Текст
                    Журнал выходит с мая 1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫИ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕИ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Главный редактор — Ахсар Кодзати
Редколлегия: Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв. секр.)
Шамиль Джикаев
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Михаил Цирихов
Техн. редактор Аына Ядыкипа
Корректор Заира Карацева
Владикавказ 1997


_3_ '97 Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЬЮДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор — Хъодзаты Æхсар Редколлеги: Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн. секр.; Джыккайты Шамил Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Цырыхаты Михал Техн. редактор Корректор Ядыкина Анна Хъæрæцаты Зæирæ Дзæуджыхъæу 1997
НОМЫРЫ ИС: ДЗУЦЦАТЫ Хадзы-Мурат. Лдæмæн куы ракæной сæ сæр. , Æмдзæвгæтæ ’ 5 ТÆЛМАЦТÆ Эжен ИОНЕСКО. Сыкъафындз. Пьесæ 18 СКЪОДТАТИ Эльбрус. Цард — фæндаг, æй нивгун. Æмдзæвгитæ . 68 НОГ НÆМГГÆ ГАБЕТИ Нелли. Цæргæс. Æмдзæвги 78 ХÆБÆЛАТЫ Мæдинæ. Фæлæ нæмис æгъдæутгæ. Æмдзæвгæ . . . 78 БЕТРОЗТИ Залинæ. Лæгæт. Æмдзæвгæ. Сатанай бæгæни. Драмон миниатюрæ 78 АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Чермены таурæгьтæ, кадджытæ, зарджытæ 81 УИДÆГТÆ ЦАГЪАТЫ Анастасия. Мæздæджы фольклор \26 НЕ ’ВЗАГ - НÆ ХЪЫСМÆТ ! АГЪНАТЫ Æхсар. Скифты-сæрмæтгыдзырдуат 145 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ ДЖЕХ æмæДЗÆГЪГЪО. Дыууæ цауы 159 Историон хабæрттæ 160 Учредители: СП РСО-А и коллектив редакции Сдано в набор 07.02.97. Подписано в печать 07.10.97. Формат издания 60x84 '/1Г) Бум. тип. № 1. Гарнитура шрифта Му$1. Печать офсетная. Усл. п. л. 9,30. Учетно- изд. л. 7,68. Заказ № 2014. Тираж 1000 экз. Адрес редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журнал набран, сверстан и отпечатан на издательско-полиграфическом предприятии им. Гассиева, 362011, г. Владикавказ, ул.Тельмана, 16. © Мах дуг№ 3, 1997
ДЗУЦЦАТЫ Хадзы-Мурат АДÆМÆН КУЫ РАКÆНОЙ СÆ СÆР ХУРМÆЗИЛАГ Хæдзары размæ, цæхæрадоны, хурмæзилаг æрзад — Зæххы сатæг æхсырæй хаст, арвы æртæхæй æхсад,— Иудадзыг йе ’ргом здæхта хуры тæвдсырхмæ... Ныр ма йæм бакæс — разылд, раздæхт тыргъмæ — Кæмæ? — сахарæй чи ’рбацыд айразмæ, Уыцы сылгоймагмæ, уыцы саулагъзмæ. 1990.20.7 ÆНÆ СÆР Адæмæн куы ракæной сæ сæр (адæмтæй дам нæй æвзæр) æмæ та дзæвгар азты фæстæ куы разайа (чи зоны, фыццагæй фæсте баззайа кæнæ дзы фæразæй уа), æмæ та сын æй куы ракæной (фæтæгмæ куы хъæр кæной: «Ракæн æй! Ракæн æй! 5
Æртын æвдæм — сæргæнæн аз — рагæй нæй, рагæй нæй!»), стæй та тыхамæлттæй куы разайа (æмæ та йæм куы нæ кæсой разыйæ) æмæ та сын æй куы ракæной (сæ хъæр та куы нæра: «Ракæн æй! Ракæн æй! Æртын æвдæм—сæргæнæн аз—рагæй нæй, рагæй нæй!»), уæд уыцы адæм уыдзысты æнæ сæр, æнæ сæр (ау, ды дæр æй нæ бамбардзынæ, нæ бындар, нæ кæстæр?!) 1996.20.5 ИРОН ФÆНДЫР - МÆГУЫРГУР Автовагзалы цур — зæххы бын дæргьæццон ахизæн — Кæд ма фæджих дæн, кæд ма фæсæццæ дæн ай хуызæн! Цыма ныххызтæн мæрдтыбæстæм — æмбæлын уæлæуон цæрджытыл,— Мæнæ дзыназы ирон фæндыр æрыгон сылгоймаджы уæрджытыл, Ирон фæндыр — мæгуыргур, о, фæдисгур æмæ хъынцъымгур... Ирыстоны хæхтыл удисгæ зыны ма гæзæмæ дыдзы хур. 1996.10.1 * * * Чысыл уыдтæн — лæппынхъуын, суинаг, хæссинаг, кæсинаг, Æрвыстон уæ фарсмæ — уæ цæсты æнгасмæ — мæ хъыгаг, мæ цинаг. 6
Хазби мын — Калоты Хазби — уыд мæ хистæр æфсымæр. Стæй уымæй хистæр — Къоста, стæй Нигер, стæй Секъа — æвзистбоцъо, æвзистсæр, Стæй Темырболат... Цас уыдысты мæ хистæр æфсымæртæ, Мæ адæмы æмæлæтæн удлæууæн, ныфсæвæртæ! Фæлæ рацæй-рабон, æмæ Хдзбийæ — Калоты Хазбийæ — фæхистæр дæн, Стæй Къостайæ, стæй Секъайæ... Мæ адæмы зæрин, æвзистсæртæн Сæ сæрты акастæн — мæгуыр мæ бон! — мæ карæй, мæ азтæй, Цинæй дзы нæ байрадтæн,— баруадтæн дзы мастæй. Æмæ руайын... Мæ адæмы æмæлæтæн удлæууæн, ныфсæвæртæ, Ох-хай, куыд уæ хонон мæ кæстæр, мæ кæстæр æфсымæртæ?!. 1995.4.8 # # # Мæрдцзыгой адæм — хъыггæнджытæ, кæуджытæ — Се ’ппæт дæр — мæрдтыбæстæм рады лæуджытæ. Æнæуи — дзаума кæнæ хæлцмæ — рады лæугæйау, нæ бырсынц размæ, 7
Иу адæймаг дæр æнæ радæй не ’рбалæудзæн сæ фарсмæ... Марды мæт, марды кой нæ,— ис сæм сæхи мæт, сæхи кой, Бæргæ, а радæн сæ уды фæндиаг дзæбæхтæ зæгъиккой,— Куы нæ дзы лæууиккой... Кæнæ дзы куы уаид æмбæхсæн, кæнæ йемæ хæцæн,— Зæххыл иу рад дæр куы нал уа, уæддæр а рад уыдзæн. Æмæ уыдзысты мæрдцзыгой адæм — хъыггæнджытæ, кæуджытæ — Кæдфæндыдæр, кæмфæндыдæр — мæрдтыбæст’æм рады лæуджытæ. 1996.6.6 * * * Ирон лæг нæ бары — Ирыстон уарзай зæрдæйæ, зæрдæрисгæ,— Хъуамæ дам афтæ уарзай æндæр искæй, æндæр искæй. Ирон лæг нæ бары — иронау дзурай, кæсай, фыссай æкъуыхцыйæ,— Худинаг дам у уырысæй, мæхъæлæй, гуырдзыйæ... Ирон лæг нæ бары — Ирыстоны знæгты цæвай дзырд кæнæ кардæй,— Уæд дам Ирыстоныл зилыс мæнгардæй, мæнгардæй. Ирон лæг нæ бары — Ирыстон хъахъæнай, йæ сæрвæлтау басгуыхай,— 8
Уыдзынæ де ’мирæй иудадзыг масты хай, масты хай. Ирон лæг нæ бары — уай ирон, æцæг ирон, æцæг ирон,— Уыдзынæ де ’мирæн æцæгæлон, æцæгæлон. 1996. 12. 6 КОЦОЙТЫ АРСЕН Цы загъдæуа?! А цард æй цæрын нæ уагъта, ныр та йæ мæлын дæр нæ уадзы. Трамвай рацæуы, уæд рельсмæ йæхи æруадзы, Бауромы, фæлæ трамвай йе згъорд фæуадзы, æмæ зæронды сисынц рельсæй... Кæнæ та искæм фæхсбандоныл Баззайы бадгæйæ, ныссæлы зымæджы уазалæй, сæмбæлы салдæй æрбабоныл. Баззайы бадгæйæ, цыма йын ис митæй буар, митæй йын—боцъо, рихитæ, æрфгуытæ, Цыма митлæгыл чидæр палто скодта, æрсагъта йыл цилиндырхуд... Цыма фыдфынтæ... Æмæ йæм иубон рараст Хуыцау — куыннæ тыхст йæ тыхстæй, куыннæ йын уыд зын йæ зынæй! — Нал фæрæзта дзæгъæл, æвæгæсæг зæрондæн йæ тæригъæдмæ кæсынæй, Æмæ æрбадт йæ нывæрзæн, чысыл, хæрзчысыл ма — æмæ йын аскъуыдта йæ райæнтæ, йæ мæстытæ, 9
Æмæ йын фæлмæн, уаз уырзтæй сындæггай æрæхгæдта йæ цæстытæ... О, а цард æй цæрын нæ уагьта, мæлын дæр æй нæ уагъта, Фæлæ а цардæн «Фесæф!» æмæ «Хæрзбон!» нæ загъта. 1995.4.2 ЕДЗИТЫ СОСЛÆНБЕДЖЫ АВТОПОРТРЕТ (’Куыд дын ис уромæн дæ монц, дæ туг æмæ дæ рондзимæ?!) Дæ рахиз къух — быцæуæвæрд дæ уæрагæй дæ роцъомæ, Тыхæй дын уромы, тыхæй дын уромы дæ сæр (Дæ сæры сагъæстæн нæй Тыгъд æмæ Афоны арæн, къæсæр), Дæ галиу къух æруагъта йæхи дæ галиу уæрагыл (Цыма йæ амад цъæх дурыл уæ хъæуы сæр рагъыл) — Тыхæй дын уромы дæ къух, уромы йæ тыхæй (Дæ къухтæ дзырдтой хуыздæр хæрзифтыгъд æвзаггæл дзыхæй),— Тыхæй дæ уромы Зæхх — планетæ Зæхх — хауæггаг, хитæг, Уый уымæн, æмæ планетæ Зæхх цæры дæ мидæг, дæ мидæг. 1996.11.6 10
* * * Ды æмæ дæ куыдз парчы тезгъо кæнут,— Ма уын уа æнтæф, ма уын уа æнуд. Æмæ куы ауыдтат мæн,— куыдз ныхъхъырныдта, ныррæйдта, Иæхи мæм райвæзта, дæ къух ын йæ бæттæн тыххæй урæдта, Иæ фæдыл ласæгау ракодта дæу, Æмæ йыл хъæр кæныс: «Банцай! Æрлæуу!» Ме ’рдæм дæр хъырнæгау, рæйæгау цыдæртæ лæхурыс... Дæ куыдз мæм нæ лæбуры, нæ,— ды мæм лæбурыс! 1995.10.6 * * * Уыцы чызг зары: дæу дам нал мысын, ферох дам кодтон дæу, Ахаудтæ дам мæ зæрдæйæ, дæ, нæ дæ,— уæлдай дам мын нæу. . Ахауд йе зноны уарзт, ахауд йе зноны маст, Ферох йе зноны цæф, ферох йæ рис-цъæхахст, Иу фæд дæр ыл нæ ныууагътой — нæдæр сæ аз, нæдæр сæ мæй... Ау, афтæ уа? Уæдæ цæмæй базæронд дæн, цæмæй?! 1996.20.5 11
* * * Алыхуызон стыр æмæ чысыл хицæуттæ — Хицауæн табугæнджытæ — гæртамхор, хин цæутæ — Халæг, хæрам, хæлæг, фæливæг, Диссаг, куыд нæ кæнут зивæг,— Цæут, тындзут доны былмæ, хъæды хъæбысмæ, Цъиуты цъыбар-цъыбурмæ, цъыс-цъысæгты цъыс-цъысмæ... Æмæ фæрнæй цæут — кæд æрдзы хуызæн суаиккат удæй, Уæ чъизи раивиккат сыгъдæгæй, уæ фыдуынд — рæсугъдæй, Æмæ уæ раид, сæрыстыр уæ уаид нæ дзыллæ-æхсæнад... Фæлæ — уæуу! — мыййаг æрдз дæр уæхи хуызæн куы скæнат! 1995.16.6 * * ,* Фæткъуыбæлас — бæрзонд æмæ уæрæх, рæдау æмæ нæртон, Сæвнал æм, кæнæ йæм схиз — æмæ дзы æртон, Æмæ дзы ницы ис гуырысхойаг, хъуыдиаг,— Равзар дзы дæ цæст æмæ дæ уды фæндиаг. Фæлæ дæуæн цæмæндæр йæ цъупмæ бахъазыд дæ цæст, дæ уд, Уым — иу фæткъуы — сырхфарс, тæмæнтæкал, рæсугъд,
Æмæ йæм схызтæ, бырыс æм — уæлæ ис, уæлæ, хæстæг!— Æмæ бæлас кæм фæнарæг,— тасынтæ систа йæ зæнг, Тас у, фæсæтта,— уæвгæ кæм хæты, мæргъты хæтæнты!— Дæ къух æм сивæзтай, сæххæстæ йæм тыххæйты, Æмæ йæ æртыдтай,— дæ цинæн ма кæрон кæм уыд!— Фæлæ йæ куы ’ркъæмс кодтай, уæд разынд æмбыд. 1995.15.10 * * * Æмæ рахастой мард. Бæллиццаг сылгоймаг. Нындзыг ысты адæм-мæрддзыгой. Æз никуыма федтон — мардмæ кæсгæйæ, афтæ нындзыг уой. Бæллиццаг сылгоймаг. Цæмæн райста æрдзы — йæ ныййарæг мады — зæрдæхудт? Кæс-ма йæм, куыд рæсугъд у, оххай, куыд рæсугъд! Бæллиццаг сылгоймаг. Чындзы та цæуылнæ фæцыди, чындзы та? Цæмæй зонынц адæм, æдзухдæр йæ удæй, йæ буарæй кæмæ-иу тындзыдта,— Уыд уартæ фæсхохаг — цахæмдæр фыдæгъдау хæдзары цагъайраг, Сæ дыууæ дæр — удхайраг, сайраг. 13
Бæллиццаг сылгоймаг. Аскъуыд йæ зæрдæ. Æмæ дзы фесты фыдохаг... 0, ацы уысм диссаг æрцæуид, куы фæзынид ардæм фæсхохаг,— Бæллиццаг сылгоймаг йæ табæтæй растид, йæхимид фæтыхсид, Фæсхохагмæ базгьорид рогæй æмæ йыл ныттыхсид, Æмæ æрвдзæфау æдзæм адæм айхъусиккой хъуытаззæл, æнæрцæф, Зæрдæскъæф хъæлæс: — Цæмæ ма у каст? Чындзæхсæв! Чындзæхсæв! 1995.7.12 АПРЕЛЫ КÆРОН Бæлæстæй хауынц дидингуытæ — цыма миты тъыфылтæ, Цыма ихæн, уазал систа хуыфынтæ, калы тыфылтæ... Æви мыл ахæм афонтæ скодта — карз æмæ тызмæг: Уалдзæг дæр мын у — æмæ уыдзæн — зымæг?! 1995.29.4 14
ÆХСАЙ АЗЫ МЫЛ КУЫ НÆ ЦÆУИД КÆНÆ ПЕНСИКАР КУЫ НÆ УАИН Сахары цæугæйæ — трамвай, троллейбус уа æви автобусы, Къандукторы фенгæ — лæппу кæнæ лæджы, æвзонг кæнæ зæронд усы,— Æз фестъæлфын, мæ дзыпмæ февналын,— сæ цайдагъ мæ нæма фæхицæн, Фæлæ мæ фæуромы йæ хъæлæс: «Дæумæ не ’мбæлы, ды бад дæхицæн!» Æмæ бадын махицæн — нал дæр мын ивгъуыд ис, нал дæр фидæн, Нал дæр хъусгæ, нал дæр дзургæ, цыма æгомыг дæн, къуырма... Ехх, къандуктор, дæу фенгæ-иу куы фестъæлфин, фæндаггаг дын куы фидин, Æмæ мыл &хсай азы куы нæ цæуид нырма! 1995.27,4 к ÆРХÆНДÆГ ЮМОР Мæ зæрдæ мын кæрчытæ хæрынц — иудадзыг — бирæ, бирæ кæрчытæ. Ныр мæ кæрты куы уаиккой уыдон æмæ куы ’фтауиккой æйчытæ,— Адæмыл куыннæ кæнин цин! — Хъайлайæ, нард фыдæй сæ хынцин Сыхагæй, фæндаггонæй, Хионæй, æддагонæй! 1996.5.2 15
* * * Ды мын дзурыс — абон знонæй карздæр: Адæймаг дам маймулийæ нæ равзæрд! Ныр куы скæниккам хæснаг,— æвæдза, амбулин дæ: Зæгъ-ма уæдæ, цæмæн ис не ’хсæн айбæрц маймулитæ?! 1996.16.5 * * * Телевизион — даргъ, æнæвгъау даргъ — цæджындз кæнæ хъил,— Кæд дæ фæнды, арвмæ, Хуыцаумæ йыл схил. О, фæлæ Хуыцаумæ фæцу — æмæ дзы ма кæн æфсæрм? Дæ алфæмблай уæлдæф фæйнæрдæм рæдув, æмæ дзы æфсæр, Æмæ дзы скъæр гæды дзырд, къуырма-куырмгæнæн, сайæн? Æрвыл уысм дæр дар йæ цæсты раз Хуыцауæн Дæ дзырд дæр, дæ уд дæр — тæригъæдджын, сайраг æрмæг?.. Æви сын Хуыцау дæр сæхийау æдзæсгом у, мæнг?! 1995.3.6 —©—
ТÆЛМАЦТÆ Эжен ИОНЕСКО Францаг фыссæг Эжен Ионескойы фыстытæ тæлмацгонд æрцыдысты бирæ æвзæгтæм, йæ пьесæтæ йын æвæрынц сæдæгай сценæтыл. «Сыкъафындз» у Ионескойыхуыздæр уацмыстæй иу. Критиктæй йæ бирæтæ нымайынц «антинацистон сатирæйыл». Ионеско йæхæдæг дæр разы у уыцы хъуыдыимæ, фæлæ йæ иу интервыойы афтæ зæгъы, пьесæйæндам йæ идейæ, йæ мидис æндæр хуызыдæр æмбарæн ис. Æмæ æцæг дæр уыцы уацмыс æрмæст фашизмы цæсгом («цæсгомы» бæсты растдæр уаид «хæмхудтæ» ныффыссын — фашизмæн цæй цæсгом и!) равдисыны охыл фыст куы ’рцыдаид, уæд афтæ тынг нæ ахадид. Адæмтыл сæ бирæминазон историйыдæргъы иунæг нацизмы низ нæ сыстади. Лæг йæ равзæрдæй абонмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ федта ахæм «рынтæ» æмæ «емынæтæ». Абоны хъомпал, « æвыд-дывыдоны дугмæ» дæр æрбалæгæрстой сыкъафындзты æрдонгтæ. Уромæг сæ уромын нæ фæразы, егъау бæстæ сын хынджылæггаг сси, сæ къæхты бын æй ссæндынц. Уды фарн, æгъдау, уаг, лæджыхъæд, æфсарм, цыт — бавдæлон дзы сты бирæ фæлтæртæ. Сыкъафындзтыæбуалгъ низæйуæл- дай тæссагдæр у фæсивæдæн, нæ рæзгæтæн. Уыцы рын, Н. Наумовы загъдау, мыггагыскъуыд кæныхъуы- ды, зонд: сыкъафындзы хъуыды чердыгæй хъæуы — æмбудæнтæ йæ фаг сты, уыдон руаджы ссары хæри- 2 Махдуг№ 3, 1997 17
наг! Уыцырын зæрдæйæ срæдувырухс фæндтæ, уар- зыны, æфсæрмы кæныны, искæуыл аудыны монцтæ: сыкъафындзæнйæ зæрдæ — йæ уæцъæф! Уыцырынæн фидыц йæ уæнгæл, йæ цæстысындз у: сыкъафындзæн йæ холлаг — йæ уд, йæ дзæцц, йæ фидыц! Уыцы рын кæйрацъиппласы, уыдонуадидæгæниуджиппыуагъ- ды хуызæн æмхалдихтæ авæййынц: сæ каст — къуы- мых, сæ царм бæзджын, сæрымагъз — пъæззыбадт, се змæлдтытæ — гуымиры, æрмæст цæнгæтриу тан- кау размæ лæгæрдын зонынц Кæд кæрæдзийæ истæмæй хицæн кæнынц, уæд сæ сыкъатæй: иутæдзы дысион сты, иннæтæ — иусион. Мæ ныхас балхынцъгæнинаг дæн афтæ: гъæй-джи- ди, æмæ нæм ацы тыхст æмæ уырыд рæстæджыты Ионескойы пьесæйы герой Беранжейы хуызæттæ иугæйттæ куынæ уаид, фæлæ фылдæр. Уый тæккæ тæссагдæр сахæтты дæр разынд адæмæн æмбисонды удвидар, сыкъафындзты сау емынæ йын мур дæр ни- цыхъом баци. Адæймаг баззад адæймагæй. Уыцы æнусон фарны тых мæ сцыбæл кодта Эжен Ионескойы пьесæ ирон æвзагмæ раивынмæ. Хъодзаты Æхсар 18
СЫКЪАФЫНДЗ Пьесæ цыппар нывæй ÆВДИСДЖЫТÆ: Дуканигæсыус. Дэзи. Ж а н. Д ю д а р. Беранже. Ботар. Хæринагхæссæг. Мосье Папийон. Дуканигæс. МадамБеф. Æфсин. Сыгъдхуыссынгæнæг. Логик. Зæрондлæг — мосьеЖан. Уæзданзæрондлæг. МосьеЖаныус. Кафейыхицау. Сыкъафындзтысæртæ. ФЫЦЦАГ НЫВ Провинциалон сахар. Фæз. Рæбынæй — дыууæуæладзыгон хæдзар. Фыц- цаг уæладзыджы — хойрæгты дуканийы витринæ. Дуканийæн — авгæй дуар, дыууæ къæпхæны Витринæйы сæрмæ егъау дамгъæтæй фыст. «Бакалей». Дыккаг уæладзыгæн — дыууæ рудзынджы, æвæпцæгæн дзы дуканигæс цæры. Дуканийы фале арвыцъæхы сфардæг дзæнгæрæгдоны цыргъ цъупп — æрцын- дзы æнгæс. Галиуырдыгæй тæссармæ — кафейы витринæ. Дуканийæ кафейы ухсæнты айтынг нарæг уынг. Кафейы сæрмæ ма — иу уæладзыг иу рудзын- гимæ. Кафейы террасæйы фынгтæ æмæ бандæттæ — сценæйæн йæ астæумæ æввахс Фынгтыцур тротуарыл — бæлас, рыгыл сбадти. Цъæх арв, ирдрухс, урс къултæ. Бон-сихорафон, хуыцаубон, сæрд. Жан æмæ Беранже хъуамæ æрбадой кафейыраз фынджы уæлхъус. Æмбæрзæн сисыны агъоммæ азæлы дзæнгæрджыты зæлланг. Æмбæрзæн куы систæуы, уæд дæр ма цалдæр секунды фæхъуысы сæ хъæр, стæй басабыр вæййы. Уыцы сахат сценæйæн йæ галиуфарсæй рахизырдæм æнæдзургæйæ рацыди сылгоймаг, йæ иу къухы хойрæгтæхæссæн афтид хызын, иннæ къухæй та йæ риумæ æнгом нылхъывта гæды. Дуканигæсы ус дуар бакодта, кæсы сылгоймаджы фæдыл. Дуканигæсы ус. Кæсыс амæ дæр! (Йæ лæгмæ, уый уыцы рæстæг ис дуканийы.) Куыд ысхъал и! Мах дуканийыл нал æрвæссы. Дуканигæсыусдуары аууон фæци. Сценæ иуцасдæр у афтид. Галиуыр- дыгæй рацыди Жан, рахизырдыгæй та Беранже. Жанæн сырхцъар цæсгом. Йæ дарæс аив: морæ костюм, крахмалы тылд æфцæггот, сырх галстук, чъил- джын морæ худ, бур æрттиваг батинкæтæ. Беранже у æнæдаст, бæгъæмсар, сæрыхъуынтæ æнæфаст, пинджак æмæ хæлаф — æнцъылдтæ, йæхимæ кæй нæ зилы, уыйбæрæгу, цæсгом фæлладхуыз, æнæхуыссæг, иудадзыг йæ ком ивазы Ж а н (галиуфарсæй). Æгайтмæ дæ ныхас нæ фæсайдтай, Беранже! Б е р а н ж е (рахизфарсæй). Æгас цу, Жан. 19
Жан. Цæмæй сомыхъом уай, уый.тыххæй ма иу хатт афоныл æрбацу, гормон! (Кæсы йæ къухылдаргæ сахатмæ). Дыууадæсæм æрдæгмæ ныхасгонд уыдыстæм. Ныр та дыууадæсмæ æввахс у. Б е р а н ж е. Хуыцауы хатыр бакæн. Рагæй æнхъæлмæ кæсыс? Ж а н. Нагъ, дæхæдæг æй уыныс, нырма ныр æрбацыдтæн. Кафейы террасæйы цы фынгтæ лæууы, уыдонмæ сæхи байстой. Б е р а н ж е. Уæдæ уæд афтæ тынг аххосджын нæ дæн, иугæр... дæхæдæг... Ж а н. Мæнæн мæ хабар æндæр у. Æз æнхъæлмæ кæсын нæ уарзын, мæ рæстæг дзæгъæлы нæ сафын. Зонын æй, алы хатт дæр æрæджытæ кæныс, гъемæ барæй ныффæстиат дæн, ацы хатт зæгъын дæу бафæзмон. Б е р а н ж е. Раст дæ, иттæг раст дæ, фæлæ уæддæр... Ж а н. Афоныл æрбацыдтæ зæгъгæ дæ бон афтæ зæгъын у? Б е р а н ж е. Нæу... Сæттын мæ рæдыдыл. Æрбадтысты фынджы уæлхъус. Ж а н. Уæдæ ма уæд ныхас цæуыл у! Б е р а н ж е. Цы нуазыс? Ж а н. Сæумæцъыккæй та дæм нуазын цæуы? Б е р а н ж е. Фыртæвдæй бæстæ сæфы... Ж а н. Фенæг лæгтæ афтæ фæзæгъынц: цас фылдæр нуазай, уыйбæрц дæм тынгдæр цæудзæни нуазын... Б е р а н ж е. Уыцы фендджынтæ хуыздæр исты куы ’рхъуы- ды кæниккой. Зæгъæм, хур цæмæй къаддæр æндава, уымæн исты æрымысæнт æмæ адæм дойныйæ хъырды ма кæной. Ж а н (æдзынæг каст кæны Беранжемæ). Æмæ уымæй дæуæн цы пайда уаид? Дойны дын мыййаг куынæ у, мæ хуры чысыл Беранже... Б е р а н ж е. Хорз дæ не ’мбарын, мæ лымæн. Ж а н. Æгæр хорз дæр ма мæ ’мбарыс. Дæ ком та куы ных- хус и. Уыцы уæцъæфы дын цастæ цæуы, цастæ!.. Б е р а н ж е. Æгæртæ мын нæ ныдздзырдтай? Ж а н (йæ ныхас ын фескъуыдта). Цы хуызæн дæ, уымæ-ма бакæс! Б е р а н ж е. Уагæры цы хуызæн дæн? Ж а н. Искæй куырм æнхъæлыс? Дæ къæхтыл тыхтæ-фыдтæй лæууыс; дысон та дзы хорз нынцъыхтай, æмæ ныр æнæсцухæй дæ ком ивазыс, æркув-æркув кæныс. Б е р а н ж е. Раст зæгъын хъæуы, мæ сæр иучысыл риссы. Ж а и. Де ’нтыды тæфæй æз дæр куы фæхуыдуг уон, уымæй тæрсын!
Б е р а н ж е. Зноны нозты фæстæ, æцæг дæр, мæ зæрдæ иуцасдæр хæццæ кæны... Ж а н. Фыццаг хатт дын нæу. Алы бон дæр ахæм уавæры вæййыс. Б е р а н ж е. Уый ма зæгъ, мæ хæлар. Кусгæ бонты афтæ арæх нæ аназын... Ж а н. Дæ галстук та кæм и? Кæимæдæр фæхыл дæ æмæ дын æй рарæдывтой! Б е р а н ж е (йæ хурхмæ февнæлдта). Æцæг, æцæг, цы фæуыдаид? Ж а н (йæ дзыппæй галстук систа). Гъа, бабæтт æй. Б е р а н ж е. Стыр бузныг, нæ дын æй ферох кæндзынæн. (Галстук бæтты.) Ж а н (цалынмæ Беранже галстукимæ архайы, уæдмæ). Æниу ма дæ сæрмæ бакæс! Беранже йæ сæрыхъуынтæ йæ къухæй æрсæрфта. Мæнæ дын сæрвасæн! (Йæ иннæ дзыппæй сæрвасæн систа.) Б е р а н ж е (сæрвасæн исы). Бузныг (Йæ сæр æнахъинон фæстытæ кæны.) Ж а н. Æнæдаст! Дæхимæ-ма бакæс. (Йæ мидæггаг дзыппæй гыццыл айдæн систа, дæтты йæ Беранжемæ, уый йæхимæ ба- касти, йæ ’взаг раласта.) Б е р а н ж е. Ме ’взаг сгам и. Ж а н (йæ кæсæн райста, фæстæмæ йæ йæ дзыппы нывæрд- та). Куыннæ сгам уа! (Беранже йын йæ сæрвасæн дæтты, Жан æй йæ дзыппы бафснайдта.) Дæ игæрмæ афтæ тынг цæуыл фæхæрам дæ? Циррозмæ дын расайдзæни. Б е р а н ж е (тыхстхуызæй). Æцæг зæгъыс?.. Ж а н (Беранже иын йæ галстук фæстæмæраттынмæ кæпхъа- вы, уый уынгæйæ). Уадз æй дæхицæн, мæнмæ ахæмтæ бирæ ис. Б е р а н ж е (дис кæнгæйæ). Уæллæй, ахæм рæдау лæг фыццаг хатт уынын! Ж а н (дарддæр йæ цæст хæссы Беранжейыл). Дæ костюм дьтн цыма раст род баууылдта, хæдон чъизи, батинкæтæ... (Бе- ранже йæ къæхтæ фынджы бын амбæхсынмæ хъавы.^Ъатъткæтæ рыгæй нал зынынц. Цæвиттон, цы дæ, уымæй — сæмпæрчьи! Дæ фæсонтæ... Б е р а н ж е. Цы кæнынц мæ фæсонтæ? Ж а н. Разил-ма. Кæмдæр къултыл дæхи фæхафтай. Æрцæгъд- ма дæхи. Мемæ ма дын’щеткæ дæр рахастаин? Беранже хорзау нал у, афтæмæй йе уæхсчытæ хойы, йæ рыгтæ цæгъды. Жан йæхи иуварс аппæрста. 21
Ай циу, дæ хорзæхæй. Æви кæрчытимæ бæгъдулæг кодтай? Б е р а н ж е. Нæ зонын. Ж а н. Худинаг дын фæуæд! Дæ бæсты мæ цæсгом фырæфсæрмæй судзы.- Б е р а н ж е. Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, æгæр тынг мæ ма ’фхæр... Ж а н. Ноджы дын фыддæртæ хъæуы! Б е р а н ж е. Иучысыл ма мæм байхъус, Жан. Лæг йæхи цы фæкæна, уый нæй; ацы сахары зæрдæмæ рухсы цъыртт никуы- цæй кæлы; куыстæй зæрдæ мисхалы бæрц дæр нæ райы, бон- сауизæрмæ цыма къуыртты бадыс, уыйау дын фезмæлæн нæй. Цæв_иттон, æндарæнæй цы кæныс! Афæдзæй-афæдзмæ дзы фæджиу, стæй дын æдæппæт æртæ къуырийы ратдзысты фæллад уадзынæн! Бауырнæд дæ, сабаты изæрæй нæ хæдзармæ дзой- дзойгæнгæ баирвæзын, раст мын цыма мæ уд мæ хъуырæй слас- тæуы, уыйау бастайын. Афтæ ифтыгъдæй лæг хъуамæ цас баф- æраза! Гъемæ та æз дæр мæ тыппыртæ суадзын... Ж а н. Мæ хæлары гæбаз, афтæ ’нхъæлыс, æмæ дæу йеддæмæ ничи кусы! Æз дæр кусын къанторы — бон æнæхъæн аст саха- ты; уæдæ мын фæллад уадзынæн дæр фылдæр рæстæг нæ дæттынц, фæлæ ма мæм уæддæр æрбакæс... Лæг хъуамæ йæхи- уыл хæцын фæраза, бирæ истытæ дæ нæ агурын! Б е р а н ж е. Алкæмæ нæй уыйбæрц хъару. Цы йæ ’мбæхсон, нæ фæразын хиуыл хæцын. Ацы цардыл никуы сахуыр уы- дзынæн, йæхиуыл мæ æрмахуыр никуы скæндзæни. Ж а н. Алчидæр хъуамæ суа æрмахуыр. Æви нын ды иннæтæй хъауджыдæр уæлбикъон дæ! Б е р а н ж е. Æмæ ахæмæй куы ницы зæгъын... Ж а н (йæ ныхас ын аскъуыдта). Æз, мæ хæдзар, дæуæй ницæмæй æвзæрдæр дæн, æниу æй цы ’мбæхсон, дæуæй бирæ хуыздæр дæн. Уæлбикъон та кæй фæхонынц, уый зоныс? Иæ хæстæ чи феххæст кæны, уый. Б е р а н ж е. Цавæр хæстæ? Ж а н. Куыд цавæр? Зæгъæм, йæ куысты йæхи цæсгомджынæй чи февдисы, уый. Б е р а н ж е. А-а... Ж а н. 0, хæдæгай, знон дæ кæм æрцахста æгъдау, кæм дзы ахуыппытæ кодтай? Æви йæ нал хъуыды кæныс? Б е р а н ж е. Не ’рдхорд Огюстæн йæ гуырæн бон уыди? Ж а н. Не ’рдхорд Огюстæн? Ау, æмæ уæд мæн куыннæ ахуыдтой? 22
Уыцы сахат дард кæцæйдæр æрбайхъуысти цыдæр æнахуыр уынæр, кæны хæстæгæй-хæстæгдæр. Бæрæг у: æрбацагайы цавæрдæр егъау сырд, йæ сым-сым, йæ уæззау къæхты хъæр æмæ дæргъвæтин богъ-богъ кæнынц тынгæй- тынгдæр. Б е р а н ж е. «Нæ» зæгъын ын мæ бон не сси, аив нæ уыдаид мердыгæй... Ж а н. Ау, уæдæ æз куыннæ ацыдтæн! Б е р а н ж е. Дæхæдæг куы зæгъыс, нæ мæ хуыдтой, зæгъгæ! Хæринагхæссæг (рацыди кафейæ). Уазджытæ, æгас нæм цæут! Цы уæ зæрдæ зæгъы? Уынæр хъуысы тынгæй-тынгдæр. Ж а н (Беранжемæ, уый та, цыма йæмуынæр хъаргæ дæр нæ кæны, йæхи афтæ дары). Æцæг зæгъын, æцæг, нæ мæм уыди хонæг. Уыйбæрц кады аккаг нæ дæн, æвæццæгæн... Фæлæ, ба- уырнæд дæ, куы мæ хуыдтаиккой, уæддæр сæм нæ бацыдаин, уымæн æмæ... Уынæр афтæ стыхджын, æмæ дзы хъустæ къуырма кæнынц. Уый цы у уагæры? Егъау сырды къæхты гыбар-гыбур æмæ тыхджын хæстулæфт бынтондæр æрбахæстæг сты Хуыцауы хатырæй уый циу? Хæринагхæссæг. Æцæг, æцæг, уый циу? Беранжемæ цыма уынæр æппындæр нæ хъуысы, уыиау æвæлмонæй дзуаппытæ дæтты Жанæн. Йæ былтæ змæлынц, фæлæ йæ ныхас нæ хъуысы. Жан æвиппаиды фæгæпп ласта, иæ бандон дæр ма ахауди, рахизырдæм фæссценæмæ кæсы, къухæй цæмæдæр амоны. Беранже раздæрау бады, уыджы каст кæны, афтæмæй. Ж а н. Диссæгтæ! Сыкъафындз! Къæхты гыбар-гыбур æмæ уынæр фæсабырдæр сты, æмæ адæмы ныхæстæ хъуысын баидыдтои. Стыр диссæгтæ! Сыкъафындз! Хæринагхæссæг. Диссæгтæ! Сыкъафындз! Дуканигæсы ус (дуканийы дуарæй йæ сæр радард та). Диссæгтæ! Сыкъафындз! (Йæ лæгмæ, уый ис дуканийы.) Тагъддæр-ма рауай — сыкъафындз! Иууылдæр кæсынц рахизырдæм. Уынæр дардæи-дарддæр кæны. Ж а н. Бæстæ йæ хъæлæсы ахаста, чыргъæдæй, фæйнæгæй, базайрагæй — банай сæ кодта. Дуканигæс (дуканийæ). Кæм и, кæм? Хæринагхæссæг (йæ къухтæ йæ сины сæрты æрæвæргæйæ). Уый дын гъе! Дуканигæсы ус (йæ лæгмæ, уый нырма дуканийы ис). Тагъддæр-ма рауай! Дуканигæс (йæ сæр радардта дуарæй). Диссæгтæ! Сыкъафындз! 23
Л о г и к (згъорæгау æрбакодта рахизырдыгæй). Нæ йæ федтат? Тротуарыл уым фалæмæ фæтæхы! Ацы сценæйы цыдæриддæр фæзилæнтæ ис — хъуамæ æвдыст æрцæуой тынг тагъд, раст цыма архайджытæ сæ ныхæстæ кæрæдзи дзыхæй исынц. Хъуысы сылгоймаджы хъæлæс: «Диссæгтæ!* Уый сценæмæ æрбазгъоры рахизырдыгæй, йæ иу къухы — хызын, æрхауы йын, йæ базайрæгтæ фæйнæрдæм асхъиуынц, авг ныппырх. Ус уæддæр, йæ дæларм цы гæды ис, ууыл ныддæвдæг. Уый у Æфсин. Æ ф с и н. Диссæгтæ! Аив арæзт уæздан зæронд лæг — урс зæнгæиттæ (гетрæтæ), чъилджын худ ыл, йæ къухы, сыкъаиæ къобола кæмæн ис, ахæм лæдзæг — æрбазынд Æфсины хæдфæстæ, базгъордта дуканимæ, дуканигæсы иуварс асхуыста æмæ рæбынæй кæмдæр цыдæр æрбаци. Аогик хæдзары къулмæ иæхи балхъывта, афтæмæи лæууы дуканимæ бахизæны рахизфарс, ис ын урс рихитæ, пенсне æмæ чъилджын худ. Жан, Хæринагхæссæг æмæ Беранже сты хибар ран. Беранже раздæрау бады йæ бынаты, йæ алыварс цытæ цæуы, уыдонмæ йæ хъус нæ дары Рахизырдыгæй хъуысынц «оххытæ», «аххытæ), стæй ныхæстæ: «Диссæгтæ!* Адæм куыд схъомпал сты, уый бæрæг у сæ уынæртæи. Сыкъафындз цы рыг скалдта, уый æрбагуылф кодта сценæмæ. Кафейы хицау (кафейы сæрмæ цы рудзынг и, уыр- дыгæй йæ сæр радардта). Цы ’рцыди, цы хабар у? Уæздан зæронд лæг (дуканийы хицæутты ’хсæнты тыхбырд кæнгæйæ). Бахатыр ма кæнут. Дуканигæсы ус. Дæ лæдзæгæй мын мæ цæст къахыс! Дуканигæс. Æцæг, æцæг, кæдæм тыхбырд кæныс? Уæздан зæронд лæджы сæр разынди дуканийы хицæутты фæсонтырдыгæй. Хæринагхæссæг (кафейыхицаумæ). Сыкъафындз! Кафейы хицау (рудзынгæй кæсгæйæ). Уæ цæстытыл исты ауад, æви сæнттæ цæгъдут? (Сыкъафындзы ауынгæйæ.) Оххай, Оххай! Ахæм диссаг фыццаг хатт уынын! Æ ф с и н. Мæнæ диссæгтæ! Сценæиы фæстæйæ дæр хъуысы ахæм хъæртæ. Æфсинæн раздæрау йæ гæды йæ дæларм, ныддæвдæг ыл. Мæ мæгуыр гинойæн йæ уд йæ къæхты бынæй агæпп ласта! Кафейы хицау, рудзынгæй йæ сæр радардта, афтæмæй кæсы сырды фæстæ; къæхты хъæр æмæ богъ-богъ ма хъуысынц дардæи. Беранже йæхи иуцасдæр атигъ кодта, раздæрау уыджы каст кæны, ницы дзуры, æрмæст йæ цæсгом нынхъырдтæ. Ж а н (знæтхуызæй, рыджы къуыбылæйттæ йæ къухæй иувар- сгæнæгау). Бæстыл чи нæма ’рцыд, ахæм диссаг! (Æхснырсы.) Æ ф с и н (рахизырдæм разылд, йæ базайрæгтæ сценæйы алы къуымты пырхытæ). Бæстыл чи нæма ’рцыд, ахæм диссаг! (Æхснырсы.) Уæздан зæронд лæг æмæ дуканийы хицæут- т æ (авгæй дуар байтыгътой). Бæстыл чи нæма ’рцыд, ахæм диссаг! 24
Ж а н. Бæстыл чи нæма ’рцыд, ахæм диссаг! (Беранжемæ.) федтай йæ? Богъ-богъ æмæ къæхты уынæр дард кæмдæр ныссабыр. Адæм кæмыты уыдысты, уымыты лæугæйæ баззадысты, кæсынц сырды фæдыл. Беранже фыпцагау бады йæ бынаты, цы ’рпыд, уый цыма йæ фæсонæрхæджы дæр нæй, уый хуызæн. Иууылдæр (Беранжейæ фæстæмæ). Бæстыл чи нæма ’рцыд, ахæм диссаг! Б е р а н ж е (Жанмæ). О, æнхъæлдæн, сыкъафындз уыди! Рыгæй бæстæ фесæфта! (Къухмæрзæн систа, æрыхснырста.) Æ ф с и н. Ахæм диссаг нæма фенди! О Хуыцау, мæ уд мæ къæхты бынæй ауади! Дуканигæс (Æфсинмæ). Дæ хызын сис... Уæздан зæронд лæг Æфсины цурмæ бацыд, йæ чъилджын худ систа æмæ йын сæрæй акуывта, йæ базайрæгтæ йын уидзынмæ хъавы. Кафейы хицау. Уæддæр ацы хабар куыд æрцыдаид? Хæринагхæссæг. Иунæг Хуыцау йæ зонæг. Уæзданзæронд лæг (Æфсинмæ). Бар мын ратт, цæмæй дæм дæ базайрæгтæ рауидзынмæ фæкæсон. Æ ф с и н. Бузныг, мосье. Хуыцауы хатырæй дæ худ дæ сæрыл ныккæн. Мæнæ цы тарст .фæкодтон сыкъафындзæй! Л о г и к. Тас цы у, уымæн зондæй æмæ ныхæстæй бамбарын кæнæн нæй. Фæлæ йын хъуамæ зонд йæ рохтыл хæца. Хæринагхæссæг. Нал зыны. Уæздан зæронд лæг (Æфсинмæ, амоны йын Логикмæ). Мæ хæлар — Логик. Ж а н (Беранжемæ). Уæддæр дæм ацы сыкъафындзы хабар диссаг нæ кæсы? Хæринагхæссæг. Цы згъорд кодта уыцы фосы мыггаг! Æ ф с и н (Логикмæ). Æхсызгон мын у демæ базынд, мосье. Дуканигæсы ус (йæ лæгмæ). Афтæ йын хъæуы. Махмæ сæ нæ балхæдта. Ж а ы (Кафейы хицаумæ æмæ Хæринагхæссæгмæ). Уæддæр уæм ацы хабар куыд кæсы? Æ ф с и н. Хуыцауæй разы, мæ гино кæй нæ алыгъди! Кафейы хицау (рудзынгæй кæсы, мæгъа зæгъгæ йæ уæхсчытæ базмæлын кодта). Ахæм диссæгтæ лæг алы бон нæ уыны. Æ ф с и н (Логикмæ, уæдмæ Уæздан зæронд лæг базайрæг- ты тыхтæттæ уидзы). Иучысыл ма мын ыл фæхæц. Хæринагхæссæг (Жанмæ). Мæ цард-цæрæнбонты ^хæм диссаг никуыма федтон. Л о г и к (гæдыйы райста Æфсинæй). Мæстыгæр нæу? Нæ ^ыл фæхæцдзæни? 25
Кафейы хицау. (Жанмæ). Раст кометæйы сыфытт аласта. Æ ф с и н (Логикмæ). Цытæ дзурыс, йæхицæй уæздандæр нæй. (Иннæтæм.) Мæ сæн та? Ахæм зынаргъæй йæ балхæдтон æмæ! Дуканигæс (Æфсинмæ). Сæн дæ уыйбæрц дæр хъæуæд. Ж а н (Беранжемæ). Уæддæр дæм ацы хабар диссаг нæ кæсы? Дуканигæс (Æфсинмæ). Сæн нæ, фæлæ æвдадзы хос. Кафейы хицау (Хæринагхæссæгмæ). Уæ дзæнгæда цæгъдын ныууадзут. Мæнæ уазджыты кой бакæн. (Амоны Жан æмæ Беранжемæ, стæй иæ сæр мидæмæ байста). Беранже (Жанмæ). Цæй кой кæныс, цæй? Дуканигæсы ус (йæ лæгмæ). Æндæр авг мд йын рахæсс. Ж а н (Беранжемæ). Куыд цæй кой! Сыкъафындзы кой. Дуканигæс (Æфсинмæ). Замманай сæн мæм ис — сæтгæ чи нæ кæны, ахæм æвгты. (Дуканимæ бахызти.) Хæринагхæссæг (Беранжеитæм). Цы уын рахæссон? Б е р а н ж е. Цъамалæгджынтæй дыууæ. Æ ф с и н (Уæздан зæронд лæгимæ тыхтæЧгтæ æмбырд кæнгæйæ). Хуыцауы салам дыл сæмбæлæд, мосье. Хæринагхæссæг (кафемæ бацыд). Цъамалæгджынтæй дыууæ! Уæздан зæронд лæг (Æфсинæн). Цæй, цы мын арфæтæ кæныс, мадам! Л о г и к (Уæздан зæронд лæг æмæ Æфсинæн). Дзæбæх сæ сæвæрут. Ж а н (Беранжемæ). Уæддæр дæм ацы хабар куыд кæсы? Б е р а н ж е. Цы дын зæгъон, мæгъа. Рыгæй бæстæ фесæфта. Дуканигæс (дуканийæ рахызт, йæ къухы сæны авг, Æфсинмæ). Ахъаззаджы хъæдындзтæ дæр мæм ис. Кæд дæ мыййаг хъæуы? Л о г и к (гæдыйы лæгъзытæ кæны). Дуду гино, дуду! Дуканигæс (Æфсинмæ). Литр фондзыссæдз франкы. Æфсин (æхца дæтты, Уæздан зæронд лæгмæ) Де занг дын балæггад кæнæд .Уый дын æцæг францаг æгъдау.Ныры фæсивæд та... Дуканигæс (æхца райста). Абæрæг та-иу нæ кæн. Мах дæм хæстæгдæр стæм. Уынджы сæрты хизын дæр дæ нæ хъæуы. Уæдæ-иу мæнæ ахæм дзæбæх лæгтыл дæр амбæлдзынæ. (Дука- нимæ бахызти.) Ж а н (æрбадти, ногæй та хъуыды кæны сыкъафындзыл). Уæддæр ахæм царциаты диссаг никуыма федтон. 26
Уæздан зæронд лæг (йæ худ систа, Æфсины къухæн аба кодта). Демæ кæй базонгæ дæн, уымæй мæхи иттæг амондджыныл нымайын. Æ фсин (Аогикмæ). Бузныг, мæ гæдыйы зæрдæхудт нæ райстай. \ Аогик гæдыиы дæтты. Хæринагхæссæг æрбаздæхти. Хæринагхæссæг. Мæнæ уæ сæн, месье. Ж а н (Беранжемæ). Æвæдза, ничиуал дæ сраст кæндзæни! Б е р а н ж е (амоны сылгоймагмæ). Фæрæдыд. Æз дзы суар куырдтон. Жан ыл не ’ууæнды, æлгъгæнæгау йæ уæхсчытæ базмæлын код та. Æ ф с и н (Уæздан зæронд лæгмæ). Нæ лæг мæм æнхъæлмæ кæсы. Мерси. Æндæр хаттмæ. Уæздан зæронд лæг (Æфсинмæ). Мæ зæрдæ дардзынæн. Æ ф с и н. Æз дæр. (Йæ цæст æм æрныкъуылдта, ацыди.) Уæздан зæронд лæг (Æфсинæй йæ цæст нæ исы, Аогикмæ). Бæсты фидыц. Ж а н (Беранжемæ). Сыкъафындз! Ме ’муд нæма ’рцыдтæн. Уæздан зæронд лæг (усы фæдыл ма иу каст акодта). Хурау худгæ кæны, стъалыйау æрттивгæ. Æццæй, мæ лымæн? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). 0, æмæ дын уый дзырд- тон. Силлогизм цы у, уый зоныс? Уæздан зæронд лæг. Силлогизм, йа? Ж а н (Беранжемæ). Мæ сæрымагъз æй нæ ахсы, зæххар- дыстæн. Беранже йæ ком ивазы Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Силлогизм арæзт вæййы дыууæ хъуыдыйæ æмæ хатдзæгæй. Уæздан зæронд лæг. Цавæр хатдзæгæй? Аогик æмæ Уæздан зæронд лæг ныхасгæнгæ ацыдысты. Ж а н (Беранжемæ). Нырма мæ чемы нæма дæн. Б е р а н ж е (Жанмæ). Цæй, цы йæ сдиссаг кодтай? Ар- дыгæй райсоммæ сыкъафындзы кой йеддæмæ ницыуал кæндзыстæм. Уыдис æмæ нал ис. Афардæг. Ж а н. Омæ ма йыл хъуыды акæн.* Сыкъафындз уæгъди- барæй ратæх-батæх кæны сахары уынгты! Куыд и уымæн уæвæн! Беранже йæ ком ивазы Дæ дзых ма-иу дæ армытъæпæгæй уæддæр амбæрз... Б е р а н ж е (ногæй та йæ ком ивазы). А-а-а... Раст зæгъыс. Тæссаг хабар у. Æвиппайды йыл нæ ахъуыды кодтон. Хи- 27
