ фылдæр мæ зæрдыл бадардтон, Геор дæр уым кæй уыд, уый руаджы... Уæлдæр ма йæ куы загътон, Геор уарзта йе ’мдзæвгæтæ кæсын. Иууыл- дæр сæ йæ зæрдыл дардта. Уыцы хъуыддаджы мæхицæй бæргæ раппæ- лин, фæлæ иу æмдзæвгæ дæр, зæгъæн ис, æмæ мæнæ уырыссагау най- зусть, зæгъгæ, кæй хонынц, афтæ радзурын мæ бон нæу, фæлæ нæ фыс- джытæй æнæчиныгмæ кæсгæйæ йе ’мдзæвгæтæ кæсын чи зоны, стæй хуы- мæтæджы кæсын нæ, фæлæ хорз кæсын, ахæмтæ уыдис æмæ ис. Уыдонæй иу у Ходы Камал. Кæддæр нын чиныгкæсджытимæ фембæлд уыди Джы- зæлы библиотекæйы. Кастыстæм, кæй зæгъын æй хъæуы, нæхи фыст æмдзæвгæтæ дæр. Цæмæдæр гæсгæ, Камал, раздæр куыд никуы кодта, афтæ йе ’мдзæвгæ гæххæттæй касти. Уый мæнмæ диссаг фæкаст, уымæн æмæ-иу Ходы-фырт канд йæхи нæ, фæлæ искæй æмдзæвгæтæ дæр æнæчи- ныгмæ кæсгæйæ дзырдта. Рад мæнмæ куы ’рхæццæ, уæд ахудыны тыххæй афтæ куы бакæнин: «Камал йе ’мдзæвгæтæ æдзухдæр гæххæтмæ кæсгæйæ фæдзуры, фæлæ сæ æз афтæ дæр хъуыды кæнын», — æмæ сын мæ цып- паррæнхъонтæй иу — уым дæр иу ран фæкъуыхцы дæн, афтæмæй — ба- кастæн. Æмбырд кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд, цæмæй Камал дзыхъ- хъы лæудæй ма баззайа æмæ мын мæ хъазæн ныхас æцæгмæ мачи бамба- ра, уый тыххæй сусæгдзинад раргом кодтон. Мæ ныхæстæ адæмæн худæ- джы хос фесты... Ныхас, Геор йе ’мдзæвгæтæ кæсын кæй уарзта, уый тыххæй рацыд. Хаттæй-хатт-иу йæ ныхас æгæр дæргъвæтин дæр ахаста. Уый тыххæй цалдæр æмбисонды хабары хъусгæ дæр фæкодтон... Уæд фысджыты Цæдисы сæрдар Мамсыраты Дæбе уыди. Фембæлдты- ты рæстæджы-иу, Дæбе кæм уыди, уым сæрдариуæг арæхдæр йæхæдæг кодта, æмæ та иу ахæм фембæлды ныхасы бар Геормæ æрхаудта. Дзу- рынмæ куыд арæхст, уый та хорз зонынц, иу хатт æй чи фехъуыста, суанг уыдон дæр. Æрмæст уыцы хатт æгæр дæргъвæтин хаста йæ ныхас. Дæбе йын йæ пиджачы фæдджийыл æрхæцыд, æмæ йæм Геор куы ра- каст, уæд ын Мамсыры-фырт аивæй бамбарын кодта, дæ ныхас фæцы- быр кæн, адæм фæлмæцын райдыдтой, зæгъгæ. Геор залы бадджыты ’рдæм разылд æмæ, адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, уæды онг куыд дзырд- та, уымæй хъæрдæрæй загъта: - Зынаргъ æмбæлттæ, ууыл æз мæ ныхас фæуынмæ хъавыдтæн, фæлæ ма уын мæнæ мæ хорз хæлар Дæбейы курдиатмæ гæсгæ ноджыдæр бакæс- дзынæн фондз æмдзæвгæйы... Уыцы хабар кæмæйдæр фехъуыстон, фæлæ, мæхæдæг цы федтон æмæ фехъуыстон, ахæм хабæртты кой дæр ракæнын мæ зæрды ис. Уыцы аз, æнхъæлдæн, Советон Цæдисы сарæзты 50 азы бæрæгбон æрбацæйхæццæ кодта. Сыхаг республикæтæ кæрæдзимæ цыдысты уазæ- гуаты, арæзтой аивад æмæ литературæйы бонтæ. Ахæм бонтæ уыдис нæ 141
культурæйы архайджытæн Цæцæн-Мæхъæлы республикæйы. Делегацийы архайдтон æз дæр. Бирæ фембæлдтытæ нын уыдис сыхаг республикæйы горæттæ æмæ хъæуты. Кæронбæттæны иумæйаг бæрæгбон уыд Грознайы стырдæр залтæй иуы. Театры агъуысты къухбакæнæн нал уыд. Нæ рес- публикæйы аивад æмæ литературæйы минæвæртты номæй хъуамæ ра- дзырдтаид Хъайтыхъты Геор. Рагацау куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй хъуамæ алчидæр йæ раныхас гæххæттыл ныффыстаид. Дыууæ хъуыдда- джы тыххæй: фыццаджыдæр, хъуамæ хицауад зыдтаид, чи цы дзурдзæн, уый, дыккаджы та, йæ ныхас цас рæстæг бацахсдзæн, уый. Георы фыст, æвæццæгæы, æгæр даргъ рауад æмæ йын æй партийы Цæгат Ирыстоны обкомы секретарь — кæд ма исты зонын, уæд немæ Грознайы Кучиты Агуыбе уыди - дзæвгар фæцыбырдæр кодта. Хъайтыхъы-фырт сценæмæ куы рацыд, уæд адæмæн арфæ ракæныны фæстæ загъта: - Кæд мын нæ обкомы секретарь мæ раныхас ныццыбыртæ кодта, уæддæр æз бирæ дзурдзынæн, уымæн æмæ ам ис, мæнæн ныхасы бар чи радта, ахæм адæймаг, фæлæ дзы мæн чи баурома, ахæмы нæ уынын! Адæм ын, кæй зæгъын æй хъæуы, сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд. Цæй фыст æмæ цæй цыдæр! Цыдæриддæр æй фæндыд, уый дзырдта æмæ та йæ дзырдарæхстдзинадæй адæмы йæхимæ æрыхъусын кодта. Уый фæстæ та ахæм балцы Дагестаны уыдыстæм. Уым дæр нын фем- бæлдтытæ уыд горæттæ æмæ хъæуты цæрджытимæ. Геор æмæ æз цы къорды уыдыстæм, уый абалц кодта, Кайтагский кæй хуыдтой, уыцы районмæ. Районы центр хуынди Маджалис, цардысты дзы даргинæгтæ. Æвæц- цæгæн, немæ Дагестаны адæмон фыссæг Ахметхан Абу-Бакар дæр уымæн ацыдис. Фæндагыл дæр Геор йæ хъæлдзæг ныхæстæ нæ уагъта. Уыцы рæстæджы гауызыл диссаджы хъару æмæ ныфс æвдыста зындгонд уæззау- уæзон хъæбысæйхæцæг Сурагат Асиатилов. Ам, Ирыстоны дæр цалдæр хатты уыди. Маджалисæй куы ’рбацæйздæхтыстæм, уæд нæ фæндагыл уыди стадион. Геор, йæ сæрмæ дынджыр дамгъæтæй фыст ауынгæйæ, афтæ куы фæкæнид: - Знон Асиатиловы хъæбысæйхæцæн гауызмæ хуыдтон, фæлæ фæтарст,- стæй, иуцасдæр хъусæй алæууыны фæстæ, йæ ныхас дарддæр ахæццæ кодта, — исты мын куы уа, уымæй. Изæрæй та хъуамæ дзырдтаиккам Дагестаны телевиденийæ, канд уаз- джытæ нæ, фæлæ фысымтæ дæр. Равдыст чи цæттæ кодта, уыдон нын бамбарын кодтой, архайджытæ бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ алчидæр иу æмдзæвгæ бакæсæд, кæннод нын цы рæстæг радтой, уый не ’ппæты фаг не суыдзæн, зæгъгæ. Ныр равдыст комкоммæ цыдис эфирмæ. Рабад- тыстæм фæрсæй-фæрстæм. Мыртазты Барисæн йæ иуæрдыгæй фарс бадт фæцис Геор, йæ иннæрдыгæй фарс та - æз. Раздæр хъуамæ Геор бакас- таид йе ’мдзæвгæ, уый фæстæ - Барис, уый фæстæ - æз æмæ афтæ дарддæр. Алкæй раз дæр текст æвæрд уыд æмæ уымæ гæсгæ архайдтам. Барис гæххæтмæ каст æмæ Георы æмдзæвгæйы кæрон куы ’рхæццæ, уæд кæсын райдыдта. Æмдзæвгæйæн йе ’мбисмæ дæр нæма бахæццæ, афтæ йæ кæсынæй банцад. Иуцасдæр эфир æдзæмæй аззад. Æз текстмæ кæсын æмæ ма Барисы æмдзæвгæйæ æртæ цыппаррæнхъоны баззад. Мæнæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ дзурын райдыдтон. 142
Равдыст кæронмæ куы ахæццæ, æмæ студийæ куы рацыдыстæм, уæд Барисы фæрсын, де ’мдзæвгæ æрдæгкастæй цæмæн ныууагътай, зæгъгæ, æмæ мын афтæ: - Мæнæ мæ Геор йæ уæрагæй æрбарæхой-æрбарæхой кодта, æгъгъæд у, зæгъгæ. - Æз дын, хорз у, хорз у, зæгъгæ, дзырдтон,— загъта Геор æмæ мæм йæ цæст æрныкъуылдта. Куы зæгъын, уыцы заман адæм кæрæдзиуыл арæхдæр æмбæлдысты. Сомихаг радиойы бафарстой, раздæр, дам, цы уыди, айк æви карк æмæ сын дзуапп радтой: «Раздæр алцыдæр уыди». Уыйау, раздæр хæлардзинад дæр уыди, адæм кæрæдзимæ топпы кæсæнæй нæ кастысты. Кæрæдзиимæ æмбæлдысты, иу цæхх, иу кæрдзын хордтой, фынг та нæ фъщхяты зама- ны адæмы кæрæдзиуыл баста. Ссæдз-дæс æмæ ссæдз азы размæ фон- дзыссæдз æмæ уымæй ноджы фылдæр адæймæгтæн дард балцы ацæуын ныры хуызæн зын нæ уыди. Сыхаг республикæтæм нæ, Мæскуы æмæ Ленинградмæ дæр нæ, фæлæ-иу суанг Фæскарпатты дæр балæууыдыстæм. Уæд Ленинградмæ атæхыны тыххæй Минводмæ цæуын хъуыд. Цæга- таг Пальмирæмæ цыдыстæм тынг бирæйæ: артисттæ, музыканттæ, ком- позитортæ, фысджытæ, нывгæнджытæ. Сæдæ, чи зоны, сæдæйæ дæр фылдæр уыдыстæм æмæ аэропорты нæ хæдтæхæгмæ æнхъæлмæ кастыстæм. Георимæ фæрсæй-фæрстæм лæуд фестæм, æмæ нæ рæзты иу лæппулæг æруад. Чысыл дæлдæр, цалдæр нæлгоймаджы кæм лæууыди, уыдонмæ баздæхт æмæ семæ ныхæстыл фæци. Лæппу, цалынмæ æрлæууыд, уæдмæ Геор йæ фæстæ фæкаст, стæй афтæ зæгъы: Нал базыдтои Федыры: Схъæл кæсгæ фæраст, Цыма чысыл федылы, Афтæ мæм фæкаст. Кæмæй зæгъы, зæгъгæ, мæ алыфæрстæ ахъахъхъæдтон, æмæ дзы иу Федыр нæ, фæлæ æртæ Федыры разынди. - Кæцы Федырæй зæгъыс? - бафарстон æй æз. - Уый та дæхæдæг базон,— дзуапп мын радта Геор. Ленинграды нæ тынг бабуц кодтой. Ноджы нын дзы бирæ зонгæтæ уыди, уымæн æмæ уыдон махмæ раздæр ссыдысты. Фыццаг изæр нæ, кæм цардыстæм, уыцы уазæгуаты - æнхъæлдæн, «Ленинград» хуынди - ресторанмæ æхсæвæр хæрынмæ ахуыдтой. Фысджытæ цалдæр къорды фесты æмæ махæн - Дзаболаты Хазби, Малиты Васо æмæ мæнæн — нæ фысымтæй цалдæримæ иу фынджы уæлхъус бадгæ æрцыд. Алы бæркад æмæ нын бæрæчет æрæвæрдтой, уыимæ, мах уый размæ хæргæ нæ, фæлæ уынгæ дæр кæй никуы фæкодтам, ахæм хæринæгтæ. Миногæ-кæсаг ис, калмы хуызæн у, уый дæр зыдтон, фæлæ йæ, иуæй, уынгæ никуы фæкод- тон, иннæмæй — хæргæ. Куы дзы сахуыстам, уæд не ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыди æмæ йæ адджынæн бахордтам. Нæ фысымты бафарстам, ацы диссаджы кæсаджы ном цы хуыйны, зæгъгæ, æмæ нын загътой, миногæ, дам. Уæд Малиты Васо афтæ куы бакæнид: «Уый миногæ нæу, 143
фæлæ мало (ома чысыл) у». Раст зæгъын хъæуы, фæстæдæр-иу ацы ха- бар куы дзырдтон, уыд-иу мæ ме ’мбæлттæ, уым чи нæ уыд, ахæмтæ, сраст кодтой, уый, дам, Васо нæ загъта, фæлæ Дзаболаты Хазби. Чи зоны, æз рæдийын, фæлæ цыма Васо уыди, афтæ мæм кæсы. Ленинграды, кæм нæ уыдыстæм, ахæм зæрдылдарæй бынæттæ куын- нæ баззадаид, фæлæ сæ тæккæ зындгонддæрты бабæрæг кодтам: Смоль- ный, Эрмитаж, Петродворец, Царское Село æмæ афтæ дарддæр. Дзи- дзайы комбинат Ленинграды цæсгомæвдисæг бынæттæй нæ уыд, фæлæ нæ уырдæм дæр ахуыдтой. Тынг стыр комбинат уыд. Алы суткæ дæр-иу дзы аргæвстой цалдæр мин стур æмæ лыстæг сыкъаджыны. Нæ фембæлд райдыдта парткомы секретары кусæн уаты. Уат, зæгъгæ, фондзыссæдз адæймагæй фылдæр кæм бацыдаид, ахæм стыр зал. Парткомы секретарь ныхас кæнын райдайыны размæ уазджыты бафарста: - Иууылдæр уырыссагау æмбарут? Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фарст не ’ппæтмæ дæр диссаг фæкаст, куыннæ йын хъуамæ загътаиккам, æмбарæм, зæгъгæ. Кæд не ’ппæт ис- кæцы æвзаг не ’мбæрстам, уæд нæхи мадæлон æвзаг æмæ мæгуыр лæджы хор-хоры бын фæкодтам, ахæм фарст раттын та нæм дæ цæсгом куыд бахъæцыд, зæгъгæ. Афтæ йын комкоммæ ничи загъта, фæлæ сæ цæс- гæмтты æнгас ууыл дзурæг уыд. Цыфæндыйæ дæр парткомы секретарь дарддæр йæ куыст кодта. Йæ куыст та уыди комбинаты хабæрттæ цы- бырæй радзурын. Цалынмæ уый ныхас кодта, уæдмæ Геор цыдæртæ фыста. Æнхъæлдтон, цы дзырдæуы, уымæн сæ ахсджиагдæртæ йæхимæ бæрæг кæны. Куыннæ стæй! Куыддæр парткомы секретарь йæ фæстаг хъуыды загъ- та, афтæ ныхасы бар ракуырдта Геор æмæ уырыссаг æвзагыл бакаст, нæ фембæлды хабæрттыл кæм дзырдæуыд, ахæм æмдзæвгæ. Иу хъуыды та дзы ахæм уыди. Алы бон дæр мин кусарты акæнут, фæлæ сæ физонæг цы ад кæны, уый та кæд базондзыстæм? Иæ фæстаг ныхæстæ къухæмдзæгъ- ды бын кæй фесты, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ дзуапп радтой, уырыссагау æмбаргæ нæ, фæлæ ма фыссын дæр кæй зонæм, уымæн. Ноджы парткомы секретарь дæр дзыхъхъы лæуд нæ разынд, æндæр стыр залы нæм æнхъæлмæ кастысты дзаг фынгтæ æмæ, ныхæстæ куы фесты, уæд нæ иууылдæр уырдæм ахуыдтой, æмæ фембæлд кæронмæ дæр ахæццæ æмбæлгæ уавæрты. Дис ма цæуыл кæнын, Георимæ балцы кæмыты уыдтæн, уым цы федтон, уыцы хабæрттæй мæ зæрдыл бирæ цыдæртæ нал лæууы, фæлæ- иу Георы дзыхæй цы ныхас сирвæзт, уыдон мæ нæ рох кæнынц. Уый дæр цæуылдæр дзурæг у... Мæскуыйы уыдыстæм стыр делегацийæ. Мæнмæ гæсгæ, Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, ууыл дыууæфондзыссæдз азы куы сæххæст, уæд. Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы ныхас цыд ирон фысджыты уацмыстыл. Мæскуыйы нын цы чингуытæ рацыд, уыдонимæ базонгæ сты уырыссаг литератортæ æмæ дзы хъуамæ æмбырды алчи йæ хъуыды загътаид. Фæскомцæдисы проспекты æртындæсæм хæдзары тыргъты фæцæйцыдыстæм æмæ правленийы сæрдары кусæн уаты цурмæ куы 144
бахæццæ стæм, уæд Геор, дуары сæрмæ «С.В. Михалков» (уæд Сергей Владимиры фырт Уæрæсейы фысджыты Цæдисы сæрдар уыд), зæгъгæ, куы бакаст, уæд æваст афтæ фæкодта: В кабинете Михалкова Надо выступить толково. Ома, Михалковы кусæн уаты дзæбæх радзурын хъæуы. Дзæбæх радзур- джытæ дзы куыннæ уыдаид, фæлæ, цы дзырдтой, уыдонæн мæ, зæгъæн ис, æмæ сæ фылдæр ферох сты, Георы рифмæгонд дыууæ рæнхъы та мæ зæрдыл лæууынц. Стæй мæ цыма никуы ферох уыдзысты, афтæ мæм кæсы. Пединституты ма куы куыста, уæд сæм уыди кафедрæйы æмбырд. Кæцыранфæнды-иу куы бадти, уæддæр-иу йæ иу къах иннæуыл баппæр- ста, йæ фыссæн чиныгмæ-иу тынг ныггуыбыр кодта (цæстæй хорз нæ уыдта) æмæ-иу цыдæртæ фыста, фæлæ, йæ алыфарс цытæ цыди, уымæ дæр йæ хъус дардта. Иу дзырдæй, никуы-иу дзы ницы аирвæзт. Уæд дæр та йæ уæраджы сæрмæ ныггуыбыр æмæ тагъд-тагъд цыдæртæ фыста. Ныхасгæнджытæ кæрæдзийы ивтой. Фæстагмæ чи ныхас кодта, уый рагæй дæр нæ уарзта æмæ йæ цыма йæ ныхæстæ æппындæр ницæмæн хъæ- уынц, уый хуызæн йæ фыссыны куыст кодта. Иу заман дын дзурæджы дзыхæй ахæм ныхæстæ куы схауид: «Æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй...» Геор ын йæ хъуыдыйад дарддæр ахæццæ кодта: «æз сæрхъæн дæн». Ка- федрæйы уæнгтæй чи пыррыкк ныккодта, чи та, мæ худын ма райхъуы- са, зæгъгæ, йæ дзыхыл фæхæцыд. Ныхасгæнæг, цыма ницы бамбæр- ста, уыйау йæ ныхас дарддæр кодта. Йæ зæгъинæгтæ загъд куы фæци, æрмæстдæр уæд раздæхти Геормæ æмæ йын фæлмæн æвзагæй бауайдзæф кодта: «Геор, ацы ран хъазæн бынат нæу». Хъайтыхъы-фырт ын йæ сæр не схъилгæнгæйæ дзуапп радта: «Æз дæр хъазгæ нæ кæнын!» Дзырд ацахсынмæ йын æмбал нæ уыди. Цалдæр лæппуйæ - уæд ма, Хъайтыхъты Георæй фæстæмæ иууылдæр лæппутæ уыдыстæм - Сабырдзинады проспекты, раздæр «Рæстдзинад»-ы редакци кæм уыдис, уыцы бæстыхайы ракомкоммæ бæлæсты бын лæу- уыдыстæм æмæ ныхæстæ кодтам. Уалынмæ дын кæцæйдæр галбындз дыв- дывгæнгæ æрбатахт æмæ Мамсыраты Муратыл абадт. Не ’мбæлттæй иуæн уый хуымæтæджы æхсызгон уыд æмæ худæгæй бакъæцæл. Цæуыл худыс, зæгъгæ, йæ чидæр куы бафарста, уæд ын йæ худын нæ уромгæйæ загъта: - Бындзы нæ асайдзынæ, фаджыс кæм и, уый йын амонын нæ хъæуы. Куыддæр уыцы ныхæстæ сдзырдта, афтæ бындз стахт æмæ ныхæстæзæгъæгæн йæхиуыл абадт. Геор, цыма уымæ æнхъæлмæ каст, уый хуызæн фæрæвдз: — Мурат лæг у, уый базыдта æмæ дæуыл уымæн абадт. Æвæдза, цы нæ хицау æмæ цы нæ заман бавзæрстам, ахæм нын нал баззад. Зæххы æхсæзæм хайæн Никитæ Хрущевы хуызæн адæймаг йæ сæргъы æрлæууæд! Æмæ, дам, нæ бæстæ фæстæзад у! Нæ фæлæ ма афтæ дæр кæй у! Иу ахæм хицау Америкæн азтæ нæ, фæлæ иу мæй куы фæуид, уæд фондзыссæдз азы йæ къахыл нал слæууид. Фæлæ Уæрæсе тыхджын 10 Дзасохты М. 145
у. Наполеон Бонапарты загъдау, иу æвзæр адæймаджы бон æнæхъæн импери фехалын у. У, æвæццæгæн, æндæр Советон Цæдис Горбачев нæ фехæлдтаид. Фæлæ ахæм адæймæгтæ дæр ис, хæдзархæлд бæстæйæ тых- джын паддзахад чи сараздзæн. Æрмæст дзы алкæмæн дз^р рæстæг хъæуы. Ныртæккæ горбачевтæ æмæ ельцинты дуг у, уыдон æмæ сæ хъузæттæ лыг кæнынц милуангай адæймæгты хъысмæттæ, фæлæ ахæм рæстæг куы ра- лæууа — æнæралæугæ та йын нæй - уыцы милуантæ иугæйтты хъысмæт лыг кæнын куы райдайой, уæд додой сæ къона кæндзæн, сар — сæ сæр! О, æмæ уыцы фæлдурæджджыны аххосæй нæ бæстæ æддæг-мидæг куы ауад, дунейы чи никуыма ’рцыд, ахæм диссæгтæ бакæнын ын куы бан- тыст — уæд куыд дзырдтой, афтæмæй, дам, йæ тæккæ стырдæр бæллиц нæ сæххæст: пысунæйæ цы дон кæлы, уый йын нуазыны дон цы хæтæлты цæуы, уыимæ баиу кæнын нæ бантыст — уæды дуджы иугонд æрцыдысты республикон газеттæ, кæд дыууæ ’взагыл цыдысты, уæддæр. «Рæстдзинад» æмæ «Социалистическая Осетия»-йæн уыдис иу редакци. Æз куыстон «Рæстдзинад»-ы, Цæголты Васили та - «Социалистическая Осетия»-йы. Хицæн газеттæ уæвгæйæ нын уыдис иу къулы газет, редакторæй та йын снысан кодтой мæн. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу æй бацæттæ кодтам æмæ- иу æй къулыл æрцауыгътам. Уыцы заман Цæголы-фырт ныффыста йæ фыццаг роман «Послы гор». Уый стыр цау уыдис канд авторæн нæ, фæлæ, йемæ чи куыста, уыдонæн дæр. Аккаг æргом æм аздæхта къулы газет дæр. Василийы къам ссардтон, дыууæ рæнхъы æрхъуыды кодтон æмæ сæ къамы бынмæ ныффыстон: Без особенных усилий Иаписал роман Василий. Ома, Цæголы-фырт роман æнцонæй ныффыста. Георæн æй куы дзыр- дтон, уæд уысмы бæрц дæр нæ ахъуыды кодта, афтæмæй ма йæм афтыд- та: «Хотъ его и не просили». Куыд бамбæрстат, афтæмæй æз архайын, Георы цардæй, фылдæр адæм цы хабæрттæ нæ зонынц, уыдоны тыххæй радзурыныл, уымæн æмæ тæрсын, рæстæджытæ куы рацæуа, æмæ куы ферох уой, уымæй, рох кæнынæн та æвгъау сты. Хосдзауы фырт тынг цыргъзонд уыди. Уымæн тæккæ хуыздæр æвдисæн сты йæ эпиграммæтæ. Уыдоны тыххæй нæ дзур- дзынæн, адæм сæ зонынц, чи сæ нæ зоны, уый та сæ йæ чингуыты бакæсдзæн. Фылдæр адæм кæй нæ фехъуыстой, уыцы сатирикон рæнхъытæ æмæ юмористон цыппаррæнхъонтæм аздахынмæ хъавын ме ’ргом. Цæвиттон, иу заман æнæхъæн горæтыл айхъуыст иу уæлдæр ахуыргæ- нæндоны кусæг, кардджын уæвгæйæ рогвад студенткæтимæ, цы не ’мбæлы, ахæм хъуыддæгтæ кæны, зæгъгæ. Кæмдæр, дам, сæ æвзæр митæ кæнгæ æййафгæ дæр бачындæуыд. Геор уыцы лæджы æнæзонгæ нæ уыд, иу куыстгæнджытæ уыдысты, фæлæ йыл уæддæр нæ бацауæрста. Ныф- фыста йыл ахæм эпиграммæ: Никник йæ устыты нымадта, Фæлæ йын нал фесты нымад, Никник дзы бирæты фæнадта, Æрцыд йæхæдæг дæр ныр над. 146
Кæй зæгъын æй хъæуы, ам Никник, ома Николай Николайы фырты бæсты æндæр ном уыд, иуæй-иу дзырдты бынæтты æндæр дзырдтæ куыд уыди, афтæ. Уæдæ хъазæн ныхæстæ кæнын дæр уарзта. Иуахæмы та, раздæр «Рæстдзинад» кæм уыд, уыцы агъуысты дуармæ лæууыдыстæм. Æз уынджы æрцæйцæугæ ауыдтон Токаты Асæхы. Гео- римæ канд æмгæрттæ нæ уыдысты, фæлæ ма уыдысты хæлæрттæ дæр. Кæддæр Асæх науы Дунайы доныл абалц кодта Европæйы бирæ бæстæтæм. Фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд йæ хабæрттæ Георæн фæкодта. Хъайтыхъы- фырт йæ зæрдæмæ алцыдæр хæстæг иста. Асæх ын цытæ дзырдта, уыцы хабæрттæ йæ сразæнгард кодтой æмдзæвгæтæ ныффыссынмæ. Дзæгъæлы нæ баззад ныхас: иу хæсты уыд, иннæ та йын йæ хабæрттæ кодта. Æз, Асæх кæй æрцæуы, уый фехъусын кæнынæй Георы зæрдæ балхæнынмæ хъавыдтæн æмæ йæм хæрзæггурæггаг уымæн фæдæн: - Геор, уæлæ Асæх æрцæуы! - Иунæг ыæу,— загъта Геор, йе ’рдхорды ауынгæйæ. - Иунæг у, скæс-ма йæм дзæбæхдæр, - нæ састæн æз. - Нæу дын, зæгъын, æз та! - къахсæттæгау ныллæууыд Геор.- Йæ выговоримæ æрцæуы. Уымæй чысыл раздæр къорд адæймаджы, республикæйы уæды хица- уады митæ раст кæмæ нæ кастысты, уыдон партийы Центрон Комитетмæ арвыстой иумæйаг хъаст, бынæй дзы сæ къухтæ бавæрдтой, афтæмæй. Хъастгæнджытимæ уыди Асæх дæр. Чи хъуамæ рахæцыдаид сæ фарс?! Ахæм хъаст, бæрзонд балкъоны чи лæууы, уымæ дур куы фехсай, уымæй уæлдай нæ уыд, уымæн æмæ дур балкъонмæ не схæццæ уыдзæн, афтæмæй фæстæмæ дæхи сæрыл æрхаудзæн. Рæстдзинад агурджыты хъысмæт дæр афтæ рауад: кæй дзы йæ куыстæй систой, кæй та партион æгъдауæй карз бафхæрдтой, æмæ Геор дæр уыцы æфхæрды кой кодта. Асæхы тыххæй йæм ис дыууæ ахæм цыппаррæнхъоны: Асæх райгуырд Дæргъæвсы, Ныллæг кæм бады мигъ. Сæрдыгон бон ныргъæвсы, Вæййы зымæгон их. Ацы ран фæкусы Хъарм уаты дзæбæх Токаты Инусы Даргъ, къæсхуыр Асæх. Дзесты Куыдзæджы дæр нæ фæхъулон кодта: Куыдзæг Дзесты - Сæны хъæстæ... Æцæг не сты Сæ ныхæстæ! Æрæджы Мецъаты Хъайсыны зианы режиссер Лекъты Юриимæ баиу стæм æмæ нæм Георы кой рауад. Юрий мын ахæм хабар радзырдта. 147
Цалдæрæй, дам, лæууыдыстæм. Уалынмæ нæм Геор æрбацыд æмæ мын мæ къух исгæйæ загъта: Хвалить некого Кроме Лекова. Ома, дам, ам Лечъы-фыртæй лæгдæр нæй. Мæхиуыл дæр мын нæ бацауæрста: Музафер Дзасохты, Почему засох ты? Уыйас тынг кæд нæ ныххус дæн, уæддæр поэты рифмæтæ сæ фæдыл асайдтой æмæ сæ ныхмæ æрлæууын йæ бон нал баци. Фæстаг азты йæм æнахуыр миниуæг фæзынд. Цыма ручкæты азар æрбахæццæ кæны, уый хуызæн фыссæнгæрзтæ æмбырд кæнынмæ фæци. Дзырд дæр,ыл нæй, ручкæтæ уыдысты йæ хæцæнгæрзтæ, йæ тæккæ уар- зондæр дзаумæттæ. Нал сын æфсæст, куыд сæ бæрцæй, афтæ сæ алы- хуызондзинадæй дæр. Куы зæгъын, цыма фыссæн систы хъаймæт æрбахæццæ кæны æмæ йæм цалфæнды ручкæйы куы уа, уæддæр ын нал сфаг уыдзысты, афтæ йæм каст. Иузаман цалдæр азы акуыстон телеуынынад æмæ радиохъусынады рес- публикон комитеты сæрдары хæдивæгæй. Геор-иу мæм уырдæм дæр арæх æрбауад. Фæныхæстæ-иу кодтам царды алыхуызон фарстатыл, не ’мсис адæмы койтæ дæр-иу нæм рауади, поэты ног æмдзæвгæтæм дæр-иу бай- хъуыстон. Иу ахæм фембæлды фæстæ, Георы æрбацыды размæ цы ручкæйæ фыстон, уый ме стъолыл нал уыд, афтæмæй та йыл тынг фæца- хуыр дæн: фæлмæн фыста æмæ хъуыдытимæ æмкъахдзæф кодта. Ме ’ннæ ручкæтæ æмæ кърандæстæ цы къоппы уыдысты, уым дæр æй федтон, фæлæ - дзæгъæлы. Мæхинымæр ахъуыды кодтон: «Уый Геор йеддæмæ ничи ахастаид». Телефон æрыздыхтон æмæ йæм хæдзармæ бадзырдтон, уымæн æмæ зыдтон, кæд сæхимæ ацыд, уæд афонмæ кæй бахæццæ уыдаид: радиойы хæдзары скомкоммæ цард. Нæ фæрæдыдтæн. Хæтæл йæхæдæг систа. - Геор,- дзурын æм,- мæ ручкæ мын ахастай æмæ йæ фæстæмæ рахæсс. - Кæцы, даргъ æви цыбыр? Йæхæдæг ыл куыд басаст, афтæмæй мæ ручкæтæй иу нæ ахаста, фæлæ дыууæ. Телефоны коймæ ма мæ зæрдыл иу хабар æрлæууыд. Газет «Социалистическая Осетия»-йы бæрнон секретарæй куыста На- талья Агибалова æмæ мын, кæд нæ рæдийын, уæд ацы хабар уый дзырд- та. Цыдæр хъуыддаджы тыххæй йæ Геор бахъуыд æмæ йæм сæхимæ теле- фонæй бадзырдта æмæ хæтæл йæ бинойнаг систа. Дæ бон хорз ын загъта Наталья, стæй афтæ бакодта: - Мæн Геор хъæуы. Чи зоны, Наталья йæхи нæ бацамыдта, чи зоны, йæхи бацамыдта, фæлæ йыл сылгоймаг нæ баууæндыд æмæ йын мæстыхуызæй дзуапп радта: - Геор мæн дæр хъæуы,- æмæ йыл хæтæл æртъæпп кодта. 148
Хъайтыхъы-фырт йæхиуыл дæр нæ ауæрста. Зæронд кæй кæны - дæс æмæ цыппарыссæдзаздзыдæй амард, уый бæрц ирон фысджытæй ничима фæцард, чи зоны, парахат зæрдæйы хицау кæй уыд, хъазын, худын кæй уарзта, уыдон дæр ын кæмдæр нымад æрцыдысты - уый та куыннæ ’мбæрста æмæ мын-иу, йæхæдæг уырыссагау кæй ныффыста, йæ уыцы цыппаррæнхъон арæх дзырдта: До чего я дожил — Голова бела... Но вот молодежи Передам дела. Ома, кæд мыл бирæ азтæ рацыд, мæ сæр сурс, уæддæр фæсивæдыл мæ зæрдæ дарын, мæ хъуыддæгтæ мын дарддæр кæй ахæццæ кæндзысты, ууыл. Ручкæтæ-иу æм афтæ бирæ æрæмбырд, æмæ-иу йæ пиджаччы мидæг- гаг дзыпп куы байгом кодта, уæд-иу йæхи фыст дыууæрæнхъоны æнæсдзургæ нæ фæци: В мире ничего не пропадает, Кроме того, что ко мне попадает! Ацы дунейы, дам, сæфæн ницæмæн и, мæнмæ цы ’рбахауа, уый йеддæмæ. Фæлæ ам бынтон раст нæ уыди, уымæн æмæ-иу æм цы ручкæтæ æрæмбырд, уыдонæй сæфгæ ницы кодта: адæмыл-иу сæ фæстæмæ уаргæ рацыд. Иуахæмы та йыл Хъодзаты Æхсаримæ горæты сæйраг уынджы амбæлдыстæм æмæ нæм æнæнхъæлæджы ручкæйы тыххæй ныхас рауад. Геор цæмæдæр гæсгæ бацин кодта, йæ пиджаччы иу фарсыл ахæцыд æмæ ручкæты сæртæ бæрцытау дзыппæй разындысты. Иæ хицау сæм дзæвгар фæкаст æмæ сæ тæккæ хуыздæр æви цауддæр æвзæрста, уый нæ бамбæр- стон, фæлæ дзы æрæджиау иу систа æмæ мын æй балæвар кодта. Ахæм лæвæрттæ ма дзы уымæй размæ дæр бирæ хæттыты райстон. Æхсар уый куы ауыдта, уæд мæм дзуры: - Фыццагдæр дзы цы ’мдзæвгæ ныффыссай, уымæй-иу Георы ном ссар. Уыцы ныхас мæ нæ ферох æмæ, æцæгæйдæр, фыццагдæр цы ’мдзæвгæ ныффыстон, уымæй Георы æрымысыдтæн. Уыцы æмдзæвгæ уыди цып- паррæнхъон: Мæ тохси абады куы цыг, Куы та мæм разыны йæ фыр... Мæгуыр кæм нæ кæны хъæздыг, Хъæздыг нæ кæны уым мæгуыр. Фысгæ та йæ ныккодтон 1991 азы 25 декабры. Бахастон æй мæ чиныг «Арв æмæ зæхх»-мæ. Куыд загътон, афтæмæй Георы бæрц иу ирон фыссæг дæр нæ фæцар- ди, фæлæ йæ бонтæ хъазгæ æмæ худгæйæ арвыста, зæгъгæ, чи ахъуыды кæна, уый фæрæдидзæн. Бавзæрста цоты маст, уæдæ, бинонты ’рдыгæй дæр бынтон амондджын уыди зæгъын раст куы нæ уа, уымæй тæрсын. 149
Иу заман фысджытæ бирæйæ ресторан «Интурист»-ы бадтысты. Кæд ма исты зонын, уæд нæ рæнхъытæм кæйдæр райстам æмæ уый циндзина- дыл цин кодтам. Иудзæвгар куы абадтыстæм, уæд Геор фынгæй сыстад. Иунæгæй йæ куыд ауадзон, зæгъгæ, йæ фæдыл рацыдтæн. Куы рацæй- цыдыстæм, уæд мын афтæ: - Сигаретты къопп мæ балхæнын хъæуы. Буфетмæ бацыдтæн æмæ æхгæд разынд: йæ кусгæ рæстæг раджы фæци. Георæн æй куы загътон, уæд мæм æрхатыд: - Уым ма уыдзысты æмæ дын дзы кæд исчи зонгæ у, уæд мын иу къопп самал кæн, кæннод мæ лæппумæ æнæ тамако куы бацæуон, уæд мæ ахсæв бонмæ хуыссын нæ бауадздзæн. Æргом зæгъгæйæ, мæ зæрдæйы тугтæ ныккалдысты. Тынг ын фæтæ- ригъæд кодтон. Уымæй размæ мæ зæрды кæрон дæр никуы æрæфтыд, мæхинымæр хъуыды дæр никуы акодтон, Георы хуызæн адæмы уарзон адæймаджы йæхи фырт нæ, фæлæ æцæгæлон адæймаг дæр ахæм уавæры сæвæрдзæн, ууыл. Марды фыдгой нæ чындæуы, æз дæр нæ кæнын, фæлæ йæ фырт куы амард — Геор цыппæрæм уæладзыгæй зæхмæ æрхизынхъом дæр нал уыд - уæд зианмæ цы адæм æрцыд, уыдонæн мыггаджы номæй арфæйы ныхас зæгъын бахæс кодтой Хъайтыхъты Мухарæн. Уый лæппуйы мадæн мæрддзы- гойы адæмы ’хсæн цы ныхæстæ загъта, уыдон æмбисондæн дзуринаг сты: - Махæн Геор ахæм нæ уыди, фæлæ дæуимæ йæ цард куы сбаста, уæдæй фæстæмæ йæ фæдыл уæ къæсæрæй хæстæг-хион нал бахызт, йе ’мбæлттæй йæ æнæхай фæкодтай... Дарддæр мæ дзурын нал фæнды. Æвæццæгæн, ацы зæххыл ахæм адæй- маг нæ райгуырд, хъыцъыдæттæ чи нæ банызта, царды цалх иу кæнæ фылдæр хæттыты кæуыл нæ атылди. Æппæты амондджындæр æнхъæл кæмæн вæййæм, уый дæр æууæрстыты ма бахауа, уымæн уæвæн нæй. Паддзахы цардæй фæцарди, зæгъгæ, фæзæгъæм, фæлæ паддзæхтæ дæр сойтæ нæ фæмæрзынц. Уыдонæй дæр, хъысмæт йæ фаг кæмæн нæ фæвæййы, ахæм иу дæр нæ разыны, æндæр дзы хæснагæн иу уæддæр зæронды бонмæ куыннæ фæцард? Кæй дзы нæ фæцард, уый та мæхæдæг сбæлвырд кодтон. Историйы сыфтыл мæ цæст ахастон æмæ банымад- тон, Уæрæсейы императортæ æмæ паддзæхтæй чи цас фæцард, уый æмæ ма мæ ноджыдæр иу хатт бауырныдта, тæккæ бæрзонддæр ран бадджытæй - кæд æппындæр ницы хъуаг уыдысты, уæддæр - иу дæр мæгуыр лæгæй фылдæр кæй нæ фæцард. Петр 1-æй Никъала П-мæ Уæрæсейæн уыдис 12 хицауы æмæ дзы алчидæр рæстæмбис нымадæй фæцарди 48 азы. Æппæты фылдæр цæрæнбон дзы кæмæн рардæуыд, уый уыди Екатеринæ II æмæ уый дæр 67 азы йеддæмæ нæ фæцард. Æмæ уымæн зæгъын: цард æнæбау- уилгæйæ мæрдтæм никæй уадзы. Баууилы йæ афтæ, мæлæт æй æнцонæн куыд аныхъуыра... Геор куы амард, уæд тынг æвзæр бон скодта, фæлæ йæ фæдыл дзыллæ æрбацыдысты. Фæстаг фæндараст ын загътой, бирæ хъæлдзæг бонтæ æмæ азтæ кæимæ арвыста, уыцы адæм. Фысджыты Цæдисы номæй радзурын бахæс кодтой мæнæн. 150
Геор Ирыстонæн цы хæрзты бацыд, уыдоны тыххæй цыбырæй загъ- тон. Гыццыл лæппуйæ фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын райдыдта æмæ цалынмæ йæ цæст æрттывта, уæдмæ йын лæггад кæнынæй нæ бафсæст. Тохы бонты æмæ сабыр дуджы Геор æдзухдæр уыди, адæмæн рухсмæ фæндаг чи амыдта, уыдонимæ, бирæ хæрзты бацыд ирон литера- турæйæн, уыди Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лау- реат, лæвæрд ын æрцыд Ирыстоны адæмон поэты ном, паддзахадон бирæ æндæр хæрзиуджытæ. Сæрмагондæй бахахх кодтон, рæзгæ фæлтæры хъо- мыладмæ цы ’вæрæн бахаста, уыцы арфæйаг хъуыддаг. Ирон литерату- рæйы астæуккаг æмæ кæстæр кары минæвæрттæй æз иунæг ахæм дæр нæ зонын, æмæ Геор йæ къух кæмæ нæ бадардта, разæнгардгæнæг ныхас кæмæн нæ загъта. Мæ ныхæстæй фæсмойнагыл никæцыйы нымайæн, уымæн æмæ дзы иу дæр былалгъæй нæ загътон, иу дæр дзы æнæбындур нæ уыди. XI Æвæдза, æлхæнæн алцæмæн дæр ис. Суанг ма зæрдæйæн дæр. Фæл- мæн ныхас ын зæгъ æмæ дын æй никуы ферох кæндзæн, йæ зæрдыл дын æй дардзæн, уымæн æмæ зæрдæйæн дæр зæрдæ ис. Мæ царды дæргъы фæлмæн ныхас кæмæй фехъуыстон - уæлдайдæр, æрыгон ма куы уыдтæн, уæд - уыдон мын цыма хæдзæрттæ сарæзтой, афтæ мæм кæсы æмæ дзы, иуы цæрынæй куы бафæллайын, уæд иннæмæ бацæуын æмæ дзы мæхи амондджыныл фæнымайын. Цалдæр дæс азы рацыди уæдæй нырмæ, фæлæ йæ мæ зæрдыл дарын? Уæд мыхуыры рацыд мæ кæцыдæр æмдзæвгæ. «Мах дуджы» редактор уыди Цæгæраты Максим. Æмдзæвгæ, æнхъæлдæн, æрвитгæ бакодтон, æндæр æй мæхæдæг куы бахастаин, уæд мын, сæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ, уый, чи зоны, мæхицæн дæр загътаиккой. Уацмыс бонрухс куы федта, уæд редакцимæ бацыд Цæрукъаты Таймураз, æмæ йын Максим арфæйы ныхæстæ фæкодта, хорз æмдзæвгæтæ ныффыстай, зæгъгæ - уыцы но- мыры Таймуразы æмдзæвгæтæ дæр уыдысты - стæй, дам, Музаферы куы фенай, уæд уымæн дæр зæгъ, уый æмдзæвгæ дæр фæцыди мæ зæрдæмæ. Таймуразимæ æрвылбон дæр æмбæлдыстæм æмæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, Максимы ныхæстæ рафæзмыдта. Æхсызгон мын уыди, йæ гæды ныхас пайда нæу, афтæ æхсызгон, æмæ мæ ацал-ауал азы кæм нæ ферох, уым мæ амæй фæстæмæ дæр ферох уа, уый æнхъæл нæ дæн. Стыр хъыгагæн, кæрæдзийы циныл цин кæнын нæ зонæм. Зонгæ бакæниккам, фæлæ нæ нæ фæнды. Адæймаджы цы нæ фæнда, уый та йæ къухы иикуы бафтдзæн, цы йæ фæнда, уый цыфæнды зын куы уа, уæддæр куыд бафтдзæн, афтæ. Кæрæдзийы цин уынгæйæ канд нæ фыдтæ нæ тайынц, фæлæ ма не стæг дæр. Уыцы аипп æдзухдæр нæхицæн нæ цæстмæ дарæм. Иннæ адæмтæй, дам, нæхи къаддæр уарзæм. Чи зоны, фæлæ адæймаг кæмфæнды дæр адæймаг у, цæгаты цæра æви хуссары, саубуар уа æви урсцъар, æмæ дзы Уæллаг алкæмæн дæр иухуызон зæрдæ 151
радта, цинæн дæр æмæ мастæн дæр бынат кæм ис, уарзт æмæ æнæуы- нондзинад, раст æмæ хæрам, хорз æмæ æвзæр фæрсæй-фæрстæм кæм цæрынц. Мæ зæрдыл арæх Валентин Распутины радзырд «Францаг æвзаджы уроктæ» æрлæууы. Хæсты хæдфæстæйы хабæрттыл дзы дзырдæуы. Ра- дзырды сæйраг архайæг у иуæндæсаздзыд сидзæр лæппу. Сæ хъæуы рай- дайæн скъола йеддæмæ нæ уыд æмæ йæ фæндзæм къласмæ цæуын бахъ- уыд районы центрмæ. Ахуыр сæхимæ дæр æмæ уым дæр хорз кодта, фæлæ тынг хъуæгтæ æййæфта. Йæ мадæн æртæ уыдысты, лæппу — сæ хистæр. Хæдзарæй йын цы хæринæгтæ æрвыстой, уыдон-иу уайтæккæдæр фес- ты. Рæстæг цыди, фæлæ йæ уавæртæ нæ хуыздæр кодтой. Уалынмæ фæцахуыр, лæппутæ æхцайæ кæм хъазыдысты, уыцы къуыбырмæ, æмæ сæ æмбулын райдыдта. Се ’ппæты дæр. Æмæ йын æй нæ ныббарстой. Афтæ йæ фæнадтой, æмæ дыккаг бон къласмæ цъæхтæ-буртæй æрбацыд. Мæнæ цы хъуыдымæ æрцыд лæппу йæхæдæг: «Откуда мне было знать, что никогда и никому еще не прощалось, если в своем деле он вырывает- ся вперед? Не жди тогда пощады, не ищи заступничества, для других он выскочка, и больше всех ненавидит его тот, кто идет за ним следом. Эту науку мне пришлось в ту осень постигнуть на собственной шкуре». Уæдæ афтæ: никуы ничи ныббарста, иу хъуыддагыл кусджытæй чи фæразæй вæййы, уымæн. Распутины загъдау, æппæты тынгдæр æнæуы- нон та уыдзынæ, дæ хæдфæстæ чи цæуа, уымæн. Æз та цæрæнбоны бынтон æндæр уавæрты бахауын. Никуы никæй разæй фæдæн, уæддæр мын цæлхдуртæ æвæрынц. Цæмæй макæцæй ра- зынон, ууыл архайджытæ, кæддæр цас уыдысты, уымæй ныртæккæ къаддæр нæ фесты. Чысыл раздæр мæ зæронд гæххæттытæ рафæлдах-бафæлдах кодтон æмæ дзы мæ размæ фæци ахæм фыст: «Тагъд мыл дæс æмæ ссæдз азы сæххæст уыдзæн, фæлæ ма уæддæр сывæллон дæн. Мæ сабион зондыл мæ къух нæма систон, стæй мыл дыууæ кæнæ æртæ хатты фылдæр азтæ куы ра- цæуа, уæддæр аивон, уый æнхъæл нæ дæн. Æндæр исчи йæ иуфæрсты кæмæн ахизид, ахæм чысыл циндзинад мæныл базыртæ басадзы. Кæмæндæр æнцон аныхъуырæн цы уайдзæф вæййы, уый мæнæн та ме уæнг амары». Æвæццæгæн, мæ фыццаг миниуæгæй раппæлæн куыд ис, мæ дыккаг миниуæджы та рафауын афтæ хъæуы. Цыфæндыйæ дæр зонд- джын фыдæл раст загъта: «Æгъдæутты хистæр бæрц у». «Æгæр» бирæйæ дæр нæ бæззы æмæ гыццылæй дæр. Хуыцауы ныхмæ тохгæнæн нæй. Адæймаджы дунемæ цавæрæй ратты, исгæ дæр æй ахæмæй акæны. Ав- дæны кæй аузынц, чырыны дæр уый сæвæрынц. Билцъ цы ’взар суадзы, нæмыг дæр уый ратты. Ныр мыл авд æмæ æртиссæдз азы рацыд, фæлæ, цыппæрдæс æмæ ссæдз азы размæ куыд хъуыды кодтон, ныртæккæ дæр афтæ хъуыды кæнын. Цæрукъаты Таймураз мын Максимы ныхæстæй æхсызгондзинад æмæ цин æрхаста, кæддæр «Гагкайты Алиханы зарæг» куы ныффыстон — ууыл та дыууиссæдз азы бæрц цæуы, - уæд мæм радиокомитетæй цы ныхæстæ ’рбайхъуыст, уыдон та мын масты хос фесты. Зæгъгæ та сæ 152
кодта, мæ хуыздæр æмгарыл кæй нымадтон æмæ йæ сæрыл тох кæнгæйæ мæхицæн знæгтæ кæй тыххæй скодтон, ахæм адæймаг. «Гагкайты Алиханы зарæджы» райгуырд цыбырæй уыд афтæ. Цорионты Резванимæ кæд æмæ цы уавæрты базонгæ дæн, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ мæм цæмæдæр гæсгæ афтæ кæсы, цыма зонгæ кæд нæ уыдыстæм, ахæм рæстæг уæвгæ дæр никуы уыди. Чи зоны, æнæхин адæймаг кæй уыди, гадзрахатдзинад циу, уый кæй нæ зыдта — кæд æй базыдта, уæд та, йæхиуыл ын гадзрахатæй чи рацыд, уыдоны фæрцы - йæ риуы сыгъдæг зæрдæ кæй тæлфыд, сфæлдыстады фæрцы йæ царды сæйраг нысан йæ адæмæн лæггад кæнын кæй хуыдта, уый тыххæй афтæ балымæн стæм. Цал хатты æмбæлдыстæм, уал хатты-иу сæйраг ныхас уайтæккæ дæр сфæлдыстадмæ аздæхта. Цæуыл кусы, уыдæттæ дзурыныл-иу фæци, цы ныффыста, уый мын-иу æхсызгонæн фехъусын кодта. Куыд зæрдиагæй дзырдта, афтæ зæрдиагæй-иу æм æз дæр хъуыстон. Цин кодтон йæ ци- ныл, йæ фæндтæ æххæст кæнын ын кæй æнтыст, уый мæнæн дæр цыдæр тых лæвæрдта, цыдæр разæнгардгæнæг мын уыд. Иуахæмы та фембæлдыстæм. Кæцы ран, уый дæр ма хъуыды кæнын - Горькийы уынджы, Терчы сæрты цы къаххид ис, уымæ хæстæг. Паркмæ бахизæны цур хæрхæмбæлд фестæм. Уый уыдаид, æвæццæгæн, 1965 азы майы. Цæвиттон, уыцы аз нæ адæм бæрæг кодтой гитлерон фашизмыл фæуæлахизы ссæдз азы бон. 9-æм майы агъоммæ мыхуыргонд æрцыд ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Указ Гагкайты Алиханæн йæ амæ- лæты фæстæ Советон Цæдисы Хъæбатыры ном раттыны тыххæй. Уыцы Указ дунейы рухс куы федта, Резванимæ дæр уый фæстæ фембæлдыстæм. Композиторæн æхсызгон уыд, ирон лæппуйы сгуыхтдзинадæн ахæм стыр кад кæй скодтой, уыцы хабар фехъусын, стæй канд æхсызгон нæ, фæлæ йæ бафæндыд Алиханы ном зарæджы æмсæр скæнын æмæ мæм æрхаты- ди, цæмæй йын ныхæстæ ныффыстаин. Æз ын аивæй бамбарын кодтон, уыцы хъуыддагмæ цæттæ кæй нæ дæн. Æмæ, æцæгæйдæр, зарæджы ныхæстæ ныффыссынмæ мæ ныфс нæ хастон. Указ, кæй зæгъын æй хъæуы, æз дæр бакастæн, фæлæ уымæй дарддæр Алиханы цардæн ницы зыдтон. Кæм райгуырд, кæимæ хъомыл кодта, чи уыдысты йæ ныййарджытæ, хæсты размæ цавæр фæндæгтыл ацыд æмæ бирæ æндæр хабæрттæ нæ зонгæйæ, зарæг ныффыссынмæ мæ ныфс нæ хастон. Мæ хъуыдытæ Резванæн куы бамбарын кодтон, уæд цæмæдæр гæсгæ фæразæнгарддæр æмæ мын афтæ: - Æз дын алцыдæр ратдзынæн. Бирæ æрмæг мæм ис Алиханы тыххæй, стæй дæ базонгæ кæндзынæн йæ хæстæджытимæ, йæ хъæуккæгтимæ, йæ хæстон æмбæлттимæ... Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ мæ зæрдæйы базмæлыдысты, уымæй чы- сыл раздæр райгасæнхъæл кæмæн нæ уыдтæн, ахæм æнкъарæнтæ æмæ, Резваны цæстыты цы арт сыгъди, уый мæн дæр тавын райдыдта. Уыцы бон ын бæлвырд дзуапп раттын нæ бафæрæзтон, фæлæ йæ бын- тон æнæдзуаппæй дæр нæ ныууагътон. Баныхас кодтам, хæстæгдæр 153
рæстæджы кæй фембæлдзыстæм æмæ мæ кæй базонгæ кæндзæн, Алиха- ны тыххæй йæм цы æрмæджытæ уыди, уыдонимæ. Æмæ мæм æцæгæйдæр дыккаг бон Резван æрбацыди. Йæ дæларм гæххæттытæй дзаг папкæ. Куы ацыд, уæд бæстон семæ базонгæ дæн. Алиханы тыххæй дзы хъæздыг æмæ цæстыахадгæ æрмæг разынд. Фæстæдæр фембæлдтæн,,йæ хæстæджытæ æмæ йæ зонгæтимæ. Алиханы тыххæй мын бирæ хабæрттæ радзырдта йе ’рвад, йæ хъæуккаг Гагкайты Дзибис. Уый «Рæстдзинад»-ы тæлмацгæнæг уыди. Æз уæд фæндзæймаг аз куыстон «Рæстдзинад»-ы редакцийы æмæ Дзибисимæ - кæд мæнæй авд æмæ ссæдз азы хистæр уыд, уæддæр - тынг хæларæй цардыстæм. Алиханимæ канд æрвадæлтæ æмæ хъæуккæгтæ нæ уыдысты, фæлæ ма уыдысты æмдугон æмæ æмбайтæ дæр æмæ мын бирæ хабæрттæ радзырдта Алиханы цардæй. Цыбыр ныхасæй, мæхимæ бан- къардтон зарæг ныффыссыны хъару. Ноджы Резванæн зæрдæ куы ба- вæрдтон, уæд мæ бæрнондзинад фæфылдæр. Цæрæнбонты цы зондыл хæст уыдтæн - иугæр дæ дзыхæй ныхас сирвæзт, уæд æй сæххæст кæн - уый сæрты ахизын мæ бон нал уыд æмæ мæ дзырд æххæст кæнынмæ бавнæлдтон. Зарæгыл куыд куыстон, уый бæлвырддзинæдтæ мын нудæс æмæ ссæдз азы фæстæ зын æрхъуыдыгæнæн сты, фæлæ Резваны бирæ æнхъæлмæ кæсын кæй нæ бахъуыд, уый бæлвырд у. Æмдзæвгæ куы сцæттæ æмæ йæ композитор куы бакаст, уæд ыл цыма стыр хорздзинад æрцыд, уый хуызæн йæ цинæн кæрон нал уыд. Иуцасдæры фæстæ мыл ноджы хъæлдзæгдæрæй сæмбæлд. — Зарæг цæттæ у! — фехъусын мын кодта сæрыстырæй.- Алыбегæн йæхи зæрдæмæ дæр фæцыди! «Алыбегæн йæхи зæрдæмæ дæр фæцыди»,- уыцы ныхæстæ, кæд бирæ азты размæ загъд æрцыдысты, уæддæр мæ нæ рох кæнынц. Резван мын куыд радзырдта, афтæмæй зарæджы мелодиимæ базонгæ кодта зындгонд композитор Нинæ Карницкаяйы æмæ, дам, дзы уый дæр раппæлыд. Резваны ныхæстæм гæсгæ бамбæрстон, Алыбегдæр æмæ йын Нинæ дæр сæ фиппаинæгтæ кæй загътой æмæ сæ кæй бахыгъта. Цыбыр рæстæгмæ зарæг сцæттæ. Дыууæ хъæлæсæй заргæ кæй уыд, уый Резван музыкæ фысгæйæ дæр зыдта, загъта йæ мæнæн дæр, фæлæ йæ, чи хъуамæ азары- даид, уый, куыд рабæрæг, афтæмæй бынтон æнцон хъуыддаг нæ ра- зынд. Æппынфæстаг æрлæууыдысты Абойты Барис (Батырадз) æмæ Дзуц- цаты Викторыл. Зарæг магнитофоны лентыл куы фыстой, уæд æз дæр радиокомитетмæ бацыдтæн æмæ йæ цалынмæ фыстой, уæдмæ уым фæдæн. Чи йæм хъуыста, уыдоны зæрдæмæ кæй фæцыди, уый æнцон бамбарæн уыд. Мæнмæ цæмæдæр гæсгæ афтæ каст, цыма Резван æмæ мæ цæстмæ ахæм æппæлæн ныхæстæ кодтой, фæлæ рæстæджытæ куы рацыд, дыууæ- æртæ азы нæ, фæлæ дæсгай азтæ, уæд мæ бауырныдта, зарæг æцæгæйдæр кæй фæрæстмæ, адæмы зæрдæмæ фæндаг кæй ссардта æмæ, кæй номыл фыст æрцыд, уый аккаг кæй разынд... Резваны тыххæй мæ бон бирæ ныхæстæ зæгъын у, уымæн æмæ дзæвгар азтæ хæларæй фæцардыстæм. Нæ алы фембæлд дæр-иу мын æрхаста æхсыз- гондзинад. Хъыгагæн, «Гагкайты Алиханы зарæджы» фæстæ нæ къухы æндæр зарæг ныффыссын нал бафтыд, афтæмæй та нæ дыууæйы дæр 154
фæндыд. Резван-иу нæ иумæйаг фæллойы кой арæх кодта. Бирæ хæтты- ты дзы фехъуыстон: «Гагкайты Алиханы зарæджы» ныхæстæ зæрдæмæ куыд хъарынц, ахæм æмдзæвгæ ма куы ныффыссис, уæд ыл æз зæрдиагæй бакусин». Фæлæ, куы зæгъын, йæ фæндтæй ницыуал рауад. Æвæццæгæн, хъысмæты афтæ фæндыд. Чи зоны, æндæр зарджытæ ма куы ныффыста- иккам, уæд уыдон «Алиханы зарæджы» æмвæзадмæ нал схызтаиккой... 0, æмæ зарæг пленкæйыл куы фыстой, уæд сын мæ фиппаинæгтæ загътон. Редактор, режиссер æмæ мæм зарæггæнджытæ раст кæм нæ кас- тысты, уым сын мæ хъуыдытæ дзырдтон. Чи зоны, кæмдæрты æгæр карзæй, фæлæ - комкоммæ. Мæхи фæнд атæрын мын бантыст. Æз ахæм хъуыддæгтæм дæсны ныртæккæ куы нæ дæн, уæд ма раздæр уыдаин, фæлæ зарæг фыст æрцыд, мæн куыд фæндыд, афтæ. Уыцы хъуыддаг, хъуыд- даг, зæгъгæ, цæхгæр кæй дзырдтон, уый, радиойы чи куыста, мæ уыцы ’мгæрттæй иуы зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ, дам, мæ фæсаууон мæ фыдгой кодта, ничи, дам, æм кæсы, йæхимæ, дам, цæйбæрцытæ исы. Пушкин кæд æстдæс æмæ ссæдз азы дæр æххæст нæ фæцард, уæддæр ын Хуыцау уыйбæрцытæ радта, æмæ, фондзыссæдз азы кæуыл цыд, уымæй дæр фылдæр зыдта. Цы цыбыр бонтæ йын лæвæрд уыд, уыдон дзаг уыдысты æнкъарæнтæй - поэты тыхджындæр хæцæнгарзæй. Уый иннæтæй раздæр бамбæрста, цы кæнгæ йын у, уый. Поэтæн прозæмæ хизгæ кæй у, уый дæр, чи зоны, иннæтæй раздæр банкъардта æмæ «лета к презренной прозе клонят» (азтæ мæ прозæмæ рахизын домынц), зæгъгæ, дæр уымæн ныффыста. Мæхи тыххæй дзургæйæ генийы кой кæй кæнын, уый афтæ нæ амоны, æмæ йыл цыдæр хуызы мæхи абарынмæ хъавын. Æппындæр нæ. Æз зæгъинаг дæн, мæнæн дæр мæ зæрдæ иу рæстæджы прозæ фыссынмæ кæй ахсайдта, æрмæстдæр уый. Фæндыди мæ цардмæ уæрæхдæр цæстæй акæсын, фæлæ, æргом дзургæйæ, мæ ныфс нæ хас- тон. Ома уымæй размæ прозæ æппындæр никуы ныффыстон, зæгъгæ, нæ зæгъдзынæн, уымæн æмæ газеты кусгæйæ кæд аивадон уацмыстæ фыссæн нæй, уæд - æмдзæвгæтæ... Кæддæр, дам, «Рæстдзинад»-ы редактортæй иумæ æрыгон лæппу куыс- тагур бацыд. Бирæ фæныхас кодтой, стæй, дам, æй редактор фæстагмæ бафарста: - Æмдзæвгæтæ дæр фæфыссыс? Æвæццæгæн æм уымæй размæ цы фарстытæ радта, уыдонæн æм сæ тæккæ хуыздæр фæкаст æмæ йын уыцы разæнгардæй дзуапп радта, фæфыс- сын, зæгъгæ. - Хорз, хорз, æгайтма æмдзæвгæтæ дæр фыссыс,— загъта йын редак- тор, - куы нæ бахъæуай, уæд дæм нæхæдæг дзурдзыстæм. Æмæ ма йæм абон дæр дзуры. Уыйау, газеты æмдзæвгæтæ чи фыссы, ахæмтæ уыйас нæ хъæуынц, дæллаг галау ауæдзы хахх чи нæ халы æмæ уæхскуæзæй кусын чи зоны, йæ хъарутæ æнауæрдонæй хардз кæнынмæ чи арæхсы, ахæмтæ дзы цас хъæуы. Æргом дзургæйæ, «Рæстдзинад»-ы кусын куы райдыдтон, уæд, мæ бон цы уыд, уымæй архайдтон газеты мидис фæхуыздæр кæныныл. Уымæн æвдисæнтæ æрхæссæн ис. Æрмæст мæ «Фæллойадон чиныджы» фыстытæм чи ’ркæса, уый дæр бауырндзæн 155
мæ ныхæсты рæстдзинад. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бацахстон фыццаг бынæттæ хуыздæр æрмæг ныффыссыны, хуыздæр макет саразыны тыххæй, фæлæ ныхас ныртæккæ уыдæттыл нæу. «Рæстдзинад»-ы кусгæйæ æмдзæвгæтæ дæр фыстон æмæ прозæ дæр. Æрмæст мæ прозæ, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр баст уыди журналистикæимæ. Мæн та фæндыд аива- дон прозæ фыссын æмæ хъуызгæ-ныгъуылгæйæ бавнæлдтон. Хъуызгæ- ныгъуылгæйæ уымæн, æмæ тарстæн, куы нæ сарæхсон, уымæй. Тарстæн, газеты кусын куы райдыдтон, уæд уацхъуыдтæ фыссынæй куыд тарстæн, афтæ. Уæвгæ, уыцы тас ме уæнгты абоны онг дæр бады. Цыфæнды фыссыныл куы ’рбадын, уæддæр мæхиуыл нæ феууæндын, фæтæрсын, цы зæгъынмæ хъавын, уый мын, мæн куыд фæнды, афтæ равдисын куы нæ бантыса, уымæй. Фадæттæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыйас нæ уыди. Бонсауизæрмæ газеты хъуыддæгтыл дæ тыхтæ бахардз кæн, стæй уыцы фæлладæй изæ- рыгон æрбад æмæ фыссын райдай, уымæн хуымæтæджы тырнындзинад фаг нæ уыди. Хъуамæ æппæт сагъæстæ дæр иуфарс акæнай æмæ дæ хъуы- дытæ саразай, дæ размæ цы нысан æрæвæрдтай, уымæ. Цыбыр дзырдæй, цалдæр мæйы фæбадтæн изæрыгæтты мæ куысты (хæдзары, ома фатеры мын фадæттæ нæ уыди, иу уаты - раст зæгъын хъæуы, йæ фæзуат чысыл нæ уыди, - фæлæ дзы цардыстæм мæ дыууæ хоимæ) æмæ æппынфæстаг мæ повесть кæронмæ фыст фæдæн. Радтон ын ахæм сæргонд: «Уалдзыгон стъалытæ». Чидæр, дам, хъомгæс цæуын йæ сæрмæ хаста, фæлæ йæ мызд исынæй æфсæрмы кодта. Мæн дæр уыцы æмбисонды азар фæцæйсыгъта. Фысгæ йæ ныккодтон, фæлæ йæ равдисын никæмæ уæндыдтæн. Никæмæ, зæгъгæ, йæ машинисткæйыл баууæндыдтæн æмæ мын дзы раппæлыд. Уый мæ иуцасдæр ныфс бауагъта. Уымæн æмæ хуымæтæг чиныгкæсæг цурон ныхас нæ зæгъдзæн, йæ зæрдæмæ цы нæ фæцæуа, уый дæр нæ басусæг кæндзæн. Стæй дын дæ къуыхцытæ афтæ æнæхин æмæ цæстуар- зонæй бамбарын кæндзæн, æмæ йæ сыгъдæгзæрдæдзинадыл нæ фæды- зæрдыг уыдзынæ, фылдæр хæттыты йемæ сразы уыдзынæ, фæлæ дæм мæнæ чингуытыл рецензитæ фыссынæй чи базæронд, уыдон ахæм аиппытæ ссар- дзысты, ахæм уайдзæфты бын дæ фæкæндзысты, æмæ тагъд рæстæджы дæ къухмæ фыссæнгарз сисынхъом нал уыдзынæ. Фæлæ дын, кæмæн фыссыс — фысгæ критиктæ, поэттæ, прозаиктæ æмæ драматургтæн дæр кæныс, æрмæст уыдон сæйраг не сты, сæйраг сты хуымæтæг дзыллæтæ - уыдоны цæст хорздзинад дæр бауарздзæн, дæ аипп дæр сæ зæрдæмæ арф айсдзысты æмæ, кæд сæ бон уа, уæд, цæмæй иуварсгонд æрцæуа, ууыл дæр бацархайдзысты. Нæ критиктæн та сæ иу хай - стæй сæ чысыл хай нæ - ахæм зондыл хæст у: хорздзинад ын фæуыдзынæн, ома йæ чины- джы тыххæй мæ хъуыдытæ зæгъдзынæн, адæмы йæм æркæсын кæндзынæн, фæлæ мæ æвыдæй дæр нæ баззайдзæн. Цы хорздзинад ын фæдæн, ууыл æм фæсмон æрцæуын кæндзынæн. Ахæм критик мæм, иуæй-иу «уæздан» адæймаджы хуызæн фæкæсы. Зæронд усы фæндаджы иннæ фарсмæ бахизын фæфæнды. Фæлæ йæ ныфс нæ фæхæссы. «Уæз- дан» адæймагæн гæнæн нал вæййы - æгъдау æй æрцахсы - æмæ мæгуыр 156
усы къухыл фæхæцы æмæ йæ сыфцæй ласæгау фæфале кæны. Чи зоны, йæ цонгыл ын цъæхтæ дæр ныууадзы. Æз рагæй нырмæ дæр хуымæтæг чиныгкæсæджы хъуыдыйæн фылдæр аргъ кæнын. Уыдон дæр се ’ппæт раст нæ вæййынц, чи зоны, сæ дзæвгар хай, фæлæ дын дзы йæ хъуыды фыдæнæны хуызы ничи зæгъдзæн, стæй дзы йæ дур бæмбæджы дæр ничи батухдзæн æмæ, æз дæр мæ «Уалдзыгон стъалыты» фыццаг кæсæгыл баууæндыдтæн, фæлæ йæ уæддæр адæмы æхсæнмæ рахæссынмæ зивæг кодтон. Повесть дзæвгар рæстæг ме стъол- лагъзы куы фæлæууыд, уæд чысыл фæкъæйныхдæр дæн æмæ йæ Дзат- тиаты Тотырбегмæ радтон. Бирæ æнхъæлмæ кæсын мæ нæ бауагъта. Цыбыр рæстæгмæ йæ бакаст æмæ дзы, куыд æнхъæл нæ уыдтæн, афтæ раппæлыд. Уыйбæрц æй дæхимæ дзæгъæлы фæдардтай - афæдзæй фыл- дæры размæ ныффыстон, зæгъгæ, йын уый размæ загътон - «Мах дуг»-мæ, дам, æй ратт. Радтон æй æмæ йын йæ фыццаг хай ныммыхуыр кодтой, «Уыдзæн ма», зæгъгæ, ахæм кæронимæ. Ницы йæм бавнæлдтой. Куыд- дæриддæрæй сæм æй радтон, афтæмæй йæ рауагътой. Æнхъæлдтон, йæ дыккаг хай дæр афтæмæй баззайдзæн, фæлæ фæрæдыдтæн. Кæйдæр - чи уыд, уый зонгæ дæр кæнын, «ивддзинæдтæ» йæм кæм бахаста, уыцы экземпляр йæ къухвæдтимæ абон дæр мæхимæ ис, цы дзы аразын, уый дæр нæ зонын, афтæмæй - барджын сис ын фыдыусы митæ бакодта. Хуыцау хорз, æмæ мын мæ «зондджын» редакторы средакци кæныны фадат фæци: хицæн чиныгæй куы цыд, уæд, повестæй цыдæридцæр ап- пæрста, уыдон фæстæмæ сæ бынæтты сæвæрдтон, йæхицæй йæм цы баф- тыдта — мæ амондæн, уыдон цалдæр дзырды йеддæмæ нæ уыдысты - уыдон та æппаргæ акодтон. Хъайтыхъты Геор дæр, æвæццæгæн, ахæм уавæрты бахауыны фæстæ ныффыста ацы дыууæ рæнхъы: Кæд ис æххуыс кæнын дæ зæрды, Уæд, курын, ма-иу мæ хъыгдар. Повесть чи бакаст æмæ мæ хорздзинадыл чи цин кодта, уыдонæй мын чидæртæ мæ хъусы бацагъта, уырыссаг чиныгкæсджытæ дæр, дам, æй куы бакæсиккой, уæд æвзæр нæ уаид. Толасты Бэлæимæ рагæй зонгæ уыдтæн. Уымæй йын ноджы раздæр та зыдтон йæ хистæр æфсымæр Батырадзы. Институтмæ куы бацыдтæн, уæд аспирантурæйы - математик уыди - ахуыр кодта æмæ, æз цы æмдзæрæны цардтæн (Чапаевы уынджы), уый дæр уым цард. Фæстæдæр «Рæстдзинад»-ы кусын куы райдыдтон, уæд нæм-иу арæх фыста. Ахуыр- гæндты æхсæн - уæлдайдæр бæлвырд наукæты архайджыты æхсæн - иро- нау уымæй дæсныдæр исчи фыста, уый æнхъæл нæ дæн. Бэлæимæ та фæстæдæр базонгæ дæн, газет «Социалистическая Осе- тия»-йы редакцийы кусын куы райдыдта, уæд. Ныртæккæ æндæр ран кусы, фæлæ йæ фæллойадон цард, зæгъæн ис, æмæ уым арвыста. Зыд- тон æй канд курдиатджын журналистæй нæ, фæлæ, литературæ хорз чи зыдта æмæ бирæ чи каст, уыимæ ирон литературæ дæр, ахæм фендджын сылгоймагæй. Уымæй размæ мын-иу мæ фыстытæй цыдæртæ уырыссаг æвзагмæ раивта æмæ-иу дзы æдзухдæр разыйæ баззадтæн. Хорз ма цы 157
уыди — дæлрæнхъонты сæр æй нæ хъуыди, уымæн æмæ ирон æвзаг хорз зыдта, зыдта, зæгъгæ, уæд æй чи зыдта, уый йæ ныр куыннæ хъуамæ зона! Мæ хъуыды йын бамбарын кодтон, ома «Уалдзыгон стъалытæ» мын дæлрæнхъон тæлмац скæн, зæгъгæ, æмæ сразы. Тæлмац, бавдæлдтæн, æмæ Мæскуымæ журнал «Юность»-ы редак- цимæ арвыстон. Рацæуын æнхъæлмæ йæм нæ кастæн - уæвгæ йæм æнхъæлмæ дæр цæуыннæ кастæн, уымæй размæ дæр æмæ мын дзы уымæй фæстæмæ дæр æмдзæвгæтæ къорд хатты куы рацыд, уæд! - уымæн æмæ ахæм стыр уацмысæн æппæтцæдисон журналы бынат разына, ууыл тынг зæрдæдарæн нæ уыд, фæлæ, топпæй куы фехсай, уæд ма нæмыгæн фæстæмæ раздахæн вæййы! Цыбыр дзырдæй, дæлрæнхъон тæлмац редак- цийыл сæмбæлд æмæ мæм, тагъд рæстæджы дзуапп райсын æнхъæл кæцæй нæ уыдтæн, уырдыгæй сæрвыстой дыууæ писмойы. Иуы бынæй йæ къух бафыста журнал «Юность»-ы прозæйы хайады сæргълæууæг Т.В. Бобо- рыкина. Уый фыста: «Уважаемый Музафер Созырикоевич! Наш отдел просили ознакомиться с Вашей повестыо. Повесть мы прочитали — хоро- шая, добрая и человечная рукопись. Одно жаль — далековата она, на наш взгляд, от тех горячих проблем, что занимают сегодня ума и сердца молодежи в стране в целом и, наверное, и в вашей республике. Камер- ная получилась вещь. А от нас сейчас ждут большей боевитости, целе- направленности. Скорее всего, адрес такой повести, какою получилась Ваша,- книга». Дыккаг писмо та мæм сæрвыста зындгонд критик Владимир Огнев. Тынг фæлмæн ныхæстæ загъта уый дæр мæ уацмысы тыххæй, журналы хорз сфидауид, уадзын дæр æй ракæнын кæнин, фæлæ, дам, мæ уый æгæр бирæ тыхтæ бадомдзæн æмæ уымæ гæсгæ стох кæнынмæ фæзивæг кодтон. Дыууæ писмойæ дæр разыйæ баззадтæн. Æппынфæстаг, къухфыст ис- нæй, уæддæр æй ныммыхуыр кæныны зондимæ нæ арвыстон. Цы фе- нынмæ хъавыдтæн, уымæй ницы рауад, цы фехъусынмæ хъавыдтæн, уый фехъуыстон. Суанг ма мын, дарддæр куыд кæнгæ у, уый дæр бацамыд- той. Арвыстон æй рауагъдад «Детская литература»-мæ. Чысыл фæстæдæр Мæскуыйы балцы уыдтæн æмæ рауагъдадмæ бацыдтæн... Ахæм хæларзæрдæ адæмыл фыццаг хатт сæмбæлдтæн. Иу уаты цалдæрæй бадтысты æмæ, «Уалдзыгон стъалыты» автор дæн, уый куы базыдтой, уæд мыл æмхуызонæй дæр ахæм цин бакодтой, цыма бирæ азты дæргъы хæларæй фæцардыстæм æмæ дзæвгар рæстæг кæрæдзийы нæ феныны фæстæ сæмбæлдыстæм, уый хуызæн. Къухфыст Реммæ Ефре- мовамæ бахауд æмæ йæ куы бакаст, уæд, йæ зæрдæмæ куыд фæцыд, уый йе ’мкусджытæн дæр радзырдта, æмæ сын повесть иуцасдæр зонгæ уыд. Мæ бацыдыл дæр уымæн бацин кодтой. Чиныг мыхуыры кæй рацæудзæн, уымæй мын Ефремова фидар зæрдæ бавæрдта, редакцион цæттæдзинады пъланмæ йæ хæсгæ дæр бакодтам, фæлæ, дам, дыууæ хъуыддагыл ахъуыды кæнын хъæуы: тæлмацгæнæг 158
æмæ нывгæнæгыл. Нывгæнæджы тыххæй уайтæккæ дæр баныхас кодтам — Абойты Зауырбег. Уымæй размæ дæр сын къорд чиныджы сфæлгонц кодта, стæй, ирон цард цы къухфысты æвдыст цæуы, уый сфæлгонц кæнын æндæр нывгæнæгæн цæмæн хъуамæ бабар кодтаиккой! Тæлмацгæнæг агурыныл дæр бирæ рæстæг хардз кæнын нæ бахъуыд. Уый та Ефремова йæхæдæг равзæрста. Фыццаг хатт куы бацыдтæн, уæд дæр мын загъта, сывæллæттæн бирæ хæрзхъæд уацмыстæ ныффыссæг Любовь Воронкова, дам, куы сразы уаид, уæд, дам, нæ уымæй хуыздæр бæргæ нæ хъæуы. Дыккаг хатт куы сæмбæлдыстæм, уæд мын Реммæ мидбылты худгæйæ - æдзухдæр-иу мыл афтæ хъæлдзæгæй сæмбæлд - фехъусын кодта, Любовь Воронкова дæ къухфыст бакаст, йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ тæлмац кæнын райдыдта, æрмæст, дам, æй демæ фембæлын фæнды. Воронковамæ Реммæ телефонæй бадзырдта æмæ, мемæ кæд фембæ- лын йæ бон у, уый йын загъта. Фембæлдыстæм йæ фатеры. Дæс æмæ йыл æртиссæдз азмæ æввахс цыд, фæлæ йæ фыссын нæ уагъта, суанг ма тæлмац кæнынæн дæр рæстæг ардта. Æз ын уымæй размæ йæ фыстытæй цыдæртæ кастæн, фæстæдæр та йæ уацмысты æртæтомон рацыд æмæ уыимæ дæр базонгæ дæн. Фылдæр сывæллæттæн фыста. Къорд романы йæм уыд историон темæйыл фыст æмæ ахæм уацмыстæн æрмæг кæм æмæ куыд агуырдта, уыдæттæй йæ фарстон æмæ мын йæ куысты фæлтæрддзи- над цæстуарзонæй амыдта, стæй мæ къухфыстмæ рахызтыстæм. Æргом дзургæйæ, Толасты Бэлæйы тæлмац афтæ хæрзхъæд уыди, æмæ дзы аива- дон тæлмацгæнæджы бирæ фыдæбон кæнын нал хъуыд, фæлæ уæддæр Воронковаимæ цæуылдæрты фæбыцæу стæм. Мемæ кæмдæрты сразы, кæмдæрты - нæ, растдæр зæгъгæйæ та, æз не сразы дæн йемæ, фæлæ йæ «басæттын» нæ бафæрæзтон. Чиныг мыхуыры рацыд, Реммæ мын цы æмгъуыдмæ загъта, уыцы афон. Раст зæгъын хъæуы, нæхимæ дæр æм хæлар цæстæй ракастысты. Фæзынд ыл цалдæр рецензийы, мæскуыйаг мыхуыр дæр йæ иуфæрсты нæ ацыд, хорз аргъ ын скодтой журнал «Детская литература»-йы. «Уалдзыгон стъалытæ» уыдысты мæ повестты райдайæн. Уый фæстæ ма ныффыстон ноджыдæр дæс повестæй фылдæр, сæ хъæбатыртæ иу- мæйаг кæмæн сты æмæ архайд иу уацмысæй иннæмæ рæзгæ кæм цæуы, ахæмтæ. Æвдисын дзы, зæгъæн ис, æмæ мæхи цард, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ æрымысгæ цаутæ æмæ нывтимæ, фæлæ, уацмысты ныхас кæй тыххæй цæуы, уыцы бинонтæ сты нæхи бинонтæ. Мад Дзыллæ - Дзыцца у мæхи мад - Веринкæ, Дунетхан æмæ Бæди - Райæ æмæ Дибæ, Хъазыбег та - мæхæдæг. Уыдоны тыххæй дзы цы фыстæуы, уым æры- мысæггагæй бирæ нæй. Цыфæндыйæ дæр мæ фыццаг повестæй бузныг дæн. Сæрæвæрæн цы уацмыстæн фæцис, уыдон дæр кæйдæрты зæрдæмæ фæцыдысты, кæд фауæвæрджытæй дæр цух нæ баззадысты, уæддæр. Куы зæгъын, цæрæнбонты ме ’мсис æмгæрттæй иуæй-иуты зæрдæмæ нæ цыдтæн æмæ абон дæр нæ цæуын. Кæйдæр загъдау, уыдон та, чи зоны, мæ зæрдæмæ нæ цæуынц, чи зоны, нæ, фæлæ æцæгæй нæ цæуынц, 159
уæддæр сын æй æз никуы бамбарын кодтон, фæсаууон уа, сæ цуры уа, цæлхдур сын никуы никæцы ран æрлæууыдтæн, фæлæ уыдон сæхи афтæ нæ дардтой. Æргом æй нæ дзырдтой, фæлæ сæм сусæгæй хъодыгондыл нымад уыдтæн. Уый фæстæ мын æй зæгъджытæ дæр фæци... Мæ повесть «Урсдоны былыл - Бæрæгъуын...» хицæн чиныгæй куы рацыд, уæд ыл мыхуыры фæзынди цалдæр рецензийы, иронау дæр, уырыссагау дæр, ам дæр æмæ Мæскуыйы дæр. «Фырмæстæй дæр фæхудæм» - «Рæстдзинад»-ы куы куыстон, уæд Мыртазты Барисы сати- рикон æмдзæвгæты циклæн ахæм иумæйаг сæргонд радтон æмæ, гæды лæг гæды ныхас зæгъæд - мæ зæрдæмæ фæцыд. Мæнæ ацы рæнхъытæ фысгæйæ та мæ зæрдыл Ходы Камалы ныхæстæ æрбалæууыдысты. Кæйдæр фæфæзмы, æнхъæлдæн, Хъулаты Мырзабеджы. Цыдæр хорз хъуыдда- джы фæдыл чидæр кæйдæрты, уыимæ Мырзабеджы дæр, фæхынцынмæ хъавыд æмæ, дам, сæм дзуры: «Ам нуазæм, æви рестораны?» Æмæ, дам, Мырзабег афтæ куы фæкæнид: «Ам дæр æмæ рестораны дæр». Уыйау, рецензитæ фæзынди Ирыстоны дæр æмæ центрон мыхуыры дæр. Иу дзы [эацыди «Молодой коммунист»-ы ахæм сæргондимæ: «Набирая высоту». Йæ автор - Е. Нарвская. Фæстæдæр мын куыд радзырдтой, афтæмæй уый фæсномыг уыди. Базыдтон, чи уыд, уый дæр, фæлæ йæ нæ зæгъын, æргомæй фыссын æй, æвæццæгæн, нæ фæндыд, кæд æй фæндыд, уæддæр ын йæ ном басусæг кæнынæн цыдæр æфсон уыдис æмæ йын æз дæр йæ мыггаг æргомæй уымæн нæ фыссын. О, æмæ уыцы рецензи бирæ азты фæстæ иу мæ зонгæмæ бахауд - кæмæ, уый дæр уын нæ зæгъын. Чи зоны, йæ ном æмæ йын йæ мыггаджы фыццаг дамгъæтæ куы ныффыссон - Р.Т., уæд æй кæйдæрты бон райхалын бауыдзæн, фæлæ, мæнмæ гæсгæ уый сæйраг нæу. Сæйрагдæр у, рецензи бакæсыны фæстæ йæ авторы тыххæй цы загъта, уый. — Тынг ныфсджын сылгоймаг у. — Цæмæй? — Дæу тыххæй афтæ хорз ныффыссын чи бауæндыди, уый æндæрхуы- зон рахонын мæ бон нæу. Уыцы рæстæджы ды хъодыгондыл нымад уыдтæ, уый дын никуы ничи загъта? — Хъодыгонд кæй уыдтæн, уый æмбæрстон, стæй ныртæккæ дæр мæ уавæр бирæ хуыздæр рахонын мæ бон нæу, фæлæ мын æй зæгъгæ никуы чындæуыд. — Уæдæ дын æй æз зæгъын. Дæу тыххæй ахæм ныхæстæ ныффыс- сынмæ ныфс бахæссын хъуыд. Тынг дисы мæ бафтыдтой Р.Т. ныхæстæ. Макæмæн мацы кæн, æвзæрдзинад нæ, фæлæ хорздзинад бакæнын йеддæмæ дæ зæрдæмæ мацы хæсс æмæ дæ фæсаууон исчи ахæм митæ кæнæд! Уæвгæ уыцы исчитæ, æз уыдонмæ куыд кадджын дæн, уыдон мæнмæ уымæй кадджындæр не сты. Хæрамы тыххæй нæ зæгъын ацы ныхæстæ. Сæхимæ стыр фысджытæ кæсынц, фæлæ бахъуаджы сахат адæймаг се сфæлдыстадæй цы ’рымыса, уый нæ вæййы. Зæгъæм, Мамсыраты Дæбейы Хъæндил сæндæг куыд хордта, уый мæ цæстытыл афтæ тынг уайы, æмæ мæ зæрдыл куы ’рба- лæууы, уæд мæм йæ сыллыппытæ хъуысын райдайынц. Стæй канд йæ 160
сыллыппытæ нæ... Ахæм дæнцæгтæ æрхæссын нæ прозаикты уацмыстæй бирæ мæ бон у. Поэзийы тыххæй та дзурын дæр нæ хъæуы. Нырыккон фысджыты кой куы кæнæм, уæд дзы кæмæйфæнды дæр ахæм рæнхъытæ зæгъдзынæн, се сфæлдыстадон цæсгом кæй фæрцы разындзæн: «Зæххон фæндæгтыл нæй цæуæн дыууæрдæм, Æрхæццæ дæ кæронмæ, уæд — æгъгъæд!» (Малиты Васо). «Сæрджын кæсæгтæ - сомырдæг, Æнæсæртæ та — сом» (Ходы Камал), «Кæм ацæуы, Кæм абады, Уым алцæуыл Къæм абады» (Рæмонты Геор), «Горæт нæм фæцæрынæн нæ уыди, Афтæмæй нæм Мæрдты горæт уыд» (Тедеты Ефим) æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ æз зонын, алкæуыл дæр былысчъилтæ чи кæны, ахæмты, афтæмæй сын сæхимæ иу уадзæн хъуыды не ссардзынæ, быцæуы заман дæ хъуыды кæй фæрцы бафидар кæнай, адæмы цæсты йæ чи скадджын кæна. Уæвгæ та иу хорз æмдзæвгæ чи ныффыста, уымæн дæр аргъ кæнын хъæуы. Алчи хох нæу. Чи губакк у, чи — обау, чи та - Хъæриу. Хъазы- беджы хох, йæ алыфарс цы хæхтæ ис, уыдоны фæрцы тынгдæр фидауы. Хæхты дæле лæууынц хъæд æмæ кæрдæгæмбæрзт рæгътæ. Сæ дæлвæдджи цы къохтæ ис, уыдон дæ рахондзысты лæгъз быдырмæ. Уыдон иууылдæр иумæ афтæ тынг фидауынц, æмæ сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæн, уæд сæ бастдзинад фехæлид, цæсты нал ахадиккой. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ Сæнайы^хох иунæгæй аззад, зæгъгæ, уæд цы хуызæн уаид? Цæсты ма ахадид? Йæ рæсугъддзинадæй нæ ахауид? Ныры хуызæн сæрыстырæй ма кæсид? Мæнмæ гæсгæ, былысчъилтæ кæнын никæуыл хъæуы. Уый хиппæ- лойы миниуæг у. Хицæй æппæлын та зонды нысан нæу. Цы уай, уымæй баззайдзынæ. Ивддзаг никæимæ фæуыдзынæ. Уыйбæрц рацардтæн, æмæ мæхи фыссæг никуыма схуыдтон, уымæн æмæ, Чехойты Сæрæбийы загъдау, йæ зæгъыны æфсæрм и. Хетæгкаты Къоста дæр фыссæг æмæ мах дæр фысджытæ, фæлæ Къостайæн æцæг фæдонтæ куы нæ уыдаид, уæд йæхи, суанг мæрдты бæсты уæвгæйæ дæр амондджын нæ рахонид. Хистæр кæмæн нæй, уый æнамонд у, кæстæр кæмæн нæй, уый та — æлгъыст. Мæнмæ гæсгæ, ирон фысджытæ æна- монд не сты, Къостайы хуызæн хистæр - азтæй нæ, фæлæ, раздæр кæй цард æмæ фыдæлыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ — кæмæн уыд, Къос- тайæн та æлгъыст рахонæн нæй, уымæн æмæ йæ фæстæ цы фысджыты фæлтæртæ рахъомыл, уыдон æй иунæг уæвын нæ бауагътой, йæ фарны хъуыддæгтæ йын дарддæр хæццæ кæнынц. Хъуамæ Къостайы фæстаг фæдзæхст нæ зæрдыл дарæм: «Кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут, ме ’фсы- мæртæ!» Æндæр чидæр кæуылдæр хъоды бакæндзæн - фæсаууонмæ дæр уæд - уымæй хъодыгæнæг не скадджын уыдзæн, хъодыгонд та дзыхъхъы нæ ныххаудзæн. Ногæй та мæхи хабæрттæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Хуссарирыс- тойнаг фысджытæй мын иу æргом ныхасы заман афтæ зæгъы, ныронг, дам, дын де сфæлдыстадæн фаг аргъ нæ кодтон. Кæйдæрты ныхæстæм, дам, дзæгъæлы хъуыстон. Уый бæсты, дам, дын дæ чингуытæ бакæсын хъуыд. Æндæр хуссайраг зонгæ та мын ног сусæгдзинад раргом кодта: 11 Дзасохты М. 161
«Сæрдарæй дæ куы равзарой, уымæй тæрсынц æмæ дæ фысджыты Цæдисмæ уый тыххæй нæ исынц». Уымæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр мæ сæры ахæм хъуыды никуы сæвзæрд. Уыцы бынатмæ тырнджытæ бирæ дæр.,уыди, фæлæ æз уыдоны номхыгъды мæхи никуы нымадтон, номхыгъдмæ та мæ хæсджытæ уыдис. Мæ зæрдыл æрлæууыд 1990 аз. Уæд уыди нæ фысджыты радон съезд. Сæрдариуæг дзы кодтон мæхæдæг. Бирæ хъуыддæгтыл фæныхас кодтам, бирæ хабæрттыл фæдзырдтам, стæй æппынфæстаг æвзæрстытæм æрхæццæ стæм. Æвзæрстытæ уыдысты дыууæ хуызы. Сæйрагдæр, æвæццæгæн, уыди нæ Цæдисæн сæрдар равзарын. Кандидатурæтæ хæссын райдыд- той. Мæн кандидатурæ дæр балæвæрдæуыд. Фæлæ мæхи хъæлæсмæ æрæвæрын нæ бауагътон. Нæ мæ равзардзысты, уымæй нæ тарстæн — уæвгæ, цалынмæ схъæлæс кодтаиккой, уæдмæ йын чи цы базыдтаид - мæхи буц’дæр никæмæн кодтон. Мæхиуыл хъæлæс кæнын нæ бауагъ- тон, сæрдар мæ равзарой, уый мæ кæй нæ фæндыд, æрмæстдæр уый тыххæй. Иугæр мын уыцы бынаты бадгæ ’рцыди, зæгъгæ, уæд мæ сфæлды- стадæн, зæгъæн ис, æмæ, хæрзбон зæгъын бахъуыдаид, цы фæндтæ мæм уыди, уыдонæй бирæтæ фæндтæй баззадаиккой æмæ цæрæнбонты фæсмон кодтаин. Фæсмон кæнынæй та тынг тæрсын, уымæн æмæ мæ мады карздæр æлгъыстытæй иу — кæд æлгъитгæ арæх нæ кодта, уæддæр, — фæсмон фæкæн, зæгъгæ, уыди. Хъæлæс кæнынмæ цы номхыгъд рахастам, уым æнæмæнг хъуамæ æз дæр уыдаин, фæлæ дзы нæ уыдтæн. Иу хатт ма йæ зæгъын: уый размæйы хуызæн мæ уæд дæр нæ фæндыд, сæрдарæй мæ равзæрстаиккой, уый. Цы мæ фæндыди, уый дæр нæ сусæг кодтон æмæ, Уæрæсейы Федера- цийы фысджыты æхсæзæм съездмæ делегатæй равзарыны тыххæй мæ кан- дидатурæ куы бахастой, уæд йæ ныхмæ иу ныхас дæр не скодтон, уымæн æмæ Мæскуымæ ацæуынмæ бæллыдтæн. Фæндыди мæ адæммæ бакæ- сын, стæй, чидæр куыд загъта, мæхи равдисын дæр. Æмæ мæ равзæр- стой. Æмæ ацыдтæн. Æмæ нæ фæфæсмон кодтон. Мæ кандидатурæ чи бахаста - чи уыд, уый нал хъуыды кæнын æмæ мын бахатыр кæнæд - уымæй дæр æмæ мыл чи схъæлæс кодта, уыдонæй дæр баззадтæн буз- ныгæй. Цы æууæнк мæм равдыстой, уый æдзухдæр нымайдзынæн, аргъ ын кæндзынæн. Æмæ ма ноджыдæр, цы мæ фæндыд æмæ мæ цы нæ фæндыд, уый тыххæй иу ахæм хабар. Уый та Ирыстоны фысджыты фæстаг съезды, æнхъæлдæн, 2001 азы, уыди. Уым та æвзæрстой фысджыты правлени æмæ сæрдары. Ацы хатт — хицæнтæй. Правлени куы ’взæрстой, уæд сусæг хъæлæс кæныны номхыгъдмæ мæн дæр бахастой (кæд ма исты зо- нын, уæд Хуыгаты Сергей уыди). Сыстадтæн æмæ та мæхи номхыгъдмæ хæссын нæ бауагътон. Нæ мæ фæндыди æмæ уымæн. Кæд бирæ съездты архайдтон, уæддæр нæ хъуыды кæнын - уæвгæ ахæм хабарæн уæвæн уыдис,- фæлæ йæ æз нæ хъуыды кæнын - искуы исчи йæхи сæрдар æвзарын дæр нæ бауагъта æмæ йæ правленийы уæнгæй равзарой, уый ныхмæ дæр æрлæууыд. Мæ хуссайраг зонгæйы ныхæстæм 162
гæсгæ та мæ фысджыты Цæдисмæ райсынæй, сæрдарæй мæ куы равза- рой, уымæй тарстысты. Сæрдар куы суон, уымæй æцæгæй тарстысты æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ бирæты, фысджыты Цæдисмæ бацæуон, уый кæй нæ фæндыд, уым æрымысæггагæй ницы ис, уымæн æмæ æцæг уыд... Фæлæ уый тыххæй — фæстæдæр. XII «Рæстдзинад»-ы цы рæстæг куыстон, уый куы ’рымысын, уæд цыдæр æнахуыр дунейы балæууын. Мæ зæрдæйы æхсызгондзинады хур ссудзы æмæ йæ рухсæй мæ развæндаг сæрттивы. Цыфæнды сагъæсты ахæсты куы вæййын, уæддæр сæ ницæмæуал фæдарын, раздахæн кæмæн нал ис, фæлæ цæстытыл ирдæй чи ауайы, уыцы цаутæ мæ Чырыстийы цъуппæй ракæсын кæнынц, мæхи мæгуыр нал фæхонын. Ницытæ æмæ мацытæ мæм æппындæр ницыуал фæкæсынц, зæгъгæ, зæгъин, фæлæ уый раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ зæххы скъуыды ныххауæгау фæцыдæр вæййынц, æмбисбоны аууæттау æрбайсæфынц. Æртындæс æмæ ссæдз азæй фылдæр рацыд, иуæндæс азæй фылдæр кæм фæкуыстон, уыцы «Рæстдзинад»-æй куы рацыдтæн, уæдæй нырмæ, фæлæ йыл мæ зæрдæ нæма сивтон, цин кæнын йæ циныл, къæдзыг рæды- дыл дзы куы фембæлын, уæддæр мын зын вæййы. Цымæ мын цæмæн афтæ зынаргъ у ацы газет? Мæ фæллойы фæндаг ам кæй райдыдта, уый тыххæй æви иронау кæй цæуы, уымæн? Кæд дзы, мыййаг, хорз адæ- мимæ кæй базонгæ дæн æмæ мæм, бинонты кæстæрмæ цы цæстæй фæкæсынц, ахæм цæстæнгас кæй дардтой, уый тыххæй? Æви хорздзинад ракæнын адæймаджы бæллиццагдæр миниуæг кæй у, ууыл кæронмæ ам кæй баууæндыдтæн, уый тыххæй? Æвæццæгæн. Стæй канд уыдæтты тыххæй нæ. Иу хатт мын Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад — комкоммæ та аивадон редакцийы разамонæг Мыртазты Барис бабар кодта «Поэзийы бон» саразын: уыцы рæстæг уый æгъдауы хуызæн сси. Ахæм æмбырдгæндтæ фæд-фæдыл цалдæр рацыд. Чиныджы архайджытæн бацæттæ кодтон къорд фарсты. Хъуамæ сын нæ зынгæдæр фысджытæ радтаиккой дзуæппытæ. Иу фарст дзы уыди ахæм: «Цæмæй хион дын у Хетæгкаты Къоста?» Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæ дæр йæхи хъуыдытæ уыд æмæ сæ дзуæппытæ дæр фæйнæхуызон уыдысты, фæлæ дзы, мæнмæ гæсгæ, Малиты Васойæ цыргъзонддæр дзуапп ничи радта: «Къоста мæнæн хион цæмæй нæу, ахæмæй йæм ницы зонын». Уыйау, мæнæн дæр «Рæстдзинад» хæрз- стæмтæй фæстæмæ алцæмæй дæр зынаргъ у. «Рæстдзинад»-ы къæсæрæй фыццагхатт кæд бахызтæн, уый нал хъуы- ды кæнын, фæлæ дзы кусын куы райдыдтон, ууыл ацы сæрд, сусæны мæйы дыккæгæм бон сæххæст уыдзæн цыппар æмæ дыууиссæдз азы. Ныхас дæр нæй, æз уыцы сæрдыгон райдзаст бон мæ царды амондджындæр бонтæй иуыл кæй нымайын, уый тыххæй. Институты ма ахуыр кодтон, афтæ-иу мæ уацхъуыдтæ рæстæгæй- рæстæгмæ фæзындысты газеты. Иæ кусджытæй йын иуцалдæримæ зонгæ 163
дæр уыдтæн. Раздæр-раздæр, кæд-ма исты хъуыды кæнын, уæд базонгæ дæн писмоты хайады сæргълæууæг Хъесаты Дафаимæ. Цыдæр критикон æрмæг ныффыстон, æмæ мæм Дафа редакцимæ фæсидти. Æрмæджы бæлвырддзинæдтæ куы сбæрæг кодта, уæд мæ бафарста, карикатурæимæ йæ куы раттикам, уæд дæм куыд кæсы, зæгъгæ. Цы йын хъуамæ загъта- ин, карикатурæимæ куыд сфидаудзæн, уый мæ цæстытыл ауайын кæнын дæр мæ бон куы нæ уыд, уæд! Сразы дæн йемæ æмæ ууыл мæ хæс æххæстгондыл банымадтон. Иумæйаг ныхас æнцондæрæй ардтон, карæй мæм хæстæгдæр чи уыд, уыдонимæ, уæлдайдæр Мæхæмæтты Ахуырбегимæ. Уыимæ институты иу рæстæджы ахуыр кодтам. Йе ’мкурсонтæ æмæ йе ’мкъордонтæ уыдысты Гаджиты Илья, Хъодзаты Æхсар, Хъуылаты Хъазыбег, Цъебойты Сер- гей æмæ иннæтæ. Кæд иу курс дæлдæр уыд, уæддæр Ахуырбег кусын мæнæй раздæр райдыдта. Мæнмæ гæсгæ йын «Рæстдзинад»-мæ куыстмæ райсынæй.зæрдæ куы бавæрдтой, уæд фæсаууонмæ ахуырмæ раивта æмæ йæ журналистон фæндаг афтæмæй райдыдта. Мæ фылдæр - цас фылдæр уыдысты, фæлæ уæддæр - уацхъуыдтæ арæхдæр Ахуырбегмæ хастон æмæ-иу мын сæ, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр рауагъта. Уыимæ-иу дзы алы хатт дæр фехъуыстон ныфсæвæрæн ныхæстæ. Уыдон мын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдысты разæнгарды хос. Иу хатт та мын уæды редактор Хъаныхъуаты Валодяйы ныхæстæ рафæзмыдта. Цæвиттон, цавæрдæр бæрæгбон æрбацæйхæццæ кодта æмæ фыццаг фарсæн æмдзæвгæйыл стыхстысты. Æрæджиау Валодяйы зæрдыл æрба- лæууыдысты де ’мдзæвгæтæ æмæ, дам, афтæ фæкодта: «Уæртæ-ма Муза- феры ’мдзæвгæтæ раттут, уыдон сфидаудзысты фыццаг фарсыл!» Куыннæ мын уыдаид æхсызгон ахæм ныхæстæ фехъусын! Ноджы æхсызгондæр та мын уыд, цалдæр боны фæстæ ме ’мдзæвгæтæ дыууæ дæр бæрæгбоны номыры мыхуыргондæй фенын. Æргом дзургæйæ æмдзæвгæтæ сæ тыхджынтæй рахонæн нæ уыдис, бæрæгбон куыд иу- мæйаг уыд, афтæ уыдон дæр рауадысты иумæйаг ныхæстæй фыст, фæлæ, хуыздæртæ кæм нæ уыд, уымæ гæсгæ æппыннæйы бæсты чызгхуыздæрæн бабæззыдысты. Мæ ахуыр кæронмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ мæ катайыл æфты- ди. Ахуыргæнæджы куыстмæ мæ зæрдæ нæ ради. Æрвæсгæ та йыл куын- нæ кодтон, фæлæ мæ ныфс нæ хастон, мæ тыхтыл не ’ууæндыдтæн, скъоладзаутæн, цы ’мбæлы, уый сын куы нæ раттон, уымæй тарстæн. Иу ныхасæй, мæхимæ ахуыргæнæджы курдиат не ’нкъардтон æмæ мæ нæ фæндыди мæхи дæр æмæ скъоладзауты дæр фыдæнхъæл кæнын. Мæ сагъæстæ кæмæн ракодтаин, ахæм адæймаг цасфæнды куы фæца- гуырдтаин, уæддæр дзы Хлойты Гуыбейæ (Агуыбе хуынди, фæлæ йæ хи- уæттæ фырбуцæй Гуыбе хуыдтой) хуыздæр исчи разындаид, уый æнхъæл нæ уыдтæн, уымæн æмæ уымæй сыгъдæгдæр зæрдæ, хæлардæр æмæ цæст- уарзондæр адæймаг мæ царды мидæг бирæ нæ федтон. Гуыбейы фыд мæ мадымады ’фсымæр уыди æмæ мæм кæддæриддæр хорз цæстæй каст. Æнахъомæй æнæ мад æнæ фыдæй баззадыстæм, æмæ ныл æппæты тынгдæр чи аудыдта, уыдонæй иу уыд Гуыбе. 164
Мæ хабæрттæ йын куы радзырдтон, уæд мæ дыккаг бон партийы Цæгат Ирыстоны обкомы балæууын кодта. Уыцы рæстæджы уым пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæджы хæдивæгæй куыста Æгъуызарты Æхсар. Гуыбе уыди Æгъуызарты хæрæфырт, стæй дыууæйæ дæр уыдыс- ты алагирæгтæ æмæ кæрæдзийы хорз зыдтой. Æхсар ныл зæрдиагæй сæмбæлд. Уайтагъд редакцитæм дзурыныл фæци. Раздæр ныхас кодта «Молодой коммунист»-ы редакторимæ æмæ дзы ницы райгондæй баззад. Хъаны-хъуаты Валодяимæ цыдæр иумæйаг хъуыдымæ кæй æрцыд, уый æнцонæй бамбæрстон. Хæтæл куы ’рæвæрдта, уæд мын загъта: «Газет «Рæстдзинад»-ы редактор Хъаныхъуаты Валодямæ мæ номæй бацу æмæ дын цы зæгъа, уымæ байхъус. Цæуыл баныхас кæнат, уый-иу мын фе- хъусын кæн. Мæнæ дын мæ телефон». Зæрдæхъæлдзæгæй куыннæ хъуамæ раздæхтаиккам. Ноджы фылдæр ныфс мæ бацыд, Валодяимæ куы фембæлдтæн, уæд. Уæлдæр ма йæ куы загътон: редактор мæ иуцасдæр зыдта. Кæм мæ уацхъуыдтæм, кæм та ме ’мдзæвгæтæм гæсгæ. Иуцалдæр хатты мæ Ахуырбеджы кусæн уаты дæр баййæфта. Куы йæм бацыдтæн, уæд цыма рагæй зонгæ уыдыстæм, ахæм цæстæй мæм ракаст. Нæ кусджытæй, дам, иу æндæр ранмæ цæуы, ныртæккæ отпусчы ис, мæйы фæстæ ’рбаздæхдзæн æмæ дæ уæд райс- дзынæн. Уæд культурæйы хайады сæргълæууæгæй куыста Цырыхаты Михал æмæ мæ уымæ бахуыдта, загъта йын, исты хæслæвæрдтæ уал ын дæтт, зæгъгæ. Фæстæдæр ын, æвæццæгæн, Валодя бамбарын кодта, куыстмæ мæ кæй исы, уый æмæ мæм Михал, цыма хайады æцæгæй кусын райдыдтон, уыйау лæвæрдта уацхæсджыты писмотæ мыхуырмæ бацæттæ кæныны тыххæй. Æз уый мæхицæн нымадтон стыр кадыл. Цас арæхстæн, фæлæ мæхиуыл нæ ауæрстон, архайдтон, цы мæ бон уыд, уымæй. Уæлдай стырдæр циндзинад та мын æрхаста, æрмæджы паспортыл-иу Михал, мыхуырмæ йæ Дзасохты Музафер бацæттæ кодта, зæгъгæ, куы ныффыс- та, уæд. Бонтæ мæм афтæ даргъ кастысты, æмæ-иу сын баизæры хъо- мыс нал уыд. Редакцийы кусæджы отпуск кæд фæуыдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ мæ цæстыты сурсмæ бирæ нал хъуыд, фæлæ æнхъæлмæ кæсынæй хуыздæр хос нæ уыд. Михал мын-иу мæ бæрны цы хæс бакодта, уый сæххæст кæнынæй истон стыр æхсызгондзинад. Афтæ разæнгардæй архайдтон, æмæ-иу хаттæй-хатт хуымæтæджы уацхъуыдтæ бæлвырд ритмикæйыл дæр равæрдтон. Уый Михал æнæбафиппайгæ нæ фæци æмæ мын бамбарын кодта, афтæ кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ. Хъуыды ма йæ кæнын: уæд æнæхъæн Ирыстон дæр цæттæ кодта Мæс- куыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæмæ. Рагацау снысангонд пъланмæ гæсгæ сæрмагонд æрмæджытæ мыхуыр кодтой декадæйы архай- джыты тыххæй. Уыдон та уыдысты фысджытæ, артисттæ, музыканттæ, нывгæнджытæ... Фысджытæй дæр цалдæрæн ныффыссын хъуыд се сфæлдыстадон сурæттæ. Ардасенты Хадзыбатыры тыххæй ныффыссын мын Михал куы бабар кодта, уæд дзы хуымæтæджы бузныг фæдæн. Буз- ныг фæуын иу хъуыддаг уыд, фæлæ дыл сæ зæрдæ цæмæй дардтой, уыцы æууæнчы аккаг разынын хъуыд. Хадзыбатыримæ фембæлынмæ мæ ныфс 165
нæ бахастон, стæй дзы уый сæр, чи зоны, хъæугæ дæр нæ кодта, фæлæ, цыдæриддæр æрмæгыл фæхæст дæн, уымæй спайда кæныныл бацархайд- тон æмæ мæ куыст афоныл хайады сæргълæууæгмæ радтон. Абоны хуызæн ма йын хъуыды кæнын йæ сæргонд дæр: «Поэт - литературовед». Михал æй куы бакаст, уæд дзы, зæгъæн ис, æмæ ницæмæ бавнæлдта, афтæмæй мыхуыры рацыд. Кæд мыл æнхъæлмæ кæсынæй бонтæ цыфæнды даргъ ныйисты, уæддæр, цы мæймæ æнхъæлмæ кастæн, уый кæрон ралæууыд, æмæ Ва- лодя йæ ныхасæн хицау разынд: 1960 азы 2 августы бардзырд ныффыста мæн литературон кусæгæй райсыны тыххæй. Диссаджы коллективы æхсæнмæ бахаудтæн кусынмæ. Кæд алы кæмттæ æмæ хъæутæй рацыдысты æмæ алы кары адæм уыдысты, уæддæр сæ иу кодта зæрдæхæлардзинад, цæстуарзондзинад, хæлардзинад. Æмæ уац- хæсджытимæ куыд æнгом баст уыдысты, уый та! Хъæуæй-иу уазæг æрба- цыд, зæгъгæ, уæд сыл-иу хур æрбакаст. Кæд алы хайæдты уацхæсджы- тыл нымай уыдысты æмæ дзы алчидæр бæлвырд темæтыл фыста, уæддæр сыл редакцийы æппæт кусджытæ дæр æмхуызонæй цин кодтой, алкæй дæр фæндыди, уый хайадæн дæр сæ хъæуæй кæнæ горæтæй исты куы ныффыстаид. Редакцийы кусгæ кæй баййæфтон, уыдонæн æз уыдтæн сæ тæккæ кæстæр, стæй иу æмæ дыууæ азы нæ, фæлæ дзæвгар азтæ. Æппæты хистæр та дзы, мæнмæ гæсгæ, уыди Хуымарты Хъамболат, уый фæстæ, æвæццæгæн, Хацъæты Валодя, хæсты размæ журнал «Пионер»-ы (ныры «Ногдзау»-ы) редактор. Фæлæ уый дæр афтæ зæронд нæма уыди. Куыд дзырдтой, афтæмæй райгуырди 1906 азы, ома йыл, æз кусын куы рай- дыдтон, уæд цыди æдæппæт 56 азы. Иу дзырдæй, пенсийы карæй æры- гондæр. Кæд мæ фыццаг фæлварæнтæ культурæйы хайады райдыдтон, уæддæр мæ кусынмæ барвыстой хъæууонхæдзарадон хайадмæ. Йæ сæргълæууæг уыди Джыккайты Федя, литературон кусæг — Хуытъинаты Махарбег. Бадтыстæм къуындæг уаты. Уыдис дзы æртæ стъолы æмæ иу зæронд ди- ван. Йæ сæрмæ Федяйы пъалтойы хæррæгъ ауыгъд. Диван æмæ мын зæронд пъалто тыхст уавæры æххуысгæнджытæ басгуыхтысты. Цалынмæ фатер агуырдтон, уæдмæ-иу мын уым æхсæвиуатгæнгæ æрцыди. Раст зæгъын хъæуы, хъæдысыстытæ-иу мæ батыхсын кодтой, фæлæ хуыздæр гæнæн нæ уыд æмæ фæрæзтон. Федя тыхджын журналист уыд. Хорз зыдта хъæууон хæдзарад. Цы хъуыддаджы фæдыл-иу ацыд, уый-иу æнæбæлвырд равзаргæ никуы фæци, арæхст фельетонтæ фыссынмæ, æлхынцъ хъуыддæгтæ равзарынмæ. Нæ хъуыды кæнын, йæ фыст искуы фæмæнг, искуы искæй æнæхъуаджы баф- хæрдта кæнæ дзы раппæлыд. Газеты кусæг хъуамæ алцæмæ дæр арæхса. Хуымæтæджы уацхъуыдæй райдай, æмæ раздзырды статьяйæ фæу. Раздзырды статья, куыд дæлджинæг кодтой, афтæ дæлджинæггæнинаг нæ уыди. Журналистты ныры фæлтæр, газеты ахæм жанр уыдис нæ, уый зонгæ дæр нæ кæны, фæлæ уыдис ахæм жанр, стæй, чи зоны, хъæугæ дæр кодта. Уымæй базонæн уыдис, иу 166
кæнæ иннæ цыбыр рæстæджы ахсджиагдæр фарстатæ цавæр сты, æргом тынгдæр цæмæ аздахын хъæуы, разæй чи цæуы æмæ фæсте чи зайы æмæ бирæ æндæр хъуыддæгтæ. Раздзырды статьятæ алкæуыл не ’ууæндыдыс- ты, стæй алчи сæ фыссынмæ н’ арæхст. Сæйрагдæр сæ фыста редактор, йæ хæдивæг æмæ хайады сæргълæуджытæ, бынтон стæм хатт — литерату- рюн кусджытæ. Джыккайты Федя дæсны уыд ахæм æрмæг фыссынмæ дæр. Йæ иу къах-иу иннæуыл баппæрста, тамако-иу сдымдта æмæ-иу нæ сыс- тад, цалынмæ йе статья кæронмæ фæуыдаид, уæдмæ. Æнцон кусæн уыд йемæ. Мæнæй иуæндæс азы хистæр уæвгæйæ мæм æмгары цæстæй каст, мæ хицау кæй уыд, уый никуы банкъардтон. Иумæ цас акуыстаиккам, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ хъуыддаг куы кодта, уæд Малиты Васо æмæ æз йæ фидæны бинойнаджы хæдзармæ сиахсы цыд иумæ бакодтам. Йæ дарддæры царды хабæрттæ бынтон лæгъз нæ рауадысты æмæ йæ фарсмæ æрбалæууын куы хъуыд, уæд дзы мæхи иуфарс нæ аластон: «Молодой коммунист»-мæ (уæд æз йæ редактор уыдтæн) йæ кусынмæ райстон. Хъыгагæн, уый фæстæ бирæ нал ацард: уæззау низ æй æрцахста æмæ 1974 азы амард. Рацыд ын хорз цот. Йæ чызг Заремæ кусы телерадиоко- митеты. Йæ чындзæхсæвмæ мæ æрбахуыдта. Рæзы йын фырыхъулы хуызæн лæппу. Йæ фырт Таймураз каст фæци нæхи университеты исто- рион факультет æмæ Мæскуыйы социалон-гуманитарон институты эко- номикон факультет. Кусгæ та кæны «Регионы рæзты банчы» кредитон хайады специалистæй. Кæд кусгæ хъæууон хæдзарады хайады кодтон, уæддæр мæ зæрдæ культурæйы хайады уыд. Уым та куыстой Уырымты Петя (сæргълæууæг), Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ Цæрукъаты Валодя. Фæлæ уырдæм мæ фæндаг фондз азы дæргъæн уыд. Иу заман редакцийы разамындмæ фæзынд ин- формацийы хайад саразыны хъуыды. Æххæст хайад нæ уыд, фæлæ, дæлхайад, зæгъгæ, рахонæн кæмæн ис, ахæм æмæ мæ уымæн бæрнонæй сæвæрдтой. Уымæ канд информацийы хабæрттæ нæ хаудысты, фæлæ ма цæттæ кодта «Фæлладуадзæн боны фарс» дæр. Уыцы рæстæджы фæзын- дысты иумæйаг ног сæргæндтæ: «Къуырисæрæй хуыцаубонмæ», «Хуссар Ирыстоны» æмæ æндæртæ. Газеты кусæг - æцæг газеты кусæг - æдзухдæр куысты уавæры ис. Кæмфæнды куы уа, уæддæр газетæн исты хорз фæуыныл архайы. Искуы исчи фесгуыхт, уæд æй фæфæнды йæ хабæрттимæ йын иннæты дæр ба- зонгæ кæнын. Искуы исты диссаджы цау æрцыд, уæд дæр - афтæ: хъуа- мæ йæ иннæтæн дæр радзура, хъуамæ йыл, цас гæнæн ис, уыйбæрц фылдæр адæм бацин кæной. Фæлæ йыл хатгай йæ къæрцхъусдзинад ком- дзог рацæуы, цæсты кæронæй дæр фенæн цæмæн вæййы, уый дыууæ цæстæй дæр нал бафиппайы. Фæлтæрдджын кусджытæй-иу арæх афтæ фехъуыстон: фыццаг чи фæрæдийы, аххос тынгдæр уымæ хауы, уымæн æмæ иннæтæн йæ сæрты ахизын æнцондæр вæййы. Ацы ныхæсты рæстдзи- над мæхиуыл бирæ хæттыты бавзæрстон. Æмæ, цас фылдæр рæстæг куыстон, уыйбæрц, цы кастæн, ууыл дызæрдыг тынгдæр кодтон, уымæн та «джигул» кæнынæй хуыздæр хос нæ уыд, цæмæй рæдыд ма ацыдаид, 167
уый тыххæй хъуынайы бын дур агурын хъуыд æмæ-иу иннæты хуызæн мæнæн дæр «шпионтæ» (бирæ азты газеттæ, журналтæ æмæ рауагъдады техникон редактор æмæ корректорæй чи фæкуыста, Гуытъиаты уыцы Симæ рæдыдтыты афтæ хоны) æрцахсын мæ къухы бафтыд. Уыцы рæдыдтытæй ракæндзынæн æрмæстдæр иуы кой. Цæвиттон, «Рæстдзинад» цæуын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ къамтæ кæнæ хуызистыты бын фыста: «Нывы ахæм кæнæ ахæмтæ» æмæ- иу сæ кæнæ галиуырдыгæй (кæд-иу къорд уыдысты, уæд) рахизырдæм ранымадта, кæнæ рахизырдыгæй галиуырдæм. Афтæ уыдис 1970 азы 23 июлы онг. Æз уæдмæ редакцийы дæс азæй фылдæр бакуыстон, фæлæ «нывы» бæсты «къам» кæнæ «хуызист» фыссын кæй хъæуы, уымæ мæ хъус никуы ’рдардтон. Фæлæ, украинаг æмбисонды загъдау, «хорошая мысля приходит опосля». Мæхинымæр хъуыдытæ кодтон: «Ныв у, нывгæнæг ахорæнтæй кæнæ æндæр æрмæгæй цы саразы, уый, йæ хуыз кæмæн кæнæ цæмæн сисынц, уый та у къам кæнæ хуызист. Мæхи мæхи- уыл куы баууæндын кодтон, уæд редактормæ бацыдтæн æмæ йын мæ хъуыдытæ загътон. Валодя мæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уайтæккæ дæр бамбæрста æмæ дыккаг бонæй, ома 1970 азы 24 июлæй фæстæмæ «Рæстдзинад» «нывы» бæсты фыссын райдыдта «къамы» кæнæ «хуызисты». Куы зæгъын, Валодя- имæ кусын тынг æнцон уыд. Ногдзинадæй фылдæр ницы уарзта, æмæ йæм исчи исты хъæппæрисимæ бацыд, зæгъгæ, фæстæмæ-иу кæддæриддæр ра- зæнгардæй раздæхт. Кæннод искæмæн баххуыс кæныныл куыд зæрдиагуыди, уый та?! Æвзонг лæппуйæ райдыдта æхсæнадон куыст кæнын, æмæ йæ адæм зыдтой, зыдта сæ йæхæдæг дæр. Уæлдайдæр - хицауады. Дæс æмæ ссæдз азы бæрц та «Рæстдзинад»-ы редактор фæци æмæ йын фылдæр хицæуттимæ æнцон дзурæн уыди. Цæйфæнды æмæ йæм кæйфæнды тыххæй куы бацыда- ис, уæддæр дæ æнæдзуаппæй нæ раздæхтаид, бадзырдтаид, кæмæ æмбæлд æмæ хъуыддаг чи сарæзтаид, уымæ æмæ дын æнæмæнг баххуыс кодтаид. Уал азы иумæ фæкуыстам æмæ йæ иунæг хъуьцщагмæ дæр базивæггæнгæ никуы бафиппайдтон, уыимæ йын уæлдай нæ уыд, æфснайæг æм бацыдаид æви хайады хицау - алкæмæ дæр-иу дзы иухуызон аудаг цæстæй ракаст. Уæдæ кусынæй дæр æфсис нæ зыдта. Йæ разы-иу ын рагъамадæй æрмæджытæ авæрдтаис æмæ-иу сæ цыбыр рæстæгмæ бакастаид. Уыимæ уæлæнгай кæстытæ нæ, фæлæ - бæстон, рæдыды сæрты нæ хизгæйæ, бæлвырд редакцигæнгæйæ. Йе стъолыл ын æнæкаст æрмæг никуы бай- йæфтаис. Цасфæнды бирæ æрмæг-иу æм куы бахастаис, уæддæр сæ, ца- лынмæ бакастаид, уæдмæ йæ бынатæй нæ фезмæлыдаид. Йæ уыцы ми- ниуæгыл æз дæр сахуыр дæн æмæ абоны онг цæттæ æрмæг æнæкастæй никуы ныууагътон. Мæ цыфæнды фæлладдæр ницæмæуал æрдарын æмæ, кæд ссæдз азы бæрц журналы кусын æмæ тагъд никуыдæмуал кæнын, уæддæр кæсинаг æрмæг фæстæдæрмæ аргъæвын мæ зæрды кæрон дæр никуы ’рæфтыд. Валодяйæ дæр æмæ иннæ кусджытæй дæр бирæ хорз миниуджытæ райстон, бирæ цæуылдæртыл сыл сахуыр дæн æмæ сæ, цалынмæ цæрон, уæдмæ бузныг уыдзынæн, сæ ном сын æхсызгонæн мысдзынæн. 168
Валодяйы тыххæй дзургæйæ ма æнæзæгъгæ нæй йæ ахæм миниуæджы тыххæй: рæдыд ссарынмæ йæ разæй никæй ауагътаид. Кусгæ бон-иу фæуы- даид, стыр фæсахсæвæртæ-иу сси, газет-иу мыхуыр кæнынмæ раттынмæ срæвдз уыдаид, афтæ-иу Валодя кæцæйдæр фæзынд, æмæ-иу дæ уæл- хъус алæууыдаид. Кæмдæр Чермены цæссыгæй кæй фæхъæстæ, уый дæр ыл зындаид, уæддæр-иу æваст йæ цæстытæ, фæстагмæ цы фарс кастаис — уыцы афонмæ-иу иннæтæ мыхуыргæнæгмæ лæвæрд æрцыдысты - уым фæцавтаид æмæ-иу дзы æнæмæнг рæдыд ссардтаид. Чи зоны, æнæхъæн фарсы иунæг рæдыд йеддæмæ нæ уыдаид, фæлæ-иу æй Валодя «уæлбæхæй» дæр райардта. Къаддæр диссаг нæ уыд йæ хæдивæг Дзугаты Барис. Куырой дæр куы- рой æмæ уый дæр - куырой. Цасфæнды дзы кал æмæ йæ ысдзæн æмæ ысдзæн. Уæлдайдæр-иу редактор уым куы нæ уыд — ахæм рæстæджытæ та-иу арæх скодта: обкомы бюротæ æмæ алыхуызон æндæр æмбырдтæй йæ хъуырмæ уыд — уæд-иу йæ уæлхъус цалдæрæй дæр æрлæууыдысты, мæн æрмæг дæр акæс, мæн æрмæг дæр акæс, зæгъгæ. Æмæ сæ касти, йæ пъеройы фындзыл цæст нæ хæцыди, афтæмæй. Бирæ йæ уарзтой иууылдæр. Кусынмæ дæсны кæй уыд, канд уый тыххæй нæ, стæй бирæ кæй зыдта, уый тыххæй дæр нæ: тынг цæстуар- зон, æнæуæлдай ми, хуымæтæг æмæ фæлмæнзæрдæ кæй уыди, уый тыххæй дæр. Кæимæфæнды дæр зыдта иумæйаг æвзаг ссарын, уымæн царди алкæимæ дæр хæларæй. Информацийы хабæрттæ кæнын куы райдыдтон, уæд мæ фæндыди газеты фæрстæм исты ногдзинæдтæ бахæссын. Иуахæмы кæцыдæр газе- ты бакастæн, иу мидбылты бахудт, дам, адæймаджы цардыл фондз ми- нуты бафтауы, зæгъгæ. Цæмæдæр гæсгæ мæ бафæндыд уый æндæр хуы- зы зæгъын æмæ йæ загътон: «Ахуд, æмæ фылдæр фæцæрай...» Ныффыс- тон æй æмæ йæ бæрнон секретары хæдивæгмæ бахастон. Уый гæххæтт райста, бакаст æй, стæй ма йæм чъылдымырдыгæй дæр æркаст - ахæм миниуæг æм уыд: æнæмæнг-иу хъуамæ, цы йæм бахастаис, уый иннæрдæм фæфæлдæхтаид - æмæ йæ цæсгом æнæрвæссонхуыз райста. Цыбыр дзырдæй, йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ æз дæр ныхкъуырдæй фæстæмæ раздæхтæн. Мæхи зæрдæмæ та цыди. Иуцасдæр мæ къух кусынмæ нал батасыд: афтæ цин цы хъуыддагыл бакодтон, уымæй фыдæнхъæл фæуын мæ нæ фæндыд æмæ хъуыдыты ацыдтæн. Æппынфæстаг Дзугаты Барис мæ зæрдыл æрлæууыд æмæ йæ уымæ бахастон. Цы дзы зæгъынмæ хъа- выдтæн, уый уайтæккæ дæр бамбæрста, æмæ æваст афтæ фæкодта: «Æмæ цы кæны, тынг хорз у!» Редакторы хæдивæджы ныхмæ ма секретариаты кусæг дæр цы загътаид! Æз æрмæг бацæттæ кодтон, Зыгъуытаты Руслан иумæйаг сæргонд аив ныффыста æмæ цалдæр боны фæстæ фæзынд, газе- ты фæрстæй дæсгай азты дæргъы чи нæ цух кæны, уыцы рубрикæ «Ахуд, æмæ фылдæр фæцæрай». Йæ фæстæ æрхъуыды кодтон æндæр сæргæндтæ дæр: «Алцы зонын дæр хорз у», «Адæймаг цы нæ фехъусдзæн!», «Лæджы кой дардмæ хъуысы», «Афтæ цæмæн дзурæм» æмæ афтæ дарддæр. Уыдон дæр зæронд кæнын нæ комынц æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæзынынц «Рæстдзинад»-ы. 169
Барисы тыххæй мæ ныхас фæуыны размæ ма мæ зæгъын фæнды, йемæ кусынæй кæй нæ бафсæстæн - уæвгæ кусынæй кæимæ нæ бафсæстæн, уыдоны нымæц дзæвгар фылдæр у - уый дæр. Къорд азты фæстæ Цæгат Ирыстоны телеуынынад æмæ радиохъусынады комитеты сæрдары хæдивæгæй кусын куы райдыдтон, уæдмæ Барис ацьцщс пенсийы, фæлæ ма йæ хъарутæ йæхимæ уыдысты. Мæн фæндыди, мæ фарсмæ куы уыда- ид, уый æмæ йын мæ хъуыды бамбарын кодтон. Æхсызгонæй сразы, уымæн æмæ йын уыцы куысты амонын ницы хъуыд: уый размæ дзы бæрнон бынаты куыста. Æмæ иуцасдæры фæстæ æххæст кæнын райдыдта сæйраг редакторы хæстæ. Дзæвгар мын фенцондæр. Барисы къух кæдæм хæццæ кодта, уырдæм мæ зæрдæ не ’хсайдта. Иумæ ма цы бонтæ акуыстам, уыдон æхсызгонæн мысын, фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. 1985 азы мæн снысан кодтой журнал «Ногдзау»-ы редакторæй æмæ нæ фæхицæн кæнын бахъуыд. Хъыгагæн, Барис мæ фæстæ комитеты бирæ нал бафæс- тиат. Цæуыннæуал дзы акуыстай, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын зæхмæ улæфæгау загъта: «Ды фæстæ чи схицау, уыимæ кусын мæ нæ бафæндыд...» Информацийы хайады фæстæ иуцасдæр акуыстон сæрмагонд уацхæссæгæй, фæлæ фыццагау мæ хъуыдытæ баст уыдысты культурæйы хайадимæ. 1965 азы Уырымты Петяйы снысан кодтой газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй, æмæ Хæблиаты Сафар Хъаныхъуаты Вало- дяйæн мæ фæндон бамбарын кодта æмæ йæ зæрдæмæ фæцыди, æндæр мын мæ гæххæттытæ партийы обкомы бюромæ нæ бацæттæ кæнын кодта- ид. Иу цыбыр ныхасæй, уыцы аз декабры мæй æз нысангонд æрцыдтæн хайады сæргълæууæгæй æмæ сæххæст мæ рагон бæллиц. Райдыдтон, мæ зæрдæмæ хæстæг чи уыд, аивад æмæ литературæйы уыцы фарстатыл ку- сын. Куыстам Хъуылаты Черменимæ,^курдиатджын журналист æмæ æвæджиауы хæларзæрдæ адæймагимæ. Йæхицæй æнæмастдæр лæг зын ссарæн уыд. Авд азы бæрц иу уаты фæбадтыстæм æмæ дзы тызмæг ныхас нæ, фæлæ йæ хъæрæй дзургæ дæр никуы фехъуыстон. Уый æмæ кусын куыд уарзта, уый та! Уыцы рæсугъд ставд дамгъæтæй фыст сыфтæ куыд дзаггæнгæ цыд æмæ сæ кæрæдзийы фæстæ иуфарс куыд æвæрдта, уый ма абон дæр мæ цæстытыл уайы. Раст зæгъын хъæуы, ануазын уарзта, фæлæ йын бæрц зыдта. Йæ зæрдæ-иу куы ницæмæуал æхсайдта, уæд-иу сбадти æмæ ма фыссыс æмæ нал! Цыфæнды зын тæлмацгæнæн æрмæг дæр-иу афтæ «æртасын» кодта, æмæ уырыссагау фыст уыд, уый ничиуал раир- тæстаид. Арæх-иу æм æрбауад Бигъуылаты Харитон. Куыд дзурынц, афтæмæй Плиты Иссæйы зарæгæн музыкæ дæр æмæ ныхæстæ дæр уый ныффыста. Разныхас ныффыста Чехойты Сæрæбийы чиныг «Æргом зæрдæ»-йæн дæр. Мыхуыры рацыд 1940 азы. Гъе æмæ уыцы Бигъуылаты Харитон Чермены хæлар уыд, æз дæр æй уый фæрцы базыдтон. Харитон базæронд, цæстæй хорз нал уыдта, фæлæ-иу уæддæр цыппæрæм уæладзыгмæ схызти (уæд «Рæстдзинад», Ленины цыртдзæвæны фарсмæ цы бæстыхай ис, уым уыдис) æмæ-иу йæ хæлары бабæрæг кодта. Кæд-иу æй уым баййæфта, уæд-иу йæ ныхас райдыдта афтæ: 170
Байдайыиц дзурын цыдæртæ, Мастæй фæцæйтоны риу: Нал, дам, ис хорзæй хуыздæртæ, Уодæ Хъуылайы-фырт циу?! Фæлæ-иу Чермен федде ис, зæгъгæ, уæд-иу мæнмæ йæ цæст æрны- къулгæйæ загъта: - Хæрзаг Чермены зæрдæ барухс. — Æмæ куыннæ хъуамæ барухс уа? — бафарстон æй æз.— Ахæм æмдзæвгæ йыл ныффыстай. - Йæ цуры барæй афтæ фæдзурын, æмдзæвгæ бынтон æндæрхуызон у, байхъус-ма: Байдаиынц дзурын цыдæртæ, Мастæй фæцæйтоны риу, Нал, дам, ис зæххыл æвзæртæ, Уодæ Хъуылайы-фырт циу? Уыдон нымæтын ехсæй цæфтæ уыдысты. Кæрæдзийы бирæ уарзтой. Иумæ-иу фæйнæ сыкъайы дæр банызтой. Харитон-иу фылдæр хатт цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодта. Æхца-иу æм куы фæзынд, уæд-иу Чермены æнæрымысгæ нæ фæци. Уайтагъд-иу феддæдуар сты, æмæ та-иу Чермен куыстæввонгæй фæстæмæ фæзылд. Чермен фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, фылдæр фæсномыгæй. Йæ фæсномыг «Чебетти» цы амыдта, уымæй йæ никуы бафарстон, фæлæ-иу йæ чысыл радзырдты бын æдзухдæр ахæм ном бавæрдта. Уæлдай хуыздæр арæхст фельетонтæ фыссынмæ. Раст зæгъын хъæуы, иуæй-иутæм-иу дзы къухбакæнæнтæ дæр фæци. Кæм-иу мыггаджы рæдыд аирвæзт, кæм та- иу зылынджын бынтон азимаг нæ уыд. Æз ма йын иу хатт хъазгæйæ афтæ дæр загътон: «Чермен, нудæс фельетоны ныффыстай æмæ дын дзы ссæдз мæнг рауадысты». Редакцийы хорз æгъдæуттæй иу уыди, кæцы æрмæг цы хайадмæ хауы, уырдæм-иу æй æнæмæнг кæй бахастой, кæннод тæссаг уыди суйтæдзи- над сæвзæрынæй, иу кæнæ иннæ цауæн алыхуызон аргъ скæнынæй. Æз аивад æмæ литературæйы фарстатæн дзуапп кæм лæвæрдтон, уым мæ иуфæрсты фысджыты тыххæй - стæй канд фысджыты нæ - æрмæгæн ацæуæн нæ уыд. Уыцы аз И. С. Тургеневы райгуырдыл сæххæст 150 азы. «Ахуд, æмæ фылдæр фæцæрай» кæй зæрдæмæ нæ фæцыд, бæрнон секретары уыцы хæдивæг (йæ мыггаг ын барæй нæ фыссын, хорз адæй- маг уыд, мæрдты рухсаг уæд! Рухсаг уæнт, рухсаг зæгъын кæмæн æмбæлы, уыдон иууылдæр!) сфæнд кодта цытджын уырыссаг фыссæджы ном æры- мысын æмæ ратæлмац кодта скъуынгæ къæлиндары сыфы чъылдыммæ фыст æрмæг æмæ йæ культурæйы хайадмæ ’рбахаста, фысджыты тыххæй æрмæг хъуамæ сымах бакæсат, зæгъгæ. Бакастæн æй, уæдæ цы уыдаид æмæ йын æй фæстæмæ дæттынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ ма йын йæ сæргондмæ иу хатт фæкомкоммæ дæн: «Российы зарæггæнæг». — Йæ сæргонд ын дзæбæх не ’мбарын,— мæ хъуыды аивæй бамбарын кодтон секретариаты кусæгæн. 171
Раст зæгъын хъæуы, æфсæрмы дæр дзы кодтон, уымæн æмæ кæддæр редакторы хæдивæгæй дæр куыста, стæй мæнæй дзæвгар хистæр уыд, фæлæ æрмæг афтæмæй дæр куыд ауагътаин! — Куыннæ йæ ’мбарыс: «Российы зарæггæнæг». Уæддæр та йæ нæ бамбæрстон æмæ йын йæ оригинал бацагуырдтон. Кæм æй агурын хъæуы, уый нæ зыдтон, æндæр æй æрбахастаин, фæлæ зæронд лæг йæхæдæг ацыд æмæ къæлиндары сыфимæ фæзынд. Æркастæн æм æмæ: «Певец России». Цы бамбарын ма мын хъуыд, тæлмацгæнæг кæм фæрæдыд, уый æмæ йын йе ’цæг тæлмац рафæзмыдтон: «Уæрæсейы зарæггæнæг». Лæджы цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт, сæргонд цалдæр хат- ты ахæм хæххытæ акодта, æмæ дзы иу дамгъæ дæр ничиуал равзæрстаид... Æргом нæ, фæлæ йыл мæхинымæр дæр нæ бахудтæн. Россия Уæрæсе кæй у, уый та куыннæ зыдта, фæлæ адæймаг хаттæй-хатт ахæм уавæры ба- хауы, æмæ уый фæстæ йæхиуыл дис фæкæны, афтæ куыд бакодтон, зæгъгæ. Уæвгæ нæ тæлмацгæнджытæ ноджы диссагдæр «сгуыхтдзинæдтæ» дæр æвдыстой-. Цавæрдæр ерысты тыххæй æрмæг цæттæ кæнгæйæ «Эдуард Гущин из Подмосковья метнул ядро» раивтой, «Эдуард Гущин къори Мæскуыйы бынæй фехста...» Ноджы цъардæр йæ хъуыддаг рауад Руда- кийæн. Уый та кæд стæлмац кодтой Рудактæ. Тæлмацгæнджытæй дзы дыууæйы баййæфтон: Гагкайты Дзибис æмæ Мыстулаты Дзантемыры. Дыууæйæ дæр нымад лæгтæ уыдысты, стæй тæлмац дæр хорз кодтой. Дзибис сæрибардæрæй, Дзантемыр та - офи- циалондæр. Оригиналæй иу къæдзыг дæр æддæмæ нæ хызти. Уæлдæр цы «сгуыхтдзинæдты» кой скодтон, уыдонмæ Дзибис æмæ Дзантемыр ницы бар дардтой, уымæн æмæ бæрнон секретары хæдивæджы къухæй рацы- дысты. Дзибис тæлмацгæнæджы размæ бирæ бæрнон бынæтты куыста. Уыдис республикæйы чингуыты рауагъдады^директор дæр. Йæ худæджы хабæрттæ Ирыстоныл хъуыстгонд уыдысты. Йе ’мдугонтæй сæ чи нæ фехъуыста, ахæм бирæ нæ разындаид. Дыууæ-æртæ хабары дзы æз дæр æрымыс- дзынæн. Фыццаг баст у, чингуыты рауагъдады куы куыста, уыцы рæстæгимæ. Дзургæ та мын æй кодта, йæ фæстæ директорæй кæй сæвæрдтой, уый - Зæнджиаты Дæгка. Дæгка йæхæдæг дæр «Рæстдзи- над»-ы къорд азы бакуыста, уыди республикæйы прокурор... Цæвиттон, Дзибисы йæ куыстæй систой æмæ ма фæстаг хатт йæ кусæн уатмæ ’рбацыди. Цæмæй йæ иннæтæй æнкъардæй мачи æрбаййафа, уый тыххæй æрбацыди раджы, суанг æфснайæгæй дæр раздæр. Йæ гæххæттытæй йæ чи нæ хъуыди, уыдон бырæттæм калдта, иннæтæ иуфарс æвæрдта, мемæ сæ ахæсдзынæн, зæгъгæ. Уалынмæ фæзынди æфснайæг дæр. «Дæ райсом хорз» зæгъыны фæстæ йæм лыстæгдæр куы бакæстытæ кодта, уæд бафиппайдта, лæг йæ чемы кæй нæй, уый æмæ йæ бафарста: — Цæуыл æнкъард дæ, Дзибис Адылджерийы фырт? - æфснайæг сыл- гоймаг уырыссаг уыд æмæ йæм йæ ном æмæ фыды номæй уымæн дзырдта. — Куыннæ уон æнкъард: мæ куыстæй мæ систой... — Уанцон нæу! - фенкъардхуыз сылгоймаг, стæй йæ иучысыл хъусæй алæууыны фæстæ бафарста: — Æмæ дæ бынаты та кæй сæвæрдтой? 172
- Иу сæрхъæны. - Ногæй та сæрхъæны?.. Дыккаг хабарæн та мæхæдæг уыдтæн æвдисæн. Уæдæй нырмæ дыу- уиссæдз азæй фылдæр рацыд. 1963 азы писмоты хайады кусæг Цъæхилты Женяйыл сæххæст дæс æмæ дыууиссæдз азы æмæ нæ æнæхъæн редак- цийæ Черменыхъæумæ ахуыдта. Уым ын йе ’фсымæр Бимболат нæртон куывд скодта, æмæ йæ фæдыл æмгуыппæй ацыдыстæм. Фынгтæ бæркадæй дæлæмæ тасыдысты. Хистæрæн бадти Зæнджиаты Дæгка - уæд «Рæстдзинад»-ы нал куыста, фæлæ редакциимæ хæларæй цæргæйæ баззади. Æртыккаг хистæрæн чи бадти, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ дыккаг хистæр уыди Дзибис. Цал æмæ цал гаджидауы рауагътаид Дæгка, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ бадт кæронмæ фæцæйхæццæ кодта. Иу афон хистæр Дзибисмæ йæхи байвæзта æмæ йын йæ хъусы цыдæртæ адзырдта. Дзибис, цы йын дзырдта, уый куы бамбæрста, уæд йæ сæр бæрзонд систа æмæ йæ æппæт фынг дæр куыд хъуыстаид, афтæ дæлæмæ рахъæр кодта: - Хватай, ребята, сейчас за барачет будем пить! — ома ныртæккæ бæркады сидт уыдзæн æмæ ма уæ кæмæн цæмæ йæ зæрдæ ’хсайы, ууыл ма бацауæрдæд... Хетæгкаты Дауыт, зындгонд кадæг «Гоцъи» æмæ къорд æндæр зæр- дæмæдзæугæ уацмысы автор кæдыккон уыди, фæлæ ма йæ æз æрæй- йæфтон. Инженеры дæсныйадыл сахуыр кодта æмæ бирæ рæстæг Ирыс- тонæй иппæрд уыди. Мæнмæ гæсгæ, йæ райгуырæн бæстæ бацагуырдта, бынтон куы ’рзæронд, уæд. Цæргæ та чысыл нæ фæкодта. Цыппарыссæдз азæй йыл фылдæр цыд, афтæ йæ къорд хатты фендтытæ кодтон. Къæс- хуырæй хъуаг нæ уыд, фæлæ — тынг бæрзонд. Гъе æмæ йын йæ уыцы миниуæг Дзибис æнæбафиппайгæ куыд хъуамæ фæуыдаид, фæлæ Дауыт даргъ уыди зæгъыны диссагæй ницы уыдта. Афтæ куы загътаид, уæд дис- саг кæй никæмæ фæкастаид, уый тыххæй æмæ та ацы ран дæр спайда кодта йæ цыргъзонд æмæ къæрцхъусдзинадæй. Цалдæрæй иумæ йæ ку- сæнуаты бадтыстæм (уæд Гагкайы-фырт бадти Сабырдзинады проспекты, 25 хæдзары, Афицерты хæдзары уæллаг фарс цы стыр бæстыхай ис, уым, цыппæрæм уæладзыджы) æмæ ныхас ныхасы къахгæ Хетæгкаты Дауытмæ бахæццæ стæм. Дзибис уый айхъуыста, цы, æваст йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, йе ’фсæйнаг дæндæгтæ ферттывтой - уыдон та-иу разындыс- ты, йæ мидбылты-иу куы бахудт æмæ исты худæджы хабар радзурынвæнд куы кодта, уæд - æмæ дзурын райдыдта: - Айфыццаг дæр мæнæ ам, рудзынджы цур бадтæн æмæ, телетайпæй æрмæг кæд æрбадæтдзысты, уымæ æнхъæлмæ кастæн. Уалынмæ дын Хетæгкаты Дауыт рудзынгæй йæ сæр куы ’рбадарид æмæ дын мæм, дæ бон хорз, зæгъгæ, куы ’рбадзурид... Уынгты ’рцæйцæугæйæ йæ сæр цыппæрæм уæладзыджы рудзынгæй чи ’рбадардта, уыцы лæг цæй дæргъæн уыдаид, уый цæстытыл ауайын кæнынæн хуыздæр абарæн исчи ссардтаид, уый мæ нæ уырны. Дзибисы хабæрттæ дардыл дзуринаг сты. Сæ иу хай сын йæ хуыздæр хæлæрттæй иу — Дзугаты Барис æрæмбырд кодта æмæ йæ мыхуыр 173
кæнынмæ радта, фæлæ рауагъдады дзæвгар рæстæг æнæзмæлгæйæ фæлæу- уыд. Сæйраг редакторæй дзы Мамсыраты Мурат кусын куы райдыдта, уæд сæ мыхуырмæ бацæттæ кодта, æмæ 1992 азы чысыл чиныгæй рацы- дысты, «Дзибисы загъдау», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Хъуыды ма йæ кæнын, кæддæр нæхи телеуынынадæй Дзибисы тыххæй уыдис сæрмагонд бакаст. Йæ мысинæгтæ радзурынмæ фæдзырдтой Дзу- гаты Барисмæ дæр. Мингай телевизормæкæсджытæ æвдисæн уыдысты, цыппар æнæкæрон даргъ азы дæргъы хæсты фæздæгæмбæрзт фæндæгтыл чи фæцыд, йæ хæстон хæрзиуджытæ йæ риуыл кæмæн нæ цыдысты, уыцы тохвæлтæрд лæг йæ иузæрдион æмбалы тыххæй дзургæйæ ставд цæссыг куыд калдта, уымæн. Æмгаруарзон уыд Дзибис. Йæ дзыппы сом куы зыдтаид, уæд дæр æй хъыгдаргæ кодта. Искæимæ къæбæр бахæрынæй хуыздæр æм ницы каст. Кæрдзындæттондæр йæхицæй зын ссарæн уыд. Хъыгагæн, йæ цард зæрдæзæгъгæ хорз нæ рауад. Иуæй, бинонты хъуыддаг нæ бакодта, иннæмæй, йæ мад Залиханы иунæгæй ныууагъта, фæлæ та, «Рæстдзи- над» цы у, уый ам дæр равдыста. Æнæхъæн коллективæй æрæмбырд стæм æмæ бауынаффæ кодтам Залиханæн нæ иумæйаг æхцатæй пенси фидын. Цалынмæ зæронд ус æгас уыд, уæдмæ йын уыцы пенси алы мæй дæр фæхастам. Дзибисимæ иу къуындæг уаты бадтис Мыстулаты Дзантемыр. «Рæстдзи- над»-мæ кусынмæ æрбацыд хæстæй бирæ раздæр хæрзæрыгон лæппуйæ æмæ дзы фæкуыста йæ амæлæты бонмæ. Йæ «Фæллойадон чиныджы» уыдис æрмæстдæр иунæг фыст. Диссаджы ахуыргонд уыдис Дзантемыр. Дæс къласы фæци æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ, институты кæй нæ ахуыр кодта, уый бæлвырд у. Цыбыр дзырдæй, иу диплом дæр æм нæ уыди, фæлæ цалдæр дипломджынæй иуæй дæр дæлдæр не ’рлæууыдаид. Цавæрфæнды фарстайы тыххæй йæм куы бацыдаис, уæддæр нæ фæфæсмон кодтаис, уымæн æмæ бирæ зыдта. Бирæ бакаст, бирæ федта. Уыимæ уыдис тынг хæдæфсарм. Дзæвгар рæстæг афтæ ’нхъæлдтон, цыма тæлмац кæныны номыл йеддæмæ йæ къухмæ фыссæнгарз никуы райста, фæлæ фæрæдыдтæн. Иу хатт рæуджыты низтæ дзæбæхгæнæг диспансеры сæйраг дохтыры галиу миты тыххæй ахæм фельетон ныффыста, æмæ йæ цыргъ æвзаг æмæ аивадон мадзæлттæй дисы бафтыдта, бирæ фельетонтæ чи ныффыста æмæ журналистикæйы уыцы жанры тыхджындæрыл нымад чи уыд, суанг уыдоны дæр. Драмон уацмыстæ кæй фыста, уый та йæ мæлæтмæ æввахс базыдтон. Уыцы рæстæг æз куыстон республикæйы телеуынынад æмæ радиохъу- сынады комитеты сæрдары хæдивæгæй. Æнæнхъæлæджы Дзантемырыл амбæлдтæн æмæ нæм цæмæдæр гæсгæ театры кой рауади. Кæддæр сын пьесæ кæй ныффыста æмæ йын æй кæй нæ сæвæрдтой, уый дæр мын уæд радзырдта. Мæхинымæр дисы бацыдтæн, кæд æцæгæйдæр йæ пьесæ те- атры уыдис, уæд ацал-ауал азы йæ кой куыннæ райхъуысти, зæгъгæ. - Фенын-ма мын æй кæн,- æрхатыдтон Дзантемырмæ. - Цы ма йæ уыныс? - йæ къух мыл ауыгъта.- Уыдон раджыйы хабæрттæ сты... 174
Нæ йæ фæндыд кæддæры зæрдæриссæн цаутæ мысын, фæлæ йæм æз дæр хъæддых фæлæууыдтæн æмæ æппынфæстаг сразы пьесæ æрбахæссы- ныл. Куыддæр мæм æй радта, афтæ йæ кæсыныл æрбадтæн. Раст зæгъын хъæуы, кæмдæр ме уæнджы мигъ бадти, тарстæн, театры йын цы аргъ скодтой, уый раст куы рауайа æмæ йын мæ бон баххуыс кæнын куы нæ бауа, уымæй. Цыбыр дзырдæй, кæд æй кæсын райдыдтон, уæддæр тынг дызæрдыггæнгæйæ. Мæ амондæн, пьесæйы архайды цас арфдæр ны- гъуылдтæн, уыйбæрц къаддæр кодта мæ тас æмæ дзы кæронмæ фæд дæр нал аззад. Сценæйы куыд сфидыдтаид, уымæн мæхи уыйас дæсны нæ хуыд- тон, фæлæ, куыд литературон уацмыс, афтæ мæ зæрдæмæ фæцыди. Уыдис дзы драмон бындур, бæлвырд сурæттæ, царды æцæгдзинад. Ба- кæсын æй кодтон нæ кусджытæй цалдæрæн, равдыстон æй, театр æмæ драматурги мæнæй хуыздæр чи зыдта, ахæм адæммæ дæр æмæ иууылдæр мæ хъуыдыимæ сразы сты. Театр æй цæуыннæ сæвæрдта, уый нæ зо- нын, фæлæ йæ кæй нæ сæвæрдта, ууыл абон дæр дис кæнын, уымæн æмæ йæм уазал цæстæй ракæсынæн ницы æфсон уыд. Мах дзы радио- спектакль сарæзтам. Сæйраг рольтæ ахъазын бахæс кодтам Саламты Къо- ла, Сланты Къоста, Икъаты Мæирбег, Цырыхаты Розæ, Дзуццаты Райæ æмæ театры иннæ зындгонд артисттæн. Абон дæр ма Мыстулаты Дзанте- мыры пьесæмæ гæсгæ арæзт спектакль «Сибойы рæдыд» рæстæгæй- рæстæгмæ райхъуысы Цæгат Ирыстоны радиойæ. Чысыл уæлдæр Цъæхилты Женяйы кой ракодтон. Уый дæр Дзанте- мыры хуызæн йæ царды бонтæ «Рæстдзинад»-æн снывонд кодта. Писмо- ты хайады хуымæтæджы кусæг уыдис, фæлæ мæ бирæ цæуылдæрты са- хуыр кодта. Алкæмæй дæр домдта æгъдау æмæ фæтк. Дæ зонгæ уа, де ’нæзонгæ уа - йæ уацхъуыд дæм æрбахаста, уæд æй хъуамæ æппæты фыццаг регистраци скодтаис. Стæй дзы хъуамæ æнæмæнг бынæй дæ къух бафыс- таис, дæ бæлвырд адрис æмæ дзы дæхи тыххæй хъуамæ хъæугæ бæрæггæнæнтæ уыдаид, кæннод дын æй Женя регистраци не скодтаид. Цыфæнды чысыл уацхъуыд куы фæзындаид мыхуыры, уæддæр хъуамæ архивы йæ фæд баззадаид. Информаци суанг телефонæй куы райстаис, уæд дæр. Ахæм фæткыл хæст уыд Женя æмæ йе ’ххæст кæнын домдта канд хуымæтæг кусджытæй нæ, фæлæ суанг редакторæй дæр. Куысты цæйбæрц карз уыд, уыйбæрц фæлмæнзæрдæ уыд царды. Горæты кæрон ын цæхæрадон уыд, æмæ йæ уæгъд рæстæг фылдæр уым æрвыста. Фæллад- уадзæн боны фæстæ-иу йæ цæхæрадоны хуынтæ уаргæ кабинеттыл ра- цыд. Кæмæн-иу кæрдо йе стъолыл авæрдта, кæмæн - фæткъуы. Махæн нæ кусæн уæттæ фæрсæй-фæрстæм уыдысты æмæ æппæты хуыздæр хæйттæ мæнмæ хаудысты. Женяйы дæр бинонты цардæй амонд нæ фæци. Йе ’ппæт хъарутæ дæр йе ’фсымæрты цоты хъомыладæн радта. Мой кæй не скодта, уыцы кой- иу куы рацыди, уæд-иу йæ мидбылты бахудгæйæ загъта: - Мæнæн уыцы хъуыддаг мæ зæрды кæрон дæр никуы уыд. Мой куы кодтаин, уæд мын Дафа та кæдæм ирвæзт? Хъесаты Дафаимæ цæрæнбонты иу уаты æмæ иу хайады фæкуыстой æмæ-иу уый кой уымæн скодта. 175
Иннæтæн нæ зонын, фæлæ «Рæстдзинад»-ы æз иу ахæм хабарыл фæдис кодтон: фылдæр сылгоймæгтæ мойгонд нæ уыдысты, лæппутæ та бинон- ты хъуыддагмæ се ’ргом не здæхтой. Уымæн бирæ æвдисæнтæ ис, фæлæ мæ бæлвырддзинæдтæ æргом кæнын нæ фæнды. Кæддæр хъазгæйæ нæ редакци мæрдты бæстæимæ дæр абарстон, уым дæр, зæгъын, чызг чын- дзы нæ цæуы, лæппу ус нæ куры. Æвзæр йæхицæй дæнцæг фæхæссы, æмæ мын мæхи кой æнæракæнгæ нæй. «Рæстдзинад»-мæ кусынмæ усгур лæппуйæ æрбацыдтæн æмæ дзы иуæндæс азы æмæ æрдæг бакусыны фæстæ æндæр куыстмæ дæр усгур лæппуйæ ацыдтæн. «Молодой коммунист»-ы дыууæ азы куы бакуыстон, æрмæстдæр мын уæд бантысти - уæ фарн бирæ уæд! - бинонты хъуыддаг бакæнын. Уый дæр - тыххæй-фыдæй. Уым кусгæйæ куы баззадаин, уæд хабæрттæ куыд ацыдаиккой, уый Хуы- цау йеддæмæ чи зоны... Хъазт хъазт у, фæлæ «Рæстдзинад»-ы кусджытæй чындзы чи нæ ацыди æмæ ус чи нæ ракуырдта, уыдоны нымæц къордæй фылдæр уыд, афтæмæй та дзы файсвæд кæй æрæвæрдтаис, ахæм иу дæр нæ уыди. Уæвгæ йæ амонд чи нæ ссары - уæлдайдæр сылгоймæгтæй - уыцы чызджытæ се ’мбæлттæй дæлдæр нæ, фæлæ фылдæр хатт уæлдæр фæлæууынц. Дзабо- латы Хазбийы загъдау, рæсугъддæр æмæ хæрзаддæр фæткъуытæ бæрзонд- дæр къалиутыл æрзайынц æмæ сæм кæй нæ феххæссынц, æнæтындæй уымæн баззайынц... О, æмæ Женяйы кой кодтон. Мой кæныны тыххæй-иу æндæрхуызон ныхæстæ куы загъта, ахæм рæстæджытæ дæр скодта. Уæд-иу йæ дзуапп уайдзæфæмхæццæ уыди. Æргом дзурын уарзта, кæйдæртау йæ дур бæмбæджы нæ тыхта æмæ-иу йе ’мкусджытæн комкоммæ ныкъкъæрцц ласта: - Сымах лæгтæ куы уыдаиккат, уæд уе ’хсæн бадгæйæ нæ баззадаин. Цъæхилон диссаджы бæркадкъух уыди. Иуæй-иутæ афтæ нæ фæзæгъынц, чысыл бакуысты бирæ бæркад нæй, зæгъгæ? Ис чысыл ба- куысты бирæ бæркад. Женя редакцийы кæцыфæнды кусæгæй дæр æппын- къаддæр дыууæ-æртæ хатты чысылдæр мызд иста, фæлæ йæ махæй бирæ- ты хуызæн мæйы кæрон æнæхцайæ никуы ’рæййæфта. Уый нæ, фæлæ- иу æфстаугур уымæ цыдыстæм æмæ-иу нын нæ тыхст кæд нæ сарæзта, ахæм цау нæ хъуыды кæнын. Цыфæндыйæ дæр рæстæг тынг тагъд цæуы. «Рæстдзинад»-ы дыууиссæдз азы бон куы бæрæг кодтам, уый ма абоны хуызæн хъуыды кæнын, афтæмæй ма уæдæй нырмæ ноджыдæр дыууиссæдз азæй фылдæр рауад. Уæд æппæт коллективæй дæр иумæ нæ хуыз систам æмæ уыцы къаммæ ’ркæсгæйæ цал æмæ цал цауы ’рымысын, цал æмæ цал фæлгонцы ауайы мæ цæстыл! Уыцы-иу рæстæг зæрдæ йæхи къултыл ныххойы, сæ фылдæр се ’нусон фæндагыл кæй ацыдысты, ууыл куы ахъуыды кæнын, уæд. Чи раздæр, чи - фæстæдæр. Чи - бынтон æнафон, чи - иуцасдæр ацард, афтæмæй. Æппæты тынгдæр мын мæ зæрдæ чи сæнкъуысын кодта, уыдонæй иу уыд Гагкайты Дзибис. Куы амарди, уæд некролог иумæ ныффыссыныл ацархайдтам, фæлæ нын ницы æнтысти. Æвæццæгæн æй æгæр хорз кæй 176
зыдтам æмæ æнамонд хабар æнæнхъæлæджы кæй æрцыд - Гагкайы-фырт рынчын бирæ рæстæг нæ фæци - уый тыххæй. Æз æмбæлтты къордæй фæхицæн дæн æмæ, хæрзцыбыр рæстæг мæ кусæн уаты афæстиат уæвы- ны фæстæ, иууылдæр кæм уыдысты, уырдæм æрбацыдтæн æмæ сæ, цы ныффыстон, уыимæ базонгæ кодтон. Иууылдæр йемæ сразы сты æмæ дыккаг бон, 1966 азы 1 мартъийы «Рæстдзинад»-ы æмбæлтты къорды номæй мыхуыргонд æрцыд ахæм некролог: «Амард Гагкайты Адылджерийы фырт Дзибис. Нал ис нæ хуыздæр, нæ иузæрдиондæр æмбæлттæй иу. Æгъатыр мæлæт не ’хсæнæй цæрын- хъуагæй айста сыгъдæгзæрдæ коммунист, арæхстджын журналист æмæ цардбæллон адæймаджы. Гагкайты Дзибис райгуырд 1910 азы Хъæдгæроны. Суанг йе ’взонг бонтæй фæстæмæ уый йæхи сбаста ног цардаразджытимæ. 1929 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Ленинграды хъæууонхæдзарадон институты рабфакмæ æмæ йæ каст фæци 1932 азы. Уый фæстæ уыд ахуыргæнæг, Хуссар Иры- стоны газет «Коммунист»-ы редакцийы кусæг, Цæгат Ирыстоны главли- ты сæргълæууæг, Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдады директор. Гагкайты Дзибис бирæ бакуыста ирон советон мыхуыры рæзтыл. Ссæдз азæй фылдæр Гагкайты Дзибис куыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы. Æмæ кæмфæнды дæр йæхи æвдыста хъæппæрисджынæй. Йæ уæздандзинады тыххæй йын æмбæлтты æхсæн уыди стыр кад æмæ æгъдау. Хистæртимæ хистæр кæй уыд, кæстæртимæ та — кæстæр, уый тыххæй йын йе ’мбæлттæ кодтой уæлдай стыр аргъ. Адæймаджы уырнгæ дæр нæ кæны, Дзибис не ’хсæн нал ис, уый. Зын у, тынг зын, Дзибис, дæуæн фæндараст зæгъын. Кæд мах æхсæнæй фæцæуыс, уæддæр дæ рухс ном баззайдзæн æнусмæ, фæстаг боны онг кæимæ куыстай, уыдоны зæрдæты. Фæндараст, нæ иузæрдион хæлар, нæ уарзон Дзибис!» Куы зæгъын, «Рæстдзинад»-ы кусын кæимæ райдыдтон, уыдоны рæнхъытæ бынтон æртæнæг сты. Æртæ азæй фылдæры размæ ма иуцалдæрæй нæ хуыз иумæ дæр систам æмæ уыдонæй дæр æртæйæ - Дзугаты Барис, Тыджыты Юрий æмæ Хæблиаты Сафарæй — бавдæлон стæм. Тынг сыл фæмаст кодтон. Мæ зæрдæйы хъыг газеты фæрстыл дæр загътон. 2001 азы 23 ноябры «Рæстдзинад»-ы уынгæгзæрдæйæ фыстон: «Нал и Дзугаты Барис... Йæ кусынæй банцад, дæсгай азты дæргъы газет «Рæстдзинад»-æн йæ астæуккаг цæджындз чи уыд, журналистты бирæ фæлтæртæ сæ куырыхон зондамонæг кæй хуыдтой, сæ хорз æмбалыл кæй нымадтой, алы хъуыддаджы дæр фæзминагæй кæй зыдтой, Дзугаты уыцы Барисы цардбæллон, æнæхин, хæлар, хъæлдзæг æмæ цинæфсæст зæрдæ. Царды фæткæн бауромæн нæй, мæлæтæн йæ хæстæ æнæххæстгæнгæ куыд нæй, афтæ. Чи райгуырд, уыдонæй уæлæуыл ничима баззад. Алкæй рай- гуырд дæр æхсызгондзинад æрхæссы, уымæн æмæ æрыгон сылгоймаг æмæ нæлгоймагæй мад æмæ фыд саразы, канд бинонты нымæц нæ фæфылдæр кæны, фæлæ ма бафтауы æгас дунейы цæрджыты нымæцыл дæр. Алкæй мæлæт дæр æнæмæнг искæй зæрдæ фæриссын кæны. Иутыл къаддæр хъыггæнджытæ вæййы, иннæтыл - фылдæр. Иуты хъæубæсты 12 Дзасохты М. 177
зианыл фæнымайынц, иннæты - комбæсты, æртыккæгты - æппæт Ирыс- тоны. Афтæ мæм кæсы, æмæ Дзугаты Барис æппæт Ирыстоны зиан у, уымæн æмæ йæ чи зыдта — зонгæ та йæ тынг бирæ адæм кодта — уыдонæй йæ мæлæты хабармæ кæй зæрдæ нæ ныккæрздзæн, иу ахæм адæймаг ра- зына, уый æнхъæл нæ дæн, уымæн æмæ Барис кæимæ ’цард æмæ куыс- та, кæимæ æмбæлд, æххуысмæ йæм чи дзырдта, уыдонæй иуæн дæр хорз йеддæмæ æвзæр нæ фæци. Искæй тыхстмæ æцæгæлон цæстæй никуы акаст, йæ зонындзинæдтæ никуы никæмæн бавгъау кодта. Барисимæ æз дæр бирæ азтæ фæкуыстон, æмæ йыл мæ зæрдæ никуы ницæмæй фæхудт, гадзрахатдзинадæй йыл никуы фæгуырысхо дæн, хиндзинадæй йæм ни- куы ницы раиртæстон, козбау митæгæнгæ йæ никуы федтон, цæстмæхъус ныхас никуы загъта, кадмæбæллæгæй йæ мæ цæстытыл ауайын кæнын дæр мæ бон никуы баци. Кæннод куыд уæздан æмæ хæдæфсарм уыди, уый та! Хæрзæрыгон лæппуйæ хæсты тымыгъы смидæг æмæ дзы йæ райдайæнæй йæ кæронмæ хъæбатырæй фæхæцыд. Уыйбæрц хæрзиуджытæ райста, æмæ сæ къорд лæджы риуыл куы ’рцауыгътаис, уæддæр дзы алчидæр хъæбатырæй ра- зындаид, фæлæ сæ Барис йæхи риуыл дæр никуы бакодта. Йæ хæстон æмбæлттæй æфсæрмы кодта, тохы быдырæй чи нал сыздæхт, йæ уыцы хæстон æмбæлттæй... Ацы рæнхъытæ фысгæйæ мæ цæссыгтæ бауромын мæ бон нæу, мæ рустыл згъорынц æмæ згъорынц... Бирæ цыдæртæ ма мæ зæгъын фæнды Барисы тыххæй, фæлæ сæ æндæр хатмæ уадзæм. Ныр та уал Барисæн фæстаг фæндараст зæгъын, стæй канд фæндараст нæ, фæлæ бузныг дæр. Бузныг, бирæ цæуылдæртыл дыл кæй сахуыр дæн æмæ дæ бирæ хорз- дзинæдтæ кæй зонын, уый тыххæй! Бузныг дæ сыгъдæг зæрдæйæ, дæ цæстуарзондзинадæй, дæ лæгдзинадæй! Табу Хуыцауæн, дæуимæ кæй базонгæ дæн, иумæ кæй бакуыстам, цæхх æмæ къæбæр кæй бахордтам! Ноджыдæр ма иу хатт: фæндараст! Дæ бынат дзæнæты кæй уыдзæн, ууыл æууæндын, уымæн æмæ дзы дæ хуызæттæ куы нæ уа, уæд афтидæй баззайдзæн». Тыджыты Юрийы ныгæнæн бон - 2002 азы 2 июлы - та мæ хъыг равдыстон ахæм ныхæстæй: «Мæ зæрдæ суынгæг, афтæмæй фыссын мæ уды рис æмæ хъыг. Кæлынц мæ цæссыгтæ, уымæн æмæ, кæм уыдысты, уым лæууын сæ бон нал баци. Зæрдæйы рис уæйыджы цæст дæр нæ уромы, нæ йын фæразы цыфæнды тыхджын адæймаг дæр. Тыджыты Юрий амард, зæгъгæ, куы фехъуыстон, уæд мыл цыма цыдæр маргхъæстæ фат суад, афтæ фæдæн, мæ зæрдæ мын афтæ фæрæхуыстæ- уыд, æмæ дыз-дызгæнгæ æппæт буарыл дæр апырх... Кæуын, уымæн æмæ мæхи æндæрхуызон дарын мæ бон нæу. Мæ цæссыг згъæлы, мæ цæстуарзон хистæр, мæ иузæрдион æмбал, мæ сыгъдæгзæрдæ зондамонæг мæ фарсмæ кæй никуыуал æрбалæудзæн, йæ хъазæн ныхас ын кæй никуыуал фехъусдзынæн, уый тыххæй. Йæ кусынæй банцад, æхсæвæй-бонæй æнцой чи нæ зыдта, йæ хъарм адæмыл тауынæй чи нæ фæллад, Тыджыты Юрийы уыцы парахат æмæ æнæхæрам зæрдæ... 178
Уыцы зæрдæйæ кæд искæмæн дзаджджын хай уыд, уæд уыдоны ном- хыгъдмæ æз дæр хаудтæн... Аст æмæ дыууиссæдз азы размæ базонгæ стæм Юриимæ нæхимæ, Бæрæгъуыны. Бæгъиаты Хъазыбег (рухсаг уæд!) уæды дæсæмкъласоны, ома, мæн бахуыдта йæ хæлар, йе ’мкурсон Тыджыйы-фыртмæ æмæ йын загъта, ацы лæппу йæ тыхтæ литературæйы фæлвары æмæ йын баххуыс кæн, зæгъгæ. Æмæ мын баххуыс кодта. Йæ къух мæм æрбадардта æмæ мæ рахуыдта, фæстæдæр мæ царды сæйрагдæр чи сси, уыцы фæндагмæ. Цин кодта мæ алы æнтыстыл, хуры æрбакастау ын уыдис мæ алы ног чиныджы фæзынд дæр. Бирæтыл дзы фысгæ дæр кодта, цæстуарзон ныхас-иу загъта мæ уацмысты тыххæй. Стæй канд мæхи фыстыты тыххæй нæ, фæлæ мæ тæлмацты тыххæй дæр. Зæрдæбын арфæтæ дзы фехъуыс- тон, Омар Хайямы рубаитæ куы раивтон, уæд, стыр æхсызгондзинад ын хастой Шекспиры сонеттæ (уыдон дæр мæ тæлмацæй). Бирæ хорздзинæдтæ зонын Юрийæ. Стæй канд æз нæ. Афтæ зæгъын йæ бон у ирон фысджыты астæуккаг фæлтæрæй ноджыдæр ма иуцалдæрæн, уымæн æмæ сын Тыджыйы-фырт, сæ фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ, хорз æнцой фæлæууыд, йæ ныфсы ныхасæй сæ сразæнгард кодта зын, фæлæ арфæйаг фæндагыл ацæуынмæ. Æнцон нæ уыд йæхи фæндаг дæр. Фаг рæвдыдæй нæ цæуы йе ’цæг дунемæ, фæлæ йын Барастыры цæст фылдæр бауарзæд, хæрзудты æхсæн уæд йæ бынат! Фæндараст фæу, Юрий! Цы мæрдтæм цæуыс, уыцы мæрдты хорзæх дæ уæд! Хæрзаудæн кæн дæ Ирыстоныл, дæ уарзон адæмыл, дæ хионтæ, хæлæрттæ æмæ зонгæтыл!» Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Стæй канд фарн нæ, фæлæ маст æмæ хъыг дæр. Уæвгæ уымæн æнæ афтæ уæвгæ дæр нæй. Цин æмæ маст æфсымæртæ сты. Æфсымæртæн та, кæд иу ныййарæг уыд, уæддæр хъулæттæ мады гуыбыны дæр вæййы. Цин æмæ масты æхсæн цæйбæрц хицæндзинæдтæ ис, уый тыххæй та дзурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ сæ кæд исты иу кæны, уæд цæссыгтæ. Æрмæст уыцы цæссыгтæ дæр алы- хуызæттæ вæййынц. Иутæ дзы райгуырынц цинæй, иннæтæ - хъыгæй. Гъе æмæ Юрийы æнафоны мард цы цæссыгтæ равзæрын кодтой, уыдо- ныл афæдзы æмбис дæр нæма рацыд, афтæ та не ’хсæнæй фæхъуыд Хæбли- аты Сафар, «Рæстдзинад»-ы иу рæстæджы кусын кæимæ райдыдтон æмæ бирæ рæстæджыты æфсымæры цард кæимæ фæкодтон, уыцы æнæхин æмæ иузæрдион æмгар. Уæвгæ бирæ рæстæджыты зæгъын бынтон раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ нæ хæлардзинад райдайæг нæхæдæг уыдыстæм, кæрон та йын мæлæт скодта. Ногæй та мæ бахъуыд цæссыгæмхæццæ рæнхъытæ фыссын. 2003 азы 8 февралы, Сафары ныгæнæн бон, «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд æрцыд мæ тæфæрфæс: «Рæстдзинад зæгъынæй нæ тарсти»: «Адæймагæн бирæ хæлæрттæ куы уа, уæд уый хорз у. Фæлæ, хъы- гагæн, хорз хæлæрттæ бирæ нæ вæййы. Хæблиаты Сафар уыди мæ хорз хæлар, мæ иузæрдион æмбал æмæ мæ уыцы иузæрдион æмбалæй бавдæ- лон дæн. Дысон æмбисæхсæв бонырдæм йæ уд уæлæрвтæм атахт, дыу- 179
уиссæдз азæй фылдæр цæхх æмæ кæрдзын кæимæ фæхордтон, мæ зæрдæхудты иу хатт дæр чи никуы бацыд, мæ циндзинад æхсызгон кæмæн уыд, мæ мастæй йæхи æнæхай чи никуы ныууагъта, уыцы Сафарæн... Кæддæр-иу искæй хæдзардарæг куы амард, уæд-иу ыл афтæ хъарæг кодтой: «Уымæн йæ цæвæг уæлкъæсæр ауыгъдæй баззад,,.» Сафарæн йæ цæвæг уыд йæ фыссæн сис. Бирæ зæрдæмæдзæугæ уацмыстæ дзы сфæлдыс- та, бирæ фæндтæ ма йæм уыдис, фæлæ йын æрдæгкондæй баззадысты. Йæ дæс æмæ æртиссæдз азы йын хъуамæ сбæрæг кодтаиккам авд къуы- рийы фæстæ - 27 мартъийы, фæлæ йын æгъатыр низ уæдмæ фæцæрыны фадат дæр нал радта. Мах, йæ иузæрдион хæлæрттæ, зыдтам, Сафар бирæйы фаг кæй нал у, уый, фæлæ йæ цуры нæхи хъæлдзæг дардтам. Архайдтам йæ зæрдæ йын истæмæй барухс кæныныл. Æмæ фылдæр хæтты- ты уый нæ къухы æфтгæ дæр кодта. Кæд уæззау рынчын уыд, уæддæр йæ тыхст æддæмæ никуы равдыста, æнæныфс ныхас дзы никуы сирвæзт. Уый нæ, фæлæ ма йæ бинонтæн зæрдæтæ дæр æвæрдта: фæцу ’мæ ’мар- цуйы фæндагыл кæй æрлæууыд, уый æмбæрста æмæ йæ цардæмбал Лидæйæн, йæ кæстæртæн фæдзæхста, ма-иу фæтæрсут, зæгъгæ... Сафар фыдæбонджын адæймаг уыд. Цалдæр æмæ ссæдз азы уæхск- уæзæй фæкуыста газет «Рæстдзинад»-ы. Уый фæстæ дæр йæхиуыл ни- куы æмæ ницæмæй бацауæрста. Æнæкæрон бирæ уарзта æмæ, зæгъæн куыд нæй, афтæ æнувыд уыд йæ райгуырæн хъæу Зилгæйыл. Куыддæр ын-иу фадат фæци, афтæ-иу йæ дзаумæттæ амбырд кодта æмæ та-иу æфсæнвæндаджы вагзалмæ фæраст. Уарзта йæ хъæу, уымæй ноджы фылдæр та - йæ хъæуккæгты. Уыйбæрц азтæ æмудæй фæцардыстæм, æмæ йын йæ фарсмæ æвзæр адæймаг никуы федтон, рафауинаг лæгимæ мæ никуы базонгæ кодта, æдзухдæр ын йæ цуры уыдтон, адæймаг тæссаг фæндагыл ацæуынмæ кæимæ нæ базивæг кодтаид, ахæм лæппуты. Хæблиаты мыггагæн сæ бон сæрыстыр уæвын у, се ’хсæн ахæм адæймаг кæй равзæрд æмæ фæцард, уымæй. Кæд исчи æргомдзырд уыди, рæстдзи- над зæгъынæй нæ тарсти - суанг цыфæнды стыр хицауы раз дæр - уæд уый уыди Сафар. Кæннод адæмимæ цæрынмæ куыд дæсны уыди, уый та! Цымæ ацы дунейы исчи афтæ зæгъдзæн, Хæблиаты Сафар мæ бафхæрдта, æнæраст хъуыддаг бакодта, искæй цæсты бафтыдта? Мæнмæ гæсгæ, нæй ахæм адæймаг. Лæгæй фæцардтæ, Сафар, æмæ лæгдæрты æхсæн дæ бынат цы уа, ахæм арфæ дын Барастыр ракæнæд! Зын у дæуæн фæндараст зæгъын, фæлæ дын нæ бон æндæр ницыуал у æмæ нын уый та хатыр бакæн. Рухсаг у!..» Æхсайæм азты райдайæны, мæ нымадмæ гæсгæ, редакцийы куыста æдæппæтæй фараст æмæ дыууиссæдз адæймаджы, æмæ дзы абон цардæ- гас дæс дæр нал у. Иннæтæ кæрæдзийы фæдыл мæрдтæм бацыдысты. Иу хатт ма сын ноджыдæр рухсаг зæгъын - мард, дам, «рухсаг» зæгъынæй не ’фсæды. Цы мæрдты сты, уыцы мæрдты хорзæх сæ уæд! Сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыдоныл цардаудæн кæнæнт. Цалынмæ, дам, мардæн рухсаг зæгъæг уа, уæдмæ мæрдтыл нымад нæу. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ, цалынмæ семæ чи куыста, уыдон æгас уой, уæдмæ сæ ном рох нæ уыдзæн. Нæ алчи дæр сæ мысдзæн, сæ ном сын ардзæн... 180
Редакцийы кусын куы райдыдтон, уæд дзы, мæнмæ гæсгæ, æппæты фыццаг амард Хуымарты Хъамболат. Уыцы æнамонд хабар æрцыди, афæдз дæр æххæст нæма акуыстон, афтæ. Мæ нымадмæ гæсгæ, æнæхъæн ре- дакцийы дæр уымæй хистæр нæ уыди. Хæрзæрæджы куыд базыдтон, афтæмæй - нæ рæдыдтæн. Рæдигæ кодтон, дæс æмæ йæ æртиссæдзаз- дзыдæй хистæр кæй æнхъæлдтон, уымæй, уымæн æмæ йыл, куы амард, уæд æвддæс æмæ дыууиссæдз азы йеддæмæ нæ цыд. Уый бынтон æрæджиау йæ фырт Аслæнбегæй базыдтон. Уый мын куыд радзырдта, афтæмæй Хъамболат райгуырди Зæронд Бæтæхъойыхъæуы, фæстæдæр та^йæ би- нонтимæ ралыгъд Дзæуджыхъæумæ. Куыста бæрнон бынæтты. Йæ цар- ды дæс æмæ ссæдз азы та снывонд кодта «Рæстдзинад»-æн. Тынг фæлмæн адæймаг уыд Хъамболат. Иумæ бирæ рæстæг нæ акуыс- там, фæлæ йæ уæздан адæймагæй базыдтон. Абон дæр мæ цæстыты раз нывгондау лæууы йæ фæлгонц. Уыдис ын сабыр хъæлæсыуаг, æнкъардта ныхасы уæз. Кæд мæ фыдæй хистæр уыд, уæддæр мемæ ныхас кодта, цыма йе ’мцахъхъæн дæн, афтæ зæрдиаг æмæ æргомæй. Йæ фыстытæй йын ницы хъуыды кæнын, ома газеты кæй мыхуыр кодта, уыдонæй, фæлæ мæ рæстæджы ныффыста повесть «Ирхан». Къух- фыстæй мæм æй бакæсынмæ радта. Мæ зæрдæмæ фæцыди. Кæд йæ фыццаг литературон уацмыс уыди, уæддæр дзы, æвæлтæрд къухы бынæй рацыд, зæгъгæ, зæгъæн нæ уыд. Мæ зæрдыл мын Секъайы фыстытæ æрлæууын кодта. Уымæй, фæзмгæ йæ кодта зæгъынмæ нæ хъавын. Хъам- болаты повесты хъæбатыртæ дæр Секъайы радзырдты архайджыты хуызæн бахаудысты царды знæт уылæнты, фæлæ адæймаджы намысыл комдзог нæ рацыдысты, фæуæлахиз сты зындзинæдтыл, цъаммар адæймæгтæн ныхкъуырд раттыны фæстæ æрлæууыдысты цыты бæрзæндтæм хонæг фæндагыл. Повесть кæд дыууиссæдз азæй фылдæры размæ бакастæн, уæддæр æй нæ ферох кодтон. Æппæты тынгдæр та дзы мæ зæрдыл бадард- тон, ирон хæдзары хъомылгонд чызджы фæхудинаг кæнынмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, ууыл Ирхан фыцгæ дон куы аскъæрдта, уыцы ныв. Хъамбо- лат ма мын афтæ дæр загъта, ахæм хабар, дам, æцæг æрцыд. Дунейы æцæг хабæрттæй фылдæр цы и, фæлæ уыдон литературæ не сты. Мæнмæ гæсгæ, Хъамболат цы федта æмæ фехъуыста, уыдонæй ли- тературон уацмыс саразынмæ сарæхст. Куы зæгъын, фыццаг хатт йæ къухмæ уацмыс ныффыссыны номыл сис райста, афтæмæй. Хъыгагæн, йæ фыст мыхуыры рацæуыны онг нал фæцард, афтæмæй та журналы («Мах дуг») дæр æмæ хицæн чиныгæй дæр дунейы рухс федта 1963 азы, Хъамболаты амардыл дыууæ азы куы рацыд, уæд. Мæнмæ гæсгæ, по- весть «Ирхан» рохуаты баззайынæн æвгъау у. Фæсивæд дзы бирæ цæуыл- дæрты сахуыр уаиккой. Нæ фыдæлтæ куыд æмæ цы уавæрты цардысты, канд уый нæ базониккой, фæлæ ма банкъариккой, ирон æфсарм æмæ сæм æгъдау куыд уæлиау æвæрд уыд, уый дæр, æнæуынондзинад сæм сæвзæрын кæнид, фыдæлты намыс йæ къæхты бын акæнынмæ чи хъа- вы, уыдоны удыхъæд. Хъамболат йæ фæстæ канд зæрдæмæдзæугæ уацмыс нæ ныууагъта, фæлæ ма схъомыл кодта, адæмы рæгъы чи рацыд æмæ йын йæ фарн 181