цæуттæн ма сæ хуыздæр куыст циу? Фæлæ ма тыхс, махæн дзы ницы тас у. Ж а н. Сахары хицæуттæм ныффыссын хъæуы. Хъуамæ ах- хосджынтæ карз æфхæрд баййафой... Б е р а н ж е (йæ ком ивазы æмæ йæ дзых йæ къухæй амбæрзта). Хатыр... Кæд мыййаг зоологийы цæхæрадонæй ра- лыгъд уыцы сыкъафындз. Ж а н . Æнхъæлдæн, мæ лымæн, лæугæ-лæууын фынæй кæныс! Б е р а н ж е. Омæ бадгæ куы кæнын. Ж а н. Бадгæ кæныс, лæугæ кæныс — уæлдай та сæ цы и! Б е р а н ж е. Ау, куыд цы и! Ж а н. Ныхас ууыл нæ цæуы. Б е р а н ж е. Дæхæдæг куы загътай, бадтæй, лæудæй ницы уæлдай ис зæгъгæ. Ж а н. Раст мæ нæ бамбæрстай. Иугæр адæймаг бафынæй, уæд — бадгæ кæны æви лæугæ — цы уæлдай у? Б е р а н ж е. Раст зæгъыс, хуыссæг мæ йæ быны скодта... Цард æнæхъæнæй дæр фын у. Ж а к. Ай-гъай кæныс фынæй, иугæр афтæ зæгъыс, сыкъ- афындз зоологийы цæхæрадонæй ралыгъди зæгъгæ, уæд... Б е р а н ж е. «Кæд мыййаг» зæгъгæ загътон. Ж а и. Омæ нæм зоологийы цæхæрадон кæдæй-нырмæ нал и, уый нæ зоныс? Цæрæгойтыл рын куы сыстад, уæдæй ардæм. Уый та кæд æмæ кæд уыди! Б е р а н ж е (стырзæрдæйæ). Уæд та циркæй ралыгъди. Ж а н. Цавæр циркæй? Б е р а н ж е. Цы йын зонын! Кæд мыййаг, ласгæ кæй æрба- чынд, ахæм циркæй. Ж а н. Омæ йæ хорз куы зоныс: алы хæтæгхуаг артистыты нæ сахары хицæуттæ ацы зылдмæ æмгæрон дæр нал уадзынц. Уый тыххæй уыди сæрмагонд уынаффæ. Мах ма сабитæ куы уыдыстæм, уæдæй ардæм ам циркæн йæ кой, йæ хъæр дæр нал уыди. Б е р а н ж е (исты мадзалæй мæ ком ивазын куы бауромин зæгъгæ архайы, фæлæ йын ницы æнтысы). Чи зоны, раджы кæддæр хъæдмæ алыгъд æмæ уым æмбæхстæй царди цъыма- райы, кæнæ пъазбыны. Ж а н (йæ къухтæ арвырдæм фæхъил кодта). О Хуыцау! Пъазбыны, цъымарайы! Цъымарайы ды бахаудтай, ды? Сæны цъымарайы! Б е р а н ж е (æнæхинæй). Раст зæгъыс, мæ тæккæ хъустæм дзы аныгъуылдтæн... 28
Ж а н. Тагъд дзы фæдæлдон уыдзынæ. Кæд федтай нæ са- хармæ хæстæг цъымаратæ æмæ пъазбынтæ!.. Нæ провинци нын «Чысыл Кастили» куы хонынц, дур æмæ дзы змисæй дарддæр куы ницы ис! Б е р а н ж е (йæ маст нал уромы, фæлладæй). Дæ хорзæхæй, цы мæ баййардтай! Уæд та искуы дуры бын æмбæхстæй бадти. Кæнæ бæласы саггомы йæхицæн ахстон сбыдта. Ж а н. Кæд дæ ныхæстæ дæхимæ тынг цыргъзонд кæсынц, уæд рæдигæ кæныс. Æнæджелбетт кæй дæ, уый раздыстай, æндæр ницы. Де ’нæсæрфат, дæлвæд-уæлвæд дзымандытæм хъусын мæ бон нал у. Б е р а н ж е. Ды раст дæ. Абон мæ сæр йæ чемы нæй. Ж а н. Иннæ бонты дæр хуыздæр нæ вæййыс. Б е р а н ж е. Бынтон афтæ нæу... Ж а н. Дæ цыргъ ныхæстæ ницы акарстой. Б е р а н ж е. Цыргъ ныхас кæнын мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Ж а н (йæ ныхас ын аскъуыдта). Æз мæхицæй хынджылæг кæнын нæ бауадздзынæн! Б е р а н ж е (йæ къух йæ зæрдæйыл сæвæрдта). Хуыцауæй дын ард хæрын, ахæм митæ мæ сæрмæ нæ хæссын... Ж а н (йæ ныхас та йын аскъуыдта). Дæ рохтæ æгæр суагъ- тай, мæ лымæн. Б е р а н ж е. Сомы мæ нæ кæнын кæныс... Ж а н. Сомыты сæр дзы ницæмæн хъæуы, ныртæккæ йæ мæхи цæстæй федтон. Б е р а н ж е. Ау, нæ мыл æууæндыс? Ж а н (йæ ныхас ын аскъуыдта). Куыд дыл баууæндон? Б е р а н ж е. Хуыцау ме ’вдисæн... Ж а н (йæ ныхас ын аскъуыдта). Хъазæнхъул мæ цы сарæз- тай! Б е р а н ж е Æппындæр дæ ныхас куыннæ ныгъуылы. Хивæнддæр лæгæн скæнæн нæй. Ж а н. Æххæст ма мæ хæрæг рахон. Уыныс, цас æфхæрæн ныхæстæ мын ныдздзырдтай! Б е р а н ж е. Æз искæй æфхæрынтæ йедтæ мæ сæрмæ нæ хæссын. Ж а н. Æмæ дын кæм и сæр? Б е р а н ж е. Дæ хъуыддаг раст! Æнæсæр адæймагæн искæй бафхæрын йæ бон нæу. Ж а н. Туттсæртæм дæр иуæй-иу хатт æрцæуы цыдæр хъуы- Дытæ. 29
Б е р а н ж е. Уымæн уæвæн нæй. Ж а н. Куыннæ йын и уæвæн? Б е р а н ж е. Куыд нæ вæййы, афтæ. Ж а н. Омæ дæхи алцызонæг куы хоныс! Уæд ма мын бамба- рын кæн, цæуылнæ ис уымæн уæвæн? Б е р а н ж е. Æз мæхи алцызонæг никуы хуыдтон. Ж а н. Уæдæ уæд уайтæккæ цы атæппал дæ? Фæрсын ма дæ иу хатт: цæмæн мæ бафхæрдтай? Б е р а н ж е. Æппындæр дæ ницæмæй бафхæрдтон. Дæхи зæрдæ — де ’вдисæн, æдзухдæр дæм хорз цæстæй кастæн. Ж а н. Кæд мæм хорз цæстæй кæсыс, уæд мемæ цы быцæу кæныс? Цæмæн ныццæхгæрмæ дæ, нæ сахары дам бон-сихора- фон сыкъафындз уæгъдибарæй кæй разгъор-базгъор кæны, уæлдайдæр хуыцаубоны, уый ницы тæссаг у? Уынгтæ сывæллæттæ æмæ ас адæмæй се ’мыдзаг куы сты... Б е р а н ж е. Бирæтæ ныртæккæ аргъуаны сты. Уым сын ницы тас у. Ж а н (йæ ныхас ын аскъуыдта). Уæддæр та ныццæхгæрмæ! Ныртæккæ адæмы фылдæр хай уынгты базар кæнынц. Б е р а н ж е. Омæ дын чи загъта, сыкъафындзæй никæмæн ницы тас у зæгъгæ. Цæмæй де ’муд æрцыдаис, уый тыххæй дын зæрдæтæ æвæрдтон: цы йæ зæгъын сдиссаг кодтай, уыдис æмæ нал ис уыцы æнæхайыры сырд. Ж а н. Хъуыды нæ кæныс, хъуыды, мæ лымæн. Б е р а н ж е. Цæй хорз, разы дæн демæ. Сыкъафындз уынг- ты сæрибарæй хъеллау кæна, уый бæгуыдæр æвзæр хабар у. Ж а н. Уый æнæныббаргæ ми у. Б е р а н ж е. Раст зæгъыс. Ахæм митæн барæн нæй. Æз æй ноджы карздæрæй зæгъин: уый æнæсæрфат, æнахъинон хабар у. Фæлæ ныр цавæрдæр хъæддаг сырды тыххæй æз æмæ ды хъуамæ загъд-замана самайæм? Æнæнхъæлæджы нæ рæзты чи азгъордта, уыцы цыппæркъахыг мамм йæ койы аккаг дæр нæу. Раст зæгъын хъæуы, тугдзых æй хонынц. Фæлæ куы загътон: уыдис æмæ нал ис, афардæг. Чи нал и, уый кой та ма цы кæнæм? Фæлтау æндæр истæуылты адзурæм. 0, æндæр истæуылты. Дзуринæгтæ нын бирæ ис... (Йæ ком аивæзта, йæ нуазæн сис- та.) Дæ цæрæнбоны тыххæй. Уыцы рæстæг та Аогик æмæ Уæздан зæронд лæг спенæйы галиуфарсæй ныхæстæгæнгæ рацыдысты, сæ фæндаг у кафемæ. Террасæйы рæбыноз ран сæхицæн фынг равзæрстой. Жан æмæ Беранжейæ сты дæрддзæфго- мау, стæй рахизырдæмдæр. Ж а н. Дæ нуазæн æрæвæр. Мауал баназ. 30
)Кан йæ нуазæнæй иу стырхъуыртт акодта æмæ йæ æрæвæрдта. Беранже йæ иуазæныл хæцы, фынгыл дæр æйне ’вæры, нуазынмæ дæр йæ ныфс нæ хæссы. Б е р а н ж е. Омæ йæ уæдæ кафейы хицауæн уадзон? (Йæ былтæм æй бахаста, цыма йæ аназынмæ хъавы, уыйау). Ж а н. Æрæвар æй зæгъын. Б е р а н ж е. Хорз. Йæ нуазæн æрæвæрынмæ хъавъь Раст уыцы сахат сценайыл галиуырдыгæй рахизырдæм фæцæйцыди машинисткæ Дэзи, æрыгон бурдзалыг чызг. Веранже йæ куы ауыдта, уæд фæгæпп ласта, нуазæн æнæбары бакъуырдта, æмæ сæн Жаны хæлафыл акалди. Уæууа, Дэзи! Ж а н. Дæхимæ кæс! Цæнкуыл дæ æви цы! Б е р а н ж е. Уый Дэзи у... Хатыр бакæ... (Дэзи йæ куыннæ фена, афтæ амбæхсынмæ хъавы.)Дэзи мæ афтæмæй фена, уый мæ нæ фæнды... Ж а н. Цы мæрддаг дæ, уымæн ницы хатын! (Дэзийы фæстæ кæсы, цалынмæ уый нæ фæаууон, уæдмæ.) Цæмæй дзы фæтарстæ? Б е р а н ж е. Ысс, мацы дзур! Ж а н. Уæдæ бакастæй дæр тызмæг арæзт нæу. Б е р а н ж е (чызг куы фæаууон, уæд фæстæмæ Жаны цур æрбадти). Иу хатт ма дæ хатыр курын, сæн дыл... Ж а н. Федтай, нозт адæймаджы цæмæты æртæры, уый. Цух- мухтæ кæнын байдыдтай, дæ къухтæ слæмæгъ сты, ныкъкъозо дæ, дæхиуыл хæцынхъом нал дæ. Мæ хуры чысыл, дæхицæн дæхи къухтæй ингæн къахыс, сæфты къахыл ныллæууыдтæ. Б е р а н ж е. Нозт мæ уд, мæ дзæцц у, зæгъгæ мæ бон афтæ зæгъын нæу. Фæлæ куынæ фæнуазын, уæд мæ чемы нал вæййын, цыма цæмæйдæр тæрсын, афтæ мæм фæкæсы. Гъемæ цæмæй мауал тæрсон, уый тыххæй та дзы ахуыппытæ кæнын. Ж а н. Æмæ дæ цы тас бацæуы? Б е р а н ж е. Мæхæдæг дæр æй нæ зонын. Цыдæр æрхæндæг мыл сагъуыйы, мæхицæн бынат нал фæарын, цæрынæй тыхсын байдайын, адæмы ’хсæнмæ мæ мæ къах нал фæхæссы, æцæгæлон сын свæййын. Иу сыкъа куы баназын, уæд мын фенцондæр вæййы... Ж а н. Расыгæй ныкъкъодах вæййыс æмæ ницыуал фемба- рыс. Б е р а н ж е. Бастадтæн. Мæ иу къах иннæ йы фæдыл ласын бирæ азты дæргъы. Цыма мыл къодæхтæ баст и. Ж а н. Уыдон иууылдæр фыднозты фæстиуджытæ сты, ра- сыггæнæджы миниуджытæ. Б е р а н ж е. Мæ цармы мын цыма стджытæ æмæ фыды 31
æфсон ызды ауагъдæуыд, афтæ мæм фæкæсы. Хатгай гуырыс- хо кæнын дæр байдайын: кæд мын ивддзагæй мæ цармы æндæр искæй батыхтæуыд æмæ дзы мæхицæн бынат нал и, мæхæдæг нал фæзынын. Нозты хъæстæ куы фæвæййын, уæд та æрчъицын, мæхи æрæмбарын, мæхиуыл æрæууæндын, Хуыцау мæ цы хуы- зæнæй сфæлдыста, ахæмæй агæпп ласын. Ж а н. Дæхимæ æгæр хъусыс, Беранже. Мæнæ ма мæнмæ æрбакæс. Дæуæй уæззаудæр дæн. Фæлæ мæхимæ ^ахæм рог кæсын, æмæ мæ атæхынмæ бирæ нал фæхъæуы. (Йæ къухтæ тæхæгау базмæлын кодта.) Уыцы рæстæг Уæздан зæронд лæг æмæ Аогик æрбацæйцыдысты ны~ хасгæнгæ. Жан йæ къухтæ тилгæ-тилын Уæздан зæронд лæджы бакъуырд- та, æмæ уый Аогикыл бахаудта. Аогик æй къухæй ацахста. Л о г и к. Мæнæ дын не ’рвылбоны царды силлогизмтæй иу... Уæзданзæронд лæг (Жанмæ). Фæйнæрдæм дæр- иу акæс, мосье. Ж а н (Уæздан зæронд лæгмæ). Бахатыр кæн. Уæзданзæронд лæг (Жанмæ). Ницы кæны, ницы. Уæздан зæронд лæг æмæ Аогик æрбадтысты Жан æмæ Беранжейы фæстæ, æрмæст иуцасдæр рахизырдæмдæр. Б е р а н ж е (Жанмæ). Ды фидар лæг дæ. Ж а н. 0, фидар дæн. Фыццаджыдæр хъаруйæ фидар дæн. Дыккагæй та моралон тыхæй. Фидар ма уымæй дæн, æмæ мæ буар алкоголы маргæй хъахъæнын. Дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд, ме ’рдхорд, фæлæ нозт æцæгæй дæр адæймаджы фосы бынатмæ тæры. Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Мæнæ дын не ’рвылбоны царды силлогизмтæй иу. Гæдыйæн цыппар дзæмбыйы ис. Фри- ко æмæ Исидорæн ис фæйнæ цыппар дзæмбыйы. Иугæр афтæ у, уæд Фрико æмæ Исидор гæдытæ сты. Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Мæ куыдзæн дæр цыппар дзæмбыйы ис. Л о г и к. Уæдæ уый дæр гæды у. Б е р а н ж е (Жанмæ). Уæдæ мæнмæ цæрыны хъару нал ис. Мæ ныфс бынтондæр асасти. Уæздан зæронд лæг (бирæ фæхъуыды кæныны фæстæ). Уæдæ логикæмæ гæсгæ мæ куыдз гæды у зæгъыс? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Логикмæ гæсгæ — о. Фæлæ иннæрдæм дæр раст у. Б е р а н ж е (Жанмæ). Иунæг кæй дæн, уый мæ мары. Стæй адæмæй дæр тыхсгæ кæнын. Ж а н (Беранжемæ). Дæхæдæг дæхи ныхмæ дæ. Цы дæ тых- сын кæны — адæм æви, иунæг кæй дæ, уый? Дæхи хъуыдыгæнæг, æмбаргæ лæг хоныс, афтæмæй дæм мисхалы бæрц дæр логикæ нæй. 32
Уаездан зæронд лæг (Логикмæ). Ахъаззаджы дзаума V догикæ! Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Æрмæст дзы пайда кæнын ^онын хъæуы. Б е р а н ж е (Жанмæ). Цард æмæ æрдзыфæтк кæрæдзи пыхмæ лæууынц. Ж а н. Уый раст нæу. Цард дæр æрдзæй лæвæрд у. Нæ дæ уырны, уæд дæ алыварсмæ акæс: иууылдæр цæргæ кæнынц. Б е р а н ж е. Мæрдтæ цæрдтæй фылдæр сты. Стæй ма сыл юнæй-бонмæ ноджы фылдæр æфты. Удæгæстæ та къаддæрæй- ьъаддæр кæнынц. Ж а н. Мæрдтæ цæргæ нæ кæнынц. Уый дын æнахъом саби -,æр зæгъдзæни. Ха-ха-ха!.. (Хъæрæйхуды.)Ау> æмæ дæ мæрдтæ дæр фæлмæцын кæнынц? Чи нæй, уыдон та дæ куыд хъуамæ хъыгдарой? Б е р а н ж е. Æз хаттæй-хатт мæхæдæг мæхи бафæрсын: дæн æви нæ дæн? Ж а н. Ды, мæ хур, нæ цæрыс, уымæн æмæ хъуыды нæ кæныс. Хъуыды кæн æмæ цæрай. Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Мæнæ ма дын иу силло- гизм. Гæдытæй иуæн дæр æнæ мæлгæ нæй. Сократæн дæр æнæ мæлгæ нæ уыд. Уæдæ Сократ у гæды. Уæздан зæронд лæг. Стæй йын цыппар дзæмбыйы ис. Дæ ныхас топпы фатæй растдæр у — мæ гæдыйы ном дæр Сократ у. Л о г и к. Кæсыс, кæсыс... Ж а н (Беранжемæ). Æргом дын æй зæгъын: фыд-зыкъуыр лæг дæ. Стæй сайæгой. Цардыл стырзæрдæ дæ зæгъыс, афтæмæй та йын йæ дзаджджынтыл ком нæ дарыс. Б е р а н ж е. Ома? Ж а н. Æрдæбон цы чызджы ауыдтай, де ’мкусæг цыдæр куы У, уый дæ зæрдæмæ цæуы æви нæ? Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Уæдæ зæгъыс Сократ гæды уыди? Л о г и к. Логикæ сайгæ никуы фæкæны. Ж а н (Беранжемæ). Ахæм хуызы дæ фена, уый дæ нæ баф- ^ндыди, нæ? Беранже разыйы дзуапп рад та. ^ьщ та ууыл дзурæг у, æмæ цардыл стырзæрдæ нæ кæныс. Фæлæ Лæм афтæ нæ кæсы, цыма Дэзи расыггæнагмæ нæ бабæлдзæни? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Фæлæ нæхи гæдытæм Раздæхæм. МаХдуг№ 3, 1997 33
Уæздан зæронд лæг (Аогикмæ). Хъусын дæм. Б е р а н ж е (Жанмæ). Афтæ у. Æндæр кæуылдæр цыма йæ цæст æрæвæрдта. Ж а н. Кæуыл? Б е р а н ж е. Дюдарыл. Уый дæр не ’мкусæг у. Юрист у, докторы диплом æм ис. Йæ сомбоны мæт æй нæй: царды дæр ын бынат æмæ Дэзийы зæрдæйы дæр. Æз ахæмты раз ницы ахæцдзынæн. Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Исидорæн цыппар дзæмбыйы ис. Уæздан зæронд лæг. Цæмæй йæ зоныс? Логик. Уый рагагъоммæ бæрæг у. Б е р а н ж е (Жанмæ). Хицæуттæ дæр ыл сæ цæст æрæвæрдтой. Мæнæн та... Мæнæн фидæн нæй, ахуыр не скод- тон. Хорзæй ницы уынын мæ разæй. Уæздан зæрондлæг (Аогикмæ). Рагагъоммæ, йа? Ж а н (Беранжемæ). Уымæй уæлдай дæм ныфсы мур нæй? Б е р а н ж е. Цы гæнæн мын и? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ) Фрикойæн ис цыппар дзæмбыйы. Уæдæ цал дзæмбыйы уыдзæни Фрико æмæ Исидорæн? Уæздан зæронд лæг (Аогикмæ). Иумæ æви хицæнтæй? Ж а н (Беранжемæ). Цард, мæ хæдзар, тох у. Тохы чи нæ бацæуы, уый та тæппуд у. Аогик (Уæздан зæронд лæгмæ). Иумæ æви хицæнтæй — уый сæм чи цы цæстæй кæса, уымæй аразгæ у. Б е р а н ж е (Жанмæ). Цы бачындæуа, хæцæнгарз мæм нæй. Ж а н. Самал кæ, мæ къона, самал. Уæздан зæронд лæг (Аогикмæ, бирæ фæсагъæс кæныны фæстæ). Цыппар, цыппар дзæмбыйы. Л о г и к. Логикæ нын амоны: дæхинымæры нымай. Уæздан зæронд лæг. Тынг къабазджын у логикæ. Б е р а н ж е (Жанмæ). Омæ кæм самалчындæуа? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Логикæйæн арæнтæ нæй. Ж а н (Беранжемæ). Дæхимæ. Ссар хъару, ныфс. Б е р а н ж е (Жанмæ). Чердыгон хæцæнгарз у уый, стæй йемæ куыд архайын хъæуы? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Ныртæккæ йæ дæхи цæстæй фендзынæ... Ж а н (Беранжемæ). Хъуамæ фæразон уай, хъуамæ дæм куль- турæ уа, зонд, ныфс. (Беранже йæ ком ивазы.) Цыргъзондыл, дзыхарæхстыл ахуыр хъæуы. Фыдæл дзæгъæды нæ загъта: дзых- 34
джын — бæхджын, æнæдзых — фистæг. Хъуамæ рæстæгæй фæсте ма зайай. Б е р а н ж е (Жанмæ). Ома куыд ма зайай? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Уыцы гæдытæн сæ дыууæ дзæмбыйы куы айсай, уæд ма сын цал баззайдзæни? Уæздан зæронд лæг. Уый тынг зын у... Б е р а н ж е (Жанмæ). Уый тынг зын у... Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Зынæй дзы ницы ис. Ж а н (Беранжемæ). Зынæй дзы ницы ис. Уæздан зæронд лæг (Аогикмæ). Чи зоны дзы дæуæн иицы и зынæй, фæлæ мæнæн... Беранже (Жанмæ). Чи зоны дзы дæуæн ницы и зынæй, фæлæ мæнæн... Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Дæ хъуыдытæ æрбамбырд кæн. Ж а н (Беранжемæ). Дæхи æрбамбырдтæ кæн. Дæ хъысмæты рохтæ æрбалвас. Уæздан зæронд лæг (Аогикмæ). Мæ сæр æй нæ ахсы. Б е р а н ж е (Жанмæ). Мæ сæр ницыуал ахсы. Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Куыд ма дын æй бамба- рынчындæуа? Ж а н (Беранжемæ). Куыд ма дын æй бамбарынчындæуа? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Гæххæтт æмæ фыссæнгарз райс. Банымай. Дыууæ гæдыйæн истæуы сæ дыууæ дзæмбыйы. Цал дзæмбыйы ма сын баззайдзæни? Уæздан зæронд лæг. Фæлæуу-ма (Систа гæххæтт æмæ фыссæнгарз, нымайы). Ж а н. Цæмæй райдайай, уый дын зæгъдзынæн: де уæлæ хуызæн дзаума скæн, алы бон дæр дæхи дас, сыгъдæг хæдоны ЧУ- Б е р а н ж е. Хорз æй куы зоныс, гæрстæхсæггаг цас исынц, УЫЙ... Ж а н. Нозтыл къаддæр хардз кæн. Бакастæй та хъуамæ аефснайд уай — чъилджын худ, галстук, хуызæн костюм, сыгъдæг къахыдарæс. Дарæсты кой кæнгæйæ Жан схъæлхуызæй амоны йæ худмæ, галстукмæ, æрттиваг батинкæтæм. Уæздан зæронд лæг (Аогикмæ). Ацы хынцинагæн Цалдæр хуызы и бахынцæн. Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Дзур, дзур. Б е р а н ж е (Жанмæ). Дарддæр та цы кæнгæ у? Дзур, дзур. Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Хъусын дæм. Б е р а н ж е (Жанмæ). Хъусын дæм. 35
Ж а н (Беранжемæ). Нæуæндаг дæ, фæлæ дæм цыдæр дзинæдтæ ис. Б е р а н ж е (Жанмæ). Мæнмæ дзинæдтæ? Ж а н. Пайда кæнын сæ зон. Цардмæ дæ ных сараз. Куль- турæмæ, литературæмæ дæ хъус тынгдæр дар. Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Фыццаг: иу гæдыйæн уæвæн и цыппар дзæмбыйы, иннæмæн та — дыууæ. Б е р а н ж е (Жанмæ). Рæстæг мын нæ фаг кæны. Чиновник дæн, чиновник! Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Цыдæр дзинæдтæ дæм ис. Фæлæ сæ пайда кæнын зон. Ж а н (Беранжемæ). Рæстæгæй дæр хъуамæ пайда кæнын зонай. Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Уæгъд рæстæг мын никуы уыди. Чиновник дæн, чиновник! Логик (Уæздан зæронд лæгмæ). Ахуыр кæнын кæй фæнды, уый ссары рæстæг. Ж а н (Беранжемæ). Рæстæг ссарæн ис кæддæриддæр. Б е р а н ж е (Жанмæ). Байрæджы. Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Цафон ма мын у? Ж а н (Беранжемæ). Æрæджы ницы у. Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Æрæджы ницы у. Ж а н (Беранжемæ). Дæ кусгæ бон дæр иннæтимæ æмхуызон у. Хуыцаубоны дæр уæдæ уæгъд вæййыс. Стæй изæрыгæтты. Уымæй дарддæр дын æртæ къуырийы фæлладуадзынæн рат- тынц. Дæ цардæн бæлвырд фæтк куы сæвæрай, уæд дын уыдзæ- ни рæстæг. Логик (Уæздан зæронд лæгмæ). Дарддæр, дарддæр... Уæздан зæронд лæг та хынцынмæ бавнæлдта. Ж а н (Беранжемæ). Хъус-ма, нуазгæ-иу куынæ бакæнис, уæд-иу мæлæтдзаг нæ фæуаис, райсомæй-иу уæнгрогæй фес- тис, куыстмæ дæр зæрдæрухсæй цæуис. Дæ сæрибар рæстæгæй дæр хуыздæр пайда кæнис. Б е р а н ж е (Жанмæ). Уæддæр куыд? Ж а н (Беранжемæ). Музеймæ бацу, литературон журналтæ бакæс, лекцимæ байхъус. Уæд тæрсгæ дæр ницæмæйуал кæнис, æрхæндæгæй дæр фервæзис. Иу æртæ-цыппар къуыримæ куль- турон лæгæй агæпп ласис. Беранж’е (Жанмæ). Уæллæй, раст зæгъыс! Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Мæ нымадæй иу гæдымæ фондз дзæмбыйы хауы. Ж а н (Беранжемæ). Æгайтма мемæ сразы дæ. Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Иннæмæ дзы иу 36
дзæмбы йеддæмæ нæ хауы. О, фæлæ ма уыдон цæй гæдытæ уыдзысты? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Куыд цæй гæдытæ? Ж а н (Беранжемæ). Æхца нозтыл сафыны бæсты-иу фæлтау геатрмæ бацу, исты дзæбæх спектакль фен. Мæнæ йæ ном кæмæн иыхъхъæр, уыцы ног театры иску.ы уыдтæ, Ионескойы пьесæтæй псты федтай! Б е р а н ж е (Жанмæ). Сæттын ыл, никуы. Æрмæст сын сæ чой æрыхъуыстон. Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Дыууæ гæдыйæн сæ аст къахæй дыууæ куы аппарай... Ж а н (Беранжемæ). Ныртæккæ дзы иу махмæ æвдисынц. лхæм фадат дын нал уыдзæни. Уæздан зæронд лæг. ...уæд ма дзы иу гæды æхсæз къахимæ баззайдзæн... Б е р а н ж е. Æцæг, æцæг, абон театр куыд цæры, уый базонын æвзæр нæ уаид. У æ з д а н з æ р о н д л æ т. ...иу гæды та дзы зыбыты æнæ дзæмбыйæ аззаид. Б е р а н ж е. Раст дæ, иттæг раст. Хъуамæ цардмæ мæ ных саразон. Логи к. Æмæ нæ иу гæды уæлбикъон разындзæни — æхсæзкъахон. Б е р а н ж е (Жанмæ). Дзырд дын дæттын... Ж а н. Мæнæн нæ фæлæ дæхицæн ратт дзырд. Уæздан зæронд лæг. Иннæ та дæлбикъон — зыбыты æнæкъах гæды. Б е р а н ж е (Жанмæ). Мæхицæн фидарæй дзырд дæттын. Æмæ хъуамæ мæ дзырдæн хицау разынон. Л о г и к (Уæздан зæронд лæгæн). Уый æнæраст ми уаид, <:тæй логикæйæ цух. Бернаже (Жанмæ). Нуазыны бæсты æз культурæмæ мæхи æввахс байсдзынæн æмæ йыч йæ абузгæ суадæттæй мæ \ойны уадздзынæн. Ныридæгæн мæ чемы цæуын райдыдтон. '-æрызонд дæр фæрухсдæр. Ж а н. Кæсыс, кæсыс! Б е р а н ж е (Жанмæ). Тæккæ абон музеймæ цæуын. Изæры 'па театрмæ. Мемæ цæуыс? Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Уымæн æмæ рæстдзинад мæ логикæ иу сты. Ж а н (Беранжемæ). Æрмæст фидар фæлæууын хъæуы, дæ сЬ)æндтæ куыннæ фæсыкк уой, афтæ. 37
Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Æмбарын дæ| рæстдзинад... I Б е р а н ж е (Жанмæ). Дæуæн дæр æмæ мæхицæн дæр дзырд! дæттын. Фæсаходæн ма мемæ музеймæ цом. I Ж а н (Беранжемæ). Фæсаходæн æз мæ фæллад фæуадзын] Мæ боны фæтк нæ халын. | Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Рæстдзинад дæд логикæйы иу тигъ у. ] Б е р а н ж е (Жанмæ). Изæры та? Театрмæ цæуыс мемæ? 1 Ж а н. Нæ, а изæр нæ. I Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Дæ сæрымагъз скуыста.1 Ж а н (Беранжемæ). Мæ цæст дын уарзы, дæ фæндтæ даа къухы цæмæй бафтой, уый, фæлæ изæры ме ’мбæлттимæ ресто-1 ранмæ цæуын, семæ ныхасгонд дæн. ] Б е р а н ж е. Ресторанмæ? 1 Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). Фæлæ гæдытæй иу бынтон æнæкъахæй кæй баззад, уый раст у? ; Ж а н (Беранжемæ). Зæрдæ сын бавæрдтон. Æз та мæ ны^ хасæн хицау дæн. | Уæздан зæронд лæг (Логикмæ). ...згъорын йæ бон куынæ у, уæд мыстытæ куыд ахсдзæни? Б е р а н ж е (Жанмæ). Ехх, мæ дзæбæх æрдхорд, гъеныр мæ дæхæдæг æвзæр ахуыр нæ кæныс! Рестораны нуазгæ нæ кæндзынæ? \ Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Логикæйы дын цыдæртаб æнтысын байдыдта. ,! Фæссценæйы рахизфарсæй та хъуысы æнахуыр уынæр — сыкъафындз та æрбазгъорьп къæхты гыбар-гыбур, сым-сым, богъ-богъ. Ж а н (мæстыйæ, Беранжемæ). Иу хатт баназын æмæ алы бок æнцъухын иу не сты. Мæн дæхи хуызæн ма ’нхъæл. Дæуæн да^ хабар бынтон æндæр у. Иудзырдæй, мах фæйнæхуызæттæ стæл^ Б е р а н ж е (Жанмæ). Куыд стæм фæйнæхуызæттæ? 5 Ж а н (хъæр кæны, цыма уынгæй цы уынæр хъуысы, ууьА фæтыхуæвынмæ хъавы). Куыд вæййы, афтæ! Æз дæуау къупря нæ дæн! I Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Гæды хъуамæ æнй дзæмбытæй дæр мыстытæ ахса. Уыцы миниуæг ын æрдзæ! лæвæрд у. I Б е р а н ж е (йæ хъæлæсыдзаг хъæр кæны). Омæ дæ чи хон| къупри! Стæй æз дæуæй расыггæнагдæр дæн? й Уæздан зæронд лæг (Логикмæ хъæр кæны). Гæдым| цавæр æрдзон миниуæг и, загътай? 38
Ж а н (Беранжемæ, хъæр кæны). Уымæн æмæ дзы ды бæрц {{х зоныс! Æз та хиуылхæцгæ, бонзонгæ дæн! Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ, йæ армытъæпæнтæ йæ ::ъустæм схаста). Цы загътай, цы? Уынæр афтæ стыхджын, æмæ цыппар лæгæй иуы ныхас дæр нал хъуысы. Б е р а н ж е (йæ дыууæ армытъæпæны дæр йæ хъусмæ :хаста æмæ хъæр кæны Жанмæ). Цы дæ загътай, цы? Ж а н (йæ хъæлæсыдзаг). Зæгъын, хиуыл... Уæздан зæронд лæг (йæ хъæлæсыдзаг). Зæгъын, гæдымæ... Ж а н (цæй уынæр у, уый бамбæрста). Ай цы хабар у, Хуы- цауы тыххæй? Логик, Уый цы у, цы? Ж а н (фæгæпп ласта, бандон аппæрста, галиуырдæм фæссценæмæ кæсы, уырдыгæй æвирхъау гыбар-гыбур æмæ богъ- (югъ хъуысы). Сыкъафындз! Л о г и к (фæгæпп ласта, йæ бандон иуварсмæ асхъиудта). Сыкъафьщдз! Уæздан зæронд лæг (фæгæпп ласта, йæ бандон псхъиудта). Сыкъафындз! Б е р а н ж е (бадгæйæ баззади). Сыкъафындз. Фæстæмæ та æрбазгъоры! Хæринагхæссæг (кафейæ рацыд, йæ къухы — хæринагхæссæн дзаг нуазæнтимæ). Цы хаоар у, цы? Уауу, сыкъ- афындз! (Йæ хæринагхæссæн æрхауди, нуазæнтæ ныццæхх ысты) Кафейы хицау (кафейæ рацыд). Цы хабар у, цы? Хæринагхæссæг (Хицаумæ). Сыкъафындз! Л о г и к. Уартæ тротуарыл сыкъафындз фæцагайы. Дуканигæс (дуканийæрацыди). Сыкъафындз! Ж а н. Сыкъафындз! Дуканигæсы ус (йæ сæр дуканийы рудзынгæй рздардта). Уауу, сыкъафындз! Кафейы хицау (Хæринагхæссæгмæ). Нуазæнтæ дæрæн 1 ^нынæн уый æфсон нæу. Ж а н. Дæлæ цы згъорд кæны, дæлæ! Йæ разæй цыдæриддæр и- уыдон йæ хъæлæсы ахаста. Д э з и (фæзынди рахизырдыгæй). Сыкъафындз! Беранже (Дэзийы ауынгæйæ). Дэзи! Лдæм фæйнæрдæм куыд лидзынп, уый бæрæг у сæ къæхты хъæрæй, хъуысынп «оххытæ* æмæ каххытæ). Кафейы хицау (Хæринагхæссæгмæ). Цы агуывзæтæ а-1стай, уыдон аргъ бафиддзынæ. 39
Беранже хъавы бамбæхсынмæ, цæмæй йæ Дэзи ма фена, уый тыххæй. Уæздан зæронд лæг, Аогик, Дуканигæс æмæ йæ ус сценæйы астæумæ рацыдысты, хъæргæнæгау. И у у ы л д æ р (иумæ). Уый дын гъе! Ж а н æмæ Б е р а н ж е. Уый дын гъе! Хъуысы гæдыйы цъæхснаг «миау», йæ хæдфæстæ та сылгоймаджы æвирхъау цъæхахст. Æ ф с и н (хъарæггæнагау). Мæ гæдыйы мын амардта, мæ гæдыйы мын амардта! Хæринагхæссæг. Йæ гæдыйы йын амардта! Дуканигæс, Дэ зи, Лог ик, Уæзданз æ р - о н д л æ г (Æфсины алыварс æртыгуыр сты, дзурынц иуягæ). Æй, мæгуыр гино! ',!' '^’ :: Уæздан зæронд лæг. Æй, мæгуыр гино! Д э з и æмæ Хæринагхæссæг. Æй, мæгуыр гино! Дуканигæс, й æ ус (рудзынгæй кæсгæйæ), Уæздан з æ р о н д л аз г, Л о г и к. Æй, мæгуыр гино! Кафейы хицау (Хæринагхæссæгмæ, амоныйынавджы сæстытæм æмæ фæлдæхт бандæттæм). Цы лæууыс? Бафснай мæнæ адон! Жан æмæ Беранже дæр Æфсинмæ базгъордтой. Уый фыццагау хъарæг кæны, мард гæды йæ риумæ æнгом нылхъывта, афтæмæй. Хæринаг хæссæг (террасæмæ рацыд æфснайынмæ, Æфсинырдæм ракаст). Æй, мæгуыр гино! Кафейы хицау (Хæринагхæссæгæн амоны авджы сæстытæм æмæ фæлдæхт бандæттæм). Далæ уыдон дæр баб- æлвырд кæн! Уæздан зæронд лæг (Дуканигæсмæ). Диссаг дæм нæ кæсынц ацы хабæрттæ? Б е р а н ж е (Æфсинмæ). Дæхиуыл фæхæц, мадам, мах дæр тынг хъыг кæнæм. Д э з и (Беранжемæ). Мосье Беранже... Ды дæр ам дæ? Цы ’рцыди, уыдæттæ федтай? Б е р а н ж е (Дэзимæ). Æгас цу, мадемуазель Дэзи, бахатыр кæ, мæхи адасын мын нал бантысти... Кафейы хицау (Хæринагхæссæг куыд æфснайы, уымæ йæ хъус дары, хатгай бакæсы Æфсинмæ). Æй, мæгуыр гино! Хæринагхæссæг (æфснайгæйæ). Æй, мæгуыр гино! Ацы ныхæстæ фæзæгъынц тынг тагъд, цыма дзырд бакодтой. Дуканигæсы ус (рудзынгæй). Цытæ цæуы, цытæ! Ж а н. Цытæ цæуы, цытæ! в \ Æ ф с и н (судзаджы хъарæг кæны, мард гæды йæ хъæбыс^ узы, афтæмæй). Мæ мæгуыр Мицу, цы ма уыдзынæн æнæ дæу! 40
Уæздан зæронд лæг (Æфсинмæ). Мæхи амондджы- пыл нымаин, æндæр ран дыл куы сæмбæлин, уæд. Л о г и к (Æфсинмæ). Дæхиуыл фæхæц, мадам, æвæццæгæн ын Хуыцау ахæм адзал саккаг кодта. Неппæты дæр мæлын хъæуы! Æфсин (хъарæг кæны). Мæ дуду гино, мæ уд, мæ дзæцц! Кафейы хицау (Хæринагхæссæгмæ, уымæн йæ раз~ дарæн дзаг у авджы сæстытæй). Бырæтты асыччы сæ ныккал. (Бандæттæ сæ бынæтты сæвæрдта). Мин франкы дзы æрбап- пар! Хæринагхæссæг (кафейы къæсæрыл, хицаумæ). Æхцайы кой йеддæмæ дæм ницы ис. Дуканигæсы ус (Æфсинмæ, рудзынгæй). Мауал ку, мадам. Уæздан зæронд лæг (Æфсинмæ). Дæхиуыл фæхæц, мæ хур. Дуканигæсы ус (рудзынгæй). Тæригъæд бæргæ у! Æ ф с и н. Мæ дуду гино, мæ уд, мæ дзæцц! Д э з и. Ай-гъай у тæригъæд. Уæздан зæронд лæг (йæ дæларм ын æрхæцыд æмæ йæ кафейы террасæмæ бахуыдта, фынгмæ йын амоны). Мæнæ ам æрбад, мадам. Ж а н (Уæздан зæронд лæгмæ). Диссаг дæм нæ кæсы ацы хабар? Дуканигæс (Аогикмæ). Диссаг дæм нæ кæсы ацы хабар? Дуканигæсы ус (Дэзимæ, рудзынгæй). Диссаг дæм нæ кæсы ацы хабар? Кафейы хицау (Хæринагхæссæгмæ, уый кафейы дуарæй æрбахызти, Æфсины фынджыуæлхъус куы бадын код- той, уыцы сахат. Ус раздæрау йæ хъæбысы узы мард гæдыйы). Æхсинæн дон радав, тагъд! Уæздан зæронд лæг (Æфсинмæ). Æхсин, æрбад, дæ хорзæхæй. Ж а н. Мæгуыр нæу ацы ус! Дуканигæсы ус (рудзынгæй). Мæгуыр нæу уыцы гæды! Б е р а н ж е (Хæринагхæссæгмæ). Фæлтау ын коньяк рахæс- сут. Кафейы хицау (Хæринагхæссæгмæ). Иу коньяк! (Беранжемæ амонгæйæ.) Мæнæ ацы лæджы хардзæй. Хæринагхæссæг (кафемæ бахизгæйæ). Иу коньяк! Æ ф с и н (хæкъуырццæй кæугæйæ). Нæ хъæуы! Нæ мæ хъæуы! - • 41
Дуканигæс. Айразмæ ам фалæмæ иу згъорд акодта. Ж а н (Дуканигæсмæ). Уый æндæр уыди. Дуканигæс (Жанмæ). Æцæг? Дуканигæсы ус. Нæ уыди æндæр. Уый уыди. Д э з и. Ныр дыккаг хатт агайы ауылты. Кафейы хицау. Мæнмæ гæсгæ, уыцы иу у. Ж а н. Нæу, нæу. Раздæрыуонæн йæ фындзыл дыууæ сыкъайы уыд, уый азиаг сыкъафындз уыд, ауыл та иу сыкъа уыд, ай африкаг у! Хæринагхæссæг коньячы рюмкæимæ рапыд ’æмæ йæ Æфсинæн бахаста. Уæздан зæронд лæг. Мæнæ дын коньяк, дæ чемы дæ æрцæуын кæндзæн. Æ ф с и н (йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ). Нæ, нæ... Б е р а н ж е (æваст æрбафыхти, Жанмæ). Ныр æнæсæр ныхæстæ цы кæныс!.. Йæ сыкъатæ йын кæцæй ауыдтай? Афтæ тагъд агайдта, æмæ йын йæхи дæр зынтæй уыди фенæн... Д э з и (Æфсинмæ). Æцæг дын фенцондæр уыдзæн. Уæздан зæронд лæг (Беранжемæ). Æцæг, æцæг, афтæ тынг агайдта æмæ... Кафейы хицау (Æфсинмæ). Фен-ма йæ, хорз коньяк у. Б е р а н ж е (Жанмæ). Йæ сыкъатæ йын куыд тагъд анымад- тай? Дуканигæсы ус (Хæринагхæссæгмæ, рудзынгæй). Баназын ын кæн. Б е р а н ж е (Жанмæ). Рыг йæ сæрмæ къуыбылæйттæй куы сбадти, куы ницыуал зынди. Д э з и (Æфсинмæ). Аназ-ма йæ, æхсин. Уæздан зæронд лæг (Æфсинмæ). Æрмæст иунæг хъуыртт, мæ дуне!.. Дæхи фæхъæбатыр кæн. Хæринагхæссæг рюмкæ бахаста Æфсины былтæм, уый, цыма йын тыхми кæнынц, уыйау йæхи нæ комæг скодта, фæлæ йæ анызта. Хæринагхæссæг. Иттæг хорз! Дуканигæсы ус (рудзынгæй) æмæ Д э з и. Иттæг хорз! Ж а н (Беранжемæ). Æз зæронг дæн. Нымайынмæ рæвдз дæн. Уæздан зæрондлæг (Æфсинмæ). Цæй, куыд у дæ уавæр? Б е р а н ж е (Жанмæ). Омæ йæ сæр дæлæмæ уагъд куы уыди. Кафейы хицау (Æфсинмæ). Хорз коньяк нæу? Ж а н (Беранжемæ). Йæ сыкъатæ хорз уый тыххæй зындыс- ты. Æ ф с и н (йæ нуазæн бындзарæй анызта). Мæ дуду гино! Б е р а н ж е (Жанмæ, мæстыйæ). Æнæсæр ныхæстæ! 42
Дуканигæсы ус (Æфсинмæ, рудзынгæй). Æз дын :пдæр гæды ратдзынæн. Ж а н (Беранжемæ). «Æнæсæр ныхæстæ» зæгъгæ мын ныр •^ыккаг хатт загътай. Куыд уæндыс?.. Æфсин (Дуканигæсы усмæ). Ницæмæн мæ хъæуы æндæр. (Кæуы, афтæмæй узы гæдыйы.) Б е р а н ж е (Æфсинмæ). Дæхиуыл фæхæц! Кафейы хицау (Æфсинмæ). Дæхи мауал хæр. Ж а н (Беранжемæ). Æз æнæсæр ныхæстæ никуы кодтон! Уæздан зæронд лæг (Æфсинмæ). Цардмæ философы чæстæй кæсын хъæуы. Б е р а н ж е (Жанмæ). Дæхимæ исты кæсыс. (Хъæрдæрæй.) Лхуыргонд мын йæхи чи нæ рахондзæни!.. Кафейы хицау (Жан æмæ Беранжемæ). Хорз адæм, уæхиуыл фæхæцут! Б е р а н ж е (Жанмæ, мæстыйæ). ...зонгæ ницы кæны, афтæ- мæй дам ахуыргонд дæн. Кæд дæ йæ зонын фæнды, уæд иу сыкъа азиаг сыкъафындзæн и, африкагæн та — дыууæ. Иууылдæр Æфсины цурæй рацыдысты æмæ Жан æмæ Беранжейы алыварс æрлæууыдысты Уыдон хъæрæй быцæу кæнынц Ж а н (Беранжемæ). Рæдийыс! Раст нæ зæгъыс! Æ ф с и н (иунæгæй). Цы дзæбæх уыдтæ, цы дзæбæх! Б е р а н ж е. Хæснаг кæныс? Хæринагхæссæг. Хæснаг кæнынмæ рахызтысты! Д э з и (Беранжемæ). Æгæр ратæвд дæ, мосье Беранже! Ж а н (Беранжемæ). Демæ нæ хæснаг кæнын. Дыууæ сыкъайы дам! Дæхицæн и дыууæ сыкъайы! Æлгъаг азиат! Хæринагхæссæг. Огъо! Дуканигæсы ус (рудзынгæй, йæ лæгмæ). Ныртæккæ фæхыл уыдзысты. Дуканигæс (йæ усмæ). Уый дын хæснаг. Уæздан зæронд лæг. Æцæг дзы цымæ кæцытæн ис иугай сыкъатæ? (Дуканигæсмæ). Ды базаргæнæг дæ æмæ йæ зондзынæ. Дуканигæсы ус (йæ лæгмæ, рудзынгæй). Нæ йæ зоныс? Б е р а н ж е (Жанмæ). Кæмæн и сыкъатæ? Мæнæн? Дуканигæс (Уæздан зæронд лæгмæ). Базаргæнджытæ дæр алцы нæ зонынц. Ж а н (Беранжемæ). Кæд дын нæй, уæд та дын уыдзæни! Б е р а н ж е (Жанмæ). Стæй азиат дæр нæ дæн. Æниу ^зиаттæ кæмæй æвзæрдæр сты! Хæринагхæссæг. Раст у, азиаттæ дæр мах хуызæн ^дæм сты. 43
Уæзданзæронд лæг (Кафейы хицаумæ). Уый раст у. Кафейы хицау (Хæринагхæссæгмæ). Дæу дзы ничи фæрсы. Д эзи (Кафейы хицаумæ). Раст зæгъы, мах хуызæн адæм сты азиаттæ дæр. Æфсин уыцы быцæуы рæстæг дæр йæ хъарæг нæ ныууагъта. Æ ф с и н. Æмæ цы сабыр уыд æниу. Раст мæнæ мах халдих. Ж а н (бынтондæр рафыхти). Уыдонæн сæ царм бур у. Аогик лæууы Æфсин æмæ иннæ адæмы ’хсæн хибарæй, быцæумæ хъусы лæмбынæг, фæлæ дзы йæхи нæ тъыссы Ж а н. Хорз адæм, хæрзбон ут. (Беранжемæ.) Дæу та амæй фæстæмæ нæ зонын. Æфсин (хъарæг кæны). Куыд бирæ нæ уарзта! (Кæуы.) Д э з и. Цæй-ма ныууадзут, мосье Беранже, ныууадзут-ма, мосье Жан... Уæзданзæронд лæг. Мæнæн азиат-хæлæрттæ уыди. Чи зоны, бынтон азиаттæ нæ уыдысты... Кафейы хицау. Æз та æцæг азиаттимæ уыдтæн зонгæ. Æ ф с и н (раздæрау хъарæг кæны). Хæрз лæппынæй мæм æрбафтыди. Ж а н (раздæрау тынг мæстыйæ). Буртæ сты! Буртæ! Бынтон бур! Б е р а н ж е (Жанмæ). Ды та? Ды та ракæй сырхдæр! Дуканигæсы ус (рудзынгæй) æмæ Хæринаг- х æ с с æ г. Уæууа! Кафейы хицау. Ацы быцæу хорзмæ не ’ркæндзæни! Æ ф с и н (хъарæг ма кæны). Æниу цы сыгъдæг уыди! Йæ хъуыддæгтæ-иу змисы бакодта! Ж а н (Беранжемæ). Афтæ у? Уæдæ мæ дæ цæсты кæронæй дæр нал ауыдтай! Ацы рæучимæ цы сбæдæн дæн! Æ ф с и н (хъарæг кæны). Кæрæдзи хорз æмбæрстам. Жан мæстæй цæхæртæ калы, афтæмæй тагъд-тагъд араст галиуырдæм, ацæуыны размæ ма ие ’ргом раздæхта. Уæздан зæронд лæг (Дуканигæсмæ). Азиатты ’хсæн урсытæ дæр ис, саутæ дæр, æрвхуызтæ дæр, стæй мæнæ мах хуызæттæ дæр. Ж а н (Беранжемæ). Къупри! Адæм тарст ракæс-бакæс кæнынц Б е р а н ж е (Жанырдæмракъахдзæф кодта). Хъус-ма, æз ахæмтæ нæ барын! Иууылдæр (Жанырдæмразылдысты). О-о-о! Æ ф с и н (хъарæг кæны). Дзурын нæ зыдта, фæлæ адæй- магæй æмбаргæдæр уыди. 44
Д э з и (Беранжемæ). Хъуыддаг уыйонгты уадзын нæ хъуыди. Б е р а н ж е (Дэзимæ). Мæн аххос нæ уыди... Кафейы хицау (Хæринагхæссæгмæ). Ацы мæгуыр гæдыйæн ма исты асыккгонд фен. Уæздан зæронд лæг (Беранжемæ). Мæнмæ гæсгæ, ды раст дæ. Азиаг сыкъафындзæн дыууæ сыкъайы ис, афри- кагæн та — иу. Дуканигæс. Мосье афтæ нæ загъта. Д э з и (Беранжемæ). Уæ дыууæ дæр аххосджын стут. Уæздан зæронд лæг (Беранжемæ). Мæнмæ гæсгæ, ды раст дæ. Хæринагхæссæг (Æфсинмæ). Цом, æхсин, дæ гинойы дын асыччы нывæрæм. Æ ф с и н (хæкъуырццæй кæуы). Ницæй тыххæй! Никæд! Дуканигæс. Бахатыр кæнут, фæлæ цыма мосье Жан растдæр уыди. Д э з и (разылди Æфсинырдæм). Дæхиуыл фæхæц, æхсин! Дэзи æмæ Хæринагхæссæг Æфсины æд гæды кафемæ акодтой. Уæздан зæронд лæг (Дэзи æмæ Хæринагхæссæгмæ). Уæд та æз дæр уемæ ацæуин. Дуканигæс. Азиаг сыкъафындзæн иу сыкъа ис, афри- кагæн та — дыууæ. Кæнæ та иннæрдæм. Д э з и (Уæздан зæронд лæгмæ). Ды та ма цы фыдæбон кæныс? Дэзи æмæ Хæринагхæссæг Æфсины æнкъардæй акодтой кафемæ. Дуканигæсы ус (рудзынгæй, йæ лæгмæ). Ды та фисынмæ гуырд дæ, адæм иуырдæм, ды та иннæрдæм! Б е р а н ж е (иуварсмæ, уыцы рæстæг та быцæу кæнынц, сыкъафындзæн цал сыкъайы ис, ууыл). Дэзи раст у, дзæгъæлы схъуырдухæн дæн йемæ. Кафейы хицау (Дуканигæсы усмæ). Дæ лæг раст у: азиаг сыкъафындзæн дыууæ сыкъайы ис, африкагæн дæр хъуамæ дыууæ уа, науæд та иннæрдæм. Б е р а н ж е (иуварсмæ). Йемæ быцæу кæнæн нæй, фырмæстæй рафыцы. Йæ ныхмæ исты куы сдзурай, уæд цæкуыйау фесхъиуы. Уæздан зæронд лæг (Кафейы хицаумæ). Рæдийыс, мæ хæлар. Кафейы хицау (Уæздан зæронд лæгмæ). Гъемæ — рæдыды комы æхсырфæмбал. Б е р а н ж е (иуварсмæ). Иунæг аипп æм ис: æгæр суцца у. Дуканигæсы ус (рудзынгæй, Уæздан зæронд лæгмæ, 45
Кафейы хицаумæ æмæ Дуканигæсмæ). Кæд дыууæ дæр иу- хуызæттæ сты, уæд та? Б е р а н ж е (иуварсмæ). Æнæуи та йын сызгъæрин зæрдæ ис, цал æмæ мын цал хатты баххуыс кодта! Кафейы хицау (Дуканигæсы усмæ). Иугæр дзы иуæн дыууæ сыкъайы ис, уæд хъуамæ иннæмæн иу сыкъа уа. Уæздан зæронд лæг. Омæ кæд фыццагæн иу сыкъа ис, уæд та? Б е р а н ж е (иуварсмæ). Æрæ&жиау фæсмон кæнын, мæхиуыл цæуылнæ фæхæцыдтæн. О, фæлæ афтæ хивæнд цæмæн у? Смæсты йæ кæнон, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. (Иннæтæм.) Куы ныффæрск уа, уæд æй Тимуры ’фсæдтæ дæр нæ басæтдзысты. Йæхимæ стыр ахуыргонд кæсы! Ома æз ахуыргонд дæн æмæ мын фæрæдийыны хъомыс нæй. Уæздан зæронд лæг (Беранжемæ). Цы ’вдисæнтæ дæм ис уый тыххæй? Б е р а н ж е. Цæй тыххæй? Уæздан зæронд лæг. Уæ быцæуы тыххæй. Дуканигæс (Беранжемæ). Æцæг, æцæг, чи уæ растдæр у, уый куыд базонæм? Уæздан зæрондлæг (Беранжемæ). Цæмæй йæ зоныс, сыкъафындзтæй иуæн дыууæ сыкъайы ис, иннæмæн та иу, уый? Д у к а н и г æ с. Ай дæр махæй уæлдай ницы зоны,- Б е р а н ж е. Фыццаджыдæр, бæрæг нæу, дыууæ сыкъафын- дзы федтам абон, уый. Мæнмæ гæсгæ, иу уыди. Кафейы хицау. Фæлæ, зæгъæм, дыууæ уыдысты. Уæд дзы иу сыкъа кæцыйæн уыди — африкагæн? Уæздан зæронд лæг. Нæ, африкагæн дыууæ сыкъайы ис. Мæнмæ афтæ кæсы. Кафейы хицау. Африкагæн дыууæ сыкъайы уæвæн нæй! Дуканигæсы ус. Адонимæ мыл мæгуыры бон нæй — алчи дæр дзы йæхиуæттæ кæны! Уæздан зæронд лæг. Омæ йæ сбæрæг кæнын нæ хъæуы! Л о г и к (йæхи сæм æввахсдæр æрбайста). Бахатыр кæнут, мæхи уæ ныхасы кæй тъыссын, уый тыххæй. Мæхи уын базо- нын кæнон. Æ ф с и н (кæугæйæ). Ай Логик у. Кафейы х ицау. О-гъо! Логик! Уæздан зæронд лæг (Беранжейæн Аогикы амоны). Мæ хæлар, Логик. Б е р а н ж е. Нæ базынд амондимæ, мосье. 46
Л о г и к. Ис мæм логикы дæсныйад — мæнæ уын ме ’вдис- æндар. (Æвдисы йе ’вдисæндар.) Б е р а н ж е. Мæхи амондджыныл нымайын, мосье... Дуканигæс. Æхсызгон нын у демæ базонгæ уæвын. Кафейы хицау. Зæгъ-ма нын уæдæ, мосье, африкаг сыкъафындзæн æцæг иунæг сыкъа ис? Уæзданзæронд лæг. Æви дыууæ? Дуканигæсы ус. Азиаг сыкъафындзы дæр ма ферох кæн. Дыууæ сыкъайы йын ис? Дуканигæс. Æви иу? Логик. Хъуыддаг афтæ у, æмæ фарст раст не ’вæрут. Дуканигæс. Мах, цы не ’мбарæм, уымæй фæрсæм. Л о г и к. Хорз адæм, бахатыр кæнут. Уæздан зæронд лæг. Дзурын ма йæ бауадзут. Дуканигæсы ус. Дзурын æй бауадзут. Кафейы хицау. Хъусæм дæм, мосье. Л о г и к (Беранжемæ). Фыццаджыдæр, дæумæ у мæ ныхас, стæй та иннæтæм. Хъуыддаг афтæ у, æмæ уæ быцæуы тæккæ райдайæны сымах сæйраг фарстæй иуварс ахызтыстут, уæхæдæг дæр æй нæ бафиппайдтат, афтæмæй. Ды æппæты фыццаг дæхи бафарстай: раздæр чи азгъордта, уыцы сыкъафындз æмæ ныртæккæ чи азгъордта, уый иу у æви нæ? Гъемæ уал уыцы фарстæн дзуапп раттын хъæуы. Б е р а н ж е. Гъемæ йын цы дзуапп ис? Л о г и к. Мæнæ ахæм дзуапп: чи зоны, дыууæ хатты дæр уыцы иу сыкъафындзы федтой æмæ йын уыд иунæг сыкъа... Дуканигæс (фæзмы Аогикы, цæмæй йын йæ ныхæстæ хуыздæр бахъуыды кæна). Дыууæ хатты дæр уыцы иу сы- къафындзы. Кафейы хицау. Æмæ йын уыд иунæг сыкъа. Л о г и к. Кæнæ та: дыууæ хатты дæр федтай иу сыкъафын- дзы æмæ йын уыди дыууæ сыкъайы. Уæздан зæронд лæг (фæзмы йæ). Дыууæ хатты дæр иу сыкъафындзы æмæ йын уыди дыууæ сыкъайы. Л о г и к. Иттæг раст. Уымæй дарддæр, чи зоны, фыццаг сыкъафындзы иу сыкъаимæ федтай, стæй дыккаджы дæр — иу сыкъаимæ. Дуканигæсы ус (рудзынгæй). Куыд, куыд? Л о г и к. Кæнæ та фыццаг сыкъафындзы дыууæ сыкъаимæ. Кафейы хицау. Иттæг раст. Логик. Уæдæ афтæ: кæд фыццаг хатт... Дуканигæс. Кæд фыццаг хатт... 47
Л о г и к/ Кæд фыццаг хатт дысион сыкъафындз федтай... Кафейы хицау. Дысион... Аогик, ...дыккаг хатт та иусион... Дуканигæс. Иусион. . Л о г и к. Уый афтæ нæ амоны, æмæ... Кафейы хицау. Цы нæ амоны? Дуканигæсы ус. Ницы йын æмбарын. Дуканигæс. Мæ сæр бынтондæр сдзæгъæлтæ. Дуканигæсы ус йе уæхсчытæ базмæлын кодта æмæ рудзынгæй фæаууон. Логик. Уæвæнуыдис афтæ: фыццаг сыкъафындзæн кæмдæр йæ иу сыкъа асастис. Æмæ та фæстæмæ ауылты разгъордта иу сыкъаимæ. Б е р а н ж е. Фæуæд афтæ, фæлæ... Уæздан зæронд лæг (Беранжемæ). Лæджы дзурын бауадз. Л о г и к. Уæвæн уыдис афтæ дæр: дыууæ дысион сыкъ- афындзæн сæ иугай сыкъатæ асастысты. Уæздан зæронд лæг. Уæвæн уыдис. Кафейы хицау. Алцæмæн дæр уæвæн ис. Дуканигæс. Цард цард у! Б е р а н ж е. О, фæлæ... Уæздан зæронд лæг (Беранжемæ). Фæлæуу-ма, йæ хъуыры цы абадыс, бауадз æй! Л о г и к. Бæлвырдæй мын куы сбæрæг кæниккат, фыццаг сыкъафындз иусион уыд, уый. Азиаг у æви африкаг, уый ницы уæлдай у... Уæзданзæронд лæг. Азиаг æви африкаг... Л о г и к. Дыккаг та дысион уыд, уый... Уæздан зæронд лæг. Дысион уыд, уый... Л о г и к. Африкаг у æви азиаг, уый ницы уæлдай у... Дуканигæс. ...африкаг æви азиаг... Л о г и к. Уæд нæ бон зæгъын уаид, сыкъафындзтæ дыууæ кæй уыдысты, уый. Саст сыкъа та фæстæмæ афтæ тагъд раза- даид, уый зын бауырнæн у. Нымæтын ехсæй йæ куынæ ’рцав- дæуыд мыййаг. Уæзданзæронд лæг. Зын бауырнæн у. Л о г и к (йæ хъуыдытæ куыд нывæнды, уымæй иттæг разы уæвгæйæ). Уæд азиаг кæнæ африкаг сыкъафындз... Уæздан зæронд лæг. Азиаг кæнæ африкаг... Аогик. ...фестадаид африкаг кæнæ азиаг... Кафейы хицау. Африкаг кæнæ азиаг. Дуканигæс. Гъæй-да гъа... 48
Логик. Уый та логикæмæ гæсгæ раст нæ уаид, уымæн æмæ уыцы иу удæн уыцы иу рæстæг дыууæ раны райгуырæн ницы ууЫЗЫ ИС. Уаездан зæрондлæг. Суанг хицæн рæстæджыты дæр. Л о г и к (Уæздан зæронд лæгмæ). Уый фидарæй зæгъын нæ бон нæма у. Б е р а н ж е (Аогикмæ). Уыдæттæ иууылдæр æмбарын, фæлæ цыма нæ ныхасы сæр иуварс аззади. Л о г и к (Беранжемæ ахæм каст кæны, цыма йæ зæды хай, йæ ирвæзынгæнæгу, мидбылты йæм бахудти). Æвæццæгæн, мæ зынаргъ мосье, æрмæстдæр ахæм хуызы ссардзыстæм раст фæндаг нæ ныхасы сæрмæ. Уæздан зæронд лæг. Цæйау акæнынц, æфсæн логикæ! Л о г и к (йæ чъилджынхуд уæлæмæ иуцасдæр систа). Хорзæй баззайут, уæздан лæгтæ. Азылд æмæ галиуырдæм ацыд, йæ фæдыл араст Уæздан зæронд лæг дæр. Уæздан зæронд лæг. Хорзæй баззайут, уæзданлæгтæ. (Уый дæр йæ чъилджын худ гæзæмæ уæлæмæ систа æмæ ацыд Логикы фæстæ). Дуканигæс. Чи зоны дзы æцæг логикæ ис... Раст уыцы сахат кафейæ марды хуызæнæй сабыргай рацыди Æфсин, йæ къухы къопщ йæ фæстæ — Дэзи æмæ Хæринагхæссæг мæрдзыгойау æнкъардæй рараст ысты. Чи зоны дзы логикæ ис, фæлæ нын бон сихорафон нæ цæстыты раз сыкъафындзтæ нæ гæдыты марой, уый хъуамæ куыд ныб- барæм. Сыкъафындзтæ та чердыгонфæнды фестæнт — азиæгтæ æви африкæгтæ, иусионтæ æви дысионтæ — цы уæлдай у? (Мæрддзыгоймæ йе ’нгуылдзæй амоны.) Кафейы хицау. Раст зæгъы ацы лæг. Сыкъафындзтæ нын нæ гæдыты сæ къæхтæй най кæной, уый куыд хъуамæ барæм! Дуканигæс. Нæй уыдæттæн барæн! Дуканигæсы ус (дуканийæ йæ сæр радардта, йæ лæгмæ).Дæ дуканимæ-ма рахъуытты у! Ныртæккæ æлхæнджытæ æрбацæудзысты! Дуканиг æс (фæцæуы дуканимæ). Нæй уыдæттæн барæн! Б е р а н ж е. Ехх, нæ мæ хъуыди Жанимæ хыл кæнын. (Кафейы хицаумæ.) Коньяк-ма рахæсс! Кафейы хицау. Ныртæккæ. (Фæцæуы кафемæ.) Б е р а н ж е. Ехх, дзæгъæлы йæ смæсты кодтон, бынтон Дзæгъæлы. Кафейæ рахызт йæ хицау йæ къухы коньячы стыр рюмкæ. 4 Махдуг№ 3, 1997 49
Мæ зæрдæ бынтондæр ныммæгуыр, рухсы цъыртт æм нÆ кæцæйуал кæлы. Цæй, цы мæ хъуыддаг и музейы? Театрмæ дæ| æндæр хатт ацæудзынæн. (Рюмкæ райста, нуазы.) 1 Æ м 6æ р з æ н | щ ДЫККАГ НЫВ | Юридикон литературæ чи уадзы, ахæм стыр фирмæйы къантор. Сценæий астæу рæбынæй — уæрæх дуар, фыст ыл: «Къанторы хицау*. Дуары тæккк галиуварс — Дэзийы стъол, йæ уæлæ — фыссæн машинкæ. Асинтæм цы дуаъ хоны, уыи æмæ Дэзийы стъолы ’хсæн ма ноджы иу чысыл стъолгонд, Щ уæлæ — табелъ, сæ къухтæ дзы æрæвæрынц, куыстмæ чи ’рбацæуы, уыдощ Галиуырдыгæй разæй — асинтæм ахизæн дуар; зынынц асинты уæллах къæпхæнтæ, гæзæнхъæдтыкæрæттæ æмæ чысыл фæзгонд. Астæумæ æввахсдæр разæй — стъол æмæ дыууæ бандоны. Стъолыл — корректурæтæ, фыссæнгæрзтæ æмæ а. д. Уый у Ботар æмæ Беранжейы стъол. Беранжейы бандон — галиуырдыгæй, Ботарыуон та — рахизырдыгæи. Рахиз къулы цур — стырдæр стъол, цыппæрдигъон; алыхуызон гæххæттытæй — йедзаг. Уыцы стъолы цур дæр — дыууæ бандоны, иннæтæй рæсугъддæртæ, ахадгæдæртæ, сты кæрæдзи ныхмæ æвæрд. Уый у Дюдары æмæ мосье Бефы стъол. Дюдар æрбаддзæни, къулырдыгæй цы бандон ис, уым, йе ’ргом хъуамæ уа кусджы- тырдæм, уыи у хицауы æххуысгæнæг. Рæбынæй цы дуар ис, уый æмæ рахиз къулы ’хсæн —рудзынг. Рахиз къуымырæбынæй рагъæн — дарæс ауындзæн, дæрдджын кусæндзаумæттæ, пинджактæ йыл ауыгъд. Рагъæнæн бакæнæн ис разæйдæр, рахиз къулмæ хæстæг. Къултыл чингуыты тæрхæджытæ æд чин- гуытæ, папкæтæ, рыг сыл сбадти. Сæ сæрмæ фыстытæ: «Юриспруденци», «Кодекстæ». Рахиз къулыл — табличкæтæ: «Хицауадон фидиуæг», «Хъалонтæ фæфылдæр кæныны системæ*. Хицауы дуары сæрмæ сахат амоны %03. Æмбæрзæн куы сисынп, уæд Дюдар лæууы йе стъолы уæлхъус, Ботар та — йæ бакомкоммæ, стъолы иннæ фарс, сæ цæсгæмттæ — кæрæдзимæ. Сæ астæу рæбындæр — къанторы хицау, уыйдæр ие стъолы уæлхъус Йæ галиу- варс чысыл æддæдæр — Дэзи, иæ къухы — машинкæйæ фыст гæххæттытæ. Æмбæрзæн сисыны фæстæ ма цалдæр секунды дæргъы архайджытæ фæлæууынц æнæзмæлгæйæ, цалынмæ фыццаг дзырдæппарæн райхъуысы, уæдмæ. Сценæ æд адæм зыны цардæгас нывы хуызæнæй. Къанторы хицау — иу 50-аздзыд лæг, аив дарæс ыл: тарцъæх костюм, Кадджын легионы ордены лентыл, крахмалытылд æфцæггот, саугалстук Саурихитæ. Йæном — мосье Папийон. Дюдар — иу 35-аздзыд, дары кæсæнцæстытæ, фæныкхуыз костюм, йæ дыстæ цæмæйма чъизикæной, уый тыххæй сыл ис саухъуымацæй агъудгæндтæ. У бæрзондгомау, куысты йæ хъуыддæгтæ цæуынц хорз. Къанторы хицау ди- ректоры хæдивæг куы суа, уæдДюдар та къанторы хицау суыдзæн. Ботар æи нæ уарзы. Ботар раздæр уыд ахуыргæнæг, у схъæлгомау, цыбыр урс рихитæ йын, цæуы йыл 60 азмæ æввахс, фæлæ нырма æрыгонхуыз. Алцы дæр зоны, алцьт дæр æмбары. Ис ыл берет, фæныкхуыз даргъ блузæ, дары кæсæнцæстытæ,] стыргомау фындз ын, йæ уалхъусы кърандас тъыст. Уымæн дæр йæ цæнгтыл — агъудгæндтæ. Дэзи — æрыгон бурдзалыг чызг. 50
фæстæдæр фæзыны мадам Беф, 40—50-аздзыдстæвдтæсылгоймаг,кæ- ь1нвæллад, кæны хæстулæфт. ’ Æмбæрзæн куы систæущ уæд иууылдæр лæууынц æнæзмæлгæйæ, стъолæн и;г рахизфарс Къанторыхицау йæ къухæй амоны, стъолыл цыгазетис, уымæ. Дюдар та амоныБотары ’рдæм, ома уæхæдæг æйуынут, кæй аххосу, уый. ^птарæн иæ къухтæ йæ дзыппыты тъыст, былысчъил худт кæны, цыма афтæ ^ггъынмæ хъавьс «Гъемæ фендзыстæм!». Дэзийæн йæ къухы мыхуыргонд гæххæттытæ, афтæмæй кæсы Дюдармæ, 0/г;я дæ ныхæстæ раст сты Сценæ ахæм уавæры вæййы цалдæр секунды, стæй Ботар райдайьг. Б о т а р. Сæнттæ цæгъдут, æви уæ фыны исты федтат? Д э з и. Мæхи цæстæй йæ федтон. Д ю д а р. Омæ уæдæ газет гæды ныхæстæ ныффыста! Цы пыццæхгæрмæ стут! Б о т а р (æлгъгæнæгау). Пфф! Д ю д а р. Мæнæ ам тынг биноныг фыст у. Уацхъуыдæн йæ пом та: «Гæды фæци сыкъафындзы къæхты бын». Бакæс-ма и е, мосье Папийон. Мосье Папийон. «Знон, хуыцаубоны, нæ сахары Лргъуаны фæзы бон-сихорафон адæмы цæстыты раз бæзджын- :;арм йæ къæхты бын бассæста гæдыйы». Д э з и. Фæзæй гыццыл иуварсдæр уыди. Мосье Папийон. Æндæр дзы ницы бæлвырд хабар фыст ис. Б о т а р. Пфф! Д ю д а р. Цы ма дзы хъуамæ уа фыст? Б о т а р. Цæй, цыма нæ зонут газетты кусджыты! Иууылдæр гæды ныхæстæ фыссынц, æууæнк сыл нæй. Цалынмæ йæ мæхи цæстæй фенон, уæдмæ мæ ницы хуызы бауырндзæни. Æз ах- уыргæнæг уыдтæн æмæ афтæ уарзын: хабар мын сæрæй бынмæ радзур бæстон, æнæ раздух-баздухæй, ахуырады бындурыл. Лхæм зондыл хæст дæн æз: хъуамæ бæлвырд методикæйыл æнцайа алы хъуыддаг дæр. Д ю д а р. Методикæ ацы ран чердыгæй фидауы? Д э з и (Ботармæ). Мæнмæ гæсгæ, мосье Ботар, ацы уацхъуыд •’шноныг фыст у. Б о т а р. Цы дзы и биноныгæй? Гъа-ма, æркæсæм æм. Цавæр ^æзджынцармыл цæуы ныхас? Чи у, цы у уыцы бæзджынцарм? Лрд уын хæрын, хæйрæг дæр æй нæ базондзæн. Уæдæ гæдытæ Лæр мыггаггай сты. Д ю д а р. Æвæццæгæн, ам хæдзарон гæдыйыл цæуы ныхас... Б о т а р. Омæ нæл уыд æви сыл? Сау уыд æви урс? Стæй чавæр уыд йæ мыггаг? Расист нæ дæн, фæлæ... Мæхæдæг расиз- Ь1 ныхмæ дæн. 51
'1 Мосье Папийон. Фарн дæм бадзурæд, мосье Ботащ фæлæ дзы расизмтæ йедты койтæ та цæмæн хъæуы? 1 Б о т а р. Расизм нæ дуджы тæккæ тæссагдæр низтæй иу кæм у, уый дæ рох ма уæд, мосье Папийон. I Д ю д а р. Неппæтдæр демæ разы стæм, фæлæ ныхас æндæй хъуыддагыл цæуы. 1 Б о т а р. Мосье Дюдар, хъуыддагмæ афтæ уæлæнгæйтть! цæуæн нæй. Историон цаутæ куыд æвдисынц, афтæмæй ра-1 сизм... | Д ю д а р. Иу хатт ма йæ зæгъын, ныхас ууыл нæ цæуы... I Б о т а р. Мæнырдыгонау та... | Мосье Папийон. Расизм бынтон æндæр ныхасаг у. I Б о т а р. Фадат уæвгæйæ йын йæ гамхуд исын хъæуы. Д э з и. Æз ам иу расист дæр нæ уынын. Ды бынтон æндæр хъуыддæгтыл дзурыс. Мах хуымæтæджы гæдыйы кой кæнæм, ды та расизмтæ йедтæм ахæццæ дæ. ; Б о т а р. Цы, уый зонут? Æз хуссайраг нæ дæн. Хуссайрæгтæ сты ахæм парахат зонды хицæуттæ. Чи зоны, мыст æхсæнчъы йæ къахы бын фæкодта. Æмæ ныр мыстæй пыл аразынц. Мосье Папийон (Дюдармæ). Уæдæмæ ма бавдæлæм æмæ хъуыддаг сæрæй бынмæ равзарæм. Уæдæ зæгъыс сыкъ- афындзы дæхи цæстытæй федтай? Афтæ сæрибарæй ралли-балли кодта уынгты? Д э з и. Ралли-балли нæ кодта, фæлæ агайгæ. Д ю д а р. Æз æй мæхæдæг нæ федтон. Фæлæ мын æй, æу- уæнк кæуыл ис, ахæм адæм... Б о т а р (йæ ныхасын аскъуыдта). Куыннæ йæ ’мбарыс, уый дзæгъæл дзæнгæда кæй у, уый! Журналисты мыггагæй зæххыл цыдæриддæр ис — иуыл дæр дзы æууæнк нæй, сæ фидиссаджы газеттæ сын цæмæй алхæной, уый тыххæй цынæ æрымысдзыс- ты! Сæ хицæутты цæстмæ сæрбихъуырæйттæ сисынц. Майму- литæй цы кæныс! Мосье Дюдар, юрист куы дæ, докторы дип- лом дæм куы ис, уæд уыдоны ныхæстыл куыд æууæндыс! Худæг та куыннæ у!^Ха-ха-ха! Д э з .и. Йарæби, мæхи цæстæй йæ федтон, мæхи цæстæй федтон сыкъафындзы. Ард хæрын, сомы кæнын, мæ сæр уын лыгмæ дæттын. Б о т а р. Худинаг дын фод. Ныронг дæ ахæмæй нæ зыдтон. Д э з и. Мосье Ботар, шизофренийæ рынчын мæ хоныс, æви? .Иунæг æз æй нæ федтон, дуне дзыллæтæ дзы уыди, æмæ иууылдæр дисæй мардысты. Б о т а р. Пфф! Æмæ дзы сыкъафындз йеддæмæ ницы уыди? 52
^ем цы магуса æмæ- æввонгхор и, уыдон Аргъуаны фæзы ^раембырд вæййынц æмæ амæй-ай æбуалгъдæр дам-думтæ мы- г ’пЩ- Д ю д а р. Хабар знон æрцыд, знон та хуыцаубон уыд. Б о т а р. Æз хуыцаубоны дæр кусгæ фæкæнын. Сауджынтæ г<едтæм хъусынмæ мæ не ’вдæлы. Мосье Папийон (мæстыйæ). Оу, мæнæ! Б о т а р. Бахатыр кæн, дæу бафхæрыны тыххæй йæ нæ загьтон. Æз динмæ æвзæр цæстæй нæ кæсын, фæлæ сауджынтæ , дæмы галиу фæндагыл ардауынц. (Дэзимæ.) Сыкъафындз цы у, уый зонгæ кæныс? Д э з и. Зонын... Уый у тынг стыр сырд, æлгъаг. Б о т а р. Стыр! Æлгъаг! Макуыуал раппæл, федтон æй зæгъгæ... Сыкъафындз, мадемуазель, у... Мосье Папийон. Сыкъафындзы тыххæй нын лекци æсын ма райдайай. Скъолайы не стæм. Б о т а р. Уый бæсты скъолайы куы уаиккам. Уыцы рæстæг асинтыл фæзынди Беранже. Хъуызæгæу схызт æмæ дуар хъавгæ байгом кодта. Дуары уæлæ фæйнæджы гæппæлыл фыст. «Юриди- кон чиныгуадзæн). Мосье Папийон (Дэзимæ). Акса-ма! Дæсæм сахат ;:>айдыдта. Табель айс, мадемуазель, чи байрæджы кодта, уый га-иу мæ хъаст ма ракæнæд. Дэзи, кусджыты иомхыгъд кæм уыд, уыцы стъолмæ бацыд. Уыцы минут фæзынди Беранже. Б е р а н ж е (бахызт, иннæтæ ма быцæу кæнынц; Дэзиимæ). Дæ бон хорз, мадемуазель Дэзи. Нæ байрæджы кодтон? Б о т а р (Дюдар æмæ мосье Папийонмæ). Талынг æмæ æнæфенддзинад мæ уæнгæл сты. Кæмдæриддæр тох кæндзынæн -æ ныхмæ... Д э з и (Беранжемæ). Тагъддæр, мосье Беранже. Б о т а р. ...галуан уа, халагъуд уа — кæмдæриддæр! Д э з и (Беранжемæ). Тагъддæр дæ къух æрфысс табелы! Б е р а н ж е. Бузныг! Хицау ам ис? Д э з и’(йæ къух йæ былыл авæрдта). Ыс-с-с! Ам ис. Б е р а н ж е. Цæй раджы ’рбацыд? (Табелмæ фæлæбурдта.) Б о т а р. ...кæмдæриддæр! Суанг чиныгуадзæнты дæр! Мосье Папийон. (Ботармæ). Мосье Ботар, мæнмæ гæсгæ... Б е р а н ж е (иæ къух æвæры, Дэзимæ). Дæсæмæй дæс ^инуты дæр куынæма рацыди... Мосье Папийон (Ботармæ). Мæнмæ гæсгæ йæ с ’аецæхджын кодтай. 53
Д ю д а р (мосье Папийонмæ). Æз дæр афтæ ’нхъæл дæЯ мосье. Щ Мосье Папийон (Ботармæ). Ау, афтæ зæгъинаг дæ, ня ’мкусæг мосье Дюдар, докторы диплом кæмæ ис, йæ куыстмая иттæг хорз чи арæхсы, уый æнæфенд у? Щ Б о т а р. Æмæ æз ахæмæй куы ницы загътон. Æниу æй цьш сусæг кæнæм: уыцы факультеттæ æмæ университеттæ хуымЯ æтæджы скъолайы раз ницы рыг скалдзысты. I Мосье Папийон (Дэзимæ). Табель та кæм и? 1 Д э з и (мосье Папийонмæ). Мæнæ, мосье. (Дæттыйæм æй.Ш Мосье Папийон (Беранжемæ). Мæнæ мосье Беранже! дæр! | Б о т а р (Дюдармæ). Университетты чи бакæсы, уыдонæн! бирæ цыдæртæ нæ фæфаг кæны, сæ зонд дзæбæх нæ фæкæрды,! сæ цæст уынаг нæ вæййы, цард сæ нæма сфæлтæры. 1 Д ю д а р (Ботармæ). Ау, уый та куыд! | Б е р а н ж е (мосье Папийонмæ). Дæ райсом хорз, мосье] Папийон. \ Беранже хицауы фæстæты, ныхасгæнджыты иувæрсты хъуызæгау бакодта рагъæнмæ, иæ райст-бавæрды пинджак иударонæи раивта, йе стъолы цурмæ бацыди, лагъзæй цонгагъудтæ систа, йæ дыстыл сæ бакодта, салам дæтты. Дæ райсом хорз, мосье Папийон, хатыр, чысыл ма бах;ъæуа байрæджы кæнон. Дæ райсом хорз, Дюдар! Дæ райсом хорз, мосье Ботар. Мосье Папийон. Беранже, раст-ма зæгъ, ды дæр федтай сыкъафындзы? Б о т а р (Дюдармæ). Университетты чи бакаст, уыдон абстрак- тон хуызы хъуыды кæнынц, царды, адæмы хъæр не ’мбарынц. Д ю д а р (Ботармæ). Æнæсæр ныхæстæ. Б е р а н ж е (лагъзæй исы, кусынæн æй цыдæриддæр хъæуы, уыдон, архайы зæрдиагæй, цыма хицауы раз йæ рæдыд сраст кæнынмæ хъавы, мосье Папийонмæ). Куыннæ йæ федтон! Б о т а р (разылди). Пфф! Д э з и. Ныр æй бамбæрстат, æрра кæй нæ дæн, уый. Б о т а р (æлхыскъæмхасæнты). Мосье Беранже йæ фыруæз- данæй афтæ дзуры, хæдæгъдау у, уæвгæ æддаг бакастай афтæ нæ зыны. Д ю д а р. Сыкъафындзы федтон зæгъгæ афтæ зæгъын дæм уæздан ми кæсы? Б о т а р. Уæдæ. Мадемуазель Дэзийы мысæггаг ныхæстыл сразы уæвын уæздан мийыл нымайынц чидæртæ. Йæ зæрдæ йын ахæмтæй æлхæнынц. 54
Мосье Папийон. Гъеныр дæм уый цас раст кæсы, :Лосъе Ботар? Цæуыл быцæу кодтам, уый Беранже зонгæ дæр куынæ кодта. Б е р а н ж е (Дэзимæ). Æмæ йæ ды нæ федтай? Иумæ йæ куы федтам! Б о т а р. Пфф! Кæд Беранжейæн мыййаг йæ цæстытыл ,'уади сыкъафындз. (Беранжейы сусæгæй къухæй амоны, ома Леранже ахуыпгæнаг/.^Беранжейы æрхъуыдыимæ уымæн дæр ■ -æвæн ис. Б е р а н ж е. Æз иунæг нæ уыдтæн, сыкъафындз куы фæзынд, уæд. Чи зоны, иу сыкъафындз дæр нæ уыди, фæлæ дыууæ. Б о т а р. Цал сыкъафындзы федта, уый дæр нывыл нæ зоны. Б е р а н ж е. Мæ хæлар Жанимæ уыдтæн... стæй нæ алыварс адæмæй йедзаг уыд. Б о т а р (Беранжемæ). Уеппæт дæр цыдæр хæйрæджджынтæ стут, æнхъæлдæн. Д э з и. Иу сыкъа йын уыди. Б о т а р. Пфф! Ныр кæмæй хынджылæг кæнут? Д ю д а р (Дэзимæ). Æз та афтæ æрыхъуыстон, дыууæ сыкъайы дам ын уыди. Б о т а р. Рагацау уæддæр баныхас кодтаиккат, цæмæй уæ дам-думтæ кæрæдзиуыл бадой... Мосье Папийон (æркаст йæ сахатмæ). Цæй, ууыл нæ ныхас фестæм. Рæстæг цæугæ кæны. Б о т а р. Уæддæр, мосье Беранже, иу сыкъафындз федтай, æви дыууæ? Б е р а н ж е. М-м... Йед... Иу фæзилæн ма дзы ис... Б о т а р. Ницы йын зоныс, нæ? Мадемуазель Дэзи иусион сыкъафындз федта. Дæууонæн та, мосье Беранже, цал сыкъайы уыди? Б е р а н ж е. Хъуыддаг афтæ у, æмæ не сбæлвырд... Б о т а р. Хуыцауардыстæн, ницыуал æмбарын. Д э з и. Оу, мæнæ! Б о т а р. Уæ зæрдæ мыл ма фæхудæд, фæлæ уæ ныхæстæй иуыл дæр не ’ууæндын. Нæ сахары — сыкъафындзтæ? Ахæм Диссаг дзы никуыма ничи федта! Д ю д а р. Раздæр дзы нæ фендæуыд, ныр та дзы фендæуыд. Б о т а р. Ничи ницы федта. Кæд мыййаг сывæллæтты чин- гуыты чидæр цыдæр федта æмæ йæм æцæг фæкасти... Б е р а н ж е. Омæ цæмæн афтæ ныффæрск дæ? Адæм æй Чъиутау куы уасынц. Б о т а р. Уæ сыкъафындз аргъау у, æндæр ницы! 55
Д э з и. Аргъау? 1 Мосье Папийон. Мæ хæдзæрттæ, кусгæ бон у, уый у| бынтондæр ферох. щ Б о т а р (Дэзимæ). Мæнæ тæхгæ тæбæгъты хабар куыд | аргъау, раст афтæ. I Д ю д а р. Омæ гæдыйы хабар дæр нæу æцæг. | Б е р а н ж е. Æз æй мæхи цæстæй федтон. 1 Д э з и (Беранжемæ амонгæйæ). Ууыл дæр та не ’ууæндыс! Б о т а р. Ссардтой мын æвдисæн! 1 Мосье Папийон. Хорз адæм, цы уыл æрцыд? | Б о т а р (Дюдармæ). Адæмыл фисынмæ базыртæ базадй фисынмæ! Психоз! Дины хабар дæр афтæ у — дзыллæйæЗ маргæй уæлдай нæу. Опиум! 1 Д э з и. Уæдæ мæнмæ тæхгæ тæбæгъты хабар дæр æцæг кæсые Б о т а р. Пфф! ! Мосье Папийон (фидарæй). Уæ ныхасæн кæро* скæнут, науæд суанг æндæр галактикæтæм дæр ахæццæ стут Æнæбайрайгæ скæнут уæ сыкъафындзтæ æмæ тæбæгътæй! Алчр уæ йæ куыст кæнæд. Фирмæ уын æхца радзур-бадзурты тыххæ* нæ фиды. Æцæг ысты уæ ныхæстæ æви мæнг ысты, уьп фирмæйæн уæлдай нæу. Б о т а р. Мæнг ысты! Д ю д а р. Не сты! Д э з и. Иу мæнг ныхас дæр дзы нæй! Мосье Папийон. Иу хатт ма уæ курын: бамбарут — ныртæккæ куысты рæстæг у. Уе ’нæсæрфат быцæуæн кæро! скæнут. Б о т а р (хорзау нал у, æлхыскъæмхасæнты). Хорз, мось< Папийон. Ды хицау дæ. Цы зæгъай, уымæ нын æнæхъусгæ нæй Мосье Папийон. Фæтагъддæр кæнут. Уæ мыздæй уы* аппарой, уый мæ нæ фæнды. Мосье Дюдар, алкоголизмы ныхма арæзт закъонæн цы фиппаинæгтæ фыссыс, уыдон цы уавæры стыЗ Д ю д а р. Биноныг сæ кæнын. ] Мосье Папийон. Æвæстиатæй сæ фæуын хъæуы Мосье Беранже æмæ мосье Ботар, корректурæ каст фестут? 1 Б е р а н ж е. Нæма, мосье Папийон, фæлæ нын дзы бир| нал баззади. I Мосье Папийон. Фæтагъддæр кæнут. Джиппыуадзæ! æнхъæлмæ кæсы. Мадемуазель Дэзи, фыстæджытæ-иу къу| æвæрынмæ мæ уатмæ рахæсс. Тагъддæр сæ ныммыхуыр кæн.| Д э з и. Хорз, мосье Папийон. 56
Дэзи йе стъолы уæлхъус æрбадт æмæ машинкæйæ къуырцц-къуырцц ^еяынрайдыдта. Дюдар дæр æрбадти йе стъолы цур. Беранже æмæ Ботар к#рæдзи ныхмæ æрбынат кодтой, залмæ сæ цæсгæмттæ зынынц иуварсыр- А1,}гæи. Ботарæн иæ чъылдым арæзт у, асинтæм цы дуар хоны, уыцырдæм. Ъотар йæ чемы нæй. Беранже у уæнгмард æмæ лæмæгъ, корректурæ йæ цуры æрæвæрдта, къухфыст та Ботармæ радта. Ботар йæ фындзы бын цыдæртæ гуым-гуым кæны Мосье Папийон ацыд, йæ фæдыл дуар бахгæдта. Мосье Папийон (цæугæ-цæуын). Тагъд та уæм -ындзынæн. Б е р а н ж е (хъæрæйкæсы æмæрæдыдтæрасткæны; Ботар ^ъухфыстыл йæ цæст хæссы, йæ къухы кърандас). Сæнты рег- ламентаци бæрæггонд (раст кæны)... бæрæггонд дыууæ г-имæ, поменклатурæимæ — «е» (раст кæны) ... номенклатурæимæ, Бордосы районы уæллаг фæхстæ. Б о т а р (Беранжемæ). Мæнмæ уыдæттæ не сты. Иу рæнхъ дын дзы уæлдай у. Б е р а н ж е. Иу хатт ма йæ кæсын: сæнты регламентаци бæрæггонд номенклатурæимæ... Д ю д а р (Беранже æмæ Ботармæ). Дæ хорзæхæй, æгæр хъæрæй ма кæс. Хъыгдаргæ мæ кæнут. Б о т а р (Дюдармæ, Беранжейы сæрты кæсгæйæ, ногæй та раздæхти æрдæбоны быцæумæ. Беранже цалдæр секунды дæргъыйæ былтæ змæлынкæны — кусыиунæгæй). Уый мисти- фикаци у! Д ю д а р. Цæмæй зæгъыс, цæмæй? Б о т а р. Мæнæ сыкъафындзы тыххæй цы дзырдтат, уымæй. Æнæхъæн сахарыл уæ дам-думтæ апырх сты, хæйрæг уæ ма- куы бахæра! Пропагандæ, æндæр ницы! Д ю д а р (йæ куыст фæуагъта). Цавæр пропагандæ? Б е р а н ж е. Пропагандæйы кой та дзы цæмæн хъæуы? Д э з и (йæ куыст фæуагъта). Йарæби, куыннæ дæ уырны? Мæхи цæстæй йæ федтон. Гукк! Нæ дыууæ дæр æй федтам. Д ю д а р. Худæг та куыннæ у. Пропагандæ дам. Омæ нæ цæмæн бахъуыд уыцы пропагандæйы сæр? Б о т а р (Дюдармæ). Цæй, хорз. Дæхæдæг æй хуыздæр зоныс. Дæхицæй æдылы цы сарæзтай? Д ю д а р (смæсты). Цыдæриддæр у, уæддæр, мосье Ботар, æз никæмæн кусын. Б о т а р (фырмæстæйныссырх, стъол тымбылкъухæйæрцав- та). Æз мæхи æфхæрын нæ бауадздзынæн... (Фестади). Б е р а н ж е (лæгъзтæгæнæгау). Дæхиуыл фæхæц, мосье Ботар. Д э з и. Дæхиуыл фæхæц, мосье Дюдар. 57
Б о т а р. Мæн чи бафхæра, уый дзы сойтæ не смæрздзæшя Æваст хицауы уаты дуар фегом. Ботар æмæ Дюдар тагъд-тагъд æрбадтыЛ ты. Хицауы къухы — номхыгъд. Иууылдæр ныхъхъус сты. | Мосье Папийон. Мосье Беф абон куыстмæ на^ рацыди? ] Б е р а н ж е (фæйнæрдæм афæлгæсыди). Æцæгæй дæр аад куынæ и. ! Мосье Папийо н.'Мæн та уый хъæуы. (Дэзимæ.) Кæд! рынчын фæци, кæнæ искуы афæстиат? Ницы фехъусын кодта? Д э з и. Ницы мын загъта. Мосье Папийон (йæ дуар байтыгъта æмæ иумæйаг уатмæ рахызти). Афтæ куы кæна, уæд æй куыстæй асурдзынæн. Цал æмæ цал хатты бакодта афтæ! Ныронджы хуызæн ын нæ фæуыдзынæн... йе стъолы дæгъæл кæм и цымæ? Уыцы минут фæзынди мадам Беф. Асинтыл хæстулæфтгæнгæ ссыди, дуар байгом кодта. У тарстхуыз. Б е р а н ж е. Мæнæ мадам Беф æрбацыд! Д э з и. Æгас цу, мадам Беф. Мадам Беф. Дæ бон хорз, мосье Папийон. Уæ бон хорз уеппæтæн дæр. Мосье Папийон. Кæм и дæ мой? Цы йыл æрцыди? Мадам Беф (тыхулæфтгæнгæ). Ныххатыр ын кæн. Курын дæ, ныббар ын... Хуыцаубоны йæ ныййарджытæм ацыд, æмæ йæ фæндагыл грипп рацахста. Мосье Папийон. Афтæ у! Грипп зæгъыс? Мадам Беф (хицаумæ гæххæтт дæтты). Мæнæ йæ телеграммæ. Хъуамæ æртыццæджы фæзына... (Æрхауынмæ йæ бирæ нал хъæуы.) Дон ма мын... бандон... Беранже йын сценæйы астæумæ йæ бандонрахаста; сылгоймаг ыл хауæ- гау æркодта. Мосье Папийон (Дэзимæ). Дон ма йын радав. Д э з и. Ныртæккæ. Дэзи дон æрбахаста, ус дзы анызта. Д ю д а р (хицаумæ). Кæд йæ зæрдæ исты кæны. Мосье Папийон. Хорз нæу, мосье Беф ам кæй нæй, уый, фæлæ æгæр тыхсын дæр нæ хъæуы. Мадам Беф (тыхамæлттæй). Уæуу... Мæ фæдыл сыкъафындз бафтыд æмæ мæ суанг нæ хæдзарæй ардæм уæгъд не суагъта. Б е р а н ж е. Иу сыкъа йын уыд, æви дыууæ? Б о т а р (ныппыррыкк кодта). Мæнæ мыл сымахимæ мæ- гуыры бон! Д ю д а р (мæстыйæ). Дзурын ма йæ бауадзут! Мадам Беф (йæ зонд фæцæуагау кодта, амоны асин- 58
гырдæм). Бынæй ис, æрбахизæны, афтæ ’нхъæлдтон, асинтыл ххр схиздзæни. Уыцы сахат райхъуысти тыхджын гыбар-гыбур, æмæ асинтæ ныккалдыс- ты. Бынæйрайхъуысти тæригъæддаг богъ-богъ. Асинтæй пырыг скалд, уый куы ’рбада, уæд разындзæни, фæзгонд ауындзæгæй куыд аззад, уый. Д э з и. 0 Хуыцау! Мадам Беф (йæ зæрдæйыл хæцы). Офф! Беранже усы уадултæ къæрццытæ кæны, дон ын авæры. Б е р а н ж е. Ма тыхс, ма! Папийон, Дюдар æмæ Ботар кæрæдзи къуырттытæгæнгæ галиуырдæм сæхи аппæрстои, фæзгондмæ ахызтысты. Рыг къуыбылæйттæй сбадти, хъуысы æбуалгъы богъ-богъ. Д э з и (мадам Бефмæ). Мадам Беф, куыд у дæ уавæр? Мосье Папийон (фæзгондæй). Дæлæ и! Дæлæ и! Б о т а р. Ницы дзы уынын! Уæ цæстытыл цыдæртæ уайы. Д ю д а р. Куырм дæ æви! Далæ хæдзары алыварс зилы! Мосье Папийон. Æцæг, æцæг, хæдзары алыварс агайы. Д ю д а р. Ардæм схизын йæ бон нæу — асин ныддæрæн. Б о т а р. Диссæгтæ! Куыд рауадысты ацы хабæрттæ? Д ю д а р (Беранжемæ). Рауай-ма! Акæс-ма’дæ сыкъ- афындзмæ. Б е р а н ж е. Фæцæуын. Беранже æмæ Дэзи мадам Бефы фæуагътой, разгъордтой фæзгондмæ. Мосье Папийон (Беранжемæ). Ныккæс-ма йæм, цавæр у, цы у? Ды дам сыкъафындзты хабæрттæм дæсны дæ. Б е р а н ж е. Æз ма цы уæлдай дæсны дæн? Д э з и. О-гъо! Кæсут-ма йæм, куыд зилдух кæны! Цымæ йæ цы хъæуы? Д ю д а р. Цыма искæй агуры, уый ратæх-батæх куыд кæны! (Ботармæ). Цæй куыд у? Ныр дæр æй нæма уыныс? Б о т а р (хорзау нал у). Ау, цæстытæ мыл нæй! Д э з и (мосье Папийонмæ). Кæд мыййаг неппæтæн дæр нæ цæстытыл истытæ уайы... Б о т а р. Мæнæн мæ цæстытыл никуы ницы фæуайы. Цыд- æриддæр у, уæддæр ай хуымæтæджы нæу. Д ю д а р. Ома? Мосье Папийон (Беранжемæ). Уæддæр сыкъафындз у уый, æви æндæр исты? Ды дæр уый федтай? (Дэзимæ). Стæй ды? Д э з и. Ай-гъай, уый уыди. Б е р а н ж е. Дыууæ сыкъайы йын ис. Кæнæ афрИкаг съткъ- афындз у, кæнæ та азиаг. Мæ сæр дзæгъæлтæ кæнын райдыдта, иал æй иртасын, африкаг дысион у, æви иусион. 59
Мосье Папийон. Нæ асинтæ нын ныддæрæн кодтЯ Афтæ йын хъæуы! Кæдæй дзурын нæ директорæн, бетон асинтая дзы сæвæрæм зæгъгæ!.. 1 Д ю д а р. Айразмæ къуыри йæм мæхæдæг ныффыстон кур| диат. , 1 Мосье Папийон. Зонгæ йæ кодтон, зонгæ. Не ’мбыд асинæн иу заман йæ гуыпп кæй фæцæудзæн, уый рагацау ха| тыдтон. | Д э з и (мосье Папийонмæ, æлхыскъæмхасæнты). Ды хало-| нау де уæны кæсыс. » Б е р а н ж е (Дюдармæ æмæ мосье Папийонмæ). Фæлæуут-! ма, фæлæуут, уæддæр дзы дыгай сыкъатæ кæцытæн и — аф- рикæгтæн, æви азиæгтæн? Стæй дзы иусионтæ та кæцытæ сты? Д э з и. Мæгуырæг, уыцы иу ран мамазила кæны, йæ богъ- богъæй зæрдæ куыннæ атона! Цымæ цы агуры? Куыд нæМ нык- касти! (Сыкъафындзмæ). Цы дæ хъæуы, мæ гида? Д ю д а р. Къухæй йæм ма бавнал, æрмахуыр цыма нæу... Мосье Папийон. Цæй, уæддæр æм ардыгæй уырдæм нæ ныххæсдзæни. Сыкъафындз йе ’вирхъау богъ-богъæй не ’нпайы. Д э з и. Мæгуырæг. Б е р а н ж е (Ботармæ). Дæхи алцызонæг куы хоныс, зæгъ- ма нын, уæддæр африкаг сыкъафындзтæ сты дысионтæ, æви... Мосье Папийон. Мæ зынаргъ Беранже, афтæ мæм кæсы, цыма дыл фырдзырд бафтыди. Мосье Ботар раст уыди — дысон, æвæццæгæн, хуыссæджы цъыртт нæ федтай. Б о т а р. Уæддæр куыд æрцыд ацы хабар? Раззагдæр бæстæйыл нымад куы стæм... Цивилизацийы тæккæ хъæбыс... Д э з и (Ботармæ). Æмæ цивилизацийы хъæбысы нæ фидауы ахæм сырд? Б о т а р. Ай цыдæр æлгъаг махинаци у, цæстфæлдахæн ми. (Цыма оратор у æмæ трибунæйæ ныхас кæны, уыйауДюдармæ къухæй амоны, кæсы йæм тызмæгæй.) Адæтты тыххæй дзуапп ды дæтдзынæ. Д ю д а р. Æз та цæмæн, ды цæуылнæ? Б о т а р (æррайау). Æз? Гыццыл лæгтæ алкæд дæр алцæй тыххæй дæр дзуапп фæдæттынц. Фæлæ, бæргæ, æрмæст мæнæй аразгæ куы уаид хъуыддаг... Мосье Папийон. Уæдæ ныр æнæ асинтæй куыд уыдзыстæм? Д э з и (Ботар æмæ Дюдармæ). Уæ кæрæдзи ратон-батонæй нæ бон нал у! Мосье Папийон. Иууылдæр дирекцийы аххостæ сты. 60