дарддæр чи хæццæ кæны, ахæм кæстæртæ. Уыдонæй алчидæр царды ссард- та, кад æмæ йын рад кæм кæнынц, ахæм бынат. Чысыл бæлвырддæр зæгъдзынæн, уæлдæр кæй кой кодтон, йæ уыцы фырт Аслæнбеджы тыххæй. У фæсивæды хуыздæр хъомылгæнджытæй иу. Царды раст фæнда- гыл афæндараст кодта дæсгай æмæ фондзыссæдзгай лæпЪутæ æмæ чыз- джыты. Йæ рæстæджы уыди зындгонд хъæбысæйхæцæг, спорты мастер. Йæ фыды фарн мæрдтæм цæуын нæ бауагъта. Йе ’ргом здахы сфæлдыс- тадмæ. Фыссы радзырдтæ, æмдзæвгæтæ (ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл), тæлмац кæны иронæй уырыссагмæ, хорз бастдзинæдтæ йын ис Ирысто- ны мыхуыры оргæнтимæ. Хицæн чиныгæй рацыдысты йæ бирæ азты фæллæйттæ («Почерк чемпиона». 2002 аз. Рауагъдад «Ирыстон». Дзæу- джыхъæу). Уæлдæр ма йæ куы загътон, редакцийы æз бирæ азты дæргъы нымад уыдтæн кæстæрыл. Мæ фæстæ кусынмæ чи цæуа, уыдон мæ кæд иуцасдæр фæхистæр кæниккой, зæгъгæ, æнхъæлмæ кастæн, фæлæ та-иу кæс æмæ мæнæй цыппар-фондз кæнæ фылдæр азтæ карджындæр разындысты. Нымадæй цалдæр мæйы акуыстон, афтæ нæм фæзынд ног кусæг — Хæбли- аты Сафар. Институты иу рæстæджы ахуыр кодтам, æрмæст уый æртæ курсы уæлдæр уыд, стæй историон хайады, æз та — филологон. Йемæ иу курсы уыдысты Боциты Юрий, фыссæг Бароны фырт, Цыбырты Люд- виг, Хуссар Ирыстоны фидæны фыццаг президент, Гетъоты Юрий, Ку- читы Васо æмæ бирæ æндæртæ. Чысыл фæстæдæр нæ кусджыты нымæ- цыл бафтыдысты Хостыхъоты Зинæ, Бæциаты Агуыдз, Бицъоты Гришæ, Икъоты Юрий, Тепсыхъоты Зоя, Тыджыты Юрий, Мамсыраты Мурат... Уыцы рæстæджы Цæгат Ирыстонæн хæлардзинады бастдзинæдтæ сфи- дар Болгарийы Адæмон Республикæйы Кырджалийы округимæ. Кæрæдзимæ æрвыстой делегацитæ. «Рæстдзинад» бахæлар Кырджалийы окруджы газет «Нов живот»-ы («Ног цард»-ы) редакциимæ. Ирон журна- листтæ-иу абалц кодтой æфсымæрон бæстæмæ, уыдоны минæвæрттæ та- иу ардæм æрбацыдысты. Мæхи дæр мын ахуыдтой Болгаримæ. Базонгæ дæн нæ хæлар адæмы цардимæ, федтон сын сæ бæстæйы рæсугъд- дзинæдтæ. Мæ балцы хабæрттæ фысгæ дæр ныккодтон, мыхуыргонд æрцыдысты иронау дæр æмæ уырыссагау дæр. Иуахæмы та нæм Болгарийæ æрбацыдысты цалдæрæй. Хъуамæ сæ ба- зонгæ кодтаиккам Ирыстонимæ, фенын сын кодтаиккам нæ хæхтæ æмæ фæзтæ. Алы бон дæр-иу нæ кусджытæй хъуамæ семæ исчи ацыдаид. Иу бон та сæ редактор Мамсыраты Муратимæ нæ бар бакодта. Кæдæм ацæуæм, зæгъгæ, ныхас куы рацыд, уæд Мурат загъта: Дæргъæвсгоммæ. Йæ фæнд мæ зæрдæмæ фæцыди. Иуæй, уазджытæн цы равдыстаиккам, уый уыди, иннæмæй та ацы комбæстæ уыди Мураты фыдæлты уæзæг æмæ нæ мæ нымадмæ гæсгæ фысымыл тыхсын дæр нæ хъуыдаид. Редактор нын йæ машинæ радта æмæ дыккаг бон райсомæй араст стæм. Æнхъæлдтон, «Мæрдты горæтæй» райдайдзыстæм, стæй дарддæр нæ фæндаг дарддзыстæм, зæгъгæ, фæлæ фæндагамонæг Мурат уыд æмæ нæ шофырæн комкоммæ Мамсыраты мæсыджы бынмæ баласын кодта. Ар- 182
гъæутты бæстæйы æрфистæг стæм, уæдæ цы уыдаид. Кæдæмфæнды куы акастаис, уæддæр зæрдæ рухс кодта. Айнæг къæдзæхтæ æмæ æнусон цъи- титы уындæй лæгыл базыртæ зади. Уазджытæ æрдзмæ кæсынæй нал æфсæстыты. Мурат та мæсыджы алыфарс разил-базил кодта, æнхъæлмæ каст, уазджытæ йæ фыдæлты гæнах кæд бафиппайдзысты, уымæ, фæлæ уыдон хæхтæм кæсыныл фесты. Кæд ныхас болгайрагау кодтой, уæддæр зын бамбарæн нæ уыд, нæ хъæздыг æрдзæй нын кæй æппæлыдысты, уый. Мурат мæсыджы алыфарс зилынæй куы бафæллад, уæд уазджыты цурмæ æрбацыд æмæ гæнахæй æппæлын райдыдта. Дзургæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уырыссагау кодта, фæлæ йæ ныхас ирон æвзагмæ тæлмац- гондæй уыдаид афтæ: — Ацы мæсыгæй бæрзонддæр Ирыстоны нæй. Аразгæ та йæ скодтой мæ фыдæлтæ. Хонгæ дæр æй Мамсыраты мæсыг кæнынц. — Мурат мæнырдæм æрбакаст æмæ йæ мидбылты бахудгæйæ дарддæр дзырдта: - Фæлæ Дзасохтæм нæ мæсыджы æмбисы йас мæсыг дæр нæй. Æз ын уырыссагау афтæ куы бакæнин: — Мурат, соловья башнями не кормят, ты лучше скажи, где здесь Мамсуровы живут. Пусть они покажут, как могут угощать гостей. Мурат, æвæццæгæн, уырыссагау æваст цы дзуапп раттаид, уымæ нæ сарæхст æмæ мын саст хъæлæсæй иронау загъта: — Омæ æз амы Мамсыратæм никуы уыдтæн æмæ æнæзонгæ хæдзармæ уазджыты куыд бакæнон? — Уæд та дæ дзыхыл хæц æмæ дæ ничи ницæуыл домдзæн,— дзуапп ын радтон æз дæр иронау. Уазджытæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ хъазæн ныхæстæ рафæзмыд- там æмæ уыдоныл дæр худæг бахæцыд. Уыцы бон суанг изæрмæ хæхтыл фæзылдыстæм. Цыбыр дзырдæй, уазджытæ хъæстагæй ницæмæй базза- дысты, Мураты куы нæ нымайæм, уæд. Мæ хъазæн ныхас дзы иннæрдæм кæй ахызт, уый бамбæрстон æмæ æнхъæлмæ кастæн, истæмæй мын æй кæй фиддзæн, уымæ. Иæхæдæг мæн ахæм уавæры куы сæвæрдтаид, уæд æй къуыппæн зарæгау алы ран кодтаид. Ныр та йæхи мæ разы хæсджы- ныл банымадта æмæ йæ «маст» райсыныл кæй бацархайдзæн, ууыл ды- зæрдыг нæ кодтон... Уыцы рæстæджы мын иу чызг зонгæ уыди. Зонгæ, зæгъгæ, кæрæдзийы кæимæ бамбæрстам æмæ курынмæ кæй хъавыдтæн, ахæм æрыгон, рæсугъд чызг. Хабар суанг йæ мад æмæ фыдмæ дæр бахæццæ. Чызг уыцы аз ме- дицинон институтмæ бацыд, æз та институт каст куы фæдæн, ууыл дæр ма цалдæр азы рацыд. Хæдзары - уæлдайдæр мад - катайы бацыдысты, афтæ æрыгонæй куы смой кæна, уæлдайдæр йæхицæй бирæ хистæрмæ, уæд йæ ахуырæй фæкъуылымпы уыдзæн, зæгъгæ. Чызгимæ кæрæдзийы æмбæрстам, хъыгдарæг нæ куы нæ фæуыдаид, уæд ницы хуызы фæхицæн уыдаиккам. Нæ ахастдзинæдтæ ме ’рдхæрдтæй дæр нал сусæг кодтон, уымæн æмæ хъуыддаг сырæзыныл мæ зæрдæ дардтон... Чызгимæ арæх æмбæлдыстæм. Мæ куыстмæ дæр-иу мæм æрбацыди. Сылгоймæгтæй дæр- иу æй чидæртæ федта. Нæ машинисткæ Гуытъиаты Замирæт та йын йæ бинонты дæр хорз зыдта. Æппæлыди сæ. Æхсызгон ын уыди, æппын- 183
фæстаг (уæд мыл цыди 34 азы) кæуылдæр мæ цæст кæй æрæвæрдтон æмæ мæ зæрды ныфсджын къахдзæф акæнын кæй ис. Хъуыддæгтæ, хуыздæр нæ вæййы, зæгъгæ, афтæ бæргæ цыдысты, фæлæ чызджы йæ бинонтæй ныфс нæ уыд. Цы сæ бон уыди, уымæй архайдтой хъуыддаг фехалыныл. Цæмæй кæрæдзийы иуцасдæр нал уыд- таиккам, уый тыххæй мад йæ чызджы сæрды каникулты Мæздæгмæ йæ хомæ арвыста. Мамсыраты Муратимæ ма йæм уырдæм дæр фæцыдыстæм, фæлæ мын йæ феныны фадат нæ фæцис. Хабæрттæ Замирæтæн куы ра- дзырдтон, уæд мын зæрдæ бавæрдта, æз, дам, йемæ аныхас кæндзынæн. Æцæгæйдæр, Мæздæгæй куы сыздæхт, уæд æй ссардта æмæ йын цытæ фæдзырдта, Хуыцау — йæ зонæг, фæлæ куы фембæлдыстæм, уæд чызг йæхи кæуынæй мардта, кæцырдæм, дам-ма цы кæнон, уымæн ницыуал зонын. Уыцы хабæрттæ Мурат æнæзонгæ нæ уыди... Æнæном писмотæ ма уымæй размæ дæр цалдæр хатты райстон. Иууылдæр - сылгоймæгтæй. Стæй-иу сæ чи ныффыста, уый-иу фылдæр хатт зонгæ дæр бакодтон, фæлæ мæм фæстагмæ цы æнæном писмо æрба- хастой, уый ныффыссæг æнæмæнг нæлгоймаг уыд. Уæвгæ йæ ном æргомæй ныффыссын чи нæ бауæндыд, уый цас нæлгоймаг уыди! Писмо мæм абон дæр æфснайдæй лæууы æмæ куыддæриддæр у, афтæмæй йæ æрхæсдзынæн: «Музафер, ды мæ нæ зоныс, фæлæ дæ æз хорз зонын. Дæуæн дæр, мæнмæ гæсгæ, тагъд мемæ хæстæгдæр базоныны фадат фæ- уыдзæн. Зæлинæимæ (йæ ном ын аивтон) дæ хъуыддагæй ницы ра- уайдзæн, уымæн æмæ уый æрмæстдæр мæнмæ смой кæндзæн. Æз Мæздæгæй нырма знон ссыдтæн, æмæ мын хабæрттæ иууылдæр радзырд- та. Ды лæг куы уаис æмæ дæхицæн аргъ кæнын куы зонис, уæд æй æнцад ныууадзис. Мæ ном æмбæхсын, зæгъгæ, афтæ ма банхъæл. Тæрсгæ дæр дæ нæ кæнын. Фæлæ кæд лæг дæ, уæд-ма 11 августы, дыццæджы, 21 сахатыл, фысымуат «Кавказ»-ы чъылдыммæ цы сквер ис, уым Горгайы физонæггæнæны цурмæ æрбацу æмæ уым базонгæ уыдзыстæм. Стæй уый фæстæ æз Зæлинæйæн дæ хъæбатырдзинады хабæрттæ ра- кæндзынæн». Алыхуызон хъуыдытæ сæры куыннæ хъуамæ базмæлыдаиккой? Æппæты фыццаг базонынмæ хъавыдтæн писмо ныффыссæджы, фæлæ кæуыл фæдызæрдыг уыдаин, ахæмæй мæ алыфарс никæй зыдтон. Зæлинæйæн ахæм зонгæ æцæг куы уыдаид, уæд уыйбæрц рæстæг йæхи æмбæхстæй куыд хъуамæ дардтаид? Мæнимæ йæ фембæлдтытæ куы никæмæй æмбæхста, суанг ма сæ æцæгæлон адæмæй дæр куы нæ сусæг кодта, уæд æй, рæхджы кургæ чи кæны, уый иу хатт уæддæр куыннæ федта, кæд æй федта, уæд та йæ иуфæрсты æцæгæлонау куыд ацыд? Фарстытæ мæм, цас æмбæлд, уымæй фылдæр сæвзæрд, æрмæст дзы иуæн дæр рæстмæ дзуапп раттын мæ бон нæ уыд. Æппæты тынгдæр мæ цы амардта: æртхъирæн мæм кæй кодта æмæ мæ уыцы æртхъирæнæй æгады бынаты кæй æвæрдта, уый. Писмойы хабар Сафар æмæ Муратæн дæр радзырд- тон. Æппынфæстаг, æртхъирæнгæнæг мæм кæдæм сидти, уырдæм ацæ- уын сфæнд кодтон. Мемæ ацыдысты Сафар æмæ Мурат дæр. Мемæ, зæгъгæ, уыдон мæм сквермæ бацæуæны æнхъæлмæ кастысты, æз та, цы 184
физонæггæнæны цурмæ мæ хуындæуыд, уырдæм аивæй мæхи байстон. Кæд талынджы дзæбæх нæ уыдтон, уæддæр мæ алыфарс акæстытæ код- тон, æрмæст дзы иу цъиуызмæлæгыл дæр мæ цæст не ’рхæцыд. Чысыл рухсдæр кæм уыд, уырдæм рацыдтæн, мæ сахатмæ æркастæн æмæ амынд рæстæгæй иуцасдæр куы рацыд, уæд бамбæрстон, чидæр мæ, куыд æмбæлд, растдæр зæгъгæйæ та, куыд не ’мбæлд, афтæ кæй ахъазыд. Мæ хæлæртты цурмæ куы ’рцыдтæн æмæ сæ пыррыччытæгæнгæ куы ’рæййæфтон, уæд та базыдтон, чи мæ ахъазыд, уый дæр... Фæстæдæр мын Мурат радзырдта, писмо йæхæдæг кæй ныффыста. Цæмæй йын йæ къухфыстыл ма фæдызæрдыг уыдаин, уый тыххæй йæ нæ шофырæн рафыссын кодта... Ахæм хабæрттæ нæ кусджытæй иу æмæ дыууæйыл не ’рцыд. Се ’рхъуы- дыгæнæг та-иу кæддæриддæр уыди Мурат. Мæ рæстæджы «Рæстдзинад»-ы кусджытæн сæ кæрæдзийæ ахъазын сæ уд-сæ дзæцц уыд. Худын-иу æппындæр кæм нæ фидыдта, уым дæр ын- иу бынат ссардтой. Промышленнон хайады сæргълæууæг Тегаты Сулей- ман Орджоникидзейы автотракторон-электрон дзаумæтты заводæй æрмæг ныффыста, фæлæ йæ сæргонд редакторы зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йын æй фæстæмæ раздæхта, йæ сæргонд ын аив, зæгъгæ. Аивта йæ, фæлæ та уый дæр нæ фæрæстмæ. Афтæ цалдæр фæлтæрæны скодта редакторы уатмæ æмæ та-иу фæстæмæ сæргуыбырæй раздæхт. Йæ сæрæн куы ницыуал хос зыдта, уæд æрхъуыды кодта æмдзæвгæтæй сæргонд: «Фæстæзад нал у ОЗАТЭ, гъе уый дын кады хъуыддаг, гъе!» æмæ та йæ редакторы стъолыл æрæвæрдта. Хицау æй куы бакаст, уæд йæ цæсгомыл мидбылхудт ахъа- зыд æмæ йын загъта: - Ацу, мæхæдæг ын исты æрхъуыды кæндзынæн... Бутаты Тотырбег уыди партион хайады сæргълæууæг. Уыди редакторы хæдивæг дæр. Хъæбатырæй хæцыди немыцаг фашистты ныхмæ. Хæсты фæстæ бирæ азты фæкуыста «Рæстдзинад»-ы. Уыцы-иу рæстæг нымад уыди редакцийы тыхджындæр юмористтæй иуыл. Летучкæйы рæстæджы адæмы иу хатт уæддæр ма схудын кæна, уый гæнæн нæ уыди. Уæддæр редакторæй стъæлфыди, æмбырдæй хынджылæггаг ма араз, зæгъгæ-иу ыл сбустæ кодта. Фæлæ-иу, редактор æй куыннæ бамбара, афтæ йæ кæнон кодта. Афæдз-иу фæуынмæ хъавыди, уæддæр-иу бирæтæ сæ отпусчы кой нæма кодтой. Ахæм заман-иу редактор кусджыты æрæмбырд кодта æмæ-иу сæм загъд кæнын райдыдта, отпусчы цæуыннæ цæут, зæгъгæ. Уыцы ныхæстæ- иу арæхдæр хаудысты Хъесаты Дафамæ. Редактор-иу раздæр иумæйаг ныхæстæ кодта, стæй-иу комкоммæ ныхасмæ куы рахызт, уæд-иу æппæты фыццаг Хъесаты Дафайæ райдыдта, уымæн æмæ-иу уымæн, отпусчы цы азтæ нæ уыди, уыдон цалдæр баисты. Иу хатт та йæм куы бауырдыг æмæ йæ лæгæй-лæгмæ куы бафарста, Дафа, отпусчы цæуыннæ цæуыс, зæгъгæ, уæд Тотырбег йæ бынатæй фестад æмæ йын афтæ: - Æри-ма, Дафа, æз дæ бæсты ацæуон отпусчы. Редакторæн кæд цыфæнды тызмæг цæсгом уыд, уæддæр æнæ йæ мид- былты бахудгæ йæ бон нал баци... 185
Летучкæйы рæстæджы-иу арæх ныхас рауад, газет æрæгмæ цæмæн æмæ кæй аххосæй рацыд, уый тыххæй. Ахæм заман-иу чидæртæ сæ аххосыл басæттыны бæсты азым æндæр кæуылдæр сæвæрдтой. Фылдæр хатт, уым чи нæ уыд, уыдоныл. Уым та-иу нæ уыдысты машинисткæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй газет афоныл рацæуа, уый мыхуыр- гæнджытæй аразгæ дæр у, фæлæ уыдоны аххосæй, зæгъæн ис, æмæ ни- куы бакъуылымпы. Кæд азымы бадаринаг исчи уыд, уæд - аххос мы- хуыргæнджытыл чи æвæрдта, уыдон сæхæдæг. Гъе æмæ та уыцы летуч- кæйы дæр чидæр, газет кæй бафæстиат æмæ йæ кæсджытыл афоныл кæй нæ сæмбæлд, уый машинисткæты æккой баппæрста. Æмбырд куы фæци, уæд Тотырбег мыхуыргæнджыты уаты фæмидæг æмæ сын цыма стыр æхсыз- гондзинад хъусын кодта, уый хуызæн загъта: - Уæртæ та уæ фыдгой фæкодтой... Гуытъиаты Замирæт фырмæстæй цæхæртæ акалдта, йæ бынатæй фес- тад, йæ къухтæ йæ синысæр авæрдта æмæ йæ ныхас, æмбырдæй чи ра- цыд, уыдонмæ дæр куыд хъуыса, афтæ хъæрæй загъта: - Æз уыдонимæ цалынмæ се ’ппæтимæ дæр афтæ-уфтæ бакæнон, уæдмæ дзæгъæл дзырд кæндзысты!.^. Тотырбег ныппыррыкк кодта. Йæ худынæй куы банцад, уæд маши- нисткæмæ хæстæгдæр бацыд æмæ йын саст хъæлæсæй афтæ: - Замирæт, уыцы хъуыддаг кæнынмæ куы хъавай, уæд-ма-иу мæнæй райдай... Сылгоймагæй йæ маст æрбайрох æмæ худынмæ фæци. - Ацу, дæу дæр дзых йеддæмæ ницы ис! - фæхъæр ыл кодта Замирæт.— Кæд ахæм хъæбатыр дæ, уæд айфыццаг Сафары чъылдыммæ цы амбæхстæ? Тотырбег æппæт сылгоймæгтимæ дæр лымæнæй цард. Æнæ хъазæн ныхас зæгъгæйæ-иу дзы никæйы рæзты ахызтаид. Сæ уатмæ, æвæццæгæн, уымæй арæхдæр ничи цыд. Цыма йыл рихитæ уыд, уый хуызæн-иу йæ фындзы фæйнæфарс здухæгау акодта æмæ-иу æнæмæнг исты худæджы хабар радзырдтаид кæнæ та-иу сын зæрдæлхæнæн ныхæстыл фæуыдаид. Йæхи дæр ын-иу хъазгæйæ мæстæй мардтой, фæлæ дзы Замирæт цы хъазт акодта, уымæн æмбал нæ уыди. Бутайы-фыртæн горæты кæрон цæхæрадон уыд. Иу заман дзы сау хъæлæрдзыйы къудзитæ æмæ сирены бæлæстæ сбирæ сты. Уый Замирæт куы фехъуыста, уæд ын афтæ: - Хъæлæрдзытæ нæм ис, фæлæ мæ сирены талатæ хъæуы. Баныхас кодтой, уæдæ цы уыдаид. Куысты фæстæ хъуамæ ацыдаик- кой. Замирæт хабæрттæ Сафарæн радзырдта. Уый та хъæлæрдзыйы къутæртæ хъуыд, æмæ æртæйæ горæты кæронмæ абалц кодтой. Цæхæра- доны сын Тотырбег фæйнæ белы радта æмæ къахынмæ бавнæлдтой. Са- фар цæхæрадоны рæбинаг къуымы ныггуыбыр æмæ уыцы зæрдиагæй ар- хайдта. Замирæт, Тотырбег ын æххуыс кодта, афтæмæй, йæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыд, уыцы тала къахы. Иу афон куы уыд, уæд Тотыр- бегмæ ныллæг хъæлæсæй дзуры: - Тотырбег, цалынмæ Сафар къудзитимæ архайы, уæдмæ мусонгмæ бауайæм, ахæм фадат нын никуыуал уыдзæн. 186
Тотырбег уый айхъуыста, цы! Замирæты фæуагъта æмæ, Сафармæ хæстæгдæр цы тала уыд, уый къахынмæ февнæлдта. Замирæт та уым дæр йæ уæлхъус алæууыд æмæ та йын лæгъзтæгæнæгау бакодта: — Ма тæрс, цалынмæ Сафар йæ къудзи къаха, уæдмæ рацæудзыстæм... Лæг та уыцы бæлас къахын дæр фæуагъта æмæ тарстхуызæй Сафары цур лæф-лæфгæнгæ балæууыд. Сылгоймагæн бæлас йæхицæн къахгæ æрцыд. Тотырбег та Сафары цурæй рацæуын нал бауæндыд... Бирæ хъæлдзæг бонтæ арвыстон «Рæстдзинад»-ы. Мæ царды амонд- джындæртыл сæ куы банымайон, уæд нæ фæрæдидзынæн. Уыцы бонтæ æмæ азтæ мæрдты дæр мемæ уæнт, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд дæр - афтæ. Скъолайы «Рæстдзинад»-мæ бацæуыны размæ дæр ахуыр кодтон, уым куынæуал куыстон, уæд дæр ма ноджыдæр иу скъолайы — Мæс- куыйы СЦКП-йы ЦК-йы цур Уæлдæр партион скъолайы — бакастæн, фæлæ мын «Рæстдзинад» цы скъола басгуыхт, уый никæцы æндæримæ абарæн ис. Цы куырыхон адæмимæ куыстон, уыдоны фарнæй сфæрнджын дæн, сæ фæлтæрддзинад мын нæ бахæлæг кодтой, сæ зонындзинæдтыл мын нæ бацауæрстой. Æнæ «Рæстдзинад»-æй мæ цард мæ цæстытыл ауа- йын кæнын мæ бон нæу. Æнæ «Рæстдзинад»-æй дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, фæцардаин, фæлæ, зæгъæм, фæллой кæнын уым куы нæ рай- дыдтаин, уæд цыма бирæ къуындæгдæр фæндæгтыл ацыдаин, абон мæхи хъæздыг æмæ амондджын цæмæйты хонын, уыдонæй æнæхай уаин, афтæ мæм кæсы. Стæй мæм канд кæсгæ нæ кæны, фæлæ æцæгæйдæр афтæ у, уымæн æмæ «Рæстдзинад»-ы цы федтон, фехъуыстон æмæ базыдтон, уыдон æндæр ран нæ федтаин, нæ фехъуыстаин, нæ базыдтаин. Æнæ «Рæстдзинад»-æй мын, фæстæдæр кæм куыстон, уым бирæ зындæр кусæн уыдаид. Чи зоны, куыд сарæхстæн, уымæн дзы йе ’мбисы бæрц дæр нæ сарæхстаин. Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: «Рæстдзинад»-ы кæстæры ном бирæ азты дæргъы æз хастон. Кæстæрмæ та уæлдай цæстæй фæкæсынц. Уæл- дай цæстæй кастысты мæнмæ дæр. Фыццаг бонæй фæстæмæ мыл сæ арм дардтой. Цыппар мæйы дæр нæма бакуыстон, афтæ мын фатер радтой. Горæты тæккæ астæу. Ууыл цыппар азы дæр нæма рацыд, афтæ райстон ноджы хуыздæр фатер. Уый дæр горæты астæу. Аст æмæ мыл ссæдз азы цыд, афтæмæй мын мæ бæрны бакодтой тæккæ кадджындæр хайæдтæй иу - культурæйы хайад. Æхсæз азы сæргълæууæгæй куы фæкуыстон, уæд нæм кусынмæ æрба- цыдысты Цгъойты Хазби æмæ Багаты Аврам. Институт куыддæр каст фесты, афтæ. Уыдон мæнæй кæстæр уыдысты. Бирæ кæстæр нæ, фæлæ уæддæр - кæстæр. Каст цыма уыдонмæ уыд, уый хуызæн мæ цалдæр мæйы фæстæ сфидар кодтой фæсивæды газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй. Мæ фæстæ кæстæрæн чи баззад, уыцы дыууæ æрыгон лæппуйыл абон æртиссæдзгай азтæй фылдæр цæуы æмæ дыууæйæ дæр кусынц редакторы хæдивджытæй. Уыдоны фæстæ æрбацыд, сæхицæй æрыгондæр чи у, ахæм фæсивæд. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй аргъ кæнын фæразой «Рæстдзинад»-ы кад æмæ цытæн, бæрзонд хæссой сæ хистæрты намыс, сæрыстыр уой, ирон адæмы уарзон газеты кæй ку- сынц, уымæй. 187
XIII Хуссар Ирыстонæй нæм æрбарвыстой, журнал «Фидиуæджы» фыццаг номыр боны рухс куы федта æмæ ирон адæмы ’хсæн фарн тауын куы рай- дыдта, ууыл дыууиссæдз азы рацыд æмæ уæ уыцы кадджын бæрæгбонмæ хонæм, зæгъгæ. Хъаныхъуаты Валодя Гуыбаты Чермен æмæ мæнмæ фæдзырдта æмæ нын загъта: «Чъребамæ сымах куы ацæуиккат, уæд цыма нæ фæрæдииккат, афтæ мæм кæсы. Мæхи дæр бæргæ фæнды — мæ иузæр- дион хæлæртты рагæй нал федтон - фæлæ мæ ничердæм æвдæлы». Чермен Дзауы дзæвгар азтæ фæцарди, куыста районы газеты редак- торæй, стæй уыцырдыгон сиахс уыди, æмæ Валодяйæн уыдæттæ дæр ны- мад куыннæ уыдаиккой! Æз та куыстон культурæйы хайады сæргълæу- уæгæй, кодтон литературæ æмæ аивады хъуыддæгтæ, æмæ æппæт кол- лективæй нæ дыууæйы, æвæццæгæн, уымæн равзæрста. Уымæй размæ æз Хуссар Ирыстоны никуы уыдтæн æмæ мын Чермены хуызæн ^ембæлццон кæй уыд, уымæй мæхицæн бирæ цæмæйдæрты зæрдæтæ æвæрдтон æмæ, фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй нæ фæрæдыдтæн. Фæндагыл мын дзæвгар хабæрттæ радзырдта, кæуылты цыдыстæм, уыцы бынæттæ мын амыдта, хъæутæй кæм цавæр мыггæгтæ цард, уыдонимæ мæ зонгæ кодта. Уырдæм куы бацыдыстæм, уæд та мын алы къахдзæфы дæр уыд фæндагамонæг. Нæ фысымтæ, цæгатæй сæм чи æмæ кæд æрцæудзæн, уый зыдтой æмæ нæм журналы редакцийы æнхъæлмæ кастысты. Черменыл, кæй зæ- гъын æй хъæуы, цин кодтой, уымæн æмæ йæ амонын никæмæн хъуыд. Цин сыл кодта йæхæдæг дæр. Æз дæр мæхи æцæгæлоныл нæ нымадтон. Чермен-иу мæ ном æмæ мæ мыггаг кæмæн загъта, уыдонæй-иу мæ бирæтæн амонын нæ хъуыд, уымæн æмæ «Рæстдзинад» иууылдæр касты- сты, æз та уæдмæ газеты авд азы бакуыстон æмæ мæ фыстытыл æнæмбæлгæ кæм уыдаиккой! Кадджын изæр куы фæци, уæд нæ ахуыдтой «Фидиуæджы» редактор Дзугаты Георгийы хæдзармæ. Уæд ма йæ фыд Хасæхъо дæр æгас уыди. Фæстæдæр «Гиннессы рекордты чиныг»-имæ куы зонгæ кодтон, уæд дзы бирæ диссаджы хабæрттæ бакастæн. Уæвгæ уыцы чиныджы, диссаг цы нæу, ахæм хабæрттæ нæ мыхуыр кæнынц, фæлæ дзы уæддæр агуырдтон сæ тæккæ диссагдæры. Адæймаджы конд афтæ у - алы ран дæр йæхионы агуры. Æз дæр - кæд ыл уыйас зæрдæдарæн нæ уыд, уæддæр иу хъуыдыйæ мæхицæн ныфс æвæрдтон: тæхуды, ныр дзы, зæгъын, искуы ирон лæгыл куы фембæ- лин. Уыцы рафæлдах-бафæлдах æй кодтон, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд мæ фæндæй исты уади. Фæлæ лæджы, æвæццæгæн, тынг цы фæфæнды, йæ къухы дæр уый бафты. Сæххæст мæнæн дæр мæ бæллиц: æнæнхъæлæджы 14-æм фарсмæ фæкомкоммæ дæн æмæ стыр дамгъæтæй фыст сæргонд бакастæн: «Документтæй фидаргонд чи у, бирæ цæрыны уыцы национ рекордтæ». Кæд-иу уымæй размæ кæйдæрты тыххæй арæх фехъуыстон, фондзыссæдз азæй бирæ фылдæр фæцард, зæгъгæ, уæддæр дзы уыдонæй ничи разынд, афтæмæй та Ширали Мислимов, 168 азы фæцард, зæгъгæ, фыстой. Уымæ æввахс азтæ лæвæрдтой нæхи Хъороты 188
Ягорæн, зындгонд инæлар Ермолов Алексеймæ хæринаггæнæгæй чи куыста, уыцы Ягорæн. Куыд дзурынц æмæ Гуытъиаты Хъазыбег йæ чи- ныг «Ирон æмбисæндты» (чиныгуадзæн «Ир», 1976 аз, 327 фарс) куыд фыссы, афтæмæй Абайты Чендзе фæцард уыдонæй дæр фылдæр — 180 азы, кæнæ та уымæ ’ввахс. Амард 1907 азы. Цал азы дыл цæуы, зæгъгæ- иу æй куы бафарстой, уæд-иу сын дзуапп радта: «Æмæ ма йæ цæмæй зонын, мæ хуртæ, цæмæй? Ме ’мбай хъæды бæлас куынæуал ис, хохы - дур». Фæлæ «Гиннессы рекордты чиныг»-мæ, документтæй фидаргонд чи нæ у, ахæмты нæ хастой æмæ абон дæр нæ хæссынц. Уыцы бæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ та дунейы æппæты фылдæр фæцард япойнаг нæлгоймаг Шигечийо Изуми — 120 азы æмæ 237 боны. Райгуырди 1865 азы 29 июны, амард 1986 азы 21 февралы. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ æрхаудтой Мартæ Грэм (Америчы Иугонд Штаттæ) æмæ Аннæ Элизæ Уильямсмæ (Великобритани). Уыцы дыууæ сылгой- маджы та фæцардысты фæйнæ 114 азы. Кæд Дзугаты Хасæхъо ацы раны- мады ссæдзæм бынат ахста, уæддæр, йæ уæле чи уыд, уыдонæй бирæ къаддæр нæ фæцард - 110 азы. Нæ зындгонд фыссæджы фыд дунейы рухс федта 1860 азы 7 августы æмæ ма æгас уыди 1970 азы августы, ома æз æй куы федтон, уымæй æртæ азы фæстæдæр. «Гиннессы рекордты чиныджы» ма афтæ дæр фыссынц: «Куыд дзурынц, афтæмæй Советон Цæдисы цæры, фондзыссæдз азæй фылдæр кæуыл цæуы, 21700 ахæм адæймаджы (Америчы Иугонд Штатты - 7000). Уыдонæй 21000 цæры Гуырдзыстоны (алы 232 адæймаджы хыгъдмæ дæр иу). 1962 азы июлы фыстæуыд, уыцы зæронд адæмæй, дам, 128 адæймаджы (сæ фылдæр нæлгоймæгтæ) цæры Мединийы хъæуы...» Уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, нæ фысым, фæстæдæр «Гиннессы чиныг»-мæ чи бахауд, Дзугаты уыцы Ха- сæхъо кæй уыдзæн, уый... Фынгтæ дæлæмæ кæй тасыдаиккой, уый, Хуссар Ирыстоны иу хатт уæддæр чи уыди, уымæн дзурын нæ хъæуы, фæлæ дзы чи нæма уыди, уымæн зæгъын: ахæм бæркад æз уымæй размæ кæд искуы федтон, уæддæр æй мæ бон æрхъуыды кæнын нæу. Фынгтыл цы уыди, уыдоны кой кæнынæн бирæ рæстæг хъæуы, фæлтау цыбырдæрæй зæгъдзынæн: фа- раст æмæ дыууиссæдз Мыкалгабыры сæ къæбицты фæсте ницыуал ныу- уагътой. Уæлдай диссагдæр та уыди йæ хъæлдзæгдзинад. Сæны сыкъатæ сæ былтæй куыд калдысты, афтæ йæ былтæй калди циндзинад дæр. Дæлæмæ - рæгъ, уæлæмæ - гаджидæуттæ дæр фыццаг хатт уæд федтон. Абон дæр ма мæ хъустыл уайы, гаджидауæн-иу кæронмæ хæццæ кæнын куынæуал æнтыст, уæд-иу фынджы уæлхъус бадджытæ æмхъæлæсæй «Херджи» куыд ныззарыдысты, уый. Махмæ, Цæгаты, «дæхион» баназ, зæгъгæ, дæр ни- куы фехъуыстон, фæлæ ма йæ æз уым нуазгæ дæр бакодтон. Цыбыр ныхасæй, Черменимæ нæртон куывды бахаудыстæм. Фæлæ мын мæ циндзинад фæкъахыр кодта иу æнæнхъæлæджы цау. Цæвиттон, иу афон къæбицæй рахастой дзæбидыры сыкъа. Цас дзы цыд, уый æдде кæсгæйæ зын раиртасæн уыд, фæлæ, æгæр уæззау кæй уыд, уый тыххæй йыл дыууæ къухæй фидар хæцын кæй хъуыд, уый фæстæдæр мæхæдæг 189
банкъардтон. Гъе æмæ уыцы сыкъайæ сидт куы рауагътой, зарæг уæлдай бæрзонддæрмæ уæд стахти. Æгъдау куыд амыдта, уымæн æнæгæнгæ нæ уыд, æмæ дзæбидыр радыгай истой. Чи йæ заргæйæ иста, чи - худгæйæ, чи та — зивæггæнгæйæ. Зындгонд драматург (йæ ном ын барæй нæ фыс- сын) æй куыдæй иста, уый нæ фæфиппайдтон, фæлæ^йæ кæй нæ нызта, уый тыххæй адæмы йæхимæ куы ’ркæсын кодта, уæд æм æз дæр ме ’ргом аздæхтон. Адæм æм хатыдтой, фæлæ уый сæ коммæ нæ каст. Æппын- фæстаг драматург дзаг сыкъа зæххыл ныццавта. Уазæгæй, фысымæй цавд- дуртау фесты. Цыма гуыр-гуыргæнаг артыл ихджын дон бакалдæуыд, уыйау цæсгæмттæй циндзинад фæцыдæр. Иуцасдæр ныхасы æрдæгскæнын дæр ничиуал фæрæзта. Цыма драматург фæрæдыд, афтæ мæм фæкаст. Алцæмæн дæр æгъдау ис, фæлæ кады нуазæн утæппæт дзыллæйы астæу зæххыл ныццæв, уый искæцы æгъдауы сфидауа, уый æнхъæл нæ дæн. Чи зоны, лæджы йе ’нæниздзинад хъыгдардта æмæ йын тых кæнын нæ хъуыд. Чи зоны, æппæты растдæр та уыдаид нуазæн æппындæр нæ рай- сын, фæлæ йæ иугæр райста, уæд ын æнæбануазгæйæ дæр дзуапп раттæн уыдис. Куы зæгъын, уыцы цау адæмы сæхимæ хъусыныл фæкодта, фæлæ æнæнхъæлæджы хабары бон циндзинад фæкъахыр кæнын нæ баци. Хъæлдзæгдзинад та йе ’ргом фынгтæм раздæхта æмæ йæ амондхæссæг тынтæй ныррухс кодта адæмы цæсгæмттæ. Æрмæст, драматург цы фæцис, уый нал ауыдтон. Фæстæдæр мын куыд радзырдтой, афтæмæй, дам, фæтæргай æмæ сæхимæ афардæг. Уыйхыгъд кæцæйдæр фæзынд Бестау- ты Гиуæрги. Уымæй размæ лæгæй-лæгмæ никуы фембæлдыстæм, фæлæ йæ йæ фы- стытæм гæсгæ зыдтон, чысыл фæстæдæр та йæ базыдтон йæ тæлмацмæ гæсгæ дæр. Уыцы азты поэт куыста Шота Руставелийы «Стайыцарм- дарæг» ирон æвзагмæ раивыныл. Ахæм хъуыддаг райдайынмæ йæ ныфс тыхджын æмæ - сæйраджыдæр - курдиатджын адæймаг бахæсдзæн. Ги- уæрги йæхимæ банкъардта ахæм хъарутæ æмæ бавнæлдта, йе сфæлдыста- дон азты дзæвгар хай йын чи бацахста æмæ йæ уды хъармæй кæй батавта, уыцы арфæйаг фæллоймæ. Йæ «Райдайæн»-ы фыццаг хай мыхуыры фæзынд журнал «Фидиуæджы» 1966 азы æртыккаг номыры, йæ дыккаг, кæронбæттæн хай та уыцы аз фæндзæм номыры. Гиуæргийæн тæлмацыл кусын стыр æхсызгондзинад хаста, фæндыди йæ, цæмæй цытджын гуыр- дзиаг поэты æнæмæлгæ уацмысимæ базонгæ уыдаиккой, цас гæнæн ис, уыйбæрц фылдæр адæм. «Стайыцармдарæг» Ирыстоны уый размæ дæр æнæзындгонд нæ уыди, фæлæ Бестауы-фырт йæхицæн кад æмæ намы- сыл нымадта Руставелийы ирон æвзагмæ ногæй ратæлмац кæнын. Куыд дзурынц, афтæмæй Гиуæрги гуырдзиагау дæсны уыд, йæ фыц- цаг æмдзæвгæтæ дæр уыцы æвзагыл ныффыста æмæ йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дæлрæнхъонты сæр ницæмæн хъуыд. Æвзаг зонын тæлмацгæнæгæн тæккæ хуыздæр æххуысгæнæг у. 1966 азмæ кадæгæй цас ратæлмац кодта, уый нæ зонын, фæлæ уыцы аз «Стайыцармдарæг»-æй газет «Рæстдзи- над»-мæ æрбарвыста йæ фыццаг сæргонд «Араппы (хицæн чиныгæй йæ куы уагъта, уæд æй «Арабы» скодта) паддзах Ростеваны хабар». Хъа- 190
ныхъуаты Валодямæ йæ писмойы фыста: «Дæ бон хорз, Валодя! Дæхæдæг æй зоныс — а фæззæджы, сентябры 25-ы æгас дуне цытимæ нысан кæны генион гуырдзиаг поэт Шота Руставелийы райгуырдыл 800 азы сæххæсты бон. Уый ссадвæдыл нæ цытджын хицæутты бафæндыд, цæмæй Руставе- лийы кадæг «Стайыцармдарæг» ирон æвзагмæ тæлмац æрцæуа ногæй. Хъуыддаг бахæс кодтой мæнæн. Кадæджы райдианыл дæ цæст схæцыда- ид «Фидиуæджы» номырты (ацы аз, № 3, № 5). Уый - йæ райдиан, йæ фыццаг сæр та мæнæ уый у. Кадæгæн йæхи тыххæй ницы зæгъын, утæппæт æнусты саудалынджы нæ дугмæ цырагъау рухсгæнгæ чи рахæццæ, уый ме ’ппæлдхъуаг нæу. Дзырд цæуы тæлмацыл. Кæд дæм истыгар фæкæса æмæ дын дæ газеты нæ сæвидыц кæна, уæд æй газеткæсджытæн куы равдисис. «Стайыцармдарæг» раивын мæхимæ хæрзиуæджы хъуыддаг кæсы. Аив тæлмацæй йæ бон бирæ хорзы бацæуын у, нæ адæмы зонд æмæ зæрдæйæн æгъуыстаджы ахъаз бакæнид. Уацмысы арф философон хъуыдытæ, йæ судзгæ поэтикон æнкъарæнтæ, йæ диссаджы æхцонзæл - æппæт адон зын рахæссæн сты тæлмацмæ. Руставелийы æмдзæвгæйы рæнхъ цардæгас тугдадзинау тæлфы, фæлæ нæ ирон æвзаг хъомысджын хæцæнгарз у поэты къухы. Тæлмацгæнæджы хъару мын зæгъ, æндæра иронау фидаугæ тынг скæнид кадæг. «Стайыцармда- рæджы» поэты равг, поэты зæрдæйы уаг баст у фидар тæгтæй йæ рит- мимæ, йе ’ддаг поэтикон миниуджытимæ. Уыйадыл æй тæлмац кæнын, оригиналы куыд у, раст афтæ - бæрзонд æмæ ныллæг 16-уæнгон шаи- рийæ. Ритм кæны зæрдæйы æнкъарæнты æмæ архайджыты æмдзу æмæ уымæ гæсгæ куы тагъд вæййы, куы сабыр. Оригинал фидауы алы стро- файы цыппар иухуызон рифмæйæ. Йæ уыцы миниуæг дæр ын, гæнæн уæвгæйæ, хæссын тæлмацмæ. Мæ сæйраг хæсыл нымайын, цæмæй ирон чиныгкæсæг раст æмæ арф бамбара кадæджы, байрайа йе ’ппæт хæрзиу- джытæй. Цас мын æнтысы, уымæн та тæрхонгæнæг — адæм. Гъе уый дын цыбырæй мæ митæ. Кæд кадæджы ацы сæр мыхуыры рауадзынвæнд кæнай, уæд амал уæвгæйæ - июлы 26-28-ты онг. Уый фæстæ «Фидиуæджы» рацæудзæн æмæ газетæн нал сбæздзæн. Зонын æй, Валодя, газетмæ бирæ æрмæг цæуы. Кæд дын фадат нæ уа, уæд дæхи тынг ма батыхсын кæн. Кадæджы сæр егъау у, мæхæдæг дæр æй хатын, фæлæ характерон бынат у уацмысæй. Дæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт! Дæ хорзмæ бæллæг, дæ хъуыддæгтæй зæрдæрай кæстæр — Г. Бестауты. ГУИ.ббаз». Дарддæры хабæрттыл дзурыны размæ цалдæр ныхасы зæгъынмæ хъа- вын ацы писмойы хъысмæты тыххæй. Иу-æхсæз æмæ йæ ссæдз азы дæргъы мæхимæ æфснайдæй фæдардтон, фæлæ йæ, дæс азы бæрц ыл цæудзæн, афтæ журнал «Мах дуджы» кусджытæй кæмæдæр радтон, æрмæст мыл æй фæстæмæ нал сæмбæлын кодта. Хорз уыд, æмæ мæм йæ халдих (къопи) баззад æмæ дзы уый руаджы мæ мысинæгты спайда кодтон. 191
Ахæм писмотæ мæхæдæг дæр бирæ истон - хъыгагæн, Гиуæргийы фыстæджы хуызæн уыдон бахъахъхъæнын мæ зонд не ’рцахста. Нæ автортæ ноджы фылдæр та фыстæджытæ æрвыстой Валодямæ æмæ-иу дзы, культурæйы хайадмæ чи хауд, уыдон æрмæджытимæ редактор мæнмæ ’рбахаста. Æрбахаста мæм Бестауты Гиуæргийы тæлмац æмæ писмо дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Валодя литературон æрмæгмæ хъулон цæстæй кæй каст. Иуæй, йæхæдæг дæр æмдзæвгæтæ фыста — кæд редакторæй ку- сын куы райдыдта, уæд æй сфæлдыстадмæ уыйас нал æвдæлд, уæддæр, — иннæмæй та хорз æмбæрста, фыссæджы ныхас газеты кад бæрзонддæр кæй кæны, уый æмæ архайдта, цæмæй редакци æмæ сфæлдыстадон кус- джыты бастдзинæдтæ фидарæй-фидардæр кæной, ууыл. Литературон æрмæг уæлдай арæхдæр мыхуыр кæнын райдыдтам, æз хайады сæргълæу- уæгæй кусын куы райдыдтон, уæд. Редакторæй мæ ныфс уыд æмæ ар- хайдтон, цæмæй, нæ фысджытæ хорзæй цы фыстой, уый, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд цыдаид. Мæ ныхмæ дзур- джытæ дæр уыди, уæлдайдæр хъæууон хæдзарады хайады кусджытæй. Уыцы рæстæджы дзы куыста иу дæргъæй-дæргъмæ урссæр нæлгоймаг - Мамсы- раты Мурат нæмттæ ’вæрынмæ дæсны кæм нæу! - æмæ йæ фæсаууонмæ Теуа рахуыдта - æмæ уый æппæты тынгдæр архайдта цæлхдуртæ æвæры- ныл. Хайады ныхмæ арæхдæр фæсаууон дзырдта, фæлæ-иу æм хаттæй- хатт æргомæй дзурыны ныфс дæр разынд æмæ-иу мыл сбустæ кодта: - «Рæстдзинад» «Литературон газет» нæу. Æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ æгæр арæх дæттæм... Æз дæр ын-иу йæ хæцæнгарз йæхи ныхмæ фездæхтон: - «Литературон газет» нæм кæй нæй, нæ фысджыты уацмыстæ афтæ арæх уымæн мыхуыр кæнæм. Ахæм заман-иу æм Валодя иу дзагъул куы бакодта, уæд-иу йæ дзыхæй хъыпп дæр нал ссыд. Гиуæргийы тæлмацы ныхмæ дæр цыдæртæ ба- хъуыр-хъуыр кодта, фæлæ, редакторимæ нæ хъуыды иу у, уый куы бам- бæрста, уæд ын йæ тæппуддзинад дарддæр дзурыны бар нал радта. Уæвгæ та йæ комкоммæ уыдæттимæ ницы хъуыддаг уыд, уымæн æмæ хуымæтæ- джы литературон кусæг йеддæмæ ницы уыд, ноджы лæмæгъдæрæн скæнæн нæй, ахæм, фæлæ алы хъуыддаджы дæр йæ фындз тъыста. Цыбыр дзырдæй, Гиуæргийы курдиат зæрдыл даргæйæ бацархайдтон, цæмæй тæлмац июлы кæронмæ мыхуыры рацыдаид. Ныффыстон ын ахæм чысыл разныхас: «Ацы аз 25 сентябры æппæт дунейы адæмтæ дæр бæрæг кæндзысты Шота Руставелийы райгуырды 800 азы бон. Номдзыд поэты кадæг «Стайыцармдарæг» ногæй ратæлмац кæнын хæсгонд æрцыд Беста- уты Гиуæргийæн. Дæлдæр мыхуыр кæнæм кадæгæй иу хай». Гиуæрги йæхæдæг куыд фыста, афтæмæй кадæгæй скъуыддзаг стырго- мау уыд — дыууиссæдз куплеты — ноджы æхсæрдæсуæнгон дæргъæй- дæргъмæ рæнхъытæ, фæлæ уыдæттæ ницæмæ ’рдардтам æмæ кæд цыфæн- ды стыр фæзуат ахста, уæддæр æй æнæхъæнæй ныммыхуыр кодтам 1966 азы 22 июлы, ома Гиуæрги йæхæдæг цы кæройнаг æмгъуыд бацамыдта, уымæй къуыри раздæр... 192
Бестауы-фырты фæзынд нын нæ хъæлдзæгдзинадыл бафтыдта. Мах, иуæй, Цæгатæй æрцыдыстæм, иннæмæй та Гиуæрги фысым уыди, но- джы хуымæтæджы фысым нæ, фæлæ бындурон — уымæн æмæ «Фидиуæ- джы» бæрнон секретарæй куыста. Уымæн ныл афтæ тынг узæлыди, алы хуызы дæр архайдта махæн балæггад кæныныл. Æппæт дæр арæзта, цæмæй алцыдæр нæ зæрдæмæ фæцыдаид. Уæвгæ дзы, зæрдæмæ цы нæ фæцыда- ид - уыцы дзæбидыры кой куы ферох кæнæм, уæд — ахæмæй хæснагæн дæр ницы ссардтаис. Уæддæр-иу Гиуæрги рæстæгæй-рæстæгмæ нæ уæл- хъус алæууыд, кæм нын-иу хæринаджы дзæбæх нæ разы авæрдта, кæм- иу кæрæдзийы къухæй нуазæнтæ банызтам... Куы ма йæ загътон: уымæй размæ Гиуæргиимæ зонгæ нæ уыдыстæм, лæгæй-лæгмæ никуы фембæлдыстæм. Ныр уымæн фадат куы фæци, уæд æй бафæндыд, цæмæй йæ мæ зæрдыл тынгдæр бадарон æмæ мын балæ- вар кодта йе ’мдзæвгæты чиныг «Æхсæв æмæ бон». Куы йæ рафæлдæх- тон, уæд дзы бакастæн ахæм фыст: «Ме ’мрихи Музафер, Хуссар Ир дын макуы уæд æцæгæлон. (Йæ къухæвæрд) 3.03.67 аз.» Уый уыди мæ фыццаг æмæ фæстаг фембæлд, ирон литературæйы йæ курдиат æнусмæ тæмæнтæ кæмæн калдзæн, Бестауты уыцы Гиуæргиимæ... XIV Нæ хъæуы, æвæццæгæн, телефон радиойæ раздæр фæзынд, уымæн æмæ уынгты радиойæн телыхъæдтæ куы сагътой æмæ нæ хæдзæртты «тæбæгътæ» куы фæзындысты, уый хорз хъуыды кæнын, фæлæ нæм фыццаг телефоны дзæнгæрæг кæд ныццагъта, уый æрымысын мæ бон нæу. Уыцы рæстæджы нæ хъæуы æртæ телефоны йеддæмæ нæ уыд: хъæу- советы, колхозы правленийы æмæ почтæйы. Радио та, куыддæр фæзынд, афтæ бирæ хæдзæрттæй райхъуыст йæ хъæлæс. Телефонæй адзурынмæ йæ былыцъæрттæ чи нæ хордта, ахæмтæ мæ карæнты ’хсæн зынæй ра- зындаид. Суанг, телефонæй чи дзырдта, уымæ хъусын æмæ кæсынæй дæр æхсызгондзинад истам. Диссаг нæм каст — стæй диссаг уæвгæ дæр уыди — зæгъæм, Бæрæгъуынæй Æрыдонмæ авд километры куы ис, уæд дзы иуы ныхас иннæмæ куыд хъуысы, уый. Скъолайæ здæхгæйæ-иу æдзухдæр мæ фæндаг почтæйыл акодтон æмæ-иу мын телефонæй дзурæгмæ байхъусыны фадат куы фæци, уæд-иу нæхимæ здæхтæн зæрдæхъæлдзæгæй. Базыртæ-иу мыл базад, мæ цин-иу цæуыл уыд, уый бæлвырд мæхæдæг дæр нæ зыдтон, фæлæ мыл цыдæр хорздзинад кæй æрцыд, уый кæцыдæр æнкъарæнæй хатыдтон. Иуахæмы та мæ фæндаг акодтон почтæйыл. Тыргъты лæугæ баййæф- тон ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дзугкойты Зойæйы. Йæ фæйнæфарс лæууыдысты дыууæ лæппуйы. Иу дзы мæ карæн уыдаид, иннæ мæнæй иу-дыууæ азы хистæр. Уыцы рæстæг иу нæлгоймаг теле- фонæй дзырдта æмæ, куыд бамбæрстон, афтæмæй Зойæ йæ ныхасы фæ- уынмæ æнхъæлмæ каст. Иуцасдæры фæстæ лæг хæтæл æрæвæрдта æмæ нæ ахуыргæнæгмæ дзуры: - Зойæ, искуыдæм адзурын дæ зæрды ис? ПДзасохтыМ. 193
- О, мæнæ мæ хæрæфырттæ,- æмæ лæппутæм ацамыдта,- сæхимæ сдзурынмæ хъавынц. Зойæйы мад Федо нæ хъæуккаг Цогойты Гæдойы бинойнаг уыди, Зойæ дæр уыдонимæ царди. Йæ хистæр хо Афассæ — Плиты, Грисы бинойнаг. Зойæ йæ хæрæфырттæ кæмæй загъта, уыдон та - Афассæ æмæ Грисы лæппутæ Левæ æмæ Алан. Хабæртты бæлвырддзинæдтæ скъолайы ме ’мкъласонтæй базыдтон æмæ мæхинымæр дисы куыннæ хъуамæ бацыдаин! Федотæ мæ мадырвадæлты уæллаг фарс цардысты, æмæ-иу æй арæх федтон, фæлæ йæ сиахс, мах йе ’мдзæвгæтæ скъолайы кæмæн ахуыр кодтам — «Рæсугъд испайнагæн йæ цæрæн, Хъæздыг йæ бæстыхъæд æрдзæй...» - ахæм хъуыстгонд лæг уыди, уый нæ зыдтон æмæ йæм уыцы бонæй фæстæмæ кæсын райдыдтон бын- тон æндæр цæстæй. Уымæй къаддæр дис нæ фæкодтон, сæхимæ телефон кæй уыдис, ууыл дæр. Уæды онг, хæдзары телефонæн уæвæн ис, уый мæ зæрды кæрон дæр никуы ’рæфтыд æмæ сæм хуымæтæджы хæлæг ба- кодтон, сæ бинонтæ та мæм фæкастысты бынтон æндæр зæххыл цæрæг адæмы хуызæн... Хуыцауы афтæ бафæндыд, æмæ бирæ азты фæстæ æз уыцы бинон- тимæ хæстæг базонгæ дæн, æмæ дзы алкæй тыххæй дæр цы радзурон, уый ис, фæлæ уал уый размæ, чысыл фæстæдæр мæ царды цы ивд- дзинæдтæ æрцыди, уый тыххæй хæрзцыбырæй... Ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты Бæрæгъуыны авдазон скъола йеддæмæ нæ уыдис. Ирон æвзаг æмæ нын литературæ лæвæрдта Дзугкойты Зойæ. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ мах æппæт предметтæ дæр ирон æвзагыл кæй ахуыр кодтам. Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: æппæт предметтæ дæр. Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы уроктæй фæстæмæ уырыссагау иу урочы дæр нæ дзырдтой æмæ-иу Николаевскы станицæмæ, иронау иунæг ныхас дæр кæм нæ дзырдтой, уыцы скъоламæ куы бацы- дысты, уæд се ’мгæрттæй цауддæр нæ ахуыр кодтой, сызгъæрин май- дантæ дæр-иу сын радтой, институттæм цæугæйæ дæр фæстæдæр никæмæй задысты. Уæд ирон æвзаг ахуыр кæнын цалдæр къæпхæны уæлдæр æвæрд уыдис æмæ фæдисы дзæыгæрджытæ ничи цагъта, æрыгон фысджытæ æмæ журналисттæ нæй, артисттæ нæ фаг кæны, иронау фыс- сын нæ, фæлæ дзурын чи зоны, ахæм адæмы нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны, зæгъгæ. Гъе æмæ, æппæт предметтæ дæр иронау кæм ахуыр кодтой уыцы авда- зон скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыдтæн Николаевскы станицæйы астæуккаг скъоламæ. Уый фæстæ та - институтмæ. «Рæстдзи- над»-ы кусын куы райдыдтон, уæд фысджытæй кæимæ нæ базонгæ дæн, ахæм, зæгъæн ис, æмæ нал баззад. Уæлдайдæр, культурæйы хайады ку- сын куы райдыдтон, уæд. Кæд искæимæ тынг бахæлар дæн, уæд уыдонæй иу уыд Плиты Грис. Куы-иу мæ ауыдта, уæд мыл-иу хионау бацин код- та. Дзургæ та мæм кæд кодта «Дзасохты паддзах»-æй. «Сызгъæрин фест, сызгъæрин!» — бафтыдта ма-иу йæ ныхасмæ. Грисимæ хуымæтæджы зонгæ нæ уыдтæн, фæлæ мын хорз æххуыс кодта куысты мидæг. Йæ сæр мæ-иу кæм бахъуыд, уым-иу фылдæр хатт 194
мæ фарсмæ æрбалæууыд, куы нæ-иу æй æвдæлд, уæд та-иу мæ хатыр ракуырдта, кæннод та-иу мын, куыд бакæнын хъæуы, уый бацамыдта. Грисы-иу арæх ссардтон, кæддæр мæ дисы чи бафтыдта, уыцы телефоны фæрцы. Фылдæр-иу хæтæл систа Афассæ. Мæхи-иу ын куы бацамыд- тон, уæд-иу æнæмæнг арфæтæ кæнынмæ фæци: «Цæрæнбонтæ дæ уæд, Музафер!» æмæ та-иу йæ сæрыхицаумæ фæдзырдта: «Грисæ, Музафер дæм дзуры». Æппæт фысджытæ «Рæстдзинад»-имæ æнгом баст нæ уыдысты. Ахæмтæ дзы уыд, æмæ-иу къордгай азты сæ ном газеты нæ фæзынди, афтæмæй- иу сæм дзургæ дæр кодтам, мæнæ ахæм æмæ ахæм фарстайы фæдыл дæ хъуыды куы зæгъис, уæд æвзæр нæ уаид, зæгъгæ. Фæлæ, куы зæгъын, адæймаджы ныхас-иу кæмæ фехъуыст, уыдон бирæ нæ уыдысты. Кæд мæ исчи æмбæрста æмæ газеты куыстыл аудыдта, уæд — Плиты Грис. Сфæлдыстадон кусджыты æхсæн афтæ нымад у: æмдзæвгæтæ курди- атмæ, искæй фæндонмæ гæсгæ нæ фыссынц. Æмæ уый раст у. Фæлæ хаттæй-хатт афтæ вæййы, æмæ поэтæй цы фæдомынц, уый йæ мидхъуы- дытимæ баиу вæййы, æмæ уæд райгуыры æцæг поэтикон уацмыс... Фыццæгæм май æрбацæйхæццæ кодта. Уыцы рæстæджы та бæрæгбо- ны газет æмдзæвгæйæ фидыдта. Уый йæ ныр рохуаты ныууагътой, æндæр уæд кадджын уыд. Стæй канд бæрæгбоны заман нæ, фæлæ - кæддæрид- дæр. Æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ æндæр литературон уацмыстæ мы- хуыр кæнын йæхицæн хæсыл нымадта мыхуыры кæцыфæнды оргæн дæр. Ныр литературон æрмæгæн, зæгъæн ис, æмæ йæ фæндæгтæ алы ранмæ дæр æхгæд сты. Уый дæр не ’намонд дуджы зылынгæнæг миниуджытæй иу у, уымæн æмæ удсыгъдæггæнæн фæрæзтыл къух кæм систæуыд, уыцы æхсæнадæн фидæн нæй. Кæннод цы уавæры ис фельетон? Кæцы газеты ма йыл уæ цæст æрхæцыд? Чи ма тырны йæ ныффыссынмæ? Æви нæ хъæндзинæдтыл былар бафтыдæуыд? Сатирæйы джебогъæй кæй ныррæ- хуыстæуа, уый нал ис? Ис! Раздæрæй - фылдæр! Ныры хуызæн никуы хъæуы бырæттæ хурмæ калын, фæлæ сæ чи кала, уый нал и, уымæн æмæ нæхæдæг бырæтты бын стæм. Къæрныхтæ æмæ фæлитойтæ къæлæтджынты бадынц. Цæстфæлдахджытæ сыгъдæгзæрдæ адæмæн зон- дамонæг сты. Давын кæй фæнды, уыдонæй иу дæр æнæдавгæ кæм нæу, уыцы бæстæ абон кæуинаг у, райсом хъарæггæнинаг... О, æмæ майы бæрæгбонмæ æмдзæвгæ кæй бахъуыд, уый кой рацæй- кодтон. Редакцимæ-иу хæддзуйæ дæр æрбацыд, бæрæгбоны номыры чи сфидыдтаид, ахæм æмдзæвгæтæ, фæлæ дзы уæд, зæрдæ кæмæй барухс уыдаид, ахæм нæ разынд, æмæ Грисмæ æххуысмæ фæдзырдтон. Раст зæгъын хъæуы, хъуыддаг къуырцдзæвæнмæ не ’руагътон: бæрæгбонмæ ма дзæвгар бонтæ уыд æмæ поэтмæ мæ ныфс уымæй дæр хастон, нырма рæстæг ис, æмæ ахъуыды кæн, зæгъгæ. Ахæм курдиатыл-иу Грис кæддæриддæр зивæггæнгæ æмбæлд. Иуæй йын йæ сæйраг куыст къуы- лымпы кодта, иннæмæй та кæйдæр фæндонмæ гæсгæ хорз æмдзæвгæ зын фыссæн у, Грис та лæмæгъ æмдзæвгæтæ фыссын ахуыр нæ уыд. Тынгæй- тынгдæр æм куы хатыдтон, уæд мын æппынфæстаг сразы, ахъуыды, дам, кæндзынæн. Цалдæр боны рацыд, æмæ поэт йæхæдæг æрбадзырдта, 195
цыдæртæ ныххылы-мылы кодтон æмæ дæм сæ фæхæссын, зæгъгæ. Кæд, цы ныффыста, уый кæсгæ нæма бакодтон, уæддæр æууæндыдтæн, уац- мыс кæй фæрæстмæ, ууыл, уымæн æмæ йæ иугæр Плийы-фырт газетмæ æрбахæссыны хъуыдымæ æрцыд, уæд дзы зæрдæхсаинаг^ницыуал ис. Æмæ нæ фæрæдыдтæн. Грис мæм, æдзухдæр куыд кодта, афтæ машинкæйыл мыхуыргондæй æрбахаста сæрмагондæй «Рæстдзинад»-æн цы ’мдзæвгæйыл фæкуыста, уый. Нæма мæм æй радта, афтæ йыл рагацау тугтæ фæмысыди, лæмæгъ æй рахуыдта, кæй нæ фæрæстмæ, уымæн цалдæр æфсоны дæр ссардта. Æз æм хъуыстон, фæлæ тынг дызæрдыг кодтон йæ ныхæстыл, уымæн æмæ-иу уымæй размæ дæр йæ рæнхъыты тыххæй æндæрхуызон хъуыды никуы загъта. Райстон æмдзæвгæ æмæ йæ бакастæн. Мæ зæрдæмæ фæцы- ди. Арфæ йын ракодтон. Йæ къух райсынмæ йын хъавыдтæн, фæлæ мæм æй нæ лæвæрдта, хъазгæ мæ кæныс, зæгъгæ. Æз ын уæддæр йæ къух фидар нылхъывтон æмæ хъæрæй бакастæн, æмдзæвгæйæ тынгдæр мæ зæрдæмæ цы рæнхъытæ фæцыдысты, уыдон: Уалдзæджы тæккæ цырены Дуне амондыл фæхæст: Раст апрелы райгуырд Ленин Æмæ майы амард хæст! Бакастæн, зæгъгæ, загътон, фæлæ сæ дзургæ ракодтон, гæххæтмæ иу хатт дæр не ’ркастæн, афтæмæй. Раст зæгъын хъæуы, уымæй размæ сыл мæхинымæр цалдæр хатты мæ цæст ахастон æмæ сæ куы бахъуыды код- тон, уæд сæ авторы цур радзырдтон. Уымæй ма йын йæ зæрдæ ноджы тынгдæр балхæдтон. Раздæр ын цы ныхæстæ загътон, уыдоныл кæд истæмæй дызæрдыг кодта, уæд, мæнмæ гæсгæ, уыцы дызæрдыгдзинадæн йæ кой дæр нал уыд. - Оу, дæ цæрæнбон бирæ уа, - ныр та мын мæ къух Грис райста,— мæ зæрдæ мын æнæнхъæлæджы чи барухс кодта! Ахæм цаутæ ма мæ бон ноджыдæр æрымысын у, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, æрмæст ацы хабар дæр фаг у, цæмæй мын Грис куыд æххуыс кодта, уый цæстытыл ауайа, уымæн. Поэт-иу мæм йæхæдæг стæм хатт æрбахаста йæ фыстытæ. Фылдæр хатт-иу æм мæхæдæг æрхатыдтон. Фæлæ йæ «Рагон Ир», бирæ хъы- цъыдæттæ йын чи баназын кодта æмæ мæнæн дæр фыдæбоны хос чи фæци, йæ уыцы æмдзæвгæ йæхæдæг æрбахаста. Бакастæн æй, иу хатт нæ, фæлæ цалдæр хатты, йæхæдæг дæр мæ цуры уыд, афтæмæй. Иуцасдæр мæ бон сдзурын ницы баци. Цы историон цауты тыххæй фыста, уыдонæй зæрдæ йæхи къултыл хоста, кæд сыл бирæ æнустæ рацыд, уæддæр сæ æгъатырдзинадæй адæймаджы зоныгдзавд кодтой. - Æцæг уыди нæ историйы ахæм хабæрттæ? — æмдзæвгæйы тыххæй мæ хъуыды зæгъыны бæсты бафарстон æз. - Архивты æрмæгæй пайда кодтон. Æз æнæуи дæр зыдтон, æрымысæгтаг цауты бындурыл ахæм æмдзæвгæ ныффыссыны ныфс кæй никæмæ разындзæн - уæлдайдæр Плиты Грисмæ - 196
уый. Поэт мын радзырдта, нæ фыдæлтæ хæстон адæм кæй уыдысты æмæ- иу, цæмæй æхца бакусой, уый тыххæй æххуырсты бацыдысты. Афтæ дæр-иу рауад, æмæ-иу кæрæдзиимæ чи хæцыд, уыдон-иу дыууæты дæр баххуырстой æмæ-иу знæгтæ знæгты цæгъдыны бæсты алантæ аланты цагъ- той. Ме ’ргом ма цæмæ аздæхтон: майы бæрæгбонмæ цы ’мдзæвгæ ныф- фыста, уыимæ йæ ритмикæ иухуызон уыд æмæ дзы рефренæй æрттывта ахæм хъуыды: Цæй, цы ма йыл дзурæм бирæ - Ахæм диссаг рауад хæст: Кард бæрзонд фæхæссы ирон Æмæ ирон сæрæн — дзæхст! Хæст, дам, диссаг рауад! Хæст туг æмæ мардæй хæст куы у, уæд æй, цымæ, поэт «диссаг» цæмæн хоны, Царциаты диссаг, чи никуыма ’рцыд, ахæм диссаг? Кæд, мыййаг, ирон кард бæрзонд кæй фæхæссы, уымæн? Æмæ ирæттæй уæлдай иннæтæн тохы бацæугæйæ сæ кæрдтæ сæ кæрддзæмты тъыстæй баззайынц? Нæ, поэтмæ диссаг æндæр цыдæр кæсы. Уыцы «æндæр цыдæр» та уый мидæг ис, æмæ ирон ироны сæр кæй ныдздзæхст ласы. Ноджы йын кæцы ранмæ бахъавы? Йæ сæрмæ! Калмæн цы ми бакæнынц, ахæм ми йын бакæны: йæ сæр ын йæ гуырæй фæхицæн кæны. Гъе æмæ уыцы æвирхъау цау Грис хурмæ рахаста бирæ æнусты фæстæ, абоны фæлтæртæн радзырдта, цы уыди, уыдæттæ, æмæ сæм сиды, цæмæй ахæм хъуыддæгтæй сæхи бахъахъхъæной, фыдæлты æвир- хъау рæдыд мауал æруадзой. Æмдзæвгæ мæ зæрдæмæ фæцыди. Грисæн дæр æй загътон, æмæ ууыл нæ ныхас ахицæн. Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодтон. Редакторы размæ йæ секретариаты бакастысты, фæлæ дзы йæ къух ничи æрæвæрдта. Хъаны- хъуаты Валодямæ йæ афтæмæй бахастой. Цæуыл ныхас кодтой, уый цæмæй зыдтон, фæлæ редактор, æмдзæвгæ йæ къухы, афтæмæй мæ кусæн уатмæ æрбацыд. - Ацы æмдзæвгæйæн цы кæнæм? - бафарста мæ Валодя. - Мæнмæ гæсгæ, дæтгæ у. - Исты ныхас нæм дзы куы ’рхауа... Æргом дзургæйæ, æз мæхæдæг дæр æдас нæ уыдтæн. Куыддæр æй бакастæн, афтæ дæр мæм цыдæр дызæрдыгдзинады хъуыдытæ сæвзæрд, мæ мидæг цы цензор бадт, уый мын мæ размæ цыдæр цæлхдуртæ ’вæрдта, къухбакæнæнтæ йæм кæй агурдзысты, уый мæ рагацау дæр уырныдта. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд ыл секретариаты сæ къух æрæвæрдтаиккой, уæд мæм æй редактор дæр нал æрбахастаид. Мæхи кой куы кæнон, уæд мæ фæндон фидар уыд: мыхуыр кæнын æй хъæуы. Чифæнды цыфæнды дзурæд - дзуапп сын ратдзыстæм. Грисæй мæ фидар ныфс уыдис: архивы документтæ йæм цæттæйæ лæууыдысты. Валодя мæ коммæ бакаст æмæ дзы мæ цуры йæ къух бафыста, цы уа, уый уæд, зæгъгæ. Раст зæгъгæйæ, тынг дзы фæбузныг дæн, уымæн æмæ тарстæн, секретариаты йæ кæй нæ бафыстой, уый йæ куы бакъуылымпы кæна æмæ йын йæ фæндаг куы ’рæхгæна, уымæй. Разыйæ дзы кæй баззадтæн, уый исты хуызы куы 197
равдыстаин, уый мæ фæндыд æмæ, куы фæцæйцыд, уæд ма йæ фæстæ адзырдтон: — Бæрнондзинад æз мæхимæ райсдзынæн... Уæвгæ æз мæхимæ цыфæнды бæрнондзинад куы райстаин, уæддæр дзуапп дæттын редакторы хъуыд. Æмдзæвгæйы рацыдмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Уымæй ноджы къаддæр æнхъæлмæ кæсын бахъуыд, фысджыты иу хай йæ ныхмæ куы сыстад, уыцы рæстæгмæ. Редакторы телефон, æвæццæгæн, уыцы бонæй арæхдæр никуы дзæнгæрæг кодта. Дзырдтой йæм, æппындæр æрбадзурынæнхъæл кæмæн нæ уыдтæн, уыдон дæр. Æмæ цы нæ хуызы фаудтой æмдзæвгæйы?! Цæмæй нæ зылынджын кодтой авторы?! Ирон адæмыл цъыф калы! Нæ кадджын фыдæлты нын цæсты æфтауы! Нæ исто- ри нын зыгъуыммæйæ æвдисы!.. Валодя мæм йæ кабинетмæ фæдзырдта: — Уыцы дæлæмæдзыдмæ мæ хъусын хъуыди!.. Уый секретариаты кусæгæй загъта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йын æй уый мыхуыр кæнын нæ уагъта. — Уæд дæр дын куы загътон: æз цæттæ дæн дзуапп раттынмæ кæйфæнды раз дæр... — Ды цæттæ дæ, фæлæ дзургæ иууылдæр мæнмæ кæнынц... Æмæ канд фысджытæ куы уаиккой. Ныртæккæ та мæм Дзампаты Мæирбег дзырдта. Уыцы рæстæг Мæирбег куыста партийы Цæгат Ирыстоны обкомы мыхуыры секторы сæргълæууæгæй. — Фысджытæ, дам, æмдзæвгæйы ныхмæ радзурынмæ хъавынц. Цæдисæй дæр мæм дзырдтой. Æвæццæгæн, сæ писмо мыхуыргæнгæ æрцæудзæн... Æргом дзургæйæ, фысджытæ ахæм æмзонд разындзысты, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Грисы ныхмæ дзурынц, ирон ироны сæр куыд хъуамæ ныдздзæхст ласа, зæгъгæ, фæлæ цымæ ирæттæ уæвгæйæ, ныртæккæ ироны ныхмæ нæ сыстадысты? Æрбахастой мæм сæ иумæйаг писмо. Хæсгæ йæ редактормæ ’рбакод- той, фæлæ йæ мыхуырмæ бацæттæ кæнын мæхимæ ’рхауди. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уыд ахæм æрмæгыл кусын, фæлæ гæнæн нæ уыд: партийы обком æй дæттын кодта. Уый ныхмæ æрлæууын та дæ сæрæй æфсæн сис батонынмæ куы хъавай, уый хуызæн уыд... Кæддæр цыдæр ныхас рауад, æмæ æппынфæстаг партийы обком æмæ газетты æхсæн ахастдзинæдтæм рахызтыстæм. Нæ кусджытæй иу - То- майты Дзантемыр - дын афтæ куы бакæнид: «Ацы обком ма нæ куы нæ хъыгдарид...» Уыйау, иугæр хъуыддаджы обком бацыд, уæд ын хорзæй ахицæнмæ æнхъæлмæ ма кæс. Фысджыты писмо ныммыхуыр кæныны размæ мæм Дзампайы-фырт æрдзырдта, кæд газеты æмæ уыцы-иу рæстæг Грисы фарс фысджытæй исчи рахæцдзæн, уæд ын зæгъ æмæ йæ хъуы- дытæ ныффысса æмæ сæ мæныл сæмбæлын кæна. Нал æй хъуыды кæнын, кæд ма æндæр искæмæн дæр загътон, уæддæр, фæлæ мын фысгæ Мали- ты Васо йеддæмæ ничи ныккодта. Обкоммæ схæссыны размæ йæ мæнмæ дæр равдыста æмæ мæ зæрдæмæ фæцыд. Мæхæдæг куыд хъуыды кодтон 198
æмдзæвгæйы тыххæй, Васо дæр дзы афтæ загъта. Йæ фыст ын æз ба- кастæн, уый Мæирбег нæ зыдта æмæ мын æмдзæвгæйы тыххæй йæхи хъуыдытæ куы дзырдта, уæд дзы фæкодта, Васойы фысты цы бакаст, уыдонæй дæр. Дзампайы-фырт райдайæнæй фæстæмæ дæр газеты фарс уыд æмæ, цас йæ бон уыд, уыйбæрц архайдта уавæр фæлæмæгъдæр кæны- ныл, фæлæ йын дзы ницы рауад. Фысджытæ дæсæй сæ къухтæ кæм ба- вæрдтой, уыцы писмо мыхуыргонд æрцыд 1968 азы 21 сентябры. Хъуыддаг ууыл ахицæн уыдзæн, уый æнхъæл, чи зоны, редактор уыди, фæлæ мæнæн дзæвгар рæстæг ме уæнджы мигъ бадти: искæцырдыгæй ма мын куы смаст кæной, уымæй тарстæн, фæлæ Хуыцау мæ фарс уыд æмæ ныхас дæр никæмæйуал фехъуыстон. Бæстæ куы ’рсабыр æмæ Грисæн, цы зæгъинаг уыдысты, фæлæ йын цы зæгъын не ’мбæлд, уый куы загътой, уæд ма йыл мидбылхудгæйæ æз дæр бафтыдтон: Дзомс бæрзонд фæхаста обком Æмæ Грисы сæрæн — дзæхст! Грис хъæлдзæг адæймаг уыди, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд нæ фæрæди- дзынæн. Уарзта хъазын æмæ худын. Уыимæ йæхиуыл дæр нæ ауæрста. Зæрондырдæм цæстæй хорз нал уыдта æмæ уымæй тыхсгæ куыннæ код- та, фæлæ æрхæндæг йæхимæ хæстæг нæ уагъта. Йæ цурмæ æрбацæугæйæ- иу дæ фылдæр хатт нæ базыдтаид, фæлæ дæ дзыхæй ныхас схауд, зæгъгæ, уæд-иу дæм уайтагъд дæ номæй сдзырдтаид, арфæ дын-иу ракодтаид æмæ ма-иу йæ ныхасмæ бафтыдтаид: - Нал дæ базыдтон, уæйыг-лæг, нал, саугуырм бадæн, къодах дæр къодах æмæ æз дæр къодах... 1964 азы Цæгат Ирыстоны автономийыл сæххæст дыууиссæдз азы. Кадджын бæрæгбонмæ республикæйы æппæт фæллойгæнджытимæ сæхи цæттæ кодтой аивад æмæ литературæйы кусджытæ дæр. Мæскуыйæ ссы- дысты центрон мыхуыры минæвæрттæ, уыдонимæ æрвылкъуырион газет «Литературная Россия»-йы уацхæссæг, зындгонд фыссæг, «Нарты кад- джытæ» уырыссаг æвзагмæ тæлмацгæнæг Юрий Либединскийы бинойнаг Лидия. Уымæн йæ зæрды уыди стыр æрмæг ныффыссын. Цæгат Ирыс- тоны юбилейы бон хъуамæ сæ газеты фыццаг фарсыл радтаиккой ирон фыс- джыты къорды хуызист. Хъуыды ма йæ кæнын, уæд фысджыты Цæдисы сæрдарæй куыста Цæгæраты Максим. Телефонæй мæм сдзырдта, хъуыд- дагæн мæ хъæуыс, зæгъгæ, æмæ фысджыты Цæдисмæ æрцыдтæн. Куыд бамбæрстон, афтæмæй хистæр фысджытимæ хъуамæ æрыгæттæй дæр исчи уыдаид æмæ уыцы «исчийæн» мæн равзæрстой. Хуыз исыны бар та æрхаудта газет «Социалистическая Осетия»-йы къамисæг Евгений Мозговмæ. Цалдæр машинæйы бабадтысты разагъды ирон фысджытæ Мамсыраты Дæбе, Токаты Асæх, Дзадтиаты Тотырбег, Ардасенты Хадзыбатыр, Хъай- тыхъты Геор, Плиты Грис, Цæгæраты Максим, Цырыхаты Михал æмæ ацы рæхъыты автор. Уæдмæ мæнæн мыхуыры иу чиныг дæр нæма рацыд (ме ’мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Фыды фарн» уыди типографимæ арвитынæввонг), фæлæ, æвæццæгæн, нæ хистæрты, фæсивæдмæ фаг 199
хъус нæ дардтой, зæгъгæ, кæй фæфауæм, уымæй бынтон раст нæ вæййæм, æндæр, сæ кой Ирыстоны арæнтæй кæмæн айхъуыст, уыдоны æхсæнмæ, нымадæй цалдæр æмдзæвгæйы чи ныммыхуыр кодта, ахæм лæппу нæ бахаудаид... Мозгов раззаг машинæйы бадт æмæ шофыр уый амындтытæ æххæст кодта. Евгений, къам кæм хуыздæр рауайдзæн, уый^зыдта æмæ нæ Арвы комы рæсугъддæр бынæттæй иу ранмæ баласта. Йæ алыфарсмæ бирæ фæракæс-бакæсы фæстæ нæ къардиугонды нæууыл æрбадын кодта. Не ’ппæты дæр, Хъайтыхъты Георæй фæстæмæ. Куыддæр хуыз исыны рæстæг æрхæццæ, афтæ нæм Мозгов дзуры: - Иууылдæр Геормæ кæсут. Грис, цыма уыцы ныхæстæм рагæй æнхъæлмæ каст, уый хуызæн афтæ куы фæкæнид: - Æмæ, дæумæ гæсгæ, уый æнцон хъуыддаг у? Иууылдæр ныххудтысты. Худти Геор йæхæдæг дæр. Æппынфæстаг уæддæр Грисы фæндон фæуæлахиз. Къамы рауадыстæм, Геормæ нæ, фæлæ, иуфарсырдæм кæсгæйæ... Грисимæ нæ хæлардзинад нæ фæлæмæгъдæр, Цæгат Ирыстоны теле- уынынад æмæ радиохъусынады комитет æмæ «Ногдзау»-ы кусын куы райдыдтон, уæд дæр. Хъуыды ма кæнын, йæ поэмæ «Мады фæдзæхст» Цæгат Ирыстоны адæмон артист Темыраты Дауытæн куы бакæсын код- там, уæд ын цы стыр æхсызгондзинад æрхастам, уый. Куыддæр æй фыццаг хатт ралæвæрдтам, афтæ мæм Грис телефонæй æрбадзырдта æмæ мын диссаджы арфæтæ фæкодта. Махæй уыйбæрц бузныг кæм фæци, уым Темыраты Дауытæн йæхицæн цы ныхæстæ загътаид, уый зын бам- барæн нæ уыд. Æмæ ма ноджыдæр иу ахæм чысыл цау. Æртæ азæй чысыл фылдæр акуыстон партийы обкомы политикон Рухсады хæдзары, ныртæккæ Аи- вæдты хæдзар кæм и, уыцы агъуысты æртыккæгæм уæладзыджы. Грис, кæд нæ рæдийын, уæд фыста йæ зындгонд трагеди «Сослан Цæрадзон». Æвæццæгæн ын сæхимæ кусыны фадæттæ нæ уыд æмæ политикон Рухса- ды хæдзары разамындæй ракуырдта, цæмæй йын уæгъд уæттæй иуы ку- сыны бар раттой. Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ нæ загътой йæ фæндо- ныл, æмæ къорд рæстæджыты Грис алы бон дæр цыди æртыккæгæм уæла- дзыгмæ, мæ кусæнуаты фарсмæ цы агъуыст уыди, уырдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз æй никуы ницæмæй бахъыгдардтон, фæлæ йын цы уат радтой, уый рæзты фæцæйцæугæйæ-иу арæх хъуыстон йæ хъæрæй ныхас. Цы ныффыста, уый-иу каст, æви цы ныффыссинаг уыд, уый-иу раздæр дзырдта, уый зын равзарæн уыд, фæлæ рахатыдтон, йæ хъæлæс раив- баив кæй кодта. Раздæр куыд загътон, афтæмæй Плиты бинонтимæ се ’ппæтимæ дæр базонгæ дæн. Левæимæ иу рæстæджы куыстам телерадиокомитеты. Алан кæд мæнæй цалдæр мæйы кæстæр у, уæддæр уыди мæ ахуыргæнæг Мæс- куыйы СЦКП-йы ЦК-йы цур Уæлдæр партион скъолайы. Уым стыр кад уыди философоннаукæты доктор, профессор Плиты Аланæн. Махæн касти философи. Йæ предметæй паддзахадон фæлварæнты райстон «иттæг 200
хорз» бæрæггæнæн. Стæй канд уый предметæй нæ, фæлæ иннæ пред- меттæй дæр. Цыбыр ныхасæй, Уæлдæр партион скъола каст фæдæн «сырх дипломимæ». Мæскуыйы базонгæ дæн Грисы чызг Мæдинæимæ. Уæд кæнæ аспирантурæйы ахуыр кодта, кæнæ уырдæм фæлварæнтæ лæвæрдта... Адæймаджы цардæн райдайæнау ис кæрон. Нал сты Грис æмæ Афассæ, нал ис сæ хистæр фырт Левæ дæр, фæлæ дзы алчидæр йæ фæстæ ныу- уагъта, адæмæн циндзинад чи хæсдзæн, ахæм сфæлдыстадон бынтæ, сæ иу литературæйы, иннæ — театры, аннæ та — кинойы аивады... XV Абайты Васойы ном мæ чысылæй фæстæмæ хъусын. Кæд ма исты зонын, уæд ахуыргæнæн чингуытæй кæцыдæры ахæм фыст уыди: «Абай- ты Васо у профессор». Уымæй размæ дæр профессор мæ цæсты кадджын куыннæ уыдаид, фæлæ ахæм ном ирон лæг кæй хæссы, уый куы базыд- тон, уæд дзы цыма æз дæр цыдæр хайджын уыдтæн, афтæ мæм касти. Ноджы мæ фыды фыдыхо Лубæ алагираг Абайты Максимы бинойнаг уыд, æмæ мын уый дæр мæ циндзинадыл æфтыдта: Васойы цæмæдæр гæсгæ мæхицæн хионыл нымадтон. Адæймаг куы цæра, уæд йæ карыл куыннæ хъуамæ æфта! Рæстæг куыд цыди, афтæ арæхæй-арæхдæр хъуыстон номдзыд ахуыргонды ном. Пед- институты ахуыр кæнын куы райдыдтон, уыцы азты фæзынди мыхуыры «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат». Уæды фæсивæдæн уый стыр æхсызгон хабар уыди æмæ, кæд цыфæнды цыбыркъух уыдыстæм, уæддæр æй чи нæ балхæдта, ахæм бирæ разындаид, уый мæ нæ уырны. Æхсæз æмæ дыууиссæдз азы размæ федта «Дзырдуат»-ы фыццаг том ду- нейы рухс, фæлæ йæ ныр дæр мæ къухмæ куы райсын, уæд ын æппæты фыццаг фæкомкоммæ вæййын, йæ раззаг фарсыл цы фыст ис, уымæ: «Арын дзы мæ мады ном». Цас æмæ цас æнкъарæнтæ ис ацы цалдæр дзырды! Цал æмæ цал хъуы- дыйыл бафтауынц, йæхи æцæг адæймаг чи хоны, сæйрагдæр та, адæм ахæм лæгыл кæй нымайынц, уый! Афтæ куы зæгъæм, Абайты Васойæн йæ бирæ ахсджиаг æмæ бындурон куыстыты æхсæн сæ тæккæ сæйрагдæр æмæ цæстыахадгæдæр «Дзырдуат» у, зæгъгæ, уæд нæ фæрæдидзыстæм. Гъе æмæ йæ уыцы æвæджиауы чиныгæй - кæд ын иу сæргонд ис, уæддæр фондз чиныгæй арæзт у — Абайы-фырт ссардта, лæгæн æппæты зынаргъдæр æмæ уарзондæр чи у, уый — ныййарæджы ном. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ æрмæст уыцы цалдæр дзырды дæр æвдисæн сты, Васойы риуы цавæр зæрдæ тæлфыд, уымæн. Æнахуыргонд хæххон сылгоймаг, ома Васойы мад, абон æгас куы уаид, уæд йæ хъæбулы чингуытæй бирæ цыдæртæ базонын йæ бон нæ бауид, фæлæ хорз æмбарид, Васо сыл йæ æнусы æмбай цард нывондæн кæй æрхаста, йæ уды фылдæр хъарутæ кæуыл ба- хардз кодта, уыцы фæллойæ та йын йæ ном кæй ссардта. Æмæ кæд афтæ фæзæгъынц, ныййарæджы фыдæбон ничи бафыста, зæгъгæ - æмæ уымæй раст вæййынц — уæддæр æз бафиппаин: кæд искуы исчи ныййарæджы раз йæ хæс бафидынмæ хæстæг бацыд, уæд уыдоны фыццаг рæнхъыты 201
лæууы, йæ мады сыгъдæг цæсгом хъуыдыгæнæг, мæрдтæм ын йæ бирæ лæггæдтæбафидæг Абайты Васо дæр... Бонтæ цыдысты, азтæ згъордтой, фæлæ мын Васоимæ фембæлын, мæн кæд фæндыд, уымæй бирæ фæстæдæр бантыст. Абайы-фырт мын мæхи кой искуы фехъусдзæн, уый та мæ зæрды кæрон дæр никуы æрæфтыд. Уæвгæ, дунейы цы нæ диссаг æрцыд, ахæй нæй. Уæдæ дзы æнæнхъæлæджы хъуыддæгтыл дæр куыннæ сæмбæлæм... Цæвиттон, уыцы аз Васо Мæскуыйæ ссыди йæ райгуырæн бæстæмæ. Уымæй размæйы хуызæн та йын уæд дæр фембæлдтытæ уыди интелли- генцийы минæвæртгимæ. Хъыгагæн, уыдонæй æз иумæ дæр нæ бахауд- тæн: цыма отпуск уыдтæн æмæ фысджыты сфæлдыстадон хæдзары улæ- фыдтæн — уæвгæ-иу уым та улæфгæ чи кæд кодта! — афтæ мæм кæсы. Цыдæриддæр уыди, уæддæр иу ахæм фембæлды рæстæг ныхас литерату- рæйыл рауад æмæ — цы уавæрты уыдаид — Хуыцау йæ зонæг — Васо ме ’мдзæвгæ «Зæххы уæз»-ы кой ракодта. Цалдæр рæнхъы, дам, дзы адæмы зæрдыл лæууын дæр æркодта. Ацы хабар мын, фембæлды чи уыд, иу ахæм адæймаг дзырдта, фæлæ мыл мæрдырох бахæцыд æмæ, чи уыд, уый нал хъуыды кæнын. Фæстæдæр, ома хабар мæ хъустыл куы ’рцыд — хъусгæ та йæ дзæвгар фæстæдæр æнæнхъæлæджы фæкодтон - уæд æй Малиты Васойæн дзырдтон æмæ мын æй уый дæр, куыд фехъуыстон, афтæ рафæзмыдта. Раст зæгъын хъæуы, мæхинымæр дисы бацыдтæн, ахæм хуымæтæджы æмдзæвгæйы Васойы зæрдæмæ цы хъуамæ фæцыда- ид, зæгъгæ, æмæ йæ, ногæй бакæсгæйæ æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: цыфæндыйæ дæр, æмдзæвгæйы фæллойы тыххæй цы рæнхъытæ уыдис, уыдон ын балхæдтаиккой йæ зæрдæ, уыдонмæ гæсгæ сæ бахъуыды кодта- ид æнæ чиныгмæ кæсгæйæ, уымæн æмæ цæрæнбонты йæ хъарутыл ни- куы бацауæрста, йæ тыхтыл фæстæмæ никуы фæхæцыд. Æмдзæвгæйы та уыдис ахæм рæнхъытæ: Зарæджы æнæрцæф мыртæм хъусыиæй Феицайдзæн æфхæрд зæрдæ йæ рыстæй. Адæймаг нæ баихсидзæн кусынæй, Баихсидзæн адæймаг æгуыстæй. Здæхдзыстæм уæлахизимæ мин хæстæй, Иæй фæллайæн амондмæ цæуынæй. Ма кæсæм нæ хъарутæм æлгъин цæстæй, Ма тæрсæм нæ хъарутæн фæуынæй. Мæ иу хорз зонгæ афтæ дзураг уыдис: иу рæдыд кæсæджы молло дæр кæны. Уыйау, æз дæр хатыр курын, мæ фысты мæхи рæнхъытæ кæй æрхастон, уый тыххæй, фæлæ ацал-ауал азы афтæ иу кæнæ дыууæ хатты йеддæмæ никуыма бакодтон æмæ мын Къостайы загъдау «барст... уæд ацы тыхтона». Ацы хабар, кæрæдзийы хорздзинад уынгæйæ рынчын кæй кæнæм, тынгдæр уый тыххæй радзырдтон, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Васо- имæ лæгæй-лæгмæ куы фембæлдтæн, уыцы хабæрттæм рахизынæн цыдæр бастдзинады фæрæз кæй у, уый тыххæй дæр. О, æмæ уыцы фембæлдыл 202
цас рæстæг рацыдаид, уый ма абон чи хъуыды кæны, фæлæ дын иуахæ- мы нæ университеты профессор, зындгонд ахуыргонд Тахъазты Харумыл куы амбæлин æмæ ныхас Абайты Васомæ (мæнмæ гæсгæ та цыма уæд дæр ам, Ирыстоны, уыдис) куы рахизид. Æмæ мын ахæм кой ракодта. Зындгонд куыд у, афтæмæй Васойæн бирæ ахуыргæнинæгтæ уыдис, бирæ нæ, фæлæ индоирайнаг æвзагзонынады фарстатыл Чи куыста, уыдонæй ахуыргонды фæллæйттæй чи нæ спайда кодта, стæй дзы йæ комкоммæ æххуыс чи нæ банкъардта, ахæм зынæй разындзæн. Уыдонæй иу у Тахъазты Харум. Кæрæдзийы хорз зыдтой, хæларæй цардысты, хæларæй чи фæцæры, уыдон та канд официалон уавæрты нæ фембæ- лынц, фæлæ, сæ зæрдæтæ кæм раргом кæнынц, ахæм уавæрты дæр. Ахæм заман рауадаид ныхас, æвæццæгæн, мæн тыххæй, æндæр Васо æндæр уавæры афтæ нæ бафарстаид: «Музафер дзæбæх лæппуйы каст куы кæны, уæд йæ фыдгой афтæ тынг цæмæн кæнынц?» Куы зæгъын, ацы хабæртгæ Харумæй фехъуыстон. Кæйдæрты зæрдæмæ кæй нæ цæуын, диссаг мæм уый нæ фæкаст: ахæм адæймаг нæй, адæм се ’ппæт кæй уарзынц — кæд иуæй-иу чындздзон чызджытæ ахæм моймæ фæбæллынц, уæддæр. Уæдæ мæ фæсаууонмæ кæй фаудæуыд, уым дæр диссагæй ницы уыд: хъæдбыны канд æлдары кой нæ фæкæнынц. Чи ни- куыма ’рцыд, ахæм хъуыддагыл банымайæн нæ уыд, Васо ме ’мдзæвгæ (о, хæдæгай, Васо, дам, ма афтæ дæр загъта: «Дзасохты Музафер чи у, уый зонгæ дæр нæ кæнын, фæлæ йе ’мдзæвгæ мæ зæрдæмæ фæцыди») æнæчиныгмæ кæсгæйæ кæй радзырдта, уый кæмæндæр хъыг кæй уыд: иу иннæйы хорздзинадмæ кæд фæбæллы! Диссаг мæм бынтон æндæр хъуыд- даг фæкаст: æппæт дунейы дæр йæ ном хъуыстгонд кæмæн у, уыцы ахуыр- гондимæ фембæлыны фадат дын фæуæд æмæ йемæ мæ фыдгой ракæнын йеддæмæ æндæр ныхасаг ма ссар, æндæр фарстатæй дын дæ зæрдæ ма- кæцы срæхойæд!.. Цæй, алчидæр Хуыцауы уазæгуæд, алкæмæн йæ цæсгом æмæ йе ’фсарм та — йæ тæрхонгæнæг. Абайты Васойы тыххæй уыди ныхас æмæ уырдæм фæстæмæ рахизынмæ хъавын. Уæлдæр ма йæ куы загътон: Васоимæ фембæлдтæн, мæн кæд фæнды- ди, уымæй бирæ фæстæдæр, фæлæ йæ фыццаг хатт куы федтон, уæд мæм профессоры хуызæн нæ фæкаст. Мæнæн институты лекцитæ цы про- фессортæ каст, уыдонæй иу дæр ахæм къæсхуыр нæ уыд. Зонгæ ахуыр- гæндты мын мæ зæрдыл не ’рлæууын кодта йæ хъæлæсыуаг, йе сныхас æмæ йæ фезмæлд дæр. Цыбыр дзырдæй, æз æнхъæлмæ кастæн æндæр Абайты Васомæ, уымæн æмæ мæ цæстытыл уади æндæрхуызонæй. Цавæрæй, уый зæгъынмæ базивæг кодтаин, фæлæ, æз цы Васойы фед- тон, ахæм бæлвырд нæ уыд. Дзырд дæр ыл нæй, Абайы-фырты дзыхæй фыццаг ныхас куы схауд, уымæй суанг фембæлды кæронмæ мæ хъуыды ивгæ цыд æмæ ахуыргонды фæлгонц мæ разы стырæй-стырдæр кодта æмæ æппынфæстаг мæ цæстыты раз сыстад, уый размæ æппындæр æнхъæл кæмæн нæ уыдтæн, йæ зонындзинæдтæ, уæздандзинад æмæ хæдæфсармæн æмбал кæмæн нæ уыди, ахæм адæймаджы фæлгонц. 203
Бынтон бирæ хæттыты фембæлдыстæм, зæгъгæ, зæгъын мæ бон куы уаид, уæд æй нæ басусæг кæнин, фæлæ йыл къорд хатты кæй фембæлдтæн, уый бæлвырд у, стæй-иу алы фембæлды фæстæ дæр мæ зонындзинæдтыл кæй бафтыд, кæй-иу фæхъæздыгдæр дæн, уый дæр æцæгдзинад у. Æппæт хабæрттæ мæ зæрдыл хорз нæ бадардтон, фæлæ дыууæ фембæлды тыххæй мæ бон бæлвырд радзурын % уымæн æмæ, цы дзырдта, уыдон магнитофоны лентыл^ фыст æрцыдысты. 1981 азы Васо уыдис Ирыстоны. Йæ фæллад уадзгæйæ йæхи дзæбæх кодта Урсдоны. Уыцы рæстæджы уым уыдис мæ мады кæстæр æфсымæр Хосаты Хæчъассæ дæр. Æрзæткъахæнты бирæ фæкуыста, йæ зæнгтæ æмæ цæнгтæ фæсахъат сты æмæ-иу санаторитæм арæх цыд. Æртæ ’мæ ссæдз азы размæ йын путевкæ уырдæм радтой æмæ йæ абæрæг кæнын сфæнд кодтон. Хæблиаты Сафарæн мæ фæндон бамбарын кодтон. Абайты Васо дæр уым ис, уый куы базыдта, уæд ын уыд уæлдай æхсызгондæр æмæ майрæмыкуадзæны мæйы авд æмæ ссæдзæм бон балцы араст стæм. Раздæр кæмæ бацыдыстæм, уый ма чи хъуыды кæны, фæлæ Васо æмæ йæ би- нойнаг Цхуырбаты Ксеняимæ уазæгуаты баййæфтам хæххонхъæууонхæ- дзарадон институты ахуыргæнæг, профессор, философон наукæты док- тор Хачырты Æмзоры. Нæ бацыд сын æхсызгон кæй уыд, уый уайтæккæ дæр бамбæрстам æмæ нын хæлар ныхас бацайдагъ. Васо мæ бафарста: — Кæцы Дзасохтæй дæ? Дзасохтæ Хуссар Ирыстоны дæр цæры. М у з а ф е р. О, цæры. Мæ фыд Бадыхъæуы райгуырди. В а с о. А-а, Уæлладжыры. Æмæ кæрæдзимæ æрвадиуæг хæссут? М у з а ф е р. О. Уыдон афтæ зæгъынц, мах, дам, Бадыхъæуæй ралидзгæ стæм. В а с о. Æвæццæгæн, афтæ уыдаид. Цæгатæй Хуссармæ лыгъдысты, ныр та фæстæмæ лидзынц, Хуссарæй Цæгатмæ. С а ф а р. Библийы афтæ зæгъынц: алцыдæр дæр, дам, йæ бынатмæ ’рыздæхы. В а с о. Афтæ, афтæ. М у з а ф е р. Васо, æмæ де ’нæниздзинад куыд у? Дзæбæх? В а с о. Дзæбæх.^Саг, дзæбидыры хуызæн. М у з а ф е р. Йемæ Хуьщау зæгъæд. Тузар, зæгъгæ, нæ зыдтай, Абайтæй? Алагирæй. В а с о. О, зыдтон. М у з а ф е р. Уымæн йе ’фсымæры ус уыди мæ фыды фыдыхо... Лубæ. В а с о. Ирон адæммæ уыцы хорздзинад ис: хæстæг дардмæ хæссы. Æз-иу лæппуйæ бирæ цыдтæн Ирыстоны хъæутæм æмæ-иу ахæм хъæу æмæ ахæм хæдзар нæ уыди, æмæ мын кæцырдæмдæр хæстæг чи нæ ра- зындаид. Вазыгджын бастдзинæдтæ-иу æнæмæнг хæстæгдзинадмæ æркод- той. Хæстæгдзинадæн стыр ахадындзинад уыд, уымæн æмæ хъуамæ искæй уазæгуарзондзинадыл дæ зæрдæ дардтаис. Хæстæгдзинад кæм уыд, уым та уазæгуарзондзинадæн æнæуæвгæ нæ уыд. Æз-иу Захъайы Абайтæм куы бафтыдтæн, уæд-иу цыма сæхи хæдзайраг уыдтæн, ахæм цæстæй-иу мæм ракастысты. Афтæмæй та-иу, кæрæдзийæн куыд хæстæг уыдыстæм, уымæн раиртасæн нæ уыд. 204
Æ м з о р. Хæстæг та-иу уæвгæ уыдыстут? В а с о. О, фæлæ уыцы хæстæгдзинады уидæгтæ кæцæй æвзæрдыс- ты, уый сбæлвырд кæнын никæйуал бон уыд. Уæвгæ, уымæ æргом ничи здæхта. Æз-иу кæцыфæнды Абайтæм дæр бацыдтæн мæхи хæдзармæ цæуæ- гау. Уайтагъд-иу æфсинтæ базмæлыдысты. Чъиритæ кæнынмæ-иу фев- нæлдтой, кусарт-иу акодтой. Цыбыр рæстæгмæ-иу фынг арæвдз: уæли- бæхтæ, арахъхъ, кæд уæд дæр æмæ ныр дæр нозтмæ хæстæг никуы цыдтæн, уæддæр. Цыбыр ныхасæй, бæркад-иу йæ былтæй акалд. Æ м з о р. Кусарт дæр-иу... В а с о. Уый кой дæр кæныс! Уымæй хуымæтæгдæр хъуыддаг дзы ницы уыд. К с е н я. Уæд фыдызгъæлмæ æмхицдæр уыд. Ныр æй нал хæры. Ныр ма йæ æрмæстдæр æз хæрын. В а с о. О, уый раст у. Ныр та? Хъæдурджынæй цы зæгъыс, уый зæгъ. Стæй мисыны къус дæр. С а ф а р. Мисын нал бæззы. Стæй кæрдзын дæр. Газы пецыл æй куы сфыцай, уæд æй хус кæны æрмæстдæр. К с е н я. Ма зæгъ. Мæскуыйы газы пецыл кæрдзын куы сфыцын, уæд мын æвзæр нæ рауайы. Æрмæст сæ стыртæ кæнын нæ хъæуы. Гыц- цылтæ хуыздæр уайынц. М у з а ф е р. Æмæ уын ссад та кæм вæййы? Ардыгæй уын арвитынц? К с е н я. Чи нын æрвита, ахæмтæ ис. В а с о. Æрæрвитынц нын. С а ф а р. Махæн Абайтæй уыд хорз сиахс, Захар, зæгъгæ. Ахуыр- гонд. БМК-йы инженерæй куыста. Йæ фырттæй иу — Эрик, иннæ — Алик. Ныртæккæ уæртæ Сæлхийы цæрынц. В а с о. Абайтæ... Цъæйы, Захъайы, Къобы, Сыбайы... М у з а ф е р. Дыгуры Абайтимæ иу не сты? В а с о. Уыдон цыма æндæр сты. Дыгурæттæ Æбатæ сты. Æбатæ æмæ Абайтæ хицæн сты. Дзасохтæ та Уæлладжыры æмæ Хуссар Ирысто- ны... Хуссар Ирыстоны кæцы хъæуты сты? М у з а ф е р. Уанелы, Тлийы. Уартæ дзы Лагодехы районы дæр цæры, Къахеты. В а с о. Уыдтæ сæм искуы? М у з а ф е р. Къахеты уыдтæн, фæлæ дзы не ’рвадæлтæй никæмæ бафтыдтæн. Чъребайы уыдтæн. Уыдон ирон æгъдæуттыл фидардæр хæцынц, уазæгыл æнувыддæр сты. В а с о. О, о, се ’взаг, се ’гъдау нæ сафынц. Мах ацы сæрд Бакури- анийы уыдыстæм, æмæ уырдæм хæстæгхъæуты ирæттæ бирæ цæры. Уыдон дæр се ’взаг нæ рох кæнынц. (Фæстæдæр уырдыгон ирæттæй иу — Тыбылты Батрадзимæ базонгæ дæн. Уый ахуыргæнæгæй куыста æмæ мын уыцы фембæлдтытæй иуы тыххæй бæлвырддзинæдтæ радзырдта. Васоимæ фембæлд Гудзареты цæрджытæн бæрæгбоны хуызæн уыдис. Бæркадджын фынгтæ дæр куыннæ æрæвæрдтой, фæлæ, дам, цыма куывдмæ цыдысты, уый хуызæн алыр- дыгæй хуынтæ хастой. Васойы, кæй зæгъын æй хъæуы, кадджын бынаты 205
сбадын кодтой. Фембæлд æгæр дæргъвæтин куы хаста, уæд ахуыргондмæ æрхатыдысты, дæ фæллад суадз, зæгъгæ, фæлæ семæ не сразы, æхсыз- гон, дам, мын у, Гуырдзыстоны зæххыл цы ирон адæм цæры, уыдо- нимæ ныхас кæнын, са^фыдæлты æгъдæутгыл куыд æнувыд сты, уымæ зæрдæрайгæйæ кæсын. Йæхи тыххæй куы ныхас кодта,"уæд сын радзырд- та йæ сабийы бонты тыххæй дæр. Цæрдæг лæппу, дам, уыдтæн æмæ-иу хистæртæн исты лæггад куы бакодтон, уæд-иу мын афтæ загътой: «Бирæ фæцæр!» Æмæ мыл хистæрты арфæ ’рцыд. Уыцы ныхæстæ-иу дзы æз мæхæдæг дæр фехъуыстон). М у з а ф е р. Æз радиойы кусын æмæ Турчы цæрæг ирæттæй ардæм исчи куы ’рбацæуы, уæд сын сæ раныхæстæ ныффыссæм. Дзургæ хорз нал кæнынц, фæлæ уæддæр сæ мадæлон æвзагыл дзурыныл архайынц. В а с о. Мах уыдыстæм Турчы, æрмæст дзы ирæттыл нæ сæмбæлдыстæм. Абхазæгты федтам æмæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй, Кавказæй чи ацыд, уыдоны се ’гасы дæр хонынц черкестæ. Кæрæдзи- уыл, дам, тынг хæцынц. Туркимæ уыйбæрц лымæн не сты. Не ’мбæс- тæгтæ æфсæддон службæмæ рæвдз сты, уарзынц, дам, æй. Бирæ сæм ис инæлæрттæ дæр. Уым байгом кодтой бæхджын æфсады уæлдæр скъола. Сæ хицауад, дам, иууылдæр сты ирæттæ, кæсгæттæ æмæ афтæ дарддæр. Афтæ æрбынæттон сты, æмæ уырдæм, Кавказæй чи рацыд, уыдоны йеддæмæ никæй исынц. Ноджы архайынц хæстæгдзинад дæр сæ кæрæдзи- имæ кæныныл. С а ф а р. Фæлæуу-ма, ам ма фæстагмæ Турчы цæрæг ирæттæй, æнхъæлдæн, Хосонты лæппу уыд. М у з а ф е р. Азæмæт Æлбегаты. Уый Сирийæ æрбацыд. Йæ ус араббаг у, фæлæ йæ иронау сахуыр кодта æмæ махимæ иронау дзырдта. В а с о. Патрис Лумумбæйы номыл университеты дзы цалдæрæй ахуыр кодтой, фæлæ уыдон дæр Сирийæ уыдысты. М у з а ф е р. Уыцы Азæмæт дæр уым ахуыр кодта. Ам, нæхимæ, Ирыстоны дæр уыди. Йæ ахуыргæнæг Берозты Темырболатимæ. В а с о. О, о, ахуыр фæци, ныр та туристы хуызы æрбацыд ардæм. Æз æй нæ федтон, фæлæ мæ ахуыргæнинаг Исаты Мæхæмæтмæ уазæгуа- ты уыд. Уый мын куыд дзырдта, афтæмæй ирон æвзаг зоны. Ам йæ зæрдæмæ цыдæртæ нæ цæуы, цыдæртæ та цæуы. М у з а ф е р. Æмæ æз уыцы Азæмæтимæ ныхас кодтон, ардæм цæ- уыннæ рацæут, зæгъгæ, йæ фарстон æмæ мын афтæ радзырдта: «Æз ирон дæн, фæлæ уым райгуырдтæн, уым схъомыл дæн æмæ ардæм куы ’рба- цæуон, уæд, цы кусдзынæн, уый нæ зонын. Куыд цæрдзынæн, уый дæр — афтæ, цæмæй цæрон, уый мын нæ уыдзæн æмæ ауыгъды хуызæнæй баззайдзынæн». В а с о. Нæ царды цы хъæнтæ ис, уый дæр фенынц, æвæццæгæн. М у з а ф е р. Æз фæззæджы Венгрийы уыдтæн. Уым Балатоны цады былгæрон ис, зындгонд композитор Имре Кальман кæм райгуырд, уыцы горæт Шиофок. Уый хæдфарсмæ та — журналистгы дунеон сфæлдыстадон хæдзар æмæ уым мæ фæллад уагътон. Уырдыгæй яссты сæйраг горæт Ясбе- ренмæ фондзыссæдз километрæй бирæ фылдæр нæ уыд, тынг мæ фæнды- 206
ди уырдæм бахауын, фæлæ мын нæ бантыст. Шиофокæй дард нæ уыд горæт Сексард дæр. Уым та царди, Мæскуыйы дыууæ азы кæимæ ахуыр кодтон, уыцы диссаджы хæларзæрдæ æмæ хæдæфсарм лæппу Гезе Сабо. Тынг балымæн стæм. Балатоны былгæрон мæ фæллад уадзын, уый куы базыдта, уæд нæм дыккаг бон æрбахæццæ. Сæхимæ нæ, уæ фарн бирæ, мæ бинойнагимæ аласта. Тынг ныл бацин кодтой. Зæгъæн ис, æмæ нæ номыл куывд сарæзтой. Дыккаг бон райсомæй куы сыстадыстæм, уæд йæ мидбылты хин худт кæнгæйæ загъта: «Знон ресег æз æмæ ды нæ, фæлæ Магдæ (йæ бинойнаг) æмæ Фатимæ (мæ бинойнаг) уыдысты. В а с о. Ресег, уый расыг у. М у з а ф е р. Венгрийаг æвзаджы ма ис æндæр ирон дзырдтæ дæр: хид, уæрм, авг, кард, æвзист... В а с о. Дыууиссæдз æви фондз æмæ дыууиссæдзмæ хæццæ кæнынц. М у з а ф е р. Хæдзар та сæм «хадз» у æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма уый дæр ирæттæй райстой. Чи зоны, индоевропæйаг у. Васо, де статья венгриаг яссты тыххæй куы бакастæн, уæд мæм фæзынд уыцы Бунчу æмæ Лехелы тыххæй поэмæ ныффыссыны зонд. В а с о. Уый цымыдисаг у. Æмзор, æвæццæгæн, уыцы истори зоны. Кæддæр, цавæрдæр къарол Сигизмунды рæстæг уыдис дыууæ абырæ- джы. Уыдон никæмæй тарстысты, хицауадæй никæмæ хъуыстой. Æрæджиау сæ æрцахстой æмæ сын марыны тæрхон рахастой. Сæ мæлæты размæ сæ фарстой, кæй ма уæ цы фæнды, зæгъгæ. Æмæ сæ иу афтæ - цуанон уыдис — мæ цуаноны сыкъайæ, дам-ма иу хатт æрцæгъдин. Им- ператор сæ цуры къæлæтджыны бадт æмæ тæрхонмæ йæ цæст дардта. Лехелæн сыкъа куы рахастой, уæд дзы императоры сæр йæ тых-йæ бонæй афтæ тынг ныццавта, æмæ лæг дзыхъмард фæцис. Уыцы сыкъа ныртæккæ дæр Ясберены горæты музейы кадджын бынаты æвæрд у. Æ м з о р. Иу дзырдæй йæ йе ’цæг дунемæ арвыста, нæ? М у з а ф е р. О, мæрдты, дам, мын лæггадгæнæг фæу. В а с о. Уый тынг цымыдисаг фæзилæн у: императоры йæхицæн ныф- фæлдыста. Куы йæ цавта, уæд, дам, ахæм ныхæстæ загъта: «Мæрдты мын бæхæй фæцу!» Фæлдисын сыгъдæг ирон æгъдау у. Таурæгъы Бунчу æмæ Лехел яссæгтæ кæй сты, уый загъд никуы у, фæлæ императоры йæхицæн кæй ныффæлдыста, уымæ гæсгæ зæгъæн ис, яссæгтæ кæй уыды- сты... Уыдон сæхæдæг махимæ бастдзинæдтæ сфидар кæнынмæ тынгтыр- нынц. Ясберены горæты ис музей æмæ йæ директор Янош Тотт, йæ мыггаг Тотт, йæ ном Янош, фыста, зæгъгæ, дам, хорз уаид иумæйаг этнографон æмæ археологон экспедицитæ саразын. Ясстæм ма сæ куль- турæйæ цы баззад, уымæ æркæсын цымыдисаг бæргæ уаид, фæлæ ма- хуæттæ ницы сæ хъус æрдардтой. Æз ма, горæтты æхсæн цы æфсымæрон ахастдзинæдтæ вæййы, ахæм бастдзинæдтæ саразыны фæндон дæр бахас- тон... Дзæуджыхъæуæн, æнхъæлдæн, хæлардзинады ахастдзинæдтæ ис болгайраг горæт Кырджалиимæ. Ясберень нæм Кырджалийæ хæстæгдæр у, хæларæй цæрынæн нын фидардæр бындур ис. К с е н я. Янош Тотт нæм уазæгуаты куы уыд, уæд æй Васо бафарста: «Ды венгр дæ?» Æмæ йын дзуапп радта: «Нæ, æз дæн ясс». 207
В а с о. Уый Янош нæ уъщи, фæлæ йе ’фсымæр Тибор. Уый антро- полог у. К с е н я. О, о, антрополог. Фæивддзаг сæ кодтон. Æ м з о р. Шандор исты амоны? В а с о. Алыксандр. Æ м з о р. Махмæ та Сандыр? В а с о. О. Ясберены ма ис ноджыдæр иу ахуыргонд, Сабо, зæгъгæ. Венгрийаг яссты тыххæй ныффыста цалдæр статьяйы. Уыцы хабæрттæм уым махæй къæрцхъусдæр сты. Махæй сæм фылдæр æргом здахынц. М у з а ф е р. Цы ма сæм бафиппайдтон: сæ уазалгæнæнтæ, «Лехел», зæгъгæ, афтæ хуыйнынц. Васо. Лехел? Æвæццæгæн, уыцы Лехелы номыл. С а ф а р. Васо, иу хабарыл тынг бадис кодтон. Англисаг Ивлин Во стыр фыссæгыл нымад у. В а с ,о. Куыд загътай? С а ф а р. Ивлин Во. В а с о. А-а. Бамбæрстон дæ. С а ф а р. Æмæ йæм ис повесть «Æнæферохгæнгæ» («Незабвенная».) Ныхас дзы цæуы иу англисаджы царды тыххæй. Уый бахауди Америчы Иугонд Штаттæм. Иунæгæй фæцард æмæ куы амард, уæд ын йæ ныгæ- ныны хабæрттæ йæхимæ райста йе ’рдхорд. Зиан æфснайыны бюройы кусæг æрыгон чызг æй фæрсы, чи амард, уый, дам, мыййаг, кавказаг нæу. Лæг ын дзуапп радта, нæгъ, зæгъгæ, æмæ йын йæхи бафарста, цæмæн, дам, дæм афтæ кæсы. Сыгъдæг англисаг, дам, у. Чызг дæр та йын дзуапп радта: «Æцæг англисæгтæ иууылдæр кавказæгтæ сты». В а с о. Афтæ дзурынæн æппындæр ницы бындур ис. С а ф а р. Уæд туркæгтæ цæуыннæ загъта? В а с о. Куыд радзырдтай, афтæ мыхуыргонд æрцыд? С а ф а р. О. В а с о. Уыдон ницы ныхæстæ сты. Раст мæнæ кæддæр «Лондон» «лæууæндон» куыд рахуыдтой, ахæм ницæйаг ныхæстæ. С а ф а р. Æнæрхъуыды ныхæстæ чи кæна, ахæм фыссæг нæу Ивлин Во. Афтæ раджы нæ амард. Мæнмæ гæсгæ, 1963 азы. Йæ повесть жур- нал «Фæсарæйнаглитературæ»-йы мыхуыргонд æрцыд. Фæстæдæр та стыр томæй фæзынди «Фæсарæйнаг прозæйы дæснытæ», зæгъгæ, уыцы се- рийы. В а с о. Кæмфæнды куы рацæуа, уæддæр Кавказ æмæ Англисы æхсæн никуы ницавæр бастдзинæдтæ уыди. К с е н я. Дæ испайнаг уацхæссæгимæ дæр ма дыл раст ахæм цау æрцыди. В а с о. Уый бынтон афтæ нæ уыди, уымæн æмæ алантæ Испанийы цардысты, Англисы та никуы цардысты. М у з а ф е р. Ныр уыцы басктæ кæмæ хæстæгдæр сты? Гуырдзымæ? В а с о. Гуырдзымæ нæ, абхазмæ. М у з а ф е р. Махмæ æппындæр ницы бар дарынц? В а с о. Ницы. Махимæ сын ницы бастдзинад ис. 208
С а ф а р. Æмæ сæм уæдæ лæг йæ усмæ йæ номæй цæуыннæ дзуры? В а с о. Уыцы æгъдау бирæ адæмтæм ис. Махмæ, Памиры, дæр ис уыцы æгъдау. С а ф а р. Усай, зæгъгæ. В а с о. Уый аразгæ у социалон рæзты æмвæзадимæ, национ хицæн- дзинæдтимæ баст нæу. Абхазты рагон антикон автортæ хуыдтой абасктæ, абазгитæ. Абхазтæ алы дзырдмæ дæр разæй дамгъæ «а» кæй æфтауынц, уый зонут? С а ф а р. Абукет. В а с о (худы). Амагазин æмæ афтæ дарддæр. Æрмæст баск æмæ абазг дæр дзурæг сты, ацы дыууæ адæмы кæрæдзийæн хæстæг кæй æййафынц. Дзæвгар ма сæм ис æндæр иумæйаг миниуджытæ дæр. Уыцы фарстатыл стыр ахуыргæндтæ кусынц, зæгъæм, Францы ис профессор Лафон. Кусы басктæ æмæ картвелты, растдæр зæгъгæйæ та, æппæт кавказаг къордмæ хауæг адæмты хæстæгдзинады фарстатыл. Уый куыд нымайы, афтæмæй абхазтæ, свантæ, гуырдзиæгтæ хауынц зæххастæуденджызон иумæйаг ра- сæйы баззайæггæгтæм. Æ м з о р. Гуырдзы æмæ абхазты æхсæн иставæр хæстæгдзинад ис? В а с о. Иумæйаг кавказаг хæстæгдзинад. М у з а ф е р. Нæ фыдæлтæ ам кæй æрбаййæфтой, уыдон цавæр адæм уыдысты? В а с о. Дыууæ термины - двал æмæ царца — дзурæг сты, ам цавæрдæр кавказаг, бынæтгон знæм кæй цардис, ууыл. Уый тыххæй фыста Гамрекели. М у з а ф е р. Васо, ацы дон дын исты æххуыс кæны? В а с о. Фарон дæр ма райстон цалдæр ваннæйы æмæ мын цыма хæрзчысыл феххуыс, афтæ мæм фæкаст æмæ та ацы аз дæр æрбацыдтæн. Фæд-фæдыл, дам, цалдæр азы куы райсай, уæд, дам, хорз у. С а ф а р. «Дзырдуат» цæттæ нæма у, фæстаг том, цыппæрæм? В а с о. Гъер мæ цахъхъæн лæг афтæ куы зæгъа, уæд æмæ уæд ра- цæудзæн, зæгъгæ, уæд уый рог ми уыдзæн. Бæрæг нæу. Сындæггай йыл кусын. Кæд цæрон, уæд рацæудзæн. М у з а ф е р. Хуыцауы уазæг у. Нæхи чынгуытæй дын истытæ балæ- вар кæниккам æмæ ардыгæй уæргътæ хæсдзынæ? Фæлтау, горæтмæ куы ссæуай, уæд... Васо. Бузныг зæгъдзынæн уæ лæварæй. М у з а ф е р. Æз мæ чиныг схуыдтон «Урсдоны былыл Бæрæгъуын...» Æз бæрæгъуыйнаг дæн. В а с о. А-а. Бæрæгъуын. Уым райгуырдтæ? М у з а ф е р. О. Уым райгуырдтæн, уым схъомыл дæн. В а с о. Æмæ мын дæхи чингуытæй исты æрбахастай? М у з а ф е р. О, мæнæ. В а с о. Ныффыстай йыл? М у з а ф е р. Ныртæккæ йыл ныффысдзынæн. В а с о. Музафер, араббаг ном дыл чи сæвæрдта? М у з а ф е р. Мæ фыд. Бухары уыд æмæ уым дыууæ лæппуимæ балымæн. Иу дзы хуынди Сæлуат. 14 Дзасохты М. 209
В а с о. Сæлуат, уый Салават, зæгъгæ, афтæ амоны. М у з а ф е р. Иннæ та, æз куыд хуыйнын, афтæ. Æмæ мыл мæ фыд йе ’рдхорды ном сæвæрдта. Васо. Фæлæ æнæуи чырыстон дæ, нæ? М у з а ф е р. О. Пысылмон мæнæ Сафар у. В а с о. Сафар - уый пысылмон ном у. С а ф а р. Æз сыгъдæг пысылмон дæн. «Хъуыран» сæрæй кæронмæ бакастæн. В а с о. Уанцон нæу! С а ф а р. Æз та, Васо, мæнæ Къостайы тыххæй таурæгъæй цы фе- хъуыстон, уыдоныл фæфыдæбон кодтон æмæ чиныгæй рацыдысты. Лæвар дын æй кæнын, кæд дын уæзы хос нæ уа, уæд. В а с о. Стыр бузныг. С а ф а р. Документæй дзы æппындæр ницы ис. Æрмæст адæмы ’хсæн цы хъуыоы Къостайы тыххæй, уыдæттæ. В а с о. Уый хорз æрхъуыды у. Адæймаг Къостайау таурæгъы хуызæн куы свæййы, уæд ыл адæм алыхуызон историтæ мысын райдайынц. Музафер, æмæ дын æмдзæвгæтæ дæр æмбырдгондæй рацыдыстысты? М у з а ф е р. О. Уыдон дæр рахастон, фæлæ мын, æвæццæгæн, машинæйы баззадысты. Ныртæккæ сæ ’рбахæсдзынæн... Васойы «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ы æртæ томы мемæ ахастон æмæ мын фыццагтомыл латинагдамгъæтæй ныффыста: «Му- заферæн зæрдæхæларæй. 1981 азы 21 август». Дыккаг æмæ æртыккаг том- тыл та йæ къух æрæвæрдта. Сафармæ йæхи чиныг йемæ нæ фæци. Уыдис æм редакцийы «Дзурдуат»-ы фыццаг том. Васо, Сафарæн йæхи чиныг нæу, уый куы базыдта, уæд дзы исты ныффыссынмæ базивæг кодта. Нæхи цæуынмæ рæвдз кæнын райдыдтам. Мæнæн ма мæ поэмæ «Лехе- лы сыкъа»-мæ мæ зæрдæ ’хсайдта æмæ мæ хъуыдытæ æргомæй загътон: — Мæ поэмæйы исты æнæрастдзинæдтæ куы рауайа, уымæй тæрсын. С а ф а р. Уый ницы кæны. В а с о. Поэты бон иучысыл хабæрттæ æрымысын у. М у з а ф е р. Æз æй афтæ скодтон, цыма алантæ цæуынц скæсæнæй ныгуылæнмæ хуры фæстæ. Бахæццæ сты фурды былмæ æмæ хур фурды куы аныгуылд, уæд уыдон та фæстæмæ раздæхтысты. Гермайнæгтимæ дæр афтæмæй сæмбæлдысты. Хъазуатон тохы Бунчу æмæ Лехел уацары бахаудысты. В а с о. Уый сæрибар композици у. Кæй зæгъын æй хъæуы, Лехелы историйы бæлвырд уавæртыл ныхас цæуы æмæ йæм историчы цæстæй акæсгæйæ къухбакæнæн уыдзæни. М у з а ф е р. Æз дæр уымæй тæрсын. Цæмæй ма дæ бафæрсыымæ хъавын. Уыцы рæстæджы акинакæй пайда кодтой? В а с о. Акинак у цыбыр цирхъ (меч). М у з а ф е р. Уыцы хæцæнгарзæй хæцыдаиккой? В а с о. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæцыдысты. Йæ кой Геродотмæ дæр ис. Цыбыр цирхъ (меч). Цæуынмæ рахъавыдыстæм. 210
В а с о. Бузныг, кæй нæ абæрæг кодтат, уый тыххæй. М у з а ф е р. Хатыр курæм, кæд уæ батыхсын кодтам, уæд. В а с о. Хатыр сымах бакæнут. Уый хуызæн уазджытæ! Хорз уынинаг бæргæ стут. Уæд та уæ фæндаджы размæ фæйнæ? М у з а ф е р. Бузныг. Хæрзизæртæ раут!.. XVI Нæ дыккаг фембæлд уыдис æртæ азы фæстæ, уый дæр майрæмыкуа- дзæны мæй. Куыд бамбæрстон, афтæмæй-иу Васо Ирыстонмæ уыцы-иу рæстæг ссыд, ома сæрды фæстаг мæй. Кæд бынтон афтæ нæ уыд, уæддæр йæ дыууæ балцы афонтæ иу рæстæгмæ кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ ахæм хатдзæгмæ æрцыдтæн. Иннæ хæттыты хуызæн та Абайы-фырты ссы- ды хабар æнæхъæн Ирыстоныл дæр айхъуыст. Уæд æз куыстон радиохъу- сынад æмæтелеуынынады Цæгат Ирыстоны паддзахадон комитеты сæрда- ры хæдивæгæй æмæ Васойы ссыды хабар махмæ куыннæ байхъуыстаид, æппæты ногдæр хабæрттæ адæмæн нæхæдæг куы хъусын кодтам, уæд! Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ кусджытæ базыдтой, зындгонд ахуыргонд Ирыстоны кæй ис, уый æмæ сæ бафæндыд йемæ фембæлын. Цалдæрæй мæм æрбацыдысты, ды, дам, æй зоныс æмæ нын фембæлд сараз, зæгъгæ. Фæндгæ мæ куыннæ кодта нæ кусджытæй Васойы æхсæн минæвар ба- цæуын, фæлæ иу хъуыддагæй ме уæнджы мигъ бадти. Уый размæ бон мын мæ зонгæтæй иу афтæ радзырдта, Васомæ, дам, партийы Цæгат Ирыстоны обкомы идеологон фарстатыл дзуапдæттæг секретарь йæ кус- джытæй кæйдæр баминæвар кодта, демæ, дам, куы базонгæ уаиккам, уый нæ фæнды, зæгъгæ, æмæ, дам, сын не сразы. Фæстæдæр мын уыцы хабары бæлвырддзинæдтæ Ходы Камал радзырдта: — Машинæйы Абайты Васо æмæ Гусалты Виталиимæ фæцæйцы- дыстæм, æмæ Виталий йæ хистæрæн бамбарын кодта, афтæ æмæ афтæ партийы обкомы æрыгон кусджыты фæнды, демæ куы базонгæ уаиккой, уый. Васо иуцасдæр ницы сдзырдта, стæй алы иыхасыл дæр хъуыдыйы уæз æнцад, афтæмæй бамбарын кодта: «Æз уыцы кары нал дæн, æмæ ног зонгæтæ кæнон». Иуцасдæр хъусæй алæууыд, стæй йæ, цыма, дзæбæх куы нæ бамбарой, уымæй фæтарст, уый хуызæн фæстæмæ разылд — æз æмæ Виталий фæсте бадтыстæм — æмæ йæ ныхмæ æрлæууæн кæмæн нæ уыд, ахæм хъæлæсыуагæй загъта: «Гъе афтæ сын зæгъ!» — æмæ хъуыддаг лыггондыл банымайгæйæ размæ азылд. Цы уавæры бахаудтæн, уый куыннæ ’мбæрстон, фæлæ ме ’мкусджытæй дæр æфсæрмы кодтон æмæ бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ Васомæ йæ фатермæ телефонæй бадзырдтон (нæ сæйраг горæты йын музыкалон- драмон театры фарсмæ иууатон фатер уыд) æмæ йын хабар бамбарын кодтон. Ме уæнджы мигъ цæмæй бадт æмæ цæмæй тарстæн, уымæн дзы йæ кой дæр нæ уыд. Иуæй, Васомæ кæй бадзырдтон, уый йын æхсызгон уыд, иннæмæй та, фембæлды хабар фехъусгæйæ, кæй сразы уыдзæн, уый уайтæккæ дæр бæрæг уыд, æндæр мæ нæ афарстаид: «Æмæ кæд уæ зæрды ис фембæлын?» 211
Бынтон æдзæттæйæ мæ æрæййæфта уыцы фарст æмæ иуцасдæр, цы зæгъон, уый нæ зыдтон, стæй чысыл фæкъуыхцыйы фæстæ загътон: — Дæуæн рæстæг кæд уыдзæн, уæд. — Уæдæ мæнæн ныртæккæ ис рæстæг. Арфæ йын ракодтон, кæд æм фæзындзынæн, ууыл’ баныхас кодтам, æмæ хæтæл æрæвæрдтон. Ныхас бæргæ бакодтон, фæлæ мæ алыхуызон сагъæстæ сæ быны аууæр- стой. Сахаты æрдæгмæ ахæм фембæлд ацаразын бынтон æнцон нæ уыд. Иуæй, кусджытæ се ’ппæт бынаты нæ уыдысты, иннæмæй йæм бацæттæ кæнын дæр хъуыд. Уæдæ, кæдæм æрæмбырд уыдзыстæм, уый дæр ахъуы- дыйы аккаг уыд. Ноджы, куыд рабæрæг, афтæмæй нæ машинæтæй дæр бынаты никæцы разынд, æмæ уый дæр иу сæрнизы фаг уыд. Фæлæ уæддæр хæрзцыбыр рæстæгмæ алцыдæр йæ гаччы абадт. Нæ фембæлды хабар телеуынынады кусджытæм куы сыхъуыст, уæд дзы йæ фадат кæмæн амыдта, уыдон уайтагъд радиойы хæдзары репети- цигæнæн студийы балæууыдысты. Нæхиуæттæ дæр хæрзыстæмтæй фæстæмæ æрбамбырд сты æмæ фембæлды агъоммæ адæм æгæр бирæ дæр ма баисты. Нæ хæлæртгæй, кæйдæр машинæ нæ дуармæ разынд, æмæ мæ уый Васойы фатермæ бахæццæ кодта. Ныхасгонд рæстæгыл фысымы дуар бахостон. Уый рацæуынæввонг цæттæ уыд æмæ бынмæ æрхызтыстæм. Ахæм рæстæджы куыд вæййы, афтæ фембæлд искæй байгом кæнын хъуыд æмæ уыцы хæс æххæстгæнгæ мæхицæн æрцыд. Васойы тыххæй цалдæр ныхасы зæгъыны фæстæ бауынаффæ кодтам фембæлд фарстытæн дзуæппытæ дæттыны хуызы саразын. Цæмæй æнхъæлмæ кæсын ма хъуы- даид, уый тыххæй фыццаг фарст радтон мæхæдæг: — Цавæр хæстæ лæууы æмткæй райсгæйæ иранистикæ æмæ ирон æвзаг- зонынады размæ? — Уый тыххæй, — загъта Васо,— кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ дзурæн ис, фæлæ æз бæлвырддæр зæгъдзынæн, мæнмæ ныртæккæ хæстæгдæр чи у, наукæйы уыцы къабаз — этимологийы тыххæй. Музафер куыд загъта — æз мæ разныхасы уый тыххæй дзырдтон - афтæмæй дзырдуат фыст фæци. Хъуамæ уыдаид цыппар томы æмæ цыппар томы дæр фæдæн. Бирæтæ мæ фæфæрсы, кæд рацæудзæн, уымæй. Уыдонæн æз ахæм дзуапп фæдæттын: «Уасæджы хæс ныууасын у, хур кæд скæсдзæн, уый та хуры хъуыддаг у». «Дзырдуат»-æн хъæуы дзырдтæ амонæг, ома дзырдуаты дзырдтæй, чи кæцы æвзагмæ хауы, уыдон равæрын хъæуы бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Уый мæнмæ нæ хауы. Иуцасдæр механикон куыст у æмæ йæ бабар код- тон ме ’ххуысгæнджытæн. Куыст кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд уый уыдзæн фæндзæм том. «Дзырдуат»-ыл куы куыстон, уæд мæм æрæмбырд бæлвырд фæл- тæрддзинад æмæ уый мæ зæрды бахынцын ис. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мæ «Дзырдуат» хицæн кæны иннæ этимологон дзырдуæттæй. Уымæ гæсгæ йæ æз хуымæтæджы этимологон дзырдуат не схуыдтон, фæлæ ис- торион-этимологон. Æмæ уыцы ног фæлтæрдязинады тыххæй радзурын мæ зæрды ис иннæ ахуыргæндтæн дæр, цæмæй æркæсой æмæ сæ хъуыды зæгъой, раст бакодтон æви нæ, уый тыххæй. Уыцы фарстайы фæдыл 212
ныртæккæ фыссын статья «Куыд фæхуыздæргæнæн ис этимологон дзырд- уæттæ?» Уым мæ зæрды ис мæ позицитæн бындур æрæвæрын. Раздæр куыд загътон, афтæмæй нæ фембæлд фарстытæ æмæ дзуæппытæй арæзт уыд. Раст зæгъын хъæуы, фылдæр фарстытæ мæхæдæг лæвæрдтон. Дæлдæр Васо цы фарстытæн дзуапп дæтты, уыдон дæр æм æз радтон æмæ уыдысты ахæмтæ: «Куыд æмæ дæм кæд сæвзæрд «Ирон æвзаджы историон- этимологон дзырдуат» саразыны хъуыды æмæ йыл куыд куыстай?», «Ирон æвзаг иртасыны сæйраг фарстытæ дæумæ гæсгæ цавæртæ сты?» Абайы-фырт радта ахæм дзуапп: — Бынтон бæлвырд куы дзурон, уæд ыл кусын райдыдтой 1951 азы, æртындæс æмæ ссæдз азы размæ. Уæд фыссын райдыдтон статья «Эти- мологон дзырдуаты принципты тыххæй». Кусын куы райдыдтон, уæд рагацау мæ цæстыл уайын кодтон, дзырдуат цавæр уыдзæн, уый æмæ мæ уыцы хъуыдытæ бавæрынмæ хъавыдтæн ме статьяйы. Уый мыхуыры ра- цыд журнал «Вопросы языкознания»-йы 1952 азы номыртæй иуы. Афтæ райдыдта мæ куыст. Сымах бон у зæгъын, æгæр бирæ йыл фæкуыстай, зæгъгæ. 33 азы гыццыл нæу, фæлæ æндæр куыстытæ дæр кодтон. Уыцы рæстæг æз ныффыстон дæсгай статьятæ, уый та ууыл дзурæг у, æмæ-иу мæ рæстæгмæ «Дзырдуат»-ыл кусын иуфарс æвæрын бахъуыд, æндæр куыстытæ кæй кодтон, уый тыххæй. Суанг ма æнæхъæн чиныг дæр ра- уагътон. Хуыйны «Скифо-европейские изоглоссы». Уыцы чиныджы тыххæй дæр мæ «Дзырдуат»-ыл дзæвгар рæстæг нæ куыстон. Æз ахæм зондыл хæст уыдтæн: тагъд кæнын нæ хъæуы. Талф-тулф куыстæй ме сæфт уынын. Æз кусын тынг сындæг, фæлæ методикон æгъдауæй. Архайын, цæмæй иу бон дæр дзæгъæлсæфт ма фæуа. Дыккаг фарсты тыххæй куы дзурæм, уæд æй æз афтæ схонин: «Ирон лексикæйы стратификаци». Стратум латинагау амоны: фæлтæр, цъар. Лексикæйы стратификаци кæнæ дзырдты стратификаци амоны хицæн фæлтæртæ иртасын. Æвзаджы лексикæ тынг хъæздыг у, ис дзы дæсгай мин дзырдтæ. Уыцы лексикæйы баззад бирæ дугтæ æмæ æнусты фæд. Гъе æмæ сæйрагдæр фарстытæй иу у ирон æвзаджы хронологон æгъдауæй уыцы фæлтæртæ раиртасын. Ахæм фæлтæртæ æз сбæлвырд кодтон цалдæр. Æппæты арфдæр æмæ рагондæр у иумæйаг индоевропæйаг фæлтæр. Ирон æвзаг хауы индоевропæйаг æвзæгты къордмæ. Уырдæм хауынц славянты æвзæгтæ, латинаг, бердзенаг, сомихаг, индиаг æвзæгтæ... Индоевро- пæйаг адæм ма иу æвзагыл куы дзырдтой, ирон æвзаджы лексикæйы иу хай хауы уыцы дугмæ. Уый мах эрæйы агъоммæ цыппæрæм минæм азæй фæстæдæр нæ уыди. Уыцы дугмæ хауынц нæ нымæцонтæ: дыууæ, æртæ; нæ номивджытæ: мæн, дæу, мæнæн, дæуæн; хæстæгдзинады терминтæ: мад, фыд æмæ афтæ дарддæр. Уыдон сты, ирон адæм рагон дугæй кæй рахастой, ахæм дзырдтæ. Уый фæстæ цæуы æндæр фæлтæр, цъар, æры- гондæр, фæлæ уый дæр рагоныл нымад у. Уыцы дзырдтæ сты иумæйаг индоирайнæгтæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ индийæгтæ æмæ ирайнæгты фыдæлтæ иу рæстæджы уыдысты иу адæм, ома ахицæн сты иумæйаг индоевропæй- аг уидагæй, фæлæ ма уæддæр иугондыл нымад уыдысты. Ныртæккæ дæр 213
ма индийаг æмæ ирайнаг æвзæгты ис иухуызон дзырдтæ. Уый у дыккаг, æрыгондæр цъар æмæ хауы мах эрæйы агъоммæ 3-минæм азмæ. Уый фæстæ цæуы иумæйаг ирайнаг фæлтæр. Уырдæм хауынц, æрмæстдæр ирайнаг æвзæгты чи ис, ахæм дзырдтæ. Уыцы фæлтæр та хауы мах эрæйы агъоммæ 2-минæм азмæ. Иннæ фæлтæр - скифагевро- пæйаг. Уый та хауы, скифагсæрмæтаг знæмтæ иннæ ирайнаг æвзæгтæй куы ахицæн сты, уыцы дугмæ. Уæд нæ фыдæлтæ цардысты Хуссар Уæ- рæсейы — ныхас цæуы ныртæккæйы географийыл. Сæ сыхæпгæ уыдысты европæйаг æвзæгты минæвæрттæ: славянтæ, гермайнæгтæ, латинаг æвза- джы фæдонтæ æмæ афтæ дарддæр. Уыцы рæстæг европæйаг адæмты æвзæгтæй не ’взагмæ ’рбацыд зæхгуысты бирæ терминтæ, зæгъæм, дыгу- рон тиллæг, ирон æфсир, æхсырф æмæ афтæ дарддæр. Цæуыл дзуры уый? Уый дзуры ууыл, æмæ нæ фыдæлтæ уый размæ уыдысты фосыкуыст- гæнджытæ, мах эрæйы иуминæм азы та европæйаг адæмтыл сахуыр сты зæхгуыстыл. Дарддæр. Иннæ фæлтæр у кавказаг. Уый у, ирон адæмы фыдæлтæ - алантæ Цæгат Кавказмæ куы ’рбацыдысты æмæ бынæттон адæмимæ фæрсæй-фæрстæм цæрын куы райдыдтой, уыцы дуг. Уыцы рæстæгмæ хауы, мах «кавказаг субстрат» кæй хонæм, уый дæр, ома кавказаг знæмтæ базыдтой алайнаг æвзаг, фæлæ сæхиуæттæ дæр нæ ферох кодтой. Уымæ гæсгæ адæймаджы буары хæйттæ æвдисæг дзырдтæй бирæтæ, зæгъæм, къах, къух, дзых æмæ афтæ дарддæр, нæй иннæ индоевропæйаг æмæ ирайнаг æвзæгты. Уыдон сты кавказаг субстраты фæстиуджытæ. Уыцы-иу рæстæг аланты сыхæгтæ уыдысты тюркаг адæмтæ: хадзартæ, половецтæ, печенегтæ, ногъайæгтæ. Уыдонæй райстой бирæ тюркаг эле- мештæ, уæлдайдæр та адæймаджы нæмттæ: Набег, Нахан, Ауызби, Хазби æмæ афтæ дарддæр. Уыцы фæлтæр йæ куыст кодта суанг манголты æрбабырсты онг. Ман- голты æрбабырст æвирхъау фæд ныууагъта нæ историйы, уымæн æмæ алайнаг феодалон паддзахад пырхгонд æрцыд, цæрджыты стыр хай ба- бын, иннæ хайы лидзын бахъуыд: иуты Венгримæ, иннæтæ та баиу сты манголтимæ æмæ се ’фсадимæ балæууыдысты Китайы. Кавказы чи баз- зад, уыдон сæ сæр бафснайдтой хæхты. Кæддæр паддзахад кæй уыдыс- ты, уый сæ ферох. Сæхи Цæрадзонтæ æмæ Сидæмонтæ чи хуыдта, ома Цезарь æмæ Августы фæдонтæ, уыдон иннæты æхсæн ницæмæйуал бæрæг дардтой, сæ равзæрæн паддзæхтæй кæй уыд, уый ма тыххæйты хъуыды кодтой. Ирæтты феодализмæй фæстæмæ иу къæпхæн — мыггагон цар- дарæзтмæ хизын бахъуыд. XVIII — XIX æнусты цы базыдтам, уый феода- лон цардарæзтæй мыггагон цардарæзтмæ хæстæгдæр у. Æрмæстдæр иуæй- иу кæмтты — уый дæр Кæсæджы æндæвдадæй - ногæй зынын райдыдтой феодалон ахастдзинæдтæ. Æмæ, æппынæрæджиау, фæстаг фæлтæр, цъар. Æз æй хоныы æрæджиау-ирон æмæ у манголты æрбабырстæй абоны онг. Цæмæй хицæн кæны уый алайнаг-кавказагæй? Уымæй, æмæ алайнаг-кавказаг дуджы алантæ уыдысты тынг барджын æмæ кадджын адæм. Уыцы рæстæг иннæ 214
æвзæгтæм бирæ ирон дзырдтæ бахауд. Фæлæ манголты æрбабырсты фæстæ, ома æрæджиау-ирон дуджы заман æвзаджы кад дæлæмæ ’рхауди æмæ ирæтты кавказаг æвзæгтæй дзæвгар дзырдтæ исын бахъуыд. Не ’вза- джы фæзынди дæсгай гуырдзиаг, кæсгон æмæ æндæр æвзæгтæй ист дзырдтæ. Фарст уыди æвзаджы сæйраг проблемæты тыххæй. Сæйрагдæр про- блемæйыл æз нымайын мæ «Дзырдуат»-ы æрмæджы бындурыл ахæм стра- тифакаци раттын. Фарст. Ирон адæмы истори, æвзаг æмæ культурæ ахуыр кæныны нæ бæстæйы æмæ фæсарæнты цавæр æнтыстдзинæдтæ ис? Ацы фарст чи радта, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ йын Васо дзуапп зивæггæнгæйæ лæвæрдта: — Фæстаг рæстæг нæ бæстæйы дæр, стæй фæсарæнты дæр бирæ алы- хуызон литературæ цæуы мыхуыргонд. Ныртæккæ мæ къухы, бæлвырд дзуапп кæй фæрцы раттон, ахæм æрмæг нæй, стæй уый парахат æмæ алыхуызон уæрхад у. Зæгъæн ис уый, æмæ куыст нæхимæ дæр æмæ фæса- рæнты дæр кæй не ’нцайы. Зæгъæм, Англисы ис æмбисонды ахуыргонд Гарольд Бейли. Уый æвæллайгæйæ кусы ирон æвзаджы фарстытыл, фыс- сы. Æрæджы мыхуырæй рацыд йæ чиныг нарты кадджыты тыххæй. Кæнæ Дюмезиль. Бирæ азтæ йыл цæуы, фæлæ дзы ирон æвзаг рох нæу, уæл- дайдæр нæ эпос. Ис иуцалдæр æрыгон ахуыргонды. Норвегийы ис æры- гон ахуыргонд — Тордарсон. Уый сæрмагондæй ацыд Туркмæ, цæмæй сахуыр кæна туркаг ирæтты æвзаг. Се ’хсæн бирæ рæстæг фæцард, ныф- фыста цымыдисаг æрмæг. Ацы фембæлдыл бирæ рæстæг рацыд, фæлæ ма абоны хуызæн хъуыды кæнын радиойы кусæг Андиаты Мæхæмæты фарст: — Æз цы фарст ратгынмæ хъавын, уый æвзагзонынадæй иуцасдæр дæрддзæф лæууы, фæлæ уæддæр бафæрсынмæ хъавын. Махмæ бирæ ис- торион цыртдзæвæнтæ ис. Зæгъæм, хæхбæсты мæсгуытæ. Иуæй-иу мыггæгтæ сæ сæхи бакодтой. Уыцы мæсгуытæ алантæ сарæзтой æви уыдон сæ бацыдмæ дæр уым уыдысты? Кæй мæсгуытæ уыдысты, нæ размæ уым чи царди? В а с о. Уыцы фарстæн дын, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр дзуапп раттид археолог, зæгъæм, Владимир Кузнецов. Мæнæн мæ бон зæгъын у: мæсгуытæ æмæ зæппæдзтæ æрæджыйы рæстæгмæ хауынц. Уыдон сыгъдæг ирон фæзынд сты æмæ сæ никæуыл æххуырсын хъæуы. Уыдон мах мæсгуытæ æмæ мах зæппæдзтæ сты. Ирæттæ, бæлвырд бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй Кавказы фæзындысты ног эрæйы 1 æнусы, мæсгуытæ æмæ зæппæдзтæ та хауынц XV — XVIII æнустæм. Фæрæди- йынæй дæр тæрсын, фæлæ, мæ нымадмæ гæсгæ, афтæ у. Уымæ гæсгæ сæ искæй хонын нæ хъæуы. Æндæр хъуыддаг у, зæххы бынæй цы скъахынц, уый. Зæгъæм, хъобайнаг культурæ. Уый æндæр хъуыддаг у. Хъобаны разындысты мах эрæйы агъоммæ 2- æмæ 1-минæм азты цыртдзæвæнтæ. Уæд ирæттæн ам сæ кой дæр нæма уыд. Уæдæ уыцы цыртдзæвæнтæ уыды- сты ирæтты фыдæлты, бынæттон кавказаг адæмтæ сæм ницы бар дарынц. Уæлзæххон æмæ археологон цыртдзæвæнтæ кæрæдзийæ иртасын хъæуы. 215
Археологон цыртдзæвæнтæн хауæн ис алы фæлтæртæм. Уыцы цыртдзæ- вæнтæн уæвæн ис, æмæ хауой бронзæйы дугмæ, ома мах эрæйы агъоммæ 2-минæм азмæ, уæвæн сын ис, æмæ хауой бирæ фæстæдæрмæ, ирæтты дугмæ. Мæ дзуаппæй разы дæ æви бынтон нæ? Мæхæмæт æххæст разы нæ уыд дзуаппæй æмæ ныхас йæхимæ айста: — Уыцы цыртдзæвæнтæ нæ фыдæлты арæзт куы уыдаиккой, уæд ахæм хуызы сæхицæн хæдзæрттæ цæуыннæ арæзтой? Нæ фыдæлты цæрæнуæттæ тынг æгуыдзæг уыдысты, архитектурæйæ дард лæууыдысты. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ уыдон сæ бацыдмæ уым уыдысты. Васо йæ ныхас фæбæлвырддæр кодта: — Æз, зæгъæм, хорз зонын, Абайты мæсыг Сыбайы кæд арæзт æрцыд, уый. Суанг ма йæ хъæуы цæрджытæй чи æмæ кæд сарæзта, уый дæр зонын. Æндæр адæмты тыххæй мæ гипотезæтæ агурын цæмæн хъæуы? Сыбайы цæрджытæ хорз зонынц, Абайты мæсыг уæд æмæ уыдон кæй сарæзтой, уый. Куы зæгъын, суанг ма сæ номæй номмæ дæр зонынц. Нæ та’сразы уыцы ныхæстимæ дæр Мæхæмæт æмæ йæ рæстдзинады сæрыл дзурыныл архайдта: — Æз Андиатæй дæн, махæн дæр дзы мæсгуытæ уыдис. Сæхицæн хæдзар аразын нæ зыдтой, фæлæ мæсыг самадтой. Куыд бамбæрстон, афтæмæй уыцы ныхæстæ Васойы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Уый бæрæг уыд, йæ цæсгомы хуыз кæй аивта, уымæй, уæлдайдæр та йæ ныхæстæй: — Хæдзар аразын чи нæ зыдта, æз ахæм ирон адæм нæ зонын!.. Радио æмæ телеуынынадæй фембæлдмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон се ’ппæт ирæттæ нæ уыдысты, се ’хсæн уыд æндæр адæмыхæттыты минæвæртгæ дæр æмæ уымæ гæсгæ ныхас кодтой уырыссаг æюагыл, фæлæ Васо йæ фæстаг ныхæстæ загъта иронау. Куы зæгъын, Васо фарстытæн дзуапп лæвæрдга уырыссагау, æз сæ раивтон ирон æвзагмæ æмæ дзы кæд искæцы бынæтгæ, Абайы-фырт, сæ иронау куыд загътаид, афтæ нæ рауа- дысты (нæ рауадысты, кæй зæгъын æй хъæуы), уæд рагацау хатыр курын. Ныхас та фæстæмæ æвзагзонынады фарстытæм рахызт. Мæн базонын фæндыд — стæй, куыд хъуыды кодтон, афтæмæй иннæты дæр — нæ бæстæйы дæр æмæ фæсарæнты дæр ирон æвзагмæ ахуыргæндтæ ахæм стыр æргом цæмæн здахынц, уый æмæ уазæджы бафарстон: — Васо, ды, æз куыд нымайын, афтæмæй ирон æвзаг иртасджытæй бирæты зоныс, лæгæй-лæгмæ дзы кæуыл фембæлдтæ, ахæмтæ дæр чы- сыл нæ уыдаид. Цæмæн афтæ хæстæг айстой сæ зæрдæмæ ирон æвзаг? — Ахуыргонд æцæг ахуыргонд куы уа, уæд алцæмæ дæр цымыдис у, алцы дæр æм диссаг кæсы. Европæйы иу æмæ дыууæ ахæм ахуыргонды нæй, Хуссар Америчы тархъæдты цæрæг знæмты цард ахуыр кæнынмæ чи ацæуы. Уыдон тæрсынц, чысыл нымæц адæмыхæттыты минæвæрттæн сæ мыггаг куы сыскъуыйа, уымæй æмæ архайынц, цæмæй уыцы æвир- хъау хъуыддаг ма ’рцæуа. Ахуыр сын кæнынц сæ цард, се ’взаг, се ’гъдæуттæ. Чи зоны, уыцы знæмты минæвæрттæ дис фæкæнынц, бирæ мингай километртæ дарддæрæй сæм уазджытæ кæй фæзыны, ууыл. Фæлæ ахуыргонд алцæмæ дæр къæрцхъус у. Ирон æвзаг кæй ахуырчындæуы, 216
уым дæр диссагæй ницы ис. Стæй, куы ма йæ загътон, ирон æвзаг уæл- дай тынгдæр æргом йæхимæ уымæн здахы, скифагсæрмæтаг къорды иунæг байзæддаг кæй у. Уыцы къордмæ кæддæр бирæ æвзæгтæ хауди, цы адæмтæ йыл дзырдтой, уыдон цардысты Уæрæсейы хуссайраг хайы уæрæх тъæпæнты, фæлæ дзы ирæттæ йеддæмæ ничиуал баззади. Уымæ гæсгæ йыл ахуыргæндтæ сæ цæст уый тыххæй дæр ма æрæвæрынц... Асыйæгтимæ фембæлгæйæ, стæй-иу нæхиуæттæй дæр арæх фехъуыс- тон, нæ сыхаг адæмыхатты минæвæрттæ кæрæдзийæн салам дæтгæйæ сæ ныхасмæ дзырд «алан», зæгъгæ, кæй бафтауынц. Æрмæст цы амоны, уый бæлвырддзинад нæ зыдтон æмæ дзы Васойы куы нæ бафарстаин, уæд цыма фæсмон фæкодтаин, афтæ мæм фæкаст æмæ фадатæй спайда кодтон. Васо, цæмæй фæрсын, уый куы бамбæрста, уæд йæ мидбылты бахудгæйæ загъта: — Уыцы «алан» мах аланмæ ницы бар дары. Асыйæгты «алан» тюркаг «овлан»-æй рацыдис æмæ амоны «рагон æрдхорд». Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæммæ ис дыууæхуызон нымад: дæсгæйттæ æмæ ссæдзгæйттæ. Фарст раттыны размæ Васойæн, стæй фем- бæлды уæвджытæн мæ хъуыды бæлвырддæр бамбарын кæныны тыххæй загътон: — Иуæй-иу ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ ссæдзгæйттæй нымад лите- ратурон нæу, литературоныл нымайынц æрмæстдæр дыууынтæ æмæ æртынтæ. Мæнмæ уый раст нæ кæсы, уымæн æмæ æцæгæйдæр афтæ куы уаид, уæд Къоста нæ ныффыстаид «Ыссæдз азмæ азгай Æххуырсты цыдтæн...» Литературон «дыууын» куы уыдаид, уæд æй Къоста æнцонæй баивтаид, æмдзæвгæйы ритм нæ фехæлдаид, афтæмæй. Уый иу. Æрæджы Сирийæ Ирыстонмæ æрбацыд иу ирон. Йæ мыггаг æмæ йын йæ ном нал хъуыды кæнын. Æрбахуыдтой йæ наукон-иртасæг институтмæ æмæ куы дзырдта, уæд уый дæр йæ ныхасы пайда кодта «ссæдзтæ» æмæ «дыу- уиссæдзтæй». Æндæрхуызон нымадæй цæуыннæ пайда кæныс, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд рабæрæг, ахæм нымадимæ зонгæ кæй нæу. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ, фондзыссæдз азæй дзæвгар фылдæры размæ йæ бæстæйæ чи ацыд, уыцы ирæттæн «дыууынтæ» æмæ «æртынтæ» зонгæ нæ уыдысты. — Тынг раст зæгъыс,— сразы мемæ Васо. — Уыцы нымад райстам фый- йæуттæй. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ дыгурон фыййæуттæ кæддæр пайда кодтой сæрмагонд нымадæй. «Дыууын» нæм нæ уыди. Уый æр- хъуыдыгонд у. Æдзухдæр уыди ссæдз, дарддæр та æртын, цыппор... Æвæццæгæн, нæ культурæйы архайджытæ, литературон ирон æвзаг са- разыны тыххæй фарст æвæрд куы ’рцыд, уæд, цæмæй нæ нымад уырыс- саг нымады системæмæ (уырыссаг æвзаджы дæр дæсгæйттæй нымады си- стемæ ис) фæхæстæгдæр уа, уый тыххæй дзы спайда кодтой. Æндæр бындур ын æз нæ зонын. Фæлæ ахæм нымад уыд. Уый æрхъуыдыгонд нæу, «дыууын»-æй фæстæмæ. «Дыууын» æрхъуыдыгонд у. Уыцы нымад ма цасдæр рæстæг уыд асыйаг фыййæуттæм. Уый тыххæй æз фыстон мæ чиныг «Ирон æвзаг æмæ фольклор»-ы. Уым ис асыйаг нымады вариант. Асыйæгтæ йæ 217
ирæтгæй райстой. Литературондæр дзы кæцы у, уый тыххæй мæм бæлвырд хъуыды нæй. Рахизæн ис - кæд бынтон æрдзон нæу, уæддæр — дæсгæйттæй нымадмæ, ныууадзæн ис ссæдзгæйттæй нымад дæр. Уый кавказаг адæмтæм хæстæгдæр у. Уæдæ афтæ: кавказаг субстраты æндæвдады кой куы фæкæнæм, уæд хъуыдыйаг у ссæдзгæйттæй, нымад дæр, уый дæр, æвæццæгæн, кавказаг субстратæй цæуы. Иннæ фарст уыд ахæм: — Уырыссагау дзурæм «осетин», нæхи ’взагыл «ирон». Цы амонынц уыдон, кæцы ’взагыл сæ сдзырдæуыд раздæр? Васойæн иуцасдæр æнæнхъæлæджы уыд ахæм фарст фехъусын æмæ дызæрдыггæнгæйæ загъта: — Фарсты мидис не ’мбарын. Кæныод цы амонынц «уырыссаг», «тæтæйраг»? Амонынц, иу кæнæ иннæ адæймаг кæцы адæмыхатмæ хауы, уый. Сæ равзæрд та бæрæг нæу. Мæнмæ гæсгæ, дзырд «ирон»-æн йæ равзæрд Кавказимæ баст у. Бындурон ирон куы уаид, уæд нæ адæм се ’ппæт дæр сæхи ир хониккой. Дыгурæттæ раджы сæхи ирон никуы хуыд- той. Уыдон-иу загътой: мах ир не стæм, мах стæм дыгур. Уæдæ уый æппæт аланты фæзынд нæу, æндæр æппæт алантæм дæр уыдаид. Фæлæ нæ аргъæутты баззад «аллон». Уый, æвæццæгæн, æппæт ирæттæн иу- мæйаг ном уыди. «Ирон»-ы равзæрд та бæрæг нæу. Цыфæндыйæ дæр нæм Кавказы æвзæгтæй æрбахауд. Ф а р с т. Васо, куыд загътай, афтæмæй алантæ Кавказмæ æрбацы- дысты мах дуджы 1 æнусы. Аланты æндæвдад сæ сыхæгтыл тынгдæр фæзынд æви сыхæгты æндæвдад алантыл? В а с о. Æхсыримæ баст хабæртты алантæ сæ сыхæгты царды арфдæр фæд ныууагътой, уымæн æмæ æхсыр кусынмæ нæ фыдæлтæ тынг дæсны уыдысты. Мæнæ хуымæтæджы дæнцæг: гуырдзиаг сулугуни — цыхты сæрмагонд хуыз — у дыгурон дзырд: сулугун — сылыджын. Чувашагау цыхт у «чихт». Уый дæр ирон цыхтæй цæуы. Уæдæ кефирæн дæр дыгуро- нау йеддæмæ æндæрхуызон бамбарынгæнæн нæй: къæпы. Куыд уынæм, афтæмæй æхсыры хъуыддаджы — стæй канд æхсыры нæ — аланты æндæвдад сæ сыхæгтыл бæлвырдæй зынди, уымæн æмæ уыцы рæстæг нæ фыдæлтæ тынг дзырддзæугæ адæм уыдысты. Васо йæ зындгонд «Дзырдуат»-ыл кусгæйæ спайда кодта цалдæр фон- дзыссæдз æвзæгты дзырдтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, цал æвзаджы зоны, уый фехъусынмæ алчидæр бæллыд æмæ йæ уымæй куы бафарстон, уæд загъта. — Афтæ мæ куы бафæрсынц, цал æвзаджы зоныс, зæгъгæ, уæд æдзухдæр раттын иухуызон дзуапп: «Куыд æмбæлы, афтæ иу дæр нæ». Уымæн æмæ алы æвзаг дæр зонын хъæуы, куыд æмбæлы, афтæ. Бынтон æрæджы иу ирон фысты фембæлдтæн дзырд «уырыхсны»-йыл æмæ, цы амоны, уый нæ зыдтон. Æвзæгтæ чи зоны, ахæм адæммæ мæ æххуысмæ дзурын бахъуыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй уырыхсны амоны тыхсын, зилын, зилдух кæнын, уырыхсны кæнын. Ахæм хабæрттæ мыл арæх æрцæуы. Æмæ кæд ирон æвзаг, куыд æмбæлы, афтæ нæ зонын, уæд хъуамæ куыд зонон 190 кæнæ 200 æвзаджы? Уый тыххæй ныхас кæнын 218
дæр нæ хъæуы. Цы ’взæгтæй спайда кæнын, уыдоны æххуысмæ, хорз сæ кæй зонын, уый тыххæй нæ фæдзурын, фæлæ сæ лексикæимæ зонгæ вæййын дзырдуæтты æххуысæй, алыхуызон уæлæмхасæн чингуытæ æмæ текстты фæрцы. Иуæй-иу æвзæгтæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, хæстæгдæр сты, зæгъæм, авестæ. Авестæ хуыздæр зонын. Уый ирайнаг æвзаг у. Афтæ зæгъын мæ бон у санскритæй дæр, фæлæ, зæгъæм, тюр- каг æвзæгтæ зонын, кæм мæ бахъæуынц, уым сæ спайда кæныны бæрц. Цæмæй фарстæн æнцондæр дзуапп дæттæн уа, уый тыххæй мæ хъуы- ды фæбæлвырддæр кодтон: — Мæ фарст чысыл фендæрхуызон кæнон. Цал æвзагыл у дæ бон дзурын, дæ хъуыдытæ æмбарын кæнын? — Уый тыххæй фæлтæрддзинад хъæуы. Германы куы уыдтæн, уæд куыддæртæй немыцагау дзурыныл архайдтон. Иу хатт ма йæ зæгъын: куыд- дæртæй, уымæн æмæ иудадзыг фæлтæрддзинад куы нæ уа, ома æвзагыл алы бон куы нæ дзурай, уæд адæймаг алы хатт дæр батыхсы, кæцы дзырдæй хуыздæр спайда кæна, ууыл. Францы уæвгæйæ дæр мæ бон рахъаст кæнын нæ уыд, æмбæрстой мæ, суанг ма францаг æвзагыл лекцитæ дæр кастæн. Фæлæ уæддæр афтæ зæгъæн нæй, æмæ францаг æвзаг тынг хорз зонын. Англисагау кæсын æнæкъуылымпыйæ, фæлæ æваст Англисы куы фев- зæрин æмæ мæ дуканийы кæнæ æндæр искæцы ран дзурын куы бахъæ- уид, уæд мын зын уаид, уымæн æмæ мæм ныхас кæныны фæлтæрддзи- над нæй. Афтæ у хабар. — Нарты кадджытæ иртасыны фарстытæ... — Æгæр иумæйаг фарст у. Проблемæтæ бирæ сты. — Зæгъæм, раздæр кæмæ фæзындысты? — Уый тыххæй æз, мæнмæ гæсгæ, цас æмбæлд, уыйбæрц бæлвырд загътон, «Советон Уæрæсе»-йы рауагъдады чи рацыд, уыцы чиныджы разныхасы. Нарты эпос кæй у, зæгъгæ, фарст куы æрæвæрынц, уæд уымæн ис хуымæтæджы дзуапп: «Эпос у, цы адæмы æхсæн зындгонд у, уыцы адæмы». Цы амоны уый? Уый амоны уый, æмæ ирон варианттæ сты ирæтты, кæсгон варианттæ — кæсгæтты, абхазаг варианттæ — абхаз- ты, цæцæйнаг варианттæ — цæцæйнæгты æмæ афтæ дарддæр. Уæлдæр ранымад адæмтæй алкæмæ дæр эпос йæхи хуыз кæй райста, уыимæ сра- зы уæвын хъæуы. Зæгъæм, æз кæсгон варианттæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй куы кæсон, уæд сæ уайтагъддæр базондзынæн, уымæн æмæ кæсæгмæ æндæрхуызон хъуысынц. Уым ис бирæ фæлыст бынæттæ, хъæздыг у феодалон бæрзонд æууæлтæй. Æрмæст уыцы æууæлтæм гæсгæ дæр раиртасдзынæн, ирон нæ, фæлæ кæсгон варианттæ кæй сты. Афтæ, абхазаг варианттæм дæр ис сæхи миниуджытæ. Эпос уыцы адæмтæм рагæй кæй ис, ууыл басæттын хъæуы. Фæлæ уыцы-иу рæстæг æз зæгъын: æппæт адæмты эпостæн дæр иумæйаг чи у, бынтон иумæйаг, уыцы бынæттæ алы адæмтæм кæрæдзимæ ницы бар даргæйæ фæзынæн нæ уыд. Термин «нарт»-æн уыцы-иу рæстæг æппæт адæмтæм фæзынæн нæ уыд. Уый фыц- цаг уыд иу кæцыдæр адæммæ, стæй йæ уыдонæй айстой иннæтæ. Уый хауы Уырызмæг, Хæмыц æмæ афтæ дарддæр иннæ нæмтгæм дæр. Зæгъæм, ном «Хæмыц» абхазаг, кæсгон кæнæ ирон хицæнæй не ’рхъуыды кодта- 219
ид. Уымæн уæвæн нæй æмæ йыл дзурын дæр нæ хъæуы. Уыцы ном фыццаг иу кæцыдæр адæммæ фæзынди. Уæдæ афтæ: эпосы бындурон апмæ, сæйраг фæлтæрмæ, цъармæ — кæд ын афтæ схонæн ис, уæд — хауытермин «нарт» хицæн хъæбатырты нæмттæ. Кæрæдзимæтынгхæстæг чи у, иуæй-иу уыцы сюжеттæн ис иу гуырæн, равзæрæн. Уыцы гуырæн раст бацамыдтой Миллер, Дюмезиль. Уыцы гуырæн у ирон, ирон эпос. Иуæй-иу адæмтæм кæй уыдис æмæ ис æмæ йæхи национ хуыз кæй рай- ста, уый та бæлвырд у. Алкæмæ дæр диссаг фæкæсид, зæгъæм, кæсгон йæ эпосыл йæ къух куы сисид æмæ афтæ куы зæгъид: «Уый мæн эпос нæу». Уый йæ эпос у, ис ыл кæсгон культурæйы æндæвдад, зынынц ыл йæ аивады миниуджытæ, йæ ныхасыхъæд, кæсгон эпикон традицитæ æмæ афтæ дарддæр. Мæ ныхас æмбæрстгонд у, Музафер? -О. — Афтæтæ. — Васо, ирон мыггæгтæ кæд фæзындысты? Æви уый зын зæгъæн у? — Ис цалдæр рагон мыггаджы. Уыдоны тыххæй фыста, абон не ’хсæн чи нал ис, хуссарирыстойнаг уыцы ахуыргонд Уанеты Захар. Уыдон сты Сидæ- монтæ, Цæрадзонтæ, Æгъуызатæ, Хъусæгонтæ, Цъæхилонтæ æмæ сты æппæты рагондæр мыггæгтæ. Абон цы мыггæгтæ зонæм, райсæм, Абайтæ, Дзасохтæ æмæ афтæ дарддæр, уыдон рахицæн сты уыцы фондз стыр мыг- гагæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, се ’ппæт нæ: иуæй-иу мыггæгтæ, æвæц- цæгæн, фæзындысты дзæвгар фæстæдæр. Фæлæ нырыккон мыггæгтæн сæ фылдæр, хъуыдыгæнæн ис, куыддæр æгъдауæй баст сты уыцы фыццагон мыггæгтимæ. Зæгъæм, Абайтæ фидарæй æууæндынц, Æгъуызатæй кæй сты, ууыл. Иннæты та фидарæй уырны, Сидæмонтæй кæй равзæрдысты, Здый. Мæнмæ гæсгæ, Уæлладжыры фылдæр хай йæхи хоны Сидæмонтæй. Йæхи Цæрадзонтыл чи нымайы, ахæм мыггæгтæ дæр ис. — Цæрадзонтæ фондз хъæуы сты,— загътон æз. — Фондз? — О. Нузал, Къора, Бад, Зæрæмæг, Нæзыджын. — Уый цымыдисаг у. Суанг хъæутæ дæр бæрæг сты? Æгъуызатæм ма хауынц цалдæр æндæр мыггаджы. Цыма Гаглойтæ дæр сæхи уыдоныл нымайынц, афтæ мæм кæсы. Ныхасы бар йæхимæ райста, ома фарст раттыны бар æрхауд редактор Дойаты Заремæмæ: — Не ’взаджы фидæны тыххæй цы хъуыды кæныс? — Не ’взаджы фидæны тыххæй? — сфæлхат кодта Заремæйы ныхæстæ Васо æмæ иучысыл хъусæй алæууыд. Уыцы уавæрæй æз фæпайда кодтон æмæ ма фарстæн æмбал ссардтон: — «Сырх чиныг»-мæ йæ нæ бахæсдзысты? — Айфыццаг ма уый тыххæй æз дзырдтон... Дзырдтон, дзырдтон... Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр хъыгаг уаид, æваст æвзаг кæнæ æнæхъæн культурæ, æнæхъæн æгъдæуттæ æваст куы ’рбайсæфиккой, уæд. Диссаг та куыннæ у, цæрæгойтæ æмæ зайæгойты хъахъхъæнæм, фæлæ... Дардæй куы кæсай, уæд афтæ зыны, цыма алцыдæр хорз у: дыууæ газеты нæм цæуы ирон æвзагыл, дыууæ журналы, Цæгаты æмæ Хуссары. 220
Васойæ ферох, журнал «Ногдзау» дæр ма нæм кæй цæуы, уый æмæ йын æй куы загътон, уæд дарддæр дзырдта: — Радиойæ иудадзыг хъусæм ирон ныхас. Ам куы дæн, уæдæй нырмæ арæх хъусын радиомæ æмæ мæ зæрдæмæ фæцыд: хорз æвзагыл дзурынц, диктортæн хорз хъæлæсыуаг ис. Радио нæм ис Хуссары дæр. Ирон æвзаг хъусæн ис телеуынынадæй, театры сценæйæ. Æмæ, куы зæгъын, дардæй кæсгæйæ, хуыздæр уæвæн нæй, афтæ сты хъуыддæгтæ. Фæлæ сæм лæмбынæгдæр куы ’ркæсæм, уæд адæймаг раиртасдзæн иуæй-иу сагъæс- саг уавæртæ. Цавæр сты уыцы сагъæссаг уавæртæ? Бинонты æхсæн — уый кусджытæм нæ хауы, зæхкусджытæ, колхозонтæм дæр нæ — нæ интел- лигенци иронау нæ дзуры. Хæдзары уавæрты ирон æвзаг сæфы. Дæ хорзæхæй, Музафер, дзуапп-ма мын ратт, уæхимæ, хæдзары сывæллæт- тимæ кæцы æвзагыл дзурут? Уыцы фарст фехъусгæйæ, адæм базмæлыдысты, уымæн æмæ зыдтой, уæ фарн бирæ уæд, мæ кæстæртимæ — цы дзы уайы, уый нæ зонын, фæлæ — иронау дзурыныл кæй архайын. Уый Васо куы бамбæрста, уæд йæ хъуыды дарддæр нывæста: — Хъыгагæн, ацы хъуыддаджы Музаферæн бирæ æмбæлттæ куы нæ разына, уымæй тæрсын, уымæн æмæ æз нæ интеллигенттæй кæй фар- стон, уыдон мын басастысты, сæ цотимæ уырыссагау кæй дзурынц, ууыл. Мæ нымадмæ гæсгæ мах иууылдæр, чысылæй стырæй, дыууæаздзыд сы- вæллонæй райдай, æмæ зæрæдтæй фæу, хъуамæ уæм дыууæ æвзагыл дзур- джытæ, ома хорз зонæм дыууæ æвзаджы, уырыссаг дæр æмæ ирон дæр. Афтæ æнæмæнг бакæнын хъæуы, уымæн æмæ сывæллæтты чысылæй фæстæмæ дыууæ æвзагыл дæр куы ахуыр кæнай, уæд дзы зынæй ницы ис. Сывæллæтгæ æвзæгтæм тынг æмхиц сты. Йæ сывæллæттимæ хæдза- ры уырыссагау чи дзуры, уыцы интеллигенттæ, æвæццæгæн, афтæ хъуы- ды кæнынц, ирон æмæ уырыссаг æвзагæй иу равзарын хъæуы, зæгъгæ, фæлæ уый раст хъуыды нæу. Дзурын хъæуы дыууæ æвзагыл дæр. Æрмæст мадæлон æвзагыл дзурын хъæуы хæдзары, бинонты æхсæн. Васо цалдæр ныхасы загъта иронау. Æвæццæгæн, цæмæй адæммæ тынгдæр бахъара, уый тыххæй: — Уымæн æмæ не ’взаг бинонты ’хсæн куы фесæфа, уæд ын скъола дæр нал баххуыс кæндзæн, журналтæ дæр ын нал баххуыс кæндзысты, радио дæр, телеуынынад дæр. Ничи йын баххуыс кæндзæн, бинонты ’хсæн куы фесæфа, уæд. Дарддæр дзырдта уырыссагау: — Уымæ гæсгæ сæйраг æргом аздахын хъæуы, интеллигенци хæдзары йæхи куыд хъуамæ дара, уымæ. Уымæн æмæ, æз куыд федтон, афтæмæй кусджытæ æмæ колхозонты æхсæн ацы уавæр сагъæс не ’взæрын кæны. Уыдон хæдзары дæр иронау дзурынц. Интеллигенци æндæр хъуыддаг у. Уыдон мæ — иу хатт ма йæ зæгъын — сагъæсы æфтауынц. Фæлæ уæддæр æз фидæнмæ райгæ цæстæй кæсын. Цæмæн, уый дæр зæгъдзынæн. Чех- ты историйы уыд ахæм рæстæг, интеллигенцийы æхсæн чехаг æвзаг бын- тондæр куы фесæфт. Чехаг интеллигенци йæхи ’взагыл æппындæр нал дзырдта, дзырдта æрмæстдæр немыцагау. Уыдис ахæм рæстæг. Диссаг 221
нæм нæ кæсы ныртæккæ? Ахæм тыхджын паддзахад, национ традици- тимæ æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ уый æцæгæйдæр афтæ уыди. Горæтты интеллигенци чехагау æппындæр нал дзырдта. Чехагау дзурын гуымы- рыхъдзинадыл нымад уыд. Æмæ дæ цæмæй æнæхсæстыл ма банымадта- иккой, уый тыххæй дзурын хъуыд немыцагау. Æмæ дзы’цы рауад? Чехаг æвзаг фесæфт? Нæ фесæфт. Фæзынд, мадæлон æвзаджы фарс чи рахæ- цыд, ахæм змæлд. Уыцы змæлды сæйраг архайджытæй иу уыд чехаг ис- торик Франтишек Палацкий. Йæхæдæг немыцагау фыста. Йæ ахсджи- агдæр фæллой «Чехийы истори» дæр немыцаг æвзагыл рацыд. Кæд йæхæдæг йæ наукон куыстыты немыцаг æвзагæй пайда кодта, уæддæр хъæддыхæй лæууыд, цæмæй мадæлон æвзаг немыцаджы æмрæнхъ фидар кодтаид хуымæтæг адæмы, интеллигенцийы æхсæн. Немыцаджы ныхмæ нæ уыд. Куы зæгъын, йæхæдæг йæ уацмыстæ фыста немыцагау, фæлæ йæ фарсхæцджытимæ ахæм куыст бакодта, æмæ уавæр цæхгæр фендæр- хуызон. Интеллигенци йе ’ргом мадæлон æвзагмæ раздæхта æмæ абон, куыд уынут, афтæмæй чехаг æвзагæн тæссаг ницæмæйуал у. Мæнмæ гæсгæ, махмæ дæр хъуыддаг афтæ уыдзæн, нæ интеллигенци, хæдзары, бинонты ’хсæн иронау дзурын куы райдайа, уæд. Исты сæрмагонд мадзæлттæ саразын хъæуы æви нæ, уый нæ зонын. Скъолайæн сæрма- гонд ахадындзинад нæй. Кæд бинонты æхсæн бындуртæ æвæрд æрцæуа, уæд скъолайæн дæр йæ бон бирæ у. Бинонты æхсæн иронау куынæуал дзурой, уæд скъола ницыуал феххуыс уыдзæн. Æмæ уый хъуыдыйаг у. Бинонты æхсæн иронау кæй нæ дзурынц, уыцы рæдыд сраст кæнын скъо- лайы бон нал бауыдзæн. Райдайын хъæуы бинонтæй, уый фæстæ та — скъола. Скъолайæн, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр ахадындзинад ис, фæлæ бакæнын хъæуы афтæ, цæмæй бинонты æхсæн дзурой иронау. Иуæй-иу бæстыхаймæ куы бацæуай, уæд дзы бакæсæн вæййы ахæм фыст: «Ам та- мако нæ дымынц». Чи зоны, нæ интеллигентты дæр сæ фатерты зынгæдæр рæтты бакæнын хъæуы ахæм плакат: «Ам дзурынц иронау». Хъуамæ исты æххуыс фæуа. Ноджыдæр ма цавæр мадзæлттæй спайда кæнын хъæуы? Рæзгæ фæлтæрæн дзурын хъæуы, хъæуы сæ ахуыр кæнын. Ноджыдæр ма йæ зæгъын: æз пессимист нæ дæн. Нæ интеллигенттæ хуымæтæг адæмы кæй бафæзмдзысты æмæ хæдзары иронау дзурын кæй райдайдзысты, уый мæ уырны. Васо ирон мыггæгтæ æмæ нæмтты равзæрды тыххæй дæр иуцалдæр ныхасы куы загътаид, уый мæ фæндыди æмæ ныхас уыцырдæм аздæхтон: — Цалдæр азы размæ ам, Ирыстоны, ономастикæйы фарстаты фæдыл уыди наукон конференци. — Этногенезы фарстаты фæдыл уыди конференци,- сраст мæ кодта Васо. — О, о, ды дæр дзы ныхас кодтай æмæ ирон нæмтты кой куы рацыд, уæд загътай, нæ нæмтты фылдæр хай ирон кæй нæу. Зæгъæм, Бег, Ба- тыр, Солтан æмæ бирæ æндæртæй иу дæр ирон схонæн нæй. Афтæ гуыр- дзиаг схонæн нæй Нодар, Зарбег æмæ афтæ дарддæр. Уæдæ цавæр нæмттæ ис ирон схонæн? — «Музафер» уыдонмæ нæ хауы,— йæ мидбылты бахудгæйæ загъта Васо. 222