Д э з и. Æвæццæгæн. Куыд ма ныххиздзыстæм дæлæмæ? Мосье Папийон (цыма Дэзиимæ уарзæттæ сты, уыйау ын ,\е уадул хъазгæйæ æрсæрфта). Мæ хъæбысмæ дæ фелвасдзынæн, Л1æ риумæ дæ нылхъивдзынæн æмæ ардыгæй апæррæст ласдзыстæм. Д э з и (йæ къух ын акъуырдта). Дæ дæрзæг къух мын мæ иæсгомыл ма хаф, бæзджынцарм цыдæр! Мосье Папийон. Мæнæ цы и, мæнæ! Хъазын дæр нæ зоны! Сыкъафындз раздæрау абухы. Мадам Беф бандонæй сыстад æмæ иннæты цурмæ оацыди. Сыкъафындзмæ æдзынæг кцрт ныккодта, стæй цыдæр æнахъинон хъæлæсæй ныууынæргъыдта. Мадам Беф. 0 Хуыцау! 0 Хуыцау! Цы дын кодтон? Б е р а н ж е (мадам Бефмæ). Цы кодтай? Мадам Беф. Уый мæ мой у! Беф, мæ мæгуыр Беф, цы дыл æрцыди? Д э з и (мадам Бефмæ). Ау, куыд у дæ мой? Мадам Беф. Уый у, уый, базыдтон æй, базыдтон. Сыкъафындз ын дзуаппрадта удаист, зæрдæагайгæ уастæй. Мосье Папийон. Гъеныр ма уый хъуаг уыдыстæм. Ныр ын раздæры хатыртæ нал бакæндзынæн, атæрдзынæн æй. Д ю д а р. Мæнæ цытæ цæуы, мæнæ! Б о т а р (иуварсмæ). Цыдæртæ æмбарын байдыдтон... Мадам Беф (фæсур и, Беранжейы хъæбысмæ æрхауди). 0 Хуыцау! Б е р а н ж е. Уæууа! Д э з и. Мидæмæ йæ ахæссæм. Беранже, Дюдар æмæ Дэзи мадам Бефы бандонмæ баластой, сбадын æй кодтой. Д ю д а р (ласгæ-ласын). Фидар фæлæуу, мадам Беф. Мадам Беф. Ахх! Охх! Д э з и. Кæд хъуыддæгтæ фæстæмæ схорз уаиккой... Мосье Папийон (Дюдармæ). Куыд дæм кæсы, тæрхондон куы ’взара хъуыддаг, уæд куыд рауайдзæни? Д ю д а р. Быцæутæ иртасæг къамисы бафæрсын хъæуы. Б о т а р (цæуы сеппæты фæстæ, йæ къухтæ арвырдæм сис- та) Æрратыл ма уæдæ сыкъатæ вæййы! Адонимæ куыд уы- дзынæн, мæгъа! Иннæтæ мадам Бефы алыварс рауай-бауай кæнынп, уый иæ пæстæй ракæсы, «охх!» зæгъгæ йæ хъæрзын райхъуысы, ногæй йæ цæстытæ ахгæны æмæ та иын уæд йæ уадултæ цъыччытæ кæнынрайдайынп, кæд æрчъицид зæгъгæ. Цыдæриддæр у, уæддæр нæ комитетмæ æнæ фæхабаргæнгæ '*æй. Æз ме ’мбалы хъуамæ фыдбылызы дзæмбытæй ратонон. Уьщ хъуамæ иууылдæр зоной. 61
Мадам Беф (æрчъицыдта). Мæ мæгуыр Беф! Ах; уавæры йæ куыд ныууадзон! (Хъуысы богъ-богъ.) Мæн агурз (Фæлмæнæй.) Мæнмæ сиды. Д э з и. Дæ чемы æрцыдтæ? Д ю д а р. Йæхи æрæмбæрста. Б о т а р (мадам Бефмæ). Нæ делегацийыл дæ зæрдæ дар, А фарс рахæцдзыстæм. Нæ комитетмæ дæ исæм. Фæнды дæ? Мосье Папийон. Кæдмæ афтæ хъеллау кæндзыстæа| Кусгæ бон кæй у, уый нæ ферох. Д э з и. Фыццаджы-фыццаг уал ахъуыды кæнæм: ардыгаеЯ куыд ацæудзыстæм? | Мосье Папийон. 0, уый хъуыдыйаг у. Рудзынгыл кæ| абырæм. 1 Иууылдæр рудзынджы цурмæ бацыдысты, Ботар æмæ мадам Бефæй \ фæстæмæ. Сылгоймаг бандоныл хуыссæгау кæны. | Б о т а р. Адæттæ кæмæй цæуынц, уый æз хорз зонын. Д э з и (рудзынджы цурæй). Æгæр бæрзонд у. Б е р а н ж е. Сыгъдхуыссынгæнджытæм фæдзурын хъæуь* уыдонмæ даргъ асинтæ вæййы. Мосье Папийон. Мадемуазель Дэзи, марадз-ма ма кусæнуатæй сæм бадзур. Дэзи рæбынмæ бацыди, систа хæтæл, хъуысы йæ ныхас: «Алло! Алло!* Азæлынц ма йæ иугай дзырдтæ. Мадам Беф (æвиппайды фестади). Нæ, ахæм уавæры йа нæ ныууадздзынæн. Мосье Папийон. Кæд ахицæн уæвын ис уæ зæрды! Ныр дын замманай æфсон и. Д ю д а р. Мосье Беф хъуамæ аххос йæхимæ райса. Мадам Беф. Никæд! Мæгуырæг! Ныртæккæ хъуама уыдæттыл дзурæм? Нæ лæджы ахæм уавæры ницы хуызы ныу- уадздзынæн! Б о т а р. Стыр ныфсы хицау дæ, мадам. Д ю д а р (мадам Бефмæ). Фæлæ дарддæр цы дæ зæрды иа Мадам Беф фæзгондмæ атындзыдта. Б е р а н ж е. Дæхимæ кæс, ахауынæй тас у! Мадам Беф. Куыд æй ныууадзон? 0 Хуыцау! Д ю д а р. Хæцут ыл! Мадам Беф. Ныртæккæ йæ нæхимæ акæндзынæн! ; Мосье Папийон. Цы йæ зæрды и, цы? Мадам Беф (фæзгонды тæккæ кæронмæ бацьщ агæппæввонгæй). Фæцæуын дæм, мæ зынаргъ, багæдзæ кæн. ] Б е р а н ж е. Ныртæккæ агæпп кæндзæни. Б о т а р. Йæ хæс ахæм у. 62 \
Д ю д а р. Куыд хъуамæ агæпп кæна? ^эзи раздæрау дзуры телефонæй. Иннæтæ мадам Бефы алыварс æрты- гумр сты Ус асæррæтт ласта. Беранже ма йæ бауромынмæ хъавыди, фæлæ йын нæ 6антысти,сылгоймаджы дæллаггуыр-ибкæ йæ къухы аззади. Б е р а н ж е. Йæхи арæдывта! Бынæй райхъуысти сыкъафындзы уарзæгой уаст. Мадам Бефы хъæлæс. Мæнæ дæн, мæ зынаргъ, уенæ. Д ю д а р. Кæсут-ма йæм, бæхбадт ыл куыд акодта! Б о т а р. Амазонкæ цыдæр у! Мадам Бефы хъæлæс. Хъæмæ цом, мæ дуне, хъæмæ. Д ю д а р. Дæлæ цыппæрвадæй фæтæхынц! А^юдар, Беранже, Ботар æмæ мосье Папийон къантормæ æрбаздæхтысты, рудзынджы цурмæ бацыдысты Б е р а н ж е. Куыд ныййарц ысты! Д ю д а р (мосье Папийонмæ). Кæддæр ды дæр бæхылбад- лжыты скъолайы ахуыр кодтай, æнхъæлдæн? Мосье Папийон. Уый раджы уыди, бирæ дзы нæ фæдæн. (Йæ кусæнуатыдуарырдæмразылди, Дюдармæ). Нæма æм бадзырдта, æви? Б е р а н ж е (йæ цæст нæ исы сыкъафындзæй). Фæаууон ысты, нал зынынц. Д э з и (хицауы кусæнуатæй рахызти). Тыхтæ-амæлттæй мын сразы сты... Б о т а р (йæхинымæры цæуылты хъуыды кодта, уыдонæн хатдзæг аразæгау). Æлгъагдæр ма исты ис? Д э з и. ...тыхтæ-фыдтæй мын сразы сты сыгъдхуыссын- гæнджытæ... Мосье Папийон. Ау, афтæ бирæ зынгирвæзтытæ ис пæ сахары? Б е р а н ж е. Ботары ныхасыл разы дæн. Сæрæн сылгоймаг V ацы мадам Беф. Сæруæлдай! «Утт-утт» зæгъгæ кæмæй ак- «нынц! Мосье Папийон. Мосье Бефы бынатмæ мæ искæй '^айсын бахъæудзæни. Б е р а н ж е. Афтæ уæм кæсы, æмæ йæ гаччы нал сбаддзæни? Д э з и. Зынгирвæзтытæ дзы нæй, фæлæ сыгъдхуыссын- ^æнджытыл ныххæлоф кодтой — ацы æнæрайы сыкъафындзтæй ^айдзаг и сахар. Б е р а н ж е. Сыкъафындзтæй? Д ю д а р. Ома куыд байдзаг? .Д э з и. Уынгты дам ацæуæн нал ис. Абон дам райсомæй авд '^ддæмæ нæ уыдысты, ныр дам æвддæс баисты. 63
Б о т а р. Нæ уын дзырдтон! Щ Д э з и. Иутæ та афтæ дзурынц, дыууадæс æмæ ссæдзæй дам къаддæр не сты. Бæлвырдæй сæ ничи зоны, уымæн æмæ сыЯ минутæй-минутмæ дæр æфтгæ кæны. I Б о т а р (раздæрау фидарæй нал дзуры). Пфф! Алы дамЦ думыл дæр ма къæхтæ ’мæ къухтæ куыд афтауынц! I Мосье Папийон. Уæддæр æрбацæудзысты сыгъд-1 хуыссынгæнджытæ, æви нæ? Ацы къæппæгæй аирвæздзыстæм?! Б е р а н ж е. Æххормагæй мæ гæккуыри схауы... | Д э з и. Фæцæуæм зæгъгæ мын загътой. 1 Мосье Папийон. Æмæ куыстæн та куыд гæнгæ у? | Д ю д а р. Мæнмæ гæсгæ, ахæм хабар фыццаг хатт æрцыд| æмæ нæ бамбардзысты. 1 Мосье Папийон. Уый фæстæ нæ цырд февналын| хъæудзæни. I Д ю д а р. Цæй куыд у, мосье Ботар, сыкъафындзты хабар’, дæ нæма уырны? Б о т а р. Нæ комитет мосье Бефы йæ куыстæй асурыны ныхмæ дзурдзæни. Мосье Папийон. Хъуыддаг мæнæй аразгæ нæу... Къамис цы зæгъдзæн, уый уал базонæм. Б о т а р (Дюдармæ). Нæ, Дюдар, сыкъафындзты хабарыл раздæр дæр гуырысхо нæ кодтон. Д ю д а р. Ау, дæ ныхæстыл нал сæттыс? Д э з и. Мах иууылдæр æвдисæнтæ стæм! Б о т а р. Иу хатт ма йæ зæгъын: сыкъафындзты хабар мæ уырныдта, фæлæ мæ хъуыддаг биноныгæй базонын фæндыди. Фенын, фехъусын иу хъуыддаг у, цы федтай, цы фехъуыстай, уымæн йæ уидагмæ, йæ бындзæфхадмæ æркæсын та — æндæр хъуыддаг. Æз алцæмæн дæр йæ рахæцæн бацагурын. Ацы ха- барæн дæр йæ рахæцæн ссардтон æмæ йæ мæ бон у бамбарын кæнын... Д ю д а р. Уæдæ ма каст цæмæ у? Д э з и. Бамбарын ма нын æй кæн, мосье Ботар. Мосье Папийон. Де ’мкусджытæ дæм хатынц. Б о ’г а р. Бæгуыдæр æй бамбарын кæндзынæн... Д ю д а р. Хъусæм дæм. Д э з и. Бынтондæр мæ сцымыдис кодта. Б о т а р. Æндæр хатт уын æй зæгъдзынæн. >^ Д ю д а р. Æмæ ныр цы кæны? 7Г"; > Б о т а р (мосье Папийонмæ, æртхъирæнгæнæгау). Мæн демаб’ ныхасаг уыдзæни рæхджы. (Иннæтæм.) Ацы хъуыддагæн æз 64
-^ аххос дæр зонын, стæй, йæ фæдыл цы расайдзæн, уый дæр. Д э з и. Цы хъуамæ расайа? Бе р а н ж е. Цы хъуамæ расайа? Д ю д а р. Омæ нын æй цæуылнæ хъæр кæныс? Б о т а р (раздæрау æртхъирæнгæнгæйæ). Дзуапп чи дæтдзæн, уыдон нæмттæ дæр мын бæрæг сты. Уæйгæнджыты нæмттæ. '/{з зын асайæн дæн. Ацы æбуалгъ ардауæнтæн сæ апп æмæ сæ пысан цы у, уый дæр базондзыстут. Æз гадзрахатæйцæуджытæн С12 гамхудтæ сисдзынæн. Б е р а н ж е. Омæ кæй хъæуынц уыдæттæ? Д ю д а р (Ботармæ). Æнхъæлдæн, сæнттæ цæгъдын райдыд- тай, Ботар. Мосье Папийон. Рынчыны сæнттæ. Б о т а р. Æз цæгъдын сæнттæ? Д э з и. Уæ цæстытыл цыдæртæ уайы зæгъгæ нын чысыл раздæр дæхæдæг куы загътай. Б о т а р. Бæгуыдæр загътон. Ныр та уыцы цæстылуайæнтæ ^ гадзрахат æмæ ардауæн митæм рахызтысты. Д ю д а р. Æмæ цæй тагъд рахызтысты, стæй цы хуызы? Б о т а р. Уый сусæггаг никæмæн у. Æрмæстдæр сабиты бон } æу уыдæттæ бамбарын. Стæй æвдисгæ митыл чи сахуыр, æрмæст уыдон скæнынц сæхи ницымбарæг. Уынгæй æрбайхъуысти сыгъдхуыссынгæнджыты машинæйы цъæхснаг уаст. Машинæ æваст фæлæууыди рудзгуыты бын, йæ уынæргъынæй хъустæ къуырма кæнынц Д э з и. Сыгъдхуыссынгæнджытæ æрбацыдысты. Б о т а р. Ацы цъаммар митæ никæмæн батайдзысты. Д ю д а р. Диссагæй дзы ницы и, мосье Ботар. Сыкъафындз плкъафындз у, æндар ницы. Ды ма дзы цавæр рахæцæнтæ агу- рыс — нæ зонын. Д э з и (рудзынджы цурæй, кæсы бынмæ). Мæнæ ардæм, ардæм! Бынæй хъуысы хъæртæ, уынæртæ. Сыгъдхуыссынгæнæджы хъæлæс. Асин ^нæргæут! Б о т а р (Дюдармæ). Æз хъуыддагæн йæ уидæгтæ басгæрс- Г{ ЭД æмæ йын аргъ скæнын мæ бон у æнæрæдыдæй. Мосье Папийон. Уæддæр уæ фæссихор къантормæ Ч^уын бахъæудзæн, æвæццæгæн. Рудзынгмæ асин куыд аразынц, уый зыны. В о т а р. Ницы кæны, мосье Папийон, куыст уал фæлæудзæни. Мосье Папийон. Æмæ дирекци та цы зæгъдзæни? Д ю д а р. Омæ ахæм хабар никуыма æрцыди. 1а*дуг№ 3, 1997 65
. 1 Б о т а р (рудзынгмæ амонгæйæ). Мидæмæ рудзгуытыл быщ дзыстæм? Цалынмæ нын нæ асин рæвдз кæной, уæдмæ уа| банхъæлмæ кæсæм. | Д ю д а р. Исчи нæ йæ къах куы асæтта, уæд дирекцийэе| дæр арфæтæ нæ кæндзысты. | Мосье Папийон. Уый раст у. 1 Рудзынгæй æрбазынди Сыгъдхуыссынгæнæджы æфсæн худ, стæй та $ Сыгъдхуыссынгæнæг йæхæдæг. | Б е р а н ж е (Дэзийæн амоны рудзынгмæ). Табуафсвд мадемуазель Дэзи. ,| Сыгъдхуыссынгæнæг. Цом, мадемуазель. 2 Сыгъдхуыссынгæнæг Дэзийы йæ къухтæм райста æмæ фæаууон сты. \ Д ю д а р. Фæндараст, мадемуазель Дэзи, фенынмæ уал. Д э з и (æддейæ). Хорзæй уал баззайут. Мосье Папийон (рудзынгмæ). Райсом мæм-иу раджь æрбадзур, мадемуазель. Хæдзармæ-иу æрбауай, фыстæджыта лмыхуыр кæнын хъæудзæни. (Беранжемæ.) Мосье Беранже, мг дæ ферох уæд: хъуыддæгтæ куыддæр сæ гаччы сбадой, афта куыстмæ цæугæ у. (Иннæтæм.) Уеппæтмæ дæр дзурын. Д ю д а р. Бамбæрстам дæ, мосье Папийон. Б о т а р. Цы сойы муртæ ма нæ аззад, уыдон рацъирыны; дæр нæ бацауæрдиккат! Сыгъдхуыссынгæнæг (рудзынгæй æрбазынди). Фæрæвдзæр кæнут. Мосье Папийон (иннæтæм). Цæмæ ма кæсут? Д ю д а р. Дæ разæй саг дæр нæ амардзыстæм. Б е р а н ж е. Дæ разæй нæ, мосье Папийон. Б о т а р. Дæ хорзæхæй. Мосье Папийон (Беранжемæ). Мæ папкæ ма мьп радав. Уæртæ стъолыл. Беранже йын иæ папкæ рахаста, радта йæм æй. Сыгъдхуыссынгæнæг. Фæрæвдздæр кæнут. Рæстæ нын нæй. Æнхъæлмæ нæм кæсынц! Б о т а р. Нæ уын дзырдтон! Мосье Папийон æд папкæ ахызти рудзынгæй. Мосье Папийон (сыгъдхуыссынгæнджытæм). Ма папкæ ма ахауæд. (Дюдар, Ботар æмæ Беранжемæ). Фенынма уал. Д ю д а р. Фенынмæ, мосье Папийон. • Б е р а н ж е. Фенынмæ, мосье Папийон. ; Мосье Папийонæн ма æдде йæ хъæр хъуысы. Мосье Папийоны хъæлæс. Мæ гæххæттытай Дюдар! Стъолы лæгъзтæ сæхгæн!
Д ю д а р (йæ фæстæ). Хорз, мосье Папийон, ма тыхс. (Бо- тпрмæ.) Марадз, дæ рад у, мосье Ботар. Б о т а р. Хорз. Цæуын æмæ, куыддæр нæхимæ бацæуон, афтæ уæллæгтæм бадзурдзынæн, зонгæтæ мын дзы ис. Уыдон Х7,уыддэегтæ раиртасдзысты. Д ю д а р. Мæнæй афтæ ма сæ дæхæдæг раджы раиртæстай. Б о т а р (рудзынгмæ хизгæйæ). Де ’лхысчъытæ дæхицæн уадз. Æз уын уæ гадзрахат митæ хурмæ ракалдзынæн, доку- д1снтты, æвдисæнты руаджы. Д ю д а р. Æнæхъола ныхæстæ... Б о т а р. Де ’фхæрд дын... Д ю д а р (йæ ныхасынаскъуыдта). Æфхæргæ мæ ды кæныс... Б о т а р (æдде). Æз æфхæргæ нæ кæнын. Æз уын уæ гам- худтæ исын... Сыгъдхуыссынгæнæджы хъæлæс. Цæй-ма, фезмæл! Д ю д а р (Беранжемæ). Дарддæр цы дæ зæрды и? Фæйнæ . дзы ныххуыфиккам? Б е р а н ж е. Хуыцауы хатыр бакæ, нæ баназдзынæн. Мæ хæлар Жаны бабæрæг кæнын и мæ зæрды. Айразмæ кæрæдзийæн длывыдтæ ныдздзырдтам æмæ дзы хъуамæ хатыр ракурон. Мæн аххос уыди. Сыгъдхуыссынгæнæг (рудзынгæй йæ сæр æрбазынди). Фæтагъддæр кæнут... Б е р а н ж е (амоны рудзынгмæ). Табуафси. Д ю д а р. Дæ фæстæ. Б е р а н ж е. Нæ, ды уал ахиз. Д ю д а р. Цæй, мауал фæстиат кæн. Б е р а н ж е. Курын дæ, саккаг кæ мæ разæй. Сыгъдхуыссынгæнæг. Кæдмæ уæм æнхъæЛмæ -æсон? Д ю д а р (Беранжемæ). Æрмæстдæр дæ фæстæ. Б е р а н ж е. Уый мæ мард фенæд. Дыууæйæ дæр рудзынгмæ схызтысты. Сыгъдхуыссынгæнæг сын æххуыс кæны дæлæмæ хизынмæ. Раст уыцы рæстæг æмбæрзæн æрхауы. Кæрон иннæ номыры. ©
СКЪОДТАТИ ЦАРД-ФÆНДАГ, ÆЙ НИВГУН ЦИУАН ЛÆГ Ке зæрдæмæ фæууаруй æрвгæлæнти мет, Ке бауæр фæссодзунцæ фур арæх зинг-хортæ, Нихседуй циуанау уæхæн лæгæн æ нет, Нæбал фæууинуй е хумæтæг царди мортæ. Фæллад зæнхæн ка æй,— байлæдæруй бæлвурд,— Уомæй е ци даруй, е ’рагьбæл санкъех бадгæй. Тундзуй тæвдæй дæр хормæ, хæлæфгæнгæй, цурд, Гъизти буруй цъетей губунмæ, тулфæ уадзгæй. Содзгæй, нæ бафтауй синхонбæл æ зинг-фæд, Сæлгæй — мæлгæй, æ зин иннемæн нæ фæгьгъаруй, Фал ку фæййервæзуй тæссаг нæдтæбæл, уæд, Ка некæд адтæй, уæхæн арф миутæ басгаруй... * * * Думгæ хæтуй, Мегъæ — исит. Уæларв нæтуй, Ферттевуй, цид. Уæлдæф тæлфуй,— Дессаг, æдта! Дзæлвæй сæлфун Ку байдæдта.
Уарун — кæун Не ’ссæй æ бон. Заргæй цæуй Сæхоли дон. Рæстæг систа Мегъæмбæрзæн,— Хузтæ ’вдиста Æллау æрдзæн. Сах хор фордау Ку райвулдæй, Гъæдæ уордæг Уæд райгурдæй... * * * Нæбал ес мæмæ æхсарæ Цард хæссунмæ цибæлæй. Фæттезгъо кодтон дзæвгарæ Дони цори мæтъæлæй. Фæлгъæзæнтæ, бæхтæ — рæгътæй, Æмпъохунцæ цæрдæгæй. Терки астæу сакъадæхти Æхсинунцæ зилдæгæй. ...Фелауй сæбæл бæлæстæ — Уомæлæфсес, хорæфсес. Думги рахуæст, дæнтти цæфтæй Ервæзæн син нæбал ес. Æхснад æнцæ сæ уедæгтæ, Хъан кæнунцæ радугай, Къæс-къæсгæнгæй сæ дæндæгтæй, Ниййеугай унцæ, дугай. И дуйне дæр сакъадах æй, Адæймаг си бæласæ ’й. Дон-рæстæг æй рафæлдахуй, Мæрдти фордмæ ’й фæлласуй... 69
* * * Цъеути кæун уæлмæрдтæй хъæрттæй, Дзиназта цидæр фæткæ фæзæмæ. Кæд еске æригъал æй мæрдтæй,— Бони рохс ка бакайдта гæзæмæ. Кæд еске уотид ниццæй фунæй,— Цæруйнаг ма к’ адтæй берæ усмæ?! Унæргъуй инод тари бунæй, Æхсинуй æ сор къохтæ, æ дустæ. Кæд скуста æ ласт тог ескæмæн,— Зæрдæдзоргæй ка рандæй дæлæмæ. Исуадзунмæ гъавуй æ тæлæн, Фал æ гъæр изайуй æ билæбæл. Кæд уолæвд ескæмæн нæ хъæртуй, Исагъуйгæй, хуайуй кири фæрстæ. Гъезæмари ’й нилваста æрхун, Исистунмæ гъавуй мæрдти бæстæй. Кæд еске æ бæдоли, гъæрзгæй, Ниууагъта уæлæбæл сæйгæдони. 'Ма уой мастæй æхе, адæргæй, Æ ингæни хатуй, æ зиндони. ...Цирти сæрмæ скалдæй цидæр рохс,— Кæд адтæй уод нигæд кири цори?! Исервазтæй, кæнгæй тар—фæлорс, Уорс æндаргмæ ризтæй циртагори... * * * Фæццæуй лæг — уæрдун — А дуйнейæй æндæрмæ. Цалх афæнттæ кæрдуй, Цалх будуртæ ’ууæрдуй. Анз рауй, цид, дæргъæмæ.
Над: авдæнæ — ингæн, Лæг — бæлццон æнæбари. Арт цæгъдæн, нæ уингæй Нæ уагъд фæдтæ мæйдари. Исон бони нин рун Ци нæ феста не ’зинæ! Цард — фæндаг, æй нивгун,— Æ кæрон ку нæ зинна... Размæ кæсгæй сæццæй,— Æй нæ мæтæ ’рмæст уобæл, Уæд нæ «дор» нæ хæццæ ’й, Уæд нæ над цубур уодзæй. Фал фæснæдтæ, фалдзос Ес дуйней æцæг уагæ. Гъеууоми ’й Фарни Рохс,— Фæссинайæн нæ фагæ! Над: авдæнæ — ингæн, Лæг — бæлццон æнæбæрæг. Цард уодæн æ зинг æй, Адзал ба — донæвгæнæг... * * * I Никъкъæдзæ ’й лæмæгь суйнæ,— Уоди гъæр, кустгьæрзун! Ке нæййес æдухст дуйне, Гъе, уобæл ку тухсун. Уодæнцойнæн а царди Мах ци кæнуй фæндгæ,— Нæй æрвтæмæ нимади... Æй Хуцаумæ фæндæ. 71
II Лæг ци ’й, цæхæн дессаг, Е нин æбæлвурд æй. Усмæ, ехи фæркау, Цæруй тайгæ—гургæй. Цард ци ’й, ци агорæн, Уомæн неци зонгæй, Арвæй нивæ корæн... Нивæ ци фæххонæн?! * * * Поэт æ уарзонти Æзнаг ’ма рун æй. Ка ’нцæ дин бийнонтæ? Де ’хæс финсун æй! Хуцаумæ зæнхонти Амонд нимад æй. Хæсдзæнæ зин бонтæ Æфхуæрд, æгадæй. Дзиллæн дæ æ зæнгæ,— Фæразæ ’й уæгæй! Цæрдзæй уæд де ’мдзæвгæ Не ’хсæн сугъдæгæй. * * * Хуæдæлдар дæн, уæддæр Куд бæттис арт—цæстæй мæ! Бон дæ цори фæддæн,— Æнос ди æртæсдзæнæн. ....Цæй, ледзон ди резгæй,— Куд исуон уарзти барæ?! Зинаргъдæр æй кизгæй Мæ ’уодæн Сæребарæ!
Рамæ—уадзæ, тæрсун, Ма мæ кæнæ уацари!.. Мæ иуæнгтæ, кæсун, Æркæлунцæ мæ цари... Лæдæрун æй, цæбæл фæууй Дæ маст дæр ’ма дæ рун дæр,— Дæ цори дæр катай кæнун, Нæ дин комун тæрун дæр. Тæрегъæд дæ,— тар æхсæви Гъигæ дарун дæу миййаг. Ниддæуадздзæн, кæд не ’хсæни Нецибал ес зæгъуйнаг. Фал, корун ди, ма исдзорæ: «Æнæ дæу дæр фæццæрдзæн!» — Мæ нæхстæрбæл ку басор уон,— Ци кæндзæнæ мæ зæрдæн?!. * * * Мæнбæл дæ хуæст кæнуй фæлмаст, Дзой-дзой кæнис кæугæй, Цонгæй æфтауи «æнгулдзбаст»,— Изол кæнис, лæугæй. Цæфст æй нерæнгæ ма фæткъу Къалеубæл ауигъдæй. Рæхги ку ’рхаудзæнæй, мæгур, Еу думги рæуигъдæй. Мæстæй хъаппæмæ рæгъæд æй,— Æ радæ æрхæццæ ’й. Фал ев.гъуд уарзти сор гъæдæй Æ радтæгбæл хуæцуй. 73
...Зонун,— раййевдзæнæ фусун, Фудхæсгæ дæ бæлдæн. Фал ди цæй зин æй æртæсун, Куд ’сахур дæбæл дæн!.. * * * Кæрæдзей ма уинæн æрмæстдæр æндæргтау, Дууæ думги,—уæлдæфи ка тахтæй дзæгъæл, Æрхаудтæнцæ дортæбæл гъесин фæндуртау, Саст унæргът никкæнгæй фæстаг хатт фур мæтъæл. Имист адтæй нæ уарзт, фал цардан имистæй. Мæнгæ адтæй нæ цийнæ,— худтан æй æцæг. Фал зæрдæ уæхæн кæнгæ уарзтæй ку ризтæй,— Сувæллонау, дæ билтæ худтон сувæдæг. Сувæллонау, сонт зунди н’ адтæй сор сагъæс, Ци уидтан,— æнгъалдтан уой гъеууотæ æрмæст. Цард ке нæй хумæтæг,— нур ни бацæй ’руагæс, Цийни аууон фæууй устур маст дæр римæхст. Нæ амонд нæбæл нур ракьуæрдта æ баст къох, Фæууадзгæй æ цæфæй нæ цæсгæмттæбæл фæд. Цъæх сæлфунæг бадуй цæститæбæл æдзох... Евгъуд уарзт æфхуæрун æй лæгæн тæрегъæд. КИЗГИ ГЪЕНЦЪУН Цидæр тухæ уодæй æнкъардтон, Цидæр аууон хаттæй мæ фæдбæл,— Зелгæ думгау низдухстдæ мæнбæл, Рæвæйнау мæ нилвастай æнгон. Æрбабастай мæ къæхтæ, къохтæ, Мæ цæстити цæхæр бакалдтай, Дæу бæрагæ суагътон мæ катай, Мæ фур цийнæй кодтон уæд цохтæ. 74
Содзгæ батæй бадæн зæрдæгъар, Бæласау барезидæ мæ цар,— Зелгæ думгæ нийвазта æ зар, 'Ма райсавдæй æ кой, æ хабар. ...Зелгæ-думгæ, æрра, æнæсæр, Мæ сайтани хай ’ма мæ æвдеу! Ратæхисæ мæ рæзти ду-еу,— Мæ цардæй куд ратахттæ кæддæр... * * * Евгъуд уарзти фæсте Рохс цардæй ци ма ес?! Фæлмæн каст æримисæ... Гъар хъурити бæсти Уазал катай, фуднез,— Тургъи къуми — гæлст хизæ. ...Æрфæззæг æй. Бæрзæй Фæттахтæй суд сифтæр, Фест бауæрбæл — уорс кирсæ... Дæу хуссæн æмбæрзт æй, Мæн хуссæн æн’ ист æй, Уомæл уати — къири ’смаг... Зæрдæ дæр æрсæйгæ ’й, Дæ фæсте ма кæуй, Ду — къæразги цъæх авги! Лæкъун сорæт, тайгæй, Æрвгæронмæ цæуй... Æ фæд-фæд — рист æмдзæвгæ. Æрзумæг æй. Будур Еудадзуг — метæймард, Сау будзухтау — салд дортæ. Фæццæуис бабæй нур Мæ къæразæй идард,— Кæдмæ уодзæй гъеууотæ?.. 75
ХАТИР Калгæй сах цæстисуг, Кæнгæй дессаг цийнæ, Хатир, ке имисун Дæ ном, сузгъæрийнæ. Хатир, ке дæ хонун Мæхе, дæу нæ фæрсгæй,— Мæ бон нивæ корун Иссæй, дæумæ кæсгæй. Хатир, ке нæ фаун Мæхе дæу фæууингæй; Æваст ке æрбаун Сонтсæр дæ фæззиндæй. Цæргæй ауал анзи, Зонгæй берæ адæм, Хатир ’ма дæу рази Ке дæн,— ке ниббаст дæн. Уæддæр ке фæццудтæ Тухуаст мæ зæрдæмæ, Е ба дæхе фуд æй,— Хатир, фал, никкæнæ... ©
НОГ НÆМТТÆ РÆСТВÆНДАП Æртæ æрыгон чызджы, æртæ æрыгон авторы — Габеты Нелли, Бетрозты Зæлинæ æмæ Хæбæлаты Мæдинæ сты Хетæгкаты Къостайы номыл универси- теты филологон факультеты ирон литературон сфæлдыстады кафедрæйы фыццаг курсы студенттæ. Æрыгон поэтты æмдзæвгæтæн аивадон карз домæнтæй аргъ кæнынæн нырма раджы у. Кæм ахуыр кæнынц, уыцы кафедрæ йæхæдæг куыд æры- гону (байгом фарон), афтæ æрыгон æмæ æвæлтæрд сты ацы чызджытæ дæр, фæлæ сты зæрдæргъæвд æмæ бæллицтæй æххæст. Æмæ нæ зæрдæ дарæм, цы фæндаг равзæрстой, ууыл уæндон санчъехтæ кæй акæндзыс- ты Се ’ртæйæн дæр мæ иумæйаг фæндиаг: цæмæй æнувыддæр уой се сфæлдыстадыл, цæмæй, сæхицæй сæм зæгъинаг æмæ равдисинаг цы ис, уымæ афоныл æрцæуой. Иронлитературон сфæлдыстадыкафедрæ, уæлдæр ма йæ куыд загътон, афтæмæй нæ университеты ныр- ма ног хъуыддаг у, нæ фæсивæдæй ирон аив дзырды курдиаткæмæ ис, уыдонæй, гæнæнис, се ’ппæтхъусгæ дæрнæма фæкодтой. Мæ ныхасуыдонмæу: æнхъæлмæ уæм кæсæм ног ахуыры аз. Махмæ куы ахуыр кæнат, уæд уын уый фæахъаз уыдзæн, æрдзæй уын курдиа- ты номыл лæвæрд цы ис, уыдонрайрæзын кæнынæн. Ныр та рæствæндаг зæгъæм æртæ æрыгон авторæн: сæхицæн дæр æмæ махæн дæр æхсызгон æнтыстытæ хæссæг уæнт! Æлборты Хадзы-Умар 11
ГАКГТИ Нел ЦÆРГÆС Цæрæгойтæ уодæгасæй ку хуæруй, Тæрегъæдтæ сæдтæ-минтæ ку даруй. Хуцау æй уæд цæмæ уадзуй уæлиау ун? Уотæ рæсугъд, уотæ бæрзæндти тæхун? Цæмæн цæруй уотæ берæ ’ма рæсугъд? Цæмæн æй уæд уотæ кадгин ’ма æстуд? = ХÆБÆЛАТЫ МæдинаЕ*| ФÆЛÆ НÆМ ИС ÆГЪДÆУТТÆ... Дæ цæст нæ цардыл ахæсс, Нæ хъизæмæрттæм акæс. Нæ хæдзæрттæ — лæгæттæ... Фæлæ нæм ис æгъдæуттæ... Нæ сывæллæттæ гомæй Хæрынц нартхæрттæ хомæй. Мæгуыр бæсты амæлттæ... Фæлæ нæм ис æгъдæуттæ... Цæуы нæ дуг уæззауæй. Мах рох ыстæм Хуыцауæй, Мах рох ыстæм нæ зæдтæй... Фæлæ нæм ис æгъдæуттæ... =============== БЕТРОЗТИ Залинæ ЛÆГÆТ Хонхи цъасæ, рагон лæгæт, Аланти цæрæн бунат. Цъарх арвæй, къæдзæхтæй æхгæд, Ес имæ еунæг къахнад. 78
Раги замани лæгæти арт. Ку кодтонцæ астæу арт. Хъуæци буни, астæу арти Æрвистонцæ сæ тухст цард. Фал сæ намус ’ма фæткитæ, Ниууагътонцæ ихæсæн. 'Ма уони, куд рагфидцæлти, Гъæуама мах имисæн. САТАНАЙ БÆГÆНИ Гъазгутæ: С а т а н а — зæронд уосæ Урузмæг — Сатанай лæг Сæрдигон хорбощ Урузмæг тургъи бадуй, газетти кæсуй. С а т а н а. Нæ лæг, мæнæ мин агæбæл исхæцуй. У р у з м æ г. Циуавæр аги кой кæнис? С а т а н а. Мæнæ бæгæни рафунхтон. У р у з м æ г. Бæгæни? Бæгæни ба хуарз æй. Рахастонцæ агæ. С а т а н а. Нæ лæг, бæгæни рауинай, цума куд æй. У р у з м æ г. Райхæссай, ра, цæмæннæй фæууиндзæнæн. Ра-ин-хаста. У р у з м æ г. Йæ йеунæг устур Хуцау, табу дин уæд, дæ рахез базури буни нæ бакæнæ. (Баниуазта.) С а т а н а. Цæй, куд æй? У р у з м æ г. Æллæх, æллæх, зæронд, дæхецæй дæр карздæр фæцæй. С а т а н а (æваст æхемæ фæлæбурдта). Æллæх, нур мин уой ка базона, е мæбæл зар искæндзæй! У р у з м æ г. Ци кæнис, ци адтæй? С а т а н а. Мæ бæгæнибæл ба æнтауæн байрох дæн. У р у з м æ г. Цо, уой дæр рахæссæ, æз æй баниуазон. Ра~ин=хаста. Урузмæг баниуазта. Паузæ. Гъей Биценон, мæнæ мин мæ сæр исбæдтай. С а т а н а. Цæмæ? 79
У р у з м æ г. Куд цæмæ? Мæ бæгæни мæ хурфи æнгъезуЯ хæрдмæ цæуй æма мин мæ сæр истондзæй. 1 С а т а н а. Уо, уо, тæссаг дин æй, дæ листæг къобалæ бера ку нæ ниууорама. (Ниййин баста æ сæр.) Рацудæй рæстæг. У р у з м æ г. Уауу! Уа-а-уу! С а т а н а. Нæ лæг, чи кæнис? У р у з м æ г. Дæ-дæ-дæй! С а т а н а. Чи кæнис, нæ лæг? У р у з м æ г. Чи ма кæнон? Мæ бæгæни иннердæги ратудта, (Æ къилдунбæл хуæцгæй фæууайуй. Сатана æ фæстæ гаршокки хæццæ.) © 80
ЛДÆМОН СФÆДЦЫСТАД ЧЕРМЕНЫ ТАУРÆГЬТÆ, КДДЦЖЫТÆ, ЗАРДЖЫТÆ Адæмы ивгъуыд царды хабæрттæ базоныны фæрæзтæй иу у историон фольклор. Ирон таурæгътæ, кадджытæ æмæ зар~ джытæй бирæты бæрæгæй зынынц историон цаутæ. Уыцы цау- тæ фылдæр хатт вæййынц, адæмы цардыл кæнæ хорзырдæм, кæнæ æвзæрырдæм чи фæзынд, ахæмтæ. Адæм сæ дзыхæйдзургæ сфæлдыстады стыр кад фæкæнынц сæ хъæбатыртæн. Ирон историон фольклоры æппæты зындгонддæр сюжет у, Чермены тыххæй дзы чи ис, уый. Чермены фæлгонц нæ куль- турæйы цы бынат бацахста, уымæн æмбал нæй. Фольклорон текстты æвдыстæуы, феодалондуджы ирон æхсæнады цы карз быцæутæ цыд, уыдон. Уыцы быцæутæ æхсæны царды афтæ тынг сахадыдтой, æмæ Чермены сурæт бирæ азты дæргъы уыди рæстдзинад æмæ сæрибарыл тохы символ. Чермены тыххæй адæмон уацмыстыл æмæ дзы цы цаутæ уынæм, уыдоныл дæр ныхас цæуы мæ чиныг «История в осе- тинском предании» зæгъгæ уым (Владикавказ; Ир, 1993). Чер- мены таурæгътæ, кадджытæ æмæ зарджытæ адæмы рæгъмæ хæсгæйæ уал раздæр æрымысын хъæуы цалдæр историон цауы. Чермен уыди Тылаттатæй. Уыдон цардысты Дæллаг Хъоба- ны — сæ зæххы хæйттæ сын фыдæлтæй баззадысты. Тылатта- тыуæздæттæ нымад уыдысты Тæгиатыл. Сæ мыггаг дих кодта æртæ къабазыл — Бытъатæ, Алыккатæ, Аспиатæ. Иуæй-иу тек- стты Тылаттатæ рæдыдæй фыст æрцыдысты Тлаттæ. Хатгай Чермены фæнымайынц Бестолаты (Бестолты) мыггагыл. Уыцы мыггаг Черменæн йæхицæйрацыд — афтæ хуынди йæ фыдыном. Чермен уыди кæвдæсард. Йæ фыд, тæгиатаг уæздан Тылат- таты Бестолæн ус ракурын нæма бантыст, уыдис ын æрмæст номылус — зæхкусæг бинонты чызг. Бестол куы амард, уæд ма 6 МахДуг№ 3, 1997 81
Чермен хæрз сабиуыд. Йе ’рвадæлты йын нымадтой ТылаттЩ ты мыггаджы хистæр къабазыл —Бытъатыл. Йæ фыды амардщ фæстæ Чермены йæхимæ хъомыл кæнынмæ райста сæ хæстщ æрвад Бытъаты Мырзабег. Аæппуйы хорз миниуджытæ зынъщ райдыдтой, гыццыл ма куыуыд, уæд. Фæстæдæр йе стыр хъарщ йæ ныфс, йæ арæхстдзинад æмæ парахат зæрдæйы руаджы Чермен иæ фæстæ фæуагъта Тылаттаты уæздæтты тæккщ сæрæндæрты дæр. Хæстон хъуыддæгты, хъæбысхæсты, лæгæщ лæгмæ тохы йын æмбал нæ уыди. Кæвдæсарды ном хæссын та йæ фæндгæ нæ код та. Чермен йæ фыдæн иунæг фыртуыд, уымщ гæсгæ йæ зæрдæ дардта, йæ фыды бынтæ уымæн кæй баззай^ дзысты, йæхæдæг та уæзданы ном кæй райсдзæн, ууыл. \ Фæлæ йæ куыд хъуамæ банымадтаиккой Тылаттатæ уæздаА ныл, куыд хъуамæрацыдаиккойсæ кадджынфыдæлтыæгъдæут- ты ныхмæ, Тæгиаты кад æмæ намыс куыд хъуамæ æрæппæрста- иккой дæлæмæ! Тылаттатæ сæ хизæнтæ куыуæрстой, уæд дзы Черменæнхайнæ бакодтой, ома йæ банымадтой кæвдæсардыл. Уыцы хабарæйрайдайы фольклорон тексттæн сæ фылдæр хай. Чермен не сразы дæлбары бынатыл æмæ йæ уæздан æрва- дæлтимæ бацæуы карз тохы. Уый уыди вазыгджын социалон- экономикон цаутырæстæг. Тылаттатæ сæ зæххытæ уарынрай- дыдтой хицæн бинонты ’хсæн. Йæ лæджыхъæд, йе стыр хъару æмæ лæгуарзондзинадыруа- джы Чермен балхæдта Мырзабеджы зæрдæ. Хæстон хъуыд- дагмæ, бæхыл бадынмæ, кусынмæ иттæг дæсны уыди Чермен, галиу, фæлывд митæ никæмæн барста, цæвиттон, кæвдæсарды ном йе ’ккойæ аппарыныл архайдта. Цардис йæ мадимæ хицæн хæдзары, йæ фыдæй йын чи баззад, уым. Цы хай сæмуыд, уый зæхкусджытыуонтæй бирæ бæллиццагдæр нæрахуыдтаис. Йæ фыдмæ цы æфтиæгтæ хауд, уыдонæй дæр хъуамæ æнæхай фæ- уыдаид —кæвдæсард кæй уыд, уымæ гæсгæ. Уыйхыгъд лæппу æххæстуыди, лæг цæмæйхуыйны, уыцы миниуджытæй сеппæтæй дæр æмæ йæуæздан æрвадæлтыл уæлахиз кодта сæрбахъуыды. Ирон аристократтæм та лæгдзинад, кад, ном тынг нымад уыдыс- ты. Хъуыддæгтæ, чи зоны, нывыл цыдаиккой, æмæ Чермен дæр никæй хъыгдардтаид, ацы æнæхайыры зæххытæ уарыны хабар сæ куынæ фехæлдтаид, уæд. Фæлæ Бытъатæ сæ кæвдæсардæнхайнæ бакодтой, æмæуавæр\ фæиннæрдæм. Черменмæ хйзæнуат не ’рхауд æмæ йæ хъуамæ^ хаццоны (аренды) исын бахъæуа. Хæххон уавæрты фос дарын бахъуыд зæгъгæ, уæд ын æндæр амал, æндæр авналæн нал баз- 4 зади. Фæлæ хъуыддаг канд ууыл нæ хицæн кодта — уæздæттæ 82
})æ сæхицæй дæлдæр кæй кодтой, æгады ном ыл кæй æвæрдтой, уъ1Й йæ уæлдай тынгдæр мардта. Иугæр дыл ном «уæздан» сбадти, уæд алцæмæй дæр уæлдæр лæ — æгъдауæй дæр, зондæй дæр, лæгдзинадæй дæр, исбонæй дæр. Кæд кæвдæсарды ном хæссыс, уæд та дæ бынат зон — де ’гъдаудæр æцæг æгъдау нæу, дæ зонд дæр, дæ лæджыхъæд дæр, псбоны кой та кæнгæ дæр ма кæн! Ахæм зондыл хæст уыдысты уыцырæстæг адæм Чермен та ууыл нæ разы код та. Æмæ схæцыд уæздæтты ныхмæ, йæ рæстæджы галиу æгъдæуттæн, адæймаджы дæлдзиныггæнæг цардыуагæн расидти хæст. Лæгæн йæ миниу- джытæмгæсгæ аргъгонд кæйнæ цыд, уыйуыд йæ масты ратæдзæн. Дзыллæйы зæрдæйыдæр йæ фæлгонцуымæн баззад, æвæццæгæн, уымæн цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ. Чермен афæлвæрдта Тылаттатимæ сабырæй аныхас кæны- ныл, фæлæ йæ нæ бамбæрстой. Иунæг Мырзабег рахæцыд йæ фарс, куырдта, цæмæй Черменæнрадтой хай. Фæстагмæ Черменæн гæнæн нал уыд æмæ абырæг сси, ацыди Мæхъæлмæ. Хъуамæ йæ маст райса Тылаттатæй. Æмæ сын сæ фос тæрынрайдыдта. Тылаттатæ куы сфæлмæцыдысты, уæд ын балæгъстæ кодтой, зæрдæ йын бавæрдтой зæххы хайæ дæр. Чер- мен сразы, райста зæххыхай. Фæлæ йынуæздæтты æмрæнхъ кæй æрлæууыд, уыйуыди фыдæлты æгъдауыныхмæ — кæвдæсардæн уыцы ном раттын ницы хуызы æмбæлди. Цæвиттон, тынг уæззау уавæр сæвзæрди Чермен æмæ уæздæтты ’хсæн. Фæлæдзы Тылат- татæ-Бытъатæ рацæуын базыдтой: амардтой Чермены. Хабæрттæ кæд æрцыдысты, уый сбæрæг кæнынæн фæахъаз ахæм мадзал: кæрæдзиуыл абарстам фольклорон æрмæг æмæ архивты гæххæттытæ. Таурæгъты, кадджыты, зарджыты ис Чермены хæстæджыты, хæлæртты, знæгты æмæ йæ хъæуккæг- ты кой. Архивты ницы ис Бадзиаты Абырæджы, Хъаныхъуаты Бесланы æмæ Хуысинæйы, Сл она ты Алиханы, Бæцæза ты Алийы, Адеты Безаны, Тылаттаты Хъайсыны æмæ Тылаттаты Мырза- беджы чызджы (алы текстты йæ ном у алыхуызон — Дзга, Цаха, Сахар) тыххæй. Иннæтæн, ома Тылаттаты-Бытъаты Мыр- забегæн, Уарийæн æмæДзамболатæн, Тылаттаты-Аспиаты Ха- мырзæйæн, Тылаттаты-АлыккатыБеслæнæн, КадитыМуссæйæн, МоргуатыХадзыйæн, Дзагъойты Дзиуæн, НæкуысатыБасойæн, æмæДжыбылаты Токойæн сæ кой чындæуы архивтыдокумент- ты. Уый бындурыл бæлвырдæй зæгъæн ис: Чермены тохы хабæрттæ æрцыдысты 19 æнусы 10-æм — 20-æм азты. Б. Р. © 83
ТАУРÆГЪТÆ 1. Тылаттаты Чермен Тылаттатæ сæ зæххытæ уарынвæнд ыскодтой æмæ дзы сау- лæгæн (кæвдæсардæн) хай нæ кодтой. Уыцы рæстæджы Чермен балцы уыдис, æрцыди йæ хæдзармæ: йæ мад æнкъардæй бадти. <Æмæ>* йæ бафарста: «Цæмæн æнкъардæй бадыс, нана?» Йæ мад ын загъта: «Тылаттатæ сæрвæттæ байуæрстой æмæ дзы дæуæн хай нæ бакодтой». — «Ма тæрс, мæ мад: хуссæрттæн мын сæ цæгæттæ ратдзысты, цæгæттæн сæ хуссæрттæ». Уый фæстæ Чермены кæцытæ хъуыдис, уыцы зæхх<ытæ>* иууылдæр байста, æмæ сын дондзау донмæ нал уагъта, куыройдзау куы- роймæ нал уагъта. Иннæ Тыллаттатæ, сæ бон куы нæ уал уыдис, уæд загътой: «Бафидауæм йемæ, æндæра йемæ ницы бакæндзыстæм!» Афтæмæй бафидыдтой Черменимæ æмæ дыууæ азы йемæ цар- дысты дзæбæхæй. Уыдон дзæбæхæй нæ цардысты, фæлæ дзы кæм тарстысты, уый тыххæй сæхи дзæбæх дардтой. Æмæ йын загътоР1: «Цом, Чермен, цуаны!» Ацыдысты цуаны Цæлыччы быдырмæ. Уым уыдис ыстыр тулдз. Загътой йын: «Чермен, ды зонæг лæг дæ æмæ схиз ацы тулдзы сæрмæ æмæ акæс уыр- дыгæй, никуыцæй ницы зыны!» Чермен ысхызти тулдзы сæрмæ æмæ йыл йе ’мбæлттæ фарастæй топпытæ ныццавтой. Амарди Чермен, æмæ йæ æрластой сæ хæдзармæ, æмæ йыл ыстыр цырт самадтой. Уый фæстæ иу къорд азты* фæстæ иннæ адæм загътой: «Тылаттаты зæхх байсæм, Чермен сын нал и ныр!» Адæм ацыдысты Тылаттаты зæххмæ хуым кæнынмæ. Тылатт<ат>æ* уæд загътой: «Уæй, Чермен, не ’хсар нæхи къухæй цæмæн амардтам». Гъе уыцы сахат йæ цырт ныррызти æмæ ныххаудта йæхимидæг авд сардзины. 84
2. Чермены зарæг Чермен уыди хъæбатыр лæг; æнтысти йын хъæбатырдзинад æппæт дæр; уыцы ранмæ гæсгæ йæ алы ранмæ дæр хуыдтой хъæбатырдзинадмæ. Ныронджы рæстæджы иу Калакмæ дæр цыдысты. Уыцы рæстæджы Калачы хъæбысæйхæцджытæ дæр уыд. Калачы уынджы лæууыдысты, æмæ иу хъæбысæйхæцæг сцæйцыдис. Черменæн йе ’мбæлттæ дæр æмæ æндæр адæм дæр дзы фæйнæрдæм лыгъдысты. Чермен дзы нæ лыгъди. Загъта йын хъæбысæйхæцæп «Цавæр дæ, цæуылнæ алыгътæ ды?» Æмæ йын йæ цонгыл ныххæцыди, алырдæм æй æнкъуыста Чермены æмæ йын ничердæм акуымдта. Чермен ын загъта: «Ды мæм тæлмац ракæн,— де ’взагæй нæ зонын». Адзырдта уыцы саха- тыл æмæ йæм æрбацыд сомихаг тæлмац. Цавæр дæ, зæгъгæ, йын загъта хъæбысæйхæцæг. Ирон дæг дæн зæгъгæ йын загъта. «Хъæбысæй хæцынмæ искуы уыдтæ?» Нæ уыдтæн зæгъгæ йын загъта. «Цæй уæдæ хæцæм». Сразы и Чермен дæр хæцыныл, адзырдта йе ’мбæлттæм: «Æрцæут ма, цæмæй тæрсут?» Хъæоысæй хæцыдысты, иудзæвгар фæтухæн кодтой, стæй Чер- мен загъта: «Цы уæ фæнды, ме ’мбæлттæ?» Уыдон ын загътой: «Ма нæ фахудинаг кæн, кæд дæ бон у, уæд». Уæд уыцы хъæбысæйхæцæджы йæ сæрмæ систа Чермен æмæ йæ зæххыл ныццæлхъ ласта, хъама йæм фелвæста æмæ йæ æргæвдгæ код- та. Гуырдзы йыл бакалдысты æмæ йæ байстой, ма ’ргæвд, ирон, зæгъгæ. Гуырдзиаг хъæбысæйхæцæг ацыд æмæ топп æрхаста, æхсæм, ирон, зæгъгæ. Уæд Чермен загъта: «Йеныр мын Беслæ- ны топп рахæссут». Радтой йын Беслæны топп. Фæткъуы хъилыл бакодтой, гуырдзиаг æй фехста ’мæ йæ адавта. Дыккаг бакод- той, æмæ йæ Чермен фехста æмæ йæ уый дæр адавта. Ноджыдæр та гуырдзиагæн бакодтой фæткъуы æмæ йæ гуырдзиаг фехста æмæ йæ адавта. Черменæн дæр та бакодтой æмæ йæ уый дæр адавта. Ноджыдæр та гуырдзиагæн бакодтой фæткъуы æмæ йæ... Чермен та йæ фехста æмæ йæ адавта. Ацыди та гуырдзиаг æмæ бæх æрласта. Уæд Чермен загъта: «Мæхи уæззау бæх мын раласут — ацы бæх мæн нæ бауромдзæн». Æрбаластой йын йæхи бæх, кæлмæрзæн сын æрæвæрдтой зæххы. Кæлмæрзæнмæ æвналгæйæ гуырдзиаг ахауд æмæ йæ мæкъуыстæг асаст. Чер- мен кæлмæрзæны иу æртæ исты скодта, æндæр æй йе ’мбæлттæ нал бауагътой. Уыцы хъæбысæйхæцæгыл чи хæцыди (чи йæ дардта йæхицæн, уыцы хъæздыг лæг), уый сæ бахуыдта йæхимæ æмæ сæ хорз федта; æхцайæ дæр сæ сбуц кодта цасдæр. Чер- менæй куырдта: «Ам лæу, зиан не скæндзынæ». Чермен нæ ныллæууыди: йæ сæрмæ йæ не ’рхаста. Рацыдысты уырдыгæй. 85
Уыцы рæстæджы иу арæх цыдысты лæбурынмæ ирон адæм.- Лæбурынмæ чи цыд, уыдон агуырдтой-иу алчидæр Чермены. Чермен уыди кæвдæсард лæг, хъыг касти йе^лдæрттæм, кæй тынгдæр нымадтой Чермены адæм, уый сын тынг хъыг уыди. Уый фыддæрадæн, Чермен уым нæ уыди, афтæмæй байуæрстой æрнæджытæ æмæ сæрвæттæ (æрнæг — хъæуæн æхсæны зæхх, фос хизынæн — пастбищное место; сæрвæт — æхсæны зæхх уыгæрдæнты, йе хуымты астæу. Уыгæрдæнтæ ’мæ хуымтæ куы сисынц, уæд дзы хизынц). Черменæн хай нæ бакодтой. Чермен хæтынмæ уыди (хæтынмæ — ома лæбурынмæ, фос ракæнынмæ). Æрцыди, æмæ бады йæ мад æнкъардæй. «Цы кæныс, нана,— зæгъгæ йын загъта,— цæмæн æнкъард дæ?» «Цы кæнон, абон æрнæджытæ байуæрстой, дæуæн хай нæ бакодтой». «Ма тæрс, нана, зæххæй хуыздæр кæм уа, уый уыдзæни нæ хай». Араст и. Лæдзæг йæ къухы ахаста, бацыди Алыккаты Беслæнмæ. «Беслæн, æрнæджытæ байуæрстат?» — фарста йæ Чермен. «Байуæрстам». «Мæ хай та чердыгæй и?» «Ау, æмæ дæ хуызæттæн ^хай кæнæм! Уæд нын ахæмтæ (кæвдæсæрдтæ) бирæ куы и». Йæ къухы уыди фатхъæд (бучина, фат, фадын) мих [уыди]*, зæххыл æй ныццæлхъ ласта æмæ кæрæдзийы мидæг ныууади. Æмæ загъта Беслæнæн: «Гъеныр дæ дондзау донмæ рарвит, дæ куыройдзау куыроймæ рарвит». Стыхсын сæ кодта иу дыууæ къуырийы. Аргæвста сын сæ галтæ æмæ сæ æддзармæй ныкъкъуыхтæ кодта æмæ сæ байуæрста мæгуыртæн. Иу дыууæ къуырийы сæ стыхсын кодта, кусынмæ дæр нал дзы уæндыдыс- ты. Стæй æрхъуыды кодтой: «Цæй, хай йын бакæнæм» æмæ уый агъоммæ (уый размæ) сфæнд кодтой марынмæ, йе ’лдæрттæй хъаруджындæр æмæ йæ адæм фылдæр кæй нымадтой, уымæ гæсгæ: «Хай йын бакæнæм, уæддæр æй амардзыстæм æмæ йæ хай нæхи нæ уыдзæн». Хай йын бакодтой. Хуыздæр дæр ма йын бахай кодтой, цæмæй сыл баууæндыдаид, уый тыххæй. Æрæууæндыди сыл, æмæ та царди. Æрхъуыды кодтой, цы хин ын скæнæм, цæмæй йæ амарæм. Кæсæгмæ цом лæбурынмæ, зæгъгæ йын загътой. Ракодтой йæ, уæртæ Пхæсы рагъмæ (Æрджынарæг, фаллаг фарс) схæццæ сты. Æрæнцадысты уым æмæ йын загътой: «Бæласы сæрмæ ма схиз æмæ ахъахъæ — æппын никуы ницы фенай». Бæласы сæрмæ схызти Чермен. Уæд сæ кæрæдзийæн загътой: «Йеныр æй йæ раны ссардтам». Бæласы сæрмæ йæ фехстой сеппæт дæр йе ’мбæлттæ. Бæласы сæрæй рахауд æмæ амард. Сæ сæрмæ не ’рхастой уый, нæ- хуыддæг æй амардтам, зæгъгæ, æмæ йын йæ мард бахастой Хъобанмæ. Уæддæр æй адæм бамбæрстой, сæхуыддæг æй кæй 86
амардтой, уый. Уымæн æмæ бынæй хæрдмæ цæфтæ уыди. Уый агъоммæ дæр бирæ лæбурдтыты фæци Чермен, бирæ схауæн ранты, кæцытæ сеппæт нæ зонæм. 3, Уастырджийы суадон Хъобан æмæ Джызæл ком астæу ис хорз суадон, йæ ном у «Уастырджийы суадон». Цæмæн хуыйны «Уастырджийы суа- дон? » Чермены заманы 150 азы размæ Хъулгъа-Мæхъæл акодтой иу ахст ирон лæджы, аластой йæ Ассæйы коммæ, Музир зæгъгæ иу хъæумæ. Ахст лæджы дардтой цæджындзыл бастæй. Иу бон адæм куысты куыд уыдысты, афтæ ахст лæг йæ дæндæгтæй йæ бæттæнтæ сыхæлдта, афтæмæй алыгъд. Æрбацыд Хъобанмæ, йæ хабæрттæ радзырдта Бестолаты номдзыд Черменæн. Чермен æрбамбырд кодта йæ къорды: Дзагъойты Дзиу, Бæцæзаты Али, Нæкуысаты Басыл, Кадиты Муссæ, Тылаттаты Уари, Адеты Безан, Баджиатьг Абырæг æмæ иннæты. Загъта сын Чермен: «Ацы æфхæрд æмæ худинаг æз ирон адæмыл нæ ныууадздзынæн, цæуын хъæуы Хъулгъамæ». «Цæттæ стæм»,— загътой йе ’мбæлттæ. Ацыдысты Хъулгъамæ, Музиры хъæумæ. Хæд хъæуастæуæй сын ратардтой сæ рæгъау. Дзырдтой иу æй зæронд лæгтæ афтæ: хъулгъайæн ма сæ сæ устытæ дæр æхстой хæдзæртты сæрæй, фæлæ сын уæддæр щ стур, иу байраг дæр нал ныууагътой хъæуы, ратардтой сæ. Талынджы æрбахæццæ сты коммæ. Комы дымджыты быдырты нæма уыдис ирон хъæутæ. Хъобан- гом уæд уыдис талынг сау хъæд, æрбахæццæ сты нæ лæбур- джытæ бæрæг суадонмæ. Тынг сæ фæндыдис бахæццæ Хъобанмæ стыр рæгъауимæ, уæлдайдæр уыд уыцы ’хсæв Уастырджи<йы>* ’хсæв «Джеор- гуыба». Рæгъауы астæу уыд стыр гал, йæ хуыз сæнтсау, йæ дыууæ фарсы стыр урс стъæлфытæ, йæ ных згъар. Къорды хистæр уыд Баджиаты Абырæг æмæ йе ’мбæлттæн загъта: Цæмæн нæхицæн зын кæнæм, цæмæн марæм нæ бæхтæ. Хуыздæр кусарт чи акæндзæн Уастырджийæн махæй. Ацы дзæбæх суадоны был аргæвдæм Уастырджийæн нæ стыр сау гал, сау бæгæны<йы>* бæсты йын скувдзыстæм сау суад<он>æй*. Дзæгъойты Дзиу æмæ Тылаттаты Уари уыдысты кæстæртæ æмæ сын загътой: цалынмæ физонæг цæттæ кæна, уалынмæ 87
уын мах Хъобанæй æрхæццæ кæндзыстæм нозт. Фезмæльп|| кодтой сæ бæхтæ, æрбахæццæ сты Хъобанмæ, базонын кодто^ сæ хъæлдзæгдзинад. Дыууæ Хъобаны астæуæй фидиуæг ныхъхъæр кодта: «Нæ бæлццæттæ æрбахæццæ сты хъæлдзæгæй, æнæ зиан, бирæ фо- симæ, æхсæв сты комы, хъæуы сын хæссын нозт æмæ кæрдзын,! Фæллад адæмæн сæ физонджытæ нæма сцæттæ сты, афтæ: ныххæццæ сты Хъобаны фæсивæд нозт æмæ хæрдимæ. Кæй ма ’рцахста-иу хуссæг, сæ зард æмæ сæ симдæй змæлыди хъæд. Æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы не ’рбацыдысты уырдыгæй, бахордтой дзы æртæ галы. Рæсуг суадонæн йæ алыварс хъæд ныццагътой. Æртæ галæн сæ сыкъатæ стыр хъилтыл ныссагъ- той суадоны æртæ фарс, суадонæн радтой стыр ном «Уастыр- джийы суадон». Уымæй фæстæмæ-иу азæй-азмæ йæ алфамб- лай хъæд цагътой. Мæгуыр суадон та чысыл фæстæдæр райста дыккаг ном «Стыр даргъ æрдуз». Абон дæр ма уыцы дыууæ номы ирон адæмы астæу хæлд не сты. 4. Чермены таурæгътæ 4.1. «Чермены фыд...» Чермены фыд уыд лезгинаг; лæппуйæ Чермен æрцыд скъæфт æмæ уæйгонд Тлаттатæм; 12 аздзыдæй Чермен райдыдта уæ- рыччытæ хизын. 15 аздзыдæй бирæгъæн йæ бæрзæй асаста, уæрыкк ын кæй аскъæфта, уый тыххæй, Тлаттатæ йын йæ хъарудзинад уæдæйнырмæ сæ зæрдыл бадардтой. 18 аздзыдæй ма Чермен хызта фыстæ. Йæ фыд зæхх уарыны рæстæг æгас нал уыди, Чермен хуыздæр зæххытæ афæлдæхта йæхицæн æмæ Тлаттаты хистæрæн йæ æхсæрфарс ныкъкъæрцц ласта, зæхх уарджыты уынаффæгæнджыты хистæр Хъаныхъуаты Бесланæн та йæ къух асаста, æмæ уый фæдыл Беслан амард. Чермены йæ сæр æмбæхсын бахъуыд æмæ ацыд Хъобаны хъæдмæ, стæй уырдыгæй Кæсæгмæ. Ам Чермен базыдта, Кæсæджы æлдæрттæ йæ Тлаттаты къухмæ раттын кæй хъавынц, уый, æмæ алыгъд Мæхъæлмæ. Ардыгæй та æфхæрын байдыдта Хъобаны. 4.2. «Иу хатт Чермен...» Иу хатт Чермен фехъуыста Аспиаты фыййæутты ныхас: «Цæмæн бæззы, цæ, Чермен! Йæ тых ма уæдæ махимæ бавзар- æд! »Чермен сæм сындæг кауимæ бацыд, кауы бын æрцъист кодта , фыййæутты æмæ сыл йæ уæз æруагъта. 88
4.3. «Иу хъобайнаг хъазты...» Иу хъобайнаг хъазты мидæг иртасын байдыдта йæ уазджы- ты хъару æмæ арæхстдзинад. Уый нытътъыста æнгом гарзы тохъылы. Зындысты ма уырдыгæй æрмæстдæр йæ сыкъатæ. Хъуамæ тæхгæ-тæхын барæг фелвæстаид гарзæй тохъылфыры йæ сыкъатæй. Никæй бон сси уый. Чермен фæлæбурдта тохъыл фырмæ æмæ йæ æд гарз аскъæфта. 5. Бестолты Чермены зарæг Чермен цард Хъобаны, домбай лæг уыд, тых кодта уæздæттæн, суанг йæ хорзы кой айхъуыст мæхъæлмæ дæр. Бæлтайы чын- дзытæ куыроймæ рацыдысты æмæ сæ тæгиаты лæппутæ хын- джылæг кодтой. Уæд сын мæхъæлы чындзытæ афтæ бафидис кодтои: уагæр дам Чермены хуызæн лæгтæ куы уаиккат зæгъгæ. Уæд Тæгиатæ загътой: «Чермены [кæд]* афтæ тыхджын кæм хонут, уым махæн Чермены амарын хъæуы». Хъобанмæ Черме- ны уынынмæ рацыдысты æмæ Чермен Хъобангом [фтоны]*. Лæгæты сæмæйнаг амадта. Чермен кæм цæры зæгъгæ йæ фар- стой Черменæн йæхи. Уæд Чермен сæмæйнаг систа æмæ сын амыдта Хъобанырдæм, уæртæ уыцырдыгæй зæгъгæ. Уæд лæгтæ чысыл куы ауадысты, уæд дис байдыдтой, ацы лæг афтæ домбай кæм у, уым ма адонæн сæ Чермен цавæр уыдзæн. Стæй йæм фæстæмæ æрыздæхтысты æмæ йын загътой: нæ зæрдæ дыл æхсайы, ды дæхæдæг ма уай Чермен зæгъгæ. Чермен дæр сын загъта, уæдæ æз мæхæдæг дæн Чермен зæгъгæ. Тæгиатæ куы бамбæрстой Чермены хабар, уæд иу бон сфæнд кодтой: уæдæ Чермены хъæдмæ асайæм æмæ йæ амарæм. Иу бон Черменæн загътой: «Цом ма, Чермен, уæлæ рагъæй акæсæм, цымæ рæгъау кæм ис?». Семæ ракодтой Чермены æмæ йæ бæласы сæрмæ схизын кодтой: «Акæс-ма, Чермен, цымæ рæгъæуттæ кæм хизынц?». Чермен схызт бæласмæ æмæ йыл бæласы сæрмæ ралæууыдысты æмæ йæ амардтой. Æрцæй-ма æрхызт бæласæй æмæ дзы иу лæгæн йе ’фсæртæ атыдта, иннæмæн та йæ æгъдтæ фæйнæрдæм атыдта. 6. Предание о Чермене Осетинский народный герой Чермен Бестолов родился в середине XVIII века в селении Нижний Кобан Северной Осе- тии. Происходил он из низшего сословия — кавдасардов, зави- симых от Тулатовых. 89
Его отец — Маргоз умер, оставив жену с трехлетним маль- чиком. Это и был Чермен. С самых малых лет Чермен всех’ поражал неимоверным ростом и силой. Как сироту, принял Чермена в свой дом алдар Мурзабек Тулатов и уже с юных лет поручал ему пасти баранов. Как-то, заигравшись с мальчиками, Чермен просмотрел, и волк утащил из стада одного барана. Обнаружив пропажу, Чермен увидел убегающего волка с добычей. Быстро догнав волка, Чермен отнял у него уже зарезанного барана, а сам схватил волка за горло своими железными руками и решил показать его хозяину. Но Чермен не имел никакого представ- ления о волке, как о хищном звере, и принял его за собаку. Принеся волка к хозяину, он так и заявил: «Хозяин, вот чья-то собака унесла у нас барана!» С удивлением хозяин вос- кликнул: «Это же волк, а не собака! Души его, как только можешь!'» Чермен тут же задушил волка. Пораженный старик стал расспрашивать Чермена, каким образом ему удалось пой- мать волка своими руками. Чермен подробно рассказал ему, как это было. Тогда старик Тулатов погладил его по голове и сказал: «Я болыне не пошлю тебя пасти баранов, а сделаю тебя человеком». И тут выдал Чермену кинжал и пистолет. У самого старика Тулатова был сын; звали его Вари. Он был немного старше Чермена, но ростом почти не уступал Черме- ну. И своего сына и Чермена старик Тулатов выделял и считал их своими самыми надежными всадниками. Несмотря на преклонные годы, старик Тулатов мог еще ор- ганизовать и возглавить набеги на соседние селения и народы. Когда он сам, во главе своей ватаги, отправлялся в такие похо- ды, то убеждался в том, что чудеса храбрости больше всего проявлял Чермен. Он прекрасно владел конем и оружием. От- личаясь редкой быстротой ног, физической силой и прекрас- ным телосложением, Чермен, например, догнав буйных и непо- корных лошадей, руками хватал их за хвост и быстро укрощал. Вести о воинских достоинствах юного Чермена скоро обле- тели не только Осетию, но и районы других кавказских горцев. Народу известны случаи, когда кобанцы, замыслив походы в Ингушетию или в Кабарду, были в нерешительности — как быть? Их смущали превосходящие силы предполагаемого про- тивника. Тогда выступал Чермен и заявлял: «Отправляйте меня одного. Я и один справлюсь с ними!» И действительно, Чермен часто разбивал сильных врагов. Говорят, в то время в Кобанском селении не было бедняков, 90
ябо всех бедняков жителей своего села Чермен щедро наделял всем, в том числе и лошадьми из угнанных им табунов. Известно также, что Чермена женили в довольно раннем возрасте на одной девушке из фамилии Агузевых. Для осуществления военных походов и набегов, а также в целях собственной обороны, Черменом был организован свой особый отряд из кобанских джигитов. В его состав входили: Басо Накусов, Али Бацазов, Муса Кадиев, Абрек Бадзиев, Дзиу Дзаноев*, Вари Тулатов и другие. Все они, как боевые спод- вижники Чермена, были такими же храбрыми и смелыми джи- гитами, как и он сам, и представляли собою довольно грозную силу для соседних племен и народностей. Отряд Чермена довольно часто беспокоил своих соседей- инородцев, но иногда нападал даже на своих ближайших сосе- дей-осетин: алагирцев и куртатинцев. Больше же всего доста- валось от Чермена богатым кабардинским князьям. Как-то, в отсутствие Чермена, Тулатовы крупно поссори- лись между собой и даже решили поделить пастбищные земли и пахотные угодья. Раздавались голоса о том, что нельзя обхо- дить и Чермена: нужно и его наделить землею. Особенно рьяно настаивал на этом старик Тулатов. Но один из самых влия- тельных представителей фамилии Тулатовых — Кайсым Май- рамукаевич Тулатов — решительно отверг его разумное пред- ложение. Мотивировал он это тем, что Чермен происходит из низшего сословия — кавдасардов и если выделить ему землю, то тогда надо давать абсолютно всем кавдасардам. Мать Чермена, случайно узнав об этом, ушла на далекую мельницу и стала горько плакать. Она знала, что если Чермен узнает о том, что его обошли наделом, он не простит такой черной неблагодарности. В результате могут погибнуть много осетин и сам Чермен. В это время к мельнице подъехал он сам. Услышав плач своей матери, Чермен слез с лошади и вошел в мельницу узнать о причине ее печали. Входя, Чермен громко сказал: «Нана! Если ты мне не скажешь сейчас же, кто тебя обидел — я снесу с тебя голову». Мать, преодолев себя, засмеялась и сказала: «О, Чермен! Твои болезни — болезни мои! Кто может меня обидеть при твоей жизни?!» Чермен опять обратился к матери с вопросом: «Говори правду, зачем плакала?» Тогда она отве- тила: «Твои господа Тулатовы поделили между собою всю землю и не наделили тебя. Вот я и беспокоюсь, что это может обидеть тебя, а ты можешь не простить этого». Чермен засме- 91
ялся и сказал: «Глупая ты женщина — мать! Чермену везде земля! Где захочу — там и возьму! Зачем же создавать непри- ятности? Успокойся!» Она, обрадованная, обняла сына и рас-, целовала его. После этого Чермен отправился к своему воспитателю Мурза- беку Тулатову и спросил его: «Почему меня обошли наделом, в то время как я везде и всюду борюсь за интересы фамилии Тулатовых?». Старик прослезился и сказал: «Я хотел наделить и тебя, Чермен, но меня не послушались, особенно Кайсым Майрамукаевич Тулатов». Чермен отправился к последнему и спросил его о том же. Тот в категорической форме заявил, что лично он воспроти- вился предложению старика Тулатова потому, что тогда нуж- но наделить всех кавдасардов. Тогда Чермен ответил: «Ну, будьте счастливы на своей земле, а Чермена в Кобане вы боль- ше не увидите. Чермен найдет себе землю!» Ночью Чермен приготовился к выезду из Кобана. Утром он погрузил на трех вьючных лошадей свое маленькое имущество, посадил свою мать и жену и выехал из Кобана. Когда жители Верхнего и Нижнего Кобана узнали об обиде и внезапном отъезде Чермена, они собрались на совещание всех женщин и мужчин. Боясь мести со стороны Чермена, они порешили: 1) табуны далеко от селения не угонять; 2) женщин не пускать к мельницам; 3) детей не выпускать из селения. Тогда кобанские женщины посылают одну делегатку к ста- рику Тулатову с просьбой принять все меры к тому, чтобы как- нибудь вернуть Чермена, иначе от кабардинцев им не будет житья. Так как тогда нельзя было открыто говорить женщине с мужчиной, да еще со стариком, то она встала к нему спиной и обратилась со следующими словами: «Да простит мне твоя седина, наш старейший, князь села, что я, женщина, обраща- юсь к тебе — старику. Я депутатка от женщин села, явилась к тебе с просьбой: верни Чермена, ушедшего сегодня от нас, и предотврати многие несчастья!» Старик позвал глашатая. Между прочим, у старика была красавица-дочь Дзга, кото- рая не хотела выходить ни за кого замуж. Старик приказал оповестить сельчан, что за того, кто вернет Чермена, он отдаст свою дочь. Узнав об этом, пришел к старику Абрек Бадзиев и спросил его, сдержит ли тот свое обещание, если он вернет Чермена. Старик поклялся, и тогда Абрек отправился догонять Чермена. 92
Издали увидя Чермена уже около Военно-Грузинской доро- ги, он долго был в затруднении — как ему быть? Если крикнуть сзади, Чермен заподозрит погоню и убьет его, если заехать спереди — Чермен заподозрит засаду и убьет его. Наконец, он решил проехать лесом, обогнать Чермена и ждать, а когда тот поравняется, то заговорить с ним. Так он и сделал. Когда Чер- мен поравнялся с ним он произнес: «Чермен, я брат твой на- званный. Помоги мне жениться на Дзга, вернись ради всего святого!» Чермен не согласился и ответил: «Я не игрушка и прощаю тебе такое предложение только потому, что ты названный брат мой». И, сказав это, он поехал далыне, а Абрек Бадзиев ни с чем вернулся обратно. Чермен поселился в Ингушетии, в Уала-Кулга. Ингуши, зная о доблестях Чермена, устроили при его приближении кувд (в честь его приезда) из белых быков; они обрадовались пред- стоящему мщению кобанцам с помощью Чермена. Среди них был один слепой старик, который попросил Чер- мена дать ему руку. Взяв руку Чермена, он крепко пожал ее и сказал: «Ой, безумные ингуши, как не режьте вы белых быков, этот человек среди вас долго жить не будет». Действительно, Чермен сильно тосковал по родным местам. Ингуши настаивали на том, чтобы он возглавил нападение на кобанцев с тем, чтобы угнать скот их. Но под разными предло- гами Чермен откладывал нападение. Наконец он вынужден был согласиться, но сумел уведомить своих осетин — кобанцев и предупредить, чтобы те угнали свой скот в безопасное место и приготовились к обороне. Кобанцы все исполнили. Когда явились ингуши, они были страшно удивлены, встре- тив вооруженных кобанцев и, обратившись к Чермену, спроси- ли: «Где же скот?» «Там, внизу»,— отвечал он,— «берите его». «Но там много воинов!» — воскликнули они. «Так ко- банцы всегда охраняют свои стада»,— сказал Чермен. Напу- ганные ингуши решили вернуться домой. Благодарные же кобанцы послали к Чермену своих послов с просьбой вернуться домой и взять земли — сколько он хочет и какую хочет. Чермен согласился и вернулся в Кобан. Все насе- ление Кобана вышло встречать Чермена и все предлагали ему брать земли сколько и какую он желает. Чермен на это отве- тил, что он не волк и земли ему много не надо, а попросил отвести ему одну поляну. Поляна эта называлась «Бастарва- ды-дус»*. С тех пор она стала называться «Поляна Бестолова». 93
До рождения Чермена вся земля в Кобанском ущелье при^ надлежала кабардинским князьям Ахловым и первое время за1 землю они брали с кобанцев определенную дань. Теперь же,: после возвращения Чермена, они не только не платили дани,: но, совершая набеги на кабардинцев, сами угоняли у них скот; Особенно усилились эти набеги по возвращении Чермена об- ратно на родину. Теперь они окончательно нарушили покой кабардинцев. Последние готовы были даже крупно заплатить; за голову Чермена, но сделать это никто не решался. Один из Тулатовых был родственник Ахловых — племянник по матери, по имени Замбулат. Кабардинцы уговорили его ус- троить западню Чермену, за что обещали целый табун лоша- дей. Они решили убить Чермена в пятницу, около селения Ах- лова, у кленового дерева. Приехав из Кабарды, Замбулат Тулатов в тот же день обра- тился к Чермену с такими словами: «Чермен, я к тебе с вели- кой просьбой: мои родственники дают мне целый косяк лоша- дей, но я не решаюсь гнать их, т. к. их могут у меня отбить по дороге. Прошу твоей помощи!» Чермен по своей доверчивости тут же дал ему свое согла- сие, но все же спросил: «Почему именно в пятницу нужно быть в указанной роще?» На это Тулатов ответил: «Это пото- му, что часть лошадей крадена; в пятницу же все мусульмане будут на молитве и никто не увидит их в роще». Тут Чермен окончательно поверил ему. В пятницу рано утром прибыли они в назначенное место, а там уже ждали кабардинцы в засаде. Замбулат Тулатов при- гнал лошадей и говорит Чермену: «Полезь на дерево, посмот- ри, нет ли за нами погони; чтобы не трудно было лезть, оставь внизу оружие». Чермен оставил оружие и влез на дерево. Тог- да на безоружного Чермена набросились скрывавшиеся в кус- тах кабардинцы и убили его. Но будучи смертельно раненным, Чермен все же успел убить человек пять кабардинцев. Замбулат Тулатов вернулся в Кобан и сообщил о смерти Чермена в бою с кабардинцами. Население не сразу поверило этому, а когда кобанцы приехали на место и увидели обстанов- ку и мертвого Чермена, они сразу догадались о предательстве Тулатова. Последний успел бежать в Кабарду, где и остался жить безнаказанно, но уже без всякой надежды когда-либо вернуться в Кобан. Чермена же с почетом похоронили на Ко- банской горе. 94
У кобанцев существует такая легенда: когда царский гене- рал Абхазов" в 1830 году остановился в Кобанском ущелье лагерем около надземных склепов кладбища, среди которых находился и склеп Чермена, с противоположного склона ущелья пастух запел: «0, бедный Чермен, если бы ты был жив, ты не пустил бы сюда гяуров». При этих словах склеп зашатался и рухнул. Абхазов спросил: «Кому принадлежит этот склеп?» Ему ответили: «Это склеп народного героя Чермена». Генерал перевел весь лагерь в другое место. 7. Чермены райгуырды тыххæй Тлатты Бестъол, Куырттаты цæрæг, куыста хъæды. Иу бон кæсы æмæ комы доны сæрты иу лæг, йæ рæттæ цæмæйдæр йедзаг, афтæмæй æрбагæпп ласта. Бестъол йæ размæ æруадис æмæ йæ ахуыдта йæ хæдзармæ. Хорз æй суазæг кодта. Уазæгæн йæ роны уыдысты хъуыд- да<джы>* гæххæттæ, æмæ цыд Уырысы паддзахмæ хъаст кæнынмæ. (Уыд Гуырдзыйы паддзах). Бестъол-иу йæ усы барвыста паддзахмæ, фæлæ йæм уый ницы дзырдта. Фæстагмæ Бестъол бахуыдта йæ усы æмæ йæ паддзахы фарсмæ ныххуыссын кодта. (Бестъолæн цот нæ гуырд). Ус басывæрджын æмæ йын афæдзы бонмæ райгуырд лæппу. Бестъол æмæ йæ ус Джантион тынг фæцин кодтой. Лæппуйыл ном сæвæрдтой Чермен. 8. Черменæн кæвдæсарды хай Тлатты мыггаг иу бон æрнæджытæ байуæрстой æмæ Чер- менæн хай нæ бакодтой, куыд дзæгъæлзад. Чермен уæд уыд цуаны. Изæрæй куы ’рцыдис, уæд ын йæ мад афтæ зæгъы: уæ мæ фæллой рондзæй фæкалай, абон сæрвæт байуæрстой æмæ дын хай нæ бакодтой, зæгъгæ. Чермен райсоммæ сæ хъугомæн йæ хуыздæр тъæпæнтæ цæхгæрмæ афæлдæхта, йæхæдæг алыгъд Хъулгъамæ. Хъулгъамæ Тлатты фос давын æмæ скъæры<н>* райдыдта æмæ сæ æнæфос фæкодта. Уæд иу хатт хъулгьайы ныхасы Чермены кой фехъусгæйæ æрбасидтис Черменмæ иу зæронд лæг, фæхæцыд ын йæ цонджы хъултыл. Стæй загъта: «Мæ хуры чысылтæ, хъулгъайы фæсивæд, 95
кæд уæм абон кæйдæр рæгъæуттæ тæры, уæд уын райсом та| уæхи рæгъæуттæ æддæмæ тæрдзæн». Хъулгъайы фæсивæд; куырм зæронд лæджы ныхæстæм джихæй баззадысты’. •$ Тлатты мыггаг бауынаффæ кодтой æмæ Чермены æрбахонынмæ| арвыстой дыууадæс минæвары, кæцытæ Черменæн загътой: цы дæ хъæу, уый дын ратдзыстæм, уæддæр фæстæмæ нæхимæ рацу, зæгъгæ, махмæ уæлдаг! лæгтæ нæй; Фæрдæджы хъугомæй(1) дæ кæм хъæуа, уым дын бахай кæндзыстæм, æрмæст нæм цæугæ ракæ. Чермен сразы ис æмæ æрцыд Тлаттæм. Бакодтой йын зæххы хай. Чермен давын, скъæрын райдыдта Хъулгъайы рæгъæуттæ, фæллой. Уæд чындздзон чызджытæ, ног чындзытæ æфсæрмы нал кодтой нæлгоймæгтæй. «Исты нын Чермены хуызæн лæгтæ мыййаг куынæ стут»,— зæгъгæ сын иу фидис кодтой. Тлаттæм хардзау æркаст ацы фидис æмæ сфæнд кодтой Чермены амарын. Иухатт æй акодтой хæтынмæ. Бæласы сæрмæ йæ схизын кодтой, акæс-ма бæстæтæм, зæгъгæ. Уырдæм ыл ралæууыдысты топпæй. Чермен бæласы сæрæй рагæпп ласта æмæ ма Тлатты фæсивæдæй дыууæйы хурхыл бахæцыд æмæ сæ амардта, стæй йæхæдæг дæр амард. (1) — Фæрдæджы хъугом у хуымзæхх. 9. Чермены зарæг Чермен уыдис Тлаттатæй. Фæцыди хæтæны йе ’рдхордимæ (йе ’рдхорд чи уыдис, уый нал зонын). Йе ’рцыдмæ зæххытæ байуæрстой. Чермен уыцы хабар куы фехъуыста, уæд райсом раджы ног чындзыл фембæлди æмæ йæ фарста хъæуы хабæрттæй. Ног чындз æм уайсадгæ кодта æмæ йæм ницы дзырдта. Уæд ын Чермен ард бахордта æмæ йын загъта: «Абонæй фæстæмæ ды мæ хо, æз де ’фсымæр». Уæд ын ног чындз радзырдта: «Чер- мен, зæгъгæ, йæ ном дзурын мын нæ фидауы, уымæн хай нæ бакодтой цъыфбынты йеддæмæ». Уæд æй Чермен ноджы ба- фарста: «Уæдæ йын йæ мадæн та цы ми бакодтой?» «Йæ мады дæр ын дæлæ куыройы бакодтой». Чермен ацыди æмæ бадодой кодта Тлаттатæм: «Æз уын уæ чындздзон чызджыты æмæ уæ рæгъау донмæ нал рауадз- дзынæн». Æмæ сæ æцæг тыхсын кæнын байдыдта. Тыхсын кæнын сæ куы байдыдта Тлаттаты, уæд Тлаттатæй иу фе- хъусын кодта: «Чермены мын чи ’рхона мæ хæдзармæ, уымæн мæ хойы усæн ратдзынæн». 96
Уæд æм фæцыдысты æмæ йæ ’ркодтой, æмæ зæххæн йæ лæгъзбынтæ бахай кодтой Черменæн. Цард цыди. Уæд иуахæмы Тлаттатæ Чермены æмгары бал- хæдтой. Æмæ уый Черменимæ ацыди хæтæны. Кæмдæр хъæды уыдис фæлгæсæн бæлас. Раздæр бæласмæ ысхызти Черменæн йе ’рдхорд. Уый фæстæ ысхизын кодта Чермены. Чермен бæласмæ куы ’схызт, уæд æй сæхста йе ’рдхорд æмæ Чермен бæласæй рахауди. ФиплаинапТ латтатæ фондзæй уыдысты æмбæхст хъæды æмæ йыл уыдон ныккалдтой. Чермен бæласæй куы рахауди, уæд гæрзты кой нал фæкодта, фæлæ сæ асырдта æмæ дзы дыу- уæ<йæн>* сæ къабæзтæ атыдтытæ кодта. 10. Нæ фыдæлтыл паддзахад чи кодта раджы Ахæм паддзахад æрыхъустон æз, æмæ сын ам армы тъæпæн нæ уыди, сæ къухтæ цонджыхъулы онг саджилтæ уыдысты — уыдоны хуыдтой мæличчытæ. Сыгъдæгуд Тамар-Непе* нæ уагъ- та йæхимæ лæг: цæуæт нæ кодта. Мæличчытæ уыдысты уый цот. Адæм сход скодтой, загътой: «Ацы хорз паддзахадæй цот куы баззаид, уæд хорз уаид. Бафынæй йæ кæнæм æмæ йын лæг раттæм». Тамар-Непейы бафынæй кодтой æмæ йын лæг рад- той. Райсомæй йæ гæрстæ куы ныхсын кодта Тамар, уæд ын сæ урæдта хуры ’рдын уый размæ. Лæг æм куы радтой, уæд та йæ гæрстæ нал баурæдта хуры ’рдын æмæ æрхаудтой. «Цыдæр фыдбылыз мын скодтой»,— загъта Тамар. Райгуырди йын фарæстæм мæймæ лæппу. Тамар æй ахæссын кодта саухъæды ’рдузы бынмæ: «Хъахъ- æнут æй уым, стæй куы амæла, уæд æй сыджыты бын бакæ- нут». Уыдон æй ахастой æмæ йæ саухъæды æрдузы сæвæрдтой. Æмæ йæм гуымыдза саг æрцыди, йæ бынмæ йæ бакодта æмæ йын дзидзи бадардта. Уый фæстæ лæппу гæпп байдыдта. Хъахъæнджытæ æрцыдысты æмæ загътой мадæн: «Нæ мæлы». Мад скуыдта æмæ загъта: æрхæссут æй уæдæ, уый Хуыцауы раттинаг у, зæгъгæ. Уæддæр æй йæ дзидзимæ нæ бау- агъта. Уырдыгæй баззадысты Тамар-Непейæ цæуæт — мæлич- чытæ, æндæр туг уыдысты. Уыцы лæппуйæн райгуырдиæртæ лæппуйы. Уыдон сæ хистæрмæ раттой <...>*, сæ хистæрмæ. Уый нæ фæрæзта паддзахад кæнын æмæ фæйнæрдæм ацыдыс- ты: сæ иу Имеретмæ ацыд, иннæ Къахетмæ, æртыккаг уым Калачы баззад — хистæр. Æмæ уый афтæ суд скодта æмæ 7Махдуг№3, 1997 97
басйаджы хуызæнæй Уæрæсемæ ныффардæг Романтæм*. Ро| мантæм, æвæццæгæн, Хуыцауы тæф уыди. Цъалагомы бацыдш Стырхохыл ахызти æмæ Хъобаны комы фæцæйцыд: донæй! иннæрдæм багæпп кодта. Уырдæм æм лæг æрцыдис æмæ йьн| загъта: «Фысым нæм бакæ». Уый йын загъта: «Нæ мæ æвдæлы| фæндаггон дæн». Уый йын уæд Хуыцауы номæй расомы кодта; æмæ уæд ссыди. Хæринæгтæй йæ хорз федта æмæ йын уат! бакодта. Йæхæдæг йæ усы барвыста уазæгмæ: цот нын нæй| æмæ йемæ ныххуысс, кæд нын дзы равзæрид цот, зæгъгæ. Ус^ æм бацыд, æмæ фæтарст мæликк йæхæдæг. «Сæрæй уæ Хуы-| цауы ард сайут!» — схъæр кодта усæй фæтæрсгæйæ. У<$ фæстæмæ фестад æмæ йæ лæгмæ базгъордта: «Уый йæхæдæг^ тæрсгæ куы кæны марынæй, уæд мæ цæмæ барвыстай уымæ? »; Уæд æм лæг йæхæдæг бацыд: «Мæгуыр Бестол дæн, кæвдæсард лæг дæн, мыггаг мын нæй, курын дæ æмæ мын мæ сылы де’ ’мгæрон æруадз». Мæликк ын загъта: «Маргæ мæ ма акæ — нæ, дины нæй марын». Бестол та уæд ногæй барвыста йæ сылы^ мæликкмæ æмæ дзы уæд райгуырди Чермен. 1 Уырдыгæй райсомæй рацыди мæликк æмæ Уæрæсемæ Ро-^ манты паддзахмæ ныццыд. Уым мæликк паддзахæн загъта: «Мæ, паддзахад исинаг ис [æмæ]* Гуырдзыйы æмæ йæм цæуын хъæуы». Уæд æм æфсæдтæ рацыдысты æмæ Гуырдзыйы фæнда- гыл бацыдысты æмæ йæ ныппырх кодтой. 11. Тлаттаты Чермен (Хъобаны цæрæг лæг) Тлаттатæ тыхгæнæг цыдысты æмæ Чермены семæ кодтой, бæхгæс нын рацу, зæгъгæ, æмæ хъæумæ куы бахæстæг уыдаик- кой, уæд бæхтыл куыд хæцыдаид афтæ, сæхуыддæг та хъæумæ’ куыд бацыдаиккой афтæ, афтæ уынаффæ кодтой Тлаттатæ се; стыр ныхасы, æмæ йыл не ’ууæндыдысты, кæвдæсард у æмæ нын исты зиан куы ракодтаид уымæн, æмæ кæвдæсард та^ хуыдтой æнæаргъуыд усæй гуырд, æмæ Чермены дæр уымæн хуыдтой кæвдæсард. Æмæ йæм хъыг касти, кæвдæсард æй кæй, хуыдтой, уый, фæлæ сыл* йæ бон ницы цыдис чысыл уыдис, æмæ. Ныр сæм куырм лæг уыдис Тлаттатæм сæхимæ, æмæ ищ семæ кæнынвæнд куы кодтой, уæд сæм куырм лæг хъуыста.| Куырттатæм фæцыдысты тых кæнынмæ, æмæ сын куырм лæг^ загъта куы цыдысты, уæд: «Ракæнут ма йæ мæнмæ, цавæр лæппу| æз æй куы фенин, куы æрысгарин». Æмæ йæм æрбакодтой! лæпп<уйы>*, æмæ йæ æрысгæрста, йæ дæ<...>* йын бафистæд кодта, афтæм<æй>*, æмæ сын загъта: ай нын хорз лæг нæу| 98
искуы нын фыдбы<лыз>* араздзæнис, зæгъгæ, амарын æй хъæуы. Уæд сын сæ хистæр загъта: ныууадзут æй зæгъ, бæхгæс нын цæудзæнис, зæгъгæ. Стæй йæ акодтой семæ Куырттатæм æмæ уырдыгæй æртардтой рæгъау, стæй куыд хъомыл кодта, афтæ йын зæххæй нæ кодтой хай. Хай йын куы нæ кодтой, уæд æм хъыг кæсын байдыдта æмæ сæм æртхъирæн кодта, уый тых- джындæр разынди уыдонæй. Куы дзы сфæлмæцыдысты, хъыг сæ дарын куы райдыдта, уæд сæ зæххытæ сын тыххæй кодта Чермен, æмæ йæ уæд асайдтой Уæллаг Хъулгъамæ, ахæм фæнд ыл скодтой æмæ йæ асайдтой æнæдон быдырмæ Уæллаг Хъулгъ- амæ, æмæ йын загътой: «Йеныр акæс, Чермен, нæ уæрстытæм, схиз бæласы сæрмæ». Чермен йæ гæрстæ бæласыл æрцауыгъ- та, дойны дæр тынг сси. «Акæс, Чермен, <...>* нæ уæрстытæ фен». Уæд схызти бæласы сæрмæ æмæ сæм дзуры: «Æз уын уæ цæхгæрмæ уæрстытæ дæргъмæ алыг кæндзынæн, Тлаттатæ». Ныр кæрты æмбырдæй лæууынц бæласы алыфарс, æмæ сæм æртхъирæн кæны, куы акасти уæд, гъемæ йæ уæд уырдæм нык- калдтой, æхсын æй райдыдтой, æмæ йæхи топп дæр уыдоныр- дыгæй фæци, æмæ сæм дзуры: «Зондæй мыл фæтых стут <...>* ». Стæй йæ куы æртыхсын кодтой, уæд бæласы сæрæй рагæпп ласта, хорз æй куы байдзаг кодтой нæмгуытæй, уæд, Куы рагæпп ласта, уæд топп йæ къухы нал бафтыд, фæлæ дзы æртæйæн сæ къубæлттæ сыскъуыдта, йæ зæнгмæ иу сæ фелхъывта афтæмæй: «Кæд ма нæ амæлон, фервæзон, уæд уын уæ дондзауты донмæ нал ауадздзынæн, куыройдзауты куыроймæ». Тæвдæй йæ цæфтæ не ’мбæрста, фæлæ хæдзармæ куы æрбацыд, уæд йæ рон сых- æлдта, æмæ уæд нæмгуытæ ронæй кæлын райдыдтой, стæй дзы хуылфы дæр бирæ баззадис нæмгуытæй, æмæ уæд домбай Чер- мен дæр амардис, Тлаттаты фырт. 12. Тлаттаты Чермен Куыд дзурынц, афтæмæй бирæтæ бæлвырд нæма зонынц, Чермен Тлаттатæй кæй фырт уыдис, уый. Иутæ дзурынц, зæгъгæ дам Чермен уыдис Тлаттаты Мрзаганы фырт, фæлæ уый раст нæу. Æз хъуыстон мæ фыдæй, уый дзырдта, зæгъгæ дам Чер- мен уыдис Тлаттаты Бестолы фырт. Бестол дæр уыд уæздæттæй, фæлæ æрхаста дыккаг къайæн номылус — Цæлоны. Цæлойтæ цардысты Хъобаны. Чермен куыд кæвдæсард хæдзары уыдис кæстæриуæггæнæг æмæ цыдис фиййау. Дыууадæсаздзыдæй уымæн йæ тыхы кой айхъуыст æгас ко- мыл. Иу хатт ын мигъ бон уæлыгæсæй йæ фосæй иу уæрыкк 99