— Зонын æй. Æз ма уый дæр зонын, æмæ суанг Сослан æмæ Чермен дæр ирæтгæ не сты. Уæдæ ма дзы уæд ирон кæцы у? — Æхсар, Уырызмæг. Æнцон дзуапп раттæн нæу ацы фарстæн... Сау- куыдз, Куыдзæг. Фæлæ уыдон рагон нæмтты номхыгъдмæ нæ хауынц, фæстæдæр фæзындысты, уымæы æмæ, æз цас зонын, уыйбæрц раджы заманы адæмыл куыдзы нæмттæ не ’вæрдтой. Рагонирайнаг дугæй нæм чи ’рхæццæ, уыдон сты Æхсар, Уырызмæг, Ацæмæз... — Сылгоймаджы нæмттæ та? — Ацырухс. Уый рагон ирайнаг ном у. — Дуду та? — Уый сывæллоны ном у. Сывæллоны нæмттæ нæм бирæ ис: Гыцци, Дзыцци... — Дзерассæ та кæцон ном у? — Дзерассæ? Зын зæгъæн у. Рагон ирайнаг кæй нæу, уый бæлвырд у. Сылгоймæгтæй мæм хæстæгдæр чи бадт, уыдон мын бамбарын код- той, бафæрс, дам-ма йæ, чызг кæмæн райгуыра, уый йыл цавæр ном хъуамæ сæвæра. — Зæринæ, — æнæахъуыдыгæнгæйæ дзуапп радта ахуыргонд.— Уый рагон ирайнаг ном у. Сакты ус-паддзахы дæр афтæ хуыдтой. Ноджыдæр ма цавæртæ? Ацырухс... Æз ма ахъуыды кæндзынæн... Заремæ Симонян секретарæй куыста. Йæхæдæг уыди сомихаг, йæ лæг та - ирон, æмæ йын йæхинымæр бирæ рæстæг æнцой цы нæ лæвæрдта, уыцы фарст раттынæй нæ бафсæрмы кодта: — Æз мæхæдæг дæн сомихаг, мæ сывæллæтты фыд та — ирон. Ис мын æртæ кæстæры. Кæцы æвзагыл хъуамæ дзурой? — Сæ фыды æвзагыл. — Æз мæхæдæг иронау куы нæ зонон, уæд та? — Хорз уаид, дыууæ æвзаджы, растдæр зæгъгæйæ та — æртæ æвзаджы дæр куы зониккой, уæд. Уым зынæй ницы ис. Мæнæн Мæскуыйы иу зонгæ францаг уыдис. Мæскуыйы куыста, афтæмæй польшæйаг ус ра- куырдта. Уыдис сын дыууæ сывæллоны. Æртыгай-цыппæргай азтæ сыл куы цыди, уæд-иу семæ куы францагау — полякты æвзаг нæ зыдтон — дзырдтон, куы уырыссагау æмæ мын тынг дзæбæх дзуапп лæвæрдтой. Зыдтой полякагау дæр. Сæ фыд семæ ныхас кодта францагау, сæ мад полякагау, сæ лæггадгæнæг та — уырыссагау. Сæ цуры уыцы æвзæгтыл сусæг ныхасгæнæн нæ уыди... Нæ фембæлд кæронмæ æрхæццæ. Æз Васойæн мæхи æмæ адæмы номæй арфæ ракодтон: — Васо, æмбарын æй, рæстæгдын минутгай нымад кæй у, уый, фæлæ уæддæр немæ фембæлыныл сразы дæ æмæ дын стыр бузныг зæгъын. Æртæ мæйы фæстæ дыл цыппар æмæ цыппарыссæдз азы сæххæст уыдзæн æмæ дыл уыцы бон æнæниз æмæ хъæлдзæгæй куыд æрцæуа, дунейы фарн ахæм арфæ ракæнæд! Мæнæн ма мæ зæрды ис, афæдз æмæ æртæ мæйы фæстæ цы бон ралæудзæн, уымæ акæсын дæр. Уæд нæ кадджын уазæгыл цæудзæн фондз æмæ цыппарыссæдз азы. Фæнды мæ, цæмæй уыцы бон Васоимæ иумæ сбæрæг кæнæм. 223
Æмбырд æхгæнынмæ хъавын, уый куы бамбæрста, уæд мæм Васо дзуры: — Музафер, дæ ныхæстæ фæдæ? О, зæгъгæ, йын загътон. — Уæдæ æз нæма фæдæн. Æз уын бакæсынмæ хъавын Къостайы æмдзæвгæтæ. Уыцы ныхæстæ фехъусын не ’ппæтæн дæр æхсызгон уыд æмæ залы баджыты тыхджын къухæмдзæгъд райхъуыст. Васо райдыдта «Хъуыбады»-йæ. Уый фæстæ рахызт «Гъæй-джиди!», «Æрра фыййау», «Халон æмæ рувас»-мæ. Васо касти æмæ касти. Иу ран дæр никуы фæкъуыхцы, иу ран дæр никуы фæрæдыд, афтæмæй. Уæддæр æз тарстæн. Васо куы фæрæдийа, уымæй нæ — фæрæдийын алчидæр зоны, уæлдайдæр уыцы кары — фæлæ куы фæкъуыхцы уа æмæ йын бах- хуыс кæнын мæ бон куы нæ бауа, уымæй. Дзæгъæл хуымæтæджы мæм сæвзæрд ахæм хъуыдытæ: Васойы ме ’ххуысы сæр никуы бахъуыд, уымæн æмæ йæ уарзон поэты уацмыстæ æнæкъуызгæйæ дзырдта. Фембæлд кæронмæ æрхæццæ. Кæд дзæвгар рæстæг ахаста, уæддæр адæм уазæгмæ хъусынæй нæ бафсæстысты æмæ йæ алыфарс амбырд сты. Ноджы хæстæгдæрмæ йæ куы федтаид, уый фæндыд сæ алкæй дæр. Фæндыди сæ йæ ныхæстæ йын дардмæ нæ, фæлæ æввахсмæ фехъусын æмæ уыцы фадатæй спайда кодтой. Афтæ мæм кæсы, Васоимæ чи фембæлд, уыдонæй, цалынмæ цæрой, уæдмæ кæй нæ ферох уыдзæн. Васоимæ фембæлдтыты тыххæй мæ ныхас фæуыны размæ ма мæ зæгъын фæнды уый, æмæ йæм кæй ныффыстон цалдæр писмойы. Мæ зæрды дзы чиныгкæсджыты иуимæ базонгæ кæнын ис. «Дæ бонтæ хорз, зынаргъ Васо! Стыр хатыр дæ курын, фæлæ мын иу хъуыддаджы баххуыс кæн. Махмæ, Бæрæгъуыны (Æрыдоны район, Уæлладжыры комæй ралидзæг адæм дзы цæры), арæх фехъусæн ис: менджы сой. Зæгъæм, мæнæ ахæм хъуыдыйæдты: «Менджы сой куы нæ у, цы йыл ауæрдыс?» «Исты мен- джы сой у?!» «Дæ уырзтæ йыл аззадысты, менджы сой куы нæ у, мый- йаг?!» Цыбыр ныхасæй, мæнæ заробаимæ цы дзырдтæ вæййы, уыдоны хуы- зæн: «Мæлæты гыццыл мын дзы нæ авæрдтай, зароба куы нæ у!» Дзырдуæтгы «менджы сойы» кой иу ран дæр никуы ис, йæ нысаниуæг базонын та мæ тынг æхсызгон хъæуы. Цæмæн, уый дæр дын зæгъдзынæн: мæ чиныгæн, «Менджы сой», зæгъгæ, ахæм сæргонд раттынмæ хъавын. Ноджыдæр ма дæ иу хаттт хатыр курын, дæ зынаргъ рæстæгæй дын кæй тонын, уый тыххæй. Зæрдиаг саламтæ Ксеняйæн! Дæ хорздзинæдтæм бæллæг, де сгуыхтдзинæдтыл цингæнæг Музафер. 1985 азы 10 июнь». Къуыри дæр нæма рацыд, афтæ дзы райстон ахæм дзуапп. «16/У1-85 г. Дорогой Музафер! Выражение «Менджы сой» мне не встре- чалось в текстах и поэтому не попало в мой словарь. Вероятно оно полу- чилось из Меччы сой «жир Мекки» со вставкой звука н, как в дигор. уасæнгæ, гъарæнгæ и т.п. В этом случае Менджы сой можно сопоста- 224
вить с такими выражениями как диг. Мисини хуаллаг «Египетская пища», Сами сикъит «Сирийская земля» и т.п. (встречаются в текстах «Бæхфæлди- сын»: Памятники народного творчества осетин, вып. 2, 1927, стр. 169- 170). Зæрдиаг салам! Ваш В. Абаев» XVII Йæ заманы «Рæстдзинад»-ы культурæйы хайадæй кадджындæр нæ уыди. Мæнмæ гæсгæ, стæй ма мын, чи зоны, æмбæлттæ дæр разына. Уымæй фылдæр адæм никæдæм цыд. Аивад æмæ литературæйы архайджытæн сæ дыккаг хæдзары хуызæн уыд. Уырдæм хуымæтæджы литературон кусæгæй бацæуынмæ дæр рагæй бæллыдтæн, фæлæ мæ бынтон æрыгонæй хайады сæргълæууæгæй куы сæвæрдтой, уæд мæхимæ амондджын кастæн, уымæн æмæ мæ æрвылбоны архайд Ирыстоны дзырддзæугæдæр лæгтимæ уыд. Фысджытæ æмæ артисттæ, нывгæнджытæ æмæ музыканттæ, компози- тортæ æмæ киноаивады кусджытæ! Цал æмæ дзы цалимæ базонгæ дæн! Зæгъæн ис, æмæ дзы, кæимæ нæ базонгæ дæн, ахæм нал баззад æмæ дзы искæй зæрдæхудт райстон, уый нæ хъуыды кæнын. Æппæты арæхдæр æмбæлдтæн фысджытимæ. Кæд рæстæджытæ адæймагæн парахат бартæ нæ лæвæрдтой, уæддæр архайдтон, цæмæй, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, макæй хъыджы бацæуон, раст-равджы дæр макæй бафхæрон. Æмæ мын цыма æнтысгæ дæр кодта, афтæ мæм кæсы, фæлæ мын мæхимæ иуæй- иутæ ахæм цæстæй нæ кастысты. Ахæм хабæрттæ дæр мæ бон æрымысын у, æмæ сфæлдыстадон фæнда- гыл фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыдонæй-иу кæмæндæрты рæствæндаг куы загътон, йæ уацмыс-иу ын ныммыхуыр кодтон, афтæмæй. Бузныг- иу мæ уыд. Адæмы ’хсæн-иу мын арфæтæ кодта, стæй-иу дзы алцыдæр æрбайрох æмæ-иу мæ ныхмæ йæ цыфыддæр знаджы ныхмæ тохгæнæгау хæцыди. Уыдис ахæмтæ дæр, æвзæрдзинад кæмæн нæ фæдæн, афтæмæй мæ чъылдыммæ мæ хорздзинадыл чи нæ архайдта. Мæ хорздзинад нæ, фæлæ, йæ бон цыдæриддæр уыд, уый арæзта, цæмæй фæцудон, размæ бахауон æмæ сыстынхъом макуыуал суон. Мæ ныхмæ тохгæнджытæ уымæ кæй бæллыдысты, уый æппæты фыццаг æмæ æппæты тынгдæр банкъард- тон, фысджыты Цæдисмæ цæуынвæнд куы скодтон, уыцы аз. Æртындæс æмæ мыл ссæдзæм аз цыдис, афтæ мæ гæххæттытæ барæвдз кодтон æмæ æнхъæлмæ кастæн, кæд сæм æркæсдзысты, уымæ. Правленийы уæнгтæй дæр дыууæ разынд, мæ ныхмæ чи уыди, ахæмтæ. Иуыл дзы нæ фæдис кодтон (кæд сусæг хъæлæс кодтой, уæддæр, цæдисмæ бацæуон, уый кæй нæ фæндыд, уыдоны мыггæгтæ базыдтон), уый уымæй размæ дæр фæсау- уон мæ ныхмæ дзырдта, фæлæ мæ хъуыдытыл бафтыдта дыккаг. Къæбæр иумæ хордтам, мæ хæлар æй хуыдтон, афтæмæй мыл гадзрахатæй ра- цыд. Цæмæй, иумæйаг æмбырды хъæлæсмæ цы номхыгъд хаст цæудзæн, уым баззайон, уый йæ нæ бафæндыд æмæ мæ ахахх кодта. Æз та йæ ахахх кодтаин, æрмæстдæр марыны тæрхон кæмæн рахастаиккой, уыдоны ном- хыгъдæй. О, фæлæ уыцы хъæлæстæ ницы сахадыдтой. Сæйрагдæр уыди иумæйаг хатдзæг, уымæ гæсгæ та уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй æз, Ходы 15 Дзасохты М. 225
Камал æмæ Джыккайты Шамилы, — кæд ма дзы æндæр исчи уыди, уæд дæр нæ хъуыды кæнын — гæххæттытæм æркæсой иумæйаг æмбырды. Правлени уынаффæ куы рахаста, уымæй иумæйаг æмбырдмæ рæстæг уыди, цæмæй, чи кæй ныхмæ архайы, уый иу адæймаджы онг сбæлвырд кæной æмæ хъæлæс кæнынмæ цæттæйæ æрцæуой. Сæйраг тох рапарахат Ходы Камал æмæ мæ ныхмæ. Мæ ныхмæ чи уыд, уыдоны сæргъы иу æрлæууыд, Камалы ныхмæлæуджыты сæргъы та — иннæ. Уыимæ дыууæ «разамонæджы» баныхас кодтой, цæмæй, Камалы чи хахх кодтаид, уыдон мæн дæр хахх кодтаиккой, кæннод, дам, нæ дыууæты фæндтæ дæр фæсыкк уыдзысты. Фидардæр уынаффæйæн рахæссæн нæ уыд. Афтæ куы нæ ба- кодтаиккой, уæд сæ дыууæйы фæндæй дæр æцæгæй ницы рауадаид. Хъæлæс кæныны бон куы ралæууыд, уæд ма дзы алчидæр йæ къорды уæнгтыл æрзылд æмæ æмбырдмæ топпæргъæвд æмæ хъамалвæстæй æрба- цыдысты... Æмæ фæуæлахиз сты. Мæ ныхмæ чи тох кодта, уыдоны сæртæ арвы милтыл ныдзæвыдысты, афтæмæй æмбырдæй рацæйцыдысты. Ка- малимæ йын нæ фæндаг разæргæвст куы акодтой, уæд æнхъæлдтой куый- дур-куыйхъæд баистæм æмæ æмбырдæй къуылдым-къуылдым цæрдæг уадысты. Æнхъæлдтой, мах адаг-адаг хъуызгæ рацæйцæудзыстæм, фæлæ ресторан «Интурист»-ы — Шамилы циныл цин кæнгæйæ — фæздæгджын сихор дæр кæм уыди æмæ æвæздæг сихор дæр, ахæм фынджы уæлхъус дæлæмæ рæгъ, уæлæмæ гаджидау, афтæмæй нуазын куы райдыдтам, уæд, æвæццæгæн, сæхинымæр загътой, адон бирæ таутæ чи ахæрдзæни, ахæм- ты каст кæнынц, мах та æнхъæлдтам, æмбырды фæстæ сыл дымгæ туг- сæлфынæг кæнын райдайдзæни. Фæлæ, цыфæндыйæ дæр, сæ размæ цы нысан æрæвæрдтой, ууыл сæ иумæйаг фат сæмбæлд. Хъæлæс кодтой дæс æмæ ссæдзæй æмæ дыууæ раст дихы фесты. Фынддæсæй Камалы фарс радзырдтой, иу уыйбæрц та йæ ныхмæ схъæлæс кодта. Мæ ных- мæуæвджытæ ноджы æнгомдæр разындысты: мæ фарс чи уыд, уыдонæй дыууæ адæймаджы фылдæр рауадысты. Цыбыр дзырдæй, нæ дыууæ дæр фæсдуар баззадыстæм, куы нæ райстаиккой, уæд куывд цæмæй скодта- иккам, уыцы æхцатæ нæ дзыппыты куыд баззадысты, афтæ, фæлæ, куы зæгъын, Шамилы хардзæй нæ «судзгæ фыдтæ» ферох кæныныл нæ баца- уæрстам. Ноджы нæ дыууæ дæр бацархайдтам, цæмæй нæ «хæлæртты» цин æнæкæрон ма уа, ууыл. О, хæдæгай, фæцæй мæ рох кодта. Фысджыты Цæдисмæ цæугæйæ хъуамæ дæ фарс рахæца æртæ фыссæджы, ома ныффыссой дын рекомен- дацитæ. Æз, кæмæ æрхатыдтон, уыдонæй иу уыди Хъайтыхъты Геор, уымæн æмæ зыдтон, цы зæрдæ мæм дардта æмæ, мæ фыстытæм цы цæстæй каст, уый. Мæ фыццаг чииыг «Фыды фарн» — цас чиныг уыд, фæлæ уæддæр (иу мыхуырон сыф дæр æххæст чи нæ уыд, ме ’мдзæвгæты уыцы æмбырдгонды редактор Мыртазты Барис æй бындзытæ марыны инструкцийы йас хуыдта. Афтæ хуыдта, уыцы рæстæг ме ’мгæрттæй цалдæрæн цы чингуытæ рацыд, уыдон дæр) — мыхуыры куы рацыд, уæд ыл газет «Социалистическая Осетия»-йы цæстуарзон рецензи ныффыста Хъайтыхъты Геор. Æрмæст йæ сæргондæй дæр бæрæг уыд, цы аргъ ын скодта, уый: «Доброго пути!» («Рæствæндаг у!») Уæдæ йæ рекомендаци 226
дæр къаддæр цæстуарзон кæй нæ уыдаид, ууыл баууæндæн уыдис. Бау- уæндæн нæ уыд, мæ ныхмæ куыд схъæлæс кодтаид, ууыл. Фæлæ мын иу нæ, фæлæ цалдæрæй куы загътой, Геор дæ ныхмæ кæй схъæлæс код- та, уый нæхи цæстытæй федтам, зæгъгæ, уæд мæхинымæр дисы ба- цыдтæн. Дис кодтон, цæмæн афтæ бакодта, ууыл. Ноджы, дам, йæ хъуыды æмбæхсгæ дæр нæ кодта. Адæм уыдтой, куыд мæ хахх кодта, уый. Стæй канд уынгæ нæ, фæлæ фехъуыстой, хахгæнгæйæ цы ныхæстæ загъта, уыдон дæр: «А Музафера мы померим!» Фæстаг ныхас гуыми- рыдæр хуызы загъта, фæлæ йæ æз, чиныгкæсджыты фарныл хъуыды кæнгæйæ иуцасдæр фендæрхуызон кодтон. Дисы куыннæ бацыдаин, фæлæ бæстондæр куы ахъуыды кодтон, уæд бамбæрстон, Георæн йæ лæмæгъдзинадæй кæй фæпайдачынди æмæ йæ чидæртæ мæныл, куыд не ’мбæлд, афтæ кæй сардыдтой. Геор та æууæн- даг уыд, йæ разы чи лæууыдаид, уый йæм-иу цæмæдæр гæсгæ фæхæстæгдæр, цы-иу дзы домдта, уымæн цæхгæр дзуапп раттын нæ фæрæзта æмæ-иу ыл сайд æрцыд. Раздæр ма йæ куы загътон, уый æнæмæнг рафауинаг миниуæг у, фæлæ, фау æрхæссæн кæмæ нæй, ахæм адæймаг агурыныл Хуыцау кæй бафтауа, уый, иуæй, дзæгъæл цыд фæ- уыдзæн, иннæмæй йæ хæдзар нал ссардзæн. Уыцы рæстæджы та фыс- джыты ’хсæн ахæм интригантæ уыди, æмæ дыууæ ’фсымæры кæрæдзийæн амарын кодтаиккой. Иуы тыххæй мын дзы дохтыр Хъæрджынты Мурат афтæ радзырдта: «Хорз кæимæ цардтæн, мæ уыцы хъæуккагæн мæн тыххæй ахæм хахуыртæ фæдзырдта, æмæ мæм лæппу марынмæ ’рбацыди. Хъуа- мæ мæ хъæдмæ асайдтаид æмæ, масты фæдыл кæйонгты ацæуæн ис, уыйонгты ацыдаид. Æз мæ сæрæн ницы зыдтон, афтæмæй, хæлар хæла- римæ йæхи куыд дара, мæхи афтæ дардтон æмæ мæ хъæуккаг йæ кæцыдæр æнкъарæнæй бамбæрста мæ уды сыгъдæгдзинад æмæ мын йæ фыдвæндтæ æргом кæнынмæ фæци. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæстæмæ раздæхтыстæм хæлæрттæй, ардауæгыл та хъоды бакодтам». Ахæм адæймаг Георæн мæн тыххæй цытæ фæдзырдтаид — хæйрæг йæ зонæг. Геор цы бакодта, ууыл раздæры хуызæн нал дис кодтон. Иуцасдæр рæстæг куы рацыд, уæд та мæхиуыл дис кæныныл фæдæн, Геормæ æппындæр кæй нæ фæхæрам дæн, раздæр æм цы цæстæй кастæн, уыцы цæстæй йæм кæй кæсын, уый тыххæй. Æндæрхуызон нæ фæци йæхæдæг дæр, нæ мыды цы къæм ныххауынмæ хъавыд - растдæр зæгъгæйæ та, цы къæм дзы ныппарынмæ хъавыдысты — уый рæудымгæйы амæддаг баци æмæ йæ фæд дæр нал разынд. Уæлдæр ма йæ куы загътон, Камал дæр æмæ æз дæр бацархайдтам нæ мастыл цингæнджыты равг фехалыныл. Камал — раздæр, æз — фæстæдæр. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ фысджытæ сæ рæдыд сраст кодтой æмæ Ходы-фырты æнæхъæр-æнæцъистæй сæ рæнхъытæм райстой. Æз уыцы хъуыддагыл тагъд нæ кодтон. Кæд мын дзурджытæ уыди, дæ гæххæттытæ бацæттæ кæн æмæ сæ æрбадæтт, зæгъгæ, уæддæр дзæвгар рæстæг хъусæй лæууыдтæн. Дæс азæй фылдæр рацыд, ногæй курдиат куы балæвæрдтон, уæдмæ. Правленийы та мæ хъæлæсмæ куы ’рæвæрдтой æмæ та æхсæз адæймагæй дыууæйæ, - ацы хатт дæр та дзы иу мæ кæддæры 227
æрдхорд разынд — мæ ныхмæ куы схъæлæс кодтой, уæд бавдæлдтæн, æмæ, иумæйаг æмбырд райсом уыдзæн, зæгъгæ, афтæ мæ гæххæттытæ фæстæмæ райстон. Нал мæ фæндыд дыккаг хатт кæмæндæрты æхсызгон- дзинад хæссын. Фыццаг хатг мæ куы истой — æви мæ куы нæ райстой, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд растдæр уыдзæн, уæддæр нæ зонын — уæд мын мыхуыры дыууæ чиныджы йеддæмæ нæма рацыд, ныр уыдоны нымæц астмæ схæццæ. Цалдæр чиныджы мын бонрухс федта Мæскуыйы рауагъдæдты. Куыд бакæнон, цы бакæнон, зæгъгæ, бирæ фæхъуыды кæныны фæстæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: мæ уавæр бамбарын кæнон Уæрæсейы Феде- рацийы фысджыты Цæдисы разамындæн. Уыцы рæстæг Мæскуымæ арæх цыдтæн. Иуахæмы мæ куысты фæдыл уым командировкæйы уæвгæйæ бабæрæг кодтон фысджыты Цæдис. Уымæй размæ йæ сæрдар Сергей Михалковимæ Ирыстоны фембæлдтæн. Фембæлдтæн, зæгъгæ, Цæгат Кавказмæ ссыд æмæ нæ фысджытæм дæр уазæгуаты æрбацыдис. Кæд ма исты зонын, уæд ССР Цæдисы Сæйраг Советмæ сыхаг республикæтæй кæцыдæрæй депутатæй æвзæрст æрцыд æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йе ’взарджытимæ фембæлд. Ирыстонмæ дæр ахæм заман æрбафтыд. Хъуы- ды ма кæнын, хæсты рæстæджы чи нал цыд, сывæллæтты уыцы журнал цæмæй ногæй цæуын райдайа, уый тыххæй дзы æххуыс куыд куырдтам, уый. Уыцы фарстайыл дзурын, мæнмæ гæсгæ, Цæрукъаты Валодя рай- дыдта, стæй ма йæ фарс дзурджытæ дæр фæцис. Уымæй, йæ ныхмæ исчи уыди, зæгъгæ, зæгъынмæ нæ хъавын, фæлæ, дыууиссæдз азмæ æввахс ирон сывæллæттæн сæ мадæлон æвзагыл журнал кæй нал цыдис, уый сагъæсы бирæты æфтыдта. Михалков йæхимæ фæфыста, цы дзы домдæуыд æмæ йæм феххуыс кæнынмæ цы фарстаты фæдыл æрхатыдысты, уыдон æмæ зæрдæ бавæрд- та, йæ бон цы уа, уымæй йæ хъарутыл кæй нæ бацауæрддзæн. Йæ бон та бирæ уыди. Уæдмæ уый сси Советон Цæдисы дыууæ гимны автор, Соци- алистон Фæллойы Хъæбатыр æмæ паддзахадон премийы цалдæр хатты лауреат кæй уыд, уыдæттæ куы нæ нымайæм, уæд. Тынг бирæ рæстæг æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд, Мæскуыйæ æхсызгон хабар куы сы- хъуыст, уыцы бонмæ. Советон Цæдисы хицауады уынаффæмæ гæсгæ хъуамæ 1980 азæй фæстæмæ дыууæ мæйы иу хатт цæуын райдыдтаид сы- вæллæтгы журнал ирон æвзагыл. Ахæм журналтæ уадзыны тыххæй цины хабар сæмбæлд канд Ирыстоныл нæ, фæлæ Цæгат Кавказы автономон республикæтыл се ’ппæтыл дæр. Чи зоны, Михалков Мæскуымæ куы ацыд, уæд сывæллæтты журнал уадзыны фарстамæ акаст уæрæздæр цæстæй æмæ хицауады раз фарста сæвæрдта афтæ, цæмæй алы автономон рес- публикæйы дæр скъоладзау фæсивæд сæ мадæлон æвзагыл кæсой сывæл- лæтты журнал. Михалковимæ фембæлды рæстæджы æз дæр цалдæр ныхасы загътон, фæлæ ма мæ уый цæмæй хъуыды кодтаид! Уыйхыгъд мæ зыдта Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы кусæг, сывæллæттæн бирæ чингуытæ ныффыссæг Георгий Ладонщиков. Уыимæ иуцасдæр хæстæгдæр базонгæ дæн, нæ фысджыты Цæдисы хъаугъайаг фарстатæ куы бабирæ сты æмæ 228
сæ алыг кæныны тыххæй Мæскуыйы æххуыс куы бахъуыд, уæд. Уæды хъаугъатæ æвзарын хæсгонд æрцыд Ладонщиковæн æмæ, ам цы цалдæр боны фæци, уыцы рæстæджы дæргъы йемæ фæлымæн дæн. Телефонæй дæр-иу аныхас кодтам. Гъе, æмæ Мæскуыйы уæвгæйæ Ладонщиковмæ бацыдтæн. Ахæм зæрдиаг цин мыл бакодта, æмæ, уымæй размæ, кæд цæуон-ма цæуон, уый тыххæй дывæндтæ кодтон, уæд ныр мæ гуызавæйæ фæд дæр нал аззад. Цæмæ ’рбацыдтæн, уый йын бамбарын кодтон, хабæрттæ йын радзырдтон, загътон ын, Михалковмæ бацæуынмæ кæй хъавын, уый дæр. Мæ хъуыды йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд дзы ракуырдтон, цæмæй мемæ бацæуа. — Æз дæ ницæмæн хъæуын. Дæхæдæг æм куы бацæуай,— загъта мын Ладонщиков, — уæд хуыздæр у. Цæмæдæр гæсгæ фæныхкъуырд дæн. Цыма дыууæйæ бацæуын хуыздæр уыдаид, афтæ мæм каст. Мæ уавæр мын фембæрста, цы! — зæрдæтæ æвæрынмæ мын фæци: — Мæ коммæ бакæс, нæ фæрæдидзынæ. Цалынмæ йæм никуыдæм фæдзырдтой, уæдмæ бацу, æз, цæмæй йемæ фембæлай, уымæн дын феххуыс кæндзынæн. Чысыл куы фæныфсджындæр дæн æмæ йæ ныхасыл дыууæ куынæуал загътон, уæд мæ йемæ рахуыдта. Михалков кæм бадт, уыцы уæладзыгмæ схызтыстæм. Йæ кусæн уатмæ бацæуæны цы сылгоймаг бадт, уымæн цыдæртæ адзырдта. Уый сæрдары кусæн уаты фæмидæг æмæ чысыл фæстæдæр фæзынд. Йæ фæстæ дуар гомæй фæуагъта æмæ мын къухæй ацамыдта, табуафси, бахиз, зæгъгæ. Сергей бадти дæргъæй-дæргъмæ стъолы уæлхъус. Бадгæйæ дæр, æвæццæгæн, мæнæй бирæ ныллæгдæр нæ уыд, фæлæ куы сыстад, мæ къух мын куы райста æмæ иу уысм лæугæйæ куы афæстиат, уæд ын цæмæй йæ цæсгом федтаин, уый тыххæй мæ хæрдмæ кæсын бахъуыд. Æмæ, дам, фыссæг йæ уацмысты йæхи фæлгонц нæ равдисы! Æцæг фыссæг йæхи цы- фæнды арф куы бамбæхса, уæддæр ын йæ фыстыты æнæразынгæ нæ вæййы. Уым æрмæст йæ удыхъæд кæй нæ равдисы, фæлæ ма йе ’ддаг бакаст дæр, уымæн хорз æвдисæн у Михалков. Цымæ Сергей йæхæдæг ахæм бæрзонд куы нæ уыдаид, уæд «Дядя Степа» ныффыссын йæ зæрды ’рæфтыдаид? Ракодтон та уымæн дæр мæ хабæртгæ. Уый мæм лæмбынæг фæхъуыс- та, стæй дзæнгæрæджы цæппæр нылхъывта æмæ æрдæбоны сылгоймаг къæсæрыл куы алæууыд, уæд ын загъта: — Ладонщиков æмæ-ма Доризомæ фæдзур. Ладонщиков цыма йе уæны каст — ардæм куы цыдтæн, уæд ма мын афтæ дæр загъта: «Æз куы хъæуон, уæд мæн дæр бацагурдзæн». Æмæ йæ бацагуырдта. Стæй канд Ладонщиковы нæ, фæлæ Доризойы дæр. Дори- зойы кой та куыннæ фехъуыстон! Æппындæр дзы чи ницы бакаст, уый йын йæ зарджытæ уæддæр зыдта. Зыдтон сæ æз дæр. Зарыдысты сæ ки- ноты, радио æмæ телеуынынадæй. Доризо дæр фысджыты Цæдисы кæй кусы, уый, Михалковы кусæн уатмæ куы ’рбацæйцыдтæн, уæд базыд- тон: тыргъты иу дуарыл йæ мыггаг фыст уыд. 229
Цыма дыууæйæ дæр, Михалков сæм кæд фæдзурдзæн, уымæ æнхъæлмæ кастысты, уый хуызæн уайтагъд кæрæдзийы фæдыл æрбахызтысты. Ми- халков мæ фыццаг Доризоимæ базонгæ кодта. Ладонщиковæн мæ мыггаг куы загъта, уæд æй уый дарддæр дзурын нал бауагъта, æз, дам, Дзасо- хы-фырты хорз зонын. Уыцы ныхæстæ мыл кæцæйдæр’хур æрбакæсын кодтой. Ноджы ма афтæ дæр куы загъта, йæхи нæ, фæлæ ма йын йе сфæлдыстад дæр зонын, зæгъгæ, уæд фæныфсджындæр дæн æмæ сын бæлвырд хабæрттæ радзырдтон. Нæ фысджыты Цæдисы цы уавæр сæвзæрд, уый сын мæн амонын нæ хъуыди. Дыууæ хатты нæм Мæс- куыйæ иргъæвджытæ æрвитын бахъуыд. Раздæр нæм Людмилæ Татьяни- чева ссыди, уый фæстæ та Георгий Ладонщиков, фæлæ уыдоны ацыды фæстæ дæр уавæр нæ фæхуыздæр. Дзырд куы фæдæн, уæд Михалков йе ’мкусджыты бафарста: — Цы уынаффæ уæм ис? Дзуапдæттæг ын куы нæ фæци, уæд, цыма йæхиимæ уынаффæ кодта, уый хуызæн ныллæгдæр хъæлæсæй загъта: — Уæд та йе ’ннæ чиныджы рацыдмæ банхъæлмæ кæсиккам? Уыцы ныхæстæм мæ зæрдыл æрбалæууыд, цыдæриддæр мын чингуытæ рацыд, уыдон мемæ кæй æрбахастон. Михалковы хъуыдыимæ куы сразы уой, уымæй фæтарстæн, фæлæ мæ амондæн, цалынмæ мæ чингуытæ ис- тон, уæдмæ дзы ничи ницы сдзырдта. Чингуытæ куы ауыдтой, уæд сæм кæсыныл фесты, уæлайдæр Мæскуыйы уырыссагау чи рацыд, уыдонмæ. Михалков тæлмацгæнджыты нæмттæ æмæ мыггæгтæ хъæрæй дзурынмæ фæци: Вероникæ Тушнова, Александр Николаев, Лев Озеров... Кæронмæ сæ нымад нæма фæци, афтæмæй, цыма, бирæ кæуыл фæхъуыды кодта, ахæм хынцинагæн цыбыр фæндагыл раст дзуапп ссардта, афтæ, йæ ныхмæ æрлæууæн кæмæн нæй, ахæм хъæлæсыуагæй загъта: — Давайте Дзасохова здесь будем принимать, давайте исправим ошиб- ку местной организации, давайте, это престижно и для нас! Ам æй райсæм, зæгъгæ, куы загъта, нæхи фысджыты Цæдис рæдигæ кæй кæны, уый йæм гуырысхойаг куынæуал каст, стæй ма уыцы рæдыд сраст кæнынмæ кæй хъавынц, уый куы фехъуыстон, уæд мын æхсызгон куыннæ уыдаид! Цыфæнды дзуапмæ дæр æнхъæлмæ кастæн, фæлæ ахæм бæлвырд æмæ уыцы-иу рæстæг бардзырдæнгæс ныхæстæ фехъусдзынæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Куы рацыдыстæм, уæд мæ Ладонщиков æрбахъæбыс кодта æмæ мын мæ хъусы æрбадзырдта: — Нæ дын загътон, иунæгæй бацу, зæгъгæ?! Ныр хъуыддæгтæ дæхицæй аразгæ сты. Дæ гæххæтгытæ æрластай? Уый æнхъæл та чи уыд, æмæ мæ гæххæттыты сæр бахъæудзæн. Æз цы уавæры бахаудтæн, уым дарддæр мæхи куыд дарон, уый базоныны тыххæй æрбацыдтæн æмæ мæм мæ чингуытæ йеддæмæ ницы уыд. — Уæдæ бавдæл, æмæ, дæ гæххæттытæ, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр рарвит æмæ дæ æз иннæты разæй фæкæндзынæн. Мæ зæрдыл, нæхимæ фысджыты Цæдисмæ мæ разæй кæй райстой, уыдонæй иуы ныхæстæ æрлæууыдысты. Стыр уынджы æрцæйцыдыстæм 230
æмæ хъазгæйæ йæ ныхмæ цыдæр куы сдзырдтон, уæд дын афтæ куы ба- кæыид: «Фысджыты Цæдисмæ цæугæйæ æз дæ фарс куы уыдзынæн, уый куы зоныс, уæд мæ ныхмæ цæмæн дзурыс?» Афтæмæй йæхæдæг Мæс- куыйы ист нæма уыди, уым кæй нæма райсынц, уый та фысджыты Цæди- сы уæнгыл нымад нæма вæййы. Фæлæ стыр ныхас кæнын йæ туджы кæмæн ис, уый йæ фылдæр хатт, кæм не ’мбæлы, ахæм ран фæзæгъы. Афтæмæй та фыдæлты æмбисонд рохгæнинаг нæу. Стыр ныхас хъæдбы- ны дæр куы нæ фидауы, уæд ма горæты сæйраг уынджы куыд хъуамæ сфидыдтаид! Не сфидыдта. Фæлæ уый тыххæй чысыл фæстæдæр. Нæхимæ куы ссыдтæн, уæд мæ гæххæттытæ рамбырд кодтон. Уæвгæ уыйас æмбырдгæнинаг дæр нæ уыдысты: фысджыты Цæдисæй сæ рай- стон æмæ сæ Мæскуымæ арвыстон. Æрвитгæ сæ бæргæ тагъд акодтон, фæлæ мыл Ладонщиковы писмо дæр тагъд сæмбæлди. Куыд рабæрæг, афтæмæй, цы хъуыди, уыдонæн сæ фылдæр нæ арвыстон: уыцы рæстæджы, «личный листок» кæй хуыдтой, уый, курдиат; цы чингуытæ мын рацыд, уыдоны номхыгъд. Чингуыты дæлрæнхъон тæлмацтæ хъуы- ди æртыгай экземпляртæ, дыгæйттæ нæ фæлæ, æппæты сæйрагдæр та — рекомендацитæ. Ныффыстой мын сæ Дарчиты Дауыт, Мæрзойты Сер- гей, Малиты Васо æмæ Хъайтыхъты Геор. Хъайтыхъы-фыртмæ рекомен- даци ныффыссыны тыххæй дыккаг хатт барæй æрхатыдтон, кæддæра ма мыл раздæры хуызæн æнувыд у, нæ, уый базоныны тыххæй. Ницæмæй йыл фæгуырысхо дæн. Цæстуарзондæр ныхæстæм æыхъæлмæгæсæн нæ уыд, фæлæ рекомендаци Мæскуымæ нæ арвыстон. Мæхимæ йæ æфснайдæй дарын. Къухфыстæй иу сыф йеддæмæ нæу æмæ йæ мæ зæрды æрхæссын ис: «Рекомендаци. Æз, Хъайтыхъты Геор, 1937 азæй фæстæмæ ССР Цæдисы фысджыты Цæдисы уæнг, мæ билеты номыр 02893, Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, куыд нымайын, афтæмæй курдиатджын поэт æмæ прозаик Дзасохты Со- зырыхъойы фырт Музафер у ССР Цæдисы фысджыты Цæдисы уæнгтæм райсыны аккаг. Ирон чиныгкæсæгæн, стæй уырыссагæн дæр хорз зынд- гонд сты æмб. Дзасохты М. С. æмдзæвгæтæ æмæ прозаикон уацмысты бирæ æмбырдгæндтæ. Уыдонæн раст аргъ скодтой нæ критикон литера- турæйы. Сæхимæ æргом здахынц сæ нырыккон тематикæйæ, дунемæ йæ хигъæдон аивадон цæстæнгасæй, йæ лирикон хъæбатырты цард хорз кæй зоны æмæ ма ноджы æндæр хорздзинæдтæй. Йе сфæлдыстады æвдисы абоны цард, хицæн кæны йæ лирикондзинадæй, адæймагуарзондзинадæй, революцион, патриотон æмæ сабырдзинадуарзондзинадæй. Дыууæ цар- дæгас суадоны — лирикæ æмæ сатирæ сты йæ æмдзæвгæтæн тыхдæттæг бындур. Уыцы-иу рæстæг - сты афористон, философон, уæлдайдæр та йæ цыппаррæнхъонтæй бирæтæ. Уыдон рацыдысты центрон мыхуыры дæр. Рауагъта æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ повестты аст æмбырдгондæй фылдæр. 25/У-1980 аз. Хъайтыхъты Геор». Ахæм ныхæстæ былалгъæй загъд кæй не сты, ууыл алчидæр бау- уæнддзæн. Æууæндын сыл æз дæр. Аргъ сын кæнын æмæ кæндзынæн. Фæлæ, куы зæгъын, ацы рекомендаци Мæскуымæ нал арвыстон. Ладонщиков мæ цы домдта, уыдон иууылдæр куы сцæтгæ сты, уæд сæ Мæскуымæ мæхæдæг аластон. Уыцы аз, уæ фарн бирæ уæд, фæлæ мæ 231
бинойнагимæ нæ фæллад уадзынмæ цыдыстæм Венгримæ, Балатоны цады былгæрон журналисттæн цы дунеон сфæлдыстадон хæдзар уыд, уырдæм. Мæ фæндаг Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисыл акодтон. Ла- донщиков мæм æнхъæлмæ каст. Йæ зæрдæ куы ницæмæуал æхсайдта, уæд мын фæндараст загъта, дæ фæстæмæ ’рбаздæхынмæ, дам, дæ хъысмæт лыггонд уыдзæн. Хъуамæ фысджыты Цæдисмæ исæг къамисы уæнгтæ æрæмбырд уыдаиккой дæс боны фæстæ, ома мах нæ тæккæ фæллад уадзгæйæ куы уыдаиккам, уæд. Георгийы телефон дæр райстон, стæй, йæ фарсмæ цы ныллæггомау кæсæнцæстджын зæронд ус бадт — Аннæ Яковы чызг хуынди, фæлæ мæ йæ мыггаг ферох — уый телефон дæр ныф- фыстон, цæмæй сæм фæсарæнтæй æрбадзырдтаин æмæ, къамис цы уынаффæ рахаста, уый базыдтаин. Ацыдыстæм, уæдæ цы уыдаид æмæ нæ фæллад уадзын райдыдтам, фæлæ мæн æппындæр, зæгъæн ис, æмæ нæ равдæлд. Уыцы аз, цæмæй рауагъдад «Современник»-ы пъланмæ хаст æрцыдаид, уый тыххæй мæ фæуын хъуыд, «Лехелы сыкъа», зæгъгæ, цы поэмæ фыссын райдыд- тон, уый æмæ мæ мæ сæр схъил кæныны бон нæ фæци. Ноджы фæнда- гыл иу купейы бадт фестæм, Налцыччы республикон газеттæй иуы хуы- зисæгæй чи куыста, иу ахæм не ’мзæххонимæ æмæ нын масты хос фæци. Цыбыр рæстæгмæ йæхи бынтон ницæйагæй равдыста. Куыддæртæй дзы куы фæхицæн стæм, уæд сæрибардзинад банкъардтам. Уæлдайдæр, Мæскуыйы иумæ кæимæ ахуыр кодтон, уыцы зæрдæхæлар адæймаг Гезе Сабойы куы ссардтон, уæд. Уыцы æнæферохгæнгæ фембæлдтыты бæлвырддзинæдтæ мæ чингуыты фыст æрцыдысты æмæ сыл ам нал дзур- дзынæн. Æрхæццæ, къамис куы æрæмбырд, уыцы бон. Дыккаг райсом теле- фонæй дзурын райдыдтон, фæлæ мын дзы иу дæр дзуапп нæ радта. Фæлвæрдтон ма æртыккаг æмæ цыппæрæм бон дæр. Никуы æмæ ницы. Гæнæн нал уыд, æмæ мæ ме ’мгъуыды фæудмæ ’нхъæлмæ кæсын бахъ- уыд. Куыддæр Мæскуымæ æрбацыдыстæм, афтæ æппæты фыццаг ба- цархайдтон телефон ссарыныл. Георгий Ладонщиков бынаты нæ разынд æмæ Аннæмæ бадзырдтон. Мæ мыггаг ын куы загътон, уæд, йæ хъæлæс фæхъæлдзæгдæр, афтæмæй загъта: — Арфæ дын кæнын, фысджыты Цæдисмæ дæ кæй райстой, уый тыххæй! Куыд ацыд æмбырд, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд, йæ циндзинад куыд тынгдæр равдиса, ууыл архайгæйæ, йæ дзыхы дзырд нал бадт, æрмæст ма дзырдта: — Цытæ дзурыс, цытæ дзурыс! — стæй иуцасдæр ницуал сдзурыны фæстæ йæ ныхас дарддæр кодта: — Чидæриддæр радзырдта, уыдон дæ тынг æппæлыдысты. Цыппар æмæ ссæдз уыдысты æмæ дыл иууылдæр æмзæрдæйæ схъæлæс кодтой! Ноджыдæр ма дын иу хатт арфæ кæнын!.. Ладонщиков кæм и, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын афтæ зæгъы, дыууæ сахаты фæстæ, дам, æрбацæудзæн. Мах уыцы рæстæгæй фæпайда кодтам æмæ уазæгуатмæ ацыдыстæм. Нæ хъуыддæгтæй нæ зæрдæ куы ницæмæуал æхсайдта, уæд фысджыты Цæдисмæ рабалц кодтам. Фæнда- 232
гыл цалдæр дуканимæ бауадыстæм æмæ нæ хæрзгæнджытæн цыдæр зæрдылдарæн лæвæрттæ алхæдтам. Георгийæн æртæ авджы коньяк рай- стон, йе ’мбæлттимæ, зæгъын, мæ цæрæнбон æмæ мæ фысджыты Цæдисмæ кæй райстой, уый тыххæй фæйнæ баназдзысты, зæгъгæ, стæй ма сæм Фатимæ цыдæр чысыл лæвæрггæ дæр афтыдта. Аннæ дæр æнæрхъуы- дыйæ нæ баззад. Уынджы телефонæй ма Ладонщиковмæ иу хатг бадзыр- дтон æмæ йæ куысты разынди. Бирæ арфæтæ мын куы фæкодта, уæд ын загътон, кæд нæм банхъæлмæ кæсдзынæ, уæд дæм фæцæуæм, зæгъгæ. Куыд мыл бацин кодта, уый мæ фидарæй баууæндын кодта, мæ цин- дзинад ын мæнæй къаддæр æхсызгон кæй нæ уыди. О, фæлæ цы зæрдæлхæнæнтимæ бацыдтæн, уыдон раттыныл цалдæр фæлтæрæны акод- тон, фæлæ мын дзы ницы рауад. Мæ хызынмæ нывналыныл-иу куы афæл- вæрдтон, уæд-иу мын мæ фысым бамбарын кодта, уый чи нæ фидауы, ахæм хъуыддаг у, зæгъгæ. Гæнæн нæ уыд æмæ, цæимæ бацыдтæн, уыимæ фæстæмæ раздæхтæн. Ахæм тынг фырнымд адæймаг разынд Георгий Афанасы фырт Ладон- щиков. Сылгоймæгтæ æнцондæрæй бамбæрстой кæрæдзийы. Фатимæ мын хабæрттæ куы радзырдта, уæд мын чысыл фенцондæр. Ныр та, стыр ныхас кæнын кæй нæ фидауы, уый тыххæй цы зæгъынмæ хъавыдтæн, уыцы хъуыды кæронмæ фæуон. Ладонщиков куыд загъта, афтæ бакодта. Æз нæхимæ мæ гæххæттытæ куы райстон, уæд фысджыты Цæдисмæ цыдысты æртæйæ æмæ се ’ппæты хъуыддаг дæр ацыди, стыр ныхас чи загъта, уый дæр семæ, афтæмæй. Гъе, æмæ мын Ладонщиков дæр, уыдоны разæй дæ фæкæндзынæн, зæгъгæ, зæрдæ бавæрдта æмæ йæ ныхас сæххæст кодта. Нæхимæ куы ссыдтæн, ууыл иуцасдæр рæстæг куы рацыд, уæд фыс- джыты Цæдисмæ бацæуынмæ йæ гæххæттытæ бацæттæ кодта зындгонд драматург æмæ режиссер Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон премийы лауреат Хуыгаты Геор. Иумæйаг æмбырды йын, æз æмæ Камалæн цы ми бакодтой, ахæм ми бакодтой. Цы хъæлæстæ райста, уыдон фаг нæ ра- зындысты, цæмæй йæ фысджыты Цæдисмæ райстаиккой, уымæн. Куын- нæ уыдаид зын, йæ ном æппæт Советон Цæдисы дæр кæмæн айхъуыст, нæ егъау бæстæйы дæсгай театртæ сæ сценæты спектакльтæ кæй пьесæтæм гæсгæ æвæрдтой, уыцы фыссæгæн! Зын уыди мæнæн дæр, бирæ пьесæтæ кæй курдиатмæ гæсгæ ратæлмац кодтон, мæ уыцы рагон хæлары ахæм уавæры уынын æмæ йын загътон: — Бавдæл, æмæ дæ гæххæттытæ Мæскуымæ арвит. Мæн уырны, уым дæ кæй райсдзысты, уый. Кæд дæ фæнды, уæд дын иу рекомендаци æз ныффысдзынæн. Куыддæриддæр ын загътон, афтæ бакодта æмæ нæ фæрæдыди. Йе ’ртæ рекомендацийæ иу æз кæй ныффыстон, йæ хъуыддаг уый тыххæй фæрæстмæ ис, зæгъгæ, нæ зæгъын, фæлæ мæ къух хорз кæй у, ууыл ма иу хатт кæй баууæндыдтæн, уый мын æхсызгон уыд. Æмæ ма ноджыдæр иу хъуыддаг: афтæ мæм кæсы, цыма мæ размæ бынæттон организацийы сæрты фысджыты Цæдисмæ никуы никæй райстой. 233
XVIII Адæймаг куы фæрæдийа æмæ аккаг æфхæрд куы баййафа, уæд уый иу хъуыддаг у, фæлæ куы нæ фæрæдийа æмæ йæ, куыд не ’мбæлы, ахæм «аххосы» азар куы басудза, уæд уый та æндæр хъуыддаг^у. Ахæм «æндæр хъуыддаг» мæныл дæр æрцыди. Цæвиттон, уæд телеуынынад æмæ радиохъусынады комитеты куыс- тон. Сæрдары хæдивæгæй. Разамынд лæвæрдтон радиойы куыстæн. Иу радиобакаст фонотекæйы фæлæууыд къорд азы. «Æгас цу, Ног аз!», зæгъгæ, афтæ хуынди. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу эфиры райхъуыст. Уый размæ азты йæ кæцыдæр Ног азмæ бацæттæчынд. Бирæ дзы уыд музыкæ, зарджытæ, Ног азмæ чи хуыздæр лæвæрттимæ æрцыд, уыдонæн арфæйы ныхæстимæ. Иу ран дзы райхъуыст партийы Цæгат Ирыстоны обкомы раздæры фыццаг секретарь Хъæбæлоты Билары хъæлæс дæр. Уый дын уæлдæр хицауадмæ бахæццæ, цы! — бæстæ сæ сæрыл систой, уый нæ ныры фыццаг секретарь Владимир Одинцовы ныхмæ арæзт у, зæгъгæ. Ноджы, дам, æй кæд ралæвæрдтой? Дзуаппон-æвзарæн конференцийы хæдразмæ, цæмæй Одинцовы цæсты бафтауой, фыццаг секретарæй йæ мауал равзарой... Æмæ цы нæ дзырдтой?! Цытуарзаг зæвæтысдæрджытæ сæ удæй арт цагътой. Аххосджынты куыд карздæр бафхæрой, ууыл дзы чи зæрдиагдæрæй архайдта, уый зын равзарæн уыди. Аххосджын та æппæты фыццагуыдтæн æз, уымæн æмæ куыст хæддзуйæ ауагътон,— афтæ дзырдта бюройы обкомы æмбырды секретарь Антонинæ Мельникова æмæ мыл цы нæ мысыдысты! Мæ хъуыддаг сæ хæрзтæй кæй нæ уыдзæн, уый ма мын цы бамбарын хъуыд. Мæ куыстæй сисыныл мæ нæ бацауæрддзысты, партийæ мæ ап- пардзысты, иу дзырдæй, зæххæй сисынмæ нал бæздзынæн. Уыцы хъуы- ды кодтон, æмæ, мæ фарс чи рахæца, дунейыл иу ахæм адæймаг ссарын мæ бон нæ уыд. Æппынфæстаг мæ зæрдыл æрлæууыд хъалмыхъхъаг фыссæг Алексей Балакаев. Уыимæ цалдæр азы размæ Хъырымы фыс- джыты сфæлдыстадон хæдзар «Коктебель»-ы базонгæ дæн. Цæвиттон, уыдоны æрцæуыны размæ — Алексей Хъырыммæ æрцыди йæ бинойнаг Цаганимæ — æз цардтæн, дыууæ уаты кæм уыд, ахæм иу- мæйаг фатеры хуызæн номыры. Цалдæр боны дзы иунæгæй фæдæн æмæ цинæй мардтæн, иу хъыгдарæг дæр мæ кæй нæ уыди, уый тыххæй. Бала- каевтæ куы ’рцыдысты, уæд мæхинымæр бакатай кодтон, кусыны фадат мын иал уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ фæрæдыдтæн. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй мæ ног сыхæгтæ Хуыцауы сконд адæм разындысты. Уыдон мæн нæ хъыгдардтой, æз — уыдоны. Тæрсгæ та уыдон мæнæй къаддæр нæ, фæлæ тынгдæр кодтой. Исты хъæргæнаг æмæ, дам, нозтæмхиц куы разынай, уымæй не уæнджы мигъ бадти. Алексеимæ хæстæгдæр куы базонгæ дæн — ахæм фадæттæ та мын къорд хатты фæцис: сфæлдыстадон хæдзæртты ма фембæлдтытæ кодтам — уæд базыдтон, царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл кæй фæцыди, фæлæ бирæ хъизæмæрттæн фæтасын кæй нæ бакуымдта. Цæмæй уæм мæ ныхæсты рæстдзинад тынгдæр бахъара, уый тыххæй уын, цы писмотæ мæм æрвы- 234
ста, уыдонæй иуæй чысыл скъуьцщзаг æрхæсдзынæн: «Ныртæккæ дæн Переделкинойы. Мæ фæллад уадздзынæн æмæ кусдзынæн — ивгъуыд аз мын тынг зын аз уыд, бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстон. Кугультинов æмæ мыл йе ’мхъузæттæ сфарс сты. Хъавыдысты мæ партийæ аппарынмæ (растдæр зæгъгæйæ — аппæрстой мæ), фæлæ СЦКП-йы горком æмæ об- ком мæ фарс рахæцыдысты. Æнæраст æмæ æнæхатыр хъуыддаг æруа- дзын нæ бауагътой. Давиды зæрды мæ уыд, куыд мæм æртхъирæн кодта, афтæ авд азы ахæстоны сбадын кæнын, фæлæ йын уымæй дæр ницы рауад. Партийы обком, иуæй, мæ фарс рахæцыд, иннæмæй та, йæ бюройы ацы аз 27 январы дыккаг хатг уынаффæ рахаста мæ райгуырды 60 азы бонмæ мæ уацмысты æмбырдгонды æртæтомон нæ мадæлон æвзагыл (76 мыхуырон сыфы) мыхуыры рауадзыны тыххæй. Ахæм хабæрттæ, æф- сымæр». Алексей йæ адæмимæ хаст уыди Сыбырмæ. Хæрзæрыгонæй куыста алы рæтты. Уыди моторист, хынцæг, хуызисæг, æфсæнвæндаджы хуы- мæтæджы кусæг, станцæйы клубы нывгæнæг. Цыппæрдæс азы йеддæмæ йыл нæ цыд, йæ райгуырæн Хъалмыхъхъы зæххæй йæ куы сыстын код- той æмæ йæ рагон сыбираг хъæу Чернореченскоемæ куы ахастой, уæд. Хъысмæты æгъатыр фæндæгтыл фæцæуыны фæстæ сыздæхт йæ рай- гуырæн бæстæмæ. Æрлæууыд сфæлдыстадон фæндагыл æмæ уæхскуæзæй куыста, фæллад цы у, уый нæ зыдта. Æз мæхи цæстытæй федтон — мæ царды мидæг фыццаг хатт — фысгæйæ рахиз къухы кæстæр æнгуылдз стъо- лыл хафгæйæ куыд скъуызыр, уый. Ахæм фæд ныууагъта Алексейы æн- гуылдзыл фыссыны куыст. Балакаев ныффыста дæсгай повесттæ æмæ романтæ, æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты бирæ чингуытæ, драмон уацмыстæ. Хъалмыхъхъаглитературæйы рæзты йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Хъалмыхъхъы адæмон фыссæджы æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном, сси Хъалмыхъхъы республикæйы О.И. Городовиковы номыл паддзахадон премийы лауреат. Бирæ хъизæмæрттæ бавзарыны фæстæ уыйбæрц сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уымæ та ногæй фыдгултæ сæ гæрзтæ рабастой æмæ йæ цæрын æмæ кусын нал уагътой. Уый мын мæ уавæр кæй бамбардзæн æмæ, йæ бон куы уа, уæд мын кæй баххуыс кæндзæн, ууыл мæ зæрдæ дардтон æмæ сфæнд кодтон мæ хабæрттæ йын радзурын. Ноджы ма мæ зæрдæ цæуыл дардтон: Одинцов Хъалмыхъхъы республикæйы дæр куыста æмæ кæрæдзийы ма зыдтаиккой, уымæн уæвæн нæ уыд. Мæ хабæрттæ мын мæ писмойæ куы базыдта, уæд мын мæ уавæр æгæр дæр ма бамбæр- ста. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: «Йæ мад кæмæн амард, дæ мады мард уымæн радзур». Йæхæдæг фаг хъыцъыдæттæ чи банызта, цæрæнбонты йæ фæндаг цæлхдуртæй йе ’дзаг кæмæн уыд æмæ сæ иуварс æппарынæй чи никуы фæтарст, уый мæ куыннæ хъуамæ бамбæрстаид æмæ мæм йе уæхск куыннæ фæбыцæу кодтаид! Куыннæ мæм æрбадардтаид йæ къух æмæ мын куыннæ баххуыс кодтаид, йæ бон цæмæй уыд, уымæй! Уыцы бонты мæ удæй цас ахауд, уый мæхицæй хуыздæр ничи зоны. Уæд партийы обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæгæй 235
куыста, бирæ азты нæ кусæн уæттæ фæрсæй-фæрстæм кæимæ уыдысты, иу хъуыддаг кæимæ кодтам, ахæм адæймаг. Фæлæ, иуæй, уæлдæр бы- натмæ схызти, иннæмæй та, мæ хъуыддаг æвзарын уымæ хауди æмæ-иу мыл проспекты куы амбæлд — йæ сихоры улæфты рæстæг-иу мæн хуызæн уый дæр фылдæр уым æрвыста — уæд-иу мæм дардæй йæ ар- мытъæпæн дыууæрдæм батылдта, дæ фарстамæ дын кæд кæсдзыстæм, уый бæрæг нæма у, зæгъгæ. Ныр-иу æй æз та фæрсынмæ дæр ницæмæй хъавыдтæн, уымæн æмæ зыдтон, хæрзаудæн мыл кæй нæ бакæндзæн. Нæ мæ уырныдта, мæ ныхмæ æргом рацæудзæн, уый дæр, фæлæ бæлвырдæй зыдтон, хицауад цы зæгъа, ууыл дыууæ кæй никуы зæгъдзæн æмæ мæ сæрсæфæн былæй куы ’ппæрстæуа, уæддæр мæ фарс иу сым скæнын дæр кæй нæ бауæнддзæн. Æмæ æз дæр йемæ фембæлынæй мæхи хизын райдыдтон. Дардмæ-иу æй куы ауыдтон, уæд-иу кæнæ æндæруыл- ты азылдтæн, кæнæ та-иу, цыма йæ нæ уынын, афтæ йæ рæзты сив- гъуыдтон, Æмæ, мæнмæ гæсгæ, мæхи дарын куыд райдыдтон, уый йæ зæрдæмæ фæцыди. Иу францаг эпиграммæйы куыд ис: лæг йæ усы ингæ- ны цурмæ ’рбацыд æмæ афтæ зæгъы: «Дæу зæххы бын хъыгдарæг нæй, мæн та — уæлзæхх». Уыйау, уый мæнæй фервæзт, æз — уымæй. Кæй кой кæнын, уый æгас нал у, цы мæрдты ис, уыцы мæрдты хорзæх æй уæд, фæлæ партийы обкомы чи куыста æмæ мæн æгъатырæй чи акъабæзтæ кодтаид, стæй мыл фæстæдæр ауæрдгæ дæр чи нæ бакодта, уыдонæй ныртæккæ чи хицауадмæ æввахсдæр лæгтæй иу у, чи профессо- ры ном хæссы, чи та дзыппыдзаг пенси исы. Диссаг цы уыд: мæн топпы дзыхмæ кæй тыххæй æрдардтой — цæмæн, дам, райхъуыст, йæ куыстæй стыр аиппытæ æруадзыны тыххæй ист чи ’рцыд, партийы обкомы уыцы фыццаг секретары хъæлæс эфиры? — уыцы лæгæн мæ зылынгæнджытæ йæ иу зул фæкастæй дæр зæрдæхъæрмттæ кодтой, йæ дзыхæй-иу дзырд нæма схауд, афтæмæй-иу æй æххæст кæнынмæ фæцæйтахтысты. Фæлæ рæстæджытæ куы аивтой... Уæвгæ рæстæджытæ нæ ивынц, уыдон цæугæ кæнынц, кæд исчи ивы, уæд - адæм, уæлдайдæр, кæй кой кæнын, ахæм адæм, йæ намыс уæрмы æвæрд кæмæн у, йæ кад фыццаг уæла- дзыгмæ дæр чи нæ уадзы, йæ къæлæтджын æппæты бæрзонддæр цъуп- пыл чи сæвæрдта, йе стырдæр бæллиц та хицауæн лæггад кæнын — уыцы бынаты чифæнды ма бадæд — чи хоны, ахæм адæм. Биларæн йæ аууонæй дæр æмризæджы чи рызти, сахат-дыууæ сахаты-иу цы доклад ахаста, уымæ хъусынæй чи не ’фсæсти, уыдон ын ныр йæ цалдæр дзырды фехъусгæйæ къæйыл кафæгау кодтой. Кæд сæ сæ иу дæр нæ фехъуыста, уæддæр сæ чидæртæ кæй фехъуыста, уыцы хъуыддагæн ныббарын сæ бон нæ баци. Дзæвгар рæстæг пропагандæ æмæ агитацийы хайады кусджытæ, сæ сæргъы обкомы секретарь, афтæмæй æхсæв-бон нæ хынцгæйæ иртæстой «фыдра- конддзинады» бæлвырддзинæдтæ. Гъе æмæ Балакаевмæ дæр уыцы тыхст рæстæг фæдзырдтон æххуысмæ æмæ йæм мæ хъæр фехъуыст. Кæд не ’хсæн хæхтæ æмæ быдыртæ уыди, уæддæр мæ мидхъынцъым зæрдæйæ банкъардта æмæ йæ бирæ хъуыддæгтæ ныууагъта. Хъалмыхъхъæй Ирыстоны æхсæн кæд дзæвгар дæрддзæг ис, уæддæр æй ницæмæ ’рдардта, хæдтæхæджы абадт æмæ мæ уæлхъус æрба- 236
лæууыд. Цас ныфс мæ бауагъта, уый ныхæстæй зын зæгъæн у. Ахæм заман мæ фарсмæ кæй æрбалæууыд, æрмæст уый дæр бирæйы аргъ уыд. Нæхиуæттæ мæ уæхсты фындзыл кæнынæввонг куы уыдысты, уæд Алек- сей дзæбугæй хъæсдарæджы æхсæн лæууынæй нæ фæтарст. Цалдæрыр- дыгæй мæм сæ къæхтæ куы фæцарæзтой æмæ ме ’мбæрцæгæй размæ куы фæцæйхаудтæн, уæд мæм йæ къух æрбадардта æмæ мæ къæхтыл лæугæйæ баззадтæн. Æрмæст мæ тæхынæй нæ банцадтæн. Хауынæй нал тарстæн, уымæн æмæ, куыд фæзæгъынц, æвдæм — æви кæцыйæ фæзæгъынц, Хуыцау йæ зонæг — æнкъарæны фæрцы бамбæрстон, куы ахауон, уæд мæхи афтæ тынг кæй нал ныццæвдзынæн, куы ныццæвон, уæд та мын афтæ тынг кæй нал фæрисдзæн. Кæрæдзиуыл куыннæ бацин кодтаиккам! 0, хæдæгай, куыд мæ фæцæйрох кодта. Алексейы сфæлдыстадимæ базонгæ ирон чиныгкæсæг дæр. Йæ повесть «Æртæ хуызисты» йын нæ мадæлон æвзагмæ ратæлмац кодта Уырымты Ирæ æмæ мыхуыры рацыд чиныгуадзæн «Ир»-ы. Уый фехъусын дæр ын, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон уыди, фæлæ йын ууыл бацин кæныны фадат дæр нæ фæци. Мæ хабæртты бæлвырд- дзинæдтæй мæ фарста æмæ фарста. Хъуамæ дыккагбон фембæлдаид Один- цовимæ æмæ йæ алцæмæ дæр цæттæ уæвын хъуыд. Балакаев мын куыд радзырдта, афтæмæй Владимиримæ кæрæдзийы зыдтой. Стæй цыма æвзæр зонгæ дæр нæ уыдысты, афтæ мæм фæкаст, æндæр хъуыддаг фембæлды онг дæр не ’рхæццæ уыдаид. Иу-дыууиссæдз минугæй фылдæр фæныхас кодтой Одинцовимæ. Алексей обкомæй куы рацыд, уæд, йæхи куыд дардта, уымæй зын раиртасæн уыд, фембæлд цæуыл ахицæн, уый, æрмæст мын загъта, зæрдæ, дам, мын бавæрдта фарстамæ æркæсынæй. Мæхи мæт мæ уыйас нал уыд, хъуыддаг цæуыл- фæнды куы ахицæн уыдаид, уæддæр дзы нал тарстæн, цæттæ уыдтæн цавæрфæнды тæрхонмæ дæр. Мæ сæйраг сагъæс уыд уазæджы сбуц кæнын. Балакаев уымæй размæ, мæ чингуытæй уырыссагау чи рацыд, уыдон ба- каст æмæ зыдта, цы фыссын, уый, кæм райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн, уыцы бынæттимæ баст кæй у... Немыц нæ хъæу куы бацахстой, уæд адæмæй бирæтæ Джермецыччы рæгъты бынты Æрджынарæгыл Ставд Дуртæм лидзынмæ фесты, афтæмæй уым дæр къаддæр хæстытæ нæ цыд. Æз æмæ мæ фыдыхо Оля раздæр ацыдыстæм æмæ æрфысым кодтам Хъантеты Микъалайы хæдзары. Ми- къала йæхæдæг хæсты уыд, мæ фыдыхо Маня та хæсты размæ амард. Нæ сиахс йе ’ртæ сидзæр чызг æмæ лæппуйæн дыккаг мадæн æрхаста Цæгæра- ты Женяйы, æмæ нæ уыдон бауазæг кодтой. Веринкæ, Дибæхан йæ хъæбысы, Райæ йæ фæдджийыл хæцгæ, афтæмæй нæ сыхæгтимæ рацы- дысты цалдæр боны фæстæдæр. Хъæды къохмæ куы бахæццæ сты, уæд сыл амбæлдысты бæхджын немыцæгтæ. Барджытæй иу, Веринкæйы хъæбысы сывæллон куы федта, уæд йæ бæхæй æрхызт æмæ сывæлло- нимæ хъазын йæ зæрды уыди, фæлæ Веринкæ тарст, исты фыдбылыз ын куы сараза, уымæй. Уæд немыцаг йæ риуы дзыпмæ нывнæлдта æмæ дзы цалдæр къамы систа. Веринкæимæ кæд кæрæдзийы æвзаг нæ зыдтой, уæддæр немыцаджы амындтытæй бамбæрста, уыдон йæ ус æмæ йæ чыз- 237
джыты къамтæ кæй уыдысты. Ноджы дзы лæгæн йæхи дæр цалдæр раны истæй куы федта, уæд ыл æцæгæйдæр баууæндыд, йæ бинонтæ кæй сты æмæ йæм уæд Дибæханы раттыныл сразы. Иуцасдæр йемæ фæхъазыд, стæй йæ дзыппæй цалдæр къафетты систа æмæ сæ Веринкæмæ радта, йæхæдæг бæхыл абадт æмæ йе ’мбæлтты асырдта. Æрджынарæгыл цæугæйæ Кæрдзынæй куы ахизай, уæд уым галиуыр- дыгæй ис бæрзонд дæргъæй-дæргъмæ къуыбыр - раздæр ма йæ кой код- тон. Бæрæгъуыны йæ Хъæууат хонынц. Йæ цæгатырдыгæй хай та — Фæсхъæууат. Гъе æмæ уым цыди стыр хæстытæ. Бирæ дзы фæмард нæхи- уæттæй дæр, немыцæй дæр. Знаджы куы асырдтой, уæд хъæусоветæн хæсгонд æрцыд, цæмæй, не ’фсæддонтæй чи фæмард, уыдонæн сæ гæххæттытæ æмбырд кæной æмæ сæ æфсæддон комиссарадмæ хæссой. Уыцы хабæрттæ ныффыстон мæ повесть «Уалдзыгон стъалыты». Алек- сей йæ куы бакаст, уæд мын афтæ зæгъы, уæ хъæуккаг лæппутæ, дам, документтæ æмбырд кæнгæйæ мæрдты æхсæн, дæ хойæн къафетгæ чи радта, уыцы немыцаджы мардæй куы ссардтаиккой, уæд, дам, ыл чи- ныгкæсæг, иуæй, æууæндгæ бакодтаид, иннæмæй йын зын уыдаид, уымæн æмæ, дам, уыцы немыцаджы хæцын нæ фæндыд, афтæмæй хæцыд, йæ бинонты æнæбары ныууагъта. Мæ зæрдæмæ фæцыди уыцы фиппаинаг. Искуы ма мæ повесть мы- хуыры куы уадзон — уæвгæ иу чиныг дыккаг хатт ныронг куы никуы ра- уагътон, уæд ма ныр рауадздзынæн! — уæд æм æнæмæнг уыцы ивддзинад бахæссин... Алексейы куы бафарстон, Ирыстоны дæ кæдæм ацæуын фæнды, зæгъгæ, уæд мын загъта: «Дæ райгуырæн бæстæмæ». Ахæм заман мæ ир- вæзынгæнæг, мæ хуыздæр æрдхорд Лолаты Хадзыби вæййы. «Мæ хуыздæр æрдхорд» куы нæ загътаин, уæддæр, Ирыстоны мæн хорз чи зоны, уыдонæй, Хадзыби мæнæн цы бавæййы, уый амонын никæмæн хъæуы. Фехъусын ын кодтон, райсом уазджытимæ фæцæуын, зæгъгæ, æмæ мæ зæрдæ ницæмæуал æхсайдта. Дыккаг райсом абалц кодтам Бехъанмæ, цæссыджы хуызæн суадæтты балер кæсæгтæ сæ сырхдзæццытæ фæрстæй кæм хъазынц, Къобосты хъæды бæлæстæ арвмæ кæм фæцыдысты, Даргъ Хуымты гагадыргътæ цæст кæм рæвдауынц, Куыройыдоны уылæнтæ цæрæнбонты кæрæдзийы кæм су- рынц, фæлæ дзы иу иннæты кæм не ’ййафы, уыцы дзæнæты бæстæмæ. Хадзыби нæ ныццыдмæ алцыдæр æрцæтгæ кодта. Цъæх нæууыл цы фынг æрæвæрай, уый цæсты уæлдай тынгдæр ахады. Бæрæчеты кад та балер кæсаджы физонæгæй цы хъуамæ фæфылдæр кæна! Æмæ та Хадзы- бийæн амонын ницы бахъуыд. Уазджыты æрцыдмæ йæхиуыл нæ бацауæр- ста. Æрцахсын кодта кæсаг — æнæхъæн къæртайы дзаг. Уæлибæх, карчы фыд, бæрæгъуыйнаг зындгонд пъæмидортæ — Хадзыби йæхæдæг кæй æрзайын кодта — æмæ цы нæ хойраг æрæвæрдта фынгыл! Нозтыты кой нал кæнын. Алцыхуызон дæр дзы кæй уыд, уый тыххæй нæ. Балакаев æппындæр ницавæр нозт хаста йæ дзыхмæ. Ие ’гъдау Бехъаны дæр нæ фехæлдта æмæ уымæй Хадзыбийы зæрдæхудты бацыд, фæлæ, йе ’нæнуа- зын йе ’нæниздзинадимæ баст кæй у, ууыл æй Алексей куы баууæндын кодта, уæд æм нал хатыдта. 238
Фæцыд йæ зæрдæмæ мæ райгуырæн бæстæ Балакаевæн. Фынджы уæл- хъус бадгæйæ дæр йæ алыфарс фæлгæсыд. Куы-иу йæ цæстæнгас æрхас- та Арыхъхъы рæгътыл, куы Æрджынарæгыл, куы — Джермецыккыл... Дыккаг бон æй аэропорты онг афæндараст кодтон. Æмæ та мæ сагъæ- стимæ баззадтæн. Цалдæр боны фæстæ уыди обкомы бюро. Кастысты мах фарстамæ. Æмбырд райдыдта. Одиицов дзы нæ уыдзæн, уый куы сбæрæг, уæд мæ зæрдæ фæкъæпп кодта. Балакаев дзæгъæл цыд куы фæкæна, уымæй фæтарстæн, фæлæ мæ ныфс бынтон нæ асаст. Ныхас цы фарстайыл цæудзæн, уый фыццаг секретарь æнæмæнг зыдта æмæ, кæд бюройы нæ уыдзæн, уæддæр, йæ фæстæ кæй уагъта, уыдонимæ иу хъуыдымæ ма ’рцы- даиккой, уый мæ нæ уырныдта. Иннæмæй та кæд бюройы йæхæдæг уæ- вынмæ хъавыд, фæлæ йæм æмбырд райдайыны хæдразмæ Мæскуымæ кæнæ æндæр искуыдæм фæдзырдæуыд æмæ йын йæ хъуыды дыккаг секретарæн бамбарын кæныны фадат нал фæци, уымæй дæр тарстæн æмæ чысыл фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй — хуымæтæджы нæ. Æмбырды фыццаг ныхасгæнæгæй райдай, æмæ фæстагæй фæу — иууылдæр дзырдтой иу æвзагæй: гуымирыдæр уæвæн нæй, ахæм рæдыд æруагъдæуыд, аххосджынæн рахæссын хъæуы карз æфхæрд. Æмæ мын рахастой: партион хыгъды карточкæ кæй хуыдтой, уым мын ныффыссын кодтой тæккæ карздæр æфхæрд. Цæй тыххæй, уый та зонут... Балакаев дæр нæ бамбæрста, хъуыддаг афтæ цæмæн рауад, уый. Хъыг ын уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, мæн ахæм уавæры уынын, фæлæ цы йæ бон уыд! Цы йæ бон уыд, уый бакодта. Æмæ дзы цæрæнбонтæм буз- ныгæй баззадтæн. Нæ хæлардзинад, рæстæг куыд цыди, афтæ фидардæр кодта. Мæнæн карз тæрхон чи рахаста, уыдонæй иуы тæрхондонмæ рат- тынмæ дæр хъавыдтæн, стæй йын ныр дæр æрæджы нæу, уымæн æмæ йæ æз зылыны бынаты кæм æрцахстон — плагиат, уымæн закъонмæ гæсгæ æмгъуыд нæй, фæлæ мæ Алексей нæ бауагъта. Иæ писмойы мæм фыста: «Уый чъизи хъуыддаг бакодта æмæ дзы дæхи куы нæ сахорис, уæд, мæнмæ гæсгæ, хуыздæр бакæнис. Дæ рæстæг æмæ æнæниздзинад ницытæ æмæ мацытыл сафынæн æвгъау сты. Фæлтау сбад æмæ исты ныффысс». Байхъуыстон мæ хистæрмæ. Уæд дæр æмæ уый фæстæ дæр архайдтон æмæ архайын - кæд мын æдзух нæ бантысы, уæддæр - рæстæгæн аргъ кæныныл. Æнхъæлдæн, Федор Достоевский загъта, уынджы цæугæйæ. дам, куыйты алы хæппæн дзуапп куы дæттай, уæд дæ нысанмæ нæ фæхæццæ уыдзынæ. Æцæгæйдæр, цæмæй æрдæгфæндагыл ма баззайай, уый тыххæй, цы куыйтæ дæм лæбуры, уыдон мацæмæ дар. Дæ цыды кой кæн. Æмæ мыл рæстæгæй-рæстæгмæ ахæм рæйджытæ куы фæвæййы — уæлдайдæр та мыл исты хорздзинад куы ’рцæуы, уæд — уæд сæ куыдзы хъуыды дæр не ’ркæнын, суанг ма сын сæ фыстытæ кæсгæ дæр нæ бакæ- нын æмæ мыл цы цъыф фæкалынц, уый уæлхъæдæй бахус вæййы. Иуæй- иу хатт, куыйтæ сæ рæйынæй куы банцайынц, мæ ныхмæ куы ницыуал фæфыссынц, сæ хахуыртæ кæмдæрты ныммыхуыр кодтой, зæгъгæ, мæм хабархæссæг куынæуал вæййы, уæд сагъæсы бацæуын, ау, æппындæр ницуал архайын, чысыл хорздзинад дæр мыл не ’рцыд, мæ «хæлæрттæ» куыд хъусæй лæууынц, зæгъгæ. 239
Балакаев дæр, хæлæг кæнын кæмæ ’мбæлы, уыцы адæмæй уыди. Уый йæ адæмы афтæ бирæ уарзта, йæ райгуырæн бæстæ йын афтæ зы- наргъ уыд, æмæ уыдонæн хорздзинад ракæныны сæраппонд ницæуыл ауæрста. Куыста æвæллайгæйæ. Йæ уацмысты архайджыты фæзминагдæр хъæбатыртæ уыдысты йæхи хуызæн сыгъдæгзæрдæ æмæ æнæхин адæймæгтæ, фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ сæ цардвæндæгтæ лæгъз уыдысты, сæ размæ цы нысантæ æвæрдтой, уыдон сæ къухы æнцонæй æфтыдысты. Зындæр уавæртæ нæй, ахæм зилдухæнты-иу бахаудысты, фæлæ-иу сæм уыйбæрц хъарутæ разынд, æмæ-иу къуырцдзæвæнæй ра- цыдысты уæлахиздзауæй. Балакаевы цард йæ райдайæнæй йæ кæронмæ уыдис тох. Тох кодта лæджы кад дæлджинæгмæ тæрджытимæ, галиу фæндагыл цæугæйæ бæрзондмæ схизынмæ чи хъавыд, рæстдзинад къæхты бын чи кодта, уыдо- нимæ. Йæ гæрзтæ æрæвæрыны зонд æм никуы ’рцыд, цыфæнды ты- джын æмæ æгъатыр знагæн дæр нæ барста, йæ зæнг никуы фæтасыд, йæ ныфс никуы асаст, цалынмæ 1998 азы дæс æмæ æртиссæдзаздзыдæй йæ зæрдæ йæ кусынæй нæ банцад, уæдмæ. XIX «Гагкайты Алиханы зарæг» куыд райгуырд, уый тыххæй раздæр загъ- тон, фæлæ уый мæ фыццаг зарæг нæ уыд, стæй мæхицæн зарæг ныф- фыссынæнхъæл дæр никуы уыдтæн. Æнæуи та зарджытæ уарзтон. Зарын нæ, фæлæ зарджытæ. Уæвгæ зарын дæр уарзтон, фæлæ мæ зард никуы никæй зæрдæмæ цыд. Иузаман хъырныныл дæр ацархайдтон, æрмæст уым дæр мæ арæхстдзинæдтæн фаг аргъгонд не ’рцыд. Æппæты æгъа- тырдæр, стæй, чи зоны, растдæр тæрхон мын рахаста Ходы Камал. Бæтæхъойыхъæуккаг дын нæ зæгъдзæн комкоммæ йæ хъуыды: хъырнын нæ зоныс æмæ, дам-ма, хъырнын чи зоны, уыдоны дæр хъыгдарыс. Æз та мæхинымæр афтæ хъуыды кодтон, зарын нæ зонын, фæлæ хъырнын та куыннæ базондзынæн?! Кæддæр — уæ фарн бирæ уæд — мæ астæуккаг лæппу кæстæримæ йæхи шахмæтгæй хъазынмæ æрцæттæ кодта æмæ йын афтæ зæгъы: — Ды уал фигурæтæ æрæвæр, æз мæ къухтæ ахсон. Уый йын афтæ куы бакæнид: — Æз сæ æвæрын нæ зонын, æз æрмæстдæр хъазын зонын. Уыйау æз дæр, зарын кæм нæ зыдтон, уым, æнхъæлдтон, хъырнын уæддæр зондзынæн, фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй, иу куы нæ зонай, уæд дзы иннæ дæр нæ зондзынæ. Гæнæн нал уыд æмæ зарæджы текст ныффыссыныл бафæлвæрдтон. Уый та рауад бынтон æнæнхъæлæджы... Уæд ма «Рæстдзинад»-ы куыстон. Иу майы бæрæгбонмæ цалдæрæй газетæн макет сарæзтам æмæ конкурсы фыццаг бынат бацахстам. Нæ макеты ногдзинæдтæй иу уыд сæрмагондæй майы бæрæгбоны тыххæй зарæг ныффыссын. Уыимæ хъуамæ йæ алы цыппаррæнхъон дæр нотæтимæ мыхуыргонд æрцыдаид газеты алы фарсыл. Уый, кæд ногдзинад уыд, уæддæр йæ сæххæст кæнын макеты йын бынат ныууадзыны хуызæн æнцон 240
нæ уыд. Фыццаджыдæр, ныффыссын хъуыди текст. Хуымæтæджы текст нæ, фæлæ зарæджы текст. Ныхæстæ куы рауадаиккой — сæ рауайынæй та рагацау зæрдæ бавæрæн зын уыди, — уæд ссарын хъуыди композитор, хорз музыкæ чи ныффыстаид, ахæм композитор. Иу ныхасæй, майы бæрæгбоны номыр рауадзын чысыл сæрнизтимæ баст нæ уыд, фæлæ уæд, мемæ чи куыста, уыдон дæр æмæ æз дæр бирæ æрыгондæр уыдыстæм æмæ нысанмæ тырнындзинад цæлхдурты сæрты хизынæй нæ тарст. Рæстæг бирæ нæ уыд, æмæ композиторты ’хсæн равзæрстам Бериты Алыбеджы. Уый æрыгон уæвгæйæ аивадуарзджытæн зындгонд уыд йæ музыкалон уац- мыстæй, йæ аив зарджытæй. Алыбегæн мæ хъуыды куы бамбарын код- тон, уæд ыл сæмбæлд тынг æхсызгонæй. Ныффыста музыкæ, æрбахаста нотæтæ, æмæ сæ мах зарæджы ныхæстимæ газеты ныммыхуыр кодтам. Фæлæ текст æмæ нотæтæ гæххæттыл фыстæй нæ баззадысты. Радиойы оркестрмæ куыдæй бахæццæ, уый нæ зонын, стæй йын оркестровкæ чи скодта, уый дæр, фæлæ иуцасдæры фæстæ зарæгимæ базонгæ сты ради- омæхъусджытæ, заргæ та йæ акодта, раздæр — музыкалон театры акт- рисæ Гæлуаты Азæ, уый фæстæ та — радиойы оркестры музыкант Цыры- хаты Мурат. Кæд нæ рæдийын, уæд уый уыди мæ фыццаг зарæг, æмæ йыл баззад, газеты цы сæргондимæ мыхуыргонд æрцыд, уыцы ном — «Майы зарæг». «Гагкайты Алиханы зарæджы» фæстæ мæм фæзынд зарæджы тексттæ фыссынмæ тырнындзинад, стæй композитортимæ дæр мæ бастдзинæдтæ фидардæр кодтой. Цалдæр хатты мæм хатджытæ дæр фæци, зарæджы текст-ма мын ныффысс, кæнæ та цæтгæ музыкæйæн ныхæстæ æрхъуыды кæн, зæгъгæ. Кæмдæрты мын нæ бантыст сæ курдиæттæ сæххæст кæнын, кæмдæрты та — бантыст. Зæгъæм, ныртæккæ куыд хъуыды кæнын, ахæм зонд мæм раздæр куы уыдаид, уæд мæ кæцыфæнды куыст дæр ныууагъ- таин æмæ зарæг ныффыссыныл бацархайдтаин, уымæн æмæ зарæг куы фæрæстмæ уа, уæд, чи зоны, бирæ фылдæр тыхтæ æмæ рæстæг кæуыл бахардз кæнай, уыцы чиныгæй дæлдæр ма ’рлæууа, цæргæ та бирæ фылдæр фæкæна. Алиханы номыл Цорионты Резванимæ зарæг куы скодтам, ууыл дыууиссæдз азы бæрц цæуы æмæ адæмæй нæма ферох, стæй сæ, чи зоны, тагъд ма ферох уа, уымæн æмæ йын композитор цы мелоди æрхъуыды кодта, уый адæмон музыкæмæ хæстæг у, зæрдæ агайы, зæрдæ цы агайы, уый та зæрдæйы баззайы. Раздæр куыд загътон, афтæ ацы зарæг фыст æрцыди, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты советон адæм немыцаг фашизмыл куы фæуæлахиз сты, ууыл ссæдз азы куы сæххæст, уæд хъæдгæройнаг лæппу Гагкайты Алиханæн йе сгуыхтдзинæдты тыххæй Советон Цæдисы Хъæбатыры ном кæй радтой, уый кадæн. Зарæг ирон адæммæ бæрзонд бынаты æвæрд уыд. Æрмæст алы зарæг нæ. Уыдис худинаджы зарджытæ дæр, æмæ ныхас уыдоныл нæ цæуы. Хъæбатырдзинад-иу чи равдыста, йæ адæмы-иу зын уавæрæй чи фервæ- зын кодта, æнæ раны ранæй-иу дон чи рауагъта, уымæн тæккæ стырдæр хæрзиуæгыл нымад уыд нуазæн. Адæмы сæрвæлтау-иу йæ цард нывондæн чи ’рхаста, йæ кад æмæ намыс хъахъхъæнгæйæ-иу мæлæтæй нæ тæрсгæйæ 16 Дзасохты М. 241
мæлæт чи ссардта, ууыл та-иу кодтой зарджытæ. Ахæм зарджытæ, бирæ мулк кæмæ уыд, уыдонæй никуы никæуыл счындæуыд, уымæн æмæ адæм зарджытæ кæнгæйæ рæдигæ нæ кодтой. Æз бирæ зарджытæ нæ ныффыстон, иу-дæс æмæ ссæдзмæ ’ввахсæй фылдæр не сты. Уæвгæ, уыдон дæр гыццыл рахонæн нæй. Фæлæ нымæц хæрзхъæддзинадыл дзурæг нæу. Уыдонæй иу-дыууæ куы баззайа мæ фæстæ, уæддæр фаг у, фæлæ ма Гагкайты Алиханы зарæджы тыххæй цалдæр ныхасы. Алиханæн йæ мæлæты фæстæ хъæбатыры ном куы радтой, уæд ын йæ хъæуккæгтæ скодтой стыр кад. Йæ номыл хъæугуывд сарæзтой. Уырдæм æрхуыдтой мæн дæр. Уæд-ма «Рæстдзинад»-ы куыстон. Æмæ Алиханы æрвад, нæ тæлмац- гæнæг Дзибисимæ ацыдыстæм. Дзибис мын куыд радзырдта, афтæмæй Алиханы æфсымæр Мæскуыйы цард æмæ, дам-иу уым арæх уыд. Хъæдгæронмæ куы ныццыдыстæм, уæд, æз цы фынджы уæлхъус бадтæн, уырдæм мæм нуазæнимæ ’рбацыдысты Алиханы æфсымæр, Дзи- бис мын кæй кой кодта, уый æмæ йæ хо. Æфсымæр Михал хуынд, уый ма хъуыды кæнын, фæлæ мæ хойы ном ферох. Фынджы уæлхъус бад- джытæ иууылдæр сыстадысты. Никуы мæ ферох уыдзæн уыцы ныв. Ми- хал, мæ фыды карæн, йæ хойыл дæр уымæй фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ цыдаид, афтæмæй мын утæппæт адæмы ’хсæн арфæ кæнын куы рай- дыдта, уæд, иуæй, æфсæрмы кодтон, иннæмæй та мын æхсызгон уыд, зарæгæн нæ фыдæлтæ цы аргъ кодтой, ахæм аргъгæнджытæ ма йын кæй разынд, уый. Нæ фыдæлтæм зарæгæн цы кад уыди, уый Бесаты Мæхæмæты зарæджы ныхæстæй дæр бæрæг у: Ой, æмæ мæныл, зæгъы, уæд кады зарæг чи скæна, ой, ой, Ой, ой, уæд кады зарæг чи скæна, ой, ой, Ой, гъе-мардзæ, уымæн æз ратдзынæн мæ хоты дзæбæхдæры, гъей! Æмæ, куы зæгъын, кæйдæрты курдиат сæххæст кæнын мæ къухы кæй нæ бафтыд, ууыл абон фæсмон кæнын. Мæ зæрдыл ма лæууы, иу хатт мæм Баллаты Валодя зарæгимæ æрбацыд æмæ мын афтæ, йæ ныхæстæ мæ зæрдæмæ нæ цæуынц æмæ, дам-ма йын ног текст ныффысс. Цæттæ музыкæ йæм уыди, фæлæ йæм йæ ныхæстæ фаг зæрдæзæгъгæ нæ фæкас- тысты æмæ мын ног ныхæстæ фыссын кодта Плиты Христофор дæр. Адæ- монмæ хæстæг чи уыдаид, ахæм зарæг ныффыссынмæ мæм æнхъæлмæ каст Хъаныхъуаты Ларисæ. Цæттæ мелодитæ мын ацагъта Реуазты Симæ, Есенаты Женя... Мæ къухы цы нæ бафтыд, уыдоныл нал дзурын. Цы гыццыл цыдæртæ мын бантыст æмæ мæ иуæй-иу зарджытæ куыд райгуырдысты, уыдоны тыххæй - чысыл бæстондæр. Радиойы куыстон, афтæмæй отпуск ацыдтæн, ног азы райдайæнмæ ма иу-дыууæ къуырийы уыдаид, афтæ. Мыстулаты Ирæ, мæ гуырæн бон январы кæй у, уый кæцæйдæр базыдта æмæ мын мæ отпускæй фæстæмæ ’рбаздæхынмæ сфæнд кодта æнæнхъæлæджы лæвар ракæнын. «Куы мын бахизай кæйдæр къæсæрæй...», зæгъгæ, мæм ахæм æмдзæвгæ уыди. Куыд 242
бамбæрстон, афтæмæй йæм Ирæйы зæрдæ рагæй æхсайдта. Йæ ныхæстæ адæмон мелодитæй бирæтыл бадтысты æмæ йын равзæрста, æппæты хуыздæр æм чи каст, уыцы цагъд. Чи йæ азардзæн, уый дæр ын бæрæггонд уыд — Баллаты Валодя. Ссардта хъырнджытæ дæр: Суанты Федыр, Хъуы- латы Елхъан, Бæцæзаты Юрий æмæ Мыкагъаты Петр. Фæндырæй та йæхæдæг цагъта. Ахуыр кæнын æй райдыдтой. Рæстæг сын бирæ нæ уыд — Ирæ мын фæстæдæр куыд радзырдта, афтæмæй зарæг хъуамæ сцæттæ уыдаид мæ гуырæн бонмæ. Уый та иу кодта мæ отпусчы фæудимæ. Цыбыр дзырдæй, мæ фæстæмæ ’рбацæуынмæ зарæг пленкæйыл фыст дæр ма ’рцыди æмæ, кусынмæ куы рацыдтæн, уæд мын æй, мæ кусæн уаты цы аппарат уыд, уым баифтыгъта æмæ фыццаг хатт фехъуыстон, фæстæдæр адæм кæй ба- уарзтой æмæ радио æмæ телеуынынадæй арæх кæй фæкæнынц, уыцы зарæг. Кæм æй «Мæт» рахонынц, кæм та — «Куы мын бахизай кæйдæр къæсæрæй...» Раст зæгъын хъæуы, мæ хæлæрттæй иуы зæрдæмæ йæ дыу- уæ рæнхъы нæ фæцыдысты, комкоммæ та: Мæ зоид фæлидздзæн мæиæи мæ сæрæй, Мæ зæрдæйæ та иæй лидзæи уарзтæи. Зонд, дам, ма сæр йеддæмæ кæцæй хъуамæ фæлидза? Цымæ уыцы зонды къуыбар афтæ дæр никуы фехъуыста: «Дæ сæры зонд фæцыд æви цытæ лæхурыс?!» Хуыцау хорз, æмæ Къостамæ нæ фæкомкоммæ, æндæр ууыл дæр нæ бацауæрстаид. Дæ дзыхы дзырд Æнæ рæдыд Ныццæвы зæрдæйы кæрон!.. Йæ ацы рæнхъытæ дæлджинæг кæнынмæ йын фæуыдаид, дзыхы дзырд йеддæмæ ма æндæр цавæр дзырд вæййы, зæгъгæ. Кæнæ ирон адæмон зарæджы ахæм рæнхъытæ: Гал-ма мын авæр, хуымы гал, Мæ кæсгон гал, дам, нал хæцы... Ба-ма мын акæн, дзыхы ба, Мæ цæсгом дæр дæм иал хъæцы. Æвæццæгæн, дзыхы дзырд кæм ис, уым дзыхы ба дæр ис, фæлæ уый бамбарынæн сæры зонд хъæуы. Цыфæндыйæ дæр ахæм фауджыты ныхæстæ хъуамæ лæгмæ нымады ма уой, уымæн æмæ уый аккаг не сты... Бынтон æндæр хуызы райгуырд мæ иннæ зарæг «Дыууиссæдзаздзыд уарзондзинад». Æнæнхъæлæджы мæм æрцыдысты йæ фыццаг цыппар рæнхъы: Цæмæндæр мæ дыууиссæдз азæй Ыссæдз азы ахауд æваст. Кæд исчи кæлæнгæнæг разынд, Уыди уый æиæмæнгæй уарзт. 243
Цыма дзы зарæг рауайдзæн, афтæ мæм мæ зæрдæ сдзырдта. Боны æмбис уыцы рæнхъытæ мæ сæрæй нал хицæн кодтой. Мæхинымæр сæ дзырдтон æмæ дзырдтон. Мæ цуры-иу куы ничи уыд, уæд-иу сæ хъæрæй дзурыныл дæр афæлвæрдтон. Цыма мæм музыкæ æрхъуыды кæныны кур- диат куы уыдаид, уæд бадгæ дæр нал æркодтаин, афтæмæй йæ зарын райдыдтаин, афтæ мæм каст. Цæмæдæр гæсгæ æмдзæвгæ кæронмæ ныф- фыссынмæ дæр нал банхъæлмæ кастæн, афтæ Хъуылаты Елхъанмæ ба- дзырдтон, ахæм æмæ ахæм рæнхъытæ ис æмæ-ма сæм байхъус, зæгъгæ. Йæ зæрдæмæ фæцыдысты. Уый, дам, мах зарæг у. «Мах», зæгъгæ, цæмæн загъта, уый дæр бамбæрстон: Елхъан мæнæй афæдз-дыууæ азæй фылдæр хистæр йеддæмæ нæ уыд æмæ æмгæрттыл нымад уыдыстæм. Хъуылайы-фырт ныхæстæ ныффыста æмæ мын афтæ, æз, дам, ма дæм уæхимæ дзуринаг уыдтæн, райсом, дам, Æрыдоны не ’рвадæлтæм чындзæхсæв ис æмæ дæ уырдæм хонын. Елхъан йæхæдæг уыцы изæр ацыд, мах та — цалдæр æмбалимæ дыккаг бон. КуыДдæр ныххæццæ стæм, афтæ мæ Елхъан кæрæдзиуыл ацинтæ кæныны фæстæ иуфарс ахуыдта æмæ йын знон цы ныхæстæ радтон, уыдон йæ диссаджы хъæлæсæй диссаджы мелодийыл азарыд. — Дæ зæрдæмæ цæуы? — йæ цæстытæй цины цæхæртæ калд, афтæмæй мæ бафарста Елхъан. Тынг фæцыди мæ зæрдæмæ. Афтæ тынг, æмæ мæ хъуыды æваст схъæр кæнын нæ бауæндыдтæн. Абон дæр æй нæ зонын, бирæ хæттыты кæй фехъуыстон æмæ мын тынг рагæй зынаргъ чи уыд, ахæм зарæджы хуызæн мæм цæмæн фæкаст, уый. — Ноджыдæр-ма йæ иу хатт азар, — æрхатыдтон Хъуылайы-фыртмæ. Азарыди та йæ. Мæхинымæр хъуыдыты ацыдтæн. Уыцы мелоди ма уымæй размæ кæмдæр — мæ зæрдæйы æви мæ зонды — кæй азæлыди, стæй иу хатт нæ, фæлæ бирæ хæттыты, ууыл æппындæр дызæрдыг нæ кодтон æмæ Елхъанæн æргомæй мæ мидхъизæмар бамбарын кодтон: — Никæцы зарæджы хуызæн дæм кæсы? — Цытæ дзурыс?! Куыддæр знон дæуимæ ныхасгонд фæдæн æмæ хæтæл æрæвæрдтон, афтæ ма дæ рæнхъытæ ноджыдæр иу хатт бакастæн æмæ ацы мелоди кæцæйдæр ратахт æмæ мæ йæ базыртыл ахаста... — Никæцы мелоди дын дæ зæрдыл лæууын кæны? — ногæй та йæ бафарстон æз. — Никæцы! — хъæбæрæй загъта Елхъан æмæ мын æй æртыккаг хатт куы азарыд, уæд æй æз дæр æнæкъуызгæйæ афæзмыдтон. Мæхимæ дæр диссаг фæкаст, мелоди куыд æнцонæй бахъуыды код- тон, уый. Уæдмæ Елхъанмæ чидæр фæдзырдта æмæ иунæгæй куы аз- задтæн, уæд та йæ ногæй зарыныл фæдæн. Куыд ничи мæ хъыгдара, афтæ цæхæрадонмæ ахызтæн æмæ цыбыр рæстæгмæ зарæджы ныхæстæ кæронмæ фыст фæдæн. Уæддæр мæ нæ уырныдта, зарæджы мелоди хæдбындур у, уый æмæ йæ радиойы кусджытæй цалдæрæн азарыдтæн — мелоди мæ куыд нал фе- рох, уый дæр гыццыл диссаг нæ уыди — æмæ йæ иу дæр никæцы æндæр мелодийы æнгæс рахуыдта. 244
Радиойы зындгонд звукорежиссер Газайты Зойæйыл тынг æууæндыдтæн, æмæ мын уый дæр куы загъта, зæрдыл никæцы мелоди лæууын кæны, зæгъгæ, уæд мæ цины ницуал хъыгдарæг уыд, цыма мелоди дæр мæхæдæг ныффыстон, афтæ кæсын мæм райдыдта. Текстмæ мæ зæрдæ куынæуал æхсайдта æмæ Елхъаны зæрдæмæ дæр куы фæцыд, уæд Зойæ Гæздæнты Болатмæ æрхатыд, Елхъан æмæ Музафер ног зарæг ныффыстой æмæ-ма Елхъанæн фæндырæй ацæгъд æмæ уæ æз ныффыссон, зæгъгæ. Раст зæгъын хъæуы, Болатæй ме уæны мигъ бадт, мæхæдæг цæмæй тарстæн, уыцыр- дыгæй йæм исты фау куы ’рхæсса, зæгъгæ, фæлæ уый дæр уæлдай ницы загъта æмæ æрмæстдæр уæд фервæзтæн мæ сагъæстæй. Æппынфæстаг мæ бауырныдта, цы диссаджы зарæг райгуырд, уымæ Елхъан æмæ мæн йеддæмæ кæй ничи ницы бар дары. Композитормæ мæ хъуыдытæ афтæ арф бахъард- той æмæ, æз ныхæстæй кæронмæ зæгъын цы нæ бафæрæзтон, уый мелоди фæарфдæр кодта, æнкъарæнты рæсугъддæртыл рæубазыртæ басагъта. Зойæ зарæг пленкæйыл ныффыста æмæ йæ мæ кусæн уаты аппаратыл æдзухдæр ифтыгъдæввонгæй дардтон. Куыддæр-иу мын уæгъд рæстæг фæци, афтæ та-иу æй сарæзтон æмæ йæм хъуыстон æмæ хъуыстон. Уыимæ дзы фæллайгæ нæ кодтон. Æгæр цæхджын дойны кæй кæны, уымæй нæ тарстæн, уымæн æмæ зарæгмæ хъусгæйæ мæ дойны нæ састи... Радиойы куыстон, афтæмæй Чеджемты Æхсар сфæнд кодта «Дзигойы зарæг» сног кæнын. Дзæвгар ын фæкуыста йæ ныхæстыл, хал халыл æфтауæгау, кæмæй цы хъуыста, уый фыста, рæстытæ сæ кодта, æз дæр æм цыдæр ивддзинæдтæ бахастон, фæлæ дзы, мæнмæ гæсгæ, иу зæрдæхсаинаг рæнхъ аирвæзт: «О, ма байрайай дæ иунæг сомæй!» Афтæ уайы, цыма, сомтæ фылдæр куы уыдаиккой, уæд йæ хæснагæй фæсмонгонд нæ фæуыдаид, мæлæты фæндагыл ацæуыныл кæй сразы, уый рис æм афтæ тынг нал хъардтаид. Дæ сомæй, зæгъгæ, куы загъта- ид, уæд рæнхъ бынтон æндæрхуызон æмбæрстгонд цыдаид, фæлæ дзырд «иунæг» сæйраг хъуыды æндæрырдæм здæхта, стæй йæ, мæнмæ гæсгæ, ныр дæр здахы. Уæд дæр æй фиппайдтон, Æхсарæн дæр æй загътон, фæлæ цыма фæтагъд кодтам, абон дæр афтæ хъуыды кæнын. Кæмæйдæр æрыхъуыстон, зарæджы, дам, ахæм ныхæстæ дæр уыди: «Размæ цæуон æмæ мæ дон нæ уадзы, фæстæмæ цæуон æмæ мæ сом нæ уадзы». Нæ бадтысты уыдон уацмысы иумæйаг хъуыдыимæ. Дзиго ахæм лæппу нæ уыди, æмæ сомы тыххæй йæ цард нывондæн чи ’рхастаид. Афтæ мæм кæсы, цыма хæснаджы сом нæ, фæлæ капекк куы нæ уыда- ид, уæддæр хъæбатыр æмæ кадылмард лæппу йæ ныхасæн хицау разын- даид, цæмæй йæ дзырд ма фæмæнг уыдаид, уый тыххæй иу нæ, фæлæ йын дыууæ царды куы уыдаид, уæддæр сыл нæ бацауæрстаид. Цыбыр дзырдæй, зарæг сцæттæ. Чи йыл фылдæр бакуыста, уый зын зæгъæн у, фæлæ йыл иууылдæр — уыдоны нымæцмæ та хауынц æппæты фыццаг Чеджемты Æхсар, Медойты Светланæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Газайты Зойæ. Гæздæнты Болаты фæндырдзагъд сын сæ иумæйаг фæллой дунемæ афтæ рæсугъдæй равдыста, æмæ æнæхъæн Ирыстоны дисы бафтыдтой — зæрдиагæй кæй бацархайдтой, ууыл ничи фæдызæр- дыг уыдзæн. 245
Афтæ мæм каст, цыма зарæг кæмæ нæ бахъардта, Иры хæхтæ æмæ быдырты ахæм адæймаг зынæй разындаид, куы разындаид, уæддæр сæ ыымæц хъуамæ хæрзчысыл уыдаид. Æмæ кæцы ранæй нæ райхъуыстаик- кой, Хъараты Женя йæ уарзон Дзуццаты Дзигойыл цы диссаджы мелоди сарæзта, уый аив зæлтæ! Ныхæстæ дæр куыннæ, фæлæ æрмæст йæ мело- ди дæр æвнæлдта зæрдæйы тæккæ æнкъарагдæр тæгтæм. Ацы хабæрттæ цæмæн æрымысыдтæн? «Дзигойы зарæг»-æй дæр афтæ æфсис нæ зыдтон. Хъусынæй йæм не ’фсæстæн. Хъуыстон æмæ йæм хъуыстон, цалынмæ дзы «бафсæстæн», уæдмæ.. Джордж Гордон Байронмæ йæ роман «Дон Жуан»-ы ахæм рæнхъытæ ис: Мужья стыдятся нежности наивной, Притом они, конечно, устают: Нельзя же восхищаться бсспрерывно Тем, что нам ежедневно подают. Наполеон Бонапарт уыди, æнхъæлдæн, йæ ус, дам, ыл феноггаг ис, йæ зæрдæ мыл ивын райдыдта, зæгъгæ, æмæ йын йæ фæсдзæуинæн бафæ- дзæхста, цæмæй йæм йæ хъус фæдара. Уый Наполеонмæ фæхæццæчынд, фæлæ, цыма ницы зоны, йæхи афтæ дардта, æрмæст йæ фæсдзæуины бафарста, æппæты фылдæр цавæр хæринаг уарзы, уымæй. Уый дæр ын загъта: «Хуыргарк физонæггондæй». Уæдæй фæстæмæ йын алы бон дæр æртæ хатты фынгыл æвæрдтой йæ уарзон хæринаг. Цыбыр рæстæгмæ лæг йæ аходæн, сихор æмæ æхсæвæрæй зæрдæцъæх фæци. Цы базонын ма хъуыди фæсдзæуинæн, Наполеон ын афтæ цæмæн бакодта, уый. Уыдон бынтон æндæр хабæрттæ сты, фæлæ дзурынц, зæрдæцъæх фæуæн алцæмæй дæр кæй ис, суанг ма æппæты тынгдæр кæй уарзыс, уыцы зарæгæй дæр. Æз дæр мæхицæн ахæм куыст бакодтон. «Дзигойы зарæг»-мæ уыйбæрц фæхъуыстон, æмæ мын раздæры ад нал кодта, уымæн æмæ æгъдæутты хистæр бæрц кæй у, уый зонгæ кодтон, афтæмæй йæ сæрты ахызтæн. «Дыууиссæдзаздзыд уарзондзинад»-æн дæр уымæй тарстæн æмæ йæм райст-бавæрды дзаумайы хуызæн цæстæй кæсын райдыдтон. Мæ зæрдæмæ куыд цыд, афтæ тынг цыд иннæты зæрдæмæ дæр æмæ дзы æппæлыдысты, суанг ма мын афтæ зæгъджытæ дæр фæци, Елхъан æй хорз зары, фæлæ, дам, æй Суанты Ким дæр куы азарид, уæд æвзæр нæ уаид. Мæ зæрдæмæ фæцыди уыцы хъуыды, фæлæ иу хъуыддагæй ме уæнджы мигъ бадт: тарстæн, Елхъан æй искæцырдæм куы бамбара, уымæй, фæлæ мæ тасæн бындур нæ уыд, уымæн æмæ уыцы хабарыл Хъуылайы-фырт æхсызгонæй сæмбæлд. Азарыд æй Ким дæр, стæй иунæгæй нæ, фæлæ йæ кæстæр æфсымæр Хъазыбегимæ. Раздæр мæм афтæ каст, цыма йæ Елхъанæй хуыздæр ничи азардзæн. Иуæй, йæ хъæлæсыл аив бадт мелоди, иннæмæй та йæ йæхæдæг æрхъуыды кодта, фæлæ йæ Суанты æфсымæртæ куы азарыдысты, уæд дыууæты ’хсæн фæдзæгъæл дæн: чи йæ хуыздæр зары, уый абон дæр кæронмæ рахатын мæ бон нæма баци... Мамсыраты Хаджумары уынгæ никуы фæкодтон, фæлæ йын йæ кой хъуыстон. Уæлдай фылдæр бæлвырддзинæдтæ дзы базыдтон йæ хæстæг 246
æрвад Муратæй. Иу арт, иу уидагæй равзæргæ сты, кæд иутæ — ома Мураты фыдæлтæ — Беслæныхъæуы æрцардысты, уырдæм та Брутæй æрбалыгъдысты æмæ пысылмон диныл хæст уыдысты, иннæтæ та — Ол- гинскæйы æмæ чырыстон дин райстой, уæддæр. Муратимæ та иумæ, цалдæргай азтæ-иу куы фæхицæн стæм, уый нæ нымайгæйæ, дыууиссæдз азæй фылдæр кусæм æмæ мын-иу йæ кой арæх кодта. Хаджумарæн йæ чызджытæ Нинæ æмæ Асяйы дæр зыдтон. Хаджумар канд хъæбатыр хæстон нæ уыд, фæлæ ма уыди æцæг ирон лæг дæр, æнæкæрон бирæ уарзта йæ райгуырæн бæстæ, йæ мадæлон æвзаг. Уый тыххæй æрхæсдзынæн цалдæр цауы. Зындгонд инæлар нæ иуæй-иу æмзæххонтау Ирыстоны уындæй йæхи дæсгай азтæ æнæхай нæ кодта, фæлæ-иу ын фадат уæвгæйæ йæ хиуæтгæ, йæ хæстæджытæ æмæ зонгæты æнæбабæрæггæнгæ нæ фæци. Иуахæмы та Ирыстоны уæвгæйæ Дзæуджыхъæуы стыр уынджы фæцæйцыди æмæ, дзулы дуканимæ цы бирæ адæм лæууыд, уым йæ цыд фæсабырдæр кодта... Дарддæр цы хабæрттæ æрцыд, уый тыххæй мын Мурат афтæ радзырдта. — Мæ зонгæтæй мыл иу амбæлд æмæ мын афтæ зæгъы, знон, дам, дын дæ инæлар æрвады, дзул йæ дæлармы, афтæмæй цæугæ федтон. Æз ын æргомæй ницы загътон, фæлæ, Хаджумар Ирыстоны ис, уый зыдтон æмæ йæ уазæгуат «Кавказ»-ы куы бабæрæг кодтон, уæд ын хабæрттæ ра- дзырдтон. Знон дыл, зæгъын, проспекты адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Цæмæн, зæгъгæ, мæ куы бафарста, уæд ын загътон: — Инæлар-булкъоны, йæ риуыл Советон Цæдисы Хъæбатыры Сырх Стъалы, афтæмæй йæ дæлармы дзул хæсгæ куы федтой, уæд сæм диссаг фæкаст. — Ау, æмæ уым диссагæй цы ис,— загъта йæ мидбылты бахудгæйæ Хаджумар,— æви исчи афтæ ’нхъæл у, æмæ инæлар дзул нæ хæры? Уæвгæ мын уыцы дзул æнæбары æлхæд æрцыд. Хойраг бырæттæм аппарын та тæригъæд у. Уазæгуаты цыдæртæ куыстон æмæ куы бафæлладтæн, уæд сфæнд кодтон иучысыл мæхи аирхæфсын æмæ мæ фæндаг проспектыл акодтон. Ресторан «Терк»-æй иуцасдæр куы ’руадтæн, уæд дзулы дука- нийы раз рады лæугæ ауыдтон къордæй фылдæр адæймаджы. Æппæты кæронæй лæууыдысты дыууæ зæронд усы. Хæстæгдæр сæм бацыдтæн æмæ иронау куы дзырдтой, уæд сæ фæстæ ’рлæууыдтæн æмæ сæм аивæй хъуы- стон. Уыдон, æз чи дæн, уый цæмæй зыдтой? Уынгты иу æмæ дыууæ салдаты ис! Сабыргай размæ куыд цыдысты, афтæ æз дæр сæ фæдыл къахдзæф кодтон. Иу рæстæджы дзы иу кæмæйдæр афтæ зæгъы, рынчын хъуджы æхсыр банызта æмæ, дам, ыл бурсылоз бахæцыд. Зæронд ус «бруцеллез» зæгъинаг уыд. Уалынмæ кассæмæ бахæццæ стæм. Дукани, æнæуæйгæнæг кæй хонынц, ахæм уыди: иуырдыгæй бацу, цы ’лхæнынмæ хъавыс, уый тæрхæгæй райс æмæ рацæуæны æхца бафид. Дзул йеддæмæ дуканийы ницы уыд æмæ ма йын æнæбалхæнгæ цы хос уыди! Куы нæ йæ райстаин, уæд мæ ничи бамбæрстаид. Цæм æй батыхтаин, уый дæр нæ уыд æмæ йæ гомæй рахастон. Мæ фæндаг базарыл ракодтон, пъæми- дортæ, хъæдындзтæ æмæ цывзы балхæдтон æмæ, уазæгуатмæ куы ’рба- цыдтæы, уæд сæ скарстон æмæ дзулимæ замманай минас уыдысты. 247
Хаджумары тыххæй ма мын Мурат ракодта æндæр хабæрттæ дæр. — Фыццаг хатт æй куы федтон, уæд дæр уазæгуат «Кавказ»-ы æрфы- сым кодта. Мæхи йын бацамыдтон, зæгъын, Мамсыраты Мухтары фырт дæн. Хаджумар мæ æваст афарста: — Мухтарæн цыппар фырты ис æмæ дзы ды кæцы д&? Диссаг мæм фæкаст, алцыдæр йæ зæрдыл куыд хорз дардта, уый. Мæ фыды хæдзары кæй никуы уыд, уый бæлвырд зыдтон, фæлæ кæддæр, хæсты фæстæ, æнхъæлдæн, мæ хистæр æфсымæримæ фембæлд æмæ йын уый цы радзырдта, уыдон дзы нæ ферох сты. Цæвиттон, Барис уæд æфсæнвæндаджы вагзалы куыста, цæргæ дæр æфсæнвæндаджы хæдзæрттæй иуы кодта, æмæ йæм Хаджумар афтæмæй бафтыд. Нæ би- нонты тыххæй йын цы хабæрттæ фæкодта, уыдон дзы уал æмæ уал азы нæ ферох сты æмæ мæ афтæ хынцфæрстытæ дæр уымæн кодта. Мемæ куыд зæрдиагæй дзырдта, уымæй фæныфсджын дæн æмæ йын аивæй бамбарын кодтон, Дзæуджыхъæуы Мамсыратæй къорд хæдзары куы цæры, уæд уазæгуат цæмæн равзæрстай, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ куы ’рфысым кодтаид, уый мæ фæндыд. Хаджумар йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ: — Кæд Ирыстоны рагæй нал цæрын, уæддæр ма ахæм хъуыддæгтæ æз дæр æмбарын, фæлæ, зæгъæм, дæумæ æрцардтæн, уæд дæм мæн фе- нынæфсон æрвылбон дæсгай адæймæгтæ цæуид æмæ уыйбæрц кусæрттæ кæнын дæ бон куы нæ бауа... Цæвиттон, хъуыддаг хъазынырдæм аздæхта. Фæстаг хатт ма Ирыстонмæ ссыди 1965 азы. Йæ мад фæрынчын æмæ йæм Мæскуымæ фæхабар кодтой, фæлæ уыцы рæстæг сæхимæ нæ ра- зынд: Сау денджызы был йæ фæллад уагъта. Уырдæм ын хабар йæ биной- наг Паулинæ фехъусын кодта. Йæ путевкæйы фæудмæ дæр нал банхъæлмæ каст, аст боны раздæр рацыд æмæ йæ рынчын мады цур æрбалæууыд. Фыццаг бон ын дохтыртæ худæджы хабар радзырдтой. Хаджумары мад у, уый куы базыдтой, уæд ын радтой хицæн палатæ. Зæронд ус уавæртæм бæстондæр куы ’ркаст, уæд дохтыртæм йæ хъаст бахаста: «Иннæтæ алы палатæйы дæр дыгæйттæ-æртыгæйттæ æмæ ноджы фылдæртæй куы хуыс- сынц, уæд мæн иунæгæй цы дарут, исты ахст дæн?» Æмæ йæ, æртæйы бынат кæм уыд, уыцы палатæмæ раивтой... Ады хабар дæр мын Мурат радзырдта. Хаджумар куы амард, уæд йæ ныгæныны хабæрттæ баргонд уыдысты Советон Æфсады æфсæддон-дипломатон академийы хицау вице-адмирал Бекренев Константины фырт Леонидæн (амард 1997 азы, нæуæдзаз- дзыдæй). Зиан куы бавæрдтой, уæд ын фынджыдзаг дæр академийы стыр залы скодтой. Бекреневцы ныхæстæ загъта, уыдонмæ адæм иууылдæр хъуыстой цымыдисæй: «Йæ заманы дæрдтыл айхъуыст Отто Скорценийы ном, фæлæ мах Хаджийæи йæ рыджы дæр нæ уыди». Дæнцæгæн æрхаста ахæм цау. Паулюс Гитлермæ тæккæ хуыздæр инæлæрттæй иуыл нымад уыд. Ста- линградмæ дæр æй хуымæтæджы нæ арвыста, фæлæ Волгæйы хæстыты йæ хъуыддæгтæ нал цыдысты. Советон æфсæдтæ йæ алыфарс æртыхсты- 248
сты, æмæ тæссаг уыди, немыцæгтæ сæдæгай минтæй куы фæцагъды уыда- иккой, уымæй. Гитлерæн хъуыддæгтæ хорз зындгонд уыдысты æмæ цы- фæндыйæ дæр архайдта йе ’фсæдтæ æрхъулайæ ракæныныл. Паулюсæн ма лæгъстæмæ йе ’фсæддон цин дæр фæуæлдæр кодта — радта йын инæ- лар-фельдмаршалы ном, фæлæ йын уый дæр нал баххуыс кодта. Фа- шисттæ хъуамæ бындзагъд фæуыдаиккой, кæнæ сæхи уацары радтаик- кой. Паулюс йæ фюрермæ дæр нал байхъуыста æмæ йæхи йе ’фсæддон- тимæ уацары радта. Бекренев хæрнæджы фынджы уæлхъус куыд дзырдта, афтæмæй Ста- лин, кæмæн хъуыд, уыдонæн бафæдзæхста, цæмæй Паулюсæн радзурын кæной, Сталинград йæ къухы бафтгæйæ Гитлермæ дарддæр цы фæндтæ уыди, уыдон. Фæлæ уацайраг инæлар ницы ком лæвæрдта, æз, дам, хæстон ард бахордтон æмæ йæ нæ фехалдзынæн. Уæ уацайраг дæн æмæ мæ кæд маргæ кæнут, уæддæр уæ бар уæхи, дзурæн цæмæн нæй, уый та уын нæ зæгъдзынæн. Уæд Сталин Хаджумармæ фæдзырдта æмæ йын ба- бар кодта Паулюсимæ аныхас кæнын. Хаджумар йемæ цас фæдзырдта — Хуыцау йæ зонæг, фæлæ сæ ныхас кæрæдзиуыл нæ бадт. Паулюс куы сфæлмæцыд, уæд æппынфæстаг Хаджумары бафарста: — Бинонтæ дын ис? — Ис,— дзуапп радта Мамсыры-фырт. — Уæдæ мæнæн дæр ис. Уыдон сты Гитлеры тæккæ фындзы бын æмæ йæм мæ ныхæстæй иунæг куы байхъуыса, уæддæр дзы æгасæй никæйуал ныууадздзæн. — Æмæ дын дæ бинонты ардæм куы ’рбаласæм, уæд та? — Уымæн уæвæн нæй. — Уыцы хъуыддаг æз мæхимæ исын. — Гъемæ уæд нæ ныхас дарддæр кæндзыстæм, ныр та ууыл мауал дзурæм... Дыууæ къуырийы фæстæ Паулюс Мæскуыйы фембæлд йæ бинонтимæ... Ацы ныхæстæ Мурат йæхæдæг фехъуыста, уымæн æмæ, Хаджумары ныгæнынмæ Ирыстонæй чи ацыд, уыдонимæ уыд. Ахæм æмæ бирæ æндæр цаутæ базыдтон Муратæй. Уымæн æмæ йыл уый арæх æмбæлд, аргъ ын кодта. Афтæ мæм кæсы, æмæ йæ иунæг фырты дæр «Хаджумар» йæ зындгонд æрвады кадæн схуыдта. Мæнмæ, Хаджумары хуызæн лæгыл зарæг кæй нæ уыд, уый раст нæ каст æмæ бацархайдтон ныхæстæ ныффыссыныл. Нæ зонын, фæлæ цыма фæрæстмæ сты, афтæ мæм кæсы. Текст равдыстон, тынг кæимæ бахæлар дæн, уыцы композитор Бериты Алыбегмæ, æмæ йын цыбыр рæстæгмæ мелоди æр- хъуыды кодта. Алыбег æвæджиауы курдиаты хицау уыд. Тынг бирæ зыдта, адæмон музыкæ йын адджын уыд, арæхст дзы йе сфæлдыстады пайда кæнынмæ. Музыкæ æмæ музыкантты тыххæй йæ бон дзурын уыд сахатгай. Æмæ йæ уыцы зонындзинæдтæ рæдауæй лæвæрдта рæзгæ фæлтæрæн, фæлæ уæддæр сæйрагдæр уыди йæхи сфæлдыстад. Ныффыста бирæ зæрдæмæхъаргæ зар- джытæ. Иу хатт ын телефонæй иу æмдзæвгæ бакастæн. Æмдзæвгæ, зæгъгæ, зарæджы текст æмæ, йæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый бамбæр- 249
стон, йæ ныхæстæ йын телефонæй фыссынмæ куы фæци, уæд. Цæмæй мелоди æрхъуыды кодтаид, уый тыххæй йын фаг уыд иу куплет дæр. Композитортæ йæ «кæсаг», хонынц. Фыццаг цыппар рæнхъы фыст куы фæци, уæд мæ хæтæлы æрæвæрдыл нымадæй цалдæр минуты рацыд æмæ мæ телефон ныдздзæнгæрæг кодта. Систон æй, æмШ дзы Алыбеджы хъæлæс райхъуыст: — Зарæг цæттæ у! — Цавæр зарæг? — хорз ын нæ бамбæрстон йæ ныхæстæ. — «Сабырдзинады проспект» - афтæ хуынди æмдзæвгæ. — Æрмæст ма йын базард хъæудзæн æмæ дын мæнæ уымæн та «кæсаг». Нæ мæ бауырныдтой йæ ныхæстæ æмæ йын загътон: — Йæ мелоди-ма мын акæн. Азарыди йæ ныхæстимæ. Ноджы тынгдæр дисы бацыдтæн. Афтæ дæр ма ахъуыды кодтон, кæд, зæгъын, æм цæттæ мелоди уыди, фæлæ ныхæстæ ,чысыл раздæр куы базыдта, уæд æм æнæзонгæ ритмикæйыл мелоди цæттæйæ куыд хъуамæ лæууыдаид?! — Диссаг мæм кæсы, афтæ тагъд æй куыд æрхъуыды кодтай? — Фондз минутмæ цы зарæг нæ ныффыссон, уый мæ хъæугæ дæр нæ кæны! — сдзырдта уыцы ныфсджынæй Алыбег. Ныффыстон ын базард дæр: Алы бои дæр ардæм Раивылыиц адæм, Алы бои дæр амоид акæлы йæ былтæй ам. Уыцы рæстæджы йæ арæхстдзинæдтæй зындгонд уыди, Дзампаты Мæирбеджы фырт Владимир разамынд кæмæн лæвæрдта, зарæггæнджы- ты инструментон уыцы къорд. Газайты Зойæ йæ радиомæ æрбахуыдта æмæ, фондз минутмæ чи ацæттæ, уыцы зарæг — «Сабырдзинады про- спект» магнитофоны лентыл ныффыста æмæ йæ рæстæгæй-рæстæгмæ фехъусæн вæййы радиойы концертты. О, æмæ ныхас «Мамсыраты Хаджумары зарæг»-ыл цыд. Уымæн дæр мелоди æрхъуыды кодта Бериты Алыбег, фæлæ иу мелодийыл нæ баззад. Йæ текст мæ бацагуырдта Лазарты Коля. Уымæн уыди тынг сыгъдæг, цъæхснаг, зæлланггæнаг хъæлæс. Зарыди Хъæдгæроны зæронд лæгты за- рæггæнджыты къордимæ. Уыцы рæстæджы ма ам зарыдысты Хæуытаты Агуыбе, Мецъаты Гаппо æмæ бирæ æндæр курдиатджын хистæртæ. Йæ саразæг та уыди хъæусоветы уæды сæрдар, скъолайы раздæры директор, алывæрсыг курдиаты хицау Бокоты Солтан — хъæубæсты йын уыд уæз- дандæр ном - Додтан. Лазарты Коля канд зарæггæнæг нæ уыди, фæлæ ма арæхсти зарджытæ хъуыды кæнынмæ дæр. «Мамсыраты Хаджумары зарæджы» текст дæр мæ уый тыххæй бацагуырдта. Зарæджы ног мелодийы райгуырды тыххæй мын фæстæдæр Чеджемты Æхсар дзырдта. Уымæн та бæлвырд хабæрттæ Коля йæхæдæг ракодта. Цæвиттон, зæронд лæджы зарæг саразыны хъуыды æхсæвæй-бонæй цух нал уагъта. Кæцыдæр æхсæв дыккаг кæркуасæнты фехъал, мелоди 250
йæ хъусты ныззæланг кодта æмæ йæ фынæй бинойнагмæ дзуры: «Æрцах- стон æй, æрцахстон æй!» Ус, æвæццæгæн, уымæй размæ уыдта, зарæ- джы текст бæлвырд фæлгæты сæвæрыныл куыд зæрдиагæй архайдта æмæ йын дзы куыд ницы уад, уый æмæ, куы фехъал æмæ хабар куы бамбæр- ста, уæд æм дзуры: «Мауал æй ауадз, мауал æй ауадз!» Зæронд лæг нотæтæ нæ зыдта, æмæ йæ цæмæй мелоди мауал ферох уыдаид, уый тыххæй йæ йæхинымæр боны срухсмæ фæзарыд. Йе ’мбæлттæм æй куы бахæццæ кодта, уæд ын фесæфынæй тас нал уыд. Фесæфынæй нæ, фæлæ йæ цалдæр боны фæстæ Хæуытаты Агуыбеимæ зарын райдыдтой. Ис радиойы фонотекæйы дæр. Æргом куы дзурон, уæд мæм Алыбеджы мелодийæ хуыздæр йеддæмæ æвзæрдæр нæ кæсы. Ацы текстæн ма мелоди æрхъуыды кодта хъисфæндырæйцæгъдæг Мер- денты Николай дæр. Стæй ма ноджыдæр иу зарæджы тыххæй чысыл бæлвырддæр. Арæх мæ фæфæрсынц, зарæг куыд райгуыры, зæгъгæ. Алы зарæгæн дæр йæхи хъысмæт ис. Ахæм зарджытæ ис, æмæ сæ чи ныффыста, уый ничиуал фæзоны, афтæмæй сæ иу фæлтæр иннæмæ дæтгæ цæуы. Уыдонæй амондджындæр хъысмæт, æвæццæгæн, иу зарæгæн дæр нæй. Цорионты Резван иу хатт цавæрдæр концерты уыди æмæ дзы кодтой «Гагкайты Алиханы зарæг» дæр. Концерты разамонæг, дам, æй адæмон куы рахуыдта, уæд Резваны цинæн кæрон нал уыд. Адæмон зарджытæ адæмон уымæн фæхуыйнынц, æмæ сæ, цы адæм сфæлдисынц, уыцы адæмы зæрдæйыуаг, тырнындзинæдтæ æмæ бæллицтæ æххæстæй февдисынц. Азты сæрты тæхынхъом дæр уымæн свæййынц. Ис ахæм зарджытæ, се сфæлдисджытæ зындгонд кæмæн вæййынц, фæлæ адæмон кæй фæхонынц. Уыцы зарджыты хъысмæтмæ дæр бахæлæг кæнын æмбæлы. Фæлæ ма иуæй-иуты базонын фæфæнды: раздæр цы сфæлдыстæуы, музыкæ æви ныхæстæ? Дыууæ хуызы дæр равзæрæн ис зарæгæн. Арæхдæр, æвæццæгæн, ныхæстæ фæзынынц. Уыдон композиторы сразæнгард кæнынц мелоди æрхъуыды кæнынмæ. Уæвæн ис, æмæ музыкæ фæзына раздæр. Ахæм зарджытæ æз дæр ныффыстон цалдæр. Бирæ азты размæ мæм æрбацыд Къæбойты Николай æмæ акодта дыу- уæ мелодийы. Фæндыди йæ, цæмæй сын ныхæстæ ныффыстаин. Тыхтæ æмæ амæлттæй мелодиты ритмикæ æрцахстон æмæ уый фæстæ бавнæлд- тон æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Сбадтысты кæрæдзиуыл, æмæ «Сæумæрай- сом» азарыд Фидараты Тамарæ, «Тæхуды» та — Суанты Ким. Бæлвырддæр цы зарæджы тыххæй зæгъынмæ хъавын, уый та ныффыстон Есенаты Женяимæ. Курдиатджын сылгоймаг уыд Женя, курдиатджын æмææнамонд. Дыууæ фырты йын уыд æмæ дзы иуы цинæй дæр нæ бафсæст. Йæ хистæр Тамерлан, кæд горæты райгуырд, уæддæр ын хъæуы йаргъ лæппу ра- хонæн уыди. Уæлдæр ахуыргонддзинад куы райста, уæд куыста бирæ бæрнон бынæтты. Уыди газет «Молодой коммунист»-ы редактор, фæстæдæр каст фæци Æхсæнадон наукæты академи æмæ куыста Мæс- куыйы. Иæ мад æм уазæгуаты уыд, афтæмæй æхсæвы æнафоны чины- 251
джы каст - фæстæдæр мын Женя куыд дзырдта, афтæмæй, дам, де ’мдзæвгæтæ кæм уыдысты, ахæм журнал йе стьолыл фæлдæхтæй баззад. Уыди ахæм сæрдыгон æнтæф бон, æмæ суанг фæсахсæвæртæм дæр нæ фæсатæгдæр. Бинонтæй Тамерлан йеддæмæ ничиуал бадт æмæ рудзын- гыл исты æмбæрзæн æрцауындзынмæ хъавыд, цы, йæ къах фæбырыд æмæ цыппæрæм уæладзыгæй ахауд. Райсоммæ йæ ничи базыдта. Фыц- цагдæр æй федта уынгтæмæрзæг... Женя цæргæйæ цы лæппуимæ баззад — йæ мой Тугъан Тамерланы фæстæ бирæ нал ацард — уый та рæдыд фæцдагыл адзæгъæл, æмæ Женя æнæхæдзарæй баззад. Цыбыр дзырдæй, йæ мæлæт ссардта зæрæдты хæдзары... Диссаджы сылгоймаг уыд Женя. Цалдæр хатты сæм уыдтæн æмæ йын йе ’фснайд къуымтæм кæсынæй не ’фсæстæн. Йæ уæздандзинад йæ алы фезмæлд, йæ алы ныхасыл дæр зынди. Йæ кусæн уаты — кæддæр кæй уагътой, ахæм сау рояль. Кæннод ыл куыд дæсны цагъта, уый та! Сæйрагдæр та уыди йæ курдиат. Йæ зарджытæй цалдæр радиойы фоно- текæйы хæзнаты æхсæн æфснайдæй лæууы, бирæтæ сæ зонгæ дæр кæнынц, уымæн æмæ сæ арæх фæдæттынц. Иуæн дзы ныхæстæ Чеджем- ты Æхсар ныффыста: «Уый уарзондзинад у». Ацы зарæджы мелоди ныхæстæй раздæр фыст æрцыд, æмæ йæ Женя фыццаг мæнæн ацагъта, фæлæ, хъыгагæн, мæ бон йæ курдиат сæххæст кæнын нæ баци. Иуцас- дæры фæстæ та куы фембæлдыстæм, уæд мын Женя хъазгæйæ афтæ куы бакæнид: «Нæ дæ ныууадздзынæн, цалынмæ мын зарæг ныффыссай, уæдмæ». Цы ног мелоди мын ацагъта, уый мæм æнцондæр бахъуыдыгæнæн фæкаст. Женя дæр мын æххуыс кодта, афтæмæй та уымæн дæр йæ рит- микæ тыххæй-фыдæй æрцахстон. Мелодийы автор, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдта, цы хъуыдытæ дзы равдисынмæ хъавыди, уый æмæ йæ бафарстон. Куыд мын радзырдта, афтæмæй дзы йæ зæрды уыд Къостайы фæлгонц равдисын. Иуцасдæр мæ бон ницы æрымысын баци, фæлæ мыл цы хæс æвæрд уыд, уый мæ сæрæй нæ хицæн кодта. Мæ зæрдыл-иу æрбалæууыд куысты дæр, хæдзары дæр, фæндагыл дæр. Иу бон Терчы был тезгъо кодтон æмæ æваст мæ сæры фæмидæг æнахуыр хъуыды. Къоста Дзæуджыхъæуы, ныр- тæккæйы Войковы уынджы, сфæнд кодта хæдзар саразын æмæ уырдæм йæ уарзоны æрхæссын, фæлæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. Цы чыз- джы курынмæ хъавыд, уый æваст æрбамард, йæ хæдзар дæр æрдæгкондæй баззад. Йæ хæдзар æрдæгкондæй баззад, фæлæ йæхæдæг кæмæйдæр йе ’мдзæвгæйы куыд загъта, афтæ — йæ мæсыг амад фæци. Уый кæд мæсыг схуыдта, амайгæ кæй фæкæнынц, ахæм мæсыг, уæддæр йæ ныхæстæ ком- коммæ æмбаргæ нæ уыдысты, уымæн æмæ уыцы мæсыг адæймаджы къухæй амайгæ нæ уыди, фæлæ кад æмæ намысæй. Уыцы дыууæ хъуыдыйы - æрдæгарæзт хæдзар æмæ кæронмæ амад мæсыг мæм хорз бындур фæкасты- сты фидæны зарæгæн æмæ йæ райдайæнæй кæронмæ афтæ сарæзтон. Алы куплеты дæр дзы фæлхатгонд цæуы дыууæ рæнхъы: Æрдæгарæзтæй йæ хæдзар баззад, Фæци йæ мæсыг конд. 252
XX Йæ дæргъ æмæ йæ уæрх цы адæймаг нæ зоны, уымæн, мæнмæ гæсгæ, тæригъæд кæнын æмбæлы, уымæн æмæ йын цыдæр нæ фаг кæны. Пуш- кины загъдау, адæм дæ цыфæнды æппæлд куы кæной, уæддæр æй мацæмæ дар, ма хъус дæ фауджытæм дæр, уымæн æмæ уыдоныл дæр æууæнк нæй. Сæйрагдæр у, дæхæдæгдæхицæн цы аргъ кæныс, уый. Кæд дæхицæй разы дæ, уæд дæуæй амондджындæр нæй æмæ, цы фæндагыл æрлæу- уыдтæ, ууыл цæуынæй ма фæллай. Фæлæ ис ахæм адæймæгтæ, æмæ сæхицæн аргъ кæнын нæ зонынц, растдæр зæгъгæйæ та, сæхицæн цы ’нхъæл сты, ахæмтæ не сты. Ацы хабарæн м&хæдæг æвдисæн нæ уыдтæн, фæлæ мын æй дзургæ чынди. Фысджыты иу æмбырды ныхас рауади, фæстаг рæстæг мыхуыры чи фæзынди, уыцы уацмыстыл. Поэттæй чидæр кæйдæр æмдзæвгæ лæмæгъ рахуыдта æмæ йыл цæмæй иннæтæ дæр бау- уæндой, уый тыххæй журнал райста æмæ уацмыс аив, æнæкъуызгæйæ бакаст — тарстис, куыд æмбæлы, ахæм хъæлæсыуагимæ йæ куы нæ бакæ- са, уæд ын æй автор йæ цæстмæ куы бадара, ома цыфæнды хорз æмдзæвгæ дæр æвзæр бакæсгæйæ фенадгæнæн ис, зæгъгæ. Куыддæр фæстаг хъуы- дыйадыл стъæлф сæвæрдта, афтæ йæ ныффыссæг фæгæпп ласта, фыр- цинæй йæ армытьæпæнтæ кæрæдзиуыл авæргæйæ фæхъæр кодта: - Уымæй ма хуыздæр æмдзæвгæ цавæр вæййы?! Адæм иууылдæр ныххудтысты, уымæн æмæ кæд æмдзæвгæйы исты хорзæй уыд, уæд æрмæстдæр уый, æмæ йæ йæ фауæг аив æмæ æнæ иу къуыхцыйæ кæй бакаст. Æз ахæмты кой нæ кæнын. Адæймагæн йæ мидæг цы тæрхонгæнæг бады, уымæн дзы æмбал нæй. Æцæг адæймагæн, хорз æмæ æвзæры æхсæн сæрсæфæны хуызæн арæн кæмæн ис, искæмæн дæр æмæ йæхицæн дæр — уæлдайдæр йæхицæн — æгъатырæй карз, фæлæ уыцы-иу рæстæг раст тæрхон рахæссын чи фæра- зы, ахæм адæймагæн. Мæ чингуыты тыххæй сæ хъуыдытæ чи загъта, уыдоны ’хсæн уыди алыхуызæттæ дæр. Чи мæ æппæлгæ кодта, чи фип- паинæгтæ зæгъынæй дæр нæ тарст æмæ тынг раст кодта. Фæлæ дзы уыдис ахæмтæ, æмæ мæ цы цъыфæй сахорынмæ хъавыд, уымæй йæхи афтæ самæста æмæ-иу дзы æппындæр ницыуал зынд: иууылдæр-иу цъыф фес- тад. Хорз зæгъынмæ мæ чи фæхъавы, уыдонæй дæр-иу мæ кæцыдæртæ æфсæрмы бафтыдтой, ахæм æппæлæн ныхæстæ-иу мын ссардтой, мæ цæсгом-иу сырх кæмæй кодта, ахæм куы нæ дæн, уæд мæ хохы цъупмæ цы систа, æнахуыр ран мæ къах куы фæбыра, уæд бæрзæйдыууæ куы кæнын, зæгъгæ. Ис бынтон æндæр аргъгæнджытæ. Уыдонæй мын чи мæхимæ ныф- фыссы, чи газеты кæнæ журналы редакцимæ. Æхсызгон мын вæййы, Советон Цæдисы алы кæрæтты бирæ фæцæрыны фæстæ Ирыстонмæ чи ’рцæуы, уыдон мын стыр циндзинад фехъусынгæнæгау куы радзурынц, уым æмæ дын уым дæ чиныг балхæдтон, зæгъгæ, уæд. Нæ райгуырæн бæстæ ма Советон Цæдис куы хуынди, уæд мын Мæскуыйы цы бирæ чингуытæ рацыди, уыдоны æхсæн уыди, йæ тираж фондзыссæдз минмæ кæмæн хæццæ кодта, ахæмтæ дæр æмæ сæ — Калининградæй райдай, 253
æмæ Дард Хурыскæсæныл фæу — кæдæм не ’рвыстой, ахæм край, облæст æмæ республикæ нæ уыдис. Кæддæр Санаты Хадзымырзæйы (брутаг зындгонд нартхоры- куыстгæнæг) фырт Вячеславимæ æнæнхъæлæджы иу ран лæуд фестæм æмæ базонгæ стæм. Уый мын афтæ, æз, дам, дæ^зонын, дæ чиныг «Весенние звезды», дам, дын, Петропавловск-Камчатскийы куы цардтæн, уæд балхæдтон. — Камчаткæйы фондз æмæ ссæдз азы фæцардтæн,— дзырдта мын Вя- чеслав. — 1986-87 азты куыстон профцæдисты Камчаткæйы облæстон Советы. Уым чынгуыты дуканийы фембæлдтæн «Весенние звезды»-йыл. Райгуырæн бæстæйæ дард уæвгæйæ мын уæлдай æхсызгондæр уыди ме ’мзæххоны чиныг кæсын. Иу хатт нæ, фæлæ йæ бакастæн цалдæр хатты. Ме ’мзæххонтæй кæуыл æмбæлдтæн, уыдонæн дæр æй кæсын кодтон. Бæрæгбоны фынджы уæлхъус-иу куы баиу стæм, уæд-иу дзы хицæн бынæттæ хъæрæй дæр кастæн. Уæлдай тынгдæр мæм хъардтой, хæсты фæстæйы азты зын цард æвдыст кæм цæуы, уыцы бынæттæ. Мæ цæсты- ты раз-иу сыстадысты нæ адæмы рæсугъд æгъдæуттæ, кæрæдзийæн æх- хуыс кæнын, хистæртæ æмæ сылгоймагæн аргъ кæныны æгъдæуттæ. Фæзминаг æгъдæуттæ хорз æххуыс сты рæзгæ фæлтæры хъомыладæн, ахуыр сæ кæнынц уæздандзинадыл, фыдæлты фарнæй сæрыстыр уæвыныл. Мæнмæ гæсгæ, уыцы чиныг хъуамæ бакæса алы скъоладзау дæр. Уый тыххæй та йæ мыхуыр кæнын хъæуы фылдæр тиражæй. Уадз æмæ йæ кæсой канд Ирыстоны нæ, фæлæ æндæр рæтты дæр. Дзæуджыхъæуы «Зеленстрой»-йы хицау Куындыхаты Алик дæр инсти- тут каст фæуыны фæстæ Уæрæсейы куыста æмæ, дам, дын де ’мдзæвгæтæ Калугæйы облæсты журнал «Юность»-ы мæ цæссыгтæ доны зилгæйæ кастæн. Цыма мæ райгуырæн хъæу Джызæлы февзæрдтæн, афтæ, дам, мæм каст. Кæсæг-Балхъарæй мæм Раисæ Рамазанова фыста: «Тынг лæмбынæг дын бакастæн дæ повесть «На берегу Уршдона». Цæй тыххæй фыссыс, уый дын хорз зындгонд у. Уæлдай цæстыахадгæдæрæй равдыстай хъæу- уон цард. Æргом дзургæйæ повесть кастæн цæссыгкалгæйæ. Цæрын зын у, æвæдза. Æмткæй райсгæйæ чиныг мæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Æрмæст йæ кæрон хъæлдзæгдæр хъуаг уыд. Бахатыр кæн, фæлæ æз афтæ хъуыды кæнын». Волгоградæй мæм Татьянæ Бергер хъусын кæны: «Мæ цæссыгтæ нæ баурæдтон æрмæстдæр Ремарк æмæ дæу чиныг «Белая малина» кæсгæйæ». Георгий Ладонщиковæн дæр «На берегу Уршдона» йæ зæрдæмæ фæцыди: «Дæ чиныг стыр зæрдиагæй бакастæн иу æхсæвмæ. Сыгъдæгзæрдæйæ дын арфæ кæнын!» Æргом дзургæйæ, адæймаг иуæй-иу хатг дызæрдыджы дæр бахауы, кæд цы фыссын, уыдон æппындæр никæй хъæуынц, æндæр мын дзы йе хорз исчи куыннæ зæгъы, йе — æвзæр. Кæддæр Мамсыраты Дæбемæ уазæгуаты уыдтæн, афтæмæй базонгæ дæн, чиныгкæсджытæй цы писмотæ фæиста, уыдоны иу хаимæ. Уыдис дзы алыхуызæттæ дæр, фæлæ мæм дзы иу уæлдай тынгдæр бахъардта. Чи 254
йæ фыста, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ, цы фыста, уый та мæ зæрдыл бадардтон. Зындгонд куыд у, афтæмæй, Дæбе дæсаздзыдæй бахауд æвирхъау бæллæхы. Мæнæ куыд фыссы уый тыххæй йæхæдæг: «Æз куырис ха- лынмæ куыд æргуыбыр кодтон, афтæ Габойы (Дæбейы фыдыфсымæр) хъæр айхъуыстон: — Лæхмарг, тагъддæр æвнал, зæгъгæ, дын куы дзурынц! — стæй мæ фæсонтыл сæмбæлдис здыйау уæззау куырисы цæф. Фæцудыдтон размæ, барабанмæ. Фæлæбурдтон ма мæ къухтæй бара- баны былтæм. Хорз æмæ ма фæхæст дæн куырисуадзæджы лæууæны был- тыл. Фæлæ галиу къух фæбырыдис... Бамбæрстон, йе стджытæ куыд скъæр-къæр кодтой, уый, фæлæ бæллæх уыдис уый, æмæ мын барабан æрцахста мæ нымæтхуд æмæ кæттаг хæдоны фарс æмæ мæ диссаджы тых- джын ласта йæхимæ. «Амардзæн мæ» — уыцы хъуыды ма февзæрд мæ сæры æмæ мæ рахиз къухæй ныддæвдæг дæн. Мæ худ куы феуæгъд уаид, ууыл архайын, фæлæ мæ сæр куы фæтасын кæнын, уæд та барабаны «æфсæртæ» сæхи мæ уадултыл æрбасæрфынц. Кæд машинæ гуыв-гуыв кæны, уæддæр хъусын Розяйы цъæхахст æмæ Андрейы: — Гæрз раппарут тагъддæр, гæрз! Уый ма æмбарын æмæ мæ куыд нæ сисы барабанæй, ууыл дис кæнын. Уалынмæ бамбæрстон: рахæцыдис мыл йæ тыхджын къухтæй æмæ мæ срæмыгъта. Дарддæр цы ’рцыдис, уый нал бамбæрстон». Гъе æмæ йын уыцы хабæрттæ зонæг чиныгкæсджытæй иу — кæд ма исты зонын, уæд сылгоймаг уыд — афтæ фыста, тæхуды, æмæ, дам, дын галиу къух куы фестин, уæд дын фысгæйæ дæ гæххæттыл уæддæр хæцин. Цæйбæрц уарзондзинад дара хъуамæ чиныгкæсæг фыссæгмæ, цæмæй йæм ахæм зæрдæисгæ ныхæстæ ныффысса! Ахæм кад былалгъ фыстытæй бакусæн нæй. Уый тыххæй хъуамæ чиныгкæсджытæн дæ уд снывонд кæнай, дæ зæрдæйы хъарм сыл æмхуызон дих акæнай æмæ йæ се ’ппæтыл дæр байуарай. Адæмæн амонд чи хæссы, амондджын дæр уый вæййы. Дæбейы хъысмæт уымæй æнæхай нæ фæкодта. Æхсызгон у, кæй зæгъын æй хъæуы, чиныгкæсæгимæ дын бастдзинад куы уа, уæд, цы кусыс, уымæн исчи йæхи аргъгæнæг куы хона. Ацы писмо мæм «Мах дуджы» кусджытæ радтой. Ныффыста йæ Доцо- ты Дудар, уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг, æрыдойнаг, 1978 азы фыццæгæм мартъийы: «Зынаргъ журналы редакцийы кусджытæ! Æз жур- нал «Мах дуджы» Дзасохты Музаферы повесть «Урсдоны былыл Бæрæ- гъуын...»-мæ куы ’ркастæн, уæд йæ сæргондмæ гæсгæ хъуыдытыл фæдæн: «Цы ныффыссæн ис Бæрæгъуын — Красногоры тыххæй? Очерк?.. Ома йæ темæ мæм къаннæг æмæ хуымæтæг фæкаст. Гъе стæй йæ кæсын куы байдыдтон, уæд мæ повестæн йе ’взаг æмæ йæ нывæфтыдтытæ сæхимæ афтæ æнгом æрбалвæстой, æмæ йæ каст куы фæдæн, уæд цыма мæ ад- джын комдзаг мæ уырзты айсыст, афтæ хъыг мын уыд: нæ бафсæстæн йæ кæсынæй æмæ та йæ дыккаг хатт кæсын байдыдтон. Мæ бон у зæгъын, æз ирон литературæ райдайæнæй кæронмæ æвзæр нæ зонын, фæлæ дзы 255
ахæм зæрдæмæдзæугæ уацмысыл нæма сæмбæлдтæн. Æз Музаферæн йæхи дзæбæх нæ зонын æмæ мын уый уæлдай фылдæр бартæ дæтты йæ повесты тыххæй æргом зæгъынæн...» Ууыл фескъуындзынæн Дудары фыст, æрмæст ма йæ писмойы кæронæй æрхæсдзынæн иу хъуыдыйад: «Редакцийы кусджытæ, æз ацы гыццыл фыстæг журналмæ нæ, фæлæ йæ сымахмæ фыссын. Музаферы уацмыстæ мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цæуынц, æмæ уæ курын, ацы писмо йын фенын кæнут». Æз уæлдæр хуымæтæджы нæ загътон: хъуамæ, лæг цы у, уый зона. Йæ аргъ дæлæмæ дæр ма тæра, цы у, уымæй йæхицæн хуыздæр æнхъæл дæр ма уа. Дудар мæ кæд цыфæнды уæлиау сæвæрдта, уæддæр, цы дæн, уымæй уæлдæр нæ фæуыдзынæн, стæй Абайты Васо, юбилей кæмæн фæкæнынц, уымæн цæмæй тарст — цы ’ппæлæн ныхæстæ йын фæкæнынц, уыдоныл, дам, куы баууæнда - æцæг адæймагæн уымæй тас нæу. Мæ мадæй ма мæ зæрдыл ахæм ныхас дæр лæууы: «Уымæн æвзæр-æвзæр куы фæкæнай’, уæддæр ын æвзæрæй тас нæу». Æвæццæгæн, ацы ныхæстæ æндæрхуызон загъдæй дæр сфидауиккой: ис ахæмтæ, æмæ сын цæрæнбон- ты хорз-хорз фæкæнынц, фæлæ хорзæй никуы ницы равдисынц, афтæмæй базæронд вæййынц. Цавæрдæр дохтыры кой-иу кодтой, цыма-иу æй Мамсыраты Мурат дзырдта, афтæ мæм кæсы. Йæ ахсæн кæмæн срыст, ахæм рынчын, дам, æм æрбахауд. Цытæ бахордтай, зæгъгæ, дам, æй куы бафарста, уæд ын, зæххыл цы нæ кæрдæджы мыггаг æмæ халсар ранымадта, ахæм нал баззад. Дохтыр æм æххæст хъусгæ дæр нал бакодта, афтæмæй йе ’ххуыс- гæнæг сылгоймагæн саст хъæлæсæй дзуры: — Ацы лæг хъомты дохтыры рынчын у, фæлæ ма йæ фæстæмæ чи ’рвиты, — хъæрдæрæй та загъта: — Клизмæ йын скæнут. Рынчын уый айхъуыста, цы! Кæугæ-дзургæйæ дохтыры уайдзæфты бын фæкодта: — Ай бæллæх нæу, æз мæлæты къахыл ныллæууыдтæн, ды та цавæрдæр клизмæйы кой кæныс! Дохтыр фæстæмæ дæр нал ракаст, æрмæст йæхицæн дзурæгау загъта: «Æвзæрæй чи базæронд, ахæм у!» Уыйау, æвзæрæй чи базæронд вæййы, уыдон сæхимæ иннæтæй хуыз- дæр фæкæсынц. Пушкины хуызæн фыссæг уæвын зын у. Фæлæ Пушкин куыд хъуыды кодта æмæ цæмæ сидти, уый бамбарыны та зынæй ницы ис. Чидæр дæ раппæлыди, рæдыдæй дæ стыр курдиаты хицау рахуыдта, цыдæр цъупмæ дæ сæргъæвта, уæд дæхицæн сихæмкад домын райдай, дæ бадæнтæ фæны- чы уæвгæйæ дæ сæр мигъты ’мбуар хæсс, дæуæн бынат кæм никуы уыдзæн, уыцы цъуппыл ныддæвдæг у, мæн ардыгæй ничиуал æрхизын кæндзæн, зæгъгæ, уæд тынг тæссаг у, æвзæрæй куы базæронд уай, уымæй. Доцоты Дударимæ зонгæ нæ уыдтæн. Кæд æй искуы федтон, уæддæр æй нæ хъуыды кæнын, фæлæ мæн тыххæй цы загъта, уыдон цуроныл банымайын тæригъæд хъуыддаг уаид, мæ фыстытæн мын цы аргъ скод- та, уымæ та мæм мæхи цæстæнгас ис. Æхсызгон мын цы у: чиныгкæсæг 256
кæй нæ фæфыдæнхъæл, уый. Мæ повесть ма мын дыккаг хатт кæсын дæр райдыдта. Зондджын лæг афтæ загъта: «Дыккаг хатт цы уацмыс нæ бакæ- сай, уый фыццаг хатт кæсыны аккаг дæр нæ уыди». Æмæ мын æхсызгон уый у. Æгайтыма, уацмысы цæуыл дзырдæуы, уый кæйдæр зæрдæ фæца- гайдта, кæйдæр хъысмæтгæм æцæгæлон цæстæй нæ акаст, цæуылдæрты йæ ахъуыды кæнын кодта. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ дæ уды хъармæй иунæг адæймаджы куы батавай, цæрыны монц æм куы сæвзæрын кæнай, дæ фыстытæй йæ сæрмæ арвы цъæх куы байгом уа æмæ йæ зæрдæсаст хъуыдытыл йæ къух куы сиса, уæддæр æй хъуамæ адæймаг йæхицæн амон- дыл нымайа. Раздæр ма Бокоты Солтаны — Додтаны кой кодтон. Мæнæй бирæ хистæр уыд, фæлæ лымæнæй цардыстæм, кæрæдзийы хойрагæй дæр фæхъæстæ стæм — уый та мæнмæ стыр хъуыддаг кæсы, нæ фыдæлтæ цæхх æмæ кæрдзынæй сомы дæр кодтой æмæ дзы ард дæр хордтой. Бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста æмæ алы ран дæр йæ фæд бæрæгæй баззад. Ныффы- ста йæ хъæубæсты истори. Канд Хъæдгæрон нæ, фæлæ æппæт Советон Цæдис, ныр та Уæрæсейæн дæр, кад æмæ намысхæссæг чи уыд, йæ уыцы æмхъæуккæгты хабæрттæ афтæ дæсны æмæ цæстуарзонæй радзырдта, æмæ сæм бахæлæггæнæн ис. Хъыгагæн, сæ фылдæр нырма мыхуыры нæма уыдысты, фæлæ уыцы рæстæг куы ралæууа — кæй ралæудзæн, уый та мæ уырны — уæд сæ кæсджытæ цин кæндзысты, сæ размæ æмæ сæ рæстæджы ахæм адæм кæй цард, ууыл. Додтан йæ тыхтæ фæлвæрдта литературæйы. Йе ’мдзæвгæтæ-иу мы- хуыры дæр фæзындысты. Иу хатт та мæм мæ куыстмæ æрбацыд æмæ дзæвгар рæстæг уарзон ныхæстæ фæкодтам, стæй цæуынмæ куы рахъа- выд, уæд мæ цуры иу гæххæтты гæбаз æрæвæрдта, уый фæстæ ма-иу æм æркæс, зæгъгæ. Куы ацыд, уæд æм æцæгдæр æркастæн — цыппаррæн- хъон, «Куыристæ», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ... Цыппаррæнхъонтæ фыссынмæ ме ’ргом куы аздæхтон, уæд-иу сæ арæхдæр мыхуыр кодтон, Додтан йæ цыбыр æмдзæвгæ куыд рахуыдта, ахæм иумæйаг сæргонды бын. Цы цыппаррæнхъоны кой кæнын, уымæй ссардта мæ ном: Дæ пъеройы фындзыл куыристæ зайы, Сæ дзырд - цыбыр, сæ хъуыды — Теркæй даргъдæр... Цы ’рнай кæна æндæр поэт цъынайæ — Ды иу куырисæй не ’рнай кæныс къаддæр! Бынæй дзы уыд йæ ныффыссыны рæстæг амынд дæр — 1986 азы 13 ноябрь. Рагæй нырмæ дæр мæ фæндыди, цас гæнæн ис, уыйбæрц хъуыды цыбырдæрæй зæгъын. Зæгъинаг дæм куы ницы уа, уæд тæссаг у, дæ дыууæ рæнхъы дæр дын даргъ куы рахоной, уымæй. Уый тыххæй цыргъ- зонд фысджытæй иу афтæ загъта: Дæ дыууæрæнхъон федтон, фæлæ каст Мæнæн нæ фæци - тынгдаргъ мæм фæкаст. 17 Дзасохты М. 257
О, æмæ мæ хъуыды цыбырдæрæй зæгъынæн равзæрстон цыппаррæн- хъон. Афтæ йыл фæцахуыр дæн, æмæ æндæр хуызы фыссæн ис, уый ма мæ рох дæр фæци. Рох та мæ кæм фæци, фæлæ дзæвгар рæстæг æндæр хуызы фыссынмæ мæ хъус раздæры хуызæн нал дардтон. Кæй зæгъын æй хъæуы, поэзийы кæцыфæнды формæйы дæр зæрдæйы-æнкъарæнтæ рав- дисынæн ис æппæт фадæттæ дæр. Алцыдæр аразгæ у курдиатæй, æрдзы лæвæрттæй дæ цæйас хай фæцис, уымæй. Зæгъæм, ирон поэзийы фæстаг цалдæр дæс азы стыр æргом здæхт æрцыд сонетмæ. Бирæ хорз уацмыстæ сфæлдыстой нæ поэттæ, цыппæрдæс рæнхъы кæм ис, рифмæтæ та бæлвырд фæткмæ гæсгæ æвæрд кæм цæуынц, ахæм лирикон — стæй канд лирикон нæ — æмдзæвгæтæ фысгæйæ. Æз дæр цалдæр фæлтæрæны скод- тон сонет ныффыссыныл. Чи зоны, мæ размæ цы нысан æрæвæрдтон, уый зæгъын мын-иу бантыст, фæлæ, сонет цы нывтыл карст хъуамæ уа, уый æххæст кæнын мæ хъыгдардта, сæрибардзинад мын нæ лæвæрдта. Уыцы-иу рæстæг мæ мæ хъуыдытæ зæгъын дæр хъуыд — уый та уыди æппæты ’ахсджиагдæр, уымæн æмæ фыссæн сис мæ къухмæ, фыцца- джыдæр, уый тыххæй райстон — рæнхъытæ нымайын дæр, рифмæтæ бæлвырд фæткыл равæрыныл хъуыды кæнын дæр. Цыбыр ныхасæй, со- нетæй цыппаррæнхъон мæ удæн зынаргъдæр уыд, фылдæр бартæ мын лæвæрдта æмæ къорд азы, зæгъæн ис, æмæ фыстон цыбыр æмдзæвгæтæ. Минæй куы фæфылдæр сты, уæд сæ хицæн чиныгæй рауагътон, «Арв æмæ зæхх», зæгъгæ, ахæм номимæ. Рæмонты Геор «Рæстдзинад»-ы (1998 азы 2 июлы) ахæм æмдзæвгæ ныммыхуыр кодта: Поэт дæу н ’адæм хоны, — Дæ номæй ард фæхæрæд! Дæ мин цыппаррæнхъоны Дæс мин азы фæцæрæд! Чидæр та мын, мæ цыппаррæнхъонты чиныг бакæсыны фæстæ афтæ загъта, зындгонд хъуыдытыл, дам, дзы фембæлæн ис. Уый ныхмæ чи хъуамæ цы зæгъа! Ацы цъæх арвы бын ногæй ницы ис. Цавæрфæнды хъуыды дæр кæддæр загъд кæй æрцыд, уый ныхмæ дунейы номдзыддæр æмæ зондджындæр адæм дæр ницы зæгъынц. Ныхмæ нæ, фæлæ фи- дарæй æууæндынц, зæххыл ногæй кæй ницы ис, ууыл. Уыимæ хъуыдыйæ дæр. Мæнæ уымæн æрмæстдæр цалдæр æвдисæны. «Кæддæр кæй нæ загъ- дæуыд, иунæг ахæм хъуыды дæр нæй», — фыста Теренций дыууæ мин азæй фылдæры размæ. Уыцы хъуыды иуцасдæр фендæрхуызон кодта Анатоль Франс: «Аивад æмæ сфæлдыстад ис зæронд хъуыдытæ ног хуызы зæгъыны мидæг». Евгений Богат та дыууæйы дæр дзæвгар фæбæлвырддæр кодта: «От- личие нравственных истин от научных в том, что в мире нравственных истин «изобретение велосипеда» не только не смешно, но даже важно: человек открывает то, что было высказано мудрецами две или три тысячи лет на- зад. Но он не повторяет, а именно открывает это сам...» Мæхиуыл цалдæр хатты, велосипед ногæй чи сарæзта, уый æмбисонд æрцыд. Цæвиттон, æмдзæвгæ ныффыссын. Цасдæр рæстæг рацæуы, æмæ, уымæй размæ кæй никуы бакастæн, ахæм уацмысыл фембæлын 258
æмæ дзы мæ хъуыдыты æнгæс хъуыдытæ ссарын. Цæмæй мæхи æназым скæнон æмæ мæм лазхæсджытæ ма уа, уый тыххæй, мæ хъуыдыты æввахс кæмæ бацæуын, уыцы поэты æмдзæвгæйæ искæцы рæнхъ кæнæ рæнхъытæ райсын, ме ’мдзæвгæйы райдайæны сæ сæвæрын æмæ уымæй мæхи айчы къæмагурджытæй фервæзын кæнын. Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: адæймаг цы у, уый йæхицæй хуыздæр ничи зоны. Сызгъæрины тасмачъи куы хонай, уæддæр сызгъæ- ринæй баззайдзæн, тасмачъийы сызгъæрин куы хонай, уæд сызгъæрин куыд нæ суыдзæн, афтæ... Фыссыы, фæлæ мæ мæ фыдыхо иу минут дæр рох нæу. Тыхст рынчынæй йæ ныууагътон. Мæ бон ын исты куы уаид, уæд ницæуыл бацауæрдин, уый мæн тыххæй йæ уд раттыныл дæр куыд нæ фæфæстиат уаид, афтæ. Балцы хæдразмæ ма йæ мæ кæстæр лæппу Ацæмæзимæ абæрæг кодтам æмæ йæ цæстытæ байгом кæнынæн дæр нал уыд. Уымæй цалдæр боны размæ йæ чызг Ирæимæ телефонæй дзырдтон æмæ мын афтæ зæгъы, æдзухдæр, дам, йе ’фсымæримæ ныхæстæ кæны. Куы, дам, æй бафæр- сын, кæимæ дзурыс, зæгъгæ, уæд, дам, фæзæгъы: — Ме ’фсымæримæ. — Æмæ йæ ном цы хуыйны? — Сосыгко. Мæнæ мын ныртæккæ дæр уый ахъæбыс кодта. Фæстаг бонты, дам, æдзухдæр, «нæхимæ цæуын», «нæхимæ цæуын», зæгъгæ, дзуры. Куы æй бафæрсын, Музаферы зоныс, зæгъгæ, уæд, дам, мын афтæ фæкæны: — Уæдæ ма кæй зонын? Æз Музаферы мæхицæй фылдæр уарзын. — Дибæйы та? — Дибæйы дæуæн дæттын, фæлæ Музаферы никæмæн ратдзынæн. Ирæйæн уыцы ныхæстæ фæхъыг сты, æмæ, дам, ын афтæ фæкодтон: — Уæдæ æз та Дибæйы никæмæн ратдзынæн!.. Цалынмæ мæ нæ ферох, уæдмæ ма йын йæ чындзы тыххæй цалдæр ны- хасы зæгъон. Куыд загътон, афтæмæй йын тынг лæггад фæкодта. Ахæм лæггад, æмæ æмбисондæн хæссынæн бæззы. Фатимæйы хуызæн чындзытæ цавæрфæнды æфсинимæ дæр бафидауиккой, уымæн æмæ цæрынмæ дæсны сты, йæ хъама йæ синысæр чи дары, уыдоны тугæй сæм иу æртах дæр нæй. Оля йын, æвæццæгæн, Веринкæйы кой арæх кодта, æппæлыдис-иу дзы, суанг ма йæ мæ мадимæ баргæ дæр акодта, дæ кæцыдæр фезмæлдтытæй, дам, мын Чындзы мæ зæрдыл æрлæууын кæныс. Фатимæ мын йæхæдæг та афтæ загъта: «Ме ’фсины ныхæстæ куы ’рымысын, уæд мæ иуæй-иу миниу- джытæм гæсгæ мæхимæ Веринкæйы хуызæн фæкæсын». Оляйы тыххæй дзургæйæ иу рагон хабар мæ зæрдыл æрлæууыд. Ра- джы, дыууиссæдз азы размæ Ирыстон бæрæг кодта йæ автономийы дыу- уиссæдз азы юбилей. Дзæуджыхъæумæ (уæды Орджоникидземæ) ссыди æви æрбацыди зæгъын растдæр уыдзæни, уый нæ зонын, уымæн æмæ уазджытæ алырдыгæй æрбацыдысты, уыимæ тынг бирæйæ: бæрæгбоны архайдта нæ бæстæйы разамонæг Никитæ Сергейы фырт Хрущев. Юби- леймæ æрбацыдысты Цæгат Кавказы облæст, крайтæ æмæ республикæты минæвæрттæ, суанг ма Хъалмыхъхъæй дæр. Ныхасы бар уыдис алы деле- 259
гацийы минæварæн дæр. Цы дзырдтой, уымæ хъуыстой Ирыстоны алы къуымты, уымæн æмæ кадджын æмбырд радио трансляци кодта. Хъал- мыхъхъы автономон республикæйы Министрты Советы Сæрдар Г.Б. Бем- бинов куы ныхас кодта, уæд загъта, ирон фысджыты уацмыстæ сæ ма- дæлон æвзагмæ тæлмацгонд кæй цæуынц, уый тыххæй дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, номхыгъд райдыдта Къостайæ, уый фæстæ ма ранымадта но- джыдæр цалдæры, уыдонимæ загъта мæ мыггаг дæр. Уыцы хабарыл цас рæстæг рацыдаид, нæ зонын, фæлæ мæ фыды- хотæм сæмбæлдтæн. Ныхас ныхасы къахта, æмæ цæмæндæр автономийы юбилейы кой рауад, æмæ дын Оля афтæ куы бакæнид: — Уыцы æмбырды Хрущев афтæ загъта, рæхджы, дам, Музафер суы- дзæн Къостайы хуызæн фыссæг. Æз ын мæ мидбылты бахудгæйæ загътон: — Афтæ нæ уыдаид... Мæ цæстыты мын тутæ бакодта, цытæ, дам, дзурыс, Алыбег (нæ хæрæфырт, Олятæй иу хæдзар уæлдæр цардысты), дам, æй радиойæ йæхæдæг фехъуыста... Фыццаджыдæр, афтæ кæй нæ уыд, уый, мæнмæ гæсгæ, бамбæрстат. Иннæмæй та абон дæр нæ зонын, ме ’мдзæвгæтæ хъалмыхъхъаг æвзагмæ чи æмæ кæд ратæлмац кодта æмæ кæм мыхуыргонд æрцыдысты, уый, фæлæ хъалмыхъхъаг уазæг мæ мыггаг мысгæ дæр куыд æркодтаид?! Уымæй цыппар азы раздæр та мыл æндæрхуызон цау æрцыд. Цæвиттон, Мæскуыйы уыдис ирон аивад æмæ литературæйы декадæ, «Рæстдзинад»-ы бæлвырд бонтæ йеддæмæ нæма куыстон, афтæмæй. Де- кадæ куы райдыдта, уыцы бон центрон газеттæ ныммыхуыр кодтой бирæ æрмæг Ирыстоны тыххæй. Иуæй, аивад æмæ литературæйы декадæ уыдис æмæ дзы фысджыты уацмыстæн æнæуæвгæ нæ уыд, иннæмæй та, мыхуы- ры оргæнтæ литературæмæ ныры хуызæн уазал цæстæй нæ кастысты æмæ суанг бæстæйы сæйраг газет «Правда»-йы дæр æмдзæвгæтæ арæх мыхуыр кодтой. Партийы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Æгкацаты Владимиры статьяйы фарсмæ мыхуыргонд æрцыд ме ’мдзæвгæ. Газет куы федтон, афтæ мын цыма мæ зæрдæ судзины бырынкъæй фæрæхуыстæ- уыд, уый хуызæн фæдæн. Мæ бынаты æндæр исчи цин кодтаид, æз та æваст, цы уавæры бахаудтæн, ууыл сагъæсыл фæдæн. Ахæм бон хъуамæ обкомы фыццаг секретары æрмæджы фарсмæ Ирыстоны номдзыд фыс- джытæй искæцыйы уацмыс ныммыхуыр кодтаиккой, уыдон та, йæ ном æмæ йæ мыггаг кæрæдзийы фарсмæ куыд бадынц, уый йæхи йеддæмæ чи нæма зоны, уыцы зноны студенты æмдзæвгæ равзæрстой. Мæ сагъæсыл мын бафтыдта, уыцы æмдзæвгæ ма уыцы бон газет «Советская Россия»-йы дæр куы бакастæн, уæд. Раст мын цыма фыдæнæн ми бачындæуыд, афтæ мæм фæкаст. Цæмæй ма стьæлфыдтæн: никæй бауырныдтаид, мæ фыст редакцитæй иумæ дæр мæхæдæг кæй нæ арвыстон, уый. Цæмæй тарстæн, уый мыл æрцыди. Æз Мæскуыйы нæ уыдтæн — «Рæстдзинад»-æй, декадæ куыд цæуы, уый тыххæй æрмæг фыссынмæ ацыдысты Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ Цæрукъаты Валодя — фæлæ мын уый фæстæ дзырдæуыд, обкомы, аивад æмæ литературæйы фарстатæ кæмæ 260
хаудысты, уыцы секретарь хъуыр-хъуыр кодта, Дзасохы-фырт, дам, нæ литературæйы цæсгом æвдисæг куы нæу, уæд йе ’мдзæвгæ газетты куыдæй февзæрди. Раст хъуыды кодта обкомы секретарь, фæлæ азым мæныл кæй æнцади, уый раст нæ уыди, уымæн æмæ æз «Правда»-мæ дæр æмæ «Советская Рос- сия»-мæ дæр ницы арвыстон. Кæд исчи исты арвыста, уæд уый обкомы кусджытæ йеддæмæ ничи уыдаид. Æвæццæгæн, бæрæгбоны размæ Мæскуы- йæ цы журналисттæ ссыди, уыдонæн радтой алыхуызон æрмæг, уыдо- нимæ газеттæ æмæ журналтæ дæр, цы уæ дзы бахъæуа, уымæй спайда кæнут, цы уын нæ фаг кæна, уымæй дæр уæ хъуаг нæ ныууадздзыстæм, зæгъгæ. Гъе æмæ уыцы æрмæджытимæ фæци альманах «Литературная Осе- тия»-йы фæстаг номыр. Уым мыхуыргонд уыди ме ’мдзæвгæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй æмæ йæ уырдыгæй систой. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ хуыздæр кæй уыд, уый тыххæй нæ: бæрæгбоны номыры фидыдта æмæ уымæн. Ныммыхуыр æй кæнæм æви нæ, уымæй мæ куы фарстаик- кой, уæд мын фæндон кæй нæ уыдаид, ууыл та ныхас дæр нæй. Ныр та, ацы бонты чи æрцыди, ахæм хабары тыххæй. Хæрзæрæджы Цæгат Ирыстоны педагогон институт (раздæры педтехникумы — педучи- лище — педколледж) бæрæг кодта йæ цыппарыссæдз азы юбилей. Уыцы бæрæгбонмæ бацæттæ кодтой сæ журнал «Диалог»-ы сæрмагонд номыр. Уым мыхуыргонд æрцыд рауагъдад «Просвещение»-йы директор Наталья Роговцевайы статья ахæм сæргондимæ: «О единстве государственного и национального подхода к обеспечению школ учебной литературой». Уым фыссы: «Просвещение» выпустило принципиально новую серию учебни- ков «Литература народов России» (с 5 по 11 классы; авторы: Хайруллин Р. 3., Бирюкова С. К.), где представлены вершинные произведения изве- стнейших писателей и поэтов различных национальностей. Ведь и русские, и нерусские учащиеся, несомненно, должны быть знакомы с творчеством таких авторов, как К. Хетагуров, Г. Тукай, Р. Гамзатов, М. Джалиль, Ю. Рытхэу, Д. Кугультинов, М. Дзасохов, В. Санги, П. Хузангай, Шолом-Алейхем, Ю. Шесталов, М. Карим, С. Данилов и многих дру- гих». Æз мæхи ахæм ранымады уынынæй куыддæр фестьæлфæгау кодтон. Ноджы мæ мыггаг астæуæй куы федтон, уæд мæхи бынтон æлхъывды уа- вæры банкъардтон. Дæлдæр абад зæгъæг мын куы фæуыдаин, уæд мæхи цы фæкодтаин, уыцы сагъæсы бацыдтæн. Мæ зæрдæ ма иу хъуыддагыл дард- тон. Дардтон, зæгъгæ, мæхи сабыртæ кодтон кæд, зæгъын, журналы ре- дакцийы фæрæдыдысты æмæ Уæрæсейы адæмты хуыздæр фысджыты ас- тæумæ рæдыдæй бахаудтæн. Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй рæдигæ дæр ничи фæкодта, ранымады дæр æнæнхъæлæджы нæ бахаудтæн. Уый мæ бауырныдта, Бетъырбухæй мын 5-6-æм кълæсты ахуыргæнæн чиныг куы сæрвыстой æмæ дзы мæ повесть «Уалдзыгон стьалытæй» стыр скъуыддзаг мыхуыргондæй куы федтон, æрмæстдæр уæд. Фæлæ ма уæддæр иу хъуыд- дагыл дис кодтон: чиныг, дунейы рухс куы федта æмæ дзы Уæрæсейы скъолаты пайда кæнын куы райдыдтой, ууыл дзæвгар рæстæг куы рацыд, уæд йæ кой-йæ хъæр куыд никæцæй райхъуыст? Йæ кой та куыннæ рай- хъуыстаид, фæлæ хабар мæнмæ цыппар азæй фылдæры дæргъы фæцыд. 261
XXI Дæбеимæ фембæлынмæ куыд бæллыдтæн, уый тыххæй ма фыстон. Æрыдонмæ æрцæуинаг куы нæ уыдаид, æмæ уыцы хабар куы нæ базыд- таин, уæд, «Хъæбатырты кадæджы» авторыл лæгæй-лæ^мæ искуы фем- бæлдзынæн, уый мæ зæрды кæрон дæр никуы ’рæфтыдаид, фæлæ Миха- ил Шолоховимæ фембæлын ме стырдæр бæллицтæй иу уыд, уымæн æмæ, мæ рæстæджы цы фысджытæ цард, уыдонæй мæм Шолоховæй стырдæр ничи кæсы. Стæй цыма, тынг куы бацархайдтаин, уæд æй уынгæ дæр фæкодтаин, афтæ дæр мæм кæсы. Ростовы къорд хатты уыдтæн, дыууæ хатты та дæргъвæтин рæстæг. Партийы Цæгат Ирыстоны обкомы кусгæйæ мæ дыууæ хатты æнæхъæн мæйтæ арвыстой курсытæм. Иу мæйæ фылдæр та Новочеркасскы æфсæддон ахуырты фæдæн æмæ мæ уыцы рæстæджы мæ бæллиц рох ни- куы уыд. Курсыты заман экскурситæ уыди бирæ рæттæм. Æппæты тынгдæр дзы мæ зæрдыл бадардтон Таганрогмæ балц. Федтон, Антон Чехов кæм райгуырд, уыцы хæдзар. Чехов дæр мæ уарзондæр фысджытæй иу у, æмæ мын-иу фадат куы фæци, уæд, цы хъæутæ æмæ горæтты цард, уыдонæй цалдæрмæ абалц кодтон. Ялтæйы къорд хатты уыдтæн йæ хæдзар- музейы, бабæрæгкодтон, Мæскуыйы бынмæ Мелеховы горæты кæм цард, уыцы бæстыхæйтгæ дæр. Шолоховта ме ’мдугон уыд, раздæр цы бæстæйы цардтæн, уый фæзуатмæ гæсгæ, зæгъæн и, æмæ мæ сыхагыл нымад уыди. Стæй мæ цыфæнды дард куы цардаид, уæддæр æм, уæлдæр куыд загъ- тон, афтæмæй хæстæг цалдæр мæйы фæцардтæн. Цыбыр дзырдæй, Ве- шенскийы станицæмæ ацæуын къорд хатты сфæнд кодтон, фæлæ мын нæ бантыст. Къуылых уæрццы æмбисонд та мæ зæрдыл æрлæууыд. Уымæн дæр, дам, уад æрсуры. Æвæццæгæн, мæнæуы хуыммæ тæхын куы нал фæфæра- зы, уæд дымгæ кæцæйдæр фæзыны, хоры нæмгуытæ йын йæ цурмæ ба- мæрзы æмæ, йæ бон стæхын кæмæн нал вæййы, уыцы маргъы æххормаг мæлæтæй фервæзын кæны. Мæнæн дæр мæ хъуыддаг афтæ рауад. Цæвиттон, уыцы сæрд Болгаримæ командировкæйы цыдтæн. Ирыс- тон æмæ Кырджалийы окруджы æхсæн хæлар ахастдзинæдтæ сæвзæрд æмæ кæрæдзимæ уазæгуаты цыдыстæм. Бахæлар сты газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Нов живот»-ы журналисттæ дæр. Уыдон махмæ цыдысты уазæгуаты, мах — уыдонмæ. Иу заман рад мæнмæ дæр æрхæццæ æмæ хæлар бæстæмæ балцы араст дæн. Мæскуымæ цалдæр боны раздæр ацыдтæн æмæ цыбыр рæстæгмæ ме ’хцатæн сæ бынæй рухс суагътон. Цы кадавар муртæ ма мæм аззад, уыдон банкмæ ивынмæ бахастон. Хъуамæ мын сомты бæсты радтаиккой болгайраг левтæ. Æхца цы банчы ивтой, уым нымадæй цалдæр адæймаджы йеддæмæ нæ баййæфтон. Бацæугæйæ рахизырдыгæй фарс æртæ сылгоймаджы æмæ дыууæ ацæргæ лæджы рады æнхъæлмæ кастыс- ты. Мæ нымадмæ гæсгæ, хъуамæ се ’ргом тæрхæджыты ’рдæм здæхт уыда- ид, уыдон та, аивæй галиуырдыгæй цы тæрхæджытæ уыди, уыцырдæм кастысты. Уым та уыдис æрмæстдæр иу адæймаг. Фылдæр адæмы цурмæ бацыдтæн æмæ мын, кæй фæстæ æрлæууыдтæн, уыцы сылгоймаг хæрзæггурæггаг хъусынгæнæгау мæ хъусы æрбадзырдта: «Шолохов!» Æз, 262