ахаста бирæгъ æмæ йæ ададжы хордта. Чермен æм бахъуызыд^ æмæ йæ йæ хъустæй æрцахста. 13. Бестолаты Чермен Фыд бæрæг ын нæ уыд. Уыдис ын хъуымайаг* мад. Уыдис Бестолаты кусæг. Балцы ацыд. Фæстæмæ куы ’рцыд, уæд йæ мады æнкъардæй бадгæ æрбаййæфта. — Цы кæныс, нана?— афарста Чермен йæ мады. — Ницы, ницы, гыццийы хур... Мад нæ уæндыд Черменæн ыской кæнын, хуымгæнды зæхх ын кæй нæ бахай кодтой, уый. Чермен йæ мады нал уагъта. Уæд мад загъта, зæхх байуæрстой æмæ дын хай нæ бакодтой, зæгъгæ. — Гыцци цæра, кæд Хуыцауы фæнда, уæд райсом Согорхы хуссары дæргъауæдз хуымтæ аскъæрдзынæн. Ууыл та мын цæуыл хъыг кæныс?! Райсомæй ацыд æмæ аст галæй хуым кæнын байдыдта. Хъæдын гутон-иу размæ куы басхуыста, уæд иу æфсæндзтæ бакъуырдта. Аст галы цы фæрæзтой, уый йæхæдæг фæрæзта, афтæ хъаруджын уыдис. Уалдзæджы хуым бакодта. Фæззæджы та Согорхы байдзæгæттæ хосæн ныккарста, йæ хуссар та хуым бакодта. Зарæджы дæр афтæ ис: «Согорхы дæргъауæдз хуымтæ æмæ даргъ_уы<...>* ауагъта». Чызджы рæсугъд æмæ сын лæппуйы хорз нал уагъта. Дон- дзау донмæ нал уæндыд, куыройдзау — куыроймæ, афтæ сæ фæкодта. Йæ фæдыл зилын байдыдтой. Йæ мад ын бафæдзæхс- та: «Лæгæй-лæгмæ дын ницы кæндзысты, фæлæ дыл хинæй ма рацæуæнт». «Уæддæр ма дзы иу æртæйы мæ разæй мæрдтæм æрвитдзынæн»,— дзырдта-иу хъазгæйæ Чермен. Фæлгæсæнмæ йæ акодтой. Сæхуыддæг мæнг кæстытæ акод- той. Стæй Черменæн загътой: «Мах цæст ницы ахсы, ды ма афæлгæс». Чермен бæласы сæрмæ схызти. Уæд æй Бестолатæ бынæй уæлæмæ гæрах кæнын байдыдтой... Ай мæ æцæг ма- рынвæнд куы скодтой, зæгъгæ, фæхъæр кодта Чермен... Бæласæй йæхи раппæрста æмæ ма дзы уæддæр æртæйæн сæ хурхытæ стыдта. Йæхæдæг дæр амард. 14. Чермены таурæгътæ 14.1. Чермен йе ’мбæлтты уазалæй куыд фервæзын кодта Тæгиатæ иу сæдæйæ, Чермен дæр семæ, афтæмæй ацыдыстьг 100 I
балцы. Æхсæвы иу ран быдыры баззадысты æмæ сыл ахæм тьшыгъ, уарын æмæ уазал ыскодта, æмæ сæ бон фезмæлын дæр нал уыд. Райсом раджы, кæд нæхицæн арт ыскæниккам æмае нæхи батавиккам, зæгъгæ, Чермены æмбæлттæ рахъилтæ сты, фæлæ се уæнгтæ уазалæй нындзыг сты æмæ сæ бон фез- мæлын дæр нал уыдис. Сæ хъуыр-хъуыр æмæ æрдиагмæ хъусын нал фæрæзта Чермен. Уый йæхæдæг цъæх нымæты бын хуыс- сыди æмæ йæ тæф йæ сæрмæ мигъы хуызæн сбадт. Йе ’мбæлтты нæтын æмæ хъæрзынмæ куы нæ уал фæрæзта, уæд сæм дзуры: — Уæ хорзæхæй, цæуыл хъуыр-хъуыр кæнут, кæд уын уазал у, уæд уæ разы уæхицæн фæйнæрдыгæй стыр æртытæ скæнут æмæ стæвд уат! — Æ, дæ бонæй уай, Чермен, мах ихæнæй мæлæм, ай та ма нын æртытæ кæнын кæны. — Йе, уаих æрбауат, тæгиатæ, сымахæй ардыгæй искæй мардæй аласыны бæсты, фæлтау æз сымахæн арт скæндзынæн,— зæгъгæ, фæгæпп ласта, йæхи бын цы æртхос уыди, уый фел- вæста, сугтæ рамбырд кодта æмæ сын стыр ар,т акодта. Тæги- атæ арты фарсмæ æрбамбырд сты æмæ сæхи тавтой. Уæд сæ Чермен фæрсы: — Цæй, нæма стæфстыстут? Уыдон фæйнæрдыгæй дзырдтой, мæнæн нырма мæ къах сийы, мæнæн та мæ къух, зæгъгæ, хъæр кодтой, стæй сын уæд сæ фæйнæ фæрсты æртытæ скодта. Хорз куы стæвд сты, уæд дарддæр сæ балцы кой кодтой. 14.2. Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куыд ацыд Аспиаты Хамырзæ, Быдтаты* Уари, Зæгъойты* Дзиу, Нæ- куысаты Басыл, Моргуаты Хадзы, Хъаныхъуаты Хуысинæ — уыдон Калакмæ чырæ ласын фæнд скодтой. Уæд Черменмæ минæвар барвыстой, немæ Калакмæ чырæ ласынмæ рацу, зæгьгæ. Уæд сын Чермен загъта: «Цæмæй ацæуон, уый нæй, мæ бæхы рагъ хæлд у, уый йеддæмæ ацæуин». Уæд ын Хамырзæ афтæ зæгъы: «Дæ бæхы уал улæфын бау- адз, мæнæ дын мæ бæх æмæ уал ууыл сбад æмæ рацу». Чермен уæд уæлдай ницыуал загъта æмæ семæ Калакмæ араст и. Уым мидæмæ, Калакмæ цæугæйæ, фыдвæндæгтыл ту- хитæгæнгæ фæцыдысты. Калакмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ хъуыддæгтæ бакодтой, сæ чырæ кæдæм хъуыд, уырдæм рад- той, стæй уæд горæты кæронмæ фæстæмæ сæ уæрдæттæ ра- ^одтой æмæ сæ уым змисыл суагътой. 101
Сæ уæрдæтты цур хъахъæнынæн се/мбæлттæй ныууагътсЯ дыууæ лæджы: Нæкуысаты Басыл æмæ Моргуаты Хадзыйьн сæхæдæг ацыдысты горæтмæ. :| Иу заман куы уыдис, уæд уæрдæттæм æрцыд Калакæй Му| хуыраны æлдары богал. Уым уæрдæтты кæрæдзиуыл самадтгй лæгтæй фæхынджылæг кодта, æмæ фæстæмæ цæуынмæ куыя хъавыд, афтæ дыууæ æмбалæй Зæгъойты Дзиу æмæ Черме! уæрдæттæм æрхæццæ сты. Мухуыраны богал сæ куы ауыдтаи уæд сыл йæхи ныццавта; уайтагъд Черменимæ хъæбысæй! хъæбысмæ хæст фесты. Иннæтæй куыд хъазыд, афтæ дзы ахъазон Черменæй дæр, зæгъгæ, загъта богал. 1 Уæд æм Чермен дзуры: «Цы кæныс, кусæг лæг куы дæн, уæ| мæ цæуылнæ ныууадзыс, хъал богал?» | Богал æй уæддæр нæ уагъта, æмæ йæ тынгæй тынгдæр риу| ыгъдтытæ куы кодта, уæд Чермен фæмæсты, богалæн йæ рахи| къабазмæ февнæлдта, ныззылдтытæ йæ кодта æмæ уæрдæттг| дæр йемæ афæлдæхта, афтæмæй змисыл йæ тъæпп фæцыди^ богалæн. 1 Богал æппын æрæджиау рабадти æмæ размæ туг уæлхъ кодт та. Уайтагъд æлдармæ хабар байхъуысти, дæ богалы дын иро* адæм фæнадтой, зæгъгæ. Æлдар уый куы фехъуыста, уæд бæста( фæдис сси. Фæдисмæ Чермены æмбæлттæ дæр сæ уæрдæттæА згъордтой, ай цы хабар у, зæгъгæ. Æлдар æмæ йæ фæдисæттæ* сæ зæрды уыдис чырæ ласджыты аууæрдын, фæлæ куы бакаа тысты æмæ æгæр ставд æмæ домбай адæм куы уыдысты, уæ| сæ ныфс нал бахастой æмæ сæ ныууагътой. Чырæдзаутæ сй бæхтæ аифтыгътой æмæ Хъобанмæ рафардæг сты. Фæдисæтта сæ богалы дыдæгътæй, йæ сæрæн нал уыдис, афтæмæй аластой 14.3. Чермен кæсгон æлдары куыд фæлидзын кодта ! Чермены хъарудзинад куы айхъуысти æнæхъæн адæмтьг^ дæр, уæд иу бон кæсгон æлдар сфæнд кодта Чермены феньн| æмæ иу бон йæ чегъретимæ рараст и Хъобанмæ. Уыцы заманв Чермен уыдис горæты æмæ фæстæмæ куы ’рбацæйцыдис, уæ.1 фæндагыл Хъобанмæ хæстæг йæ сæмæны къубал асасти. Чер менæн гæнæн нал уыдис æмæ цалхы мæсчъы йæ къух батъыст^ æмæ афтæмæй уæрдон тылди. Уыцы заманы йæ кæсгон æлда! æрбаййæфта. $ Чермен æмæ кæсгон æлдар кæрæдзийæн салам радтой, стае^ æлдар фæрсы Чермены: «Лæппу, Хъобанмæ ма бирæ баззадис?! Чермен йæ рахиз цонгæй сæмæн æд цалх фелвæста æщ Хъобанырдæм амонгæйæ, афтæ зæгъы: «Уалæ дын Хъобан»! 102 1
Кæсгон æлдар Черменмæ куы бакаст, уæд базыр-зыр кодта, йæ зæрдæ асаст æмæ афтæ зæгъы: «Йæ хъæддзау лæг афтæ тыхджын кæмæн у, уыдонæн ма уагæры сæ тыхгæнæг адæм та цавæр уыдзысты, уыдонмæ хъæумæ куы бацæуон, уæд мæ хæргæ дæр бакæндзысты». Кæсгон æлдарæн йæ уæнгтæ асастысты, æмæ сæргуыбыр, уæнтæхъилæй фæндагæй фæстæмæ рафардæг. 14.4. Чермен æмæ сомихаг Иу бон куы уыдис, уæд Чермен горæтмæ рацыдис. Уым йæ зонгæ сомихаг лæгимæ амбæлд, æмæ ныхас кæнынц. Соми- хагмæ уыдис джебогъ лæдзæг, æмæ, ныхасгæнгæйæ, лæдзæг сарæзта Чермены къахы уæлфадмæ æмæ йæ цыма йæхæдæг дæр не ’мбары, уый хуызæн лæдзæгæн йæ кæрон сарæзта йæ дæлармы дзыхъмæ æмæ йыл афтæмæй дæлæмæ-дæлæмæ хæцы. Джебогъы бырынкъ Чермены къахы иннæрдæм ахызтис, фæлæ йæ Чермен цыма æмбаргæ дæр нæ кодта, уый хуызæн æнцад ныхас кодта. Бирæ куы фæныхас кодтой, уæд Чермен афтæ зæгъы: «Цæй, æрæджы мын кæны, тагъд мæ цæуын хъæуы»,— зæгъгæ, йæхæдæг йæ къух бадардта сомихагмæ, хæрзизæр у, зæгъгæ. Сомихаг дæр æм буцгомау йæ къух балæвæрдта, фæндараст фæу, зæгъгæ. Чермен сомихаджы къух куы райста, уæд æй æрæлвæста æмæ къухы царм Чермены къухы аззад. Сомихаг, æллæх, амардтай мæ, зæгъгæ, уæлгоммæ ахауд. Уæд æм Чермен дзуры: «Уæдæ мын, хæрæг, ды мæ къахы джебогъ куы нытътъыстай, уæд æй мæнæн æхсынчъы хæрд æнхъæл уыдтæ?» 15. Тлаттаты Чермены зарæг Чермен уыди Хъобаны хъæуккаг, æмæ кæмдæр балцы уыди. Балцæй куы ’рбацыди, уæд сæумæрайсом доны был иу чындз дон æвгæдта æмæ Чермен фæрсы: «Цы хабæрттæ ис хъæубæс- гы?» Чындз Чермены нæ зыдта, фæлæ загъта: не ’лдæрттæ зæххытæ байуæрстой æмæ сæ тæккæ хуыздæрæн хай нæ ба- кодтой, зæгъгæ. Уæд Чермен фæрсы: сæ хуыздæр та чи у, зæгъгæ. ^ындз Чермены куыд нæ зыдта, афтæ йæ коймæ гæсгæйæ загъ- га: «Сæ дæндæгтæ базгъæлæнт, Чермен æй хонынц». Уæд Чер- мен загъта: «Уæдæ æцæг Черменæн йæ дæндæгтæ базгъæлæнт, ^ый абон чындзæн уыцы хуымтæй хай куы нæ ракæна, уæд». 103
Æмæ æрбацыд йæ хæдзармæ, йæ бæхæй куыддæр æрхызтй афтæ йæ галтæ арæвдз кодта, йæ гутон сифтыгъта æмæ ацыдя Æмæ уæрст зæххытæн сæ кæрæттæ æрхæххытæ кодта цæхгæрмæ, йæхицæн ралыг кодта уæрст зæххытæй æмæ загш та: «Гъеныр лæгдæр чи у, гъе уый мын ма раттæд зæхх». Йа хъæбатырдзинады тыххæй йыл адæм зарæг скодтой. | 16. Чермены цардæй | Хъобаны Тлаттатæ цыппар мыггаджы уыдысты: Алыккатæ] Аспиатæ, Бытъатæ æмæ Хъаныхъуатæ*. Се знаггадыл уыдо! кæрæдзи мардтой (сæ иу иннæмæн куы рахыл кодта, йе фо| хуыммæ бацæугæйæ, йе уыгæрдæнмæ). | Иу хатт мæм Тлаттатæ бадзырдтой æмæ мын загътой: «Мæн^ нын нæ зæххытыл дурæй быру сараз, цæмæй уый тыххæ! кæрæдзимæ ма загъд кæнæм». ] Æхсæз лæджы мемæ акодтон. Бафидыдтам. Æмæ мын уæ| Тлаттаты лæгтæ бацамыдтой, цæмæй æз быру арæзтаи| зæппæдзты дуртæй. Мемæ бацыдысты зæппæдзтæм иу къор^ лæджы зæрæдтæ: Аспиатæй Быдзыго, Алыккаты Гаппо, Быгьй аты Ислам æмæ æндæртæ. Æмæ мын загътой, ацы зæппæдзтæ^ кæцыфæндыйы дæр хал æмæ дзы араз бырутæ, зæгъгæ. Фæла мæнæ ацы æрдæгхæлд зæппадзмæ ма бавнал. Уыцы зæппад! уыди æхсæзтигъон. Йæ иу тигъ уыди калд, иу дур та дзы дзæвга] фалдæр зæххы сагъдæй лæууыди. Æз сын афтæ зæгъын: «ÆмЯ ма уый цы уæлдай у иннæтæй. Уый мæнæн дæр æнцондæр кусæ^ куы у, уæд мын æй цæуылнæ уадзут халын?» •. ] Уæд мын уыдон афтæ зæгъынц, уый дам Чермены зæппадз \ æмæ йæм ма бавнал. Уымæн æм ма бавнал, æмæ ардæм Абхщ зы* æфсад куы ’рбацыдысты, уæд сæм сæгъæлхæнæн къуь| бырæй фыййау ныхъхъæр кодта: «Уæ, хæдмæлхор Тлаттатаз ныр Чермены куы нæ амардтаиккат, уæд ахæм зыны уаиккат?П Уæд, зæгъы, Чермены зæппадз ныррызти, æмæ йæ тигъ уæ\ акалди, йæ иу дур та дæлдæр асхъиудта æмæ уым ныссагъдй Уæд сын æз афтæ зæгъын: «Æхца нæ, фæлæ мын уе ’ппае^ бынтæ куы дæттат, уæддæр уын иу зæппадзмæ дæр нæ бавна^ дзынæн æмæ уын бырутæ нæ сараздзынæн». "1 Уыдоны нæ фæндыди нæ дзырд фехалын, фæлæ сын загь тон: «Æмæ Чермены уæлæуыл цæргæйæ куы нæ уагътат, уЩ ма дзы мæрдтæй тæрсут?!» 1 Уыдон мын загътой, уый дам мæрдтæй дæр сихæй цæу| æмæ дзы тæрсгæ кæнæм. 104
Чермены амарын кодта Алыккаты Гаппойы фыд. Уый мын Гаппо йæхæдæг дзырдта, мæ фыд дам æй асайдта Кæсæгмæ. Гаппо уæд тынг зæронд лæг уыди. 17. Джыбылатæ æмæ Чермен Джыбылаты Токойæн уыдис æхсæз фырты. Домбай, никæмæй тарстысты. Сæ сæрмæ нæ хастой, кæвдæсард кæй уыдысты, æмæ гæнах амайын райдыдтой. Тлаттаты Чермен уый куы фехъуыста, уæд æй* сæ фенын бафæндыди: мæнмæ ахæм ныфс куы нæ ис, бабæрæг сæ кæнон, зæгъы, сæмбæлдысты, кæрæдзийы зæрдæмæ бацыдысты. Ба- лымæн сты. Чермены бафæндыди Дæргъæвсы чызг ракурын. Æмæ æфсымæртæн уый загъта. Лæппутæ сæ фыдмæ бацыдысты æмæ сын загъта фыд: «Чызг йæхæдæг равзарæд». Чермены номыл куывд скодтой. Адæмы æрхуыдтой. Касти Чермен чызджытæм. Баймæтатæй Госæмайы равзæрс- та, сауджыны хойы чызджы. Бафидыдтой. Фæлæ уыцы хъуыд- даг Тлаттаты зæрдæмæ нæ бацыди: уый Дæргъæвсимæ куы баиу уа, зæгъгæ, æмæ Чермены Кæсæгмæ асайдтой æмæ йæ амард- той. 18. Чермены зæппадз Хъобаны Тлаттатæй æрæджы дæр ма цардысты цыппар мыггаджы: Аспиатæ, Хъаныхъуатæ*, Алыккатæ, Бытъатæ. Сæ фос кæрæдзийы зæххытæм цыдысты, æмæ хыл кодтой. Уый тыххæй æрæмбырд сты Тлаттаты Быдзыго, Бытъаты Ислам, Алыккаты Гаппо (уый фыд амарын кодта Чермены). Баныхас кодтой бырутæ кæныныл. Бадзырдтой мæм, лæгтæ мемæ акод- тон. Загътой мын: «Дур исут зæппæдзтæй, халут сæ, фæлæ иумæ ма ’вналут». Уый уыди æрдæгхæлд зæппадз. Бадис код- тон æмæ бафарстон: «Цæй тыххæй нæ уадзут уымæ æвналын, уый æнцондæр халæн куы у?» Йæ кой мын нæ кодтой. Фæлæ мын æй уый фæстæ загътой. Иу хатт дам фыййау зарыди: «Уæ Тлаттатæ, уæ хæдмæлхор Тлат- татæ, Чермен ма уын æгас куы уаид, уæд ахæм тарстхуыз уыдаик- кат?». Æмæ Чермены зæппадзы сис акалдис, йæ дур ахаудта. Гъе уый тыххæй йæм æвналын нæ уагътой. Æз дæр сæм дзурык «Æмæ йæ уæлæуыл куынæ уагътат, ныр æй мæрдтæм нымайут». Рацыдтæн, бырутæ сын нал самадтон. 105
19. Тлаттаты Чермен Черменыл цыппæрдæс азы куы рацыд, уæды онг ыл ном н$ ’вæрдтой, сæ сæрмæ йæ нæ хастой. Æмæ ацыди цыппæрдæсазЦ дзыдæй Кæсæгмæ. Кæсгон æлдармæ ныллæууыд æххуырсты æма| йæм цыппæрдæс азы бакуыста. Йæ фыстыл ын бирæгъ сагъуыд| æмæ йын сæ цагъта. Чермен æм нывзыста: дæ лæх дæ мæрдтæ^ бахæрæд, æз дæу топпæй куы нæ амарон! Бирæгъы æрцæуæнь| æрбадт. Æрцахста йæ. Бæрз уис сыздыхта. Бирæгъы хъуырыАл æй бакодта. Æлдармæ йæ нылласта æмæ йын загъта: «Ай у не" знаг! Мæ фос мын фæцагъта, ’мæ йын цы зоныс, уый кæн».* Æлдар уый куы федта, уæд ныхъхъуыды кодта ’мæ загъта: ай цыдæр-мыдæр лæг нæу. Æмæ йын йæ фыртимæ ард бахæрын| кодта, абонæй фæстæмæ æфсымæртæ куыд уат, афтæ. Æфсым- æрты цард кодтой уæдæй фæстæмæ. Чермен ныхъхъуыды кодта ’мæ загъта: йарæбын, мæ фыд- æлты зæххыл ма Тлаттаты куы фенин. Æлдар ын бæх срæвдз кодта, гæрзтæ йын радта ’мæ йæ рарвыста. Уыцы æлдары зæххæй иннæ æлдары зæххмæ куы рахызт, уæд уымæн йæ фос ратард- та. Æмæ сæ Хъобаны бын æрурæдта. Кæсы æмæ Тлаттатæн сæхи чындзытæй иу донмæ рацыд. Чермен уырдæм йæхи систа ’мæ йын загъта: «Дæ хорзæхæй, хорз чындз, цоггон<д>* лæг дæн, ’мæ мын дон радт!» Чындз йæ къуыстил æрæвæрдта æмæ йын дон радта. Чермен æй къахы: хорз сылгоймаг, бахатыр кæн, фæлæ хъæуты цы хабæрттæ ис, зæгъгæ. Чындз ыл фенæу- уæнк и ’мæ йын афтæ зæгъы: «Тлаттатæ сæ зæххытæ байуæрс- той æмæ дзы æнæномæн хай нæ бакодтой». Чермен фæхудти ’мæ та йæ фæрсы: «Дæ хорзæхæй бахатыр кæн, хорз сылгой- маг, фæлæ æнæном та цы хоныс?» — Йæ дæндæгтæ фæриссæнт, махæн фыдæй нæ баззад ти- уæн йæ ном зæгъын. Уыцы ныхасы тыххæй Чермен байраг радта уыцы чындзæн ’мæ йын загъта: «Хорз чындз, æз дæн Тлаттаты Бестолы фырт чысыл Чермен, ’мæ уымæн хай чи нæ бакодта, уыимæ мæхæдæг фидаудзынæн». Чермен ссыд йæ хæдзармæ. Йæ мад ыл бацин кодта ’мæ йын загъта, мæ фæллой дам дын хæлар нæ кæнын. Тлаттатæ байуæ- рстой сæ зæххытæ ’мæ дзы махæн хай нæ бакодтой. 'Мæ йын Чермен загъта: «Нана, тыхсгæ ма кæн, зæххæн йæ фæлмæнтæ мах.уыдзысты». Чермен райсомы сыстади. Ахаста цæвæг. Къуырфбыны стыр уыгæрдæнтæм ссыди ’мæ зылдæй уис ныккарста, ай мын фаг 106
уыдзæн, зæгъгæ. Стæй йын йæ астæуæй акарста ’мæ йæ цæвæг ныссагъта. Нымæт ыл байтыдта ’мæ гъе уым аууоны бадти ’мæ фæлгæсыд. Тлаттатæ сæ уыгæрдæн уарынмæ куы ссыдысты ’мæ куы бакастысты, уæд фæстæмæ раздæхтысты: нал баныфсхастой. фæлæ уæддæр Черменæн йæ хъару бынтон нæ зыдтой. Æмæ Аспиатæм уыди богал. ’Мæ йæм кæсгоны бакодтой хæцынмæ. Хъобаны бын суджы уæрдон самадта Аспиаты богал ’мæ загъ- та: «Кæд æй сфæразон, уæд мын ницы уыдзæн, кæннод ме ’сæфт æрцыд». Аспиаты богал схæцыд уæрдоныл æмæ йæ не сфæрæзта. Уымæ æхсæвы ахъуызыд сусæгæй Чермен ’мæ йæ йæ иу къухæй уæлбылмæ систа, стæй йæ фæстæмæ æруагъта йæ бынатмæ. Райсомы кæсгон богал уый куы федта, уæд загъта: мæнæ мын мæ размæ цы сæвæрдтой, зæгъгæ, ’мæ уæрдон уæлбылмæ йемæ сласта. Рахæцыдысты ’мæ Аспиаты богалы рабырста кæсгон, фæлæ йæ марын нæ бауагътой. Ууыл кæсгон богал смæсты ’мæ сæ гуыппытæ-мыхъытæ кæны. Афтæмæй Чермены сриуыгъта. Чермен æм нал фæлæууыд æмæ йыл йæхи ныццав- та. Хъæбысæй-хъæбысмæ фесты ’мæ хæцынц. Чермен галы лæхыл фæбырыд ’мæ йæ уæрагæй дур æркъуырдта, ’мæ дур дыууæ дихы фæхауд. Афтæмæй кæсгон богалы уæлгоммæ æрцавта ’мæ йæ уæрагæй дыууæ æлхъывды фæкодта, ’мæ кæсгонæн йæ игæртæ йæ хъæлæсæй схаудтой. Кæсгон амард, æмæ уыдон сæ богалы мард аластой. Чермены хъарудзинад раргом гъе уæд. Иуахæмы йын Хъобаны фæсивæд загътой: «Искæдæм нæ фос фæкæнынмæ фæкæн». Уæлладжыры коммæ сæ ракодта Чермен. Сæвæрдта сæ Цъыфджыны фæйнæ бынаты. Йæхæдæг Ныхасы нарæджы æрбадти. Кæсы æмæ иу лæг бæхуаргъ хор æрбахæссы. Бæхы идон йæ цонгыл, гæнгæлытæ йæ хъæбысы, æмæ хæргæ цæуы. Чермен дис кæны, ай куыд æрбауагътой, зæгъгæ. Чермен æм æрцыди Ныхасы нарæджы ’мæ йæм дзуры: «Дæ бæх суадз!» Лæг æм ницы дзуры. Уæд ын Чермен йæ ’идонмæ бавнæлдта. Идон ратыдта, фæлæ лæг йæ гæнгæлытæ хæрын дæр нæ ныууагъта, цудгæ дæр нæ фæкодта. Дзургæ дæр æм ницы кæны, фæлæ Черменмæ бавнæлдта æмæ йæ йæ уæр- джыты быны æрылхъывта. Йæ кард æм сласта ’мæ йæм дзуры: «Куыдзы хъыбыл, æргæвдгæ дæ кæнын гъер!» Уыцы лæг уыди Икъатæй. Лæгыл^уыди фæсмын хæлаф, мидæггаг ыл нæ уыд, ’мæ лæгæн йæ сыдз гом. Чермен æм кæсы ’мæ йыл худы. Лæг æм дзуры: «Куыдзы хъыбыл, æз дæ æргæвдгæ куы кæнын, уæд 107
цæуыл худыс!» Чермен æм дзурьс «Нæхицæй куы рараст дæи уæд мын афтæ загътой: лæппу, хъуынджынсыдз лæг дыл нæм| рамбæлд, ’мæ ды ахæм дæ, ’мæ ууыл худын». Уæд æй суагъта, уъщ дын чи загъта, уыдоны хатыр дын фод, зæгъгæ. Чермен йе ’мбæлттæм рацыд, фæлæ сын йе ’фхæрд не схъæр кодта. Рацыдысты фæстæмæ Хъобанмæ. Иу къорд рæстæджы фæстае фæстæмæ æрæмбырд сты Хъобаны фæсивæд ’мæ та фæнд кæнынц Уæлладжыры коммæ тых кæнынмæ. Чермен сæ цуры бадти ’мæ фæхудти. Куы фæхудти, уæд ыл фæгуырысхо стц ’мæ йæ нал уадзынц, цæуыл фæхудтæ, зæгъгæ. Куы нал æмæ йæ куы нал уагътой, уæд сын загъта: «Сымах уе ’ппæты дæр æз иумæ бæндæнæй бабæтдзынæн æмæ уæ ме ’ккой фæхæсдзынæн, фæлæ уым ахæм лæгтæ ис æмæ мæн хуызæтты сæ иунæг къухæй абырсынц». Гъе уæд сын радзырдта, Ныхасы нарæджы йыл цы ми æрцыд, уый. Ууыл нал ацыдысты Хъобаны фæсивæд Уæлла- джырмæ. Чермен уый фæстæ афтыди уырдыгæй Мæхъæлмæ. Мæхъæлон ефындыйæн уыди тынг рæсугъд чызджытæ ’мæ æхсæвы уымæ баззади. Ефынды чи у, уый йæ фесгæрстытæ кодта ’мæ йын афтæ зæгъы: «Мæ хур, дæхи хъахъæ! Дæхи гæрзтæй дæ адзал у, æндæр дын адзал нæй». Райсомы куы цыд, уæд ефынды йæ фæдыл рацыд, арц ра- хаста. Фæндагыл æрлæууыдысты, ’мæ йын ефынды барæй арц йæ къахы уæлфадыл æрæвæрдта ’мæ йыл æрæнцади. Арц къахы иннæрдæм ахызт, уæддæр Чермен змæлгæ дæр нæ фæкодта. Фæныхæстæ кодтой. Уæд ын Чермен загъта, цæй, хæрзбон, дæ райсом дæр, де ’зæр дæр дæхи фæндиаг уæнт, зæгъгæ. Йæхæдæг ын йæ къух райста, ’мæ ефындыйæн йæ къухы æнгуылдзтæ базгъæлдысты. 20. Кермени туххæй Кермен адтæй тухгæнæг лæг, адтæй Тлаттатæй. Тлаттатæ ку байурстонцæ, уæд Керменæн хай нæ бакодтонцæ. Уæд Кермен адтæй балци. Ма ку иссудæй, уæд гъæумæ нæма бацудæй ма донгони рази бафунæй æй, æхебæл ба нимæт нимбарзта. Уæд донгонмæ се ’рваддæлти киндзæ æрбацудæй, ма й Кермен фæрсуй: «Гъæйт, киндзæ, ци хабар йе?» — Неци, фал Тлаттатæ байурстонцæ ма нæ тухгæнæгæн ба хай нæ бакодтонцæ, цъифгунтæй æндæр. «Йе неци кæнуй,— загъта Кермен,— йетæ сæ дæргъæмæ байурстонцæ, æз ба сæ цæхгæрмæ байуардзæнæн». 108
21. Рассказы о легендарной силе и мужестве Чермена Много рассказывали старики. Рассказывали, что Чермен не только обладал умственным развитием, он также обладал ог- ромной физической силой. Однажды над лесом Чермен пас овец и волк напал на отару. Чермен погнался за волком, схва- тил его за ногу и палкой бил до тех пор, пока он не перестал двигаться и дышать, а вечером приволок его за собой. О его огромной физической силе слух распространился далеко за пределами Осетии. Одному кабардинскому князю не верилось и он решил проверить. Не доезжая до селения Кобан, он встретил человека, который в пойме реки тесал деревянные оси. Путник поздоровался с ним и спросил: «Где здесь прожи- вает Тулатов Чермен?» Человек одной рукой поднял ось и, как палкой, показывает на бугор: «Вот за этим бугром дом, там проживает Чермен». Князь понял, что разговаривает с самим Черменом. «Да, дорогой гость, Вы не ошиблись, я и есть Чер- мен. Прошу ко мне в гости»,— с этими словами Чермен взял подмышку несколько полуотесайных осей и отправился с гос- тем к себе домой. Однажды несколько жителей селения Кобан вместе с Чер- меном поехали с некоторыми товарами в город Тбилиси для торговли. Вся группа пошла в цирк, где наблюдала соревнова- ние борцов. Никто не мог побороть армянского богатыря. Ре- шив выставить Чермена, кобанцы подвели его туда, где сидел около судейского стола непобедимый борец. Когда подходили к столу, борец хотел подняться, но Чермен придержал его за предплечье, предложил: «Сидите, сидите»,— а сам придавил пальцами и размозжил кость предплечья. Борец побледнел и остался сидеть на месте. Кобанцам с Черменом пришлось бе- лсать ночью из Тбилиси. В то время за проезд по Военно-Грузинской дороге уплачи- вали пошлину. Рассказывали старики, что этим источником доходов владели Тулатовские алдары, они и поставили Черме- на на Дарьяльской дороге сборщиком пошлины. Однажды, го- ворили, случился такой эпизод. В отсутствие Чермена какой- то грузинский князь проехал и не только отказался уплатить пошлину, но и применил силу против сборщиков. Когда Чер- мен вернулся, ему рассказали об этом. Чермен, говорят, по- гнался за ним и где-то в Дарьяльском ущелье догнал его, заар- канил, связанным доставил на сборочный пост и заставил уп- латить не только пошлину за проезд, но и за обиду товарищей. 109
Старики рассказывали, что Чермен часто приезжал в Дар- гавс и делился своими обидами с даргавсцами. Рассказывали,' что Чермен был женат на девушке из Даргавса из фамилии Байматовых. КАДДЖЫТÆ 1. Бестолаты Чермены зарæг Зæронд ус Конейы былыл куы ныхъхъарæг кæны: «Цæй бын баисты Бестолатæ, æрнæгæй хай райсæг уæ нал ис». Уалынмæ Чермен хъазынæй æрбацыди хæдзармæ æмæ йæ мады кæугæ куы баййæфта, уæд æй нал уагъта: «Цы кæныс, æна?» Зæронд ус загъта: «Цы ма кæнон, дæ рын бахæрон, æрнæг байуæрстой æмæ дзы Бестолатæн хай нæ бакодтой». «Уый тыххæй ма ку. Æна, æз æй райсом цæхгæрмæ байуардзынæн». Райсомы гу- тон атардта æмæ дзы цæхгæрмæ адардта. Фæйнæрдыгæй кастысты, æддæмæ йæм ды рауæнд, ай фыд- былызы гуырдз хъомыл кæны Бестолатæн, фæлæ йын исты хос кæнын хъæуы. Æгæр æй куы хъыгдардтой, уæд абырæг алыгъ- ди æмæ Гæласгæйы рагъæй ныхъхъæр кодта: «Кæд ам искуы ирон цог ис, уæд Хуыцауы хатырæй Тлаттаты дынджыр Мыр- забегæн фехъусын кæ: Лæг ма фæхуыйн, дæхи куы нæ бахъ- ахъæнай!». Гæласгæмæ куы бацыди, уæд ыл хъулгъайы фæсивæд цин кодтой æмæ йыл, иу бон куы уыди, уæд хуссармæ фæсивæд æрæмбырд сты. Чермены дæр ракодтой мысæнттæ æхсынмæ, дис кодтой фæсивæд йæ топпы æхстыл. Куырм зæронд лæг сæ фарсмæ хурмæ бадти æмæ куырдта лæппутæй: «Æрбакæнут- ма уæ уазæджы мæнмæ дæр, æз дæр ын æгасцуай зæгъон». Бакодтой йæм æй, æмæ йын йæ къух куы райста, уæд ын йæ цонджыхъултæ асгæрста æмæ йæ сæр ныттылдта, гъе хъулгъа, ай уын хорз уазæг нæу, зæгъгæ, загъта. Лæппутæ загътой, цы зоны ма зæронд лæг, афтæ дзуры. Лæбурын райдыдта, йе знæгты ракæсын нал уагъта. Куы сфæлмæцыдысты, уæд Тлаттаты Мырзабег Чермены æрдхорд Бадзиаты Абрæгмæ басидти æмæ йын загъта: «Чермены куы æрбакæнай, уæд дын мæ рæсугъд чызг Цæхайы усæн ратдзынæн». Абрæг ацыди Гæласгæмæ æмæ Чермены æрбакодта. Мырзабег стыр куывд скодта, æмæ адæм куы æрæмбырд сты, уæд Мырзабег йæ чызджы ракодта æмæ загъта: «Ацы чызджы Хуыцау дæуæн радта, Абрæг, æмæ дын хæлар уæд». Абрæг бацыди чызджы размæ, йæ разы æрлæу- 110
уыди æмæ загъта: ацы чызг абонæй фæстæмæ мæн у, зæгъгæ, бафарста. «Тæккæ дæу у». Абрæг загъта: «Уæдæ йæ æз лæвар кæнын Мырзабегæн, æмæ дын хæлар уæд». Уый фæстæ Чер- мен хъулгъамæ лæбурын байдыдта æмæ сæ сæфтмæ æртардта, фос сæм нал ныууагъта. Уæ Чермен! Чермен! Нарокæйы чи хъахъæдта æмæ дзы æрцæуæг чи нæ уагъта. Бестауæй Алазаны быдырмæ рæгъæуттæ чи тардта, Алазанæй фæстæмæ уацайрæгтæ чи хаста. Кæсгон æлдар кодта Черменыл гуырысхо æмæ йæхи йемæ слымæн кодта. Черменæй ракуырдта: æз дæр демæ куыд хæтон, афтæ. Æмбæлттæ скодтой, æлдарæн ма йемæ уыди къорд бар- джытæ. Иу хатт фос ратардтой æмæ Пхæсы хъæды бонасадæн кодтой. Æлдар йе ’мбæлттæн бамбарын кодта æмæ йæхи хъæумæ асайдта æмæ сын загъта: «Бæласы сæрæй иу радæй хъахъæнут, нæ фæдыл фæдис мыййаг куы рацæуа». Чермен загьта: «Æз уал хъахъæндзынæн». Бæласмæ куы фæцæйхызт æд гæрзтæ, уæд ыл кæсæг сдис кодтой, дæ гæрзтæй цы кæныс бæласы сæр, æмæ сæ дæле ныууагъта. Куы схызти бæласы сæрмæ, уæд ыл топп нык- калдтой. Цæфтæй ма< ралиуырдта, кардæй ма сæ иуы амардта, йæхæдæг дæр амард. Рухсаг у, Чермен, дзæнæты фæбад. 2. Бестолаты Чермены зарæг Уæ ды кæмæн уыдтæ, ды кæмæн нал дæ, ды кæмæн нал уыдзынæ, Чермен. Уæ, Чермен, Бестолатæ се ’рнæджытæ байуæрстой! Уæлдзыритæ æмæ фосдарæнтæ байуæрстой. Сæ даргъауæдз хуымтæ, сæ лæгъз уыгæрдæнтæ байуæрстой. Фыдмыггагæн хай нæ бакодтой. Илæлæй, илæлæй, Чермен!* Хæтынæй æрцыди Чермен æмæ йæ зæронд мады æнкъардæй æрбаййæфта. Цы кодтай, загъта, мæ зæронд мад, куыд æнкъард дæ? Цы кæнон, загъта йæ мад, мæ фырт, зæгъин дын æмæ рог- зонд дæ. Зæгъ, загъта Чермен, Хуыцауы чи фæнда, уый уыдзæн, дæ дзырды сæрты нæ ахиздзынæн. Уæдæ зноны бон нæ хицæуттæ — стыр мыггаг,— загъта йæ мад,— се ’æрнæджытæ байуæрстойу фæлæ дæуæн, фыдмыг- гагæн, хай нæ бакодтой, уæ мæгуыр Чермен! Хъыг ма кæ, мæ зæронд мад, загъта Чермен, уыдон сæ æрнæджытæ, сæ дæргъауæдз хуымтæ æмæ сæ лæгъз уыгæр- дæнтæ дæргъмæ байуæрстой, фæлæ сæ æз уæрхмæ байуар- дзынæн де ’гасæй, мæ зæронд мад. 111
Йæхи барæвдз кæны Чермен дард балцы æмæ Хъобаны Стыр Ныхасы йæ бæх ныццæлхъытæ кæны. Æз цæуын, загъта, Хъобан, фæлæ мæм байхъусут дыууæ ныхасмæ: «Уадзын уе ’хсæн зæронд мад, æнæлæг хæдзар, уыдон хор-суг хъуаг куы ныууадзат, уæд уæ дондзау донмæ нал рац- æудзæн, куыройдзау — куыроймæ». Мæрзабегаты хорз Мæрзабегамæ дæр нал байхъуыстой Хъобан æмæ нал раздæхтой Чермены. Бæргæ дзырдта: «Фыдгуырд у, цæрын уæ нæ ныууадздзæн, чи йæ разДаха, уымæн мæ рæсугъд чызг Сахары ратдзынæн!» Уæртæ Хъулгъамæ бацæуы Чермен уазæгуаты. Хъулгьа куывд кæнын куы байдайынц, нæ амонды лæг нæм æрцыди, зæгъгæ. Уæд куырм зæронд лæг куы бамбæрста, хъулгъа цæуыл цин кæ- нынц, уый, уæд загъта* «Мæнмæ дæр æй æрбакæнут, уæ уазæджы!» Йæ къух ын райсы куырм зæронд, æрæсгары йын йæ цон- джы хъултæ.— «Амондджын уазæг дæ Хуыцау фæкæнæд,— загъта,— ацы адæмæн, дæ Хуыцауы, де ’ууæнк ма басай!» Чермен куы рацыди, уæд зæронд лæг хъулгъамæ æрбасидти: «Цин ма кæнут,— загъта,— хъулгъа, уый у бон-фендæрмæ, æмæ уæ æхсæв цæуæнтæ куы сбæрæг кæна, уæд иуырдæм куыд зоны, иннæрдæм дæр афтæ зондзæн». Хъобаны фосы хорз нал ныууагъта Чермен, Хъулгъамæ фæхаста уацайрæгтæн чызджытæ-лæппутæ. Æгас Хъобаны оæсты дондзау донмæ нал уагъта, куыройдзау — куыроймæ. Минæвæрттæ йæм Хъобан æрвитынтæ байдыдтой: «Бары хай райс, Чермен, фыдбылызæн æгъгъæд фæуæд». Лæджы хорз, æмгары хорз Хъобан фервыстой æмæ Черме- ны Хъобанмæ æркодтой. Бары хай йын бакодтой, æмæ сæ Чермен Хъулгъамæ стæры кæнын байдыдта. Йæ рæстæджы Хъобанæн цы кодта, уый Хъулгъайæн байдыдта кæнын, фæлæ йыл уæддæр марын фæнд скодтой Бестолатæ. «Куы нæ фæкæнис,— загътой,— Чермен, стæры Кæсæджы бæстæм!» Дæлæ Даргоны быдыры даргъ бæласы бын бонасадæн куы æркодтой æмæ уым уынаффæтæ кæнын байдыдтой: «Уæ Чермен, бæласы сæрæй нын куы акæсис, кæд исты фосаг фенис!» Бæласы сæрмæ йыл æууæнкæй гæрах кæнын куы байдыдтой Бестолатæ. Бестолатæй иу, кæуыл æрхауд, уый фæмард, иннæйы та фæринк кардæй дыууæ фæкодта. Рухс дзæнæты фæбад. Илæлæй, илæлæй, Чермен! 112
ЗАРДЖЫТÆ 1. Кермени зар Уой, Кермен, Тулаттай фурт Кермен, Бæгъатæр дæ ку худтонцæ æма дин Де ’нсувæртæ кæвдæсарди хай бакодтонцæ! Мæгур Кермен, райсомсарæй майрæнбони Де ’гуæрдæнмæ бæлццонæй фегъосай: «Гъæйд, Кермен, бæгьатæр дæ ку худтонцæ, Хуæржигурд, æма дин де ’нсувæртæ Кæвдæсарди хай ку бакодтонцæ!» Мæ сæрмæ ’й ку не ’рхастон, Ме ’гуæрдæн æрдæгæй рагæлдзун Æма хонхи къæдзæхтæбæл жилдæй ку ’рцудтæн, Мæ гъуддаг ку банхæст кодтон, Мæ цæвæг ку райстон, нæ кæрти ку балæудтæн, Мæ мади гъарæнгæ мæмæ ку фæццудæй, Ку дзахта: «Гъæй, Кермен, дæ нифсæй Нифсгун ку адтæнцæ де ’нсувæртæ Æма дин кæвдæсарди хай ку бакодтонцæ!» Æма мæнæн мæ зæрдæ ку фæрристæй Ма ку бадзурдтон ме ’нсувæрмæ: «Гъæйд, некæд дæмæ сдзурдтон. Фал Тулаттатæй лæгдæр ка ’й. Йе Кермени кæвдæсарди размæ рацæуæд!» Ку неке ши ражиндтæй ма Мадзалæн уой ку базудтонцæ, Нæ рæсугъд кижги йесгæмæн радтæн, Æндæр махæн цард нæбал йес. Ме ’рдхуарди мæмæ мийнæвар йискæнонцæ, Алихани Слонати. Гъæйд, уомæй аййеби дæр ма Чи уодзæнæй, æ йеунæг æрдхуарди Кизгæбæл рамарæ дууадæс æмбалей хæццæ! Фал Кермен додойаг адтæй Æнæ тог райсгæ рамæлунмæ. Сабат-æхсæви мæмæ ’рбадзора Ме ’рдхуард Алихан: «Гъæйд, Кермен, лæг дан багъудæй!» Цуппар уолæвдемæ æз æндæдуар Ку адтæн лæги тухæй. 8 Махдуг№ 3, 1997
Хорискæсæнмæ мин ниййамудтонцæ: Мæгуыр лæги фонс фæттардтонцæ уочирдæмæ. Уочи фæдбæл ку фæййагайдтон, Нæ техуар къорай бунмæ уæд нихъхъæрдтæй, Бæлаши размæ мах æристгæй, Мæ дууадæс æмбали дууадæс рæуаги скæнонцæ Йа, Кермен, ду цæстæй уинагæ дæ, ракæсæ, Чи ’рдæмæ фæттæрунцæ, чи жиннуй. Уочи адæбæл мæ дууадæс æхшти ’скæнонцæ, Мæхе нæ ралæдæргæй мæ дууæ фарши Дууадæс нади рауонцæ. Гъæйд, Кермен, дæ тог ма фесæфа! Уочи хузæнæй мæхе рагæлдзон, Мæ борцух бæхбæл мæхе багæлдзон, Мæ дууадæс æзнагæй дууадæс соги ’ркæнон. Мæ мади тæрегъæдæй уин мæрдти истæн ма уа! Æз мæ мадæмæ ку хæссун рæвдауæнтæй Дууадæс рæвдауæни. Гъæйд, мæгур Кермен, Гъæйд, мæгур Кермен, гъæйд, мæгур Кермен! Гъæй, мæ мадæ, мæ фæстаг æнгъуд Æстъалу ’скæсæни ’й, Дæ тæрегъæдæй Слонатæ фесæфæнтæ, Тулаттатæ 6ц ном мабал йискæнæнтæ! 2. Чермены зарæг Ой, Чермен! Тлаттатæ байуæрстой, мæ хæдзар, Æрнæджытæ æмæ сæрвæттæ. Дæуæн дзы хай нæ бакодтой. Лæг дæ не ’схуыдтой. «Ой, нана, махæн дзы нæ хайæн тас нæу. Ма тæрс: нæ фæндаг дзы уæрæхдæр, нæ зæххы хай дзæбæхдæр. Уыдон нæ зыдтой кæцон дæн, ныр нын уъщзæн æнцондæр». Уыдон хонынц сæхи æлдæрттæ. «Ма тæрс, нана, мах дæр ссардзыстæм хъулгъайæ æмгæрттæ. Уыдон ысты ахæм митæм цæсгомджын, Мах дæр сын нæ ныббардзыстæм æнцонджын. Махыл сфæнд кодтой сæ иу сыхæй, Мах сæ ныууаддзыстæм хæлиудзыхæй». 114
3. Чермены зарæг Чермен цьщи хæтæны сау хъулгъаны* сæттынмæ. Йае мад ын загъта: «Уæ Чермен, ма бацу хъулгъанмæ, Науæд дæ мардзысты фæлывдæй, Мардзысты дæ мæнгардæй». Чермен загъта: «Ма кæ, уæ нана, Æз ме ’знæгтæй куы тæрсон, уæд фæхъæуон ме ’мгæрттæй». Хъулгъанмæ бацыди иу лæгау æмæ дзы ратардта иу рæгъау. Райуæрста сæ йе ’рдхæрдтæн æмæ йе ’мгæрттæн. Уæд хæдзармæ æрцыди, нана бады къонайыл, арты фарсмæ æнкъардæй. Цы, дам, кодтай, уæ нана? Цы ма кæнон, зæгъы, абон сæрвæт байуæрстой Æмæ дæ æвзæрæн раппæрстой, æмæ дын хай нæ бакодтой Къуылдымтæ æмæ къæдзæхтæ йеддæмæ. Чермен загъта: «Тæрсгæ ма кæ, уæ нана, Нæ галтæ дам хæдгутон, Бакæндзыстæм дзæбæхтæ æмæ лæгъзбынтæ, Кæрдгæ та ныккæндзыстæм къуырфбынтæ». 4. Чермены зарæг Уой, Чермены тохы зарæг Цы бæлццæттæ бакæной, Уыцы бæлццæттæ уæдæ, Уой, фæндараст æрбауой, ой, Уой, уæдæ хуссайраг бæлас Макуы дам рамбийа, ой. Уой, Чермены хуызæн гуырд, Уой, макуы зæгъ райгуыра, ой, Уой, куы райгуыра, уæд та Макуы дам нын рамæла, ой. Тылаттатæ дæу, Чермен, Кæвдæсардæй куы тонынц, Уой, дзæнæты фæбадай, Уой, фæйнæгфарс сахъ Чермен. Уæд дын иу бон куы уыди,— Чермен хæтæнæй æрцыд. Уой, хæтæнæй куы ’рбаздæхт, Сæ хæдзармæ куы бараст, ой, 115
Уæд зæгъ йæ зæронд мады Сæ къонайæн йæ фарсмæ Цæссыг калгæ ’рбаййæфта Мæстхуыз æмæ ’рхæндæгæй, ой. «Уой, нана, цы та кодтой, Æрхæндæгæй цы бадыс? Дæ зонд, дæ тых мауал хæр. Æнæ мæт мын куы уаис, ой». Куы ракæны йæ ныхас: «Нана дæ нывонд фæуа, Тылаттаты уæздæттæй Цæрый куы нал фæразæм, ой, Уой, æмæ дæ нана дæр Донмæ куынæуал цæуы, Куыроймæ дæр нал уæнды! Ой сæ бындур ныззила, ой. Тылаттатæ байуæрстой, Уой, сæ зæххыты дзæбæхтæ, Уой, æмæ дын, уæ Чермен, Кæвдæсарды хай скодтой, ой». «Уой, фæкæс-ма-иу, нана. Райсом бон куы ’рбацъæх уа, Уæд зæххæн йæ фæлмæнтæ Цæхгæрмæ куы кæндзынæн, ой». Уой, уæд дын иу бон Чермен Райсом раджы сыстади, Уый хуссæрттæн бакодта Цæгатвæрдтæ, уæдæ, ой, Цæгæттæн — сæ хуссæрттæ; Тылаттатæ смæсты сты, Фæйнæрдыгæй йæм кæсынц. Мæстæй йæм куы сыгъдысты, ой. Уæд иу бон Тылаттатæ Дыууадæсæй рараст ысты. Уыдонимæ дын уæдæ Сахъ Чермен дæр рацæуы, ой, Хæтæнты дын рацæуынц, Иу ранмæ куы баздæхынц Ыстыр бæласы бынмæ. Улæфты ’фсон лæууынц, ой. «Ацы бæласмæ,— зæгъы,—
Чи схиздзæни, чи кæсдзæн Æмæ дзы чи суындзæни Хъулгъайы стыр рæгъæуттæ, ой». Чермен дын уæд куы схызти Тулдз бæласæн йæ сæрмæ. Гæрæхтæ йæ райдыдтой Тылаттаты мæнгæрдтæ, ой. Чермен дын уæд фæцæфтæ, Æргæпп кодта бæрзондæй, Æрбалвæста йæ уæнгтæ. Домбайы ’внæлд акодта, ой, Уой, æмæ ма дзы дыууæйы Ныххурх кодта йæ къухтæй. Уой рухсаг зæгъ, æрбауай, Бестолы фырт хорз Чермен, ой! 5. Тлаттаты Чермены тохы зарæг Тлаттатæ байуæрстой æрнæджытæ, гæмæхтæ. Черменæн хай равзæрстой цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ. Уæд Чермен уыд хæтынмæ, лæбурдта-иу бирæгъау зæхджын- тимæ хæцынмæ. Æрбатардта иу рæгъау. Йæ мад бадти къонайыл, арты фарсмæ æнкъардæй. — Ма иу баууæнд Хъобаныл, сайдзысты дæ мæнгардæй. Абон сæрвæт байуæрстой, æрнæджытæ, гæмæхтæ. Дæуæн дзы хай нæ радтой, æвзæрæн дæ равзæрстой, Лæг у, зæгьгæ, нæ загътой. Уæд Чермен куы зæгъы йæ мадæн: — Хъахъæ, нана, мæнмæ, цæттæ мæ гал, мæ гутон. Зæххæй кæм уа фæлмæндæр, уым ныссадздзынæн мæ гутон. Куы фæтæрсон не ’взæртæй, мæ хъару æмæ мæхæдæг. Уæд фæхъæуон ме ’мгæрттæй. Хæрам мын уæд дæ фæдæг. Уæд Чермен хуым бакодта æнцад æмæ æнцойæ. Тлаттаты бадомдта, тарстысты дзы йæ койæ. 6. Чермены зарæг 6.1. Уæлладжыраг Уæй, Чермен, Тлаттатæ мын, зæгъы, байуæрстой, кæд æрнæджытæ, кæд гæмæхтæ, ей, уæ! Уæй, илæлæй, зæгъы, илæлæй, Чермен, ей! 117
Уæй, Чермен, дæуæн, зæгъы, хай нæ бакодтой, Чермен,- æрмæст кæд цъыфдзæстытæ, кæд къæдзæхтæ, ей, уæй! Уæй, Бестолы фырт, зæгъ, хъæбатыр Чермен, ей! Уæй, Чермен, æвзæрæн дæ, зæгъы, равзæрстой, бецау, уæйтт æмæ, уæй, уæрæйдæ, ей! 6.2. Куырттатаг Тылаттатæ мын байуæрстой æрнæджытæ ’мæ гæмæхтæ; Черменæн хай бакодтой уæд цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ, ой! Уæд Чермен уыд хæтынмæ, лæбурдта-иу бирæгъау Сау хъулгъайы сæттынмæ, уæд æрбатардта-иу рæгъау, ей! Йæ мад бадти æнкъардæй, арты фарсмæ къонайыл: «Ма-иу баууæнд Хъобаныл, сайдзысты дæ мæнгардæй, ой!» «Ма мын фæтæрс, уæ, нана, цæттæ мæ гал, мæ гутон, Куы фæтæрсон не ’лдæрттæй, хæрам мын уæд дæ фæллой, ей » 6.3. Хъобайнаг Уæй, Чермены зарæг дам уæйтт, мардзæ, гъей, уæдæ дам... Уæй, цы бæлццæттæ дам бакæной? Ой, илæлæй, зæгъы, илæлæй, Чермен, ей! Ой, Чермен, уæдæ, Тылаттатæ байуæрстой, Чермен! Ей, дæ тох, уæ-рæйдæ! Уæ, дзæнæты бадай, зæгъ, хъæбатыр Чермен, уæй! Уæй, Чермен, уæдæ, уæйтт, дæуæн, зæгъы, хай нæ бакодтой! Уæйтæ, зæгъы, уæ-рæйдæ! Уæй, илæлæй, ^æгъы, илæлæй, Чермен! Ей, уæй тох! Фиппаинæгтæ Тексттæ мыхуыргонд цæуынц, чи сæ ’мбырд кодта, уыдоны къухфыстытæм гæсгæ, æрмæст сæ растфыссынад ивд æрцыд. Тымбыл къæлæттæ æмæ сæ мидæг цы фиппаинæгтæ ис, уыдон хауынц фольклорон фыстытæм. Цыппæрдигъон æмæ къуым- гонд къæлæттæ сты æрмæг мыхуырмæ цæттæгæнæджы æвæрд* 118
Цыппæрдигъон къæлæтты мидæг æвæрд дзырдтæ сты уæлдай, æнæхъуаджы æмбæлынц тексты. Къуымгонд къæлæтты мидæг амынд цæуынц, кæнæ æрмæг æмбырдгæнæгæй рохуаты чи аз- зад, кæнæ та фæстæдæр текстæй чи фæхъуыд, уыцы бынæттæ. Стъалыгæндтæй бæрæг дзырдтæн сæ нысан амынд цæуы фип- паинæгты. Тексттæн сæ фылдæр мыхуыр цæуынц фыццаг хатт. Цыбыргонд нысæнттæ: ИАА — Ирон адæмон аргъæуттæ. (Чиныг сарæзта Бязыр- ты А) Т. 3. Цхинвал, 1962. ИАЗ — Ирон адæмон зарджытæ. (Чиныг сарæзта Хъазбег- ты Хъ.) Орджоникидзе, 1960. ИАС—1?4? — Ирон адæмон сфæлдыстад. (Чиныг сарæзтой Хъазбегты Хъ. æмæ Калоты Г.) Дзæуджыхъæу, 1949. ИАС—1?61 — Ирон адæмы сфæлдыстад. (Чиныг сарæзта Салæгаты 3.) Т. 1. Орджоникидзе, 1961. ИТ — Ирон таурæгътæ. (Чиныг сарæзта Джыккайты Ш.) Орджоникидзе, 1989. КНФ — Къухфыстыты Национ Фонд. ТАУРÆГЪТÆ 1. Тылаттаты Чермен Ацы таурæгъ радзырдта дзæуджыхъæуккаг Дзукъаты Заха- рий 1917 азы Будапешты. Ныффыста æмæ йæ фыццаг хатт мы- хуыры рауагъта Бернард Мункачи: Мипкас51 В. В1и1;еп с1ег 055е1л5сЬеп Уо1ксИсЬ1:ип§. Вис1аре51:, 1932, 5. 178—180. Уый фæстæ мыхуыргонд цыди хицæн ивддзинæдтимæ: ИАА, ф. 210; ИТ, ф. 213—214. Ам æй мыхуыр кæнæм Мункачийæн йæхи оригиналмæ гæсгæ. <Æмæ>* йæ бафарста— ацы ран фæуагъдæуыди иу дзырд, æвæццæгæн дзы хъуамæ уа æмæ. зæхх<ытæ>*— оригиналы фыст у: зæхх иу къорд азты* фæстæ — оригиналы фыст у: иу къорд азтæ фæстæ. Тылат<та>тæ* — оригиналы рæдыдæй фыст .у: Тылаттæ. 119
2. Чермены зарæг КНФ, ф. «Литературæ 19. Æлборты Б.», № 205, С. 7—10,ц Радзырдта йæ Хъалæгаты Иналдыхъо 1921 азы Джимарайы,^ Ныффыста йæ Æлборты Барис. [уыди]* — уæлдай дзырд у. 3. Уастырджийы суадон. КНФ, ф. «Фольклор», № 3, п. 2. с. 2—3. Фыст у Хъаныхъуа-., ты Батырбеджы ныхæстæм гæсгæ 1924 азы Хъобаны. Чи йæ ныффыста, уый бæрæг нæу. Баджиаты* Абырæг — афтæ у къухфысты, иннæ тексттæм гæсгæ Абырæджы мыггаг уыди Бадзиатæй. Уастырджи<йы>* ’хсæв — дзырды кæрон фыст нæу. 6æгæны<йы>* бæсты— дзырды кæрон фыст нæу. суад<он>æй* — ам фысгæ-фыссын фæуагьдæуыди дыууæ дамгъæйы. 4. Чермены таурæгътæ КНФ, ф. «Литературæ 19. Æлборты Б.». № 8, с. 6—7. Ра- дзырдта йæ джызæйлаг Хæдзарæгаты Хъалтур 1920-æм азты. Ныффыста йæ Быдтаты Агуыоечыр, фæлæ абонмæ æрхæццæ Æлборты Барисæн йæ иу уацы къухфысты. 5. Бестолты Чермены зарæг КНФ, ф. «Литературæ 19. Æлборты Б.», № 202, с. 74—75.. Радзырдта йæ Дзусаты Гæтæзи 1927 азы Санибайы. Ныффыста йæ Æлборты Барис. [кæд]* — уæлдай дзырд у. [фтоны]* — ацы дзырд фыст у бæрæг дамгъæтæй, фæлæ цы амоны, уый бæлвырд нæу. 6. Предание о Чермене КНФ. ф. «Фольклор», № 388, п. 149, с. 9—15. Радзырдта Щ Хъаныхъуаты Батырбег 1929 азы Хъобаны. Ныффыста йæ Ев-3 гений Крупнов. ( 3 ДзиуДзаноев*— афтæ у къухфысты, иннæ тексттæм гæсгае? Дзиуы мыггаг уыди Дзагъойтæй (Дзагоев). 120
«Бастарвады-дус»* — афтæ у къухфысты, йæ дыккаг хай бæлвырд у, амоны «’рдуз», фыццаг хайы, чи зоны, хъуамæ уаид «баст æрвады» нæ, фæлæ «Бестолаты». Абхазов*— инæлар-майор, Дзæуджыхъæуы фидары комен- дант, 1830 азы сæрды йæ ’фсæдты акодта Тæгиаты ныхмæ стæры, фæззæджы та сæрмагондæй бацыди Дæллаг Хъобанмæ — хъæу ныппырх кодта, адæмы ратардта быдырмæ. 7. Чермены райгуырды тыххæй КНФ, ф. «Фольклор», № 23(1), п. 15, с. 31. Радзырдта йæ Гиоты Мæхæмæт 1932 азы 10 июлы Регахы. Ныффыста йæ Цæллагты Михаил. хъуыдда<джы>*гæххæттæ— дзырды кæрон у зынæвзарæн фыст. 8. Черменæн кæвдæсарды хай КНФ, ф. «Фольклор», № 23(1), п. 15. с. 31. Радзырдта йæ Гиоты Мæхæмæт 1932 азы 10 июлы Регахы* Ныффыста йæ Цæллагты Михаил. Мыхуыр уыд: ИТ, ф. 214—215. скъæры<н>*— дзырды кæрон фыст нæу. % Чермены зарæг КНФ, ф. «Фольклор», № 23(3), п. 15, с. 16—18. Радзырдта йæ Челдыты Сило 1932 азы 14 июлы Згъилы. Ныффыста йæ Дзанайты Иван. дыууæ<йæ>н* — ам фысгæ-фыссын фæуагъдæуыди дыууæ дамгъæйы. 10. Нæ фыдæлтыл паддзахад чи кодта раджы КНФ, ф. «Фольклор», № 23(5), п. 15, с. 20—22. Радзырдта йæ Хетæгкаты Адам 1932 азы 9 июлы Нары комы Семсайы хъæуы. Ныффыста йæ Дзанайты Сергей. Тамар-Непе* — Гуырдзыйы ус—паддзах Тамарæ, «мепе» гуырдзиагау амоны «паддзах». сæ хистæрмæ раттай <...>* — ацы ран фæуагъдæуыди иу дзырд — æвæццæгæн, «паддзахад» кæнæ «хицаудзинад». 121
Романтæм* — ома Уæрæсейы паддзæхтæм. [æмæ]* — уæлдай дзырд у. 11. Тлаттаты Чермен КФН, ф. «Фольклор», № 23(6), п. 15, с. 2—6. Радзырдта йæ Туаты Харитъо 1932 азы Сатъаты. Ныффыста йæ Джыккайты Евгения. фæлæ сыл* йæ бонницыцыдис — къухфысты у: сын. лæпп<уйы>* — гæххæтты кæрон у скъуыд, дзырды кæрон фесæфт. дæ<...>*— гæххæтты кæрон у скъуыд, дзырдæн йæ фылдæр хай фесæфт. афтæм<æй>*— гæххæтты кæрон у скъуыд, дзырды кæрон фесæфт. фыдбы<лыз>*— гæххæтты кæрон у скъуыд, дзырды кæрон фесæфт. «Акæс, Чермен, <...> нæ уæрстытæ фен» — ацы ран къух- фысты ис зынæвзарæн дзырд. «Зондæй мыл фæтых стут, <...>» — ам гæххæтт скъуыд кæй у, уый тыххæй иу дзырд фесæфт — æвæццæгæн дзы уыди «Тлат- татæ». 12. Тлаттаты Чермен КНФ, ф. «Фольклор», № 123, п. 92, с. 1. Радзырдта йæ Тотраты Темырболат 1940 азы Джизийы. Ныффыстой йæ Тот- раты Бесæ æмæ Калоты Хазби. 13. Бестолаты Чермен КНФ, ф. «Фольклор», № 113, п. 90, с. 47—49. Радзырдта йæ Гатеты Гацыр 1940 азы Урсдоны. Ныффыста йæ Хъараты Иб- рагим. хъуымайаг*— дыгурмæ афтæ хонынц номылус æмæ йæ цоты. уы<...>*— дзырды кæрон фыст нæу. 14. Чермены таурæгътæ Мыхуыргонд уыдысты 1940 азы «Мах дуджы» 10-æм чи- ныджы. Къухфыст кæм и, уый бæрæг нæу. Радзырдта сæ Хъоба- ны цæрæг Томайты лæг (?), ныффыста сæ Гутнаты лæг (?) — 122
фæлæ ацы хабæрттæ дæр бынтон бæлвырд не сты. Таурæгътæ 14.2, 14.3 æмæ 14.4 мыхуыр ма уыдысты: ИТ, ф. 148—149, 215— 217. Ам мыхуыргонд цæуынц «Мах дуджы» текстмæ гæсгæ. Быдтаты* Уари — афтæ у «Мах дуджы» тексты, фæлæ Уарийы мыггаг уыди Бытъатæй (Тлаттатæн сæ иу фыдыфырт). Зæгъойты* Дзиу — афтæ у «Мах дуджы» тексты, иннæ фольклорон фыстытæм гæсгæ Дзиуы мыггаг уыди Дзагъойтæй. 15. Тлаттаты Чермены зарæг КНФ, ф. «Фольклор», № 342, п. 131, с. 61. Фыст у Хъуысаты Барысбийы ныхæстæм гæсгæ 1957 (?) азы Заманхъулы. Чи йæ ныффыста, уый бæрæг нæу. 16. Чермены цардæй КНФ, ф. «Фольклор», № 250, п. 117, с. 52—54. Радзырдта йæ Дауыраты Къæлæу 1959 азы 28 июлы Ламардоны. Ныффыс- та йæ Цагъаты Анастасия. Хъаныхъуатæ* — таурæгъ дзурæджы рæдыд, Хъаныхъуатæ сты хицæн мыггаг, ницы бар дарынц Тлаттатæм. Абхазы* æфсад — Абхаз зæгъгæ афтæ ирон адæм хуыдтой инæлар Абхазовы. 17. Джыбылатæ æмæ Чермен КНФ, ф. «Фольклор», № 250, п. 117, с. 80. Радзырдта йæ Майрæмыхъуаты Джерихан 1959 азы 25 июлы Дæргъæвсы. Ныффыста йæ Хæмыцаты Тамарæ. уæд æй* сæ фенын бафæндыди — къухфысты у: уæд йæ сæ фенын бафæндыди. 18. Чермены зæппадз КНФ, ф. «Фольклор», № 250, п. 117, с. 87. Радзырдта йæ Дауыраты Къæлæу 1959 азы 29 июлы Ламардоны. Ныффыста йæ Хæмыцаты Тамарæ. 1?. Тлаттаты Чермен КНФ, ф. «Фольклор», № 378, п. 144, с. 107—111. Радзырдта йæ Гæлæбаты Гасай 1965 азы 25 июны Майрæмададжы. Ныф- фыста йæ Цагъаты Анастасия. цоггон<д>* — дзырды кæрон фыст нæу. 123
20. Кермени туххæй КНФ, ф. «Фольклор», № 559, п. 116, с. 101. Радзырдта йæ Кудзойты Афанас 1973 азы августы Дымты хъæуы. Ныффыста йæ Хæмыцаты Тамарæ. 21. Рассказы о легендарной силе и мужестве Чермена КНФ, ф. 4 «Этнография», № 98, с. 1—4. Адæмы ныхæстæм гæсгæ йæ ныффыста Бæдтиаты Ахамбег 1976 азы. Мыхуыр æй кæнæм бæстонгондæй. КАДДЖЫТÆ 1. Бестолаты Чермены зарæг КНФ, ф. «Литературæ 19. Æлборты Б.», № 200(1), с. 19— 20. Акодта йæ Байаты Зауырбег. Ныффыста йæ Æлборты Ба- рис 1910-æм азты Олгинскæйы. 2. Бестолаты Чермены зарæг КНФ, ф. «Литературæ 19. Æлборты Б.», № 143, с. 64. Акод- та йæ Бесолты Асæх, Садоны цæрæг. Ныффыста йæ Баситы Газо. Илæлæй, илæлæй, Чермен*— оригиналы ацы ныхæстæ фыст сты ахæм хуызы: (фæрсæг. Илæлæй, илæлæй, Чермен!). ЗАРДЖЫТÆ 1. Кермены зар КНФ, ф. «Фольклор», № 148, п. 62, с. 26—28. Ныффыста йæ Уæлаты Сасса XX æнусы райдайæны Мæздæджы зылды. 2. Чермены зарæджы дзырдтæ КНФ, ф. «Литературæ 19. Æлборты Б.», № 205, с. 11. Аза- рыди йæ Хъалæгаты Иналдыхъо 1921 азы Джимарайы. Ныф- фыста йæ Æлборты Барис. 124
3. Чермены зарæг КНФ, ф. «Фольклор», № 23(2), п. 15, с. 29. Азарыди йæ Къадзаты Гамболат 1932 азы 12 июлы Тлийы. Ныффыста йæ Реуазты Евгения. хъулгъаны* — афтæ у къухфысты. 4. Чермены зарæг КНФ, ф. «Фольклор», № 25, п. 71, с. 7—9. Азарыди йæ Къæбулты Гришæ 1939 азы 17 январы Чъребайы. Ныффыста йæ Плиты Харитон. Мыхуыр уыд хицæн ивддзинæдтимæ: ИАС- 1949, ф. 244-246; ИАЗ, ф. 21-23; ИАС-1961, ф. 515-517. Ам æй мыхуыр кæнæм къухфыстмæ гæсгæ. 5. Тлаттаты Чермены тохы зарæг КНФ, ф. «Фольклор», № 290, п. 120, с. 60. Азарыди йæ Таутиаты Дрис 1961 азы. Ныффыста йæ Беккуызарты Хадизæт. 6. Чермены зарæг Ацы тексттæ ныффыста æмæ сæ йæ чиныджы рауагъта Га- латы Барис: Осетинские народные песни, собранные Б. А. Га- лаевым. М., 1964, ф. 29—33. Тексттæ мыхуырмæ бацæттæ кодта, разныхас æмæ сын фиппаинæгтæ ныффыста Бзарты Руслан
УИДÆГТÆ ЦАГЪАТЫ Анастасия? Раздæр куыд фыстам1, афтæмæй Цæгат ИрыстонЫ географион нæмттæ æмбырд кæныныл зилгæйæ, иуварс нæ ацыдыстæм нæ адæмы царды хабæрттæй дæр — æцæг цаутæй, таурæгътæй, аргъæуттæй æмæ æндæр фольклорон æрмæгæй. Суанг ма хъæлдзæт ныхæстæ (анекдоттæ) дæр фыстам. Абон уын уæ размæ хæссын Терчы галиуфарс хъæутæ æмæ Мæздæджы районы фыст æрмæгæй цасдæр. ГÆЛÆБАТЫ АМИНÆТ (Æцæг хабар) 1904 азы махыл æрцыд ахæм хабар, Гæлæбаты Тæтæрхъан æмæ Нинæ цардысты хохы Дзуарыхъæуы. Мæ хо Аминæт куы сырæзти, уæд ыл Дулаты Мысырбийы фырт Хъауыр дзырдта, Лæцыхъæуккаг. Чызгæн йæхи нæ фæндыди. Æз та, йе ’фсымæр, уæд гыццыл лæппу уыдтæн. Иу бон фыййау уыдтæн. Фыййауæй æрцыдтæн ’мæ арты фарсмæ бадтæн. Кæсын, æмæ нæ хæдзары дуне лæгтæ. Нæ мады фæрсын: «Адон цы сты?» Æмæ мын афтæ зæгъы: «Дæ тæккæбылтæн дын иу хафт фæласдзынæн, гъе уый дын цы сты!» Уæд ныхъхъус дæн. Аминæт та Цгъойты Тæпсыхъойы чызг Фаткаимæ æрбацыд æмæ афтæ зæгъы: «Бахатыр кæнут, хорз адæм, ме ’рбацыд раст !Кæс «Мах дуг» № 11-12, 1995. 126 с
наеу, фæлæ мæнæ уе ’хсæн мæ фыды куы бафæрсин, уый мæ фæнды». Æмæ райдыдта дзурын: "Тæтæрхъан, адон дын цы сты?» «Дæу дæттын, дæу, æмæ гъе уыдон сты». «Цæмæн мæ дæттыс, цæмæй мæ фæлмæцыс, уый мын зæгъ». «Хорз хæдзар сты, хъæздыг хæдзар сты, бирæ зæхх сæм ис, æмæ дæ гъе уымæн дæттын. Бæззынц нын хæстæгæн». «Ды мæн кæмæн дæттыс, ды, гъе уый мæн, мæ царды мидæг никуы хъæуы. Фæлæ мад æмæ фыд кæм стут, уымæ гæсгæ уæ ныхасæн аргъ скæнæн ис. Уæ иунæг лæппуйы куы дæттат, уæддæр хъуамæ уæ коммæ кæса. Фæлæ дын дæ уазджыты цур фидарæй зæгъын: æз дæ къухы куы нал уон, уæд ды мæнæн хицау кæй нал дæ, уый. Уый дын фидарæй зæгъын». Ныр фидауджытæй иутæ зæгъынц, ай кæнгæ хъуыддаг нæу, ай хайыры хъуыддаг нæ уыдзæн. Фæлæ дзы ахæмтæ фæфылдæр и, афтæ чи дзырдта, зæгъгæ дам сылгоймаг ахæм ныхæстæ бирæ фæкæны. Уый уыди фæззæджы, раст Джеоргуыбайы. Чызджы æвæндонæй радтой, тыхлæвæрд. Ногбонтæ куы ’рцыди, уæд рацыдысты скъæфынмæ сæ ку- ырд усмæ. Чызг куыд æвæндонæй лæвæрд уыдис, уымæ гæсгæ сæм Цопанатæй Тугъан ахæм гæды хабар бахаста: Дулатæ, быдыры хъахъæдурæй Гæлæбаты лæппутæ æрбацыдысты æмæ уын уæ куырд усы кæнынц. Ныр уыдон та Хохы Хъахъæдурмæ усгур æрбацыдысты æмæ уырдæм афардæг сты. Дулатæ рацыдысты Лæцæй фараст барæгæй æмæ Дзобелаты Мæхæмæты æдзæрæг хæдзары æрфысым кодтой. Сæ бæхтæ бабастой. Мæхæмæт та уæд Дзуарыхъæумæ ралыгъд быдырмæ. Аминæтæн йæ къухылхæцæг Дулаты Микъо æууæнкæй ссы- ди, мæнæ нæ хойы фенынмæ рацыдысты, зæгъгæ. Бабуц сæ кодтой нæ бинонтæ. Хæринаг сын скодтой. Фæбадтысты. Мад æмæ фыд схуыссыдысты. Уыдон мад æмæ фыдыл дуæрттæ сæхгæдтой. Сыхæгтыл дæр ма сæхгæдтой дуæрттæ. Æмæ сæ куырд усы тыхæй рахастой. Чызг куы схъæр кодта, уæд сæ куыдз æрæййæфта æмæ сæ ныппырх кодта. Чызг аир- вæзти. Сых рафæдис сты, æмæ чызг Цопанаты Елбыздыхъойы къухмæ бахауди. Æмæ уый Аминæты бахъахъæныны бæсты загъта: «Мæнæ и, Дулатæ, чызг æмæ йæ хæсгæут!» Ахастой чызджы тыхæй. Уыцы хабар куы райхъуысти, уæд не ’рвадæлты лæппутæ æрцыдысты хъахъæдурæй, усгур кæм уыдысты, уырдыгæй, æмæ æнæхъæн комбæстæ сызмæлыди. Адæм се ’хсæн бацыдысты æмæ сæ басабыр кодтой: «мæгуы- 127
ры фарс ма чи вæййы! Адæм сæ басабыр кодтой. Бафидыдтою Дулатимæ. Дулатæй ирæд райстой хуымтæ, галтæ ’мæ хъуц! цытæ, стæй бæх. Уый уыди Ногбонты. Ногбонтæй сæм Уацид-| латæм фæцард. Уациллаты æз мæ фыдимæ уыдтæн куывддоны! æмæ изæрæй куы ’рыздæхтыстæм, уæд нæ дуармæ бæх баст^ Хъæу, хаст куыд уа, афтæ. Никуы ничи. Мæ фыд мæ фæрсы^ «Лæппу, уый цæй бæх у?» Æмæ йын зæгъын: «Цы зонын æз\ дæр ардыгæй уырдæм». Куы æрхæццæ стæм, уæд бæхы хицау| рацыд æмæ зæгъы: «Тæтæрхъан, ма фæтæрс, фæлæ Аминæт; йæхиуыл топп ныццавта. Æмæ дæ агуры». Зæронд лæгæн йæ,: хордзентæ йæ къухæй æрхаудысты. Уым зæронд лæгтæ рамбырд сты: Цопанаты Гио, Чъерджи- аты Гио, Цопанаты Бæппу, Чъерджиаты Балито æмæ цæуыныл^ фесты. Цæуыныл куы фесты, уæд æз дæр нал ныллæууыдтæн, ацыдтæн семæ. Æгасæй ма йæ баййæфтам, æмæ мæн бакодтой йæ размæ. Бацыдтæн æм æз æмæ мæгуыр мæн йæ хъæбысы бакодта æмæ дзуры: «Гæгка кæм ис?» (Мах нæ фыды афтæ хуыдтам). Æмæ йæм дзурын: «Дæлæ дуармæ ис». Стæй йæм бацыди нæ фыд. Бацыди йæм, æмæ Аминæт бахудтис æмæ афтæ зæгъы: «Куыд у, Гæгка, æз мæ ныхасæн хицау дæн æви нæ? Ме схæссæг фыд, мæ адзал нæ уæвгæйæ, дæ зондæй мæрдтæм цæуын. Æлгъитгæ дæ нæ кæнын, фæлæ-иу мæ тæригъæдæй цард ссар!» Ууыд ахицæн. Æмæ йын ирæды цы хуым райстой, гъе уым мæнæу конд уыд. Уый ныттыдтой æмæ йæ уым баныгæдтой. Лæг дæр йæ фæстæ къуыри дæр нал фæцард, Дулаты лæг. Амард. Гæлæбаты Тæтæрхъаны фырт Гасайы ныхæстæй фыст Майрæмададжы 1965 азы 24 июньь Гасайрай- гуырд 1892 азы. ЧИ ДЗЫ УЫД УÆЗДАНДÆР? Чызг æмæ лæппу кæрæдзи тынг бирæ уарзтой. Лæппу чыз- гыл дзырдта æмæ йын æй йе ’фсымæртæ нæ лæвæрдтой. Лæппу йæ базыдта, сæ хойы йын кæй нæ лæвæрдтой, уый. Чызг кæцæйдæр æрбацыд, лæппу та хъæуæй фæцæйцыд æмæ дыууæ тагыл сæмбæлдысты. Ничи и дунейыл сæ дыууæйæ фæстæмæ. Æмæ йæм лæппу дзуры, æз дам уый базыдтон, де ’фсымæртæ дæ нæ дæттынц мæнæн. Фæлæ дæ нæ ауадздзынæн, цалынмæ мæ цы фæнды, уыдон дын бакæнон, уæдмæ. 128
Ныр чызг райдыдта дзурын: мæнæ зæххыл лæууæм æмæ дын уыцы зæххæй ард хæрын, зæххон адæймаджы буары хъæстæ нæ фæуыдзынæн дæ разæй, æмæ мæ мæ фæндагыл ауадз. Лæппу аздæхт æмæ ацыд сæхимæ. Чызг дæр афардæг. Сæхимæ куы ныццыди чызг, уæд ыл кæцæйдæр фæцис дзурæг æмæ йæ радтой уымæн. Уый йæ ахаста. Уыдон æхсæвы куы ’рхибар сты, уæд лæппу дзуры: адæмæй мæ цы бар уыди, уый мæ къухы бафтыд æмæ мæ цуры дæхи æруадз. Чызг ын дзуры афтæ, æз не ’схуысдзынæн дæ цуры. — Цæуылнæ? — Æз цæуын уыцы лæппумæ, æмæ мын æхсæвбонмæ цы йæ фæнды, уый кæны. Æз уымæн ууыл ард бахордтон. Лæппу хуыссæныл фæхъил æмæ хъуыдытыл фæци, æмæ йын загъта: «ацу». Тагыл цы лæппуимæ сиу, чызг уымæ ацыди æмæ йын йæ рудзынг бахоста. Уый цырагъ асыгъта, дуар бакодта æмæ йæм бацыди чызг. — Цы агурыс ам?— фæрсы йæ лæппу. — Æз æмæ ды тагыл цы ныхас бакодтам, уый æххæст кæнынмæ ссыдтæн. Ныр мæнæн лæг и, фæлæ мæ дзырд нæ сайын. — Иунæг Хуыцау, дæуæй бузныг, æгайтма дæм мæ къух нæ бахæццæ, мæ къабаз мæ лыг кæнын хъуыдаид. Лæппу йæ чырыны дуар бакодта. Сыгъзæрин къухдарæн дзы систа. Чызджы къухыл æй бакодта æмæ загъта: «Абонæй фæстæмæ ды дæ мæнæн мæ мадæй райгуыргæ хо». Йæхæдæг уæрдон сифтыгъта æмæ чызджы нылласта, кæй уыд, уымæн. Уыцы æртæйæ уæздандæр кæй рахонæм? Уый дæр Гæлæбаты Тæтæрхъаны фырт Гасайы ныхæстæй фыст 1965 азы 25 июны Майрæмададжы.. ÆРТÆ ЦУАНОНЫ Кæрæдзи агуырдтой æртæ зындгонд цуаноны: Лæджийы- фырт, Гъуыцъынаты Габыц æмæ кæсгон цуанон. Иуахæмы Сау хъæды кæрæдзиуыл сæмбæлдысти. Базыдтой кæрæдзи. Иу къуы- ри иумæ фесты. Стæй уæд кæрæдзи фарстой, цуанæттæ стæм, æмæ нæ чи фæндарастдæр фæци, уый зæгъæд. Фыццаг бар рад- той кæсгонæн. 9 Махдуг№ 3, 1997 129
Уый загъта: «Джеоргуыбайы мит рауарыд æмæ сæлавыр| дзуан акæнон зæгъгæ ацыдтæн. Иу стыр мæра бæласмæ схæццаз? дæн æмæ дын дзы дуне сæлавыры фæдтæ. Æз загътон, æвæццæгæн, сæлавыртæ хæццæмæ цæуынц æмæ ам исты уы- дзæни. Кæсын æмæ иу мæра къалиуæй сырх дæллагхъуыр сæла- выр йæ сæр æрдардта. Фехстон æй. Дыккаг фат аифтыгътон, æмæ та дын уæлæ кæсы сæлавыр уырдыгæй. Фехстон та йæ. Цалынмæ та фат ифтыгътон, уæдмæ та дын уæлæ сæлавыр кæсы» Афтæмæй иу æмæ ссæдз æхсты фæкодтон. Стæй мæм топпьь хос нал уыд. Уæд фæрæт фелвæстон. Даргъ хъæд ыл асагътон»' Мæра калыныл схæцыдтæн. Хур ма гыццыл уыд, афтæ йæ калд фæдæн æмæ дзы иу æмæ ссæдз сæлавыры марды райстон. Иу æхст дæр нæ фæдзæгъæл ме ’хстытæй, ахæм фæндараст фæдæн уыцы бон». Уæд райдыдта Габыц дзурын: «Фæззæджы иу дагъмæ дæс æмæ æртиссæдз дзæбидыры батардтон цæутæ. Иу ранæй дарддæр сæм бацæуæн никуы уыд. Æз ууылты бацыдтæн. Фондз æмæ ссæдз дзæбидыры дзы куы аппæрстон, уæд сæ рауагътон. Мæхæдæг хъæумæ æрцыдтæн. Адæмæн фехъусын кодтон æмæ уыцы сырды мæрдтæ æрхастам. Гъе уæдæй фæндарастдæр ни- куы фæдæн». .Уæд Лæджийы-фыртзагъта: «Æз дæр Джеоргуыбайы, сагтæ нырхгæ куы фæкæнынц, уæд Мызурæй Сухоны къахырмæ ра- цыдтæн. Хур куы сныдзæвд, уымæй аходæнмæ уым фынддæс саджы амардтон. Æрзылдтæн сæм. Сæ хуылфыдзаумæттæ сын ракалдтон. Хур ма гыццыл уыд, афтæ Сухонæй Байрагон æрдузмæ æрхызтæн. Æрдузы астæу бæхы рæгъауы лæхуат. Цы уа зæгъгæ дис кодтон, ацы бæхты рæгъауы лæхуат цы уа? Æрбадтæн улæфынмæ, афтæ дын фынддæс бæхы кафгæ æрцыд. Уыдонæн сæ сæргъты къуыдыртæ сæ уæлæ. Æхтæнгтæ фыды нардæй нал зынынц. Æз сын мæ хызынæй цæхх систон. Нык- кодтон æй æмæ цæххыл рæгъайуаг бæхтæ æрæмбырд сты. Æз сывылдзы мæцъ стыхтон æмæ уымæй бæхтæ кæрæдзиуыл сбас- тон, афтæмæй сæ бакодтон мæ саджы мæрдтæм. Сæвæрдтон мæ сырды мæрдтæ бæхтыл. Стыр Мызурмæ сæ сластон, æмæ сæ уым адæмæн байуæрстон. Гъе уæдæй фæндарастдæр æз ни- куы фæдæн». , Уæд дыгурон æмæ кæсгон цуанон загътой Лæджийы фыртæн:' «Амбылдтай нæ ды, Лæджийы-фырт». 130 Черчесты Болайы фырт Батрадзы ныхæстæй фыст 1965 азы 10 июны, Црауы.
БЕРДЗЫХЪАТЫ СЕМ Иу заман, зæгъы мигъ хæхбæсты ныббадти. Æддæмæ цæуæн ын нал уыди æмæ стыхстысты адæм. Уæд Семмæ дзырдтой: «0 Сем, дæсны дæ куы хуыдтой! Ацы мигъ арвит, æмæ куыддæр ссæуай, афтæ дын куывд скæндзыстæм». Уæдæ уæ дзыхы ныхас не ’вдисæн зæгъгæ Сем йæ усмæ бадзырдта: «Йа, не ’фсин, æртæ æмысы мын акæ æмæ мигъ арвитон, адæм сфæлмæцыдысты». Ус ын æртæ æмысы акодта. Махсымæ йын дурыны акодта, æмæ Сем рацыди. Комы дымæгмæ, Худисæнмæ, ныццыди. Йæ зонгуытыл æрбадт æмæ Хуыцаумæ скуывта: «Йæ Хуыцау, ацы мигъ лæппын мигъ у, йæ фæндаг нæ ары æмæ йæ афæндараст кæ! Мæгуыр кусæг адæм сфæлмæцыдысты æмæ сын баххуыс кæ!» Ууыл мигъ сыстад æмæ Æрджынарæджы дæле фæци. Мигъ ацыди. Сем схæццæ и Хъæнийы фæзмæ. Уым адæм æмбырд æмæ йæм дзурынц, дæ ныхас дын нæ фæсайдтам, Сем, дæ куывд цæттæ у. Табуафси зæгъгæ сын загъта. Адæм сæ тæккæ æрбадгæйæ куыд уыдысты, афтæ хохыр- дыгæй дыууæ халоны ратахти. Адæм Семмæ дзурынц: «Гъе, гæды Сем, кусгæ хорз бакодтай, фæлæ ма уыдон цы сты, уый базон!» Уый дæр уын, зæгъы, зæгъдзынæн: «Урс хохæй сырх бæх рахауди. Йæ цыппар къахы дæр урсытæ, йæ ных зыгъар, æмæ халæттæ уыцы бæх хæрынмæ фæцæуынц». Бадты адæм уыцы сахатыл дыууæ лæджы равзæрстой æмæ сын бафæдзæхстой: «Ацæут æмæ базонут, цымæ раст дзуры». Уыдон ацыдысты. Фæстæмæ изæры æрбаздæхтысты æмæ ра- дзырдтой зæгъгæ æцæг ахæм бæхы уæлæ халæттæ баййæфтой æмæ йæ хордтой. Сем Бердзыхъатæй уыди, фæлæ уыдон уый фæстæ Санатæ хонын райдыдтой. Пухаты Гуыргъохъойы фырт Агойы ныхæстæй фыст 1965 азы 25 июны Ног Санибайы. Æна- хуыргонд Агойыл уæд цыди 90 азы. ХОРЗ УС Хъырым æмæ Куыта сæ астæу зæххыл хахх кодтой. Хаххыл фæбыцæу сты, дæуырдæм фылдæр у зæгъгæ. Кæрæдзи хорз фæнадтой. Адæм сæ фидауын кодтой æмæ нæ куымдтой. Куы нæ фидыдтой, уæд сæ ныууагътой. 131
Хъырым кæй хуыдтой, уыдон фыды номæй Гадатæ хуыдтой. < Уыдонæй иу чызг амарди. Куыта кæмдæр уыди. Йæ кусджытæ сæ уæрдæттæ куы сифтыгътой, уæд сын Куытайы фондз би- нойнагæй иу, Гайттон зæгъгæ загъта: «Абон куыстмæ цæуæн нæй. Уæлæ Гадатыл зиан æрцыд æмæ не ’мбæлы». Нæ сæ ауагъта кусынмæ. Уалынмæ Куыта фæзынд æмæ бустæ кæны, абон Ичъынайы бон у, æви адон куысты цæуылнæ сты зæгъгæ. Æмæ уæд Æба (Гайттон) загъта, æз сæ нæ ауагътон, зæгъгæ. — Цæуылнæ? — Уæлæ Гадатыл зиан и æмæ уый тыххæй. — Ай, ды цы мад æмæ фыдæй райгуырдтæ, уыдон мæрдтæй сыгъзæрин талатæ суадзой! Чъизи уыдтæн æмæ мæ Уастыр- джийы суадонмæ бакодтай, æмæ мæ мæ къæхтæй мæ сæрмæ ссыгъдæг кодтай. Арфæ дын кæнын! Бузныг дæ дæн! Уæд Куытæ зианмæ ацыди. Йемæ лæппу ацыд. Адæм хæрнæджы бадынц æмæ йын сыстадысты. Дис кæнынц, цымæ адон чи бафидауын кодта зæгъгæ. Адæм æм дзурынц: «Сбад, Куыта». — Нæ, нæ, уæ бадты фарн уæд, æз мæнæ зианджыны фенон. Бадзырдтой йæм. Рацыд æм Хъырым. Хъыгтæ йын акодта. Куыта дарддæр йæ разы лæууы æмæ йын дзуры: уыцы цæрынхъуаджы бæсты æз æмæ ды куы амардаиккам! Махмæ дыууæйæ цы зæхх ис, уый хъæумæ куынæ ис. Иу хаххы тыххæй кæрæдзийæн чи нæ хатыр кæны æмæ кæрæдзимæ чи нæ дзуры! Уый бæсты мах цæуылнæ амардыстæм! Стæй уæд æртæ сомы ралæвар кодта. Ууыл бафидыдтой. Моргуаты Афæхъойы фырт Папайы ныхæсгæй фыст Джызæлы 1%5 азы ?8июны Папайыл цыдиуæд 74азы ÆНДУ ÆМÆ ГОСÆЗИЙЫ КАРМÆ ФÆЦÆР! Кæсæбиты Куыцыкк æнæзæнæг лæг уыди. Царди Цъамады. Цыдис ыл цыппарыссæдз азы. Найгонд куы фæци, уæд йæ фос Субийы æрдузмæ æрыскъæрдта. Фос фæхызта. Изæрæй фос бафс- найдта. Йæхæдæг дуры рæбын арт скодта. Йæ нымæт йæ быны бакодта æмæ æрхуыссыд. Æмбисæхсæв хъусы хъæр: «Ма ауадз, Куыцыкк, фæхæссы!» Цъæхахст кæны цыдæр сылгоймаг. Куыцыкк фæгæпп ласта. Хъримаг æрбайста. Кæсы. Æрдузь! цыдæр æрбатæхы, йæ дзыхы цыдæр æрттивы. Ныхъхъавыд КуыИ цыкк. Фехста æмæ бирæгъы дзыхæй цыдæр æрхауд. Лæг бацыд^ 132
æмæ сывæллон фелвæста цухъайы фæдджимæ. Сывæллон тæлфы, æмæ та сылгоймаг цъæхахст кæны: «Хорз бакодтай, Куыцыкк, фæлæ ма бавнал!» Æрбахæццæ сылгоймаг. Сывæл- лон йæ фæдджийы атыхта æмæ йын загъта: «Куыцыкк, иу дын хуызæн радтон, æви дын сæ фылдæр фæкæнон?» — Иу ма Хуыцау куы радтид! Мæнæн ныр цотафон нал у, фæлæ ма иу Хуыцау куы радтаид. — Уæдæ дын афæдзмæ лæппу райгуырдзæн æмæ-иу ыл ном Æнду сæвæрын кæн. Дзургæ йæ макæмæн кæн, æрмæст æй дæ бинойнагæн зæгъ, æндæр. Иу æртæ мæйы йыл куы рацыди, уæд ус цыдæр кæны, тыхсы. Ус тыхсти æмæ йын æй уæд лæг бамбарын кодта. Æцæг сын афæдзмæ лæппу райгуырди. Ном ыл сæвæрдтой Æнду. Æндуйæн цыппар лæппуйы райгуырд. Йæхæдæг йæ усимæ фæйнæ авдыс- сæдзгай азтæ фæцардысты. Стæй иу æхсæв амардысты кæхц- гæнæнты. Æндуйæн йæ ус та Черчесты чызг Госæзи хуынди. Ныр дæр афтæ фæкувынц, чызг чындзы куы фæцæуы, уæд: «Æнду æмæ Госæзийы кармæ дзæбæхæй фæцæрут!» Черчесты Болайы фырт Батрадзы ныхæстæй фыст Црауы 1965 азы 10 июны. РÆМОНАТЫ ХАДЗЫМÆТЫ ЗАРÆГ (Æндæр вариант) Тæгæрдоны Хæсисæн хохы дарæн ныккодтой. Хæтæддоны фæсивæд Рæмонаты Хадзымæты тохы зарæг ныккодтой. Садоны хæзна хохы Мызуры тыххæй. Рæмонаты Хадзымæт ацы тох сарæзта Советон бындуры тыххæй. Атайраны1 хæрæн цæндиварс2 ысси. Хадзымæт бадзуры: фæллойгæнæг лæг Ленины партийы руаджы сæрибар ысси. Колхозы рæгъæуттæ дзыларæй нæ тæрсынц. Гъей, Хадзымæт бадзуры: «Мæнæн мæ партизантæ знагæй нæ ^ тæрсынц». Советон гуыдыр дæгъæлæнгом. 1 Атайран — зæххы ном Лабæйы ’рдыгæй. 2 Цæндивар — цæнд иуварс, ома æнæпайда зæхх, цæнд кæуыл вæййы, уый. 133
Хадзымæт бадзуры: «Гауыр Сослæнбег, ахсæв дæ мæлæн бон!>>; Абиссинæйы Италийы хæстытæ. Хадзымæт бадзуры: «Скъахын хъæуы знаджы цæстытæ?» Хæтæлдоны комы Керымы1 хосгæрст. Хадзымæт бадзуры: «Мах нæ ферох кæндзыстæм Кировы хорз куыст». Æрыдоны скъола урссæр куы уыдаид. Хадзымæт бадзуры: «Мæнæн ма хæцгæйæ гыццыл рухсдæр куы уыдаид!» Ацы зарæг сарæзтой Хæтæлдоны фæеидæд. Йæ ныхæстæ æрхъуыдыгæнæг у Хъайттаты Хъасайы фырт Ауызби. Зарæг сарæзтой 1937 азы. Ауызбийы ныхæстæй фыст Хæтæлдоны 1965 азы 18 июны. ЦÆЛОЙТЫ ВАНКЪОЙЫ ЗАРÆГ Мæ иунæг æфсымæр, цы ма дын кæнон, цы ма дын кæнон! Дард бæсты æз дæу куы баныгæдтон, куы баныгæдтон. Рынчындонгæсæй дæ бæлвырд куы сфарстон, бæлвырд куы сфарстон. Дæ мад, дæ фыдмæ дын дæ мард куы сластон, дæ мард куы сластон, Нæ мад рауади йæ дзыккутæ тонгæ, йæ дзыккутæ тонгæ. Аннæрдыгæй та нæ фыд рауади, нæ фыд рауади. Дзæгъæл нæ ныууагьтай, нæ уарзон Ванкъо, нæ уарзон Ванкъо. Рамбырд ыл ысты иууылдæр хионтæ, иууылдæр хионтæ. Тынгдæр ыл чи куыдта, уыдон та йæ бинонтæ, уыдон та йæ бинонтæ. Дзæгъæл нæ ныууагътай, нæ уарзон хъæбул, нæ уарзон хъæбул. Махæй ныр дæуæн дæ мардмæ ничиуал скæудзæн, ничиуал скæудзæн. Дæ мардыл хæринаг ничиуал æрывæрдзæн, ничиуал æрывæрдзæн. 1 Керымы хосгæрст — хосгæрст-æрдуз Хæтæлдоны сæрмæ хъæды. 134
Ацы зарæг зарыд 55 аздзыд сылгоймаг Тугъанты Георы фæндыры цагъдмæ. Ванкъо куыроймæ аласта. Бæхтæм куы февзыста, уæд ехсы къæдзил йе ’рфыгыл ауад. Ууыл цæст барæсыд. Лæппуйы рын- чындонмæ баластой æмæ уым æртæ бонмæ амард. Тæирты (Татраты) Верæ Варламы (Гæввойы) чызджы ныхæстæй фыст 1966 азы 10 сентября Быгъуылты Цъайы, Мæздæджы. БÆХФÆЛДИСЫН (Æндæр вариант) Адæмтæ, адæмтæ, æрбайхъусут ма мæм, Зæрдæхъæлдзæг уæсхъы сæрæй. Уастырджийы фырт Айсатыр хуынд. Дугьон бæх-барæг æй арвыстой. Бæхæй ахауди, æмæ йæ йæ фындзы хуынчъы Схуртт кодта бæх, æмæ йæ йæ дуармæ схаста, Уастырджи загъта: «Мæ мардæн бæх куы Ныффæлдисин, уæд куыд уаид?» Æмæ йын æрдæг адæм загътой: «Ныртæккæ уал арфæйаг. Фæстагонтæн фæткæн баззайдзæн». Уастырджи арвыста бæхагур, Æмæ, мæгуыр, тыппыр Сайтанты мадмæ ссыди. Æмæ йын зæронд ус афтæ: «Уастырджийæн фæсхохы æртæ ’фсургьты ис, Æмæ дæм дзы иу цæххы мыр-мыр бакæндзæн, Аннæ дæр афтæ. Астæуккаг дæм йæхæдæг æрбацæудзæн. Идон ыл-иу сæвæр æмæ рафардæг у». «Хорз бæх ын ссардтон, Гъер ма мæ хорз цæфхæдтæ куы уаид. Уæларв Куырдалæгонмæ ссыди æмæ йын загъта: «Хорз лæг мæ амарди, хорз бæх ын ссардтон, Гъер ма мæ хорз цæфхæдтæ куы уаид!» «Цæмæй хорз уыдис?» «Кæрдзындæттон, хъæулымæн уыди». Скодта йын цæфхæдтæ, Саргъ ын акодта. Куы сцæттæ и йæ бæх, уæд ыл сбадт. 135
Æрхызти зæхмæ. Фæцæуы мæрдты бæстæм. Иу ус зæххы скъуыдтæ хуыиы. «Уый цæмæн афтæ у?» «Уый^уæлæуыл искæй лæгæн лыстæг хуыдта, Йæхи лæгæн та — ставд». Иннæ усмæ схæццæ ис, æмæ куырой йæ риуыл зилы. «Уый та цæмæн афтæ?» «Уый та уæлæуыл куыройхъуагæн куырой нæ лæвæрдта. Фæлтау-иу æй ныййауæзта». Æртæ лæгмæ схæццæ ис. Уыдон цъæх ихыл цæуынц, сæ былтæ хойынц Æмæ сæ пырх кæлы. «Адон та цæмæн афтæ сты?» «Адон тæрхоны лæгтæ уыдысты, Æмæ растæн хæрамы тæрхон кодтой, Хæрамæн та — расты». Иннæ æртæ лæгмæ бахæццæ сты. Уыдон сыгъзæрин бандæттыл бадынц, Фынгтæ сæ разы. «Адон та цæмæн афтæ сты?» «Адон дæр тæрхоны лæгтæ уыдысты, Расты-иу раст скодтой, Хæрамы та хæрам.» Сидзæртæм бахæццæ, Æмæ дзы чи бæгъæввад, чи стонг Кæмæн дзы къæбæр авæрдта, Кæмæн йæ дзабыр йæ къахыл скодта. Æмæ уырдыгæй бахызти, Æмæ йæ хидгæс нæ уадзы: Æрдтытæ йын хæры, сомытæ йын кæны, уæддæр — нæ. Стæй йын мæрдты зæрдиаг уыд, Æмæ йын уый кой скодта. Уымæн (дуаргæсæн) йæ зæрдæ бахъарм, Йæхи æрчъицыныл фæци. Лæппу хидыл ахызт ’мæ аивгъуъщта. Марды цурмæ бахæццæ. Йæ бæх ныффæлдыста, Саргъ нæзыйы цъуппыл нывæрдта, Бæх цъæх нæууыл бабаста, Йæхи йын Чырыстийы цъуппыл нывæрдтой. 136
Хъайтыхъты Сабаны фырт Тæтæрхъаны ныхæстæй фыст Ходы 1965 азы 2 июлы. Тæтæрхъаныл уæд цыди 77 азы. ЕСЕЙЫ ТАУРÆГЬ Кæсæджы царди Биаслантæй Аслæнбег. Ганнæктæй Есе та царди Дыгуры. Дыууæ дæр уыдысты хæтæг лæгтæ. Ганнæкты Есейæн йæ фыд афтæ зæгъы, йе-гъи-и-и, лæппу, хъуынджынсыдз лæг дыл нæма сымбæлди! Есе бахудти, фæлæ ницы сдзырдта. Уæд Аслæнбег ныффæнд кодта, цон æмæ Дыгурæй фос фæкæнон. Йæхицæн адæм сæмбырд кодта. Комы нарæгæй куы бахызтысты, уæд уым æрынцадысты. Есе мæсыгæй кæсы, æмæ хуымæтæг адæм кæй нæ уыдысты, уый базыдта. Æмæ хъæуæн загьта: «Æртæ бонваг алчи йæхицæн дон бахæссæд, фосæн хол- лаг сæвæрут, дуæрттæ сæхгæнут æмæ æртæ боны æддæмæ мачи ракæсæд!» Йæхæдæг мæсыгмæ схызти. Уым æрбадти. Бонæн йæ фæцъæх, хъæуæн — йе ’рцахст. Йæ алы фарс æрбадтысты. Кæсы уырдыгæй Есе,' хъахъæны. Агуры сын йæхинымæр сæ сæрбос. Ныр хъæуæй змæлæг нæй, куыдз дæр дзы нæ рæйы. Аходæнафон Аслæнбег сызгъæрин хъуывгъан райста æмæ йæхи хъуыдыйы ацыди. Есе йæ æргæрах ласта, æмæ хъуывгъан йæ къухæй æрхаудта. Аслæнбег уæд Есемæ дзуры: «Хуыцау дын æй ма ныббарæд!» Есе та йæм дзуры: «Хуыцау дæуæн ма ныббарæд! Кæд уазæг дæ, уæд дын урс дзул нард фыды хæццæ. Кæд знаг дæ, уæд дын топпыхос нæмыджы хæццæ. Уырдыгæй фæстæмæ ма чи аззайа, уыдон та бакæндзынæн мæ хуыты хæццæ. Уæздан лæг кæд дæ, уæд дæ хъуывгъан дæхæдæг цæмæн хас- тай, хæссæг дын æй цæмæннæ уыд!?» Йæ адæмы рамбырд кодта Аслæнбег æмæ раивгъуыдтой, фæстæмæ дæр нал фæкастысты. Ныр Есе чи у, уый-иу Дзæгъиппарзмæ цуаны рахæццæ. Ас- лæнбег æй хъуыста, афтæ рацæуы Есе æмæ иунæгæй цуан кæны. Есейæн та йæ фыд дзырдта, иунæгæй ма цу зæгъгæ. Уæд та рацыди Есе Дзæгъиппарзмæ, æмæ уым сагмæ куыд хъуызыд, афтæ йæ Аслæнбег бауыдта. Сагмæ чи хъуызыд, уый сабыр цыди, фæлæ Аслæнбег та тагъддæр бацыди. Баййæфта Есейы. Æртыкъухыг лæдзæгæй йын йæ бæрзæй ныццавта æмæ лæг фæтымбыл. Сбаста лæджы Аслæнбег. Ныр Аслæнбеджы та йæ салбар цæуынмæ хъыгдаргæ кодта. Раласта йæ, æмæ йæ йе ’фцæджы сбаста. 137