йæ цæстытæй мын кæдæм ацамыдта, уырдæм акастæн æмæ æцæгæйдæр, къамтæм гæсгæ мын хорз зонгæ чи уыд, уыцы фыссæджы цæсгом ауыд- тон. Æваст мæ зæрдæ цыдæр адджын рæхуыст скодта. Иу уысммæ йыл къахæй сæрмæ мæ цæст æрхастон. Стыр лæг æнхъæл ын ыæ уыдтæн, фæлæ афтæ ныллæгæй дæр мæ цæстытыл нæ уад. Тæрхæгæй уæлæмæ дзы зынди æрмæстдæр йæ сæр. Хъæмпын худ ыл куы нæ уыдаид, уæд йæ асæй дзæвгар ахаудаид. Кæд, мæнмæ куыд ныллæг фæкаст, афтæ ныллæг нæ уыд, уæддæр бæрæг нæй, уымæн æмæ, цы стыр хъуыддæгтæ сарæз- та, уыдон нымайгæйæ цыма йæ ас дæр гыццыл хъуамæ ма уыдаид, цæмæдæр гæсгæ афтæ нымадтон. Тæрхæджы фале мæ цæст æрхæцыд цалдæр сылгоймагыл. Чи зоны, иу йеддæмæ дзы йæ куыст нæ кодта, фæлæ иууылдæр змæлгæ кæй кодтой, уымæ гæсгæ банхъæлæн уыди, иууылдæр Шолоховы кой кæнынц, зæгъгæ. Иу заман Шолохов цæмæдæр гæсгæ махырдæм разылд æмæ нæ цыма исты давгæ бафиппайдæуыд, уыйау фестæм. Шолохов фæстæмæ азылд, фæлæ йæм махæй фыццаджы хуызæн кæсын æргомæй ничиуал бауæндыд. Æз æй уæддæр аивæй хъахъ- хъæдтон, кæд мæм йæ цæсгом иуфарсырдыгæй йеддæмæ нæ зынд, уæддæр. Иу рæстæджы йæ армытъæпæн йæ урс рихитыл æруагъта, цавæрдæр гæххæтты цыдæртæ афыста, йæ дзыппы чысыл тыхтон авæрдта æмæ дуармæ йæ ных сарæзта. Мæхинымæр ахæм хъуыдымæ ’рцыдтæн. Куыддæр уынгмæ ахиза, афтæ йæ фæдыл цæудзынæн æмæ йæм алырдыгæй дæр дзæбæх бакæстытæ кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ мæ фæндтæ, судзгæ къæйыл нæлхæйы чы- сыл къæртт куыд атайа, уымæй дæр тагъддæр атадысты. Уынгмæ йæ фæдыл тагъд-тагъд бæргæ рауадтæн, фæлæ зæххы скъуыды ныххауæгау фæцыдæр. Цыма иу нæ, фæлæ зæххыл цыдæриддæр уæрццæй уыдис, уыдон мæ къухæй æмпæррæст ныккодтой, уыйау фæдæн. Куыд бамбæр- стон, афтæмæй йæм æдд^ машинæ æнхъæлмæ каст æмæ, куыддæр дуа- рæй рахызт, афтæ дзы абадт æмæ йæ æнæкæрон машинæты уылæн йемæ ахаста. Болгаримæ цæугæйæ мæлæты бирæ æхцатæ дæр нæ ивтой, æдæппæт дæс туманы, уæвгæ, уый, Югославимæ цæйбæрц ивтой, уымæй цыппар хатты фылдæр уыд: уырдæм мын, «мын», зæгъгæ, нæ алкæмæн дæр баивтой фæйнæ цыппар æмæ ссæдз сомы — фæлæ мæнмæ фондз туманы йеддæмæ нал баззад æмæ сæ куы баивтон, уæд банкæй рацыдтæн уæнтæ- хъил æмæ сæргуыбырæй. Шолоховмæ хæстæгдæр кæй нæ бацыдтæн æмæ йæ дзæбæхдæр кæй нæ федтон, уый тыххæй мæхи фæсмонæй хордтон, фæлæ ма дзы цы рауадаид?.. Куы зæгъын, Шолоховы хуызæн фысджытæ, чи зоны, алы æнус нæ гуырынц. Уый бæрæг уыд, Нобелы преми йын кæй радтой, уымæй дæр. Ахæм кады аккагыл ма уыцы премийы комитеты уæнгтæ банымадтой ноджыдæр цалдæр уырыссаг фыссæджы, фæлæ уыдонæй алчи дæр Сове- тон хицаудзинадыл Шолоховы хуызæн иузæрдион куы уыдаид, уæд Но- белы преми йæ цæсты кæронæй дæр нæ федтаид, уæлдайдæр Александр Солженицын, Иосиф Бродский æмæ Борис Пастернак. Уыдонæй иуы дæр Иван Бунинимæ абарæн нæй, уымæн æмæ уый уыди, нудæсæм æну- 263
сы чи цард, уыцы генион уырыссаг фысджыты традицитæ намысджындæр хæццæгæнджытæй иу. Фæлæ уый дæр Нобелы премийы ад нæ бамбæр- стаид, коммунизмы ныхмæ куы нæ тох кодтаид, уæд. Уæвгæ, дардæй таурæгътæ цы хæссын, мах рæстæгмæ бынтон æввахс чи у, ахæм нæ цæсты- ты раз куы ис, уæд! Цымæ цавæр сабырдзинад æрхаста, цы бæстæйы райгуырд — чысыл ма бахъæуа, йæ «райгуырæн бæстæйæн», зæгъгæ, ма ныффыссон: иудæйæн та цæй райгуырæн бæстæ ис! — уымæн дæр æмæ æгас дунейæн дæр, Коммунистон партийы сæргъы чи лæууыд æмæ йæ царды стырдæр нысаы коммунизм фесафын кæмæн уыд, уыцы цæстфæлдахæг? Йæ мыг- гаг ын куы нæ зæгъон, уæддæр мæ алчидæр кæй бамбардзæн, уый зо- нын, фæлæ йæ уæддæр зæгъын — Михаил Горбачев. Цымæ уымæн са- бырдзинады тыххæй Нобелы преми чи радта, уыдонæй фæсмон никуы никæмæ ’рцыд? Дæсгай азты йæ кад уæлæмæ-уæлæмæ кæмæн цыд, уыцы премийы цæсты нæ бафтыдтой? Кæннод Александр Солженицын! Йе ’ппæт сфæлдыстады Михаил Шолоховы радзырд «Судьба человека»-йы («Адæймаджы хъысмæт»-ы) сæйраг хъæбатыр Андрей Соколовы фарсмæ кæй æрæвæрай, иунæг ахæм фæлгонц ис? Йæ дæсгай томтæ йын фондзыссæдз хатты куы бакæсай, уæддæр дзы, дæ зæрдыл кæй бадарай, иу ахæм сурæт не ссардзынæ. Ноджы ма Шолоховыл цы цъыфкалæнтæ фæкодта, уый та? Куыд ис ныббарæн ахæм дыдзæсгомæн? Уый йын мæ хъуыдымæ гæсгæ нæй ныб- барæн, фæлæ уырыссаджы загъдау, кæй уасæнæй æхситт кодта, уыдон ын нæ ныббарстаиккой, йæ бæстæйы ныхмæ куы нæ сыстадаид æмæ йын йæ хуыздæр фыссæджы цæсты бафтауыныл афтæ хъазуатонæй куы нæ тох кодтаид, уæд. Нобелы преми, чи æмæ кæм дæттынц, уый зонгæ дæр нæ бакодтаид. Цæй, алкæмæн дæр Уæллаг тæрхонгæнæг уæд, фæлæ ма мæм Шоло- ховы тыххæй цыдæр зæгъинæгтæ ис æмæ сæ сымах дæр куы базониккат, уый мæ фæнды... Мæ хо Райæ фæсаууонмæ Мæскуыйы финансон-экономикон инсти- туты ахуыр кодта. Паддзахадон фæлварæнтæ лæвæрдта Ростовы æмæ æнæнхъæлæджы фембæлд Шолоховимæ. Райæ мын æй афтæ радзырдта: — Уазæгуаты цардтæн дыккаг уæладзыджы. Иу бон нын нæ уæладзы- джы администратор афтæ зæгъы, уæ хæдфарсмæ номыры, дам, Шоло- хов æрцард. Йæ фенын мæ тынг фæндыд, фæлæ кæд æрбацæудзæн, уый чи зыдта! Тыргътæй-иу мæм исты уынæр куы ’рбайхъуыст, уæд-иу бæргæ ракастæн, фæлæ дзы Шолоховы хуызæныл мæ цæст никуы ’рхæцыд. Иуахæмы бынтон æрæджиау, æвæццæгæн, æмбисæхсæвæй дæр фæфалдæр, афтæ дыууæ нæлгоймаджы хъæрæй ныхас мæ хъусыл ауад. Æнæуынæрæй дуар байгом кодтон æмæ зыхъхъырæй ракастæн. Шолохо- вы мын цы базонын хъуыд, чингуыты йын йæ къам иу æмæ дыууæ хат- ты, мыййаг, куы нæ федтон. Фыссæг асинты хæцæныл æрæнцой кодта æмæ бынмæ кæимæдæр дзырдта. Йе ’мныхасгæнæджы уынгæ нæ код- тон, фæлæ йын йæ хъæлæс хъуыстон: «Мишæ, мауал лæуу, ацу!» Фæлæ Шолоховы фæхицæн уæвын нæ фæндыд. Иуцасдæр ма аныхæстæ код- той, стæй кæрæдзийæн хæрзæхсæв загътой. 264
Шолоховы кой ма мын æрæджы ракодта партийы Цæгат Ирыстоны обкомы раздæры секретартæй иу. Уый та йыл Мæскуыйы фембæлд. Дыууæйæ дæр рынчындоны хуыссыдысты. Уый, дам, мæнæй раздæр бахауд Кремлы рынчындонмæ. Нæ палатæтæ кæрæдзимæ хæстæг уыдыс- ты æмæ, дам, æй куы базыдтон, уæд сфæнд кодтон йæ бабæрæг кæнын. Мæ астæуккагазиаг хæлæрттæй мын чидæр дæргъæццон бур-бурид неси æрбахаста. Ныр æдде — зымæг. Мæхинымæр ахъуыды кодтон, Шоло- ховæй адджындæрæй æй кæимæ «акусарт» кæндзынæн, зæгъгæ, æмæ йæ, неси дæр мемæ ахастон, афтæмæй хуынимæ бабæрæг кодтон. Кæрæдзи- уыл куыннæ бацин кодтаиккам! Уымæй размæ, Иссæимæ дæр, иунæгæй дæр, къорд хатты фембæлдыстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, Иссæйы кой дæр нæм рауад. Шолохов мын ахæм хабар радзырдта. Плийы-фыртимæ, дам, кæцыфæнды афон дæр фæныхас кæнын. Иуахæмы, дам, æм фæсæмбисæхсæв бадзырдтон æмæ йын афтæ зæгъын, искуы ма Ирыс- тонмæ цуаны ацæуæм, кæнæ та дæхæдæг мемæ цом æмæ ам нæхимæ, Доны, мæ хæлæрттимæ кæсаг æрцахсæм. Иссæ мæм фæхъуыста, стæй мын афтæ зæгъы: «Михаил, æз дæуимæ кæдæмфæнды цæуыныл дæр разы дæн, æрмæст фæсæмбисæхсæв дыууæ сахатыл нæ». Иссæйы Ирыстонмæ цæуынмæ нæ равдæлд, фæлæ йæ æз Донмæ кæсаг ахсынмæ ахуыдтон. Мæ хæлар-кæсагахсджыты куы бафарстон, кæй уæм æрбахуыдтон, уый зонут, зæгъгæ, уæд æй ничи базыдта, фæлæ йын йæ мыггаг куы фехъуы- стой, уæд иууылдæр сæ бынæттæй фестадысты æмæ йыл цинтæ кæнынмæ фесты. Фæсаууонмæ йæ иууылдæр зыдтой... Æнæнхъæлæджы кæимæ базонгæ дæн, уыдонæй иу уыд Григорий Ко- новалов, зындгонд роман «Истоки»-йы автор. Æнæнхъæлæджы уымæн зæгъын, æмæ мæ газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй куы нæ сæвæрдтаиккой æмæ мæ уый тыххæй Мæскуымæ цæуын куы нæ бахъуы- даид, уæд нæ фембæлдаиккам. Йемæ фембæлынмæ та уый тыххæй бæллыдтæн, æмæ, уæлдæр цы романы кой скодтон, уый, раздæр, йæхæдæг Саратовы кæм куыста, уыцы журнал «Волгæ»-йы ныммыхуыр кодта æмæ уыцы ран афтæ фыста: «Мæнæ ныртæккæ, фæсæмбисæхсæв, Сталин йæ бæстæйы минæварады, Черчиллимæ æмкъул уаты уæвгæйæ уæлдай тынгдæр æнкъардта, Черчиллимæ сæ ивгъуыд цас æнæбафидаугæ уыди æмæ сæ фидæн та ноджы фыдæхдæр кæй уыдзæн, уый. Æмæ Чер- чиллы цард йæхи цардимæ баргæйæ йæхинымæр дарддæр быцæу кодта Черчиллимæ. Герцогты рагон мыггаг Мальборойы байзæддаг Рандольфæй америкаг га- зет «Нью-Йорк Таймс»-ы хъæздыг хицауы чызг ныййардта лæппу - Уинстон Леонард Спенсеры. Иосифы мад та уыдис гуырдзиаг хъазайраг зæхкусæг Георгийы чызг Екатеринæ, йæ фыд та цырыхъхуыйæг ирон лæг — Дзугаты Иваны фырт Виссарион». Роман хицæн чиныгæй куы рацыд, уæд дзы уыцы бынат нал уыд. Цæуыннæ, уый базонын мæ фæндыд æмæ мын уыцы фадат фæцис. Цæмæй редакторы бынаты кусын райдыдтаин, уый тыххæй мæ хъуа- мæ сфидар кодтаиккой Мæскуыйы, фæскомцæдисы Центрон Комитеты. Уым уыцы рæстæг инструкторæй куыста æвæджиауы сыгъдæгзæрдæ лæппу 265
æмæ курдиатджын поэт Василий Шабанов. Стыр хъыгагæн, фæстæдæр трагикон æгъдауæй фæмард, Киргизийы, командировкæйы уыди, афтæмæй. Цавæрдæр салдат, йæ сæрызонд кæмæн фæцудыдта, ахæм, æдхæцæнгæрзтæ æфсæддон хайæ ралыгъд æмæ тыгъд быдыры, Василий цалдæр лæппуимæ цы машинæйы фæцæйцыд, уый æрурæдта æмæ се ’ппæтыл дæр автомат ауагъта... Уыцы Шабанов дæр саратоваг уыд. Коноваловимæ иумæ куыстой æмæ мын уый зæрдæ бавæрдта, æз, дам, дæ йемæ базонгæ кæндзынæн. Уыцы рæстæг Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдис æмæ фæскомцæдисы Центрон Комитет сарæзтой иумæйаг æмбырд æмæ дзы æвзæрстой æрыгæтты сфæлдыстад. Æмбырдмæ хуынд уыдтæн æз дæр, фæлæ мын æй Ирыстоны кæнæ хъæр не скодтой, кæнæ та хабар афоныл не схæццæ. Цыдæриддæр уыди, уæддæр æз æмбырдмæ бахаудтæн. Уыдис дзы дыууæ докладгæнæджы. Æрыгæтты поэзи æвзæрста Давид Кугульти- нов, проз,æ та — Григорий Коновалов. Дыууæ докладмæ дæр байхъуыс- тон. Давид кæмæй æппæлыд, уыдоны номхыгъдмæ æз дæр бахаудтæн. Æхсызгон мын уыд, кæй зæгъыы æй хъæуы, утæппæт адæмы æхсæн мæ мыггаг фехъусын, фæлæ мæ Коноваловимæ фембæлыны хъуыды иу уысм дæр рох нæ уыд, æмæ, Шабановæй куыннæ фæхицæн уон, ууыл архайд- тон. Адæм сæ зымæгон дарæс кæм раластой, уым рады лæуджытæй базмæлæн нал уыд. Уалынмæ асинтыл Коновалов дæр æрцæйхызт. Ва- силий йæ куы ауыдта, уæд мын мæ къухыл фæхæцыд æмæ мæ йæ размæ бахуыдта. Базонгæ мæ кодта. Цæгат Ирыстоны фæсивæды газеты редак- тор мæ рахуыдта, афтæмæй уыцы бынаты иу бон дæр нæма бакуыстон, фæлæ мæ фæскомцæдисы Центрон Комитеты куы сфидар кодтой, уæд, æвæццæгæн, редакторыл нымад æрцыдтæн æмæ Шабанов дæр уымæн афтæ загъта. Бæстон ныхасæн фадат нæ уыд æмæ йæ комкоммæ бафар- стон, журналы Черчилль æмæ Сталины тыххæй цы фыст уыд, уый чи- ныгмæ цæуыннæуал бахастай, зæгъгæ. Григорий йе здыхт рихи адаудта, стæй йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдзæй уæлдæф срæхойæгау кодта æмæ йæ мидбылты бахудгæйæ загъта: — Уый уæлдæр хицауады афтæ бафæндыд. — Цæмæн? Исты æфсон ын ссардтой? — Уæдæ! Дыууæ адæмы, дам, кæрæдзиуыл нæ ардаудзыстæм. Уыцы хабæрттæ æз Мæрзойты Сергейæн дзырдтон. Никуы дын ницы загъта? — Никуы. Григорий Иваны фырт, нæ дæ ’вдæлы, уый зонын, - йæ бинойнаг, рæсугъд æрыгон бурдзалыг сылгоймаг æм чысыл дарддæр æнхъæлмæ каст, асинтыл дæр иумæ æрцæйхызтысты, — фæлæ, Сталины фыд ирон уыд, уый цæмæй базыдтай? Коновалов та йæ мидбылты бахудт æмæ ныр та йæ галиу къухы амонæн æнгуылдз бынмæ фæцаразгæйæ загъта: — Уыдон иууылдæр архивты фыст сты... Дарддæр ма цæуыл дзырдтаиккам, ахæм хъуыддæгтæ бæргæ уыд, фæлæ йын йæ бинойнаг, стæй йæхицæй дæр æфсæрмы кодтон, æмæ ууыл нæ ныхас фæци... 266
Фысджыты сфæлдыстадон хæдзæрттæй хуыздæр фадæттæ кусынæн никуы уыдис. Ничи дæ зоиы, никæй зоныс — уæвгæ уый дæр бынтон раст нæу: адæймагæн зонгæ кæм нæ разындзæн, ахæм нæй, стæй æнæхъæн мæй кæм фæуай, уым дæ зонгæты нымæцыл куыннæ хъуамæ бафта! — кæд дæ исчи зоны, уæддæр æмбары, ардæм цæмæ ’рцыдтæ, уый æмæ дæ нæ хъыгдары. Хицæн уаты цæрыс, радио, телефон, телевизор хъыгдарæг дæ нæй, уымæн æмæ дзы уыдон не сты. Кæд дæ уыдонæй искæцыйы æххуыс хъæуы, уæд сын ис сæрмагонд бынат æмæ, табуафси, уырдæм кæдфæнды дæр дæ бон бацæуын у. Æмæ кæм нæ уыдис ахæм хæдзæрттæ! Уæрæсейы цалдæр раны, При- балтикæйы, Сомихы, Абхазы, Хъырымы... Дæ бон сæм алы аз дæр цæ- уын уыди. Кæд дæ рæстæг æмæ гæнæнтæ амыдтой, уæд та - арæхдæр. Ныры хуызæн алцы туджы аргъ нæ уыди. Кæм дзы нæ уыдтæн, ахæм бирæ нал баззад. Раздæр арæхдæр цыдтæн Хъырым (Планерское æмæ Ялтæ) æмæ Пицундæмæ, фæстæдæр та — Мæскуыйы бынмæ, А.С. Се- рафимовичы номыл фысджыты сфæлдыстадон хæдзар «Малеевкæ»-мæ. Кæцы аз уыд, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ та иуахæмы «Мале- евкæ»-мæ абалц кодтон. Рæсугъддæр бынатæн равзаргæ нæй. Машинæ- ты уынæр æмæ газты тæфæй — дард, йæ алыварс — нæзы хъæд. Уæлдæф — сыгъдæг, æрдзы сабырдзинад алыхуызон мæргъты зард йеддæмæ ницы халы. Кæннод дзы цæйбæрц зындгонд фысджытимæ фембæлдтæн, уый та! Мариэттæ Шагинян, Петр Проскурин, Лев Ошанин, Владимир Бу- шин, Булат Окуджава, Марк Лисянский, Бэла Ахмадулина, Василий Песков... Ды сæ зоныс, уыдон — нæ. Уым диссагæй ницы ис. Уæлдæр чи фæлæууы, уый дарддæрмæ зыны. Адæмæн се ’ппæтæн иу æмвæзадыл лæууæн нæй. Алчидæр йæхи бынаты фидауы. Уыцы аз мæ уаты тæккæ бакомкоммæ æрцард Василий Песков, ныртæккæ дæр ма газет «Комсомольская правда»-йы уацхæссæгæй чи кусы æмæ йæ бирæ цымыдисаг æрмæджыты тыххæй Ленины преми кæмæн радтой, уыцы Василий Песков. Кæддæр Мæскуыйы мæ куысты фæдыл курсыты уыдтæн æмæ ма йыл уым дæр фембæлдтæн. Алы бæстæты уæвгæйæ цымыдисаг æрмæг куыд æмбырд кодта, уыцы фæлтæрддзинады тыххæй нын дзырдта семинарты рæстæг. Стæй канд дзургæ нæ, фæлæ нын æвдыста йæхи ист къамтæ дæр. Мах, семинары архайджытæ, бирæ уыдыстæм æмæ йемæ нæ базонгæ дæн. Нæ базонгæ стæм, мæ баком- коммæ мæймæ ’ввахс куы фæцарди, уæд дæр, фæлæ кæрæдзийæн салам лæвæрдтам, уымæн æмæ, бон цалдæр хатты кæимæ æмбæлай, уый фæрсты æцæгæлоны хуызæн цæуын аив нæ уыд. Уыйхыгъд базонгæ дæн Башки- рийы адæмон поэт Мустай Каримимæ. Цалдæр изæры нæзы бæлæсты бын цы бирæ къахвæндæгтæ уыд, уыдоныл дзæвгар фæтезгъо кодтам. Нæ фынгтæ кæрæдзимæ хæстæг уыдысты. Мустай æмвынг уыдис Расул Гамзатовы чызджытæй иуимæ. Каримимæ ныхасгæнгæйæ Тауаситы Сослæнбеджы кой куыннæ ракод- таин! Башкирты национ хъæбатыр Салават Юлаевы цыртдзæвæн, зæгъын, ирон кæй скодта, уый зоныс? Диссаг æм фæкаст мæ фарст. Куыннæ, дам, æй зонын. Стæй, дам, æй нæ республикæйы та чи нæ зоны. 267
Тауаситы Сослæнбеджы æз дæр зыдтон. Бабæрæг æй кодтон Мæс- куыйы Верхняя Масловкæйы уынджы йе ’рмадзы. Федтон, Салават Юла- евы фæлгонц саразыныл цæйбæрц фæлварæнтæ фæкодта, уый дæр. Уфайы Урсдоны бæрзонд былгæрон кæй сæвæрдтой, Салават Юлаевы уыцы цыртдзæвæн æнæмæнг тæккæ æххæстдæр уыдис, фæлæ йе ’рмадзы кæй федтон, уыдонæй кæцыфæнды дæр хицæн уацмысæн бæззыди. Сослæнбег мын йæ царды хабæрттæ бæстон фæдзырдта. Цалынмæ Салаваты цыртдзæвæн æвæрд æрцыдис, уæдмæ йын бирæ хъыцъыдæттæ баназын кодтой. Алы æфсæнттæй йын йæ размæ цæлхдуртæ æвæрдтой. Паддзахадон премимæ йæ кæй æвдисдзысты, уый æмбæрстой, æмæ чидæртæ архайдта уыцы кадæй йæхицæн хай ратоныныл, фæлæ Тауа- сийы-фырт се ’ппæты ныхмæ æрлæууын дæр бафæрæзта, цыртдзæвæны авторыл нымад æрцыд, чи йæ сарæзта, уый — Тауаситы Сослæнбег. Цытуарзаг адæмæй йæ фарсмæ æрлæууын никæй бауагъта. Стыр аргъ ын скодта паддзахад: йæ бирæ азты фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд Паддзахадон преми. Уыдæттæ хорз зыдта Мустай Карим дæр. Дыууæ æви æртæ боны рацыдаид, афтæ, нæ фынджы уæлхъус цы уæгъд бынат уыд, уырдæм хæрæндоны кусæгимæ æрбацыд ныллæггомау бæзæрхыгтæ лæг æмæ, иууылдæр æй куыд хъусæм, афтæмæй загъта: — Яков Козловский! — æмæ мæ фарсмæ уæгъд бандоныл æрбадти. Мæ хъуыдытæ мæ кæрæдзийы фæдыл кæдæмыты нæ ахастой! Цал æмæ цал поэты сдзурын кодта уырыссаг æвзагыл ацы курдиатджын адæймаг! Æппæты фыццаг мæ зæрдыл æрбалæууыд Расул Гамзатов. Йæ бирæ тæлмацгæнджыты æхсæн Яков Козловский æмæ Наум Гребнев бæрæг да- рынц. Арæхдæр æй кæй тæлмац кодтой, канд уый тыххæй нæ — сæйрагдæр, хуыздæр æй кæй тæлмац кодтой, уый тыххæй. Ирон поэ- зийæн дæр чысыл хæрзты нæ бацыдысты, уæлдайдæр Яков Абрамы фырт. Уырысссаг æвзагмæ раивта ирон адæмон сфæлдыстады уацмыстæ, Джу- сойты Нафийы æмдзæвгæтæ... Цыбыр дзырдæй, мах цы фынджы уæл- хъус бадтыстæм, уый уыди цыппæркъахыг, растдæр зæгъгæйæ та, цалынмæ Козловский нæ фæзынд, уæдмæ лæууыди æртæ къахыл, фæлæ ныл Яков куы бафтыд, уæд йе ’ппæт къæхтыл дæр æнцой кæнын райдыдта. Мах дæр ын нæхи бацамыдтам æмæ иу цæхх, иу кæрдзын хæрын рай- дыдтам. Ахæм адæмтæ ис, æмæ семæ цасфæнды рæстæг зонгæ куы уай, уæддæр кæрæдзийы иугæнæг ныхасмæ никуы рахизынц, æмхуызон хъуыдытæ сæм никуы равзæры, иу æвзагыл никуы сдзурынц. Ис æндæрхуызон адæмтæ дæр: сæ ныхæстæ кæрæдзиуыл фæбадынц, иу цы зæгъынмæ фæхъавы, уый иннæ æнæбирæ дзургæйæ дæр бамбары æмæ се ’хсæн равзæры хæлар ахастдзинæдтæ. Афтæ рауад мæ хъуыддаг Яков Козловскиимæ. Цыбыр рæстæгмæ иу æвзагæй дзурын райдыдтам, уымæн æмæ нæ иумæйаг зонгæтæн æмхуызон аргъ кодтам, царды вазыгджындæр цаутæм иухуы- зон цæстæй кастыстæм, дунейы цытæ цæуы, уый иу тæразæй барстам. Уæгъд рæстæг нын-иу куы фæци, уæд-иу сыгъдæг уæлдæфмæ нæхи айстам æмæ-иу нын алы хатт дæр уыди, цæуыл дзурæм, уый. Нæ дыу- уæйæн дæр маст уыд, адæмтæ æддæг-мидæг кæй ауадысты æмæ кæрæдзийы 268
кæй нал æмбарынц, уый. Зын нын уыди Советон Цæдисы фехæлд. Уый мæ дыгайрæнхъон æмдзæвгæтæй иуы афтæ равдыстон: Арфæтæ систой — уымæн у дуне æвдисæн — Иугонд Штаттæ дихтæ Советон Цæдисæн. Фæстæдæр уыцы æмдзæвгæйы дæлрæнхъон тæлмац æндæр уацмыс- тимæ Яковмæ арвыстон æмæ йæ уырыссаг æвзагмæ раивта. Мæ хъуы- дытæ — стæй, æвæццæгæн, æмдзæвгæ дæр — йæ зæрдæмæ кæй фæцыды- сты, уый бæрæг уыд, йæ тæлмацгонд æмдзæвгæты номхыгъдмæ кæй ба- хауд, уымæй дæр. Уый ма ноджыдæр иу хатт рабæрæг, фæстæдæр Мæс- куыйы литераторты центрон Хæдзары нын Уæрæсейы Федерацийы фысджытимæ фембæлд куы уыди, уæд дæр. Уырдæм æрбацыди Цæгат Йрыстоны президент Галазты Æхсар. Хуынд уазджытимæ уыдысты Сер- гей Михалков, Валентин Сорокин, Яков Козловский... Иууылдæр зæрди- агæй дзырдтой Ирыстон æмæ йæ адæмы тыххæй. Фысджыты хæлардзинадæн цы ахадындзинад ис, уымæй райдыдта йæ ныхас Яков Козловский æмæ йæ фæци æмдзæвгæтæй. Кæронбæттæны бакаст, уæлдæр цы дыууæрæнхъон æмдзæвгæ ’рхастон, уый уырыссаг æвзагмæ йæхи тæлмацæй, æрмæст мæ хъуыдытæ дыууæ рæнхъы бæсты загъта цыппар рæнхъæй: Слышу с тоскою, рожденный на Тереке, Как превозносят, не дунувши в ус, Соединенные Штаты Америки Разъединенный Советский Союз. Куы зæгъын, Козловскиимæ тынг бахæлар стæм. Цыма рагæй зонгæ уыдыстæм, уыйау æм цавæрфæнды фарст раттын дæр мæ бон уыд. Арæх- иу нæм рауад Расул Гамзатовы кой. Æз æй, кæй зæгъын æй хъæуы, Козловскийы хуызæн хорз нæ зыдтон, фæлæ цалдæр хатты йемæ фембæлдтæн, уыдтæн Махачкалайы йæ хæдзары дæр... Мин фараст сæдæ æхсай цыппæрæм азы Михаил Юрийы фырт Лер- монтовы райгуырдыл сæххæст æнус æмæ æрдæг. Уыцы кадджын бæрæгбон Советон Цæдисы бирæ рæтгы нысан кодтой, уæлдайдæр та Мæскуыйы, Пензæйы, Пятигорскы. Цытджын поэты цард æмæ сфæлдыстад æнæфæхицæнгæ баст у Кавка- зимæ. Мæнæ куыд фыста нæ райгуырæн бæстæйы тыххæй: «Кавказы урссæр хæхтæ, зæрдæбынæй уын арфæ кæнын! Сымах мын барæвдыдтат мæ сабидуг, бæрзонд мæ систой уæ айнæг къæдзæхтæ, батыхтат мæ уæ æврæгъты, сахуыр мæ кодтат бæрзондмæ тырныныл. Уæдæй фæстæмæ бæллын уæ уындмæ, тырнын арвы цъæхмæ». Поэты юбилей кадджынæй сбæрæг кæныныл зæрдиагæй бацархайдтой Кавказы цæрæг адæмтæ иууылдæр. Фæсте нæ баззадысты дагестайнæгтæ дæр. Фæскомцæдисы Дагестаны обком æмæ республикæйы фысджыты Цæдис бауынаффæ кодтой Цæгат Кавказы Лермонтовы кары поэтты Махачкаламæ æрбахонын. Цæгат Ирыстонæй уырдæм ацыдыстæм æртæйæ: Гаджиты Георги, Малиты Васо æмæ ацы рæнхъыты автор. 1964 азы 269
4 октябры нæ изæр бахастам Дагестаны сæйраг горæтмæ æмæ иннæ уаз- джыты хуызæн æрфысым кодтам уазæгуаты. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ, цы уаты цардыстæм, уый дуар æрбахостæуыд. Мидæмæ, зæгъгæ, куы загътам, уæд дуар байгом æмæ йæ мидбылты худгæ къæсæрыл æрба- хызт Расул Гамзатов. Æз æй уымæй размæ никуы фе#гон, фæлæ Гаджи- ты Георгиимæ зонгæ уыдысты æмæ кæрæдзиуыл бацин кодтой. Базонгæ ис махимæ дæр. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй «æгасцуай» зæгъынмæ æрмæстдæр мах делегацимæ æрбацыд. Уазджытæ та алы рæттæй уыдысты: Кæсæг-Балхъарæй, Адыгейæ, Хъæрæсе-Черкесæй, Хъал- мыхъхъæй, Цæцæн-Мæхъхъæлæй... Кæд уазджытæ мах уыдыстæм, уæддæр нæ уаты Расулæй уазæгдæр нæ уыд æмæ уайтагъд фынг æвæрынмæ февнæлдтам. Нæхимæ цы нæ ра- зынд, уыдон буфетæй æрбадавтам æмæ цыбыр рæстæгмæ хъарм хæри- нагæй фæстæмæ алцæмæй дæр цæттæ уыдыстæм. Уыдис дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, карз нозт дæр. Расулæн дынджыр агуывзæйы (арахънуазæн агуывзæтæ уазæгуаты нæ разынд) иу сыкъайы бæрц уырыссаг арахъхъ куы рауагътам, уæд хатыркурæгау бакодта: — Ныртæккæ нæ нуазын,— стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Куы нæ фæнуазын, уæд мæ сылгоймæгтæ дæр ферох вæййынц... Дыккаг бон М. Горькийы номыл театры М.Ю. Лермонтовы райгуыр- ды 150 азы кадæн уыд стыр литературон изæр. Сæрдариуæг дзы кодта Ленины номыл премийы лауреат, Дагестаны адæмон поэт, республи- кæйы фысджыты Цæдисы сæрдар Расул Гамзатов. Уый йæ разныхасы загъта: «Ацы бонты нæ райгуырæн бæстæ кадджынæй бæрæг кæны Лер- монтовы юбилей. Махæн тынг æхсызгон у, ам, Махачкалайы дæр бæрæгбон кæй сарæзтам, уый. Цытджын поэты зæрдæйы баиу сты Уæрæсе æмæ Кавказы зæрдæтæ». Уый фæстæ сæрдариуæггæнæг, театрмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдоны базонгæ кодта уазджытæй алкæимæ дæр. «Лермонтов æмæ Кавказ» — ахæм темæйыл доклад скодта хъуымыхъхъаг поэт А. Асеков. Трибунæмæ радыгай хызтысты æфсымæрон республикæты минæвæрт- тæ, дагестайнаг литератортæ: Валентинæ Творогова æмæ Хамид Беретарь (Адыгейæ), Микаэль Чикатуев æмæ Владимир Абитов (Хъæрæсе-Чер- кесæй), Нуратдин Юсупов, Фазу Алиева, Ибрагим Гусейнов, Омар-Гаджи Шахтаманов (Дагестанæй), Магомед Мокаев æмæ Лиуан Губжоков (Кæсæг-Балхъарæй). Цæгат Ирыстоны делегацийы номæй раныхас кодта Гаджиты Георги. Кæронбæттæны Расул Гамзатов загъта: «Æгас цæуæд Кавказ! Æгас цæуæд Уæрæсе! Æгас цæуæд хæлардзинад!» Литературон изæры фæстæ Дагестаны аивады дæснытæ радтой стыр концерт. Бирæ зæрдылдарæн фембæлдтытæ уыди уыцы бонты Дагестаны горæттæ æмæ хъæуты. Уазджытæ фесты æртæ къорды. Иутæ ацыдысты Кизил- юртмæ, иннæтæ — Буйнакскмæ. Æз цы къордмæ бахаудтæн, уый абалц кодта Каспийскмæ. Республикæйы газеттæ æхсæз æвзагыл хъæздыг æрмæг 270
лæвæрдтой, бæрæгбон куыд цæуы, уый тыххæй. Тæлмац кодтой Дагес- таны адæмты æвзæгтæм Цæгат Кавказы поэтты æмдзæвгæтæ. Дагестанмæ дыккаг хатт дæр афтыдтæн бæрæгбоны рæстæг... Æвæццæгæн, «Зырнæджытæ», зæгъгæ, уыцы зарæг уæды Советои Цæдисы чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг зынæй разындаид. Музыкæ йын ныффыста Ян Френкель, ныхæсты автор та у Расул Гамзатов. Ны- хас дзы цæуы, Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард нывондæн чи ’рхаста, уыцы хæстонты хъæбатырдзинады тыххæй. Зарæг фæцыд адæмы зæрдæмæ. Зарыдысты йæ бæрæгбæтты, йæ зæрдæскъæф мыртæ зæлыды- сты къаты бонты дæр. Фæстагмæ «Зырнæджытæ» ахызтысты зарæджы арæнтæй æмæ алы рæтты фæзындысты цыртдзæвæнты хуызы. Фыццаг ахæм цыртдзæвæн æвæрд æрцыд Ирыстоны зæххыл Гæздæнты авд æфсы- мæры кадæн. Авд зырнæгæн уæлæрвтæм се ’нусон балц куы райдыдта, уæд нæм уазæгуаты æрбацыд Расул Гамзатов дæр. Цыртдзæвæн гом кæнгæйæ загъта бирæ хъарм ныхæстæ Ирыстон æмæ йæ адæмы тыххæй. Цасдæр рæстæг ма рацыд æмæ зарæгæй рауад бæрæгбон - «Урс зыр- нæджытæ». Ныртæккæ куыд у, уый нæ зонын, фæлæ йæ уæд алы аз дæр кадджын уавæры бæрæг кодтой Дагестаны, бæлвырддæр дзургæйæ та Гу- нибы, инæлар-фельдмаршал Александр Барятинский 1859 азы имам Шамилы уацары кæм райста, уыцы хæххон хъæуы. Æрцыдысты-иу æм канд Дагестаны горæттæ æмæ хъæутæй нæ, фæлæ ма сыхаг республикæтæ, крайтæ æмæ облæсттæй дæр, Мæскуы æмæ Ленинградæй. Иу хатт дзы æз дæр архайдтон. Ирыстонæй ацыдыстæм Хостыхъоты Зинæимæ. Цалдæр боны нын фембæлдтытæ уыди поэзиуарзджытимæ, кусджытæ æмæ зæхкус- джытимæ. Нæ сæйраг балц уыди Гунибмæ. Нæ автобустæ кæрæдзийы фæдыл ныххал сты. Кæд тæссаг хæххон фæндæгтыл цыдыстæм, уæддæр нæ цин уымæй къаддæр нæ кодта, уымæн æмæ нæ алыварс уыдтам цардæгас истори. Нæ фæндагамонджытæ ивгъуыд хабæртгæ афтæ уырнинагæй дзырд- той, цыма æппæт цауты дæр сæхæдæг архайæг уыдысты. Бæрæгбонмæ уыйбæрц адæм æрцыд, æмæ сыл цæст не ’ххæссыд. Ком байдзаг зар- джытæй, музыкæйы мыртæй. Алы ’взæгтыл хъуыстысты æмдзæвгæтæ. Зинæимæ мах дæр бакастыстæм не ’мдзæвгæтæ... Расул Гамзатов Гунибмæ ’рбатахт вертолеты. Фæстæмæ цæугæйæ Иры- стоны делегацийы уæнгты, ома æз æмæ Зинæйы, бацагуырдта æмæ йемæ вертолеты ратахтыстæм. Уыцы изæр нæ Расул йæ хæдзармæ ’рбахуыдта. Уазджытæ се ’ппæт Расулы хæдзæрттæй (йæ хæдзар та дыууæуæладзыгон егъау бæстыхай уыд) цалдæры дæр нæ бацыдаиккой, фæлæ, йæ зæрдæмæ хæстæгдæр чи уыд, уыдоны æхсæн æз æмæ Зинæ дæр разындыстæм. Тынг уазæгуарзон фысымтæм бахаудтам. Йæ бинойнаг Патимат ма нын фырбуцæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Архайдта алкæмæн дæр балæггад кæныныл. Уымæй размæ дæр ын йæ рæсугъддзинады кой хъуыстон, фæлæ ахæм аив æмæ хæрзконд уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Уагæры ма йыл азтæ куы нæ рацыдаид, æртæ чызджы мад куы нæ уыдаид... 271
О, æмæ Расулы фынджы уæлхъус бадгæйæ сидтытæ куыннæ сарæх уыдаиккой! Иу замаы чидæр сидт рауагъта æмæ загъта Расулы цæрæнбоны тыххæй. Куыннæ дзы уыдаид æппæлæн ныхæстæ! Уыдонмæ хъусгæйæ Гамзатов афтæ куы бакæнид: «Куыд мæ ’ппæлут, афтæ хорз нæ дæн, стæй мæ ме знæгтæ куыд фауынц, афтæ ’взæр дæр». ^ Нæхимæ цæугæйæ фæндагыл ныффыстон ахæм цыппаррæнхъон: Мæхицæй хуыздæр чи зоны мæ хæтæн, Кæд мæм хъысмæтæй иунæг уый æрхауд... Куыд мæ æппæлут, афтæ хорз куыд нæ дæн, Куыд мæ фаут, нæ дæн æз ахæм цауд. Кæй зæгъын æй хъæуы, æмдзæвгæйы сæргонды бын бафыстон: «Ра- сул Гамзатовы ныхæстæй». Нæхимæ куы ’рбацыдыстæм, ууыл цас рæстæг рацыд, Хуыцау йæ зонæг, афтæ Ирыстоны фысджыты Цæдисмæ Расул Гамзатов мæ номыл цы писмо æрбарвыста, уым фыста: «Зынаргъ Музафер! Дагестаны фыс- джыты Цæдисы правлени дын арфæ кæны, «Урс зырнæджыты» Æппæтцæдисон бæрæгбоны зæрдиагæй кæй архайдтай, уый тыххæй. Дагестаны фысджыты Цæдисы сæрдар Р.Г. Гамзатов». Ахæм писмо райста Хостыхъоты Зинæ дæр. Ацы ран ма цы зæгъын мæ зæрды ис: писмо цы къонверты уыдис, ууыл мыхуыргонд дамгъæтæй уырыссагау фыст уыд «Куда» æмæ «Кому», сæ дæле ставд хаххы бын та «Расул Гамзатов», ома писмо чи ’рбарвыста, уый. Адрисæн дзы йæ кой дæр нæ уыд, уымæн æмæ, Расул Гамзатов кæм цæры, уый амонын æппæт бæстæйы никæмæн хъуыд. Цыппæрдæс азы фæстæ, Расулы райгуырдыл цыппарыссæдз азы куы сæххæст, уæд ын «Рæстдзинад»-ы фæрстыл та æз арфæтæ кодтон, фæлæ, стыр хъыгагæн, Гамзатов йæ кадджын юбилейы фæстæ афæдз дæр нал ацард. Кæддæриддæр Расулæн мингай чиныгкæсджытау мæ цæсты дæр стыр кад уыд, йе ’мдзæвгæтæ йын ирон æвзагмæ хуымæтæджы нæ раивтон. Фæлæ суанг ахæм стыр лæгтæм дæр зулмæ кæсджытæ вæййы, хæлæггæнджытæ йыл дам-думтæ æрымысынц, цъыф ыл фæкалынц. Ра- сул дæр ахæмтæй «хъæстагæй» нæ баззад, суанг ма йыл эпиграммæтæ дæр æрымысыдысты. Иуы дзы Яков Козловский æмæ Наум Гребневы кой дæр ис. Æнæхъæнæй æрхæссын дæр æй мæ бон у, фæлæ мæ нæ фæнды, Расулы чи нæ^уарзы, уыдонæй йæ кæд исчи нæ зоны, уæд æй уадз æмæ ма базона. Йæ хъуыды та цыбырæй у ахæм: Гамзатов, дам, Козловский æмæ Гребневы æрхъуыдыгонд у, æнæ уыдонæй, дам, æй ничи базыдтаид. Цыппар рæнхъы кæронмæ каст дæр нæма фæдæн, афтæ Яков йæ ар- мытъæпæнтæ дыууæрдæм тилын райдыдта — бæрæг уыд, эпиграммæ ма раздæр кæй фехъуыста — уый раст нæу, уый раст нæу, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уыди раст. Ууыл æз фидарæй æууæндыдтæн, Коз- ловскийæ иунæг ныхас дæр куы нæ фехъуыстаин, уæд дæр, уымæн æмæ 272
Расул хуымæтæджы ныхас куы кодта, уæд дæр поэт æмæ философ куы уыди, уæд ахæм йе ’мдзæвгæты нæ уыди! Кæннод йæ прозæ та! Иæ «Мой Дагестан» йæхæдæг дæсгай поэтикон чингуыты аргъ куы у. Йæ алы рæнхъ дæр хъуыдыйы уæзæй къæс-къæс куы кæны. Фæлæ мæ уæддæр, йæ хуыздæр тæлмацгæнджытæй иу цы зæгъы, уый фехъусын фæндыд. Æмæ йæ ныхæстæй ницæуыл фæдис кодтон, ногдзинад дзы нæ фехъуы- стон. Загъта, цы уыди, уый. Æндæрхуызон ныхас фехъусын æнхъæлмæ йæм нæ кастæн. Сфæлдыстадон хæдзармæ æз Яковæй цалдæр боны раздæр æрцыдтæн æмæ цæугæ дæр уыйбæрц раздæр кодтон. Мæ цæуыны размæ бон ма бæлæсты æхсæн къахвæндагыл иу сахаты бæрц фæрацу-бацу кодтам. Фæхицæн кæнынмæ куы хъавыдыстæм, уæд мын Козловский афтæ: - Кæд мыл æууæндыс, уæд ма мæм де ’мдзæвгæты дæлрæнхъонтæ равдис, æз сæ ратæлмац кæныныл бафæлварон. Цæйбæрц уæздандзинад уыдис уыцы цалдæр ныхасы! Цыма йæ курди- атыл кæмæн фæдызæрдыг уай, ахæм поэт уыд! Кæннод цыма фыццаг хатт тæлмац кодта æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ нæ дардта. Фæлæ уæздан лæг йæ алы хъуьцщагæй дæр уæздан вæййы. Мæнæн дæлрæнхъонтæ мемæ нæ уыд æмæ йын загътон, кæд æмбæлы, уæд дын нæхицæй æрæрвитдзынæн, зæгъгæ. Мæ уыцы хъуыды йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йын цалдæр хатты дæлрæнхъонтæ арвыстон æмæ сæ ратæлмац кодта. Чиныг рауадзынмæ дæр хъавыдыстæм, суанг ма ра- уагъдад «Алан»-имæ бадзырд дæр сарæзтам, фæлæ нæ фæндтæ сæххæст кæнын нæ къухы нал бафтыд. Яков уæззау рынчын фæци... Мæскуыйæ куы ссыдтæн, уымæй чысыл фæстæдæр æрвылкъуырион газет «Неделя» ныммыхуыр кодта Козловскийы статья «Я и ты одной че- сти», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Уым Яков фыста: «В нынешнем сен- тябре я познакомился с осетинским поэтом Музафером Дзасоховым. Мы гуляли, беседуя под первой киноварью деревьев, и было мне радостно от того, что потомок древних скифов читал на память многие стихи русских поэтов. И нет для меня ничего более отрадного в жизни, чем общение с друзьями. Пусть они будут русскоязычные или иноязычные — это ника- кой роли не играет». Æцæгæйдæр, Козловский уæрæх зæрдæйы хицау уыд. Йæ хæлæрттыл нымадта хорз адæймæгты се ’ппæты дæр. Уæлдай йын нæ уыд, чи кæцы æвзагыл дзырдта, уый. Рæстзæрдæ адæмæй йын уыдис бирæ æмбæлттæ æмæ йын Советон Цæдисы кæцыфæнды республикæйы дæр кодтой стыр кад. Нæ уыцы хæлардзинад знæгты фæндиаг куы фæци, уæд цы фæстиуджытæ расайдта, уыдонмæ æнæзæрдæрисгæйæ кæсын йæ бон нæ уыд, уымæн æмæ фехæлдысты, дæсгай азты дæргъы нæхи амондджын цæмæй хуыдтам æмæ сæрыстыр цæмæй уыдыстæм, уыцы ахастдзинæдтæ. Цас æмæ цас æнæферохгæнгæ фембæлдтытæ уыд алы адæмыхæттыты минæвæрттæн! Кæд-иу сæ иуæй-иутæ кæнгæ митыл нымадтой — чи зоны, æдзух, куыд æмбæлд, ахæм уавæрты нæ цыдысты — уæддæр, адæмты 18 Дзасохты М. 273
кæрæдзиуыл кæй бастой, хæрамдзинады бындуртæ кæй хæлдтой, фæлтæртæ æнгомгæнæг тых кæй уыдысты, уый æнæмæнг уыд... Иу заман мын гонорар æрбарвыстæуыд Грознайæ. Кæцæй мын æй æрбарвыстаиккой æмæ цæй тыххæй, зæгъгæ, мæхинымæр дисы бацыдтæн æмæ мæхъхъæлон фыссæг Саид Чахкиевмæ писмо арвыстон, базон-ма, зæгъын, æхца æрбарвитæджы. Саидимæ хæларæй цардыстæм. Ирысто- ны-иу уазæгуаты арæх уыд æмæ-иу ыл кæмдæриддæр æхсызгонæй сæмбæлдысты. Кæддæр ын йæ романыл рецензи дæр ныффыстон æмæ Ирыстоны мыхуыры рацыд. Саиды бæсты мын дзуапп æрбарвыста Зелимхаы Яндарбиев. Уый мæм куыд фыста, афтæмæй йæм мæ писмо радта Саид æмæ, дам, дын Чахкиевы курдиатмæ гæсгæ хъусын кæнын, гонорар дын кæй арвыс- той альманах «Аргун»-æй. Уым мыхуыргонд æрцыд де ’мдзæвгæ «Къо- стайы мидхъуырдухæн». Цæцæйнаг æвзагмæ та, дам, æй ратæлмац кодтон фз. Зелимхан ма фыста, æмдзæвгæйы цы хъуыдытæ ис, уыдон, дам, мæ хъуыдытæм хæстæг кæй сты, уымæ гæсгæ йæ тæлмац кодтон æхсызгонæн. Йæ писмойы кæронбæттæны Яндарбиев зæгъы: «Мæ зæрдæ дарын, дарддæр нæ ахастдзинæдтæ уæрæхдæр æмæ фидардæр кæй кæндзысты, ууыл. Стыр салам дын Саидæй! Салæмттæ де ’мсис æфсымæртæн. Дæуæн аргъ кæигæйæ Зелимхан Яндарбиев. Альманахы номыр дын æрвитын». Афæдзы æрдæджы фæстæ ма Зелимханæй ноджыдæр райстон иу пис- мо. Ацы хатт Мæскуыйæ. Уæд Яндарбиев ахуыр кодта уæлдæр литерату- рон курсыты. Куыд хъусын кодта, афтæмæй уацмыс фыста цæцæйнаг абырæг харачойаг Зелимханы тыххæй. Йæ библиографион картотекæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ зындгонд абырæг фембæлд Федор Шаляпинимæ, фæлæ, æрмæг мыхуыргонд кæм уыд, уыцы газет Ленины библиотекæйы кæй нæ разынд, уый йæ мæты бафтыдта. Ноджы æхызгондæрæй агуырд- та, ирон фысджытæй, дам, чидæр Зелимханы тыххæй фыста, фæлæ цы æмæ цавæр жанры, уый, дам, нæ зонын æмæ мын уыцы хъуыддаджы, цæмæй дæ бон у, уымæй баххуыс кæн. Цæцæйнаг абырæг Зелимханы тыххæй повесть ныффыста Гатуты Дза- хо. Уыцы чиныг мæхимæ уыди æмæ йæ Яндарбиевæн арвыстон. Зелимханимæ кæрæдзимæ писмотæ куы фыстам, уæдæй нырмæ æвддæс азы дæр нæма рацыд, афтæмæй дунемæ йæхи хуызæнæй ницуал ис, аив- той адæм, фендæрхуызæн сты ахастдзинæдтæ, хæлæртты нымæц фæкъаддæр, знæгты нымæцыл æфты æмæ æфты, фæлæ, райдайæн цæмæн вæййы, уымæн искуы йæ кæрон ма ралæууа, уый уæвæн нæй. Кæрон у цæйдæр райдайæн, райдайæн та цæйдæр кæрон. Змæст дуджы кæрон дæр ралæудзæн. Суадоныл сахкъæвдатæ цасфæнды куы фæуара, уæддæр ын иу заман æнæ ’ррæсуг уæвгæ нæй. Рæстæг дæр донæй уæлдай нæу: иæхи йæхæдæг сыгъдæг кæны. Ахæм заман æрцæуы, йæхи кæд бауигъы. Йæ размæцыды йæ цы хъыгдарджытæ вæййы, уыдон иуфарс кæд фехсы æмæ фидæнмæ йæ цыды кой кæнын куы райдайы... 274
XXII Кæдæмфæнды куы ацæуын, уæддæр мын, мæ фæндаг кæцæй райдыд- та, уырдæм æнæрыздæхгæ нæ вæййы. Мæ фæндагта райдыдта Бæрæгъуы- ны хъæугæронæй. Куыд банхъæлæн ис, афтæ хъæугæрон дæр нæу. Нæ хъæуы, æххæст уынпгыл банымайæн кæмæн ис, уыдонæй иуæн Куыро- йыдон йæ рахиз фæрсты кæлы, æмæ уыцы уынджы рæсугъддæр ран мæ фыд хæсты размæ самадта агуыридурæй хæдзар. Немыцаг фашисттæ дзы нæхи фашистты ардыдæй къултæ йеддæмæ ницуал ныууагътой. Мæ мæгуыр мад ын хорз адæмы æххуысæй раздæр йæ сæр хъæзæй бамбæрзта, фæстæдæр та йæ фылдæр хай, ома цæргæ кæм кодтам, уыцы уæтты сæр æмбæрзæн дурæй æрæхгæдта. Гъе æмæ уыцы хæдзары къæсæр уыд мæ фæндаджы райдайæы. Хъуыды ма кæнын, немыц галтæй кæдæм æрбацыдысты æмæ сæхи богъты хуызæн кæм дардтой, уырдыгæй æхсæвыгон хъуццытæй куы фæлыгъдысты, уæд мæ хъæуккæгтæ алы рæттæй — сæ фылдæр мах хуызæн Ставд-Дуртæй — куыд здæхтысты, уый. Веринкæ дардæй нæ хæдзар æнæсæрæй куы ауыдта, уæд йæ цæссыгтæ нал баурæдта, æнæпъол, æнæцар уæттæм куы бакаст, уæд йæ богъ-богъ æнæхъæн сы- хыл айхъуыст. Куыдта, судзаджы марды уæлхъус куыд кæуай, афтæ. Йæ кæуыны-иу хъарæгæнгæс ныхæстæ дæр райхъуыстысты, йæ тæригъæд хъардта, Хуыцаумæ æххуысмæ дзырдта. Ноджы лыстæгдæр куы ’ркæстытæ кодта, уæд йæ зæрдæйы рыст фæфылдæр. Хæдзары къусæй къоппы онг ницуал баззад, мардыроыкъахджытæ сæ фæхастой. Фæстæдæр ма дзы цыдæр муртæ æрæмбырд кæнын къухы бафтыд. Уымæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр, искæмæй исты фесæфт, зæгъгæ, уæд-иу æнæмæнг ахæм ныхасгæнæг фæци: дардæй йæм не ’рцыдæуыд. Махæн дæр нæ давджытæ бынтон дардæй не ’рцыдысты; кæд дзы кæцыдæртæ æндæр хъæуы разындысты, уæддæр сæ фæд нæхи сыхмæ цыд. Зæгъæм, нæ хуыссæнгæрзтæ - хуыссæнгæрзтæ, зæгъгæ, дзы го- бан йеддæмæ нæ къухы ницуал бафтыд - разындысты Æрыдоны, фæлæ сæ чындз нæ сыхæгты чызг кæй уыди, уый куы нæ рох кæнæм, уæд ма уæ ноджыдæр иу хатт бауырндзæн, давджытæ дардæй не ’рцыдысты, зæгъгæ, чи фæдзуры, уыдоны ныхæсты рæстдзинад. Нæ дзаумæттæ æмбырд кæныны хæс - уыцы хъуыддаг ын ничи бабар кодта, афтæмæй — йæхимæ райста Оля æмæ йын, мæнмæ гæсгæ, чысыл нæ бантыст. Æрмæст нæ патефон кæй ссардта, уый дæр сгуыхтдзинадыл банымайæн уыд. Абон дæр ма, фаллаг сыхы чи цæры, уыдонмæ æлгъгæнгæйæ кæсын. Иууылдæр сæ давджытыл нымайын. Иууылдæр, зæгъгæ, дзæгъæлы зæгъын: сæ лæппутæй иу мемæ ахуыр кодта æмæ уымæ йæ бинонты хуызæиæй ницы уыд. Уæздан, хæдæфсарм, æмгаруарзон. Хъыгагæн, æнафоны фæхъуыд йе ’мбæлтты ’хсæнæй. Фæлæ мæм иннæтæ иуджиппы уагъд кастысты. Стæй мæм афтæ дæр кæсы, цыма дзы хъысмæт алкæй дæр бафхæрдта, сæ галиу митæ сыл æртæфстысты. Куы зæгъын, Оля фæдысгарæджы куыстмæ хорз сарæхст. Кæд пате- фонæн бамбæхсæн нæ уыд, давоны хæрдæн басусæггæнæн куыд нæй, 275
афтæ, уæд уидыг æмæ цолпы афтæ æнцон ссарæн нæ уыдысты, фæлæ ма уыдонæй дæр йæ къухы цыдæртæ бафтыд. Афтæ ма банхъæлут, æмæ нæ сых, стæй нæ хъæу хæсты рæстæг æрмæстдæр давыны куыст кодтой. Кæддæр мын Бицъоты Таймураз афтæ радзырдта. Мæ фыд, дам, хæстæй куы ссыд, уæд йæ цæвæг нæхймæ нал сæййæфта. Уæд ма, æвæццæгæн, Цъамады цардысты æмæ хосгæрстмæ ссыди. Хурбон уыди æмæ нæзы бæласы бын аууоны æрбадти, иучысыл мæ фæллад ауадзон, зæгъгæ. Иу заман йæ хъусыл ауад цæвæджы æхситт. Уынæр æм бынтон хæстæгæй хъуысын куы райдыдта, уæд сыстад, йæ алыварс ахъахъхъæдта æмæ йæ сыхаджы хос кæрдгæ ауыдта. Лæг йæ кусын фæуагъта æмæ йæ цурмæ æрбацыд. Кæрæдзийæн салам радтой æмæ ныхæстыл фесты. Тай- муразы фыд йæ сыхаджы цæвæгмæ фæкомкоммæ: — Ацы цæвæг дын кæм уыди? Лæг æваст дзуапп раттын куы нæ бафæрæзта, уæд ын йæхæдæг æххуыс кæнынмæ фæци: — Уæдæ ай мæ цæвæг у! Сыхаг йæ куыст ныууадзынмæ хъавы, уый цæвæджы хицау куы бам- бæрста, уæд ын афтæ: — Дæ бон дзæгъæлы ма саф. Дæ куыст дзы куы бакæнай, уæд-иу æй нæхимæ ныххæсс. Ахæм сыхæгтæ махæн дæр разынд. Иннæ давджытæ та, куыд загътон, афтæ фаллаг сыхы цардысты. Æндæр исты нæ куы адавтаиккой, уæд мæм, æвæццæгæн, афтæ тынг нæ бахъардтаид, фæлæ патефон! Уымæн хæсты размæ ныртæккæйы цыфæнды зынаргъ дзаумайæ дæр къаддæр кад нæ уыди. Æмæ мæ фыд йæ самал кæныныл бацархайдта. Уыцы пате- фонæн мын йæ кой дæр зынаргъ у, уымæн æмæ, мæ фыдимæ баст хабæрттæн сæ тæккæ ирддæртæй иу у. Æппынкъаддæр æртæ ’мæ æртиссæдз азы рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ цыма абон уыди, афтæ мæм кæсы. Мæ фыд зарынмæ арæхст æви нæ, уымæн ницы зонын, уымæн æмæ уый тыххæй адæмæй никуы ницы фехъуыстон, фæлæ кафын кæй нæ зыдта — уæвгæ афтæ зæгъын æгæр уæздан уыдзæн, уымæн æмæ-иу дзы афтæ дзыр- дтой: йæ къах кæцырдæм айсгæ у, уымæн дæр ницы ’мбæрста — стæй къухæй кæй ницæмæ арæхст, уый бæлвырд у. Зарынмæ дæр — кæд æм мæнæй исты фæци — цыма фыдмæ фыртæй исты фæуæвæн ис, уый хуызæн! — уæд, йæ разæй кæй ауагътаид, ахæмтæ минтæй нымайгæ уыда- иккой, фæлæ, æвæццæгæн, музыкæ уарзта æмæ йæм хъусгæ дæр кæй кодта, уымæн мæхæдæг — æвдисæн. Иу пластинкæ йеддæмæ нæм куыннæ уыдаид, фæлæ дзы æз æрмæстдæр, «Цолайы зарæг» кæм уыд, уый бадардтон мæ зæрдыл. Уæлдæр ма йæ куы загътон, цыппар азæй мыл фылдæр нæ цыдаид, æз мæ фыды уæрагыл куы бадтæн, афтæмæй «Цолайы зарæг»-мæ куы хъуы- стон, уæд. Зарæгмæ хъусгæйæ папæйы галиу уæраг — галиу уыд, уый дæр ма хъуыды кæнын — хæрдмæ куыд фæхау-фæхау кодта, уый мæ абон дæр нæ рох кæны. Æвæдза, райгуырæн къуымæн аргъ нæй. Къуым, кæд цыдæр къуын- дæгдзинадимæ баст у, уæддæр адæймаг уымæй парахатдæрæй йæхи ни- 276
куы фенкъары, уымæй сæрибардæр йæ уд никуы вæййы. Не ’рдæгхæлд хæдзары цы фæцардтæн, уый уæлæуыл мемæ куыд ис, афтæ мæрдты дæр куы уа, уæд мæхицæй амондджындæр, ацы зæхх куы равзæрд — ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йыл æртæ миллиард æмæ фондз- ыссæдз милуан азы цæуы — уæдæй нырмæ дзы чи цард, уыдонæй мæхи æппæты амондджындæр хондзынæн. Амондджын дæн уымæй, æмæ ам, сæрдыгон фæлмæн къæвда-иу куы рауарыд, уæд бæгъæввадæй уыцы хъæрмуст доны малты кæй ратæх-батæх кодтон, уымæй. Ныр цыма уарыны фæстæ къæвдайы дон афтæ хъарм нал вæййы, хаттæй-хатт мæм ахæм хъуыдытæ дæр æрцæуы. Кæннод нæ фæскъулы «картофы чъиритæ» — ныллæгтымбылсыф кæрдæгыл цы чысыл хæрынæн бæзгæ патиссонæнгæс «дыргътæ» зади, уыдон цæмæдæр гæсгæ афтæ хуыдтам — та! Зокъотæ мæ цæсты кадджын не сты. Иунæг адæймаджы тæригъæды чи бацыд, уыцы зайæгоимæ дæр «зулдзых» дæн. Зокъотæ та мæрдтæм бирæты барвыстой. Уæвгæ, хæрынæн чи нæ бæззы æмæ адæм йæ иу- фæрсты кæмæн азилынц, уыцы маргхъæстæ зокъотæй дæр иуæй-иутæ æвдадзы хос сты. Зæгъæм, сагтыл ахæм низ фæзыны, æмæ бындзмарæй (мухоморæй) куы нæ фæхъæстæ уой, уæд сын æнæамæлгæ нæй. Уый афтæ у, фæлæ уæддæр зокъотæм — уыдонæн сæхицæй конд хæринаг нæ, фæлæ, конд цæуыл уой, уымæ дæр — хæстæг нæ бацæудзынæн, уымæн æмæ ахæм хабæрттæ фехъуыстон, зокъоты азарæй-иу бинонтæ æмхуызонæй дæр куы бабын сты. Афтæ мæм кæсы, цыма зæххыл æндæр ахæм зайæгой нæй, зокъоты бæрц адæмы тæригъæды чи бацыд, фæлæ мæ сабийы бонтæ мæ зæрдыл куы ’рбалæууынц, уæд мæ алцыдæр æрбай- рох вæййы... Веринкæ райсом раджы гыццыл цæхæрадонæй æрбахаста, йæ сæр чысыл зонтыччы йас кæмæн у, ахæм урс-урсид дынджыр зокъо. Уæл- гоммæ йæ фæфæлдах æмæ дæм разындзæн йæ тарбынсырх «гуыбын». Йæ «къахæй» йæ фæхицæн кæн, ахс æй, йæ «гуыбыныл» ын цæхх айзæрд æмæ йæ къæйыл авæр. Цыбыр рæстæджы фæстæ йæ райс æмæ дæ фи- зонæг - цæттæ. Ахæм зокъотæ ныртæккæ кæмфæнды куы фенин, уæддæр сæ ницæмæй фæтæрсин, фадат уæвгæйæ сæ кæддæры хуызæн къæйыл авæрынмæ нæ базивæг кæнин. Кæйдæр зокъотæ мæрдтæм барвыстой, уый мæ зæрды кæрон дæр нал уаид... Нæ зæххы хайыл бал æмæ тута бæлæстæй фылдæр ницы зад. Не стыр цæхæрадоны быдыры ’рдыгæй фарс цыдæриддæр ахаста, уым рæгъ-рæгъы бал йеддæмæ ницы уыд. Æрмæстдæр хуссарырдыгæй. Уымæлдæр ран кæм уыд, уым хæрис йæхицæн æнусон бынат — æнусон уымæн зæгъын æмæ ма уыцы бæлас абон дæр æгас у — æрцахста æмæ-иу ыл алы аз дæр цы хуымæллæг схылд, уыимæ хæлар, æмудæй цæрынц. Тута бæлæстæ та уынджы дыууæ рæгъæй — уыдон дæр нæ цæхæрадоны фæтæны бæрц - хæрдмæ фæцыдысты. Иуцалдæр дзы уыди, цыллæйы кæлмытæн æвæджиауы пæлæхсар сыфтæ кæуыл зад, ахæм нæл тутатæ. Тута-иу раздæр сцæттæ æмæ-иу махæй, сауцъиутæ, хъазтæ æмæ бабызтæй — уыцы еры- сы-иу хуытæ æмæ сæ хъыбылтæ дæр фæсте нæ задысты — чи тынгдæр хæлоф кодта, уый зын зæгъæн уыд. Бал-иу куы сцæттæ, уæд-иу нæ уый- 277
ас хъыгдарæг нал уыд. Раст зæгъын хъæуы, тæккæ рæгъæдтæм-иу мæргътæй кæцыдæртæ махæй фæраздæр сты. Фæлæ ма-иу уый махæн æхсызгон дæр уыд, уымæн æмæ-иу маргъ кæмæй фæхъæстæ, уый æндæрхуызон ад кодта. Æппæты бæрзонддæр къалиуул-иу йæ фарсæй кæмæн ратындæуыд, ахæм бал ауыдтай, уæд-иу æм хизынмæ нæ фæзивæг кодтаис. Балафон-иу къæвдатæ арæх рацыд. Тæккæ саудæртæ-иу аскъуыдысты æмæ-иу сыл хурбон куы скодта, уæд-иу уыдон дæр æндæр ад кодтой... Цалынмæ цæрон, уæдмæ бузныг уыдзынæн Урсдонæй, мæн ленк кæнын чи сахуыр кодта. Дур-Дуры донимæ кæм иу кæны, уый знæт уылæнтæм, Урсдон куы нæ уыдаид, уæд хæстæг цæуын дæр нæ бауæнды- даин. Ноджы тæссагдæр уыди, Къæдзæхрæбын кæй хуыдтам, уыцы найæн, уымæн æмæ ленк кæнынмæ тынг дæсны куы нæ уыдаис, уæд дыл уылæнтæй иу дæр нæ бацауæрстаид, йæ разæй дæ ахастаид æмæ дæ, былгæройæй цы къæдзæхы тигъ рацыд, ууыл ныццавтаид æмæ — дæ бал- гъитæг афтæ. Фæлæ бæрæгъуыйнаг лæппутæ Урсдоны разæй никæдæм цыдысты. Уымæн йæ дон, иуæй, хъармдæр уыди, иннæмæй та дзы, зæгъæн ис, æмæ фæдæлдон уæвынæй тас никуы уыд. Цыбыр дзырдæй, ленк кæнын базонынæн хуыздæр скъола ничи ссардтаид. Куыройыдон дæр мын къаддæр хæрзты нæ бацыд. Сахуыр мæ кодта къухæй балер кæсаг ахсыныл. Балер уымæн, æмæ дзы æндæр кæсаг нæ цæры, æгæр уазал кæй у, уый тыххæй. Раст зæгъын хъæуы, арфдæр рæтты, дон афтæ тагъд кæм нæ калд æмæ хъармдæр кæм уыд, уым-иу балгæсаг дæр фæзынд, фæлæ-иу уый, куы зæгъын, уыдис тынг стæм хатт. Куыройыдоны руаджы сфæлтæрдтон уазалтæн. Стæй канд æз нæ. Æмæ фæстæдæр, Бехъаны цадмæ нæхи найынмæ цæуын куы фæцалх стæм, уæд-иу дзæвгар рæстæгдонæй куы нæ рахызтыстæм, уæддæр фæрынчын уæвынæй Урсдоны руаджы нæ тарстыстæм. Куыройыдоны хуыздæр бынæттæй иуыл нымад уыд Хæрæгнайæн: арф кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу дардæй ратахтыстæм, байбынæй-иу нæхи хæрдмæ фехстам æмæ-иу сæрбынмæйæ ныцъцъыввытт кодтам. Диссаг цы у: цалдæр денджызы - Адриатикæйы, Сау æмæ Каспийы ~ мæхи ныннадтон, ленк кодтон Балатон æмæ Ладогæйы цадты, Волгæ æмæ Одеры, фæлæ мын дзы нæхи суадæггы ад ничи скодта. Уæдæ кæсæггæ дæр кæмдæрты ахстон, суанг ма Болгари æмæ Венг- рийы дæр, фæлæ дзы нæхимæ балеры никæцыимæ абардзынæн. Нæ кæса- гахсджытæ дæр мæм иннæтæй уæлдæр æвæрд сты. Уæвгæ иннæтæ дæр — æз цы кæсагахсджытимæ базонгæ дæн, уыдонæй зæгъын — ницæмæй ра- фауинаг сты. Рафауинаг нæ, фæлæ дæсныдæр, фæразондæр æмæ ар- æхстджындæртæ сæхицæй зын ссарæн уыд. Пицундæйы фысджыты сфæлдыстадон хæдзары базонгæ дæн зынд- гонд поэт Гарольд Регистанимæ. Уый ма зындгонд уыди йæ фыды руа- джы дæр — Эль-Регистан Сергей Михалковимæ 1944 азы ныффыста Сове- тон Цæдисы Гимн. Фæлæ æз цалдæр ныхасы йæ кæсагахсыны дæсныдзи- нады тыххæй зæгъынмæ хъавын. 278
Мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй кæсагахсæджы хуыздæр æмæ фæзми- нагдæр миниуджытæй иу у фæразондзиыад. Æнхъæлмæ кæсын чи нæ зоны, гæдзæйы бынæй сой ратæдздзæн, ууыл чи не ’ууæнды, уый кæсагахсæг нæу. Сахат нæ, фæлæ бон-сауизæрмæ дзуццæджы бадынæй чи нæ фæллайы, йе ’нгуырмæ æдзынæг кæсынæй йæ цæстытæ кæмæн нæ рис- сынц, æппындæр кæсаг кæм никуы уыд, уырдыгæй дæр кæф сласын æнхъæл чи у æмæ дзы æппынфæстаг ласгæ дæр чи скæны — топпы гæрахы хуызæн, дам, иу хатт хисæрфæн дæр фæкæны — кæсагахсæг уый у. Ахæмæй базыдтон Гарольды дæр. Цыфæнды рæстæг ма уыдаид, уылæнтæ фондзуæладзыгонтæй былгæронмæ куы лæбурдтаиккой, уæддæр ын мидæгæй фæбадæн ницы хуызы уыд. Цыфæнды раджы-иу куы рацы- даис денджызы былмæ, уæддæр-иу дзы æнæмæнг Регистаны раййæфта- ис. Иу кæсаг дæр-иу куы ничи ’рцахста, уæддæр-иу поэт изæрæй дзаг- къухæй æрбаздæхт. Æз ын-иу нæхимæ кæсæгты кой дæр ракодтон. Кæм цæрын, уым, зæгъын, æрмæстдæр суадæттæ ис æмæ дзы балер кæсаг йеддæмæ ницы цæрын фæразы æмæ йæ фылдæр къухæй кæнæ хызæй ахсынц, æнгуырмæ хæстæг хуыдзых æмæ балгæсаг йеддæмæ ницы цæуы. Уæвгæ æнгуырæй ахсгæ дæр иуцалдæр хатты федтон. Æппæты хуыздæр кæсагахсæг уыди, куыройгæсæй чи куыста, Икъаты уыцы Цæрай. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Гарольд дæсны уыд канд денджызы кæсæгтæ ахсынмæ нæ, фæлæ суадоны цæрæг балертæ ахсынмæ дæр. Су- анг ма мын радзырдта, куыд ахсгæ сты, уый дæр, стæй канд къухæй æмæ хызæй нæ, фæлæ æнгуырæй дæр. Балер, дам, æнгуырмæ æппæты тынгдæр цæуы, уаллон æмæ æндæр сайæнтæм нæ, фæлæ, нартхоры хъæллæгъ куы ’ркæрдынц, уæд дзы бынæй цы хъæдтæ баззайы, уыдон сыфты рæбын цавæрдæр сасчытæ равзæры æмæ, дам, балер ахсынæн агургæ æмæ æнæаргæ сты. О, æмæ-иу бон-сауизæрмæ цы ’ртæлæт кодта — уæлдай фылдæр-иу æрцахста, рæстæг хорз куы уыди, уæд — уый-иу сфæлдыстадон хæдзары хæрæндонмæ йæ зонгæтæм радта, уыдон-иу сæ сфизонæг кодтой æмæ-иу сæ Гарольд тæбæгъты дзæгтæй фынгтыл уарын райдыдта. Иунæг кæсаг дæр-иу дзы йæхицæн нал ныууагъта, уымæн æмæ... кæсаг иæ хордта. Кæсагахсджытæ Ирыстоны дæр куыннæ федтон! Зæнджиаты Темыр дардыл хъуыстгонд куы у. Ахæм сабат æмæ хуыцаубон нæ вæййы, уый Бехъанмæ кæсаг ахсынмæ ма ацæуа, цы дæтгæ йæм кæлы, уыдонæй ис- кæцыйы йе ’нгуыр ма баппара. Куыд ахсы, уый мæхæдæг дæр цалдæр хатты федтон. Уыимæ, цы ’рцахсы, уый сæхимæ æнæхъæнæй никуыма ахаста, йæ цуры чи вæййы, уыдоныл сæ адих кæны. Айфыццаг ыл амбæлдтæн æмæ мын афтæ зæгъы, цы кæсæгтæ, дам, фæахстон, уыдон, дам, цалдæр тоннæмæ схæццæ сты. Куыд дæсны кæсагахсæг, афтæ йæ кой уыди центрон журналты, йæ къам та — къæлиндары. Уæдæ Боцуаты Гыбылæн дæр «дæлдæр абад» зæгъæг нæ фæуыдзæн, уымæн æмæ кæсагахсджытæн сæ бынæйласгæтæй у. Радиокомитеты иумæ куыстам, æмæ-иу нын фадат куы фæци, уæд цæугæдон кæнæ цады был- гæрон кæд нæ абадтыстæм, ахæм рæстæг никуы скодта. Æз цæй кæсаг- 279
ахсæг дæн — уæвгæ, кæддæр къухæй тынг дзæбæх дæр ахстон, цалынмæ байбынæй æнæнхъæлæджы кæсаджы æфсон калмыл нæ ныххæцыдтæн, уæдмæ — фæлæ-иу уый, йе ’нгуыр доны баппарæд, æндæр-иу иууылдæр цæст фестади, æнгуыры босыл цы рог къæрмæг баст уыд, уый йеддæмæ- иу ницуал уыдта, йæ хъуыдытæ дæр-иу æрмæстдæр уьгимæ баст уыдыс- ты. Цалынмæ-иу æм цалдæр хатты сдзырдтаис — фæстаг хатт бынтон хъæрæй — уæдмæ-иу дæм кæсгæ дæр нæ ракодтаид. Йæ уыцы уавæрæй йын иу хатт Чеджемты Æхсар фæпайда кодта. Куысты фæдыл кæцыдæр хъæуы уыдысты. Фæстæмæ цæугæйæ сæ фæндаг, Гыбыл кæсаг æнхъæл кæм уыд, ахæм доны рæзты уыди æмæ иучысыл æнгуырæй адарæм, зæгъгæ, машинæ баурæдтой. Æхсар суанг мæ хуызæн кæсагахсæг дæр нæ уыд, æндæр Гыбылы фæзмгæ уæддæр бакодтаид æмæ байраджы хъиамæт æвзæрстаид. Гыбыл иуцасдæр абады- ны фæстæ фыццаг кæсаг æрцахста æмæ йæ былмæ раппæрста. Кæсаг, кæй зæгъын æй хъæуы, тыхулæфтгæнгæ йæ гæндзæхтæ цагъта. Æхсар æй куы ауыдта, уæд, Гыбыл тагъд фæстæмæ нæ ракæсдзæн, зæгъгæ, кæса- джы сусæгæй доны баппæрста. Уый ахæм цъыллинг нылласта, æмæ цæстыфæныкъуылдмæ доны арфы аныгъуылд, йæ фæстæ бирæ уылæнтæ ныууадзгæйæ. Уыдон кæрæдзийы сургæ былгæронмæ æрбатахтысты, цыма Æхсарæн арфæ кодтой, сæ хъæбулы сын мæлæты дзыхæй кæй ратыдта, уый тыххæй. Иу афон Гыбыл йæ кæсагыл ацин кæнынмæ куы ракаст, уæд тарстхуызæй афарста: — Кæсаг цы фæци? — Ауагътон æй,— дзуапп радта хатыркурæг хъæлæсæй Æхсар. — Цæмæн? — Фæтæригъæд ын кодтон. Йæ дзых куыд фæхæлиу-фæхæлиу кодта, уый нæ федтай, æндæр ын ды дæр фæтæригъæд кодтаис. Афонмæ, кæд йæ мады цурмæ бахæццæ, уæд ын мæнæй куыд æппæлдзæни, уый зо- ныс?.. Æмæ ныхас кæсаг ахсыныл рацыд. Уыдис æмæ ис кæсагахсджытæ. Пушкины зæронд лæг ма сызгъæрин кæсаг дæр куы ’рцахста, фæлæ дзы цыма уæддæр мах хъæуы кæсагахсджыты ничи амбулдзæн, афтæ мæм кæсы. Нæхи Валодяйæ — хъæуы йæ цæмæдæр гæсгæ Цæлыкк хуыдтой — дæсныдæр æмæ ныфсджындæр кæсагахсæг уыди, уый мæ нæ уырны. «Дæсныдæр» æмæ «ныфсджындæр» кæрæдзийы фарсмæ барæй сæвæрдтон, уымæн æмæ Бæрæгъуыны æрмæст дæсны фаг нæ уыд. Хъуамæ æнæмæнг уыдаис ныфсджын дæр. Уæлдайдæр къухæй ахсгæйæ. Стæй хызæй дæр. Къорд хатты æвдисæн уыдтæн, байбыны бассивгæйæ-иу цалдæр кæса- джы æхсæн калм дæр куыд стæлфыд, уымæн. Валодяимæ-иу хызы иннæ къухыл чи хæцыд, уый-иу йæ «куыст» фæуагъта æмæ-иу лидзынмæ фæци. Ахæм заман-иу æз фылдæр дзаумæттæхæссæг уыдтæн æмæ ма-иу мæнæн дæр мæ уд фæцæйцыд æмæ-иу кæцырдæм лыгъдаин, уый нал зыдтон. Валодя-иу куыннæ смæсты уыдаид, хызы цы кæсæгтæ уыд, уыдон-иу фæстæмæ доны хай куыд баисты, уый уынгæйæ! Кæд-иу калмы æрцах- сын йæ бон баци, уæд-ын-иу йæ къæдзилыл ныххæцыд, былгæронмæ-иу æй рахаста, йæ сæрмæ-иу æй зилгæ дурæхсæны хуызæн цалдæр зылды 280
æркæныны фæстæ хæрдмæ фехста. Фæстæмæ-иу æрдæгмардæй куы ’рхауд, уæд ыл-иу мах дуртæй ралæууыдыстæм. Ахæм заман-иу тæссаг уыд, хызы иннæ къухыл чи хæца, ахæм куынæуал разына, уымæй, æмæ-иу уæд Валодя Куыройыдоны иуцасдæр дæлдæр ацыди, цыма, кæлмытæ иу бай- бын йеддæмæ никуы уыд, уый хуызæн. Æппынфæстаг-иу уæддæр нæ тарст æрцыд æмæ та-иу дарддæр нæ кæсагахсыны куыст кодтам. Кæсаг ахсынмæ тынг рæвдз уыдысты Цомайты Хъайсын, Дзусты Дзæбо, Хъам- мæрзаты Валодя... «Нæй зынаргъдæр ницы Райгуырæн бæстæй»,— фыста йæ иу æмдзæвгæйы мæ хъæуккаг поэт Чехойты Сæрæби. Хуымæтæгдæр ныхæстæ нæ уыдзæн, фæлæ кæй зæрдæмæ нæ бахъардзысты! Цавæр адæймагæн нæ фæуыдзысты цины хос, рæсугъд æнкъарæнты гуырæн! Уæлдæр цы ’мдзæвгæйы кой ракодтон, уым ма ис ахæм рæнхъытæ дæр: Хъæу, изæр, æрталынг, Уынгты рухс кæлы... Чидæр хафы арынг,- Чъмритæ кæны. Зæрдæйы рæсугъддæр æмæ æнкъарагдæр тæгтæ куыннæ хъуамæ баз- мæлой ахæм ныв цæстытыл ауайын кæнгæйæ! Адæймаг æрдзы хъæбул у, æмæ цас кæрæдзимæ хæстæгдæр уой, уыйбæрц тынгдæр фидауынц. Адæй- маг зæххыл цæрынæн райгуырд æмæ дзы хъуамæ иппæрд ма уа. Антейы æмбисонд хуымæтæджы нæ райгуырд. Куыст кæмæн нæ уыд, ахæм адæй- маджы æрхъуыды нæу. Царды æцæгдзинадæй равзæрд. Таурæгъы хъæба- тырæн тыхгæнæг тых уæдмæ нæ ардта, цалынмæ зæххыл лæууыди. Фæлæ йын йе знаг йæ лæмæгъдзинад куы базыдта, уæд æй зæххæй фæхицæн кодта æмæ йыл фæуæлахиз. Зæхмæ хæстæгдæр чи у, уыдон удыхъæдæй сыгъдæгдæр сты, сæ кур- диат райхалынæн сын фылдæр фадæттæ ис. Хуыцау нæ алкæмæн дæр цы бирæ хорздзинæдтæ радта, уыдонæй адæймаг уæвынæй стырдæр хорзæх нæй, курдиатæй цыдæриддæр ис, уыдонæн сæ ахсджиагдæр... Бирæ чингуытæ бакастæн, бирæ таурæгътæ фехъуыстон, фæлæ мæм дзы мæхи адæмы сфæлдыстадæй хæстæгдæр никæцы у. Фыдæлтæй нырмæ ахæм куывд баззад: «Хуыцау нæ лæг агурæг макуыдæм ацæуын кæнæд». Афтæ дæр ма фæзæгъынц: «Нæ фыййау дæр нæхицæй уæд!» Уыдон, арф ныхъхъуыды кæнын кæуыл æмбæлы, ахæм фæндиæгтæ сты. Нæ фыдæлтæ нын стыр бынтæ ныууагътой, фæлæ сæ цалынмæ хъæздыгдзинад хонын райдайæм, уæдмæ, цы аккаг стæм, уымæй дæлдæр бынаты уыдзыстæм, зæххыл цыдæриддæр хорзæй сфæлдыстæуыд, уыдон цы бæрзондæй зынынц, уырдæм никуы схиздзыстæм. Ирыстоны историмæ не ’ргом кæй аздæхтам, уый раппæлинаг хъуыд- даг у. Нæ абоны историйæ хъæздыгдæр у нæ таурæгъон истори, уымæн æмæ йæ иугай адæймæгтæ не сфæлдыстой, фæлæ адæм сæхæдæг, партитæ æмæ дзы змæлдтыты тæфагæн йæ кой дæр нæй, йæ цензурæ та рæстæг уыди. Рæстæг та æнусон тæрхонгæнæг у, йæ хъуыды раив-баив нæ кæны. Уæдæ цæуыннæ ахуыр кæнæм нæ таурæгъон истори скъолаты уырыссагау 281
дæр æмæ иронау дæр? Фыссын æй куы нæ хъæуы, фæрæзтæ куы нæ домы, цыдæриддæр ахуыргæнæн предметтæ ис, уыдонæй уæлдæр йеддæмæ дæлдæр куы нæ лæууы, уæд цæуыннæ хъуамæ зоной, дунейы раззагдæр эпосты фарсмæ сæрыстырæй чи бады, уыцы «Нарты кадджытæ» нæ фæсивæд? Аивгъуыйгæ фæлтæрты хуызæн нæ абоны кæстæрты дæр æнæхай цæмæн кæнæм, алы хъуыддаджы дæр сын бафæзмынмæ чи бæззы, сæ уыцы бæгъатыр фыдæлты историйæ? Нæ бирæ диссаджы бынтæй ма нæм æнæхъæнæй уыдон куы ’рхæццæ сты æмæ сыл дунейы куырыхондæр ахуыргæндтæ сæ цæст куы æрæвæрдтой, уæд сæ мах алы рæзгæ уды йæ мады ’хсыримæ цæуыннæ бауадзæм? Бирæ цæмæйдæрты сафтид нæ рæбын, фæлæ нæ зæрдæтæ афтид уæ- вын ма бауадзæм, кæннод фæсмон кæныны рæстæджы ралæудмæйы фаг дæр нал суыдзыстæм... Гыццыл ма куы уыдтæн, уæд-иу нæм нæ хæстæджытæ арæх цыдысты. Мæ зæрдыл дзы тынгдæр-тынгдæр Дзыллæ æмæ Лубæйы бадардтон. Лубæ уыди мæ’фыдæн йæ фыды хо. Дзыллæ мын куыд бавæййыд, уый ныры фæлтæрæй бирæтæ æмбаргæ дæр нæ бакæндзысты, уымæн æмæ сын ахæм хæстæджытæ кæд уыд, уæддæр сæ бацамонын сæ бон нæ бауыдзæн. Чи зоны, хæстæджытыл нымад сты æви нæ, уый дæр ма зоной, фæлæ мын уæддæр Дзыллæ куыд къабаз уыд, уый бацамондзынæн: мæ фыдæн йæ фыдыфыд Дауыт æмæ Дзыллæйы фыд Иуа уыдысты Баймайы дыууæ фырты. Уымæй ма хæстæгдæр куыд вæййы! Нæ фыдæлтæн иу фыд уыдис. Дзыллæ æмæ Лубæтадыууæ ’фсымæрæй райгуырдысты. Иудзы æрыдой- наг Баситы ус уыди, иннæ — алагираг Абайты. Уыцы дыууæ зæронд усы- иу куы баиу сты, уæд-иу нын бæрæгбоны хуызæн уыд. Лæвæрттимæ-иу нæм кæй æрцыдысты, канд уый тыххæй нæ — семæ-иу нын æрхастой, ныхæстæй зæгъæн кæмæн нæй, ахæм фарн, цин, абонмæ дæр ма чи ’ххæссы, ахæм хъæлдзæгдзинад. Сæ дыууæйæ йæ кæцы дзырдта, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ фыц- цаг хатт «Карчырдæджы аргъау» куы фехъуыстон, уæд ыл худæгæй артæн- дихтæ кодтон. Зæронд лæг æмæ усы сынтæджы хуызæн мæ быны мæхи сынтæг мæ фырхудтæй фæйнæрдæм тæгæлтæ куы фæхауа, уымæй-иу старстæн. Ар- гъау, уыдон æй куыд дзырдтой, афтæ дзургæйæ бынтон æндæрхуызонæй райхъуысид, фæлæ йын йæ мидис радзурдзынæн. Уæвгæ та аргъау даргъдæр уыди. Цæвиттон, бирæ аргъæутты хуызæн уый дæр райдыдта афтæ: «Царди æмæ уыди ус æмæ лæг æмæ сæм уыди Карчырдæг. Æргæвдынмæ йæ хъавыдысты, фæлæ йæ лæг нæ уагъта, мæллæг у æмæ йæ снард кæнын хъæуы, зæгъгæ. — Уый кæд снард уыдзæн? — хъуыр-хъуыр кодта ус— Стæй, снард и, уый цæмæй базондзыстæм? Лæг ын загъта: — Йæ фиу йæ с.й куы ракæса, уæд уый зон æмæ снард и. Ус дæр Карчырдæгмæ зилынтæ байдыдта, зилынтæ байдыдта æмæ æнхъæлмæ каст, кæд снард уыдзæн, уымæ. Хæдзары цыдæриддæр нæмыгæй уыд, уыдонæй иицæуыл ауæрста, суанг ма-иу ын сыхæгтæй сæ 282
гогызты холлагæй дæр ракуырдта — пысырайы сыфты карст къæдор цых- тимæ змæстæй. Алы бон дæр-иу Карчырдæджы фæстаджы бумбулитыл бафу кодта, кæд йæ фиу уырдыгæй разынди, зæгъгæ, фæлæ, марадз- зæгъай, кæд дзы фиуæн йæ кой дæр уыди. Уæддæр Карчырдæгмæ йæ зилын нæ ныууагъта. Уырныдта йæ, утæппæт фыдæбæттæ дзæгъæлы кæй нæ фæуыдзысты. Иу дыууæ изæры астæу та ус Карчырдæджы рацахста. Иннæ хæттытæй йæм уæззаудæр фæкаст, æмæ та йын, йæ фиу кæцæй хъуамæ разындаид, уырдæм бакаст æмæ йæ зæрдæ фырцинæй риуыл гуыпп-гуыппæй ралæу- уыд. Карчырдæг йæ къухы, афтæмæй хæдзармæ хъæргæнгæ фæтæхы: — Нæ лæг, о нæ лæг, Карчырдæгæн йæ фиу йæ с.й ракаст! Ие ’ргæвдын афон æрхæццæ. Ахсæв бæрæгæхсæв у æмæ йæ акусарт кæнæм. Лæг усыл нæ баууæндыд. Карчырдæджы йын йæ къухтæй акъахта æмæ æцæгæйдæр йæ фиу йæ фæстагæй ракаст. Куыннæ бацин кодтаид уый дæр. Карчырдæджы усмæ авæрдта æмæ, сæрдасæнау цыргъæй кæй дард- та, уыцы кард хæссынмæ хæдзармæ фæцагайдта.^ Аргæвста Карчырдæджы, уæдæ цы уыдаид. Йæ дзидза йын бахорд- той, йæ бас ын бацымдтой, йе стджытæй йын сынтæг сарæзтой, йæ бумбулийæ — баз æмæ цардæфсæстæй сæ ног сынтæджы схуыссыдысты. Æмбисæхсæвæй куы фæфалдæр, уæд усæй лæгæй кæцыдæрæн йæ цыдæр аирвæзт, æмæ æмыр гуыппы фæстæ ног сынтæг фæйнæрдæм фæтахт. Ус æмæ лæг кæрæдзимæ фесты, дæу аххос уыди, дæу аххос уыди, зæгъгæ, æмæ абон дæр сæ хылæй нæма банцадысты...» Ныр дæр ма мæ мидбылты бахудын, кæддæр мæ хъæлæсыдзаг кæуыл худтæн, уыцы аргъау мæ зæрдыл куы ’рбалæууы, уæд. Уый фæстæ бирæ аргъæуттæ бакастæн æмæ фехъуыстон, фæлæ, хæрзсывæллонæй цы фе- хъуыстон, уымæ цыдæр æндæрхуызон цæстæй кæсын... Зындзинæдтæ куыннæ федтон, хъизæмæрттæ куыннæ бавзæрстон, фæлæ уæддæр ивгъуыд дугæй куыд хъуамæ хъаст кæнон, кæд ме ’ххормаг бонтæ ницæмæуал дарын, ме скъуыд дзаумæттæм зæронд къамты куы фæкæсын, уæд мын мæ ныртæккæйы зынаргъдæр дзаумайæ дæр сæ уынд æхсызгондæр куы вæййы, уæд!.. Фæззыгон искуы-иу хатт æрдзы хъæбысмæ куы афтын æмæ дзы пъæрæпъоппыл куы амбæлын, уæд йæ мидæг гыццыл хуры хуызæн цы гага вæййы, уый мын сызгъæрин цæхæртæ скалы, цыма йæ мæ саби- дугæй рарвыстæуыд, уый хуызæн мæ зæрдæйы цины дзæнгæрæг фесты. Нæ цæхæрадоны кæрон хуссарварс къуым цъымарабын уыд æмæ дзы иу зæххы гæппæлыл гутон дæр никуы ауагътам, белæй дæр æй никуы скъах- там. Уыцы ран хæмпæлты æхсæн-мæхсæнты зади пъæрæпъопп. Цалынмæ- иу нæ цæхæрадон бафснайдтам, уæдмæ-иу æм фæндаг нæ зыдтам. Нæ хъæллæгъ æркæрдыны фæстæ-иу цыма хæмпæлтæ бæрзонддæр фесты, афтæ зынди. Хæрис бæлас зади æппæты рæбынæй æмæ-иу ыд алы аз дæр цы хуымæллæг схылд, уый тонынмæ куы бацыдтæн, уæд-иу мæм пъæрæпъоппы сырх агъудæй иугай цæстытæ алырдыгæй кæсынтæ рай- дыдтой. Иууылдæр-иу уыцы иумæ срæгъæд сты, æмæ дзы кæцыфæнды куы ахордтаис, уæддæр-иу дзы маст ад ничиуал скодта. 283
Адæймагæн-иу къаддæр æхсызгондзинад не ’рхастой куыдзы багатæ. Уыдон-иу æппæты фæстагмæ сцæттæ сты. Уыимæ цас саудæр уыдаик- кой, уыйас-иу сæ адджындæрæн хордтаис. Ацы хæрзад гагадыргъæн — кæд æй афтæ хонын раст нæу, уæддæр нæ зонын — цыма фыдынд ыом лæвæрд кæй æрцыд, уый бынтон раст нæу, афтæ мæм кæсы, уымæн æмæ, иуæй, æрæджиау кæй сцæттæ вæййы, уымæй йæ кадыл бафты, иннæмæй та, куыд загътон, афтæмæй хæрзад у. Кæд куыдзы бага æрæгвæззæджы хæрынæнбæзгæ фæстаг зайæгойтæй иу вæййы, уæд, рагуалдзæджы раздæр чи фæзыны, уыдонимæ вæййы хъæндæлы дæр. Даргъ Хуымты арæх уыди. Къобосты хъæды дæр ыл сæмбæлдаис, Фæсхъæууаты. Суадæтты хуырджын былгæрæтты зади. Хохы дзæвгар фæстæдæр сбæззы хæрынмæ, фæлæ махмæ рагуалдзæджы йæ тæккæ хорзæй вæййы. Адджынæн-иу æй хордтам, уæлдайдæр хæсты фæстæ, сыгъдæг нартхоры ссадæй конд кæрдзыны ад нæ куы ферох æмæ цæхæрай^ фых нæ хуыздæр хæринагыл нымад куы уыд, уæд. Хæрынæн адджын — уæвгæ, хæрзад зæгъын растдæр уыдзæн — бæргæ уыд, фæлæ дзы, дæхи нæ бахъахъхъæдтай, зæгъгæ, уæд-иу дæ хæрд дæ фарсæй фæ- уыдаид, уымæн æмæ-иу йæ дон буарыл кæм æркалд, уым дыккаг бон дондæппæлттæ фæзындаид. Стæй хуымæтæджы дондæппæлттæ нæ, фæ- лæ — тынг риссаг, æрæгмæдзæбæхгæнаг. Йæ донæйхъæстæйыл-иу куы андзæвдаис, уæд та-иу дæ буар тарбурхуыз райстаид æмæ цалдæр мæйы нал ссыдаид. Рагуалдзæг-иу куыддæр фæхуртæ кодта, афтæ-иу хъæндæлы хæрдмæ фæцагайдта. Иуæй-иу рæтты-иу суанг лæджы бæрзæндæн сырæзыд. Цон- джы стæвдæн зæнг дзы кæмæн уыд, ахæмтыл дæр дзы сæмбæлдаис. Йæ цъуппыл-иу тымбылкъухыйас къуыбар йæхи дидинæг калынмæ цæттæ кæнын райдыдта. Цалынмæ уыцы дæргъæццон цъæх къори æрдæгцæттæ уа, йæ зæнг ын уæд лыг кæнын хъæуы. Куыд загътон, афтæмæй арæхдæр тæнæг суадоны кæнæ суадоны тæккæ былгæрæтты зад, æмæ-иу æй бын- дзарæй куы слыг кодтаис, уæд-иу йæ доны æртæхтæн суадонмæ æнæркæлгæ нæ уыд. Доны уæлцъар-иу, цыма дзы бензин ныккалдтай, уыйау цыдæр- хуызон æрттиваг хъулæттæй айдзаг. Æвæццæгæн, судзгæ уыцы тыхæй кодта æмæ йемæ тынг арæхстгай архайын хъуыд. Дæ дзыхмæ-иу ба- ирвæзæд, æндæр-иу дзы тас ницæмæйуал уыд. Фæлæ дзы мах, зæгъæн ис, æмæ нæхи бахъахъхъæнын никуы бафæрæзтам. Йæ дон-иу кæмæн йæ къахыл æркалд — суадæтты цæуын хъуыд æмæ, нæ хæлафы фадгуытæ уæлæмæ тылд, афтæмæй бæгъæввадæй цыдыстæм, стæй нæ фылдæр уал- дзæджы къахыдарæс нæ дардта - кæмæн йæ къухыл, кæмæн та-иу дзы йæ былтæ фæхъæстæ сты æмæ-иу нæ æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвитыы ба- хъуыд. Буар кæм сыгъта, уым, æвæццæгæы, адæймаджы мидæгæй цы низтæ уыд, уыдонмæ дæр фидауцы цæстæй нæ касти. Мæ хъустыл æрцыди, фос чи дардта æмæ йæ дзугтæ сæдæгæйттæй нымайгæ кæмæн уыдысты, уыдон, дам-иу хъæндæлыйæ сасийы ныхмæ тох кодтой. Ме ’рвад Цæра- дзон та мын ахæм хабар радзырдта: «Мæ былыл цыдæр уайæгой фæзыид æмæ хъæдгом кæнын райдыдта. Нузалы — Цæрадзон Бадыхъæуы цæры — дохтыртæ мæ горæтмæ арвыстой. Æвзæр низæй мыл фæгуырысхо сты 284
æмæ мын мæ гæххæттытæ Ростовмæ арвыстой. Цæмæй тарстæн, уыцы низ мæм ссардтой. Хохмæ уыцы зæрдæсастæй ацыдтæн æмæ мæхимæ хъусыныл фæдæн. Иу заман, цы уа, уый уæд, зæгъгæ, хъæдмæ ацыдтæн, хъæндæлы ссардтон æмæ йын йæ донæй мæ былы хæлмаг байсæрстон. Кæй зæгъын æй хъæуы, дыккаг бон был ныррæсыд, фæлæ йæ ницæмæ ’рдардтон. Æнхъæлмæ кастæн, кæд æрбаддзæн æмæ хъæдгом кæд байгас уыдзæн, уымæ. Дзæвгар рæстæг рацыд æмæ та ногæй горæтмæ ацыдтæн. Ацы хатт мæм низæн йæ кой дæр нал уыд». Нæ зонын, Цæрадзоны ныхæстæ цас раст сты, уый, фæлæ гæдыйæ ницы загътон. Кæмæй йæ фехъуыстон, уый дæр нæ басусæг кодтон. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: дæ зæгъæджы зæгъ æмæ ма фæгæды уай. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад ныхæстæй равдисæн нæй. Зæрдæйы цы ’нкъарæнтæ ис, уыдон раргом кæнынмæ æвзаг никуы сарæхсдзæн, фæлæ уæддæр æнæдзургæ нæй. Хъуынайы бын дур ис, уый ничи ба- зондзæн, цалынмæ йæ байгом кæнай, уæдмæ. Райгуырæн хæдзар цы ад кæны, уый уызын дæр зоны æмæ, цалдæр боны хъæздыг фысымтæм уазæгуаты фæуыны фæстæ, дунемæ цы къудзийы бын фæзынд, уырдæм уымæн лыгъди. Æз та уазæгуаты бонтæ нæ, фæлæ дæсгай азтæ фæдæн æмæ та фæстæмæ мæ райгуырæн къуым бабæрæг кодтон. Мæ хъуыдыты, мæ сæнтты, мæ мысинæгты... 2004 аз, июнь-июль, Кисловодск. (@Щ2@к
ÆРТЫККАГ ХАЙ « Творчество — это рассказанная жизнь»^ Марина Литвинова I Фондз азæй йыл чысыл фылдæр цæуы, афтæ мæ кусæн уаты телефоны дзæнгæрæг райхъуыст. Хæтæл сис- тон æмæ мæ хъусыл ауад сылгоймаджы хъæлæс: — Дæ бон хорз! Салам#ын куы радтон, уæд мæ йæ хæдуæлвæд уырыссагау афарста: — А мамы нет? Телефонæй пайда кæнын куы райдыдтон, ууыл æнусы æмбисæй фылдæр рацыд, фæлæ мæм ахæм фарст никуыма ничи радта æмæ фæуыргъуыйау дæн, афтæмæй мæм сылгоймаг та тагъд дзуапп раттын æнхъæлмæ каст. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, бамбæрстон, дзурæг мæымæ рæдыдæй кæй æрбахауд, уый, фæлæ ахæм уавæры цы ныхæстæ фæзагъдæуы, уыдон сдзу- рынмæ ме ’взаг нæ батасыд, исты зæгъын та уæвгæ хъуыд æмæ йын, цы- быр рæстæг афæстиат уæвыны фæстæ, дзуапп радтон: — Мамы у меня сорок шесть лет нет. Бахатыр кæн, зæгъгæ, ма мын загъта æмæ хæтæл æрæвæрдта... Иуцасдæр ме ’муд æрцæуын нæ бафæрæзтон. Исчи мæ афтæ бафæрсдзæн, уый æнхъæл никуы уыдтæн æмæ алыхуызон хъуыдыты ахæ- сты дæр уымæн бахаудтæн. Цынæхуызонæй ауад мæ мад мæ цæстыл! Куыннæ хъуамæ уа амондджын уыцы адæймаг, дæ мад уæхимæ ис, зæгъгæ, бафæрсæн кæмæн ис! Уæвгæ фæрсгæ мæн дæр бакодтой, фæлæ цас амондджын дæн, мæ ныййарæджы мысгæйæ мæ царды бонтæ куы арвыстон, уæд?! Хæрзæрæджы мæ куысты фарсмæ цы афтек ис, уырдæм бауадтæн æмæ дзы йæ кусæджы саударæджы дарæсы баййæфтон. Куыд мын радзырдта, афтæмæй йæ мад фæзиан. Æз ын йæ маст фæрогдæр кæныны охыл, мæ кæстæр хотимæ бирæ азты размæ цы уавæры баззадтæн, уыцы хабæрттæ радзырдтон æмæ мын хуыздæрæн афтæ куы бакæнид, сымах гыццылтæ уыдыстут æмæ, дам, уын мæ хуызæн зын нæ уыд. Диссаг мæм фæкастысты, мæнæй бирæ кæстæр чи нæ уыд, уыцы сыл- гоймаджы ныхæстæ. Ныхас дæр ыл нæй, мад цыфæнды кары куы ацæуа, уæддæр йæ хъæбулты зæрдæты æнæбайгасгæнгæ нос ныууадзы, фæлæ ныййарæгæй дæ тæккæ мадуарзгæйæ куы фæхицæн уай, уæд уыцы рыстæн ницæимæ сбарæн ис. Мæ царды хабæрттæ дзурыны ’рдæм здæхт никуы уыдтæн. Алчи алкæй уавæр не ’мбары, стæй дæ куы бамбæрстæуа, уæддæр дын дзы цы пайда 286
ис?! Исчи дын батæригъæд кæндзæн, уымæй дæ уавæр фæхуыздæр уыдзæн?! Уæвгæ ахæм адæймæгтæ дæр ис, æмæ йæхи тæригъæддаг уавæ- ры æрæвæрынæй æхсызгондзинад чи исы, кæм хъæуы æмæ кæм нæ хъæуы, уым йæ мæгуыры бонтæ æрымысын хорз кæмæ кæсы. Æз уыдонæй нæ дæн, стæй, сидзæр дæн, зæгъгæ, мæ дзыхæй ныхас уæвгæ дæр никуы ссыди. Ныр, мæ азты дæс æмæ æртиссæдзмæ аст мæйы дæр куынæуал хъæуы, мæ цæсгом мын бонтæ дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ куы бахуым код- той, мæ сæрыхъуынтæй сæ цыппæрæмхай дæр куынæуал баззад, уæд та мыл сидзæры ном тыххæй ныхасгæйæ дæр нал сбаддзæн. Æнкъард хабæрттæ дзурын, фæлæ мæ мидбылхудт бауромын мæ бон нæу, уымæн æмæ Плиты Грисы ныхæстæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты. Йæ дзæбæх зæрдæйыл-иу куы уыди — уæвгæ йæ дзæбæх зæрдæйыл та кæд нæ уыди! — уæд-иу фылдæр хъазæн ныхæстæ кодта æмæ-иу ахæм заман йæ сидзæры кой æнæракæнгæ никуы фæци. - Æз сидзæр дæн, сидзæр,- загъта-иу уыцы æцæгхуызæй. - Мад дæр мын нæй, фыд дæр. Мæнгæй-иу ницы загъта, фæлæ йын-иу тæригъæд кæнынмæ ничи фæци, уымæн æмæ цыппарыссæдз азæй фылдæр кæуыл рацæуы, уымæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ ныййарджытæ æгас нал вæййынц æмæ-иу Грисы ныхæстæ тæригъæды æнкъарæнтæ никæмæ сæвзæрын кодтой. Фæлæ, куы зæгъын, ис ахæмтæ, йæ рихитæ халас адарынц, суанг ма йæ мад дæр æгас вæййы, афтæмæй хорздзинад рафæлгъауыны сæраппонд йæхи сидзæр чи рахоны. Мæнæн та, мæ ивгъуыд бонтæ мæ зæрдыл чи ’рлæууын кæны, уымæй дæр мæхинымæр разы нæ вæййын. Институты куы ахуыр кодтон, стæй уый фæстæ дæр, хорз мæ чи нæ зыдта, уыдон-иу мæ æфсоны ирон фарст куы акодтой, дæ мад куыд у, зæгъгæ, уæд-иу мæхинымæр батыхстæн, мæ хабæрттæ мæ дзурын кæй хъæудзæн, уымæй. Æнæрадзургæ та-иу сын уæвгæ нал уыди. Фæлæ, æвæццæгæн, дзурын æмæ фыссын иу не сты. Фысгæйæ лæгæн æвдисæнтæ нæ вæййы, йæ царды хабæрттæм ын чи цы цæстæй акæсдзæн, уый нæ фæзоны. Куы сæ базоны, уæд дæр - фæстæдæр, дунейы рухсмæ куы рацæуынц æмæ сæ кæсджытæ куы фæвæййы, уæд. Мæ ацы фыстыты дыккаг хайы фæстаг сгъæлф куы сæвæрдтон, уæдæй ыырмæ рацыд дыууæ азы æмæ сæ дарддæр фыссын, уæды хуызæн Ирыс- тонæй цалдæр сæдæ километры дарддæр дæн, афтæмæй, фæлæ уæды дуг æмæ ныртæккæйы дугæн абарæн ницы хуызы ис, уымæн æмæ уæд мæ кæстæр хо Дибæхан цардæгас уыд. Æвирхъау низы ахæсты бахаудзæн, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Уæд мæ зæрдæ æхсайдта, Дибæйы нæ, фæлæ мæ райгуырд дæр абоны хуызæн чи хъуыды кæны, мæ фыды уыцы хо Олямæ, уымæн æмæ йæ тыхст рынчынæй ныууагътон. Бон нæхимæ цалдæр хатты дзырдтон, куыд у, зæгъгæ. Дибæ ма мыл-иу бустæ дæр скодта, æнцад дæ улæфыны куыст кæн, ницы йын уыдзæн, зæгъгæ. Æмæ йын æцæгæйдæр ницы уыд. Абон дæр, куыд уыди, афтæмæй лæууы. Уæвгæ куыд уыди, уымæй фæсæрæндæр: диваныл бадынхъом фæци, фæлæ уæды хуызæн йæ уавæры раппæлинагæй ницы и. Зæгъæн ис, æмæ ни- 287
кæйуал зоны, цавæрдæр дунейы аныгъуылы æмæ кæимæдæрты ныхæстæ фæкæны. Иуæй-иу хатт адæймаджы хъуыдыты бафтауы, цыма мæнг ду- нейæ æцæг дунемæ минæвар у, адæймагмæ афтæ кæсын байдайы æмæ йын йæ ныхæстæн уæларвон нысаниуæг фæагуры... Куы зæгъын, Оляйыл сагъæс мæ цух куы нæ уагъта,.уæд Дибæ та карз низимæ йæ тæккæ тохгæнгæйæ уыд. Иæхæдæг дохтыр уæвгæйæ, алцыдæр зыдта æмæ, цыдæриддæр хосæй уыд, уыдонæй алкæцыйы дæр фæлвæрдта, æрмæст уæлæмæ ницы дзырдта. Иæ низыхатт нæ басусæг кодта æрмæстдæр иу адæймагæй - мæ бинойнаг (уæ фарн бирæ уæд!) Фатимæйæ. Уымæн дæр, куыд никæмæн æй зæгъдзæн, уый тыххæй ард бахæрын кодта, афтæмæй. Æвирхъау низæй ма, чи зоны, фервæзæн уыдаид, фæлæ Дибæ операцийы ныхмæ цæхгæр ныллæууыд. Нæ йæ бафæндыд химийы фæрæзтæй пайда кæнын дæр æмæ æртæ азы бæрц, уæззау низимæ фæтох кæныны фæстæ, æнæуи куыд сабыр уыди, афтæ сабырæй ацыди йе ’ну- сон дунемæ. Уый æнхъæл та чи уыди, не ’ппæты кæстæр нæ разæй фæуыдзæн æмæ йæ мады дыууæ зæнæгæн сæ зæрдæты, чи никуы байгас уыдзæн, ахæм нос ныууадздзæн... Æллæх, уæдæ, мады зæнæджы рыст куыд зын уромæн у! Мæ фыд- гулæн дæр æй Хуыцау ма бавзарын кæнæд. Дибæ куыд фидар разынд, ууыл æдзухдæр дис кæндзынæн, уымæн æмæ ахæм тых æмæ фæразондзинады хицау бирæтæ нæ вæййынц. Верин- кæйы мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта: мæлгæ-мæлын дæр ма мах мæт кодта. Æппæты тынгдæр та мæнæн тарст, ахсæв, дам-иу æй Музаферæн ма зæгъут, æмæ ма мæ фæлмæнзæрдæ ныййарæджы руаджы ацы дунейы иу æхсæв, мæ мадæн æгас æнхъæл уыдтæн, афтæмæй фæцардтæн. Дибæ та мæ йæ низ цалдæр азы фембæхста. Цавæр тыхджын æнкъарæнтæ хъуа- мæ тæлфа уыцы зæрдæйы, дæ уды катай кæнгæйæ, дæ низы кæрон цæмæ цæуы, уый зонгæйæ йæ хо æмæ йе ’фсымæрыл сагъæс кæй уыди, уыдо- ны зæрдæ ма фæриссын кæныны мæт кæй æндæвта. Уыцы рæстæджы Райæ йæ фырт, йæ чындз æмæ сæ дыууæ сывæлло- нимæ уыдысты Грецийы æмæ йæ кæд се ’рбацыд тынг фæндыд æмæ сæм алы бон дæр æнхъæлмæ каст, уæддæр йæ зæрдæйыуаг никуы равдыста. Нал сдзæбæх уыдзæн, уый куы базыдта, уæд йæ зæрдæйы катай æмæ сагъæстæ йæ боныджы фыссын райдыдта. Уæвгæ бынтон йæ ныфс ни- куы асаст. Чысыл-иу куы рангæсдæр, уæд-иу йæхицæн ныхæстæгæнæгау загъта: «Чи зоны, æмæ ма сыстон...» Ахæм заман-иу мæхи зæрдæ дæр цæуылдæр фæлæууыд æмæ-иу, дызæрдыгдзинадæн йæ кой дæр кæм нæ уыд, ахæм хъæлæсыуагæй йæ хъуыдыйы фарс рахæцыдтæн: «Сыстдзынæ, уæдæ цы кæндзынæ! Рынчын чи кæны, уыдон дзæбæх куы нæ кæник- кой, уæд зæххыл цæрæг куынæуал уаид». Райæ æмæ мын æй Фатимæ та афтæ фæзмыдтой: «Тæхуды, æмæ дæхи æрцараз, афтæмæй ма иу хатт уæддæр горæты уынгты ’руай!..» Фарон сæрды дæр ма Дибæ йæ къæхтыл цыд. Уымæй размæ йæ куыст ныууадзынвæнд цалдæр хатты скодта. Æз-иу кæддæриддæр йæ ныхмæ радзырдтон. Ныхмæ, зæгъгæ, цæхгæр никуы ныллæууыдтæн, фæлæ-иу 288
ын мæ хъуыды бамбарын кодтон, куыст уадзын афон дын нæма у, зæгъгæ. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма йæ куыст куы ныууагътаид, уæд йæхимæ хъусыныл фæуыдаид æмæ йе ’нæниздзинад цæхгæр фæцудыдта- ид. Бафæлладтæн, зæгъгæ-иу мын загъта, фæлæ йæ низы кой никуы скодта. О, æмæ йæ боныджы кой кодтон. Йæ хъуыдытæ фыссын дзы, йæ мидсагъæстæ кæмæн ракæна, ахæм адæймаг куы нæ уыди — чи дзы уыди, уыдонæй та сæ сусæг кодта - уæд фыссын райдыдта. Мæнæ дзы цалдæр рæнхъы: «Абон мын улæфты бон у. Цымæ афтæ æнкъард цæмæн дæн? Мæ цæссыгтæ згъæлынц æмæ згъæлынц. Кусын дæр мæм ницы цæуы. Кæд мæ буары цы къуызыр фæзынд, уый тыххæй. Æмæ мын рисгæ дæр куы нæ кæны. Цы бон æй базыдтон, уæдæй фæстæмæ йын компрестæ кæнын. Куыстмæ дæр афтæмæй цæуын. Мæлæтæй æппындæр нæ тæрсын. Тæрсын, бирæ хъизæмæрттæ куы фæкæнон, уымæй. О Хуыцау, куыд тæхуды кæнын, чи амард æмæ кад æмæ радимæ кæй баныгæдтой, уыдонмæ! Æз бæлвырд зонын мæ низ, уæлдайдæр та мæ мард æнæкæрон стыр зын кæй æрхæсдзæн мæ иунæг æфсымæр æмæ мæ иунæг хойæн, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ сывæллæттæн. Хуыцау мын ахæм амонд ратгæд, æмæ се ’ппæты разæй куыд фæуон. Хуыцау дзы мæ разæй макæй фæкæнæд: ахæм уæззау цæфæн нæ бафæраздзынæн. Фæстаг рæстæг теле- фоны дзæнгæрæгæй афтæ тæрсын райдыдтон, æмæ мæ тас ныхæстæй зæгъын мæ бон нæу. Цыма мын исчи мæ низы тыххæй исты æвзæр зæгъдзæн, афтæ мæм фæкæсы. О Хуыцау! Мæ цæссыгтæ бауромын мæ бон нæу. Æгъгъæд фæуæд. Мæ цæссыгтæй ницыуал уынын æмæ нал фыссын. О Хуыцау, тагъддæр мæ дæхимæ айс. Ахæм цардæй цæрын мæ бон нал у. Алкæй æмæ алцæйы тыххæй мæт кæнынæй бафæлладтæн!!! 2004 азы 4 январь райсомы 9 сахаты». Иннæ ран та фыссы, Райæмæ куыд тынг æнхъæлмæ кæсы, уый тыххæй: «Æмæ мæнæ ’рбадзырдта мæ хо. О Хуыцау, куыд бæллын йæ фенынмæ! Ам кæй нæй, уый мыл куыд тынг зыны. Æнæхай дæн йæ узæлд, уарзон- дзинад æмæ рæвдыдæй. Мæ сæр кæм фæцæвон, уый нæй. Цæрын, кæд æрбаздæхдзысты, уыцы бæллиццимæ». Æмæ æцæгæйдæр 2005 азы фыццæгæм июлы, фараст азы æддæ фæуыны фæстæ, Райæ æрбаздæхт. Æргом дзургæйæ, æз ын рæэджы æрбацæуын æнхъæл нал уыдтæн, уымæн, æмæ мын уымæй размæ алы аз дæр æрбацæ- уынæй зæрдæ æвæрдта. Райæйы нæхимæ тынг фæндыди, уый зыдтон. Те- лефонæй-иу куы ныхас кодтам, уæддæр-иу æнæкæугæйæ дзурын йæ бон нæ уыд, нæхимæ мæ фæнды, фæлæ, дам, чысыл лæппу æмæ чызджы куыд ныууадзон, сæ ныййарджытæ кусгæ куы кæнынц, уæд. Бæлццоны фæзынд не ’ппæтæн дæр æхсызгон куыннæ уыди, фæлæ, æвæццæгæн, Дибæйæ стырдæр цин никæмæн æрхаста. Уæд ма фæстаг хатг йæ бæрæгбоны дарæс скодта æмæ Райæтæм æрбацыд. Цæргæ дæр иу кæрты кодтой æмæ йæ дард цæуын нæ хъуыд. Райæ йын, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ уæззау низы хабæрттæ нæ зыдта æмæ йыл уыцы хъæлдзæгæй сæмбæлд. Дибæйæн та йæхи дарын амонын нæ хъуыди. Æз ыл уыйбæрц рæстæг кæм никуы фæдызæрдыг дæн, уым ыл Райæ иу хатт фембæлгæйæ 19 Дзасохты М. 289
куыд хъуамæ фæгуырысхо уыдаид. Мах дæр нæхи хъæлдзæг дардтам. Цалдæр боны фæстæ хабæрттæн æнæрадзургæ нал уыд, æмæ мæ фыдгул дæр Райæйы хуызæн куы фæуыдаид. Сывæллæттæй фæстæмæ иннæ би- нонтæ фæсарæнты баззадысты, сæ раздæхыны гæххæттыты ма цыдæр кæнинæгтæ кæй уыд, уый тыххæй. Хабар уырдæм куьг>байхъуыст, уыцы рæстæг Грецийы иу хосæй тынг æппæлыдысты. Рады, дам, æм цалдæр- гай мæйтæ лæууын хъæуы. Чындз Жаннæ (Дзуццон) кæмæйдæр зынаргъæй рад балхæдта æмæ хос нымад бонтæм йæ къухы бафтыд, фæлæ йе ’рбар- витын бынтон æнцонтæй нæ разынд: арæныл джигул кодтой æмæ, тæнгъæд цы авджы уыд, уый хæссынмæ йæ ныфс ничи хаста, фæлæ йæ цалдæр фæлтæрæны скæныны фæстæ Жаннæйы бон æрбарвитын баци. Дибæ йæ нуазын бæргæ райдыдта, фæлæ йæ уавæрыл хуыздæрырдæм нæ зынд, ницы фæхуыздæр, нызт æй куы фæци, уæд дæр. Алыхуызон хостæ йын схастой - уыдоы дæр фæсарæйыæгтæ - нæ хæрæфырт Цомайты Сослæмбег æмæ йæ бинойнаг Фатимæ дæр. Уыдон сæхæдæг дыууæйæ дæр дохтыртæ сты æмæ’йын, цавæр хос хъæуы, уый куыннæ зыдтой, фæлæ низ афтæ арф ацыд, æмæ йын ницуал баххуыс кодтой. Хорз цæстæй йæм канд хиуæттæ нæ кастысты — уæлдайдæр та Райæ æмæ мæ бинойнаг, фæлæ æцæгæлæттæ дæр. Ссæдз азæй фылдæр бакуыста фельдшер Суетнова Ленæ- имæ. Ахæм бон не скодта, цалдæр хатгы йæ кæд нæ абæрæг кодта. Иннæ ахæм Хъайтмазты Фатимæ, Карели Этери, Дзыгасты Ларисæ, Гусаты Зойæ æмæ бирæ æндæртæ. Дибæйæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ алкæйы фæзынд дæр æхсызгон уыд. Йæ низ-иу дзы æрбайрох æмæ йæ цыма æппындæр ницыуал хъыг- дарæг уыд, уый хуызæн йæхи дардта. Зæрдæсæттæн ныхас дзы никуы фехъуыстон, лæмæгъæй йæхи никуы равдыста, цы йæм æнхъæлмæ кæсы, уый йæхицæй хуыздæр ничи зыдта, афтæмæй, йæхи куыд дардта, ууыл æппындæр никæцырдыгæй зынди. Мæхинымæр дис кодтон, уыйбæрц ныфс æмæ йæм хъару кæцæй уыди, ууыл. Дисы ма мæ бафтыдта, иу хатт мын, афтæ зынаргъ уын дæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн, зæгъгæ, куы загъта, уæд дæр. Дибæ нæ кæстæр уыди æмæ не ’ппæтæй æнæрæвдыддæрæй баззад, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд нæ фæрæдидзынæн. Уый, мæнмæ гæсгæ, йæхæдæг дæр æмбæрста, æндæр йæ боныджы нæ фыстаид: «Рак сæвзæры, сывæллонæй исты уæззау психологон цæф чи бавзары æмæ йæ царды дæргъы йе ’ппæт æппæрццæг монцтæ æмæ æнкъарæнтæ йæ зæрдæйы чи фæхæссы, ахæм адæймагмæ. Психологон цæфтæм хауынц: дæ уарзон дæ куы афæлива, дæлджинæг дæ куы чындæуа, гадзрахатæй дыл куы рацы- дæуа, рæстæй дæ куы ’фхæрдæуа. Уыцы хъуыддæгтæй æз ницы бавзæрстон? Æгæр дæр ма бавзæрстон. Æрмæст мæ куысты цы ’нæрай хъуыддæгтæн уыдтæн æвдисæн, уый дæр мын фаг уыди. Уæлдайдæр диспетчерон службæйæ». Дибæ æдзухдæр рæстдзинадыл тохгæнæг уыд. Йæ хъуыды никæмæй æмбæхста. Уæлдай йын нæ уыд, хуымæтæг кусæг уа æви хицау. Галиу хъуыддаг уынгæйæ, йæ иувæрсты никуы ахызт. Куынæуал уыд, уæд йе ’мкусджытæй иу афтæ загъта: «Ныр ма-иу нæ фарс чи рахæцдзæн?». Раздæр 290
йемæ чи куыста, уыцы сылгоймæгтæй йæ иу йæ рынчыны рæстæджы куы бабæрæг кодта, уæд дзы уый та хатыртæ куырдта, Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыры ном йæ разæй кæй райста, уый тыххæй. Дыууадæс æмæ ссæдз азы бакуыста Дибæ тагъд æххуысы станцæйы кардиологæй. Раздæр — æхсæвыгон, фæстæдæр та — бонæй. Иу сме- нæйы-иу йе ’ххуыс бахъуыд дæсгай тыхст рынчыыты æмæ дзы иу ра- хъастгæнæг никуы фæци. Хъаст нæ, фæлæ дзы иууылдæр бузныг уыдыс- ты, арфæтæ йын кодтой. Уыцы арфæтæй-иу æз дæр æнæхай нæ уыдтæн. Раджы кæддæр æххуысмæ фæзынди, бирæ азты «Севосетинавтодор»-ы разамонæгæй чи фæкуыста, Æлбегонты уыцы Хасанмæ, æмæ-иу мæ Ха- сан кæм федта, уым-иу æнæмæнг Дибæйы кой ракодта. Æппæлыди дзы, тынг, дам, мын баххуыс кодта. Уыцы цауыл дзæвгар азтæ рацыд, æмæ та Æлбегоны-фырты дохтыры æххуыс бахъуыди æмæ та йæм æнæнхъæлæджы Дибæйы цæугæ æрцыди. «Тагъд æххуыс»-мæ алчидæр тагъд фæзынын æнхъæлмæ фæкæсы, фæлæ уыцы хатт дохтыр, цафон æмбæлд, уымæй фæстæдæр æрбацыд. Дибæ хатыр ракуырдта, кæй афæ- стиат сты, уый тыххæй, мах аххос нæ уыди, электрокардиограммæ барæн аппарат, дам, асаст æмæ цалынмæ уый цалцæг кодтам, уæдмæ нын бай- рæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, рынчынæн æмбæлгæ æххуыс бакодтой, фæлæ дыккаг бон Хасан Дибæйæн барвыста электрокардиограммæтæисæн зынаргъ дзыхъхъынног аппарат. Дибæйæ цæрæнбонты арфæгондæй баззад нæ республикæйы адæмон артист, зындгонд драматург Темыраты Давид дæр: «Мæнмæ гæсгæ, адæймаджы царды æнæниздзинадæй стырдæр хæзна нæй. Хуыцаумæ куы фæкувæм, уæд фыццаджыдæр курæм æнæниздзинад. Не ’рдхæрдтæн арфæ куы фæкæнæм, уæд сын фыццаджыдæр фæзæгъæм, æнæниз у, зæгъгæ. Нæ кæстæрты хорздзинадмæ куы фæбæллæм, уæд сын фыццаджыдæр Хуыцауæй, дауджытæй курæм æнæниздзинад. Æмæ, уыцы хъуыддагæн йæ цард чи снывонд кодта, уыдонæй зынаргъдæр адæм нæй. Уыдон мæнмæ кæсынц æппæты уæздандæр, æппæты фæрнджындæр æмæ уарзондæр адæм. Уыдон сты дохтыртæ. Æмæ æрвылбон дæр кæй цæрæнбонмæ хъуа- мæ кувæм, уыдонæй иу у Дзасохты Дибæхан. Куыдæй базыдтон Дибæханы? Тыхст уавæры уыдтæн: инфаркт мæ ’рцах- ста. Фæдзырдтой дохтырмæ. Дохтыр æрцыди, федта мæ æмæ загъта: «Рай- сом æй рынчындонмæ аласут, анализтæ скæндзыстæм æмæ зæгъдзыстæм, цы кæнгæ у, уый». Дохтыры ацыды фæстæ мæ уавæр фæфыддæр. Би- нонтæ куы ницыуал сæ сæрæн хос зыдтой, уæд «Тагъд æххуыс»-мæ фæдзырдтой, æмæ Дибæхан йе ’мбалимæ æрбахæццæ. Уайтагъд уколтæ кæнынмæ февнæлдтой. Ноджы тугдадзинтæ дæр дзæбæх нал зындысты, æмæ сын уый сæ куыст зындæр кодта. Йæ хид къоппæй калд, афтæмæй æппæт дæр сарæзта, цæмæй мæ уавæр иучысыл уæддæр фæхуыздæр уыда- ид. Иуцасдæр куы рангæс дæн, уæд Дибæхан загъта, æнæмæнг рынчын- донмæ ласгæ у, зæгъгæ. Сыхæгтæй кæмæдæрты фæдзырдтой æмæ мæ асинтыл куы ’рцæйхастой, уæд сын Дибæхан амыдта, арæхстгай мæ хæссын куыд хъæуы, уыдæттæ. Реанимацийы мæ сæвæрдтой æмæ мæ уым дæр цух нæ ныууагъта. Цал боны дзы фæдæн, уал хатты мæ бабæрæг 291
кодта, бафарста-иу мæ ме ’нæниздзинадæй, запьта-иу мын, дарддæр цытæ кæнын хъæуы, уыдæттæ. Абон мæнæн фидарæй мæ бон зæгъын у: иу цард мын радта Хуыцау, мæ дыккаг райгуырдыл та нымайын, Дибæхан мæ куы фервæзын кодта, уыцы бон. Дибæханæн мæ зæрдæ зæгъы бирæ хорздзинæдтæ. Стыр цинтæ дæр хорз сты, стыр бынæттæ дæр - афтæ, фæлæ, Дибæ- хан, дæу бынат у æппæтæй амондджындæр бынат, æппæтæй арфæйагдæр бынат æмæ дзы фæрнæй, дзæбæхæй бирæ азты фæкус!» Æмæ мыл кæцырдыгæй нæ сæмбæлди Дибæйы тыххæй арфæтæ! Су- анг-иу, æппындæр æнхъæл кæцырдыгæй нæ уыдтæн, ахæм рæттæй дæр. Иу райсом та мæм телефонæй Ирыстоны адæмон поэт Гуырдзыбеты Иринæ æрдзырдта: — Дæ хо Дибæхан мæ фыдбылызæй фервæзын кодта. Йæ цæрæнбон бирæ уæд! — загъта Ирæ. Цы кодтай, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын радзырдта: — Мæ ходыгъд культурæйы министры хæдивæгæй кусы. Йæ куысты йæ зæрдæ бавзæр. Æз йæ цуры фæдæн æмæ йын, ахæм сахат мæхæдæг цы хостæй фæпайда кæнын, уыдонæй иу авæрдтон æмæ куы фæфыддæр уаид. Фырадæргæй ма цы акодтаин, уый нал зыдтон. Цалынмæ «Тагъд æххуыс»-ы машинæ цыди, уæдмæ мæхицæн бынат нал ардтон. Уалынмæ дохтыр къæсæргæрон фæзынд. Ныр мах рынчыны алыварс æмбырдæй лæууæм. Дохтыр уайтагъд рынчыны цур февзæрд æмæ йын цыбыр рæстæгмæ, цыдæриддæр хъуыд, уый йæ фельдшеримæ акодтой. Сыл- гоймаг æрчъицыдта. Цалынмæ æрномыл æмæ йæм йæ зæрдæ ницæмæй- уал æхсайдта, уæдмæ йæ цурæй нæ ацыд. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ мæ ходыгъдыл исты ’рцыд, уæд ме ’фсон фæуыдаид. Дибæ уый дæр æмæ мæн дæр фыдбылызæй фервæзын кодта. Мæ бæсты ма йын-иу ноджыдæр иу хатт арфæ ракæн... Æнхъæлдæн, Владимир Бехтерев загъта, рынчынæн дохтыримæ аны- хас кæныны фæстæ йæ уавæр куы нæ фæхуыздæр уа, уæд уый ницы дохтыр у. Дибæ цыфæнды тыхст рынчынимæ дæр ныхас кæнын зыдта. Суетнова Ленæимæ, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй ссæдз азæй фылдæр фæкуыста æмæ уый куыд зæгъы, афтæмæй Дибæйы хуызæн рынчынтимæ ныхас кæнын бирæтæ нæ зыдтой. Кæмæнфæнды дæр-иу ахæм ныхæстæ ссардта, йæхимæ хъусынæй-иу æй чи фервæзын кодта, йæ тыхтыл-иу кæйфæрцы баууæндыд, ныфс-иу дзы чи бауагъта. Йæ уыцы миниуæг ын æз дæр хорз зыдтон. Цыдæр мæ риссы, зæгъгæ- иу ын куы загътон, уæд-иу мæ æппæты фыццаг мæ тæссаг хъуыдытæй фервæзын кодта, зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæм ныхæстæ-иу райардта æмæ-иу мæ цыма ницыуал рыст, афтæ-иу мæм фæкаст. Мæхицæй-иу фефсæрмы дæн, ахæм ницæйаг хъуыддаг Дибæйæн хъæр та куыд скод- тон^ зæгъгæ. Иæхицæн дæр ныфсытæ кæй æвæрдтаид, уый мæ фидарæй уырны, стæй канд ныфсытæ нæ. Бирæ азты дæргъы иста алыхуызон газетгæ æмæ журналтæ, рафыста-иу медицинон брошюрæтæ æмæ чингуытæ. Фембырд кодта æмæ бахуыдта газет «Здоровый образ жизни». Уым куыннæ уыда- 292
ид, алыхуызон низтæ чи дзæбæх кæны, ахæм хостæ! Æмæ дзы йæхицæн баххуыс кæнын æнхъæл кæмæй уыд, уыдонæй бирæты бафæлвæрдта, фæлæ йын дзы никæцыуал баххуыс кодта. Райæ Грецийæ куы ’рбацыд, уыцы бон изæрæй æрхуыссыд æмæ уæдæй фæстæмæ нал сыстад. Иæ амæлæтæй дзæвгар раздæр 2003 азы 6 октябры райсомы 10 сахаты æмæ 10 минутыл фыста: «Тынгтæрсын, уазал, къæвда- бон куы амæлон, уымæй. Исчи мæн тыххæй суазал уа, схуылыдз уа, уæлдайдæр — фæрынчын уа, уый мæ нæ фæнды. Ме стырдæр курдиат, мæ фæстаг фæдзæхст: мæ зæрдæмæ тынг хæстæг чи у æмæ бирæ кæй уарзын, мæ уыцы райгуырæн бæстæ Бæрæгъуыны-иу мæ баныгæнут». Мæхицæн та мын афтæ загъта: «Нæ хæдзар мæм кæцæй зына, нæ уæлмæрдты-иу мæ ахæм ран баныгæн». Ахæм ныхæстæ-иу куы кодта, уæд-иу мын зын куыннæ уыдаид, зæрдæтæ йын-иу авæрдтон, фæлæ Дибæ, æвæццæгæн, йæ уавæр мæнæй хуыздæр зыдта æмæ 2005 азы 16 ноябры æхсæвы иу сахат фондз минуты хъуаг куы уыд, уæд йæ зæрдæ йæ ку- сынæй банцад. Æз йæ цурæй уымæй чысыл раздæр рацыдтæн æмæ мæм фæсæмбисæхсæв фæхабар кодтой, Дибæ нал и, зæгъгæ. Йæ цуры уыды- сты Райæ æмæ Фатимæ. Уыцы ’хсæв уæлдай тыхстдæр уыд: йæ улæфт улæфты æййæфта, йæ сынтæджы-иу рабадт, фæлæ, йæ царды кæрон æрхæццæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн, уымæн æмæ йæ уымæй размæ тыхстдæртæй дæр федтон. Къостайæн, мæгуыр, мадызæнæг дæр куы нæ уыди, уæддæр хъарæггæ- нæгау афтæ куы фыста: «Мæ мадызæнæг мæ мардыл кæуа». Куыдтам мах дæр Райæимæ нæ мадызæнæджы мардыл, мæ фæлмæн, æгъдауджын, фыр- нымд æмæ алцæмæй дæр рæсугъд мадызæнæджы мардыл. Райæ ма мæм афтæ дæр æрбахъарæг кодта, Дибæимæ, дам, нæ дæхицæй амондджындæр хуыдтай, сымахæй алкæмæн хо дæр ис, æфсымæр дæр, мæнæн та — æрмæстдæр хотæ, ныр, дам, мæнæн æфсымæр йеддæмæ хо нал ис. Дибæйы царды фæстаг цалдæр боны хур мигъты фæсте нæ ракаст, фæлæ 16-æм ноябры куы срухс, уæд арв уыцы сыгъдæгæй разынд. Ахæм хорз рæстæг скодта йæ ныгæнæн бон дæр. Йæхæдæг цæмæ бæллыд, ахæм бон. Æвæццæгæн, йæ курдиат уæлæрвтæм фехъуыст. Бæрæгъуыны йæ кæй баныгæндзыстæм, уый бæлвырд уыд, фæлæ нæ хæдзар кæцæй зына, ахæм бынат уæлмæрдты разындзæн, ууыл мæ зæрдæ нæ дардтон æмæ та бахъуаджы сахат мæ хуыздæр æмбал Лолаты Хадзыби мæ фарсмæ ’рба- лæууыд. Телефоны йæм ныдздзырдтон æмæ мын чысыл рæстæджы фæстæ фехъусын кодта, ахæм бынат уæлмæрдты разынди, зæгъгæ, фæлæ йæ дæхæдæг куы фенис, уæд, дам, хуыздæр уаид. Мæ хæрæфырт Артуримæ машинæйы абадтыстæм æмæ Хадзыбиимæ уæлмæрдтæм ацыдыстæм. Дис- саг мæм фæкаст, уыцы бынаты иыронг куыд ничи ныгæд æрцыд, уый. Чехойты Сæрæби æмæ Хъуппеты Гугуйы фарсмæ, нæ хæдзар æппæты хуыздæр кæцæй зыны, ахæм ран уæгъд разынд, æмæ Дибæйæн Бæрæгъуы- ны кæстæртæ (цардаудæн сыл фæкæнæд!) йе ’нусон бынат сцæттæ код- той. Фæстæдæр райгуырдысты ацы рæнхъытæ: 293
Лфтæ дæ фæндыд, Дибæ, мæ хæдзар: Бæрæгъуыны баныгæдтам дæу. Лрдыгæй дæм хорз зындзæн нæ хæдзар, Лрдыгæй дæм хорз зындзæн нæ хъæу. Кæддæр Веринкæйæн мæрдтæм зæрдæтæ бæргæ æвæрдтон: Ныллæг æркъул кодтам нæ сæртæ, Нæ цæссыгтæй ысуымæл зæхх. Нæхимæ ма ’хсайæд дæ зæрдæ: Ыстæм æртæйæ дæр дзæбæх. Ныр уыцы ныхæстæ зæгъын мæ бон никуыуал бауыдзæн... Диссаг у, æвæдза, цард. Йæ мидис, йæ нысаниуæг ын ничима раир- тæста. Фæцæр, бирæ цыдæртæ базон, цыдæр ис-бисы хицау су æмæ иу бон се ’ппæтæн дæр хæрзбон зæгъ æмæ сау мæры зулчъыты амæттаг дæхи бакæн. Цымæ уый тыххæй райгуырын æмбæлы? Омар Хайям афтæ загъта, æз, дам, куы зыдтаин, цард ахæм уыдзæн уый, уæд гуыргæ дæр нæ ракодтаин (цыма йæ райгуырд йæхицæй аразгæ уыд!). Дзуттæгтæм та ахæм æмбисонд ис: чи нæ райгуырд, уымæй хуыз- дæр никæмæн у, фæлæ алкæмæ ахæм амонд нæ хауы. Райгуыр, фæхъизæ- мар кæн æмæ амæл. Мæнмæ уым бæллиццагæй ницы кæсы. Фæлæ кæд, мыййаг, адæймаджы цард ууыл нæ фæвæййы? Чи зоны, йæ райдайæн у? Мæлæт æрмæст йæ буарæн ис, йæ уд та æнусон у?.. Истæмæй тынг куы фæтæрсæм, уæд кæд, мыййаг, хуымæтæджы афтæ нæ фæзæгъæм: «Мæ уд мæ къæхты бынæй ауад!» Фæлæ нæ тас куы ’рцæуы, уæд та уд йæ раздæры бынат бацахсы æмæ йæ иинæ ахæм фæтар- сты онг хъыгдарæг нал вæййы? Нæ тарстæн æфсон куы вæййы æмæ ныл мæлæтдзаг цæф куы сæмбæлы, уæд дæр, æвæццæгæн, ыæ уд нæ къæхты бынæй ауайы, æрмæст фæстæмæ нал æрбаздæхы. Кæй нал æрбаздæхы, уый бæлвырд у, фæлæ цы фæвæййы? Кæдæм атæхы æмæ дарддæр цы кусæг вæййы? Уыдон, чи зоны, æмæ æдылы фæрстытæ сты, фæлæ лæг хъуыдыты куы ацæуы, уæд сын иуæй-иу хатт сæры æнæсæвзæргæ нæй. Æрмæст сын дзуапп раттын ныронг никæйбон ма баци. Æрдз кæнæ Хуы- цау адæймагæн цы зонд радта, уый дæр ын, зæгъæн ис, æмæ æгæр бирæ у, уымæн æмæ дзы пайда кæнын нæ зоны. Йæхицæн дзы хорздзинæдтæ аразыны бæсты йæ фыддзинæдтыл æфтауы, дунейы сæфтмæ чи тæры, ахæм мадзæлттæ хъуыды кæныныл æй хардз кæны... Уыдис Дибæ æмæ нал ис. Веринкæйы дæр Джеуæргуыбайы мæй аха- ста æмæ Дибæйы дæр: Кæуындзæг кæмдæр мæ хъуыры бады, Судзины фындз зæрдæсæр рæхойы... Лцы мæй мын ахаста мæ мады, Лцы мæй мын ахаста мæ хойы. Æмæ рагацау алцæуыл дæр куыд ахъуыды кодта, уый та?! Йæ цæсты- тыл уадысты канд йæ фæстаг бонтæ нæ, фæлæ чырыны хуысгæйæ цы хуызæн уыдзæн, уый дæр. Уым та хъуамæ йæ къам стырдæр истæй æвæрд 294
^ыдаид. Æмæ равзæрста, йæхи зæрдæмæ тынгдæр чи цыд, уыцы къам. Йæ дохтыры дарæсы, йæ фонендоскоп йæ хъуырыл ауыгъд, афтæмæй. Кæд æй цалдæрæй иумæ кæм уыдысты, ахæм къамæй сисын кодта, уæддæр хорз рауад. Хъæлдзæгæй, йæ мидбылты худгæйæ. Райæйы лæппуйы лæппу æхсæзаздзыд Марат, къам фыццаг хатт куы федта, уæд йæ фыдымады цымыдис фарст акодта: — Дибæ дохтыр уыди? «О», зæгъгæ йын куы загъта, уæд йæ цымыдисдзинад фæфылдæр: — Æмæ уæд йæхи цæуыннæ дзæбæх кодта? Бынтон æндæр фæрстытæ йæ кодта Артуры чызг Даянæ. Дибæ куынæ- уал уыди, уæд цыппараздзыд чызг йæ фыдымадмæ æруырдыг: — Улæф, зæгъгæ, йын цæуыннæ загътай? Загътай йын, улæф, зæгъгæ? Антон Чехов афтæ фыста: «Зæрдæйæн адджын, зынаргъ, æнæфе- рохгæнгæ сабидуг! Æнустæм чи ацыди, фæстæмæ раздахæн кæмæн нал и, уыцы рæстæг нæм, цы уыди, уымæй рухсдæр, бæрæгбонхуыздæр æмæ хъæздыгдæр цæмæн фæкæсы?» Алы адæймагæн дæр йæ райгуырæн зæхх зынаргъ у. Уæвгæ фыдыбæстæ зынаргъ у, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд фæрæдидзынæн, уымæн æмæ Фыдыбæстæйæн аргъ нæй. Райгуырæн уæзæг адæймагæн у йæ ивгъуыд, йæ абон æмæ сом, йæ цин æмæ хъыг, йæ фарн æмæ амонд, йæ кад æмæ намыс. Райгуырæн бæстæ æмæ ный- йарæг мадæн аргъ нæй. Уыдон адæймаджы хъæуынц канд æгасæй нæ, фæлæ мардæй дæр. Александр Фадеев йæхимæ йæ къух систа. Цæмæн, ^ый, йæ мæлæты размæ цы писмо ныууагъта, уым бæлвырдæй дзуры. Йæ фыстæг фæвæййы ахæм ныхæстæй: «Курын, æмæ-иу мæ мæ мады фарсмæ баныгæнут». Дибæйы, нæ хæдзар æм кæцæй зынд, уым баныгæдтам. Тынг хæстæг æм у Веринкæйы ингæы дæр. Сæ уарзон зæххыл æрæнцадысты, кæрæдзийы уындæй чи нæ бафсæст, уыцы ныййарæг æмæ хъæбул. Æну- сты дæргъы сæ ничиуал фæхицæн кæндзæн. Махæн та уыдзысты цæрæнбонты мысинаг, цалынмæ цæрæм, уæдмæйы рис æмæ цæссыгты суадон. Дибæ цавæр адæймаг уыд, уый мæм йæ мæлæты фæстæ тынгдæр хъа- рын райдыдта, йæ фæлгонц мæ разы ирддæрæй разынд. Уый, æвæц- цæгæн, æдзухдæр афтæ вæййы. Цæстæй цы фæуынæм, уымæн фаг аргъ . нæ фæкæнæм. Æндæр Дибæйы хуызæн адæймæгтæн хъуамæ уæлдай кад кæниккам, уымæн æмæ алцæмæй дæр фæзминаг вæййынц. Цымæ искуы искæй зæрдæхудты бацыд?! Не ’мбæлд, афтæмæй тызмæгæй сдзырдта?! Искæй йе ’ххуыс хъуыд æмæ йæ рæзты ахызт?! Рæстæй æфхæрды нæ барæвдыдта?! Никуы никæй батыхсын кодта. Суанг йæ мадызæнæгхо æмæ æфсымæ- ры дæр. Фæлмæн дзыхы ныхас йеддæмæ дзы зæрдыл ницы лæууы. Цы- фæнды зын ын-иу куы уыди, уæддæр æй æддæмæ никуы равдыста. Иунæгæй цæргæйæ йæхи иунæг никуы хуыдта. Йæ хæрзæфснайд уаты йын бирæ хæлæрттæ уыди: чингуытæ æмæ газеттæ, журналтæ æмæ бро- шюрæтæ. Уарзта литературæ. Уæлдай æнувыддæр уыди ирон фысджыты уацмыстыл. Æрмæст се ’ппæтыл нæ. Уыдис дзы, йæ зæрдæмæ чи нæ 295
цыд, ахæмтæ дæр æмæ-иу мын æргомæй йæ хъуыды загъта. Кæрæдзийы- иу бамбæрстам. Дибæйы зæрдæмæ цы фыстытæ нæ цыдысты, уыдон-иу фылдæр хатт мæнæн дæр æцæгæлон уыдысты, æз дæр сæм Дибæйы хуы- зæн цæстæй кастæн. Цыд йæ зæрдæмæ поэзи дæр. Йæ боныджы йын ссардтон ахæм фыст: «Ацы хуымæтæджы, фæлæ зæрдæйæ фыст æмдзæвгæйæ нын 1992 азы 29 апрелы нæ ном ссардта нæ шофыр Борис Фисюков: Диба, Лена и Залина* Ищут хлеба в магазинах. В магазинах хлеба нет, Значит, сорван наш обед. «Мчимся мы на площадь Штыба! — Так скомандовала Диба, — Там всегда бывает хлеб. Значит, будет нам обед. Если хлеба нет нигде - Перебьемся на воде.— Виновата в этом только Горбачева перестройка». Куы зæгъын, Дибæ поэзи бирæ уарзта. Райæйæ уый зæгъын мæ бон нæу. Уый чысылæй фæстæмæ дæр чингуытæ æмæ газеттæм хъусдарæг нæ рахаста. Стæй, раст куы зæгъон, уæд æй уымæ æвдæлгæ дæр нæ кодта. Ацы дунейы нал ис, Дибæйы хуызæн ма мын мæ фыстытæ чи кæсдзæн, иунæг ахæм адæймаг дæр. Йæ тыхст рынчыны рæстæджы, зæрдæ цæуыл фæлæууа, цалдæр ахæм рæнхъы ныффыстон æмæ сæ куы бакаст, уæд йæ цæстытæ бауымæл сты. Æмдзæвгæ фæци ахæм рæнхъытæй: Дæхæдæг ныр æруатон дæ, рынчын фæкæны саг дæр. Дæ низ дæхицæй разынæд æдых æмæ тæрсагдæр. Мыхуырмæ йæ радтон æмæ мын йæ рауадзынæй зæрдæ бавæрдтой, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд йæ цæстæнгасыл банкъардтон æхсызгондзи- нады фæд. Уымæй бон æви дыууæ боны фæстæдæр йæ уавæр цæхгæр февзæрдæр æмæ мын афтæ зæгъы, уыцы æмдзæв/æ, дам, ма мыхуыргондæй куы федтаин. Афтæ тынг æнхъæлмæ йæм каст. Йæ рыстытæ та фæкъаддæр сты, æмдзæвгæ дæр мыхуыргондæй федта, æмæ мын дзæвгар фенцондæр. Цæмæй йæ цин иучысыл фæфылдæр уа, уый тыххæй сфæнд кодтон æмдзæвгæ уырыссаг æвзагмæ дæр ратæлмац кæнын. Дæлрæнхъом тæлмац æй Дзуцца- ты Зæлинæ скодта æмæ йæ телефонæй Гуырдзыбеты Иринæйæн бакастæн. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мыл æй уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй сæмбæлын кодта. Мæ зæрдæмæ фæцыд. «Владикавказ»-ы сæйраг редактор * Бæлæуты Зæлинæ — фельдшер, иу рæстæджы Дибæимæ куыста. 296
Петр Сафроновмæ сдзырдтон æмæ йæ сæ газеты ныммыхуыр кодта. Ди- бæйы зæрдæйы та цыдæр ныфсы зынг ферттывта. Уымæй размæ Суетнова Ленæйы хо Татьянæ Сыбырæй ссыди. Дибæимæ йæ хойы фæрцы зонгæ уыдысты æмæ йæм рынчынфæрсæг бацыди. Æмдзæвгæ «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд æрцыд, уый базыдта, загътой йын, уырыссаг æвзагыл дæр рацæуинаг кæй у, уый æмæ ныффæдзæхста, мыхуыры к^ы фæзына, уæд-иу мын æй рарвитут, зæгъгæ. Æмæ йын æй арвыстой. Йæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый фæстæдæр йæ писмойы фыста. Бирæ цæуылдæрты хъуыды кодта Дибæ йæ тыхст рынчынæй дæр. Уæ фарн бирæ уæд, фæлæ мын æртæ усгур лæппуйы ис æмæ, дам, дзы исчи хъуыддаг куы кæна, уæд-иу æй мæн тыххæй ма бакъуылымпы кæнут. Фæдзæхста, уæхи мыл-иу ма марут, æнæ мæн дæр цард йæ цыды кой кæндзæн, æз, дам, дуне мемæ нæ ахæсдзынæн... Дибæ йæ куыст афтæ бирæ уарзта, æмæ, йе ’нæниздзинад куы амыд- таид, уæд куыстаид æмæ куыстаид, уымæн æмæ æххуысхъуаг адæймаджы фарсмæ æрбалæууын йæхицæн амондыл нымадта. Афтæ кæй уыд, уый тыххæй фыстой газетты, дзырдтой радиойæ. Адæмæн куыд лæггад код- та, уый тыххæй «Рæстдзинад»-ы фыстой зындгонд журналисттæ Черчес- ты Хъасболат æмæ Тепсыхъоты Зойæ, радиойæ йæ хорзы кой кодта дра- матург Темыраты Давид, Джусойты Нинæ æмæ «Тагъд æххуысы» сæйраг дохтыры хæдивæг Бырнацты Иринæ. Дзырдтой, суанг æз кæй нæ зыд- тон, ахæм хабæрттæ дæр. 1992 азы мæхъхъæлон тыхгæнджытæ хæст куы ракъахтой, уыцы тызмæг рæстæджы «Тагъд æххуыс»-ы кусджытæ - райдай дохтырæй æмæ фæу шофырæй — равдыстой хъæбатырдзинад æмæ стыр ныфс. Уыдоны раз- загдæр рæнхъыты уыди Дибæхан дæр. Мæнæ куыд дзырдта йæхæдæг, цалдæр азы размæ йыл сæрмагондæй цы радиобакаст бацæттæ кодтой, уым: «Мæхъхъæлон быцæу куы райдыдта, уæд æз кусгæ нæ кодтон. Кæдæмдæр рацæйцыдтæн, афтæмæй радиойæ айхъуыстон, ахæм æмæ ахæм хабар æрцыдис, зæгъгæ. Фехъусын æй кодта Галазты Æхсарбег. Куыддæр мæ зæрдæ ауазал æмæ мæ куыстмæ бадзырдтон, кæд, мыййаг, дохтыртæ нæ фаг кæна æмæ ме ’ххуыс бахъæуа, уæд нæхимæ дæн æмæ-иу мæм фæдзурут, зæгъгæ. Загътой мын: «Ныртæккæ нæма хъæуыс, фæлæ куы бахъæуай, уæд дæм дзурдзыстæм». Дыккаг бон куыстмæ куы ’рбацыдтæн, уæд нæ æхсæз машинæйæ ар- выстой Назранмæ. Уырдæм ластам мæхъæлон цæфтæ æмæ рынчынты, уырдыгæй та - ирæтты. Уый фæстæ уыдыстæм Дæллагхъæуы. Амынæты кæй райстой, уыдонæн хъуыди медицинон æххуыс: чи дзы цæф уыди, чи-иу йæ зæрдæйæ бавзæр... Цæфтæ ластам нефтебазæйы цурæй æмæ Хуссайраг поселокæй дæр». Ахæм тæссаг уавæрты кæй куыстой, уый тыххæй сын иннæты хуызæн хъуамæ аккаг аргъ скодтаиккой, сæ хъуыддаг тæрхондонмæ бадæттынмæ дæр хъавыдысты, фæлæ сын дзы, мæнмæ гæсгæ, абоны онг ницыма рауад. Æхца æрæмбырд кодтой, Дибæ дæр цалдæр мины радта, фæлæ, хъуыддаг цæуыл ахицæн, стæй ахицæн æви нæ, уыдæггæн ницыуал ба- зыдтон. Дибæйы фæстæ мæ уыдæттæ нал æндæвтой... 297
Уæлдæр ма йæ куы загътон: уарзта йæ куыст Дибæ, иста дзы æхсыз- гондзинад. Цыфæнды фæлладæй-иу куы ’рбацыд, уæддæр-иу, цы са- рæзта, ууыл йæ цæст куы ахаста, уæд-иу йæ зæрдæйы цины цырагъ ссыгъ- ди. Йæ рынчынтæй йæ бирæтæ лæгæй-лæгмæ зыдтой, уымæн æмæ-иу сæм иу æмæ дыууæ хатты нæ сæмбæлд. Зæрдæйы "низмæ æдзухдæр цæстдарæг хъæуы, рæстæгæй-рæстæгмæ йын дохтырмæ æнæфæдзургæ нæ вæййы. Тагъд æххуысы станцæмæ-иу телефонæй куы дзырдтой, уæд æй, хорз чи зыдта, уыдон, Дзасохты дохтыры мæм æрбарвитут, зæгъгæ, куыр- дтой. Дыууадæс æмæ ссæдз азы дæргъы сæдæгай нæ, фæлæ мингай рынчынты уæлхъус балæууыд Дибæ æмæ-иу дзы алкæмæн дæр йе ’ххуысы хай бакодта. Йæ зонындзинæдтæ æмæ хъарутыл никуы бацауæрста. Арæхдæр-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлладæй æрбацыд, фæлæ-иу йæ фæллад кæй фæрцы ферох кодта, ахæм хабæрттимæ дæр æрбаздæхт. Хъуыды ма кæнын, иу хатт мын цы хабар радзырдта, уый. Цæвит- тон, иу ацæргæ нæлгоймаджы-иу дохтыры æххуыс арæх бахъуыд. Уыцы хатт дæр та йæм Дибæйы цæугæ æрцыди. Йæ адрис, йæ ном æмæ йæм йæ мыггаг куы радтой, уæд дис кодта, фарон йæ ирон усимæ (нæлгоймаг дзуттаг уыди) Израилмæ куы ацыд, зæгъгæ, фæлæ фатеры хицау æнафо- ны уазджытæм (рæстæг фæсахсæвæртæй фæфалдæр) йæхæдæг куы ра- каст, уæд дохтырты бауырныдта, рæдыдæй кæй не ’рбацыдысты. Лæг Дибæйыл ныццин кодта, мæхи дохтыр та мæм фæзынди, зæгъгæ. Рын- чынмæ куы базылди, уæд æй Дибæ йæ царды хабæрттæй рафарста. — Мæ фыдæлты бæстæм ацыдтæн, фæлæ фыдæнхъæл фæдæн. Нæхи Ирыстонæй хуыздæр дзы иу ран дæр нæу. Се ’гъдæуттæ æмæ сæ хабæртгæй мæ зæрдæ нæ барухс æмæ лидзæг фæдæн, фæлæ мæ бинойнаг нал ра- куымдта. Уым æм хуыздæр фæкаст æмæ йæ ныууагътон. Æз фæлтау нæхимæ иунæгæй дæр цæрдзынæн, кæйдæр зæххыл Ирыстон мысыны бæсты... Æндæр хатт та, бирæ кæуыл фæхудт æмæ ма æз дæр кæуыл фæхудтæн, ахæм хабаримæ — уæвгæ уыдоны нымæц дзæвгар фылдæр уыди — æрбаздæхт йæ куыстæй. Уæд дæр та нæлгоймаг рынчынмæ уыди. Зæронд лæг æмæ йæ чындзы баййæфтой хæдзары. Лæг йæ зæрдæйæ дæр хъæрзыдта, йæ гуыбынæй дæр хъаст кодта æмæ йæ куы бафарстой, дæ уддзæф æддæмæ цæуы, зæгъгæ, уæд, цы дзуапп ратгаид, уый нæ зыдта, æмæ чындз фарст фæбæлвырддæр кодта: — Никъо, ть... тт кæныс? Бирæ хæттыты-иу æрымысыдыстæм уыцы ныхæстæ æмæ-иу ныл æдзухдæр худæг бахæцыд. Дибæимæ та нын «Никъо» паролы хуызæн сси. Иннæ хабар та йыл кинойы æрцыд. Йе ’мбал чызгимæ сæ фарсмæ иу лæппулæг бадт фæци. Кино, райдыдта, фæлæ лæппуйы хæдразмæ чи бадт, уыцы нæлгоймагыл стыр фæтæнчъил худ уыд, экранæй йæм ницы зынд æмæ йæ бандоныл раздыхс-баздыхс кодта. Йæ сæр дыууæрдæм ра- зил-базилæй куы афæллад, уæд йæ разæйбадæгмæ дзуры: — Шляп сними, да! Уыцы ныхæсты худæг дæр нын бирæ ахаста. Дибæ-иу мын сæ кæцы- ранфæнды дæр куы загъта, уæддæр-иу сæм æнæхудгæ нæ фæлæууыдтæн. Æз-иу куы фæраздæр дæн, уæд та-иу Дибæимæ худын иумæ райдыдтам. 298
Ацы хабæрттæ, цæмæй мæ зæрдæмæ иу рухсы цъыртт уæддæр бакæла, уый тыххæй æрымысыдтæн, æндæр Дибæйы коймæ мæ зæрдæ йæ уынгæг кæнынæй не ’нцайы. Мæ фæлмæнзæрдæ хойы хъæлæс кæй никуыуал фехъусдзынæн, ууыл баууæндын мын тынгзын у. Азтæ мыл куыд фылдæр цæуа, афтæ мæ, æвæццæгæн, дохтыры æххуыс арæхдæр хъæудзæн æмæ ма-иу Дибæйау æнæзивæгæй мæ разы чи алæудзæн, мæ мадызæнæджы хуызæн мыл чи баузæлдзæн, йæ ныфсы ныхæстæй мын мæ низ чи асурдзæн? Мæ фæстаг фæндагыл мæ ме ’нусон бынатмæ куы фæцæйхæссой, уæд мыл Дибæйы хуызæн зæрдиагæй чи ныккæудзæн?.. Кæугæ мыл Райæ дæр къаддæр зæрдæрыстæй нæ кæндзæн, фæлæ мын Дибæйы цæсты- сыгтæ нæ фаг кæндзысты. Æгъатыр низæн цы загъдæуа, мæн уыдонæй æнæхай чи фæкодта, кæстæры йæ хистæрæн ныгæнын чи нæ бауагъта! Куы зæгъын, ныр Веринкæимæ мæрдтæм куы ныхас кæнон, уæд ын, æртæйæ дæр дзæбæх стæм, зæгъын дæр мæ бон никуыуал бауыдзæн, уымæн æмæ Дибæ ацы бæсты нал и, кæм и, уый та, æвæццæгæн, Ве- ринкæ йæхæдæг хуыздæр зоны. Хæрзæрæджы мын Райæ, ныронг кæй нæ зыдтон, Веринкæйæ ахæм цалдæр хабары радзырдта. Афтæ, дам, мын-иу загъта: «Райæ æмæ мæ хуыйæн машинæйæ цы ’нцойдзинад зонын, уый никæмæй зонын». Уыцы машинæ ма æз дæр хъуыды кæнын. Кæд ма исты зонын, уæд æй нæхи Минæтæй балхæдта. Хæрзæрæджы дæр ма нæхимæ уыд. Веринкæ мæлæтдзаг цæф куы фæци, уæд, дам, афтæ загъта: «Чъырæй цæгъдинаг уыдтæн æмæ мæ мæнæ адæм куыдæй æрбаййæфтой!» Рынчындонмæ йæ куы фæцæйластой, уæд нын, кæрæдзийы-иу уар- зут, зæгъгæ, кæй фæдзæхста, уый зыдтон, фæлæ ма, æз дæр тагъд æрбаз- дæхдзынæн, зæгъгæ, загъта, уый Райæйæ фыццаг хатт фехъуыстон æмæ та мын уыцы ныхæстæ дæр мæ зæрдæ сæикъуысын кодтой. Райæ ма мын ноджыдæр ахæм хабар радзырдта. Иу заман нæм цалдæр сæгъы уыди. Кæцыдæртæ-иу дзы дыгæйттæ дæр ныззадысты, уый дæр ма хъуыды кæнын. Æмæ, дам-иу Веринкæ бы- дырмæ куы цыди, уæд-иу ныффæдзæхста, сæгътæ цæхæрадонмæ ма бауа- дзут, зæгъгæ. Мах-иу, æвæццæгæн, хъазыныл фестæм æмæ-иу нæ сæгътæ айрох сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуымтæ-иу фесæфтой. Веринкæ-иу изæрæй фæскуыст уыцы фæлладæй йæ бæстонкуыстгонд цæхæрадон афтæмæй куы ’рбаййæфта, уæд-иу æлгъитынмæ фæци: — О, мæнагур фæхæтат, о, мæн мысгæйæ фæцæрат! Раздæр ма йæ загътон, Веринкæ арæх не ’лгъыста. Кæд ын-иу æнæлгъитгæ нал уыд, уæд-иу йе ’лгъыстыты цæхæр йæхирдæм сарæзта, фæлæ йæхиуыл кæм нæ ауæрста, уым махæн дæр æвыдæй баззайæн ницы хуызы уыд, уымæн æмæ мæ фыдгул йæ ныййарæджы агурæг фæхæта, йæ мады мысгæйæ фæцæра. Веринкæйæн гыццыл хуыздæр уавæртæ хъысмæты цæст куы бауарзта- ид, уæд йæхицæй амондджындæр ничи уыдаид, фæлæ адæймагæн, аевæццæгæн, йæ ныхы фыстытæ, бынтон æнахуыргонд куы уа, уæддæр 299
кæрæй-кæронмæ æнæбакæсгæ нæ вæййы, æмæ сæ Веринкæ дæр бакаст. Нæ йæ фæндыд, афтæмæй. Афтæ мæм кæсы, цыма Дибæ дæр Веринкæйы фæндагыл ацыд. Хуыз- дæр амонды аккаг уыди, зæгъгæ, зæгъин æмæ мæм уый фаг нæ кæсы, уымæн æмæ йæ хъысмæт бирæ хуыздæр хъуамæ уыдайд. Хъуамæ уыдаид, фæлæ нæ уыди... Оляйы Дибæйæ куы фарстой, уæд, дам, афтæ загъта: - Бæрæгъуыны ис, фæлæ Веринкæмæ нæма бахæццæ. Уый йæ дыууиссæдзæм боны размæ уыд... Афонмæ йæм бахæццæ... II Къостайы цардимæ баст алы рæнхъ, алы дзырд, цыфæнды чысыл ца- уæн дæрцы ахадындзинад ис æмæ алы ирон адæймагæн дæр куыд зынаргъ у, ууыл нæ дзурдзынæн. Æз цы хабæрттæ ракæнынмæ хъавын, уыдон хуымæтæджы къамимæ баст сты, фæлæ цы дыууæ чызджы сурæт æвдисы, уыдон хуымæтæг нæ уыдысты. Сæ иу Цæлыккаты Аннæ кæй у, уый куы зæгъæм, уæд бирæтæ мæ ныхæсты æцæгдзинадыл баууæнддзысты. Æвæдза, диссаг та куыннæ у! Цæлыккаты Аннæ, зæгъгæ, куы ай- хъусæм, уæд æвиппайды цæстыты раз Къостайы сурæт куыд февзæры! Къостайы ном куы сдзурæм, уæд æдзух Аннæйы не ’рымысæм, фæлæ иугæр «Аннæ» загътам, уæд æй æнæ Къостайæ æххæст фæлгонцыл нæ банымайæм. Æрмæст уый тыххæй дæр æнустæм зæрдылдаринаг у. (Хорз у, Къостайы мад Мариайы ингæн кæй бацагуырдтам — Хозиты Федыр æмæ Денджызты Уырызмæг мæрдты дзæнæты фæбадæнт — æмæ хъуыддаг цырт æвæрыны онг кæй æрхæццæ, фæлæ Аннæйы ингæн дæр рохуаты баззайынæн æвгъау у. Уый Къостайы зæрдæмæ куыд хæстæг уыд, стæй йæхæдæг дæр цытджын поэты фарсмæ куыд фидыдта, уый хынцгæйæ, сæ ингæнтæ кæрæдзимæ афтæ дард куы нæ уаиккой, уæд... Уæвгæ ацы хъуыддагыл бæстондæр ахъуыды кæнын хъæуы). Бирæ рæсугъд хъуыдытæ равзæрын кодта Цæлыккаты чызг Леуаны фырты зæрдæйы. Бирæ æнкъарæнтæн басгуыхт æвидигæ суадон. Бирæтæ дзы æмдзæвгæты хуызы фыстæй баззадысты чингуыты, цæмæй фидæны фæлтæртæ кæсой æмæ зоной, сæ цытджын фыдæлы зæрдæйы цы уарзон- дзинад сыгъд, уый. О, æмæ ныхас къамыл рауад. Цæвиттон, Райæ ирыхъæуккаг Лацой- ты чындз у. Йе ’фсин Верычкæ (Дойаты чызг) фондзыссæдз азæй фылдæр фæцард. Уый райгуырд Дзæуджыхъæуы Тарскæйы уынджы (ныртæккæ уый хæссы Цæголты Георгийы ном). Уым сæ сыхæгтæ уыдысты Цæлык- каты Алыксандртæ. Верычкæйы хистæр хо хуынди Дади. Дади æмæ Аннæ æмгæрттæ уыдысты, стæй канд æмгæртгæ нæ, фæлæ хæлæрттæ дæр. Цы къамы кой кæнын, уым дæр иумæ ист сты. Къамы бынмæ фыст ис «Дза- найты-Хетæгкаты А. Владикавказ». Бирæтæ бамбæрстой, уый зындгонд хуызисæг Садуллæ кæй у. Иугæр Садуллæйы кой рауад, уæд уый тыххæй дæр дыууæ ныхасы зæгъон. Нæй йын фаг аргъ. Æцæгæп дæр Садуллæ 300
номдзыд хуызисæг кæй уыд, уый дызæрдыггаг нæу. Адæмы рæгъмæ йын цы куыстытæ хаст æрцыд, уыдонмæ фау æрхæссæн нæй. Сты æцæг сфæлдыстад, зыны сыл курдиаты æрмдзæф. Æвзæр нæ уаид йæ фæллæйттæ йын æрæмбырд кæнын æмæ сæ альбомы хуызы рауадзын. Цыма ивгъуыд цæстытыл ирддæрæй ауаид, нæ историйы кæцыдæр сыфтæн бакæсæн уаид, афтæ мæм мæ зæрдæ дзуры. Гъе æмæ Садуллæйы ацы къамы сты Цæлыккаты Аннæ æмæ Дойаты Дади. Дадийы тыххæй мын йæ кæстæр хо (се ’хсæн уыди æхсæз чызг æмæ лæппуйы) Верычкæ афтæ радзырдта: — Аняимæ хæларæй цардысты. Дыууæйæ дæр уыдысты ахуыргæн- джытæ. Мæ хо раздæр куыста Хуымæллæджы, фæстæдæр та — Олгинс- кæйы. Иу заман Ирыстонмæ ссыд паддзахы ус æмæ йын «æгасцуай» зæгъынмæ чи ацыд, уыдонимæ уыдис Дади дæр. Уазæг ын балæвар код- та хъуырылдаргæ сызгъæрин сахат. Верычкæ мын куыд радзырдта, афтæмæй Дади чындзы ацыд Зораты Муссæмæ. Муссæйы хабæрттæ дæр рохуаты баззайынæн æвгъау сты, уымæн æмæ Ирыстоны рухстауджытæй иу уыдис. Каст фæцис Æрыдоны семинар. Иуцасдæр сауджынæй акуыста, стæй йæ пæлæз раласта æмæ сси ахуыргæнæг. Революцийы размæ йæ уацхъуыдтыл фембæлæн уыд журнал «Чырыстон цард»-ы. Дадийы амарды фæстæ (1923 азы) Муссæ ракуырдта Байаты Гаппойы хо Залиханы. Аннæ æмæ Дадийы ахастдзинæдтыл дзырдтам. Къамы куыд уынæм, афтæмæй дыууæ чызджы сты ирон дарæсы, сæ дыууæйыл дæр — риуыгъ- нæджытæ. Дади æмæ уыцы риуыгънæджыты койыл æмбæлæм Къостайы фыстæджытæй цалдæры. 1899 азы 12 августы поэт Аннæмæ Херсонæй фыста: «Крючки Ваши меня сильно смущают.. С самого начала не повез- ло моему проекту. Много виноват и Андухъапар, который до приезда моего в Петербург не дал мне знать, что там не берутся за такую работу... А после уже я не имел возможности попасть во Владикавказ, чтобы лич- но растолковать мастеру детали рисунка... И вот Вы с крючками а 1а Дади с примесью Зали — да? Посмотрим, Бог даст, что это за крючки. А все-таки своей идеи не оставлю без осуществления, — хочу во что бы то ни стало ввести новую моду в туалете своих юных соотечественниц, с условием, чтобы крючки по моему рисунку и вообще по этой уже «но- вой» форме назывались «крючками Коста» — хоть этим я буду памятен нашим осетинкам». Уæлдæр цы фыстæджы кой ракодтам, ууыл бирæ рæстæг нæма ра- цыд, афтæ Къоста Херсонæй фыстæг сæрвыста, ацы хатт Аннæйы хо Юлианæмæ (1899 азы 30 августы): «Чем кончилась история осетинских крючков Вашей сестры?» Æцæгæйдæр, зын зæгъæн у, риуыгънæджыты хабар цæуыл ахицæн, уый. Бæлвырд у, Къостайы кæй фæндыд ирон чызджыты зæрдæ балхæ- нын, исты хорзы сын бацæуын. Уый сæ дарæсыл куы фæзындаид, уæд, æвæдза, чысыл хъуыддаг нæ уыдаид. Фæлæ, куы зæгъын, риуыгънæ- джыты хабар дарддæр бæлвырд нæу. Уæвгæ ма Къоста ноджыдæр иу ран 301
сæ кой ракодта (1899 азы 7 сентябры Херсонæй Аннæмæ йæ фыстæджы): «Правда, пришлите, я посмотрю Вашу карточку с Альмахсидом, тем более интересно, если вы в новых крючках». Цавæр ног «крючоктæ» уыдысты, Хуыцау йæ зонæг. Къостайы хуызæгмæ гæсгæ арæзт уыдаик- кой, уый зын зæгъæн у, уымæн æмæ уыдон сцæттæ_„кæнынæн рæстæг хъуыд. Мæнмæ гæсгæ, Къостайы цард æмæ сфæлдыстады нырма бирæ ирта- синаг фарстытæ ис. Æрмæст йæ фыстæджыты цы адæмы кой кæны, уыдо- ны фæдыл æрзил, сæ фæдонтимæ сын базонгæ у, уæд бирæ ногдзинæдтæ раргом уаид. Зæгъæм, Верычкæимæ куы ныхас кодтон, уæд мын иу фыстæджы кой ракодта, Къоста, дам, æй Аннæмæ ныффыста. Аннæ та йæ радта Дадимæ. Бирæ рæстæг уымæ фæци, стæй бахауд Зораты Муссæмæ. Æз йæ рæстæджы ныхас кодтон Муссæйы хойы чызг Гусаты (Гутнаты) Заретæимæ (царди Дзæуджыхъæуы, уæд ыл цыди 74 азы), æмæ мын ницы бæлвырд дзуапп раттын йæ бон баци. Æмæма ноджыдæр иу ахæм хъуыддаг. Зындгонд куыд у, афтæмæй Къо- стайы Херсонмæ ахастой инæлар Кахановы хахуыртæм гæсгæ. Цæвиттон, ирыхъæуккæгтæ пъæлицæйæгтимæ фæбыцæу сты æмæ сын сæ амидингæнæ- джы мæнгæвдисæнтæ рахуыдтой Хетæгкаты Къостайы. Афтæмæй та Леуаны фырт Къоста уыцы хъуыддагмæ ницы бар дардта. Уым архайæг уыди Хетæг- катæй æндæр Къоста. Уый та уыди Верычкæйы мадыфсымæр — Хетæгкаты Созырыхъойы фырт Къоста. III Дзасохты Гигойы бинонтимæ хорз зонгæ уыдтæн. Уæлдай хуыздæр ын зыдтон йæ бинойнаг Маняйы (Басионы). Фæстаг азты йе сиахс Абайты Ираклий æмæ йæ чызг Эммæйы бинонтимæ царди, Дзæуджыхъæуы Со- ветты уынджы 27 хæдзары. Маня, зæронд интеллигенттæ кæй хуыдтой, се ’гъдау æмæ уæздандзинадæй бæрæг чи дардта, сæ фыдæлты намыс бæрзæндты чи хаста, уыцы фæлтæрæй уыдис. Зæронд заман уæлдæр ахуыргонддзинад райсын бирæты бон нæ уыди, фæлæ Маняйæн уый йæ къухы бафтыд. Цæрæнбонты фæкуыста дæндæгты дохтырæй. Зындгонд лæг уыди йæ сиахс Ираклий дæр. Цы хæдæфсарм адæмыл сæмбæлдтæн, уыдонæй иу уыди Абайты дæлбулкъон. Фæстаг азты куыста æфсæддон госпиталы хицауæй. Уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, райста бирæ хæрзиуджытæ. Фыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Цæмæй адæймаджы базонай, уый тыххæй йемæ цæххы пут бахæрын хъæуы». Æмæ уый, æвæццæгæн, раст у. Фæлæ адæймаджы базонынæн ис æндæр мадзæлттæ дæр. Зæгъæм, сылгоймагмæ цы цæстæй кæсы. Ираклийы хæдзары цы сылгоймæгтæ уыд, уыдонмæ касти, æцæг лæгæн цы цæстæй кæсын æмбæлы, ахæм цæстæй. Уæлдай стырдæр кад кодта Маняйæн. Цыма йæ ныййарæг мад уыд, уый хуызæн æй фæдардта, ца- лынмæ йæ каис æгас уыд, уæдмæ. Маняйæн чындз дæр уыди (йæ фырт Барис хæсты фæмард), уыди йын фырты фырт дæр, фæлæ уæддæр йæ чызджы бинонтимæ цард. 302
Арæх-иу сæмбæлдтæн Абайтæм. Цæмæфæнды-иу сæм куы баулæфы- даис, уæддæр-иу дæ фарсмæ æрбалæууыдаиккой, сæ бон кæм æмæ цæмæй уыд, уымæй-иу дын баххуыс кодтаиккой. Гиго бирæ азты дæргъы, ирон адæмы историйы цы аккаг уыд, уыцы бынаты нæ уыди. Иуæй-иу ахуыргæндтæ йæ аххосджын кодтой, азимаг кæм нæ уыд, уыцы рæтты дæр, архайдтой, цæмæй йæ сыгъдæг цæсгом æххæстæй ма разына, ууыл. Фæлæ сызгъæриныл бырæттæ цасфæнды куы фæкалай, уæддæр ын кæддæр йе ’цæг хуыз æнæравдисгæ нæй. Гиго та ахæм адæймаг нæ уыд, æмæ фæсвæд кæй æрæвæрай, цы чысыл рацард — æдæппæт æстдæс æмæ ссæдз азы — уыцы рæстæджы цы стыр фæллæйттæ сфæлдыста, уыдон ын йæ ном рох кæнын бауадзой. Уæдæ рæстдзинадæн дæр æппынфæстаг æнæфæуæлахизуæвгæ нæ вæййы. Æмæ, æцæгæйдæр, ралæууыд, æцæгдзинад цы у, уый зæгъыны рад. Гигойы сыгъдæг сурæт æххæстæй равдисыныл тæккæ стырдæр фæллой чи бакодта, уыдонæй иу уыд Булацаты Хазби. Уый удуæлдайæ бацархайд- та Гигойы бынтæ ссарын æмæ бабæстон кæныныл. Хъуыды ма йæ кæнын, йæ фыццагдæр статьятæй иу хуынди «Незнание не есть аргумент» æмæ мыхуыргонд æрцыд газет «Социалистическая Осетия»-йы. Уым æрыгон ахуыргонд наукон æгъдауæй, бæлвырд æрмæджыты бындурыл æнцайгæйæ равзæрста, йæ рæстæджы йæ ныхасыл дыууæ зæгъæг кæмæн нæ уыд, уыцы профессоры рæдыдтæ æмæ, чи зоны, фыццаг хатт хъæрæй загъта, Дзасохты Гиго ирон культурæ æмæ рухсады историйы цы бынат ахсы, уый ахадындзинады тыххæй. Бирæ сты Гигойы лæггæдтæ ирон адæмæн. Уый йæхи уды сагъæс дзыл- лæйы зындзинæдтæ æмæ хъизæмарæй уæлдæр никуы æвæрдта. Суанг ма йе ’нæниздзинадыл дæр никуы батыхсти. Кæмфæнды ма уыдаид — Иры- стоны сагъæс æй цух никуы уагъта, рох æй нæ уыд йæ дзыллæйы хъысмæт æмæ сомбон. Уæрæсейы алы къуымты дæр уымæн рахау-бахау кодта, йе ’рыгон бонтæ талынг ахæстæтты уымæн арвыста. Фæстаг хатт æрцахсынæй дæр æй ничиуал фервæзын кодтаид, йæ мæлæт куы нæ ралæууыдаид, уæд. Гигойы æхсæнадон архайдыл дзургæйæ æнæзæгъгæ нæй, Къостайы хъысмæты куыд тынг сахадыдта, уый тыххæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй Гигойы фыд Батджери уыди, Къостайы фыд Леуан æмæ се ’ннæ комбæс- тæгтимæ Лабæмæ чи алыгъд, уыдонимæ. Кæрæдзийы хорз кæй зыдтаик- кой, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы. Уæдæ сæ фырттæ дæр уыдысты иуду- гон. Батджери æмæ Къоста хæларæй кæй цардысты, уымæн ис историон æвдисæнтæ. Маня мын куыд радзырдта, афтæмæй йæ хицау, кæд кæсын, фыссын нæ зыдта, уæддæр æмбæрста, чиныджы ахадындзинад стыр кæй у, уый æмæ архайдта, цæмæй йæ фырт ахуыры фæндагыл ацæуа. Æмæ йын фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй, æнтысгæ дæр бакодта. Гиго канд Æрыдоны семинары нæ бакаст, фæлæ ма фæци Хъазаны дины академи дæр. Стæй æрмæст уæлдæр ахуыргонддзинад нæ райста. Бантыст ын, абон дæр сæ ахадындзинад кæмæн нæ фæкъаддæр, бирæ ахæм фæллæйтгæ сфæлдисын. Уыцы рæстæджы Фридрих Ницше, Федор Достоевский, 303
Антон Чехов æмæ æндæр зындгонд адæймæпы сфæддыстад чи иртæста, уымæ чысыл зонындзинæдтæ куыд хъуамæ уыдаид! Уæдæ рухсад, педаго- гикæ æмæ æндæр фарстаты тыххæй цы хъуыдытæ загъта, уыдонæн дæр къаддæр ахадындзинад нæй. Бадджери, адæм куырыхон кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæг уыди. Куы- рыхоны зонд та дардыл феххæссы. Канд йæхи удыкъоппа æмæ бинонты мæт нæ фæкæны, фæлæ фæтыхсы æппæт дзыллæйы хъысмæтыл дæр. Куы зæгъын, Батджери хорз æмбæрста ахуырады ахадындзинад æмæ ар- хайдта, цæмæй, йæ сыхбæсты, йæ хъæубæсты цы фæсивæд рæзыди, уыдон бамбарой чиныджы тых, дамгъæйы нысаниуæг æмæ, дам-иу — уый дæр мын Маня дзырдта — хъæуы лæппутæй къорыпп байдзаг кодта, Стъараполмæ-иу сæ аласта, гимназы кæрты-иу сæ акалдта æмæ-иу сæ уым ныууагъта, ацы фæсивæды ахуыр кæнын фæнды æмæ сын, цы кæнут, уый кæнут, зæгъгæ. Афтæ цалдæр хатты куы бакодта, уæд сын, æвæццæгæн, фæстагмæ цы кодтаиккой, уый куынæуал зыдтой, уæд Къостамæ фæхабар кодтой, афтæ æмæ афтæ, дæ хъæуккæгтæн, зæгъ æмæ гимназы цалынмæ бынæттæ фæзына, уæдмæ сæ мауал æрбаласæнт, зæгъгæ. Къоста дæр йæ иу писмойы 1896 азы августы Цæлыккаты Алык- сандрмæ уымæн фыссы: «Батджери Дзасохову передай, что вакансии в пансион гимназии нет и в нынешнем году» (Дзасохты Батджерийæн фе- хъусын кæн, гимназы пансионы, зæгъ, ацы аз дæр бынат нæй). Фæстаг хатт ма Къостайы уацмысты фондзтомон мыхуыры куы рацыд, уæд уым фиппаинæгты Батджерийы тыххæй афтæ фыссынц: «Дзасохты Батчери (Батджери, Иван) — Къостайы хæлар, арæх-иу поэты Георгиевско-Осе- тинскойæ йæ бричкæйы аласта Стьараполмæ» (Хетæгкаты Къоста. Уац- мысты æххæст рауагъд 5 томæй. Дзæуджыхъæу, 2001 аз, 5 том, 638 фарс). Ахæм лæг уыди Батджери. Уæдæ йын Гиго цы фырт уыди, уый та ма ноджыдæр иу хатт разынди, Къостамæ цы цæстæй каст, цы аргъ ын код- та, йæ тæригъæддаг хъысмæт — уæлдайдæр йæ царды фæстаг азты — йæ зæрдæмæ куыд арф айста æмæ цæмæй фæрогдæр уыдаид, ууыл куыд зæрди- агæй архайдта, уымæй дæр. Мах, ирон адæм, стырзæрдæ стæм, стæй нæ цуры цы уа, уый нæ цæсты нæ ахады. Къоста, цæсты чи нæ ахадыдта, ахæм лæг куы уыдаид, уæд ыл æгасæй — уымæй размæ ахæм хабар искуы æрцыди, уый æз ни- куы фехъуыстон — зарджытæ нæ кодтаиккой, таурæгътæ йыл нæ мысы- даиккой, фæлæ куы ’ррынчын, йæхæдæг адæмы сæрыл куыд тох кодта, йæхи сæрыл афтæ тох кæнын куы бахъуыд, уæд æм хæстæг ничиуал цыд, рохуаты йæ ныууагътой, Иры дзыллæйæн цы бирæ хæрзты бацыд, уый йæ зæрдыл никæмæнуал лæууыд æмæ йæ иунæг мæгуыр хо Олгайы æвджид дæр уымæн баззад. Уыцы уавæрмæ кæсын иннæты хуызæн Дзасохы-фыртæн йæ бон куы бауыдаид, уæд æй абоны Гигойæ нæ зониккам, фæлæ уымæн æнкъараг зæрдæ уыд, искæй зын уавæрты уынгæйæ æнæ рисгæ кæмæн нæ уыд, искæй низæй рынчын чи кодта æмæ йæ тугтæ кæмæн калдысты, ахæм зæрдæ. Къостайы хъуыдыгæнæг куыннæуал уыд, уæззау низ æй йæ быны куы скодта, уæд Гиго фæсидти ирон адæммæ, радзырдта сын, сæ сæрхъуы- 304
зой зын уавæры кæй ис, фæсидти сæм, цæмæй йын, кæмæн цы йæ бон у, уымæй баххуыс кæна. Уыцы рæстæджы фæзындысты Олгайы пис- мотæ Гигомæ. Уым поэты иузæрдион хо бæлвырдæй фыста, Ирыстоны намыс цы уавæрмæ æрхауд, уый бæлвырддзинæдтæ. Гигойы фæрцы мах абон зонæм, фондзыссæдз азы размæ нæ хуыздæр лæг цы хъизæмæрттæ æвзæрста æмæ мæлгæ-мæлын йæ уарзон адæмæн цы фæдзæхста, уыдæттæ. Кæд Гиго йæ удæй арт цагъта, уæддæр æй, зæгъæн ис, æмæ ничи фе- хъуыста, æппæт адæмы хъыг кæмæ хъардта, уыдон ын йæхи хъыг нæ бамбæрстой. Къостамæ æцæгæлон цæстæй кастысты йæ амæлæты фæстæ дæр. Ком- коммæ йæхимæ нæ, фæлæ йе сфæлдыстадмæ, йæ бирæ æнæмыхуыргонд фыстытæм. Иуæй-иутæй фæстæмæ ничи тыхст уыдон бахъахъхъæныныл. Цæмæй ма фесæфтаиккой æмæ фидæны фæлтæртæм фæхæццæ уыдаик- кой, уый тыххæй сæ хъуыди æрæмбырд æмæ бабæстон кæнын. Стæй канд йæ фыстытæ нæ. Ссарын хъуыд йæ къамтæ, йæ писмотæ, бацæттæ кæнын хъуыд, чи йæ зыдта, уыдоны мысинæгтæ, иу ныхасæй, поэты цард æмæ сфæлдыстадимæ цыдæриддæр баст уыд, уыдон амал æмæ гæнæн уæвгæйæ иууылдæр хъуыди чиныгæй рауадзын. Афтæ нæ бакæнгæйæ, поэты бынтæн тæссаг уыди фесæфынæй, уымæн æмæ дзы бирæтæ боны рухс нæма федта. Уыцы хæс дæр йæхимæ райста Дзасохты Гиго æмæ ногæй фæсидти ирон адæммæ. Бæргæ, йæхи къух куы амыдтаид — Гигойæ зæгъын — уæд газеты æх- хуысæй адæммæ курæджы хуызы бæргæ нæ рацыдаид, фæлæ, Чеховы загъдау, искæй тыххæй курæг ацæуын æфсæрмыйаг нæу, æмæ Гиго дæр афтæ уымæн бакодта, æмбæрста, цы хъæппæрис равдыста, уый Къос- тайы кæй нал хъуыд. Уæдæ дзы Дзасохы-фырт йæхицæн исты фæпайда кæныныл дæр нæ архайдта. Уый кодта йæ адæмы, йæ бæстæйы мæт. Кæд цыфæнды зын уавæрты архайдта, уæддæр ын чысыл нæ бантыст. Æрæмбырд кодта, уымæй размæ мыхуыргонд чи нæма уыд, Къостайы уыцы æмдзæвгæтæ — æдæппæт фондзыссæдзæй фылдæр, поэты чи зыд- та, уыдонæй бирæтæ ныффыстой сæ мысинæгтæ. Чысыл хъуыддаг нæ уыд, Къоста йæ хæстæджытæ, зонгæтæ æмæ хæлæрттæм цы письмотæ фыста, уыдон ссарын дæр. Фæлæ сæ Гиго ссардта. Ссардта йын но- джыдæр йæ хуызистытæ. Æппæт уыцы æрмæгæй саразын хъуыд чиныг. Чиныг рауадзынæн та хъуыди æхца. Ссæдз туманы. Агурын та райдыдта уыцы фæрæзтæ дæр. Мæгуыртæ йын цæмæй баххуыс кодтаиккой! Хъæздыджыты фылдæр хай та, удæй мæгуыр кæй у, уый тыххæй капекк сармадзанæй æхсы. Æддæмæ гыццыл кæй фæдæтты, бирæ дæр æм уымæн вæййы. Къусбаргæнæгау куыддæртæй, тыхтæ æмæ амæлттæй йæ тумантæ æппынфæстаг ссæдз баисты. Хъуыди ма чиныгæн разныхас ныффыссын, разныхас, зæгъгæ, Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæн йæ рæстæджы æмæ фидæны фæлтæртæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй бындурон æрмæг бацæттæ кæнын. Уыцы хæс Гигойæ хуыздæр исчи сæххæст кодтаид, уый мæ нæ уырны æмæ йæ, æвæццæгæн, йæхимæ дæр уымæн райста. Ныф- фыста йæ. Йæ хъарутыл нæ бацауæрста. Равзæрста поэты сфæлдыстад, скодта хатдзæгтæ, фидæнмæ акаст, афтæмæй æмæ ницæмæй фæрæдыд. 20 Дзасохты М. 305
Æппæты дардмæуынагдæрæй та йæхи равдыста, Къоста фидæны поэт кæй у æмæ цы кады аккаг у, уымæн аргъгæнæг сомбоны фæлтæртæ кæй уы- дзысты, уый кæй загъта, уымæй. Чиныг мыхуыры рацыд 1909 азы Ростовы, фæлæ Гиго йæ хæс æххæстгондыл нæма банымадта. Фæндыди ма йæ дыууæ хъуыддаджы ба- кæнын. Фыццаг - чиныг адæммæ фæхæццæ кæныы. Дыккаг — цы ’хца дзы æрæмбырд уа, уымæй поэтæн цыртдзæвæн саразын. Чиныджы аргъ уыди 1 сом æмæ 75 капеччы. Уыимæ-иу чиныг кæмæн æрвыста — æрвитгæ та йæ кодта «ахуыргонд æмæ бонджын ирæттæн» — уыдонмæ фыста, чи- ныджы аргъ сом йеддæмæ кæй нæу, 75 капеччы та Къостайæн цыртдзæ- вæныл хардзгонд кæй æрцæудзысты. Нæ фæцыд уый «ахуыргонд æмæ бонджын» ирæттæн сæ фылдæры зæрдæмæ æмæ Къостайы чиныгфæстæмæ йæ рауадзæгмæ æрбарвыстой. Абон дзæгъæлы дис кæнæм, адæм «Рæстдзинад», ирон журналтæ цæ- уыннæ фыссынц, нæ фысджыты чингуытæ цæуыннæ ’лхæнынц, ууыл. Чысыл раздæр куы загътон, стырзæрдæ стæм, зæгъгæ. Нæхион цæсты нæ ахады. Халон, дам, йæхи надта æмæ дойныйæ марди. Мах дæр хъæздыг- дзинæдты сæрæй кæсæм æмæ нæ мæгуыры гæвз-гæвз цæуы. Фыдæлтæй нын цы хъæздыг бынтæ баззад, уыдон тьымы-тъымайы фаг дæр сты, мах та сæ нæхи фагыл дæр нæ ыымайæм. Ирон адæмæн цы кадджытæ æмæ таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ уыцы-уыцитæ, аргъæуттæ æмæ зарджытæ, хъарджытæ æмæ арфæтæ баззад, æппынфæстаг махмæ цы «Нарты кадджытæ» ис, æрмæст уыдон бакæсыны тыххæй дæр ирон æвзаг зонын æмбæлы. Æмæ йæ зонæм? Нæ зонæм. Йæ базоныныл архайæм? Нæ архайæм. Иуæй- иутæ ма суанг сæ адæмыхатт дæр аивтой, цæмæй сæ сывæллæттæ скъолаты ирон æвзаг ма ахуыр кæной, уый тыххæй. Цымæ Хетæгкаты Леуан дæр ахæм ныййарджыты хуызæн куы хъуыды кодтаид, уæд адæм æмæ Хуыцауы раз тæригъæдджын нæ уыдаид? Къоста иронау куы нæ фыстаид, уæд цымæ нæ истори къахырæй нæ баззадаид? Афтæмæй та Леуанæн дæр æмæ Къостайæн дæр фылдæр æфсон уыд, цæмæй ирон æвзаг ма зыдтаиккой. Иуæй, фыд афицер уыд æмæ йæ фылдæр рæстæг, уырыссаг æвзагыл чи дзырдта, уыдонимæ æрвыста, иннæмæй та йæ фырт Ирыстонæй раджы фæиппæрд — йæхæдæг дæр куы фыста: «ысхъомыл дæн уырысимæ...» - æмæ йæ, куыд ахъуыдыгæнæн ис, афтæмæй мадæлон æвзаджы сæр уыйас нæ хъуыди. Фæлæ мах амондæн хъуыддæгтæ бынтон æндæрхуызон рауадысты. Леуаны хуызæн Къоста дæр тугдадзинтæй баст уыд йæ уарзон зæххимæ, йæ иубæстон дзыллæимæ æмæ йæ мадæлон æвзагыл нæ сыстырзæрдæ. Стырзæрдæ нæ, фæлæ йæ ахæм бæрзондмæ систа, æппæт дуне дæр æм кæцæй зыны, æппæт ду- немæ дæр кæцæй зыны. Къоста æнæхъæнæй дæр уыди зæрдæ, адæмы рисмæ кæсын йæ бон кæмæн нæ уыд, дзыллæйы сагъæстæй йæхи къул- тыл чи хоста, адæмы цин йæхи цинæй фылдæр æхсызгондзинад кæмæн хаста, ахæм зæрдæ. Къоста уыди ахæм бæстæ, сæрибардзинад паддзахи- уæг кæм кодта, æнæрастдзинадæн сдзурыны бар кæм нæ уыди, мæгуыры зындзинадмæ кæсын кæм нæ фæрæзтой. 306
Æппæт уыдæттæ Гигойæ раздæр ничи банкъардта, уымæй размæ ахæм ныхæстæ никæй дзыхæй ссыди. Гиго йæхæдæг дæр адæмы сæрыл тохгæнæг уыд æмæ хорз æмбæрста, Къоста йæ дзыллæйæн цы уыд æмæ цы уыдзæн, уый æмæ йæ кад, йæ намыс æмæ йе сфæлдыстад бахъахъхъæныны хæс йæхимæ уымæн райста. Цымæ Гиго куы нæ уыдаид, уæд Къостайы бынтæ махмæ, ныртæккæ сæ куыдæй зонæм, афтæмæй æрхæццæ уыдаиккой? Иунæг æмдзæвгæ дзы куы фесæфтаид, уæддæр æй стыр æнамонддзинад куы рахуыдтаиккам. Фесæфæн та дзы иу нæ, фæлæ бирæ уацмыстæн дæр уыдис. Афоныл мыхуыргонд куы нæ ’рцыдаиккой, уæд куыд уыдаид æмæ цы уыдаид, уый тынг зын зæгъæн у... Цалдæр азы размæ Хетæгкаты Къостайы гуырæн бон уыдтæн Лабæйы. Иннæ хæттыты хуызæн та уæд дæр стыр кад скодтой сæ номдзыд æмхъæук- кагæн. Нæ зæрдæхæлар фысым Баскаты Анатолий æхсызгонæй дзырдта, Гигойæн Лабæйы дæр, стæй æнæхъæн Стьараполы крайы дæр куыд стыр аргъ кæнынц, уый тыххæй. Йæ ном Лабæйы радтой, директорæй кæм куыста, уыцы скъолайæн. Хъæуы уынгтæй иу у Гигойы номыл. Ахæм уынг ис Черкесскы дæр. «А дыууæ боны йын скъолайы кæрты байгом кæндзыстæм цыртдзæвæн»,- дзырдта мын Анатолий. Мæн, кæй зæгъын æй хъæуы бафæндыд цыртдзæвæн фенын, фæлæ мын Анатолий загъта, йæ байгомы размæ, дам, æй никæмæ æвдисæм. Æз уæддæр мæхи фæнд атардтон, æмæ Анатолий йе ’мхъæуккæгтæй кæмæдæрты фæдзырдта, уайтагъд кæцæйдæр асин æрбахастой, цыртдзæ- вæны æмбæрзæны баст райхæлдтой, æмæ Гигойы сурæт хуры тынтæм сæрттывта... Цымæ Цæгат Ирыстоны та Гигойы ном кæд æмæ цæмæй æрымыс- дзысты?.. IV Хъайтыхъты Георы тыххæй мæ хъуыдытæ раздæр загътон, фæлæ ма мæм цыдæр дзуринæгтæ ис æмæ уыдон дæр ракæнон. Дыууæ къуырийы дæр ыл нæма цæуы, афтæ, поэт, бирæ азты цы хæдзары фæцарди, уый къулыл байгом кодтой зæрдылдарæн фæйнæг æмæ мын æхсызгон уыд. Æгайтма йын йæ ном æрымысыдысты, кад ын скод- той. Зæрдиаг арфæ ракæнын æмбæлы горæты хицæуттæн, Хъайтыхъты мыггагæн, уæлдайдæр та сæ чызг Тамарæйæн. Георы хуызæн лæггæ Ирыс- тонæн æнусмæ мысыны аккаг сты, уымæн æмæ нæ адæмы кадыл тохгæн- джытæ уыдысты, йæ ыом ын дæрдтыл айхъуысын кодтой. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Георы хуызæн фысджытæ æндæр адæммæ куы уаид, уæд сын фылдæр аргъ кæниккой, сæ сæр дзы бæрзæндты хæссиккой... Æрæджы Ходы Камалимæ уыдыстæм Налцыччы. Горæты уынгты хъу- сынгæнинæгтæй азмæлæн нæ уыди. Адæмы хуыдтой Кæсæг-Балхъары адæмон поэт Алим Кешоковы бæрæгбонмæ. Хъуамæ йын, йæ ном цы проспект хæссы, уым сæвæрой стыр цыртдзæвæн. Уым фыццаг дур æвæрыны бæрæгбонмæ æрцыдысты Цæгат Кавказы облæст, крайтæ æмæ 307
республикæты минæвæрттæ. Уазджытæ дзы уыди Фæскавказæй, Мæс- куыйæ. Уымæй размæ Налцыччы цыртдзæвæнтæ æвæрд æрцыди къорд æндæр фыссæгæн. Махмæ дæр ис, ахæм кады аккаг фысджытæ æмæ сын хъуамæ сæ нæмтгæ сæнусон кæнæм. Куы зæгъын, хорз хъуыддаг сарæз- той нæ горæты хицæуттæ. Геор у уымæй ноджы фылдæр кЗДы аккаг дæр. Хъайтыхъы-фырт æцæг адæмон поэт уыд. Ирыстоны йæ чи нæ зыдта, ахæмтæ бирæ разына, уый æнхъæл нæ дæн, уымæн æмæ семæ арæх æмбæлд. Геор цы литературон изæрты архайдта, уыдон-иу уæлдай æнæфе- рохгæнгæдæр уыдысты. Иуæй, йе ’мдзæвгæтæ хорз касти, иннæмæй — дзурынмæ арæхсти, æртыккагæй та - цыргъзонд уыди. Ныхасы тыххæй йæ, уырыссаджы загъдау, йæ дзыпмæ ’вналын никуы бахъуыд. Литературон изæрты-иу арæх афтæ дзырдта: —Æз кæд райгуырдтæн, уый цæмæй уæ зæрдыл тынгдæр бадарат, уый тыххæй уын æрхæсдзынæн ахæм дæнцæгтæ: Ломоносов райгуырд 1711 азы, Белинскии — 1811 азы, æз та — 1911 азы. Адæмыл-иу худæг бахæцыд. Геор та-иу дарддæр йæ ныхас кодта: — Хъороты Ягор чи уыди, уый зонут? Кæй зæгъын æй хъæуы, ничи-иу æй зыдта. — Уый уыди инæлар Ермоловы хæринаггæнæг. Пушкин куыд загъта, уый дæр нæ хъуыды кæнут? Дзуапдæттæг та-иу ын куы нæ фæци, уæд ноджы дарддæр дзырдта: — Смирись, Кавказ, идет Ермолов! Гъе, æмæ уыцы инæлары хæринаггæнæг уыди ирон лæппу Хъороты Ягор. Æмæ цас фæцарди, уый зонут? 153 азы. Уый Пушкины федта дыууæ хатты, Лермонтовы - фондз хатты, мæн та — æртæфондзыссæдз хатты. Залы бадджыты худын æмæ-иу къухæмдзæгъдæн кæрон нал уыд. Ягор Пушкин æмæ Лермонтовыл фембæлд æви нæ, уый æз нæ зо- нын. Нæ зонын, Георыл фембæлд, уый дæр, фæлæ æз фембæлдтæн, Ягоры чи зыдта, ахæм адæймагыл — Дзантиаты Шамилыл. Уый мын радзырдта: «Хъороты Ягор райгуырди æмæ схъомыл Хуссар Ирыстоны Ерманы хъæуы. Тынг рæсугъд ран æрæнцад уыцы хъæу. Хъоротæй уæл- дай ма дзы цардысты Хæмыцатæ, Фæрниатæ, Цоциатæ. Æз дæн Хæмы- цаты хæрæфырт. Ягор дæр уыди Хæмыцаты сиахс. Йæ ус хуынди Тама- рб. Гыццылæй-иу мæ мадимæ Ерманы арæх уыдтæн. Ягоры дæр афтæмæй базыдтон. Иуахæмы та Хъоротæм уазæгуаты уыдыстæм æмæ мын Ягор афтæ зæгъы: «Цом-ма, Шамил, æз^дын мæ куыстытæ фенын кæнон». Æмæ мæ йемæ сæ мусмæ схуыдта. Йæ иу къуымы уыдис хос конд. Ягор хос ракалдта æмæ дзы разынд дыууæ цырты. «Адон мæхæдæг скодтон,— загъта мын Ягор.- Мæхицæн æмæ мæ бинойнагæн. Бирæ тухи сыл уыди, фæлæ мæ куыстыл фæсмон нæ кæнын. Куы амæлон, уæд мын цавæр цырт сæвæрдзысты — Хуыцау йæ зонæг. Ныр та йæ зонын». Куы амард, уæд йæхицæн дæр æмæ йæ бинойнагæн дæр сæвæрдтой, йæхи къухæй кæй сарæзта, уыцы цыртытæ. Хорз лæг уыди Ягор, кад ын кодтой хъæубæстæ. Фондзыссæдз азæй йыл фылдæр цыд, уæддæр йæ хос кæрдын нæ уагъта. Ермоловæн æцæгæй уыди хæринаггæнæг. Уæлдай 308
дæсныдæр уыди физонæг кæнынмæ. Ягор йемæ куынæуал куыста, уæд æм кадджын уазджытæ ’рбацыди æмæ, дам, Хъоройы-фырты æрымысы- ди, ныр Ягор ам куы уаид, уæд мæ буц уазджытæн уый хуызæн физонæг ничи скæнид, зæгъгæ. Йæ чызджы лæппу Гæлуаты Микъа мын афтæ ра- дзырдта: «1955 азы журнал «Вокруг света»-йы уацхæссæг Хуссар Ирыстонмæ æрбацыд æмæ фарста, ацы комбæсты æппæты хистæр чи у, зæгъгæ. Æз сын Хъороты Ягормæ бацамыдтон. Цæуы йыл, зæгъын, 153 азы. Афтæ йæ ныффыстой журналы дæр, фæлæ йыл 125 азы йеддæмæ нæ цыди». Геор-иу арæх ныхас кодта партион конференцитæ æмæ активты. Иу ахæм æмбырды та трибунæмæ рацыд æмæ дзырдта, фысджытæн фæллой- гæнджытимæ цы фембæлдтытæ уыди, уыдоны тыххæй: «Хæрзæрæджы та нын ахæм фембæлд уыди Хуымæллæджы. Бабæрæг кодтам Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, зындгонд нартхорыкуыстгæнæг Æлбегаты Харито- ны, йæ цæрæнбоны тыххæй дзы фæйнæ дæр банызтам». Райдианæй байдианмæ хицауад арахъхъ уадзыны ныхмæ тох кæнынц æмæ та уыцы заман дæр фæзынд радон указ арахъхъы ныхмæ. Партийы обкомы фыццаг секретарь Георы ныхæстæ куы айхъуыста, уæд æм три- бунæйæ дзуры: — Æмæ указ та, Геор? Указ дæ рох фæци? — Уый указы размæ уыди, — æвиппайды йын дзуапп авæрдта Геор. Адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ бынæтты базмæлыдысты, æргом худын чи бауæндыди, ахæмтæ дæр дзы разынди. Обкомы секретары зæрдæмæ куыд хъуамæ фæцыдаид, ахæм уавæры кæй бахауд, уый, фæлæ йæхиуыл ныххæцыд. Æвæццæгæн, цыфæнды куы загътаид, уæддæр Георы цыргъзонддзинадыл нæ фæтых уыдаид æмæ йæ дзуапп фæстæдæрмæ ар- гъæвта. Æмбырды кæронбæттæны хатдзæгтæ кæнын фыццаг секретармæ хауд æмæ дзы Георæн дзуапп раттын дæр нæ ферох: — Арахъы тыххæй дзургæйæ æрфгуытæ æлхынцъæй дарын хъæуы, Хъай- тыхъы-фырт та ныхас хъазыны ’рдæм аздæхта. Фæлæ йæ уыцы ныхæстæ ницыуал сахадыдтой. Георы хуыздæр миниуджытæй иу уыдис, æдзухдæр адæймаджы зæрдæ барухс кæнынмæ кæй тырныдта, йæ сагъæстæ фæсурыныл кæй архайд- та. Уый тыххæй-иу цæугæ-цæуын дæр исты аймысыдаид æмæ дын де ’нкъарддзинад фæсырдтаид. Иу хатт мæ уыцы æцæгхуызæй куы афæрсид: — Адæймаг иу цæстæй фылдæр уыны æви дыууæ? — Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ,— дзуапп ын радтон æз. — Уæдæ-ма ардæм кæс,— æмæ йæ армытъæпæнæй йæ иу цæст æрæхгæдта.- Кæсыс мæм? -О. — Æмæ дæ дыууæ цæстæй мæ цæстытæй цал уыныс? — Иу. — Уæдæ æз та мæ иу цæстæй дæ дыууæ цæсты уынын. Ныр та куыд зæгъдзынæ? Иу цæст фылдæр уыны æви дыууæ цæсты? Мæхи састы бынатыл банымадтон, æндæр ма мын цы гæнæн уыд, сæйрагдæр та, уымæй размæ цæуылдæр тыхст уыдтæн æмæ мæ сагъæссаг хъуыдытæй фервæзтæн. 309
Ацы хабар та Мамсыраты Муратæй фехъуыстон. Кæмдæр Хъайтыхъты Геор æмæ мæхъхъæлон поэт Джамалдин Яндиевæн поэзиуарзджытимæ уыди фембæлд æмæ, ныхасы бар Хъайтыхъты Геормæ куы ’рхауд, уæд уазæджы сфæлдыстады тыххæй радзурыны фæстæ фембæлды уæвджыты бафарста: — Джамалдины уацмысты æртæтомон уæ исчи бакасти? Залы бадджытæй бирæтæ хъусæй лæууыдысты, чидæртæ та дзы къæмдзæстыгхуызæй басастысты, нæма йæ бакастыстæм, зæгъгæ. — Цæуыннæ йæ бакастыстут, уый уын зæгъон? Нæма йæ ныффыста æмæ уымæн. Джамалдинимæ æз дæр цалдæр хатты фембæлдтæн. Тынг хæларзæрдæ адæймаг уыд. Ирæтты бирæ уарзта. Куы-иу мæ федта, уæд мын-иу са- лам дæр нæма радта, афтæмæй сæрыстырхуызæй загъта: — Усы гусара украшают! Гусары хуызæн æм цæмæй кастæн, уый нæ зонын, фæлæ-иу мын йæ ныхæстæ æхсызгон уыдысты. Ноджы æхсызгондæр та мын-иу уыдис йæ фенд, стæй, канд мæнæн нæ: алы ран дæр ыл адæм æмбæлдысты æхсыз- гонæй. Хъыгагæн, бирæ нæ фæцард. Афонæй раздæр куы нæ амардаид, уæд ма бирæ хорз уацмыстæ сфæлдисын бафтыдаид йæ къухы. Ацы хабарæн та Хъодзаты Æхсаримæ уыдыстæм æвдисæн. Иу райсом раджы куысты размæ лæууыдыстæм Сабырдзинады проспекты. Георы дæр, æвæццæгæн, мах агъуысты цыдæр хъуыддаг уыди æмæ, фараст сахаты куы сси, уæд нæ куыстмæ фæцæйцыдыстæм. Уæд ма бынæй, мидæмæ бацæуæны, вахтерæн чысыл будкæгонд уыди, йæ тæрхæгыл-иу постхæссæг кусæндæтты газеттæ, журналтæ æмæ писмотæ æрæвæрдта, чи куыд цæуа, афтæ сæ исдзæни, зæгъгæ. Уыцы рæстæджы уым журналты редакцитимæ уыдысты сывæллæтты фонд æмæ арбитраж. Геор цыди нæ разæй, æз — йæ хæдфæстæ, мæ фæстæ - Æхсар. Хъай- тыхъы-фырт тæрхæджы цурмæ куы бахæццæ, уæд, «арбитраж», зæгъгæ, кæуыл фыст уыд, уыцы газеттæ æмæ журналтæ йæ дæларм акодта æмæ фæцæуы. Æз æй куы ауыдтон, уæд æм дзурын: — Геор, уыдон арбитражы сты. Уый æваст афтæ куы фæкæнид: Лрбитраж Сабиты раз! V Мамсыраты Муратимæ тынг рагæй зонгæ стæм. «Рæстдзинад»-ы дæр нæма куыста, уæдæй нырмæ. Ууыл та фондз æмæ дыууиссæдз азæй фылдæр цæуы. Цæвиттон, æз уымæй чысыл раздæр æрбацыдтæн газетмæ. Хъуыды ма йæ кæнын, редакцийы бадтыстæм, æмæ иу сихорафон Мурат дæр фæзынд. Уымæй размæ дæр, æвæццæгæн, зонгæ уыдаиккам, æндæр мын йæ хабæрттæ афтæ бæстонæй нæ кодтаид. Цы дзырдта, уыдоны сæйрагдæр та уыди, Хъаныхъуаты Валодя йын куыстмæ райсынæй зæрдæ кæй бавæрдта, уый. Мæ зæрдæ мын цæмæй балхæдта: æргомныхас уыд. 310
Суанг-ма махмæ æрбацæуыны размæ кæмдæр кæй анызта, уый дæр нæ басусæг кодта. Редактормæ цæуын æмæ, дам, мыл исты бæрæг у? Йæхæдæг куы ницы загътаид, уæд æм нозты ’рдыгæй зæрдæхсаинагæй ницы бафиппайдтаин, афтæмæй, дам, лæппутимæ фæйнæ авджы водкæ банызтам. Мæхинымæр ыл дис кодтон, кæй никæцырдыгæй йыл фæбæрæг, канд уый тыххæй нæ, фæлæ йæ цæсгомыл дæр кæй никæцыр- дыгæй фæзынд. Кæд ыл дæс æмæ ссæдз азы йеддæмæ нæма цыд, уæддæр йæ цæсгом бирæгъы зынæхсæнæй тынгдæр æнцъылдтæ уыд æмæ йын, чи зоны, уый йæ нозты фæстиуджытæ цыдæр хуызы æмбæхста. Фæстæдæр, хæстæгдæр куы базонгæ стæм, уæд æм фæкъæйныхдæр дæн æмæ, кæд мæнæй æхсæз азы хистæр у, уæддæр йемæ æмгарау ныхас кодтон æмæ йын-иу йæ цæсгомы æнцъылдтæ йæ цæстмæ арæх бадардтон. Канд бирæ- гъы зынæхсæнимæ-иу ын сæ нæ абарстон, фæлæ ма-иу ын афтæ дæр загътон: «Арс къалатийæ куы кæса, дæ цæсгом уый хуызæн у». Æмæ æцæгæйдæр, йæ цæсгомы æнцъылдтæй иутæ галиуырдыгæй рахизырдæм уыдысты, иннæтæ та — дæле уæлæмæ. Æмæ мæм уыдон цæмæдæр гæсгæ къалатийы телты хуызæн кастысты. Уыцы хъуыддаг ын-иу йæ зæрдыл куы ’рлæууын кодтон, уæд-иу мын дзуапп дæттынмæ фæрæвдз: «Мæ карæн куы суай, уæд ма дæ хъустæ дæр нынцъылдтæ уыдзысты». Раздæр, нозтæн куыд фидар у, ууыл дис кодтон, фæстæдæр та, куыд лæмæгъ у, ууыл. Раст зæгъын хъæуы, ахæм уавæры йæ иу кæнæ, фылдæр- фылдæр, дыууæ хатгы йеддæмæ никуы федтон, фæлæ уæвгæ кæй уыдис, уый бæлвырд хъуыды кæнын. Иу хатт мæ цуры нымадæй банызта сæдæ- сæдæ фæндзай граммы уырыссаг арахъхъ æмæ æйтт-зæгъгæ нозтджыны хуызæн уыди. «Тæрхъус» хонын дæр æй цыма уæд райдыдтон, афтæ мæм кæсы. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йæ ног ном йæ зæрдæмæ фæцыд, йæхицæн æй банымадта стыр хъæздыгдзинадыл, мæнæн дæр дзы фæхай кæныны зонд æм æрцыд æмæ мæнмæ дæр уыцы номæй дзурын райдыд- та. Хæблиаты Сафары дæр уый бацардыдтаид, æндæр цы — æмæ мæм уый дæр Мураты дзыхæй дзурын райдыдта. Æппынфæстаг хъуыддæгтæ афтæ ныссуйтæ сты, æмæ тæрхъустæй номæвæрæгæй чи кæцы уыд, уый зын раиртасæн сси. Бæлвырддæр уыд æндæр хъуыддаг: мæнæн Мурат æмæ Сафары хуызы уыди дыууæ тæрхъус-æрдхорды, уыдонæн та мæн хуызы — иу. Æрмæст нæ ахастдзинæдты уыд иу хицæндзинад: уыдонæй- иу «Тæрхъус», зæгъгæ, кæмæ сдзырдтон, уый-иу æм, цыма, йе ’цæг ном фехъуыста, уый хуызæн цæстæй ракаст, æз та-иу ын, дæ иомæй мæм цæмæн дзурыс, зæгъгæ, дзуапп радтон. Мураты тыххæй дзургæйæ Лермонтовы Печорин мæ зæрдыл арæх æрлæууы. Фыссæг æй куы хъæбатырæй æвдисы, куы — лæмæгъæй: «Ведь, например, в дождик, в холод целый день на охоте; все иззябнут, устанут - а ему ничего. А другой раз сидит у себя в комнате, ветер пахнёт, уверя- ет, что простудился; ставнем стукнет, он вздрогнет и побледнеет, а при мне ходил на кабана один на один...» О, æмæ мæм Муратдæр цæмæйдæр Печорины хуызæн кæсы. Цæмæн, уый тыххæй уæлдæр иу æвдисæн æрхастон. Иннæ хабар та ахæм ракæни- 311
наг дæн. «Рæстдзинад»-ы кусгæйæ кæрæдзийæн бирæ «фыдмитæ» код- там. Кæддæр мæм мæ зонгæтæй чидæр редакцимæ æрбацыд. Тыджыты Юрийыл амбæлд æмæ йæ фæрсы, мæнæй-уый кæм бады, зæгъгæ. Юрий йын, мæ кусæн уатмæ ацамонгæйæ, загъта: «Уæртæ уым йæ фындз къахы». Уыцы дзуапп куыддæрæй Сафар æмæ Муратмæ байхъуыст æмæ йæ æндæрырдæм сыздæхтой. «Фындзæн» рифмæ ссардтой æмæ, дам, кусы- ны бæсты уыцы рифмæ къахы. Цæмæй сæ ныхæсты æцæгдзинад хъуыд- дагæй равдисой, ууыл цас фæхъуыды кодтой, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ æппынфæстаг сæ зæрды æрæфтыд уый хуызисты равдисын. Мурат хуыз исынмæ дæр кæмæйдæрты æвзæрдæр нæ арæхст æмæ иу бон йæ къа- мисæн аппарат йемæ рахаста. Иннæ хæттыты хуызæн та куысты размæ уынджы бæлæсты бын лæууыдыстæм. Фараст сахатæй дæр фæфалдæр, уæддæр Сафар æмæ Муратмæ мидæмæ цæуыны зонд нæма уыд. Ахæм рæстæг-иу редактор, йæ кусæн уатæн уынджы ’рдæм цы балкъон уыд, уым алæууыд æмæ-иу рахъæр кодта, мидæмæ цæуын афон у, зæгъгæ. Ме ’мбæлттæ никæдæм тагъд кæнынц, уый куы бамбæрстон, уæд ма иу хатт мæ сахатмæ æркастæн æмæ фæцæуæг дæн. Фæстæдæр куыд бамбæрстон, афтæмæй Сафар æмæ Мурат уымæ æнхъæлмæ кастыстысты. Трамвайы фæндагæй куы бахызтæн, уæд мæм Сафар дзуры: «Дæ хæлафыл цыдæр ныххæцыд». Æз фæстæмæ разылдтæн, мæ хæлаф мæ армытъæпæнæй цалдæр хатты æрцавтон, уыдоныл та худæг бахæцыд. Мурат йæ хуы- зисæн аппарат куыд амбæхста, уый ма ауыдтон, фæлæ ма йын цы мæ бон уыд. Дыккаг бон мæм къам равдыстой æмæ ныхæстæ кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ дзырдтой, мидæгæй, дам, дæ фындз фæкъахыс, æдде та - фын- дзимæ рифмæгонд дзырд. Уыцы бæллæхтæ иууылдæр Юрийы ныхæстæ расайдтой. Гъе æмæ уыцы Юрийæн Мурат йæхицæн дæр къаддæр бæллæхтæ нæ бавзарын кодта. Иуы кой дзы фæстæдæр ракæндзынæн, фæлæ уал ныр Мураты хабар кæронмæ фæуон. Уæвгæ та дзы Юрийæн йæхи кой кæнын дæр ба- хъæудзæн. Цæвиттон, Мурат исты фыдбылыз — æцæг фыдбылызæй Хуыцау ба- хизæд — ома дыкъæдзыгты æвæрд фыдбылыз ракæнынмæ йæ былыцъæртгæ хордта. Æппæты тынгдæр цæмæ бæллыд æмæ, йæ къухы цы нæ бафтыд, уый — Юрийы фæтæрсын кæнын. Тыргъты, дам, куы фæцæйцæуа, уæд исты зæххыл ныццæв, стæй алырдыгæй гыбар-гыбур райхъуысын кæн æмæ кусæн уатæй исчи ыыхъхъæр кæнæд, фæдис, нæ сыхæгтæ æрбабыр- стой, зæгъгæ. Уæд, дам, цымæ Юри куыд акæнид. Юри куыд акодта- ид, уый базоныны фадат ын никуы фæци, фæлæ йæхæдæг уымæй бирæ хуымæтæгдæр уавæры куыд акодта, уымæн æвдисæн уыдтæн... Уыцы рæстæджы хъæдмæ арæх цыдтæн æмæ-иу алы хатт дæр мемæ лæдзæг æрбахастон. Арæхдæр — æхсæры талайæ. Гъе æмæ ахæм лæдз- джытæй цалдæр мæ кусæн уаты æрбахизæны къуымы лæууыдысты. Арæх æвналæг сæм нæ уыди, фæлæ-иу сæ, æвæццæгæн, æфснайæг хаттæй- хатт райста, сæ рыгтæ-иу сын ыыссæрфта æмæ та-иу сæ фæстæмæ сæ бынаты сæвæрдта. Фæстаг хатт ын дзы иу цæмæдæр гæсгæ къуымы нæ, 312
фæлæ чингуыты тæрхæджы фарсыл æвæрд фæци. Уыцы рæстæг Мураты йæ фыдбылызы къæхтæ мæ уатмæ æрбахастой æмæ мын цыдæр хабар дзурын райдыдта. Ныхас кæнгæйæ та бæлвырд дзурын уарзы. Гъе, æмæ иуцасдæр куы фæдзырдта, уæд йæ чъылдыммæ дæргъæй-дæргъмæ ставд лæдзæджы тъæпп паркетыл фæцыд. Мурат цæкуыйау хæрдмæ фæхаудта. Схъиугæ æз дæр, стæй чифæнды дæр фæкодтаид, фæлæ мæм диссаг, Юрийы цæмæй фæтæрсын кæнынмæ хъавыд, йæхæдæг уымæй кæй фæтарст, уый фæкаст. Æз, лæдзæг æвæрд кæм уыд, уыцырдæм кастæн æмæ йæ бынатæй æнæуынæрæй куыд фезмæлыд, уый федтон, зæххыл йæ тъæпп куыд фæцыд, уый дæр мын æнæнхъæлæджы нæ уыд. Æнæнхъæлæджы мын уыд, Мурат йæхи тæрхъусы хуызæнæй кæй равдыс- та, уый. Æнæнхъæлæджы йыл цы ном сæвæрдтон, уый та мæм æнæнхъæлæджы нал каст. Ноджыдæр ма мæ иу хатт бауырныдта, уд кæмæн ис, уыдонæй, тæрсгæ чи нæ кæны, иунæг дæр ахæм кæй нæй. Суанг Мурат дæр, тыхми кæмæн кодтой, уыцы сылгоймаджы фондз фыдгæнæджы дзæмбытæй чи скъахта. Мæ ацы фыстытæ куы бакæса, уæд хъуамæ мемæ ма сразы уа, уымæн æмæ йæ кæмдæрты, йæхи зæрдæмæ кæм нæ фæцæудзæн, ахæм уавæрты æвдисын, стæй ма йæ, чи зоны, дарддæр дæр æвдисдзынæн, фæлæ, цы уыди, уый ныхмæ зын дзурæн у, суанг дæ мыггаг Мамсыратæй куы уа, дæ ном Мурат куы хуыйна, уæд дæр. Сæ мæсыджы кой кæнын дæр нæ уарзы, афтæмæй уыцы хабар дæр æцæг уыди. Муратæн ныр дæр арæх фæзæгъын: — Уæллæй, ды тынг бирæ цæрыс. Цæмæн, зæгъгæ, мæ никуыуал бафæрсы, уымæн æмæ зоны, цы дзу- апп ын ратдзынæн, уый: дæ бынаты, зæгъын, æндæр исчи куы уаид, уæд æи раджы амардæуыдаид. - Йарæбын, æз рæстæй никуы никæйма бафхæрдтон,— йæхи раст кæнынмæ-иу фæци Мурат фыццæгты. — Æфхæрыны аккаг чи вæййы, уыдоны иуфæрсты ахизын та мæ бон нæ бавæййы. Малиты Васо та мын афтæ загъта, Мурат, ды, дам, сызгъæрин адæймаг дæ, фæлæ — æнæха- тыр. Æмæ цæмæй æнæхатыр дæн? Чи цы у, уый кæй фæзæгъын, уымæй æви рæстæй кæй фефхæрынц, уый фарс кæй рахæцын, уымæй? Æмæ-иу мын, кæмæн цы ракодта, уыдон дзурын куы райдыдта, уæд- иу æм хъусынæй нал æфсæстæн. Се ’ппæтыл чи аххæсдзæн, фæлæ дзы мæ зæрдыл кæй бадардтон, уыдоны кой ракæндзынæн. Селиван, зæгъгæ, уыди иу ахæм музыкант. Æз дæр æй зыдтон. Ра- диойы оркестры дæр куыста. Балалайкæйæ цагъта. Æрмæст уый мæ размæ уыди, фæлæ зонгæ уыдыстæм. Хурдзаст лæппу, адæймагыл-иу кæддæ- риддæр худæнбылæй сæмбæлд. Мурат нæ уыди, зæгъгæ, уæд ын йæ уды- хъæды цауд миниуджытæн ницы базыдтаин, фæлæ, æвæццæгæн, цæххы пут хæрыны хабæрттæ хуымæтæджы нæ баззадысты. Цæвиттон, ацы Селиван чи у, уый йæ дæсныйадыл сыстырзæрдæ æмæ бизнесы хъуыддæгтæм рахызти. Уæды рæстæджы ма «бизнесмен» æфхæрæн ныхасыл нымад уыд, фæлæ ахæм куыст кæнгæйæ цы сойтæ смæрзæн ис, уый Селиван бирæтæй раздæр банкъардта æмæ Æрыдонæй Дигорайы ’хсæн 313
буфетгæсæй кусын райдыдта. Мурат æй дзæвгар рæстæг нал федта æмæ йыл куы амбæлд, уæд ыл хуымæтæджы цин бакодта. Селиванæн дæр æхсызгон куыннæ уыдаид йæ рагон зонгæйы фенд. Суанг ма йын йæ ног куыстæй дæр феппæлыди, ныронг дæр, дам, дзæгъæлы бирæ рæстæг фесæфтон. — Мæсты та йæм цæуыл сдæн? - дзырдта мын Мурат. - Адæм, дам, мæм бирæ цæуы, уæлдайдæр нартхорæфснайæн рæстæджы. Æцæгæйдæр, Æрæфы æмæ Дыгуры районтæ сæ паддзахадон хæс Æры- доны хорцæтгæгæнæнмæ ластой æмæ уыцы фæндагыл машинæтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæрдæм кодтой, стæй дзы æнæуи змæлджытæ дæр чысыл нæ уыди. Æмæ Селиваны дзыпп дзагæй-дзагдæр куыннæ хъуамæ кодтаид! Ноджы ма йæхицæй дæр æппæлыди, цалдæр кусæджы, дам, куы дарон, уæд сын мызд бирæ фидын хъæуы. Чи ’рбацæуы, уыдон та, æвæццæгæн, уæлдæйттæ бирæ уагътой æмæ-иу сын се ’рдæгхæрд къусты былтæ йе ’нгуылдзæй расæрфта - куыд-иу æй расæрфта, уый ма йæ къухæй дæр ацамыдта — дзидзайы мур-иу дзы ныппæрста æмæ та-иу æй æндæрæн рахаста. Уыцы ныхæстæ куы фехъуыстон, уæд мæ маст мæ хуылфы нæрсынмæ фæци, фæлæ уæлæмæ ницы сдзырдтон, фæлæуу, æз дын цы хъæуы, уый куы нæ бакæнон, зæгъгæ. Хабæрттæ Сафарæн ракодтон, уымæн æмæ йæ уый дæр зыдта. Уымæн дæр æхсызгон кæм уыдаид! Æмбæлын та арæхдæр райдыдтой. Горæтмæ сæфтгæйæ ма хуымæтæджы хæрæндæттæм цæуын йæ сæрмæ чи хаста! — æрмæстдæр «Интурист»-мæ. Иуахæмы Са- фаримæ хæрхæмбæлд фесты. Сафар хæрынмæ фæцæйцыд, уый та ресто- ранæй рацæйздæхт. Кæрæдзийæн салам радтой æмæ ныхæстыл фесты. Селиван, нозтдзæф кæй уыд, уый йæ дынджыр цæсгомы сырхæй дæр бæрæг уыд, æмæ йын Сафар афтæ куы бакæнид: — Æнхъæлдæн æмæ дзы бахаудтай. Ома банызтай. Къæрных ахæм ныхæстæ йæхирдыгонау æмбары æмæ йæ уыцы тарст- хуызæй афарста: — Хъаст мыл æрбацыди? — Мамсыраты Муратмæ йæ барвыстой, - загъта йын Сафар уыцы æцæгхуызæй. — Хъуыддаг цыма сæ хæрзтæй нæу, афтæ мæм кæсы... Уый фæстæ мын Мурат хабæрттæ радзырдта: — Иубон мæ куыстмæ ’рбацæуын, æмæ дын Селиван редакцийы ду- армæ лæууы. Салам, зæгъгæ, мын фæкодта. Æз ын мæ сæры чысыл фезмæлдæй дзуапп радтон æмæ асинтыл цыппæрæм уæладзыгмæ хизы- ныл фæдæн. Хæрзаг йæхинымæр загъта, рæстмæ салам мын кæм нал дæтты, уым, æвæццæгæн, мæ хъуыддæгтæ æцæг тъайлаг сты. Мæ кусæн уатмæ бацыдтæн, æмæ уайтагъд мæ уæлхъус писмоты хайа- ды кусæг алæууыд, абоны газеты уæ хайадæй цы ’рмæджытæ ис, уыдо- ныл сæ ныффысджыты мыггæгтæ фæнысан кæн, цæмæй, дам, сын ре- дактор гонорар рафысса. Цалынмæ уыцы куыст кодтон, уæдмæ Селиван дуары зыхъхъырæй æрбакаст. Писмоты хайады кусæг куы ацыд, уæд ду- ары уынæр фæцыд. Æз æй, цыма нæ хъусын, афтæ мæхи газеткæсæг 314
скодтон. Аивæй дуармæ мæ хъус дарын æмæ, æвæццæгæн, уыцырдæм кæсын, уый Селиван дуары чысыл зыхъхъырæй федта æмæ йæ уæрæхдæр байгом кæнгæйæ сдзырдта: — Æмбæлы? — Мидæмæ,— æцæгæлонхуызæй йын дзуапп радтон æз. Цыма йыл судзаджы мард æрцыд, уый хуызæн хъуызгæ къахдзæфтæй уаты астæу æрлæугæйæ ныллæг хъæлæсæй бафарста: — Цы уыди, цы, уæддæр? Хæблиаты Сафар мын цыдæртæ дзырдта, фæлæ мын бæлвырдæй ницы загъта. — «Цы уыди» та цы хоныс? — цыма мæ, æппындæр архайын кæм ыæ фæнды, ахæм хъуыддаджы нытътъыстой, уый хуызæн загътон æз. - Хъаст дыл æрбацыди. Хуымæтæджы хъаст дæр ма куы уаид — фельетон. Чи йæ ныффыста, уый дæ ницæмæн хъæуы, фæлæ йын, мæнмæ гæсгæ, цыргъ æвзаг ис. Радиойы оркестры, дам, ма балалайкæйæ фæстаг бонтæ куы цагъта, уæд æм телты зæланг æвзист æхцаты зæлланджы хуызæн кæсын райдыдта æмæ, дам, ресторан дæр уый фæстæ байгом кодта. Уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд дзæвгар фæныфсджындæр, йæ рахиз къух æрбатымбыл æмæ æртхъирæнтæ кæнынмæ фæци: — Чи уыди, уый æз тынг хорз зонын. Фæлæууæд, æз ын йæ дынджыр гуыбыны кæд кард нæ нытътъыссон! Иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыд, стæй, фæныфсджындæр уæвгæйæ, ноджы хъæддыхдæрæй загъта: — А вообще-то, пусть докажет! — К сожалению, доказывать теперь мне придется,— загътон ын æз дæр уырыссагау. — Кæй дæ базылынджын кæндзынæн, уый та дæхæдæг зоныс. Йæ тымбылкъух куы райхæлд æмæ, дарддæр цы кæнгæ у, уый куы- нæуал зыдта, уæд æй æрбадын кодтон. Уымæй размæ йын уыцы уæздан- дзинад равдисын дæр мæ зæрдæ нæ батардта. Мæ кæнгæ тызмæгдзинад фæлæмæгъдæр кодтон æмæ иуцасдæр фæлмæндæр хъæлæсæй сдзырдтон: — Æртхъирæнтæ ’мæ карды рæхуыстытæй ницы бакæндзынæ, фæлæ дыл чи ныффыста, уымæ фæндаг ссарын хъæуы... — Æмæ йæм куыд ссардзынæ, кæд æй нæ зоныс, уæд? — Æз та йæ куыннæ зонын?! — Уæдæ афтæ цæмæн загътай, мæнмæ гæсгæ йын цыргъ æвзаг и, зæгъгæ? — Уымæн æмæ йæ уымæй размæ фельетонтæ фыссæгæй нæ зыдтон. Ныр хъæздыг æрмæгыл фæхæст æмæ йæ фельетон ныффыссынмæ дæр уый сразæнгард кодта. — Омæ йæ кæд зоныс, уæд-ма йемæ аыыхас кæн. Кæимæ йæ фæнды, уыимæ рацæут æмæ мæнæ уæ фарсмæ рестораны абаддзыстæм... — Рестораны абадынæн бирæ нæ хъæуы... — Горæты кæронмæ фыс дæр аласдзыстæм. — Уыдæттæ æз дæр æмбарын, фæлæ йæ цы хуызы сразы чындæуа, уый у сæйрагдæр... — Исты йын æрхъуыды кæн, Мурат. Кæрæдзийы иу бон куы нæ зонæм, мыййаг. Никуы дын æй ферох кæндзынæн... 315
— Хорз, ахъуыды кæндзынæн... Исты кæд æрымысин. Æвзæр лæппу нæу, фæлæ иуæй-иу хатт куы ныццæхгæрмæ вæййы, уæд никæйуал коммæ фæкæсы. — Мæнмæ гæсгæ, дæ коммæ бакæсдзæн... — Хорз. Æрмæст ныртæккæ тынг æнæвдæлон дæн æмæ-иу мæ иннæ- бон фæссихор ссар. Дыууæ боны æмгъуыд ын барæй радтон. Иуæй, æртыккаг бон са- батмæ цыди æмæ фæссихор куысты фæстæ кæдæмфæнды ацæуæн дæр уыдаид, «фельетоны авторы» дæр мæ ссарын хъуыд, стæй, немæ чи ацæу- дзæн, уыдоны дæр. Дарддæры хабæрттæ мын Мураты дзурын нал хъæуы, уымæн æмæ сын мæхæдæг æвдисæн уыдтæн. Кæд ма исты зонын, уæд Селиванимæ фондз уыдыстæм: Мурат, Сафар, æз, «фельетоны автор» Барис æмæ йæхæдæг. Мурат ын рагацау бамбарын кодта, фынджы уæлхъус фельето- ны кой æппындæр куыннæ рацæуа, афтæ, кæннод, дам, хъуыддаг фе- халдзынæ. «Интурист»-ы ахæм хъæлдзæг бадт бирæ хæттыты нæ фæкод- тон. Дыккаг бон Селиван сæумæрайсом Мураты кусæн уаты æрбалæууыд æмæ, салам дæр нæма радта, афтæмæй йæ бафарста: — Цæй, куыд уыди? Йæ зæрдæмæ фæцыд нæ бадт? — Бадт йæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ, адæмæн уæлдæйттæ кæй хæрын кæныс, уый тыххæй йæ маст цыма тагъд не ссæудзæн, афтæ мæм фæкаст. — Дæ хорзæхæй, зæгъ ын, ахæм хъуыддагæн дзы, зæгъ, йæ кой дæр нал уыдзæн. Куырттаты комы кусарт акæндзыстæм æмæ йын уæд мæхæдæг дæр зæгъдзынæн... — Гъер ды фæзæгъыс, марын дæ хъæуы, зæгъгæ, фæлæ, Селиванæн афтæ кæй бакодтон, уымæй исты рæдыд æруагътон? — бафарста мæ Му- рат, ныхас куы фæцис, уæд. — Ацы ран дæ ныхмæ ницы зæгъын мæ бон у. — Уæдæ дарддæр хъус. Уæд ма радиойы куыстон. Уым дæр-иу хъæлдзæг митæ кодтам, кæй зæгъын æй хъæуы. Хæларæй кæимæ цардтæн, ахæм лæппутæ дзы уыдис æмæ-иу фæскуыст фæйнæ сыкъайы дæр анызтам. Иуахæмы мын мæ зонгæтæй — æви мæ хæстæджытæй уыди, бæлвырд æй нал хъуыды кæнын — чидæр хуын æрбахаста: балоны дзаг арахъхъ, карчы мард æмæ æртæ уæлибæхы. Цогты Басил нæ хистæр уыди, æмæ сæ уый кусæн уатмæ бахастон, фæскуыст абаддзыстæм, зæгъгæ. Звуко- режиссер Гуыриаты Гермæнæн дæр загътон. Балон æртæйы фаг йеддæмæ куы нæ суа, уымæй тарстæн æмæ фылдæр адæмы хонынмæ фæзивæг код- тон. Фондз сахатыл Басилы кабинетмæ бацыдтæн æмæ æхгæд куы разы- нид. Цы фæци, зæгъгæ, фыццаг уæладзыгмæ æруадтæн æмæ дуаргæс тæтæйраг Юсупы фæрсын: — Басилы нæ федтай? — Чысыл раздæр ацыд,— загъта лæг. — Йæ дæгъæлтæ радта æмæ ацыд. Дæгъæл райстон, дуар байгом кодтон. Каркæн ма йе стджытæ рагъа- мадæй баййæфтон. Æмæ хуымæтæджы карк уыди! Ныртæккæйы кæрчы- 316
ты хуызæн нæ, фæлæ — хæдзарон. Арахъхъæй иу гыццыл йеддæмæ хъуыд нæ уыд, уæлибæхтæ дæр — цалдæр карсты цух. Стъолыл ныууагъта ахæм фыст: «Бирæ-иу бахæрут, лæппутæ!» Ацы ран Мураты чысыл мæ зæрды бауромын ис. Цæмæн, уый дæр зæгъдзынæн: карчы тыххæй. Карчы фыдæй фылдæр ницы уарзы. Кæцы- ранфæнды куы вæййы, уæддæр æй бацагуры. Кæм ын æй æрæвæрынц, уым та йын дзы бафсис нæ вæййы. Йæ хуыны карк ын кæй бахордæуыд, уый йæ хуымæтæджы масты кæй нæ баппæрстаид, ууыл æнæрасо- мыгæнгæйæ дæр тынг æууæндын, уымæн æмæ уымæй цауддæр каркмæ дæр куы нæ фæлæууыд æмæ ма бæллæхы дæр куы фæцæйхауд... Æндæр фынгыл дæр та сын карк æрæвæрдæуыд, æмæ дзы Мурат куын- нæ бахордтаид! Йе ’мвынг адæм дзы аходгæ дæр не скодтой, тæф кæны, зæгъгæ. Муратæн ма уый æхсызгон дæр уыд, æз, дам, тæф не ’мбарын æмæ мæ ницы хъыгдары, зæгъгæ. Ныццавта карк, уæдæ цы уыдаид. Ходы Камал кæйдæр фæфæзмы, уазæгæн, дам, карк аргæвстой. Иннæ хæринæгтимæ йын æй æрæвæрдтой. Фысым цыбыр рæстæгмæ фынгæй йæхи ракуырдта æмæ йæ фæстæмæ ’рбаздæхынмæ каркæй фынгыл ницы- уал уыд. Фысым æй фæрсы: «Карк хæргæ бакодтай, фæлæ йе стджытæ та цы фесты?» - «Æмæ карчы та цæй стæг ис?» — фарстæй йын дзуапп радта уазæг. Уыйау Мурат смаггæнаг карк фæдæле кодта. Æхсæвыгон ахсæн куы скуыста, уæд й’ артæнтæ калынмæ фæци, райсоммæ та йе ’ппæт буар дæр фадæгау ракодта. Куыстмæ æрдæгмардæй æрбацыд. Хабæрттæ куы радзырдта, уæд ын Тыджыты Юрий афтæ: — Омæ дыл фындж нæй, фындж, фæлæ дыл шæстытæ дæр нæй, æмбыд карк кæдæм хордтай?.. Æмбыд каркмæ кæм нæ фæлæууыд, уым, хæдзарон карчы минасæй цы ’хсызгондзинад райстаид, уый цæстытыл æнцон ауайынгæнæн у. Цæстытыл ноджы æнцондæр ауайынгæнæн у, куыд смæсты уыдаид, уый. - Куыннæма хъуамæ смæсты уыдаин! - дзуры дарддæр Мурат. — Æз ын, куыд хистæр, афтæ кад кæнынмæ хъавыдтæн, уый та мын мæ хуын иунæгæй смарзта. Фæлæуу, зæгъын, цъаммар чи у, уый. Æз дын дæ хæрд дæ фарсы тæнæгæй куы нæ фæкæнон! Ноджы ма дыккаг бон адæмыл зилы æмæ йæхицæй æппæлы, знон Муратæн ахæм куыст бакодтон, зæгъгæ. Уый мын мæ маст тыхджындæр фыцын кодта. Хъуыды кодтон, уæдæ дзы мæ маст цы хуызы райсон, зæгъгæ, æмæ, мæхимæ гæсгæ, хорз мадзал ссардтон... Уыцы аз Ирыстоны картоф не ’рзади, æмæ алчи йæ зымæгон хардз кæм ссара, ууыл тыхсти. Искуы-иу уæййаг куы фæзынди, уæд-иу æй цыфæнды аргъæй дæр цыбыр рæстæгмæ аскъæфтой. Раздæр мæ зæрды уыди хъусынгæнинаг машинисткæтæм мыхуыр кæнынмæ раттын, фæлæ сæ дзыхыл куы нæ фæхæцой æмæ мæ сусæгвæнд куы рахъæр кæной, уымæй фæтарстæн æмæ йæ фæскуыст мæхæдæг иу æнгуылдзæй фæтъæпп-тъæпп кодтон. Къорд экземпляры куы баисты, уæд сæ изæрдалынджы, баныхасæн кæм уыди — телыхъæдæй, кулдуарæй, бæласæй — уымыты фæныхæстон. Хъусынгæнинаджы та ныффыстон: «Советты уынджы — Басил уæд уым иумæйаг кæрты цард, бацамыдтон 317
хæдзары номыр дæр — уæй кæнын картоф». Йæ аргъ дæр ын, æнæуи цасыл уæй кодтой, уымæй асламдæр фæкодтон. Дыккаг бон Басил райсомæй куы ’рбацыд, уæд дæр ма йæхицæй æппæлыд, карк кæй бахордта, уымæй, уымæн æмæ уыцы изæр хъусын- гæнинагталынджы ничи бакаст, фæлæ куы срухс æмæ змæлæг куы сарæх, уæд адæмæй чи голлагимæ, чи - гыццыл уæрдонимæ, чи та - хуымæтæ- джы хызынимæ Басилты дуармæ æмбырд кæнын райдыдтой. Басил йæ куыстæй цæмæдæр гæсгæ раздæр рацыд æмæ сæ дуармæ уыйбæрц адæм лæугæ куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ мад рынчын уыд æмæ йыл кæд исты ’рцыд, зæгъгæ. Ацы ран та Мураты ныхасæй иучысыл иуфарс ахизынмæ хъавын. Цæвиттон, Муратимæ кæмдæр хуынды бахаудтам æмæ фæстæмæ хъæлдзæгæй здæхтыстæм. Мæ фæндаг йæ фатеры рæзты уыди æмæ йæ, зæгъын, æххæст сæхимæ бахæццæ кæнон, цæмæй йæм мæ зæрдæ ма ’хсайа, уымæн æмæ ма уымæй размæ дæр кæмдæр уыди æмæ йыл мæнæй фылдæр ’уæз æрæнцади. Сæ кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд йæхи фæхъæбатыр кодта, йæ сæр бæрзонддæр систа, йæ къухтæ дæлæмæ ’руагъта æмæ кæрты, йæ сыхаг устытæ бандоныл кæм бадтысты, уыдоны рæзты уыцы тагъдгомауæй бараст. Æз дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ фарсмæ. Устытæй иу фестад æмæ Мураты разæй сæ хæдзары фæмидæг. Æз Мураттæм иуцасдæр афæстиат дæн. Фæстæмæ куы рацыдтæн, уæд та æрдæбоны сылгоймаджы кæрты раййæфтон. Нæ разæй лидзæг кæй фæци, уый тыххæй йын хъазгæмхасæн бауайдзæф кодтон: - Уайтагъд лидзæг куы фæдæ, уагæры ма сымахмæ куы цыдаиккам... - Бахатыр кæн, Муратмæ куы бакастæн, уæд мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад, мæ мад нæфæразгæ у æмæ, зæгъын, кæд уый исты код- та. Мураты митæ мæм тæфæрфæсгæнæджы миты хуызæн фæкастысты. Ныр дарддæр Муратмæ хъусæм: - Æлхæнджытæ кæм схъомпал сты, Басил уырдæм куы ныххæццæ, уæд се ’хсæн фæмидæг, фæлæ йæ нæ уадзынц, æнæ радæй кæдæм бы- рыс, зæгъгæ. Æмæ йæм цынæхуызон æвзагæй сдзырдтой! Чи йæ æдзæсгом рахуыдта, чи — кæсæнцæстджын калм, чи — цы. Цавæр рад æмæ цавæр картофы кой кæнут, æз, дам, ам цæрын æмæ мæ мæ хæдзармæ бауадзут. Тыххæй-фыдæй сæхимæ баирвæзт æмæ йæм дзы уым та йæ ус æрлæвæрдта, дæ сæры зонд кæд бацæудзæн æмæ де ’рра митæ кæд ныууадздзынæ, зæгъгæ. Адæмы дзолгъо-молгъо фæтынгдæр. Рæстæг цыппар сахатмæ фæцæйхæццæ кодта, фæлæ «картофуæйгæнæг» никæцæйма зынди. Ба- сил сæ хъæлæбайæ куынæуал фæрæзта, уæд сæм рацыди æмæ сын загъ- та, уый чидæр хъазгæйæ ныффыста хъусынгæнинæгтæ, махæн картоф нæхимæ дæр куы нæ ис, зæгъгæ. Бирæты уыцы ныхæстæ нæ бауырныд- той æмæ бæлæсты бынтæм сæхи айстой, «картофуæйгæнæджы» фæзындмæ цæттæйæ лæууыдысты. Дыккаг бон адæмы нымæц фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ фæци. Ба- сил куыстмæ дæр не ’рбацыд: хъуыды кодта, адæмæй цы хуызы фервæза, ууыл. Æрæджиау йæ сæр æрцахста: дынджыр картон-гæххæттыл ставд 318
дамгъæтæй ныффыста: «Картоф уæйгонд фæци!» æмæ йæ кæрты дуарыл сауыгъта. Æрмæстдæр æй уæд ныууагътой йæ адыл. — Уæдæ мæм ацы ран дæр исты азым ис? — йæхи фарста æви мæн, уый дзæбæх нæ бамбæрстон, афтæмæй загъта Мурат æмæ дарддæр йæ ныхас кодта: — Карчы фыдæй мæ æнæхай чи фæкодта, уый афтæмæй куыд хъуамæ ныууагътаин?! Гермæны дæр ма фыдæнхъæл фæкодтон. Уæвгæ бынтон фыдæнхъæл нæ фæци. Дуканийæ килькæ-кæсæгтæ æрба- хастам æмæ уыдонимæ æнад нызт бакодтам, фæлæ, куыд федтай, афтæмæй мæ Басил дæр æвыдæй нæ аирвæзт. Ахæм ми ма мын Буциты Алыксандр дæр бакодта. Уый та афтæ уыд. Уæд дæр ма радиохъусынад æмæ телеуынынады комитеты куыстон. Алыксандр æмæ Барис Горькийы уынджы цардысты. Уым комитетæн æмдзæрæн уыд. Райсомæй мæ куыстмæ фæцæуын æмæ дын тигъыл Алык- сандры лæугæ куы сæййафин. Йæ цæсгом уыцы тыхстхуыз уыд. Дысон дзы кæмдæр кæй фæразуæз, уый йыл бæрæг дардта. — Знон дзы Барисимæ фегæр стæм æмæ мæ сæр тъæппытæ хауы,— уыцы мæгуырхуызæй дзуры йæ судзгæ фыдтæ Алыксандр. — Иунæгæй нуазынмæ фæзивæг кодтон æмæ ардæм дæр уый тыххæй рацыдтæн, кæд, зæгъын, искæуыл фембæлин... — Мæнæй дын ницы пайда ис: æз райсомæй нæ фæнуазын. — Æз та ма цин бакодтон, куы дæ ауыдтон, уæд. — Райсомæй цай дæр нæ фæцымын. Фæссихорæй фæстæмæ - табуаф- си. Дæ фарсмæ чи ’рбалæудзæн, уый — æз. — Цытæ дзурыс? Фæссихормæ мæ уд куы схаудзæн... Ахæм мæгуыр хуыз ын уыди æмæ йын фæтæригъæд кодтон. Бацы- дыстæм, кæм цардысты, уырдæм. Сæ дысоны фынг исгæ дæр не скод- той, сæ фæлхæрттæ уыцы æнæфснайдæй стъолыл лæууыдысты. Алык- сандр сынтæджы бынæй тæнæг фанерæй конд рагон чумæдан раласта, байгом æй кодта æмæ дзы салдаты флягæ систа. Дыууæ цайцымæны дзаг дзы рауагъта æмæ мæм дзы иу дæтты. — Цы у? — фæрсын æй. — Спъиртт. — Сыгъдæг спъиртт? — О! — сæрыстырхуызæй мын дзуапп дæтты Алыксандр. — Æмæ мæ маргæ кæныс? Цайцымæнæй уанцон нæу! — Ницы дын кæндзæн! Иу хатт мæн тыххæй куы фæриссай, уæд цас диссаг у! Уæдæ кæимæ баназон?! Мæ фæлмæн зæрдæйæ та мын пайдачындæуы, уый æмбæрстон, фæлæ дыууæ зæгъын мæ бон нал баци. Уыцы тыхстхуызæй йæм дзурын: — Дон мын уæддæр ратт. Рахаста мын дон. Мæ дзых байгом кодтон æмæ спъиртт хъæлхъæла- джы ауагътон. Цæй спъиртт æмæ цæй цыдæр — хуымæтæджы дон! Ныр Алыксандр худæгæй артæндихтæ кæны. Асайдта мæ. Афтæ алкæй дæр асайдзынæ, стæй дзы худæгæй дæр ницы ис, уымæн æмæ ахæм ми бакæ- нынæн бирæ зонд нæ хъæуы. Æз ын мæхинымæр тæригъæд кодтон, мæ «дин» уый тыххæй фехæлдтон, уымæн та худæджы хос фæци. Ноджы 319
ма, кæй зыдта, уыдонæн йæхицæй æппæлыди, Муратæн ахæм ми бакод- тон, зæгъгæ. Иæхицæй æппæлыди мæхи цур дæр, спъиртт ын куыд ба- назын кодтон, уый ма йын радзурын кæнут, зæгъгæ. Æз дæр-иу мæ мидбылты мæллæг худт бакодтон, мæхинымæр та, йæ «хæс» ын куыдæй бафидон, ууыл сагъæсы уыдтæн. Уыцы рæстæджы проспект æмæ Максим Горькийы номыл уынджы тигъыл хилдасæн уыди. Уæд ма ахæм рæтты дасгæ дæр кодтой. Алык- сандр дæр мæ хуызæн йæхи дасынмæ дæр æмæ йæ сæр æлвынынмæ дæр уырдæм цыдис. Æз-иу мæ хъуыддаг куы бакодтон, уæд-иу рацыдтæн, уый та ма-иу уым кусджытимæ ныхæстыл фæци, семæ-иу шашкæтæ кæнæ шахмæттæй дæр хъазыди. Иу дзырдæй, иууылдæр æй хорз зыдтой æмæ, къæсæрæй куы бахызт, уæд ыл-иу нæлгоймагæй, сылгоймагæй цинтæ кæнынмæ фесты, мæнæ ма нæм Сашæ фæзынди, зæгъгæ. Иуахæмы та мæхи дасынмæ бацыдтæн æмæ къæлæтджыныл æрбадтæн. Иу ирыхъæуккаг чызг дзы куыста æмæ уый радмæ бахаудтæн. Фыццаг хатт мæ нæ даста, фæлæ мæ уæд фæрсы: — Телеуынынады нæ кусыс? О, зæгъгæ, йын дзуапп радтон. — Æз уырдæм хæстæг цæрын. Телеуынынадæй равдыстытæ куыд фев- дисынц, уый базонын мæ тынг фæнды, фæлæ дæ бафæрсын нæ бауæн- дын, æнæуи та дзы никæй зонын. — Æмæ уым нæуæндинагæй цы ис?! Æрбацу æмæ дын алцыдæр фенын кæндзынæн,— зæрдæ йын бавæрдтон æз. — Æнхъæлдæн, Сашæ дæр уым кусы. Ды дæр æй зоныс, уый дæр йæхи дасынмæ ардæм фæцæуы, фæлæ йæ фæстаг рæстæг нæ уынын. Мæхинымæр цин кæнынмæ фæдæн, ай саг фæрæтмæ куы ’рцыди, зæгъгæ, æмæ чызгæн загътон: — Фæрынчын та, мæгуыр, фæлæ йын кæд бирæ нæ ахæссид. — Æмæ йæ низыхатт цы у? — Суртæ кæны. Ды дæр æй фæдасыс? — Куыннæ! Арæх. Уыцы рæстæг Алыксандр йæ усимæ нал цард, æмæ хилдасæгæн дзу- рын: — Йæ бинойнагимæ дæр уый тыххæй ахицæн. Сывæллæттæ сын нæй, стæй æндæр ус куы ракура, уæд дæр ын нæ уыдзæн... Чызг фырадæргæй дасынмæ дæр нал арæхст æмæ мын мæ ныхæстæм, йæ сæрдасæн йæ къухы бæрзонд сисгæйæ, хъуыста. Ныр æз дзурын уыцы æцæгхуызæй. Мæ ныхæстыл фæдызæрдыг уæвæн ницы хуызы уыдис. — Мæгуыр йæ бон,— тæригъæдтæ кæнынмæ йын фæцис чызг. — Афтæмæй цы хъæлдзæг адæймаг у! Куы ’рбацæуы, уæд нæ худæгæй амары. — Иу сурæй иннæйы ’хсæн ыл ничи фæгуырысхо уыдзæн, æнæниз адæймаг цы уа, уый вæййы. Фæлæ йæ низ куы ’рцахсы, уæд — дæ балгъи- тæг афтæ: уромæг æй уромын нал фæфæразы. Дæлæ æфсæнвæндаджы станцæйы цы хилдасæн и, уый зоныс? — Зонын. Раздæр кусынмæ уырдæм цæуынмæ хъавыдтæн, фæлæ ам бынат суæгъд и. Иуæй, горæты астæу, иннæмæй та мын нæхимæ дæр хæстæгдæр у. 320
— Уæдæ йæ иу хатт уым йæ низ æрцахста æмæ чысыл-ма бахъæуа йæ хурх ын ма ахауын кæной. Йæ хъуырмæ йын никуы фæкомкоммæ дæ? Иæ нос ма ныр дæр бæрæг дары. Хъуыддаг суанг тæрхондонмæ дæр бахæццæ. Ныр цæй нос æмæ цæй цыдæр! Иунæг нос дæр ыл нæ уыди, фæлæ афтæ барæй загътон, уадз æмæ тынгдæр тæрсой. Чызг бынтондæр сагъæсы бацыди. Тыххæй-фыдæй мæ кæронмæ даст фæци. Раст зæгъын хъæуы, хатгай-иу мæхи хурхæн дæр старстæн. Йæ къухтæ цыма зыр-зыр кæнын райдыдтой, афтæ мæм каст. Къæлæтджынæй куы сыстадтæн, уæд мæ фæдыл рацыд æмæ мын афтæ: — Ацы хатт нæм куы ’рбацæуа æмæ мæ рад куы уа, уæд ын цы ’фсон скæндзынæн, нæ дæ дасын, зæгъгæ? Мæ цæсгом æм нæ бахъæцдзæн, рынчын дæ йын зæгъын. — Æнцон нæу, кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагæн комкоммæ афтæ зæгъын, фæлæ дын æз иу хос амонын. Дасыныл-иу сразы у, æрмæст æм æдзынæг кæс, æмæ, куыддæр йæ цæстытæ æрцъынд кæна, афтæ сур кæнынмæ хъавдзæн æмæ-иу уæд дæ сæрдасæн иуварс айс. Афтæ йын барæй загътон, уымæн æмæ дасгæ-дасын адæймагæн йæ роцъойыл кæнæ русыл куы схæцай, уæд ын йæ цæстытæн æнæрцъынд- гæнгæ нæ вæййы. Чызджы ма мæнæй ноджыдæр истытæ фехъусын фæнды- ди, фæлæ æз батагъд кодтон, чидæр мæм æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ. Мæнæй цы фехъуыстай, уыдон-иу макæмæн радзур, зæгъгæ, йын бафæ- дзæхстон. Афтæмæй та мæ зæрдæ дардтон, æнæрадзургæ сæ кæй нæ фæ- уыдзæн, уый. Иу ныхасæй, иу афон, æнæсрæмудзгæ кæмæн нæ уыд, ахæм бомбæ ифтыгъдæй бавæрдтон æмæ æнхъæлмæ кастæн, йæ гуыпп кæд райхъуыс- дзæн, уымæ. Æмæ мæ бирæ ’нхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Дыккаг бон уыдаид æви æртыккаг, афтæ сæм Алыксандр тасгæ-уасгæ фæмидæт. Хилдасджыты хистæр Житомирский уыди, æмæ уый радмæ бахауд. Хилдасæг, цыма ницы зоны, уый хуызæн йæхи сæрдасæн цыргъ- гæнæг скодта. Йе ’мбæлттæ йæм аивæй сæ хъус дарынц, ома, хинæй ныл цæуыс, фæлæ дын дзы ницы рауайдзæн, зæгъгæ. Ныр Алыксандр Житомирскийы къæлæтджыныл æрбадти æмæ æн- хъæлмæ кæсы. Цæмæй хæйрæг уыди, æз ирыхъæуккагæн цы хабæрттæ ракодтон, уыдон хилдасæны кусджытæ уайтагъд кæй базыдтой. Жито- мирскийæн гæнæн куынæуал уыди, уæд ын йæ хъусы дзурæгау загъта: — Сашæ, куыд хæларæй цæрæм, уымæн дæхæдæг — æвдисæн. Аргъ дын куы нæ кæнин, уæд мæнæй ацы ныхæстæ нæ фехъусис. Дæхицæн, лыг кæнынæй тас кæмæй нæу, ахæм дасæн балхæн æмæ дæхæдæг дæхи дас. Алыксандр йæхинымæр дисы бацыд, мæ хъис хъæбæр уаид æмæ мын æй уæд ацал-ауал азы куынникуы загъта. — Нæ дæ ’мбарын, ныронг мæ куы дастай, уæд ныр æндæрхуызон фæдæн? — Ныронг дæр дæ нæ дастаин, рынчын дæ, уый куы зыдтаин, уæд. Суртæ чи кæны, уыдонмæ сæрдасæнæй æвналын тæссаг хъуыддаг у. Дæхи дæр бабын кæндзынæ æмæ мæн дæр... 21 Дзасохты М. 321
Уыцы ныхæсты фæстæ уайтæккæ дæр бамбæрста, арт ыл æз кæй бан- дзæрстон, уый. — Уый уын Мурат загъта? — Чифæнды йæ зæгъæд, æз дæумæ сæрдасæнæй нал бавналдзынæн, — йæ хъуыды бамбарын кодта Житомирский. — Сæр’æлвынынæй цы зæгъыс, уый зæгъ. Дасын æй нал бакуымдтой иннæтæ дæр, стæй канд уыцы хатт нæ, фæлæ уый фæстæ дæр, цалынмæ мæхæдæг бацыдтæн æмæ сын, цæмæн ын афтæ бакодтон, уыдæттæ радзырдтон, уæдмæ. Ам дæр та Мураты ныхмæ сдзурын мæ бон ницы баци. Раст кæм уа, уым йæ ныхмæ куыд хъуамæ сдзурон! Фæлæ йын æндæр хабар йæ зæрдыл æрлæууын кодтон: — Темботтæй дæр дæ маст истай? Уый та дын цы кодта? — Темботт æндæр хъуыддаг у,— йæ мидбылты бахудт Мурат æмæ цæсго- мы æнцъ^глдтæ дыууæ хатты фылдæрæй разындысты... — Йæхицæй сыгъдæгдæрзæрдæ адæймагæн ссарæн нæ уыд. Куыстыл — æнувыд, æнæхии, журналистæй дæр — тыхджын, фæлæ — тыхст æмæ уырыд. Æдзухдæр цæмæйдæр хъаст кодта, цыдæр ын нæ фаг кодта. Мæнмæ та, хъуыр-хъуыр-иу куы кодта, уæд уымæ хъусын хорз каст. Радиокомитеты иу рæстæг куыстам. Нæ электрик æндæр горæтмæ цæрынмæ ацыд æмæ нæ йæ бæсты лæг райсын хъуыд. Радиойæ фехъусын кодтам, ахæм æмæ нæ ахæм кусæг хъæуы, зæгъгæ, æмæ нæм адæм цæуын райдыдтой. Иу бон нæм Темботтæн йæхи карæн лæг æрбацыд æмæ йæ Хуыцау мæ кусæн уатмæ æрбауагъта. Цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыд, уый куы базыдтон, уæд мæ сæры æвиппайды февзæрд æнахуыр хъуыды æмæ йæ Темботмæ барвыс- тон, уыцы хъуыддæгтæ уымæ хауынц, æрмæст, зæгъын-иу æм хъæрæй дзур: уæзхъус у. Ныр Темботт мæ фарсмæ цы уат уыд, уым бадт æмæ-иу мæм йæхи ныхæстæ, телефонæй куы дзырдта, уæд дæр хорз хъуыстысты. Æрбацæуæг æм хъæрæй куы дзура, уæд уый дæр хорз кæй хъусдзынæн, ууыл мæ зæрдæ дардтон æмæ кæд æнæвдæлон уыдтæн, уæддæр рæстæгмæ мæ куыст фæуагътон æмæ хъусынмæ мæхи æрцæттæ кодтон. Уалынмæ æцæгæйдæр мæ хъустыл ауад уазæджы тыхджын хъæлæс: «Дæ бон хорз!» Темботт та йæ тæккæ тыхстæй уыд æмæ йын уыцы æцæгæлонхуыз салам радта. «Афтæ фехъуыстон, электрик, дам, уæ хъæуы!» Темботт йæ маст уромын нал бафæрæзта æмæ, æрбацæуæджы хъæлæсæй сабырдæр чи нæ уыд, ахæмæй дзуапп радта: «Омæ хъæртæ та цæуыл кæныс? Стæй мæн электриктимæ цы хъуыддаг ис? Æз уацхæссæг дæн». Куы мыл фæгуырысхо уа, ды йæ ’рбарвыстай, зæгъгæ, уымæй фæтарстæн, мæ дуар ахгæдтон æмæ мæхи уынгмæ айстон. Куыстагурæг дæр мæ фæдыл тагъд рахызт, æмæ фæстæмæ бацыдтæн. Тембот нæ ба- зыдта, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый, æмæ æз дæр мæ кусинагыл æрбадтæн. Æндæр хагг та сæ Барисимæ сардыдтон кæрæдзиуыл. Уый дæр ахуды- ны тыххæй. Ахæм митæ куы нæ кодтаиккам, уæд цыма цард дзæвгар æгъуыздæр уыдаид, афтæ мæм кæсы. Ацы хабар дæр, радиокомитеты куы куыстон, уæд æрцыди. Цæвит- тон, Барисæн уыд лыстæг чырынтæ цъæх костюм. Иу-дыууæ азы бæрц 322
кæй фæдардта, ахæм. Йæ хуыз, кæй зæгъын æй хъæуы, сивта, фæдæрдвæд æмæ, цыма чъизи уыд, афтæ зынди. Темботт та дзыхъхъын- ног ахæм костюм балхæдта. Сæрдыгон æнтæф рæстæг скодта, æмæ Темботт, аппаратный кæй хуыдтой, уым пленкæ монтаж кодта æмæ йæ пиджак механикты уаты фæуагъта. Уыдон цыдæртæ куыстой æмæ мæ куыннæ бафиппайой, афтæ Темботты пиджак рахастон æмæ йæ мæ уаты рагъæныл æрцауыгътон, стæй Барисмæ бацыдтæн æмæ йын афтæ: — Не ’рвадæлты лæппу денджызон у. Цы нæ бæстæйы вæййы, ахæм нæй æмæ мын Австралийæ дзаумæггæсыгъдæггæнæн диссаджы хос æрба- ласта. Зæронд дзаума дæр дзыхъхъынноджы хуызæн акæны. Æри-ма дæ пиджак, æз дын æй ныссыгъдæг кæнон. Бирæ рæстæг ын нæ хъæуы, ныртæккæ дын æй фæстæмæ ’рбахæсдзынæн. Рахастон æй. Темботты пиджаччы дзыппыты цыдæриддæр ссардтон, уыдон, чи дзы кæцы дзыппы уыд, уый хынцгæйæ, Барисы пиджаччы дзыппыты сæвæрдтон æмæ йæ аппаратты уаты сауыгътон, стæй Тембот- ты пиджак Барисмæ бахастон. Хуымæтæджы цин ыл бакодта: — Æцæгдæр, дзыхъхъынногæй куы агæпп ласта, — æмæ йæ фырцинæй йæ уæлæ скæныны бæсты рагъæныл æрцауыгъта. Касти æмæ йæм касти. — Мæ хæлаф дæр ма мын куы ныссыгъдæг кæнис. — Цæуыннæ дын æй ныссыгъдæг кæндзынæн. Æрмæст — райсом. Кæннод ныр мидæггæгты цæудзынæ? Уæдмæ Темботт йæ куыст фæци æмæ пиджак райста. Куы йæм æркаст, уæд хорзау нал фæци. Уый зæрде йын æй механиктæй исчи скодта æмæ йын æй чъизийæ фесæфта. Дыккаг уæладзыгмæ схызт æмæ бæстæ хъуыр-хъуы- рæй байдзаг кодта. Æнæуи-иу иронау дзырдта, фæлæ-иу куы смæсты, уæд хъуыр-хъуыр та уырыссагау кодта. Æмæ техникты цы нæ рахуыдта. Мæ ног пиджак, дам, мын цы хуызæн акодтой. «Хуытæ дæр хуытæ æмæ уыдон дæр — хуытæ!» Йæ уавæрмæ кæсын мæ бон нал уыд æмæ йын загътон: — Уый Барисы пиджак у, дæууон та уымæ ис. Фардзины-фырты уатмæ куы бахызт æмæ йæ ног пиджак рагъæныл ауыгъдæй куы ауыдта, уæд ыл сбустæ кодта: — Цы хынджылæг скъæрыс, мæ пиджак мын цæмæн рахастай? Барис йæ роцъо хæрдмæ сиваз-сиваз кæны, ома цавæр пиджаччы кой кæныс, зæгъгæ. — Дæхиуыл дæр æй нæ абарстай, къабайæн дын куы бæззы... Барис уæддæр не ’мбары, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый: — Цавæр пиджак дæ хъæуы? Уый мæн у, уæртæ мын æй Мурат ныс- сыгъдæг кодта, йæхи дæр-ма йын бафæрс. Хъаугъа куы скарз уа, уымæй фæтарстæн æмæ сын хъуыддаг бамба- рын кодтон. — Æнæхудгæйæ цæрын дæр зын у, фæлæ мын ноджы зындæр вæййы, дзырдхæсджытæ æмæ зæвæттæсдæрджытæм кæсын æмæ дзы кæцыдæртæн сæ аккаджы митæ бакæныныл бацархайын. Ныртæккæ кæй кой ракæ- нынмæ хъавын, уый ды дæр хорз зоныс, иумæ «Рæстдзинад»-ы дзæвгар фæкуыстам. 323
— Симона уыдзæн, æндæр чи? — Акъуырдтай йæ. Валодямæ дзырдтæ хаста, уый зыдтон, фæлæ йæ хъуамæ йæ дыууæ хъусæй хурмæ раластаин æмæ мæхиуыл æрымысыдтæн. — Йæхи мадзалæй йын спайда кодтай, нæ? — О. Иу хатт не ’ппæтыл дæр æнæном хахуыр куы ныффыста, уæд дзы йæхи дæр нæ фæхъулон кодта, уымæй раст зæгъыс. Иæ рæздæры куыстæй йæ нозты тыххæй систой æмæ уый тыххæй йæхи «иваргонд» ра- хуыдта. О, æмæ редактормæ дзырдтæ кæй хæссы, уый раргом кæныны тыххæй мæхиуыл æрымысыдтæн. Цæвиттон, райсомæй-иу куысты размæ бульвары не ’рæмбырд стæм?! Æмæ та нын иу ахæм бон уынджы ныхас бацайдагъ. Кусгæ рæстæг райдыдта, уæддæр ма мах Симонаимæ ныхæстæ кодтам. Мæ хабæрттæ йын, цыма мæ хуыздæр хæлар уыд, уый хуызæн дзурынмæ фæдæн: — Ацы нозт ныхъхъуытты уадзын хъæуы, адæймаг дзы æгад цы кæны, æндæр дзы ницы пайда ис. Цыма м’х уыцы дзырдтæм æнхъæлмæ каст, уый хуызæн ныхас йæхимæ айста: — Æз дæм æрдæбонсарæй мæ цæст дарын, æмæ мæм дæ цæсгом цыдæр æнæитувæрд фæкаст. Æвæццæгæн, дзы дысон кæмдæр ныххаудтæ. — «Ныххаудтæ» цы хоныс? Дыууæ хатты ресторанмæ бацыдыстæм. Бæгæны нуазынмæ та ма цæмæ баздæхтæн... Бынтондæр мæ уый фесæф- та... Арахъхъы фæстæ бæгæны куы баназын, уæд мын никуыма батад. Цы фæвæййын, уый нал базонын. Трамвайы ма куыддæртæй сбадтæн, стæй, цы фæдæн, уый нал бамбæрстон. Иу афон мæ кондуктор райхъал кодта, кæдæм цæуыс, ныр, дам, æртыккаг зылд кæныс. Райсомæй мæ хуыссæны райхъал дæн, фæлæ нæхимæ куыд æрбацыдтæн, уый нал хъуы- ды кæнын. Ныууадзынæй хуыздæр хос ын нал и... Мидæмæ куы бацыдыстæм, уæд, цас абадтаин, Хуьщау йæ зонæг, афтæ мæм Хъаныхъуаты Валодя фæдзырдта æмæ мын афтæ: — Уæ быны къæйтæ нуазут æви цы? — Цæй тыххæй зæгъыс? — цыма ницы ’мбарын, уый хуызæн мæхи дарын. — Абондæргъы мæм цалдæрæй æрбадзырдтой, уæ фельетонист фелье- тон йæхиуыл цæуыннæ фыссы, дысон-бонмæ, дам, æй трамвай горæты цалдæр зылды куы ’ркодта æмæ йæм адæм дисмæ кæсæгау куы кастысты. Цы базонын ма мын хъуыд, кæй дзыхæй дзырдта, уый. Æмæ йын хабæрттæ куыд уыдысты, уый кæрæй-кæронмæ радзырдтон. Валодя хор- зау нал фæци. — Зæгъыс, æмæ дæм дзырдтæ чи хæссы, уый дæ хæрзгæнæг у? Иуахæ- мы дын дæхиуыл дæр нæ бацауæрддзæн. Æмæ йыл, æцæгæйдæр, фæстæдæр æнæном писмойы цъыфкалæн фæкодта. Фæлæ уæддæр нæ фылдæр, ома «Рæстдзинад»-ы кусджытæ, диссаджы хорз адæм уыдысты. Хорз адæм кæм вæййы, уым та хæлæггæнджытæ дæр разыны. Тæккайы ма хъуыды кæныс? — Ау, куыннæ йæ хъуыды кæнын? Мæнæ йе ’фцæггот дæр тамакойы тæф кæмæн кодта, уый? 324
— О, о, фæсномыг дæр ма йын куы ’рхъуыды кодтам. Кæддæр Мæс- куыйы КИЖ-ы (Коммунистический институт журналистики) ахуыр код- та æмæ-иу, кæм хъуыди æмæ кæм нæ хъуыди, уым йæ кой æнæракæнгæ нæ фæци: «Вот когда я учился в КИЖе». Ныр журналистикæйæн та æмбаргæ ницы кодта. Фыссын нæ зыдта, уый иу хабар уыд, фæлæ ма хæлæггæнаг æмæ æдзæстуарзон дæр уыди. Æмæ йын алы фыдмитæ кæны- ныл нæ ауæрстон. Йемæ бадын æй ничи уагъта æмæ-иу æй куы кæцы уатмæ барвыстой, куы — кæцы. Иу заман та мемæ бадти. Уæд ма тамако дымдтон æмæ-иу сæрмагондæй райсомæй раздæр æрбацыдтæн æмæ-иу дуарæхгæдæй тамако фæдымдтон, цæмæй тагъддæр фæлидзæг уа, уый тыххæй. Дуарæй-иу куы ’рбакаст, уæд-иу афтæ фæкодта: «Фи-фи-фи, дæ фæздæг дæ сæрмæ куы сбадти! Куы фæхуыдуг уай, уымæй дæр нæ тæрсыс? Нæхимæ куы ныццæуын, уæд мæ мæ бинойнаг æнæбафæрсгæ нæ фæвæййы, тамако дымын, дам, райдыдтай? Де ’фцæггот дæр, дам, тамакойы тæф кæны». Куы зæгъын, фыссынмæ нæ арæхсти, афтæмæй-иу кæй фыдгой нæ ракодтаид, ахæм нæ уыди. Мах-иу алы рæттæм фыстам: радио, телеуыны- над æмæ нын-иу газеттæй æрмæг ныффыссын бахæс кодтой æмæ-иу нæм мæйы кæрон кæнæ йæ райдайæны гæххæттытæ æрбарвыстой гонорары тыххæй. Уый та-иу никæцæй ницæмæ ’нхъæлмæ каст æмæ йæ цæсты фиу- тæ тадысты. Æз-иу бухгалтерийæ, гонорар кæм æрвыстой, ахæм бланктæ райстон, профцæдисы мыхуыр-иу сыл æрæвæрдтон, чысыл-иу æй йæ бынатæй фезмæлын кодтон, цæмæй йæ фыстытæ бынтон хорз ма зында- иккой, уый тыххæй æмæ-иу сæ сусæгæй редакторы секретары стьолыл æрæвæрдтон. Уый-иу сæ адæмыл уаргæ рацыди. Ноджы сын-иу ахæм бирæ гонорар «рафыстон» — исты йæ мæ фыды хардзæй куы нæ лæвæрдтон — æмæ-иу Тæккайæн йæ мастыл ноджы тынгдæр æфтыдтой. Уыдон уынгæйæ- иу Тегаты Сулейманæн — уæд иумæ бадтысты - йæ хъæстытæ кодта: — Æрмæстдæр гонорары куыст кæнынц, кæм цы расыггæнаг и уыдон! Нæхицæн та ма кæд фæфыссынц?.. Уæвгæ йе ’рвад дæр хуыздæр нæ уыд. Кæцæй цы ратона, ууыл никуы бацауæрста. — Æмæ уымæн дæр хорз куы фæдæ... — Æмæ йын нæ хъуыди? Дæ фыртæн хъуыддаг кæныс, адæмы æр- хуыдтай æмæ сын сæ разы мацы æрæвæр, уый кæцы æгъдауы фидауы? Мæгуыр куы уыдаид, уæд ма йын ныббарстаин, фæлæ йæ рæбынтæ ракæл- ракæл кодтой. Цæрæнбонты хъæууонхæдзарадон хайады фæкуыста æмæ колхозтæ æмæ совхозтæй цынæ емынæ фæласта, ахæм нал баззад. Уæдæ йæ ус дæр бæрнон бынæтты фæкуыста æмæ йæхи хъуаг ницæмæй уагъта. Куы зæгъын, дæ иунæг фыртæн ус хæссыс æмæ адæмæн æгъдау ратт, афтид фынджы уæлхъус сæ кæдæм бадын кæныс?! Æз, Мурат цы чындзæхсæвы кой кæны, уым нæ уыдтæн, фæлæ мыы дзырдтой, галы сæртæ, дам, дзы дыууæ уыдис, æмæ йæ Муратæн куы бакойкодтон, уæд загъта: — Йæ мардæрцыд дæр уый мидæг ис, æмæ дзы сæртæ йеддæмæ кæй ницы уыд. Куыд бамбæрстон, афтæмæй дзидзайы комбинатæй сæртæ 325
сласта, уыимæ дынджыр сæртæ — уадз æмæ адæм æнхъæлой, фондзаз- дзыд галтæ акалдта, зæгъгæ, дзидза та, æвæццæгæн, хицæнæй лæварæм- хасæнтæй балхæдта, æмæ нозты фæстæ адæймаг йæ дзыхы цы акодтаид, уый нæ уыди. Ноджы нозтдæр ницæмæн бæззыд: спъиртт донимæтæнæг хæццæйæ æмæ хъуыртæ арыдта. Кусæрттæ кæй нæ акодта*, уый та уымæй бæрæг уыдис, æмæ фынгыл нæ игæр æрæвæрдтой, нæ уæцъæф кæнæ æндæр хуылфыдзаума. Ныр ын мах нæхæдæг редакцийы цы ’хца æрæмбырд кодтам, уый нын рестораны цалдæр бадты фаг дæр уыдаид. Кæй æрбацыдтæн, ууыл фæсмон кæнын райдыдтон, фæлæ гæнæн нал уыд. Уырдыглæуджытæй иумæ фæдзырдтон æмæ йын афтæ зæгъын, ам фынгыл куы ницы ис, ацу æмæ-ма, зæгъын, къæбицæй исты рахæсс. Уый ацыдис æмæ фæстæмæ афтидкъухæй æрбаздæхт, ницы, дам, дзы ис. Фын- гыл ма иу хатт мæ цæст ахастон æмæ, йæ бæрæгастæу цы галы сæр уыд, уый бакомкоммæ бадгæ ауыдтон газет «Социалистическая Осетия»-йы хуызисæг Николай Ботвинничы. Йæ фале та Бутаты Тотырбег бадт. Дзуттаг ирон æгъдæуттæн цы ’мбары, зæгъгæ, ууыл зæрдæ даргæйæ, хистæртæ мæ куыд нæ фехъусой, афтæ Ботвинникмæ дзурын: — Николай, дæ разы-ма мын галы сæрæн йæ хъус уæддæр радæтт, кæннод мæ дзыхы комыдзагæн цы акæнон, уый нæй. Ныр фынг æрдæгбадт дæр нæма уыд, фæлæ, куы зæгъын, Ботвинник мах æгъдæуттæн цы ’мбæрста æмæ мæм рахъæр кодта: — Табуафси, ныртæккæ дын æй æрлыг кæндзынæн. Æмæ мын хъус, æцæгæйдæр, йæ тæккæ рæбыныл дзæвгар дзидзаимæ ралыг кодта. Сафар мæ фарсмæ бадт æмæ мын афтæ: — Æри-ма дзы мæнæн дæр. — Нæгъ! Дæхæдæг амал кæн! — æмæ йын дзы нæ радтон. Хъус æнафоны æнæгъдауæй ралыг кæнын сæрмæ ’рхæссинаг хъуыддаг бæргæ нæ уыди, фæлæ мæрддзæст, æнæчетар, фыдномгæнæджы ахæм митæй æфхæрын хъæуы, кæннод æм ницы хъары. Ботвинник мын галы рахиз хъус ралæвæрдта, уый Тотырбег ауыдта, цы! Николаймæ дзуры: — Мæнæн та иннæ хъус! — Табуафси, æгайтма дæ хъæуы,- сдзырдта Ботвинник æмæ уымæн та галиу хъус æрлыг кодта. Диссаг цы уыди, мах уыцы митæ куы кодтам, уæд нæ иу уынæг дæр нæ фæци, æндæр, æвæццæгæн, æвыдæй нæ баззадаиккам. Æппынни- цы, фæлæ нын уайдзæфгæнджытæ уæддæр фæуыдаид. Уæдæ ма йын цы фыдбылыз ракæнон, зæгъгæ, мæ алыварс ахъахъ- хъæдтон æмæ мæ цæст æрхæцыд замманай рæсугъд открыткæйыл, гæдыйы лæппыны ныв ыл, нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, ахæм. Иæ чъыл- дыммæ уыд немыцагау фыстытæ. Мæ зæрдæмæ фæцыди æмæ йæ мæ дзып- пы сæвæрдтон. Нæ разы ма цы кадавар муртæ уыди, уыдон ахордтам æмæ анызтам æмæ дзæвгар раздæр фынгæй сыстадыстæм. Нæ фæстæ цы баисты, уый нал базыдтам, фæлæ мæ фæндыди, фынг йæ кæронмæ куы ’рхæстæг æмæ кæстæртæн хъусы нуазæн ратгыны онг куы ’рхæццæ сты, уæд æнæхъус сæрæн цы кодтой, уый базонын. 326
— Уæдæ-ма йын æххæст йæ мыды хабар дæр ракæн,— æрхатыдтон Му- ратмæ. — Уый худæг уыди. Æвæдза, уæд рæстæджытæ хуыздæр уыдысты. Хуссар Ирыстоны республикон газет «Советон Ирыстон»-ы редактор Къуы- мæридтаты Але æмæ «Рæстдзинад»-ы редактор Хъаныхъуаты Валодя тынг лымæнæй цардысты. Афтæ лымæн æмæ хæлар ахастдзинæдтæ уыдис дыу- уæ редакцийы кусджыты æхсæн дæр. Кæрæдзимæ уазæгуаты дæр арæх цыдыстæм. Гъе æмæ та нæм иуахæмы рабалц кодтой нæ хуссайраг æфсымæртæ. Радиойы редактор Беккуызарты Дзамболатæн Гуысырайы дачæ уыди, æмæ-иу арæх нæ уазджыты уырдæм ахуыдтам. Æмæ та уæд дæр Куырттаты коммæ абалц кодтам. Беккуызары-фырты хæдзары акомкоммæ уыди дынджыр тæгæр бæлас, æртæ лæджы йыл нæ аххæссыдаиккой, ахæм. Мах нæ дзаумæттæ уый бын æрæвæрдтам. Ацы Хайлас чи у - йæ фыртæн фидиссаг чындзæхсæв чи скодта, уымæй зæгъын — уый машинæйы абадт æмæ Дзуарыхъæуы колхозы сæрдар Парсиаты Хазбимæ балæууыд æмæ йын афтæ зæгъы, Хуссар Ирыстонæй нæм уазджытæ ис æмæ, дам, сын сæ арахъхъыл мыд куы ныккæниккам, уæд нæхи тынг уазæгуарзон фысымтæй равдисик- кам. Уым та мыдтæ дардтой: хайласæн амонын хъуыд, республикæйы кæм цы ис, уый?! Хазби, диссаджы уæздан лæг, куыннæ хъуамæ рарвыстаид уазджыты номыл, цы курæг æм бацыдысты, уый. Æртæлитруат балон æмæ ма йын йемæ цытæ сæвæрдтаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ дзы æддæмæ мыд йеддæмæ ницы разынд. Сусæгæй йæ, нæ дзаумæттæ кæм сæвæрдтам, уырдæм бахас- та. Æнхъæлдта, ничи йæ фендзæн, зæгъгæ, фæлæ йын æз йæ алы къахдзæфмæ дæр кастæн. Мæхи ралгъыстон, уыцы мыд ын ахæссын куы бауадзон, зæгъгæ. Иннæтæ сæ фынджы кой кодтой, æз та мыды сагъæсы бацыдтæн. Адæм сæ тæккæ дзолгъо-молгъойæ куы уыдысты, уæд æнæуы- нæрæй сыстадтæн æмæ, мыды балон, куыд ничи мæ фена, афтæ мæ дæларм бакодтон. Мæхи дыууæ капеккæн дæр нæ хъуыди — нæ йæ уарзын — фæлæ йæ ахæссын дæр нæ бауадзын мæхицæн хæсыл банымадтон. Ныр шофыртæ æмæ нæ хуызисæг Хъазиты Геор чысыл дæлдæр доны был бадтысты сатæджы хицæн фынгыл. Сæ цурмæ ныццыдтæн æмæ сæм дзурын: — Мыд уæ исчи хæры? Уыдон мын хъазын æнхъæл уыдысты, фæлæ сæм балон куы равдыс- тон, уæд сæ цæстытæ цины ’рттывд фæкодтой. Цы бамбарын ма мыи хъуыд, мыды кой сын æхсызгон кæй уыд. — Æрмæст æй тагъд равдæлон кæнут, балон мæ хъæугæ кæны. Лæппутæ фæлæбурдтой æмæ йæ иу иннæйы дзыхæй исгæйæ цыбыр рæстæгмæ фæдæле кодтой. Æз балон райстон, донæй йæ байдзаг код- тон, йæ сæр ын сæхгæдтон æмæ йæ фæстæмæ, кæцæй райстон, уым сæвæрдтон. Дыккаг бон Хайлас мæстæлгъæдæй дзырдта, не ’хсæн, дам, ахæмтæ ис, æмæ фынгмæ уадзынмæ нæ бæззынц. — Цы ма нæ уарзын — цымыдисдзинад, — бынтон æндæр ныхасмæ рахызт Мурат. - Уæд Ирыхъæуы иунæгæй фæндзæм уæладзыджы цардтæн. 327
Иу рæстæг мæ куысты фæдыл уыдтæн Тарскæйы. Мæ хъуыддæггæ бакод- тон æмæ фæстæмæ ’рбацæйыздæхтæн. Нæ размæ чидæр хос ласта æмæ йæ машинæ, æвæццæгæн, цæхгæр фæзилæны тынгдæр базмæлыд æмæ замманай цъæх хосæй иу тъыфыл æрхауд. Цыдæр æхсызгондзинад мын æрхаста йæ фенд. Шофырмæ дзурын, фæуром-ма, зæтъгæ. Рахызтæн æмæ йæ багажничы сæвæрдтон. Нæхимæ йын шифанеры сæр бынат ссар- дтон. Иу хатт нæм нæ сыхаг ус æрбацыд æмæ хосы тьыфылмæ фæкомкоммæ. Дзæвгар рæстæг дзы йæ цæст нал иста, фæлæ дзургæ ницы скодта. Иу мæйы фæстæ та нæм æрбацыдис æмæ ацы хатг йæ цымыдисдзинады ныхмæ æрлæууын йæ бон нал баци æмæ мæ бафарста: — Уый дын цавæр ахстон у? — Уым нæ гæды къуыртты ныббадти,— æцæгхуызæй йын загътон æз. Бауырныдтой йæ мæ ныхæстæ, æмæ дыккаг бон æнæхъæн сыхыл ай- хъуыст, Мураты гæды, дам, æйчытыл къуыртты бады. НоджьГ ма мæ афтæ дæр бафарста, ныртæккæ, дам, гæды кæм и? Æмæ, зæгъын, æй тезгъо кæнынмæ ауагътон. Ахæм цымыдистæ дæр вæййы. Вæййы æндæрхуызæттæ дæр. Кæд дæ фæнды, уæд дын уыдоны тыххæй дæр радзурдзынæн. Куыннæ мæ фæнды, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд дарддæр йæ ны- хас кодта: — Иу сæрдыгон бон ахæм тынг тæвд рæстæг скодта, æмæ адæймаг зынæй улæфыди. Сихор кæнын афон ралæууыди æмæ уынгмæ рахызтæн. Æххормагуыдтæн, фæлæ æнуды зæрдæ ницы агуырдта. Бульвары дæлæмæ фæцæуын æмæ Сафарыл амбæлдтæн. Уый дæр мæн хуызæн тæвдæй тых- сти æмæ мын афтæ, хæрынтæ-йедтæ ныууадз, уый бæсты, дам, цом, æмæ кафе «Цъæй»-ы сæлдæгæй нæхи хорз фенæм. Æргом дзургæйæ, сæлдæджы хъæстæ рагæй нал фæдæн, мысгæ дæр æй кодтон, фæлæ сыл- гоймæгтæ æмæ сывæллæтгы ’хсæнмæ цæуынмæ зивæг кодтон, стæй дзы ацы тæвды бирæ адæм куы уа, уымæй дæр тарстæн, фæлæ Сафары ныха- сыл дыууæ зæгъын мæ бон нал баци æмæ бацыдыстæм. Æз, куыд æнхъæл уыдтæн, уымæй дзы къаддæр адæм разынд æмæ мæхинымæр бацин код- тон. Уæгъд бынæттæ дзы уыди æмæ Сафарæн афтæ зæгъын: «Ды бандæттæ ’рцахс, æз рады æрлæудзынæн». Æрлæууыдтæн, уæдæ цы уыдаид. Мæ разæй цал сылгоймаджы уыд, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ дзæвгар уыдысты. Æз сæм хæстæг цæуынæй мæхи хъахъхъæдтон, уымæн æмæ уый размæ бон нæ сыхы чындзæхсæв уыди æмæ нозтыл дæр нæ бацауæрстон, нурыдзæхдонæй дæр мæхимæ фæкастæн. Æз тæф не ’мбарын, фæлæ мæ алыварс чи уыди, уыдонæй æфсæрмы кодтон æмæ сæм мæ комытæф куыннæ калдаид, уымæй мæхи хъахъхъæдтон. Иудзæвгар куы алæууыдтæн, уæд мæ рад æрбахæццæ. Кæсын, æмæ бæрзонд, къæсхуыртæ рæсугъд чызг чысыл къопгонд сæлдæджы хыссæйы фæцæвы æмæ йæ, лыстæг къах кæмæн уыд, ахæм æфсæн тæбæгъы дæлгоммæ фæфæлдахы. Афтид цолпыгонд доны атулы æмæ та йæ ногæй хыссæйы фæцæвы. Æз ын афтæ зæгъын, уыцы къоппайæ кæд бафсæд- 328
дзыстæм, мæнæ ма нын, зæгъын, дзы тæбæгъы цæстуарзон конд æркæн æмæ ныл искæцырдыгæй фæзына. Раздæр мæ коммæ кæсынмæ нæ хъа- выди, фæлæ, мæ фæстæ цы сылгоймæгтæ лæууыд, уыдон дæр мæ фарс фесты æмæ мын уæд хуымæтæджы тæбæгъты кæнын райдыдта. Сылгой- мæгты, мæнмæ гæсгæ, мах мæт нæ уыди, цæмæй сæ рад тагъддæр бахæццæ уыдаид, ууыл архайдтой æмæ ма цæмæй иучысыл фылдæр афæстиат уой, уый тыххæй сын афтæ бакодтон: — Сымахмæ гæсгæ, мах ардæм нæ зæрдæйы дзæбæхæн æрбацыдыстæм? Кæд афтæ хъуыды кæнут, уæд рæдиут: сæлдæг хос у æмæ дзы нæхи дзæбæх кæнæм. Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ сылгоймæгтæ мæнырдæм ракастысты. Хæрд чи фæци, уыцы дыууæ сылгоймаджы мæ рæзты дуары ’рдæм ра- цæйцыдысты æмæ мæ, хистæр чи зынди, уый афарста: — Цавæр низæй дзæбæх кæны сæлдæг? — Далæ уыцы лæджы уынут? — æмæ, Сафар цы фынджы уæлхъус бадт, уырдæм ацамыдтон. Сылгоймæгтæ иууылдæр, кæдæм амыдтон, уыцырдæм акастысты. — Ме ’рдхордæн йæ сæр бынтон гæмæх уыд. Ныр уынут, йæ къæбут æмæ йæ къæмисæнты цæйбæрц хъуынтæ фæзынд, уый. Тагъд йæ сæры астæу дæр бамбæрздзæн. — Куыдæй, куыдæй? — фæрсы та мæ æрдæбоны сылгоймаг. — Уыцы хос канадæйаг ахуыргæндтæ æрхъуыды кодтой. Цæмæй дæ сæр, æрыгонæй куыд уыд, афтæ хъуынджын суа, уый тыххæй, кæм сгæмæх, уыцы бынæттæ дыууæ къуырийы сæрдын хъæуы нурыйæ, стæй уæд алы бон дæр сæлдæг хæр. Мæнæ йæ сымах куыд хæрут, афтæ нæ, фæлæ, куыд амал ис, афтæ — фылдæр, ома, дæ бон цас у, уый бæрц... Рахастон нæ сæлдæджы тæбæгътæ æмæ Сафары фарсмæ æрбадтæн. Ныр Сафар, мах цæуыл дзырдтам, уымæн ницы бамбæрста: газет кæсы- ныл фæци æмæ йæ уыдæттæм не ’вдæлд. Хæрæм, уæдæ цы. Иуцалдæр комдзаджы куы скодтон, уæд æрцардтæн. Æнтæфæй дæр нал тыхстæн. Улæфын дæр мын фенцондæр. Сафарæн, сылгоймæгтимæ мæ ныхæсты тыххæй дæр ницыма загътон. — Æрдæбон иу заман радыл мæ цæст ахастон æмæ сылгоймæгтæ иууылдæр мæнырдæм кæсгæ ауыдтон. Цы мæ сæ цæстытæ ныццавтой, нæ зонын,— ныллæг хъæлæсæй мæм дзуры Сафар. — Æвæццæгæн, сæ зæрдæмæ фæцыдтæ, æндæр сæм æз хæстæгдæр куы лæууыдтæн æмæ дзы мæнырдæм куы ничи каст. Уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд ын хабæрттæ радзырдтон. Ууыл цалдæр боны рацыд, афтæ мын Сафар йæ хъаст ракодта: — Æнæбайрайгæ сæ скæн! — Кæмæй? Куыд рабæрæг, афтæмæй, сæлдæгмæ рады чи лæууыд, уыцы сыл- гоймæгтæй чидæр мæн зыдта, куыд газеты кусæг, афтæ æмæ мæм редак- цимæ бацыд. Уым мæ куы нæ баййæфта, уæд æй чидæр Сафармæ сар- дыдта. Ссардта йæ æмæ йын афтæ: «Мæ лæг цæгæрсæр у æмæ ибон, Мурат цы хосы кой кодта, уый тыххæй æрбацыдтæн. Куыд кæнгæ у, уый ды дæр зондзынæ...» 329
Гъе ахæм æнцонсайæн цымыдистæ дæр вæййы. Æндæрхуызон цымыдисимæ та нæ горæты, далæ æхгæд кæй хонынц, уыцы базары цур цы дукани ис, уым базонгæ дæн. Елхотаг дзул дзы вæййы æмæ йæ арæх абæрæг кæнын. Бацыдтæн та иуахæмы уырдæм æмæ, мæ рад куы ’рхæццæ, уæд уырыссаг уæйгæнæгмæ дзуръш: — Два горелых хлеба. Дзулæн йæ цъар хъæбæрфых куы вæййы, уæд æй афтæмæй уарзын. Райстон мæ дзултæ æмæ дуканийы уæллаг фарс, халсартæ æмæ дыргътæ кæм уæй кæнынц, уырдæм бацыдтæн æмæ тæрхæджытæм кæсын. Уалынмæ дын иу фыдцъылыс ныллæггомау зæронд ус мæ разы алæууыд æмæ мæ фæрсы: — Скажите, а зачем вы просили горелый хлеб? Ахæм хъыг мын уыдысты йæ ныхæстæ, фæлæ мæхиуыл ныххæцыдтæн. Мæ зонгæ куы уыдаид, уæд ма — гъа, фæлæ йæ мæ фыны дæр никуы федтон, уый дæр мæ нæ зоны, афтæмæй мæ фæдыл фæуади. Гуымиры дзуапп ын нæ радтон, фæлæ йын загътон: — Æмæ уый нæ зоныс? — Нæ зонын. — Хъæбæрфых дзул сом асламдæр у. Сом та пенсиисæгæн чысыл æхца нæу. Ус уый айхъуыста, цы, сыртт-сыртгæнгæ дзулуæйгæнæнмæ ныццав- та. Мæнæн ма мæ зæрды цыдæртæ æлхæнын уыд, фæлæ мæхи айстон... Æргом дзургæйæ, ацы ран Мураты митæ мæ зæрдæмæ нæ фæцыды- сты. Чи зоны, мæгуыр зæронд усы, фыдæнхъæлæй кæцæй раздæхтаид, ахæм фæндагыл сардауын нæ хъуыд, фæлæ цы ’рцыди, уый æрцыди, фæстæмæ раздахæн ницæмæнуал ис. Мураты иннæ хабæрттæн аргъ кæнгæйæ, чи зоны, ахæм чысыл рæдыдæн ныббарæн ис. Зæгъæм, æрмæст чъындытæн цы хъомыл бацис, уый дæр фаг у бузныг дзы уæ- вынæн. * г* «Рæстдзинад»-æн сæ тæккæ чъындыдæртæй иу уыди Быдыго. Зæгъæм, чъындыдзинадæй ерыстæ куы расидтæуыдаид, уæд дзы Быдыго фыцЦаг æртæ бынатæй макæцы æрцахстаид, уый уæвæн нæ уыд. Мурат æмæ йын-иу Сафаримæ цы нæ кодтам, дæ дзыппæй иу суари сис, зæгъГæ. Марадз-зæгъай, кæд нын искуы бантыст. Иу хатт та йæ Мураты каби- нетмæ басайдтам æмæ йыл æдде дуар сæхгæдтам, цалынмæ дуарьГбын зыхъхъырæй водкæйы авджы аргъ æхца радæттай, уæдмæ дæ нде рауадз- дзыстæм, зæгъгæ. Цы нæ йын фæкодтам, нæ састи. Иуцасдæр проспекты фæтезгъо кодтам, фæстæмæ ’рбацыдыстæм æмæ та йæм дзурæм, цалынмæ æхца радæттай, уæдмæ дæ нæ рауадздзыстæм, зæгъгæ. Ныр йæ дзыппы æхца ис, уый зыдтам — мызд уыцы бон райстам. Нæхимæ дæр уыдис, фæлæ нæ Быдыгойы æхца цы ад кæны, уый базонын фæндыд. Растзæгъын хъæуы, нæхæдæг дæр фæлмæцын райдыдтам, фæлæ нæм нæ хъуыддаг æрдæгыл ныууадзын худинаг каст, састы бынаты баззайын нæ нæ фæндыд. Уалынмæ дын редакторы хæдивæг Дзугаты Барис йæ кусæн уатæй рагæпп ласта æмæ нæ бусты бын фæкодта: — Цы хынджылæг скъæрут, лæджы кусын цæуыннæ уадзут? 330
Цы гæнæн ма нын уыд, хицау хицау у æмæ йын йæ ныхасæн аргъ кæнын хъуыд, стæй нын, æргом дзургæйæ, ахæм митæ кæныны бар дæр ничи лæвæрдта. Быдыгойы дуарæхгæды хабар Барисмæ куыд бахæццæ, уый нын фæстæдæр йæхæдæг радзырдта: телефонæй, дам, мæм æрбадзæнгæрæг кодта. Мурат æмæ Быдыго иу районæй уыдысты, стæй хæларæй цардысты — уæвгæ зулдзых ныр дæр не сты. Йæ ус курыны хабæртты зæрдиаг архайæг уыд, йæ фæдыл-иу зианмæ дæр арæх ацыд, фæлæ йыл иу хатт йæ зæрдæ тынг фæхудти æмæ дзы йæ мæстытæ исын уый фæстæ райдыдта. Уæвгæ йæм канд иу хъуыддаджы тыххæй афтæ тынг не смæсты уыдаид. Цæвит- тон, Быдыгойæн се ’рвадæлты чызг амард æмæ та, уымæй размæ бирæ хæттыты куыд уыди, афтæ Муратыл йæ тъæпп фæцыди: — Елхоты не ’рвадæлтæм зиан и æмæ мемæ нæ ацæудзынæ? Ацæудзынæн, зæгъгæ, йын загъта. — Фæлæуу уæдæ, æз редакторæй мæхи ракурон. Уыцы рæстæг Мурат та бухгалтеримæ ацыд, æхца йæм нæ уыд æмæ æфстау курынмæ. Быдыго хицауы кусæн уатæй куыддæр рахызт, афтæ Муратыл хæрхæмбæлд фæци æмæ йын афтæ: — Йед у, гъер хицау афтæ зæгъы, алы бон зиантæм куы цæуæм, уæд, дам, ма кусгæ та чи кæндзæн... Уæд та дæхæдæг ацæуис?.. Куыд хъуамæ ацыдаид йæхæдæг, йæ кой дæр кæмæн никуы фехъуыс- та, уый зианмæ? Хорз. Ацыди Быдыго йæхæдæг дæр, фæлæ та уым дæр йæ чъындыдзинад рабæрæг: сабæттаг куы лæвæрдта, уæд æй Мурат йæ разæй фæкодта æмæ фондз сомы йеддæмæ куы нæ ныффыссын кодта, уæд, дам, æз дæр фылдæр нал радтон. Уæвгæ та, дам, туман дæттинаг уыдтæн. Ус дæр афоныл, æвæццæгæн, йæ фырчъындыйы тыххæй нæ ракуыр- дта. Уæвгæ ма Муратæн йæхимæ байхъусæм. Уый дзы цалдæр раны зæрди- аг архайæг уыди: — Æцæгæйдæр, æнæ усæй зæрондмæ йæ фырчъындыйы тыххæй баз- зад, уымæн æмæ йæ рæсугъд чызг дæр хъуыди, ахуыргонд дæр, хъæздыг хæдзарæй дæр куыд уыдаид, йæ мад æмæ йæ фыд тагъд кæмæн амардаик- кой, сæ бынтæ та уымæн куыд баззадаиккой. Ныр йæхæдæг та мæнау маймулийæ фыдынддæр у æмæ ахæмæн йе ’нæаипп чызджы цавæр хъæздыг бинонтæ хъуамæ раттаиккой?! Уæддæр ын тæригъæд кодтон æмæ-иу йæ фæдыл ацыдтæн. Иу рæстæджы та ногбæтæхъойыхъæуккаг чызджы ба- уарзта. Дзæбæх чызг уыди, раст зæгъгæйæ, фæлæ дзæбæх чызджыты дæр дзæбæх лæппутæ хъæуы. Мединституты фæндзæм курсмæ бахызт æмæ-иу практикæ Беслæныхъæуы рынчындоны кодта. Зонгæ уыдыстæм æмæ мын иу хатт афтæ: — Де ’рдхордæн-ма зæгъ æмæ мæ фæдыл мауал разил-базил кæна, кæннод ын смаст кæндзынæн... Уæддæр æм ницы хъардта. Иу хатт та мын афтæ зæгъы, мæ хойыл амбæлдис æмæ, дам, ын фæхъæбыстæ кодта. Омæ, зæгъын, æй дæ хо куры æви ды. Нæ йæ хъæуыс æмæ дæхи мауал æгад кæн. 331
Нæй, нæ мæм хъуыста. Фæстаг хатт ма йемæ ацыдтæн. Иунæгæй йæ ныфс ницæмæ хаста æмæ-иу ын æз та къæссайы комылхæцæг уыдтæн. Иу изæр та рынчындонæй рацæуæны йæ размæ бабадтыстæм, фæлæ иунæг нæ уыди. Ие ’мбал чызгимæ дæларм-уæларм хæцгæ рацæйцыд. Усгур æнхъæлдта, искуы хицæн кæндзысты, зæгъгæ, æмæ сæ фæдыл хъуызæ- гау цыдыстæм. Суанг Бæтæхъойыхъæумæ нæ фæхицæн сты. Æнæзонгæ чызг æй сæ тæккæ хæдзары дуармæ бахæццæ кодта, йæхæдæг дарддæр ацыд. Æвæццæгæн, уым кæмдæр хæстæг цард. Уæдмæ æрталынг æмæ мын Быдыго афтæ: — Бæлæсты аууон алæууæм. — Цæмæ ма дзы лæууыс? — дзурын æм. — Ардæм æм фæдзурынмæ хъавыс? Цы ’фсонæй? Стæй ныр цафон у? Уалынмæ дын сæ ус куы ракæсид æмæ уынгмæ куы рахъæр кæнид: «Чус, чус, чус!» Æвæццæгæн, сæ хуытæ нæма ’рбацыдысты æмæ уыдонмæ сидти. Мæхимæ дæр мæсты куыннæ уыдтæн, ахæм усгуры фæдыл кæй разил-базил кæнын, уый тыххæй, мæсты уыдтæн Быдыгомæ дæр æмæ уыцы «чус, чус» куы айхъуыстон, уæд æй бæласы аууонæй расхуыстон, марадз, дæумæ дзуры, зæгъгæ. Мæ ныхæстæ, æвæццæгæн, æгæр хъæрæй загъд фесты, æмæ дын ус куы радзурид: «Чи стут, чи?» «Ничи» стæм, зæгъгæ, мæхинымæр загътон æмæ сфæнд кодтон Бы- дыгойæн ус æндæр хуызы ракурын... Куыдæй, ууыл бирæ фæхъуыды кодтон æмæ æппынфæстаг мæ фæндон сцæттæ. — Быдыго, диссаджы хъуыды мæм сæвзæрд,— загътон ын цалдæр боны фæстæ. Цавæр, зæгъгæ, мæ куы бафарста, уæд ын радзырдтон: — Мæ сæр куыннæ ’рцахста ныронг, Габодтийы рагæй кæй зонын, уый?! — Габодти та чи у? — уыцы цымыдисхуызæй мæ афарста Быдыго. — Кæй фæдыл ратæх-батæх кæнæм, уымæн йæ мады хæрзæфсымæр. Нæ сиахс у æмæ мæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзæн. Уый та йæ хойы дæр æмæ йæ хойы чызджы дæр кæй æрсæтдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кæнын. Быдыгойы хъустæ схъил сты. — Иумæ бирæ фынгты уæлхъус фæбадтыстæм æмæ нозтджынæй тынг фæлмæнзæрдæ вæййы. Уыимæ ныхас куы зæгъа, уæд ын аивыны мыггаг ницы хуызы ис. Бауырныдтой йæ мæ ныхæстæ. — Ресторанмæ йæ бахонæм æмæ уым хъуыддæгтæ иунæг бонмæ ацъыкк ласдзыстæм... Рестораны кой йын куы скодтон, уæд иуцасдæр фæоцанигомау ис, фæлæ уарзондзинады тыххæй адæймаг цы нæ бакæндзæн! Цы æнæсразы уæвгæ ма йын уыди!.. Ссарын ма мæ хъуыди, Габодтийы ролы чи ахъазыдаид, ахæмы, фæлæ- иу, кæмæн загътон, уый-иу мын афтæ фæкодта, мæ худын, дам, нæ бауромдзынæн. Оу, цæуыл, зæгъын, худыс, уыцы чъындыгоппы хардзæй баназын йæхæдæг удыбæстæ куы у! Баназæм æмæ уал бахæрæм, стæй уæд 332
худдзыстæм. Нæй, ничи мын сразы æмæ уæд ресторанмæ нæхæдæг ба- цыдыстæм. Мемæ ма, æнæхудгæйæ хæрын æмæ нуазын чи базыдтаид, иу ахæм мæ зонгæйы ракодтон. Быдыгойæн загътон, Габодтийы уый дæр зоны, зæгъгæ. Сфæнд кодтон хъуыддаг æнæ Габодтийæ саразын. Быды- гойæн та загътон, Габодти мын æрбацæуынæй зæрдæ бавæрдта æмæ йæм рестораны дуармæ æнхъæлмæ кæс, зæгъгæ. Бæрзондных къепкæ, сæрак курткæ, галифе хæлаф æмæ йыл, зæгъын, æдзухдæр цырыхъхъытæ вæййы æмæ йæ йæ дарæсæй æнцонæй базондзынæ. Йæ размæ куы рацæуай, уæд ын æхсызгон уыдзæн, мæ фидæны сиахс мын уæздан митæ кæны, зæгъгæ. Ацыди Быдыго, уæдæ цы уыдаид. Фидæны амонды сæрвæлтау адæймаг цæмæн нæ бафæраздзæн! Уæд «Интурист»-ы официантæй иу ацæргæ гуырдзиаг, Валодя, зæгъгæ, куыста æмæ йæ хорз зыдтон. Куы нæм æрбацыд, уæд ын загътон, зы- наргъдæр æмæ уæм хуыздæр хæринагæй цы ис, уыдон нын, куыд гæнæн æмæ амал ис, афтæ тагъддæр рахæсс, тынг æнæвдæлон, зæгъын, стæм. Цалынмæ нын уазал хæринæгтæ æмæ нозт хаста, уæдмæ нæ баком- коммæ беседкæйы — сæрдыгон уыдис æмæ рестораны цæхæрадоны бад- тыстæм — мæ зонгæтæ æрбацыдысты æмæ Валодяйæн загътон, уыцы фынгмæ, зæгъын, мах номæй иу коньячы авг бахæсс. Хæрæм, нуазæм. Уырыссаг арахъхъ иу авг фæдæле кодтам æмæ йæ хæмпæлты æрæмбæхстон. Дыккаг авг дæр нын рахаста. Уый дæр баныз- там æмæ нæ хъуыртты дæр нæ фæзынд. Хæринаджы дзæбæхæй ахуыйæн куы кæнай, стæй дæ фидыны сагъæс куы нæ уа, уæд нозт лæгæн хорз тайы. Нæ зæрдæ куы ницæмæуал æхсайдта, уæд Быдыго дæр фæзынди. — Нæй, иу къурткæджыны дæр дзы уынгæй æрбахизгæ нæ федтон. Галифе хæлаф дæр дзы никæуыл уыд... Цавæр лæг хъуамæ скæна уыцы араугæйы сæрак къурткæ, науæд гали- фе хæлаф æмæ цырыхъхъытæ! Фæлæ йын йæ фыртыхстæй уыдæттыл ахъуыды кæныны фадат дæр нæ фæци. Ноджы ма йын, дынджыр фындз и, зæгъгæ, дæр загътон. Афтæмæй йæхи фындзæй дынджырдæр та зын ссарæн у, фæлæ уыцы æлхыскъмæ дæр ницы хъус æрдардта. — Æвæццæгæн ыл исчи фæндагыл амбæлд æмæ йæ æндæр фынгмæ баласта, — зæрдæтæ йын æвæрын. Уый тагъд-тагъд ахæрдтытæ кодта, нозтæй аходгæ дæр не скодта: йæ фидæны каисы цур йæ арахъхъы тæф куы кæла, уымæй тарст. Фидын афон æрхæццæ æмæ катайы бацыд, утæппæт хæринæгтæ æмæ нозтæн фидын хъæудзæн, зæгъгæ. Æрнымадта нын Валодя æмæ, цас фидын хъæуы, уый хъæрæй куы загъта, уæд, æвæццæгæн, Быдыгойы сæрыхъуынтæй иу дæр ахæм нал баззад, уырдыг дзы кæцы не слæууыд, фæлæ ахæм ран бахаудта, æмæ дзы чъынды дзыпмæ æнæнывналгæ нал уыд. Бафыста, уæдæ цы уыдаид. Æвæццæгæн, æз уыдтæн, Быдыгойæн ахæм ми чи бакодта, фыццаг ахæм адæймаг. Куы рацæйцыдыстæм, уæд ресторанмæ бацæуæны къуымы оркестрант- ты бадгæйæ раййæфтам. Сæ цагъд беседкæмæ дæр хъуысти, фæлæ сæ рæзты цæугæйæ кæрæдзийы ныхас хорз нал æмбæрстам. Иу заман фæхъус сты æмæ Быдыгомæ дзурын: 333
— Кæдæй-уæдæй дæм лæгдзинад разынд æмæ де ’мбæлтты фæхуыд- тай. Дæ хорз хорз у æмæ-ма уæртæ оркестранттæн иу туман, — туман уæд хорз æхца уыди, — баппар, æмæ къахфындзтыл скафон. Кафын нæ зо- нын, фæлæ ахæм минасы фæстæ арс дæр æнæкафгæ нæ фæлæудзæн. — Цæй-ма, хынджылæг ма кæн, цом уыцы лæджы ссарæм, науæд куы ныххырха, уæд мæ дзы цы пайда ис?.. — Гъер дæу зондæй бафæрс?! Цавæр пайдаты кой кæныс! Нарты Сыр- доны карæн куы дæ, уæд рестораны устытæ кургæ кæй федтай? Æви дæ дынджыр фындзæй хъуыды кæныс?! — Уыцы цæф ыл йæ мæрддзæсты тыххæй æруад,— хъусын дарддæр Бы- дыгойы хабæрттæм,— фæлæ ма давгæ дæр кодта. Уæвгæ, уый дæр йæ чъын- дыдзинадимæ баст уыд. Цæвиттон, тамако дымдта, фæлæ йæ æлхæнын нæ уарзта. Уæд ма æз дæр уыцы æвзæр ахуырыл хæст уыдтæн, ома тамако дымдтон. Тамакодымæг та уыцыиухуызон бапъерозтæ кæнæ сигареттæ фæдымы, кæннод ыл хуыфæг бахæцы. А Быдыгойæн та уæлдай нæ уыди: алцыдæр’ын тади, æрмæст лæвар уæд, æндæр хъолойы сыфты карст дæр «Герцеговина Флор»-ы хуызæн æхсызгонæн бадымдтаид. Мæ дыминæгтæй мын кæй давта, уый бынтон æрæджиау базыдтон. Иузаман мæ сигаретты къопп фæцæйфæуд кодта. Æркастæн æм, æмæ дзы цалдæр йеддæмæ нал уыд. Мæхинымæр скарстон, сихормæ фаг мын суыдзысты, стæй ног балхæндзынæн, зæгъгæ. Сихормæ ма сахаты бæрц куы баззад, уæд тамако дымынмæ рацыдтæн æмæ иудзæвгар лæппутимæ ныхасгæнгæйæ афæстиат дæн. Фæстæмæ куы ’рбацæйыздæхтæн, уæд Быдыгойы мæ уатæй рацæйцæугæ ауыдтон. Уый мæ нæ федта, афтæмæй Бутаты Тотырбеджы уаты фæмидæг. Сихоры улæфты рæстæг ралæууыд, æмæ ме стъолы асыккæй мæ сигаретты къопп систон. Кæсын, æмæ дзы иу йеддæмæ нал, афтæмæй чысыл раздæр тамако дымынмæ куы рацæй- цыдтæн, уæд ма дзы дыууæ кæй уыд, уый бæлвырдæй хъуыды кодтон. Мæ зæрдæ Быдыгомæ фехсайдта. Тынг рамæсты дæн. Хъыг мын уыди, ме сгъолы лагъзмæ кæй нывнæлдта, уый. Ахæм ми суанг ме ’фсымæрæн дæр нæ ныххатыр кодтаин. Æнæфæрсгæйæ цæмæн хъуамæ джигул кæна мæ къуымты! Иннæмæй та ахæм æгад хъуыддаг кæнын сæрмæ хæссинаг макæмæн хъуамæ уаид, фæлæ Быдыготæ, æвæццæгæн, æндæр зондыл хæст вæййынц. Кад æмæ æгъдау уымæн нæ зонынц, сæ сæр сæрмæ уымæн нæ хæссынц. Мæхинымæр афтæ тынг смæсты дæн æмæ сфæнд кодтон уый тыххæй дæр та йæ æрцахуыр кæнын. Фæлæ мæ уымæй размæ сбæлвырд кæнын хъуыди, лыстæг къæрных Быдыго уыди æви нæ, уый. Уæд та фæрæдыдтæн? Фæлæ нæ фæрæдыдтæн. Мæ тамакотæ Быдыго кæй дав- та, ууыл дызæрдыг нал кодтон, фæлæ давгæ-давын зын æрцахсæн уыди. Нæ мын басастаид, джигул та йæм куыд кодтаин! Мæхицæй цалдæр азы хистæр уæддæр уыд. Æмæ ацыдтæн æндæр фæндагыл... Лыстæгхæтæлджыны гилдз уынджы ссардтон æмæ йæ ме сгъолы лагъ- зы æфснайдæй дардтон, цыма йæ зонгæ кодтон, кæддæр мæ йæ сæр бахъæудзæн, зæгъгæ. Иу изæр фæскуыст мæхиуыл дуар æрæхгæдтон — уыцы заман ма-иу æхсæз сахаты фæстæ дæр редакцийы бирæ змæлджытæ уыди — цæмæй мæ 334
æнæнхъæлæджы мачи ’рбаййæфтаид æмæ гилдзы нæмыг рафтыдтон, йæ топпыхос ын рауагътон, стæй сигаретæн æмбисæй чысыл фылдæр йæ тамако арæхстгай ракалдтон æмæ дзы астæуæй топпыхос ауагътон, цы уæгъд бынат ма дзы баззад, уым фæстæмæ тамако ныннадтон. Афтæ ма «сифтыгътон» ноджыдæр дыууæ сигареты æмæ сæ фæстæмæ къоппы ны- вæрдтон. Дыккаг бон, мæ тамакотæ-иу кæм уыдысты, къопп уым нывæ- рдтон, мæхæдæг, Быдыго дæр мæ куыд фена, афтæ асинтыл мæхи бынмæ цæуæг акодтон. Бынмæ цæуæг, зæгъгæ, проспектмæ рацыдтæн — уæддæр ма «Рæстдзинад»-ы куыстон — фæстæмæ нал схызтæн, мæ нымадмæ гæсгæ, цалынмæ Быдыгомæ тамако дымын æрцыдаид, уæдмæ. Ныр хабæрттæ Тотырбег йеддæмæ ничи зыдта. Фæстæмæ куы ’рбаздæхтæн, уæдлæппуты пыррыччытæгæнгæ æрбаййæфтон. — Цы ’рцыди, цæуыл худут? — фæрсын сæ. Быдыгойæн, дам, цы бакуыстай. Цы йын, зæгъын, бакуыстон. Уæртæ, дам-ма йæ кусæн уатмæ бауай. Бацыдтæн æмæ дын йæ рихитæ арыдæй куы баййафин. Уый фæстæ мын куыд радзырдтой, афтæмæй лæппутæ тыргъы тамако дымдтой. Бы- дыго, дам, фæстæдæр фæзынди. Æвæццæгæн ын уымæй размæ давыны фадат нæ фæци, фæлæ йæ къухы куы бафтыди, уæд дымджытæм йæхи байста. Тотырбег бæсты ибылис кæм нæ уыд, æмæ, дам, æз аивæй æнхъæлмæ кастæн, минæ йæ куыст кæд бакæндзæн, уымæ. Иу заман та Быдыго сигарет æрбацъырдта. Топпыхосмæ куыддæр зынг бахæццæ, афтæ уыцы-иу фу ныккодта æмæ арт рихитæ æмæ æрфгуытæ ацарыдта, сигаре- ты æмбис та фæйнæрдæм фæтахт. Быдыго, дам, йæхи иуфарс аппæр- ста, фу, фу, ай циу, ай циу, дам, ма кодта. Бацыдтæн йæ кусæн уатмæ, æмæ йæхи цыдæртæ кусæг скодта. Йæ арыд рихитæм ын куы бакастæн, уæд æм мидбылты худгæйæ бартхъирæн кодтон: — Иннæ хатт ма куы ’рбацæуай, уæд та дын дзы динамит сæвæрдзынæн! О, æмæ ма Быдыгойы тыххæй ноджыдæр иу хабар. Цæвиттон, уыцы аз стыр горæты ахуыр фæци æмæ хуымæтæджы идеологæй агæпп ласта! Ленин йæ цуры ницыуал уыд. Уымæй фæбольшевикдæр. Уыцы бонты йæ хæстæджытæй кæй къæсæрæй нæ бакаст, ахæм, æвæццæгæн, бирæ нал баззад. Алы ран дæр ыл цин кодтой, мæнæ нæ мæскуыйаг бæлццон ссыди, зæгъгæ. Кæд ыл алы ран æмхуызон нæ цин кодтой, уæддæр йæхимæ афтæ каст æмæ дзы алкæмæ дæр иу æхсидавыл дыууæ уады код- та. Иу ран дзы æз дæр бахаудтæн æмæ, куыд бамбæрстон, афтæмæй нæм фысымтæй ничи ’нхъæлмæ каст. Цыбыр дзырдæй, хæдзары никæй бай- йæфтам. Йæ мадырвадæлтæ уыдысты. Хæрæфырттыхджын кæм нæу, æмæ йæхæдæг æфсиниуæг кæнынмæ февнæлдта. Иæхи хæдзары бæркад куы нæ кайдта, мыййаг, — ницæуыл ауæрста. Уайтагъд фынг ацæттæ. Хистæрæн не ’ртыккаг æмбал сбадти æмæ, æгъдау куыд амыдта, афтæ фыццаг сидтæй Стыр Хуыцауы ном ссардта. Æрбакъуырцц нæм кодта æмæ йæ анызта. Быдыго сидты кой нæ кодта, фæлæ дунейы фарнтæ-йедтæ æрымысыд. Иу дзырдæй, Хуыцауы ном йæ дзыхæй не ссыд. Æз æй уайтæккæ дæр бамбæрстон, фæлæ йæм ницы сдзырдтон. Куыддæр æй анызта æмæ 335
фынгмæ æрæвналынмæ хъавыд, афтæ йын йæ къухыл фæхæцыдтæн, ардæм хæрынмæ нæ, фæлæ æгъдауы фæдыл æрцыдтæ, зæгъгæ. Хистæр мæм фæрсæджы каст куы кодта, уæд ын загътон: — Сидт мæнмæ не ’рхæццæ. ., ^ ч — Банызтон æй, — йæхи раст кæны Быдыго. — Банызтай йæ, уый æз дæр федтон, фæлæ хистæр Стыр Хуыцауы тыххæй фæсидт, ды та æндæр цæйдæр тыххæй банызтай. «Дунейы фар- ны» кой скодтай æмæ Мæскуыйæ дарддæр куы никуы уыдтæ, уæд ду- нетæм цы ахæццæ дæ? Хистæр мæ фарс фæци, æмæ йын йæ агуывзæ фыццагæй ноджы дзагдæр бакодтон. Ады хатт, Хуыцауы хорзæх уæд, зæгъгæ, загъта æмæ йæ аныз- та. Фынгмæ та йæ æвналын нæ бауагътон, уый дын кады нуазæн нæ, фæлæ ивар уыди, зæгъгæ. Гæнæн нал уыд, æмæ та æртыккаг дæр банызта. Цыбыр дзырдæй, бадты кæронмæ лæг къæзæнæгæй дзурын райдыдта. Уынгмæ куы рацыдыстæм, уæд ын афтæ зæгъын: «Дæ сызгъæрин хъæлæсæй ма ныйилæлæй кæн, заргæйæ, дам, лæгыл йæ къæзæнæг нал фæзыны». Æз дзы хъазгæ кодтон, уый дын æцæгæлон хъæуы æнафон уынджы астæу куы ныммехъ ласид. Мæнæ сæгъæн йæ сыкъатæ кауы куы ныссæ- дзой æмæ йын рафтауын куынæуал комой, уый хуызæн ныууасыди. — Банцай! — дзурын æм. — Хъæуы цуанæттæ нæ бирæгъты бал фæхон- дзысты, æмæ ма мах дæр бын кæныс. Иуныхасæй, Быдыгойæн уыйас фæдæн, афтæ стьæлфын мæ байдыд- та, æмæ йын, зæгъæм, куыннæ йæ базона, афтæ мæ къам йæ нывæрзæ- ны сæвæр, уæд æхсæвы фыдфынтæ уынид, йæ сынтæджы хæрдмæ хауид. — Ныр Быдыготæ æмæ Быдыгойы хуызæтты кой кæнын, зæгъгæ, уæд, зæгъыс, æмæ мæхæдæг бынтон æвыдæй баззадтæн? Æрцыдысты-иу мын мæхиуыл дæр,— загъта Мурат, Быдыгойы диссæгтæ конд куы фæци, уæд... Уæд æфсады уыдтæн. Денджызон флотмæ бахаудтæн, фондз азы ма дзы службæ кæнын куы хъуыд, уæд. Фыццаг дыууæ азы сæрыхъуын да- рын нæ уагътой: машинкæйæ бындзарæй æлвыдтой. Стæй-иу былгæронмæ дæр хистæртимæ, ома æртæ æмæ уымæй фылдæр азтæ чи баслужбæ код- та, уыдонимæ йеддæмæ иунæгæй нæ уагътой. Иу хатт нæ нау Ленинградмæ æрбацыд цалцæг кæнынмæ æмæ мæ хистæртæй цалдæримæ увольненийы ауагътой. Уыдоны та былгæроны цы хъуыди? Сылгоймæгтæ æмæ нозт. Мæн та æрмæстдæр горæт фенын фæндыди æмæ, къæбыла йæ мады фæдыл куыд сæпп кæна, æз дæр сæ фæдыл афтæ уадтæн. Фыццагдæр кæдæм бацыдысты, уый уыди хойрæгты дукани. Хæрд, нозт балхæдтой. Мæнæн дæр мæ цинелы дзыппыты дыууæ авджы водкæ нывæрын кодтой. Иуцасдæр уынджы куы бауадыстæм, уæд дыууæуæла- дзыгон хæдзары цур æрлæууыдысты æмæ мын уæллаг уæладзыгмæ амо- нынц, уæлæ, дам, уырдæм схиз, дзæнгæрæгыл бахæц, æмæ дæм иу дзæбæх зæронд ус ракæсдзæн. Англисаг æвзаджы ахуыргæнæг у æмæ йæм уыцы ’взагыл чи сдзуры, уымæ хорз цæстæй ракæсы. Чи зоны, мидæмæ дæр дæ бахона, хорз дæ фена. Мыййаг дын мидæмæ куы зæгъа, уæд ын-иу мах кой дæр скæн æмæ нæ кæд бауадзид. Уæдæ нæ хæрд æмæ нозт кæм 336
æрæвæрæм? Куы дæм ракæса, уæд, дам, ын-иу салам æнæмæнг англиса- гау ратт. Ныр æз та скъолайы немыцаг æвзаг ахуыр кодтон æмæ англисагау «дæ бон хорз» куыд у, уый нæ зыдтон æмæ сын уый бамбарын кодтон. Ай лав ’ю, зæгъгæ, дам, ын зæгъдзынæ. Уыцы дзырдтæ цалдæр хатты мæхинымæр сфæлхат кодтон, цæмæй мæ ма ферох уыдаиккой, уый тыххæй æмæ мын, куыд загътой, афтæ бакодтон. Схызтæн дыккаг уæладзыгмæ, дзæнгæрæгыл бахæцыдтæн, æмæ мæм æцæгæйдæр кæсæнцæстджын къæсхуыр зæронд ус ракаст æмæ йын, уæздандæр уæвæн нæй, ахæм хъæлæсыуагæй загътон: — Ай лав ’ю! — Цы! — фæтъæлланг мыл ласта ус. — Арв уæ ныццæвæд, цъаммартæ!.. Лæппутæ сæ хъæлæсыдзаг ныххудтысты æмæ лидзæг фесты, æз дæр сæ фæдыл дзæлæпп-дзæлæпгæнгæ фæцагайдтон. Ноджы ме ’вгтæн сха- уынæй тæрсгæйæ мæ дзыппытыл хæцыдтæн æмæ мын афтæмæй згъорын ноджы зындæр уыд. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй денджызонтæн зæронд усы фа- теры фарсмæ сылгоймæгты æмдзæрæны зонгæ чызджытæ уыди, æмæ сыл хицауадмæ бахъаст кодта, ардæм æфсæддонтæ цæуынц æмæ мæ æхсæв фынæй кæнын нæ уадзынц, зæгъгæ. Зæронд усмæ уый тыххæй мæсты уыдысты æмæ дзы ахæм хуызы сæ маст райстой. Мæ уд ме ’муд куы ’рцыд, уæд мæ хистæртæм фæкъæйных дæн æмæ сын афтæ: - Ныр мæ уæд та асинтæй фесхуыста æмæ мæ бæрзæй асаст, уæд, æвæццæгæн, хицауад нæхимæ ныффыстаиккой, йе ’фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, фæмард, зæгъгæ. Уæд нын, англисаг æвзагыл мæ чи ахуыр кодта, уыцы денджызон ахæм хабар радзырдта: - Нæ нау Латвийы былгæрон лæууыд. Уыцы фæззæг нæ картоф къа- хынмæ колхозмæ арвыстой. Уый та-иу нæм отпусчы хуызæн каст. Уым тыгъд быдыртæ нæй, фæлæ — хъæд, цъымаратæ, æхсæнмæ-’хсæнты зæххы гæбæзтæ, хъæутæ — хутортæ, мызæтæ, зæгъгæ, сæ афтæ хонынц. Хъæутæ гыццылтæ сты, æмæ-иу цалдæр хъæуæй иу колхозы фаг систы. О, æмæ мах дæр иу ахæм колхозæн картоф къахынмæ æххуыс кодтам æмæ нын-иу уырдæм кино æрбаластой. Æз киноæвдисæг чызгимæ фæзонгæ дæн æмæ фембæлыны тыххæй йемæ баныхас кодтон. Кæуылты йæм цæугæ у, уыцы фæндæгтæ мын бацамыдта. Уым рагон хъæдтæ ис, йæ бæлæстæ арвыл æндзæвынц, ахæмтæ. Иу-дыууæ километры бæрц фæцыдаин, афтæ тыххæй-фыдæй ссардтон чызджы хæдзар. Фæстæмæ куы ’рбацæй- ыздæхтæн, уæд бæласыл ауыдтон æхсæрсæттæджы. Уый иу дзæбæх уыди, иу дзæбæх, æмæ йæм адæймаг кæсынæй не ’фсæст. Æрлæууыдтæн æмæ, бæласыл уырдыгмæ-хæрдмæ куыд дугъ кодта, уымæй мæ цæст нал ис- тон. Уыимæ фезмæлынæй дæр тæрсгæ кодтон, куы мæ ауына æмæ йæхи æмбæхсынмæ куы фæуа, зæгъгæ. Уалынмæ мæ хъустыл æфсæйнаг рæхысы дзыгъал-мыгъул ауад. Фæкастæн, æмæ - дынджыр богъ, йæ цæстытæ туджы зилгæйæ æрбассæнды. Хуыцау хорз, æмæ рæхысы дзыгъал-мы- 22 Дзасохты М. 337
гъул айхъуыстон æмæ иуфарс агæпп кодтон, æндæр дæ балгъитæг — афтæ. Дæуæн зæронд усы схуыстæй ницы уыдаид, фæлæ мæн тыххæй æцæг бахъуыдаид ныффыссын: «Фæмард йе ’фсæдцон хæс æххæст кæнгæйæ...» Муратимæ «Рæстдзинад»-ы куы куыстам, уæд ирон театр йæ тæккæ нæргæйæ уыди. Тæбæхсæуты Бало æмæ Цырыхаты ГГётя, Хъæрджынты Варя æмæ Цæрукъаты Алыксандр, Икъаты Серафин æмæ Мæхъиты Ла- вер, Цæлыккаты Мæирбег æмæ Баллаты Валодя... Цас æмæ цас уыдыс- ты, сæ аивадæй адæмы уд хъæздыгдæр чи кодта, уыцы диссаджы ар- тисттæ! Æрмæст сæ нæмттæ фехъусгæйæ дæр адæймаджы цæстыл ауайы æнæферохгæнгæ сурæттæ æмæ хъысмæттæ, уарзондзинад тырысайау бæрзæндты чи хаста, лæджы намыс цардæй зынаргъдæр кæмæ каст, æгад- дзинад цæсты чи æфтыдта, ахæм фæлгонцтæ. Театры иу спектакль дæр ахæм нæ уыд, «Рæстдзинад»-иу йæ хъуыды кæй тыххæй нæ загъта, аккаг аргъ ын-иу кæд не скодта. Рох нæ уыди газет йæхæдæг дæр. Сæ ног спектакльмæ-иу нæ кæд не ’рбахуыдтой, ахæм рæстæг никуы скодта. Æз ивгъуыд æнусы 60-æм азты разамынд лæвæрдтон культурæйы хайадæн æмæ-иу мæ алы премьерæмæ дæр æрбахуыдтой. Цавæр спектакльмæ уыд, уый ма чи хъуыды кæны, фæлæ та мæм иу хатт хуынды гæххæтт æрбарвыс- той. Иу лæджы ма мæ бон мемæ ахонын уыди. Муратæн загътон, æмæ мын ацæуынæй зæрдæ бавæрдта. Иуцасдæры фæстæ йæ йæ кусæн уаты абæрæг кодтон æмæ, уым куы разынд, уæд æй фæрсын: — Изæрмæ дæхи цæттæ кæныс? — Æмæ мæ цы цæттæ хъæуы? — Ау, дæ бæрæгбоны дарæс дæр нæ кæныс? — Цавæр бæрæгбоны дарæс? Мæнæн мæ дзаумæттæй бæрæгбоны скæнынмæ чи нæ бæззы, иу дæр ахæм нæй, фæлæ, æвæццæгæн, нæ ацæудзынæн. — Цæуыннæ? — Зивæг кæнын. — Иу водкæйы авг æмæ, йемæ цы хъæуы, уый дæр ма дын балхæн- дзынæн. — Омæ хорз,— фæхъæлдзæгдæр уæвгæйæ загъта Мурат æмæ ныфсæ- вæрдæй раздæхтæн. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ Мурат мæ фæстæ ’рбалæууыд æмæ мын уыцы тыхстхуызæй бамбарын кодта, театрмæ нæ ацæудзынæн, дæхицæн, дам, æмбал агур. — Уыцы театры тыххæй иу хатт цы зилдухæнты бахаудтæн, уый дын никуы дзырдтон? - бафарста мæ Мурат. Театры кой дæ никуы фехъуыстон, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд мын ракодта ахæм хабар... — Службæйы рæстæджы мыл æрцыдысты уыцы бæллæхтæ. Октябры бæрæгбон-иу куы ’рбацæйхæццæ кодта, уæд-иу нæ нау цырæгътæй æмæ тырысатæй саив кæнгæйæ «иллюминацимæ» — афтæ йæ хуыдтой — Ле- нинградмæ æрбацыди. Мах æнхъæлдтам, увольнени нын ратдзысты, зæгъгæ, фæлæ нын æй культурон балцæй баивтой æмæ нæ Ленины фæскомцæдисы номыл театры спектакль «Кто смеется последним»-мæ 338
акодтой. Нæ командир нын загъта, фæсспектакль иууылдæр наулæууæнмæ æрбацæудзыстут æмæ нæ наумæ катерæй баласдзысты. Нау былмæ нæ бабастой, фæлæ якорыл Невайы астæу лæууыдис. Бацыдыстæм театрмæ, уæдæ цы уыдаид. Нæ цинелтæ æмæ худтæ гар- деробмæ радтам æмæ залы æрбадтыстæм. Спектакль куы райдыдта, уæд мæхинымæр хъуыды кæнын: «Гъер мæн ацы спектакль кæцырдæм хъæуы? Кæдæй-уæдæй ма зæхмæ ’рбаирвæзтæн æмæ дзы истытæ куы фенин — Ле- нинграды та, лæг цы фена, ахæмтæ, цасдæриддæр дæ фæнды, уыйбæрц — уæд бирæ хуыздæр нæ уаид!..» Къорды хистæр мæ куыннæ фена, афтæ рахъуызыдтæн, мæ дзаумæттæ скодтон æмæ горæтыл зилгæ ацыдтæн. Куы зæгъын, Ленинградыл цас- фæнды куы фæзилай, уæддæр ын йæ зæрдылдарæн бынæтты уындæй нæ бафсæддзынæ, æмæ æз дæр мæхиуыл нæ ауæрстон: горæтыл зылдтæн æмæ зылдтæн. Иуахæмы уынджы сахæттæй иумæ скастæн, æмæ рæстæг, махæн наулæууæнмæ кæд загътой, уымæ æрбахæстæг. Цыфæнды тагъд куы код- таин, уæддæр мын æнæбайрæджыгæнгæ нæ уыд, фæлæ уæддæр фæстæмæ тæхæгау ракодтон. Иу афон æрбахæццæ дæн иу нæлгоймаджы цурмæ. Кæсын, æмæ ныв кæны. Нæ науыл йæ цæст æрхæссы^æмæ та мольбертыл æвæрд хъæбæр гæххæттыл цыдæртæ афыссæгау кæны. Йæ цурмæ бацыдтæн æмæ йын йæ мольбертыл нæ нау æрдæгкондæй ауыдтон. — Цы кусыс? — бафарстон æй уыцы барджынæй. — Мæнæ бæрæгбоны этюдтæ кæнын. — Æмæ хæстон техникæйы нывтæ кæнæн нæй, уый нæ зоныс? — Раст зæгъгæйæ, нæ зыдтон. — Нæ зоныс, уый дæ бæрнондзинадæй нæ ирвæзын кæны. Бахатыр кæн, фæлæ дын мемæ цæугæ ’рцæудзæн. — Цы, дам? Кæмдæр нынцъыхтай æмæ дæ фæндагыл куы ацæуай, уæд хуыздæр уыдзæн... Æз, æргом дзургæйæ, иучысыл нуазгæ дæр акодтон. — Хъус-ма, ныртæккæ дæ де ’фцæгготæй куы ахæр-хæр кæнон, уæд дæ мæ тæф нал фервæзын кæндзæн! Цæуыс æви дæм къухæй бавналон? Гæнæн ын нал уыд æмæ мæ разæй араст. Былгæронмæ куы ныххæццæ стæм, уæд дæр ма нæм æнхъæлмæ кастыстысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй æрæджы канд æз нæ бакодтон... Командирæн хабæрггæ радзырдтон. Уый йын йæ ныв федта. Лæппуйы мыггаг æмæ ном куы базыдта, уæд нывгæн- джыты Цæдисмæ бадзырдта, æмæ сæ бафарста, ахæм æмæ, дам, уæм ахæм нывгæнæг ис. Ис, зæгъгæ, йын загътой. Йæ ныв ын байстой, стæй йæ науæй бæлæгъы былгæронмæ æрбаластой. Афтæ цæмæн бакодтон, уый, мæнмæ гæсгæ, бамбæрстай: мæ байрæ- джыйы тыххæй мæ æфсон ссарын хъуыди æмæ цæугæ-цæуын мæ сæры уыцы хъуыды февзæрди. Æнæуи мæ бафхæрдтаиккой. Нырта «къæрцхъус- дзинад» дæр равдыстон, мæхи дæр фервæзын кодтон. Кæй зæгъын æй хъæуы, иууылдæр бамбæрстой, цæстфæлдахæн ми кæй бакодтон, уый, фæлæ мын æй комкоммæ ничи загъта. Уый нæ, фæлæ ма мын командир, нæ цуры ничи уыд, афтæмæй загъта, дæхи хуымæтæджы æфхæрын кæй нæ бауадздзынæ, уый, дам, æз афтæмæй дæр зыдтон. 339
Иу мæй рацыди, афтæ та мыл химион службæйы хицау капитан-лей- тенант Ходасевич амбæлд æмæ мын, хин мидбылты худгæйæ, афтæ: «Уæдæ, зæгъыс, шпионтæ ахстай, и?» Æз дæр ын хъазгæхуызæй дзуапп радтон: «Къæрцхъусдзинад равдыстон, патриотизм æмæ мын уый дæр мæ цæстмæ дарынц». — Мæнмæ гæсгæ, Мурат, ды канд нывгæнæджы тæригъæды нæ ба- цыдтæ. Де ’мкусджытыл дæр цыма нæ ауæрстай, афтæ мæм кæсы. Æппындæр-иу дын чи ницы кодта, уыдонæй дæр кæмæн хъыцъыдон ба- назын кодтай, кæмæн — компот. — Уыдис ахæм хабæрттæ дæр. Уыдон та ахудыны тыххæй уыдысты. Демæ иу хайады чи куыста, уыцы Фидары дæр нымæтын ехсæй æрцæфтæ кодтон. Уыдон та рисгæ никæмæн кæнынц. Иу хатт æй «Букет Абхазии»-йы сæнæй куыд фæрасыг кодтон, уый ма хъуыды кæныс? — Иæ бæлвырддзинæдтæ мæ ферох сты. — Нозтыл куыд æнувыд уыди, уый зоныс? — Зонын, куыннæ йæ зонын! Фæлæ йæ фæстаг дыууæ æви æртæ азы йæ дзыхмæ нал схаста. Æвæццæгæн, афтæ æваст уадзгæ нæ уыди, æндæр, чи зоны, абон дæр ма цæрид. — Хуыцау йæ зонæг, куыд уыдаид, уый, фæлæ, æз цы рæстæджы кой кæнын, уым йæ тæккæ нуазгæйæ уыд. Иунæг бон дæр ыл æнæнуазгæйæ нæ ивгъуыдта. «Рæстдзинад» ма партийы горкомимæ проспекты иу хæдзары куы уыди, уæд дзы фыццæгæм уæладзыджы хорз буфет куыста. Гъемæ иу сихо- рафон цыппæрæм уæладзыгæй æрхызтæн æмæ дзы уыди хъæддаг фæткъуы- ты дон компоты бæсты. Иу агуывзæ дзы анызтон æмæ мæ зæрдæмæ фæцы- ди. Буфетгæсы фæрсын, афтид сæны авг дæм, зæгъын, никуы ис. Ис, дам. Рахæссын ын æй кодтон. Æрæджы кæй равдæлончынд, ахæм. Йæ фарсыл, «Букет Абхазии» фыст цы гæххæтгыл уыд, уый дæр уыцы дзыхъ- хъынногæй лæууыд. Уæйгæнæгæн æй фæткъуыты донæй байдзаг кæнын код- тон æмæ йын загътон, ныртæккæ Фидаримæ æрбацæудзыстæм æмæ фын- гыл куы ’рбадæм, уæд нын-иу æй нæ разы æрæвæр, нуазæн уын æрбарвы- стæуыд, зæгъгæ. Чысыл фæстæдæр Фидаримæ ’рбацыдыстæм æмæ иу фынджы уæлхъус æрбадтыстæм. Куыддæр хæрынмæ æрæвнæлдтам, афтæ нын сылгоймаг, авг нæ разы æрæвæргæйæ загъта: — Нуазæн уын æрбарвыстой. Чи йæ ’рбарвыста, уымæй дæр æй нæ бафарста, афтæмæй йын Фидар йæ фыстытæм кæсыныл фæци. Æз мæхи нынцъылдтæ кодтон æмæ бы- лысчъилхуызæй загътон: — Ныр-иу ахæм сæнтæ куыд фæнуазут? Кæд нуазыс, уæд водкæ бануаз æмæ дын зæрдæмæ цæуа. Фидар дзы цайцымæн агуывзæйы дзаг рауагъта æмæ йæ анызта. Йæ былтæ æхсызгон сæрфт акодта æмæ мæм дзуры: — Дзæгъæлы йæ фауыс. Тынг хорз сæн у — «Букет Абхазии». Фен-ма йæ. — Цытæ дзурыс! Æхсынцъыдоны ад фæкæнынц уыцы хус сæнтæ. — Уый ахæм нæу. — Цавæрфæнды уæд - нæ мæ хъæуы. 340
Ноджъщæр ма дзы иу банызта, иннæ йемæ цыппæрæм уæладзыгмæ схаста. Чысыл фæстæдæр æм бацыдтæн æмæ йын загътон: — Нозт дыл фæзынди æмæ та дæ цалынмæ хицау нæ федта, уæдмæ дæ гуыры конд айс. — Раст зæгъыс. Мæхи зæрды дæр цæуын уыдис... Иннæ хатт та йæм нæ цумагæнæджы телефонæй бадзурын кодтон. Раздæр-иу æндæр хъæу кæнæ горæтмæ телефонисткæты æххуысæй дзыр- дтой. Æрбадзырдтаиккой-иу дæм, дæ ном, дæ мыггагæй-иу дæ бафар- стаиккой, стæй дын-иу загътаиккой, ахæм æмæ дæ ахæм горæтæй агуыр- дæуы, зæгъгæ. Цумагæнæгæй нæм куыста, Мара-Новик, зæгъгæ, иу уырыссаг чызг. Тынг дзæбæх адæймаг. Фæсаууонмæ институты ахуыр кодта, афтæмæй махмæ дæр куыста æмæ йын афтæ зæгъын, телефонист- кæйы хуызы Фидармæ бадзур æмæ йын зæгъ, Мæскуыйæ дæ агуыр- дæуы, зæгъгæ. Æрмæст æй раздæр йæ ном æмæ йæ мыггагæй бафæрс- дзынæ. Уый фæстæ хæтæл мæнмæ ратдзынæ. Ныр Фидарыл та къæртайæ уæлдай хъустæ нæ уыд, æмæ ууыл мæ зæрдæ дардтон: цасфæнды мæм куы фæхъуса, уæддæр, чи дæн, уый нæ ба- зондзæн. Чызг мæм хæтæл куы радта, уæд æй мæ хъусыл сæвæрдтон, фæлæ барæй мæхи ныхъхъус кодтон. Уый «хъусын», «хъ>/сын» кæны, хæтæлы дæр йæ фу райхъуысы. Æрæджиау æм сдзырдтон. Йæ ном æмæ йын йæ мыггаг загътон, уый, зæгъын, дæ. О, зæгъгæ, мын куы загъта, уæд ын æз дæр мæхи бацамыдтон: Рудовский. Куы базонгæ стæм, уæд æм, цæмæ дзурын, уый схъæр кодтон: «Æз газет «Сельская жизнь»-ы редакцийы сæрмагонд уацхæссæг дæн. Чысыл раздæр ныхас кодтон партийы Цæгат Ирыстоны обкомимæ æмæ мын загътой, ды, дам, рес- публикæйы хæдзарæдты уавæримæ хорз зонгæ дæ, мæн та Цæгат Ирыс- тоны тыххæй нæ газетæн фарс бацæтгæ кæнын хъæуы æмæ йæ иумæ куы ныффыссиккам, уый дæ нæ фæнды?» Табуафси, зæгъгæ, куы загъта, уæд ын мæ дарддæры фæндтæ дæр бамбарын кодтон: «Уæдæ-иу сабаты Минводмæ - уæд Ирыстоны аэропорт нæма уыди — хæдтæхæгмæ мæ размæ рацу». «Хорз», зæгъгæ, куы загъта, уæд хæтæл æрæвæрдтон. Диссаг уый уыди, æмæ мæ æппындæр кæй ницæмæй бафарста. Кæд æмæ цавæр рейсы стæхдзынæн, стæй мæ куыдæй базондзæн? Æз тыргъмæ рацыдтæн æмæ æнхъæлмæ кæсын, дарддæр йæхи куыд дардзæн, уымæ. Иу-фондз минуты рацыдаид, афтæ йæ дуар фегом æмæ гуыртг-гуыртгæнгæ йæ ных редактормæ сарæзта. Уыцы рæстæг Валодя йæ кусæн уатæй рахызт. Фидар-иу искæмæй исты куры кæнæ, æфсæрмыйаг чи у, ахæм ныхас зæгъынмæ хъавы, уæд-иу йæ къæбуг аныхæгау кодта, стæй- иу уæд дзурын райдыдта. Ныр дæр та йæ бæрзæй аныхгæйæ загъта: — Гъед у, Валодя... Сабаты мæ Минводмæ машинæ хъæуы. — Цы дын дзы баззад Минводы? — «Сельская жизнь»-ы уацхæссæг нæм ссæуы. — Æмæ цæуæд! Мах дзы исты хæсджын стæм? Нæй нæм машинæ!.. Баздæхт фæстæмæ æмæ йæ зонгæтæм телефонæй дзурын райдыдта, хъуамæ дзы искæмæй машинæ ракуырдтаид. Фæтæригъæд ын кодтон æмæ йын афтæ: «Æз дæм дзырдтон, æз. Ам дæ куы ничи зоны, уæд дæ Мæс- 341
куыйы чи зоны?» Цытæ дзурыс, ныртæккæ, дам, мемæ «Сельская жизнь»-ы уацхæссæг ныхас кодта. Афтæ-ма, зæгъын, телефоны цур фæлæуу æмæ та дæм ныртæккæ Мæскуыйæ сдзурдзысты. Ауадтæн æмæ та Мара-Новичы æрдæбоны хуызæн бадзурын кодтон. Хæтæл мæм авæрдта æмæ Фидармæ дзурын: — Æдылы къоппа, гъер дæр та дæм Мæскуыйæ дзурынц? Сволочь, зæгъгæ, мын дзуапп радта æмæ бахудæгау кодта. — Зæгъгæ дын раст кодта, уымæн æмæ ауæрдгæ зонгæтæ нæ, фæлæ хиуæттыл дæр нæ кæныс. — Уый ды, æвæццæгæн, мæ хæстæджыты лæппуйы кой кæныс?.. — Уый кой дæр кæнын, стæй ма, дæ мадырвадæлтæм минæвæрттæ куы ’рбацыд, уый кой дæр. — Омæ уæдæ лæг ахæм митæ куы нæ кæна, уæд - раздæр ма йæ куы загътон — ,цард бынтон æнкъард у. Не ’рвадæлты лæппу ус куы куырдта, уæд йæ фыдмæ æфсæрмы кодта, фæлæ-иу мæн афарста. Гъемæ чындзы куы ’рбахастой, уæд æй æгъдаумæ гæсгæ сиахсы цыд бакæнын хъуыд. Æз уымæй размæ нуазгæ дæр акодтон æмæ мæ хъæлдзæг зæрдæйыл уыдтæн, афтæмæй мæм æрбацыд æмæ мæ фæрсы, сиахсы цыд куы бакæна, уæд æй йæхи куыд дарын хъæудзæн, уымæй. — Зынæй дзы ницы ис,— зæрдæтæ йын æвæрын. Нæ сыхæгты лæппу æмæ ма мын ноджыдæр кæмæйдæр загъта, уыдонимæ, дам, цæуын. — Бацæудзыстут, сылгоймæгтæ кæм сты, уырдæм - чындзы мад дæр уым уыдзæн — æмæ уе ’ртæмæ дæр нуазæнтæ авæрдзысты æмæ-иу цыбыр арфæ ракæн æмæ-иу нуазæн бануаз — иу сыкъа бануазыны тыххæй дæ расыггæ- наг ничи схондзæн - æмæ-иу афтид агуывзæйы æхца сæвæр. — Цас? — Дæ бынтæ дзы иууылдæр куы ’вæрай, уæддæр дын «нагъ» ничи зæгъдзæн, фæлæ, иугæр хъуыддаг кæныс, уæд æй хорз хъуамæ скæнай æмæ, иннæтæ цас февæрынц, уымæй дзы дыууæ хатты фылдæр сæвæр. — Уый фæстæ та? — Уый фæстæ-иу чындзы фыды бацагур. Аивæй-иу зонгæтæй искæй бафæрс æмæ-иу йæ цурмæ бацу. — Уым та цы кæнын хъæуы? — Ницы. Æнæдзургæйæ-иу йæ разы къахфындзтыл скаф, стæй уæд рацу. Уый йæ былтæ акъуырдта æмæ уыцы фидарæй загъта: — Æз никæй цур кафын!.. Мæхиуыл хæцын нал бафæрæзтон æмæ ныххудтæн. Цы бамбарын ма йæ хъуыд, хъазгæ дзы кæй кодтон, уый. Куы ацыд, уæддæр мæ худын нæ урæдтон. Йæ каисы цур куы скафыдаид — кафынмæ та дæсны у — уæд хæрзаг лæг йæхинымæр катайы бацыдаид, ай мæ чызджы куы байсæф- тон, æррайæн æй куы радтон, зæгъгæ. — Ныр мæ мадырвадæлты кой ракодтай, æмæ уый та афтæ уыди. Цæвиттон, сæ чызгыл сын дзырдæуыд æмæ сæм минæвæрттæ æрбар- выстой. Фынг сын æрæвæрдтой æмæ, куыд вæййы, афтæ хистæр Хуы- 342
цауы ном ссардта, фæстæдæр Уастырджийы тыххæй фæсидт. Æртыккаг сидтыл та хъуамæ, уазджытæн сæ цыды сæр цæй тыххæй уыди, уый рар- гом кодтаиккой. Загътой, цы зæгъинаг уыдысты, уый æмæ сын нæ хистæр — Камал — тынг уæздан дзуапп радта: — Иннæ хуыцауæхсæв æрбацæут æмæ уæд бæлвырд баныхас кæндзыстæм. Хуыздæр дзуапп ма цы вæййы! Минæвæрттæн дæр æхсызгон уыд ахæм ныхæстæ фехъусын, фæлæ куы анызтытæ кодтой, уæд дзы дыууæйы бæлвырд дзуапп уыцы изæр райсын æрфæндыди. Сæ фæнд ацæуыны тыххæй та ахæм æфсон æрхъуыды кодтой, лæппуйы фыд тыхст рынчын у æмæ афтæ зæгъы, уыцы хъуыддаг, дам, ма æз дæр куы федтаин. Камал ма сын ноджыдæр иу хатт бамбарын кодта: — Куы бадзырдтам: абон — хуыцауæхсæв, иннæ хуыцауæхсæв бæлвырд дзуапп райсдзыстут. Ууыл нæ ныхас ахицæн, ныр нæ фынджы кой кæнæм. Мæ зæрдæмæ дæр фæцыдысты хистæры ныхæстæ, фæлæ та-иу уæддæр уыцы дыууæйæ куы иу, куы иннæ йæхиуæттæ кæныныл афæлвæрдта. Æз кæстæр уыдтæн, фæлæ сæм мæсты кæнын райдыдтон. Мæхиуыл хæцыдтæн, хæцыдтæн, стæй æппынфæстаг хистæрæй ныхасы бар ра- куырдтон æмæ уазджыты фæрсын: — Сымах ардæм минæвар æрбацыдыстут æви хъæргæнæг? — Уæллæй, Мурат, ды лæгмæ куы фæкомкоммæ уай, уæд усгурæй хъæргæнæг сараздзынæ, прокурорæй та - фыдгæнæг. Мурат йæ мидбылты бахудт: — Уыдис ахæм хабар дæр. Уæд ма кусынмæ Беслæныхъæуæй цыдтæн. Æфсæнвæндаджы вагзалмæ фæцæйцыдтæн æмæ дын мæм иу газик куы фæуромид. Мæ зонгæтæ дзы бадти æмæ мæм дзы иу дзуры, нæхимæ, дам, цæуыс. О, зæгъгæ, сын куы загътон, уæд мæ машинæйы сбадын кодтой. Мæ зонгæтæй иу районы прокуроры хæдивæг разынд æмæ мын афтæ зæгъы, искуы, дам, уал фæйнæ баназæм. Уæртæ базары дæле, ирон хæринæгтæ кæм кодтой, уырдæм бацы- дыстæм. Арахъхъ балхæдтам æмæ фынджы уæлхъус æрбадтыстæм. Къухтæ сæрфынæн дзы гæххæтт нæ разынди, æмæ прокурор йæ папкæйæ иу сыф систа æмæ йæ цыппар дихы акодта — шофыримæ цыппар уыдыстæм. Сыфыл цыдæр фыстытæ уыди. Æвæццæгæн, тæрхоны рæстæджы пад- дзахадон зылынгæнæджы хуызы дзырдта æмæ, цытæ дзурдзæн, уыдон гæххæттыл фарстыты хуызы афыста. Стæй сæ уæд ныххæххытæ кодта, цæмæй дзы мацыуал бæрæг уыдаид, уый тыххæй. Мæнмæ дзы цы гæбаз æрхауд, уым ма бакæсæн уыди æрмæстдæр дыууæ дзырды: «Сельхозтех- никæ» æмæ «домкрат». Æз не ’ртыккаг æмбалы рæмбыныкъæдзæй бас- хуыстон æмæ йæм дзурын: — Гъер нозтыл фестæм, фæлæ мæм цы хъаст æрбацыд, уый мæ иу минут дæр рох нæу... — Цавæр хъаст? — Куыстæй рацæуыны хæдразмæ мын æй хицау мæ къухы фæсагъта, æвæстиатæй фельетон бацæттæ кæн, зæгъгæ. Тагъд-тагъд кодтон, æмæ йæм дзæбæх не ’ркастæн, фæлæ хъуыддæгтæ «Сельхозтехникæ»-имæ баст сты, цавæрдæр домкраттæ-йедты кой дзы уыди. Уый дын прокуроры 343
хæдивæг айхъуыста, цы! — хæрдмæ фесхъиудга æмæ загъд-замана систа: «Уьщон дзырдхæсджыты фыстытæ сты! Уæдæ сæ ахæстоны сбадын кодтаин?!» Æмæ тæрхондоны цы хъуыддаг æвзæрстой, уый дзурынмæ фæци. Куыд загъта, афтæмæй «Сельхозтехникæ»-йы уыди тракторты прицептæ æмæ сæ цæлхытæ цавæрдæр машинæйæн бæззыдысты. Къæрныхтæ домкрат бахастой æмæ уый æххуысæй цæлхытæ рафтыдтой. Æмæ, дам, сын уый тыххæй марыны тæрхон рахастаин?! Хъуыддаджы бæлвырддзинæдтæ куы базыдтон, уæд мын дзурын фен- цондæр: — Хъастгæнæг афтæ фыссы, фыццаг хатт, дам, нæ давынц уыцы при- цепты цæлхытæ, фæлæ, дам, сæ прокуратурæ уæлæнгæйтты ауадзы æмæ, дам, æдзæсгомæй-æдзæсгомдæр кæнынц, стæй, дам, фæстаг рæстæг профилактикæмæ æппындæр хъус нал дарут. Лæгæн йæ нозт фæцыдæр. Фæндагыл йæ дзыхæй ныхас нал хауд. Беслæнмæ куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд мæм йе ’мбал, уый дæр проку- ратурæйы кусæг, æрхатыди: — Цæй, Мурат, ды куыд нæ кæстæр æфсымæр, афтæ хъуыддаг хъуа- мæ бамынæг кæнай... — Мæнæй аразгæ куы уаид, уæд мын сымах дзурын нæ хъæуид, фæлæ редактор тынг хъæддыхæй дзырдта, уыцы митæн, дам, кæрон скæнын хъæуы. Ахæм хъæстытæ, дам, æгæр сарæх сты... Беслæныхъæумæ куы ныххæццæ стæм, уæд шофыры хъусы дзурын, нæхиуылты ацу, зæгъгæ. Ницыуал нæ хъуыди, фæлæ та ногæй фынгыл æрбадтыстæм. Иуахæмы мæм прокуроры хæдивæг дзуры: — Æри-ма, кæм и уыцы гæххæтт? Фæндагыл сын афтæ загътон, хъаст, зæгъын, мемæ рахастон, хæдза- ры йæ бакæсдзынæн, зæгъгæ. Хæрæндоны мæм мæ къухтæ сæрфынæн цы гæххæтты гæбаз æрхауд, уый нæ аппæрстон, мæ дзыппæй йæ систон æмæ йæ фынгыл æрæвæрдтон: — Мæнæ дын уыцы хъаст! Куы йæ федта, уæд йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл æрцавта, мæнæ, дам, мын мæ туг куыд ныллæууын кодтай. — Уæллæй, Мурат, ды лæгæн йæ туг дæр ныллæууын кæндзынæ, туг дæр дзы бауадздзынæ, гонорары бæсты йын иу бæстæйæ иннæмæ пы- рындз куы ’рвитай, уæд. — Раст зæгъын хъæуы, уыцы уацхæссæджы æз мæ цæсты кæронæй дæр никуы федтон, фæлæ лæгæн йæ сæры кæд цы фæкуыси уыдзæн, уый зын зæгъæн у... Уый та, нæ горæты китайаг бархионтæн цыртдзæвæн куы гом кодтой, уыцы заман уыди. Газетты къамисджытæ йын йæ хуыз бынæй истой æмæ дзы хорз^панорамæ нæ уади. Уæд ма æрыгон уыдтæн æмæ нæ фæзивæг кодтон. Йæ бакомкоммæ цы хæдзар уыд, уым фæндзæм уæладзыджы иу фатермæ бахостон æмæ сын хъуыддаг бамбарын кодтон, афтæ æмæ, зæгъын, афтæ, къам сисын мæ хъæуы æмæ мæ уæ балкъонмæ бауадзут. Бауагътой мæ æмæ æртæ хуызы дзæбæх къамтæ систон. Уæд Пекины дыууæ ’взагыл — уырыссаг æмæ китайаг æвзæгтыл — цыди журнал «Дружба», æмæ мæ уацхъуыд уырдæм арвыстон. Уыцы рæстæг 344
Сталины фыдгой кæнын райдыдтой. Мао Цзе-дун нæ партийы съездæй йæ делегациимæ сыстад æмæ тæргайæ сæхимæ ацыдысты. Уæд хабæрттæ æргомæй нæма дзырдтой, фæлæ дыууæ хæлар бæстæйы æхсæн изгарддзи- над кæй фæзынд, уый мæ фыст ныммыхуыр кæнынæн дæр батых кодта, æндæр ахæм дзуапп нæ райстаин: «Бузныг, нæ журналмæ зæрдиагæй дæ хъус кæй дарыс, уый тыххæй, фæлæ ныртæккæ, æнæмæнг тынг цымы- дисаг чи у, дæ уыцы æрмæг ныммыхуыр кæныны фадат нæй». Кæд мæм сæхимæ гæсгæ цыфæнды уæздан ныхæстæ ныффыстой, уæддæр мын æхсызгон кæм уьщаид ахæм писмо райсын! Æмæ мын чысыл фæстæдæр мæ маст фæкъаддæр кæнынæн замманай фадат фæцис. Цæвиттон, писмо цы къонверты уыд, уый раздæр æрвыстой Мæс- куымæ цавæрдæр Гофманмæ. Æмæ йæ машинкæйыл куыд ныммыхуыр кодтой, афтæмæй дзы дамгъæты фæд дзыхъхъытæй баззади. Фыстхалæнæй йæ фехæлдтой æмæ йын йæ уæлæ мæ адрис ныффыстой. Иуфарсыр- дыгæй кæсгæйæ мæскуыйаджы адрис бæрæг уыд. Рафыстон æй, мæхи адрис фехæлдтон æмæ дзы фæстæмæ уыйуон ныффыстон. Бланкыл та уыдис цыбыр текст. Ралыг æй кодтон, грифы бынмæ ма бынат баззади æмæ Гофманы номыл ныффыстон ахæм писмо: «Хорз æрмæг нæм æрбар- выстай. Тынг бузныг дæ фестæм. Ныммыхуыр æй кæндзыстæм нæ жур- налы хæстæгдæр номыртæй иуы. Гонорарæн дын арвыстам пырындз. Дæ бон æй райсын у ахæм адрисыл: горæт Ростов-Дон, товарты 2-æм кæрт». Посты лагъзы йæ Ирыстоны куы ныппæрстаин, уæд штемпелæй бæрæг уыдаид æмæ мыл ме ’нæзонгæ Гофман нал баууæндыдаид. Нæ фæзивæг кодтон æмæ æфсæнвæндаджы вокзалмæ ныццыдтæн. Мæскуымæ цæуæг поездтæй, посты вагон кæм уыд, ахæммæ банхъæлмæ кастæн æмæ, йæ фарсыл цы посты асыкк уыд, уым æй ныппæрстон. Уырдæм-иу цы пис- мотæ бахауд, уыдоныл та-иу мæскуыйаг штемпельтæ æвæрд æрцыд. Дарддæры хъуыддæгтæн ницыуал базыдтон, фæлæ цавæрдæр Гофма- ны зæрдæ кæй барухс уыдаид, Китайæ мын æнæхъæн вагон пырындз æрбарвыстой, зæгъгæ, ууыл гуырысхо нæ кодтон. — Уæдæ дын æз хуымæтæджы фæзæгъын, ныронг æгас кæй дæ, уый мæм диссаг кæсы, зæгъгæ. Мурат йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ: - Нæ фæлæ ’мæ æз ахæм митæ куы нæ кодтаин, уæд афонмæ раджы ныхъхъæмп уыдаин, фæлæ мын Хуыцау хорз кодта, æмæ-иу мæ мæ зын цæрдтытæ хъазын æмæ худыны фæрцы ферох сты. Æрмæст Бексолтаны фæрцы дæр мæ цардыл иу-авд азы бæрц бафтыди. Диссаг у, æвæдза, адæймаг, «Рæстдзинад»-ы цы бонтæ арвыста, уыдон куы ’рымысы, уæд ыл цыма къæвдайы фæстæ хур ракæсы, уый хуызæн йæ зæрдæ срухс вæййы, цæрын æм æрцæуы... Мæ зæрдыл, Бексолтаны профцæдисон комитеты сæрдарæй куы рав- зæрстой, уыцы рæстæг æрлæууыд. Цыфæнды фæлмæн ныхас дæр æм тынг хъардта, йæ фыстæй йын раппæлыдтæ, уæд-иу цыма Чырыстийы цъуппыл балæууыд, афтæ-иу æм каст. Хуымæтæджы кады гæххæттыл дæр-иу сывæллонау цин кодта. Фылдæр хатт-иу æй ныхæстæй нæ равды- ста, фæлæ-иу йæхи куыд дардта, уымæй бæрæг уыд, амондджын кæй у, 345
куыстмæ дзæвгар кæй фæразæнгарддæр, йæ цæсгомыл-иу цины уылæнтæ хъазыд. Фæлæ йæ профкомы сæрдарæй куы равзæрстой, уæддзы уымæн æмбал нæ уыди. Кæй йæ нымайынц, сæ зæрдæ йыл кæй дарынц æмæ йæм цыдæр хорз- дзинæдтæ саразынмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый хъуыддаджы иу хай уыд, иннæ хай та уыд адæмы фыдæнхъæл ма фæкæнын, цы æууæнк æм равдыстой, уый аккаг разынын. Æмæ йæхиуыл нæ ауæрста, фыццаг бонæй фæстæмæ тырныдта исты равдисынмæ, алчидæр дзы куыд фæбуз- ныг уа, ууыл бацархайынмæ. Æппæты фыццаг йæ зæрды æрæфтыд, редакцийы кусджытæн номхæссæнæн чи баззадаид, ахæм бæрæгбон саразын. Хъуамæ сæ фæллад- уадзæн бон арвыстаиккой æрдзы хъæбысы. Уый тыххæй та равзарын хъуыд, æмбал кæмæн нæй, ахæм рæсугъд ран. Ирыстоны алы кæмтты куыннæ уыди аргъауæнгæс бынæттæ, фæлæ ссарын хъуыди, алкæй зæрдæмæ дæр чи фæцыдаид, ахæм бынат. Уый тыххæй та базонын хъуыди алкæй фæндон дæр. Æмæ радыгай сидын райдыдта нæ кусджытæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæ дæр уыди йæхи хъуыды. Иутæм Куырт- таты ком хуыздæр каст, иннæтæм - Хъобангом. Уæлладжырæгтæ нæм цалдæрæй куыстой, æмæ уыдон дæр хъæццул сæхирдæм ивæзтой. Дыгур- гомы рæсугъддзинадæн æмбал та дзы уæвгæ нæ уыди. Кæд нæм уырдыгæттæ дыууæ йеддæмæ нæ куыста, уæддæр сын сæ хъуыды зæгъыны бар уыд æмæ йæ куыннæ хъуамæ загътаиккой, стæй йæ зæгъгæ дæр кодтой æмæ чысыл- ма бахъæуа кусæртгаджы — рагацау колхозтæй иуы фысæн æхца бафыста æмæ йæм кæд фæзындзысты, уымæ цæттæ уыдысты — уырдæм арвитыныл ма сразы уа. Фæлæ йын адæм се ’ппæт фарст нæма ’рцыдысты æмæ дарддæр сидыны куыст кодта. Цас фылдæр адæм æм цыдис, уыйбæрц тынгдæрæй- тынгдæр мæсты кодта, уымæн æмæ цал уыдысты, уал хуызы дзырдтой. Тынг мæ фæндыд, йæ маст искæуыл куы акалдтаид, уый, уымæн æмæ та нын, цæуыл худтаиккам, уый фæуыдаид... Æз зыдтон, Уырызмæгмæ мæсты кæй у, уый. Мæсты та йæм цæуыл сси? Уый размæ мæй гонорар адæмæй фылдæр райста, афтæмæй Бексол- таны хъуыдымæ гæсгæ газетæн иннæтæй фылдæр пайда никæмæй фæци: куыста æрмæст йæхи æрмæджытæ фыссыныл, уацхæсджыты фыстытæм та тынг чысыл æргом здæхта. Уыйхыгъд Бексолтан йæхи ’рмæджытæ къаддæр ныффыста, авторты писмотимæ та зæрдиагдæрæй бакуыста, афтæмæй йæ гонорар Уырызмæгæй бæлвырд къаддæр рауад, æмæ æнæдзургæйæ йæ маст йæ хуылфы хæлбурцъытæ кодта. Цы ’рхъуыдычындæуа, зæгъгæ, мæхинымæр сагъæс кодтон. Æваст сæры фæзынд ахæм фæнд: Уырызмæгмæ бацыдтæн, æхца мæ, зæгъын, тынг æхсызгон хъæуы. Бексолтан та æдзухдæр йæхицæй æппæлыд, мæнæй фылдæр æхца ацы редакцийы никæмæ ис, зæгъгæ, стæй дзы æз даргæ кодтон, æмæ мын дзы, зæгъын, ардыгæй мызд райсынмæ дæхи ’фсон æфстау ракур. Уырызмæг ацæргæ уæздан лæг уыд. Йæ къухтæ-иу йæ синтыл сæвæрдта, афтæмæй-иу сабыргай фæцæйцыд. Бексолтан ма-иу æй фæзмгæ дæр акодта, гуыбыр-гуыбыр фæцæйцæуы, афтæмæй, дам, нын нæ гонорар смарзта. 346
Уырызмæг цæмæй хæйрæг уыд, Бексолтанæн æм йæ къæс-къæс цæуы, уый. Бацыди йæм æмæ-иу æдзухдæр куыд сабыргай дзырдта, афтæ ныллæг хъæлæсæй райдыдта: — Ардыгæй мæ мыздмæ дæс туманы хъæуы æмæ мын æфстау нæ рат- дзынæ? Уый йæм уыцы æнæуынон цæстæй скаст, бандонæй фæгæпп кодта æмæ йын æвзæртæ загъта, гъер, дам, ахæмтæ дæу хуызæттæй фæзæгъынц. Уырызмæгмæ диссаг фæкастысты йæ ныхæстæ, фæлæ йын уæддæр уæз- данæй загъта: — Омæ мыл цы хъæртæ кæныс, кæд дæм ис, уæд мын ратт, кæд нæй, уæддæр тыххæй нæу... — Ацу, зæгъын, мæ цурæй! Уырызмæг йæ фæстæ дуар æрдæггомæй ныууагъта, æмæ сæм мах Са- фаримæ кастыстæм. Уырызмæгуыцы æнкъардæй раздæхт, цыдæр мæсты, дам^ у, хъæрты бын мæ фæкодта... Иæ кусæн уатмæ бацыд, мах тыргъы лæууæм. Уыцы рæстæг нæ къа- мисæг Федыр сиргæ цыд æрбацæйкодта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йæм редактор фæдзырдта æмæ комкоммæ йæ ных хицауы кусæн уатмæ сарæзта. Сафарæн афтæ зæгъын, иуфарс слæуу æмæ мауал худ. Федыр мæ цурмæ куы ’рбахæццæ, уæд æй фæурæдтон æмæ йын, мæ ныхæстæ Бексолтанмæ куыннæ хъуысой — Бексолтаны кусæн уаты ракомкоммæ лæууыдтæн — афтæ бамбарын кодтон, Бексолтаны, зæгъын, сразы уæ- вынмæ бирæ нал хъæуы æмæ йын ды дæр зæгъ, нæ фæллад уадзынмæ Налцыччы ’рдæм ацæуæм, Æрвхуыз цадты былгæронæй хуыздæр баулæфæн бынат нæй, зæгъгæ. — Уыцы бынæттæ мæнæн хорз зонгæ сты. Мæ сиахс уырдыгон у, æмæ йæм уазæгуаты арæх вæййын. Иу хатт дæр мæ æнæ уыдон фенгæ нæ рауадзы. Мæ бар-ма йæ уадз,— æмæ дын Бексолтаны кусæн уаты куы фæмидæг уаид. Сафармæ мæ къух фæтылдтон æмæ, мидæгæй цытæ цæудзæн, уымæ хъусынмæ нæхи ’рцæттæ кодтам. — Бексолтан,—дзуры йæм Федыр,— нæ фæлæ ма Æрвхуыз цадты ’рдæм ныццæвæм. — Цы загътай?! — фæтьæлланг ыл ласта лæг: мæ цæсты кæронæй дæр дæ куыннæуал ауынон, афтæ!.. Крохобор! Федыр лидзæг фæцис, редактормæ цыдис, уый дæр дзы æрбайрох æмæ иннæрдæм ныццавта. Бексолтан ма йæ фæдыл радзырдта: «Æртæ сомы бафиды, йæхи ныдздзæлæби кæны, стæй ма фынгæй йæ усæн шампай- наг расæрфы, йæ сывæллæттæн - къафеттæ!» Федырмæ уыцы ныхæстæ фехъуыстысты æмæ йæхицæн дзурæгау ба- кодта: «Уæ шампайнаг дæр мæ ницæмæн хъæуы, уæ къафеттæ дæр уæхи уæнт, æз сымахимæ никуыдæмуал цæуын...» — Ахæм митæ кодтам кæрæдзийæн, фæлæ хæларæй цардыстæм. Куысгыл та афтæ æнувыд уыдыстæм, æмæ нæм иннæтæ хæлæг кодтой. Хъазæн ныхас нæм тынг уæлиау æвæрд уыд. Кæрæдзийы ахудын кæнынæй æхсызгондзинад истам. Æмæ ма Бексолтаны тыххæй ноджыдæр цалдæр ныхасы. 347
Иу хайады куы куыстам, уæд мæ сулæфын нæ уагъта. Йæхæдæг дæр, раст зæгъгæйæ, æгуыстæй нæ бадти. Æгуыстæй нæ, фæлæ йыл искуы æвдæлон сахат скодта, зæгъгæ, уый нæ хъуыды кæнын. Мæн та мæхи сæрибардæрæй кæм æнкъардтаин, ахæм уавæрты кусын фæндыд æмæ ууыл зæрдиагæй архайдтон... ^ И^хатгта редакцимæ хъæстмæ ’рбацыд цавæрдæр æдзæлгъæд сылгой- маг. Йæхи рагæй кæй нæ ныхсадта, уый йе ’ддаг бакастыл дæр бæрæг уыд. Мæныл тыргъы амбæлд æмæ мын афтæ зæгъы, мæ лæгыл, дам, хъаст кæнынмæ ’рбацыдтæн. Æз æй нæ кусæн уатмæ сардыдтон, уым, рахизырдыгæй цы лæг бады, ахæм хъуыддæгтæ, зæгъын, уымæ хауынц. Сылгоймаг куы бахызт, уæд æз дæр чысыл фæстæдæр бацыдтæн. Бек- солтан ыл йæ цæст куы ’рхаста, уæд йæ цæсгом фæтар, йе ’рфгуыты ’лхынцъ фæарфдæр æмæ йæхи кусæг скодта. Сылгоймаг йæ хызын æрæвæрдта. Фындз кæуыл ис — мæнæн мæ фындз ницавæр тæф æмбары — уымæ дзы цыма ист1ы æвзæр тæф скалдаид, афтæ мæм фæкаст. Ныр ын Бексолтан «æрбад» дæр нæ зæгъы, дзургæ дæр æм ницы кæны. Хъуыдыгæнæг æй куы нæ уыд, уæд æм ус йæхæдæг дзуры: — Æз дæумæ ’рбацыдтæн, мæнæ лæг... — Хъусын дæм,- уыцы нæвæндонхуызæй сдзырдта Бексолтан. — Мæ лæгимæ цæрын мæ бон нал у... — Æмæ уый тыххæй махмæ цæуын хъæуы? — Алы бон мæ нæмгæ кæны. Извырг никуы федтай, извырг! — Омæ ардæм цæмæ ’рбацыдтæ, милицæмæ йыл бахъаст кæн... — Милицæ дæр ын æлхæд сты. Гъер-ма мæнæ ’рбакæс, — æмæ йæ чъизи къаба суанг астæумæ схъил кодта. — Ацы цъæхтæ мын йæ къахы цæфы фæдтæ сты... — Гъе уый та мæн ницæмæн хъæуы,— æнæрвæссонхуызæй загъта Бек- солтан. ...Нæ йæ ныууагъта, цалынмæ йæ телефонæй кæдæмдæр адзурын код- та, уæдмæ. Хатгай-иу исты æнахъинон хъуыддæгтæ æрымысыдтæн æмæ-иу Бек- солтаны фарстон, уый та куыд у, зæгъгæ. Мæ нысан уыдис, цæмæй мæ стыхса æмæ йæхæдæг редакторæн зæгъа, ацы æдылыйы мæнæй ахъуыдты кæнут, зæгъгæ. Гъемæ уый мæ къухы бафтыд, фервæзтæн тызмæг Бек- солтанæй. — Уымæй фервæзтæ, фæлæ дын, æвæццæгæн, дæхицæй фервæзыны хъомыс нæй. — Омæ-ма раст зæгъ, кæй бафхæрдтон, уыдонæй æфхæрыны аккаг кæцы нæ уыд? Кæцыйæн дзы тæригъæд кæныс? О, уыцы зæронд ус фæуæд. Уый дæр мæнæ-мæнæ фыдбылызы нæ баппæрстон, фæлæ. Уæдæ ахудыны тыххæй цы хабæрттæ æрымысыдтæн, уым дæр ахæм стыр аиппæй ницы ис. Козбаутæ æмæ зæвæттæсдæрджытæ, хиппæлойтæ æмæ мæрддзæстытæ, хæлиудзыхтæ æмæ цæстмæхъустæ, бынатмæбырсджытæ æмæ тонагæнджыты ныхмæ кæй дзурын, уый тыххæй та мæм азым мачи хæссæд, стæй мæ тынг тызмæг дæр мачи хонæд. Никуы сын барстон, 348
стæй сын барынвæнд дæр нæ кæнын. Сæ митæ сын хурмæ хæсдзынæн, адæмы сыл худын кæндзынæн. — Худыны кой кæм кæныс, уым ма æххæст, телеуынынады куы куыс- тай, уæд дзы, йæхи музыкæйы дæсны чи хуыдта, уый тыххæй дæр радзур. — Уый дæр зæвæттæсдæрджытæй уыди. Хицауы дзыхмæ касти æмæ, йæ цæсгом тар кæны, зæгъгæ, уæд-иу йæ алыфарс ахъахъхъæдта. Цæмæн афтæ у, уый-иу æваст рахатыдта æмæ йын-иу кæцырдæм дзургæ уыд, уый уайтагъд сбæлвырд. Йæ зæрдæмæ цы цæуы, уый дæр-иу ын зын рахатæн нæ уыд æмæ-иу дзы, цæмæй хицау разыйæ баззадаид, уый тыххæй рæстдзинады ныхмæ дæр радзырдта, уыцы рæстдзинадхæссæг суанг йæ хуыздæр æрдхорд куы уыдаид, уæд дæр... Иуахæмы командировкæйы Цыколайы уыдтæн. Фембæлдтæн хъомты фермæйы кусджытимæ. Сæ куысты-иу æнафонмæ баззадысты æмæ-иу сын уæгъд рæстæг куы фæци, уæд телевизормæ кастысты. Уарзæм ирон адæмон музыкæ, фæлæ, дам, арæх фыдæнхъæл фæвæййæм, ирон зар- джытæ æмæ фæндырдзæгъдтыты бæсты, дам, классикон кæй хонынц, ахæм музыкæйы концерт раттынц. Балцæй куы сыздæхтæн, уæд планер- кæйы цыколайаг фосдарджыты ныхæстæ рафæзмыдтон. Загътон, мæхæдæг дæр семæ разы кæй дæн, уый дæр. Цы дзырдтон, уый хицауы зæрдæмæ нæ фæцыд. Йæ хæдивæг æй йæ цæстæнгасмæ гæсгæ базыдта æмæ дын мæ ныхмæ куы радзурид: — Мах хъуамæ, хуымæтæг адæм куыд хъуыды кæнынц, уымæй уæлдæр лæууæм, архайæм сæ эстетикон рæзтыл. Хъуамæ журналист хъугдуцæ- джы ныхæстæ ма фæзма, фæлæ йын бамбарын кæна, адæмон сфæлдыс- тад æмæ классикон музыкæ кæрæдзийæн æцæгæлон кæй не сты... Иу ныхасæй, уый алцыдæр æмбары, журналист, ома æз æмæ хъуг- дуцæг та иу дзыхæй дзурæм, аивад не ’мбарæм. «Фæлæуу,— зæгъын, мæхинымæр,- æз дын равдисдзынæн, музыкæйæн цас дæсны дæ, уый». Ууыл хæрзцыбыр рæстæг рацыд, афтæ радон равдыст цæтгæ кодтон æмæ йæ сфæлгонц кæнын хъуыд музыкæйæ. Студимæ ныццыдтæн æмæ дзы нæ кусæг Юрийы ныййæфтон. Пианинойæ дæсны цагъта, уый зыд- тон æмæ йын мæ хъуыды бамбарын кодтон. Хъуамæ уый пианинойы амонæнтæ куы иуырдæм рахафтаид, куы — иннæрдæм, гæнæн кæм уыда- ид, уым та-иу амонæнтæ йæ къахæй дæр æрцавтаид æмæ йæ афтæмæй магнитофоныл ныффыстаиккам. Аппаратурæ сифтындзын кодтон, æмæ Юрий, куыд ын загътон, афтæ амонæнтыл йæ къухы æнгуылдзтæй куы галиуырдæм хыррытгæнгæ ацæуы, куы — рахизырдæм, иу хатт та сæ йæ къахæй дæр æрцавта. Худгæ дæр-иу скодта, æмæ уый дæр фысты бахауд. Пленкæ фонотекæйы къоппы сæвæрдтон æмæ йæ звукорежиссер Асла- нимæ хицауы хæдивæгмæ, æмбырды мæ ныхмæ чи дзырдта, уый кусæн уатмæ схастам æмæ йын афтæ зæгъын: — Байхъус-ма ацы музыкæмæ, чи йæ ныффыста, уый нæ зонын, стæй мæ равдысты сфидаудзæн æви нæ? Аслан пленкæ æрыздыхта. «Музыкæйы дæсны» йæм байхъуыста æмæ афтæ: 349
— Бæлвырд æй нæ хъуыды кæнын, кæнæ Бетховены музыкæ у, кæнæ Чайковскийы, фæлæ дæ бакасты сфидаудзæн... — Цалынмæ мæ нæма ферох, уæдмæ дын де ’рдхорды хабæрттæ дæр ракæнон. — Ракæн, фæлæ цыма сæ фылдæр мысгæ ’ркодтай,’’афтæ мæм кæсы. — Мысæггагæй дзы ницы ис. Дæхæдæг æй нæ зоныс, кæрæдзийæ-иу куыдтæтæ хъазыдыстæм, уый?! Ныртæккæйы фæсивæдмæ цыма ахæм миниуджытæй ницы ис, афтæ мæм кæсы. Стæй мах заманы æрмæст лæппутæ хынджылæг скъæрдтой кæрæдзийæ. Сылгоймаг сылгоймаджы иу ахæм уавæры куы сæвæрдтаид, уæд ыл, æвæццæгæы, Иугонд Наци- ты Организацимæ бахъаст кодтаид, фæлæ мах кæрæдзийæн алцыдæр барстам. Муссæйы «Рæстдзинад»-мæ дæр нæхæдæг райсын кодтам кусынмæ. Хорз лæппу уыд, журналистикæ бирæ уарзта, фыста æмдзæвгæтæ, по- весттæ. Æнæхиндæр йæхицæй скæнæн нæ уыди, фæлæ тынг æууæндаг. Æз рагæй дæр, йæхи поэт чи хоны, уыдонмæ æнæууæнк цæстæй кæсын, уымæн æмæ се ’хсæн æрмæстдæр иугай курдиатджынтæ вæййы. Гъе æмæ нæ иумæйаг æрдхордыл ахудынвæнд скодтон. Ме ’мкусджытæй иу тарскæйаг уыди, æмæ йын бафæдзæхстон, кол- хозы бланк-ма мын, зæгъын, æрбахæсс. Мæ фæдзæхст мын сæххæст кодта. Æздзы ныффыстон: «Хетæгкаты Къостайы номыл колхозы парти- он организаци йæ куысты пъланмæ бахаста де сфæлдыстадон изæр сара- зын, куыд зындгонд поэт, афтæ». Бынæй дзы бафыстон парторганиза- цийы секретары мыггаг. Писмо къонверты нывæрдтон, æдде йыл Мус- сæйы адрис ныффыстон æмæ йæ фæстæмæ ме ’мкусæгмæ радтон, Тарс- кæйы йæ посты лагъзы ныппардзынæ, зæгъгæ. Муссæ писмо куы райста, уæд ын æхсызгон куыннæ уыдаид, кæд мæ чидæртæ нæ нымайынц, уæддæр мын адæм аргъ кæнынц, суанг ма мæ фæсвæд хъæуты дæр зонынц, æндæр мын литературон изæртæ нæ ара- зиккой, зæгъгæ. О, хæдæгай, писмойы лæмбынæг ныффыстон, фембæлд куыд цæудзæн, уыдæттæ. Хъæумæ бацæуæны поэты размæ рацæудзысты ног- дзаутæ. Культурæйы хæдзары йын æгасцуæй зæгъдзæн хъæуы хистæр 112-аздзыд Ибрагим, йе ’мдзæвгæтæ йын кæсдзысты скъоладзаутæ. Цæ- уынмæ куы фæзиваг кæна, уымæй тарстæн æмæ ма дзы кæронæй бафыс- тон: «Дыууæрдæм фæндагыл цы хæрдзтæ бакæнай, уыимæ таксийыл дæр, уыдон колхозы правлени йæхимæ исы». Цыбыр дзырдæй, лæг таксийы бабадт æмæ Хуссайраг поселочыуылты Тарскæмæ араст. Шофыримæ баныхас кодта, фæстæмæ дæр мæ æрба- ласдзынæ, зæгъгæ. Хъæугæронмæ бахæццæ сты, фæлæ дзы иу ногдза- уыл дæр йæ цæст не ’рхæцыд, æрмæстдæр дзы кæйдæр хъазтæ æмæ рæуæдтæ хызтысты. Муссæ афтæ зæгъы, Октябрьскыл, дам, нæ цæуын хъуыди. Шофыр ын разил-базил кæныныл нал сразы, æмæ Культурæйы хæдзар бацагуырдтой. Йæ дуар æхгæд куы разынд, уæд, парторг кæм цæры, уымæй, уынджы цы лæппутæ лæууыд, уыдоны бафарстой. Хуы- цаубон уыд, æмæ лæджы сæ цæхæрадоны цыдæртæ архайгæ баййæфтой. 350
Муссæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæсты уыдис æмæ салам дæр нæ радта, афтæмæй йæм дзуры: — Æз Муссæ дæн. — Хъусын дæм,— æмæ парторг йæ сагойыл æрæнцой кодта. — Æз поэт Муссæ дæн, æрбахуыдтай мæ, дæхæдæг та дæ цæхæрадоны куыстытыл схæцыдтæ!.. Лæг йæхинымæр ахъуыды кодта: «Чермены æррадонæй ма раирвæзæд. Уыдонæй дæр йæхи чи профессор фæхоны, чи - поэт...» Ныр шофыр кæсы æмæ ныхæстæм хъусы. Уый тынгдæр йе ’хцайы мæт уыди, æндæр афонмæ йæ дымгæ дæр нал уыдаид. Куыддæртæй Муссæйы машинæйы сбадын кодта æмæ йæ фæстæмæ горæтмæ æрбаласта. — Рæвдздæр æхца,—дзуры йæм шофыр.— Боны ’мбис мæ æгуыстфæкод- тай! Муссæ ма йын, колхоз дын бафиддзæн, зæгъынмæ хъавыд, фæлæ шофыры тызмæг цæстæнгасмæ куы бакаст, уæд ницыуал сдзырдта, йæ дзыппæй æхца систа æмæ шофырæн, цасдæриддæр ын загъта, уыйбæрц йæ къухы банымадта. — Мурат, цыфæндыйæ дæр дзы хъæлдзæгдзинадæн æмбал нæй æмæ нæ ныхас худынæй фæуæм. — Худинæгтæ мæм уыйбæрц ис, æмæ мын бонмæ дæр конд нæ фæ- уыдзысты, æмæ ма дын дзы кæронбæттæны иу радзурдзынæн... — Уæд Министрты Советы куыстон. Розæ, зæгъгæ, нæм иу секре- таршæ уыди. Алы кусæн уатмæ дæр бауайын уарзта, æмæ йæ æз йæ цы- мыдисы тыххæй маймули схуыдтон. Уый та мæнмæ ахæм номæй дзурын райдыдта. Кæмфæнды-иу мæ куы ауыдта, уæддæр-иу мæ разæй фæуы- ныл архайдта æмæ-иу мæм дардæй дæр, маймули, зæгъгæ, ныхъхъæр кодта. Æз Министрты Советы нал куыстон, фæлæ кæрæдзийы нæмттæ нæ ферох кодтам, куы-иу амбæлдыстæм, уæд-иу сæ æнæмæнг æрымысы- дыстæм. Чиныгуадзæн «Ир»-ы цал азы бакуыстаин, Хуыцау йæ зонæг, афтæ та Розæйыл профцæдисты хæдзармæ — чиныгуадзæн уæд уым уыдис — фæцæйцæугæйæ амбæлдтæн. Уый мæ раздæр ауыдта æмæ мæм хъæр кæны: — Маймули! Ныр мæ разæй иу авд-дæс санчъехы дарддæр цæуы иу сылгоймаг. Æз мæхи ницыхъусæг скодтон æмæ тротуарæй æрхызтæн. Дыккаг хатт «май- мули», зæгъгæ, куы ныхъхъæр кодта, уæд сылгоймаг фæстæмæ фæкаст æмæ дис кæны, ай цы уа, зæгъгæ. Æз æм саст хъæлæсæй дзурын: — Тротуарæй æрхиз, йæхи дыл ныццæвдзæн. О Хуыцау, зæгъгæ, фæкодта æмæ мын афтæ: — Дæуимæ ацæуон? Мæ дæларм æй бакодтон æмæ суанг тигъмæ йемæ фæцыдтæн. Уый дарддæр цæуын хъуыд æмæ мын афтæ, цалынмæ уæллаг тигъмæ схæццæ уон, уæдмæ ам фæлæуу, мыййаг, дам, мæ куы расура. Гъемæ, мæгуыр, тарст сылгоймаг тагъд-тагъд уæлæмæ фæцагайдта. Фæстæмæ фæкæс- фæкæс кодта, кæд мæ фæсте сурæг и, зæгъгæ. 351
ЦЫППÆРÆМ ХАЙ ...Когда человек пишет о самом себе, он пишет и о нас, и о других. Виктор Шкловский Зондджын адæмæй чидæр афтæ загъ- та, цыфæнды æвзæр чиныгæй дæр, дам, исты хорздзинад базондзынæ. Æз та афтæ зæгъин: «Цыфæнды æвзæр адæймагмæ дæр исты хорз мини- уæгæн æнæуæвгæ нæй, уымæн æмæ æнæаипп куыд ничи у, афтæ æнæхорз дæр ничи* у, фæлæ фыццæгтæн сæ хорздзинæдтæ фылдæр вæййынц, дыккæгтæн — се ’взæрдзинæдтæ, æмæ хæрзтæн сæ аиппытæ нал фæзы- нынц, æвзæртæн - сæ хорздзинæдтæ». «Рæстдзинад»-ы куы куыстон, уæд нæм иу ницæйаг уыди. Асæй — дынджыр, хæрзконд, фæлæ дзы зæрдæ ницæмæй рухс кодта. Алы ран дæр пъæнæзау йæхирдæм ссывта. Уый сæрвæлтау та алцыдæр йæ сæрмæ хаста. Йе ’взæр миниуджытæн сæ фылдæр баст уыдысты козбаудзина- димæ. Кæйфæнды зæвæттæ дæр басдæрдтаид, æрмæст ын дзы исты пай- да уæд. Цал æмæ цал стыр æмæ гыццыл хицауы бын атылди, цал æмæ дзы цалы йæхимæ бынмæ æркæсын кодта! Йæ сæрмæ æгаддзинадæй цы нæ хаста, ахæм нæ уыди. Æгады уавæрты йæ бирæ хæттыты федтон, фæлæ мæ дзы иу никуы ферох уыдзæн... Уыцы рæстæджы фæсчъылдымæй бирæ цыдæртæ хастой. Зонгæ кæмæн уыдис, исты æнхъæлмæ кæмæ кастысты, æхца кæмæ уыдис, уыдон. Уæлдæр бынæтты бадджытæн та, хастой, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд бын- тон раст нæ уыдзынæн, уымæн æмæ уыдонæн ласгæ кодтой. Æмæ-иу дефицит цæмæй нæ ацарæзтой! Суанг-ма чъылдымсæрфæн гæххæтт дæр æнцонтæй ссарæн нæ уыдис. Куы-иу фæзындис, уæд-иу æй дуканигæстæ сæ хæстæджытæ æмæ хæлæрттыл айуæрстой. Цы ма-иу дзы аззад, уыдонмæ та дæргъæй-дæргъмæ рады лæууын хъуыд. О, æмæ та иу ахæм рæстæг скодта, ома гæххæтт дуканимæ куы ’рбала- стой, ахæм рæстæг. А Теуа - Мурат æй фæсномыгæй афтæ хуыдта — йæ цæсгомы руаджы кæдæмфæнды дæр бафсæрстаид, адæмы сæрты-иу йæ дынджыр къухтæй бацамыдта, уæртæ-ма мын уый æмæ уый радæтт, мæн не ’вдæлы, зæгъгæ, æмæ та-иу дуканигæс дæр йæ коммæ бакаст. Йæ уындмæ гæсгæ йын исты ’нхъæл уыдысты, æмæ-иу æлхæнджытæ дæр фылдæр хатт йæ ныхмæ сдзурын ницыуал бафæрæзтой. Гъе, æмæ нæ куысты бакомкоммæ цы дукани уыд, уырдæм уыцы агургæ æмæ æнæаргæ гæххæтт æрбаластой. Теуайæн йе смудæнтæ афтæ куыс- той, æмæ гæххæтты тæф дæр дардмæ æмбæрстой. Уайтагъд хицаумæ 352
смидæг, гæххæтт æй хъæуы æви нæ хъæуы, уый базоныны тыххæй. Хъуы- дис æй, уый куы бамбæрста, уæд тагъд-тагъд асинтыл фæдæлæмæ код- та. Редактормæ куы бауад, уæд æз дæр уым уыдтæн æмæ сын сæ ныхæстæ фехъуыстон. Цыппæрæм уæладзыджы балкъонæй йæм мæ цæст дарын. Бирæ ’нхъæлмæ кæсын мæ нæ бахъуыд: уайтагъд йе ’ккой хъæбæр гæххæтты дынджыр асыкк, афтæмæй дуканийы къæсæрыл фæзынд æмæ уынджы æрбацæхгæрмæ кодта. Уыцы рæстæг трамвайы уынæр мæ хъустыл ауад. Теуайæн, æвæццæгæн, хицау дзы куыд фæбузныг уыдзæн, уыцы нывтæ йæ цæстытыл уадысты æмæ трамвай, иуæй, уынгæ нæ фæкодта, иннæмæй йын йæ хъæр нæ фехъуыста æмæ уыцы æнæмæтæй æрбацæй-лæгæрста. Уæдмæ йæм трамвай дæр æрæввахс æмæ, Теуайы рæзты цы лæппутæ сцæйцыд, уыдонæй йæм иу фæхъæр кодта, «трамвай», зæгъгæ, æмæ уый дæр йæхи иуфарс аппæрста, æндæр æмбисонд фæцæйкодта. Мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн: «Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ йыл, зæгъын, ныр исты æрцыд, æмæ, цы уавæрты фæмард, уый адæм куы базыдтаиккой, уæд дзы цымæ цытæ дзырдтаиккой!» Цыппæрæм уæладзыгмæ куы схызт, уæд йæ хид йæ фындзы хъæлæй калд, афтæмæй редакторы кусæн уаты фæмидæг. Æмæ йæ кой цæмæн ракодтон, уый, уæлдæр цы хъуыды загътон, уыимæ баст у. Цыфæнды æвзæр адæймагæй дæр исты хорздзинад ба- зонæн ис. Æз Теуайæ цы хорздзинад — уæвгæ уымæн хорздзинад ра- хонæн дæр зынæй ис, фæлæ уæддæр — базыдтон, уый зæгъын ис мæ зæрды. «Рæстдзинад»-ы кусын куы райдыдтон, уæд Теуаимæ иу уаты бадт фестæм. Фыццаг бонтæй мын иуы афтæ зæгъы: — Гæххæттæн «цæсгом» кæй ис, уый зоныс? Нæ йæ зыдтон, кæй зæгъын æй хъæуы. — Ардæм-ма рауай,— æмæ мæ йæ цурмæ бахуыдта. Гæххæтты сыфæн мын мæ уырзтæ раздæр йæ иу фарсыл ахафта, стæй та йе ’ннæ фарсыл. Йæ иу фарс æцæгæйдæр лæгъздæр уыд, æмæ мын афтæ зæгъы: — Уый йæ «цæсгом» у, иннæ та — йæ чъылдым. Фыссын дæр лæгъздæр фарсыл хъæуы. Фæстæдæр-иу æм истæуыл куы смæсты дæн, уæд ын-иу афтæ зæгъынмæ хъавыдтæн, цæсгом ма гæххæттæн дæр куы ис, уæд дæуыл цæуыннæ ис, зæгъгæ, фæлæ мæ хистæры ахæм æгады бынаты сæвæрынмæ мæ ныфс никуы бахастон. Æнæуи та гæххæттæн «цæсгом» кæй ис, уый Теуа йеддæмæ никуы никæмæйуал фехъуыстон æмæ йæ абоны онг дæр нæ зыдтаин. Уый дын æвзæр чиныг æмæ æвзæр адæймаг! Æппындæр ницæмæн бæззоныл кæй фæнымайынц, уымæй хуымæтæ- джы нæ фæзæгъынц: «Ау, къæппæджы холлагæн дæр нæ бæззы?!» Стæй æвзæр адæймаг дæр цæмæндæр æххуыс у: уый цытæ кæны, уыдæттæ ма кæн æмæ дæуæй хуыздæр нæ уыдзæн. 23 Дзасохты М. 353
Хæсты архайджытæ дæр алыхуызæттæ сты. Иуæй-иутæ, хæсты уыды- сты, нæ, уый бирæтæ зонгæ дæр нæ фæкæнынц, уымæн æмæ сæхи уæз- данæй февдисынц. Иннæтæм та афтæ кæсы, цыма уыдрн куы нæ уыда- иккой, уæд Гитлер йæ гæрзтæ иу-дæс азы фæстæдæр æрæвæрдтаид. Æцæг хæстон лæг йæхицæй никуы раппæлдзæн, йæхицæй чи феппæлы, уый та æцæгæй никуы хæцыд. Уæ фарн бирæ уæд, мæ бинойнаджы фыд Фыдыбæстæйы хæсты ар- хайæг уыд, фæлæ дзы хæсты кой никуы фехъуыстон, афтæмæй хорзæх- тимæ ссыди. Æрмæст ордентæ йæм уыди цыппар. Уыдонимæ цас май- дантæ вæййы, уый та алчидæр зоны. Хæсты фæстæ, ома тохы бонтыл дзæвгар азтæ куы рацыд, уæд ма йæ хæрзиуджытыл Фыдыбæстæйы Хæсты орден бафтыд. Уый, мæнмæ гæсгæ, ордентæ кæмæ уыд, уыдонæй алкæмæн дæр лæвæрдтой, фæлæ йæ Зæнджиаты Хъауырбег йæ риуыл никуы бакодта, уый, дам, иннæты хуызæн хæсты нæ райстон. Ацы хабæрттæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта иу цау. Иу-цыппæрдæс азы размæ мын ног фатер радтой. Мæ зæронд фатер дæр — мæхи тæрныхæй куы равдыстаин æмæ иннæтæ куыдтæтæ кодтой, ахæм митæ мæ сæрмæ куы хастаин, уæд мæхицæн баззадаид, фæлæ мæн афтæмæй фатер нæ, фæлæ галуантæ дæр нæ хъæуы. Ныууагътон мæ хæдзар æмæ йæ фæзуат иучысыл къаддæр кæмæн уыд, фæлæ йæ ран мæ зæрдæмæ тынгдæр кæмæн цыд, уырдæм æрбалыгъдтæн (раст зæгъын хъæуы, горæх- хæсткомы уæды сæрдар Михаил Шаталов йæ дзырдæн хицау разынд æмæ мын, бинонты нымæцмæ гæсгæ цы фæзуат цух уыдтæн, уый баххæст кодта). Мæ ног фатеры цалдæр боны ацардтæн, афтæ дын мын иу райсом мæ кусæн уаты дуар куы ’рбахостæуаид. Мидæмæ, зæгъгæ, загътон, æмæ мæ къæсæрæй иу æнæзонгæ лæг æрбахызт. Кæрæдзийæн салам радтам. Йæ мыггаг мын загъта, æз, дам, дæ зæронд фатер кæмæн радтой, уыцы бинонты хистæр дæн. Мæ зæрдæ алырдæмыты ахсайдта. Кæд фатеры мызд нæ бафыстам, йе электрон рухс кæнæ газы тыххæй исты хæсджынæй баззадыстæм. Ахæм заман алцæмæн дæр уæвæн вæййы. — Æмæ дзы цы дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Мыййаг, дзы исты зæрдæхсаи- нагæй ныууагътам? - Алцыдæр йæ бынаты ис, æз дæм æндæр хъуыддаджы тыххæй æрба- цыдтæн: дæ телефон мын куы ныууадзис... Æз хæсты архайæг дæн... Мæ тъæнгтæ мын ацагътой йæ ныхæстæ. Хæсты архайджытæ мын зы- наргъ сты. Æцæг хæсты æцæг архайджытæ, фæлæ хæсты архайæджы номæй йæхицæн царды хостæ чи домы, уыдон, мæнмæ гæсгæ, æгад кæнынц канд сæхи нæ, фæлæ, тохы быдыры цы милуангай хъæбатыртæ баззад, уыдоны нæмттæ дæр. Стæй мæм диссаг уый кæсы, йæ дарæг Фыдыбæ- сты сæрвæлтау кæмæн фæмард, уыдоны бинонты иу æрхъуыдыгæнæг куынникуы фæци? Æгасæй чи баззад, уыдонæн цы кад æмæ æгъдау кæнынц, уый раппæлинаг куыннæ у — кæд ын фаг рахонæн нæй, уæддæр — 354
фæлæ, æнусмæ æцæгæлон зæххыл — нæхи зæххыл дæр уæд - хуысгæйæ чи баззад, уыдоны нæмттæ куынникуы ницæмæй æрхъуыды кодтой, сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыцы кæстæртæн фæлмæн ныхасæй уæддæр сæ зæрдæтæ куыд никуы балхæдтой? Нæ уæлахизæн уал æмæ уал юбилейы уыди æмæ цымæ, сидзæрæй чи баззад, уыдонæн сæ намысджын фыдæл- ты тыххæй «бузныг» иуæн уæддæр цæуыннæ искуы загътой? Мæ уазæджы ныхæстæ мын хъыг уый тыххæй уыдысты. Тызмæг ны- хас скæнын æм ме ’взаг нæ батасыд, фæлæ йын мæ хъуыды бамбарын кодтон: — Мæнæн та мæ фыд хæстæй нал ссыди... Лæг цыдæрхуызон фæци. Куыд бамбæрстон, афтæмæй, ахæм дзуапп фехъусын æнхъæлмæ нæ каст, æндæр къахдзæф дæр не ’рбакодтаид. Хъыпп-сыпп йæдзыхæй нал ссыд. Сыстад, «хæрзбон» дæр мын нал загъта, афтæмæй ацыд... Дзæвгар рæстæг мæ куыст райдайын мæ бон нал баци. Хъуыдытæ кæрæдзийы ивгæ цыдысты. Мæ фатеры æрцæрæг хæсты куы фæмард уыдаид, мæ фыд та сæрæгасæй куы сыздæхтаид æмæ хæсты фæудæй дæсгай азты фæстæ йæ фыртмæ куы бацыдаид æмæ йын, мæнæн цы ныхæстæ загъта, уыдон куы загътаид æмæ йæм уыцы ныхæстæ мæрдтæм куы бай- хъуыстаиккой, уæд æм цымæ куыд фæкастаид? Ахæм æмæ æндæр хъуыдыты ахæстæй раирвæзын дзæвгар рæстæг нал бафæрæзтон. Фæстагмæ æрсабыр дæн, кæд æм, зæгъын, мыййаг, йе ’рбацыдыл фæсмон æрцыд æмæ уымæн ницыуал загъта... * * * Терчы был куы ’рцардтæн, уæд мæ зонгæтыл дзæвгар бафтыд. Алы бон дæр йæ былгæронмæ тезгъо кæнынмæ чи рацæуы, уыдон кæрæдзийы раздæр хуызмæ гæсгæ базонынц, фæлæ, рæстæг куыд цæуы, афтæ æнæмæнг хæстæгдæр базонгæ вæййынц. Афтæ базонгæ дæн Калоты Ва- лодяимæ^ Уæздан, хæдæфсарм ирон лæг. Цæрæнбонты таксийыл фæ- куыста. Иæ бинойнагимæ иу чызг схъомыл кодтой, æмæ Грецимæ мой скодта. Йæ цардæй ницæмæй хъаст кæны. Йе схæсджыты йæ мой æмæ сæ кæстæртимæ нæ рох кæны. Валодя дæр, кæд ыл азтæ рацыд, уæддæр йæ кæстæрты йæ бинойнагимæ абæрæг кæны. Иу райсом та Калойы-фыртимæ Терчы был амбæлдыстæм. Цæуæм, ныхæстæ кæнæм. Уалынмæ нæ иу бæрзондгомау цъæхдзаст, Валодяйæ кæстæр чи уыдаид, ахæм лæппу æрбаййæфта æмæ йын цæугæ-цæуын, дæ райсом хорз, Алик, зæгъгæ, салам радта. Лæппу куы ацыди, уæд Валодяйы фæрсын. — Алик-номæй та дæм цæмæн дзурынц? Йæ мыдбылты бахудгæйæ мын афтæ: — Дыууæ номы мын ис... — Цæмæн? — дисхуызæй йæ бафарстон æз. — Уый дардыл хабар у, фæлæ дын æй цыбыртæй радзурдзынæн. Цæвит- тон, æз Чъребайы райгуырдтæн, мæ мадырвадæлтæм. Нæхæдæг Къос- 355
тайыхъæуы цардыстæм, æмæ уырдæм хабар куы ныхъхъуысти, уæд мæ фыдымад Беслехъонмæ цалдæрæй хæрзæггурæггаг фесты. Зæронд ус фыр- цинæй цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ цуайнаджы фысы цæхджын фæхсынтæ фыцынмæ бавæрдта. Цалынмæ уыдон фыхтысты, уæдмæ æртæкъахыг фынг нозт æмæ хæрдæй айдзаг кодта. Хабархæсджытæ æртæйæ рабадтысты æмæ гаджидæуттæ уадзынц. Иу заман сæ кæстæр зæронд усмæ дзуры: — Ном ыл цы сæвæрдтой, уый зоныс, Беслехъон? — Мæнæн бындар фæзынди, æмæ йыл цыфæнды сæвæрæнт. Нæмттæй та цы уæлдай и? — Ис дзы, ис, Беслехъон. Иуæй-иу нæмттæ, номдзыд адæм сæ кæй фæхæссынц, уый тыххæй кадджындæр вæййынц. Дæуæн дæр дæ лæппу- йыл ахæм ном сæвæрдтой: Валодя. — Омæ цы кæны, Валодя дæр хорз ном у, цæргæ мын кæнæд æмæ, Валодятæй амондджындæр чи уыд, уый æмбал æй Лæгтыдзуар фæкæнæд! — Æмæ’йыл Валодя цæмæн сæвæрдтой, уый зоныс? Уый стыр лæджы ном у, стыр, паддзахы йæ къæлæтджынæй раппæрста. Зæронд ус уый айхъуыста, цы! Цыма калмæн йæ сæрыл цæхх ачынд, уыйау фæци: — Æмæ уый Ленин куы хуыйны. — О, о, Ленин, фæлæ йæ ном та Владимир хуыйны, Валодя. — Мæнæ мын мæ лæппуйыл кæй ном сæвæрдтой?! Мæ фыды фос мын чи байста, мæ фыдыфыды мын Сыбыры бинаг къæй чи балæууын кодта, уый ном ыл сæвæрдтой? Дыууæ мин фысы аргъ нын куы раттаиккой æмæ сын сæ хицæутты фыййæуттæй куы сæвæрдтаиккой, уæд дæр ма йын лæг ныххатыр кодтаид, фæлæ... Зæронд ус айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ рауад æмæ, цуайнаджы цы фæхсынтæ фыхт, уый фæфæлдæхта. Куыйтæ уый ауыдтой, цы! Æрба- тахтысты æмæ дзидзатыл сæхи андзæрстой, фæлæ, судзгæ кæнынц, уый куы базыдтой, уæд фыдызгъæлмæ сæ комыдæттæ уадысты, фæлæ сæм хæстæг цæуын нал уæндыдысты. Ус хæдзармæ бацыд. Уазджытæн сæ фынг сæ разæй фелвæста æмæ сыл схъæр кодта: — Цæугæут ардыгæй уæ Валодяимæ!.. Уыцы бон райгуырди мæ дыккаг ном дæр. Зæронд ус мыл сæвæрдта Алик. Мæ фыццаг номæй мæм йæ цуры дзурын ничиуал уæндыд. Чын- дзытæй-иу мæм исчи, Валодя, зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд-иу æм Бес- лехъон йæ лæдзæджы кæронæй йæхимæ фæдзырдта. Куы-иу æм бацыд, уæд-иу æй лæдзæгæй ныддаудта: — Уый та дын Валодя! * * * 1975 азы фæуынмæ хъавыдтæн Уæлдæр партион скъола. Æртæ къуы- рийы нæ практикæйы арвыстой Ленинградмæ. Уым зонгæ кодтам бынæт- тон радиойы куыстимæ. Бирæ фембæлдтытæ нын уыди газеттæ æмæ журналты редакцитимæ. Мæ зæрдыл дзы æппæты тынгдæр цы бадард- тон, уый уыди облæстон газет «Ленинградская правда»-йы редакторимæ 356
фембæлд. Йæ мыггаг мæ ферох, фæлæ йæ ныхæстæй бирæ зондæн рай- сынмæ бæззыдысты. Раздæр, дам, обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады куыстон. Газетмæ мæ куы ’рвыстой, уæд сын ахæм дзырдæй сра- зы дæн: обкомы ’рдыгæй мын иунæг хицау йеддæмæ куыннæ уа, афтæ. Чифæнды дæр уæд, мæнæн уæлдай нæу, фæнды фыццаг секретарь уæд, фæнды — æфснайæг. Кусын куы райдыдтон, уæд сæ уыцы ныхæстæ ферох сты æмæ мын дзы алчидæр йæхицæй уынаффæгæнæг арæзта. Чи-иу загъта, уæртæ уыцы æмбырдмæ уацхæссæг арвит, чи — ахæм æмæ ахæм фарстайы фæдыл фарс бацæттæ кæн, чи - цы. Мæ бон сæ куынæуал уыд, уæд мæ хъаст фыццаг секретармæ бахастон æмæ, ныхасгонд цы хъуыддагыл уыдыстæм, уый йын йæ зæрдыл æрлæууын кодтон... Уæдæй фæстæмæ мæм обкомы уынаффæтæ хæццæ кодта иу адæймаг, æмæ мæ куыст, куыд æмбæлы, ахæм уагыл цæуын райдыдта. Уыцы фембæлд мæ нæ рох кæны. Æвæццæгæн, зондджын лæг — цыма Наполеон Бонапарт уыди, афтæ мæм кæсы — хуымæтæджы нæ загъта: «Бирæ хорз разамонджытæй иу æвзæр разамонæг хуыздæр у». * * * Рæстæджытæ куыд тагъд ивынц, уый диссаг у. Цыфæндыйæ дæр хæстæй æнамонддæр) хъуыддагæн æрхъуыдыгæнæн нæй. Уæлдæр Напо- леоны кой кодтон. Йæ ном айхъуысти æппæт дунейыл. Куыд дзурынц, афтæмæй уымæй фылдæр чингуытæ никæуылма ныффыстæуыд. Чи зоны, цы нæ уыд, ахæм дæр уыдоны руаджы сси. Джордж Гордон Байрон хуы- мæтæджы нæ фыста: Но слава, слава даже Бонапарта Есть детище газетного азарта. Зондджын лæг кæй уыди, ууыл ныхас дæр нæй, фæлæ фæлтæрты цæсты уымæй не скадджын. Скадджын йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй. Лæбурдта алы бæстæтæм, хъавыди дуне басæттынмæ, æмæ цæмæ ’рцыд йæ кæрон? Байрон та йын йæ уыцы уавæрæн дæр раст аргъ скодта: Так низко пасть и быть в живых! Цас туг ныккалдта Бонапартг?! Цал горæты æмæ хъæуы ныппырх кодта?! Цалы ныууагъта сидзæрæй?! Йæ сен сен нæ уыд Гитлерæн. Уый дæр бав- нæлдта дуне йæхи бакæнынмæ, фæлæ йæ кæрон ноджы фыддæр рауад. Уый ноджы фылдæр фыдбылызтæ ’рхаста, фылдæр адæмы тæригъæды бацыд æмæ йын, æвæццæгæн, фыддæр кæрон дæр уымæн уыд. Фыдыбæстæйы стыр хæст куы фæци, уæд адæм Хуыцаумæ кувæгау дзырдтой ахæм ныхæстæ: «Æрмæстдæр хæст ма уæд, æндæр алцæмæн дæр бафæраздзыстæм». Уырыссæгтæм дæр уыд ахæм табуйаг дзырдтæ: «Лишь бы не было войны». Ныр æртиссæдз азæй фылдæр, дуне чи базмæлын кæна, ахæм хæст нæма уыдис, стæй йæ дунескæнæг Хуыцау макуыуал рауадзæд. Бæстæйы, 357
æмткæй райсгæйæ сабырдзинад кæй ис, уый адæмы амонд у. Нæ сабитæ нæ зонынц бæгънæг-бæгъæввад, сыдæй дзы ничи рæсийы. Мæ фæлтæры дуг æндæрхуызон уыд. Мах бавзæрстам хæсты хъизæмæрттæ, æнæмад, æнæфыды бонтæ, æххормаг æмæ æнæхæдзар рæстæджытæ. Нæ зыдтам сывæллоны хъазæнтæ, æнæмпъызт дзаумæттæ. Мæ зæрдыл арæх æрлæу- уынцхиконд къахдзоныгътæ æмæ гæппæлын пуртитæ, гæххæттын къамтæ... Уыцы къамтæ мæ никуы ферох уыдзысты. Гæххæтт дæр нын нæ уыди. Нæ тетрæдтæ-иу фыст куы фесты, уæд сын-иу сæ цъæрттæ рафтыдтам — уыдон чысыл бæзджындæр уыдысты — æмæ-иу дзы скодтам къамтæ. Хъа- зыдыстæм-иу «дуракæй». Нæ мæгуыр бонтæ-иу кæй фæрцы ферох код- там, уыцы «дуракæй». Ныр уынгты цæугæйæ арæх мæ размæ диссаджы æрттиваг атласон къамтæ зæххыл пырхытæй куы ауынын, уæд сæм джихæй кæсгæйæ баз- зайын. Сæ рæзты æцæгæлонæй ахизын мæ бон никуы бавæййы. Мæ цæстытыл ауайынц, мах цы къамтæй хъазыдыстæм, уыдон. Тæхуды, ныр, зæгъын, ацы æрттиваг къамтæй «тьуз» нæ, фæлæ «æхсæз» дæр кæддæры гæххæттын къамтимæ фæкæн, уæд уаргæйæ кæмæ бахаудаид, уый йыл куыд тынг цин кодтаид, æмбылды куы фæуыдаид, уæддæр йæхи цы амонд- джын хуыдтаид! Цыфæндыйæ дæр хæст ма уæд, æндæр та истытæ кæндзыстæм. * * * Мæ повесть «Уалдзыгон стъалытæ» журнал «Юность»-мæ куы арвыс- тон, уæд ын цæмæдæр гæсгæ цалдæр рецензийы райстон. Иуы автор дзы уыди Вячеслав Иващенко. Уый 1972 азы 3 июлы фыста: «Это очень милая и добрая повесть, которую еще предстоит воплотить на русском языке. Сейчас же есть основа для этого, для работы вдумчивого и умного пере- водчика — писателя лирической, если можно так выразиться, школы. Таким опытным переводчиком мне представляется, например, В. Лука- шевич или Г. Ковалевич, давние сотрудники журнала «Дружба народов», работники многоопытные. Итак, рукопись несомненно имеет право на существование на рус- ском языке и должна найти достойного переводчика. Но вот с издательским адресом ее дело обстоит, как мне кажется, сложыее. За последние годы в «Юности» побывал десяток повестей, посвящен- ных военному и послевоенному детству, повестей неплохих. Лишь не- многие из них нашли место на наших страницах: вытеснял день нынеш- ний, сегодняшние, как говорится, заботы. Дзасохов написал о мальчике, оставшемся без отца, живущем с мате- рью и двумя сестрами в селе, разоренном немцами. Жить трудно, но помогает надежда на возвращение отца, помогает просто детство, любо- пытство к жизни, пример жизненной стойкости матери. Это еще только- только начало пути, только первые шаги. Тут уже и первый труд и пер- вые огорчения, разочарования в людях и первые о людях суждения. Са- мое начало. 358
Повесть добрая и написана добрым и внимательным человеком. Ее, думаю, с интересом встретит тот читатель, что обозначается как «сред- ний школьный возраст». Это — для «Детгиза». Наш же читатель старше. И лишь в исключительных случаях, как было с повестью Ф. Искандера, мы можем нарушить правило». * * * Хæсты коймæ мæ зæрдыл æндæр хабар æрлæууыд. Мæгуырдæр нæй, ахæм уавæрты цардыстæм. Веринкæ алцæмæ дæр арæхсти. Кæрдынмæ, хуыйынмæ, æмпъузынмæ, пирынмæ, æхснудынмæ, æлвисынмæ, цъында кæнынмæ. Уæвгæ сæ цы нымайын! Цыдæриддæр сылгоймаджы куыст уыди, уый кодта. Кодтой сæ иннæ сылгоймæгтæ дæр. Фæлæ сидзæргæ- стыл нæлгоймаджы хæстæ æвæрд дæр уыди. Æмæ сæ сæ мæгуыры бон зонгæйæ, кодтой. Быдыры куыстæй сæ сæ сæр схъил кæныны бон нæ уыди, афтæмæй. Куыстой, фæлæ мызд нæ истой, хоры гагатæ æмæ хал- сары муртæ йеддæмæ. Æлхæд дзаумайы ад нæ зыдтам. Нæ бирæ æмпъыз- тытæ иу халыл хæцыдысты. Æхца чи иста, уыдон иучысыл хуыздæр уавæры уыдысты. Суанг скъо- ла, хъæусовет æмæ посты хайады æфснайæгæй кусджытæм дæр хæлæггæнджытæ бирæ уыди, фæлæ ахæм амонд цалдæрмæ йеддæмæ нæ хауди. Нæ дæллагфарс Реуазтæ цардысты. Сæ чындз Валя Баскаты чызгуыди. Не скъоламæ ахуыргæнæгæй æрбарвыстой се ’рвадæлты чызг Нинæйы. Фæстæдæр æй, хæсты хъæбатырæй чи тох кодта æмæ йæ къах йæ рæбы- ныл хаудæй чи ссыди, Кобесты уыцы Дженардыхъо ракуырдта. Гъе, æмæ Нинæ нæ сыхаг баци: йæ хомæ æрфысым кодта. Ахуыргæнæг уыди мæхицæн дæр, мæ хотæн дæр. О, æмæ æхца чи иста, уыдоны кой кодтон. Æхца истой ахуыргæн- джытæ дæр. Æхцайæ та алцыдæр балхæнæн ис: дзаума дæр, хойраг дæр. Æлхæнгæ хойрагмæ афтæ нæ бæллыдтæн, æлхæнгæ дзаумамæ куыд хæлæг кодтон. Кæд ма исты зонын, уæд ахæм æлхæнгæ дзаума скодтон Баскаты Нинæйы фæрцы. Йæ фыццаг мыздæй нын нæ зæрдæ балхæнынмæ хъа- выд æви йæ фæстæдæры искæцы мыздæй уыд, уый абон ничиуал сбæрæг кæндзæн, фæлæ нын мæ хотимæ алкæмæндæр цъындатæй фæйнæ фæлысты схаста. Дзыхъхъынног, æлхæнгæ, сæ гæххæттыты ныхæстмæ æвнæлд дæр кæмæн нæма уыд, ахæм цъындатæ!.. * * * Нæ хъæумæ кино ласын куы райдыдтой, уæд ма махæй хъалдæр кæм уыди! Хæсты фæстæ Бæрæгъуыны цавæрдæр æфсæддон хай лæууыди, æмæ салдæггæн алы изæр дæр трансформаторы будкæйы фарсыл кино æвдыс- той, æмæ йæм лæвар кæсын алкæй бон дæр уыди. Уæлдай тынгдæр цин- иу бакодтам, хæсты цаутæ æвдыст кæм цыди, ахæм кино-иу куы ’рбала- 359
стой, уæд. Фыдæнхъæл дзы никуы никæцыйæ фестæм, уымæн æмæ уыды- сты иуæй иннæ диссагдæр. Уый бæрæг у æрмæст сæ нæмтты ранымадæй дæр: «Подвиг разведчика», «Секретарь райкома», «Третий удар», «В шесть часов вечера после войны», «Сталинфадская битва», «Падение Берли- на»... Æмæ сæ адæймаг нымад кæд фæуыдзæн! Уæлдай диссагдæр нæм касти «Повесть о настоящем человеке». Борис Полевойы повестмæ гæсгæ арæзт. Йæ сæйраг хъæбатыр уыди цардæгас Алек- сей Маресьев (Полевой йын йæ уацмысы йæ мыггаг иучысыл фендæрхуызон кодта — Мересьев). Мæ цæстытыл ма абон дæр уайынц, Алексей астæумæ миты нæхиуæттæм быргæйæ цы хъизæмæртгæ æвзæрста, уыцы нывтæ. Уæд мын исчи афтæ куы загътаид, бирæ азты фæстæ Алексей Маресьев, йæ ролы чи хъазыд, уыцы артист Павел Кадочников æмæ Борис Полевоимæ фембæлдзынæ, зæгъгæ, уæд загътаин, хъазгæ мæ кæны, зæгъгæ. Афтæмæй та сыл æцæгæй фембæлдтæн. Æрмæст алы рæстæджыты. Мæ фыццаг фембæлд уыди Павел Кадочниковимæ. Уыцы аз, æнхъæлдæн, 1972 аз, Ирыстоны цыдысты Ленинграды аивад æмæ лите- ратурæйы бонтæ. Цæгатаг Пальмирæйы делегацийы минæвæрттимæ уыди ССР Цæдисы адæмон артист Павел Кадочников дæр. Иумæ ма нæ хуыз дæр систам. Фæстæдæр фембæлдтæн Борис Полевоимæ дæр. Уæд фыссæг куыста журнал «Юность»-ы сæйраг редакторæй. Уымæй размæ ацы журналы ме ’мдзæвгæтæ цалдæр хатты рацыдысты мыхуырæй. Æмæ та иуахæмы баф- тыдтæн редакцимæ. Баййæфтон дзы ирон нывгæнæг Дзиуаты Батырадзы куыстыты равдыст. Æхсызгон мын куыннæ уыдаид, ме ’мбæстагæн ахæм аргъ кæй скодтой, уый. Равдысты тыххæй фæндæтты чиныджы цалдæр хъарм ныхасы загъта Борис Полевой дæр. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, зилгæ ацыдтæн равдысты нывтыл. Сабыргай-сабыргай бахæццæ дæн сæйраг редакторы кусæн уаты цурмæ. Уалынмæ дуар байгом, æмæ дзы Борис Полевой куы рахизид. Базыдтон æй, уымæн æмæ йын йæ къамтæ чингуытæ, газеттæ æмæ журналты бирæ хæттыты федтон... Алексей Маресьевы федтон бынтон æндæр уавæрты. Уæд ахуыр код- тон Мæскуыйы æмæ йæ уазæгуаты æрбахуыдтой Уæлдæр партион скъо- ламæ. Цалдæр фондзыссæдз адæймаджы кæм бадт, уыцы залы иу дæр ахæм нал баззад, чи нæ сыстад. Адземы армытьæпæнтæ ссырх сты, уæддæр се ’мдзæгъд кæнынæй не ’нцадысты. Æппынфæстаг, парткомы секретарь фембæлдмæ æрбацæуджытæм æрхатыди, уæ хорзæхæй сбадут æмæ не ’мбырд райдайæм, зæгъгæ. Сбадтысты æрæджиау, уæдæ цы уыдаид, æмæ Маресьев дзурын райдыдта... лæугæйæ. Ныр, зындгонд куыд у, афтæмæй йæ дыууæ къахыл дæр протезтæ уыд. Æрхатыдысты йæм, бадгæ скæн, афтæмæй дзур, зæгъгæ. Марадз зæгъай, кæд сæм байхъуыста: дыууæ са- хатæй фылдæр цы æмбырд ахаста, уым лæугæйæ фæдзырдта. Кæй зæгъын æй хъæуы, фарстытæн ныккæнæн нæ уыд. Йæ алы ныхас дæр зæрдæмæ хъардта, йæ алы дзырдыл дæр ын адæймаг æууæндыди. Лæг кæмфæнды дæр лæг кæй у, уый ма мæ ноджыдæр иу хатг бауырныдта. Алексей Ма- ресьевы хуызæн лæпгæ цыфæнды зындзиыæдты сæрты дæр кæй ахиздзы- 360
сты, ууыл иу минут дæр фæгуырысхо уæвæн нæй, уымæн æмæ уыдон хæсты арты дæр æмæ, адæмы улæфт кæм хъуысы, уыцы агъуысты дæр сæхи иухуызон дарынц, дзургæ куыд кæнынц, кæнгæ дæр афтæ кæнынц. Ныр иуæй-иу æмбырдты чидæртæ, бадгæйæ дзурут, зæгъгæ, куы фæзæгъынц æмæ, æцæгæйдæр, бадгæйæ дзурын куы райдайынц, уæд мæ цæстытыл Маресьевы сурæт ауайы, мæ зæрдыл та æрлæууынц, лæугæйæ дзурæджы ныхас ахадгæдæр у, зæгъгæ, чи загъта, уыцы зонд- джын лæджы ныхæстæ... * * * Сергей Михалковимæ иу фынджы уæлхъус баддзынæн, уый æнхъæл дæр никуы уыдтæн, фæлæ бадтæн. Майкъоппы. Уым къорд азы размæ уыди Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы секретариаты æмбырд. Æрцыдысты йæм Уæрæсейы Фысджыты Цæдисы æппæт хайæдты минæвæртгæ дæр. Ирыстонæй дзы уыдысты Хæблиаты Сафар, Малиты Васо, Тотраты Руслан æмæ æз. Кæд ма дзы æндæр исчи уыди, уæддæр нæ зонын, фæлæ дзы æз æндæр никæй хъуыды кæнын. Гъе, æмæ сихор кæныны рæстæг куы ’рхæццæ, уæд Михалковимæ æз æмæ Васо иу фын- гыл бадт фестæм. Коньяк райстам, Михалковы дзы суазæг кæнын нæ зæрды уыд, фæлæ нын нæ бакуымдта, æз, дам, цæрæнбоны сæдæ граммæй уæззаудæр агуывзæйыл никуыма схæцыдтæн, афтæмæй нын ахæм агуывзæ сисынмæ дæр фæзивæг кодта. Фæссихор æмбырд райдыдта. Сæрдариуæг дзы кодта Михалков йæхæдæг, куыд Уæрæсейы фысджыты Цæдисы сæрдар. - Дарддæр нæ куыст кæнæм, - загъта Михалков. — Ныхасы бар ис Лейли Бекизовайæн (Кæсæг-Балхъар). Залы бадджыты сусу-бусу мæнмæ дæр æрбахæццæ. Мæ фарсмæ бадæг, ныхасы бар кæмæн радтой, уый зыдта æмæ мын афтæ зæгъы, Лейли Бекизова, дам, Хъæрæсе-Черкесæй у. Президиумы бадджытæ уыцы ха- бар Михалковы хъусы дæр бацагътой. Сылгоймаг ныхасгонд куы фæци, уæд Михалков загъта: — Мæ зæрдыл, Брежневыл цы анекдоттæ уыд, уыдонæй иу æрлæу- уыд. Индирæ Ганди нæ бæстæмæ уазæгуаты куы ’рбацыд, уæд Брежнев йæ раныхас афтæ райдыдта: «Госпожа Маргарет Тетчер!» Дзурынц æм, уый Индирæ Ганди у, зæгъгæ. Лæг йæ кæсынæй банцад, иучысыл алæу- уыд æмæ та йæ гæххæтт кæсын райдыдта: «Госпожа Маргарет Тетчер!» Дзурынц та йæм, уый Маргарет Тетчер нæу, зæгъгæ. Брежнев рамæсты æмæ сыл сбустæ кодта: «Æз дæр æй уынын, фæлæ мæнæ ам афтæ фыст у!» Уыйау, мæнæн дæр мæ гæххæтты цы фыст уыд, уый бакастæн. Адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, худæгæй бакъæцæл сты. Сергей Вла- димиры фырт, куыд дзурынц, афтæмæй тынг худæджы адæймаг у, уымæн мæхæдæг дæр цалдæр хатты æвдисæн уыдтæн. Фысджыты Цæдисмæ куы цыдтæн, уæд мæм цы цæстæй ракаст, уый тыххæй фыстон. Фæлæ ма йыл уый фæстæ дæр фембæлдтæн. Уый дæр Мæскуыйы уыди, Цæгат Ирыстоны аивад æмæ литературæйы бонты рæстæджы. Литераторты цен- 361
трон хæдзары нын фембæлд уыди Мæскуыйы фысджытимæ, сæ сæргъы Сергей Михалков, афтæмæй. Раныхас дзы кодтон æз дæр. Мæхицæн хæсыл нымадтон Михалковæн арфæйы ныхас зæгъын. Æмæ йын загъ- тон. Чи зоны, цæй тыххæй йын арфæ кодтон, уый ма дзы рох дæр фæци, чи зоны, йæ зæрдыл лæууыди. Цыфæндыйæ дæр ын æхсызгон кæй уыд, уый бамбæрстон. Ацы ран æндæр арфæйы ныхæстæ æрымысыдтæн. Хæрзæрæджы куы- сты фæдыл телефонæй ныдздзырдтон мыхуыры æмæ рауагъдæдты хъуыд- дæгты комитеты сæрдар Сæлбиты Валеримæ, æмæ мын афтæ куы фæкæнид, æз, дам, ма дæм мæхæдæг дзуринаг уыдтæн. Фæстæдæр, куы фембæл- дыстæм, уæд мын радзырдта æнæнхъæлæджы хабар. Цалдæр боны размæ Ростовы Хуссайраг Федералон зылды мыхуыры кусджыты разамонджытæн уыдис æмбырд æмæ, дам, мæм уым радтой Уæрæсейы Федерацийы мы- хуыры хъуыддæгты, телерадиохъусынады æмæ дзыллон коммуникацийы фæрæзты министр М. Ю. Лесины арфæ. Уым фыст уыдис: «Дзасохову Музаферу Созырикоевичу, главному редактору журнала «Ногдзау» («Пи- онер»), Республика Северная Осетия—Алания, за личный вклад в разви- тие средств массовой информации в Южном федеральном округе и в свя- зи с Днем российской печати». Цæгат Ирыстонæй ахæм арфæйы гæххæт- тытæ радтой мæнæн æмæ Пелиты Василийæн. Фыццаджыдæр, Лесин, гæххæтт куы бафыста, ууыл æртæ азæй фылдæр рацыд, уымæй бирæ къаддæр нæ цæуы, куынæуал кусы, ууыл дæр, æртыккагæй та Пелиты Василий æнафоны цардæй куы ахицæн (рухсаг уæд!), ууыл дæр дзæвгар рæстæг рацыд. Гæххæттытæ кæй бафæстиат сты, уый тыххæй, дам, ха- тыр куырдтой, фæлæ, куы зæгъын, арфæйы ныхас фехъусын кæдфæнды дæр адæймагæн æхсызгон у. Æхсызгон уыдысты мæ ныхæстæ, кæддæр мын хорзы чи бацыд, уыцы Сергей Михалковæн дæр. Мæ ныхæстæ мын фехъуыстой, аивад æмæ литературæйы бонтæ куыд цæудзысты, уый равдисын кæмæн хæсгонд уыд, телеуынынады уыцы кусджытæ. Фæндыди сæ Михалковы хицæнæй сисын. Фембæлды архай- джытæ иучысыл аулæфынмæ куы рахæлиу сты, уæд мæм телеуынынады кусджытæ — читæ уыдысты, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын — æрхаты- дысты, Михалковæы-ма зæгъ, ды, дам, æй зоныс æмæ нæм тыргъмæ рацæуа æмæ йæ пленкæмæ сисæм. Чидæр мын дзы афтæ, уæртæ, дам, буфеты ис. Æз æм банхъæлмæ кастæн. Хæрд куы фæци, уæд æм ба- цыдтæн æмæ йын загътон: — Сергей Владимиры фырт! — Хъусын дæм! — цыма мæм рагæй æнхъæлмæ каст æмæ мæ кæцыфæн- ды ныхасмæ байхъусынмæ дæр цæттæ у, уый хуызæн фæкодта Сергей Владимиры фырт. — Нæ телеуынынады кусджыты фæнды, пленкæмæ дæ куы сисиккой, уый. — Табуафси, кæм сты? — Тыргъы дæм æнхъæлмæ кæсынц. Йæ дæлармы бацыдтæн - раст зæгъын хъæуы, тыххæйты йæм æххæссыдтæн — æмæдæларм-уæларм хæцгæ рацыдыстæм. Нæ размæ лæуд 362
фесты, Дзанайты Оля разамынд кæмæн лæвæрдта, лицейы зарæггæн- джыты къорды уыцы уæнгтæ. Хъуамæ цалдæр минуты фæстæ фембæлды архайджытæн сæ арæхстдзинæдтæ равдыстаиккой. Оля Михалковы куы ауыдта, уæд йæ зарæггæнджыты махырдæм раздæхыи кодта æмæ æмхъæлæсæй ныззарыдысты: «Бирæ, бирæ нын цæрай!» Мæн дæр ма уымæй хуыздæр цы хъуыди: Михалковæн загътон, дæуæн арфæ кæнынц, зæгъгæ. Æмæ мæ ныхæсты мæнгæй ницы уыд: къорды архайджытæ сæ зарæгæй Михалковæн æцæгæй арфæ кодтой. Оляйæ хуы- мæтæджы бузныг фæдæн. Диссаджы æрхъуыдыдзинад равдыста. Ныр уыцы хабæрттæ телеоператор иууылдæр пленкæмæ исы. Уый дын не’мзæххонтæй иу ауыдта, цы! — уайтагъд Михалковы размæ ’рбалæууыд - йемæ ма, æз кæй нæ зыдтон, иу ахæм чидæр уыди — æмæ йæ цалынмæ систой, уæдмæ нæ цурæй нал ацыди. Æнаддæр адæймагæн йæхицæй скæнæн нæй. Кæддæр пединституты иу курсы ахуыр кодтам, стæй цыдæр æрбаци. Фæстæдæр мæ хъустыл æрцыд, мединститут, дам, каст фæци. Ам нæхимæ стыр бынæтты дæр акуыста, стæй хæдзæрттæ-йедтæ куы ацарæзта, стыр пенси йæ къухы куы бафтыд, уæд та фæстæмæ Мæскуымæ ацыди... Михалковимæ диваныл æрбадтыстæм æмæ ныхæстæ кæнæм. Æз, уымæй цалдæр мæйы размæ уыдаид, афтæ радиостанцæ «Маяк»-æй фехъуыс- тон, Сергей Михалков автоаварийы бахауд, зæгъгæ, æмæ йын уый йæ зæрдыл æрлæууын кодтон. Æхсызгон мын, зæгъын, уыд, æнæфыдбы- лызæй кæй баззадтæ, уый. — О, æнæфыдбылызæй! Уæдæ-ма мæнæ ардæм æрбакæс,— æмæ мын йæ къæмисæны носмæ ацамыдта. — Мæ фарс дæр тынг цæфтæ уыди. Хуыцау хорз æмæ «Вольвæ»-йыл бадтæн, æндæр мæ хъуыддаг æвзæрдæр уыдаид. Æвддæс æмæ дыууиссæдз азы скъæрын хæдтулгæ, æмæ мыл ахæм цау никуы ’рцыди: машинæ скъæргæйæ афынæй дæн. * * * «Рæстдзинад»-ы кусгæйæ, цæмæй нæ газет фæхуыздæр уа, адæм æй æхсызгондæрæй кæсой, ууыл, зæгъæн, ис, æмæ иууылдæр зæрдиагæй архайдтам. Искуы ирон лæг - стæй канд ирон нæ — не ’мбæстаг фесгуых- ти, уæд æй хъуамæ адæм фыццагдæр махмæ бакæсой. Кæмдæр цыдæр хорздзинад æрцыд, уæд дæр хъуамæ «Рæстдзинад» фæраздæр уа. Кæцы аз уыд, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ, дзæвгар рæстæг педа- гогон институты ахуыргæнæгæй чи фæкуыста, Сиукъаты уыцы Никъала ныффыста кандидатон диссертаци æмæ йæ хъахъхъæдта Тбилисийы пад- дзахадон университеты. Йæ куыстимæ йын куы базонгæ сты, уæд ын ахуырадон советы уæнгтæ скодтой тынг стыр аргъ æмæ йын æмхъæлæсæй радтой физикон-математикон наукæты докторы ном. Ахæм хабæрттæ, уæлдайдæр, бæлвырд наукæтæ кæй хонынц, уым арæх нæ вæййы. Хаба- ры бæлвырддзинæдтæ базыдтон æмæ йæ дыккаг бон нæ газеткæсджытæ æхсызгонæн бакастысты. Диссертацийы темæ мæ абон дæр нæма ферох: «Получение фосфида индия». Афтæ къæрцхъус уыдысты ногдзинадмæ нæ кусджытæн сæ фылдæр. Уыцы къæрцхъусдзинад мæ - æви йæ ног- 363
дзинадмæ тырнындзинад рахонын растдæр уыдзæн, уæддæр нæ зонын — иу хатт фыдбылызы дæр фæцæйæппæрста... Уæдæй нырмæ дыууиссæдз азæй фылдæр рацыд. Иу сæрд мæ фæллад уагътон Сочийы. Уыцы рæстæг уым цыди — чи зоны, ныр дæр ма цæуы — газет «Черноморская здравница». Кастæн æй, цалыьшæ уым уыдтæн, уæдмæ. Иу хагг дзы фæкомкоммæ дæн цыбыр уацхъуыдмæ — «Ешьте побольше лука». Куыд фыстой, афтæмæй хъæдындз, уæлдайдæр цъæх хъæдындз, канд хæрынæн бæзгæ халсар нæу, фæлæ ма у хос дæр. Йæ зæрдæ хъыгдард кæмæн у, уыдон, дам, æй арæх куы хæрой, уæд сын пайда у. Кæд искæмæн исты æххуыс фæуид, зæгъгæ, газет мемæ схастон, уац- хъуыд ратæлмац кодтон æмæ йæ «Рæстдзинад»-ы ныммыхуыр кодтон. Дыккаг бон мæм мæ хорз зонгæ Вадим телефонæй дзуры — æрмæг цæттæгæнæг æз кæй уыдтæн, уый йын, æвæццæгæн, исчи загъта — æнæбайрайгæ фæкæнут уæ хъæдындзæй, дысон, дам, сымах тыххæй мæ зæрдæйæ ’фæцæймардтæн. Хорз ма ракæн, æмæ фыд ма ссарай, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц. Стæй ма фыдæлтæй ахæм ныхас дæр баззад: хæрзгæнæг хорз никуы ссардта. Цас хæрзгæнæг уыдтæн, фæлæ искæй марынмæ кæй нæ хъавыдтæн, уый бæлвырд уыди. «Черноморская здравница»-йы уац- хъуыд ма ноджыдæр иу хатг бакастæн. Ницы аипп æм æрхастон. Цъæх хъæдындз хæрын зæрдæйы куыстæн æххуыс кæны, зæгъгæ, дзы тынг бæлвырдæй фыст уыд. Æппынфæстаг æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: уац- хъуыдæн æндæрхуызон сæргонд раттын хъуыд. Иу рæстæджы мæм, «Ешьте побольше лука»-йы бæсты «Ешьте почаще лук» куы уыдаид, уæд цыма алцыдæр йæ бынаты абадтаид, афтæ фæкаст. Уæвгæ, хъæдындз арæхдæр, Вадим дзы иухаттæн цас бахордта, уыйбæрц куы хæрай, уæддæр цас хуыз- дæр уыдаид, уый дæр дзæбæх не ’мбæрстон... * * * Раздæр-иу райдайгæ авторты æмбырдтæ арæх арæзтой. Уым нæ абоны фысджыты астæуккаг фæлтæрæй чи нæ архайдта, ахæм куы разына, уæддæр, бирæ уой, уый æнхъæл нæ дæн. Цас æххуыс уыдысты, уымæн мæхи аргъгæнæг нæ кæнын, фæлæ, фидæны сфæлдыстадон кусджытæ лæгæй-лæгмæ кæй базонгæ сты, æрмæст уый тыххæй дæр-иу сæ æмбырд кæнын хъуыди. Уæвгæ-иу зонгæ уымæй размæ дæр уыдысты, æрмæст фæсаууонмæ, сæ фыстытæм гæсгæ. Гъе, æмæта иу ахæм æмбырдмæ æрцыдысты Ирыстоны алы кæрæттæй. Цы ныхæстæ дзы уыди, уыдон мæ иууылдæр ферох сты, æрмæст, Дзуга- ты Хаджумар цы дзырдта, уыдон мæ зæрдыл бадардтон. Дзургæ та кодта Къостайы тыххæй. Ома кæд сымах уæ кæрæдзийæ æппæлут, кæйдæрты та дæлджинæгæй скæсын нæ уадзут, уæддæр ис ахæм бæрзонд, хæхтæй дæлдæр чи нæ лæууы, нæ алкæмæн дæр фæзминаг чи у, уый — Хетæгка- ты Къоста. Куыд стыр аргъ ын кæны æмæ йын йæ цæсты цы кад ис, уый равдыста ахæм ныхæстæй: 364
— Æз уыйбæрц æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ ныффыстон, æмæ сæ нымæцæн банымайæн дæр нæй. Фæлæ æз уыдоны рагъамадыл сбадын æмæ «Ирон фæндыр» фæкæсын... * * * Искæй хъуыддæгтæ хорз куы фæцæуынц, уæд ын, хæлæг æм чи фæкæны, уыдон арæх афтæ фæзæгъынц: «Дæуæн дæ амонд хæрæгыл бады!» Нæ зонын, хæрæгыл цы амонд фæбады, уый æнæуи амондæй цæмæй хуыздæр у, уый, фæлæ-иу хæрæгыл кæй сбадын кодтой, уыцы сыл- гоймæгтæй искæй амондджын рахуыдтаиккой, уый мæ нæ уырны... Нæ фыдæлтæм алцæмæн дæр æгъдау уыди. Æгъдауæн — кад кæмæн уыд, хуыздæр адæм цæй аккаг уæвынмæ бæллыдысты, ахæм æгъдау. Æнæгъдауæн та — тæккæ карздæр æфхæрд-иу цæй тыххæй баййæфта, йæхи нæ, фæлæ-иу ын йæ тъымы-тъымайы дæр худинаджы уавæры чи æвæрдта, фидиссаджы гакк ыл-иу чи бафтыдта, ахæм æгъдау. Æндæрхуы- зон зæгъгæйæ та — закъон. Зондджын лæг афтæ загъта: ахæм æнæфыст закъонтæ ис, æмæ фыст закъонтæ сæ цуры рыг дæр нæ калынц. Æмæ нæ рæдыди. Афтæ кæй уыд, уымæн æвдисæн нæ рагфыдæлты æгъдæуттæй бирæтæ. Сæ иуы тыххæй - чысыл бæлвырддæр... Æддæдзаст сылгоймæгтæ кæцыфæнды дуджы дæр уыди, æвæццæгæн. Йæ хал-йæ бæндæн-иу кæмæн фæхауд, ахæмтæ ирон адæмæн дæр æнæзонгæ нæ уыдысты. Мæгуыры бон-иу ууыл акодта, йæ худинаг-иу кæмæн рахъæр, сайраг-иу уыцы бинонты сæр фæци, ахæм сылгоймаг кæй къæсæрæй рахызтаид. Хуыздæр уавæры нæ уыдысты йæ мыггаджы минæвæрттæ хистæрæй, кæстæрæй. Фидиссагæй-иу баззадысты, былыс- чъилтæ-иу сыл кодтой, дæлджинæджы бынаты-иу сæ æвæрдтой. Зар- джытæ сыл мысыдысты, фæндырты сæ цагътой. Ирон лæг худинагæй тынгдæр ницæмæй тарст. Худинаджы бæсты мæлæт хуыздæр у — уый æмбисондæн баззад. Фæлæ иударон нæ уыди, райст-бавæрдæн æй дардтой, уымæн æмæ йæ сæр арæх нæ хъуыди. Ирон лæгæн йæ сæрмæ худинаг хæссын фыдæй нæ баззад. Æрмæстдæр-иу ис- куы-иу адæймаг бахауд худинаджы уавæры æмæ-иу æй æппæт адæмы цæсты дæр уымæн бафтыдтой. Уадз æмæ иннæтæ стъæлфой, тæрсой лæджы ном æгад кæнынæй. Фидис сын-иу кодтой, сæ сæртæ гуыбырæй хæссы- ныл кæй сразы сты, уый тыххæй, худинаджы гакк сыл-иу бафтыдтой, уайдзæфæй сæ-иу рæхуыстой. Уыцы хъуыды «Нарты кадджыты» дæр бæлвырд-бæрæгдары. Быцентæ, дам, уайдзæфæй мæлгæ кодтой, фидисæй — рынчын. Марыны тæрхон куыннæ уыди нæ фыдæлтæм! Уæдæ куыдзæппарæн былæй кæй æппæрстой?! Бæхы къæдзилыл-иу кæй бабастой?! Фæлæ марыны тæрхонæн уыди æндæр хуызтæ дæр: уайдзæф, фидис, худинаджы гакк æмæ... зарæг. Хæстмæ цæугæйæ-иу, амардзысты мæ, зæгъгæ, никуы ничи загъта, фæлæ мыл, къуыппæн зарæг скæндзысты, зæгъгæ, бирæтæ загътой, уымæн æмæ ху- динаджы тас мæлæты тасæй тыхджындæр уыд, уымæн æмæ алы бон мæлынæй иу хатт амæлын æнцондæр уыди. 365
Худинаджы зарджыты кой кæд нæ фысджытæй искæмæ ис, уæддæр дзы сæ ныхæстыл нæ фембæлдзынæ. Дæсгай æмæ, чи зоны, сæдæгай азтæ кæуыл рацыди, уыцы зарджытæ ма мæрдтæм дæр сæ цæвыны куыст кæнынц, хицæн мыггæгтæ æмæ хъæуты цæсты æфтауыныл нæ ауæрдынц. Хорз мæм фæкастысты - поэзийы барæнтæй сæ куы барай, уæд — Мам- сыраты Дæбейы «Хъæбатырты кадæджы» цы зарæг ис, уый ныхæстæ. Æрхæсдзынæн дзы цалдæр рæнхъы: Уой, сусхъæдæй сыфтæрджын, гъей, Уой, халоны бадæн, гъей! Уой, Нинокка бадзуры, гъей! Уой, абон мыл цы худут, гъей, Уой, æз сусæг сывæрджын, гъей, Уой, фарон куы бадæн, гъей! Кæмдæр ма мæ хъустыл уайынц, иу сылгоймагыл йæ рæувады тыххæй цы зарæг скодтой, уымæй цалдæр дзырды. Хъуыды ма кæнын, уыдис дзы ахæм ныхæстæ: уæлæ, дам, кæмдæр фæйнæгхафæн, цом æмæ, дам, кæмæндæр афтæ-уфтæ бакæнæм. Мæ хъустыл уайынц æндæр ахæм зарæ- джы ныхæстæ: Ой, ой, Уæлладжырмæ фæндаг, дам, Ходыл æруади, Ма мыл бахудут, ахæм сæйдтытæ къордыл æруади. Институты куы ахуыр кодтон, уæд, иу къорды кæимæ уыдтæн, уыцы лæппутæ та-иу хъæлдзæг бадты ахæм зарæг ныккодтой: Секеры сæрмæ, гъей, цæй муркъæ низзадæй, гъей! Тонун æй гъæуй! æмæ афтæ дарддæр... Нæ ныхас æддæдзаст сылгоймаджы тыххæй рауад. Нæ хатыр кодтой ахæмæн нæ фыдæлтæ. Худинаджы гакк ыл-иу бафтыдтой æмæ-иу цæмæй уыцы гакк фылдæр адæм федтаиккой, уый тыххæй-иу сылгой- маджы хæрæгыл фæстæрдæм сбадын кодтой, хайуаны къæдзилыл-иу æй ныххæцын кодтой æмæ-иу æй афтæмæй хъæуы уынгты фæралас- балас кодтой. Ацы хабар мæ зонгæтæй иуæн дзырдтон, æмæ мын куыд загъта, уый зонут? Уыцы æгъдау, дам, куы сног уаид, уæд хæтаг сылгоймæгты кæ- уыл сбадын кæниккой, уыйбæрц хæрджытæ Ирыстоны нæ разынид. Афтæ мачи банхъæлæд, æмæ раджы дæр æмæ ныр дæр нæлгоймæгтæ зæды къалиутæ уыдысты, лæгтæ сæ къæбæргæнджытæ йеддæмæ никæй зыдтой, лæппутæ та-иу, цалынмæ устытæ нæ ракуырдтой, уæдмæ ком дардтой, зæгъгæ. Афтæ куы уыдаид, уæд иу сылгоймаг дæр, хæрæджы рагъ цы у, уый нæ бавзæрстаид. Стæй, кæд исчи афтæ ’нхъæлы, æмæ æддæдзаст нæлгоймæгтæ сылгоймæгтæй уæлæнгайдæрты ирвæзтысты, уæд рæдигæ кæны. Æфхæрдтой уыдон дæр. Ноджы карздæр. Фæлæ уый æндæр ныхас у. 366
* * * Мæ зæронд гæххæттытимæ ахæм фыст разынд: «Мæ дæндæгтæ æрцындз ласынæй рахаудтой. Мæ цæстытæ арахъхъы фæздæгæй бакуырм сты». Йæ бынмæ — Абайты Евæ. Райгуырд 1886 азы, чындзы ацыд 1903 азы. Фæцард аст æмæ цыппарыссæдз азы. Цæмæн æмæ йæ кæд ныффыстаин — Хуыцау йæ зонæг. Сылгоймаджы хабæрттæ мын чи фехъусын кодта, уый дæр нал хъуыды кæнын, фæлæ, бирæ фыдæбæттæ чи бавзæрста, йæ ныхæстæ ахæм адæймаджы хъысмæ- тыл дзурæг сты. * * * Мæ чингуытæй кæцыдæры, фыццаг хатг горæтмæ Хъантеты Георимæ ссыдтæн, зæгъгæ, ныффыстон, фæлæ фæрæдыдтæн. Æрæджиау æрхъуы- ды кодтон, горæтмæ мæ Георæй раздæр мæ фыдыхо Оля кæй ахуыдта, уый. Уæдмæ Цомайтæм чындзы ацыд æмæ сын горæты цы хæстæджытæ уыд, уыдонмæ бафысым кодтам. Æхсæвы сæм нæ баззадыстæм, цыма æмбойны фæзылдыстæм, афтæ мæм кæсы. Хабæрттæй мæ зæрдыл ницуал лæууы, æрмæст ма хорз хъуыды кæнын, дæрдвæд æфсæддон худ æмæ мын цырыхъхъытæ кæй балхæдта. Цырыхъ- хъытæ, цалынмæ не ’рхаудысты — уымæ та бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд - уæдмæ фæдардтон. Æфсæддон худ иу хатт дæр нæ ныккодтон. Иуæй, мыл фидаугæ нæ кодта, иннæмæй, æрыдойнаг Къелæу цы худ дардта, уый хуызæн тынг уыд, æмæ тарстæн, куы мыл æй фена — Æры- доны уæвгæйæ-иу ыл арæх амбæлдтæн — уæд ын хъыг куы уа, мæ худы хуызæн хъуамæ мæныл йеддæмæ макæуыл уа, зæгъгæ. * * * Цæллагты Милицæйæ ахæм ныхæстæ фехъуыстон: «Хæхтæ ’мæ дæтгæ фæнымадтой, фæлæ Хъазыбеджы хох ферох кодтой!» Æмзæл кæрæттæ кæмæн ис, ахæм ныхас адæймаг йæ зæрдыл тагъддæр бадары. Куы йæ бадары, уæд та дзы фылдæр хатт никуыуал ферох вæййы. Кæд æмæ кæд фехъуыстон ацы дыууæ рæнхъы: Абон райсом халасбон Колхозмæ сау гал баластон! Фæлæ мæ уæддæр нæ рох кæнынц. Цæй фæдыл загъд æрцыдысты, уый бæрæг у. Цы зæрдæйыуаг æвдисынц, уый дæр бамбарæн ис. Фæлæ фыццаг хатт кæй дзыхæй ссыдысты æмæ сæ кæмæй фехъуыстон, уый никуыуал ничи базондзæн. Чысылæй бирæ хъæзтытæй хъазыдыстæм. Æрмæст сæ нæмттæ раны- майгæйæ дæр бæрæг у, алыхуызæттæ кæй уыдысты, уый. «Къоппæй», 367
«Цъыфæй», «Лидзынæджы», «Æмбæхсынджытты», «Тæлы тулынæй». Ахæм хъæзтытæ ныртæккæйы фæсивæд, чи зоны, хъусгæ дæр никуы фæкодтой. «Селайæ», «Лæдзæг æмæ гудайæ», «Къорийæ», «Хъазтæ, хъазтæ — хъæумæ»... Нымай æмæ сæ нымай. Уыйбæрц фæразгæ та куыд кодтам! Хæрын дæр нæ-«у ферох, бахсæв ис, уый дæр нæм-иу нал хъардта. Иуæй-иу хъæзтытæн-иу райдайæн уыд, фæлæ-иу йæ кæрон нал æмæ нал хæццæ кодта. Ахæм рæстæг-иу иуæй- иутæ сæхимæ цæуыныл ныллæууыдысты. Раздæр ын-иу дза^бæхæй, ома лæгъз æвзагæй, дзырдтой, хъазты кæронмæ-ма фæлæуу, зæгъгæ, фæлæ- иу уымæ никæйуал ныхас бахъардта. Йе ’мбæлттæ-иу æм, кæй зæгъын æй хъæуы, смæсты сты æмæ-иу йæ фæстæ æмхъæлæсæй ныззарыдысты: Хъазтхалæг — гæбæр дымæг, Хъазтхалæг — гæбæр дымæг! Ахæмтæ дæр уыди, æмæ-иу хъазты æгъдæуттæ хæлдыл чи банымадта æмæ-иу уый æфсонæй йæ хъазт чи ныууагъта, æндæр ныхæстæй зæгъгæйæ та — фæтæргай-иу. Ууыл дæр-иу къаддæр уайдзæфтæ нæ ауад: Тæргайгоппæй чи нæ саст - Авд хæрæджы йемæ баст! * * * Мæ цæсты-иу исты куы бахауд, уæд-иу дардæй дæр Веринкæмæ тахтæн, уымæн æмæ зыдтон, мæ хъизæмарæй мæ кæй фервæзын кæндзæн, уый. Гыццылæй фæстæмæ дæр мæ алцæуылты ахуыр кодта. Дæ цæсты исты куы бахауа, уæд æй æууæрдгæ ма кæн, фæлæ, дам-иу де стыр æмæ амонæн æнгуылдзæй цæстыхаутыл æддæмæ рахæц-рахæцгæнгæйæ дзур: Рахау, рахау, фæстæмæ та дæ баппардзынæн! Рахау, рахау, фæстæмæ та дæ баппардзынæн! Æмæ-иу æцæгæйдæр рахауди. Куы нæ-иу рахауди, ахæм заман-иу мæ мад йе ’взагæй мæ цæст бынæй-уæле расæрфта, æмæ-иу мæ цæст уæлдай ныкъуылд нал æркодтон. * * * Нæ сывæллоны хъæзтытæй иу та ахæм уыди: карчы-иу æрцахстам, йæ сæр-иу ын йæ базыры бын бакодтам æмæ-иу æй дыууæрдæм тилын рай- дыдтам — хуымæтæджы тылд нæ, фæлæ заргæйæ: Дæ фыд — хъæды, дæ мад — куыройы! Дæ фыд — хъæды, дæ мад — куыройы! Иуцасдæры фæстæ-иу æй хъавгæйæ зæххыл æрæвæрдтам æмæ-иу змæлгæ дæр нал скодта. Кæддæр-иу, æвæццæгæн, фембæрста, сайд ыл кæй æрцыд, уый: æваст-иу фæгæпп ласта æмæ-иу цудтытæгæнгæ тæхынмæ фæци. 368
* * * Ныхæсты райдайæн дамгъæтæй арæзтдзырдтæ æндæрхуызон кæсджытæ дæр арæх уыдысты. ВКП(б) (Всесоюзная Коммунистическая партия (боль- шевиков) æндæрхуызон куыд кастысты — Ворошилов картæфтæ пецы ба- калдта — уый, æвæццæгæн, бирæтæ фехъуыстаид, фæлæ махмæ МОПР-ыл (Международная организация помощи рабочим) - кусджытæн æххуысы ду- неон организаци — дæр нæ бацауæрстой æмæ йæ сæхирдыгонау бакастысты: мамæйы орден папæйы риуыл. Уæвгæ ныртæккæйы адæм къаддæр цыргъзонд не сты. Æрмæст ГАИ куыд райхæлдтой — гæртам алкæмæй исæм — уый йæхæдæг бирæты фындз амæрздзæн. * * * Нæ горæты сæйраг уынджы артист Мæхъиты Лавер (Валодя) æмæ дра- матург Хъайттаты Сергеимæ ’рцæйцыдыстæм, æмæ нæ ныхас дунеон хъуыддæгтæ лыг кæнынмæ рахызт. Лаверы хъуыдымæ гæсгæ алы бæстæйы дæр хъуамæ æгъдау уа, æппæты фыццаг та хъуамæ фæзминаг уа паддзаха- ды сæргълæууæг йæхæдæг. Фæлæ, дам, фæстаг рæстæг махмæ цы хи- цæуттæ ис, уыдоны фæзмджытæ куы сбирæ уой, уæд не сæфт æрцыди. Уый фæстæ Лавер рахызт бинонтæм. Уым дæр, дам, хъуамæ фидар æгъдау уа. Сергей тызмæг ныхас никуы уарзта æмæ Лаверы хъуыдытæ æндæр фæндагыл аздахынвæнд скодта æмæ йын мидбылты худгæйæ афтæ: — Дæ ныхæстимæ разы дæн, фæлæ уæм иу хатт уазæгуаты куы бацы- дыстæм, уæд ныл, дæ цот куыд сæмбæлдысты, уый-ма радзур. Лаверы тызмæгдзинад фæцыдæр. Йæ ныхас кæронмæ дæр нал фæци, фæлæ Сергейы хуызæн йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: — Куыннæ дæ рох кæны! Цал хатты дын æй дзурон? — Æз æй зонын, фæлæ-ма йæ мæнæ Музаферæн дæр радзур. Лавер та йæ мидбылты бахудт æмæ райдыдта: — Мæнæ ма ам американкæ куы уыди, уæд Мысост æмæ артист Цæру- къаты Алыксандримæ нæхи хорз федтам, фæлæ ма нæхимæ дæр куы абад- таиккам, уый дæр мæ фæндыд. Ме ’мбæлтты хæдзармæ цæуыныл сразы кодтон. Уæд ма дæлæ «Снежинка»-дуканийы сæрмæ цардтæн. Бацыдыстæм нæхимæ, уæдæ цы уыдаид. Дуар байгом кодтон æмæ мидæмæ бахызтыстæм. Ныр - уæ фарн бирæ уæд - мæ цот алы рæтты бандæтшл бадынц æмæ сæм куыд бакастæн, афтæмæй дзы сыстыны зонд никæмæ уыд. Уазджыты цур сын бауайдзæф кодтаин, уый мæ нæ фæндыд, афтæмæй лæууын та мæм аив нæ каст æмæ æваст мæ сæры февзæрд æна- хуыр хъуыды. Алы изæр дæр-иу сывæллæттæн исты зæрдæлхæнæнтæ мемæ ’рбахастон. Мæ дзыпп асгæрстон æмæ, чысыл раздæр дуканийы цы хъæдурæнгæс къафеттæ балхæдтон, уыдоныл мæ къух андзæвыд. Мæ зæрдæмæ хуры тынтæ ныккаст. Тагъдгомау дзы армыдзаг фелвæстон æмæ сæ хор тауæгау зæхмæ акалдтон. Сывæллæттæ уый ауыдтой, цы! — сæ бынæттæй фæгæппытæ ластой æмæ къафеттæ уидзынмæ фесты. Æз уыцы рæстæгæй фæпайда кодтон æмæ уазджытæм дзурын: — Тагъддæр бынæттæ ахсгæуг, кæннод уын уый фæстæ мæ бон ницуал бауыдзæн! 24ДзасохтыМ. 369
* * * Ацы таурæгъ мын 1990 азы 6 февралы Туаты Заретæ радзырдта. Чындз сæрак дзабыр хуыдта æмæ иу заман сæракыл тынг куы ахæцыд, уæд сылгоймагæй цыдæр уынæр райхъуыст. Зæронд лæг, йæ фарсмæ бадт æмæ йæ фехъуыста. Чындз фырæфсæрмæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта æмæ йæхинымæр скуывта: «О ме скæнæг Хуыцау, кæд ма мын хорздзи- над фæуын дæ зæрды ис, уæд мæ исты сырд кæнæ маргъы мыггаг фестын кæн!..» Хуыцау чындзы ныхæстæ фехъуыста æмæ йæ æхсинæг фестын кодта. Æхсинæджы уастмæ, дам, лæмбынæг куы ’рыхъусай, уæд, дам, дзы ахæм ныхæстæ вæййы: Æз нæ уыдтæн, сæрак уыди — аскъуыди, Æз нæ уыдтæн, сæрак уыди — аскъуыди... Зын рæстæджытæ мæ æрæййæфтой æмæ мын тыхст æмæ уырыд бонтæ æнæмысгæ нæй. Алчидæр йæхи низæй хъæрзы, алкæмæ дæр йæхи хъизæмæрттæ уæззаудæр кæсынц. Ахæм рæстæджытæ уыд, æмæ усгур лæппу хъазтмæ йæ уæлæ хæлафæн цы скодтаид, уый нæ уыди æмæ-иу æй кæнæ йæ хæларæй ракуырдта- ид, кæнæ — йæ хæстæгæй. Æмбисондæн ахæм хабар баззад. Иу чын- дзæхсæвы, дам, хистæр фынджы уæлхъус бадджыты арæх фест-фест кæнын кодта. Адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлмæцыдысты, фæлæ æргомæй дзурыи ничи уæндыди. Æппынфæстаг уазджытæй иу йæхи- уыл хæцын нал бафæрæзта æмæ хистæрмæ дзуры: «Бахатыр кæн, фæлæ, æз ардæм куы цыдтæн, уæд хæлаф мæ сыхагæй ракуырдтон æмæ фест- фест кæнынæй куы алæбыра, уæд ма йын æй афтæмæй куыд рат- дзынæн...» Æрыхъуыстон ма ахæм хабар дæр. Æртæ ’фсымæрæн иу хæлаф йеддæмæ нæ уыд æмæ-иу, раздæр чи райхъал, уый-иу æй акодта, иннæтæ та-иу хуысгæйæ баззадысты. Уæлгоммæ хуыссынæй-иу куы бафæлладысты, уæд- иу дзы иу иннæмæн хъаст кодта: «Ай Хуыцауы бæллæх нæу, рисгæ дæ мацы кæнæд, афтæмæй дæ бон хуыссæнæй сыстын ма уæд!..» Ахæм æфсымæртæ мæгуыр нæ уыдысты, фæлæ уыдысты тынг мæ- гуыр. Иу хæлаф йеддæмæ сын кæй нæ уыди, канд уый тыххæй нæ. Сæхи æвæрæзæй кæй равдыстой, сæ лæгдзинад фынæй кæнын кæй бауагътой, уый тыххæй дæр. Цыфæнды мæгуырæй дæр хъуамæ сæхи ахæм уавæрмæ ма ’руагътаиккой. Кæд рынчын нæ уыдысты — кæд уыдысты, уæддæр æртæйæ дæр афтæ æдзухъом уыдаиккой, уый зын зæгъæн у — уæд хъуамæ сæ хидвæллойæ сæхицæн хæлæфты амал уæддæр бакодтаиккой. Дыгурон зæронд лæджы загъдау, раджы кусгæ чи кодта, уыдонæй мæгуыр ничи цард. Уæвгæ, мæгуыртæн сæ фылдæр кусæг адæм уыдысты, фæлæ дзы хъæздыг чи царди?! 370
* * * Цыколайæ зианæй сцæйыздæхтыстæм, Хуадонты Зураб йæхи маши- нæйыл бадт, афтæмæй. Æмбæлццæттæ ма нын уыдысты Хъарадзауты Дзастемыр, Æрæфы районы раздæры разамонæг æмæ Чеджемты Геор. Ирон æвзаджы тыххæй ныхас рауад æмæ цæмæдæр гæсгæ хъуылæг цæгъды- ны онг бахæццæ стæм. Хъуылæгæй нæ фыдæлтæ алы комы дæр цагътой. Цы-иу схауд, уымæн махмæ ис дыууæ номы: гарачъи æмæ нæлхæ, фæлæ дзы, Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, иу дæр ироы нæу. Гарачъи у гуырдзиаг дзырд, нæлхæ - цæцæйнаг. Нæхи ’взагыл ын ном уый тыххæй нæй, æмæ йæ фыдæлтæ афтæмæй нæ хордтой: стайын-иу æй кодтой æмæ-иу дзы цы сой æрæвзæрд, уымæн радтой ирон ном — царв. Хæргæ дæр æй афтæмæй кодтой. Уыцы койтæ куыд кодтам, афтæ Дзастемыр ныхас йæхимæ айста: — Дыгуронау ын ис ном — хом царв. Хуыздæр ном æрхъуыдыгæнæн нæй, ахæм мæм фæкаст, уымæн æмæ га- рачъи — нæлхæ æххæсткуыстгонд хойраг нæу, нæ фыдæлтæ та хомхортæ нæ уыдысты. Цæмæдæр гæсгæ мæм хом царв гарачъийæ дæр æмæ нæлхæйæ дæр хуыздæр фæкаст. Хом дзидза куы ис, уæд хом царв цæуыннæ хъуамæ уа!.. Æмæ ма дзырдты тыххæй ноджыдæр цалдæр ныхасы. Адæймаг хъуы- дыты куы ацæуы, уæлдайдæр æдылы хъуыдыты, уæд æй сæ фæдыл куы кæцырдæм ахонынц, куы — кæцырдæм. Фæстаг рæстæг нæ интеллиген- цийы минæвæрттæй чидæртæ се ’ргом дзырдты равзæрд иртасынмæ аздæх- той. Ирæттæ кæй сты, уый сæм цæмæдæр гæсгæ фаг кæсы ирон æвзаджы этимологтæ басгуыхынæн, сæхи мадæлон æвзаджы ныхæстæ-дзырдтæ иртасджытæ рахонынæн. Гъемæ дзы иутæ Лондон лæууæндон рахуыд- той, Уимблдон — тымбыл дон, кенгуру та — хъен гуыр. Æз дæр иу заман ахæмты фæдыл адзæгъæл дæн æмæ сфæнд кодтон этимологимæ мæ «фæллойы» хай бахæссын æмæ æрлæууыдтæн «залгъæдыл». Залгъæд дидинæгкалæг зайæгой у. Ницавæр фос æй хæры, фæлæ дзы æнæнхъæлæджы куы фæхъæстæ вæййы, уæд мæлыны къахыл ныллæууы. Фосыкуыстгæнджытæ куыд дзурынц, афтæмæй залгъæд цы фос бахæра, уымæн фервæзынгæнæн ис æрмæстдæр сылыйæ. Йæ хъуыры йын æй ауадз, цы бахордта, уый сомдзæн æмæ адзалæй фервæздзæн. Залгъæд æмæ адзал! Уыдон мæ æркæсын кодтой сæхимæ. Кæд, зæгъын, сын иу бындур, иу уидаг ис: зал — адзал. Ноджы ма ацы кæрдæг уырыс- сагау куыд хуыйны, уый куы ’рымысыдтæн, уæд мæхимæ хуымæтæджы «этимолог» æркастæн: залгъæд — адзал — азалия! Цымæ хуымæтæджы афтæ æмзæл сты сæ уидæгтæ? Абайты Васо (рухсаг уæд!) мæм куы байхъусид, уæд ын мæ ныхæстæ чи зоны, æмæ худæджы хос фæуиккой, кæнæ та йæ — цы нæ вæййы — хъуыдытыл бафтауиккой... * * * Гуытъиаты Хъазыбегыл фембæлдтæ, уæд æнæмæнг исты ногдзинад базондзынæ. Уый ирон культурæмæ цы ’вæрæн бахаста, уымæн абарæн 371
ницæимæ ис. Йемæ цыбыр рæстæг куы аныхас кæнай, уæд дæр бамбар- дзынæ, тынг арф хъуыдыгæнæг кæй у, йæ зонд дардыл кæй æххæссы, ирон æвзаг — стæй канд æвзаг нæ, фæлæ аивад, истори, этнографи, фольклор æмæ афтæ дарддæр — æппæты хуыздæр чи зоны, уыдонæй иу кæй у. Иуахæмы та фембæлдыстæм æмæ нæм ирон æвзаджы тыххæй ныхас рауад. Хъылдым цы у, уымæй йæ бафарстон æмæ мын афтæ: — Хъылдым нæ, фæлæ хъæлдым. Иæ рæстæджы йæ Байаты Гаппо раст нæ ныффыста. Хорæй æфсæст мыст йæ дымæг, къæдзил хъил фæда- ры, хъил æмæ хъæл та иу сты. Хъазыбег иттæг хорз зоны литературæ дæр. Уæвгæ ацы ран «дæр» уæл- дай у, уымæн æмæ Гуытъийы-фырт, æппæты хуыздæр литературæ зоны, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд дæр, æвæццæгæн, раст уыдзынæн, уымæн æмæ йæ царды бирæ азтæ снывонд кодта нæ хуыздæр фысджыты уац- мыстæ бабæстон кæнынæн. Куы амбæлæм, уæд зæрдæрисгæйæ фæдзуры Къостайы’уамцмысты хъысмæтыл. Дисы мæ бафтауы, нырма Брытъиаты Елбыздыхъо уагъд нæма у, зæгъгæ, куы фæзæгъы, уæд. О, æмæ литературæ хорз кæй зоны, уымæн чысыл æвдисæнтæ æрхæссын мæ зæрды ис. Мамсыраты Дæбе æмæ мын Хъайтыхъты Георы æмдзæвгæтæй фæйнæ цыппаррæнхъоны бакаст æмæ мæ зæрдæмæ фæцы- дысты. Мæнæ Дæбейы æмдзæвгæйæ иу цыппаррæнхъон: Уарзын, куы ’рæвæры халас, Рог салд куы ’рбакæны мæскъ... Хуымты дæ уæззау кæрц ралас, Акæн дæ дæлармы тъæскъ. Цæстытыл уайынц æрæгвæззæджы нывтæ. Мæнæ адон та Георы рæнхъытæ сты: Хъæугæрон тигъыл Тæккæ уæлдагъ Аззади джихæй Иу хæлд гæнах. Æрыгонæй сæ газеттæ æмæ журналты бакасти æмæ, дам, сæ уæдæй нырмæ мæ зæрдыл бадардтон. * * * Адæм цæсгомæй куыд алыхуызон сты, удыхъæдæй дæр — афтæ. Иутæ адæймаджы зæрдæхудты бацæуынæй тынгдæр ницæмæй тæрсынц, иннæтæ та кæйфæнды тæригъæды дæр бацæудзысты. Æвзæр йæхицæй дæнцæг фæхæссы... Нæ мыггаджы зындгонддæр лæгтæй иуы фыртыфырт уæззау рынчын фæци. Нал сыстдзæн, уый хæстæгæй, хионæй иууылдæр зыдтой, йæхицæй фæстæмæ. Æгъатыр низы ахæсты кæй бахауд, уый йын нæ дзырдтой. Йæ иунæг фыртæн йæ сызгъæрин къухдарæн балæвар кодта. Уый йæ биной- 372
наг — дыккаг ус ын уыди — куы базыдта, уæд фырмæстæй цæхæртæ акал- дта æмæ архайдта, цæмæй къухдарæн йæ къухы бафтыдаид, ууыл. Фыртæн зынаргъ уыди йæ фыды лæвар æмæ йæ дæттынмæ нæ хъавыд, фæлæ йæм фыдыус куы бартхъирæн кодта, æри къухдарæн, кæннод æз дæ фыдæн зæгъдзынæн, цæмæй рынчын у, уый, зæгъгæ, уæд ма йын цы гæнæн уыди, æмæ къухдарæн дæтгæ ’рцыди... * * * Иу гуылæвзаджы фæрсынц: — Суг цæмæй фæфадынц, уый цы хуыйны? — Хылх. — Сылы куы стуаг вæййы, уæд уый та? — Махмæ йæ туаг кæнынмæ нæ уадзынц: аназынц æй. * * * Иу бон Цырыхаты Михалыл горæты стыр уынджы амбæлдтæн. Иннæ хæттыты хуызæн та мæ афарста: — Куыд дæ? — Хуыздæрхъуаг, — дзуапп ын радтон æз. — Уый æнæзæгъгæйæ дæр бæрæг у. Нæ дыууæйыл дæр худæг бахæцыд. Цалдæр боны фæстæ та ногæй фембæлдыстæм. Айфыццаджы хуызæн мæ, куыд дæ, зæгъгæ, нал бафарста, фæлæ мын мæ къух исгæйæ загъта: — Бæрæгбоны хорзæх дæ уæд! Цавæр бæрæгбон у, зæгъгæ, хъуыдыты ацыдтæн, фæлæ уыцы бон дæр æмæ хæстæгдæр рæстæджы дæр бæрæгбонæн йæ кой дæр куы нæ уыд, уæд æй бафарстон: — Цавæр бæрæгбоны? — Мæнæ дæуыл кæй амбæлдтæн, уый бæрæгбон нæу? Нæ дыууæйыл дæр та худæг бахæцыд... * * * Михалы зонгæ рынчындонмæ бахауд. Кæмдæр суазал æмæ йæ фарсы дон сæвзæрд. Цалдæр мæйы фæсæйыны фæстæ рынчындонæй рацыд. Михал æй куы федта, уæд æй, йе ’нæниздзинад цы уавæры ис, уымæй куыннæ хъуамæ афарстаид!? Рынчын ын йæ хъæстытæ кæнынмæ фæци: — Иу низæй фервæзтæн, фæлæ иннæйы ахæсты бахаудтæн: мæ хъустæй дзæбæх нал хъусын. Михалы зонгæ кæм хуыссыд, уыцы рынчындоны сæйраг дохтырæн радтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыры ном. Рынчын та сылгоймæгты фæдыл акæсаг уыди. Михал ын йæ ауайæнтæ зыдта æмæ йын мидбылты худгæйæ загъта: 373
— Гæбилæн Ирыстоны сгуыхт дохтыры ном цæмæн радтой, уый зо- ныс? Дæу кæй бакъуырма кодта, уый тыххæй. Дæ мæхстæттæ дын куы ралыг кæна, уæд та йын Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт дохтыры ном ратдзысты... * * * Æртиссæдз азы мыл куы сæххæст, уæд мæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном райсынмæ бавдыстой. Фысджыты Цæдис гæххæттытæ барæвдз кодта æмæ сæ, хицауады уыцы хъуыддæгтæ чи код- та, уыдонмæ арвыста. Хайадæн разамынд лæвæрдта, раздæр партийы Цæгат Ирыстоны обкомы бæрнон бынæтты чи куыста, ахæм сылгоймаг, дзæвгар рæстæг уыди культурæйы министр дæр. Базонгæ ис гæххæтты- тимæ æмæ сæ фæстæмæ æрæрвыста, æркæсут-ма сæм, зæгъгæ. Кæси- нагæй та дзы ницы уыди, йæхæдæг дзы цы «сраст» кодта, уый йеддæмæ. Цы сарæзтон, уымæн аргъгæнæг гæххæтты уыдис ахæм хъуыдыйад: «Им переведены на осетинский язык и изданы отдельными книгами повести и рассказы Василия Шукшина, Чингиза Айтматова, рубаи Омара Хайя- ма...» Сылгоймаг бавдæлд, æмæ «рубаи» стыр дамгъæйæ ныффыста, йæ фæстæ йын къæдзыг сæвæрдта æмæ дзы рауад, цыма Рубаи дæр Омар Хайямы хуызæн фыссæг уыди. Фысджыты Цæдисы разамонджытæ, литературæ уыдонæй «хуыздæр» чи зыдта, уымæн цы дзуапп радтой æмæ, рубаи литературон жанр кæй у, ууыл æй цы хуызы баууæндын кодтой, уый нæ зонын, фæлæ уыцы гæххæтт фæстагæттæн æфснайдæй мæхимæ дарын, мæ ныхæстæ искæмæ дызæр- дыггаг куы фæкæсой, уæд æм æй равдисдзынæн, зæгъгæ. * * * Мамсыраты Мурат æмæ Хæблиаты Сафаримæ кæмдæр фæбадтыстæм. Теркыл Горькийы уынгмæ цы къаххид ис, уый сæрты куы ’рбацæйхыз- тыстæм, афтæ Мураты зæрдæ зарын æрцагуырдта æмæ ныццæлхъ ласта: Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг... Зард куы фæци, уæд æм дзурын: — Цы уавæры дæ, уый кæйдæр чызг мæнæй хуыздæр зоны? Кæуинаг дæ æмæ дыл хъарæг дæр мæхæдæг скæндзынæн... * * * Хæблиаты Сафар-иу Виктор Некрасовы повесть «В окопах Сталингра- да»-йы кой арæх кодта, хорз фыст, дам, у. Æз æй, раст зæгъын хъæуы, йæ рæстæджы нæ бакастæн æмæ йын аргъ кæнын дæр мæ бон нæ уыд. Æрæджы мæм æрбахауд æмæ йæ æппынфæстаг бакастæн. Ницы уа-дис- саг мæм фæкаст, кæд ын Сталины преми радтой, уæддæр, фæлæ ныхас уацмысы хæрзхъæддзинадыл нæ цæуы. Повесты ис ахæм бынат: — Товарищ лейтенант, а правда, что у Гитлера одного глаза нет? — спрашивает Седых и смотрит на меня ясными, детскими глазами. 374
— Не знаю, Седых, думаю, что оба глаза есть. — А Филатов, пулеметчик, говорил, что у него одного глаза нет, и что он даже детей не может иметь. Ацы фыстытæ кæсгæйæ Тегаты Сулейман мæ зæрдыл æрлæууыд. «Рæстдзинад»-ы дæс азæй фылдæр иумæ фæкуыстам. Промышленнон хайады сæргълæууæг уыд, фæстæдæр та — редакторы хæдивæг. Уый дæр раст ахæм хабар дзырдта. Цыколайаг уыд æмæ хъæумæ арæх цыд. Куыддæр, дам-иу, хъæугæрон æрхызтæн, афтæ-иу хъомгæс мæ размæ фæци æмæ, дам-иу, мæм æдзухдæр иу фарст лæвæрдта: — Æццæйнæ, Сулейман, Гитлер хъæрæу адтæй? * * * Хъуылаты Чермен Мамсыраты Муратæн афтæ: — Æз æмæ дæуæй алы дæсныйады кусджытæ дæр рауадаид сахатцал- цæггæнджытæй фæстæмæ. — Цæмæн дæм афтæ кæсы? — фæрсы йæ Мурат. — Нæ дыууæйы къухтæ дæр зыр-зыр кæнынц... * * * Мураты фыд, Мухтар, дам, йæ сæр иуварсырдæм чысыл къул даргæйæ цыди. Сæ хъæумæ фæстæдæр чи ’рлыгъд, уыдон «временныйтæ» хуыд- той. Гъе, æмæ дын уыдон иу бон цалдæрæй ныхасы бадтысты æмæ рæстæгсафæн кодтой. Ног æрлидзджытæй иу Мухтарæй ахъазынмæ хъа- выди æмæ йæм дзуры: — Иуфарсырдæм та цæмæн кæсыс? — Временныйтæм афтæ фæкæсын, — æнæахъуыдыгæнгæйæ йын дзу- апп радта Мухтар. * * * — Цы хабæрттæ ис? — фæрсын мæ зонгæ Къубалты Эричы. — Хорзæй дæр ницы, æвзæрæй дæр. — Хорзæй кæй ницы ис, уый æвзæр у, æвзæрæй кæй ницы ис, уый та — хорз, — загътон ын æз. Советон Цæдисы телеграфон агентад-иу редакцимæ æрмæджытимæ сæрвыста къамтæ дæр. Сæ бынмæ-иу уыдис амонынгæнæн текст, кæд адæймаджы хуызист уыди, уæд-иу дзы уыд, чи æмæ цыгæнæг у, уый фыст. Уыдис ахæм инæлар Роберт Эдуард Ли (1807-70), Америчы Иугонд Штатты 1861-65 азты мидхæсты рæстæг хуссайраг цагъардарты æфсады командыгæнæг. Кæд адæмы сæрибардзинады ныхмæ тохгæнæг уыди, уæддæр æй Америчы реакцион историографи нымайы АИШ-ы «национ» хъæбатырыл. Гъе, æмæ уыцы инæларæн сæвæрдтой стыр цыртдзæвæн. Йæ быны, ома хуызисты бын уыд ахæм фыст: «Генерал Ли верхом». 375
Йæ тæлмац кæнын Хъуылаты Черменмæ цæмæн æрхауд, уый нæ зонын — ахæм хъуыддæпгæ фылдæр, радон номыр чи арæзта, секретариаты уыцы кусæгмæ хаудысты — фæлæ къуырцдзæвæны кæй бахауд, уый бæлвырд уыд. Раздæр æй скодта афтæ: «Инæлар Ли бæхыл бадгæйæ». Йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, стæй искæй зæрдæмæ фæцыдаид, уый æнхъæл дæр нæ дæн. Аивта йæ: «Инæлар Ли уæлбæхæй». Фыддæр йеддæмæ хуыздæр нæ фæци. Стæй уæд нæ иумæйагтыхтæ æрæмбырд кодтам æмæ йæ сарæзтам афтæ: «Инæлар бæхыл бадгæйæ». Роберты мыггаг уый размæ тексты загъд æрцыд. * * * Хуыцау æмæ йе сконд дзуæртгы — табу сæхицæн! — ныхмæ дæр бирæ фæтох кодтам. Нæ ирон фынджы уæлхъус Хуыцауæн йæ номыл дæр нал састыстæм, «дунейы фарн» æмæ йæ æндæр цæмæйдæрты ивыныл сбæндæн стæм. Суанг ма йæ гыццыл дамгъæйæ фыссын дæр райдыдтам. Уастыр- джи æмæ иннæ дзуæрттæ стырæй фыстам, Хуыцауы та — гыццылæй. Мамсыраты Мурат мын дзырдта, Дзуарыхъæуæй æрмæг ныффыстон — уæд радиокомитеты куыста — æмæ, дам, мын сæрдары хæдивæг бардзырд дæттæгау загъта, дзуары кой, дам, дзы куыд нæ уа, афтæ. Æрмæг, зæгъын, кæцæй у, уый бæрæг нæ уыдзæн. Уый, дам, мæ хъуыддаг нæу. Дзуары кой дзы куы уа, уæд нæ хицауад бафхæрдзæн. Мæхиуыл та «Рæстдзинад»-ы ’рцыд ахæм хабар. Секретариаты иу ар- дыгæй дæумæ журналист куыста æмæ мæ «фæйлыдта» фыссын нæ уагъта, фыдынд ныхас, дам, зæрдыл лæууын кæны. Уæдæ йæ куыд фыссын хъæуы, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд мын дзуапп радта: — Фæйлаудта... Уæвгæ ахæм диссæгтæ мах рæстæджы дæр цæуы. Иуæй-иу «зонд- джынтæ» сæ мыггæгтæ иронау æндæрхуызон фыссын дæр райдыдтой, уырыссагау, дам, дзы фыдынд ныхас уайы... * * * Радиохъусынад æмæ телеуынынады комитетæй журнал «Ногдзау»-мæ кусынмæ куы рацыдтæн, уæд мын Чеджемты Æхсары бинойнаг Людæ (рухсаг уæд!) афтæ зæгъы: — Нæ лæппутæй иуæн дæ ацыд хъыг уыд, иннæмæн — æхсызгон. Хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ радиойы куыста йæ сæрыхицау Æхсар, «Ногдзау»-ы та — йæ тиу Геор. Йæ мæгуыр зæрдæйæ афтæ зæгъынмæ хъавыд, дæ ацыд Æхсарæн хъыг уыд, Георæн — æхсызгон, зæгъгæ, фæлæ йын, æндæрырдæм дæр бамбарæн ис, уый куы загътон, уæд йæ къухтæ фæйнæрдæм батылдта, мæ хъуыдытæ, мын ма зыгъуыммæ кæн, зæгъгæ. * * * Мæ мадырвад Хосаты Хазбиимæ кæдæмдæр цыдыстæм æмæ цæмæдæр гæсгæ тынг ныффæстиат. Æппынфæстаг куы фæзынд, уæд ын загътон: — Дæ сырх машинæмæ æнхъæлмæ кæсынæй мæ цъæх цæстытæ ныуурс сты... 376
* * * / Ходы Камалимæ Сабырдзинады проспекты бæлæсты бынты фæцæйцы- дыстæм. Æнæнхъæлæджы ныл Малиты Васо амбæлд. Уыцы райсом Васо, æвæццæгæн, йæхи нæ ныддаста æмæ йыл бæрæгдардта. Камал æм фæком- коммæ æмæ йын бауайдзæф кодта: - Дæхи та цæуыннæ ныддастай? Мæнмæ уый диссаг фæкаст, уымæн æмæ Камал йæхи фæстаг хатт, лæппу ма куы уыди, уæд ныддаста, æмæ йын уайдзæф йæхирдæм фездæх- тон: - Ды дæхи авд æмæ ссæдз азы куы нæ дасыс, уæд Васо йæхи иу бон нæ ныддаста, уый йын йæ цæстмæ цы дарыс? * * * Фермæйы хъахъхъæнæгæй цы зæронд лæг куыста, уымæй иу къуы- дипп ахъазынмæ хъавыд: - Ныр дæ зæрдæ фыдуаг митæ кæнын нал агуры? - Цæуыннæ, цæ? Цалынмæ лæгæн йæ цæст æрттива, уæдмæ йæ ал- цыдæр хъæуы, — дзуапп ын радта зæронд лæг. - Хъугдуцджытæй дæр ма дæ бон искæй æрцахсын бауид? - Уыдонæй мын æрцахсын куы ничиуал бакома, уæддæр ма дæ къуы- лых хойы æрцахсын бафæраздзынæн! * * * 1996 азы 2-7 ноябры архайдтон Мæскуыйы нæ республикæйы культу- рæйы бонты. Мемæ ахастон 1 милуан 400 мин сомы, кæй зæгъын æй хъæуы, уæды æхцатæй. Балхæдтон дзы цыдæр дзаумæттæ. Цыбыр дзырдæй, дзæгъæлы дзы иу капекк дæр не схардз кодтон. Фæстæмæ ма 400 мин сомы дæр схастон. Уыцы балцы мемæ уыдис мæ зонгæ нывгæнæг. Хорз лæппу, фæлæ — нозтæмхиц. Уымæ та уыди фондз милуаны, фæлæ сæ иууылдæр бахорд- та, æлхæнгæ та дзы уæвгæ ницы бакодта. Æлхæнгæ нæ, фæлæ ма кæмæйдæр фæндзай мины æфстау дæр райста. Уыцы хабæрттæ мæ би- нойнагæн дæр ракодтон. Цытæ балхæдтон, уыдæттæ йын æвдыст куы фæдæн, мæ зонгæ йæ фондз милуаны ницытæ æмæ мацытыл куыд ба- хардз кодта, уыдæттæ йын куы радзырдтон, уæд мæ фæрсы: - Æмæ де ’ннæ ’хца цы фесты? Æз мæ астæуккаг лæппумæ бакастæн æмæ йæ фæрсын: - Алан, куыд дæм кæсы ацы хабар, стæй цæуыл дзурæг у? - Дæуæн дæ ус кæй нæ бæззы, нывгæнæджы усæн та - йæ лæг, ууыл. * * * Шофыры фарсмæ бадын, афтæмæй сихорафон нæхимæ ’рбацæй- цыдтæн. Иу фæзилæны нæ машинæ, чысыл ма бахъæуа, йæхи иннæуыл ма ахафа. 377
— Цæмæн мæ тæрсын кæныс? — дзурын шофырмæ. — Нæ дæ тæрсын кæнын. — Уæддæр æз тæрсын. Мæ зæрдыл Лев Толстойы ныхæстæ æрбалæууыдысты. Уый дæр, дам, æнхъæлдæн, Леонид Андреевæн, загъта: «Ды мæ тæрсын кæныс, фæлæ æз нæ тæрсын». Æвæццæгæн, йæ фыстыты ахæм бынæттæ уыд, йæ зæрды чиныгкæсæджы фæтæрсын кæнынмæ кæм хъавыд, фæлæ йæ бон фаг тæссаг уавæртæ саразын нæ баци. Мæн нæ тæрсын кодтой, афтæмæй фæтарстæн, Толстойы та тæрсын кодтой, афтæмæй нæ тарст. * * * Сидæмон къуылых æмæ гуылæвзаг у, афтæмæй йæ зонгæтæй кæмæйфæнды дæр зондджындæр æмæ дзырдарæхстдæр у, фæлæ иуæй-иу къуыдиппытæ нæ вæййы! Искæй сæхицæй дæлдæр бынаты авæрын йеддæмæ сын мацы ратт. Иуахæмы та Сидæмон æмæ йе ’мбæлттæн хъазæн ныхас бацайдагъ, æмæ сын ацы хатт хæйрæг сæ цыргъ уыйырдæм фæкод- та. Иу дзы загъта, къуылых у, æмæ йын чызг уый тыххæй ничи дæтты, иннæ — гуылæвзаг у, æмæ уый у йæ бынгæнæг, æртыккаг... Æгæр, æгæр куы кодтой, уæд æм йе ’рдхæрдтæй иу дзуры: «Хъусæй цы лæууыс, искæмæн-ма дзы исты зæгъ!» — Уат æдылы ныхæстæй байдзаг æмæ дзы зондджын хъуыдыйæн бынат нал ис,- дзуапп ын радта Сидæмон. * * * «В душе смеемся над царями». Нæ цæуы ацы рæнхъ мæ зæрдæмæ, уымæн æмæ декабристтæ ахæмтæ нæ уыдысты. Иронмæ йæ куы стæлмац кæнай, уæд, мæнмæ гæсгæ, афтæ уыдзæн: «Æлдары кой — хъæдбыны». Паддзахы кой сæ мид-зæрдæйы йеддæмæ куы нæ кодтаиккой, сусæгæй йыл куы худтаиккой, уæд дзы фондзы не ’рцауыгътаиккой, дæсгæйтты та дзы Сыбырмæ нæ ахастаиккой. Ахæм дзурджытæ дæр ис, уыцы æмдзæвгæ, дам, декабристтæ нæ ныффыстой. Чи зоны, нæ ныффыстой, æндæр дзы, уæлдæр кæй кой скодтон, уыцы рæнхъ нæ фæуыдаид. * * * Константин Бернацкий газет «Молодой коммунист»-ы хуызисæгæй бирæ фæкуыста, стæй йæ уæд æрбахуыдтой радиохъусынад æмæ телеуынынады комитетмæ. Уæздан лæг уыди. Хистæр уæвгæйæ, махимæ йæхи дардта, цыма не ’мгар у, уый хуызæн. Арæх ыл-иу амбæлдтæн проспекты. Кæрæдзиуыл-иу бацин кодтам, нæ куысты хабæрттæдзурыныл-иуфестæм. Иу ахæм фембæлды рæстæджы йæ куы бафарстон, дæ хъуыддæгтæ куыд сты, зæгъгæ, уæд мын радта ахæм дзуапп: 378
— Куыд сты, æрдиаг ма сыл хъæуы. — Цæмæн? — фæрсын æй. — Куыд цæмæн? Куысты лæгыл иу мæтгæнæг нæй. Ныртæккæ мæ уд куы фелвасин, уæд райсом комитеты бæстæ хъæрæй байдзаг кæниккой, гъер уый æдзæсгом нæу, нæ телеравдыст нын бакъуылымпы кодта, зæгъгæ. * * * Зындгонд скульптор Дзанайты Руслан ме ’рдхорд у. Дзæвгар азты йæ зонын, фæлæ йыл мæ зæрдæ никуыма фæхудти. Бирæ хæлæрттæ йын ис, æмæ дзы алкæмæн дæр йæ бон «еблагъуæ» зæгъын у, стæй сын зæгъгæ дæр фæкæны. Кæддæр мæ бюст сарæзта æмæ мын афтæ: — Гъер дæ ницыуал дарын: куы амæлай, уæд дын æй цырты бæсты сæвæрдзысты... Куы зæгъын, хæларæй рагæй цæрæм. Бинонты хъуыддаг куы кодтон, уæд мын, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдиагдæр арфæгæнджытæй иу уыди Руслан. Чындзæхсæвмæ дæр фыццæгтимæ фæзынд. Æхца кæм лæ- вæрдтой, уырдæм бацыд æмæ йæхи фыссын кæны: — Цыппар туманы ’мæ фараст сомы. Фыссæг æм скаст æмæ йын афтæ: — Æххæст сæ фондз бакæн æмæ дын бæркадджындæрæй разындзысты. — Фондз уыдысты, фæлæ сæ лыстæг кæнын бахъуыд: фæыдагыл дзы бæгæны анызтон... Уымæй чысыл раздæр Болгарийы командировкæйы уыдтæн æмæ дзы, уыцы рæстæджы модæйы чи уыд, ахæм пъалто балхæдтон. Руслан æй фыццаг хатт куы федта, уæд мын арфæтæ кæныны бæсты уайдзæфтæм фæци: — Уый дæр та иу-фынддæс азы фæдардзынæ!.. Афтæмæй-иу йæхи дарæс арæх пецамайæджы дарæсæй ницæмæй хицæн кодта. «Арæх» уымæн зæгъын, æмæ йын-иу кæддæрты — рæстæгæй- рæстæгмæ-иу стыр æхцатæ бакуыста æмæ-иу уæд йæхи лондойнаг ден- дийы хуызæн æрцарæзта — базонæн нал уьщ. Стæй афтæ куы нæ уыдаид, уæддæрхъазæн ныхæстæ кæнын уарзæм æмæ кæрæдзиуыл нымæтын ехсæй цæвынæй нæ ауæрдæм. Руслан кæддæр цалдæр сæлдæджы фæд-фæдыл бахордта æмæ йын йæ хурхыуадындзтæ бахъыгдардтой. Иу дзырдæй, йæ хъæлæсыуагыл фæзынд, стæй цыма хъусæй дæр бынтон рæвдз ыæу - уыцы хъуыддаг ын йæ цæстмæ кæй дардтон, уый мын, æвæццæгæн, Хуыцауы зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ ныр мæхæдæг уымæй цыма фæфыддæр дæн, афтæ мæм кæсы, æмæ йын иу хатт загътон: — Руслан, дамгъæ «хъ»-йæ цы дзырдтæ райдайы, уыдонæй æххæст никæцыйæ дæ: хъуаг дæ хъусæй, хъуырæй, хъуыдыйæ, хъæлæсæй... Æндæр искæмæн афтæ куы загътаин, уæд мæм, чи зоны, фæхæрам уыдаид, фæлæ мах æхсæн уыдон хъазæн ныхæстыл нымад сты. Хъазæн ныхæстæ Руслан йæхæдæг дæр уарзы æмæ йыл алы æмбисæндтæ дæр уымæн æрымысыдысты... 379
Уыцы сæрд нæ аивад æмæ литературæйы минæвæрттæ Ленинградмæ цыдысты. Цыдысты, зæгъгæ, хæдтæхæджы тахтысты. Руслан нывгæн- джыты делегацимæ нæ бахауд æмæ мæстджын уыд, фæлæ уæддæр йе ’мбæлтты аэропортмæ фæндараст кæнынмæ рацыд. Уым уыдис Уататы Бибойы мад Тамарæ дæр. Уый та йæ лæппуйы фæндараст кодта. Хæдтæхæг куы стахт, уæд Руслан афтæ: — Ныр хæдтæхæг куы ’рхауид, уæд мæнæн цас куыст уаид, уый зо- ныс, Тамарæ? Уыцы ныхæстæй Тамарæйы зæрдæ барызт: — Тобæ зæгъ, Руслан, мæ цуры ахæм ныхæстæ кæй загътай, уый тыххæй. Ау, Бибо дæр уым куы бады, уæд ууыл та куыннæ ахъуыды кодтай? — Зæгъыс, æмæ æз Бибойы цыртдзæвæны тыххæй дæуæй æхца райста- ин? Лæвар æй скодтаин. Ахæм тугтæ дæр ыл-иу æрымысыдысты. Фæлæ «ног ирæтгы» хæдзæртты тыххæй цы загъта, уыдон ыл мысгæ не ’ркодтой, æцæгæй сæ загъта... Нæ горæты цæйбæрц ног бирæуæладзыгон хæдзæрттæ фæзынд, уый амонын никæмæн хъæуы, уымæн æмæ дардмæ дæр зынынц. Дардмæ бæргæ зынынц, фæлæ дзы бирæты мидæгæй змæлæг нæ зыны. Аразыны ныхмæ та чи у, фæлæ хъуамæ зонай, цæмæн æмæ кæмæн аразыс, уый. Фыццаджыдæр уал бафæрсæм: цæмæн хъæуы ахæм къазарматæ аразын? Чи сæ аразы, уый зæгъдзæн: ис мæм æмæ аразын. Ис дæм, уый дзырд- даг нæу. Дзырддаг у, кæцæй дæм æрцыди, уый. О, кæцæй дæм æрцыди? Дæ фыды бынтæ афтæ бирæ уыдысты, æви сæ дæхи хидвæллойæ бакуыстай? Иу дæр нæ æмæ иннæ дæр. Æмæ, дам, бын кæмæн нæ баззад, уый хъæздыг нæ кæны! Уæллæй, афтæ хъæздыг кæны, æмæ, хуыздæр нæ, фæлæ фыддæр нæ хъæуы. Ныр та дыккаг фарстмæ рахизæм: кæмæн сæ аразыс? Уæ сывæллæтты пæр-пæр цæуы? Нæ цæуы. Иу кæнæ дыууæ саби йеддæмæ уæ иуы фæдыл дæр куы нæ скæуы, уæд бæстыл хиу цы ныллæууыдыстут? Уæ сабитæн æххуырст рæвдауджытæ куы нæ уаид, уæд уæ галуанты фæдзæгъæл уаик- кой, фæдзæгъæл уаиккой æмæ сæ ныййарджыты алла-биллатæй нал ссариккой. Афтæ куы зæгъут, ис нæм, зæгъгæ, уæд бирæ цот цæуыннæ рауадзут? Цæмæй сæ хæссат, уый нæй æви, ирон адæм куы фæфылдæр уой, уымæй тæрсут? Тæрсут, æвæццæгæн, æндæр уæхи афтæ нæ дарик- кат. Тæрсын цæмæй нæ хъæуы, уымæй тæрсут, фæлæ тæссаг цæмæй у, уымæй нæ тæрсут... Сымах цы галуантæ сыскъæрдтат æмæ ма сыскъæр- дзыстут, уыдон уæ ницæмæн хъæуынц, фæлæ кæй бахъæудзысты, ахæм сыхæгтæ нын куы разына, уымæй уæ æцæгæй тæрсын хъæуы æмæ аразгæйæ хъуыды кæнут, хъуыдыгæнгæйæ та — аразгæ. Раст зæгъын хъæуы, мæ хæлар Руслан уæм мæ хуызæн нæ мæсты кæны. Кæй аразут, уый йæм хорз кæсы. Иу бон иу уынджы фæцæйцыдыстæм æмæ дзы къахдзæфæй къахдзæфмæ ногарæзт хæдзарыл æмбæлдыстæм. Адæмы хицаудзинад куы ралæууа, уæд дзы чи цæмæн бабæздзæн, уый Дзанайы-фырт нымайгæ цыди: ай сывæллæтты цæхæрадонæн хорз уыдзæн, ай — культурæйы галуанæн, ай - музейæн æмæ афтæ дарддæр. Куы зæгъын, ацы ныхæстæ йыл мысгæ не ’рчынди: æцæгæй сæ загъта. 380
* * * Мамсыраты Мураты каистæй иу лæппуйæн цыдæр фыдуагдзинады тыххæй дыууæ азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой. Æз дæр æй зыдтон. Зыдтон æй хорз лæппуйæ. Æмгаруарзонæй, кæрдзындæтгонæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæй йын стæрхон кодтой, уый мын зын уыди. Уый хыгъд мын æхсызгон уыд, æмгъуыдæй йæ раздæр кæй рауагътой, уый. Мæ цуры-иу æй исчи куы фарста, куыд тагъд суæгъд дæ, зæгъгæ, уæд-иу сын æз афтæ: — Уæгъд æй не скодтой, тæргай ралыгъди. Цæмæн, зæгъгæ-иу мæ куы бафарстой, уæд сын-иу загътон: — Физонæг дзы æрмæстдæр хуыйы фыдæй кодтой æмæ пысылмон ахæм хæринæгтæн фæразы?! Иу хъæздыг лæгмæ дукани уыди. Уæйгæнæгæй дæр дзы йæхæдæг куы- ста. Архайдта, хъæууон адæймаджы йе ’рвылбоны царды цы товартæ æмæ хойрæгтæ хъæуы, уыдон амал кæныныл. Цæхх, сапон, фæтæген. Йæ товартæ дæр — хуымæтæг адæмæн бæзгæтæ. Йæ сыхаг цырыхъхъытæ бал- хæдта, фæлæ йæм къалосты фаг æхца нал разынд æмæ сæ уый тыххæй нæ дардта: баихсийынæй сын тарст. Дуканийы та уыди ахæм къалостæ. Иннæ адæмы хуызæн-иу уый дæр дуканимæ бацыди, къалостæм-иу фæракæс- бакæс кодта, æмæ та-иу фæстæмæ уæнтæхъилæй раздæхт. Бирæ фæсагъæс кодта, дыууæ къалосы хицау куыд суа, ууыл æмæ къуырццзæвæнæй ра- цæуæн ссардта. Дуканимæ та æрбацыд æмæ дзы й ’амондæн йæ хицау йеддæмæ ничи- ма уыд. Кæрæдзийæн салам радтой, стæй лæг йæ фæнд æххæст кæнынмæ бавнæлдта: — Уæндгæ дæр дæм нæ кæнын,— дзуры дуканигæсмæ,— фæлæ ацы бон мæ ныхасæн æнæзæгъгæ нал и. — Циу, уагæры цавæр ныхас у? — сцымыдис дуканигæс. — Зæгъин æй æмæ мæм куы фæхæрам уай... — Зæгъ æй, цæмæн дæм хъуамæ фæхæрам уон? — Дæ усимæ дын чи къуыбылеццытæ кæны, уый дын зæгъон? Дуканигæсы маст рафыхт, уæзбарæн ыл ныццæвынмæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, дзурæг дзы цы аххосджын у, зæгъгæ. Йæ зыр-зыр цыд, афтæмæй йæ æппынæрæджиау бафарста: — Зæгъ, æрмæст тагъддæр, кæннод дæ хъуыддаг хæрзтæй нæ уыдзæн!.. — Куы йæ зæгъон, уæд мын цы ратдзынæ? — Цы дæ хъæуы, уый!.. — Уæртæ уыцы дыууæ къалосы. — Хорз. Ратдзынæн дын сæ. — Дæ усимæ чи хъуамæ къуыбылеццытæ кæна... дæхи йеддæмæ... Дуканигæс æхсызгонæн сулæфгæйæ загъта: — О, Хуыцау кæмæн нæй, уый! Райс дæ къалостæ æмæ дæ мæ цæсты кæронæй дæр куыннæуал ауынон, афтæ. Мæ туг мын ныллæууын кодтай... 381
* * * «Даргъ Тебо дæр уыди, фæлæ дзы сывæллæттæ хынджылæг кодтой». Ацы ныхас кæмæй фехъуыстон, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ мæхимæ ныффыстон. Мæ фыссæн чиныджы ма разынд ахæм фыст дæр: «Хистæр Габогкийы бæх дæр уыди, фæлæ йыл Бетго, йæ къæбæлтæ мидæджырдæм, афтæмæй хамут бакодта, бон изæрмæ йыл фæхуым кодта, æмæ æхсæвы бæх ныммарди». Уый Дзгойты Аслæмбегæй фехъуыстон. Уымæн та йæ æндæр чидæр дзырдта. Ныртæккæйы хуызæн нæ уыди раздæр. Уæд адæм чингуытæ арæхдæр кастысты. Библиотекæ цы хæдзары нæ уыд, ахæм зынæй ссардтаис. Хорз чиныгмæ адæм гæппæввонгæй лæууыдысты. Фысджыты бирæтомонтæ та алкæй къухы йе ’фтыдысты. Æхца сæм нæ уыди, уый тыххæй нæ. Чиныг æхцайы тыххæй зынæй искæмæн æнæлхæдæй баззадаид. Æппæты фаг нæ кодтой æмæ сæ агурын хъуыди зонгæты фæрцы. Уыдис ахæмтæ дæр, чиныг фидауцы тыххæй чи ’лхæдта,1 йæ фæдыл кæйдæрты фæзмгæйæ чи зылди. Кæддæр мын ахæм хабар чындæуыд. Иу хицауы ус, дам, фехъуыста, сæ районмæ фысджыты бирæтомонтæ кæй æрцыди, фæлæ дзы уыдонæн кæй нæ фæхай кодтой. Афоныл куы фæзындаиккой, уæд дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæхайæ нæ баззадаиккой, фæлæ сылгоймаг уыдæтгæ ницæмæ ’рдардта. Чингуытæ кæм фыстой, уырдæм лæбурæгау бакодта. Загътой йын, раздæр дæ æрцæуын хъуыд, зæгъгæ. Кæд дæ хъæуы, уæд, дам, ма нæм Салтыков-Щедрин ис. Рафыста йæ, уæдæ цы уыдаид. Уый фæстæ йæ зонгæтæн æппæлыди, куы сæм дзы ’рлæвæрдтон, уæд ма сæм иу нæ, фæлæ дыууæ дæр разынди. * * * Хъайтыхъты Габо йæ рæстæджы хорз журналистыл нымад уыд. Æз æй «Рæстдзинад»-ы корректорæй кусгæ æрæййæфтон, фæлæ-иу фысгæ дæр кодта. Цы ног чингуытæ рацыд, уыдоныл-иу афæлгæстытæ сарæзта, фыста уацхъуыдтæ дæр. Иу хатт та йæ уацхъуыды хæдзарыдзаумæттæаразæн ком- бинаты куыст ахæм цыппаррæнхъонæй фаудта: Трюмо бæргæ хуыйны йæ ном, Фæлæ-ма йæм æркæсæм: Йæ лæгъзтæй иу нæ кæны гом, Зылын-мылын — йæ кæсæн. * * * Мæ фыды тыххæй исты ногдзинад куы фехъусын, уæд цыма фæхъæздыгдæр вæййын, афтæ мæм фæкæсы. Цы хуызæн уыд, уый мæ 382
цæстытыл ауайын кæнын дæр мæ бон нæу, фæлæ мын йæ хабæрттæ куы рачындæуы, уæд дзы мæхицæн цыдæр фæлгонц аразынмæ фæвæййын. Æрæджы не ’рвадæлтæм зиан уыд — ирон адæм та арæхдæр ахæм рæтты фембæлынц — æмæ дзы федтон Дзамболаты, иу артæй уæрст кæимæ стæм, мæ ахæм æрвады. Мæнæй иу-дæс азы хистæр у æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ фыды хорз хъуыды кæны æмæ мын ахæм хабар радзырдта: — Иу хатт нæм æрбацыд, æмæ йын мæ мад уайтагъд фынг æвæрынмæ фæци. Уыдис дзы нозт дæр. Арахъхъ ын рауагътон, æмæ, уазал куы уыд, уæд ын мæ мад афтæ зæгъы, суг нæм нæй æмæ, дам, æй цæуыл схъарм кæнæм. Дыккаг изæр нын Сосыгко нæ кæрты сугты уæрдон акалдта. * * * Ацы хабар та мын Мæхæмæтты Ахуырбег радзырдта... Уыди дыууæ хæрзæфсымæры. Сæ нæмттæ дæр æнгæс уыдысты: Куыдзи æмæ Куыдзыго. Иу мады зæнæг уæвгæйæ сæхи дардтой фæйнæ- хуызон — иу дзы нуазаг уыди, иннæ та нозтмæ хæстæг нæ цыди, фæлæ-иу дыууæйы нæмттæ дæр уайдзæфы райхъуыстысты. Бирæ чи нызта, уымæн- иу загътой: «Æгæр Куыдзи дæр нæ бæззы!» Иу нуазын дæр чи нæ куымд- та, уымæн та-иу загътой: «Æгæр Куыдзыго дæр нæ бæззы!» Иæ мад амæла бæрцæн, æгъдæутты хистæр кæй хонынц! Æгæр бирæйæ куыннæ бæззы, афтæ нæ бæззы гыццылæй дæр. * * * Андиаты Сослан, Ходы Камал æмæ æз иу кæрты цæрæм. Нæ цин дæр æмæ нæ хъыг дæр иу вæййы. Сослан цавæр богал у, уый амонын никæмæн хъæуы, фæлæ йæ хæстæг чи нæ зоны, уыдонæн мæ бон зæгъын у: цыт- джын богалæй уæлдай ма у æцæг ирон лæг дæр. Æцæг ирон лæг та æвзæр сыхаг нæ вæййы. Хорз сыхæгтæ та, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй хæларæй фæцæрынц. Цины сахат фæцин кæнынц иумæ, зын рæстæджы та кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууынц. Иу ахæм заман та кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууыдыстæм зианы фæдыл. Нæ сыхæгты лæппуйæн йæ фондзыссæдзаздзыд фыдыхо амард æмæ хъæумæ цæуыымæ нæхи æррæвдз кодтам. Арæхдæр куыд вæййы, афтæ сабæттаг рагацау æмбырд кæныны хъуыдымæ æрцыдыстæм. Цæуынмæ куыд хъа- выдыстæм, афтæ, нæ сыхæгтæй иуцасдæр чи айрæджы кодта, иу ахæм фæзынд æмæ Сосланы фæрсы: — Фысгæ чи кæны? — Ам Камал æмæ Музафер йеддæмæ ничи фыссы,— æцæгхуызæй йын дзуапп радта Сослан. Зондджын адæм цы нæ загътой, ахæм, æвæццæгæн, нал баззад. Мæсыг йæхи дурæй хæлы, зæгъгæ, дæр уыцы зонды ныхæстæм хауы. Ноджы ма афтæ дæр загъдæуыд: хæлæг адæймагимæ райгуыры, фæлæ адæймагимæ 383
нæ амæлы. Уый цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ æмæ кæддæриддæр фæзы- ны хорздзинады фарсмæ, амонды цур. Хуытиты Елбыздыхъо — хъæубæстæ йæм цыбырдæр ном Быздæй дзырд- той — йæ рæстæджы цæрæг лæг уыди. Захъайы зылды, Абайты хъæу кæй хуыдтой, уым царди. Хохы тæккæ цъасы. Кæд дзы бухъхъ цардæн аккаг фадæттæ нæ уыди, уæддæр йæхи æгуыдзæгты номхыгъды фыссын нæ ба- уагъта. Йæ бирæ фосмæ зылди, æхсæв, бон нæ зыдта æмæ йæ бинонты дардта. Сыхæгтæй йæм хæлæггæнджытæ куыннæ хъуамæ уыдаид, уæл- дайдæр магусайæ цæлуарзджытæй, бонæн баизæрæй чи нæ тарст, афтæмæй уæлкъуыппæй кæсын чи уарзта, уыдонæй. Æмæ хæлæг кодтой. Бафæз- мыны бæсты йæ хорздзинæдтæ уынгæйæ сæ цæсты фиутæ тадысты. Уалынмæ ралæууыд ног дуг. Канд йæ фос ын нæ байстой, фæлæ ма йæ Сыбырмæ дæр ахастой. Дæс азы æмгъуыдмæ. Фæлæ та уым дæр йæхи æгуы- дзæгæй нæ равдыста. Афтæ хорз куыста, æмæ йæ фондз азы фæстæ суæгъд кодтой. Æрмæст йæ цин бирæ нæ ахаста. Хæлæггæнджытæ та скуыстой. Хахуыр Ыл кодтой, æмæ та йæ ногæй æрцахстой. Ацы хатг ын йæхи сраст кæныны фадат дæр нал радтой: цалдæр боны фæстæ йæ амардтой. Фæстæдæр йæ фырт Таймураз Паддзахон æдасдзинады комитеты сбæлвырд кодта,^чи æмæ йыл цытæ фæфыстой, уыдон. Чи уыдысты йæ бынгæнджытæ? Йæ сыхæгтæ, йæ хъæуккæгтæ, æмвынг кæимæ уыд, иу цæхх, иу кæрдзын кæимæ хордта, уыдон. Азымджын та йæ цæмæй код- той? Сæйрагдæр æртæ хъуыддагæй. Фыццаг. Колхозы бæх зайгæ-зайын сæ цæхæрадоны чъылдыммæ амард. Йæ тæф канд Хуытиты нæ хъыгдардта - йæ рæзты чи цыди, уыдоны се ’ппæты дæр, фæлæ йæ баныгæнынмæ йæ ныфс ничи хаста. Уыцы хæс йæхимæ райста Хуытийы-фырт. Галтæ баифтыгъта, бæхы мард сыфцæй хъæугæронмæ аласта, бон сауизæрмæ зæхх фæкъахта, баныгæдта йæ, æмæ хъæубæстæ хъылмайы тæфæй фервæзтысты. Хахуыргæнджытæн дын цъыф калынмæ ахæм фадат фæуа! Кæдæм хъуыд, уырдæм фæхабар кодтой, колхозы бæхы, дам, зайгæ-зайын ба- ныгæдта... Дыккаг хабар дæр фосимæ баст уыд. Цæвиттон, сæ хъæуы колхоз куы сарæзтой, уæд фосæн — адæмæй кæй æрæмбырд кодтой, уыцы фосæн — афоныл холлаг бацæттæ кæныныл нæ батыхстысты. Зымæг сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æдзæллагæй æрæййæфта æмæ катайы бацыдысты. Ныхасы бар Быздмæ куы ’рхауд, уæд сын бауайдзæф кодта, фосы мæт сæрды кæнын хъуыд, зæгъгæ, ныр, дам, сæ уæлæ лæсæны бынмæ бата- рут æмæ сыдæй мæлыны бæсты зæйы бын амæлæнт. Ацы ныхæстæ дæр ахæм хуызы бавдыстæуыд, цыма Бызд, цæмæй колхоз фехæла, уый тыххæй фосы цæгъдын кодта. Æртыккаг хабар дæр мысæггаг уыд. Сæ фосæй Хъызлармæ цы дзуджы скъæрдтой, уыимæ цæуын кодтой Бызды дæр, фæлæ йе ’нæниздзинад нæ амыдта: Сыбыры фоцдз азы фæуыны фæстиуджытæ йыл æртæфстысты. Дзырд- хæсджытæ йын уый, цыма фыдæнæн кæны, ахæм хуызы бавдыстой. Æппæт уыцы хахуыртæ сæм фаг нæ фæкастысты, фæлæ ахæм тауыс ауагъ- той, цыма йæм бирæ сызгъæрин ис æмæ йæ хæдзары сисы амады бамбæх- 384
ста. Хъæуы фæсивæд февнæлдтой æмæ Хуытийы-фырты хæдзар дургай рай- хæлдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, ницы дзы ссардтой, фæлæ бинонты æнæ- дарæг куыд фæкодтой, афтæ сæ фæкодтой æнæ хæдзар дæр... Дзырд хæссынæн уæрæх фадæттæ куы вæййы, уæд ралæууы адæмы хуыздæрты цæгъдыны дуг дæр æмæ дзы, махмæйы хуызæн, æндæр ран спайдачындæуыд, уый æнхъæл нæ дæн. * * * Мæ фыццаг æртæ чиныгæн редактор уыди Мыртазты Барис. Уæлæн- гай куыст нæ кодта. Куыдфæндыйы цæстæй нæ каст къухфыстмæ. Йæ бон цы уыд, уымæй архайдта, цæмæй чиныгкæсæгмæ хæрзхъæддæрæй фæхæццæ уа, ууыл. Фæлæ-иу иуæй-иу хатт йæ фиппаинагимæ зын сразы уæвæн уыд. Ахæм заман-иу стыхст, йæ бынатæй-иу фестад, афтæмæй мæнæн мæ бон кусын нæу, зæгъгæ. Ды нырма æрыгон дæ æмæ дæ хъару фылдæр у, æз та, дам, уыйбæрцыты фаг нæ дæн. Æргом дзургæйæ, йæ ныхмæ лæууынæй ницы пайда уыд, уымæн æмæ- иу фылдæр хæттыты йæхи фæнд атардта... Мæ дыккаг чиныг «Ракæндзынæн дын мæ зарæг»-ыл куыстам. Иу æмдзæвгæйы дзы уыд ахæм рæнхъытæ: Ахстонау хæссын мæ зæрдæ гомæй, Фæлæ йын хъæуы уæдцæр дæгъæл. Барисы зæрдæмæ цæмæдæр гæсгæ фыццаг рæнхъ нæ цыди æмæ йæ аивыныл ныллæууыд. Цы нæ йын фæкодтон, уадз æй, зæгъгæ. Нæ ба- састи. Кæрæдзимæ тызмæгæй дæр сдзырдтам, уæддæр йæхи фæнд атард- та æмæ ахæм вариантыл æрлæууыдыстæм: «Æз хæссын лæппуйы зæрдæ гомæй...» Æрлæууыдыстæм, зæгъгæ, зæгъын, афтæмæй мæнæн æппындæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыди, фæлæ редактор цы нæ кæны, автор цы нæ бары! Рацыди афтæмæй чиныг. Æмдзæвгæ мын уыцы рæнхъы тыххæй фе- над. Иуцасдæры фæстæ газеты фæзындысты Барисы ног æмдзæвгæтæ. Се ’хсæн уыд ахæм дыууæрæнхъон: Ахстон у мæ зæрдæйы хуызæн, Ма йæ хал, ыстыр хъыг мын уыдзæн. Чехойты Сæрæби тынг цæстуарзон адæймаг уыд. Исчи-иу ын йæ ног фыстытæ куы каст æмæ-иу дзы искæцы æмдзæвгæ кæнæ рæнхъ йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд-иу афтæ фæкодта: «Уый мæн куы уаид!» Ба- рис мын афтæ куы загътаид, уыцы рæнхъ мæ зæрдæмæ цæуы æмæ-ма мын æй балæвар кæн, зæгъгæ, уæд мын бирæ æхсызгондæр уыдаид, стæй йын «нæгъ» зæгъын дæр нæ бафæрæзтаин. Æнхъæлдæн, Николай Асеев уыди, йæ рæнхъытæй кæцыдæр Маяковскийы зæрдæмæ фæцыд æмæ йын æй балæвар кодта. Куы зæгъын, хъыг мын уыд, ме ’мдзæвгæ, мæн куыд фæндыд, афтæмæй кæй нæ рацыд, уый, фæлæ ме ’мдзæвгæ æнæвнæлдæй мæ чи- 25ДзасохтыМ. 385
ныгæй дæр æмæ Барисы æмдзæвгæтæй дæр «Рæстдзинад» раздæр ныммы- хуыр кодта. Мæнæй ма уый рох дæр фæци. Куы йæ ’рхъуыды кодтон, уæд мын дзæвгар фенцондæр. * * * Уæрæседзаутæ кæцы хъæуы нæ уыд, ахæм, æвæццæгæн, нæ разындзæн. Уыдысты Бæрæгъуыны дæр. Хуымæтæджы хъал уыдысты сæхицæй! Уæвгæ сæ дарæсæй хъал уыдысты зæгъын растдæр уыдзæн, уымæн æмæ сæм, æндæр цæмæй раппæлыдаиккой, ахæмæй ницы уыд. Сæ цырыхъхъытæ æмæ сæ дарæсы цæппæртæ-иу афтæ сæрттивын кодтой æмæ, дам-иу асæст бон дæр цæхæртæ калдтой. Фынджы уæлхъус дæр сæхи уæлбикъон дард кодтой. Уæлæсыхаг Газакк сын сæ хъуын хорз ацагъта. Уæрæседзаутæ бирæ кæм уыд, иу ахæм куывды хистæрæн бадт æмæ, дам, ахæм сидт рауагъта: — Цæй, уæдæ, цæппæр, цырыхъхъ æмæ тыхлæджы цæрæнбон бирæ уæд! * * * Мæ каистæн дыууæ цæхæрадоны ис. Иу — сæ хæдзары цур, иннæ — Æрыдоны доны был. Йæ рæстæджы, кусæг ма сæ куы уыди, уæд дыууæ дæр цæхæртæ калдтой, ныр дзы иумæ дæр зилæг нал и, фæлæ. Уæд ма мæ бинойнаджы мад йæ къæхтыл цæуынхъом уыд. Йæ кæстæртæ дæр-иу æм фæкастысты. Цы хъуыдыйады кой ракæнынмæ хъавын, уый дæр уæд равзæрди. Цæвиттон, доны былы цæхæрадонæн йæ бацæуæны хуымæтæджы дуар йеддæмæ ницы ис. Цæмæй йæ сывæллæттæй мачи бакæна, уый тыххæй- иу æй гуыдырæй сæхгæдтой. Гъе æмæ уыцы гуыдыр æмæ йæ дæгъæлы фæрцы æнæнхъæлæджы райгуырд ахæм тагъддзуринаг: доны былы цæхæрдоны дуары гуыдыры дæгъæл... * * * Ме ’рвад Герсан штольняйы куыста. Йæ сменæ-иу куы фæци, уæд-иу иннæты хуызæн йæ кусæнгæрзтæ сæрмагонд скъаппы бафснайдта, гуы- дыр-иу ыл сæвæрдта, фæлæ-иу æй чидæр байгом кодта æмæ йын-иу йæ дзаумæттæ ахаста. Афтæ цалдæр хатты. Кусæнгæрзтæ ’лхæнынæй куы сфæлмæцыд, уæд бавдæлд, æмæ дынджыр бурхъус калм æрцахста - кæлмытæм тынг æмхиц уыд, дæсны уыд кæсаг ахсынмæ дæр — æмæ йæ скъаппы бавæрдта. Давæг та иуафон фæзынд. Цалынмæ дуар гом кодта, уæдмæ калм, æвæццæгæн, сызнæт æмæ, куыддæр фегом, афтæ йæ сыф- сыф ссыд. Къæрныхæн калмы ауынгæйæ йæ зæрдæ бахъарм. Герсан æй уадзыгæй æрбаййæфта. Уæдæй фæстæмæ давæджы Мызуры ничиуал федта. * * * Уыцы аз август æнæхъæн бинонтæй дæр Мæскуыйы бынмæ фысджы- ты сфæлдыстадон хæдзар «Малеевка»-йы арвыстам. Кæд нæхицæй дыууæ 386
мин километры дарддæр уыдыстæм, уæддæр мæ лæппуты хыл Мæс- куыйы райдыдта. Алан афтæ фæкодта: — Нæхимæ куы ссæуæм, уæд фыццаг мæхи æз найдзынæн. — Нæгъ, æз! — фæхъæр ыл кодта Тамерлан. — Æз хистæр дæн. — Æз! — скæуæгау кодта Ацæмæз,— æз кæстæр дæн... * * * «Молодой куммунист»-ы цыбыр рæстæг Мамсыраты Муратимæ акуыс- там. Иу сылгоймаджы дзы кæйдæр æрмæг адавгæ æрцахстон. Бафхæрд- тон æй, æмæ мæм уый тыххæй фæхæрам. Иу хайады кæимæ куыста, уыцы лæппуйы дæр мыл сардыдта æмæ мæ ныхмæ архайын байдыдтой. Æргомæй сæ бон ницы уыд, фæлæ — сусæгæй. Уый бавдæлд, æмæ мыл æнæном цъыфкалæн ныффыста. Кæдæм æй арвыста, уыдон мæм æй равдыстой. Писмо уыд джиппы уагъд дамгъæтæй фыст, фæлæ мын йæ ныффыссæг æнцон базонæн уыд. Уæд иуахæмы ацы Деликов чи у, уый Муратмæ бацыд æмæ йын афтæ зæгъы, чидæр, дам, мæ хъыгдары æмæ йыл ныффыссынмæ хъавын. Мурат ын афтæ куы бакæнид: — Джиппæй фыст дамгъæтæй йыл^ныффысс. Лæппу цыдæр ахæрæгау фæци. Йæ дзыхæй ныхас дæр нал схауд, афтæмæй феддæдуар. * * * Æнæнхъæлæджы мæ æрæгвæззæджы Мæскуымæ цæуын бахъуыд. Мæ уæлæ плащæн цы скодтаин, уый нæ уыд. Мæ хæлæрттæй йæ кæмæндæр загътон æмæ, дам, «Цæгирфæлхасцæдис»-мæ япойнаг плащтæ ’рбалас- той. Сæрдарæй дзы куыста Баситы Ислам. Ахæм митæ никуы кодтон, фæлæ уæд ме ’гъдау фехæлдтон æмæ Исламмæ телефонæй ныдздзырд- тон. Дзæбæх цæстæй мæм ракаст, афтæмæй хæстæг зонгæ дæр нæ уыдыстæм. Ныццыдтæн æм. Бацин мыл кодта, стæй иннæ уатæй тыхто- нимæ рацыд. Райхæлдта йæ æмæ мæм дзуры: — Абар-ма йæ. Мæ тæккæ аккаг разынд. — Æнæнизы дарæс дын фæуæд! Партийы обкомы дыккаг секретарь Павел Дьячукæн æй ныууагътон, фæлæ уал уый фæлæудзæн... Ахæм ныхæстæ зæгъдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Æнæуи та мын сæ фехъусын æхсызгон уыд. Хицау æм бирæтау бынтон бæрзонд æвæрд кæй нæу, стæй уыцы хъуыддаг æргомæй кæй загъта, уымæй мæ цæсты дзæвгар фæкадджындæр, уымæн æмæ ахæм ми лæгдзинадыл дзурæг у. Тынг адджынæн фæдардтон уыцы плащ. Уыимæ йын баихсийын æмæ базæронд уæвыны хъомыс нæй. Абон дæр ма ноджы хуызæнæй лæууы, афтæмæй йæ, куы зæгъын, даргæ бирæ фæкодтон. 387
Мæ иу зонгæйыл ацы аз цыппарыссæдз азы сæххæст, афтæмæй ма уæддæр уарзондзинадыл æмдзæвгæтæ фыссы. Омæ æгайтыма фыссы, фæлæ иу сылгоймаджы йæхицæн аккагыл нæма баныма^та. Ходы Кама- лимæ нæ хорз зонгæйы хъысмæтыл сагъæс кæнгæйæ æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ: «Уарзондзинадыл æртæфондзыссæдз æмдзæвгæйы ныффыс- сыны бæсты фæлтау иу ус куы ракуырдтаид, уæд хуыздæр уыдаид». * * * Ацы хабар мын Мзокты Валентин радзырдта. Се ’рвадæлтæй иу чидæр хицауы бынаты куыста æмæ хиуæттæй йæхимæ хæстæг никæй уагъта, æз, дам, куыстмæ, канд хиуæттæ нæ, фæлæ йæ мыггаг «м»-йæ кæмæн рай- дайы, уыдонæй дæр никæй исын. * * * Мамсыраты Мурат къамисæджы куыстмæ кæй арæхсы, уый йæ хæлæртгæ иууылдæр зыдтой. Ноджы йæ къамтæ газеты цæуын куы райдыдтой, уæд æй иууылдæр хуызисæгыл банымадтой. Йе ’ххуысы сæр-иу кæй бахъуыд, уыдонæй «нæ» никæмæн дзырдта. Йæ иу зонгæ, Давид, зæгъгæ, йæ чыз- джы моймæ лæвæрдта æмæ Муратмæ æрхатыд, афтæ æмæ афтæ, хуыцау- боны мæ чызджы дæтдзынæн æмæ, дам, дзы къамтæ куы сисис, уæд дын æй никуы ферох кæнин. Зæрдæ йын бавæрдта æмæ ууыл сæ ныхас ахицæн. Мурат иудзæвгар ауад, афтæ Давид йæ фæстæ хъæр кæны: — Дæхæдæг дæр-иу рацу!.. * * * Арфæтæ алыхуызæтгæ сты. «Дæ бон хорз!», «Дæ райсом хорз!», «Де ’зæр хорз!». Æмæ дзы алкæмæн дæр ис хицæн дзуапп: «Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд!», «Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд!», «Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд!» Æрмæст цæмæдæр гæсгæ «Дæ сихор хорз!», зæгъгæ, никæмæн фæзæгъæм. Цæуыннæ, ууыл ныронг никуы ахъуыды кодтон. Фæлæ, уæлдæр цы арфæтæ ранымадтон, растдæр зæгъгæйæ та, цы дзуæп- пытæ сын рардæвæййы, уыдонмæ гæсгæ æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: бон дæр, райсом дæр, изæр дæр дзæгъæл не сты: Бонæн йæхийау йæ райсомæн ис Изæры хуызæн, æвæццæгæн, хицау Зæрондæй æмдзæвгæтæ фыссынмæ чи бавналы, уыдонимæ дзурын бæллæх у. Фыссын кæй нæ зонынц, ууыл сæ ничи баууæндын кæндзæн. Хæфсæн йæ лæппын хуры тын у, уыдонæн та сæ лæппынтæ хуртæ сты. Махмæ, ома «Ногдзау»-мæ дæр иу ахæм «фыссæг» фæцахуыр. Æмдзæвгæтæ нæ фыссы, зæгъгæ, уæд æм адæймаг ницы аипп ссарид. 388
Ирон æгъдауджын лæг цы уа, уый у. Фæлæ йæ йæ хæйрæджы хай æмдзæв- гæтæм фæцарæзта æмæ йæхицæн, иуæй, сæрнизтæ аразы, иннæмæй — знæгтæ. Йе ’мдзæвгæтæ йын чи нæ фæмыхуыр кæны, уымæ дзыхæй нал фæдзуры, фыдгулы цæстæй йæм акæсы. Æрбахаста нæм йе ’мдзæвгæтæ. Рауадзыны аккаг нæ уыдысты, фæлæ дзы уæддæр, йæ зæрдæ йын балхæнæм, зæгъгæ, йæ тынг даргъ æмдзæвгæйæ цалдæр рæнхъы мы- хуырмæ бацæттæ кодтам. Йæ зæрдæмæ нæ фæцыди, кæй йын æй ныццы- быртæ кодтам, уый æмæ йæ фæстæмæ ахаста. Ныр æй мах радон номыры сæвæрдтам, нывтæ дæр ма йын бацæттæ кодтам. Гæнæн нал уыд æмæ мæхицæн тагъд уыцы нывтимæ чи сфидыдтаид, ахæм æмдзæвгæ фысгæ ’рцыд. Мæнæ уыцы цалдæр рæнхъы: Иу фæлтæр иннæуыл чи бæтты, уыдон Адцжын, зынаргъ ысты зæрдæйæн, удæн. Намыс кæмæ у уæлдæр æвæрд цардæй, Уый ном ыскъахын нæ бакомдзæн сартæй. Адæмы низтæй цы лæг сæйы, уымæн Тас нæу ысхъамыл уæвынæй йæ хуымæн. Чи уа йæ кæстæртæй буц æмæ райгонд, Уымæн цæудзæни йæ разæй йæ амонд. Галиуæй рахиз кæмæ у хæстæгдæр, Уый цыт цæрдзæни цыфæнды рæстæгдæр. Чи уыд йæ заманы адæмæн уарзон, Алкæцы дугдæр уый хондзæн йæ фаззон. Йæ сины саст фæрæстмæ и, зæгъгæ, дæр, æвæццæгæн, ахæм рæстæг фæзæгъынц. «Все что не случается, случается к лучшему», — уырысмæ та ахæм уадзæн ис. * * * Иу хатт Хуыдæлты Тепсыр Бæрæгъуыны уынгты æрцæйцыд æмæ лæппутæ иу рæгъы лæугæ куы ауыдта, уæд сæм дзуры: - Фæрсæй-фæрстæм ма лæуут, исчи уыл кау абидзæн! * * * Иу лæппуйæн йæ цæст фæсахъат. Йæхи зонынхъом куы фæци, уæд йæ мады фæрсы: - Мæ цæст цы кодта? - Хæсгардимæ фæцæйтахтæ, размæ бахаудтæ æмæ йæ иу цыргъ кæрон дæ цæсты бауад. 389
— Æмæ мæм хæсгард цæмæн радтай? — Бæргæ дын æй нæ лæвæрдтон, фæлæ кæугæ кодтай... — Æмæ ма нырмæ дæр куыдтаин? * * * ~7 Иу лæппу иннæйы бæсты диктантæй фæлварæн дæттынмæ бацыд. Цæугæ бæргæ бакодта, фæлæ йæ балц нæ фæрæстмæ: «иу» райста. Кæй бæсты бацыд, уый йын алывыд акалдта, мæхæдæг куы бацыда- ин, уæд «дыууæ» уæддæр райстаин, зæгъгæ. * * * Фысджыты сфæлдыстадон хæдзары базонгæ дæн уырыссаг поэт Вла- димир Приходькоимæ. Сывæллæттæн бирæ чингуытæ ныффыста. Сфæнд кодта, Къоста сывæллæттæн цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уыдон уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнын æмæ сæ хицæн чиныгæй рауадзын. Æхсызгон мын уыди, Къостайæн ма ноджыдæр иу тæлмацгæнæг кæй фæзынди, уый. Æхсызгон ма мын уый тыххæй дæр уыди, æмæ мын фадат фæци, йæ «дзывылдар» ын уырыссагау дæр «дзывылдар» схонынæн. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ «дзывылдар» уырыссагау у «трясогуз- ка», тæлмацгæнгæнджытæ та йæ раивтой æмæ схуыдтой «синица». Дзы- вылдар, хуссармæ чи атæхы æмæ йæ зымæг уым чи арвиты, ахæм маргъ у, синицæ — мит-митгæнаг (?) та ам баззайы. Уыцы хабæрттæ радзырд- тон Владимирæн, «Дзывылдар» ын дæлрæнхъон тæлмац скодтон æмæ фыццаг хатг Къостайы «Дзывылдар» уырыссагау «Трясогузка»-йæ рацыд. Приходько Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд схуыдта «А-ло-лай!». 1984 азы йæ мыхуыры рауагъта Мæскуыйы чиныгуадзæн «Малыш». * * * «Рæстдзинад»-ы дзырдбыдтæ ивгъуыд æнусы 60-азты фæзындысты. Фыццæгты уал сæ нæхи кусджытæ арæзтой. Йæ хъус сæм уæлдай тынгдæр дардта Хъуылаты Чермен. Радон номырмæ цы дзырдбыд бацæттæ кодта, уый бахаста редакторы хæдивæг Дзугаты Барисмæ. Уый йæм кæсы æмæ дзырд «кагор»-мæ бахæццæ. Ныр Чермен йæ уæлхъус лæууы. Фæрсы йæ: — Ай цы у? — «Кагор». — Æмæ «Кагор» цы у? — Ау, уый дын мæн амонын хъæуы? Зындгонд индиаг фыссæг. — Дæуæн дæ сæры кагор йеддæмæ ницы и, — сбуста йыл кодта Ба- рис,— æндæр индийаг фыссæг Тагор у, кагор нæ, фæлæ! * * * Ирон театры сæйраг режиссер Хуыгаты Геор мын йæ чиныг «Æрдхорд æфсымæртæ» балæвар кодта æмæ дзы ныффыста ахæм ныхæстæ: «Муза- фер, мæ хæлар! Мæ пьесæты чиныг дын лæвар кæнын, кæд смæсты уаис 390
æмæ ды дæр пьесæтæ фыссын райдаис. Ахæм поэт, прозаик, театруарзаг æмæ иу пьесæ ма ныффысс! Хуыцаудæр дын æй нæ ныббардзæн æмæ æз дæр! Дæхи Хуыгаты Геор. 1998 азы 31 август, Дзæуджыхъæу». Ахæм ныхæстæ-иу мын фембæлгæйæ дæр арæх дзырдта, фæлæ йын йæ фæндон, зæгъæн ис, æмæ нæ сæххæст кодтон. Уыйхыгъд пьесæтæ бирæ стæлмац кодтон, дæсæй дзы фылдæр æвæрд æрцыд ирон театры сценæйы. Уæлдæр, «зæгъæн ис», зæгъгæ, хуымæтæджы нæ загътон. Цалдæр пьесæйы ныффыстон: дыууæ Дауыраты Харитонимæ — «Йæ фыды фырт» æмæ «Мæ цъæхдзыкку уалдзæг», иу — Кцойты Любæимæ — «Хорз кæрон», иу та — иунæгæй. Мæхæдæг кæй ныффыстон, уый хуыйны «Цæрæн бы- нат». Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ радиойæ фæдæттынц. О, хæдæгай, ныффыстон ма иуактон пьесæ «Æвронггæнæн хос». А. П. Чеховы æмномон радзырдмæ гæсгæ. Чи зоны, Хуыцауы раз дæр æмæ Георы раз дæр бынтон аххосджынæй нæ баззадтæн. * * * Чехойты Сæрæби мæ хъæуккаг поэт уыд, фæлæ йæ чи зыдта, уыдонæй йæ бирæ сæхи хъæуккаг рахоныныл дæр нæ бафæстиат уыдаид, уымæн æмæ йæм иууылдæр хионы цæстæй кастысты. Бирæ фыдæбæттæ бавза- рыны фæстæ дæр уыцы зæрдæхæларæй баззад. Лымæнтæ йеддæмæ йын знаг нæ уыди, фæлæ, куы зæгъын, цардæй ницы федта. Аст азы бынтон æнаххосæй ахсты ном фæхаста. Куы суæгъд, уæддæр йæ бонтæ тыхст æмæ уырыдæй æрвыста, раздæр кæйдæр къуымты, стæй та, йæ хидвæл- лойæ цы иунæг уат бакуыста, уым. Йæ бинойнаг Ленæ дæр уыдис йæхи хуызæн хæдæфсарм, зын- дзинæдтæн быхсон æмæ фæразон. Сæрæби, зæгъæн ис, æмæ æрыгонæй амард. Дыууадæс æмæ дыууиссæдз азы нæлгоймагæн бирæ рахонæн нæй, фæлæ, цардæй домд адæймаджы низтæ карæй нæ фæрсынц. Ленæ иунæгæй куы баззад, уæд йæ уавæртæ дзæвгар февзæрдæр сты. Фæцу- дыдта йе ’нæниздзинад дæр. Хъысмæты афтæ бафæндыд, æмæ Сæрæбийы амардыл цалдæр азы куы рацыд, уæд мæнæн фатер радтой, Сæрæби кæм цадо, уыцы хæдзары, æмæ Ленæйы, зæгъæн ис, æмæ алы бон дæр уыдтон. Йæ царды хабæрттæ-иу мын кодта. Хæстæг-хионæй йæм æввахс ничи цард æмæ тыхсти, низтæ йæ сæ быны куы скæной, уæд цы фæуыдзæн, ууыл. Сæрæбимæ хъæздыг биб- лиотекæ уыд, æмæ мын-иу Ленæ афтæ бакодта, рацу æмæ дæм цавæр чин- гуытæ нæй, ахæмтæ равзар æмæ сæ рахæсс. Мæ зæрдæ никуы бакуымдта уырдæм бацæуын. Сылгоймаг куы никæцырдæмуал æххæст — иуæй йæ цæрын хъуыд, иннæ ахæм ыл низтæ сагъуыд сты æмæ йæ хостæ фылдæр æлхæнын хъуыд - уæд чингуытæ уæй кæнын райдыдта æмæ, цы ’хца иста, уымæй-иу йæ кæцыдæр скъуыдтæ бампъызта. Иу заман та мын афтæ зæгъы, фæндаггаг мæм куы уаид, уæд, мæ хæстæджытæ Мæскуыйы бынмæ цæрынц æмæ уырдæм ацæ- уин. Æз чингуыты рауагъдады уæды директор Икъоты Юрийæн хабæрттæ радзырдтон æмæ сылгоймагæн баххуыс кæныныл сразы. Зæрдæ бавæрд- тон Сæрæбийы æмдзæвгæтæ бацæттæ кæнынæй, Юрий та сæ рауадзынæй 391
æмæ къухфыстыл редактор Дзуццаты Зæлинæимæ кусын райдыдтам. Сæрæбийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ныффыстон, иу мыхуырон сыфæй фылдæр уьщ, ахæм статья æмæ уыцы æрмæгимæ цыбыр рæстæгмæ чиныг дунейы рухс федта. Цы ’хцайы капеччытæ дзы райста, уыдоныл Ленæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бацин кодта, уымæн, æмæ’уыдоны фæрцы йæ бон баци йæ хæстæджытæм ацæуын. Фатер ам дуарæхгæдæй баззад. Цас рæстæг рацыдаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ иу бон Хæблиаты Сафармæ - фысджыты Цæдисы сæрдары уæды хæдивæгмæ - Ленæ теле- фонæй сдзырдта æмæ йын йæ хъæстытæ фæкодта. Цавæр хъæстытæ уыдысты, уый тыххæй Сафар бæлвырдæй ницы загъта, фæлæ мын бамбарын кодта, зæрæдты хæдзары мын бынат куы ссариккат, уæд уырдæм ацæуин, мæ фатер та фысджытæй искæмæн раттин, зæгъгæ. Сафар зæрæдты хæдзары директор Закаты Иринæимæ баныхас кодта, фæлæ Ленæ телефонæй нал сдзырдта... * * * Тар хъæды бæлас калын нæ комы, Куы кæла, уæддæр хъæды кæронмæ... Зарæджы ацы ныхæстыл никуы ахъуыды кодтон, ахъуыды кæнын та сыл цыма æмбæлди, афтæ мæм кæсы. Æцæгæйдæр, тар хъæды бæлас калын цæуыннæ хъуамæ кома? Тар чи нæу, уыцы хъæды бæлæстæй цы уæлдай у? У, æвæццæгæн. Тар хъæды бæлæстæ кæрæдзимæ хæстæг фæлæу- уынц, æмæ дзы иу куы акалай, уæд æй иннæтæ хауын нæ бауадздзысты. Хъæды кæрон цы бæлас акалай, уый та æрфæлдæхдзæн, уымæн æмæ, цæуыл банцой кæна, уый нæ уыдзæн. Зарæгæн ныхæстæ чи фыста, уый дæр канд рифмæйы мæт нæ кодта: йæ сæйраг сагъæс хъуыдыйыл уыд æмæ йын йæ равдисын, хуыздæр нæй, афтæ бантыст. * * * Иуæй-иу фысджыты адæм зонынц, Сталины ныхмæ кæй дзурынц, уымæй, иннæты та — сæ фыстытæй. * * * Плиты Грисы райгуырдыл дæс æмæ дыууиссæдз азы куы сæххæст, уæд ын ирон театры стыр литературон изæр сарæзтой. «Рæстдзинад»-ы номæй дзы ныхас кодтон æз. Бакастæн, мæхæдæг æмдзæвгæйы хуызы кæй ныффыстон, уыцы арфæ. Арфæйы ныхæстæ дзы уыди бирæ. Уыди дзы зарджытæ, æмдзæвгæтæ, спектакльтæй скъуыддзæгтæ, фæлæ дзы мæ зæрдыл бадардтон ахæм номыр: «Плиты Иссæйы зарæг». Ныхæстæ йын ныффыста Плиты Грис, музыкæ — Плиты Христофор, зарыди йæ Плиты Грис — поэт Грис нæ, фæлæ зарæггæнæг Грис... * * * Мызиков Володяимæ Мæскуыйы дыууæ азы иумæ фæцахуыр кодтам, цæргæ дæр иу уаты кодтам. Йæхицæй уæздандæр, æмгарджындæр, курдиатджындæр, 392
зæрдæхæлардæр адæймæггæ бирæ нæ федтон. Ирæтгимæ афтæ балымæн, æмæ йыл иууылдæр не ’мзæххонау æнувыд уыдысты. Тынг лымæнæй царди се ’ппæтимæ дæр, уæлдайдæр — Фардзинты Савелий æмæ Созанаты Эльбру- симæ. Æмдзæрæны дæр не ’хсæн иу уат йеддæмæ нæ уьщи. Къостайы райгуырдыл авдыссæдз азы куы сæххæст, уæд юбилейы кадæн Мæскуыйы рауагъдад «Современник»-ы цыдис йе ’мдзæвгалы чиныг. Мы- хуыр та йæ кодтой Волгограды типографийы. Володя та уыцырдыгон уьщ. Цæмæй чиныг бæрæгбоны агъоммæ рацыдаид, уый тыххæй Ходы Камал — уæд куыста мыхуыры æмæ рауагъдæдты комитеты сæрдарæй — æмæ мæн арвыстой Волгæйы был горæтмæ. Уым Камал базонгæ Володяимæ æмæ уыимæ дæр бахæлар. Фæстæдæр — кæд раздæр уыди, уæддæр нæ зонын — Володяйы уазæгуаты схуыдтон нæхимæ. Иу кьуырийы бæрц фæци Ирысто- ны. Тынг ыл бацин кодтам иууылдæр, уæлдайдæр Фардзинты Савелий — хæхтæ йын фенын кодтам, базонгæ нæ зæрдылдарæн бынгеттимæ. Уæд æз куыстон Цæгат Ирыстоны радиохъусынад æмæ телеуынынады ко- митеты. Володяимæ партион скъолайы ахуыр кодтам журналистикæйы хайа- ды. Ахуыры размæ уый куыста Волгограды облæсты фæсивæды газеты редак- торæй, æз та — «Молодой коммунист»-ы редакторæй. Хъазгæйæ ма-иу афтæ дæр дзырдтам: «Иу уаты дыууæ редакторæн иу литературон кусæг дæр нæй». Володя ма журналисты куыстæй уæлдай фысга æмдзæвгæтæ дæр, рацыдис ын чингуытæ. Гъе æмæ йæ нæ радиомæ æрбахуыдтон, йе ’мдзæвгæтæ бакаст æмæ сын гонорар куы райста — цас гонорар уыд, фæлæ уæддæр — уæд мын æхсызгон уьщ. Æрмæст мæ цин бирæ нæ ахаста... Володя ацыд æмæ дзы мæ кæстæр лæппу Ацæмæзæн велосипед балхæдта... Мамсыраты Мурат рынчындонмæ бахауд. Машинæ йæ скъуырдта æмæ йæ сæры магъз сæнкъуыст. Куы сдзæбæх, уæд ма йæ æз мæстæй дæр мардтон: - Раст диагноз дын нæ сæвæрдтой. - Цæуыннæ? - Куыд рабæрæг, афтæмæй дæ сæры магъз нæй, цы дзы сæнкъуыста- ид, уый дæр нæ уыд, æмæ уый тыххæй æрлæууыдысты ахæм диагнозыл: сæнкъуысти йæ сæры кæхц. Мурат цы дзуапп радтаид, уый нæ зыдта, æрмæст ма Тæрхъус, зæгъгæ фæкодта. Цыфæнды кæд уыди, уæддæр иуцасдæр рынчындоны фæхуыссыд. Фæлмæцын райдыдта, фæлæ йæ дохтыртæ хæдзармæ нæ уагътой, афон, дам, дын нæма у. Мурат, афон ын у æви нæма, уый сбæрæг кæныны тыххæй бавдæлд, æмæ изæрæй иу авг водкæ банызта æмæ райсомæй куы ницы æндæрхуызон фæци, уæд уыцы бон йæхи рафыссын кодта... * * * Иу сихорафон нæхимæ бацыдтæн æмæ фынг æнæхсад къусæй йæ тæккæ дзагæй баййæфтон. Уæвгæ дзы къус йеддæмæ ницы уыди?! Æвæдза, уыцы 393
фынг алыгъди, зæгъгæ, уæд нæ хæдзары дзаумайы мыггагæй ницыуал баззадаид. Марадз-зæгъай, кæд мæ хæрын нæ ферох! Уæдæ ныр бынтон æгадæй куыд аздæхон, зæгъгæ, гæххæтт æмæ ручкæ райстон æмæ ныф- фыстон: «Базон-базон, ацы мæгуыр лæгæн йæ ус цал азы размæ амард?» Гæххæтт, къусæй-къоппæй рагъамадæй кæм лæууыдысты, уым сæвæрдтон æмæ æххормагæй фæстæмæ раздæхтæн... Фæскуыст куы ’рбацыдтæн, уæд Фатимæйы — мæ бинойнаджы — нæхимæ ’рбаййæфтон. Куы мæ ауыдта, уæд фырхудæгæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Цæуыл худыс, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд, сыгъдæг æфснайд стъолыл, абон цы гæххæтт ныууагътон, уымæ ацамыдта... * * * Цæмæй дзыкка тагъддæр равдыла, уый тыххæй, дам-иу афтæ дзырдтой: Къæвда ’рбйцæуы, къæвда, Къæвда ’рбацæуы, къæвда... * * * Рæтæнæгъдтæ цыбыр сты, фæлæ гуыффæ йæ бынаты ис. * * * Æдылы дзурæгмæ зондджын хъусæг кæй хъæуы, уый зонын, фæлæ цымæ зондджын дзурæгмæ дæр æдылы хъусæг хъæуы? * * * Кæд адæймагæн йæхи райгуырын кæнын йæ бон нæу, уæд хъуамæ йæхи амарын дæр йæ бон ма уа. * * * Ацы хабар мын Хъуппеты Дзандар дзырдта. Æрхойнаг калмæн æрæгвæззæджы йæ тыхтæ æрлæмæгъ сты. Иу лæг æм фæцахуыр æмæ та- иу мæстæймарæгау йе ’нгуылдз йæ хуынчъы атьыста, фæлæ йын лæмæгъ калмы хæст ницы тых кодта. Куы дзы сфæлмæцыд, уæд бавдæлд, æмæ йæ хъаст бачъиттаг калммæ бахаста, афтæ ’мæ афтæ, иу лæг мæм фæца- хуыр æмæ мæ цæрын нал уадзы, зæгъгæ. Хæцгæ йыл бæргæ фæкæнын, фæлæ, æвæццæгæн, мæ марджы тых нал и æмæ йæ хъуыды дæр не ’ркæны. — Мæ бар-ма йæ бауадз! - æртхъирæнгæнæгау загъта бачъитгаг калм. — Æрмæст мæ доны фаллаг фарсмæ де ’ккой бахæсс: æз ленк кæнын нæ зонын. Æрбахаста йæ фаллаг фарсмæ æмæ йын йæ хуынкъ бацамыдта. Бады бачъиттаг калм æрхойнаг калмы хуынчъы æмæ æнхъæлмæ кæсы, лæг та йæ къух кæд æрбадардзæн, уымæ. Уæдмæ фæзынди уый дæр æмæ та йе ’нгуылдз калмы хуынчъы фæцавта. — Æллæх! — фæхъæр ма кодта лæг æмæ йæ уд фелвæста. Бачъиттаг калм хуынкъæй ралæст æмæ æрхойнагæн афтæ: 394
— Æрдæбон мæ доны сæрты де ’ккой куы ’рбацæйхастай, уæд мæ къæдзилы кæрон ахуылыдз, æндæр «æллæх» зæгъын дæр йæ бон нал бауыдаид... Хуымæтæджы нæ баззад ныхас: «Бачъиттаг калм æмæ хъыхъхъаг куы- дзæй фæхæцынæй куыд тæрсай, афтæ тæрсын хъæуы фыдсылæй дæр». * * * А. С. Пушкины райгуырды 200 азы бонмæ фысджыты Цæдис æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон чингуыты рауагъдад «Ир» бауынаффæ кодтой поэты æмдзæвгæтæ ирон æмæ уырыссаг æюæгтыл рауадзын. Чиныг бацæтгæ кæнын хæсгонд æрцыд мæнæн. Рацыди æмбырдгонд аив фæлгонцгондæй. Мæскуыйæ нæм поэты бæрæгбоны фæдыл ссыди уазджытæ, сæ сæргъы Анатолий Парпара, афтæмæй. Йемæ сласта хæрзиуджытæ — Пушкины майдантæ, æмæ дзы ахæмтæм æрхауд, Пушкины уацмыстæй иу рæнхъ дæр чи никуы ратæлмац кодта, стæй юбилейон чиныгмæ хæстæг дæр чи нæ бацыди. Уыцы хабар мын мæ зæрдыл рагон анекдот æрлæууын кодта. Дыууæ гуырдзиаджы Мæскуыйы стыр уынджы фæцæйцыдысты æмæ, Гоголы цыртдзæвæнмæ куы бахæццæ сты, уæд дзы иу иннæйы фæрсы: — Ацы цыртдзæвæн кæмæн сæвæрдтой? — Гоголæн. — А, «Муму» чи ныффыста, уымæн? — Нæ-а, «Муму» Тургенев ныффыста. — Диссагæй цы кæныс! «Муму» Тургенев ныффыста, цыртдзæвæн та Гоголæн сæвæрдтой. * * * «Рæстдзинад»-ы цыппарыссæдз азы юбилей куы бæрæг кодтой, уæд иу поэт рацыд æмæ йæ ныхас райдыдта афтæ: — Цæмæй мæ ныхас цыбырдæр рауайа, уый тыххæй æмдзæвгæ бакæс- дзынæн,- æмæ, раныхасæй даргъдæр чи уыд, ахæм æмдзæвгæ бакаст. * * * «Мæ бары хай»,— афтæ дзырдта не замаыты сылгоймаг йæ лæгмæ. * * * — Пуй - йаллаурсинаг! — мæстыйæ-иу мæ мад афтæ арæх загъта. Фæстæдæр уыцы дзырдтæ никæмæйуал фехъуыстон, фысты дæр сыл никуы фембæлдтæн. * * * Къæзæнæг заргæ куы фæкæны, уæд къæзæнæг нал вæййы. Иу къæзæнæгæн, дам, йæ сыхаг афтæ зæгъы, æдзухдæр-ма заргæ кæн, цæ- мæй дæ къæзæнæг ма зына. Уый, дам, ын афтæ: — Æмæ дæ бинонты хуыздæр куы амæла, уæддæр-иу заргæ бацæуон? 395
* * * Нæ кусджытæй иуæн йæ цонгыл уайæгой абадт, атыдта йæ, æмæ къух ныррæсыд. Рынчындоны йæ æвæрын бахъуыд. Дыккаг бон æй цалдæрæй бабæрæг кодтам. Бадæм йæ цуры, ныхæстæ кæнæм, куыд вæййы, афтæ йын зæрдæтæ æвæрæм. Уæд нæ хистæр йæхи фæзондджйндæр кодта æмæ йын афтæ: — Æгонгæй, ма сæм хъус. Уый хуымæтæджы цъутхал нæу. Фарон мæ сыхаг дæр ахæмæй амард... * * * Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми мын куы радтой, уæд радиойæ Хæблиаты Сафармæ уацхæссæг æрбацыд æмæ дзы ракуырдта, цæмæй уыцы цауы фæдыл йæ хъуыдытæ зæгъа. Радзырдта, цы йæ зæрды уыдис, уый. Ралæвæрдтой йæ радиойæ. Бирæтæ йæ фехъуыстой, бирæтæ та — нæ. Уыдонимæ æз дæр. Сафар мын ницы загъта, радиойы кус- джытæй дæр мæм ничи фæхабар кодта, Сафар дæу тыххæй дзурдзæн æмæ- иу уæд æмæ уæд байхъус, зæгъгæ. Дыккаг бон æнæнхъæлæджы радиомæ^хъусын æмæ та Сафары интер- вью ногæй дæттынц. Байхъуыстон æм. Йæ ныхæстæ иууылдæр зæрдыл æмбæлдысты. Æхсызгон ын уыди, кæдæй-уæдæй, дам, ма уыцы кад- джын преми литературæйы тыххæй лæвæрд æрцыд æмæ афтæ дарддæр. Куыстмæ куы ’рбацыдтæн, уæд мæ фæндаг Сафарыл акодтон — иу агъуысты куыстам, уый — дыккаг уæладзыджы, æз - цыппæрæмы — æмæ йын афтæ зæгъын: — Нæ фæлæ цы фыд-зæрдæ дæ! — Фыд-зæрдæйæ хъуаг нæ дæн,— мæ хъазæн ныхасæн мын хъазæн дзу- апп радта Сафар, — фæлæ уæддæр цы кодтон? — Куыд цы кодтай, радиойæн интервью радтай æмæ мын æй зæгъгæ дæр нæ кодтай, фæлæ йæ æз уæддæр фехъуыстон. — Дзеудзæлæй! — цыма йын хъыг уыди, уый хуызæн фæкодта Сафар,— мауал æй ныууадзæнт. Ныр мæм цалæй æрбадзырдтой, Музаферы тыххæй ахæм ныхæстæ цæмæн загътай, зæгъгæ!.. Æмæ ма радиоимæ баст иу ахæм хабар. Мæнæн преми куы радтой, уыцы Ног азы хæдразмæ мæм Чеджемты Æхсар телефонæй æрбадзырдта, нæ Ногбоны радиобакастмæ-ма-иу байхъус, дæу тыххæй дзы цалдæр ны- хасы уыдзæн, зæгъгæ. Æмæ мыл Сарæйы æмбисонд æрцыди. Афтæ йын зæгъынц: «Дæ бæрзæй ныхс, уазджытæ нæм æрбацæудзæн!» Уый сын бу- стæхуызæй загъта: «Æмæ куы нæ ’рбацæуой, уæд та? Æдылыйы хуызæн æхсад бæрзæимæ баддзынæн?» Уыйау, æз дæр радиобакастмæ фæхъуыс- тон, фæлæ дзы мæ кой иу ран дæр нæ уыди. Фæстæдæр мын Æхсар куыд радзырдта, афтæмæй йæ аппæрста, кæимæ йæ цæггæ кодта — бакаст дыууæйæ ныффыстой — уый. Æгæр даргъ, дам, уыди. Æвæццæгæн, равдысты ныхас кæй тыххæй цыд, уым Къостайы премийæ æнæахадгæдæр цау нæ уыд. Æппаргæ йæ чи акодта, уый та уымæй размæ уыцы премимæ æвдыст уыд, фæлæ йыл къамисы уæнгты фылдæр хай не схъæлæс кодтой... 396
Цард, æвæццæгæн, ныхмæвæрд хабæрттæй арæзт у. Радиойы мæ кой куы уыдис, уæд мын æй зæгъгæ нæ кодтой, зæгъгæ мын æй куы кодтой, уæд та дзы мæ кой нæ уыди. * * * Мæ рагон гæххæттытимæ разынд ахæм фыст: «Бицьоты Гришæ, Тотраты Руслан æмæ мæнæн фембæлд уыдис завод «Электроцинчы» кусджытимæ. Автобусы сбадтыстæм æмæ дзы Абайты Саламыл амбæлдыстæм. Æнамонд хабар нын фехъусын кодта, Жорж Дюмезиль, дам, амард. Мæ цæссыгтæ бауромын нал бафæрæзтон... Цыфæндыйæ дæр æгæр лæмæгъ дæн. Уай- тагъд мæ цæстытæ бауымæл вæййынц. Цымæ Дюмезиль мæнæй хæстæгдæр никæмæ уьщ? Цыма йæ мæлæтæй мæнæй тынгдæр ничи фæрыст, афтæ мæм цæмæн кæсы? Æви мæн Ирыстон йеддæмæ хæрзты никæмæн бацыд? Мæхимæ æваст бирæ мæгуырдæр кæсын райдыдтон. Цыма мæ фарс- хæцджытæн сæ тæккæ тыхджындæр афæлдæхт... Уæвгæ, уый æцæгæйдæр афтæ у. Абонæй фæстæмæ цыдæр ныфсæй мæхи æнæхай хонын райдай- дзынæн. Дард Францæй мæм цы егъау мæсыг æрттывта, уый рухсæй мын хай нал уыдзæн... Фæлæ нырма Абайты Васо æгас у æмæ хъуамæ мæхи мæгуыр ма хо- нон. Цалдæр боны фæстæ йыл 86 азы сæххæст уыдзæн. Арфæйы тел æм арвитын хъæуы. Лæппутæн зæгъдзынæн æмæ йæ иумæ куы бафыссæм, уæд хуыздæр уыдзæн. Иæ зæрдæйы цы æхсызгондзинад равзæра, уымæй кæд йæ цардыл цалдæр уысмы уæддæр бафтид. 1986 азы 11 декабрь. Р.8. Арвыстон Васомæ тел. Малиты Васо æмæ йæ Хъодзаты Æхсар дæр бафыстой. 1986 азы 20 декабрь». * * * Бæрæгъуыны цыдæр бæрæгбоны сæмбæлдтæн. Мæ хъæуккæгтимæ æмбырдæй лæууыдыстæм æмæ ныхæстæ кодтам. Уалынмæ иу лæппу æрба- цыд — æз æй нæ зыдтон, æвæццæгæн, дæс æмæ дыууиссæдз азы размæ хъæуæй куы рацыдтæн, уæд мæ фæстæ чи рахъомыл, уыдонæй - йæ сау рихитæ бынмæ дзæвгар æркъæдз сты, афтæмæй. Ме ’рвад Барис ын афтæ: - Уыдон дын цавæр рихитæ сты? Йæ фарсмæ цы бурдзалыг лæппу лæууыд, уый йæ бæсты дзуапп дæттынмæ фæрæвдз: - Зæбул рихитæ. - Ирон лæгæй хъуамæ зæбул мацы уа,— йæ дзуапп ын фæбынæй кодта ме ’рвад. * * * 1984 азы журнал «Мах дуджы» 7-æм номыры мыхуыргонд æрцыд фи- лологон наукæты доктор, профессор Гуыриаты Тамерланы уацхъуыд «Нымæцонтæ не ’взаджы». Цы хъуыдытæ дзы загъта, уыдон, уæзданæй дзургæйæ, гуырысхойаг сты, мæнгæфсон бындурыл æнцайынц, ком- коммæ дзургæйæ та — раст не сты. 397
Æз æвзагиртасæг нæ дæн, наукæмæ ницы бар дарын, фæлæ æнусы æмбисмæ ’ввахс ме ’рвылбоны архайд дæр дзырдтимæ у æмæ мæм цы фæлтæрддзинад æрæмбырд, ууыл æнцайгæйæ мæ бон зæгъын у: Гуы- рийы-фырт рæдийы, мыхуыры кусджыты раст фæндагыл нæ ардауы, не ’взаджы хъæздыгдзинæдтыл дзурæг иу фæзынд нын йæ мæгуырдзинад кæй хоны, уымæй. Цæмæн афтæ зæгъын, уый дарддæр бамбарын кæныныл бацархайдзынæн. Алчидæр зоны, æвзаджы цас фылдæр дзырдтæ уа, уыимæ иу хъуыды æвдисæгдзырдтæ дæр, уыйас хъæздыгдæр кæй у, йæ авналæнтæ уæрæхдæр кæй сты. Тамерланы зæрдæмæ та уыцы хъуыддаг нæ цæуы. Не ’взаджы, нымайгæйæ, дыууæ хуызы нымæцтæй кæй пайда кæнæм, уый ныхмæ æрлæууыд. «Дыууын», дам, литературон у, «ссæдз» та, æппындæр кæмæн ницы бартæ ис, ахæм нымæц. Цæмæй мæ ма ферох уа, уый тыххæй уал æрымысдзынæн, зæххыл цы ирæттæ цард, уыдонæй иронау, — дзурынæн нæ зонын, фæлæ, — фысгæ æппæты хуыздæр чи кодта, уыцы нæртон лæджы рæнхъытæ: Ыссæдз азмæ азгай Æххуырсты цыдтæн... Цы нæ кодтон радгай, Цы нæ-иу уыдтæн?! «Дыууын»-æй «ссæдз»-æй кæцы литературондæр у, уый нæ литера- турæйы бындурæвæрæг нæ зыдтаид, уый мæ зынтæй бауырндзæн. Иу дзырд иннæмæй баивын æмдзæвгæйы бæрцбарстыл дæр никæцырдыгæй фæзындаид. «Ссæдз» фелвас æмæ йын йæ бынаты «дыууын» авæр, æмæ æмдзæвгæйы рæнхъ «литературонæй» агæпп ластаид. Фæлæ Къоста афтæ нæ бакодта. Гуырийы-фырт куыд амоны, афтæ бакæнгæйæ, рæнхъæн йæ ахуырст ссыдаид, уды цъыртт дзы нал аззадаид. Ныр та Тамерланæн йæхи рæнхъытæ æрымысæм: «Ацы æнусы дыу- уынæм азты ирон культурæйы кусджытæ бауынаффæ кодтой, цæмæй ра- гон дугтæй баззайгæ дæсгæйттæй нымады системæ фидаргонд æрцæуа. Уый, кæд æрмæст дыгурон диалекты ранæй-рæтты йеддæмæ нал баззад, уæддæр дзыллæты зæрдæмæ фæцыд...» Ссæдзгæйттæй нымад ссæдзгай æнусты ирон æвзагæн фæлæггад кодта æнæзæрдæхудтæй. «Дыууын»-тæй нымад æвзаг йæхæдæг фæсвæд æрæвæрдта, йæ сæр æй кæй нал хъуыд, уымæн. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд æрмæст иу диалекты нæ баззадаид, уый дæр æххæстбарджынæй нæ, фæлæ «ранæй-рæтты». Ссæдзгæйттæй нымадæн бузныг зæгъыны бæсты йын Тамерлан хъоды бакæнынмæ зиу расидти: «...иуæй-иутæ ныффидар сты ссæдзгæйттæй нымадыл, къуылымпы кæнынц литературон нормæты хъуыддаг æмæ уымæй не ’взагæн йæ уавæр лæмæгъдæр кæны». Æмæ ма ноджыдæр: «...нæ культурæйы иуæй-иу кусджытæ ссæдзгæйттæй нымад афтæтынг цæмæн бауарзтой? Цæмæн ыл ныххæцыдысты афтæ æнувыдæй?» Ам Тамерлан йæхи ныхмæ дзуры. Фыццаджыдæр, æнæхъæн нымад нæ, фæлæ иунæг дзырдыл дæр тыххæй ныххæцæн нæй: æвзаг денджызау йæхæдæг йæхи сыгъдæг кæны. Дыккагæй та, «ссæдзгæйттæй нымад афтæ тынг бауарзтой» иугæйттæ нæ, фæлæ адæм иууылдæр. Ууыл Тамерлан 398
йæхæдæг дæр сæтты: «Хуымæтæджы ныхасы ссæдзгæйттæй нымад рæхджы нæ ахаудзæн, пайда дзы кæндзысты». Æмæ: «Нæ газеттæ, радио, теле- уынынад ацы фарстамæ æппындæр нæ кæсынц». Ай дын диссаг! Адæм ссæдзгæйттæй нымайынц, газеты йæ ныхмæ ничи у, радио æмæ телебакастыты «ссæдз» зæгъынæй ничи тæрсы, Гуырийы- фырт та къахсæттæгау ныллæууыд: «...литературон æвзаджы дæсгæйттæй нымад хъуамæ йæ бынат бацахса. Кæрон скæнын хъæуы, нымады хъуыд- даджы абоны онг цы æмтъерыдзинад и, уымæн». Цымæ ахæм домæнтæй цавæр хъуыддагæн ис кæрон скæнæн? Адæм æнусæй-æнусмæ цы нымад фæхастой æмæ ма йæ ноджыдæр бирæ рæстæг хæссынмæ цæттæ чи у, уыдоны дзыхыл цъутта сæвæрæн куыд ис?! Тамерланимæ иу хъуыддаджы сразы уыдаин. Æцæгæйдæр, иронау дзургæйæ, æнæхъуаджы пайда кæнæм уырыссаг ныхæстæй, фæлæ та ам дæрдæнцæгæн æрмæст нымæцонтæ æрхаста: «тридцать седьмой аз», «седь- мой конференцийы» æмæ афтæ дарддæр. Фыццаджыдæр, нæ ныхасы æндæр æвзагæй ист дзырдтæ канд нымæцонтæ нæ вæййынц. Дыккаджы та, ацы аипп Тамерланæн йæхимæ дæр хауы. Цымæ «литературон нормæтæ», «арифметикоы операцитæ», «нымады системæ», «цæуыл дзурæг у ацы факт?», «ныхасы стил» æмæ æндæр дзырдбæстытæн иронау зæгъæн нæ уыд? Уыд. Стæй æнцонæй, фæлæ уæддæр Тамерланмæ цæмæдæр гæсгæ æндæр æвзаджы дзырдтæй пайда кæнын хуыздæр фæкаст. Ссæдзгæйттæй нымадыл дзургæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыд иу хабар. Кæддæр Цæгат Ирыстоны ыаукон-иртасæг институты фембæлд уыдис Сирийæ æви Туркæй уазæгуаты æрбацæуæг иронимæ (йæ мыггаг мæ фе- рох). Уый йæ ныхасы пайда кодта æрмæстдæр «ссæдзгæйтгæй», иунæг «дыууын» кæнæ дзы «æртын» дæр нæ фехъуыстон. Мæ зæрдæ фæкъæпп кодта æмæ йæ бафарстон. Куыд рабæрæг, афтæмæй, йæ райгуырæн зæххæй авдыссæдз азæй фылдæры размæ чи фæхицæн, уыцы ирæттæ ахæм нымады кой хъусгæ дæр никуы фæкодтой. Тамерланы бынаты æз цы бакодтаин? Бæлвырддæр радзырдтаин дыу- уæ нымады равзæрды тыххæй, загътаин, кæмæн дзы цы нысаниуæг уыд, уый тыххæй, ныффыстаин, иу дзы фæсвæд цæмæн аззад, стæй та фæстæмæ цæмæн фæзынд, уый тыххæй дæр, æппынфæстаг, æрцыдаин ахæм хъуыдымæ: ссæдзгæйттæй нымад бирæ хæрзты бацыд ирон æвзагæн, стæй ма йын ноджыдæр бацæудзæн. Дæсгæйттæй нымады сæр дзæвгар рæстæг нал хъуыд æмæ йæ æюаг иуварс æрæвæрдта, фæлæ та куы бахъуыд, уæд дзы ногæй пайда кæнын райдыдта. Ссæдзгæйттæй нымады кад уымæй нæ фæдæлдæр. Уый фыццагау аивдæр æмæ рæсугъддæр фидауы фонд- зыссæдзы онг нымайгæйæ, уырдыгæй уæлæмæ та æнцондæр архайд у дæсгæйттæй нымад. «Иу дзы литературон у, иннæ нæу» дзурынæн ницы бындур ис, сæ ныхмæ дзурынæн куыд ницы бындур ис, афтæ. * * * Кæддæр ахæм æмбисонд фехъуыстон: «Мæрдтæм фæндаг — мады рæзты». Цæмæйдæр мын мæ зæрдæ балхæдта, фæлæ, йæ мидис цæй 399
мидæг ис, уый нæ бамбæрстон. Цы амоны, уымæй кæйдæрты фарстон, фæлæ мын йæ хъуыды бамбарын кæнын никæй бон баци. * * * Хæсты фæстæ цард алцæмæй дæр мæгуыр уыди. ^и зоны, æппæты тынгдæр та - нæлгоймæгтæй. Искæй-иу карк æргæвдын куы бахъуыд, уæд-иу сылгоймаджы йæ карк æмæ йæ кардимæ æнæхъæн сыхыл зилын бахъуыд. Мæ карæнтæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ дæс-иуæндæсаз- дзыдтæй кусартгæнджытæ басгуыхтысты... Ныр, æвæццæгæн, каркæн йæ нывыл дæр кард сæвæрын мæ бон нал бауид... * * * Æвæдза, нæ фыдæлтæм цы диссаджы æгъдæутгæ уыди! Лæппуйæ са- бийæ фæ;стæмæ домдтой хъæбатыр æмæ фæразон уæвын, хиуылхæст æмæ хистæрæн кад кæнын. Къаддæр хæстæ нæ лæууыд чызджыты размæ. Уый хъуамæ æппæты фыццаг хъуыды кодтаид йæ бинонты, йæ мыггаджы кад æмæ намысыл, хъуамæ сын сæ фарн хъахъхъæдтаид цæсты гагуыйау... Гуытъиаты Замирæт мын ахæм хабар радзырдта: мæ мад, дам-иу мын афтæ загъта, нæлгоймагмæ хæстæг куы бацæуай æмæ дæм йæ комытæф куы ’рбакæла, уæд басывæрджын уыдзынæ. Уыцы ныхæстæ фехъусыны фæстæ мæ иунæг æфсымæрмæ æввахс цæуын нал уæндыдтæн: хæргæ- хæрын-иу дзы мæхи мæ армытъæпæнæй æмбæрзтон. * * * Ирон æвзаджы тыххæй мæ цалдæр ныхасы зæгъын фæнды. Куыдфæн- дыйы цæстæй йæм кæсæм, йæ рæдыд ын рæдыд нæ хонæм, йæ аипп ын аиппыл нæ нымайæм. Хаттæй-хатг та мæм афтæ дæр фæкæсы, цыма, ирон æвзаг æнæ рæдыдæй нæ фидауы, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, нæ фылдæр ахæмтæ сты. Æрзилут-ма нæ горæтыл, кусæцдæттæ æмæ ма куыстуæггы къултыл уæ цæстæнгас æрхæссут, кæддæра дзы æнæрæдыд фыст цал раны ссариккат! Уыдоныл дзурынæй нæ иуæй-иуты æвзæгтæ цъиуы ’взагæй лыстæгдæр систы, фæлæ хъуыддаг нæ хуыздæр кæны. Рæдыд рæдыды æккой бады, афтæмæй бæрзондæй ныллæгмæ кæсы, ирон æвзаджы хъысмæт æцæгæлон кæмæн у, канд уыцы адæммæ нæ, фæлæ йæ къуыхцы маст кæмæн у, йæ алы аипп дæр йæ зæрдæмæ арф чи исы, уыдонмæ дæр. Æз ахæм наукон кусæндæттæ зонын, æмæ дзы цы ахуыргæцдтæ кусы, уыдон сæ институты ном ныффыссын дæр нæ зонынц, иуæй, раст, иннæмæй æнæрæдыдæй. Зæгъынæн æгъгъæд у ахæм хъуыддаг: фирменон бланк кæй хонынц, уыцы ран дыууæ хъуыдыйады банымадтон... сымахмæ гæсгæ, цал рæдыды? Ссæдз!!! Афгæмæй, цы кусæндоны кой кæнын, уый йæхæдæг æгъда- уыл дзурæг у, ирон æвзаджы хъысмæт кæмæй аразгæ у, уыдоны фыццæгтæм хауы. Уæвгæ, дардыл дзурыны бæсты æрхæсдзынæн æндæр цау. Бирæ азты размæ рацыд дзырдуат, разæй дзырдтæ иронау лæвæрд кæм цæуынц, фæсте та уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй, ахæм. Хъуамæ йе 400
’ддаг цъарыл фыст уыдаид «Ирон-уырыссаг дзырдуат», фæлæ йæ рауадз- джытæ цæмæдæр гæсгæ ацыдысты æндæр фæндагыл æмæ дынджыр дамгъæтæй ныффыстой «Осетинско-русский словарь». Æвзæрдзинад, аипп æмæ рæдыд хорзыл нымад никуы уыдысты, фæлæ уыдонæй алкæцыдæр дыууæ хатты стырдæр æюæрдзинад, аипп æмæ рæдыд свæййы, æвзæрдзинад, аипп æмæ сæ рæдыд куынæуал фæхонынц, уæд. Цæмæй мæ фæстæдæр дзырдуаты кой кæнын мауал бахъæуа, уый тыххæй ма иу хъуыддаг зæгъын мæ зæрды ис. Тынг уæлæнгай цæстæй кæсæм дзырдуæттæм. Адæймаджы иу кæнæ иннæ дзырды растфыссынад базонын куы бафæнды, уæд дзы растфыс- сынад нæ, фæлæ дзырд йæхæдæг дæр нæ разыны. Æмæ ахæм дзырдты нымæц чысыл куы уаид, уæд ын бабыхсиккам, уымæн æмæ æппæт лек- сикæйыл зын аххæссæн у, фæлæ дзырдуатæй рохуаты чи аззад, уыцы дзырдтæ ссæдзгæйтгæ æмæ фондзыссæдзгæйттæ сты. Ирон фыссæг, не ’взаг йæ зæрдæмæ хæстæг кæмæн у, уый куыд зæгъы, афтæмæй уыцы дзырдтæ минæй бирæ фылдæр сты. Ахæм аиппытимæ уагъд кæцыфæнды æвзаджы дзырдуæттæ дæр мæгуыр уыдзысты. Мæхи кой куы кæнон, уæд афтæ зæгъдзынæн. Мæ æрвылбоны архай- ды мæ цы дзырдтæ бахъæуы, уыдонæй бирæтыл дзырдуаты нæ сæмбæлын. Иуæй-иу рæтты йеддæмæ кæмæй нал пайда кæнынц, йæ дуг, зæгъæн ис, æмæ кæмæн аивгъуыдта, арæх нæ кæй æххуыс нал хъæуы, æз уыцы дзырдты кой нæ кæнын. Нæ дзырдуæтты нæй, æвзаг цæмæй фидауы, йæ рæсугъддзинад цæмæй сæрттивы, бирæ ахæм дзырдтæ. Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды ирон мыггæгты тыххæй. Тынг æмтье- ры сты. Иу фæтк бæрæг сын нæй. Кæй куыд фæнды, æмæ сыл кæй бон куыд цæуы, афтæ сæ зыгъуыммæ кæнынц. Æркæсут-ма нæ газеттæ æмæ журналтæм, байхъусут æмæ-ма бакæсут нæ радио æмæ телеуынынадмæ, кæддæра дзы бирæ мыггæгтæ адæмы мыггаг фыссæм æмæ дзурæм! Цæ- уыннæ? Уымæн æмæ дзы, чи куыд фысгæ у, уый, иуæй, зонгæ нæ кæнæм, иннæмæй йæ куы базониккам, уымæ нæ тырнæм. Теркæнфале мыггæгтæн сæ фылдæрмæ æфтыд цæуы дамгъæ а. Æрыдоны дзурын дæр æмæ фыс- сын дæр хъæуы Саламтæ, Хъахъхъæдуры — Саламатæ, Красногоры — Дзустæ, Зилгæйы — Дзусатæ, Алагиры — Токтæ, Дæргъæвсы — Токатæ, Дигорайы — Акъотæ, Хуымæллæджы — Акъуатæ æмæ афтæ дарддæр. Ацы æгъдау дæр алы хатт йæ бынаты нæ вæййы. Елхот æмæ Зилгæ Терчы фаллаг фарс хъæутæ сты, фæлæ дзы уыцы-иу мыггагыл фембæлæн ис дыууæ хуызы. Елхоты сты Карсанатæ, Зилгæйы — Карсантæ. Нар- тыхъæу æмæ Заманхъул нæ сæйраг доны фæйнæфарс æрæнцадысты, афтæмæй иу ран дæр æмæ иннæ ран дæр фыссынц Годжиатæ, Красногор æмæ Уыналы та Годжитæ. Раст афтæ зæгъæн ис Джызæл æмæ Заман- хъулæй дæр. Дыууæ хъæуы дæр фыссынц Цæллаггатæ, Красногор æмæ Уыналы та - Цæллагтæ. Иннæ ахæм Æрыдон æмæ Хъахъхъæдур. Иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр фыссынц Рæмонатæ, Дигорайы та — Рæмонтæ. Ахæм мыггæгтæ ис, æмæ уырыссагау фыст цæуынц æмхуызон, иронау та сын иумæйагæй ницы ис. Хицæн мыггæгтæ сты Абайтæ æмæ Æбатæ, Туатæ æмæ Туайтæ, Хъæлатæ æмæ Къалатæ, Мæхъитæ, Макотæ, Маг- 26 Дзасохты М. 401
котæ, Магкæтæ, Магкатæ æмæ Махъотæ, Къадзтæ æмæ Къадзатæ, Хъо- дзатæ, Козатæ æмæ Къозатæ æмæ афтæ дарддæр. Ацы æмтъерыдзинады дæр азымджын схонæн ис, куыд наукон-ир- тасæг институт, афтæ нæ иннæ ахуыргæнæндæтты кусджыты дæр. Ау, ацал-ауал азы ирон мыггæгты чиныгæн рауадзæн нæ уыди? Уыди, фæлæ йæм абоны онг йæ хъус ничима ’рдардта. Гæнæн æмæ амал нал ис, зæгъгæ, уæд мæхимæ уыцы хæс райсыныл нæ базивæг кæнин. Фæзилин Ирыстоны хъæутыл æмæ дзы иунæг мыггаг дæр æнæравзаргæ нал ныу- уадзин æмæ мыхуырмæ бацæттæ кæнин, кæцыфæнды рæстæджы дæр адæймаг йæ къухмæ æхсызгонæн кæй райсид, ахæм чиныг. Уый гæнæн æмæ амал куы нал уаид, уæд. Ныр та гæнæн æмæ амал ис. Уадз æмæ уыцы куыст йæхимæ райса нæ ахуыргæндтæй исчи æмæ дзы абоны æмæ фидæны фæлтæртæ бузныгæй баззайой. * * * Ус æмæ лæг ныхас кæнынц: — Сидæмон йæ усы бирæ уарзы. — Æцæг? — Æмæ дæм уый цы диссаг кæсы? Ды йæ нæ уарзыс? — Сидæмоны усы? — Мæн. Ацы хабарыл бирæ азтæ цæуы. Нæ хъæуккаг лæппу Уæрæсейæ ссыди æмæ йæ хойæн сахат балхæдта. Чызг йæ сахатæй афтæ хъал уыд, æмæ архайдта, цæмæй йын æй фылдæр адæм феной. Исчи-иу æй куы афарста, цал сахаты у, зæгъгæ, уæд-иу æм йæ цонг бадаргъгæигæйæ сдзырдта: — Гъа, дæхæдæг æм æркæс, мæн не ’вдæлы. * * * Фæстаг хатт ма Цæллагты Настяйы сæ дуармæ бадгæ федтон. Тыыг мыл бацин кодта, стæй мын афтæ зæгъы, æз радио æдзухдæр мæ хуыс- сæны цур дарын, кæд дзы дæ кой ракæниккой, зæгъгæ. * * * Уынджы цалдæрæй лæууыдыстæм. Нæ рæзты æрбацæйцыд нæ кæддæры ахуыргæнæг æмæ нæм æрбаздæхт. Алкæй дæр нæ къахæй сæрмæ сбаргæйæ загъта: — Сымах иууылдæр мæ рагон хæлæрттæ стут æмæ уе ’ппæтмæ дæр иу аипп хæссын: ме студенттæ уæвгæйæ, уæ сæртæ сурс сты. — Мæнæ Батырбеджы сæр куы нæ сурс и,— загъта лæппутæй чидæр. — Уый ме студент нæ уыд. — Де студент куы уыдаид, уæд уый сæр дæр мах сæрты хуызæн урс адардтаид,- дзуапп дæттынмæ та фæрæвдз æрдæбоны лæппу. 402
Сæрмагонд уавæрты министрад дæр нæм фæзынди! Цымæ дзы сæрма- гонд уавæрты министрад та кæцы нæу?! * * * Габола хæсты фæстæ зæхгæсæй куыста. Йæ кæддæры зонгæтæй йыл иу быдыры фембæлд æмæ йæ фæрсы: — Ам цы кусыс? — Зæхх хъахъхъæнын. — Зæхх хъахъхъæнын куы хъуыд, уæд уæрмы куы бадтæ, ныр ма йæ кæмæй хъахъхъæныс? * * * Цыбырты Людвиг мын æй дзырдта. Иу лæг хуыйджытæм хъуымац ба- хаста костюм хуыйынмæ. Загъта сын: — Кæд ма дзы баззайа, уæд мын-иу дзы худ дæр бахуыйут. Лæгæн уыдис тынг дынджыр сæр. Хуыйæг ыл йæ цæст æрхаста: — Фæлтау уал раздæр худ бахуыйæм æмæ ма дæ хъуымацæй кæд баз- зайа, уæд дын костюм дæр бахуыйдзыстæм. * * * Уæд партийы обкомы куыстон. Амарди нæ хайады хицауы мад. Гыц- цыл автобус æнæхъæн хайадæн дæр сфаг, æмæ уым ацыдыстæм. Сабæт- таг æмбырд кæнынмæ куы ’рцыдыстæм, уæд дзы æз архайæг нæ уыдтæн. Иуæй, мæ цæрæнбонты ахæм æгъдæутты ныхмæ тох кæныныл ахуыр код- та, иннæмæй та мæ марды лæвары тыххæй масты хай куы бакæна, уымæй тарстæн. Мæнæй фæстæмæ иууылдæр сабæттаг радтой, фæлæ дзы иуы дæр, цæмæн афтæ бакодтай, зæгъгæ, фæрсæг нæ фæци. * * * Лæг æмæ ус æдзух фæрæты хъæдæй барст ыæ вæййынц. Кусаг, амал- джын лæгæн уæзбын, æппындæр чи ницæмæ арæхсы, ахæм ус дæр фæвæййы, сæрæн усæн та — магуса лæг. Мамсыраты Дæбейы Хъæндилы хуызæн лæг фæци, æз цы усы кой ракæнынмæ хъавын, уымæн дæр. Зæнджиаты Эльбрус мын æй куыд дзырдта, афтæмæй хъисфæндырæй дæсны цагъта, æмæ йæ лæджы куыстытæм не ’вдæлд. Ус йæ удæй арт цагъта, мæгуыр, уæдæ цы кодтаид! Иу бон йæхи хъæдмæ рарæвдз кодта, фæлæ сæ фæрæт зæххы скъуыды ныххауæгау фæцыдæр. Куы стыхсти, уæд йæ лæгмæ бауади æмæ йæ фæрсы: — Нæ фæрæт кæм и, уый нæ зоныс? — Æнæрай фæкæн дæ фæрæтæй, мæнæ цагъд фехæлдтай!.. — фæтъæл- ланг ыл кодта лæг. 403
Фыдæлты заман-иу кусæрт куы акодтой, уæд ын-иу йæ хъæл-хъæлагæй фæлыг кодгой, артмæ-иу æй бадардтой æмæ-иу дзы фыццаг сæхæдæг сахуы- стой, цæмæй дзы раздæр гæдытæ æмæ куыйтæ ма фæхъæстæ уой. * * * Ленк кæнын чи нæ зоны, уыдон донæй сæхи дард ласынц. Фыссын чи нæ зоны, уыдон дæр ахæм зондыл хæст куы уаиккой, уæд, æвæдза, литературæмæ стыр æвæрæн бахæссиккой. * * * Антон Чеховмæ ахæм хъуыдыйад бакастæн: «Стихи хорошие, звуч- ные, но холодные!» Ирон литературæйы дæр ис ахæм поэттæ, хорз æмдзæвгæтæ фыссынц, сæ рæнхъытæ зæлланг кæнынц, фæлæ зæрдæйыл не ’мбæлынц: уазал сты. * * * Бæрæгъуынæй Фыдыбæсты Стыр хæстмæ ацыд 354 адæймаджы, фæстæмæ дзы нал раздæхт 140, уыдонимæ мæ фыд дæр. * * * Хозиты Яковæн, æнхъæлдæн, йæ дæс æмæ æртиссæдз азы юбилеймæ цыдыстæм, Кировыхъæумæ. Йæ хо Оля Дзæуджыхъæуы цард, æмæ нæ фæндаг уыдоныл акодтам. Фарстам æй йе ’фсымæры тыххæй æмæ нын, мах кæй нæ зыдтам, ахæм хабæрттæ радзырдта... Хозиты сыхæгтæ сæ фыртæн ус хастой. Цалынмæ чындзхæсджытæ хохæй фæстæмæ здæхтысты, уæдмæ горæтæй æрыхъуыст æвирхъау хабар: Яков Терчы фæдæлдон. Æнæхъæн хъæуæн дæр уый арвæй дур æрхауæгау уыди æмæ уаридзавдау фесты, уæлдайдæр, чындзæхсæвмæ чи ’рæмбырд, уыдон. Фæндырдзагъд æрдæгыл аскъуыд. Адаемы цæсгæмттыл циндзи- надæн йæ кой дæр нал уыд. Ясон, Яковы фыд, дзырддзæугæ лæг, бирæфенæг, бирæзонæг, йæ сыхæгтæм ныццыд æмæ адæммæ æрхатыди, уæ чындзæхсæвы кой кæнут, зæгъгæ. Нæ уыди сæ бон, судзаджы мард цы хæдзарыл æрцыд, уый фарсмæ фæндырæй цæгъдын, кафын æмæ зарын. Уæд Ясон фæндырдзæгъдæгмæ дзуры, æрцæгъд-ма, зæгъгæ. Нæ йæ ныууадздзæн, уый, куы базыдта, уæд чызг фæндыр райста. Ясон йæхæдæг æркафыди æмæ адæммæ дзуры, уæ чындзæхсæвы кой кæнут, зæгъгæ, æмæ рацыди. * * * Уыцы райсом дæр та нæ куысты дуармæ бæлæсты бын æрæмбырд стæм æмæ, чи цы ног хабар фехъуыста, уый дзырдта. Кусгæ боны райда- йынмæ бирæ нал уыд, афтæ Бексолтан дæр фæзынди æмæ уыцы тыхст- хуызæй нæ разы æрлæууыд. Тæригъæд ын куы кодтой, уæд-иу æм уымæй 404
хуыздæр ницы каст æмæ ацы хатт уыцы хъуыддагмæ Дзугаты Барис фæраздæр: — Цыдæр фæлурс мæм кæсыс, Бексолтан. Мацы дæ рисса, уый гæнæн нæй. Бексолтаны тыхст хуызыл ноджыдæр бафтыд, афтæмæй загъта: — Дысон бонмæ нæ бафынæй дæн. Мæ дуртæ цæуын райдыдтой æмæ арвмæ асинтæ амадтон. Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, Барис, лæгæн батæригъæд кæныны бæсты, уайдзæфгæнæгау сдзырдта: — Хуыцауы тыххæй, змис фæхæрыс æви дын уыдон æдзух цавæр дуртæ вæййынц?.. 1999 азы Кæхцгæнæн уыди 18 июлы. Мæ хъæуккæгтæ мын куыд ра- дзырдтой, афтæмæй уыцы аз Бæрæгъуыны уыди цыппар кæхцы. Сæ лæппутæн куывдтæ кодтой Цæллагтæ, Баситæ, Алæджыхъотæ æмæ Цо- гойтæ. Æнæхъæн хъæуы афæдз цыппар лæппуйы йеддæмæ нæ райгуырд... Ахæм рæстæджытæ уыди, æмæ нæ хъæуы иунæг æхсæв дунемæ фондз лæппуйы куы фæзынд. 1937 азы 10 январы райгуырдысты Хъуппеты Хъа- зыбег, Нартыхъты Савел, Икъаты Юрий, Бæцойты Гатæгъæз æмæ ацы рæнхъыты автор... Хъыгагæн, уыдонæй абон æгас æз æмæ Хъазыбег йеддæмæ æгас ни- чиуал у. Хъодзаты Æхсар йæ гыццыл хæрæфыртимæ сырддоны цытæ федтой, уыцы хабæрттæ кæны: — Маймулиты къалатийы цур æрæмбырд уæлдай фылдæр адæм. Иу афон гыццыл лæппу бæгæныйы авг кæцæйдæр æрбадавта æмæ йæ майму- лийы «къухты» фæсагъта. Уый йæ йæ хъуырыл сдардта æмæ йын уыцы æхсызгонæй йе ’мбис анызта. Цæмæдæр гæсгæ йæ батылдта æмæ йæ йе ’мбалмæ авæрдта. Уый дзы иу цъыртт дæр нал фæуагъта... Æхсар дзырд куы фæци, уæд æй бафарстон: — Маймулитæ адæмы хуызæн нæ систы? Адæймаг йæхимæ нозтæй куы фæкæсы, уæд маймулийы хуызæн куы свæййы?.. * * * Ахæм заман ирон адæмæй алкæуыл дæр скæны: зиан зианы æййафын байдайы. Цыбыр рæстæгмæ кæм йæ хæстæг амæлы, кæм — йæ сыхаг, кæм — йæ зонгæ... Ахæм уавæр æрсырдта Алисолтаны дæр. Фæд-фæдыл йæ каистæй цалдæр амард. Уый нæ фæдыл куыд цыд, афтæ мах дæр йæ фæдыл алы ранмæ дæр цыдыстæм. Фæстаг зианы йæм Тотырбег — мæнæ Дзантемырæн йæ дыккаг ус куы амард, уæд афтæ чи загъта, уæлæ-ма мæ усы ракур, уый дын æппындæр никуы амæлдзæн, зæгъгæ, уыцы Тотыр- бег — йæхи хæстæг баласта æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: ~ Хуыцауы тыххæй, Алисолтан, дæ каисты цы маргæй марыс, уый- ма мæнæн дæр бацамон... 405
* * * Къостайы проспекты машинæйы сцæйтахтæн. Цъындадзаумайы фаб- ричы цурмæ куы схæццæ дæн, уæд зындгонд артист Бирæгъты Къостайы лæугæ ауыдтон. Машинæмæ ’нхъæлмæ каст, уый бамбæрстон æмæ йæм фæурæдтон. Куы мæ базыдта, уæд бацин кодта, бацин"ьш кодтон æз дæр, мæ фарсмæ æрбабадт æмæ ныхæстæгæнгæ цæуæм. — Знон мæ Тыджыты Эдик куыд ахъазыд, уый дын радзурон? — йæ рæмбы- ыыкьæдзæй мæ æрбасхуыста Къоста.— Репетицийы нын цалдæр минуты уæгъд рæстæг уыд æмæ дын мæ уыцы хъуыддагхуызæй куы афæрсид: — Банан зылын цæмæн у, уый нæ зоныс? Йæ фарсты цыдæр хæйрæг æмбæхст уыди, уый бамбæрстон æмæ мæхи- уыл сайд не ’руадзыны тыххæй хуыздæрæн афтæ куы бакæнин: — Нæ зонын. — Уæдæ дзы æз æндæр маймулийы бафæрсдзынæн! * * * * Цы ныссыгъдæг кодтай, уый ма счъизи кæн, фæлæ, цы счъизи код- тай, уый ныссыгъдæг кæн. * * * — Уый хъæуы йаргъ лæг у... Цæрæг кæм нал и, ахæм хъæуы йаргъ. * * * — Уый мæн тыххæй йæхи доны дæр баппардзæн. — Астæумæ йеддæмæ кæм нæ уа, ахæм доны? * * * Иу хæдзары уазæг æрфысым кодта, уæ хæстæг дæн, зæгъгæ. Бинонтæ дзы куы стыхстысты, уæд ын æрæвæрдтой, дыууæ уидыджы дзаг басы фæстæ дон кæуыл ауагътой, ахæм хъæрмхуыпп. Уазæг дзы куы сахуыс- та, уæд сæм дзуры: — Ай цавæр хъæрмхуыпп у? — Дæ хорзæхæй, ды та нын цы бавæййыс? — Æз дæн уæ хæстæджы хæстæджы хойы лæппу. — Уæдæ, ды цы хæрыс, уый та у нæ хъæрмхуыппы хъæрмхуыппы хъæрмхуыпп. * * * — Кæдæм рараст дæ? — Мæ цæгатмæ. — Уый дæуæн цæгат нæ, фæлæ хуссар у, хъарм дæм уырдыгæй куы цæуы... * * * Кæддæр цы зарæг уыди, уымæй ма мæм ахæм дыууæ рæнхъы æрхæццæ: Хъазтмæ цæуон — чызджытæй нал дæн, Мардмæ цæуон — ус та нæма дæн. 406
* * * Цыма картофы иу губаккæй рахаудысты, уый хуызæн æнгæс сты. * * * Лолаты Лубæйæ ахæм ныхæстæ фехъуыстон: «Кæуын æмæ мит мæрзынæй æнæпайдадæр куыст нæй». * * * Чысылæй-иу римфæтæй афтæ хъазыдыстæм: — Иу! — Куыдзау ниу! — Сасир! — Мæрдтæм басир! — Уæлæ та хур фæныгуылы! — Топпы нæмыг — дæ гуыбыны! — Æртындæс! — Дæ фыд æнтыдгæс! — Нудæс! — Цъымарайы ныуудæс!.. * * * Æфсæрæгты Петр йæ иу зонгæйæ афтæ загъта: «Йæ цæстæй цы фена, уый йæ къухæй сараздзæн». * * * Сывæллæттæн сæ хæссæн бон — къæвдабон, се ссивæн бон — хурбон. Хъæрджынты Солтанæн нæхи Венерæ, йæ цæсгом хæбуздзыхъхъытæ кæмæн уыд, ахæм чызджы амыдта. Уый йын афтæ: «Дзасохон, асфальтæй мæ бар куы уа, уæд къуыппытæ фæндаг цæмæн равзарон?» — Дæу куы фенын, уæд мæм бæгæны нуазын æрцæуы: воблæйы хуы- зæн дæ. * * * Нæ кæрдо бæласы сæр нæ сыхæгты чызджы куы раййæфтон, уæд æй фæрсын: — Уым цы кусыс? — Знон мæ сæрбæттæн уæ бæласы къалиуыл баззад... — Æмæ дын уый дæр мах аххос у? 407
Ацы хабар мын мæ хæрæфырт Цæллагты Таймураз радзырдта. Нæ хъæуккаг Даргъ Хуымты хос карста. Сихор хæрын афон куы ’рцæйхæццæ кодта, уæд йæхинымæр тыхсын райдыдта, иу æмбал мын уæддæр куы уаид, науæд къæбæр кæимæ бахæрдзынæн, зæгъгæ. Нодйсы йын йе ’фсин авджы дзаг арахъхъ дæр нывæрдта, мыййаг, дам, дыл исчи куы амбæла, уæд хус къæбæртæ цæй æфсон бахæрдзыстут. Хур арвы астæумæ схæццæ, уæддæр змæлæг никуыцæй зынд. Уалынмæ Арыхъхъы рæгъты ’рдыгæй райхъуыст тыхджын уасын. Лæг уыцырдæм акаст, æмæ — уæзæгтæласæн поезд фæздæгкалгæ сцæйцыд. Хосдзау айтæ- уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ дзыппæй дынджыр сырх къухмæрзæн фел- вæста æмæ — æфсæйнаг фæндагмæ тæхгæ. Рельсыты цур æрлæууыд æмæ къухмæрзæн йæ сæрмæ тилы. Машинист æй ауыдта æмæ поезды цыд сабырæй-сабырдæр кодта. Лæджы цурмæ куы схæццæ, уæд æрлæууыд æмæ йæм.хъæр кæны! — Что случилось? — Випил надо,— дзуры йæм бынæй лæг. — Один штидно... * * * Иу рæстæджы журнал «Мах дуджы» фæзынд ног иумæйаг сæргонд «Фысджытæ худынц». Мæ бинойнаг Фатимæ йæ иу номырæй иннæмæ касти, стæй мын уæд иуахæмы афтæ: — Нæ фæлæ ’мæ ацы фысджытæ цы хиуарзон сты! Уыдон йеддæмæ цыма худын ничи зоны, стæй цыма, уыдонæн сæхиуыл худæн нæй, зæгъгæ, сæм афтæ цæмæн кæсы? Иннæтæн нæ зонын, фæлæ мæныл Фатимæ иуæй-иу хатт нымæтын ехсæй кæй æрцæуы, уый бæлвырд у. Иуцалдæр хабары уын дзы ракæндзынæн... Нæ цæлгæнæны цырагъ сæрфинаг уыд, фæлæ йæм хæдзары æфсины къух не ’ххæст. Мæ бон æм кæсын куынæуал уыд, стæй, агъуыст талынгæй- талынгдæр кæнын куы байдыдта, уæд æй разылдтон, ныхсадтон æй æмæ йæ фæстæмæ бакодтон. Цæлгæнæн афтæ ныррухс, æмæ æваст мæ цæстытæй ницыуал ауыдтон. Куы ракастæн, уæд мæм мæ бинойнаг дзуры: — Гъер уымæн бирæ хъуыди?! Иуæй-иу хатт зиантæ сарæх вæййынц. Уыимæ - иууылдæр кæнæ хæстæджытæ, кæнæ — хорз зонгæтæ æмæ æрдхæрдтæ. Цыбыр дзырдæй, алкæцымæ дæр дзы цæуын фæхъæуы. Ахæм заман алчидæр батыхсы, се ’ппæтмæ дæр цæуын хъæуы æмæ сыл куыд аххæстæуа, зæгъгæ. Фæстаг хатт ма ахæм уавæры куы бахаудтæн, уæд мæхицæн дзурæгау загътон: — Алы зианмæ цæуыныл дæр архайын, фæлæ, мæхæдæг куы амæлон, уæд мæм, чи зоны, цæугæ дæр мачи ’ркæна. — Тыхсгæ ма кæн,— зæрдæтæ мын авæрдта Фатимæ,— мæн тыххæй дæм уæддæр цæудзысты... 408
Фатимæ дæндæгтæ скодта æмæ мæм телефонæй дзуры: — Мæ дæндæгтæ мын сæвæрдтой, срæсугъд дæн, фæлæ дзурын нал зонын. — Уымæй ма хуыздæр цы фехъусдзæн нæлгоймаг! Йæ ус рæсугъд кæмæн у, афтæмæй дзурын чи нал зоны... Дзæуджыхъæуы фысымуаты «Владикавказ»-ы хæдфарсмæ цы хæдзар ис, уым цæрæм. Ахæм сабат кæнæ хуыцаубон нæ вæййы, рестораны чындзæхсæв кæнæ чызгæрвыст ма уа. Хаттæй-хатт дзы æз дæр бахауын, куы мæ бинойна- гимæ, куы - иунæгæй. Иуахæмы та мæ зонгæ йæ фыртæн ус хаста. Йæ чыцдзæхсæв уымæн дæр «Владикавказ»-ы уыди. Æз дæр хуынд адæмимæ ба- хаудтæн. Мæхи рæвдз кæнынмæ куы бавнæддтон, уæд мæм Фатимæ дзуры: — Мæн дæр фæнды чындзæхсæвмæ. — Бæргæ ацæуис, фæлæ дæумæ хонæг уыди? — Æмæ мæн ардыгæй ардæм хонæг хъæуы?! Иннæ хатг та мæ ирон театрмæ спектаклы премьерæмæ хуыдтой. Уæд дæр та йæ мемæ цæуын фæндыд, фæлæ хуывды гæххæтгы иу бынат амынд йедцæмæ нæ уыд æмæ йын æй куы бамбарын кодтон, уæд мын æнкъардхуызæй афтæ: — Гъер ды Нарты Хæмыц куы уаис, æз та — Быценон, уæд мæ дæ дзыппы нæ ахæссис?! Нæ сыхæгтæ сæ чызджы æрвыстой, æмæ мын йæ фыд цалдæр боны размæ загъта: — Стыр курдиат мæм ис дæумæ, æрмæст мын мацы ’фсон скæн: чыз- гæрвысты хистæрæн куы сбадис, уый мæ тынг фæнды. Цы ’фсон ын хъуамæ скодтаин! Сыхаг сыхаг у æмæ йæ иугæр дæ сæр бахъуыди, уæд хъуамæ йæ фарсмæ æрбалæууай, дæ бон кæм уа, уым ын балæггад кæнай. Сразы дæн, уæдæ цы уыдаид! Хистæрæн мæ агурынц, уый нæхимæ куы загътон, уæд мын Фатимæ афтæ: — Æз дæр цæудзынæн. — Дæу тыххæй мын ницы загътой. — Уæдæ æнæ мæн ацæудзынæ? Уæд та фынджы хистæры бинойнаджы бацагуырдтой?.. Фæстæдæр нæм хæдзармæ сæрмагонд хонæг дæр уыдис æмæ ма Фа- тимæйæн нæацæуынæн цы ’фсон уыд!.. Нæ цард куы баиу кодтам, ууыл фондз æмæ ссæдз азы куы рацыд, уæд ын афтæ зæгъын: — Нæ сызгъæрин чындзæхсæв сбæрæг кæнæм. — Сызгъæрин нæ, фæлæ æвзист. Сызгъæрин чындзæхсæв дæс æмæ дыууиссæдз азы фæстæ фæкæнынц. — Мæнæн дæуимæ цæргæйæ афæдз дыууæмæ нымад цæуы,— дзуапп ын радтон æз, мæхинымæр та ахъуыды кодтон: «Иу хатт дын æз дæр, цы ’мбæлы, хъуамæ уый зæгъон!» * * * Чысылæй-иу арæх фехъуыстон: «Дæ фæнык фесаф!» Хистæртæ-иу æй кæстæртæн загътой, дзырдтам-иу æй нæ кæрæдзийæн дæр. 409
Мæнмæ гæсгæ хуымæтæджы фæныкыл нæ цыди ныхас, фæлæ, къо- найы фæныкыл. Уый та, кадджын кæй уыд, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ йæ сæрмæ Сафайы рæхыс ауыгъд уыди. Уыцы рæхыс та хъахъхъæнын хъуыд. Æгаддзинад æм чи ’рхастаид, уый æгады бынаты æппæт хæдзарвæндаджы дæр æвæрдта æмæ-иу уайдзæфгæнæг дæр фæныкмæ уымæн ныхъхъавыд. * * * Немыцаг фашисттæ фæстæмæ цæуын куы райдыдтой, уæд сыл ма- хонтæ нæмыг згъалынæй нал ауæрстой. Сырдтой йæ æмæ сырдтой. Иу афон нæхиуæттæ æрулæфын сфæнд кодтой. Тыгъд быдыры æрфистæг сты. Хъуамæ къæбæр дæр бахордтаиккой, сæ фæллад дæр суагътаиккой. Салдæтгæй иу суг сæттынмæ февнæлдта. Фæрæты бынæй схъис фес- хъиудта æмæ спъирттæй дзаг балоны фарсыл сæмбæлд. Авг, кæй зæгъын æй хъæуы, ныппырх, нозт зæххы хай баци. Æфсæддонтæ уый ауыдтой, цы! — лæПпумæ февнæлдтой æмæ йæ — нæмыс ма — нал! Мамсыраты Ибрагим дæр уыцы æфсæддон хайы службæ кодта æмæ сæм дзуры: — Гитлеры ныхмæ афтæ куы тох кодтаиккат, уæд уын дыууæ къуы- рийы фаг дæр не суыдаид! * * * Æрæджиауы хосдзау дæр хосдзау кæм у, уым хъуамæ æрæджиауы хорзæх дæр хорзæх уа. Уыцы æрæджиауы хорзæхтæй раздæр цалдæры кой ракод- тон. Мæ повесть «Уалдзыгон стъалытæ» «Уæрæсейы Федерацийы адæмты литературæ»-йы ахуыргæнæн чиныгмæ хаст кæй æрцыд, уый базыдтон цыппар азы фæстæ, Уæрæсейы Федерацийы мыхуыры æмæ дзыллон фæрæзты министры Лесины арфæ мыл сæмбæлд æртæ азы фæстæ. Æхсæрдæс азы фæстæ базыдтон, 50 азы мыл куы сæххæст, уæд æй мæскуы- йагжурнал «Детская литература» кæй сбæрæг кодта, уый. Æнæнхъæлæджы йæ базыдтон, мæхи фыстытæй цыдæр республикон библиотекæйы карто- текæйы куы агуырдтон, уæд. 1987 азы журнал «Детская литература» йæ 1-æм номыры фыста: «10 января исполняется 50 лет Музаферу Созырикоевичу Дзасохову, писателю Северной Осетии. Начало литературной деятельности М. Дзасохова отно- сится к 1954 г. Рассказы, сказки и повести М. Дзасохова обращены к детям разных возрастов: младшим школьникам, подросткам, старшекласс- никам. Юный читатель знаком с его творчеством по книжкам «Гости мед- ведя» (1971), «Весенние звезды» (1973), «Беканская мушмула» (1978) и др. В Москве в 1982 г. увидела свет повесть «На берегу Уршдона». Книга посвящена жизни осетинского села в трудные послевоенные годы». * * * Знон, ома æвдæм июны, ныртæккæ ацы рæнхъытæ кæм фыссын, уыцы санаторийы («Кавказ») клубы уыд лекци ахæм темæйыл: «Кавказы адæмты легендæтæ æмæ Цæгат Кавказы адæмты нырыккон поэзи». Кастис æй Ра- 410
исæ Симоненко. Поэзийы тыххæй дзургæйæ Ирыстонæй ракодта æртæйы кой, æмæ та Ходы Камалы амонд ам дæр хæрæгыл абадт. Лектор ын йæ ном дæр æмæ йæ мыггаг дæр раст загъта, стæй йæ ирон фыссæг рахуыдта, Хъайтыхъты Георы ирон поэт схуыдта, фæлæ йын радта ног ном: Сергей. Мæнæн мæ ном дзургæйæ чысыл фæкъуыхцы, фæлæ йæ уæддæр мæ мыг- гаджы хуызæн раст загъта, æрмæст мæ рахуыдта кæсгон фыссæг. Куы зæгъын, Камалæн та ам дæр йæ хъуыддаг ацыди. «Та» уымæн зæгъын, æмæ йын айфыццаг радтой майдан Хуссар Ирыстоны 15 азы юбилейы фæдыл æмæ йын хæрзиуæг куыд лæвæрдтой, уый Мæскуыйæ дæр равдыстой. Мæнæн та мæскуыйаг хæрзиуæг — майдан «Профцæдис- ты 100 азы юбилей» радтой æмæ йæ Ирыстоны дæр ничи базыдта. * * * Иу гыццыл куыдз алы бон дæр райсомæй раджы Терчы былмæ рацæуы тезгъо кæнынмæ. Лæугæ дæр никæмæ ’ркæны, кæсгæ дæр. Фæратæх- батæх кæны æмæ та фæцыдæр вæййы. Куыд базыдтон, афтæмæй йæ хи- цау базæронд, куыдзимæ цæуын йæ бон нал у æмæ йын алы бон дæр йæхи рауадзы. Атезгъо кæны æмæ та фæстæмæ хæдзар бацагуры. Нæ сыхæгты куыдзимæ фæлымæн æмæ иу бон йæ фæдыл сæ хæдзары дуармæ фæцыд. Хæдзар дынджыр хæдзар у, стæй дзы хъæздыг адæм цæры. Фæлæ, æвæццæгæн, куыдзмæ уыдæттæ нымад нæ уыдысты. Уый йæ ног зонгæйы сæхимæ æрбахæццæ кодта, йæ хицау æй мидæмæ бауагъта, «уазæ- гыл» та дуар рассыдта. Афтæмæй сæм уый, тыххæй йæ куы хуыдтаик- кой, уæддæр нæ бацыдаид. Фæлæ, ахæм æнæуæздан кæй разындысты, уый йын фæхъыг: йæ галиу къах фæхъил кодта æмæ æрвхуызцъæх кулдуа- рыл уымæл фæд ныууадзыны фæстæ сæхимæ фæцагайдта. * * * Ирон иронæн цы нæ бафидис кæндзæн, ахæм нæй... Кæддæр мын иу мæ зонгæ Плиты Иссæйы кой кодта. Уæвгæ, уый цытæ дзырдта, уыдон фыдгойтæ рахонын растдæр уыдзæн. Цы, дам, æй сдиссаг кодтой, уый, дам, цыппæрæм къласы мемæ иу партæйыл куы бадти. Ау, уæдæ иу партæйыл дæр макæимæ бадтаид, иу къласы дæр макæимæ ахуыр кодтаид, иу аз дæр макæимæ райгуырдаид, иу хъæуы дæр макæ-имæ цардаид, иу уæлдæфæй дæр макæимæ улæфыдаид?! Мæ иннæ зонгæ та мын нæ фысджыты хуыздæртæй иумæ ахæм аипп æрхаста, сывæллæтты цæхæрадонмæ иумæ цыдыстæм æмæ, дам, иу хатт йæ фындз æрлæсти. Уæд цымæ йæ фындз кæмæн никуы ’рбырыд, ахæм сывæллон кæм федта?! Фæлæ кæддæр йæ фындз кæмæн æрлæсти, уый зындгонд адæймаг цæмæн сси, йæ фыстытæ йын скъолаты цæмæн ахуыр кæнынц, йæ ныхас адæмы ’хсæн нымад цæмæн у? Мæ хъæуккаг, ме ’мхæрæфырт, ме ’мкъласон Кобесты Азæмæт Цæгат Ирыстоны мелиораци æмæ доны хæдзарады министрæй куы куыста, уæд йæ фыд Хадзырæты хъомтæй кæцыдæр совхозы хуымтæм баирвæзт æмæ йæ æрцахстой. Хъуджы ивар дæр нæ кодтой, уадзгæ дæр. Хадзырæт йæ хъаст 411
районы милицæйы хайады хицаумæ бахаста, фæлæ йын уый дæр ницæмæй зæрдæ бавæрдта. Зæрдæ нæ, фæлæ йыл гуымиры хъæртæ фæкодта. Ха- дзырæт дæр ын, æвæццæгæн, мæ фырт министр у, зæгъгæ, бакой кодта. Милицæйы хицау уый айхъуыста, цы! — уыциу тьæлланг ыл фæласта: — Цавæр министр? Цъымараты министр?.. * * * Чи цæмæ тынгдæр арæхсы, уый рабæрæг кæнынмæ рæстæгæй дæсныдæр ничи у. Коммунистæй йæ царды фылдæр æмæ уыцы-иу рæстæг — хуыздæр бонтæ чи батыдта, уыдонæн сæ фылдæр алы партитыл ныппырх сты. Æппындæр иу партийы дæр чи нæ уыди, уыдон та, сыгъдæгдæрзæрдæ нæй, ахæм коммунистгæй равдыстой сæхи. Комкоммæ дзургæйæ та дзы алкæмæн дæр йе цæг цæсгом разынд. Мæ иу зонгæ коммунистты раззагдæр рæнхъыты цыди, рæстдзинадыл тохгæнæгæй йæхи æвдыста. Æнхъæлдтон, йæ зондахастæн аивæн нæй, куыд дзырдта, хъуыддаджы дæр йæхи афтæмæй æвдисдзæн, зæгъгæ, фæлæ, адæймаг цыфæнды бирæ куы фæцæра, уæддæр ын æнæрæдигæ нæй. Фæрæдыдтæн æз дæр... Нæ горæты «цъæх базар» кæй хонынц, уырдæм куыд фæцæйхæццæ кодтон, афтæ уынджы ныллæггомау сисыл ауыдтон чингуытæ уæйгæнгæ. Се ’хсæнæй бæрæг дардта «Хъуыран». Уæйгæнæджы фæрсын, цас у, зæгъгæ. Загъта мын æй. Сабырдзинады проспекты та ахæм чиныджы хæдхал дзæвгар асламдæр уыди. Уæйгæнæгмæ цымыдисхуызæй бакастæн, æмæ дын мæ кæддæры ком- мунист-зонгæ куы разынид. Фæуыргъуыйау дæн. Ахæм ран ыл фембæл- дзынæн, уымæ æнхъæлмæ нæ кастæн. Уый уæлдайхуызон нæ фæци, афтæмæй мæ афарста: — Æмæ Хуыцауыл æууæндыс? «Ау, уæдæ дæуыл æууæндон, йæ ныхæстæн йæ хъуыддæгтимæ иу- мæйагæй кæмæн ницы ис æмæ чингуытæ зынаргъдæрыл чи уæй кæны?!» — ахъуыды кодтон мæхинымæры, фæлæ дзургæ ницы скодтон. Уыцы сæрд мæ бинонтимæ Мæскуыйы уыдыстæм. Тынгтæвд бон скод- та æмæ Гум-ы дуармæ сæлдæгмæ рады æрлæууыдыстæм. Мæ разæй цалдæр адæймаджы йеддæмæ нал уыд, афтæ сæлдæг фæци. Уæйгæнæг, ныртæккæ, дам, æрбадавдзынæн, зæгъгæ, мах уым лæугæ фæуагъта. Æппынæрæджиау фæзынд æмæ, хурмæ цы адæм къæй кодта, уыдон ыл амбырд сты. Мæ разæйлæуджытыл ма ноджыдæр иу ахæм бафтыд. Æз сæ цурмæ бауадтæн æмæ æгъдауы сæрыл цыдæртæ сдзырдтон. Мæ разæй цы сылгоймаг февзæрд, уымæн дæр бауайдзæф кодтон, мæ фæстæ куы ’рба- цыдтæ, уæд мæ разæй цæмæн æрлæууыдтæ, зæгъгæ. Уый мæм разылд æмæ уыцы уæзданхуызæй бафиппайдта: — Не ’мбæлы? Куы йæм бакастæн, уæд ма фырæфсæрмæй мæхи цы фæкодтаин, уый нал зыдтон: сылгоймаг уыди æнхъæлцау. Хуымæтæджы æнхъæлцау нæ, 412
фæлæ йæ развæд нæ уыдта. Афтæмæй йыл фæстæрдыгæй кæсгæйæ ницы бæрæг уыд. Куы зæгъын, фырæфсæрмæй зæххы скъуыды куы ныххауда- ин, ууыл дæр разы уыдтæн. Ныр та архайдтон, исчи йæ йæ разæй куы бауагътаид, ууыл. Цалдæрæн аивæй бамбарын кодтон, фæлæ мæм дзы иу дæр йæ хъус не ’рдардта. Уæдмæ мæ астæуккаглæппу Аланы рад æрхæццæ æмæ цыппар сæлдæги- мæ — йæхицæн, Ацæмæзæн, Тамерланæн æмæ мæнæн — мæ уæлхъус алæу- уыд. Сæлдæг райстон æмæ æрдæбоны сылгоймаджы дысмæ бавнæлд- тон. Куы мæм ракаст, уæд æм сæлдæг бадардтон. Уый йæ æфсæрмы- тæгæнгæ райста æмæ мæм æхцадæтты. Цæй æхца ’мæ цæй цыдæр! Мæхи сраст кæнын мæ къухы кæй бафтыд, уымæй сæрыстыр уæвгæйæ мæ фырт- ты цурмæ мæхи байстон. Иуцасдæр дæлæмæ куы ныууадыстæм, æрмæстдæр уæд бамбæрстам, кæй фæдзæгъæл стæм, æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм. Нæ ныхмæ æрдæбо- ны ус цалдæр сылгоймагимæ æрцæйцыди. Сæлдæг хæргæ йæ куы фед- тон, уæд мæ цинæн кæрон нал уыд. * * * Эльбрустæ нæм цалдæр ис, фæлæ æз кæй кой ракæнынмæ хъавын, уымæй мæм дзы хæстæгдæр никæцы уыд. Эльбрусы фыд Чермен æмæ мæ фыды фыд Елдзарыхъо æфсымæртæ уыдысты. Фыдæй — иу, мадæй — хицæн. Елдзарыхъо сæ фыд Дауыты бинойнаг Бесолонæй райгуырд, Чер- мен та — Æгъуызаронæй. Дæрдтыл уымæн дзурын, æмæ бирæтæ хæстæгдзинад рох кæнын райдыдтой. Ныртæккæйы адæмæй бирæтæ сæ фыды фыды, ноджы фылдæр та — сæ фыды фыды фыды нæмттæ зонгæ дæр нæ кæнынц, кæм ныгæд сты (кæй зæгъын æй хъæуы, æгас дзы чи нал у, уыдон), уый кой куынæуал кæнæм, уæд. Зонгæ та сæ хъуамæ кæниккой, кæннод фыды фарн мæрдтæм ацæуынæй тæссаг у. О, æмæ Эльбрусы кой кодтон. Иæхицæй уæздандæр, цæстуарзондæр, æнæхиндæр, фæрнджындæр æмæ æгъдауджындæр адæймагæн скæнæн нæ уыди. Чи йæ зыдта, уыдонæй кæйфæнды куы бафæрсай, уæддæр дын æндæрхуызон нæ зæгъдзæн. Хъыгагæн, æгæр раджы ацыд йе ’цæг ду- немæ. «Электроцинчы» цы азтæ бакуыста, уыдон ын пенсийы кармæ фæцæрыны фадат дæр нал радтой æмæ æнæнхъæлæджы фæхъуыди, стыр аргъ ын чи кодта, йæ уыцы æмгæртты ’хсæнæй. Бирæ йæ уарзтой æмæ дзы сæрыстыр уыдысты мыггаджы хистæртæ, кæстæртæн алцæмæй дæр фæзминаг кæй уыди, уый тыххæй. Мæнæн канд ме ’фсымæр нæ уыди, фæлæ ма уыди мæ иузæрдион хæлар, ме ’нæзæрдæхудт æмбал, ме ’нæмаст æмгар дæр. Бахъуаджы са- хат æм фæхабар кæн, æмæ-иу дæ уæлхъус æрбалæууыдаид. Уæлдæр ын йæ хорздзинæдтæ куы нымадтон, уæд фыццаг бынаты сæвæрдтон йæ уæздандзинад. Куыд уæздан уыди, уый тыххæй радзурдзынæн æрмæстдæр иу цау. Цыдæр хъуыддаджы тыххæй та мæ йе ’ххуыс бахъуыд — къухæй дæсны уыд æмæ та йæм цæмæн фæдзырдтон, Хуыцау йæ зонæг — æмæ фæс- куыст фынджы уæлхъус бадтыстæм æмæ ныхæстæ кодтам. 413
Дзырд дзырды къахгæ уæздандзинады коймæ рахызтыстæм. Мæ зæрдыл цæмæдæр гæсгæ иу хабар æрлæууыд, æмæ йæ Эльбрусæн радзырдтон. Уæвгæ дзы уадиссагæй ницы уыд. Æрымысыдтæн, кæддæр Мæскуыйæ фысджыты сфæлдыстадон хæдзар «Малеевкæ»-мæ куы цыдтæн (уæды рæстæджы ма нæ бон ахæм рæттæм цæуын уыди) æмæ мæхицæй хистæрæн электричкæйы бынат куы радтон, уыцы хабар. Бæстæйы сæйраг горæтæй мæ цæуын хъуыдис фондзыссæдз километры дарддæр æмæ, бынат кæмæн радтон, уыцы нæлгоймаг, æвæццæгæн, йæхимидæг дисы бацыд, цалдæр сахаты лæугæйæ цæуынмæ мæ ныфс куыд бахастон, ууыл. Хъæрæй та загъта: «Æз ацы фæндагыл авд æмæ ссæдз азы цæуын, æмæ мын дæу йеддæмæ йæ бынатæй никуыма ничи сыстад». Мæ ныхас кæронмæ куы фæдæн, уæд Эльбрус йæ мидбылты ба- худт, иуцасдæр ницыуал сдзырдта, стæй загъта: — Уæдæ æз дæр ахæм уавæры куы бахаудтæн,— æмæ мын хабар кæрæй- кæронмæ радзырдта. Мæ зафдыл æй куыд бадардтоы, афтæ уын æй рафæзмдзынæн... «Кæцы аз уыд, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма 1968 азæй фæстæдæр нæ уыдаид. Цалдæр боны Ригæйы фæ- уыны фæстæ здæхтæн нæхимæ. Купейы æртæ йеддæмæ нæ уыдыстæм: æз, æрыгон сылгоймаг æмæ уымæй ноджы æрыгондæр лейтенант, уæлдæфон флоты чи службæ кодта, ахæм. Сихорафон æфсæддон æмæ сылгоймаг ре- сторанмæ хæрынмæ ацыдысты, æз та купейы баззадтæн. Иу-дыууæ сахаты фæндагыл уыдаиккам, афтæ нæ купемæ æрбахызт рæстæмбис кары нæлгой- маг æфсæддон дарæсы. Æппæты фыццаг ын фæкомкоммæ дæр йæ риумæ: хуры тынтæ дзы сæрттывтой Советон Цæдисы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стьа- лыйыл. Уый фæстæ мæ цæст æрхæцыд æрбацæуæджы пъагæттыл: авиа- цийы инæлар-майор. Йæ дзаумæттæ тæрхæджы бын бафснайдта, йæ уæлæ- дарæс рагъæныл æрцауыгъта æмæ, цыма йе ’ккойæ уæззау уаргъ ахауд, уыйау арф ныуулæфыд æмæ мæ фарсмæ æрбадт. Иуцасдæры фæстæ сыл- гоймаг фæзынд æмæ инæларæн ыыхасæмбал фæци, зæгъгæ, æз мæхи там- бурмæ райстон. Бирæ нæма алæууыдтæн, афтæ лейтенант дæр æрбаздæхт. Дзæвгар фæхъæлдзæгдæр, афтæмæй. Цыппæрæм æмбал ма ныл кæй баф- тыд, уый йын куы загътон, стæй хуымæтæджы æмбæлццон нæ, фæлæ инæлар, уæд мæ уыцы дисхуызæй афарста: «Æцæг?» Æцæг кæй дзырдтон, ууыл ма йын цы ’нæ баууæндгæ уыд, мидæмæ куы бацыд æмæ уазæджы куы федта, уæд. Ныхæстæгæнгæ ныл баизæр. Хуыссæн бацагурын афон ралæууыд. Мæнæн мæ бынат бинаг хатæны уыд, фæлæ инæлар хæрдмæ хизынмæ куы рахъавыд, уæд ын мæ бы- натмæ ацамыдтон, мæнæ ам схуысс, æз уæлæмæ схиздзынæн, зæгъгæ. Лæг мын арфæ ракодта æмæ бынæй схуыссыд. Райсомæй æз æмæ инæлар иннæтæй раздæр сыстадыстæм. Нæхи куы ныхсадтам, уæд тамбурмæ рацыдыстæм. — Кæйонг цæуыс? — бафарста мæ инæлар. — Ардыгæй уал Мæскуымæ,- дзуапп ын радтон æз. — Уый фæстæ та? — Дзæуджыхъæумæ. 414
— Æз уайтæккæ дæр базыдтон, Кавказæй кæй дæ. — Цæмæй? — Нæхиуæттæй ахæм уæздандзинад никæмæ разындаид... Мæ бынат ын кæй радтон, уый кой кодта. Ноджы ма йын, ирон дæн, зæгъгæ, куы загътон, уæд ыл цыма стыр хорздзинад æрцыд, уый хуызæн йæ цæстæнгас фæрухсдæр, йæ цæсго- мыл цыдæр æхсызгондзинад ахъазыд æмæ мæ æваст афарста: — Æмæ уæд Дзусаты Ибрагимы куыннæ зондзынæ? Инæлар-майор, Советон Цæдисы Хъæбатыр?.. — Хъусын ын йæ хабæрттæ, фæлæ лæгæй-лæгмæ зонгæ не стæм... — Иумæ службæ кодтам. Хæсты рæстæджы бирæ хæттыты фембæл- дыстæм. Арæхстджын æфсæддон разамонæг, хъæбатыр адæймаг. Пен- сийы мæнæй раздæр ацыд. Йæ цæстытæ йæ хъыгдарын райдыдтой æмæ йæ службæ ныууадзын бахъуыд. Цыма тохы фæндæгтæ йæ цæстыл ауадысты, афтæ мæм фæкаст. Иуцасдæр ницыуал сдзырдта. — Ирыстонмæ мæ кæдæй нырмæ хоны,— цыма йæ хъуыдыты ахæстæй фер- вæзыныл бацархайдта, уыйау загъта инæлар,— фæлæ йæ абоны онг бабæрæг кæнын мæ къухы нæма бафтыд. Уæлдай æнæвдæлондæр та ныртæккæ дæн. Мысинæгты чиныг фыссын æмæ мæ мæ сæр схъил кæныны бон дæр нал ис. Ныр дæр Мæскуымæ уыцы хъуыддæгты фæдыл цæуын. Инæлар бирæ хорз ныхæстæ загъта не ’мзæххоны тыххæй. Радзырдта мын Сталины фырт Василийы хабæрттæ дæр: — Рæстдзинад æм тынг бæрзонд æвæрд уыд. Уый тыххæй йæ иуæй- иутæ тызмæг æмæ æнæхатыр хуыдтой. Ворошилов ын цæстмæмитæ код- та. Цы не ’мбæлд, ахæм уавæртæ йын арæзта. Уый Сталины хъустыл æрцыд æмæ маршалæн бамбарын кодта, афтæ кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ. Иу заманы Кисловодскы санаторийы улæфыдтæн æмæ дзы баййæфтон Коммунистон партийы Центрон Комитеты уæды секретарь Суслов Миха- илы æмæ Василийы. Сталины амарды фæстæ уыд уый. Суслов Василийæ йе сæфт кæй уыдта, уый санаторийы уæвджытæ æнæрахатгæ нæ фесты. Ууыл бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ Василийы Фæсурал балæууын код- той, æмæ уайтæккæ йæ марды хабар сыхъуыст. Ныхæстæгæнгæ Мæскуымæ куыд æрбаввахс стæм, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтам. — Иу курдиат мæм ис, — æрхатыд мæм инæлар.— Кæд дын зын нæ уыдзæн, уæд ма, дæ хорзæхæй, мæ хæстон æмбал Дзусаты Ибрагимы бабæрæг кæн æмæ йын мæ номæй арфæйы ныхæстæ зæгъ. Æз ын, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæ бавæрдтон. Уый гæххæтг æмæ ручкæ систа æмæ фыссынмæ фæци. Гæххæтт цыппар дыдагъы бакодта æмæ мæм æй æрбадардта: — Мæнæ-иу æм ацы фыст дæр ратг. Стæй æппынфæсгаг дæуимæ дæр базонгæ уæм,— æмæ мын йæ ном æмæ йæ мыггаг загъта: Сандалов Владимир. Æз дæр ын мæхи бацамыдтон. Мæскуыйы кæрæдзийæн хæрзбон загътам. Нæхимæ куы ссыдтæн, уæд базыдтон, нæ хъуыстгонд æмзæххоны хæстон æмбал дæр хъуыстгонд лæг кæй уыд. Райгуырди 1906 азы 28 янва- 415
ры Бетьырбухы службæгæнæджы бинонты æхсæн. Уыди 125-æм бомбæ- æппарæг авиацион полчъы командир. 1941-æм азы ноябрæй фæстæмæ 47 хатты архайдта уæлдæфон тохты. Арæхстджын разамынд лæвæрдта полкъæн, знаджы æфсæдтæ æмæ аэродромтæ дæрæн кæнгæйæ. Советон Цæдисы Хъæбатыры ном райста 1942 азы 6-æм июны. Хæсты фæстæ каст фæци Генштабы хæстон академи. 1959 азæй фæстæмæ инæлар-майор Сандалов Владимир уыдис запасы. Лæвæрд ын æрцыд Ленины дыууæ ордены, Сырх Тырысайы æртæ ордены, Суворовы 2-æм æмæ 3-æм къæпхæны ордентæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 1-æм къæпхæны, Сырх Стъалыйы ордентæ æмæ бирæ майдантæ. Ибрагимимæ кæд зонгæ нæ уыдтæн, уæддæр æй æнцонæй ссардтон. Рагацау телефонæй фембæлыны тыххæй баныхас кодтам æмæ сын бæлвырд рæстæгыл сæ дуары дзæнгæрæгыл ныххæцыдтæн. Уайтагъд къæсæрыл ауыдтон бæзæрхыгтæ уæнгджын инæлары спортивон дарæсы. Дзусы-фыр- ты лæгæй-лæгмæ никуы федтон, фæлæ йæ чингуытæ æмæ газетгæм гæсгæ зыдтон, федтон-иу æй телевизоры дæр æмæ мæ размæ йæхæдæг кæй ра- цыд, уый ма мын цы базонын хъуыд. Мидæмæ цæуинаг нæ уыдтæн, фæлæ мæ сдзырд дæр нæ бауагъта. Бацыдтæн, уæдæ цы уыдаид. Хæдзары йæхи йеддæмæ ничи разынд, фæлæ æфсиниуæг кæнынмæ нæ фæзивæг кодта. Цыбыр рæстæгмæ фынг арæвдз. Коньяк гыццыл агуывзæты рауагъта æмæ мæм æрхатыд, фæйнæ баназæм, зæгъгæ. Нуазыны зонд мæм нæ уыд: иуæй, мæхицæй хистæр уыд æмæ дзы æфсæрмы кодтон, иннæмæй та, нозтимæ цас лымæн дæн, уый дæхæдæг зоныс, фæлæ мæ нæ ныууагъта, цалынмæ иу банызтон, уæдмæ. Сандалов мæм цы гæххæтт радта, уый кæсынмæ дæр уый фæстæ бав- нæлдта. Йæ хæлары фыст бакæсын ын æхсызгон кæй уыдзæн, уый рага- цау дæр зыдтон, æмæ йæ цæсгомы хуызтæ куыд ивгæ цыдысты, уымæ аивæй кастæн. Æвæццæгæн, иу æмæ дыууæ нывы нæ ауад йæ цæстыл, иу æмæ дыууæ хабары не ’рымысыд. Уый бæрæг уыд йæ цæсгомы нуæрт- ты змæлдыл, йæ цæстыты æрттывдыл, йæ улæфтыл. Уый бæрæг уыд, уыцы чысыл фыстæг цалдæр хатты кæй бакаст, уымæй дæр. Æрæджиау æй йæ риуы дзыппы бафснайдта, мæ къух ма мын ноджыдæр иу хатт фидар нылхъывта, æмæ кæрæдзийæн хæрзбон загътам...». Эльбрус фæци йæ ныхас. Дзусаты Ибрагимы æз дæр зыдтон. Æппæты фыццаг æй федтон 1955 азы. Уæд æз пединституты ахуыр кæнын райдыд- тон. Фæззæджы нæ фыццаг курсæй колхозмæ акодтой. Мемæ иу курсы уыдис Ибрагимы чызг Тамарæ дæр. Цас акуыстаиккам, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ иу бон быдыры фæзынд æфсæддон газик. Рахызтис дзы хæрзконд, хæрзæлвæст æфсæддон инæлар-майоры дарæсы. Уайтагъд хъус-хъус ахæ- лиу, уый Тамарæйы фыд у, зæгъгæ. Фæстæдæр дæр ма-иу ыл сæмбæлдтытæ кодтон. Уый хыгъд нæ зыдтон инæлар-майор Сандалов Владимиры, фæлæ йын Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ йæ сурæт мæ хъуыдыты сныв кодтон. Цыма æддаг бакастæй дæр æмæ зондæй дæр Ибрагиммæ хæстæг уыд, афтæ мæм фæкаст. Стæй ма мæм ахæм хъуыды дæр æрцыди: уæздандзинадæн æмбал дзы нæй. Уый куы нæ уыдаид, уæд дыууæ хæстон æмбалы кæрæдзиуыл бæттæг нæ фæуыдаид, нæ райгуырдаиккой ацы рæнхъытæ дæр. 416
* * * Мæ мадырвад Хосаты Тæтæрхъаны тыххæй ма уын цалдæр ныхасы зæгъынæй зæрдæ бавæрдтон. Сом мын балæвар кодта кæм фыстон, уым афтæ загътон, мæрдтæм дзы мæхи хæсджын æмæ аххосджыныл нымайын, зæгъгæ. Чи зоны, æгæр æй фæцæхджын кодтон: æвæццæгæн, «аххосджы- ны» бæсты «къæмдзæстыг» зæгъын растдæр уыдаид. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Тæтæрхъан карз адæймаг уыд, æгъдау æмæ йæм джелбетт бæрзонд æвæрд уыдысты. Йæхицæн куыд ницы барста, иннæтæн дæр — афтæ. Быцæу кæнын та йæ нæ фæндыди, йæ кæстæрты истæмæй бахъыгдара, уымæй тæрсгæйæ сыстад æмæ зæрæдты хæдзары æрцарди. Йæ фырт Чер- мен, йæ чындз Зойæйæ æппындæр ницæмæй хъæстаг уыд, афтæмæй. «Уыдонæй мæнимæ зындæр цæрæн уыди»,- афтæ-иу загъта йæхæдæг. Раст зæгъгæйæ, мæнæн уыцы хабар фехъусын хурбон арв ныннæрæгау уыди. Цыфæнды хъуыддагыл дæр сразы уыдаин, фæлæ Тæтæрхъаны хуы- зæн Тæтæрхъаны ахæм ран фенынмæ мæ ныфс нæ хастон. Куыд мын дзырд- той, афтæмæй та йæ фæндыди, куы йæ бабæрæг кодтаин, уый. Мæ иннæ мадырвадæлтæ-иу æм уыдысты. Уыдис-иу æм мæ мадыфсымæр Хæчъассæ дæр, фæлæ йæм æз никуы бацыдтæн. Иуæй, мæ Тæтæрхъаны ахæм ран фенын нæ фæндыд, иннæмæй та мын мæхи исчи куы федтаид, уымæй стьæлфыдтæн, цавæр хæрæфырт дæ, кæд дæ мадыфсымæр йæ фæстаг бонтæ æвæгæсæг адæмы ’хсæн æрвиты, уæд! Чи цæмæй зыдта, йæхицæн фырт кæй ис, бирæ йæ чи уарзы æмæ йæхæдæг дæр бирæ кæй уарзы, ахæм фырт. Фæлæ, куы зæгъын, Тæтæрхъан иуæхстон адæймаг уыд æмæ, иугæр ныхас загъта, уæд ын аивæн ницыуал хуызы уыди. Йæ ныхас та уыди йæ бинонты æхсæнæй сыстын æмæ æцæгæлон адæмы ’хсæн æрцæрын. Тæтæрхъанæй, кæй никуы йæ бабæрæг кодтон, къæмдзæстыгæй уымæн баззадтæн. Ныртæккæйы зонд мæм куы уыдаид, уæд, нæ бацæуынæн цы ’фсæнттæ ссардтон, уыдонæй иуы дæр ницæмæуал æрдарин. Тæтæрхъанмæ бацæ- уин, сæрыстырæй йын йæ къух райсин, зæрдæбын ныхæстæ фæкæник- кам, стæй йын «хæрзбон» зæгъыны размæ ныллæг мæ сæрæй акувин: «Сæрибардзинад дæм æппæты бæрзонддæр ран æвæрд уыд æмæ уыцы сæрибардзинадæн снывонд кодтай, цыдæриддæр дæм уыдис, уыдон!» * * * Цæргæ-цæрæнбонты иу бæстыхайы фæкуыстон. Æхсæз æмæ дыу- уиссæдз азы размæ кусыны номыл цы хæдзары къæсæрæй бахызтæн, абон дæр фæллой кæнын уым. Раст зæгъын хъæуы, æндæр бынæтты дæр куы- стон, фæлæ-иу мын уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Æмæ цы нæ кусæндон уыдис Сабырдзинады проспекты фондз æмæ ссæдзæм хæдзары! Партийы горком æмæ республикæйы прокуратурæ, арбитражы тæрхондон æмæ афтекты управлени, «Стыр ныхас» æмæ ма ноджыдæр бирæ æндæр кусæндæттæ. Иууылдæр лымæнæй цардыстæм... иуæй фæстæмæ. Уый уыди фельдегерты службæ. Йæ кусджытæ йæ хотыхтимæ хъахъ- хъæдтой. Æмæ дын мæ фæскуыст æмæ фæлладуадзæн бонты мидæмæ куынæуал уадзиккой. Ныр æз та, кæд исты ныффыстон, уæд — куыстæй 27 Дзасохты М. 417
уæгъд рæстæг. Никуы мæ ничи бахъыгдардта, кæд прокуратурæтæ æмæ тæрхондæтгимæ иу хæдзары куыстам, уæддæр. Хъыгдаргæ нæ, фæлæ ма- иу сын æхсызгон дæр уыди, чидæр рæстæг дзæгъæлы кæй нæ сафы æмæ, цыдæр хъуыддагыл хæст кæй у, уый. Фæлæ, куы зæгъын, ацы хотых- джынтæ куы фæзындысты, уæд мæ мидæмæ нал уагътой. Мæ цард мын ад нал кодта. Мæ хъуыдытимæ мын иунæгæй баззайыны фадат нал уыд. Цæрæнбонты цæуыл ахуыр уыдтæн, уымæй мæ иртасынвæнд скодтой æмæ, цы кодтаин, уый нал зыдтон. Чи мæ нæ уагъта, уыдонæн-иу мæ уавæр куы бамбарын кодтон, уæд мын-иу уыцы уæзданæй загътой, мах æппындæр ницы хъыгдарыс, фæлæ, æвæццæгæн, ды нæ хицауы нæ зо- ныс: бафхæрдзæн нæ æмæ дæ уый цæмæн хъæуы? «Нæ хицауы нæ зоныс» мын кæй загътой, уымæй рæдигæ кодтой, уымæн æмæ йæ зыдтон. Институты иу рæстæджы ахуыр кодтам. Раст зæгъгæйæ, уый мæнæй дыууæ азы раздæр каст фæци, фæлæ зонгæ уыдыстæм. Институты фæстæ дæр арæх æмбæлдыстæм, зыдтон æй æмгар- уарзон/хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ лæппуйæ. Бацыдтæн æм æмæ йæ нал базыдтон. Фыццаджы хуызæнæй йæм ни- цыуал бафиппайдтон. Æфсæддон дарæс æм йæхи хуызæнæй ницыуал ныууагъта. Цыма бынтон æцæгæлæттæ уыдыстæм, мемæ кодта ахæм ныхас. Йæхи афтæ дардта, цыма мæ фыццаг хатт уыны. Абон дæр ма дис кæнын. Фыццаджыдæр мæ кæй нæ уагъта, уый ахъуы- дыйаг уыд. Журналы сæйраг редакторы йæ куыстмæ ма уадз æмæ æнæхъæн цыппаруæладзыгон хæдзарæн — йæ кусджытæ ахстой дыккæгæм уæладзыг, уый дæр æнæхъæнæй нæ — дæхи хицау скæн, уый кæцы закъоны фыст ис, уый-ма равдис, зæгъгæ, йын куы загъдæуыдаид, уæд, закъоны кæцы ста- тьямæ бацамыдтаид, уый зын зæгъæн уыд. Дыккагæй та, афтæ тынг цæмæн тарст, уыдон цымæ цытæ уыдысты? Нæ зонын, фæлæ, æвæццæгæн, адæймаг цас фылдæр цæра, уыйбæрц, цы диссæгтæ уыны, уыдоны нымæцыл дæр æфтгæ цæуы. Цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ дис кæнынæй нæ банцайдзынæы, хорз кæй зыдтон, лымæнæй кæимæ цардтæн æмæ æцæг ирон лæппу æнхъæл кæмæн уыдгæн, уымæ йæхи хуызæнæй куыд ницыуал баззад æмæ, адæймагæн афтæ аивæн куыд ис, ууыл. * * * Номайтæ, дам, Саккадонæй дарддæр фæдисы нæ цыдысты. * * * Зæнджиаты Эльбрусæй ма ахæм хабар фехъуыстон. Иу туджджын зыдта, кæй йæ мардзысты, уый, фæлæ никæмæй тарст. Уымæ гæсгæ йæ адæм схуыдтой «мæлæты лæг». «Мæлæты лæг», зæгъгæ, ныхас дæр, дам, уæдæй фæстæмæ баззад. * * * Хъайттаты Сергей æмæ Лацойты Махарбег (æрæджы фæзиан, рухсаг уæд!) нæхи горæты иумæ службæ кодтой. Рæнхълæуды фæцæйцыдысты, 418
æмæ Сергей Махарбегæй ахъазынмæ хъавыд. Командир æй куыд фехъу- са, афтæмæй йæм дзуры: — Лацойы-фырт, рæнхълæуды цæугæйæ ма ныхас кæн. Махарбег æм æвзæр дзыхæй сдзырдта. Уый взводы командир кæстæр лейтенант айхъуыста, цы! — цæугæ-цæуын æй афхæрдта: — Лацойы-фырт, æнæ радæй æртæ наряды! — Æз иу ныхас дæр не скодтон,— йæхи раст кæнынмæ фæци Махарбег. — Лацойы-фырт, фондз наряды æнæрадæй! - ноджы карздæр æфхæрд æй бакодта командир. Уыцы ’хсæв æфсæддонты фæдисы сыстын кодтой æмæ фондз суткæйы, зæгъæн ис, æмæ хуыссæджы цъынд нæ федтой... Махарбегæй фæстæмæ. Куы ’рбаздæхтысты, уæд Махарбег Сергейæн арфæтæ кодта, дæу ру- аджы, дам, хъизæмæрттæй фервæзтæн. Ацы хабæрттæ мын Сергей йæхæдæг дзырдта. * * * Мамсыраты Мурат куыд зæгъы, афтæмæй ма «Дзигойы зарæджы» уыди ахæм ныхæстæ дæр: Елхоты хуымтæ нын кæсæгæн - кæрдинаг, Мæ рæзгæ къабæзтæ кæсæгтæн — хæринаг! Æрыгон ма куы уыдтæн, уæд, дам-иу æй зарыдысты. * * * Дуне иннæрдæм афæлдæхт, зæгъгæ, куы фæзæгъынц, уæд дзы, æвæццæгæн, фæлдæхгæ ницы акæны, фæлæ дзы æрцæуы бирæ ивддзинæдтæ... 1964 азы 5 ноябры мæм Плиты Грис сæрвыста писмо. Цы фыста, уый тыххæй — фæстæдæр, фæлæ уал фыццаг — йæ адрисы тыххæй. Кæсæм Грисы къухæй фыст: «гор. Орджоникидзе, проспект Мира, редакция га- зеты «Растдзинад», Дзасохову Музаферу». Бындæр та æмбæлæм ахæм ныхæстыл: «гор. Ялта, Дом творчества Литфонда СССР». Ныр ахъуыды кæнæм, ацы фыстытæй ма йæ раздæры нысаниуæгæн дзуапп чи дæтты, растдæр зæгъгæйæ та - дзуапп чи нал дæтгы, уыдо- ныл. Фыццаджыдæр Орджоникидзейæ рауад дыууæ горæты: иронау Дзæу- джыхъæу, уырыссагау — Владикавказ, Цæгат Ирыстонæй - Цæгат Иры- стоны - Аланы Республикæ, дыккаджы - Сабырдзинады проспект йæ бынаты баззад, фæлæ дзы «Рæстдзинад»-ы редакци нал ис. Æз дæр цы уыдтæн, уымæй баззадтæн, фæлæ «Рæстдзинад»-ы нал кусын. Ялтæ дæр Ялтæйæ баззад, æрмæст æндæр паддзахады балæууыд. Литературон фонд ма ис, æви нал, уый зын сбæлвырдгæнæн сси. Ялтæйы Сфæлдыстадон хæдзар кæй нал ис, уымæн та фондз азы размæ æвдисæн уыдтæн мæхæдæг. Уæдæ Советон Цæдис кæй нал ис, уый та дзурын никæмæн хъæуы. Цымæ ма цыфæнды æндæр ладдзахадæн дæр цыбыр рæстæгмæ ахæм митæ бачындæуыд? Стæй ма ахæм миты фæстæ йæ къахыл лæууынхъом бауид? 419
Цыфæндыйæ дæр Уæрæсейæн мæлæтнæй. Уый сæргъы цы адæймæгтæ æрлæууы — æз æрмæстсæ иуæй-иуты кой кæнын — уыдоны бæрны цавæр- фæнды тыхджын паддзахад, азтæ нæ, фæлæ æрмæст афæдз куы фæуид, уæд йæ мæгуыры гæвз-гæвз фондзыссæдзгай азтæ фæцæуид. Фæлæ, куы зæгъын, Уæрæсе гæвз-гæвзæн куыд фæразы, афтæ фæрдзы бæгънæг æмæ æххормагæн, æфхæрд æмæ дæлджинæггондæн, тыхст æмæ уырыдæн, йæ аккаг чи нæу, ахæм хицæуттæн... Ныр та, Грис мæм цы фыста, уый тыххæй. Цæвиттон, уæд, ома дыууæ æмæ дыууиссæдз азы размæ æз куыстон «Рæстдзинад»-ы редак- цийы æмæ Плийы-фыртæн бахæс кодтон статья ныффыссын. Алы хатты хуызæн Грис мæ курдиат сæххæст кодта. Æрмæг бацæттæ кодтон, фæлæ дзы кæмдæрты цыдæртæ аппæрстой. Мæ хицауадæн бамбарын кодтон, цалынмæ йæ автор фена, уæдмæ йын мыхуыргæнæн нæй, зæгъгæ. Грисмæ Хъырыммæ писмо арвыстон, статьямæ бавнæлдтытæ кодтой æмæ куыд кæнæм, зæгъгæ. Мæ писмойæн райстон ахæм дзуапп: «Здравствуй, до- рогой Музафер! Статыо мою, разумеется, ни при каких условиях нельзя печатать с теми сокращениями, о которых сказано в твоем письме. Очень прошу тебя сохранить ее к моему возвращению, или передать моему сыну Лео на хранение. Я вернусь 8 ноября. Просить кого-либо о ее напечата- нии, убеждать редакцию о том, что эти положения статьи - правильны, я не намерен. Это переливание из пустого в порожнее. Пусть они зака- жут другую, более подходящую статыо. Разве можно в одной газетной статье высказать все? О творчестве старших поэтов можно написать дру- гую статью. Нет, эту статью печатать не будем. С приветом Гр. Плиев». Æрмæст ацы писмо бакæсгæйæ дæр адæймаджы цæстыл ауайдзæн нæ номдзыд поэты фæлгонц. * * * Фарон тынг хъызтытæ фæкодта. Æртхъирæны мæйы астæу дæр зымæ- джы тых нæма асаст. Уыцы райсом дæр та ме ’ннæ ’мбæлтты хуызæн æхсæвдалынгæй Терчы былмæ рацыдтæн. Не ’ппæт иу рæстæгыл нæ фæзынæм, фæлæ боны срухсмæ иууылдæр æрæмбырд вæййæм. Чи иунæгæй цæуын ахуыр у, чи — дыууæйæ, чи та суанг — æртæйæ кæнæ цыппарæй дæр. Æз иунæгæй дæр вæййын, æмбæлттимæ дæр. Уыцы бон æгæр раджы цыд фæдæн æмæ доны галиу фæрсты дæлæмæ мæ ных сарæзтон. Кировы уынджы, Терчы сæрты цы дынджыр хид ис, уый бынты хæрдмæ ленк кæнгæ ауыдтон хъæддаг бабызы. Æнхъæлдтон, æмбал ма йын разындзæн, зæгъгæ, фæлæ, уыцы хъахъхъæд фæкодтон æмæ дзы дыккагыл мæ цæст нал æрхæцыд. Мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн: «Кæцæй æрцыд горæты тæккæ астæумæ хъæддаг бабыз?» Мæ зæрдæ Бехъаны цадмæ ахсайдта. Ацафон сын уым ныккæнæн нал вæййы. Цæгаты ’рдыгæй куы схъызы, дæттæ куы ныссæлынц, уæд сын, æвæццæгæн, холлаг нал фæфаг кæны æмæ махырдæм сæ ных саразынц. Бехъаны цадæн та цыфæнды уазалы дæр сæлæн нæй, уымæн æмæ йæ равзæрæн суадæттæй у. Тынг уазæлттæ куы скæны, уæд доны уæлцъарæй ницыуал фæзыны, 420
иууылдæр вæййы бабызæй æмбæрзт. Æмæ, зæгъын, кæд уыцы бабыз дæр, уырдыгæй чи радзæгъæл, ахæм у. Дыккагбон доны былмæ куы рацыдтæн, уæд Горькийы уынджы кæрон Терчы сæрты къаххиды уæллаг фарс мæ хорз зонгæ Самбегаты Гæвдийы, йæ къæбылайы алы райсом дæр йемæ чи рахоны, ахæм бæрзондгомау сырхцæсгом лæгимæ донмæ цæмæдæр æдзынæг кæсгæ сæййæфтон. Цы у, зæгъгæ, сæ цуры æрлæууыдтæн æмæ, уыдон кæдæм кастысты, уырдæм нымдзаст дæн. Доны тæнæг былгæрæтты ленкгæнгæ ауыдтон бабызы. Чысыл фæстæдæр мæ цæст æрхæцыд бабызæнгæс цыдæрыл. Уый доны былгæрон дуртыл æнæзмæлгæйæ лæууыд æмæ, куыд бамбæрстон, афтæмæй Гавдиитæ дæр уымæ кастысты. Схъæр ыл-иу кодтой, бавзыс- той-иу æм, фæлæ, марадз-зæгъай, йæ бынатæй фезмæла. Мæхинымæр ахъ^ыды кодтон: «Æвæццæгæн, уазалæн нæ бафæрæзта æмæ ныссалд». Йæ цуры цы бабыз уыд, уый æнæмæтæй ленк кодта. Уæвгæ уый хуы- мæтæджы ленк нæ уыди. Æваст-иу доны фæсæрбынмæ æмæ-иу дзæвгар рæстæг нал фæзынд. Куы-иу фæзынд, уæд та, æз æм æнхъæлмæ кæцы ранæй кастæн, уырдыгæй нæ, фæлæ бынтон æндæр ранæй. Куыд бам- бæрстон, афтæмæй дæлдоны йæхицæн холлагамал кодта. Мæ хъуыдытæ мæ знон райсоммæ ахастой, кæд, зæгъын, знон дæр уыцы бабызыл фембæлдтæн. Ныр мах Гæвди æмæ йе ’мбалимæ, æгас бабыз æмæ бабызæнгæс æндæргæй нæ цæст нæ исæм. Æз тæригъæд кодтон сæ дыууæйæн дæр. Иуæн, кæй басыд, — кæд æцæгæй басыд, уæд — уый тыххæй, иннæмæн — æнæ къайæ кæй баззад, уый тыххæй. Æрмæст æгасыл кæмдæр мæ зæрдæ худгæ дæр кодта: де ’мбалы ахæм уавæры уын æмæ дыл макæцырдыгæй зынæд! Дæ гуыбыны мæтæй дæ дæ уарзоны цур иуцъус абадынмæ дæр ма равдæлæд! Уалынмæ Гæвди куы сдзурид: - Уæртæ йæ базыр фезмæлыд. Уыцы рæстæг æз бабызæнгæс æндæргмæ тынг æдзынæгæй кастæн, фæлæ дзы ницы базмæлгæ федтон. Æвæццæгæн, зæгъын, Гæвдимæ кæнæ кæсгæ афтæ фæкодта, кæнæ та æцæгдæр куы базмæлыдаид, уый йæ тынг фæндыд æмæ афтæ уымæн загъта. Ноджы мæ фарс рахæцыд къæбылайы хицаудæр: - Уый къодах цыдæр у, цы дзы фезмæлыди?! Мæ цымыдисдзинад фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ кодта. Ноджы Гæвди йæ хъуыды аивинаг куы нæ уыди, уæд сфæнд кодтон æцæгдзинад сбæлвырд кæнын. Гæвдиитæ, æвæццæгæн, дæлæрдæм цыдысты æмæ дарддæр сæ фæндаг дардтой, æз та хидыл фаллаг фарсмæ бахызтæн. Доны стырдæр къабаз фаллаг фæрсты калд. Бабызы хуызæн æндæрг цы сакъадахыл уыд, уый дæр фаллаг былгæронæй хуыздæр зынд æмæ йæм уыцырдыгæй æрбакæсын сфæнд кодтон. Бабызæнгæсы цæмæй фæтæрсын кæнон, ахæм лæдзæггонд кæнæ дур агурынмæ фæдæн. Бæла- сы æмбыд къалиуыл фæхæст дæн. Доыы былмæ бацыдтæн, мæ къухæй ма йæм иу хатт февзыстон, кæд фæтæрсид, зæгъгæ, фæлæ Къойы дурау æнæзмæлгæйæ лæууыд. Бæласы къалиуыл мæ зæрдæ ницы уыйас дард- 421
тон, уымæн æмæ æмбыд уыд, фæлæ йæ уæддæр фехстон. Доны астæумæ дæр нæ бахæццæ, афтæ дыууæ дихæй уылæнты аныгъуылд. Æндæр тæрсæн агурынмæ фæдæн. Ацы хатт дзæбæх лæдзæгыл фæхæст дæн. Иу дзæвгар фæхъавыны фæстæ йæ мæ тых-мæ бонæй ныддыввытт ластон. Лæдзæг бабыз-къодахыл чысыл-ма бахъæуа ма суайа. Йæ цурмæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ салд — мард — къодах æнхъæл кæмæн уыдтæн, уый йæ базыртæ фæпака кодта æмæ иуварс стахт. Цыма мыл стыр хорздзинад æрцыд, афтæ бацин кодтон. Æртæ хъуыддаджы тыххæй. Фыццаджыдæр, бабыз æгас кæй разыыд, уый тыххæй. Иннæмæй, Гæвдийы ныхас раст кæй рауад æмæ йыл мæнг дзурынæй кæй нæ фæдызæрдыг дæн, уый тыххæй. Æртыккаджы та — æгас бабызыл мæ зæрдæ цæмæй худт, уымæй рæдигæ кæй кодтон. » * * * Ме ’рдхорд, зындгонд нывгæнæг Челæхсаты Магрез мын йæ фын ра- дзырдта: - Дон раивылди. Мах æртæ ’мбалæй фаллаг фарсмæ бахизын хъуыд, фæлæ абухгæ улæнтæм хæстæг цæуын дæр нæ уæндыдыстæм. Былгæ- ронæй дæрддзæфгомау лæууыдыстæм æмæ хъуыдытæ кодтам, фаллаг фарсмæ цы хуызы баирвæзтæуа, зæгъгæ. Уалынмæ нæ размæ февзæрди æртæ хиды. Улæнтæ-иу хаттæй-хатт сæ сæрты дæр акалдысты. Æз ме ’мбæлттæм дзурын: «Цалынмæ хидтæ не ’рбайсæфтысты, уæдмæ фæфале уæм!» Ничи мæм дзы байхъуыста. Ныр мæнæн та цыма фаллаг фарсмæ æнæбахизгæ нæ уыди. Æмæ, цы уа, уый уæд, зæгъгæ, фæраст дæн. Хиды фæйнæфæрсты телтæ уагъд уыд æмæ уыдоныл мæ дыууæ къухæй хæцгæ, мæ уд мæ къухы хæсгæ фæфале дæн. Куыддæр мæ къах зæххыл æрæвæрдтон, афтæ фехъал дæн. Дыккаг бон мæ фын ме ’мбæлттæн дзырдтон, æмæ мын дзы иу афтæ зæгъы, мах, дам, æртæйæ Ленинграды аивæдты академимæ цæудзыстæм, ды бахаудзынæ, мах — нæ. Йæ ныхæстæ æцæг рауадысты, афтæмæй ме ’мбæлттæ дыууæйæ дæр училище сырх дипломтимæ каст фесты... * * * Æвæдза, ацы чызджытæ диссаг сты... Биноыты хъуыддаг æрæгмæ бакодтон. Æхсæрдæс æмæ мыл ссæдз азы куы рацыд, уæддæр ма равзар... Чысыл ма бахъæуа «равзар-бавзар код- тон», зæгъгæ, ма зæгъон. Нæ, уыди Калачы Пухоны аккаг къабайаг, фæлæ ахæм дзаума дарынмæ мæ ныфс нæма хастон. Уæвгæ та мæхи цæттæ кодтон. Иу хатг, йæ хистæр хоимæ иу агъуысты кæимæ куыстон, ахæм чызгимæ хæлар ныхас кодтон. Цæмæдæр гæсгæ йæм хионы цæстæй кастæн, æндæр йемæ мæхи афтæ дардтаин?! О, æмæ та уæд дæр йæ хойы абæрæг кодта. Йæ хоимæ та, куы зæгъын, кæд нæ кусæндæттæ алыхуызæттæ уыдысты, уæддæр кусгæ иу ран кодтам 422
æмæ хæларæй цардыстæм. Цыма мæ хæстæг уыди, уыйау мыл тыхсти, д’ амонд бацагурын афон дыы у, зæгъгæ-иу мын арæх загъта. Уымæ гæсгæ йæ хомæ дæр фæныфсджындæр дæн æмæ йын афтæ зæгъын: — Уæ институты — уæд ма йæхæдæг дæр студенткæ уыди, — чызджытæй- ма мын искæй бацамон. Уый, цыма уыцы ныхæстæ фехъусыымæ рагæй æнхъæлмæ каст, уыйау æваст куы фæкæнид: — Мæнæ мæхæдæг цы кæнын?.. Уæдæй фæстæмæ дзы мæхи дæрдты ласын райдыдтон. Йæ хоимæ дæр мын фыццаджы хуызæн ахастдзинæдтæ нал уыд... Æвæдза, ацы устытæ диссаг сты... Бинонтæ æрхастон, уæдæ, цы уыдаид. Чидæр цы загъта, уыцы рæдыд раджы уа-æрæджы алкæмæн дæр æнæфæкæнгæ нæй. Уæ фарн бирæ уæд - мæ цот дæр конд уыдысты, афтæ дын мæ куыстмæ иу сылгоймаг йæ гыццыл чызгимæ йе ’мбалмæ куы ’рбацæуид. Сылгоймаджы æз дæр зыдтон, фæлæ йæ сывæллонимæ никуы федтон æмæ сæ дыууæйыл дæр бацин кодтон. Уæлдай фылдæр æргом аздæхтон сывæллонмæ. Цыдаид ыл иу æртæ-цыппар азы, æргуыбыр æм кодтон æмæ йæ рæвдауæн ныхæстæй буц кæнын: — Мæнæ цы рæсугъд чызг и!.. Сылгоймаг уый айхъуыста, цы! Йæхи фæмæстыхуыз кодта — кæй зæгъын æй хъæуы, кæнгæ мæстыхуыз — æмæ йæ рахиз къахæй зæхцæвæгау февзидгæйæ сдзырдта: — Æмæ йæ мадмæ цы фау æрхæсдзынæ?.. Æргом дзургæйæ, йæ мадмæ ницы фау æрхæссæн уыд... Ацы нæлгоймæгтæ къаддæр диссаг не сты... Æрыгон рæсугъд сылгоймаг йæ гыццыл чызгимæ дуканимæ бацыдыс- ты. Рады æрлæууыдысты æмæ æнхъæлмæ кæсынц. Сæ разæй цы лæппулæг лæууыд, уый чызгыл цинтæ кæны: — Ахæм ма дзы рæсугъд чызг уыдзæн! Ахæм зæрдæмæдзæугæ у, æмæ мæ йæ мадæн аба кæнын æрфæндыд... * * * Колхозы хосы цъына ссыгъд. Хадо йæ рæзты ’рцæйцыд, фæлæ йæм кæсгæ дæр нæ фæкодта. Уырыссаг сылгоймаг, зынг сирвæзт, уый куы ауыдта, уæд Хадойы фæстæ хъæр кæны, уæлæ колхозы хосыл чидæр арт бандзæрста, зæгъгæ. Хадо æрлæууыд æмæ йæм дзуры: — Хадо сена не косил! Хадо сена не горит! Хадо сердце не болит!.. * * * Раздæр куыд фыстон, афтæмæй нæ номдзыд ахуыргонд Абайты Васо- имæ къорд хатты фембæлдтæн. Иу ахæм фембæлды рæстæг æй бафар- 423
стон, дæ уарзондæр литературон уацмыс цавæр у, зæгъгæ, æмæ мын æнæахъуыдыгæнгæйæ загъта: — Достоевскийы роман «Идиот». Цæмæн, уымæй йæ нал бафарстон, фæлæ йын фæстæдæр йæ фыс- тытæй иуы дзуапп ссардтон: «В истории русской словеснЪсти дважды был создан абсолютно убедительный и покоряющий образ положительного героя. Первый раз народом в лице Ильи Муромца, второй раз Достоевс- ким в лице князя Мышкина в «Идиоте». Казалось бы — ничего общего. Но это только по видимости. Сущность у них одна, истинно русская. Оба они — рыцари добра. Оба они олицетворяют одну идею: стойкость и неуничтожимость добра на нашей земле». Не ’взагыл хъуыды кæнгæйæ хаттæй-хатт тынг æнкъард сагъæстæм æрцæуын.’Ахæм цæстæй йæм куы кæсæм, уæд бирæйы фаг нал суыдзæн. Æвзаг дæр кусæнгарзæй уæлдай нæу. Цæвæгæй хос куынæуал кæрдай, уæд æй згæ бахæрдзæн æмæ æппынфæстаг зæххы хай бауыдзæн. Æвзагыл дзурæг куынæуал уа, уæд фесæфдзæн. Æвзагимæ та фесæфдзысты, чи йыл дзырдта, уыцы адæм. Æвгъау сты ахæм адæм — уæвгæ кæцыфæнды адæм дæр — фесæфынæн. Хуыцау нын цы диссаджы æвзаг радта, ууыл сфæлдыстæуыд, дунейы æмбал кæмæн нæй, ахæм Нарты кадджытæ, тау- рæгътæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, хъарджытæ... Не ’взаджы хъысмæт искæмæй аразгæ куы уаид, уæд иууылдæр хæцæнгæрзтæ райсиккам æмæ йемæ карз тохы бацæуиккам, ды нæ сафæг дæ, зæгъгæ. Фæлæ мардæрцыд уыцы-иу рæстæг дыууæ хъуыддаджы у: не ’взаг бынгæнджытæ нæхæдæг стæм, нæхи ныхмæ сдзурынвæнд та, куыд кæсыы, афтæмæй ничи кæны. Æрæджы та ногæй бакастæн Баграт Шинкубайы роман «Последний из ушедших». Мæнæй кæнгæ куы уаид, уæд æз æппæт дæр саразин, цæмæй абхазаг фыссæджы уыцы диссаджы уацмыс бакæса алы ирон дæр - стæй канд ирон нæ, фæлæ, йе ’взагæн фесæфынæй тас кæцыдæриддæр чысыл адæмыхаттæн у, уыдонæй алкæй минæвар дæр — цæмæй йæ цæстытыл ауайа, æвзаджы фесæфтимæ сæм цы фидæн æнхъæлмæ кæсы, растдæр зæгъгæйæ та сын фидæн уæвгæ дæр кæй нæй, уый. Æмæ куы зæгъын, не ’взагыл хъуыды кæнгæйæ тынг æнкъард сагъæс- ты ахæсты бахауын. Æмæ кæдæмыты нæ ахæццæ вæййын! Мæ тæккæ фæстагдæр ныфс ма кæд вæййы... халон... Куыд дзурынц, афтæмæй, дам, дзурын сахуыргæнæн ис канд тутиты нæ, фæлæ халæтты дæр. Гъемæ ма зæххыл цы фæстаг ирон баззайдзæн, уымæн афтæ ныффæдзæхсин, кæнæ ахæм ныстуан ныууадзин: «Иронау дзурын иу нæ, фæлæ цалдæр халоны дæр сахуыр кæн æмæ, ды куынæуал уай, уæд ма, æртæсæдæ азы цы маргъ цæры, уый фæрцы кæд не ’взагыл къорд рæстæджыты дзурæг уаид». 424
* * * «Лæг амалæн конд у», — афтæ-иу загътой фыдæлтæ. Ноджы ма-иу афтæ дæр загътой: «Цæфхадæй сæфтæджы ’хсæн цæрын мæлæтæй хуыздæр у». Зынæй æрмæст мæ фæлтæр цы бавзæрстой, уый дæр чингуыты ныф- фыссынмæ бæззы. Нæ размæйы фæлтæрты кой нал кæныы. Уыдонæй бирæтæ сæ зындон уæлæуыл арвыстой. Фæлæ махæи дæр хъыцъыдон фагæй фылдæр нуазгæ ’рцыди. Нæ фæлæ ма æгæр фидар дæр стæм. Хуыскъæл æмæ дзындзалæгæй схъомыл у, лæджирттæг æмæ пысырайы æууæрцъыйæ де ’ххормæг саф, сабатизæры къæбæртæ æмæ чындзæхсæвы уæлдæйттæ дæ бæллиц уæнт! Кæцæй хъуамæ æрцæуа ахæм фæлтæрмæ зæнджы магъз! Ныртæккæйы адæмæй ма цæхæрайыфых æмæ къæлуайы кой хъусгæ дæр исчи фæкодта?! Æмæ нын уыдон дæр фаг куы уыдаиккой! Æрæгвæззæгæй рагуалдзæгмæ цæхæрайы фых кæмæй кодтой, ахæм кæрдæг кæм ссардта- ис?! Йæ хоры бæркадыл-иу афæдзы астæу былар кæмæн бафтыдæуыд, уый дын къæлуа цæмæй хъуамæ скодтаид?! Фæлæ амæлттæ кодтам. Ир- вæзтыстæм. Сыдæй рæсыдыстæм, фæлæ, хæрзстæмтæй фæстæмæ, нæхи мæлын нæ уагътам. Æрмгуыройы тыххæй мæ цалдæр ныхасы зæгъын фæнды. Хистæртæ йæ зонынц, фæлæ мæ кæстæртæн, дзырд куыдæй равзæрд, уый бацамо- нын фæнды. Арæзт у дыууæ хайæ: «арм» æмæ «куыройæ», ома армæй зилгæ куырой. О, уыдис ахæм куырой дæр, уымæн æмæ æцæг куырæйттæ нæ фаг кодта. Растдæр зæгъгæйæ та, кæм хор куыройæн нæ фаг кодта — дыууæ- æртæ килограммы куыройы фыдты ’хсæн баззадаид, кæм хорæн — куы- рой. Ахæм заман-иу мæгуыр лæджы хуыздæр æххуысгæнæг уыди æрм- гуырой. Нартхоры цалдæр æфсиры дæр-иу дзы æрзил æмæ-иу дæ бинон- ты тыхст ацарæзтаис: йе ставдæй-иу ын хæдзары æфсин кас скодта, йæ лыстæгдæрæй — сир, бынтон лыстæгæй та - кæрдзын. * * * Сидзæрæн йæ къухтæ цыбыр сты: фыдыус æй æвналын нæ уадзы. * * * Ацы хабар мын Есенаты Женя радзырдта. Мæ мад, дам-иу афтæ сомы кодта: «Мæ тугæйдзаг æфсымæрты стæн!..» «Тугæйдзаг» цæмæн, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын загъта: «Йæ дыууæ ’фсымæры революцийы рæстæджы фæмард сты æмæ сæ уымæ гæсгæ «тугæйдзаг» хуыдта». * * * Мæ зонгæ музейы директор уыди, ^музей та - проспекты æмæ йын уынгæй мидæмæ бацæуæн нæ уыди. Йæ хæлæрттимæ бандоныл бадти кæнæ проспекты зылди æмæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн рæстæг æрвыста. 425
Æрмæст æй иу сæрд къæвда æддæмæ ракæсын нæ бауагъта æмæ йын ах- сты хуызæн йæ куысты бадгæ æрцыди... * * * Нæ мыггаджы сиахсы — замманай уæздан лæджы — не ’рвадæлтæй кæимæдæр зонгæ кодтон. Сиахс æй зыдта, каис — нæ. Хардзау æм æркаст, æз дæ куы зонын, уæд мæ ды цæуыннæ зоныс, зæгъгæ, æмæ йын афтæ: — Мæ цæфхæдтæ уæ фæдыл цæуынæй куы баихсыдысты, уæд мæ куыннæ зоныс?! * * * Ме ’рдхорды мады хойы лæг нозтджынæй дзабырхуыйæн æрмадзмæ бацыд æмæ сын сæ къулыл, бындзытæ сæ фæд кæуыл ныууагътой, Ста- лины ахæм къам куы федта, уæд сæм загъд самадта, ахæм уавæрмæ йæ цæмæн æруагътат, зæгъгæ, æмæ йæ раскъуыдта. Цырыхъхуыйджытæ сæхицæн фæтарстысты, паддзахадон æдасдзина- ды комитетмæ фæхабар кодтой. Уыдон æм æхсæвы бацыдысты æмæ йæ диваныл хуысгæ баййæфтой. Йæ дзыппы йын Сталины къам куы ссард- той, уæд лæджы семæ раластой. Фæстæдæр ын фондз æмæ ссæдз азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой. * * * — Кæй дæ стыхсын кодтон, уый æмбарын, фæлæ мæ кæй стыхстæ, уый кæй не ’мбарыс, уымæ гæсгæ та дæм æххуысмæ дзурын. * * * Тыджыты Юриимæ телефонæй ныхас кодтон æмæ мæм дзуры: «Фæлæуу, мæнæ мæ рудзынг байгом æмæ мæ дуар сæхгæнон». * * * Нæ фыдæлтæ хæрæг чъизи цæрæгойыл нымадтой. Æлгъыст дæр баз- зад: «Хæрæгæй хуым бакæи!» Кувинаг цы хорæй кодтой, уый дæр ыл не ’вæр^той. * * * Мæ бинойнаг чындзæхсæвæй æрбацыд æмæ мын йæхицæй æппæлы: — Ды мæ скаст нæ уадзыс, фæлæ мыл абон уазæг устытæ сæ цæст æрæвæрдтой. Билаонты Долоресимæ чындзы уатмæ куы бацыдыстæм, уæд дзы иу ус иннæмæн, æз дæр æй хъусын, афтæмæй, дзуры: — Уæртæ Долоресимæ цы чызг æрбацыд, уый-ма дæ лæппуйæн ракур. Мæ бинойнаг дзырд куы фæци, уæд ын загътон: — Уыцы ус кæнæ цæстæй хъуаг уыд, кæнæ — сæрæй, кæна та — дыу- уæйæ дæр... 426
* * * 1999 азы 11 февралы мæ фыны федтон, цыма мын мæ раныхас мæн нæ бафæрсгæйæ телеуынынады программæмæ бахастой. Аив мæм нæ фæкаст, мæхæдæг æгас, афтæмæй мын «æнæмæхи ус кæй ракуырдтой», уый. Куы райхъал дæн, уæддæр ма уыцы равджы уыдтæн. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ мæ æрбайрох, фæлæ та сихормæ ’ввахс мæ куысты мæ зæрдыл æрлæууыд. Лæугæ та ’ркодта, нæ куыстмæ бахизæны, постхæссæг газеттæ æмæ писмотæ кæм ныууадзы — дуаргæсмæ — уырдæм куы ’рхызтæн æмæ почтæ куы сцæйхастон, уæд. Цæвиттон, асинтыл хæрдмæ хизгæйæ газеттыл мæ цæст ахæссын мæ зæрды уыд, фæлæ уыцы уысм фын мæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ писмо - почтæимæ писмо дæр уыд — нæма райхæлдтон, суанг ма кæцæй уыд, уымæ дæр не ’ркастæн (цæмæндæр, фыны æцæгдзинад куы фехала, уымæй фæтарстæн), афтæмæй программæмæ кæсыныл фæдæн. 12 февралы май- рæмбон уыд, уыцы бон та бынæттон газетты Ирыстоны радио æмæ теле- уынынады программæ мыхуыргонд вæййы æмæ диссагæй цы кæныс! — радиойы программæйы (УКВ) 15 февралы мæ цæст ахæм фыст куы ацах- сид: «Дзасохты М. «Зымæгон радзырдтæ». Радиойы цыппæрдæс азы размæ куыстон. Уыцы радзырдтæ та эфиры уыдысты, уым ма куы куыстон, уæд. Уæдæй фæстæмæ сæ иу хатт дæр никуыуал радтой. Программæмæ сæ, фын кæй федтон, уый тыххæй ба- хастой æви, программæмæ хаст кæй æрцыдысты, фын уымæн федтом? Уыцы фарстæн дзуапп раттын мæ бон нæу, фæлæ, мæ фын æцæгмæ дыккаг хатт кæй рацыд, уый бæлвырд у. Мæскуыйы ахуыр кæнгæйæ мæ зынаргъ хъусджынхуд куы фесæфт, уый размæ æхсæв мæ фыны федтон, цыма мын æй æмдзæрæыæй адавдæуыд. Уыцы хабары кой мæ чингуытæй кæцыдæры ис. * * * Мамсыраты Мурат йæ куыстæй цæуынвонд куы скодта, уæд æй фар- стой, цæмæн цæуыс, зæгъгæ. — Нал кусын газеты. Фельетонтæ æз фыссын, мыхуыры куы рацæу- ой, уымæй та мæ хицæуттæ тæрсынц. * * * Хæтæгты Чермен тынг уæздан лæг уыди. Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй сахъатæй ссыди. Иу рæстæджы республикæйы прокуратурæ æмæ «Рæстдзи- над»-ы редакци иу уæладзыджы куыстой. Раздæр ма йæ куы загътон: иу агъуысты мын кæимæ кусгæ ’рцыд, уыдонимæ хæларæй цардыстæм. Уæлдайдæр юристтимæ. Хаттæй-хатт-иу сæ не ’ххуыс дæр бахъуыди. «Понятой» ирон æвзагмæ куыд ратæлмац кæнон, уый нæ зонын, фæлæ- иу нæм æвдисæнты хуызы фæдзырдтой. Прокуратурæйы чи куыста, уыдонæй бирæты нæмттæ æхсызгонæн æрымысын: Фидараты Дзантемыр, Лæгкуты Мæхæмæт, Джериаты Мух- 427
тар, Алексей Щелочинин, чи зоны, æппæты фыццаг та - Хæтæгты Чер- мены. Уый куыста прокуроры хæдивæгæй. Уыди æцæг ирон лæг. Æгъда- уылхæст уæздан хистæр. Иæ ныхæстæм хъусынæй йын адæймаг не ’фсæст. Иу хатт та мын ахæм хабар радзырдта: - Хæсты рæстæг мæ дæндаг срыст. Æфсæддон дохтырмæ бацыдтæн. Уый та уыди, иу дыууæ ’мæ ссæдз азмæ æввахс кæуыл цыдаид, ахæм нарæгастæу бурдзалыг рæсугъд чызг. Федта мæ æмæ загъта: «Ласын æй хъæуы, хъизæмарæй дæ мардзæни, пайда та дзы уæвгæ нал и». Слас æй, зæгъгæ, йын загътон, уæдæ ма йын цы загътаин. Мæхи ныхъхъæддых кодтон: ахæм зæды хуызæн чызджы раз мæхи лæмæгъæй куыд хъуамæ равдыстаиы, кæд мын укол не скодта, уæддæр! Кæй зæгъын æй хъæуы, рисгæ тынг кодта, фæлæ уæддæр ныффæрæз- тон. Дæндаг чызджы къухы куы ауыдтон, уæд загътон, мæхи йæ разы ницæмæй цæсты бафтыдтон, зæгъгæ, фæлæ кæсын, æмæ чызджы къу- хыл зыр-зыр бахæцыд, йæхæдæг ныффæлурс. Йæ зæрдæ куы фæцæйхъарм кодта, уæд ын йæ астæуыл фæхæцыдтæн, бауыгътон æй, цы кæныс, зæгъгæ. Уый йæ цæстытæ байгом кодта æмæ уыцы тарстхуызæй загъта: - Дзæбæх дæндаг сластон... Цы ма йын загътаин! Ноджыдæр ма йæ иу хатт бауыгътон, цæмæй йæ уд йе ’муд æрцыдаид, уый тыххæй æмæ йæм дзурын: - Ныр та сахъат дæндаг слас! Зæнджиаты Бæбу ирон адæмæн бирæ хæрзты бацыд. Ракæыдзынæн дзы ахæм хабары кой. Скæсæнмæ кусынмæ ацыди, цыдæр æхцатæ бам- бырд кодта æмæ дзы Цъæйы комы, таргъæнджын рынчынтæ сæхи кæм дзæбæх кодтой, ахæм хæдзар сарæзта. Уый æхсызгондзинад канд рын- чынтæн не ’рхаста, фæлæ, ирон адæмы хъысмæт æцæгæлон кæмæн нæ уыд, нæ дзыллæйы фидæныл чи мæт кодта, уыдонæн се ’ппæтæн дæр. Уыцы хабар Дзасохты Гигомæ куы бахæццæ, уæд æй газеты ныффыста, бафæзмын кæй хъæуы, ахæм цæвитгон у, зæгъгæ. Цъæй ма йæ тæккæ нæргæйæ куы уыди æмæ дзы алы аз дæр йе ’нæниз- дзинад сæдæгай адæймæгтæ куы фидар кодта, уæд дæр Бæбуйы кой ни- куы никæцæй райхъуыст, афтæмæй та йæ ном æрымысыны аккаг уыд. Æппынницы, фæлæ фæлладуадзæн хæдзары къулыл зæрдылдарæн къæй бакæнын уæддæр æмбæлд. Искуы ма Цъæй йæ гаччы куы сбада, уæд мæм нæ фæстагæттæм иу курдиат ис. Къæйы кой дæр-иу бакæнут, стæй-иу фæлладуадзæн хæдзæрттæ кæнæ санаторитæй — ахæмтæ та дзы кæддæр цалдæр кæй уыдзæн, уый мæ уырны — искæцыйы Зæнджиаты Бæбуйы номыл рахо- нут... Ныр та, Бæбуйы ном тынгдæр цæмæн æрымысыдтæн, уый тыххæй бæлвырддæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй Бæбуйы ном тынгдæр айхъуысти, ирон культурæмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уымæй. Диссаг мæм кæсы, ны- 428
ронг фысджыты номхыгъдмæ хаст кæй не ’рцыд, уый. Стæй канд Бабу нæ: Æмбалты Цоцко, Цæлыккаты Ахмæт æмæ ма ноджыдæр чидæртæ. Бæбу уыди дæсны тæлмацгæнæг. Ирон æвзагмæ раивта дзæвгар уац- мыстæ, уыдонимæ Лев Толстойы «Хаджи-Мурат» дæр. Цалдæр касты йæ бакодтон. Фæстаг хатт ма йæ куы кастæн, уæд дзы сæмбæлдтæн ахæм хъуыдыйадыл: «Мæ гæрз мæцъæй баивтон». Диссаджы тыххæй уырыссаг тексты уыцы бынат ссардтон. Гæрзы кой дæр дзы нæ уыд æмæ мæцъы кой дæр. Уым ис гакк-гукк æмæ хъæрццыгъайы кой. Лев Толстой фыс- сы: «Нелады между отцом и сыном начались уже давно, почти со времени отдачи Петра в солдаты. Уже тогда отец почувствовал, что он променял кукушку на ястреба». Ныхас та цæуыл цæуы? Цæвиттон, зæронд Авдеев хъуамæ æфсадмæ йæ фырттæй иуы арвыстаид. Хистæрæн уыдис бинонтæ, цот, кæстæр та хъуыддаг æрæджы бакодта, æмæ зæронд уый арвитын сфæнд кодта, хистæрæн йæ бинонты дарын хъæуы зæгъгæ, фæлæ фæрæдыди. Хистæр фырт нозтыл фæци æмæ дзы хæдзарæн ницы пайда уыди, зæронд лæг дæр æм уый тыххæй мæсты кодта. Ахъуыдыгæнгæйæ, уырыссаг æмбисондæн ирон æвзаджы диссаджы ивæн ссардта. Ахæм бынæттæ та Бæбуйы тæлмацты бирæ ис. Иу æвзагæй иннæмæ ивгæйæ, цавæр бындурыл æнцой кæнын хъæуы, уый æрмæст ацы иу дæнцæгæй дæр бæрæг у. * * * Мæ хæдзармæ давæг куы ’рбацæуид, æмæ нæхимæ куы разынин, уæд мæ æнæамаргæ ницы хуызы фæуид, йемæ цы ахæсса, ахæмæй мæм кæй ницы ссарид, уый тыххæй. * * * Иу рæстæджы нæ хъæуы дзæгъæлзæдтæ сарæх сты. Уыимæ кæд иууылдæр уыдысты лæппутæ. Уæвгæ уыцы ныхас мæ гыццылæй нырмæ хъусын: «Ахæм хуызы чи райгуыры, уыдон лæппутæ вæййынц». Ныр Купæйæн та лæппу нæ гуырди. Кæс, æмæ та йын йæ бинойнаг чызг ныййардта, кæс, æмæ та хоты нымæцыл ноджыдæр бафтыд. Фæстаг хатт ма æнæ лæгæй кæмæндæр лæппу райгуырд, зæгъгæ, Купæмæ куы байхъуыст, уæд æртхъирæнгæнæгау фидарæй скарста: - Ацы хатт ма мæ бинойнагимæ исты куы сфæнд кæнон, уæд æй кауы рæбынмæ хондзынæн!.. * * * Абайты Васойы райгуырдыл 100 азы куы сæххæст, уæд Ирыстонæй Мæскуымæ делегаци цыди. Делегацийы уæнгтимæ, уымæй дæс азы раз- мæйы хуызæн уыдтæн æз дæр, фæлæ мæ Бугаты Левæ ахахх кодта, прези- дент æмæ, дам, Музафер иу мыггагæй сты. Афтæ мын иу хатт куы ба- чындæуыдаид, уæд йæ кой нæ ракодтаин, фæлæ мæм авд азæй фылдæры дæргъы ахæм цæстæй кастысты. Ноджы Левæйы уæнджы мигъ бадт, 429
мæнæй-уый хабар куы базона, уæд исты куы зæгъа, зæгъгæ. Фысджытæй Мæскуымæ чи цыд, уый йын зæрдæ бавæрдта, æз, дам, йемæ баныхас кæндзынæн. Æмæ мемæ цы ныхас кæнын хъуыд? Æнæбаныхасгæнгæйæ сæм лæбурæг хъуамæ бацыдаин?! Иннæ хæттыты хуызæн та, цыма ^ицы фехъуыстон, уый хуызæн мæхи дардтон. * * * Кæд амæй уым хуыздæр уыди, уæд мæ ардæм цы рахуындæуыд? Кæд амæй уым æвзæрдæр уыдзæн, уæд мæ уырдæм цæмæн хуындæуы? Æз цæрынæй нæма бафæлладтæн, ды мæ мæлæтмæ æнхъæлмæ кæсынæй бафæлладтæ. Уый цалдæр азы размæ уыди. Фæскуыст горæты сæрмæ нæ цæхæра- донмæ суадтæн, халсары хуымтыл дон акæнон, зæгъгæ. Мæ дзаумæтгæ раивтон æмæ, кусынмæ бавналынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæ хъустыл цавæрдæр маргъы æнахуыр цъипп-цъипп ауад. Æрæджиау хæдзары ру- дзынджы цæстытæй иумæ фæкомкоммæ дæн. Сырддонцъиуæй дын- джырдæр нæ уыди, ахæм бурхъулон маргъ рудзынджы тæрхæгыл абадт, йæ базыртæ батылдта, йæ бырынкъæй авг бахойæгау кодта, зæхмæ æрцæй- хауд, ратахт æмæ хæдзары сæр абадт. Уым дæр йæ тæригъæддаг уастæй нæ банцад. Æз дарддæр мæ куыст кодтон. Уалынмæ та уыцы цъиу рудзынджы тæрхæгыл абадт, æрдæбоны хуызæн та йæ базырты пæр-пæр ссыд, мидæмæ батæхыныл архайы, фæлæ йæ рудзынджы авг нæ уадзы. Тæрхæгыл абадт, мæнырдæм разылд — æмæ та йæ тæригъæддаг уаст рай- хъуыст. Æдзынæгдæр ныккастæн æмæ ауыдтон йæхи хæдхал æндæр цъиуы. Уый, æвæццæгæн, æрдæбонсарæй æнæзмæлгæйæ лæууыд, фæлæ мæн ауынгæйæ уый дæр йæ базыртæ батылдта. Хæстæгдæр бацыдтæн æмæ, æдд^ цы цъиу бадт, уымæн йæ хъæлæсыуаг фендæрхуызон, раздæрау тæригъæддаг нал уыд, цъыбыр-цъыбурæнгæс фæци. Цалынмæ йæм бын- тон æввахс бацыдтæн, уæдмæ йæ базыртæ сæ тилынæй нæ банцадысты. Къухæй баххæссыны онг æм куы бахæццæ дæн, уæд фæткъуы бæласы ныллæгдæр къалиуыл абадт æмæ йæ цъыбар-цъыбур фæтынгдæр. Мидæггаг цъиумæ куы ’ркастæн, уæд разынди ахст. Дывæрццыг ру- дзынджы уæллаг цæст дыууæрдæм гомгæнгæ уыд æмæ, маргъæн мидæмæ тæхын йæ зæрды цæмæн æрæфтыд — Хуыцау йæ зонæг! — фæлæ куыддæрæй фæрссаджы дыууæ хайы æхсæнмæ ныххауд. Чи зоны, фæстæмæ стæхы- ныл фæцархайдта, фæлæ фæндаг ссарын йæ бон нал баци. Æддæрдыгæй маргъмæ бавналæн нæ уыд, асинтыл схызтæн æмæ, ца- лынмæ рудзынджы цурмæ цыдтæн, уæдмæ та сæрибар маргъ тæрхæгыл 430
абадт æмæ йæ тæригъæддаг уаст райхъуыст, цыма афтæ зæгъынмæ хъа- выд, ме ’мбалы мын ахæм уавæры куыд уадзыс, кæдæм цæуыс, зæгъгæ. Уæдмæ æз рудзынг байгом кодтон, фæлæ ахсты бахауæг йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодта. Систон æй æмæ мæ армы йæ гыццыл зæрдæ йæ гуыпп-гуыппæй нал æнцад. Æддаг цъиуы уаст æмæ цъипп-цъипп баиу сты. Асинтыл æрхызтæн, арвмæ скастæн. Раздæр æй хæрдмæ фехсын мæ зæрды уыд, фæлæ мæхинымæр ахъуыды кодтон, кæд ахсты бирæ фæци æмæ йæ базыртæ фыццаджы хуызæн йæ коммæ нал кæсынц, уæд, зæгъын, мыййаг, бæрзондæй æрхаугæйæ йæхи зæххыл куы ныццæва æмæ йæ уæлдæфмæ рог æппæрст скодтон. Уый йæ базыртæ батылдта æмæ арвы тыгъдады сфардæг. Иæ фæдыл фæцагайдта иннæ дæр. Цалынмæ сæ цæст ахста, уæдмæ сæм фæкастæн. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мæ хъус ацахста цъиуы зонгæ цъы- бар-цъыбур. Бæлæстæм скастæн, фæлæ дзы маргъыл мæ цæст не ’рхæцыд. Куы ныззарыди — ацы хатт цъиу æцæгæй заргæ кодта — уæд æй уайтæккæ дæр ауыдтон: хæдзары сæр бадт, йе ’ргом мæнырдæм здæхт, афтæмæй. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ фæкаст, цыма мын арфæ кодта, æрмæст цъиу- тæй кæцы уыд, уый базонын мæ бон нæ баци. Уæвгæ арфæ кæнын дыууæйæ кæцыфæндыйæн дæр æмбæлди. Ахстæн, кæй йæ фервæзын кодтон, уый тыххæй, сæрибарæн, йе ’мбалы йын мæлæты дзæмбытæй кæй ратыдтон, уый тыххæй. 2006 аз, май-июнь, Кисловодск
РАДЗЫРДТÆ «УЫЙ ÆВАСТÆРБАЛÆУДЗÆН...» Уалдзæг æрцæуы мæргъты зарджытæ æмæ ди- динджытимæ. Уый фæстæ ралæууы сæрд, фæззæг... Ныууары мит. Дымгæ хæхтæ æмæ быдырты зилынæй нал фефсæды. Цъиутæй ма ам чи баззайы, уыдон дæр æддæмæ нал фæзынынц. Хæдзæрттæ æмæ сара- ты дæлбазырты сæхи бааууон кæнынц. Цыма, æмбæхст ран æнæуынæрæй бадгæйæ, уалдзæг тагъддæр ралæудзæн, уый хуызæн. Æмæ, зымæг цыфæнды даргъ куы вæййы, уæддæр ын йæ хъару басæттынц хуры хъарм тынтæ. Ног та ралæууы уалдзæг. Урсдоны раивылдимæ раивылынц бæллицтæ æмæ æнкъарæнтæ. Хъызт бонты раивынц æртæхдзæст райсомтæ æмæ хурæфсæст зæрæхсидтæ. Миты гæлæбуты фæстæ арвæй фæуары зарæджы зæлтæ æмæ зæлдаг тынтæ. Дымгæйы къуыззитт бамынæг вæййы булæмæргъты зардæй. Фæлæ Госæдайы зæрдæйы цы маст æмæ катай ныссалд, уымæ нæ хæццæ кæнынц хуры тынтæ, нæ йæм хъуысы ницавæр зарæг. Зы- мæджы фæстæ уалдзæг куыд ралæууы, афтæ зæронд усы зæрдæйы сагъæсы бынат цин никуы бацахсы. Бады Госæда рудзынджы цур. Хъуыдытæ кæны. «Халалтæ фæстæмæ тæхынц,— дзуры йæхинымæр. — Абон сæумæцъæхæй дæлæрдæм уыди сæ балц. Ныр раздæхтысты. Уыдон дæр сæ уаг нæ халынц. Атæ- хынц, фæлæ та сæ бынæттæм раздæхынц. Уæд Та- солтан куыд никуыцæй зыны ацал-ауал азы? Хæстмæ куы цыди, уæд мын фидар зæрдæ куы бавæрдта, мæнæн дурты бын дæр тас нæу, Дзыцца, фæстæмæ дæм зындзынæн, зæгъгæ. Чи йæ зыдта, уыдон ма ныртæккæ дæр фæзæгъынц: «Тасолтан мард нæу. Ахæм лæппумæ мæлæт нæ бауæнддзæн». Хæрзæрыгон уыди. Хъазты кафынæй нæ бафсæст. Тамарæйæн йæ зæгъинæгтæ дæр нæ загъ- та. Йæ зæрдæйы сусæгдзинæдтæ раргом кæныны бон дæр æй нæ фæци. Йæ райст-бавæрды дзаумæттæ 433
итувæрдæй баззадысты. Ме ссæуынмæ, дам, мын сæ рæвдз дар. Госæда сæ чырыны бæргæ бафснайдта, фæлæ сæ хицау нæ зыны. Нæ зыны йæ фæтæнуæхск Тасолтан, къæсæрæй дуармæ дæр кафгæ чи цыди, йæ ма- дыл æрхъæцмæ дæр чи нæ хъæцыди, уыцы Тасолтан. Йе ’мбæлтты ’хсæнæй нал хъуысы йæ хъæлдзæг ныхас, йæ хъæрæй худын, фæлæ ма абон дæр Хоситæм Тасолтаны номæй дзурынц. Уымæн æмæ Госæдайы иунæг фырт йе ’мгæртгæй нæ фæхъуыд. Цыппар æмæ ссæдз азы размæ Германы хæстмæ ацыд æмæ уырдыгæй нæма сыздæхт. Йæхæдæг æй хуыздæр зоны: куыд- дæр ын фадат фæуа, афтæ зындзæни. Æнафоны æрбахойдзæн сæ дуар. Мидæмæ, зæгъгæ, йын куы зæгъой, уæддæр нæ бацæудзæн, цалынмæ йæм Госæда ракæса, уæдмæ. Уадз æмæ сæ фембæлд æнæнхъæлæджы ра- уайа. Æвиппайды цин амонд тыхджындæр кæны. Ныййарæг æмæ хъæбул кæрæдзиуыл ныттыхсдзысты æмæ, цалынмæ мады зæрдæйы цы маст ыындзыг, уый стайа, уæдмæ мидæмæ нæ ба- цæудзысты. Стæй уæд ногæй цæрын райдайдзысты... Хæсты размæ куыд уыд, афтæ. Нæ, уымæй ноджы хуыздæр, хъæлдзæгдæр. Тамарæйы нал æрхæсдзысты: уый цыппæрдæс азы размæ чындзы ацыд. Бирæ фенхъæлмæ каст йæ уарзонмæ, фæлæ æгæр æрæгмæ куы зынди, уæд иу æрыдой- нагмæ смой кодта. Чызджы тыххæй сыл ницы ’рцæудзæн. Госæдайæн йæ чындзаг ныртæккæ дæр^цæттæ у. Бечырты Дунетханмæ лæппутæ кæсынæй куы нæ ’фсæдынц. Йæ иу бакаст дæр чызджы йаргъ у. Сылгоймаджы куыст- мæ — рæвдз. Æгъдау раттынмæ дæр — афтæ. Æмæ йæ Госæда дæр йæхи- нымæр чындзагæн уымæн равзæрста. Цалынмæ йæ ничима ракуырдта, уæдмæ куы фæзынид Тасолтан, кæннод та уымæй дæр æнæхай фæуыдзыс- ты. Ныр цал æмæ цал чындзаджы равзæрста йæхицæн æмæ та аирвæ- зынц. Фæлæ Дунетханæн ауадзæн нал ис. Ацы фæззæг дæр ма нæ фæзындзæн йæ бæлццон?! Нæ, уымæн уæвæн нæй. Фæстаг рæстæг æй йæ фыны мæлæты арæх уыны. Æвæццæгæн, фæндагыл ис... Госæда йæ мидбынат фестъæлфыд, цыма кæй æрталынг, уымæй фæтарст, уый хуызæн. Йæхицæн ныхæстæ кæныныл фæци: «Кæд, мый- йаг,иафонмæ уынджы ссæуы, уæддæр æз ам æнцад бадын». Йæ раздарæны дзыппы йæ къух атъыста. Дæгъæлтæ æмæ дзы къухмæрзæн йеддæмæ куы ницы уыд, уæд иннæ уатмæ фæзылд, пецы уæхскæй спичкæтæ райста æмæ дуары ’дде фæци. Кулдуармæ куы рахæццæ, уæд спичкæ ссыгъта æмæ хъавгæ æрлæууыд, дынджыр дзыхъхъ къахт кæм уыд, уымæ ’ввахс. — Ацы телыхъæд ма тагъддæр куы ныссадзиккой. Тасолтан æнафон куы фæзына, уæд дзы ныххаудзæн. Хæсты размæ куыд лæгъз уыди, афтæ ’нхъæл ма йын уыдзæн... Рæстæг фæсахсæвæртæй фæфалдæр, уæддæр Госæдайыл хуыссæг нæма ’рхæцыд. Йæ мой Садуллæ куы амард, уæдæй ыырмæ дыууæ азы йеддæмæ нæма рацыд, фæлæ йæм цæмæдæр гæсгæ афтæ кæсы, цыма иунæгæй раджы баззад. Садуллæ йæ мæлæты рынчын куы ’рци, уæд йæхимæ ’рбасидти йæ бинойнагмæ æмæ тыхулæфтгæнгæ дзурын райдыдта: 434
— Цомиан, мæ царды кæрон æрхæццæ. Нымад фæдæн, Хуыцауæй мын цы бонтæ лæвæрд уыд, уыдон... — Ныууадз, дæ хорзæхæй, дæхи ма тыхсын кæн, фæдзæбæх та уы- дзынæ,— йæ цæстытысыг тыххæй уромгæйæ йын зæрдæтæ авæрынмæ хъа- выди Госæда, фæлæ йæ Садуллæ йæ къухы змæлдæй æрурæдта æмæ дарддæр йæ ныхас кодта: — Мæлын та мæ нæма фæнды. Ома чысыл фæцардтæн, уый тыххæй нæ. Ныронг дæр, æвæццæгæн, мæ Хуыцауæй рох фæдæн, Барастыры минæвар мæм дзæгъæл хуымæтæджы афтæ æрæгмæ æнæзынгæ нæ уыди. Ныр æрхæццæ мæ царды кæрон, æмæ дын ацы ныхæстæ дæр уымæн кæнын. Нæ мæ фæндыд æнæ Тасолтаны фенгæ ацы дунейæн хæрзбон зæгъын. Уал азы бæргæ фидар лæууыдтæн, фæлæ кæронмæ нæ бафæ- рæзтон. Ныр дæ иунæгæй æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн. Бузныг дæ дæн, мæнæй фидардæр кæй разындтæ, уымæй. Стæй дæм хæлæг дæр кæнын: ды мæнæй амондджындæр дæ, Тасолтаны чи фендзæн... Хъу- сыс, хатыр-иу дзы ракур... Зæронд лæджы фæстаг ныхæстæ кæмдæр хурхыуадындзты масты æртæхтимæ сæмхæццæ сты æмæ дзæбæх хъуысгæ дæр нал ракодтой. Дыу- уæ цæстысыджы къæмисæнтыл æртылдысты æмæ базыл атадысты. Госæ- да уымæй размæ дæр йæхи тыххæй урæдта, фæлæ ныр йæ мойы афтæмæй куы федта, уæд йæ кæуын йæ былалгъмæ схæццæ æмæ богъ-богъгæнгæ иннæ уатмæ рацыд. Сыхæгтæй чидæртæ фæдисы уайæгау æрбакодтой. Хъуыддаг куы бамбæрстой, уæд Госæдайы æрсабыр кодтой, сæхæдæг рынчыны размæ бацыдысты. Уыцы изæр Садуллæ амард. Иры хъæутыл апырх фыдохы уац. Хо- ситæм мардмæ æрцыдысты сæ хæстæджытæ, сæ къабæзтæ, сæ зонгæтæ. Мыггаджы хистæр ингæнкъахджыты уæлмæрдтæм арвитыны агъоммæ ба- цыди Госæдамæ æмæ йын афтæ: — Цомиан, цы уавæры дæ, уый мах иууылдæр æмбарæм. Стыр зынæн стыр хъару хъæуы. Фæразын — йæ хуыздæр хос. Нал ис Садуллæ. Ныр цалдæр æмæ ссæдз азы хабар нæй Тасолтанæй дæр. Зын у, фесæфтис, зæгъгæ, сдзурын. Æвзаг уыцы ныхæстæ зæгъынмæ тасгæ дæр нæ кæны, фæлæ абоны онг йæ ном рохуаты кæй ис, уый мæм раст нæ кæсы. Садул- лæйы фарсмæ йын цырт куы ныссадзиккам... Зæронд лæг цыма йæ фæстаг ныхæстæй тæрсгæ фæкодта, уый хуызæн уайтагъд æндæрырдæм фæци: — Кæд ма, мыййаг, æгас у — цы нæ вæййы! — уæд ын уымæй ницы уыдзæн. Куы ссæуа, уæд æй йæхæдæг сæфтаудзæн... — Кой дæр æй ма кæн, Хъæлæмырзæ,- йæ кæуын тыххæй уромгæйæ загъта Госæда. — Æз мæ иунæгæн цæрдудæй цырт нæ садзын. Райсом куы фæзына, æмæ мын, куыд тагъд мæ аныгæдтай, зæгъгæ, куы ба- уайдзæф кæна, уæд та йын цы дзуапп ратдзынæн? Нæ, уыцы хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Мæ хъæбулмæ ма цы цæсгом равдисдзынæн?.. Бавæрдтой зианы. Адæм сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Госæда иунæгæй баззад. Цæрын ын бæлвырд фæзындæр. Хуыцау хорз, æмæ йæм сыхæгтæ сæ цæст дарынц, æндæр цы фæуид?! Æххуыс ын кæнынц, тыхсын æй 435
ницæмæй уадзынц. Æрмæст сæ хæсджынæй никæмæй баззайдзæн. Та- солтан куы ссæуа, уæд йæ хæрзгæнджытæй алкæмæн дæр арфæ ракæнын базондзæн. Цæугæ та æнæмæнг скæндзæн. Сæхимæ хæсты фæудæй бирæ фæстæдæр чи сыздæхт, ахæмтæ иу æмæ дыууæ ис. Æхсæз азы размæ дыууæ црайуаджы æнæнхъæлæджы сæ хæдзары дуæрттæ куы бахостой. Науæд Дзуццаты Сæрæби та! Хъæдгæроымæ сæм Госæда йæхæдæг куы фæцыди! Зæгъгæ дæр никæмæн ницы кодта, афтæмæй фæраст. Сыхæгтæй та йæ бæсты исчи ацыдаид, фæлæ Госæда хъуамæ йæхи цæстытæй федта- ид уыцы лæппуйы, кæннод та фæсмон кодтаид. Цраумæ дæр æй нæ ауагъ- той, зæрондæн, дам, даргъ фæндаг у, зæгъгæ, æмæ ма абон дæр йæхимæ мæсты кæны, кæй нæ ацыди, уый тыххæй. Хъæдгæроны фæзилæымæ куы бахæццæ, уæд йæ къухмæрзæнæй йæ хид асæрфта æмæ хæстæгдæр бацыди, æфсæйнаг быру кæуыл уыд, уыцы цыртдзæвæнмæ. Хъалæгаты Тæтæрийы фондз фырты кой уый размæ дæр фехъуыста, фæлæ сын цырт ам сæвæрдтой, уый нæ зыдта. Йæ хус цæстытæи къамтæм бирæ фæкасти, стæй йæхицæн дзурæгау загъта: — Ахæм хъæбултæй бавдæлон у! Фаг фæрсты фидар ис сæ ныййарæгæн... Йæ цуры чидæр кæй æрлæууыд, уый зонгæ дæр нæ бакодта Госæда. Фæстæмæ куы фæкаст æмæ æиæзонгæ нæлгоймаджы куы ауыдта, уæд куыддæр фефсæрмы. Бæлццон ын, æвæццæгæн, йæ уавæр фæфиппайд- та, æмæ йæ цыма ныртæккæ фæхъуыды кодта, уый хуызæн æй бафарста: — Хорз ус, искæмæ æнхъæлмæ кæсыс? — Никæмæ... Хъæдгæронмæ цæуын æмæ мæнæ ам афæстиат дæн... — Уæдæ иумæ цом. Æз дæр хъæдгæройнаг дæн. — Бахатыр кæн, фæлæ кæй лæппу дæ? — бафарста Госæда, иуцасдæр куы ауадысты, уæд. — Дзуццаты... Зæронд ус уыцы мыггаг куы айхъуыста, уæд æваст сдзурын ницыуал бафæрæзта. Йæ зæнгтæ адон сты. Йæ бынаты æнæхъару лæуд æркодта. Стæй æрæджиау сдзырдта: — Æрæджы сæ лæппу кæмæн ссыд, уыцы Дзуццаты нæ зоныс? — Уый мæхæдæг дæн æз. Кæд нæ хæстæг дæ, уæддæр дæ нал хъуыды кæнын... Дæхи мын бацамон... — Нæ дæн уæ хæстæг. — Фæндаджы астæу лæугæйæ дзырдта Госæда. - Фæлæ нæхицæй дæумæ рараст дæн. Мæ лæппу дæр хæсты ис æмæ йыл, зæгъын, кæд искуы фембæлдтæ. Йæ ном Тасолтан хуыйны... Хоситæй... Зын кæсæн уыди комкоммæ уыцы сахат зæронд усы цæсгоммæ. Сæрæби, цыма цыдæр æрымысыныл архайдта, уыйау Госæдайы уæхсчы сæрты кæдæмдæр нымдзаст. Йæхинымæр та хъуыды кодта: цы зæгъа зæронд усæн? Хоситы Тасолтаныл никуы сæмбæлд. Никуы йын фехъуыс- та йæ кой дæр... Куы ссыди, уæдæй нырмæ ахæм уазджытæ сæ къæсæрæй цалдæр ба- хызт. Æмæ сын цы зæгъын йæ бон уыди зæрдæвæрæн ныхæстæй дарддæр?.. — Тасолтан... Тасолтан... Хоситæй... — сабыр хъæлæсы уагæй сдзырдта Сæрæби. — Нæ зонын... Æргом куы дзурон, уæд ыл никуы сæмбæлдтæн... Кæд ыл фембæлдтæн, уæддæр уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд æмæ... 436
Æрдæгфæндагæй раздæхти фæстæмæ Госæда. Сæрæби йæ сæхимæ бæргæ хуыдта, фæлæ ма сæм цæмæ цыдаид?! Кæд ын йæ хъæбулы тыххæй ницы загъта, уæддæр йæ зæрдæ чысыл фæфидардæр. Ноджы тынгдæр æй бауырныдта, Тасолтан æгас кæй у, уый. Цæуы рæстæг. Тасолтан сывæллонæй кæй ныууагъта, уыдон сæхæдæг ныр сывæллонджынтæ сты. Госæда дæр зæрондæй зæронддæр кæны. Низтæ йæм хæстæг нæ уæндынц. Æвæццæгæн, уыдон дæр зонынц, Цо- мианы йæ уарзон хъæбулмæ æнхъæлмæ кæсын кæй хъæуы, уый æмæ та йæ иуфæрсты ахизынц. Афтæ куы нæ уаид, уæд афонмæ раджы амарда- ид. Ныртæккæ та йæ мæлынмæ не ’вдæлы. Рудзынгæй та кæсы Госæда. Уынджы сабитæ хъазынц. Сæ хъæлæсы- дзаг худынц. Сыхæгты кæртæй цæуы фæрæты къупп-къупп. Фæлæ сæ Цомиан нæ уыны, хъусгæ дæр сæ нæ кæны. Диссаджы хурбон скодта. Рагуалдзæг ахæм рæстæг арæх вæййы. Фæлæ æрттивгæ тынтæ нæ хæццæ кæнынц зæронд усы зæрдæмæ. Уымæн йæ хъуыдытæ Тасолтанимæ сты. Куыддæр уынджы тигъæй постхæссæг æд хызын æрбазынд, афтæ Госæ- дайы цæстытæ фæрухсдæр сты. Æнцъылдтæ цæсгомыл цыма цины тынтæ бакалд, уыйау фæхъæлдзæгхуыз. Рудзынджы акомкоммæ куы ’рбахæццæ, уæд æм Госæда фæрссаг ахоста. Постхæссæгмæ уыцы хост хъуысгæ дæр нæ фæкодта, фæлæ та иннæ бонты хуызæн ацы хатт дæр рудзынджы ’рдæм разылд æмæ йын къухæй ацамыдта, писмо уæм нæй, зæгъгæ. Зæронд усы цæстыты зынг æрхуыссыд. Æрдæбоны циндзинад русты æнцъылдты æрбайсæфт, æмæ та цæсгом йæ фыццаг хуыз райста. - Нæй та абон дæр писмо, — загъта Госæда,— æмæ уыцы фæллад- хуызæй йæ рæмбыныкъæдзыл æрæнцой кодта. — Уæвгæ, Тасолтан пис- мо нæ сæрвитдзæн. Дзæгъæлы йæм æнхъæлмæ кæсын. Уый æваст æрба- лæудзæн. Æвиппайды æрбахойдзæн дуар... 1965 «МÆ ЗÆРДЕ МА НÆ ЛÆППУ УЫДТÆ...» Ацы хæдзары дуарæй бирæ хæттыты бахызтæн. Уæлдайдæр та, гыц- цыл куы уыдтæн, уæд. Сæрды каникулты рæстæг-иу нæ хæстæджытæм ссыдтæн æмæ-иу мыл бонтæ куыд атахтысты, уый зонгæ дæр нæ бакод- тон. Ныр цалдæр азы ам нал уыдтæн, фæлæ та мæ хъысмæты фæндæггæй иу ауылты æрбахуыдта. Мæ зонгæ асинтыл схызтæн. Бæрзонд тыргътæй дыргъдоныл мæ цæст ахастон. Далæ, кæддæр кæмæй рахаудтæн, уыцы фæткъуыбæлас, йæ хæдфарсмæ стыр фаты бырынкъау арвы чи сныхсти, уыцы æртæтигъон кæрдо. Кæд сæ сыфтæртæ раджы азгъæлдысты, уæддæр бæлæстæ мæ цæстытыл цъæх-цъæхидæй уайынц, уымæн æмæ сæ сæрд йеддæмæ аца- фон никуы федтон. Сисрæбын цы чылауитæ уыд, уыдон, æвæццæгæн, бахуыскъ сты, æндæр сæ бынаты ног талатæ нæ ныссагътаиккой. Æры- гон бæлæстæ фæзынди, кæддæр-иу хъæбæрхор конд кæм уыд, уыцы ран 437
дæр. Цæмæдæр гæсгæ мæм хъæбæрхор тæригъæд фæкаст. Цы диссаджы зад-иу æркодта. Сæлимæт-иу æй иууылдæр задыл схардз кодта. Нæртон бæгæны-иу дзы сфыхта. Мыды хуызæн-иу æнгуылдзтыл ныхæсти. Нæ фæлæ цыбыр рæстæгмæ мæ зæрдыл цæйбæрц хабæрттæ æрбалæу- уыд! Иу ран æгæр бирæ кæй лæууын, уый æрæджиау фæхъуыды кодтон. Тæккæ схизæны цы голладжы гæбаз уыд, ууыл ма мæ къæхтæ асæрфтон æмæ даргъ тыргъты араст дæн. Зымæгмæ хæстæг-иу Саханджеритæ астæуккаг уатмæ балыгъдысты, æмæ кæд сæ ахуыр нæ фехæлдтой, уæд та сæ ныр дæр уым баййафдзынæн, зæгъгæ, къæсæргæрон æрлæууыдтæн. Астæуккаг уаты дуар гом разынд. Æз иугыц- цыл хъусæй алæууыдтæн. Дынджыр дурын пецы фарсмæ Сæлимæты ныллæг бандоныл бадгæ къуымбилтæ æвзаргæ ауыдтон. Ахуыргæнæн чингуыты цы кæсæнцæстджын зæронд устытæ вæййы, уыдоны хуызæн мæм фæкаст. Ба- зæронд кæддæры хъал Сæлимæт. Цыфæнды зын уавæрты дæр йæ сæр дæлæмæ чи никуы ’{зуагъта, уыцы хъаруджын сылгоймаджы æддаг бакастæй йæм ни- цуал уыд. Иæ мойы фæстæ æхсæз сывæллонимæ куы баззад, уæддæр æй ахæм æгуыдзæг уавæры никуы федтон. Цыдæр тæригъæдхуыз мæм фæкаст. Бынтон дисы та мæ йæ дарæс бафтыдта. Æдзухдæр йæхимæ зилаг уыди Сæлимæт. Æнæфснайдæй-иу уынджы дæр искæй куы федта, уæд ыл-иу худгæ кодта. Ныр йæхиуыл цыдæр мæгуырау дзаумæтгæ уыд. Иæ сæрыл тар морæ дæрдвæд сæрбæтгæн. Йæ ныхыл — æнахуыр зылын сынчытæй æмпъузæн. Сау къабайы фæдджитæ зæххыл æнцадысты. Фæлæ уæддæр æппæты тынгдæр фæдис кодтон йæ сагъæсæйдзаг цæсго- мыл. Цал æмæ йыл цал ног æнцъылды фæзынд! Мæнырдыгæй цы æхсæрфарс уыд, ууыл кæсæнцæст хъусыл хæцыди сау æндахы цалдæр тагæй. Мæнмæ гæсгæ, Сæлимæт, чидæр кæй æрбацыд, уый бамбæрста, фæлæ йæ кусын нæ ныууагъта. Кæд йе ’нгуылдзты змæлд иуцасдæр фæсындæгдæр, уæддæр йæхи афтæ дардта, цыма ницы хъусгæ кæны, ницы — уынгæ. Æз æнхъæлмæ кастæн, уæдæ мæм æппынфæстаг сдзурдзæн, зæгъгæ, æмæ æнцад лæууыдтæн. Æрæджиау къухтæ се змæлынæй банцадысты. Æвæццæгæн, Сæлимæтмæ мæ лæуд æгæр гуы- рысхойаг фæкаст æмæ мæм, цыма искæмæй исты давы, уый хуызæн аивæй зулмæ ракаст. Фæлмæст цæсгомы хуыз фендæрхуызон. Цæстытæ æвип- пайды адынджыр сты, сæ хуылфы ссыгъди цавæрдæр æртытæ. Сæ рухсмæ фæуæлæнгайдæр сты цæсгомы æнцъылдтæ. Рустыл цыдæр тæмæн йæхи ахафта, æмæ сойæ сæрстау сæрттывдтой. — Мæнæ диссæгтæ! - сдзырдта Сæлимæт, æнæнхъæлæджы уазæджы фенд ын-иу йæ дзыхы æппæты фыццаг цы дзырдтæ авæрдта, уыдон æмæ йæ къуымбилтæ йæ хъæбысæй иуфарс аппаргæйæ цырдгомау фестад. Йæ раздарæны рыгтæ йæ армытьæпæнæй цалдæр хатты æрцавта æмæ уыцы цæрдæгæй мæ размæ рауад. Уатмæ бацыдыстæм. — Мæ зæрде ма нæ лæппу уыдтæ... - йæхи растгæнæгау сдзырдта Сæлимæт. Æз хорз зыдтон, «нæ лæппу» чи у, уый. Йæ хистæр фырт Сахандже- рийы чысылæй фæстæмæ афтæ хуыдта, фæлæ йын цымæ йæ хъæбулы 438
æрбацыд афтæ зын цæмæн уыдаид!?. Мæхинымæр та хъуыдыты аны- гъуылдтæн. Тæккæ фылдæр фыдæбæттæ кæуыл фæкодта æмæ иннæтæй буцдæрæй кæй фæхаста, уыцы Саханджериимæ се ’хсæн ахæм ахаст- дзинæдтæ куыд хъуамæ сæвзæрдаид?! Хабæрттæ дыккаг бог базыдтон. Кæддæр иумæ кæимæ хъазыдыстæм, Сæлимæтты уыцы сыхаг лæппу Майрæм мын сæ фæдзырдта. Саханджери куыддæр æфсадæй сыздæхт, афтæ хъуыддаг бакодта. Раст зæгъын хъæуы, йæхимæ ницы бæлвырд фæндтæ уыд, фæлæ йæ йæ мад нал æмæ нал уагъта, хъуыддаг бакæн, афон дын у, зæгъгæ, æмæ æрæ- джиау сразы. Æфсин фыццаг бонтæй фæстæмæ ног бинойнаджы æддæмæ дзæбæхæй æвдыста. Раст фæндагыл æй ардыдта. Амыдта йын, кæм нæ арæхсти, уым æм йæ цæст дардта. Комы йæ никуы ницæмæй æфтыдта. Æрмæст уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Чындз йæхæдæг ницы дзырдта, фæлæ арæхстгай фырты мадыл ардауын райдыдта. Йæ коммæ кæй кæсы, уый куы бамбæрста, уæд æй йæ фæдтæ æмбæхсыны сæр ницæмæнуал хъуыд æмæ æргомæйархайынмæ рахызт. Цыбыр рæстæгмæ сæ кард æмæ фыд фестын кодта. Йæ мадæн суадонæй дыууæ бедрайы дзаг дон æрба- хæссын чи никуы бауагъта, уыцы лæппу къæссавæлдæхт фæци æмæ йæм фæстагмæ рæстмæ дзургæ дæр нал кодта. Мад йæ хъаст никуы никæмæ бахаста. Æфхæрдхуызæй йæхи никуы равдыста, уымæн æмæ йæ фырты митæ адæмы æхсæнмæ рахæссын ка- дыл нæ нымадта. Фæлæ ахæм хъуыддаг цасфæнды куы фембæхсай, уæддæр ын иуафон æнæрайхъуысгæ нæй. Æппæты фыццаг æй базыдтой Майрæмтæ. Рагæй-æрæгмæ дæр хæларæй цардысты, æмæ хъуыддæгтæ уыдонæй зын басусæггæнæн уыдысты. Майрæм хабæрттæ иууылдæр зыд- та, фæлæ йæхиуыл хæцыд. Кæд Сæлимæты цот æндæр горæтты цардыс- ты, уæддæр æм уыдоны сæрты хизын аив нæ каст. Сæлимæты уавæр æмбæрста æмæ йын кæм зæрдæтæ æвæрдта, кæм та йын-иу æххуыс дæр бакодта. Уæлдайдæр фæстаг рæстæг, Саханджери йæ мады æппындæр куы ницæмæуал дардта, уæд. Мад æмæ фырт кæрæдзийæн знæгтæ фес- тадысты. Сæлимæтмæ дзæбæх чи сдзуры, уымæ Саханджери зулмæ кæсын райдайы, зонгæтæй йыл чи бацин кæны, уымæ йæ ахастдзинæдтæ фен- дæрхуызон вæййынц. Хæрзæрæджы та мады зæрдæ йæ тæккæ бындзарæй нызмæлыд. Са- ханджери йæ усимæ сфæнд кодта ног хæдзар саразын. Бирæ бинонтæй иумæ куы цардысты, уæд сын чи фаг кодта, уыцы дыууæуæладзыгон хæдзар йæ зæрдæмæ нал цыд æмæ кæрты ног агъуыст аразынмæ бавнæлд- та. Сæлимæтæн ма цы базонын хъуыд, йæ хъæбул дзы йæхи ахицæн кæнынмæ кæй хъавы, уый, фæлæ цы йæ бон уыд? Æнцад йæхицæн бадт æмæ æнхъæлмæ каст, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. Хæдзар арæзт куы фæци, уæд æм Саханджери йæ ус æмæ йæ дыууæ сывæллонимæ ныллыгъди, Сæлимæтæн рацу зæгъæг нæ фæци, афтæмæй. Дæс æмæ æртиссæдзаздзыд зæронд ус дыккаг уæладзыджы цæргæйæ баз- зад (фыццаг уæладзыджы къæбицтæ ис), колхозы пенси цы æхсæз тума- ны бакуыста, уый æвджид. Саханджери йæ дыууæ чызгæн бафæдзæхста, цæмæй дыккаг уæладзыгмæ иу къахдзæф дæр мауал скæной. Сæлимæт 439
бамбæрста йæ уавæр, бамбæрстой йæ сыхæгтæ дæр æмæ алцæмæй дæр архайдтой æфхæрд сылгоймаджы уавæр фенцондæр кæныныл. Айфыц- цаг та йын Майрæм суг дæр æрласта. Хъæдæй куы ’рæздæхт, уæд Сахан- джери йæ тæккæ размæ фæци æмæ йын алывыд акалдта, искæй хæдзары хъуыддæгты дæхи цæмæн тъыссыс, чи, дам, дæ тæригъæдгæнæг скодта, зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ Майрæм Саханджерийæ йæхи хъахъхъæныи райдыдта: барвæндонæй йæхи чи мæстджын кæны. Сæлимæты цот æндæр горæттæй бирæ хæттыты æрцыдысты сæ мады ахонынмæ, уымæн æмæ се ’фсымæры зонд базыдтой æмæ йыл сæ къух ауыгътой, фæлæ дзы мад никуы никæмæн сразы, æз, дам, ацал-ауал азы цы хæдзары фæцардтæн, уырдыгæй никуыдæм цæуын. Ехх, Саханджери, Саханджери!.. Уый æнхъæл та чи уыд, æмæ дæ зонд афтæ сзыгъуыммæтæ уыдзæн. Дæхимæ гæсгæ ды дæ цард сарæзтай, афтæмæй та йæ халгæ фæкодтай. Чи зоны, канд дæхи нæ, фæлæ-ма дæ сывæллæтты цард дæр. Уыдон дæр дæумæ кæсынц, дæу бафæзмдзысты фидæны æмæ дыл цæуыл сахуыр уыдзысты?! Зæронд лæджы æмбисонд ма хъуыды кæныс. Йæ бон куыницыуал уыд, уæд æй йæ фырт тæсчъы нывæрдта æмæ йæ къæдзæхы сæрмæ былæй æппарынмæ фæцæйхаста. Хохы цъуппыл æм фыд дзуры: — Лæппу, мæнæй хицæн кæныс, фæлæ мæ æд тæскъ ма аппар. Дæхицæн-иу æй бавæр. — Æмæ дзы цы аразын? — Дæу ницæмæн хъæуы, фæлæ дæ фыртæн бабæздзæн, мæнæ дæ мæ хуызæн былæй куы ’ппара, уæд, — дзуапп радта зæронд лæг. Уыйадыл фырт фæстæмæ раздæхт, фыды дæр нал аппæрста, афтæмæй. Æгæр тынг æм бахъардтой йæ фыды ныхæстæ. Уыцы фырт ма æппæты фæстагмæ йæхи æнæазым скодта, кæд йæ ный- йарæг фыды раз цыфæнды къæмдзæстыг уыд, уæддæр, фæлæ ма ды та дæхи цæмæй сраст кæндзынæ?! Уæвгæ ды уымæ тырнгæ дæр нæ кæныс. Ды стыр азымы аккаг дæ, дæ усы афтæ тынг бирæ кæй уарзыс, уый тыххæй нæ, фæлæ дæ мады ахæм æгады бынаты кæй æрæвæрдтай, уый тыххæй. Ды дæхи зондджын хоныс, фæлæ зондджын адæймаг ахæм митæ нæ фæкæны. Йæ бинойнагæн хорз бирæ чидæртæ вæййы. Чындзы чи ацæуы, уыдон иууылдæр амондджын уæвынмæ фæтырнынц, сæ фидæн сæм хъæлдзæг æмæ зæрдæрухсæй фæзыны æмæ, сæ амонд цы бон ссарынц, уый дыккаг райгуырдыл уымæн фæнымайынц. Фæлæ алкæмæн дæр цар- ды йæхи бынат ис. Усы бынат мад хъуамæ макуы байса, мады бынат ус куыд макуы бацахса, афтæ. Ды та уыцы бынæттæ раст равæрын нæ ба- зыдтай æмæ царды рæстдзинадыл комдзог рацыдтæ. Цард та ахæмтæ нæ бары. Абон дæм, чи зоны, дæ хъуыддæгтæ хорз кæсынц, фæлæ рагон хæцæнгарзау дæ ныййарæджы ныхмæ цы фалтæ арвыстай, уыдон бирæ азты фæстæ дæхиуыл сæмбæлдзысты æмæ уæд бамбардзынæ мады сагъæс æмæ мады хъизæмар. Дæуимæ дзурын зын у, уымæн æмæ кæд дæ цæстытæй кæсыс, уæддæр уынгæ нæ кæныс, хъустæ дыл ис, фæлæ сæм адæмы хъæр нал хъуысы, сæр дыл ис, фæлæ йæ зонд сгалиу. Бирæ дын фæдзырдтой дæ аиппытæ 440
дæ хотæ æмæ ’фсымæртæ, дæ хæстæджытæ æмæ къабæзтæ, кæд дæм дзы иуы ныхас дæр нæ бахъардта, уæддæр. Дæ ныййарæг мад, дæу йæ зæрдæйы бын фараст мæйы чи фæхаста, æхсæз азы дын дзидзи чи фæдардта, — о, о, æхсæз азы дæ дзидзи дæйын кæй нæ ныууагътай, уый сыхæгты хистæртæй бирæтæй фехъуыстон — йæ комы-комыдзæгтæй дæ чи фæхаста æмæ дæ стыр лæг чи скодта, уыцы ныййарæг мад сси дæ цыфыддæр знаг, йæ алы ныхасыл дæр хъамайы рæхуыстау кæмæн æмбæлыс, дæ цæстыты дзаг бакæсын æвгъау кæмæн кæныс, ахæм æнæуынон адæймаг. Йæ мады чи нæ уарзы, уый искæй та æппындæр нæ бауарздзæн, дæуæн та, дæ мадимæ зулдзых чи у, уыдонæй æмуддæр хæлæрттæ нæй, уыдон сты дæ хуыздæр уынинаг уазджытæ, алы изæр дæ цард хъæлдзæгдæрæй кæимæ æрвитыс, ахæм фысымтæ. Ды дæ къух систай дæ хотæ æмæ æфсы- мæртыл дæр, дæ хуызæн сæ мады кæй нæ аппæрстой, дæ аиппытæ (уæз- данæй зæгъгæйæ) дын æргом кæй загътой, уый тыххæй. Ды уыдонмæ æцæгæлон цæстæй кæсыс, дæу хуызæн кæй нæ разындысты æмæ Сæлимæтæн æрвылбон дæр кæй æххуыс кæнынц, иу горæтæй йæм иннæмæ арæх кæй æруайынц æмæ йын фидар ныфс кæй сты, уый тыххæй. Ды иунæгæй æрлæууыдтæ бирæйы ныхмæ. Дæ ныййарæджы цин дæуæн маст у, дæ хотæ æмæ æфсымæрты мастыл цин фæкæныс, æхсызгон дын вæййы сæ алы къуыхцы дæр. Фæлæ дæ ферох, иунæджы маст бирæ кæй у, иунæ- джы цин куыд чысыл у, афтæ... Цалдæр боны фæстæ та ногæй бахызтæн Сæлимæты къæсæрæй. Ацы хатт æй баййæфтон æндæр уавæры. Цыма ме ’рбацыд зыдта, уый хуы- зæн уыди йæ тæккæ уæлибæхтæ кæнгæйæ. Йæ уæлæдарæс дæр мæм цыдæр бæрæгбонхуыз фæкаст. Цыма йæ ибон цауд дзаумæтты кæй федтон, уый тыххæй йæхи раст кодта, уый хуызæн. Ногæй та мыл ныццин кодта. Мæ фындзы рагъ мæ хордта, уазæг нæм цæудзæн, уый, дам, зыдтон æмæ рагацау мæхи срæвдз кодтон. Фæстæмæ куы рацæйцыдтæн, уæдмæ хур аныгуылд, фæлæ ма рухс уыд. Дыккаг уæладзыджы тыргътæй та фæлгæсыныл фæдæн. Сæлимæ- ты хæдзар кæддæры хуызæн сæрыстырæй каст иннæ бæстыхæйтты сæрты. Кæрты цы агуыридурæй амад хæдзар уыд, уый уæле кæсгæйæ бынтон чысыл зынд, æдде цæуджытæй та йæ æнæ мидæмæ æрбацæугæйæ уынгæ дæр ничи кодта. Æнахуыр фæндаггонæн йæ зæрды кæрон дæр никуы æрæфтдзæн, дыууæуæладзыгон хæдзары кæрты æндæр хæдзар кæй ис, уый. Сæлимæт суанг кулдуары онг мæ фæдыл рацыд. Æз уыцы тагъд-тагъд асинтыл æрхызтæн, Саханджерийыл куы амбæлон, уымæй тæрсгæйæ. Тигъы аууон куы фæдæн, уæд мын иучысыл фенцондæр æмæ æхсыз- гонæн сулæфыдтæн, фæлæ иучысыл рæстæджы фæстæ мæ зæрдыл æрлæу- уыд, айфыццаг Сæлимæты цы уавæры баййæфтон, уый. «Мæ зæрде ма нæ лæппу уыдтæ...» — мæ хъустыл ауадысты Сæлимæты ныхæстæ... 1975 441
ÆНАМОНД ФÆНДАГ Автобусмæ куы бахызтæн, уæд бæлццæтгæй иумæ дæр нæ бакастæн, афтæмæй мæ бынаты сбадтæн. Чысыл раздæр цы газеттæ балхæдтон, уыдон кæсыныл фæдæн. Мæ цæстытæ уайтагъд афæлладысты: автобус æгæр змæлыд æмæ-иу рæнхъытæ æддæг-мидæг ауадысты. Газеттæ фæстæмæ мæ дзыппы сæвæрдтон. Талынг уаты иудзæвгар алæууыны фæстæ дзаумæттæ иугай-дыгай зы- нын куыд райдайынц, уый хуызæн бæлццæтты цæсгæмттæ уынын рай- дыдтон. Зонгæ мын дзы ничи ис, уый куы сбæлвырд, уæд, цыма, абон мæ размæ цы хæстæ уыд, уыдонæй иу ме уæхсчытæй ахауд, уыйау арф ныуулæфыдтæн. Ме ’ргом размæ сарæзтон æмæ шофыры иувæрсты, фæндаг автобусы бынмæ куыд лæбуры, уымæ кастæн. Машинæйы иугæндзон уынæрыл куы фæцахуыр дæн, уæд мæм, мæ фарсмæ Цы дыууæ усы бадти, уыдоны ныхас дзæбæх хъуысын райдыдта. Мæ сыхæгтæ ахæм зæрдиаг ныхас кодтой, æмæ сæм, æз куыд бамбæр- стон, афтæмæй иннæтæ дæр сæ хъус æрдардтой. Рудзынджы цур цы сылгоймаг бадт, уымæн йе ’ргом мæнырдæм здæхт уыд. Куыннæ мыл фæгуырысхо уа, афтæ йæм аивæй кастæн. Иу æртиссæдз азæй йыл къаддæр нæ цыдаид. Фæлæ йæ цæсгом — урсцъар. Цыма йыл иунæг хуры тын дæр никуы аныдзæвд. Æгæр стæмæй ма йыл æнцъылдтæ бæрæг дæр нæ зынди. Бинаг дæндæгтæ — иууылдæр конд. Куы-иу бахудт, уæд-иу, цыма исчи консервы къопп фегом кодта, уый хуызæн-иу фертгывтой. Афтæ дæсны худти, æмæ-иу суанг рæбинаг дæндæгтæ дæр разындысты. Тинтычъи кæлмæрзæны бынæй æрлæстысты халасдзыд сæрыхъуынтæ. Уыдон ыл комдзог куы нæ цыдаиккой, уæд ма йын^ йæ азтæ ноджыдæр фæкъаддæргæнæн уыдаид. Йæ пъалтоиы хъуырыл æфцæгготы бæсты уыдис цавæрдæр бурхъуын сырды царм. Йæ ныхасæй-иу иучысыл фенцад, зæгъгæ, уæд та-иу æфцæг- гот раст кæнынмæ фæци, кæд-иу æм æппындæр æвналын нæ хъуыди, уæддæр. Иуафон фæстæмæ разылди æмæ фæстаг бадæныл саурихи æры- гон лæппулæджы ауынгæйæ, адæмы сæрты адзырдта: — Уый Таймураз куы дæ æмæ дæ куы нæ базыдтон... — Дæ бон хорз, Асиат, — йæ бынатæй фестыныл ацархайдта лæппу, фæлæ йæ фарсмæ афтæ æнгом бадтысты, æмæ йын чысыл базмæлын йеддæмæ нæ бантыст. — Æрдæбон дын салам радтон. Æвæццæгæн, мæ не ’рхъуыды кодтай... — Базæронд дæн, мæ хур, æмæ хъусæй дæр хорз нал хъусын, стæй, æвæццæгæн, цæстæй дæр фæцудыдтон... — Нырма зæрондæн раджы у! Асиаты цæсгомыл бæрæгуыд, уыцы ныхæстæ йын æхсызгон кæй уыды- сты. Иу цъусдуг æнæдзургæйæ алæууыд æмæ та фæстæмæ разилгæйæ загъта: — Дзыллæйæ дæ куыннæ фæрсын, куыдтæ у, куыдтæ? — Бузныг, амæлттæ кæны... — Кæдæй нырмæ йæ нал федтон... — Горæтмæ нын нæ комы... 442
- Сымахимæ йын æнцондæр уаид, бæргæ. - Дзурæм ын, фæлæ нын нæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæнын никуы бауагъта. Фарæстæм уæладзыджы, дам, ауыгъдæй цæрын нæ базон- дзынæн. - Æмæ йæм уæдæ алы хуыцаубон хъæумæ цæуын чи бафæраздзæн? — йæ ныхасы барджын мыртæ фæфылдæр кæнгæйæ, загъта Асиат. - Махæн бæргæ ницы у, фæлæ йæхæдæг бирæ фыдæбон кæны. Уый карæн адæймагæн иунæгæй æнцон у?.. - Зын у, зын, мæ къона. Адæймагыл азтæ куы рацæуы, уæд йæ хъарутæ сусæны мæйы доны акæлæнтау æрцыбыртæ вæййынц. Æз Дзыллæйæ кæстæр дæн, уæддæр мæ ныфс куы ницæмæуал хæссын. Ацы хъуыддаджы тыххæй ныр цалæймаг хатт æрцыдтæн... Фæстаг ныхæстæ Таймуразмæ кæнæ хъуысгæ нал фæкодтой, кæнæ та йæ дзуапп раттын нал бафæндыд. Сылгоймæгтæн ногæй ныхас бацайдагъ. - Хæрзæгъдау цот схъомыл кодта Дзыллæ,- йæ хъæлæс фæныллæгдæр кæнгæйæ, райдыдта Асиат. - Йæхи хуызæн рауадысты... - Йæ цуры дзы иу уæддæр куы уаид,— бакатай кодта иннæ ус. - Ахæм рæтты сахуыр кодтой, æмæ дзы хъæуы бынат никæмæн ра- зынд. Уыдоныл дæр худæн нæй,— лæппуты раст кæнынмæ фæци Асиат.— Таймураз мах хистæр лæппуимæ иу ран кусы... Уыцы ныхæстæ йын æгæр хъæрæй загъд рауадысты. Бæлццæттæ цалдæрæй Таймуразы ’рдæм ракастысты, афтæ кæмæй æппæлынц, уыцы лæппуйы мах дæр фенæм, зæгъгæ. Асиаты ныхæстæ йæ хъустыл куы ’рцыдысты, уæд цыма Таймуразмæ ницы бар дарынц, уый хуызæн йæхи скодта. Цæмæндæр йæ зæрдыл æрба- лæууыд Асиаты хистæр фырт Хамырзæ. Иумæ кусынц. Уый проекттæ- аразæн институты хистæр инженер у, Таймураз та — сæйраг конструктор. Хæларæй цæрынц. Иу хъæуы райгуырдысты, иу сыхы схъомыл сты. Ныр та — кусгæ дæр иумæ. Знон сæ улæфты рæстæг институтæй иумæ рацы- дысты. Сахаты бæрц фæразил-базил кодтой. Хамырзæйæн йæхи фæндыд Таймуразимæ аныхас кæнын æмæ йын уымæн замманай фадат фæци. - Дзыццаимæ нæм дæрзæг ныхас рауад,— загъта Хамырзæ, Терчы былмæ куы бахæццæ сты, уæд. Уымæй размæ бынтон æндæр цæуылдæр дзырдтой, æмæ Таймураз йе ’мбалы ныхæстæ нæ бамбæрста. Дзуапп ын ницы радта, кæд йæхæдæгдарддæр дзурид, зæгъгæ. Хамырзæмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд: - Кæцæйдæр йæ хъустыл æрцыд, нæ хъæуы, дам, бирæтæн пенси рацыд æмæ уæдæй нырмæ скатай. Нæ сыхæгты чызгæн цавæрдæр гæххæттытæ фыссын кодта, æмæ мын сæ уый радзырдта. Мæнæн æй не схъæр кодта. Æз ын загътон, адæмы цæсты мæ ма ’фтау, пенсийы сæр дæ ницæмæн хъæуы, стæй дын æмбæлгæ дæр нæ кæны, зæгъгæ, фæлæ мæм нæ байхъуыста. Таймуразы дзыхæй иу ныхас дæр не схауд. Йе ’мбалæн ницæмæй зæрдæтæ авæрын йæ бон уыд. Йæ уавæр ын бамбæрста - ныййарæгимæ быцæуы бацæуын æнцон кæмæн вæййы?.. 443
— Абон дæр та дзæгъæл цыд куы фæуон, уымæй тæрсын,— ацахста Тай- муразы хъус Асиаты ныхæстæ. — Дзаххотты бынаты баййафын зын у... ...Асиат совхозы директоры дуарыл куы бахæцыд æмæ гом куы ра- зынд, уæд йæ цæсгом фæрухс. Йæ дадалитæ йæ кæлмæрзæны бын амбæхс- та, йе ’фцæгготыл йæ къухтæ æрхаста, йæ пъалтойы ф&дджитæ æрцагъ- та, стæй уæздан къахдзæфтæй мидæмæ бараст. Дзаххотт йæ бынатæй сыстад, уазæджы къух райста. Арфæ йын ракод- той, диваныл цы дыууæ лæджы бадт, уыдон дæр. — Цы хорз у, ам дæ кæй æрбаййæфтон, уый,— йæ фарсмæ йын цы бандон æрæвæрдтой, ууыл сындæггай йæхи æруадзгæйæ, загъта Асиат. — Хъусын дæм, Асиат. Æгайтма дын исты хъуыддаджы баххуыс кæнын нæ бон у. Уæвгæ, горæтагæн хъæуккаг цы хъуыддаджы бабæздзæн?! Дзаххотт фæстаг ныхæстæ хъазгæйæ загъта. Асиат цыма ницы бамбæр- ста, уый хуызæн дзуаппыл батагъд кодта: — Мæсуыр лæг горæты дæр æххуысхъуаг у æмæ хъæуы дæр. — Мæгуырæй дæ Хуыцау бахизæд,— йæ мидбылхудт айсæфт, афтæмæй загъта Дзаххотт. — Хамырзæ æмæ Хазбийы хуызæн фырттæ кæмæн ис, уый йæхи мæгуыр куыд хъуамæ схона?!. — Мæ пенсийы тыххæй разил-базил кæнын,— цыма уыцы ныхæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уый хуызæн дарддæр дзырдта Асиат. — Пенсийы тыххæй, зæгъыс? — Цас æхца у, фæлæ уæддæр цæмæн баззайа зæфцы фыдæй?!. Дзаххотт иуцъусдуг сагъæсты аныгъуылд, йæ рахиз къухы амонæн æн- гуылдзæй графины уæхск катайгæнæгау æрхоста, стæй йын, æвæццæгæн, уый дæр куы ницы феххуыс, уæд секретармæ фæдзырдта æмæ гæххæттытæ æрбахæссын кодта. — Æрдæбон дæм чысыл раздæр горæтæй дæр дзырдтой, Дзаххотт,— загъта, гæххæтгытæ чи ’рбахаста, уыцы чызг. - Ды быдыры уыдтæ. Тынг фæдзæхстой, Асиатæн, дам, баххуыс кæнут... Асиат, цыма йын цæргæ хъæутæ балæвар кодта, уый хуызæн бузныг фæци секретарæй. Ноджы сæ мæлæты хорз афон дæр загъта. Асиатхъæумæ цæуыны размæ Хамырзæйы æмбæлттæй иумæ сæ сыхæг- ты чызджы телефонæй бадзурын кодта, Дзаххоттимæ аныхас кæн æмæ мын^мæ хъуыддаг сараза, зæгъгæ. «Йæ цæрæнбон бирæ Сидæмонæн,— ахъуыды кодта йæхинымæр сыл- гоймаг. — Нæ йæ ферох. Мæ фырты цур та сдзурыы дæр нæ уæндын... Паддзахады æхцатыл мын ауæрды!..» — Горæты мæ мæнæ ахæм гæххæтт агурынц,— загъта Асиат, Дзаххотт чингуытæ фæлдæхт куы фæци, уæд æмæ йæ пъалтойы мидæггаг дзыппæй цыппæрдигъон тыхтæй систа тетрады сыф æмæ йæм æй балæвæрдта. — Ахæм гæххæтт раттын дын нæ бон нæу,— йæ хъæлæсыуаг фæбар- джындæр кæнгæйæ, загъта Дзаххотт. — Мæнæ чингуытæм дæр æркастæн, стæй йæ мæхæдæг дæр зоиын, ды фæстагдæс азы колхозы кæй нæ куыс- тай. Уымæй размæ дæр, дæхи зæрдæ де ’вдисæн, быдыры искуы-иу хатт йедцæмæ никуы уыдтæ. Цæмæй пенси райсай, уый тыххæй та хъуамæ 444
раздæр, колхоз ма куы уыдыстæм, уæд, уый фæстæ та совхозы дæр бæлвырд азтæ бакуыстаис. — Ау, уæдæ мæ сидзæрты куыдæй схастон?! Искуы ма æгуыстæй æнæлæг хæдзарæн дарæн ис? Уæдæ Сæлимæ дæр фæкæсын хъуыди. Исты, мый- йаг, йæ гуыппырсар лæппутæ йæ уæлхъус куы нæ уыдысты. Дзаххотг йæхи гæххæттытимæ архайæгскодта, йæ цæстæнгасæй та дзырд- та: «Хъуыддаг æмбæрстгонд у, дарддæр ыл дзурын нал хъæуы». Сылгой- магмæ куынæуал каст, уæд Асиат, диваныл чи бадт æмæ æрдæбонсарæй æнæдзургæйæ чи хъуыста, уыдоны ’рдæм азылд: — Хъамболат, дæуæй хуыздæр чи зоны мæ фыдæбæттæ?! Фæрсæй- фæрстæм фæцардыстæм æмæ мæ искуы мæ дыууæ къухы æддæгуæлæ æрæвæргæ федтай? Хъамболат цыдæр сцæйдзурынмæ хъавыд, фæлæ Асиат фæраздæр: — Уалæ ма уæм горæтæй дæр куы дзурынц... Æви та уыдоны ныхас дæр ницыуал давы? — Мах нæ хъуыддæгтæ нæхæдæг хуыздæр зонæм,— гæххæтгытæ иуварс æрæвæргæйæ, загъта Дзаххотг. — Баууæнд мыл, фыдæнæн дын ничи кæны. — Ау, уæдæ, ацы хъæуы пенси чи нæ исы, ахæм куынæуал баззад, уæд дзы мæн цæмæн хъулон кæнут? Ам нал цæрын, зæгъгæ, мæ фæсвæд æрæвæрынмæ хъавут? — Кæмæн не ’мбæлы, уыдонæй иуæн дæр пенси нæма радтой, Аси- ат,— ацы хатт ныхас йæхимæ айста Хъамболат. — Хорз, уæдæ! Кæмæн æмбæлы æмæ кæмæн не ’мбæлы, уый æз сбæрæг кæндзынæн!.. Сылгоймаг йæ бынатæй сыстад, йæ кæлмæрзæны баст тынгдæр бал- хъывта, йе ’фцæггот йæ дыууæ къухæй æрсæрфта æмæ дуар йæ фæстæ мæсты гуыпп ныккодта. — Аххосджынæй мах нæ баззадыстæм? — загъта иучысыл æнæдзургæйæ алæууыны фæстæ Дзаххотт. Йæ хъæлæсыуагæй зын раиртасæн уыд, Хъам- болатиты фарста æви йæхæдæг йæхицæй дзуапп агуырдта, уый. — Иуæй-иутæ диссаг сты,— загъта Хъамболат. — Асиаты бынаты æндæр адæймаг ныхасы ’рдæг дæр не скæнид. Дыууæ боны йæ фæд-фæдыл бы- дырмæ ацæугæ ничи федта. Ноджы ма Сæлийы дæр цæсты æфтауы. Уый йæ хистæр файнуст уыд, æмæ Хазби æмæ Хамырзæйы хъуагæй йæ хъуы- ры къæбæр никуы ауагъта. Сæли, мæнæй цыфæнды фæуæд, бирæ хорз- дзинæдты бацыд Асиатæн, уæддæр æй цæрæнбонты ратон-батон фæкод- та. Уæхæдæг æй зонут, Сæлийы лæг раджы амард. Йæхицæн сывæллæттæ нæ уыд æмæ йæ зæрдæйы хъарм иууылдæр йæ файнусты цотæн радта. Сыхаджы фыдгой кæнын раст нæу, фæлæ йæм ныр хъусут! Тæригъæд ныхæстæ сты уыдон. ...Асиат кæройнаг уынджы уæлæмæ фæраст. Дзæхирæты ма йын æнæфенгæ нæй. Уадз æмæ йæ лæгимæ аныхас кæна. Тæрсы, Дзаххотт уымæ дæр куы нæ байхъуса, уымæй. Фæлæ йæ уæддæр бафæлварын хъæуы. Дзæхирæтимæ дыууæ хойы цард куы фæкодтой. Уæвгæ адæмыл æууæнк нал и. Чи ’нхъæл уыд, æмæ йæм Дзаххотт ахæм цæстæй ракæс- дзæн?! Уагæры ма сæ йæхи дзыппæй куы фидид! 445
Фæстаг дæс азы, дам, колхозы нæ бакуыстай. Цыма йæ йæхæдæг нæ зоны! Азтæ йын куы фаг кæнид, уæд ма искæмæн лæгъстæ кæнид? Хъам- болат дæр ын куы аххуыс кодта! Сыхаг ма дзы хуыздæр цы уа?!. Хъуыдытæгæнгæ автобусы лæууæн бынатмæ схæццæ. Нырма ныр фем- бæрста, хъæумæ лæппуты ’вастæй кæй рацыд, уьщ. Фæстæмæ йын æнæздæхгæ нæй. Фенæууæнк ыл уыдзысты. «Цы уа, уый уæд! — скарста йæхинымæр. — Дзæхирæтмæ дæр нал цæуын. Хъуыдцæгтæ иууылдæр горæты аразынц æмæ уым архайын хъæуы»,— алыг кодта Асиат æмæ автобусы ’рдæм азылд. Таймуразимæ та иумæ бадт фесты. Ацы хатт — фæрсæй-фæрстæм. Æрмæст ыл Асиат фыццагау нал бацин кодта. Нал æй бафарста Дзыл- лæйæ. Удæгас адæймаг мæстытæ куыннæ бавзары, фæлæ Асиатæн абоны цаутæ æгæр хъомыл баисты. Цæмæдæр гæсгæ йæ сагъæстыл бафтыдтой. Йæ цардвæндагыл куы фæхъуыды кæны, уæд æппæты фыццаг йæ зæрдыл, ’чындзы куы цыди, уыцы бон æрлæууы æмæ та ныр дæр уыр- дыгæй райдыдтой йæ мысинæгтæ. Диссаджы хур бон дæр скодта. Цæйбæрц хæлæггæнджытæ йæм уыди! Æмæ йæм хæлæг кæнын не ’мбæлди?! Иласы хуызæн лæппутæ бирæты фæсдуар æрбалæууы?! Хорз фæцарди Асиат. Йæ къух ын уазал доны атулын дæр никуы ба- уагъта. Адзалæн та никæй бон ницы у. Куы марди, уæд лæппутæ хъомыл уыдысты. Кæстæрыл æхсæрдæс азы цыд, Хамырзæ та уымæй дыууæ азы хистæр у. Иласы фæстæ дæр хъуаг никуы ницæмæй баййæфта. Йе ’фсымæртæ йæм сæ цæст дардтой. Сæли дæр дзы йæхи дард никуы аласта. Æрдæбоны ныхæстæ йын Хуыцау бахатыр кæнæд. Зындзинад никуы бав- зæрста, фæлæ... Фæлæ абон... абон цыдæр æнамонд фæндагыл рацыд. Æнамонд фæндаг... Æмæ кæд, мыййаг, йæхи цард æнæхъæнæй дæр æнамонд уыди, æмæ кæйдæр чъылдымты æмбæхсгæйæ фæцарди, уæд та?! Автобусæй куы рахызт, уæд йæ пъалтойы фæдджитæ æрцагъта, йæ кæлмæрзæн адзæбæхтæ кодта, йæ фæлмæн æфцæггот та йын цалдæр хат- ты æрсæрфта æмæ сæхимæ араст. Æрдæбонсарæй цы хъуыдыты ахæсты уыдис, уыдон сырддонцъиутау фæйнæрдæм ныппырх сты. Иу дæр дзы нал аззад. Ногæй та йæ пенси йæ зæрдыл æрбалæууыд. Бацархайын ыл хъæуы. Зæфцы фыдæй цæмæн баззайа?.. 1970 ХÆДЗАРИ-ХÆДЗАР — К.уы мæ ныууагътаис, мæнæ лæппу, уæд бæргæ хуыздæр уыдаид,- загъта Сасанет, йæ фырты горæтаг фатеры къæсæрæй куы бахызт, уæд. — Æз мæ иу къахæй ингæны был лæууын, ды та мæ сугсæттæн къодахы хуызæн ралас-баласыл схæцыдтæ. 446
Бекмæрза æмæ йæ бинойнаг Кодиннæ цыма уыцы ныхæстæ хъусгæ дæр нæ кодтой, уый хуызæн зæронд усы къæлæтджын бандоны цурмæ арæхстгай бахуыдтой. Чындз ын йæ тинтычъи кæлмæрзæн систа, цъæтджын сынтæджы къухыл æй æрцауыгъта æмæ та фæстæмæ йæ цуры алæууыд. Бандоныл æй сбадын кодта, йæ туфлитæ йын фæлмæн дза- быртæй аивта æмæ фынг æвæрынмæ фæци. Сасанет иучысыл йе ’муд æрцыд. Афтæ æнæхъару бæргæ нæ вæййы, фæлæ йæ хъæуæй фæстинонæй раластой. Ноджы фæндагыл дæр бафæл- мæцыд æмæ йæ къабæзтæ йæхицæй нал сты. Бæргæ йæ нæ фæндыд ардæм цæуын. Цæрæнбонты æвал-æвидийæ цы адæмы ’хсæн фæцард, уыдоныл ахуырæй йын горæты зын кæй уыдзæн, уый æмбæрста, фæлæ йæ хистæр фырты ныхмæ æрлæууын йæ бон нал баци. Бекмæрза æмæ Кодиннæйыл стыр хорздзинад æрцыд. Ацал-ауал азы цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухы бафтыд. Сасанетæн лæгъстæйæ се ’взæгтæ цъиуы ’взагау слыстæг сты, фæлæ сын абоны онг горæтмæ цæ- уыныл никуы сразы. Ныр æртæ бинойнаджы баисты æмæ ма сын дыууæ уаты ма раттæнт. Тæккæ райсомæй фæстæмæ уыцы хъуыддагыл зилын райдайдзысты. Уый тыххæй та уал æппæты фыццаг зæронд усы сæхимæ æрфысдзысты. Уæдæ йæм чи хъуамæ кæса! Ныронг ма йæ цоты кæстæр йæ фарсмæ уыди æмæ йæ ницы хъуаг уагъта, фæлæ уый дæр ауалдзæг йæ райгуырæн хæдзарæй йæ цæрæн хæдзармæ афардæг. Уæдæй нырмæ йæм фырт æмæ чындз къахихсыд баисты. Бекмæрза æмæ Кодиннæйау хъæумæ арæхдæр æфтын райдыдтой Куы- цыкк æмæ Къыно дæр — Сасанеты кæстæр фырт æмæ чындз. Горæтæй- иу хъуамæ иумæ æрцыдаиккой, уымæн æмæ сæ фæндтæ иухуызон уыды- сты, фæлæ сæ кæрæдзийæ сусæг кæй кодтой, уымæ гæсгæ архайдтой, цæмæй сæ фæндаг макуы баиу уа. Кодиннæйы быны дон бацыд. Къыно æфсины йæхирдыгæй куы фæкæна, уымæй тарсти. Фыццаг бонæй фæстæмæ йæ, хæрдæй гуыбын чи нæ кæны, ахæмыл нымадта. Кодиннæ чындзы цыппар азы раздæр æрцыд, фæлæ йын цот нæ уыди. Къынойæн та сывæллон фараст мæйы æмæ æртæ бонмæ райгуырд. Æндæраз сын дыууæуатон фатер радтой, ныр та æртæ уатмæ бахъавыдысты. Уæд цавæр у?!. Кодиннæйæн сывæл- лон дæр куы нæ и, æмæ дыууæ уаты дæр! Нæ фæлæ мæ фылдæр кæмæ уа, уый зыддæр у!.. Кодиннæ йæ фынджы кой фæуагъта, Сасанеты кæлмæрзæн сынтæ- джы къухæй радавта æмæ йæ шифанеры рæбинаг ауындзæныл авæрдта. Йе ’фсинмæ цæуыны зонд куы ’рцæуа, уымæй бынтон æдас нæма уыд. Æхсæвæры фæстæ йын фæлмæн хуыссæны уат бакодта... Сасанетыл афæдзы дæргъæн бонтæ нытътъангсты. Гуыбынæй, рагъæй хъуаг ницæмæй уыд, фæлæ хъæу йæ зæрдæйæ нæ цух кодта. Æзных æмæ æхсонау æнгомæй кæимæ фæцард, уыцы сыхбæсты уындмæ бæллыди. Йæ фыртæн-иу бæргæ загъта, хъæумæ ма мæ иу хатт уæддæр алас, зæгъгæ, фæлæ Бекмæрзайы уымæ никуы равдæлд. Усæй, лæгæй сæ уæгъд рæстæг иууылдæр хардз кодтой ног фатер райсыныл æмæ æппынфæстаг сæ бæллиц сæххæст: Терчы былгæрон цы хæдзар сарæзтой, уымæн йæ дыккаг уæла- дзыджы æрцардысты. 447
Банхъæлæн уыд, Сасанеты уавæр фæхуыздæр уыдзæн, зæгъгæ. Æр- тæйæ иу къуымы уæддæр нал рахау-бахау кæндзысты, фæлæ хъуыддæгтæ иннæрдæм ныддæлæ-уæлæ кодтой. Ног фатеры хицæутгæ йæм ног цæстæй акастысты. Уыцы ног цæстæнгасы сæйрагдæр миниуджытæ та уыдысты уазал æмæ æцæгæлон. Сæ ныронджы ахастдзинæдтьпног бынатыхицау къæсæргæронæй кæсын дæр нæ бауагъта. Кæстæрты аудындзинад къуыт- тыйау йæхи бынтон ницызонæг скодта. Хъуыддаг афтæ кæй рауайдзæн, уый Куыцыкк æмæ Къыно хорз æмбæрстой æмæ йæм гæппæввонгæй лæууыдысты. Куыддæр сын арха- йыны фадат фæци, афтæ Бекмæрзатæм иу æхсидавыл дыууæ уады код- той. Ноджы цыма файнустыты æндæртæй аивдæуыд, уый хуызæн кæрæдзийæ атонын нал куымдтой. Цин кодтой дыууæйæ дæр. Кодиннæ - ыог фатер кæй райста æмæ Сасанетæй кæй фервæздзæн, ууыл. Къыно — Сасанеты йыы сæхимæ æрбахоныны фадат кæй фæци æмæ æртæуатон фатерыл тох кæнын кæй райдайдзæн, ууыл, фæлæ уыдон сæ дыууæйæы дæр нырма уыдысты фæндтæ. Фæндтæ та æцæгдзинад цæмæй суой, ууыл тох кæнын хъуыд. Æмæ тох кодтой дыууæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ лæгты æххуысæй. Иу изæр та кæстæр фыртæн йæ мадимæ ныхас бацайдагъ. — Гыцца, ирон æгъдæуттыл хæст бæргæ дæ, фæлæ сæ иуæй-иу хатт ницæмæуал фæдарыс,— Сасанеты фарсмæ æрбадгæйæ райдыдта Куыцыкк. Зæронд усмæ ахæм аипп фыццаг хатт æрхастæуыд æмæ куыддæр фæ- къуырмайау. Иуцасдæр цы загътаид, уый нал зыдта. — Цæмæн афтæ зæгъын, уый зоныс? — мады бæсты йæхи бафарста Куыцыкк æмæ дзуапп дæр йæхæдæг радта: — Ныронг-иу ныййарджытæ кæстæр фыртимæ цардысты... Сасанетæн дзæвгар фенцондæр. Æнхъæлдта, йæ фырт æй стырдæр хъуыддаджы азымджын кæны. — Уымæй бæргæ раст зæгъыс, мæ хъæбул, фæлæ уæ кæимæфæнды куы цæрон, уæддæр ын фыдæбойнаджы хос йеддæмæ ницы дæн æмæ бавдæлут, æмæ мæ фæстæмæ хъæумæ аласут. — Хъæу дæр дын никæдæм алидздзæн,— загъта Куыцыкк. — Махимæ уал иу-дыууæ боны фæу, стæй дæ бар дæхи уыдзæн. Сасанетæн та ацы хатт дæр йæхи фæнд ницуал амардта æмæ йæ йæ цæрæн бынат нæвæндонæй дыккаг хатт ивын бахъуыд. Раст зæгъын хъæуы, Куыцыктæм æм хицæн уат æрхауд, стæй йыл йæ фырты чысыл чызджы рæвдаугæйæ рæстæг тагъддæр ивгъуыдта, фæлæ уæддæр йæ цард зæрдæйы фæндон нæ рауад. Уыимæ йæ уавæр февзæрдæр, куыддæр йæ фырт æртæуатон агъуыст райста, афтæ. Хистæр фырт æмæ чыыдзы хуызæн кæстæртæ дæр уайтагъд къæссавæлдæхт фесты. Сасанетæн цы буц митæ фæкодтой, уыдон цыма фæстæмæ исыныл ныллæууыдыс- ты, уый хуызæн ерысæй февнæлдтой. Уыимæ йын къусбарæй кæй фæлæвæрдтой, уыдон фæстæмæ истой тагъдгомау æмæ дзы куыницыуал баззад, уæд та мад æмæ фырты æхсæн рауад ахæм ныхас: — Гыцца, дæ тæригъæдмæ кæсын мæ бон нал у,— загъта Куыцыкк. 448
Сасанет йæ фыртæй ахæм фæлмæн ныхæстæ рагæй нал фехъуыста. Ныр æм дыккаг аз Гыццайæ дæр никуал сдзырдта æмæ куыддæр йæ зæрдæ æрбауынгæг. — Æвæццæгæн, Бекмæрза дæр æмæ æз дæр фæрæдыдыстæм, ардæм дæ кæй раластам, уымæй. Хъæуы дын хуыздæр уыдзæн... Зæронд ус йæхи ныхъхъæддых кодта, фæлæ уæддæр цæстысыгты фæндаг æрæхгæнын йæ бон нæ баци. Йæ къæсхуыр рустæ йæ тæнæгцъар уæл- къухтæй асæрфгæйæ сдзырдта: — Бæргæ уын дзырдтон, мæ мæгуыр хæдзары къуымы мæ уадзут, зæгъгæ... — Тæккæ райсом дæм машинæ æрбакæндзынæн„. Къыно йæ цин бамбæхсын нæ бафæрæзта. Йæ цæстытыл ставд дамгъæтæй фыст уыдис. Æнæуи та йæхи афтæ дардта, цыма йын йе ’фси- нимæ фæхицæн уæвын зын уыд. ...Сасанет машинæмæ куы бахызт, уæд Куыцыччы чызг ныккуыдта, æз дæр демæ цæуын, зæгъгæ. Къыно йæ йæ хъæбысы фелвæста, æмæ йæ иууылдæр куыд хъусой, афтæмæй загъта: — Ма ку, нана фæстæмæ тагъд ссæудзæн. Сасанет йæхицæн дзурæгау ныллæг хъæлæсæй бакодта: — Нана тагъд нæ, фæлæ æрæджиау дæр нал ссæудзæн... 1979 СЫХÆГТЫ МАСТ Знауыр æмæ Хъанцау иу сыхы базæронд сты. Иу аз æрхастой устытæ, иу аз сын райгуырд лæппутæ. Знауыр йæ фыртыл сæвæрдта Аслæмбег. Хъан- цау — Будзи. Бæтæйы фыртгы хабæртгæ дыууæйæ дæр хорз зыдтой. Уæдæ хъæбатыр гуырдгæй иу Аслæмбег кæй хуынди, иннæ — Будзи, уый дæр сын æнæзындгонд куыд хъуамæ уыдаид: сæ фыртгæн уыдоны мондагæй радтой ахæм нæмтгæ. Аслæмбег чысылæй фæстæмæ дæр ныв кæнынмæ зæрдæргъæвд рахаста. Йæ мад Хъуырманхъызы хыссæ-иу скъæфтæй фæци. Чъиритæ кæны, уый-иу куы базыдга, уæд-иу арывджы цурæй æддæмæ нал цыд. Хъуырман- хъыз ын-иу фæтæригъæд кодга æмæ та-иу ын, кæд дзы не ’нтыст, уæддæр армыдзаг хыссæ йæ кьухы фæсагъта. Лæппу-иу уайтагъд алыхуызон сырдтæ æмæ фосы нывтæ кæнынмæ фæци. Фæстагмæ афтæ тынг сдæсны, æмæ-иу æм мад æмæ фыд кæсынтыл фесты. Цыдысты бонтæ. Аслæмбег иу къласæй иннæмæ хызт. Иннæ пред- меттæм ницы уыйас арæхст, фæлæ ныв кæнынмæ дæсны кæй уыд, уымæ гæсгæ йын бирæ хъуыддæгтæ барстой. Дæс къласы фæстæ ацыд Мæскуымæ æмæ нывгæнæгыл ахуыр кæнын райдыдта. Фондз азы фæстæ Ирыстонмæ ссыд. Æппæлыдысты дзы га- зетгы, йæ кой кодтой радиойæ, фæлæ йæ ном уæлдай тынгдæр айхъуыст мæрдджынты æхсæн. Цæвиттон, Аслæмбег фæстагмæ рахызт мæрдты сурæттæ кæнынмæ. Уыимæ, куыд дзырдтой, афтæмæй иста бирæ æхца. 29 Дзасохты М. 449
Бынтон æндæр фæндагыл ацыд Будзи. Ахуыргæнджытæ йын æппындæр ницы æнхъæл уыдысты, афтæмæй йæм ничи кæсы! Сывæллонæй фæстæмæ хыссæимæ Аслæмбег архайдта, хæринаггæнæг та Будзийæ рауад. Уæвгæ, хæринаггæнæг раздæр уыд. Иуцасдæр акусыны фæстæ йæ фæуæлдæр код- той æмæ хæринаггæнджыты сæргъы æрлæууыд. Ууыл мадоджыдæр цалдæр азы рацыд, æмæ рестораны директорæй агæпп ласта. Уæдæй нырмæ уæлæмæ дæр нал гæпп кæны æмæ дæлæмæ дæр. Уый хыгъд æхцатæ йæ дзыппытæм гæпп кæнынæй нал æнцайынц. Ноджы дæлæмæ мæлæты æнцонæй ныггæпп ласынц, фæлæ дзы фæстæмæ сгæпп кæнын бирæйæн нал бантысы. Цыма æфсымæрон ингæны ныгæд æрцæуынц, уый хуы- зæн сæ хъæр, сæ цъист нал райхъуысы. Лыстæг æхцатæ куы уаиккой, уæд-ма, чи зоны, сæ дзæгъ-дзæгъ уæддæр ссæуид, фæлæ æрхуы æмæ æвзист æхцатæй чъынды дзыпмæ фæндаг никæмæн ис. Ныхæстæ дардыл ацæуынц, фæлæ Хъанцау æмæ Знауыр хъæуы цæргæйæ баззадысты. Аслæмбег æмæ Будзи та горæтæгтæ систы. Æрыгæттæ хъæуыл нал æрвæссыдысты, зæрæдтæ — горæтмæ не ’фтыды- сты, фæлæ адæмы ныхæстæ дыууæрдæм дæр хæццæ кодтой. Горæты код- той Аслæмбег æмæ Будзийы хорзы кой. Хорзы кой, зæгъгæ, ныхæстæн сæ фылдæр уыдысты, æхцаджын кæй сты, уый алыфарс. Хъæуы сæ цытæ дзырдтой, уыдон дæр сæ хъæздыгдзинады фæрсты нæ хызтысты, фæлæ тынгдæр здæхт уыдысты, дыууæ лæппуйы дæр сæ зæронд ныййарджыты рохуаты кæй ныууагътой æмæ сæ кæй ницæмæй хъуыды кæнынц. Цыдысты бонтæ, фæлæ Будзи æмæ Аслæмбег сæ райгуырæн хæдзæрттæм нæ цыдысты. Знауыр æмæ Хъанцау кæд уæлæмæ ницы дзырд- той, уæддæр сæ зæрдæтæ æмхуызон сагъæстæй дудыдтой, æмхуызон маст сæ хордта. Адæмы ныхæстæн сæ хъустыл цы ’нæцæугæ уыди æмæ сæхимæ хъусыныл фесты. Бады Знауыр Хъанцаутæм фынджы уæлхъус. Фæйнæ дæр анызтой, фæлæ дзы арахъхъ иуæн дæр йæ сæр фæбæрзонддæр кæнынæн ницы бах- хуыс. Ноджыдæр та фæйнæ рауагътой. Хъанцау хæдзары хицау у æмæ хистæрæн бады. Уастырджийы ном ссардта æмæ сыкъа сындæггай йæ былыл сдардта. Ныхасы бар Знауырмæ æрхаудта. Цыдæр зæгъынмæ кæй хъавы, уый бæрæг у. Бæрæг у, йе сдзурын æм зын кæй кæсы, уый дæр. — Уæллæй, Хъанцау, Будзийæ мæ цæстыты дзагæй ракастæн,— загъта æрæджиау Знауыр. Хъанцау æм æнæууæнк цæстæнгасæй бакаст, ацал-ауал азы йын йæ фырты хорзы кой куы никуыма ничи скодта, уæд абон Знауырыл цы ’рцыд, зæгъгæ. Знауыр иуцасдæр хъусæй алæууыд. Хъанцауы цымыдисдзинад басхой- æгау кодта æмæ, цыма размæ бахауынæй фæтарст, уый хуызæн йæ сы- хаджы афарста: — Цæмæн? — Цыма йæ дæхæдæг нæ зоныс? — къахæгау загъта Знауыр. — Хуыцауыстæн, нæ зонын! Мæнæ дын ацы цæхх æмæ къæбæ- рæй ард хæрын. — Йе ’ртæ æнгуылдзы цæххæрæныл авæргæйæ сдзырдта Хъанцау. 450
Знауырмæ карз сомытæ бахъардтой æви æнæ уыдонæй дæр йæ ныхас кæнынмæ хъавыд, цы! — фæлæ загъта: — Ныртæккæ æхцахъуаг ничиуал у, фæлæ уæ æгайтма уæддæр æрхъуы- ды кодта... Хъанцауы цæсгомыл æрдæбонсарæй цымыдисдзинад æмæ цин дыу- уæрдæм рауай-бауай кодтой, фæлæ уæйыг агуаты цур куы æрыхснырса æмæ йæ фæнык фæйнæрдæм куы ныппырх уа, уый хуызæн цымыдисдзи- над дæр æмæ цин дæр сæхи тарст гæлæбутау фæйнæрдæм аппæрстой. Зæронд лæджы цæсгом та йæ фыццаг хуыз райста. Знауырæн ма уæддæр йæ нуазæн йæ къухы уыд. Хъанцау æй æрæджиау фæхъуыды кодта. — Дæ гаджидауы кой уал бакæн,— æрхатыд æм Хъанцау. Знауыр йæ сыкъа анызта æмæ йæ дурыны фарсмæ æрæвæрдта. — Фондз туманы уыйбæрц æхца не сты, фæлæ сæйрагдæр сæ кад у,— дзырдта дарддæр Знауыр.— Уæдæ исчи махоны хуызæн у. Ацал-ауал азы мæрдтæй иуы зæрдæхудты дæр нæма бацыд, йæ æгас мад æмæ фыды зæрдæ та иу хатг дæр нæма балхæдта. Хъанцауы уæнгтæ ноджы тынгдæр æртасыдысты. Цыма йыл Знауыры алы ныхас дæр йæ уæхсчытыл здыйы къуылдыхтæ æвæрдта, уыйау ныкъкъæдз. Æрæджиау — йæ астæуæн ныкъкъæрцц кæнынæй фæтарст, цы — уæззау уаргъыл схæцæгау, йæ сæр бæрзонддæр сисгæйæ сдзырдта: — Знауыр! Ныхасгæнæг æрлæууыд. Йæ сыхаджы катайхуыз цæсгом ауынгæйæ йæм дарддæр дзурыны ныфс нал разынд. — Ныхас ахæссынæй дæ нæ тæрсын, — дзырдта дарддæр Хъанцау. — Дæ ныхæстæм хъусын мын уымæй бирæ зындæр у æмæ ныхас мæхимæ уый тыххæй райстон. Нæ лæппу мын цы фондз туманы æрæрвыста, уыдон мæхи ’хцатæ уыдысты... Æмæ Хъанцау йæ сыхагæн, ивгъуыд къуыри зæрæдтæ калгæ горæтмæ куыд фæцыд, йæ мæгуыр æхцайы капеччытæ йæхи номыл сæ хъæумæ куыд æрæрвыста, уыдæттæ радзырдта. Знауырæн чысыл раздæр Хъанцаумæ фырхæлæгæй йæ цæсты фиутæ тадысты, ныр та йын тæригъæд кæнынмæ фæци. Иннæ хæттытæй хъауджыдæр Хъанцауæн йæ фырт æхца кæй æрæрвыс- та, уыцы хабар Хъуырманхъызмæ Знауырæй фæстæдæр байхъуыст. Бу- дзи, цы уыди, уымæй йæм дыууæ ахæмы фæкаст, йæхи фырты та йæ цæсты бындзы кад дæр нал уыд. Æгæр-æгæр куы кодта, уæд ын Знауыр зæхмæ ныуулæфæгау æцæгдзинад радзырдта. Рацыд ма ноджыдæр æртæ къуырийы. Хъанцауы сусæгдзинад куы нæ рахъæр, уæд æй Знауыр æмæ Хъуырманхъыз дæр бафæзмынвæнд скод- той. Знауыр горæтмæ цæуынмæ йæхи ныфс нæ бахаста æмæ Хъуырман- хъызы арвыста. Сылгоймаг фырт æмæ чындзы сæхимæ баййæфта. Дыууæ уды къоп- пайы йеддæмæ не сты, афтæмæй сæ фатеры цынæ диссаг ис! Хъуырманхъыз чындзы цур йæ ныхæстæ зæгъынмæ нæ хъавыд æмæ куыддæр Аслæмбегимæ хицæнæй аззадысты, афтæ йын хъуыддаг бамба- рын кæныны фæстæ æхца йæ дзыппы фæцавта. Уазæг куы ацыд, уæд ус 451
æмæ лæгæн быцæу бацайдагъ. Аслæмбеджы зæрдæйы, къæйдурты бын фынæйæ цы æнкъарæнтæ лæууыд, уыдон зына-нæзына базмæлыдысты. — Мæхи сæр уый куынникуы æрцахста?! — сдзырдта Аслæмбег, кæй фарста, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта, афтæмæй. — Цы никуы ’рцахста? — тигъмæ йæм бакаст ус. -> — Мæ мад æмæ мæ фыды куынникуы ’рхъуыды кодтон?! — Æмæ мæ мад æмæ мæ фыды та кæд æрхъуыды кодтай? — Уыдоны уавæр æндæр у. — Куыд æндæр у? — Куыд вæййы, афтæ. Искуы мæрдтæ æмæ æгæсты уавæр иухуызон вæййы?! Ус дын уый айхъуыста, цы! Æхсон дур æфсæйнаджы гæбазæй куыд ныццæвай, афтæ цæхæртæ акалдта, йæ цæстытæ судзгæ æхсидæвтæ фес- тадысты. Цыма йæ къухтæ уыцы ныхæстæм æнхъæлмæ кастысты, уыйау цæсты фæныкъуылдмæ сины сæртæ ацахстой, гуыр фæразуæз, рахиз къах йæхи размæ аппæрста, æфсæртæ скуыстой. Æмæ цынæ фидис схауд йæ дзыхæй! Мæнæн мæ ныййарджытæ æрæджы амардысты, фæлæ дæуæн дæ цæсты гуырд дæр никуы уыдысты йын загъ- та. Дæхи мад æмæ дæ фыд куы нæ хъæуынц, уæд ма мæ ныййарджытæй цы кæныс, зæгъгæ, йæ къуыммæ бахаста. Мæрдты сурæттæ сæнусон кæнынæн йæ курдиат нывондæн кæй æрхаста, уый зæгъын дæр дзы нæ ферох. Лæг йæ усы æфсæрты ахаст зыдта æмæ æнæдзургæйæ хъуыста. Уыцы уавæр та сылгоймаджы ноджы тынгдæр мæсты кодта. Дзыхы ныхæстæй йæ тыппыртæ не суадздзæн, уый куы бамбæрста, уæд лæгмæ бауырдыг. — Æри-ма уыцы æхцатæ ардæм!.. — Цы сæ кæныс? — Æри-ма сæ, зæгъын! — ноджы хъæддыхдæрæй æрдомдта ус. Аслæмбеджы æнæбондзинад йæ дзыпмæ нывналын кодта æмæ Хъуыр- манхъызы фондз туманы систа. Ус ын сæ йæ къухæй аскъæфта æмæ та йæ цъæхснаг хъæлæс райхъуыст: — Уыдон æхцахъуаг куы уаиккой, уæд хъæуæй горæты ’хсæн дзæгъæл лекка нæ кæниккой... Сылгоймаг астæуккаг уаты смидæг, фæлæ та уайтагъд къæсæргæрон алæууыд: — Ацы æхцатæм сæ бирæ æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн! - æмæ йæ фæдыл дуар ныггуыпп кодта. 1979 ТАЛЫНГ РУДЗГУЫТÆ Арсæн, дам, мыдмæ ласгæйæ йæ хъустæ атыдтой. Фæлæ дзы куы фæхъæстæ, уæд та сын фæстæмæ нал куымдта. Æмæ йын йæ къæдзил дæр атыдтой. Ахæм хабар цыма мæныл дæр æрцæудзæн, афтæ кæсын мæм райдыдта. 452
Мæ раздæры куыстæй цæуын мæ нæ фæндыди. Стæй барвæндонæй цæмæн хъуамæ ацыдаин?! Нудæс азы нудæс боны не сты, стæй нудæс мæйы дæр. Æз та уыйбæрц бакуыстон иу бынаты. Иу бынаты иу хицау- имæ. Уый кæд искæмæ гыццыл хъуыддаг кæсы, уæд рæдийы. Бирæтæ мæ хицауæй се сæфт уыдтой, фыдгой кæнынæй йыл нæ ауæрстой. Йе сæфт дзы ныр дæр къаддæр адæм нæ уыны. Уæдæ йæ фыдгойгæнджыты нымæц фылдæр цы фæци, æндæр къаддæр нæ фæуыдаид. Никуы дзы никæмæ байхъуыстон. Ома сын сæ ныхæстæ никуы ницæмæ ’рдардтон. Æнæдзургæйæ-иу мæ куыст бакодтон. Æнæдзургæйæ — фыд- гойгæнджыты цур, дзургæйæ — хицауы раз. Чидæриддæр-иу цыдæриддæр загъта, уыдон-иу ын итувæрдæй йæ разы авæрдтон. Уымæн та æндæр хорздзинады ма бацу. Цыбыр рæстæджы фæстæ-иу, комдзог кæуыл рацыдтæн, уыдоны пакъуы калынмæ фæци. Æнæ фыдбылызæй-иу дзы никуы ничи баззад. Фæстагмæ дзырд хæссын сси мæ хуыздæр хæцæнгарз, мæхи знæгты цæгъдынмæ дзы бавнæлдтон. Искæуыл-иу мæ зæрдæ куы фæхудт, уæд- иу æм ме ’взаг ауагътон, хицауы ныхмæ-иу иуцалдæр дæлгоммæ ныхасы загътон æмæ та-иу ме ’мныхасгæнæг дæр йæ судзгæ фыдтæ нымайынмæ фæци. Æз-иу хабæрттæ æвæстиатæй бынатыл сæмбæлын кодтон, æмæ- иу хъуыддаг дарддæр йæхæдæг йæхи амыдта. Афтæ иу бон æмæ дыууæ боны нæ, фæлæ нудæс азы. Æргом дзургæйæ, мæ хицауæй мæхæдæг дæр бынтон æвыд нæ уыдтæн. Гуымиры ныхас кæнынæй никуы бафæллад. Адæмæй никæуыл ауæрста. Мæнæй хæстæгдæр æм ничи уыд, уавæрмæ гæсгæ дæр æмæ уды кондæй дæр. Уæддæр мыл никуы бацауæрста. Ауæрдгæ нæ, фæлæ-иу адæмы ’хсæн мæн райардта! Æмæ-иу мæ цы нæ рахуыдта! Æлгъитыныл дæр никуы ба- цауæрста, бафхæрын та йæм нымады дæр^нæ уыд. Быхсыдтон ын. Фæстæмæ сдзурын æм никуы бауæндыдтæн. Йæ ныхмæ сдзурыны хъуы- ды мæм уæвгæ дæр никуы æрцыд, уымæн æмæ зыдтон, гæдзæйы бын сой кæй ис æмæ уыцы сойы ратæдзæнтæ мæ дзыхыл хæцынимæ баст кæй сты. Алы æмбырды фæстæ дæр нын-иу фембæлд уыд. Нæ дыууæйæн. Дзургæ та-иу уым дæр мæ хицау кодта. Адæмы цæсты-иу мæ кæй баф- тыдта, уый пайдатæ æвзарынмæ-иу бавнæлдта. Уадз, æмæ, дам, нæ ахастдзинæдты æцæг бындур мачи зона. Æз, дам, дæуимæ цас дæрзæгдæр æвзагæй дзурон, уыйас нæ иумæйаг хъуыддаг тыхджындæр кæндзæн, нæ мыды къæм ныппарын никæй зæрды æрæфтдзæн. Æмæ æцæгæйдæр. Буарæй хæдоны æхсæн нæ, фæлæ хæдонæй кæрцы æхсæн дæр йæ къух атъыссыныл никуы ничи бацархайдта. Афтæмæй «а» æмæ «о»-йæ цæрыны бæсты «нæгъ» æмæ «о»-йæ уал азы фæцардыстæм. Ног куыстмæ ацæуыны кой мын куы бакодтой, уæд марды хуызæн дæр уымæн фæдæн. Арвæй мæм галдзармы йас нæ, фæлæ мысты цармы йас дæр нал зынд. Цыма мæ быны зæххæй иу сыджыты мур дæр нал аззад, уыйау сæрсæфæнмæ фæцæйцыдтæн. Уал азы кæй сæргъы лæу- уыдтæн, мæ уыцы дæлбартæй фæхицæн мæхицæн нымадтон æппæты æвир- хъаудæр хъуыддагыл. Уал азы мæ сæргъы цы хицау лæууыд, уый мæм 453
фæкаст уæларвон зæд, æрмæст йæ базырты пæр-пæр дæр амондхæссæг кæмæн у, ахæм зæд. Куыд дзырдтой, афтæмæй мæ ног куыст алцæмæй дæр хуыздæр уыд. Иуæй — уæлдæр, иннæмæй дзы мызд фылдæр, æртыккагæй та мæ пен- сийы хъуыддагыл дæр хуыздæрырдæм фæзындаид, фæЯæ мæ уыцы хорз- дзинæдтæй иу дæр не ’ндæвта. Мæ ног бынатæй цас тынгдæр æппæлы- дысты, уыйас мын æнаддæр кодта. Æнæцæугæ мын нæй, уый куы бамбæрстон, уæд сразы дæн. Фыццаг бонты хасты хуызæн уыдтæн. Æппæты тынгдæр мæ амардта мæ кусджы- ты нымæц. Къуырийы бонты бæрц дæр не ’ййæфтой æмæ-иу дзы кæцы- дæримæ къуыри дыууæ хатты хыл кæнын бахъуыд. Раздæр та-иу мæ афтæ кæнын бахъуыд мæй æмæ ’рдæг — дыууæ мæйы иу хатт. Ноджы бæстæ афтæ сабыр уыд, æмæ-иу æгуыппæгдзинад мæ хъусты гуыр-гуыр систа. Бон-иу мыл афæдзы дæргъæн ныцци. Хатгай-иу сыхæгты арæнтæ феха- лынмæ дæр æрхъавыдтæн, адæймаджы куы фæнда, уæд хылгæнæг æмбал кæм не ссардзæн, фæлæ мæм уыцы ныфс никуы разынд. Ома загъд- заманамæ нæ сарæхстаин, уый тыххæй нæ. Мæ ног сыхæгтæ тæрхондоны кусджытæ разындысты æмæ мын уый мæ рохтыл хæцыд. Цыд рæстæг æмæ мын раздæр мæ ног куыстмæ цæугæйæ цытæ дзырд- той, уыдоны рæстдзинадыл сабыргай æууæндын райдыдтон. Мæ ыог куыст дзæвгар хуыздæр кæй уыд, ууыл мæ зонд æууæндыд, зæрдæ — нæ. Мæ раздæры бынат мæ нæ рох кодта. Иу хъуыддаг та мæ бынтон аргæвста, мæ ног куыстмæ цыдтæн мæ зæронд куысты рæзты. Æндæр уынгты аздæхыныл дæр бирæ хæттыты ацархайдтон, фæлæ мæм мæ къæхтæ никуы байхъуыстой. Цæмæдæр гæсгæ æнхъæлмæ кастæн диссагмæ. Цыма, иумæ кæимæ фæкуыстон, уыдон лæгæвзæрстæй мæ размæ рацæудзысты æмæ мын табутæ кæнынмæ фæуы- дзысты, фæстæмæ мæ здахдзысты, мах дæу йеддæмæ ничи хъæуы, зæгъгæ, мын зæгъдзысты. Фæлæ диссаг иу райсом дæр никуы æрцыд æмæ иу изæр дæр. Ме ’мкусджытæй мыл зæрдиагæй никуы ничи бацин кодта. Кæуыл-иу дзы амбæлдтæн, уыдонæй-иу бирæтæ мæ рæзты аивгъуыдтой, иннæтæ та мын-иу æнæбары салам радтой. Æнæхъæн сæрд афтæмæй мæ куысты рæзты фæцыдтæн. Ме ’взаджы кæрон мæ бæргæ хордта, мæ бынаты чи æрбадт, уый куыстмæ бирæ аип- пытæ дæр ссардтаин, фæлæ дардæй кæсæджы цæст цы хъуамæ федтаид, хæстæг бацæуæн та мæнæн нæ уыди. Цæугæ цыфæндыйæ дæр бакодтаин, фæлæ кæмæ? Стæй «цæмæ?», уымæн дæр æфсон хъуыд æмæ æнæхъæн фондз мæйы, бирæгъ фысты дзугмæ хъæдрæбынæй куыд кæса, афтæ фæкастæн. Фæззæг йæ тыхы бацыд. Нæхимæ цæугæйæ-иу мын мæ раздæры куы- сты бæстыхайыл мæ цæст цы нæ ахæсгæ уыд. Цæмæдæр гæсгæ-иу дзы иу рудзынгæй дæр рухс нал калд. Куырм уæйыджы цæстытау-иу сау дард- той. Уый хыгъд-иу мæ цæстытæ та цæхæртæ акалдтой. Фырцинæй. Мæ раздæры хицаумæ мын дзырд бахæссыны фадат кæй фæци, стæй, мæ къæлæтджыны чи æртъæпæн, уый цæсты бафтауын мæ бон кæй бауыдзæн, уымæн. Мæ рæстæджы дын æхсæз сахаты фæстæ кусæн уæтты рухс ма 454
ахуыссыдаид! Авд-аст сахатмæ-иу дзы кæй баурæдтон, ахæмтæ дæр уыдис. Мæ фæстæ дæр ма уыцы фæтк дзæвгар рæстæг йæ бынаты уыд. Æвæццæгæн, хорз æгъдау фехалын дæр бынтон æнцон нæ вæййы. Фæлæ сын æппынфæстаг бантыст, уый бæрæгуыд. Нырдыууæ къуырийæ фылдæр фæскуыст æнæхъæн галуаны иу рудзынг дæр йæ цæстæй нал ракаст. Мæ раздæры хицауыл æрæгмæ куы ’мбæлдтæн, уæд мæ зæгъинæгтæ мæ раздæры кусджытæй иуæн радзырдтон. Мæ зæронд куысты раз баиу стæм. Нæ ныхæстæ фæуынмæ хъавыдысты, афтæ бафиппайдтон: — Æз куынæуал дæн, уæд фæскуыст адæм лидзынмæ куыд фæвæййынц, уымæ кæсыс?! Ныронг ма-иу дзы чи аззад, уый дæр мæ фæрцы. Æз цы фидар æгъдау сæвæрдтон, уый цалдæр мæймæ фехалын нæ бакуымдта. — Уыцы æгъдау, ды куыддæр ацыдтæ,— загъта мæ раздæры æмкусæг, — афтæ фехæлд, дæу чи раивта, уый æндæр æгъдæуттæ æрæвæрдта. Кусын, дам, кусгæ рæстæджы хъæуы, фæскуыст нæ фæлæ. Изæрыгон ма-иу бирæтæ æхсæз сахаты фæстæ кусгæйæ баззадысты, зæгъгæ, дæр дзæгъæлы æнхъæлыс. Уæд-иу сæ цырæгътæ æфснайæг ссыгъта, ныр æфснайæг райсомæй æрбацæуы. Уый дæр ног æгъдаумæ гæсгæ кусыи райдыдта. Изæрæй райсоммæ кусæн уæтты рыг ногæй æрбады... Уæдæй фæстæмæ мæ зæронд куыстæн йæ тæфты дæр никуыуал ауадтæн. 1984 ХОНДЖЫТÆ ÆМÆ ХЪÆРГÆНДЖЫТÆ Дыууæ æрфыджы мын ис æмæ сæ мæ сæрæн нал дæн. Къуырийы кæрон мæ улæфты бонтæ æрцæйхæццæ кæнынц, зæгъгæ, уæд мæ æргæвдын байдайынц. Куы мæ дзы иу схæры, куы — иннæ. Уыимæ дзы алкæмæ дæр хицæн миниуæг ис. Рахизмæ бавнæлдтон — масты мын æнæба- хаугæ нæй. Галиу мæ схъыдзы кодта - цинмæ мын асайы. Ахæм ма дзы диссаг уа! Рахиз дын галиумæ сайæд, галиу та — рахизмæ! Иннæ мардæр- цыд та уый у, æмæ мæ дыууæйæ дæр уыцы иумæ срæхойынц. Æмæ ма афтæмæй лæг циныл дæр куыд бацин кæна, æмæ хъыгыл дæр куыд фæрис- са. Уыцы-иу рæстæг худын дæр кæй бон у æмæ кæуын дæр?!. Абон сабат у, æмæ нæ хæдзарæй никуыдæм ацыдтæн, уымæн æмæ куыддæр сыстадтæн, афтæ мæ мæ рахиз æрфыг æргæвдын райдыдта. Са- гъуыйгæ куыд вæййы, афтæ мыл сагъуыд, иу ран мæ нал уадзы, мæ сау туджы цъыртт мын банызта. Æрдæбон мæ чысыл раздæр мæ галиу æрфыг дæр схордта, фæлæ йæм мæ зæрдæ фæкъæпп кодта: æгæр тагъд банцад. Искуыдæм мæхи аирхæф- сынмæ ацæуынмæ дæр рахъавыдтæн, фæлæ мæ ныфс нæ бахастон, æз иуырдæм куы фæуон, цæуын та мæ иннæрдæм куы бахъæуа, зæгъгæ. Рагацау дыууæ хъуыддагмæ дæр мæхи цæттæ дардтон. Уалынмæ нæ зарæггæнаг дзæнгæрæджы хъæр райхъуыст. Хъуыдытæ сæры æддæг-мидæг ауадысты, иу дзы иннæйы разæй фæуынмæ хъавыд. Бирæ адæм нарæг дуарыл куыд ныссæдзой, уый хуызæн кæрæдзийæн бар нал лæвæрдтой. 455
Дзæнгæрæджы хъæрмæ мын æнæракæсгæ нæ уыд æмæ æддæмæ фæцæуæг дæн. Дуары æхгæнæн фæзылдтон æмæ къæсæргæрон ауыдтон мæ сыхаг Бадджерийы. Йæ хъæлдзæг цæстæнгас дæр ын ницæмæ æрдард- тон, йæ мидбылтыхудт дæр мæм нæ бахъардта, уымæн æмæ ахæм кæнгæ митыл ахуыр уыдтæн. Йæхи афтæ барæй кæй дарьТ, уый мæ рахиз æрфыгæй хуыздæр чи зыдта? Уыцы хиуылхæцгæйæ йын салам радтон æмæ æнхъæлмæ кастæн, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. — Алмахситты къух асаст,— уыцы хъæлдзæгæй сдзырдта уазæг, æгæр бирæ рæстæг хъусæй куы лæууыдтæн, уæд. «Гъе уый æндæр хъуыддаг у! — мæхинымæр сулæфыдтæн æз. — Æндæр мæм хъазгæ-худгæйæ ’рбацыди, цыма йын исми сывæллон у! Табу Стыр Хуыцауæн! Æгайтыма къухсастыл ахицæн хъуыддаг. Раст зæгъын хъæуы, тæригъæд дæр ын фæкодтон. Æрбацæуæгæн нæ, фæлæ Алмахситтæн. Фарон дæр ма фыдбылызæй тыххæй фервæзт. Йæхи аххос та куыннæ уыди! Уæдæ йын æй кæй æфсон скæнæм?! Æгæр анызта, мæгуыр, æмæ æнафоны сæхимæ æрбацæйцыд. Тротуарæй стыр фæндагмæ æрхизæн нæ фæхъуыды кодта æмæ йе ’мбудтæ размæ бахаста. Ахæм заман иннæтæ куыд фæкæнынц, афтæ уый дæр йæ къухтæ фæбыцæу кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ иу къух йæ дзыппы тъыст разынд æмæ йæ сисынмæ нал фæцарæхст. Иннæ къухы бон та цастæ уыд. Ноджы йыл цыдæр æнахъи- нон^хауд æркодта æмæ цонджы хъул фелвæст. Дзæвгар фæхъизæмар код- та. Йæ фырдиссагæй ма къуылых цæуын дæр райдыдта. Чидæртæ ма йæ мæстæй дæр мардтой, кæйдæр карчы æмбисонд, дам, дыл æрцыд. Уымæн дæр, дам, цæф йæ сæрыл суад, тилгæ та йæ къæхтæ кодта. Ныр та йыл ноджы стырдæр бæллæх æрцыд: æлвæст æмæ саст иу не сты». Уыцы хъуыдытæ мæ сæры магъзы сæрбихъуырæйттæгæнгæ куы атах- тысты, уæд æрбацæуæджы уыцы тыхстхуызæй афарстон: — Уæууа, ныр та йын сæтгæ акодта? Куыд бамбæрстон, афтæмæй æрбацæуæджы цæсгомæй худæндзаст хуымæтæджы хъуыддæгтæй иуварс асурын нæ бакомдзæн. Цыма мæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уый хуызæн дарддæр йæ ныхас кодта: — Æмæ куывд кæны... Æз фæуыргъуыйау дæн. Йæ ныхæстæ кæрæдзиуыл нæ бадтысты. Ком- коммæ мæ дызæрдыгдзинад равдисын мæ бон нæ баци, фæлæ йæ уæддæр бафарстон: — Уый та куыд? Йæ цонг асаст æмæ куывд кæны? Лæппумæ, æвæццæгæн, йæ ныхæстæ мæнмæ куыд диссаг фæкастыс- ты, уымæ мæ ныхæстæ уымæй ноджы диссагдæр фæкастысты, фæлæ уæддæр хатыркурæгау загъта: — Сæтгæ йын фарон акодта, ацы аз та куывд кæны!.. Æз хъуыддаг нырма ныр фембæрстон. Куыд рабæрæг, афтæмæй Бад- джери хабæрттæн уыйас дæсны нæ уыд, æмæ йын мæхæдæг æххуыс кæнынмæ бавнæлдтон: — Уæдæ уый саст нæ уыд, фæлæ æлвæсгæ фæкодта... — Хуыцау æй бæрзæйдыууæ дæр фæкæнæд,— йæ къухтæ мыл сцагъта, цавæр зындзырд адæймаг дæ, зæгъгæ. — Сауджыны загъдау, махæн та 456
цы уæлдай у?! Адæмы æрхонæд, хорз сæ фенæд, æндæр цæйфæнды тыххæй дæр уæд. Нæ фыдæлтæ йæ махæй хуыздæр зыдтой: кæмæ ис, уый йæ фыды фыдæн дæр дугъ уадзы. Цы хъуамæ загътаин йæ ныхмæ! Арфæ йын ракодтон, æгайтма, зæгъын, нæ сыхаг йæ уарзон адæмимæ абадынхъом фæцис. Стæй йын фæзынынæй дæр зæрдæ бавæрдтон. Уазæг цæуынмæ куы рахъавыд, уæд æм æз дæр хъæлдзæгæй сдзырдтон: — Хуыцауы хатыр бакæн, нæ хойрагæй чи нæ сахода! Хорз хабар мын фехъусын кодтай æмæ иучысыл мидæмæ чи нæ рахиза... Алмахситты цон- джы тыххæй... — Нæ-нæ-нæ! - цæхгæр ныллæууыд хонæг. - Тынг æнæвдæлон дæн. Бирæтыл ма мæ азилын хъæуы... — Æрмæстдæр фæйнæ сыкъайы! Марадз-зæгъай, кæд мын бакуымдта! Æз тыргъты лæугæйæ баззадтæн. Сæры та хъуыдытæ базмæлыдысты. Ноджы ма сæ Бадджери дæр кæрæдзиуыл сардыдта æмæ бынтон диссаг та ныр фесты. Мæ сыхаджы цонг æцæг куы асастаид, уæд дыууæрдæм æюæр уыдаид: йæхицæн — дæ цонг асæттæд, уый^хорздзинадæй цы ис?! - æмæ мæнæн — хуынтæ кæнын та мæ бахъуыдаид. Йæ цонг фарон кæй фелвæсти, уый æвзæр у, ацы аз ын куывд кæй кæны, уый та — хорз: йæ хæстæджытæ, йæ зонгæтæ æмæ хæлæрттæ æмгуыппæй æрбацæудзысты, кæй зæгъын æй хъæуы, хуынтæ æмæ лæвæртгимæ, мæнæн та дзы уыйас хорзæй ницы ис, уымæн æмæ мæ, адæм сæ цæст кæуыл æрæвæрой, ахæм хуын саразын бахъæудзæн. Фæлæ уыцы хъуыддаг цыфæндыйæ дæр æнцондæр бакæнæн у. «Иу дзырдæй, Алмахситты къух фарон нозтджынæй сæхимæ æрба- цæйцæугæйæ кæй фелвæст æмæ йын ацы аз куывд кæй кæны, уый нæ дыууæйæн дæр пайда у, иннæты хъуыддаг мæн нæй»,— скарстон фидарæй æз æмæ мын цыма царды стырдæр фарстатæй иу алыг кæнын бантыст, уыйау хъæлдзæг æмæ сæрыстырæй къæсæрыл æрбахызтæн. Мидæггаг уатмæ нæма бахæццæ дæн, афтæ та нæ дуары дзæнгæрæджы зарын уыцы уæзданæй райхъуыст. Фæстæмæ фæзылдтæн, зæгъын, Бад- джерийæ исты ферох, кæнæ та йæм нозты тыххæй фæсмон æрцыд, фæлæ фæрæдыдтæн: нæ къæсæргæрои лæууыд, иу ссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм къæсхуыртæ, бæрзонд, саухил лæппу. Кæнæ боцъотæ рауадзынвæнд скодта, кæнæ та йыл иу-дыууæ мæйы размæ судзгæ фыд æрцыд æмæ ууыл сау дардта. Нæ, цыфæндыйæ дæр фæстаг модæйы фæдыл чи цыд, ахæм уыд, сæрдасæнæй боцъотæм куыд зылд, уый бæрæг дардта. Цыдæр æнахъинон даргъ мæм фæкаст. Цыма мæм æгæр уæлиауæй кæй дзуры, уымæй æфсæрмы фæци, уый хуызæн асинтыл дыууæ къæпхæны дæлдæр æрлæугæйæ сдзырдта: — Хъазмæхæмæттæ ам цæрынц?.. — Уый æз дæн Хъазмæхæмæт... Мæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста, уæдæ мын цы хабар фехъусын кæндзæн, зæгъгæ. — Бечмырзæ мæ æрбарвыста... 457
Æз мæхинымæр мæ зонгæтыл азылдтæн, æмæ дзы Бечмырзæ куы ничи хуынди, уæд мын иучысыл фенцондæр. Хъæрæй та йæ бафарстон: — Кæй Бечмырзæ? — Уæртæ фаллаг уынджы цæры... Ды йæ нæ зоныс, фæлæ дæ йæхæдæг хорз зоны. Æрæджы æрбалыгъд... Дарддæр æй ницæмæйуал бафарстон, кæд йе ’рбацыды сæр йæхæдæг бамбарын кæнид, зæгъгæ. — Иæ каисы усы мадæн дыууиссæдзæймаг бон кæны æмæ мæ сæрма- гондæй дæумæ ’рбарвыста,— сдзырдта та лæппу. Мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн. Адæймаг куы райгуыра, уæд æй мæлын хъæуы, ичъынайы калмау уæлæуыл ничи баззайы. Уæдæ йæ амæ- лæты фæстæ алкæмæн дæр дыууиссæдз боны рацæуы, фæлæ æз кæй нæ зонын, мæхи та мын хорз чи зоны, уыцы Бечмырзæ йæ каисы усы мадæн йæ хæдзары дыууиссæдзæм бон цæмæн кæны, уый бамбарын мæ бон нæ уыди. Æрмæст дзы æрбацæуæджы нал бафарстон. Тæфæрфæс ын ракод- тон æмæта уымæй дæр фæхицæн дæн. Къæсæрæй ме ’рбахызт æмæ тилифоны дзæнгæрæг баиу сты. Мæ га- лиу æрфыг ма куыддæртæй аныхтон æмæ хæтæлмæ фæлæбурдтон, Хуы- цау æй хонæг фæкæнæд, зæгъгæ. — Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд! — райхъуыст мæм цыдæр зонгæ хъæлæс. Уый Алимырза йеддæмæ ничи уыдзæн. Ахæм хъазæн ныхæстæ уый фæкæны. — Дæ хорзæхæй, Алимырза нæ дæ? — «Нæ дæ» — нæ, фæлæ дæ! — Цы хур, цы къæвда? — Къæвдайы коймæ мæ зæрдæ риссы. Абон мæнæн хурбон у, æмæ хъуамæ йæ тынтæ дæумæ дæр хæццæ кæной. — Ома? — Цы «ома?!» — Дæ ныхас, зæгъын, фæбæлвырддæр кæн. — Нæ гыццыл Зæринæйы тыххæй дæ фæйнæ баназын нæ фæнды? — Уæллæй, фæнды. Иучысыл фæлæуу, æз нуазæн рахæссон, дæуæн, æвæццæгæн, дæ сыкъа дæ къухы ис,— загътон æз æмæ цæлгæнæнмæ фæцæйцыдтæн. — Æз дын æцæг ныхæстæ кæнын, ды та хъазынмæ фæдæ,- сбустæ мыл кодта мæ хæлар.— Абон мæ хæдзары куыд уай, афтæ. Зæринæйы гуырæн бон у, æмæ дæ уырдæм хонын. Æз йæ ныхмæ фæлæууынмæ хъавыдтæн, айфыццаг дæ фаззæтты тыххæй бон-сауизæрмæ гаджидæутгæ куы фæуагътам, зæгъгæ, фæлæ мæ сдзырд нæ бауагъта, уый, дам, æрмæст Аланы куывд уыд, ныр та сæрмагондæй Зæлинæйы ном ссарын хъæуы. Ницуал та сдзурын мæ бон баци. Фæарфæтæ йын кодтон. Цалынмæ йын æрбацæуынæй зæрдæ бавæрд- тон, уæдмæ мæ нæ ныууагъта æмæ та уыимæ дæр нæ ныхас ахицæн. Ме ’рфгуытæ мæ иал хъыгдарынц. Æвæццæгæн мæм абон хонæг дæр никæцæйуал уыдзæн æмæ хъæргæиæг дæр. Уæвгæ, цы бæрæг и?! 1975 458
АГЪУЫЛБИЙЫ КЪÆЛИНДАР Рæстæг цæуы, фæлæ йын фæуæн нæй. Бонтæ къуыриты хъæбысы аныгъуылынц, къуыритæ мæйты астæу стæлфынц, мæйтæй афæдзтæ ра- уайы, афæдзтæй — æнустæ, дугтæ æмæ замантæ. Цыбыр дзырдæй, рæстæгæй иу уысм дæр нæ сæфы. Цы дзы аивгъуыйы, уый йыл фæстæмæ бафты. Бынтон æндæрхуызон дары рæстæг йæхи адæймагимæ. Цы бонтæ йын ратгы, уыдон ын радыгай фæстæмæ истæй фæвæййы. Æппынфæстаг йæ размæ бæрзонд хохау слæууы, æмæ йæ сæрты ахизын никæйуал бауадзы... Агъуылби ныртæккæйы хуызæн сагъæсты арæх нæ бахауы. Абон дæр æм, чи зоны, æмæ хæстæг не ’рбацыдаиккой, фæлæ ног аз ралæууыд, æмæ йæ йæ зæронд къæлиндар ивгæйæ, хъуыдытæ сæ фæдыл ахуыдтой. Афæдз куыд тагъд агæпп ласта, уый йæ дисы бафтыдта. Зæронд къæлиндары армыдзаг сыфтæ систа æмæ сæм иудзæвгар æдзынæг фæкаст, æрæджиау сæ йæ разы æрæвæрдта æмæ астæумæ æввахс сыфтæ фæлдахын райдыдта. Мæнæ фыццагфыстмæ фæкомкоммæ: «Тохы бон ныккодта, лæппутæ!» Агъуылбийы цæсгом фæрухс. Дæлгоммæ фыстытæ кæнынмæ йæ разæй никæй ауадздзæн. Йæхæдæг нæй, зæгъгæ, уæд ын йæ ныхæсты мидис Абæ- гиан дæр нæ равзарид. Æцæгдзинадæй та хъуыддаг афтæ уыд. Ныртæккæ цы базæйы кусы, уым æй хицау хуымгæнæны мæй сæвæрдтой. Гъе, æмæ къæлæтджынмæ кæй фæрцы баирвæзт, ууыл йæ лæппуты бацардыдта. Хъуа- мæ йын йæ уæздандзинадæн уæздандзинадæй дзуапп радтаид. Сусæны мæйы фыццаг бон йæ къæлиндары ахæм фыст дæр уымæн фæзынд. Агъ^ылби къæлиндарæй йæ цæстæнгас атыдта æмæ рудзынгмæ ным- дзаст. Йæ хъуыдыты уыцы сæрдыгон боны балæууыд... Ноджы мæлæты хорз рæстæг дæр скодта. Ивгъуыд сæрд къæвдайы цалдæр къуырийы фæд- фæдыл горæтæй ацæуын нæ бафæндыд, Агъуылби та йæ хæрзгæнæджы хъæдбынмæ хуыдта. Цалдæр боны, рæстæг рагацау чи базоны, уыдонмæ фæдзырдта æмæ йын фидарæй куы загътой, сусæны мæйы фыццаг бон къæвда нæ уардзæн, зæгъгæ, уæд йæ уазæджы хоныныл ныллæууыд. Уымæй размæ рæстæг бæрæггæнджытыл никуы æууæндыд, фæлæ кæддæр никæд сæ дзырдæн хицау разындысты. Уыцы бадты сын Агъуылби сæ цæрæнбоны тыххæй сæрмагонд гаджидау дæр ма рауадзын кодта. Хистæрæн кадджын уазæг бадт. Иуцасдæры фæстæ хъуыддаг бамбарын кодта. Уæвгæ æрмæст йæхæдæг нæ уыди хъуыддаг аразæг — нозт дæр йæ фарс уыди, æмæ сæ дыууæйы ныхмæ уазæджы бон ницуал баци. Ахæм ма дзы хæраг уа! Агъуылбийы мыггаг Бирæгътæй у, фæлæ бирæгътæй уыцы хистæры схонын хъуыд. Дыууæ сахатмæ тохъыл фæдæле кодта. Раст зæгъын хъæуы, æххуысгæнджытæ ма йын уыди, фæлæ йæ уыдоны сæр уыйас ницæмæн хъуыд. Цыма пианинойыл цагъта, уыйау-иу фынгыл йæ дыууæ къухы куы иуырдæм айвæзта, куы - иннæрдæм. Къамбец цъынайы фарс куыд бахæры, уыйау фынг йæхирдыгæй къахырæй баззад. Агъуылби та ногæй сыфтæ фæлдахы. 459
«Мæнæ дын уый та сусæны мæйы фæндзæм бон»,— хъæрæй сдзырдта Агъуылби æмæ лыстæг фыстытæ кæсыныл фæци: «Томы халагъуд». Цæсгомыл цыдæр рухс йæхи ахафта æмæ дзы сабыргай мидбылхудт равзæрд. Хатиагау фыссын æй йæ секретарь сахуыр кодта. Йæ зæрдæ хорз у, фæлæ йæ дзых нæ бæззы. Маймулийæ цымыдисдæр^у. Цынæ хуынкъ асгардзæн, ахæм ын нæй. Йæ къæлиндары сыфтæ дæр ын азмæнты. Уæдæ Агъуылби хатиаг æвзагмæ дзæгъæлы рахызт?! Томы халагъуд, дам! Иу Том дæр нæ æмæ иу халагъуд дæр! Том у йæ машинæ, халагъуд та - гараж. Уыдоныл дæр æй цы тухæнтæ кæнын бахъуыд! Кæддæр иу зондджын лæг раст загъта: амондджын адæм иууылдæр иухуызон амондджын сты, æнамæндтæй та алчи йæхирдыгонау æнамонд у. Агъуылбийы æхца иу хордоны мыстытæ æххормаг заман афæдзмæ хæрд нæ фæуыдзысты, фæлæ уæддæр йæхи æнамондыл нымайы. Уый йæм уæлдай тынгдæр бахъардта машинæ æлхæныны заман. Йæ рæбыны иу капекк кæмæн нæ уыд, уымæй хъауджыдæр йæхи нæ хуыдта. Мæгуыр лæгмæ æхца кæй нæ вæййы, ма- шинæ уый тыххæй нæ фелхæны. Агъуылбимæ та дзæвгар рæстæг хæдтулгæ йæ фырбирæ æхцайы тыххæй нæ уыд. Гыццыл мызд исгæйæ, машинæ цæмæй æлхæныс, зæгъгæ, йæ кæй бафарстаиккой, уымæй йе уæны мигъ бадт. Æнæхъæн æртæ азы æфснайæн кассæмæ къахихсыд баци. Æппын- фæстаг уæддæр йæ хъул сах абадт. Йæ лотерейон билет машинæ кæмæн рамбылдта, ахæм лæджы йын банымыгъдæуыд, æмæ йын фынддæс мины йæ къухы банымадта. Уый ауалдзæгуыд. Гаражы хъуыддагта сæрды кæнын райдыдта. Æппынфæстаг уый дæр йæ къухы бафтыд. Агъуылби йæ къæхты бынæй ныуулæфыд. Цыма кæддæры сагъæстæй ныртæккæ фервæзт, уый хуызæн йе уæхсчытыл схæцыд. Цалдæр сыфы уыцы сыгъдæг уыдысты. Тагъд-тагъд сæ афæлдæхта. Æндæр фыстытыл та йæ цæст æрхæцыд: «Абон цыппар сахатыл - проф- цæдисон æмбырд». «Æнæбайрайгæ дзы скæнут!» — ралгъыста Агъуылби æмæ сыфтæ тагъддæр фæлдахынмæ февнæлдта. «Хицау мæм 10 сахатмæ дзуры»,— бакасти Агъуылби æмæ та йе ’рфгуы- тæ, сæ бон цас уыд, уыйбæрц кæрæдзимæ хæстæг æрбацыдысты. «Адæймаджы æппындæр кусын нæ уадзынц,— ахъуыды кодта Агъуыл- би. — Иу ран — æмбырд, иннæ ран — æмбырд. Зæрдæцъæх сæ кæд нæ фæдæн!» Сыфты сыр-сыр та райхъуыст. Æрфгуытæ сæ фыццаг бынат бацах- стой. Цæсгомы тар алыгъд. «Тæзуриф - хас»,- æрмæстдæр ацы дыууæ ныхасы фыст уыд майрæмыкуадзæны мæйы дæсæм бон, фæлæ Агъуыл- бийы сæ хъармæй барæвдыдтой, йæ зæрдæйы цыргъдæр кæрон ын фæрæ- хуыстой. Ацы ран дæр та фыццаг æмæ дыккаджы кой скæнын бахъæудзæн. Уæдæ афтæ - фыццаджыдæр, Тæзуриф фæсте размæ бакæсын хъæуы, цæмæй дзы йæ сусæг уарзон Фирузæты ном рауайа, уый тыххæй. Дык- каджы та, Фирузæтæй хас кæнынмæ ничи хъавы. Уæвгæ, уыцы къæхтæ галыл куы ’рзадаиккой, уæд дзы æнæхъæн хъæуы фаг хас рауадаид. Æрдæбонсарæй Агъуылбимæ рудзынгæй цы зымæгон нывтæ зынд, уыдон æваст атадысты æмæ сæ бæсты хурæфсæст райдзаст бон февзæрд. 460
Уыцы бон Фирузæты зæрдæ хас æрцагуырдта, æмæ йæ Млеты йæ гуыр- дзиаг æрдхорды хæдзары балæууын кодта. Агъуылбийы дзыхæй иу ныхас дæр нæ сирвæзт, фæлæ йæм уыцы боны амонды рухс бирæ рæстæджы кæй æрттивдзæн, уый йæ цæсгомыл зынди. Йæ цæстæнгас æрхæцыд æндæр дыууæ дзырдыл: «Айтег — «Кæф- хъуындар». Цы амонынц, уый агурæг сæры йæ хъуыдытæм джигул кæнынмæ февнæлдта. Уайтæккæ дæр æй райардта æмæ та æхсызгонæн сулæфыди. Айтегимæ кæнгæ æфсымæртæ загътой. Цæттæгæнæгæй йæм кусы. Журнал «Кæфхъуындар» йеддæмæ йын мацы радт. Кæрæй- кæронмæ йæ бакæсы. Æртæ мæйы балцы цыд æмæ Агъуылбийæн ныф- фæдзæхста, рафысс, дам-иу мын æй. Цы дзы ’нхъæл у, Хуыцау йæ зонæг! Кæд, мыййаг, хамасхортæ сæхи къæппæджы бахаугæйæ, куыд фæдарынц, уый бæстон сахуыр кæнынмæ хъавы. Уæллæй, кусджытæй ахæмтæ ис, æмæ дыууæ цæсты астæуæй фындз фелвасыныл дыууæ си- къунды дæр нæ бафæстиат уыдзысты. Афтæмæй ма сыл гуырысхо дæр исчи куы фæуид! Уæлдайдæр Айтегыл. Агъуылби уымæй тынгдæр йæ зæрдæ никæуыл дары. Тæккæ стырдæр хъуыддæгтæ йын йæ бæрны ба- кæны æмæ никуыма фæрæдыд. Дарддæр фæлдахы. Цыма цъæх æхсынцъыдоны къус анызта, уый хуы- зæн йæ цæсгом анцъылдтæ. Нырхæны мæйы иу æмæ ссæдзæм боны фы- стытæ йын йæ зæрдæйы судзинтæ тьыссынмæ фесты. «Хицау мæм дыууæ сахатмæ дзуры». «Æнæкъона дæ Хуыцау фæкæнæд,— ралгъыста Агъуылби,— кæд мын мæ бынат хъарм кæнын цæуыннæ уадзыс! Ахæм къуыри нæ вæййы, æмæ йын йæ къухы дæс туманы кæд нæ банымайын. Уæддæр ын бафсис нæй, йæ сæгъдзаст цæстытæ адæймаджы дзыппытæ фæлдахынмæ фæвæййынц». Цыма сæрсæфæны сæрты багæпп ласта, уыйау зæрдæриссæн фыстытæ фæсте аззадысты. Иннæ фыстытæм афтæ лæмбынæг нал кæсы. Поезды цæугæйæ фæндаг- гæрон телыхъæдтæ кæрæдзи фæдыл куыд тæхой, уый хуызæн иу фыст иннæйы ивта: «Дзегуыдæ — кримплен». «Бексолтан — царв», «Хъæрæ- би - худ...» «Адæймаг сæм мæстæй тонгæ нæ, фæлæ рæмудзгæ куыннæ акæны! — сдзырдта Агъуылби æмæ мæсты мидбылхудтæй былтæ цалдæртасты фес- ты. — Æмæ мæм цынæ хъуылдаджы тыххæй не ’рбадзурынц! Йæ комдзаг йæ хъуыры кæмæн нал фæцæуы, уый дæр æххуысмæ мæнмæ дзуры. Ды, дам, адæмимæ хорз цæрыс. Уæллæй, адæммæ дæр мæнæй цы хуынкъ арæзт ис, уырдыгæй сой куынæуал тæдзид, уæд æй афонмæ раджы сæхгæдтаиккой». Цыппурсы мæйы сыфты кæронмæ куы рахæццæ, уæд къæлиндар баиу кодта æмæ йæ иуфарс æрæвæрдта. «Цыфæндыйæ дæр рæстæг æгъатыр у,— сæры та аленк кодтой сагъæс- саг хъуыдытæ. Фæуæн дын ма уæд, афтæмæй, адæймагæн цы азтæ рад- тай, уыдон иу уысмы онг фæстæмæ байс! Ахсæв фæндараст цы азæн зæгъдзыстæм, уый фæстæмæ никуыуал раздæхдзæн. Стæй ма нæ алкæй цæрæнбон дæр афæдз къаддæр фæкæндзæн». 461
Дуары уынæр райхъуыст. Агъуылби къæсæргæрон йæ секретары ауыдта. — Дæ райсом хорз! — салам радта бæрзонд, нарæгастæу цъæхцæст чызг æмæ йæ мидбылты бахудгæйæ сдзырдта: — Хицау та дæу агуры. Тилифонæй, дам, афтæ бирæ кæимæ дзуры... Агъуылби йæ тилифонмæ дызæрдыггæнæджы каст бакодта. Йæ хæтæл раст æвæрд нæ уыд. — Хорз! Ныртæккæ йæм бадзурдзынæн,— загъта Агъуылби æмæ тили- фоны хæтæлмæ мæсты лæбурд фæкодта. 1975-1979 ТЪИБЫЛЫ ЦУАН -Абон мын уыцы арсы кой æнæбакæнгæ нæй,— загъта Тъибыл æмæ сарамæ бацыд. Уæлгоммæ фæлдæхт халамæрзæн систа, топпы хуызæн ыл фæхæцыд, кæдæмдæр дзы ныхъхъавыд, стæй «хæцæнгарз» йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, цы! — къулы ’нцой йæ æрæвæрдта æмæ фæстæмæ кæртмæ раздæхт. Йæ ус Сеска йæ тæккæ æфснайгæйæ уыд. Тыргътæ йын марзт фесты æмæ кæртмæ бавнæлдта. — Абон мын, зæгъын, уыцы арсы кой æнæбакæнгæ нæй,— дыккаг хатт загъта Тъибыл. Æрдæбон дæр Сескамæ дзырдта, фæлæ йæ ус нæ фехъуыста æмæ йæм, иуæй, хæстæгдæр бацыд, иннæмæй йæ хъæлæс фæбæрзонддæр. — Цавæр арсы? - йæ мæрзын фæуагъта Сеска, йæ уисойыл йæ уæз мæнг уагъд акодта æмæ иууылдæр хъус фестад. — Айфыццаг дæр ма дын æй куы дзырдтон. Уæлæ Тилыны обауы цур цы дынджыр хъæддаг кæрдобæлас ис, уый нæ зоныс? — Куыннæ йæ зонын!.. — Гъемæ та уымæн ацы аз йæ зайæн у. Æлæм никуы федтай! Дысон йæ бын хуыры хуызæн уыд. Абон райсом та мæ фæндаг ууылты акодтон æмæ, марадз-зæгъай, кæд ма дзы иу гагайыл дæр мæ цæст æрхæцыд. — Æмæ сæ кæд адæмæй исчи æруыгъта, уæд та?.. — Нæ, мæ хур акæнай! Æз æй зонын. Зæронд цуаноны нæ асай- дзынæ. Уыцы тъæпкъах дзы йæ фаджысæй дæр фæд ныууагъта, стæй йæ фистæй дæр. Æвæццæгæн æм, бынæй чи уыд, уыдон фаг нæ фæкастыс- ты æмæ хæрдмæ дæр сбырыди. Йæ хъуынæй къалиутыл цалдæр бын- дзыджы баззад. ...Куыддæр æрталынг, афтæ Тъибыл кæртæй рахызт. Куынничи йыл амбæла, уымæ бæллыдис æмæ йæ фæндон сæххæст. Суанг хъæугæронмæ куыдз йæ разæй фæтахт, стæй æрлæууыд. Æнхъæлдта, уыцы афон йæ хицау дæр дарддæр нал ацæудзæн, зæгъгæ, фæлæ фæрæдыд. Тъибылы цыд но- джы фæтагъддæр. Куыдз уæддæр йæ фарсмæ тæхыныл архайдта. Куыройы- донмæ куы бахæццæ сты, уæд мæйы бур-бурид чъири разынд. Лæг иуцасдæр фæныфсджындæр æмæ куыдзы дарддæр цæуын нал бауагъта. 462
Тъибыл йæ дæларм йæ кæрц тынгдæр æрбалхъывта, йе уæхск батылд- та, дыууæхстон ма йæ бынаты ис, нæ уый бæрæггæнæгау. Обаумæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ мæйы чъири мигъты фæстæ амбæхст æмæ йæ алы- варс æрталынг, фæлæ йын фæдзæгъæл уæвынæй тас нал уыд æмæ йæ ных комкоммæ къуыбырмæ сарæзта. Бæласы бынмæ бацæуыны агъоммæ цалдæр хатты схуыфыд, тæрсæн хъæртæ дæр фæкодта, кæд арс мæнæй фæраздæр ис, зæгъгæ. Обауы сæр æрлæууыд. Ноджы та мæйы цæст мигъты ’хсæн фæзынд, æмæ цалынмæ хуыздæр уыдта, уæдмæтагъд-тагъддæргъæй-дæргъмæ кæрц зыгъуыммæ фæфæлдæхта, йæхи дзы æрбатыхта æмæ бæласы бынмæ фæцæуæг. Иуцалдæр къахдзæфы ма йæ хъуыд, афтæ фæлæууыд. Йæ алыфæрстæм айхъуыста. Иу сыбыртт, иу уынæр куы никуыцæй цыд, уæд бæласмæ тагъд-тагъд къахдзæфтæй бараст. Дыууæхстон йе уæхскæй фелвæста, йæ босы йæ сæр фæцавта æмæ хæцæнгарз йæ фæсонтыл февзæрд. Бæласы бинаг къалиуыл фæхæцыд æмæ уæлæмæ бырыныл фæци. Цалынмæ, бæласы ставддæр къалиу кæм фæсаджил, уырдæм схæццæ, уæдмæ йæ бырынæй нæ банцад. Йæ лæф-лæф ссыд, йæ хид акалд. Иуцасдæр фæразил-базилы фæстæ йе змæлынæй банцад. — Гъеныр æй Хуыцау рауадзæд, æндæр нал аирвæздзæн,— йæхицæн ныхæстæ кæны Тъибыл. Йæ кæрцы фæдджитæ æрбамбырд кодта, йæ къæхтæ дзы амбæрзта, йæ сæр æфцæгготы аныгъуылд. Йæ дыууæхстон ын цыма исчи исынмæ хъавыд, уый хуызæн ыл ныддæвдæг æмæ æнхъæлмæ кæсын райдыдта. «Мæй куынæуыл аныгуылид,— хъуыдытæ кæны Тъибыл. — Куыддæр арс фæзына, афтæ йын хæрдмæ æнæскæсгæ нæй. Зыгъуыммæ фæлдæхт кæрцы йæхи хуызæн тъæпкъах фенхъæлдзæн æмæ бæласмæ бырынмæ фæуыдзæн. Куы мæм сцæйхæццæ уа, афтæ йын топп йæ тæккæ ныхыл банымайдзынæн...» Гæ-ра-х! Гæ-ра-х! Дуне ныццарыдта. Æнахуыр уынæр бæстæ йæ хъæлæсы ахаста. Тъибыл афтæ фидар цы топпыл хæцыд, уый æваст йæ къухтæй феуæгъд, æмæ æртыккаг гæрах дæр райхъуыст. — Æллæх, бабын дæн, чидæр мæ амардта!!! — Кæцы дæ уый? — чъылдымырдыгæй кæйдæр хъæлæс ацахстой Тъи- былы хъустæ. — Амардтай мæ, мауал фехс, мауал фехс, мауал фехс!.. — йæ дзыхы дзырд нал бадт, афтæмæй лæгъстæ систа Тъибыл. - Æз Тъибыл дæн, Тъибыл, кæрдзинаг. — Оу, дæ хæдзармæ дæ рардæуа, фыдджинаг дæ куы рауайа, уымæй та куыннæ тæрсыс?! Æмбисæхсæв дæ бæласмæ схизыныл цавæр хæйрæг ацардыдта? Хуыцау хорз, æмæ тæрсæн æхст фæкодтон, æндæр дæ хæдзар дæр нæ хæлд æмæ мæ хæдзар дæр нæ хæлдтай?! Тъибыл бæласы ставддæр цонгæн ахæм фидар хъæбыс ныккодта, æмæ йыл фæйнæрдæм æнæхъæн хъæды æрсытæ куы ахæцыдаиккой, уæддæр æй не суагътаид, фæлæ æхстытæ тæрсæн уыдысты, уый куы фехъуыста, уæд йæ къухты тыхт феуæгъддæр æмæ бынмæ бырынмæ фæци. 463
Куыд рабæрæг, афтæмæй топпæй чи фехста, уый дæр Тъибылы хуы- зæн арс марынмæ рацыд æмæ бæласы сæр арсæнгæс цыдæр ауынгæйæ дыууæ тæрсæн æхсты фæкодта. 1985 ТЫХБЕГАРА Хъæуы æндæр кой нал и: Алхæст Душанбейæ ссыд æмæ ус куры. Цыма йын йæ хæдзармæ æнæус кургæйæ цæуæн нал ис, уый хуызæн. Аххос- джын комкоммæ йæхи бинонтæ сты. Ныхас уыдонæй рацыд. Раздæр ын йæхицæн загътой, фæстæмæ, дам, дын иунæгæй ауадзæн нал ис. Стæй йæ хæстæджыты хъусы дæр бацагътой. Уыдон æй сæ зонгæтæн радзырд- той, æмæ хабар æгас хъæуыл дæр ахæлиу. Ацу, æмæ уый фæстæ уыдо- нимæ дзур!.. Бынтон диссаг та йæ мад Дзыллæ басгуыхт. Кæй йæм нæ баминæвар кодта, ахæм нал баззад. Ай Хуыцауы бæллæх нæу?! Ис, нæй, уæддæр, дам, ус ракур. Æмæ уæд Гульчехра та цы фæуа? Уый хуызæн рæсугъд чызгыл куы никуыма сæмбæлд. Алхæст иуæй-иу хатт йæ сусæгдзинæдтæ раргом кæнынмæ дæр рахъа- вы, фæлæ йæхиуыл ныххæцы. Йæ зæронд мады зæрдæхудты бацæуынмæ йæ ныфс нал бахæссы æмæ та йæ дарддæрмæ аргъæвы. Балцы куы цыд, уæд ын цытæ ныффæдзæхста, уыдон æй рох нæма сты. Æндæр адæмæй, дам, мын чындз ма фенын кæн. Афтæмæй та йæхи æфсымæрæн уырыс- сагус ис æмæ уымæй æппæлынæй фылдæр нæу. Нæ, Гульчехрайы тыххæй йын ныхас дæр нæма зæгъдзæн, кæд ын цытæ дзурдзæн, уыдон рагацау цæттæйæ лæууынц, уæддæр. Памиры хæхты уымæй хæрзконддæр чызг нæма райгуырд. Ноджы ма уымы цæрæг адæм ирæтгæм æппæты хæстæгдæр сты. Æвзагæй дæр, æгъдауæй дæр, бакастæй дæр. Ницы хуызы бауырндзысты Дзыллæйы уыцы ныхæстæ, æмæ Алхæст йæ сызгъæрин доны цы кала! Фæлтау уал сын сæ уайдзæфтæ ныхъуырдзæн. Уæдмæ кæд йæ цæуыны рæстæг дæр æрхæццæ уаид. Фæлæ цыма хъуыддаг цæхгæр алыг кæнынмæ хъавынц, афтæ йæм кæсын райдыдта, сæумæрайсом та йыл дзæгъæлы не ’рæмбырд сты. — Алхæст, хъуыддаг кæнын афон дын раджы уыди, — ныхас райдыдта йæ мадыфсымæр Бæбыдзæ. — Азæмæт дæуæй кæстæр у, фæлæ уымæн дæр, дæумæ кæсгæйæ, йæ азтæ фæцæуынц... Цал æмæ сын цал хатты загъта, æз никæй фæндагыл лæууын, æмæ мæн тыххæй мачи къуылымпы кæнæд, зæгъгæ! — Мæ хæрæфырт йæ хистæры разæй фæуа, ууыл та ыикуы сразы уыдзы- нæн,— дзырдта дарддæр Бæбыдзæ. — Сохъыр нæ дæ, къуылых дæр ~ афтæ. Дæ конд — конд, дæ уынд — уынд. Цæмæн хъуамæ æгады бынаты æрлæууай!.. Алхæст хъусы, йæ дзыхæй иу сыбыртт нæ хауы. — Æз дæуæн ныхæстæ кæнын, дæуæн, цы нын зæгъыс? — фарста цæхгæр æрæвæрдта Бæбыдзæ. 464
Адæм æм куы ’ркастысты, уæд лæппу ноджы тынгдæр ныфсæрмы. Æнæдзуапп ратгæ та йын уæвгæ нал уыд æмæ æрæджиау тыххæй-фыдæй сфæрæзта: — Никæй зонын, æмæ... Бæбыдзæйы æккойæ цыма стыр уаргъ æристæуыд, уыйау ын дзæвгар фенцондæр. — Тыхсгæ ма кæн, мæ хæрæфырт, хъæуы чызджытæ «мæн ракур, мæн ракур» куы кæнынц, уæд дзы иуы мах уæд та скъæфгæ акæндзыстæм... «Æнхъæлдæн, æмæ мæхи фесæфтон», — сæры аленк кодта тæссаг хъуыды. — Ацы хатт махмæ дæр байхъус. Нæ дæ фæрæдийын кæндзыстæм, — ноджы хъæлдзæгдæрхуызæй сдзырдта Бæбыдзæ. — Хъуамæ дын ме ’рдхор- ды чызджы дæ фыццаг скæнон. — Сæлизæтæн йæ иу рацыд дæр чызджы йаргъ у,— хæлæггæнаг улæфт ныккодта Дзыллæ. Бæбыдзæимæ ныхасгонд уыдысты æмæ йын ныр сæ хъуыды æргомæй загътой. Алхæстæн фездыхсæн куынæуал уыд, уæд æппынфæстаг Бæбыдзæимæ сразы. Хъуамæ сомизæр сæ минæвæрттæ Буцатæм барвитой. Алхæст сын бæргæ дзырдта, æнæ мæн уал бацæут, зæгъгæ, фæлæ йæм ничиуал байхъуыста. ...Фысымтæ мæлæты рæвдз уыдысты. Уайтагъд фынг ацæттæ кодтой. Алхæстæн дæр минæвæрттимæ бадгæ æрцыд. Сыхæгты лæппу йын йæ гра- фин йæ къухæй акъахта, уыцы хъуыддæгтæ дæумæ нæ хауынц, зæгъгæ. Хистæрæн хæдзары хицау йæхæдæг бадт. Фыццаг сидт фæкодтой Стыр Хуыцауы тыххæй. Уый фæстæ ссардтой Уастырджийы ном. Алхæсты кой дæр скодтой, бæлццон у æмæ йæ фæндæгтæ лæгъз куыд уой, уый тыххæй йын бакуывтой. Ныхас ныхасы къахта. Фыдæлты æрымысыдысты. Алхæсты хъуы- дытæ та æндæр кæмдæрты уыдысты. Мæсты кодта Сæлизæтмæ. Йæхи- нымæр æм хæцыди, афтæ тагъд кæй айрæзт, уый тыххæй. Астæуккаг Азимæ куы цыд, уæддæр ма хæрзчысыл уыди, тута бæласы сæрæй йæм хъæр кодта, къафеттæ мын-иу слас, зæгъгæ. Ныр æм ничи кæсы!.. Нæ, исты æрхъуыды кæнын хъæуы, кæннод Буца дæр мæлæты лæгъз æвзагæй дзуры, æмæ сын Гульчехраимæ сæ фæндтæ халдзысты. Ныхасы бар æрхауд Бæбыдзæмæ: — Гаджидæуттæ ардыгæй райсоммæ дæр уадздзыстæм, Буца, фæлæ мæ фæнды, не ’рбацыды сæр куы схъæр кæниккам, уый. Алхæст хъуыддаг бамбæрста æмæ тамако дымын æфсон йæхи тыргътæм райста. Сæры алыхуызон хъуыдытæ кæрæдзи ивтой. Бапъирозы фæздæг мидæмæ зыдæй улæфыд, фæлæ йын уый дæр ницуал æххуыс кодта. Афтæ йæм каст, цыма йын æппæты карздæр тæрхон рахæсдзысты æмæ ныртæккæ куы ницы æрхъуыды кæна, уæд ын срастгæнæн нал уыдзæн. Дуары уынæр фæцыд. Алхæст тыргъты кæрон æрбацæйцæугæ ауыдта Сæлизæты. Йæ цурмæ куы ’рбахæццæ, уæд йæ цыд фæсабырдæр. Ал- 30 Дзасохты М. 465
хæсты сæры диссаджы хъуыды февзæрд. Йæ фæндагыл æрлæууыд æмæ йæ фæрсы: — Цæй, куыд, фæнды дæ? Чызг иуцасдæр хъусæй алæууыд, стæй ныллæг хъæлæсæй дзуапп радта: — Нæгъа! — Мæн дæр бæргæ нæ фæнды, уæлæ мæ нæхимæ нал уадзынц, æндæр... Сæлизæтлæппуйы ныхæстæм кæронмæ дæр нал байхъуыста, афтæмæй тæргайхуызæй хæдзары фæмидæг... 1973 ГÆРТАМ Аслæмбегæн ацы фæндагыл къуыри иу хатт уæддæр æнæацæугæ нæй. Уыимæ дæр машинæйыл. Фистæгæй куы уаид, уæд æй Дзипкайы сæр бæргæ никуы бахъæуид, фæлæ шофыр у æмæ йæ фæндагмæ цæстдарджытæм йæхи цæст дæр дарын хъæуы, кæннод дæм дзы чи кæцыран йæ къах фæдардзæн, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. Уæлдайдæр та Дзипка. Адæймаг дзы йæ сæрæн нал у. Машинæйæн йæ цыппæртæ баиу уæнт, ома йæ рохтæ йын йæ бар ауадз, æндæр дæ тæккæ хъуыры абаддзæн æмæ дын цалынмæ дæ «хъихъхъ» фехъуса, уæдмæ йæхицæн æнцойдзинад нæ саккаг кæндзæн. Дæ «хъихъхъ» айхъусгæйæ та уайтагъд къæссавæлдæхт фæвæййы. Мæнæ афтæ нæ фæдзурынц æхца тæф нæ кæны, зæгъгæ. Уæллæй, ахæм тæф кæны, æмæ йæ иуæй-иу хагг Дзипкайы æмбудæнтæ цалдæр километрмæ дæр банкъарынц. Ацал-ауал азы дзы Аслæмбег йæ сæрæн нал у. Йæ машинæ йын бон йæ фæздæгæй базоны, æхсæв — йæ уынæрæй. Уæдæ йын алы фембæлды дæр фондз кæнæ та, æппынкъаддæр, æртæ сомы йæ дзыппы ма атъысса, уый гæнæн нæй. «Хъихъхъ» дæр уый хоны. Куыддæр уыцы уынæр сфæразы, афтæ та йæ дзыпп фæрогдæр вæййы, уый хыгъд Дзипкайы дзыппы уæзыл та æфтгæ бакæны. Фæлæ цыма ныр рæстæджытæ аивтой, Аслæмбегмæ афтæ кæсын рай- дыдта. Цæмæн, уый йæхи йеддæмæ ничима зоны. Стæй йæ зæгъынмæ дæр никæмæн ма хъавы. Уадз æмæ адæмы хъустыл æнæнхъæлæджы æрцæуа. Афтæмæй цæсты тынгдæр сахаддзæн. Ехх, анассыны, зæгъгæ! Ныронг йæхæдæг йæхи рохтыл æрбахæцын куынникуы бафæрæзта! Афонмæ Дзипкайæ йæ маст цал æмæ цал хатгы райстаид! Уæвгæ ницы кæны! Ирон хæс райсынæн æрæджы никуы у. Ныр дæр йæ тыппыртæ равдæлон кæнын базондзæн. Цас стырдæр уаргъæй фервæзай, уыйас арфдæрæй ныуулæфдзынæ, дæ астæу æхсызгондæрæй стасын кæндзынæ... Згъоры Аслæмбеджы машинæ лæгъз фæндагыл. Згъоры, ныронг куыд никуыма уыди, афтæ тагъд. Æрыдоны фале, цыппар фæндаджы кæм баиу вæййынц, уырдæм ныххæццæйыл йæ быцъынæг тоны. Амæй размæ 466
та-иу уыцы фæсаджилгæнæнæй йæ мæрдты удхæссæг уыдта. Уæвгæ дзы йæ зæрдæ дæр куыд радаид, кæд æмæ дзы æппынæдзух дæр уыдта Дзип- кайы рæсыд цæсгом. Йæ цæстытæ, Дзибисы загъдау, хамуты рудты хуызæн. Агуывзæйы сæстытæ æмæ дзы бæгæныйы кæлдтытæ кæсы. Цыма адæймаджы рыст бамбарынхъом никуы уыдысты, тæригъæд сæм никуы бахъардта, хатыр цы у, уый нæ зонынц... Адæммæ уыцы æнæрвæссонæй кæсынц. Сæхи цур алкæй дæр хæсджы- ныл нымайынц. Исчи сæ иуфæрсты куы аивгъуыйа, уымæй тынгдæр ницæмæй тæрсынц æмæ цыппар фæндагыл фæдисæй уымæн дзагъултæ кæнынц. Аслæмбег сæ рæзты куыннæ æривгъуыйдзæн!.. Дардмæ та йæ ауыдтой æмæ Дзипкайы рахиз къухыл хæрдмæ схæцыдысты. Машинæйы цыд фæсабырдæр. Чи зоны, æнæ шофырæй куы ’рцæйцæуид, уæддæр Дзип- кайы рæзты аивгъуыйын йæ цæсгом нæ бахъæцид. Æнæмæнг æрлæууид. Сахуыр афон ын нæу ацал-ауал азы?! Аслæмбег фæндаггæрон æрурæдта. Дзипкайы размæ уыцы хъæлдзæг- хуызæй бауад. — Амондджын бон райдай кусын! — арфæ йын ракодта Аслæмбег, цыма йын отпускæй кæй æрбаздæхт, уый афтæ æхсызгон уыд, уый хуызæн. Дзипка йæхи нæхъусæг скодта. Дыууæ цæсты та рахиз къухыл хæрдмæ схæцыдысты æмæ, Кæрдзыны ’рдыгæй цы машинæ сцæйцыд, уый æрлæу- уын кодта. Ацы хатт цæмæдæр гæсгæ машинæмæ йæхæдæг фæраздæр. Аслæмбег иунæгæй аззад. Тыхсгæ ма кæн, æмбал автоинспектор, ды дæ дынджыр хытьын денджызы был хурмæ куы тавтай, уæд а лæппу дæр æнцад нæ бадт. Цæрæнбонты йæ былыцъæрттæ кæмæ хордта, фæлæ йæ къух нырма ныр кæмæ баххæст, уыцы хъуыддаг саразын ын бантыст. — Кæдæм рафæдис дæ? — уыцы æнæбарыгомау базмæлыдысты фæндагмæ кæсæджы былтæ. Аслæмбеджы хъуыдытæ æрдæгыл фескъуыдысты. — Æви та «цъæх бæхыл» бадыс? — дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй сдзырдта Дзипка. — Хуыппы хъæстæ дæр нæ дæн!.. — А-ба-бау! Дæ дзыхæй йæ уæлдæр дæр æмæ дæлдæр дæр нæ исыс!.. Шофыр йæхи хæстæгдæр байста Дзипкамæ æмæ йын йæ рахиз дзыппы йæ къух атъыста. Автоинспектор Аслæмбегмæ цæстæй ацамыдта, дæ фæндаг дар, зæгъгæ, æмæ фæндаджы иннæ фарсмæ фæцæуæг. Рацыд иудзæвгар рæстæг. Цымыдисдзинад тыхджын у. Æрдæбонсарæй дæр æй йæ дзыпмæ нывналын рох бæргæ нæ уыд, фæлæ йын фадат нæма фæци. Æмæ мæнæ машинæ зынæг нал ис. Йæ дзыпп асгæрста. «Мæлæты дзæбæх къæр-къæр нæ кæны,— йæхинымæр хъуыдытыл фæци Дзипка. — Фæсотпуск ахæм æхцайы уынæр уæлдай æхсызгондæр вæййы...» — Ай та цы у? — цыппæрдигъон тыхт урс-урсид гæххæтт фелвасгæйæ хъæрæй сдзырдта Дзипка. Ногæй та йæ дзыпмæ нывнæлдта, фæлæ дзы ницæуылуал фæхæст. Гæххæтт райхæлдта, кæд йæ мидæг исты ис, зæгъгæ, фæлæ та уым дæр 467
ницы. Æрæджиау ын йæ фыстытæм фæкомкоммæ. Цæстытыл æй тагъд- тагъд ахаста: «Фучъи дæ нæ хъæуы? Кæд дæ нæ хъæуы, уæддæр ын æнæрайсгæ нал ис, уымæн æмæ æз мæ нозт ныууагътон. Дыккаг мæй. Æнусы бонмæ уый мæ дзыхы нал уыдзæн! Арахъхъы тæф мæ-иу кæй цыди, гæртæмттæ дæр дын уый тыххæй фыстон. Æмæ ма дыьГмæнæ мæ фæстаг гæртам! Саламтимæ Аслæмбег». Фысты кæрон амонæн æмæ астæуккаг æнгуылдзы æхсæн фидар æлвæстæй йæ сæр радардта хистæр æнгуылдз... 1973 ХУЫППДÆРНАЛ! Цыцыри æмæ Гуыцыри хъæуккæгтæ сты. Иу сыхы, мыййаг, не схъо- мыл сты^ фæлæ сыхæгтæй æнгомдæр цæрынц, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд фæрæдидзыстæм, уымæн æмæ сыхæгтæй бирæ æнгомдæр цæрынц. Иу хæдон дæр сын уæрæх у, кæрæдзиуыл æрхъæцмæ нæ хъæцынц, айк дыууæ дихы кæнынц. Æмæ, куы зæгъын: сыхæгтæ дæр ма куы уаиккой. Иу дзы хъæуы тæккæ бын цæры, далæ раздæр Абыкуыры куырой кæм уыд, уымæй чысыл ацырдæмдæр. Уый — Гуыцыри. Цыцырийы хæдзар та Куыройыдонмæ æввахс ис, мæнæ-иу раздæр колхозы æхсыртæ заводмæ аласыны размæ, цæмæй ма сæнхъизой, уый тыххæй уазалмæ цы малы ауагътой, уый аком- коммæ, уый та хъæуы астæумæ хæстæгдæр у. Цыцыри кæд дæрддзæфгомау цæры, уæддæр фембæлдмæ раздæр фæзы- ны. Сæ фембæлд та вæййы бичетгы. Сымахæй, æвæццæгæн, бичетт цы у, уый зонгæ нæ, фæлæ хъусгæ дæр никуы ничи фæкодта, мах хъæуы та йæ амонын никæмæн хъæуы, уымæн æмæ алы сыхæн дæр йæхи бичетт ис. Бичетт у рагон ныхасы хуызæн. Фылдæр рæтгы æрбынат кодта, цып- пар фæндаджы кæм баиу вæййынц, уым. Зиуæй сагъд бæлæсты æхсæн даргъ фæйнæджы лыггæгтæй бандæттæ сарæзтой, йæ астæумæ йын сы- джыт æрбаластой, обаугонд дзы рауад, æмæ уый хуыйны бичетт. Кæцы- фæнды сыхы нæлгоймæгтæн дæр у сæ уарзондæр бынат, фæлæ йæ æппæты фылдæр Цыцыри æмæ Гуыцыри кæй уарзынц, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ афтæмæй дæр бæрæг у. Æмæ уын уый дзырдтон... Гуыцыри кæд хъæуы бын цæры, уæддæр бичетмæ Цыцырийæ раздæр фæзыны. Мæнæ та ныр дæр æхсæвыцъæхæй схæццæ, къуыбырыл слæууыд æмæ Цыцыриты кулдуарæй йæ цæст нал исы. Цыма хуры тынтæ уырдыгæй скæсдзысты, уый хуызæн æнхъæлмæ кæсы. Йæ дыккагтамако фыццаджы зынгæй ссыгъта, уæддæр йе ’рдхорд зынæг нæма ис. Уалынмæ Цыцыриты куыдзы рæйын ссыд. Гуыцыри фестьæлфыд. Йæ цæстæнгас кулдуарæй атыдта æмæ цыма йæ хъаймæты æфсымæры хæдзар арæзт у æви аразинаг у, уый дæр нæ зоны, уый хуызæн йæхи акодта. 468
Кулдуары уынæр райхъуыст. Цыцырийы хуыфын ссыд. «Райдыдта та,— сдзырдта йæхинымæр Гуыцыри. — Ныр æй ардыгæй изæрмæ уромæг уро- мын нал фæраздзæн». Кулдуар байгом. Фыццаг дзы куыдз расæррæтт ласта, уый фæстæ фæзынд йæ хицау. Цыма Гуыцырийы уынгæ дæр нæ кæны, уый хуызæн йæ тамакойыл арт бандзæрста. Йæ сæрмæ фæздæджы къуыбылæйттæ тулгæ сфардæг сты. Иудзæвгар фæхуыфыд, стæй бичетгы ’рдæм араст. Гуыцыриимæ кæрæдзиуыл ницы уыйас баузæлдысты. Цыма сæ дзу- ринæгтæ раджы конд фесты, сæ кæрæдзийы хъуыдытæ та чиныджы фыс- тау - каст, уыйау дзы иуцасдæр ныхас никæйуал дзыхæй сирвæзт. Цы- цыри кæд йæ сигарет раздæр ссыгъта, уæддæр æй Гуыцыриимæ иумæ аппæрста. Цыцыримæ хуыфын уыйас нæ цыди, фæлæ уæддæр æфсоны хуыфт скæныны фæстæ Гуыцыримæ дзуры: — Дæ цæстытæй та агуывзæтæ кæрæдзийы хуылфы æвæрдæй куы зы- нынц... Гуыцырийы былтæ зынæрвæссон зылын фесты æмæ æхситгæнæгау раулæфгæйæ дзуапп радта: — Сæтги, дам, Бæтгийыл худти... — Сæтти Бæтгийыл нæ худти, фæлæ Цыцыри Гуыцырийæн рæстытæ дзырдта,— хæбæцц æм фæлæууыд Цыцыри. — Мæнмæ дæ рæстытæ куыд никæцæй зынынц, уый куы зонис... — йæ цæсгомы æнцъылдтæ дыууæ хатты фæфылдæр кæнгæйæ тыхстхуызæй сдзырдта Гуыцыри. — Уæдæ дæм ацы хатт тынгдæр цы зыны? — хин фарст æй акодта Цы- цыри. — Зынгæ мæм ницы кæны, фæлæ мæм куы разынид, уый мæ фæнды,— чысыл фæхъæлдзæгдæр Гуыцыри. — Уæд нæ дысон бæрц зонын хъуыд... — Стæй дæ хуызæн хъуджы лыгъд ракæнын... - фæцарæхст Гуыцыри. — Дæумæ гæсгæ, Бирæгъты фынгыл чи фæбады, уый æнæмæнг сыр- ды лæбурд фæкæны, мæтыхы бæрц фæхæры, теуайы бæрц фæнуазы? — Дæ зондджын ныхæстæм та бахæццæ дæ, мæнæн мæ сæр тьæппытæ хауы, уый та дæм мелæй фыст дæр никуы у,- йæ цæсгомы æнцъылдтыл та бафтыди Гуыцырийæн. — Уæдæ цы дæ зæрды ис? — цыма æппындæр ницы æмбары, уыйау æй афарста Цыцыри. — Фæйнæ кæм баназæм?.. — фæлмæн хъæлæсæй фарстæн фарстæй дзуапп радта Гуыцыри. — Ацы хъæуы абон æртæ чъирийы нæ, фæлæ дыууæ чъирийы дæр никæмæ зонын. — Уæд та Бирæгъты ’рдæм нæхи ныйисиккам? - ноджы фæфæлмæндæр Гуыцыри. — Бирæгътæ нæ, фæлæ кæд Æрсойтæм цæуыс, уæддæр дын мæнæй æмбал нæй... — Æз знон дæ фæдыл куы ацыдтæн, уæд ды абон мæ фæдыл цæуыннæ цæуыс? 469
— Цæуыннæ куы зæгъай, уæд æртæ хъуыддаджы тыххæй! Фыццаджы- дæр, знон Бирæгътæм авдæнбæттæн уыд, абон та сæм нæй. Дыккаджы сæм, знон хуынд уыдтæн, абон — нæ дæн. Æртыккаджы та — æз дæуимæ иу къахдзæф дæр никæдæмуал акæндзынæн! — Цæуыннæ? — Дæ усы дзых нæ бæззы, æмæ уымæн. — Цы дын кодга? — Алывыд мын акаддта. Гуыцырийы, дам, фехæлдтай. Нозтыл, дам, æй фæцахуыр кодтай. Цыма дæ ахуыр кæнын хъуыд?! Хуымæтæджы æртхъирæнтæ мæм бакодта! — Сылгоймаджы ныхæстæ! — йæ къух ауыгъта Цыцыри. — Тагъд, дам, дæуæй уый йæ нозт ныууадздзæн æмæ, дам, рагацау дæхицæн æмбал бацагур,— йæ ныхас дарддæр кодта Цыцыри. — Æмæ йын ды цы загътай? — фæхъæлдзæгдæр Гуыцыри. — Дæудыххæй æви мæхи тыххæй? — Мæн тыххæй дæр æмæ дæхи тыххæй дæр. — Мæхи тыххæй — ницы, фæлæ йын дæу тыххæй афтæ загътон, æз, зæгъын, цы Гуыцырийы зонын, уый нозт никуы ныууадздзæн, стæй æз цы нозт зонын, уый та Гуыцырийы никуы ныууадздзæн. — Ахæм ныхæстæ куы кæнис, уæд та дæм чи хæцид?! — йæ мидбылты бахудт Гуыцыри. — Уæллæй, нæхи Сасилойы загъдау, ацы нозт куыд æвзæр хонынц, афтæ æвзæр нæу. Афтæ æвзæр цæуыннæ у, уый та дын мæхи загъдау зæгъон? — Дæ хорзæхæй,— æнæбары сразы Цыцыри, — кæд дæ зондджын ны- хас æнæнхъæлæджы уæддæр сирвæзид. ~ Хуыцауæй дын ард хæрын, ацы нозт куы нæ уаид, уæд мæ мæ судзгæ фыдтæ уысмы бæрц дæр никуы æрбайрох уаиккой. — Уагæры дæм цавæр судзгæ фыдтæ ис, Гуыцырыхъо? — Мæ усы хуызæн усимæ мæ хуызæн лæг нæ, фæлæ дæс хатты хуыздæр лæг дæр нæ фæцæрид!.. — Æх-ха, уæдæ! Цæмæй та нал бæззы Къуымæллæгон? — Фыццаджыдæр, — йæ галиу къухы кæстæр æнгуылдз армытьæпæнмæ æрбайвазгæйæ, сдзырдта Гуыцыри,— истæмæн куы бæззыдаид, уæд Ка- лачы йæ аккаг къабайаг разындаид. — Уымæй раст нæ дæ. Калачы къабайаг Пухоны аккаг нæ разынд Къуы- мæллæгоны нæ фæлæ. — Дыккаджы та,- æнæном æнгуылдз кæстæры фарсмæ авæргæйæ дарддæр нымадта Гуыцыри,— бæндæныл кафджытæй у. — Уымæй дæр рæдийыс,- йæ хъуыры абадт Цыцыри. - Бæндæныл кафджытæ Кокайты хуыдтой. — Æртыккаджы та, — астæуккаг æнгуылдз февзæрд иннæты фарсмæ, — йæ хотæ сæ синысæр хъаматæ хастой. — Арахъы боцкъайы дæ цæстыты дзаг дысон ракастæ, дæ сæр-дæ фат та абон нал æмбарыс! Хъамаджынтæ Хæдарцонты хуыдтой, кæд дын дæ дынджыр корто нæ ралыгчынди, уæд! Стæй ды цы хабæртты кой кæныс, уыдон кæд æмæ кæд уыдысты! Ноджы ма раст дæр куы уыдаиккой!.. 470
— Уæдæ, зæгъыс, иуæй, раджы уыдысты, иннæмæй, мæнг. — Æнæмæнг афтæ! — Гъемæ хорз! Демæ разы дæн, фæлæ ма дын мæ къæбæргæнæджы аиппытæй иуы тыххæй æнæзæгъгæ нæй. Уый дæр ма дæм раст куы нæ фæкæса, уæд абонæй фæстæмæ ды — дæхицæн, æз — мæхицæн. — 0 хуыцæутты Хуыцау, зылын æй фæкæн, кæд дзы афтæмæй уæддæр фервæзин! Дзур, дæумæ хъусын... — Истæмæн куы бæззыдаид, уæд мæнæн нæ бакуымдтаид... — Кæмæндæр йæ сины саст куыд фæрæстмæ, уыйау ды дæр мысан æнæнхъæлæджы акъуырдтай. Гæды лæг гæды ныхас зæгъæд: ацы хатг дæ ныхмæ сыпп скæнынхъом нал дæн, афтæмæй та мæ, куы фæрæдыдаис, уый нырæй тынгдæр никуы фæндыд. Утæппæт усгурты астæу дæу чи рав- зæрста, уый æцæгæйдæр зондджын рахонæн ницы хуызы ис!.. Уæвгæ æз зондджын мæхæдæг дæр нæ дæн.— Цыцыри йæ дзурынæй фенцад æмæ хъуыдытыл фæци. — Дзур, дзур. Ныртæккæйы хуызæн лæмбынæг дæм никуыма хъуыс- тон. Зондджын цæуыннæ дæ, загътай? — Уæлæ уыцы цъæх арвы бын, мæнæ ацы сау зæххыл адæмы арæхæй дæу мæхицæн æрдхордæн кæй равзæрстон, уый, зæгъыс, æмæ мæ зон- дыл дзурæг у?! — Дæ тæккæ хынджылæг скъæрынмæ та бахæццæ дæ! — Хорз, æз ницыуал дзурын. Æрмæст мын цыма дæ судзгæ фыдтæ кæронмæ нымад нæма фæдæ... — Уæллæй, нæма фæдæн. — Хуыцау та мæ дæумæ хъусыныл скодта. — Айфыццаг æй мæ бинойнагæн дæр бакой кодтон. Уæллæй, зæгъын, ацы нозт мын мæ судзгæ фыдтæ æрбайрох кæнын кæны. Æмæ мын цы загъта, уый зоныс? — Нæ зонын. — Куы йæ базонис, уый дæр дæ нæ фæнды? — Фæнды. — Дæуæй, дам, дæ судзгæ фыдтæ куы ферох вæййынц, мæнæн та, дам, мæ зæрдыл раст уæд æрлæууынц. — Æмæ дын афтæ цæмæн загъта, уый зоныс? — Нæ-а! — Адæмы нæ фæзмыс æмæ уымæн. — Цæмæй сæ нæ фæзмын? — Адæм фынгыл куы ’рбадынц, уæд фæнуазынц, цæйбæрц сæм фæцæуы, уыйбæрц,— йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдз арвмæ фæца- разгæйæ, сдзырдта Цыцыри. ~ Æз та? — Ды та, цæйбæрц дæ фæцæуы, уыйбæрц. — Æндæр ма цы? — Ноджыдæр ма дæ хъæуы? Табуафси! — Дзых дзурынæн у, æмæ дзур,— мæсты мидбылты бахудгæйæ сдзырдта Гуыцыри. 471
— Дзых канд дзурынæн нæу, фæлæ ма у хъæнтæ хурмæ хæссынæн дæр. — Ы, цавæр хъæн ма дæ ферох? — Иннæ адæм æмæ ма дæу æхсæн ноджъщæр цы хъауджыдæрдзинад ис, уый дын загъон? — Ма йæ зæгъ дын куы зæгъон, уæддæр мæм нæ байхъусдзынæ, фæл- тау — зæгъ. — Дæ хъуыддаг раст! Æгайтма йæ æмбарыс. Адæм фæнуазынц, сæ бон цас вæййы, уыйбæрц, ды та, цас дзы вæййы, уыйбæрц, — æмæ йæхи ныхæстыл худынмæ фæци. — Худгæ та цæуыл кæныс? — Ныртæккæ йæ бамбардзынæ,- йæ цæстысыгтæ сæрфгæйæ сдзырдта Цыцыри. ~ Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдтон, уый нæма фехъуыстай? Нæма фехъуыстай! Ныртæккæ дын дзы иуцалдæр куы бакæсон, уæд мæм æндæрхуызон цæстæй ракæсдзынæ. — Мард, дам, æхснырсгæ нæ кæны... — Хъус, хъус, стæй æхснырсын кæй бахъæудзæн, уый кæстæртæ фен- дзысты. — Ы, дæ хорзæхæй. Æрмæст дæ зæрдыл дар, дæ карæнæй ахæм куыстмæ чи бавналы, уыдон кæрон цæмæ ’рцæуы, уый!.. — Æппындæр ма тыхсгæ ма кæ! Фæлтау байхъус æмæ дæ сурæт дæ цæстытыл ауайа. — Цыцыри йæ риуы дзыппæй гæххæтг систа æмæ кæсын райдыдта: — Æнæ нозтæй кæны йæ комдзаг маст ад, Зыд гуыбынимæ зонд хæцынæй бастад. Бæргæ ма уаид амондæн æрцахсæн, Фæлæ, дам, сæры аныхъуырдта ахсæн. — Кæд дæхи сурæт у, уæд та? — Мæхиуыл дæр нæ бацауæрстон, — сдзырдта Цыцыри æмæ йæ риуы иннæ дзыппы йæ къух фæцавта. - Мæнæ адон та мæхиуыл ныффыс- тон, — æмæ цыппар дыдагъы тыхт гæххæтг халынмæ фæци. ~ Æнхъæлдæн æмæ дæ сæры зонд цæуын райдыдта!.. — Уымæй ницы мæнг зæгъыс, - хъæлдзæгæй дзуапп радта Цыцыри. - Мæ сæры збнд цæуын райдыдта æмæ мæм мæнæ ахæм хъуыдытæ дæр уымæн æрцыд. Байхъус та-ма: Хорз адæймаг нозтæй никуы вæййы разы, Фесты йын цæстысындз, худинаджы хос: Хорз лæджы æвзæрæй авæры нæ разы, Афтæмæй æвзæрæй никуы скæны хорз. — Уæллæй, ды иу хатг мæ бæрц куы баназис, уæд, æвзæр æмæ хорз цы у, уый дыккаг бон нæ, фæлæ дыккаг аз дæр нал равзарис... — Уымæй, чи зоны, æмæ раст зæгъыс, фæлæ уæддæр ды мæнæй фæра- зондæр нæ дæ. -Дæн! 472
— Нæ дæ! Ды цасфæнды куы баназыс, уæддæр дæ æз ме ’ккой дæ хæдзармæ бахæссын бафæразын. Уæлдайдæр дын фæстаг рæстæг æппындæр нал тайы. Нал дын бæззы æмæ йæ куы ныууадзис, уæд бирæ хуыздæр уаид. — Уый мын бæргæ бæззы, фæлæ йын æз нал бæззын. ~ Уæуу, дæ хъуыддаг та мын раст æрбауа! — йæ къухтæ фæйнæрдæм аппæрста Цыцыри. — Æмæ бæзгæ та кæд кæмæн кодта?! Цæрæнбонты йæ тыххæй нæхиуыл ныхасæм æмæ нæ никуы никæуыл ма баныхæсти. — Цыма ныронджы хуызæн нал уыдзæн, цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ кæсы,— фенкъард Гуыцыри. — «Цæмæдæр гæсгæ» нæ, фæлæ æцæгæйдæр афтæ уыдзæн. Нозты ныхмæ ацы хатты хуызæн хъæддых никуыма æрлæууыдысты. — Иуырдæм акъахдзæфгæнæн дæр нал ис,— цыма хъуыддæгтæ Цыцы- рийæ аразгæ уыдысты, уыйау Гуыцыри хъæстытæ кæнынмæ фæци. — Лæг ма-иу куысты йæ мондæгтæ суагъта. Ныр уым дæр адæймаджы размæ къæдзæхау æрлæууыдысты. Иннæ ахæм, уынджы. Æдæрсгæйæ нал ацæу- дзынæ. Ныронг æртхъирæнтæ кодтой, ныр та хъуыддагмæ рахызтысты. Кæм иварæй æвзидынц, кæм — фатеры радæй фæхауынæй, кæм — отпус- чы сæрды нал ацæудзынæй, кæм — æртындæсæм мызд нал райсынæй... Æмæ цæмæй нæ цæвынц адæймаджы?! — Уыдон цæфтæ не сты, фæлæ адæймаджы раст фæндагыл аразыны мадзæлттæ. — Ау æмæ ма уæд уыцы нозт хъуыды та цæмæн æркодтой? — Хъуыды йæ цæмæн æркодтой, уый нæ зонын, фæлæ йын йæ мыггаг сыскъуыныныл цæмæн ныллæууыдысты, уый хорз æмбарын. — Тæккæ дысон дæр ма бынтон æндæр зондыл хæст куы уыдтæ? — Ма зæгъ, Цыцыри. Райдайæн цæмæн вæййы, уымæн кæрон дæр вæййы æмæ, мæнмæ гæсгæ, махæн дæр нæ худинаджы цардæн кæрон скæнын хъæуы. — Иу ныхасæй, ног фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ акæнын дæ зæр- ды ис? ~ Уæллæй, ис. Цæрæнбонты цы банызтон, уый мын хæлар фæуæд, ардыгæй фæстæмæ та æндæр зондыл ныххæцыдтæн: Арахъхъ уыд мæ фыдты фыд, æдзух мæ Тардта былмæ фыдбылызы нозт. Нуазæн ма куы сисон æз мæ къухмæ, Уæд мæ сæр æрцæуæд дуртæй хост. Гуыцыри хъуыдыты аныгъуылд. Иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыны фæстæ сдзырдта: . — Мæ зæрдæмæ фæцыд. — Æмдзæвгæ æви, нозтыл мæ къух сисынмæ кæй хъавын, уый? — Дыууæ дæр. — Æмæ дæм цы фæнд ис? Æви мæнимæ ахæцынмæ дæ ныфс нæ хæссыс? — Хъуыддаг сæ тæккæ æнцонтæй нæу, фæлæ йæ кæнын, æвæццæгæн, бахъæудзæн... 473
Гуыцырийы чъылдым Æрджынарæджы ’рдæм здæхт уыд æмæ, йæ фæстæ цытæ цыд, уый нæ уыдта, фæлæ йæ Цыцыри кæй нал хъусы, уый бафиппайдта æмæ йе уæхсчы сæрты ракаст. Сыхæгты лæппу сцæйтахт. Лæф-лæфгæнгæ сæ цуры алæууыд. — Исчи дæ расырдта? — фæрсы йæ Цыцыри. Лæппу, йæ къухы цы тыхтон уыд, уый Гуыцыримæ дæтгæйæ сдзырдта: — Гъа! — Цы у? — Арахъхъ. — Кæм уыди? — Адæбе дын æй сæрвыста. — Кæй Адæбе? — Бирæгъты. Цыцыри иннæрдæм азылд æмæ йæхицæн дзурæгау загъта: «О, бирæгътæ дын дæ сæр куыд бахордтой, цы лæг дæ!..» Гуыцыри иуцасдæр сагъдауæй аззад, стæй тыхтон райста æмæ лæппумæ дзуры: — Цу æмæ йæ фæстæмæ ахæсс, Адæбейы хуын бирæ уæд, фæлæ, зæгъ, мæнæй уый абонæй фæстæмæ арахъхъ нал нуазы! — Исты дæ куы рауайа, уымæй тæрсын райдыдтон,— сдзырдта Цыцы- ри лæппуйы ацыды фæстæ æмæ, Гуыцырийы йæ дыууæ уæхскæй ныу- уыгъта, — æз та ма дын, мæнмæ уал бакæс æмæ мæ бафæзм, зæгъгæ, фæдзæхсинаг уыдтæн, афтæмæй та дæхæдæг æнæхъæн лæг дæ! — Ахсæн скъæт у, скъæты цы кæнай, уый та адæймагæн йæхицæй аразгæ у. Искæуыл мæ хъару ма цæуæд, фæлæ мæхиуыл дæр нæ цæуы?! Уæдæ æз лæджы фырт ма фæхуыйнон, нозты хурхыл куы нæ бахæцон!.. — Лæг дæ æмæ лæджы ныхæстæ кæныс! — йе уæхск ын æрцавта Цыцы- ри æмæ æмхуызонæй базарыдысты: Нозтыл хъоды бакодтам æнусмæ, Систам ыл цæрæнбоитæм нæ къух. Ныр цæудзыстæм сау мылазæй рухсмæ, Афтæ уыдзæн абонау æдзух. 1985
МИНИАТЮРÆТÆ ХЪÆБУЛТЫ МÆТ Æхсæрджыны цы балбæлас æрзад, уымæн кæд йæ ном хъæддаг хуыйны, уæддæр æй йæхи хуызæн балбæлæстимæ цæрын фæнды, зайгæ та тæрс æмæ фатхъæдты æхсæн æркодта. Æппæты фыццаг зæххæй йæ сæр куы сдардта, уæд куыннæ бацин кодтаид йæ алыфарс дунейыл, уæ- лдайдæр худгæ хурзæрин æмæ æнæкæрон цъæх арвыл. Уыдоныл цин кæнынæй куы бафсæст, уæд йæ сыхæгтыл афæлгæсыд æмæ дзы йæхицæй ныллæгдæрыл йæ цæст куы не ’рхæцыд, уæд йæ фыццагдæр бæллиц уыди дæлджинæджы бынатæй фервæзын. Цыди рæстæг æмæ циндзинад хаста балбæласæн. Йæхæдæг куыд рæзт, афтæ æфтыди йæ циныл дæр. Фæлæ æрмæст цины æнкъарæнты ахæсты нæ уыд, фæзындис æм сагъæссаг хъуыдытæ дæр. Хъынцъым кодта, йæ алыфарс бæлæстæй иу дæр уый хуызæн кæй нæ уыди, æцæгæлон бæстæйы æцæгæлæтты æхсæн зын цæрæн кæй у, ууыл, фæлæ хъысмæты ныхмæ зын тохгæнæн у æмæ йæ уавæрыл хъæцыди. Фæрæзта, кæд ын æнцон нæ уыди, уæддæр. Уый нæ, фæлæ ма архайд- та йæ сыхæгтæй иу хъуыддаджы дæр фæсте нæ баззайыныл. Æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Фатхъæдтæ æмæ йын тæрсытæй — хæристæ æмæ фæрвыты кой нал кæнæм — дæлдæр абад, зæгъгæ, ничи загътаид, уымæн æмæ дзы дæлдæр æцæгæй никæмæй уыд: се ’мрæзт кодта хæрдмæ дæр æмæ фæйнæрдæм дæр. Уæдæ бакастæй дæр цауддæр никæмæй уыд. Дыргътæ йыл кæй зад, уымæй та се ’ппæтæй дæр хуыздæрырдæм хицæн кодта. Уый тыххæй та йæ мæргътæ хъулон уарзт кодтой, сæ иуæй-иутæ ма йыл суанг ахстæттæ дæр скодтой. Балбæласыл кæд искуы амондджын бон акодта, уæд, йæ быны дыу- уæ талайы куы фæзынд, йæхи туг æмæ стæг дыууæ талайы, уæд. Кæсынæй сæм не ’фсæст, йæ къалиуты змæлдæй сæ арвы цъæхмæ хуыдта, йæ сыфтæртæй сын æмдзæгъд кодта æмæ-иу дзы авдæны зарæг рауад. Рæхснæгталатæ сæ мады дæлбазыр бон уылынг рæзтысты, æхсæв — уыдисны. Мад-бæлас куыд æнхъæлдта, афтæмæй талатæ дыууæйæ дæр хъуамæ уыцы уалдзæг дидинæг ракалдтаиккой, фæлæ кæцæйдæр фæзынди адæймаг, скъахта сæ æмæ сæ йемæ скæсæнырдæм ахаста. Балбæлас, цалынмæ йæм зындысты, уæдмæ сæ фæдыл бæргæ каст... Уæдæй фæстæмæ бæлас йæ хъæбулты нал федта. Æнхъæлмæ сæм бæргæ каст, кæд сæ æндæр ран ныссагъдæуыд, уæд æм, куыд рæзой, афтæ сæ сæртæ искуы сзыниккой, зæгъгæ, фæлæ уымæй дзæгъæлы зæрдæтæ 475
æвæрдта йæхицæн: хъæуы бæлæстæй йæм чи зынд, уыдоны фарсмæ йæ хъæбулты никуы бафиппайдта. Уæддæр скæсæнмæ кæсынæй нæ фæллад, йæ къалиутæ уыцырдæм ивæзтау атасыдысты, уæддæр æм йæ хъæбултæ никуыцæй разындысты. Афтæ, æнхъæлмæгæсгæйæ, бæлас базæронд. Разяæр кæд йæ дæргъ æмæ уæрхыл æфтгæ цыд, уæд ныр та къаддæрæй-къаддæр кодта. Фыц- цаджы хуызæн æй нал урæдтой йæ уидæгтæ. Хуыздæр уавæры нæ уыды- сты йæ сыхæгтæ дæр. Кæмæн дзы раздæр æрцыд йæ мæлæт, кæмæн — фæстæдæр. Чи фæлдæхтæй лæууыд, чи та уæлхъæдæй бахус, фæлæ уый хъæдыл никæцырдыгæй фæзынд, сæ бæсты æрзад æндæртæ. Йæ кæрон кæй æрхæццæ, уый балбæласмæ дæр хъарын райдыдта. Кæд цыфæнды бирæ фæцард, уæддæр йæ хъæбултыл сагъæс нæ фæкъаддæр. Фыццагау сæ мысыди, бæллыди, иу хатт ма сæ уæддæр куы федтаид, уымæ. Дымгæ-иу йæхи хъæдыл куы ахафта, уæд-иу цыма йе ’ппæт тыхтæ дæр уымæ сарæзта, балмæ афтæ каст æмæ-иу дзы тас бацыд. Йæ къа- лиутыл-иу ризæг бахæцыд, йæ уидæгты дыз-дыз-иу ссыд. Цыфæнды тæссаг уавæры дæр ма-иу йæ кæддæры чысыл талатæм йæ зæрдæ ’хсайд- та, уыдоны фенынмæ-иу æнхъæлмæ каст. Мæлæты хорзæй кæй ницы ис, уый, йæ цуры боны рухс чи нал æнкъардта, зæххы сой кæмæ нал хæццæ кодта, уыцы бæлæстæм кæсгæйæ куыннæ уыдта, фæлæ йæм уæлхъæдæй бахус уæвынæй зæххыл афæлдæхын хуыздæр каст. Йæ мæлæтæй дæр ма йæ хъæбулты зæрдæ фæриссын кæнынæй тарст. Ахæм хъуыдыты ахæсты дæр-иу бафтыд, кæд афонмæ уыдон дæр бæлæстæ систы æмæ йæм дардæй фæкæсынц, зæгъгæ. Иугæр кæд æцæгдæр афтæ у, уæд лæугæйæ куы амæла æмæ йæ къалиутæ сыфтæр нал калынц, уый йæ саби-бæлæстæ куы феной, уæд^зæрдæдзæфтæ куы фæуыдзысты... Йæ мæлæты размæ бон дæр та бæллыди, бирæ бонтæ æмæ азтæ цæмæ ’нхъæлмæ каст, уый фенынмæ, фæлæ та йыл иннæ хæттыты хуызæн æнæзæрдæрайæ хур аныгуылд. Хуры аныгуылдимæ хъæдмæ æрбалæбурдта тыхджын дымгæ. Цæвгæ кæд тыхджын нæ кодта, уæддæр бæласмæ йæ хъару уæды хуызæн никуы бахъардта, чи зоны, йæхæдæг уæды хуызæн лæмæгъ кæй никуы уыд, уый тыххæй. Бамбæрста, йæ царды кæрон кæй æрхæццæ æмæ ныхмæ лæууыныл дæр нал архайдта. Дымгæ ныгуылæнырдыгæй кæй кодта, уый йын хуымæтæджы æхсыз- гон уыд! Йæ мæлæтыл хъуыды кæнгæйæ-иу æдзухдæр уымæ бæллыд: кæд фæлдæха — афæлдæхын та йæ уæвгæ фæндыди — уæд — скæ- сæнырдæм, йæ хъæбулты йын кæцырдæм ахастой, уырдæм цалдæр сардзины хæстæгдæр цæмæй æрхауа, уый тыххæй... Кæд хæрдмæ фæлдæхын зындæр уыд, уæддæр дымгæйы тых æмæ бæласы фæндон сæ куыст бакодтой, æмæ мæйдар æхсæвы сабырдзи- над æмыр гуыпп фехæлдта... 2000 476
ХУЫÆМÆЦЪЫМАРА Ацы лæгъз быдыры цъымара уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Кæдæмдæриддæр акæс, æмæ фендзынæ кæрдæгæмбæрзт тъæпæнтæ. Иу хæмпæлыл дзы цæст не ’рхæцдзæн, иу дзыхъхъ дзы нæ бафиппайдзынæ. Цас ма рауадаин, чи зоны, фæлæ мæ хъусыл хуыйы хъох-хъох ссыд. Цъымара æнхъæл кæм нæ уыдтæн, уым ма суанг хуы дæр разынд. Хуы цъымара кæмфæндыдæр кæй ссардзæн, уый рагæй зындгонд у, фæлæ цымæ цъымарайæн йæхи хъуыддаг та куыд у? Цымæ йæм хуы куыд фæбæллы, йæхæдæг дæр ыл афтæ тыхст вæййы, стæй йæ уый куыд æнцонæй ссары, цъымара дæр хуыйыл афтæ тагъд сæмбæлы?.. АЛЫХУЫЗОН ФÆСТИУДЖЫТÆ Кæдæй-уæдæй ма хъæдмæ рафтыдтæн! Кæд дзæвгар рæстæг йæ арфы нал аныгъуылдтæн, йæ хæрдтæ æмæ уырдгуыты нал суадтæн æмæ æр- уадтæн, йæ гакъон-макъон къахвæндæгтæ мæ сæ фæдыл нал ахуыдтой, уæддæр сæ мысыдтæн, бæллыдтæн сæ фендмæ æмæ та мын абон уыцы фадат фæци. Æвæдза, адæймаджы æрдз кæй сфæлдыста, уый æппæты тынгдæр, æрдзы хъæбысы куы вæййы, уæд банкъары. Зæхх æй кæй радта, уый йæм, зæхмæ хæстæгдæр куы вæййы, тынгдæр уæд бахъары. Фæцæуын, æппындæр фæндаг бæрæг кæм нæй, ахæм рæтты, фæлæ фæдзæгъæл уæвынæй нæ тæрсын. Иуæй, мын хæхтæ фæндаг амонынц, иннæмæй — даргъ æмæ уæрæх адаг. Арв мигъæхгæд куы уаид, уæддæр мæ ададжы бæрзонд фæхстæ мæ фæндагæй иртæсын нæ бауадзиккой. Мæ фæвдаг та у бæрзонддæр рагъмæ. Хъуамæ йæ сæрмæ схизон æмæ дæлвæзыл мæ цæст ахæссон, банкъарон, быдырæй бæрзондмæ кæсын куыд хорз у, бæрзондæй быдырмæ кæсын дæр афтæ хорз кæй у, уыцы æхсызгондзинад. Цæуын, мæхицæн фæндаг лæгæрдын. Иу фæхæрдгæнæны мын мæ фæндаг æрæхгæдта æхсæры къалиу. Цæмæдæр гæсгæ йæ бирæ æфсымæр- тыл сыстырзæрдæ æмæ, уырдыг чи лæууыд, уыдонæй уæлдай иуфарс ратасыд æмæ, æз кæуылты ацæуынмæ хъавыдтæн, уый сæрмæ фатхъæды саджилæгыл æрæнцад. Æнхъæлдтон, йæ бынты ахизын мын æнцонæй бантысдзæн æмæ зына-нæзына мæхи фæгуыбыр кæнгæйæ фæфале дæн. Фæфале дæн мæхæдæг, фæлæ мын лыстæг къалиутæй иу мæ цъында худы гоппыл фæхæцыд æмæ гомсæрæй аззадтæн. Мæлæты хъыг мын уыди. Уымæй размæ æнæраны рæтты цæуынæй бафæлладтæн æмæ, кæд уазал уыд, уæддæр мæ хид акалд æмæ мын миты рагъыл æнæ худæй аззайын цас æхсызгондзинад æрхастаид! Тагъдгомау къалиуæй мæ худ æристон æмæ йæ мæ сæрыл раздæрæй ноджы арфдæр æркодтон. Цæуын æмæ хъуыдытæ кæнын. Кæй рамæсты дæн, ууыл мæм фæсмон æрцыд. Кæд искæй аххосджын кæнын æмбæлд, уæд — мæхи, уымæн æмæ, къалиуы бынты цæугæйæ, цас æмбæлд, уыйбæрц не ’ргуыбыр кодтон. Æргуыбыр кæнын та мæ æнæмæнг хъуыд. Афтæ нæ бакодтон, æмæ къали- 477
уæн дæр æндæргæнæн нал уыд. Хорз, æмæ мын мæ худ зæхмæ не ’руагъта, æндæр, йæ быны цы дондзаст уыд, уым стæлфыдаид. Цыфæндыйæ дæр фæтасын хорз у. Искæмæн, стæй, æвæццæгæн, истæмæн дæр дæ сæрæй ныллæг акувынæй æгад нæ фæуыдзынæ. Уый нæ, фæлæ ма дæ кадыл дæр бафтдзæн. Уæдæ искæмæк дæ худ сисынæй дæр дæ ыамысæй нæ ахаудзæн. Дæ худ дæхæдæг сисынмæ куы базивæг кæнай, уæд дын æй исджытæ фæуыдзæн. Уымæн та бынтон æндæр фæстиу- джытæ ис. ДЫУУÆ ФÆДЫ Арф миты дзæвгар фæцæуыны фæстæ бахæццæ дæн, дыууæ фæды кæрæдзийы сæрты кæм ахызтысты, ахæм æрдузгондмæ. Иу дзы адæй- маджы фæд кæй уыд, уый æнцонæй раиртæстон, фæлæ мæ иннæ дызæр- дыджы бафтыдта. Сырды фæды хуызæн мæм тынгдæр фæкаст, уымæн æмæ хæдзарон фосы фæдтæй зæрдыл никæцыйы лæууын кодта. Дыууæ фæды дæр комы ’рдæм хуыдтой. Уæвгæ, адæймаджы фæд комæй цыд, сырды кæнæ фосы фæд та — коммæ. Кæцыйыл дзы ацæуон, ууыл хъуы- дытыл фæдæн. Æргом дзургæйæ мæ адæймаджы фæдыл цæуын нæ бафæндыд. Иуæй, æрдзы хъæбысмæ адæмæй ралыгъдтæн, иннæмæй та, цавæр адæймагыл фембæлдзынæ, уый чи зоны! Иу Хуыцæуы æлгъыст дæ размæ куы фæуа, уæд дын дæ иу боны цард нæ, фæлæ дæ бирæ бонты цард дæр фенад кæндзæн. Ам мæ зæрдыл мæ иу хæлар æрбалæууыд. Кæддæр, дам, мæ иу зонгæйæн бæрæгбоны арфæтæ ракæнынмæ хъавыдтæн æмæ, дам, æм телефонæй бадзырдтон. Уый, дам, мæ цыбыр рæстæгмæ мастæй мæ дыууæ хъусмæ акодта. Цæй тыххæй, уымæн, дам, æмбаргæ дæр ницы бакод- тон. Уыйау, ахæм адæймæгтæ ис, æмæ сæм «айс, ахæр» дæр хъыг кæсы. Æз дæр адæймаджы фæдыл цæуынæй уымæн фæтарстæн æмæ иннæ фæдыл араст дæн, кæд къуыбырхъус бирæгъы фæд уыд, уæддæр, уымæн æмæ уыйбæрц рацардтæн, æмæ, бирæгъ искæй бахордта, зæгъгæ, никуыма фехъуыстон, адæймаг та адæймаджы... ÆГÆРАДДЖЫН Ацы хъæддаг кæрдобæлас кæд арвмæ бæрзонд фæцыд, йæ къалиутæ дæр парахатæй айтыгъта, уæддæр кæцыдæр бæлæстæй бæрзонддæр æмæ пæлæхсардæр нæу, фæлæ йыл, æввонгхортæ рахонæн кæмæн ис, ахæм къалиутæ æрзад. Уæвгæ сын къалиутæ рахонæн зынæй ис. Дардмæ стыр ахстæттау зынынц. Куы сæм баввахс уай, уæд та дæм, хъæбысы чи æрба- цæудзæн, ахæм тымбылæгты æнгæс фæкæсдзысты. Зымæгон дæр сæ хуыз бынтон нæ аивтой. Афæдзы иннæ афонты куыд вæййынц, афтæ цъæх нал сты, фæлæ ма уæддæр фæлурс цъæх дарынц. Иннæ бæлæстæй дæр дзы кæуылдæрты фæзындысты, фæлæ ацы кæрдойы æгæр бирæйæ скодтой сæ быны. Бæлас йæхи хуызæн бирæ 478
цæмæйдæрты нал у. Йæ къалиуты дзæвгар хай йын цъæх «ахстæттæ» сæ аууон бакодтой. Дыргъ ыл, куыд æмбæлы, афтæ нал зайы, ныффы- дынд. Куы зæгъын, йæ алыфарс бæлæстæй фылдæр цы ис, фæлæ æввонг- хортæ ацы кæрдойыл цæмæн фæхæлоф кодтой, уый мæм диссаг фæкаст. Кæд, мыййаг, уазæгуарзондæр æмæ адджындæр у? Æвæццæгæн, ад- джындæр. Æмæ цымæ уый йæ амонд у? Æнхъæл нæ дæн. Æвæццæгæн, бынтон адджын уæвын не ’мбæлы, кæннод дыл æмби- сонды æмбисонд æрцæудзæн. Фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой: «Æгæр адджын ма у, Али дæ ахæрдзæн!» ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ФЕМБÆЛД Цæуынæй бафæлладтæн æмæ хæлхæлгæнаг къада доны цур æрлæу- уыдтæн. Дуне афтæ сабыр у, æмæ доны къæбæда уылæнтæ не сты, зæгъгæ, уæд æгуыппæгдзинады уынæр йеддæмæ — кæд æгуыппæгдзинад уынæр кæны, уæд — хъус ницы ахсид. — Ам цы агурыс? — æваст мæ хъустыл ауадысты кæйдæр ныхæстæ. Фæстæмæ фæкастæн æмæ къудзиты æхсæн ауыдтон, рæстæмбис асæй чысыл бæрзонддæр чи уыд, ахæм нæлгоймаджы. Иуæй, мæ къалиутæ хъыгдардтой, иннæмæй мæм дæрддзæфгомау уыд æмæ лæджы цæсгом дзæбæх нæ уыдтон. Тынг æм рамæсты дæн. Ирон уæвгæйæ - ирон кæй уыд, уый йæ ныха- сыхъæдыл бæрæг уыд — ирон хъæды иронмæ (мæхæдæг дæр цыма ироны хуызæн тынгдæр дæн, афтæ мæм каст), уырыссагау кæй сдзырдта, уый мын хъыг уыди. Иннæмæй та мæ, кæд истæмæй бафæрсынмæ хъавыд, уæд уал мын раздæр салам раттаид, стæй йын уæд бафæрсыны фадат дæр фæуыда- ид. Æртыккагæй та йæ фарстмæ гæсгæ афтæ уад, цыма мыл цæмæйдæр йæ бар цæуы æмæ ахæм барджын хъæлæсæй уымæн дзуры. Цыбыр дзырдæй, кæд уымæй хуыздæр адæймаг нæ уыд, уæддæр мын йæ цалдæр ныхасæй йæхи фенад кодта, æмæ йын æз дæр йæ фарстæн фарстæй дзуапп радтон: — Æмæ ардæм æнæмæнг исты агурынмæ фæцæуынц? — Æрмæст иро- нау. — Æмæ ма мæ ныхасмæ бафтыдтон: — Æмæ ды цы агурыс? — Æз мæнæ мæ цæхæрадонмæ рацыдтæн. Чысыл раздæр, æцæгæйдæр, йæ алыфарс ардыгæй дæумæ быру кæмæн уыд, ахæм зæххы гæппæл — зæххы гæппæл зæгъын, фæлæ йæ астæу цалдæр раны æхсæры къудзитæй сыгъдæггонд дæр не ’рцыд, мæ цæст дзы не ’рхæцыд хуымты фæдыл дæр - федтон, мæ фæллад уадзынмæ дæр уыр- дыгæй иуцасдæр рауайыны фæстæ æрлæууыдтæн. — Æмæ уый дæ цæхæрадон у? — Уæдæ кæй цæхæрадон у? - дзуапп мын радта лæг, æмæ ууыл нæ ныхас ахицæн. Æргом дзургæйæ, раздæр йæ цурмæ бацæуынмæ хъавыдтæн, фæндыди мæ йемæ базонгæ уæвын, аныхæстæ кæнын, фæлæ йын йæ фæстаг дзу- 479
апп куы айхъуыстон, уæд мæ фæнд аивтон. Нал мæ бафæндыд, кæмæй у, цы хъæуккаг, уый базонын. Афтæ мæм фæкаст, цыма, кæмæй у, уый куы базыдтаин, уæд мын уыцы мыггаг фенад уыдаид, фенад мын кодтаид йæ хъæу дæр. Суанг ма йæм æввахс бацæуыныл дæр нал бацар- хайдтон. Нæ мæ бафæндыд йæ цæсгом фенын, æмæ^цæуыныл батагъд кодтон. САУУИС Ацы бæласимæ — уæвгæ йæ къутæр схонын растдæр уыдзæн, уымæн æмæ бæласы хуызæн бæлас арæх нæ кæны - рагæй зонгæ дæн. Нæхимæ, Бæрæгъуыны хъæды алы ран дæр зайы. Æхсæры къутæры хуызæн арæх нæу, фæлæ йын кадавар схонæн дæр нæй. Куыд загътон, афтæмæй дын- джыр бæлас нæ кæны, кæд бирæ къутæрты сæрты акæсы, уæддæр. Цы ном хæссы, уый йын хуымæтæджы нæ радтой: йæ хъæд дæр, йæ къалиутæ дæр сау сты. Бынтон сау нæ, фæлæ дзыгъуыргомау сау. Цы лыстæг фæлурс дзæццытæ йыл ис, уыдон æй кæнынц бирæ зæрдæмæдзæугæдæр. Йæ къалиутæ сты рæхснæг æмæ уыцы-иу рæстæг сæртæг. Цæмæй фæдыууæуа, уый тыххæй йын йæ къалиуыл бирæ тых хардз кæнын нæ хъæуы. Йе ставд къалиу дæр æнцонæй сæттын комы æмæ-иу ыл нæ тых арæх афæлвæрдтам. Уæвгæ гыццылæй та нæ тых цæ- уыл нæ фæлвæрдтам! Гæккуыри амарын, хæфсыл дур фехсын, сырддон- цъиумæ дурæхсæнæй ныхъхъавын, уый нæ фылдæрæн йæ уд-йæ дзæцц уыд, фæлæ рæдигæ кæй кодтам, Хуыцауы сконд цæрæгойты тæригъæды кæй цыдыстæм, уый, хъыгагæн, æрæджиау бамбæрстам... Æмæ та мæнæ ног фембæлд саууисимæ. Цæмæдæр гæсгæ мын æхсыз- гон уыд йæ фенд. Цыма мæм æй мæ сабидугæй рарвыстæуыд, афтæ мæм фæкаст. Суанг ма, йæ къалиу ын-иу куы фæсастам, уæд дзы-иу цы тæф ракалд, уый дæр мæ фындзыл ауад æмæ зæрдæ адджын рæхуыст скодта. Æвæдза, тæфæн дæр цæстытыл бирæ цыдæртæ ауайын кæнын у йæ бон... Зымæг йæ астæумæ фæхæццæ кæны, фæлæ ма саууисы къутæртыл йæ сау гагадыргътæй цалдæр аззад. Адæймаг сæ нæ хæры, фæлæ дзы кæцыдæр мæргътæ сæхи хорз кæй фенынц, уый бæрæг у. Ныллæгдæр къалиутыл цы дыргътæ уыд, уыдон сын цæмæдæр гæсгæ раздæр хæрд фесты. Рæхснæгдæр бæласы цъупп, куыннæ ныкъкъæрцц кæна, афтæ арæхстгай æривæзтон æмæ ма йыл цы цалдæр гагайы уыд, уыдон ратыдтон. Къали- уыл сæ лыстæг хъæдтæй афтæ фидар хæцыдысты, æмæ сæ тыххæй тонæ- гау ракодтон. Зæхмæ дзы кæй ницы æрызгъæлдаид, уый ма мын цы бам- барын хъуыд: иууылдæр мæргъты минасæн бахъуыдысты. Уистæ ацы хъæды бирæ ис. Чи дзы æхсæр у, чи фæрв, чи фатхъæд, фæлæ дзы иу дæр уис нæ хуыйны. Кæд ын ахæм ном йæ хуызмæ гæсгæ радтой, уæддæр æй растыл банымайæн нæй, уымæн æмæ алкæмæндæр æмæ алцæмæн дæр йæхи хуыз ис, фæлæ дзы йæ бакастмæ гæсгæ ном искуы-иуæн йеддæмæ нæ дæттынц æмæ уыдонимæ фæци саууис дæр. Уæвгæ уый ницы кæны. Кæд уис уæвгæйæ сау у, уæддæр йæ митæй сау 480
никæцы у. Æрмæст йæ дыргътæй мæргътæн цы хорзы бацæуы, уый дæр дзуры, бирæ къудзитæ æмæ бæлæсты раз сæрыстырæй æрлæууын йæ бон кæй у, ууыл. Иæ номæн та быхсæн ис, стæй йын быхсгæ дæр кæны. Саулæг дæ ма рахонæнт, æндæр уисы сауæн ницы у. ÆМБИСОНД ÆМБИСОНД У Æрхы тæккæ был æрзæбул мыртгæйы пæлæхсар къутæр. Бынæй йæм фæракæс-бакæс кодтон, кæд ма дзы адæм æмæ мæргъты фæстæ æнæтындæй иу цупал уæддæр аззад, зæгъгæ, фæлæ дзы цупал нæ, гага- йыл дæр мæ цæст не ’рхæцыд. Æрхмæ схызтæн æмæ та цæстытæ къалиу- тæм джигул кæнынмæ фесты. Цыма сырх ахорæн авддæлдзæхх бамбæхс- тæуыд, уыйау мыртгæйы гагайæн йæ фæд дæр никæцæй разынд. Мæхи- нымæр дисы бацыдтæн, утæппæт къалиутæ æмхуызон бынхор кæй ра- зындысты, ууыл. Суанг ма æмбисонды рæстдзинадыл дæр сæнæууæнк дæн. Бæх кæм стулы, уым, дам, ма, æрду куы аззайы, уæд мыртгæйы бæлæстæй иу йæ дыргътæй куыднæуал фæуагъта æмæ ма æмбисонды дæр цæсты цы бафтыдта? Мæ фæндтæй куы ницы рауад, уæд фæстæмæ æрхы бынмæ ныххызтæн æмæ уæзбын къахдзæфтæй мæ фæндагыл араст дæн. Бынтон сайды бынаты баззайын мæ нæ фæндыд, фæстæмæ ма иу каст фæкодтон æмæ... диссагæй цы кæныс! — мыртгæйы сырх цупал ауыдтон. Æрдæбонсарæй алырдыгæй кæмæ фæракæс-бакæс кодтон, уыцы къутæрæй мæм йæ цалдæр цæстæй ракаст, фенынæнхъæл кæмæн нал уыдтæн, уыцы цупæлттæй иу. Фæстæмæ фæзылдтæн æмæ йæ цуры балæууыдтæн... Цыма, бирæ кæмæ фенхъæлмæ кастæн, мæ ахæм æмбалыл æнæн- хъæлæджы амбæлдтæн, афтæ йыл бацин кодтон. Уæлдай æхсызгондæр та мын уыди, æмбисондыл мæ кæй нæ сыстырзæрдæ кодта æмæ йæ мæ цæсты кæй нæ бафтыдта, уымæн. ÆРТÆ ФÆРВЫ Æртæ фæрвы иу ранæй сзадысты. Дыууæйæ уыдысты иухуызон рæхснæг æмæ æмраст, фæлæ мады гуыбыны хъулæттæ кæм нæ вæййы — цы хъыг- дарæг æй фæци, Хуыцау йæ зонæг, иуырдæм фæцудæгау кодта æмæ, йæ хъæд фæзылын, афтæмæй уæддæр хæрдмæ цæуыныл архайдта. Кæд йе ’фсымæрты хуызæн аив нал уыд, уæддæр йæхи дзыхъхъы лæудыл нæ нымадта... цалынмæ йæм хъæддзау нæ фæзынд, уæдмæ. Цæмæдæр гæсгæ æнæхъæн хъæды комкоммæ уымæ бацыд æмæ йæ, йæ фæрæт хæрдмæ кæй онг æххæст, уым хафт-хафтæй ралæууыд. Æрдæглыггонд æй куы фæци, уæд уырдыг лæууын нал бафæрæзта æмæ æрфæлдæхт. Уæдæй фæстæмæ йæ фарсыл хуыссы. Хъæддзау æй цæмæн афæлдæхта, уый не сбæрæг. Истæмæн æй хъуыдаид æмæ йæ уæд ласгæ нæ, фæлæ æхсæдгæ уæддæр цæуыннæ бакодта? Гуыппы тыххæй йæ акалдтаид, æмæ уый дæр 31 Дзасохты М. 481
зын бауырнæн у, уымæн æмæ, иуæй, ахæм стыр нæма уыд, иннæмæй йæ йæ къалиутæ зæххыл андзæвын дæр нæ бауагътой. Æви йын йæ фыдынды тыххæй бакодта ахæм ми? Кæд æцæг афтæ у, уæд хъæддзау йæхæдæг къаддæр фыдынд ми нæ бакодта. Фыццаджыдæр æй йе ’фсымæрты цур мардæй ныууагъта, дыккагæй та хъæддзауы ах- хосæй, йæ быны цы уагъæлыйы къутæр уыд, уый ныцъцъист кодта æмæ йæ къалиутæ цæнкуылтæй баззадысты. АЛЦÆМÆН ДÆР - АФОН Хъæндæлы махмæ арæх у. Къобосты хъæды дæр, Даргъ хуымты дæр. Гыццылæй фæстæмæ йыл ахуыр дæн æмæ мын фадат куы фæвæййы, уæд хъæдмæ мæхи айсын. Кæд цæугæ хъæндæлыйы фæдыл акæнын, уæддæр мæ сæйраг нысан мæ уарзон бынæтгæ фенын вæййы. Мыртгæтæ цы къохтæй хастон, ’æрыскъæфдзуан цы адæгтæ æмæ æрхыты зылдтæн, кæсæгтæ цы байбынты ахстон, мæхи цы хъуымты надтон, уыдоны уынд мын мæ цæсты- тыл ауайын кæны мæ ивгъуыд бонтæ, ферох кæнын чи никуы бакомдзæн, зæрдæйыл сызгъæрин тæгтæй баст чи у, уыцы сабидуг... Хъæндæлы хæрынæн бæзгæ зайæгойтæй, æппæты фыццагчи фæзы- ны, уыдоны номхыгъдмæ хауы æмæ сфæнд кодтон хъæдмæ апрелы кæрон ацæуын. Хъæндæлы кæм агургæ у, уый мын амонын нæ хъуыд æмæ мæ зонгæ бынæттыл мæ фæндаг акодтон. Æгæр цыма батагъд кодтон, афтæ мæм мæ балцы райдайæны дæр каст, фæлæ хъæды арфы куы фæмидæг дæн æмæ фыццаг хуырджын тæнæг суадонмæ куы бахæццæ дæн, уæд мæ æцæгæйдæр бауырныдта, хъæндæлы агурæг æгæр раджы кæй рацыдтæн, уымæн æмæ йæ фыццаг сыфтæ дæр æххæст нæма райхæлдысты, фæлæ ма уæддæр мæ зæрдæ чысыл цæуылдæрты дардтон. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма хур тынгдæр кæдæм кæсы, уыцы суадæтты былгæрæтты хъæндæлыйы рæзтæн хуыздæр фадæттæ ис æмæ уалдзæджы фыццаг хал- сары хъæстæ фæуыдзынæн, фæлæ мæ фæндтæй ницы рауад. Йæ дæргъ цыппар километрæй къаддæр кæмæн нæ уыд, уыцы фæндагыл, кæд фыц- цаг цы хъæндæлыйы бæласыл фембæлдтæы, уымæй чысыл стырдæртæ уыдис, уæддæр дзы хæрынæн бæзгæйы йас рæз ничима схаста, æмæ мæ бæллиц сæххæст кæнын æндæр хатмæ æргъæвгæ ’рцыди. Уыцы æндæр хаттæн та фадат фæцис æрмæстдæр æртæ къуырийы фæстæ. Ацы хатт мæ фæндаг аивтон. Раздæр-иу æдзухдæр мæ фистæг балц Æрыдонæй райдыдта æмæ-иу фæци Арыхъхъы рæгъты бын. Ныр та ра- раст дæн Арыхъхъы рæгътæй æмæ Бехъаны цады былгæрæтты ме ’ргом сарæзтон Къобосты хъæдмæ. Иуцасдæр дон-дон фæцыдтæн æмæ мæ тæнæг суадон хъæндæлыджынмæ бахуыдта. Раздæр мæ цæст æрхæцыд, йæ дын- джыр сыфты кæрæттæ хырхæй лыджы хуызæн кæмæн уыдысты, ахæм тар кæрдæгхуыз зайæгойтыл. Алы бæласы астæу дæр хъуамæ хæрынæн бæзгæ ставд хæтæл уа, æмæ уайтагъд «джигул» кæныимæ фæдæн. Бæргæ зæрди- агæй архайдтон, стæй канд зæрдиагæй нæ, фæлæ арæхстгай дæр, æрмæст мæ дыууæ архайды дæр дзæгъæлы уыдысты, уымæн æмæ, цы агуырдтон, 482
уымæн йæ кой дæр нæ уыд. Чысыл уæлдæр куы суадтæн æмæ хъæндæлыйы æндæр бæласыл куы амбæлдтæн, уæд фæфыдæнхъæл дæн: хъæндæлы канд дидинæг нæ акалдта, фæлæ ма йæ калд дæр фæци. Куыд бамбæрстон, афтæмæй, чысыл раздæр цы хъæндæлыджыныл бамбæлдтæн, уым иу бæлас дæр дидинæг калынхъом нæ уыд. Хъуыддæгтæ бæлвырддæр чи зоны, уыдо- ны ныхæстæм гæсгæ хъæндæлытæй сылтæ куыд вæййы, афтæ вæййы нæлтæ дæр. Сылтæ дидинæг æфтауынц, нæлтæ — нæ. Хъæндæлы та хæрынæн фæбæззы, йе ставд хгетæлыл цы тымбылкъухы йас дзæгæрæг фæзыны, уый дидинæг куы нæма акалы, афтæмæй. Æрмæст та мæ ацы хатг дæр нæ ба- уырныдта, хъæцдæлытæ иууылдæр дидинæг калд фесты, уый. Кæд æз хъæдмæ рацæуынмæ куыд байрæджы кодтон, афтæ дзы искæцы дидинæг калыныл бафæстиат, зæгъгæ, дон-доы цыдтæн, фæлæ иунæг хæрынæн бæзгæ бæла- сыл дæр нæ фембæлдтæн. Цыбыр ныхасæй, айфыццаг æгæр раджы куыд рацыдтæн, афтæ ныр та æгæр æрæджиау цыд фæдæн. Æвæццæгæн, æгъдæут- ты хистæр бæрц у, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц. Æгæр бирæ куыд нæ бæззы, афтæ нæ бæззы æгæр гыццыл дæр. Æгæр раджы æгæр æрæджиауæй ницæмæй хицæн кæны. Стæй ма мын мæ уавæр мæ зæрдыл æрлæууын код- та ноджыдæр иу æмбисонд: «Алцæмæн дæр афон ис». КАЛМ ÆМÆ ТÆРХЪУС Цæуын æмæ кæддæры хабæрттæ мысын. Нæхи найынмæ кæдæмыты цыдыстæм, уыцы малтæ æмæ хъуымтæ мæ цæстытыл уайынц. Уæвгæ дзы иуæй-иуты уынгæ дæр кæнын: Бехъан, Куыройыдон, Урсдон... Бе- хъанмæ, куы фестырдæртæ стæм, уæд цæуын райдыдтам. Урсдонæй уазалдæр уыд, Куыройыдонæй — хъармдæр, арфдæр та сæ дыууæйæ дæр, стæй — калмджындæр... Цады-иу иуцасдæр баленк кодтаис æмæ кæцыдæр заман дæ уд дæ къæхты бынæй ауадаид. Кæцыдæр заман нæ, фæлæ-иу дæ комкоммæ калм æрбацæйленкгæнгæ куы ауыдтаис, уæд. Ахæм рæстæджытæ та дыл-иу æмæ дыууæ хатты не скодтаид, фæлæ дæ алы балцы рæстæджы дæр. Хистæртæ нын-иу бæргæ дзырдтой, калм доны нæ хæцы, зæгъгæ, фæлæ-иу æй дæ комкоммæ ленкгæнгæ куы ауыдтаис, уæд уыцы ныхæстæй дæхицæн ныфс ницы хуызы авæрдтаис, уымæн æмæ сæ цыма æппындæр никуы фехъуыстай, афтæ-иу цæхгæр фæзылдаис æмæ- иу былгæронмæ дæ тых-дæ бонæй ленк кæнынмæ фæуыдаис... Бехъаны цадæй иуцасдæр рауадтæн, хъæзджыны иудзæвгар фæлæгæрдыны фæстæ æрыскъæфджын фæзмæ рахызтæн, фæлæ йын-иу йæ ныв чиныджы фенгæйæ дæр хæрдмæ кæмæн фæхаудтæн, уыцы кæлмытæй иуыл дæр нæма сæмбæлдтæн, афтæмæй та сын ам кæддæр ныккæнæн дæр нæ уыдис. Доны былгæрæтты цыдаис, хъæды арфы кæнæ пыхсбынты! — цал æмæ-иу цал хатты ауадаид дæ уд калмы сыф-сыфæй. Афтæ арæх уыдис, æмæ-иу дæ дæ къæхты бын хæмпæлты сыр-сыр дæр хæрдмæ фæхауын кодтаид, кæд калм у, зæгъгæ. Ныр, куы зæгъын, са- хаты æрдæгæй фылдæр рацыд, калмыл алы къахдзæфыл дæр фембæлæн кæм уыд, уыцы быдырты æмæ пыхсбынты куы рабалц кодтон, уæдæй 483
нырмæ, фæлæ дзы хиладжы хабар нæма уыд. Кæйдæр загъдау, æз калмы уындмæ мæ былыцъæрттæ нæ хæрын, фæлæ мæ сагъæсыл æндæр хъуыд- даг æфтауы: æрдзæн фыдызнаджы митæ кæй бакодтам æмæ уыцы æна- монд фæндагыл дарддæр кæй цæуæм, уый у мæ мæты бындур, мæ ка- тайы сæр. Зæххыл хилджыты нымæц куынæгæй-куынæгдæр куыд кæны, афтæ бонæй-бон къаддæр кæнынц зæххыл цæуæг сырдтæ æмæ арвыл тæхæг мæргъты нымæц дæр. Афтæ куы нæ уаид, уæд ацафон ацы хъæдтæ æмæ фæзты-иу рувас æмæ тæрхъусыл дæ цæст ма ’рхæцæд!.. Калмæй тарстдæр бирæгъæй дæр нæ кæнын, уымæн æмæ бирæгъыл никуыма сæмбæлдтæн, кæлмытыл та бирæ хæтгыты, фæлæ ныртæккæ мæ размæ куы фæуаид, уæд дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæты фыц- цаг тæрсгæ фæкæнин, стæй мæ уд ме ’муд куы ’рцæуид, уæд мын йæ уынд æхсызгон уаид, йæ мыггаг нæ сыскъуыд, Хуыцау кæй сфæлдыста, иннæ уыцы цæрæгойты хуызæн уый дæр йæ царды кой кæны, зæгъгæ. Тæрхъусы уынд дæр мын къаддæр æхсызгондзинад не ’рхæссид. Кæд æй фыдæмбæлæгхонынц, уæддæр мын цыма мæ фæндагæн хæрзаудæнгæнæг басгуыхид, афтæ мæм кæсы. КЪÆППÆДЖЫ ХОЛЛАГ Хъæды куы вæййын, уæд æппæты фыццаг лæдзæггаг агурынмæ фæвæййын, уымæн æмæ уымæй размæ мæхи иунæг фæхонын, мæ раз- вæндаг агурынмæ мын æххуысгæнæг нæ вæййы æмæ пыхсыты, цъымара- бынты куырмæджы цæуæгау фæкæнын. Уæдæ дæ размæ ахæм дон февзæрдзæн, æмæ йæ цалынмæ лæдзæгæй асгарай, уæдмæ нæ базон- дзынæ, цæй æрфæн у, уый. Афтæмæй та тæссаг у, дон дæ цырыхъхъыты сæрты кæм акæла, ахæм рæтты бауайынæй. Уæвгæ, дæ фæндаг цыфæн- ды лæгъз куы уа, уæддæр иунæгæй цæуæг бæлццонæн лæдзæгæй хуыздæр æххуысгæнæг зын ссарæн у. Æнцонæй нæ бафтыд ацы хатт мæнæн дæр мæ къухы лæдзæггаг сса- рын. Иу æмæ дыууæ æхсæр къутæрыл — мæ лæдзæг æдзухдæр талайæ скæнын — нæ сæмбæлдтæн, фæлæ дзы лæдзæджы стæвдæн æмæ растыл марадз-зæгъай, кæд æмæ мæ цæст æрхæцыд. Æппынфæстаг уæддæр Ка- лачы Пухоны аккаг къабайаг разынд, æмæ мæ ног æмбалимæ ныфс- джындæрæй мæ фæндагыл араст дæн. Иудзæвгар фæцæуыны фæстæ мæ зæрды иучысыл аулæфын æрæфтыд æмæ ныр та, цæуыл æрбадтаин, ахæм бынат агурынмæ фæдæн. Уыцы хъуыддаг рæхснæг тала ссарынæй æнцондæр хъуыддаг нæ уыди, фæлæ йæ уæддæр ссардтон. Уый разынд хуымæтæджы фыдконд, йæ фæзынды фыццаг бонæй фæстæмæ æфхæрд йеддæмæ чи ницы бавзæрста, хæрисы ахæм бæлас. Æвæццæгæн, зæххæй иуцасдæр куы скаст, уæд æй фæрсырдæм атасынчындæуыд æмæ мæм йæ зæнджы иу хай бадынæн хорз фæкаст æмæ йыл мæхи æруагътон... Бынтон хорз куыд ничи у, афтæ бынтон æвзæр дæр ничи у. Æппындæр чи ницæмæн бæззы, ахæмæй зæххыл ницы ис, æндæр ахæм ныхас нæ баззадаид: «Ау, къæппæджы холлагæн дæр нæ бæззы?!» 484
КУЫДЗЫХСЫР Ацы зайæгойæн йе ’цæг ном куыд у, уый нæ зонын, фæлæ йæ махмæ куыдзыхсыр хонынц. Бæрзонд нæ рæзы, кæд йæ иуæй-иу бæлæстæ адæй- маджы ронбастмæ дæр схæццæ вæййынц, уæддæр. Чысыл дæргъæццон сыфтæ йын. Йæ тыппыр сыфтæ кæнæ йын йæ зæнг куы фæхъæн кæнай, уæд дзы урс-урсид тæнгъæд фемæхсы. Æхсыры хуызæн кæй у, йæ номы дыккаг хайы ацы дзырд, æвæццæгæн, уымæн æрбынат кодта, фæлæ дзы куыдзы кой цæмæн ис, уый зын зæгъæн у. Æнцондæр зæгъæн нæу, æрæгвæззæг чи срæгъæд вæййы æмæ йæ сау-сауид гагатæ адæймаг æхсыз- гонæн кæмæн фæхæры, уыцы зайæгой куыдзыбага цæмæн хуыйны, уый дæр. Куыдзыхсыр... Фыдынддæр номæн æрхъуыдыгæнæн нæй. Афтæмæй та, чи зоны, æмæ ацы зайæгоймæ ахæм миниуджытæ ис, æмæ кæцыдæр низтæн æвдадзы хос фæвæййы. Адæймаг ын йæ уыцы миниуджытæ ра- иртæста, зæгъгæ, уæд ын, гæнæн ис, æмæ хъуазы æхсырæй стырдæр кад кæнид. КУЫРОЙЫДОН Кадбæллон адæм та куыннæ стæм, æвæдза! Уæвгæ, кадмæ бæллыны æвзæрдзинадæй ницы ис. Æвзæр у, кадмæ бæлгæйæ, Къостайы загъдау, æгадæй куы мæлай, уæд. Кадмæ бæллыны кой хуымæтæджы нæ ракод- тон. Кæддæр кæцыдæр «ахуыргонд» Лондон ирон дзырдæй равзæргæ ра- хуыдта, наутæ, дам-иу дзы кæй лæууыд, уый тыххæй йæ Лондон схуыд- той, ома лæууæндон. Фæстæдæр ма уыцы «ахуыргонды» хуызæтгæ фæзын- ди æмæ Уимблдон (ома, дам, тымбылдон) æмæ Кройдон дæр ирон дзырдтæ рахуыдтой. Æз мæхи Куыройыдоны кой ракæнынмæ хъавын, уымæн æмæ йын зонын йæ равзæрæн, ома йæ ном кæцæй рацыд, уый. Æргом дзургæйæ дзы диссагæй ницы ис, уымæн æмæ йæ номы равзæрд арвæй бæрæгдæр у: куырæйттæ йыл кæй зылди, ахæм ном ын уымæн радтой. Æз ма дзы мæхæдæг дæр дыууæ æрæййæфтон: мæнæуыссæн æмæ нартхорыссæн. Фыццаджы куыройгæсæй куыста Цъебойты Борнæф — нæхи хъæуккаг Гаситы Сæлæмырзæйы сиахс, дыккаджы та Икъаты Цæрай æмæ Бæцойты Тегка. 78-аздзыд Хъуппеты Дзандар куыд зæгъы, афтæмæй бæрæгъуый- наг Куыройдоныл куыста фондз мæнæуыссæн æмæ дыууæ нартхорыссæн куыройы. Куырæйттæ, зæгъгæ, сæ фылдæр къада куырæйттæй бирæ стырдæртæ нæ уыдысты, уымæн æмæ дзы кæцыдæрты фыдтæ сасиры чъырийæ чысыл стырдæртæ йеддæмæ нæ уыдысты, фæлæ уæддæр сæ хицæуттæ цæмæй кулакты номхыгъдмæ бахаудаиккой, уый «ахъаз» сын фесты... О, æмæ ныр уыцы диссаджы доныл — зымæг сæлгæ нæ кæны, сæрд — ивылгæ — иунæг куырой дæр нал зилы, фæлæ уæддæр йæ ном Куыройы- 485
донæй баззад. Ныртæккæ нæмттæ ивыны дуг у. Ивынц паддзахæдтæ æмæ фæзты, горæттæ æмæ уынгты, колхозтæ æмæ совхозты нæмттæ. Тæрсын, денджызтæ æмæ цæугæдæтты нæмттæ ивынмæ куы бавналой, уымæй дæр. Кæд мæ Куыройыдон иу куыройы фыд дæр нал зилын кæны, уæддæр мæ нæ фæиды, йæ ном ын куы аивиккой, уый, уымæн æмæ дзы Куыройы- доны аххос ницы ис. Йæ тых, йæ хъару къаддæр нæ фесты, куыройы фыдтæ фыццагау зилын йæ бон у. Кæд исты ивын хъæуы, уæд — адæмы зонд. Хуыздæрмæ. Уæд та Куыройыдон дæр йæ комкоммæ хæстæ æххæст кæнын райдайдзæн, йæ номмæ та йын къухбакæнæн нал уыдзæн. ЧЫЗГÆВИЛÆППУ? Уæздандзинад кæдфæнды æмæ кæмфæнды дæр равдисæн ис. Зонд- джын адæм куыд зæгъынц, афтæмæй, сылгоймагмæ, цал азы йыл цæуы, уый схъæр кæнынæй зындæр ницы кæсы. Йæ карæй йæ бафæрсыыы бæсты, дам, фæлтау зæронд лæджы, кæд амæлдзæн, уымæй бафæрс. Стæй ма афтæ дæр загъдæуыд, уæздан нæлгоймаг, дам, сылгоймаджы райгуырды аз зоны, фæлæ нæ зоны, цал азы йыл цæуы, уый. Æз дæр, мæ сыхагæн бирæ цот кæй уыд, уый нæ басусæг кæндзынæн, æрмæст зæгъдзынæн, дæсæй фылдæр кæй нæ уыдысты, астæй та — къаддæр. Дыууæ фырты æмæ йын иу чызджы фæстæ фаззæттæ куы райгуырд, уæд, фыццаг сывæллоны райгуырды фæстæ цоты хистæр йæ фыды мадмæ хæрзæггурæггаг фæци, хо мын райгуырд, зæгъгæ. Зæронд ус ыл йæ былтæ акъуырдта, чызджы райгуырдыл цæуыл цин кæныс, кæд æдылы къоппа нæ дæ, уæд, зæгъгæ. Уалынмæ та лæппу дыккаг хатт æрбатахт æмæ но- джы хъæрдæрæй фехъусын кодта: — Ноджыдæр ма мын иу хо райгуырд!.. Ацы хатт зæронд ус йæ «маст» уромын нал бафæрæзта æмæ йын бустæ- хуызæй афтæ: — Хæдзар къорыппы дзаг чызджытæй байдзаг, ды та цин кæныс!.. Диссаг у, æвæдза, лæппуйы фæзындмæ куыд тынг æнхъæлмæ фæкæсынц ирон адæм, афтæмæй та арæх - уæлдайдæр ныртæккæ - чыз- джытæ сæ ныййарджытæн фылдæр лæггæдтæ бакæнынц. Æртæ æвзæр лæппуйæ иу хорз чызг хуыздæр, у, зæгъгæ, дæр æвæццæгæн, уымæн фæзæгъынц... 2005 486
СÆРГÆНДТÆ: ДÆЛЛАГ ИР. Автобиографион роман 7 ÆРТÆ ФÆРВЫ Радзырдтæ «Уый æваст æрбалæудзæн...» 433 «Мæ зæрде ма нæ лæппу уыдтæ...» 437 Æнамонд фæндаг 442 Хæдзари-хæдзар 446 Сыхæгты маст 449 Талынгрудзгуытæ 452 Хонджытæ æмæ хъæргæнджытæ 455 Агъуылбийы къæлиндар 459 Тъибылы цуан 462 Тыхбегара 464 Гæртам 466 Хуыпп дæр нал! 468 Миниатюрæтæ 475
Литературно-художественное издание ДЗАСОХОВ МУЗАФЕР СОЗЫРИКОЕВИЧ НИЖНИЙ ИР Редактор 3. У. Дзуцева Дизайнер В.А. Цагараев Художественный редактор Г.З. Чеджемты Корректор Э.Дз. Баликоева Компьютерная верстка Н.А. Семенова Сдано в набор 11.09.06. Подписано к печати 15.12.06. Формат бу- маги 60х84'/16. Бум. офс. № 1. Гарн. шрифта «Times». Печать офсетная. Усл. п.л. 28,36. Учетно-изд. листов 35,32. Тираж 500 экз. Заказ №2176. С 7. Комитет РСО-Алания по печати и делам издательств. ГУП издательство «Ир», 362040, Владикавказ, проспект Мира, 25. Отпечатано с готовых диапозитивов в ОАО «Издательско-полигра- фическое предприятие им В.А. Гассиева», 362011, Владикавказ, ул. Тельмана, 16. Дзасохты М. Д-16 Дæллаг Ир: Роман. Радзырдтæ. Миниатюрæ- тæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 — 487 ф. Дзасохов М.С. Нижний Ир. Проза Музафера Дзасохова изначально автобиографич- на. В книгу, выход которой приурочен к 70-летию со дня рождения писателя, помимо романа «Нижний Ир» вошли также рассказы и миниатюры о природе. 4702500201-7 840сет MM131(03)-07
Оцифровка: dziglo (24-25 июня I 2013 г.)