Аслæнбег лæджы сбаста æмæ йæ йæ фæстæ ласы. Есе йаЯ уæлæмæ кæсы. Йæ фыды ныхас йæ зæрдыл æрлæууыд æлщ худы. Аслæнбег æм æрыздæхт æмæ йæм дзуры: «Цы кæны! цæуыл худыс? Ахсгæ дæ хорз куы ’ркодтон, бæтгæ дæ хорз ку| скодтон æмæ дæ Биасланты ’хсæнмæ афтæмæй куы ныллас! дзынæн!» Уый та уæддæр худы. Æмæ та йæ фæрсы Аслæнбей цæуыл худыс зæгъгæ. Уæд ын Есе йæ фыды ныхас загъта. Æмæ йæ Аслæнбег суагъта, уæдæ дын дæ фыды хатыр фæуæд зæгъгаЦ Иумæ фæндагмæ æрцыдысты. Уым фæныхæстæ кодтой, стæи уæд фæйнæрдæм ацыдысты. Дзæвгар куы ауадысты фæйнæрдæщ уæд Аслæнбег йæхицæн афтæ зæгъы: ай дардмæ кæй агуырд! тон, уыцы лæг мæ къухы куы уыди, уæд æм хъæр кæны. Ес| æрлæууыд æмæ йæм дзуры: «Рацу, рацу, ныр цæттæ дæн!» Уыи| та йын афтæ: «Уыцы хуызы дæм нæ цæуын». ; Æрцыдысты иу ранмæ. Æрбадтысты. Фæныхæстæ та кодтой æмæ æфсымæртæ скодтой. Ахуыдта Есейы сæхимæ. Уым цас фесты, чи зоны, уæд ын афтæ зæгъы Аслæнбег: цом хъазтмæ. Уыцы хъазты чызджытæй дæ зæрдæмæ чи бацæуа, уый мын зæгъ. Ссыдысты хъазтмæ. Фæкафыдысты. Стæй йæ Аслæнбег фæрсы, æмæ Есе ницы дзуры. Куы нал æй уагъта, уæд иу чыз- джы бацамыдта. Уыцы чызг та уыди йæхицæн куырд Ас- лæнбегæн. Ныццыди йæ каистæм æмæ сын загъта: ме ’фсымæр ам ис æмæ мын сомæхсæвмæ сцæттæ кæнут чындаы. Бацыдыс- ты фондзыссæдз барæджы чындзхæсджытæ æмæ мидæг Ды- гурмæ арвыста Аслæнбег йæ куырд усы Есейæн. Арвыста йæ. Уым Есейы хæдзары фæминас кодтой. Уазджытæ дæр куы аивгъуыдысты, бинонтæ дæр куы ’рсабыр сты, уæд Есе йæ уатмæ бацыди. Уым чызг кæуы, æмæ йæ Есе фæрсы: «Ц& кæныс? Кæд дæ зæрдæмæ нæ цæуын, уæд дæ зæрдæхудт мæн ницæмæн хъæуы æмæ дын ныртæккæ фæндаг дæттын». Æмæ йын чызг загъта: «Мæн никуы бауырныдтаид, дæу хуызæн лæппу мæ ахæсдзæн, уый. Фæлæ ууыл кæуын, дæуæн дæр та де ’фсымæр искуыцæй куы ’рбацæуа, æмæ та мæ ды дæр искæмæн куы рад- тай дарддæр, уæд мæ райгуырæн бæстæй бынтондæр куы рацух уон æмæ сæ куы никуыуал фенон!» Уæд Есе фестади. Сылгоймагмæ хæстæгдæр бацыд æмæ йæ бæлвырддæр бафарста. Чызг дæр ын йæ хъуыддаг лæмбынæгæй æрдзырдта. Есе йæ йæ хъæбысы ныккодта æмæ йын загъта: «Абонæй фæстæмæ ды дæ мæ хо». Йæхæдæг уатæй фæстæмæ рацыди. Хъæу ногæй æрымбырд кодта. Чызгæн йæ къахæй йæ къухмæ йæ уæлæ ног дарæс скодта, стыр лæвæрттæ йын фæкод- 138
та. Дыууæфондзыссæдз барæджы сбадын кодта æмæ йæ уыдо- нимæ Аслæнбеджы хæдзармæ арвыста. Аслæнбег баздæхт æмæ йæ уыцы барджытæй фæстæмæ барвыста чызджы. Афтæмæй баззадысты цæргæ. Гаппты Елмæрзайы фырт Толлайы ныхæстæй фыст Бирæгъзæнджы 1?бУ азы 9 июны ТУГ БАЗОНЫ Иу цуанон лæгæн æртæ лæппуйы уыд. Сахуыр сæ кодта йемæ цуаны. Цуаны пайдайæ цардысты. Иу уалдзæджы ацыдысты цуа- ны. Дзæбидыр амардтой. Лæгæтмæ йæ бахастой. Физонджытæ дзы скодтой. Схуыссыдысты. Уалынмæ уарын байдыдта. Суанг иннæ изæрмæ мит фæуарыд. Дыккаг бон уарын банцад. Дзæбиды- ры мард æрдихтæ кодтой. Се ’ргъæмттæ куыд ракодтой се ’ккæйтты, афтæ зæй аскъуыд æмæ сын сæ лæгæт æрæхгæдта. Ра- цæуæн сын нал уыд. Уæд фыд загъта: «Лæппутæ, ныр арт скæнæн нал ис, фæлæ ацы дзидза хомæй хæрдзыстæм». Дзæбидыры фыд сын лæг хомæй уæрста æмæ уымæй цардысты. Уалынмæ дзæби- дыры мард хæрд фæци, уæддæр лæгæт талынгæй лæууы. Уæд фыд кард сласта æмæ дзуры: «Лæппутæ, хи къух нæ тасы, фæлæ æз цæргæ дæр фылдæр фæкодтон, æмæ мæнæ кард айсут, аргæвдут мæ æмæ мæ сабыргай хæрут, кæд уæддæр сы- мах аирвæзиккат». Дыууæ кæстæры ныккуыдтой, къæдзæхыл сæ сæртæ ных- хостой æмæ загътой: «Ау, дада, уый та куыд?! Мах дæ фыд бахæрæм!» Фæлæ хистæр ницы сдзырдта, йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта. Дыууæ лæппуйы сæ кæуынæй нал банцадысты, æмæ рай- сомæ^й митæй къæдзæхы астæу рухс æрдардта. Фыд дзуры лæппутæм: «Тагъд сыфтæртæ рамбырд кæнут, арт скæнут, Хуыцау нæ кæд нæ фесафид!» Сыфтæртæ рамбырд кодтой лæппутæ. Арт скодтой. Фæздæг къæдзæхæй миты астæуты ссыди, æмæ йæ адæм федтой. Адæм ацыдысты цуанæтты лæгæтмæ фæдисы. Æркъæртт кодтой мит æмæ сæ бæндæнæй сластой. Афтæмæй аирвæзтысты. Лæг бацыди æмæ йæ уæнгуытыл хæлттæ сæппæрста. Кæй хал схауд, уый аргæвста æмæ къуырийы бонмæ куывд скодта, кæй аирвæзтысты, уый тьтххæй Æнæхъæн ком æрхуыдта. Хорз сæ федта. 139
Адæм ацыдысты. Йæхæдæг изæрæй йæ бинонтимæ хæдзарьг; æрæнцад. Лæппутæ хицæн уаты схуыссыдысты. Мад æмæ фыд дæр сæхи æруагътой. Æмæ лæг загъта: «Не ’фсин, иу хабарæй дæ фæрсын æмæ мын æй куыд зæгъай, афтæ. — Ау, æмæ æз дæуæн кæй нæ зæгъон, ахæм хабар цы уыдзæн? Зæгъ, цæмæй мæ фæрсыс.— Мæнмæ куы ’рцыдтæ, уæдæй абонмæ исты дæ зæрдæмæ хæссыс? Ус уыцы фарстмæ аджих кодта, стæй йын загъта: — Хъуыды ма йæ кæныс, Уæлладжыры комы де ’рдхорд чындз куы хаста, мæныл, куы мæ ’рхастай, уымæй афæдз куы цыд, уый? — Куыд æй нæ зонын! — Уæдæ уæд мах комы цавæрдæр æфсад æрбацыд æмæ йæ хæдзæрттыл байуæрстой. Æхсæв сæ сбуц кодтон. Райсомæй, боны цъæхыл, сæ бæхтыл сæргътæ авæрдтой цæуынмæ. Æз сын фæтæригъæд кодтон. Къæрта райстон æмæ скъæтмæ хъуг ду- цынмæ бауадтæн, уæддæр сын æхсыр æмæ къæбæр радтон зæгъгæ. Æз скъæтмæ куы бауадтæн, уæд дзы иу мæ фæдыл бауад æмæ мемæ фæци. Уæд ын фыд радзырдта, лæгæты сыл цы хабар æрцыд, уый. Æмæ загъта, гъе уæд фæгуырысхо дæн, ай мæ тугæй нæу зæгъгæ. Уымæй фæстæмæ лæг æмæ ус æнувыддæрæй цæргæ базза- дысты. Черчесты Болайы фырт Батрадзы ныхæстæй фыст 1965 азы 10 июны Црауы. Батрадзыл уæд цыди 78 азы, уыд æнахуыргонд. ХЪÆЛДЗÆГ НЫХÆСТÆ Калакаг æрдузæг Калачы иу лæг хæрæгæрдузæгæй куыста. Хæрæг æрдузæггаг иста дыууæ суарийы. Сомæй та йæхи æхсынæн сапон æлхæдта. Афтæ «пайда кодта» йæ куыстæй. Цопанаты Тотрадзы фырт Арсæмæджы ныхæстæй фыст Дзуарыхъæуы 1965 азы 21 июны. Рæстгæнæг Иу лæг йæ усимæ фæзагъд æмæ йын, «зылын б...» зæгъгæ афи- 140 4
дис кодта. Ус фæмæсты. Куырдадзмæ бацыд. Куырдæн йæ хъаст ракодта нæ лæг мын афтæ бафидис кодта, æмæ дæм кæд рæстгæнæн ис, уæд мын баххуыс кæн. Куырд ын загъта: «Цæ- уылнæ». Ус æрбацыд сæхимæ. Замманайы хуын сцæттæ кодта. Схаста йæ куырдæн. Уым бонизæрмæ фесты дæзæрдæ-мæзæрдæйæ иумæ. Æмæ йын изæрæй куырд афтæ: «Гъер дын сраст æмæ ацу». Ус сæхимæ æрцыд. Йæ лæгæн йæхи аппæлыд: «Абондæргъы мын æй куырд сраст кодта æмæ ма мын ныр исты фидис кæндзынæ!» Лæг æм лæдзæг раскъæфта æмæ йæ ныппырх кодта. Чъерджиаты Бæбийы чызг Аминæты ныхæстæй фыст Дзуарыхъæуы 1?65азы Уæд Аминæтыл цыд 75 азы Цыколайаг минæвæрттæ Цыколайы иу мæгуыр лæгæн ус нæ уыди. Нæ йын уыд хæдзар. Нæ йæм уыд фос: хъуг нæ, бæх — нæ. Афтæмæй иу чызгыл дзырдта. Минæвæрттæ ацыдысты æмæ дзурынц: «Лæгæн цып- пар агьуысты куы уа, цыппар бæхы йæм куы уа, цыппар хъу- джы йæм куы уа, уæд ма йæ цы хъæуы? » Уыдон сфæнд кодтой æмæ сæ чызджы радтой. Чызг чын- дзæмбæлттимæ чындзы ацыди. Кæсынц чындзæмбæлттæ æмæ — хæдзар нæй, бæх нæй, хъуг нæй. Нæ комынц чындзæмбæлттæ мидæмæ, мах минæвар чи уыд, уыдонæй цалынмæ искæй фенæм, уалынмæ нæ цæуæм зæгъгæ. Бацыдысты æмæ уазджытæ æддæмæ нал цыдысты фысымæй. Цыдæриддæр уыд, уæддæр сæм минæвæрттæй иу æрцыди. Куы ’рцыди, уæд ын загьтой, афтæ нæ загътай, лæгæн цыппар агъуыс- ты куы уа, цыппар бæхы, цыппар хъуджы йæм куы уа, уæд цы кæны зæгъгæ? Æмæ кæм сты? Æмæ сын уый афтæ: «Афтæ фæрсæг нæ фæци, уыцы цыппар уаты, цыппар бæхы, цыппар хъуджы уыцы хæдзары сты, æви æндæр хæдзары сты?» Уæд чындзæмбæлттæ сæ сыдз къахгæ афардæг сты. Цопанаты Дзаммырзы чызг Надяйы ныхæстæй фыст Дзуарыхъæуы 1965 азы21 июны Надяйыл уæд пыди 72 азы Уыд æнахуыргонд. Даукъа æнæ кæфæй аззад Хъаныхъуатæй ардæм чи ралыгъд, уыдон сæ кусджытæ уыдысты (Хъаныхъуатæн). Ам куы цардысты, уæддæр ма Тъæрæсæн хъалон фыстой. 141
Хъаныхъуаты Даукъа йæхицæн Уацилламæ кæф балхæдта. Афтæмæй йæ хъалон та фыст нæма уыди. Тъæрæс рацыд йæ хъалонмæ. Даукъамæ бацыд, мæ хъалон мын цæуылнæ фидыс зæгъгæ. Уый йын афтæ: «Ницы мæм ис, мæнæ мæм мæ бæрæгбонæн иунæг кæф и, æндæр». Уæд ын Тъæрæс афтæ: «Гъæ, куыдзы хъæвдын, мæнæн мæ хъалон куы нæма бафыс- тай, уæд цы бæрæгбон кæныс!» Йæ кæф ын афардæг кодта, æмæ Даукъа æнæ кæфæй баззад. МоргуатыАфæхъойы фырт Папайыныхæстæй фыст Джызæлы 1965 азы 28 июны Папайыл уæд цыди 74 азы. Æмбыд уыди Тезиатæй Саулох зæгъгæ тынг гуымиры лæг уыд. Иу хатт хъæдмæ фæцæйцыди æмæ йæ галмæ цæуылдæр фæмæсты æмæ йын йæ къæдзил арæмыгъта. Сæхимæ куы ’рцыд, уæд æм йе ’фсымæр хæцыд, цæмæн æй ратыдтай^зæгъгæ. Уый йын афтæ: «Æмбыд уыди ’мæ йыл чы- сыл рахæцыдтæн æмæ раскъуыд». Ногхъæуы Зехъеты Елхъаны фырт Мæхæмæты ны- хæстæй фыст 1965 азы 29 июны Мæхæмæт у 1919 ч азы гуырд. Сылгоймаджы арæхстдзинад Пысылмонхъæуы Гайттаты Надя сæ давджытæн дзырдта. Уый размæ та сын сæ фыдæлтæ дзырдтой, ныууадзут уыцы куыст, мах дæр æй фæкодтам æмæ ницы пайда дæтты зæгъгæ. Стæй та сын Надя загъта, ныууадзут уыцы куыст. Æвзæрст барджытæй ацæут. Фæндагыл мæгуыр лæгæн йæ бæх байсут. Уæхицæн дзы тамакотæ алхæнут, махæн — къафеттæ, уымæй уæ æз хорз лæппутæ нæ хонын. Дарддæр сын Надя загъта, ныр сылгоймаг йæ сæрмæ куы хæсса, уæд уый дæр кæндзæн уыцы хъуыддаг. Сымах та уымæй уæхимæ лæппутæ кæсут! Уæд дав- джытæ кæцæйдæр род радавтой. Аргæвстой йæ æмæ йæ хорд- той æмбырдæй. Надя та сæ хъуыды дардта. Уыдон уым куы бадтысты, уæд уый рацыд. Сæ бæхтæ сын æрласта æмæ сæ сæхимæ сбаста. Сау бæхæмбæрзæнтæ сын бахуыдта, афтæмæй бастæй лæууыдысты. Уыдон ратæх-батæх кæнынц. Куы скатай сты, уæд сæ Надя фæрсы: — Цы уыди, цы хабар у? — Нæ бæхтæ нын чидар аласта. 142
— Ау, æмæ уæм чи бауæндыди? Куынæ арынц, æмæ куы ’рынцадысты, уæд сæ Надя фæрсы: — Гъы, ницы арут? — Нæй, ницы. — Æмæ уæдæ цы фæуыдаиккой? — Аргæвстæуыд сæ, æмæ сæ доны баппарстой, уый йеддæмæ махæй цы фесæфдзæн?! — Æмæ ныр куы фæзыной, уæд та цы уыдзæн? — Куыд цы? — Нæ, фæрсгæ уæ кæнын, куы фæзыной, уæд цы уыдзæн? — Уæд, цы зæгъа, уымæй йæ дзых — йæ тæрхон. — Цомут уæдæ. Бакодта сæ скъæтмæ. Бæхæмбæрзæн схъил кæны æмæ сæ афæрсы, уый дæ бæх нæу зæгъгæ. Уæд æй фæрсынц: — Цы тæрхон кæныс? — Мæн ницы хъæуы. Нæ уын загътон, ныууадзут уыцы куыст, уый сылгоймаг дæр бакæндзæн зæгъгæ. МоргуатыАфæхъойы фырт Папайы ныхæстæй фыст Джызæлы 1965 азы 28 июны Мадеккы зарæг Кæмийы молло ма хонут, Ламаз кæнын нæ зоны. Мадеккы раст лæг ма хонут, Нæ нæл гогыз та йæ гоны. Ацы зарæг нывæрдта Цæлиаты Стъепан мæстæйма- рынæн Быгъуылты Цъайы 1966 азы 10 сентябры Бæхæлхæнджытæ Хадыхъатæй иу лæг царди Тамадзайы цъайы. Хохæй ардæм бæхтæ æлхæнынмæ æрцыдысты æмæ уыцы Хадыхъаты лæгмæ бацыдысты. Уд>ш сын загъта: «Кйед уæ бæхтæ хъæуы, уæд хохы мæ чызджы чырын баззади (мæ чызджы мард ныгæдæй). Уый мын æрласут æмæ уæ цас хъæуы, уыййас уын ауæй кæндзынæн бæхтæ. Мæ чызг хохы нæ хæдзары фæсдуар ныгæд у. Ракъахут æй. Æцæг æй змæлын ма бакæнут, уæд ныппырх уыдзæн». Уыдон ацыдысты. Акъахтой йæ. Æрластой йæ æмæ йын æй йæ хæдзармæ баластой. Уæд сын уый загъта: «Гъеныр мæн цы хъуыд, уый мын æрластат æмæ мæнæ рæгъау дæр атæрут». «рæгъау нæ нæ хъæуы, фæлæ нын дæс бæхы ауæй кæн». 143
«Акæнут, цас уæ хъæуы, уыйас». Уыдон дæс бæхы акодтой æмæ ацыдысты. Хадыхъаты лæгæн та уыцы чырыны сызгъæрин уыди йе ’дзаг æмæ йæ сæвæрдта йæхимæ. Дзоккаты Бабийы фырт Темысойы ныхæстæй фыст 1966 азы 9 сентябры Веселойы хъæуы Темысо уыди 1886 азы гуырд. Скъолайы Нæ фыдыфсымæр нæ дыууæ лæппуйæ скъоламæ бакодта. Бакастыстæм, æмæ иу лæппу нартхоры нæмгуытыл йæ зонгуы- тыл бады. Мысост разæй бацыд æмæ йæ ахуыргæнæг фæрсы: «Дæ мыггаг кæмæй у?». Уый лæппуйы нæмгуытыл бадгæ куы федта, уæд фæтарст æмæ ахуыргæнæджы фарстæн дзуапп рад- та: «Мыггаг мын нæй». Ахуыргæнæг ын йæ уадул ныггæрах ласта. Æз уый куы ауыд- тон, уæд хъæдмæ афардæг дæн. Гъе, ууыл каст фæдæн скъола. Æхболæтты Габуйы фырт Цымырзæйы ныхæстæй фыст Веселойы хъæуы 1966 азы, 8 сентябры. Цы- мырзæ уыди 1885 азы гуырд. Авторы фæндонмæ гæсгæ йæ гонорар хаст цæуы редакцийы фондмæ. ©
НЕ ’ВЗАГ - НÆ ХЪЫСМÆТ АГЪНАТЫ Æхсар СКИФТЫ-СÆРМÆГТЫ ДЗЫРДУАТ Мæ зонадон куысты разамонæг академик Абайты Васо ски- фаг-сæрмæттаг æвзæгты хоны «скифо-сарматские наречия». Афтæ хоны, мах эрæйы размæ VIII—VII æнустæй — нæ эрæйы IV—V æнустæм Сау денджызы цæгатварс цы ирайнаг знæмтæ цард, уыдоны ныхасыздæхтытæ. Скифаг-сæрмæттаг æвзаг иртасыныл архайдтой бирæ зынд- гонд ахуыргæндтæ. Зæгъæм: К. Мюлленгоф, Вс. Миллер, В. То- машек, М. Фасмер, Ладислав Згуста, Йанош Харматта æмæ иннæтæ. Уыцы ахуыргæндтæ æрцыдысты иу хатдзæгмæ: скиф- ты ’мæ сæрмæттьг байдзæддæгтæ сты, ныртæккæ Кавказы цы ирæттæ цæры, уыцы чысыл адæм. Скифаг æмæ сæрмæттаг адæмтæ фыстæй ницы ныууагътой. Баззадысты бердзенагау фыстæй се знæмты нæмттæ (этнонимтæ), бынæттон нæмттæ (топонимтæ) æмæ адæймæгты нæмттæ (антропонимтæ). Уыдон фыст æрцыдысты, незаманты бердзенаг сæудæджертæ Сау ден- джызы цæгатварсы былгæрæтты цы горæттæ—колонитæ сар- æзтой, уымыты: Танаиды, Горгиппийы, Пантикапейы, Ольвийы æмæ æндæр рæтты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фыстытæ фаг не сты, скифтæ ’мæ сæрмæттæ куыд дзырдтой, уый бынтон сбæлвырд кæнынæн. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ уыцы рагон бердзенаг фыс- тытæ ’взаргæйæ сæ ирон æвзагимæ абаргæйæ равдисæн ис ски- фы ’мæ сæрмæтты ’взаджы хуыз. Скифтæм сæ рæстæджы балцы уыди бердзенаг стыр ахуыр- гонд — историк Геродот. Царди мах эрæйы размæ ^æнусы æмбисы (райгуырд 484 азы). Ныффыста «Истори», у 9 чины- джы, 4-æмы æнæхъæнæй ныхас цæуы скифтыл. Скифты ’мæ сæрмæтты ’взаджы тыххæй афтæ загъта: язык тот же*скиф- 10 Махдуг№ 3, 1997 145
ский, но только с давних пор «испорченный» (117 ф.) Геродот’ зæгъынмæ хъавыд: дыууæ адæмы ныхасы диалектон хиц-; æндзинæдтæ уыди зæгъгæ. Геродот куыд загъта, стæй ахуыргæндтæ куыд рабæрæг код- той, афтæмæй скифты ’мæ сæрмæтты ’взаг иу уыди, æмæ йæ мах дæр Васомæ гæсгæ хондзыстæм скифаг æвзаг. Профессор Абайты Васо бакасти, цыдæриддæр фыст уыди скифаг æвзаджы тыххæй, уыдон. Стæй райдыдта иртасын ски- фаг æвзаджы æрмæг. Дарддæр ныхас цæудзæн скифаг æвзагыл Васойы куыстмæ гæсгæ. Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы уый, æмæ скифаг дзырдтæм, нæмттæм бердзенаг фысджытæ æфтыдтой сæхи национ суф- фикстæ ас кæнæ ос Уыдон иуварсгонд цæудзысты. Дарддæр. Уыцы лексикæйæ бирæтæ раст фыст не ’рцыдысты. Уыдон сраст кодта Васо, равдыста сын се ’цæг скифаг фонетикон хуыз. Дыгурон диалект хæстæгдæр лæууы рагон скифаг æвзагмæ æмæ уымæ гæсгæ скифаг лексикæйы æмных æвæрд цæуынц ирон дзырдтæ дыгурон диалекты фонетикон хуызы. Скифаг æвзаджы дзырдуат Ам лексикæ æвзардзыстæм дзырдуаты хуызы æвæрд фæткæй. А — привативон хайыг, æфтыд цыди номдартæм разæй, дзырдæн лæвæрдта æппæрццæг мидис. Баззад ирон æвзаджы дæр, фæлæ хъуысы æ. Геродот æмæ Гиппократ сæ фыстыты æрхастой скифаг дзырд енаре æмæ анари. Макс Фасмер æй бæтты рагон ирайнаг дзырд а-нар—йа-имæ, йæ бындуры ис нар, ныртæккæ ирон адæммæ хъуысы нæл. Ирон æвзаджы историон фонетикæйы æгъдаумæ гæсгæ рагон ирайнаг мыр р ирон æвзаджы рахызт л-мæ, йæ разæй цы а ис, уый та æ-мæ. Хъуамæ ацы скифаг дзырд иронау хъуысыд æ-нæл, ома лæг (нæлгоймаг) нæу зæгъгæ. Фæлæ не ’взаджы уыцы хуызы нæ ныффидар. Скифтæм (сæрмæттæм) уыди ном А т а с М. Фасмер æй хæссы рагон ирайнаг дзырд а-тарс-мæ, ирон æвзаджы та ныртæккæ хъуысы æ-дас Уыдис ма сæм ном Асар. М. Фасмер æй бæтты рагон ирайнаг дзырд а-сара-и-мæ, ныртæккæ йæ зæгъиккам æ-сæр, фæлæ афтæ не сбадти не ’вза- джы, дзурæм æй æппæрццæг хайыг æнæ-имæ: æнæ-сæр. Абра скифаг æвзаджы амыдта «арв», рагон индийаг æвза- джы хъуысти абгъра, амыдта «мигъ» авестæйы фыст æрцыд авра, йæ мидис уыд «мигъ». Скифаг дзырд абра-йы æрцыд фонетикон ивддзинæдтæ: абра авр арв. Æмхъæлæсонты къорд 146
вр ирон æвзаджы историон фонетикæйы æгъдаумæ гæсгæ ба- ивтой сæ бынæттæ, ахуыргæндтæ уыцы æгъдау хонынц мета- тезæ. Ацы фонетикон ивддзинад (метатезæ) тыхджын у ирон æвзаджы. Скифаг ном Абрагъ Ольвийы горæты фыст æрцыд цалдæр хатты, профессор Абайты Васойы иртæстмæ гæсгæ уыцы ном арæзт у дыууæ хайæ: абр æмæ суффикс аг-æй. Бердзенаг фыс- тыты мыртæ гь æмæ г фыст цыдысты иу дамгъæйæ гъ, æмæ уымæ гæсгæ ном фыст æрцыд Аб-рагъ. Уыцы номы мидис скифтæм уыд «уæларвон». Ирон æвзаджы дзырд арвæй суф- фикс аг миногон нæ аразы. Цæмæй дзы миногон рауайа, уый тыххæй йæм æфтыд цæуы суффикс онс æрв-он. Ад скифаг æвзаджы амыдта «хæрын», уыд авестæйы дзырд ад, рагон славяйнаг æвзаджы хъуыст йед, бердзенагау едо, латинагау дæр едо, амыдта «хæрын». Цыдæр скифаг знæмы антикон фысджытæ хуыдтой Ама-адака, амыдта «хомæй хæрæг». Ольвийы горæты фыст æрцыд лæджы ном Варг-адак, ацы номы варг цæуы рагон ирайнаг дзырд варка-мæ, йæ мидис уыд бирæгъ. Ном амыдта «бирæгъхор». Скифтæм уыдаид ахæм ном дæр. Дзырд ад баззад ирон æвзаджы, йæ мидис баст у хæринагимæ. Адари скифаг æвзаджы уыд фæрсдзырд, амыдта «внизу», «под». Скифты дугæй ирон адæммæ ’рхæццæ дзырд адари, фæлæ йæ фонетикон хуыз тынг аивта. Йæ раззаг мыр а кæмдæр исто- рийы къуымы аззад. Ирон æвзаджы историон фонетикæйы фæткмæ гæсгæ дзырды мидæг мырр хъæлæсон мыри-йы разæй куы лæууыд, уæд ивта мыр л-йæ. Уыцы ’гъдау сси ирон æвза- джы фонетикон закъон. Афтæмæй дзырд адари-йы æрцыд ахæм ивддзинæдтæ: а ахауд, дари раивта дали—мæ, стæй кæройнаг хъæлæсон мыр и дæр ахауд, хъæлæсон а уыди лæмæгъ мыр æ: баззади ма дзы дæл-. Ис вазыгджын дзырдты, зæгъæм: дæларм, дæлæмæ, дæлæуæз æмæ а. д. Æвзаг йæхæдæг дзырдтæ аразæг у, æмæ дæл-мæ бафтыдта лæмæгъ хъæлæсонæ æмæ дзы рауади фæрсдзырд дæлæ. Диссаг уый у, æмæ Танаисы (Доны) горæты фыст æрцыд сæрмæттаг лæджы ном ахæм хуызы: Далосак. Абайты Васо йæ æвзары афтæ: дæл-ос-æг, цы амоны уыцы ном, уый алчи дæр æмбары. Скифаг дзырд адари авестæйы фыст æрцыд адаири. Агар ныртæккæ дзурæм æгæр, цæуы рагон ирайнаг дзырд а- карамæ, амыдта æгæрон, ома кæрон кæмæн нæй, исты ахæм. Дзырды разæй цы а ис, уый дæр привативон хайыг у, карана та амыдта кæрон. Дзырд агар баззад Танаисты фыстыты адæй- 147
маджы нæмтты, зæгъæм Ардунагар. Ацы ном дæр вазыгджын! у, хицæн кæны дыууæ хайыл: ардун æмæ агар. Ардун ныр дæр; афтæ дзурæм, æцæг иронау хъуысы æрдын, æгæр та амоньг «бирæ». Æмткæй номы мидис уыди «бирæ æрдынты хицау». Агъдак. Ацы дзырд фыст æрцыд Танаисы сæрмæттаг лæджы вазыгджын номы: Ардагъдак. Æвæццæгæн раст фыст не ’рцыд бердзенаг æвзаджы. Профессор Абайты Васо йæ гуызавæгæнгæ бæтты ирон дзырд æгъдау-имæ, фæлæ ахæм дзырд уыди нæ рагон хæстæг æвзаджы — согды, йæ мидис уыд фæдзæхст, ныстуан. Ном Ардагъдак Васо фыссы Ардагъдау, ома ард — æгьдау. Ахæм ном уыдаид, ардæй бирæ нæмттæ арæзтой скифтæ ’ме сæрмæттæ. Акаса. Ахæм ном фыст уыди Горгиппийы, арæзт æрцыд дыууæ хайæ: а-кас. Мыр а привативон хайыг у, кæс та амоны «æнæхъæн», ныртæккæ йæ ирæттæ дзурынц æгас, дыгур та игас. Васо ацы дзырд ссардта венгрийаг æвзаджы, хъуысыегез, амоны æнæхъæн, æгас, баззади дам аланты ’взагæй. Гуырдзыйы II æнусы ныры нымадæй уыд алантæй иу æлдар (питиахш), хуынди Шарагас. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ алайнаг лæджы ном арæзт уыд дыууæ дзырдæй: сæр æмæ æгас, йæ мидис уыд æнæхъыгдард, сæрæгас. Танаисы ма фыст æрцыд иу сæрмæттаг лæджы ном Гудигъас. Васо йæ сраст кодта афтæ: Гъуд-игас, амоны рæстмæ хъуыдыгæнæг. Уыцы горæты ма уыди фыст иу лæджы ном Оссигъас, Ольвийы та — Овсигьас. Васо сæ дыууæйы дæр сраст кодта — ос — игас, зæгъгæ, афтæ. Йæ мидис уыд: æнæниз усджын, ома æнæниз ус(ос) кæмæн уыд, уыцы лæг. Алутзæгъгæ скифаг адæм хуыдтой бæгæны. Нарты кадджыты бæгæны хонынц æлутон. «Осетинско-русский словары» (1962 азы уагъд) 76 фарсыл йæ аразджытæ æлутон æмбарын кæнынц «сказочная пища», утоляющая голод и жажду». Ныртæккæ бирæ ’взæгты ис ацы дзырд, райдай гуырдзиаг алуди, луди, гермайнаг алут, англисаг але, финнаг алут, литвайаг алус, ра- гон уырыссаг æвзаджы та хъуысти олуй. Се ’ппæты дæр йæ мидис у бæгæны. Дзырд цы ’взагæй рацыд, уый зын зæгъæн у. Ацы дзырд скифаг æвзаджы уыд лæджы номы. Алутакзæгъгæ фыст æрцыд Ольвийы горæты ныры эрæйы размæ. Абайты Васойы хъуы- дымæ гæсгæ ном Алутак амоны бæгæныфыцæг кæнæ, бæгæны бирæ чи уарзта, ахæм лæг. Номы кæроны цы ак ис, уый скифаг æвзаджы нæмттæ аразæг суффикс уыди. Фæстæдæр ма йыл æмбæлдзыстæм. Васойы хъуыдымæ гæсгæ дзырд алут, алуди, , 148
луди гуырдзиаг адæмы хæттытæ райстой алантæй. Финнаг, славяйнаг æвзæгтæм скифтæй ацыди. Васо дызæрдыг кæны, гермай- наг æмæ балтаг æвзæгтæм кæцæй фæци, ууыл. Скифтæ уыцы дзырд никæмæй райстаиккой, уыдонæн алут уыди цыдæр фæткимæ баст нозт, фæлæ иннæ ирайнаг æвзæгты кæй не ’мбæлы æлут, уый тыххæй зын рабæрæг кæнæн у йæ равзæрд. Ам. Скифаг æвзаджы уыди разæфтуанам, амыдта иудзинад, зæгъæм: æм-бал, æм-дзырд, æм-зæрдæ, æм-зонд, æм-хæст æ. а. д. Ацы разæфтуан рагирайнаг æвзаджы хъуыст гъам. Ирон æвзаджы, райдай скифаг æвзагæй, дзырдты разæй мыр гъ аха- уд. Памираг æвзæгты хъуысы: ам, ан, им, иу; персайнаг æвза- джы ис дзырдбаеп гъам-сар, иронау æм-сæр. Сакты ’взаджы хъуыст гъæм. Зæгъæм, гъам-расту иронау уыдзæн æм-раст. Ана. Скифаг æвзаджы ана — уыди грамматикон разæфтуан, уыди æппæрццæг мидис æвдисæг. Ирон æвзагмæ æрхæццæ æнæ ивдæй, хъуысы нæм æнæ: æнæкæрон, æнæвнæлд, æнæхæлд, æнæазым (æназым) æ. а. д. Ацы привативон хайыг баст цæуы йæ равзæрдмæ гæсгæ рагон ирайнаг привативон хайыгана-имæ. Сакты ’взаджы хъуысти ано æмæ анау. Согдаг æвзаджы фыст æрцыд «н». Абайты Васо йæ кæсы ан, на, йæ мидис уыди æнæ. Согдаг æвзаджы дзырдбастнср ирон æвзаджы хъуысы æнæсæр. Авестæйы æнæ фыст æрцыд æна. Арæхдæр æмбæлы вазыг- джын дзырдты, ирон æвзаджы куыд у, афтæ. Зæгъæм: ана- зада, иронау уыдзæн æнæ-зад, ана-хварда, ныртæккæ дзурæм æнæхæрд. Хайыг ана ис индоевропæйаг æвзæгты, ирон æнæ- йæн цы мидис ис, ахæмимæ. Андан зæгъгæ скифтæ хуыдтой æндон. Ацы дзырдæн стыр истори ис, бирæ адæмтæм ахызт скифтæй. Васо гуырысхо. кæнгæйæ зæгъы, кæд дамгъан+дану=йæрацыд. Гæнæн ис, æмæ скифты ’взаджы æлвæст æрцыдысты дыууæ дзырды: ана æмæ дан. Ана-йы тыххай чысыл раздæр ныхас цыд. Дзырд дан та рахызт дон-мæ. Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ ирон æвзаджы историон фонетикæйы домæнтæм гæсгæ фындзон мырты разæй тыхджын хъæлæсон а рахызт о-мæ. Уыцы хъуыддаг сси ирон æвзаджы фонетикон закъон. Афтæмæй рагон ирайнаг дан сси дон. Уымæ гæсгæ баззад Уæрæсейы стыр цæугæдоны ном Дон. Дзырд дон ма ис Уæрæсейы æмæ Украинæйы стыр дæтты нæмтты: Днепр, Днестр, Донай, Донец æмæ æндæрты. Дзырд андан арæх æмбæлы Танаисы эпиграфион фыстыты адæймаджы нæмтты. Зæгъæм: Анданак, ома андан-ак, æндан- æндон, ак та скифтæ ’мæ сæрмæттæн уыди патронимон суф- фикс, ома арæзта адæймаджы нæмттæ. Васо йæ хоны скифты 149
’ззаджы «визитная карточка». Анданма æмбæлы ахæм нæмтты: Асп-андан, Иас- андан-ак. Асп зæгъгæ скифтæ’хуыдтой саргъы бæх, ома хæстон бæх, ныртæккæ йæ дзурæм йæфс, дыгур та — æфсæ. Ном Аспандан амыдта «æндон бæхджын». Иннæ ном Абайты Васо хицæнтæ кæны ахæм къабæзтыл: и-ас—андан-ак. Разæй цыи ис, уый скифты ’взагæй дыгурон диалектмæ ’рхæццæ, ирон диалекты фесæфт. Дыгурон диалекты ныр дæр дзырдты разæй ис, ис ын грамматикон нысаниуæг: предметы бæрæггæнæг артикль. Зæгъæм: и хæдзари, и лæгæ ма и осæ «муж и жена». Ацы артикль и уыди нæ рагон хæстæджыты ’взæгты: хорезмты и, согды-иу, авестæйы та — йа. Номы дыккаг хай ас Васойы хъуыдымæ гæсгæ амоны скифаг знæмы ном ас, уырыс æй дзырдтой яс, гуырдзы та — ос. Ардыгæй рацыд нæ ном уырыс- сагау ос-ет-ин-ы. Номы иннæ хæйтты зонут. Ак Скифтæ ’мæ сæрмæттæм ацы дзырд амыдта нуазыны дон. Цæугæдон та хуыдтой дан, стæй дан рахызт дон-мæ, ома а фындзон мыр н-йы разæй ивта о. Ныртæккæ ирон адæм нал хицæн кæнынц цæутæдон æнæуи донæй, фæлæ скифаг дзырд ап бынтон нæ фесæфт. Баззад ахæм дзырдты: авг, æфсургъ (фæныкдон), æхсæрдзæн (раздæр хъуыст æф—сæрдзæн). Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ скифаг знæмты ныхасыздæхтыты дзырд ап хъуыст алыхуызæттæ: ап—аф—ав. Ахæм фонетикон хуызты æмбæлы, мæнæ дæнцæгæн цы дзырдтæ æрхастам, уыдоны дæр. Скифаг дзырд ап баззад Ирыстоны цæугæдоны номы дæр. Чи нæ зоны цæугæдон Æрæф (Ирæф)? Арæзт у: Ир æмæ æф- æй, Ир зæгъгæ нæ адæмы иу хай афтæ хуыйны. Скифаг ап та рахызт æф-мæ, афтæмæй Ирæф амоны Иры дон. Дзырд ап-ав—аф зæгъгæ ахæм фонетикон хуызты æмбæлы скифаг æмæ сæрмæттаг лæгты нæмтты. Зæгъæм, Ольвийы æрцыд фыст скифаг ном Ав-ниваз. Дзырд ниваз у мивдисæг нивазун- ы бындур, иронау хъуысы нуазын. Куыд уынæм, афтæмæй лæджы хуыдтой Дон нуазæг, ома дон йеддæмæ ницы нызта. Танаисы горæты дæр фыст æрцыд сæрмæттаг лæджы ном ацы дзырдимæ —Авдарак. Ацы номы равзарæн ис ахæм хæйттæ: ав-дар, ак патронимтæ аразæг суффикс. Æххæстæй Авдарак амоны дон дарæг. Æвæццæгæн уыцы лæг дæсны уыди бæхты рæгъæуттæн æмæ фосы дзугтæн хæрзхъæд дон дарынмæ. Апра. Ацы скифаг дзырды æрцыди ахæм фонетикон ивддзинæдтæ: мыр п раивта ф, æмхъæлæсонтæ пр баивтой сæ бынæттæ æмæ сæ рауад рф, а баззад йæ бынаты æмæ дзы рауад арф. Васо дызæрдыгæй фæрсæгау кæны, æвæццæгæн апра-йы радих гæнæн ис ап æмæ ра-йыл. Æмæ уæд ра цы у? Ис афтæ 150
хъуыды гæнæн: скифты фыдæлтæ уыдысты арийаг адæм, уыдо- ны ’взаджы уыди дзырд ра, амыдта цæугæдон. Арийаг адæмтæ незаманты, скифы разæй, цардысты цæугæдон Волгæйы был- тыл æмæ йæ хуыдтой. Ра. Уыцы хабар историйы бæлвырд у, ахуыргæндтыл дызæрдыг нал кæцынц. Кæд ацы хъуыдыйыл сразы уæвæн ис, уæд дзырд апра амыдта арф цæугæдон. Ва- сойы хъуыдымæ гæсгæ дзырд апра баззад цæугæдон Днепр-ы: дан—апр, ома арф дон. Скифты рагфыдæлы ном Ариоксаис дæр арæзт у дыууæ хайæ: аира—хсайæ, афтæ сраст кодта ра- гон бердзенаг фыст Васо. Амыдта Днепры хицау, Нарты кад- джыты йæ хонынц Донбеттыр. Ардар. Скифаг адæм афтæ хуыдтой æлдар. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ ацы дзырды æрцыди ахдгм фонетикон ивддзинæдтæ: æрдар рагон ирайнаг æвзаджы хъуыст арма— дара, амыдта «арм дарын», аланты ’взаджы та хъуыстарм-дар, стæй ар-дар æмæ ала-дар, ныр хъуысы æлдар. Алайнаг æвзагæй бацыд венгриаг адæммæ, дзурынц æйаладар, мангол та йæ ирон адæмы хуызæн дзурынц: алдар. Бирæ скифаг æмæ сæрмæттаг лæгты нæмтты æмбæлы. Нæ фыдæлтæм ын æндæр мидис уыда- ид. Уыдон хæстон адæм уыдысты æмæ сæ хæстон раздзæуæ- джы, Зевæццæгæн, хуыдтой ардар. Дзырд уыцы мидисимæ ба- цыд манголмæ. Арна. Ацы скифаг дзырд уыди рагон индийаг æвзаджы, фыст æрцыд арана, авестайы та аируна æмæ рына дæр, амыдта «хъæддаг». Нырыккон ирон æвзаджы хъуысы æрнæг, йæ бын- дуры ис æрн, цæуы скифаг арна-ма, æг та суффикс у. Скифтæм уыди лæджы ном Арнак, ома хъыхъаг. Арша зæгъгæ скифтæ хуыдтой арс. Ацы дзырдæй нæмттæ арæзтой скифтæ, æфтыдтой ма йæм патронимон суффикс ак: Аршак, иронау хъуысы арсæг, стæй дзы равзæрд мыггаг Арсæгтæ. Парфиæгтæм уыди паддзæхты династи — Аршакидтæ, уыди сомихмæ дæр ахæм мыггаг. Дзырд арс — арша уыди ин- доевропæйаг æвзæгты. Нæ баззад нырыккон славянты, балты æмæ гермайнаг æвзæгты. Васойы хъуыдымæ гæсгæ уыцы ’взæгты арсы ном тобæгонд æрцыд, уымæн æмæ уыцы сырдмæ кувгæ кодтой æмæ йæ ном дзурæн нæ уыд. Зæгъын ма хъæуы иу хъуыд- даджы тыххæй. Скифтæм æмæ иннæ рагон ирайнаг адæмтæм уыди ноджыдæр иу дзырд арша, æцæг ацы дзырды кæрон цы а ис, уый тыхджын мыр уыди, фыстыты йын йæ сæрмæ чысыл хахх вæййы. Йæ мидис уыд нæл, нæлгоймаг (мужчина) авес- тæйы хъуысти аршан, ирон æвзаджы нæ баззад. 151
Арта иронау хъуысы ард. Скифтæм, сæрмæттæм æмæ алантæм стыр кад уыди ацы дзырдæн. Ныр дæр ма ирон адæм скифты хуызæн ард хæрынц. Дыгур æй нырдæр дзурынц скифтæм гæсгæ — арт. Дзырды кæрон уыд лæмæгъ хъæлæсон а æмæ ахауд. Уыди рагон ирайнаг æвзаджы, фыст æрцыд арта, еогдаг æвза- джы хъуыст арт, авестæйы та аша. Васойы хъуыдымæ гæсгæ аша рацыд арта-йæ. Авестæйы йын уыди культ, ома уæлдай нымад цыд иннæ хуыцæутты, зæдты ’мæ дауджыты ’хсæн. Дзырдартауыди рагон индийаг æвзаджы, хъуыстирта, амыд- та «священный». Бацыди гуырдзиаг æмæ сомихаг æвзæгтæм, æвæццæгæн, алантæй. Рагон славяйнаг æвзаджы дæр уыд дзырд рота, ома «клятва»! Ацы славяйнаг дзырды мыртæ зыгъуым- мæты сысты æвæрд, скифтæй айстаиккой ацы дзырд. Дзырд арта-йæ бирæ уыдис адæймаджы нæмттæ скифтæм æмæ ирай- наг адæмтæм. Аспа. Скифты’взаджы аспа амыдта бæх. Скифтæ, сæрмæттæ ’мæ алантæ хæстон адæм уыдысты, фистæг æфсад сæм кад- джын нæ уыд, фæлæ бæхджын. Уыдонмæ уыди сæрмагонд хæстон бæхы мыггæгтæ. Византийы æмæ Ромы императортæ æххуырстой скифты, сæрмæтты ’мæ аланты бæхджын æфсæд- донты, уымæн æмæ арæхстджын уыдысты хæсты сæ бæхтимæ. Уыцы хабæрттæ хъуыстгонд сты рагон историкты фыстыты. Скифаг дзырд аспа нæ фесæфт, баззад ирон æвзаджы, æцæг йæ мидис аивта: йæфс, дыгуронау æфсæ. Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ скифаг æвзаджы райдыдта ивын мыр п ф-йæ. Цы нæмттæ сæ баззад фыстæй, уыдоны ис п æмæ ф дæр. Зæгъæм: Аспак, арæзт у: асп+ак, Æфсоргъ та афса+угра, ома хъару- джын, фæразон бæх. Дзырд аспауыди æмæ ныр дæр ис ирайнаг æвзæгты сеппæты дæр: перс æй дзурынц асп, курдтæ гьасп, белуджтæ апс æмæ гъапс, афгантæ аспа хонынц йæфс, бæх та ас, согдаг адæм, нæ рагон хæрз хæстæджытæ йæ дзырдтой асп, фыст æрцыд сп. авестæйы та — аспа. Рагон персайнаг æвзаджы уыд фыст аса æмæаспа (уваспа), рагон индийаг æвзаджыасва. Памиры хæхты цæрджыты ’взæгты дæр, ирон æвзаджы хуызæн, дзырды разæй фæзынд мыр й: ваханты — йаш, мунджанты — йосп, ишкашим- ты — йасп, ормурты — йасп æ. а. д. Профессор Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ ацы дзырды разæй мыр й фæзынд æрцавды домæнмæ гæсгæ. Не ’взаджы ма ис афтæ арæзт дзырдтæ, зæгъæм: йæхс дыгуронау хъуысы æхсæ. Афтæ бафæрсæн дæр ис: кæд аспа — æфсæ нæхи рагон дзырд у, уæд нæм дзырд бæх та кæцæй фæзынд? 152
Истори куыд амоны, афтæмæй нæ фыдæлтæ цардысты Ас- тæуккаг Азийæ — Аралы денджызы кæронæй суанг Донайы доны былгæрæттæм, ахстой Кавказы дæлвæзтæ дæр. Раздæр æй загътам, скифтæм, сæрмæттæм æмæ алантæм уыди сæрма- гонд хæстон бæхты мыггæгтæ. Хъуыстгонд советон историк профессор С. П. Толстов фыс- та, зæгъгæ тукменты этногенезы æмбис хай уыдысты алантæ, хуыдтой сæ алан-алам, олам, стæй йомуттæ. Уыдонмæ уыди сæхи бæхты мыггаг, ныртæккæ уыцы мыггаг хонынц «ахал- текинская порода» (ВДИ, 1941, № 1, 155—184 ф.) Хурныгуылæнмæ цы алантæ ацыд, уыдонмæ дæр куыннæ уыдаид сæхи хæрзхъæд бæхты мыггаг, фæлæ историйы бамынæг. Кавказаг алантæм дæр уыди сæхи бæхты мыггаг, хуыдтой сæ «саулох бæхтæ». Уыцы бæхты мыггаг баззад кæсæгмæ. Афтæ уымæн рауад, æмæ тæтæр æмæ мангол, стæй Тамерлан куы ’рбабырстой Кавказы быдыртæм, уæд алантæ цагъды фесты. Чи ма сæ аззад, уыдон сæхи айстой бæрзонд хæхты цъассытæм. Цæгат Кавказы быдыртæ куы сафтид сты алантæй, уæд сæ зæххытыл æрцардысты кæсæг. Алантæй ма дзы чи баззад фæскъуымты, уыдон куыдфæстæ скæсгон сты, æмæ аланты бæхты мыггаг нымад æрцыд кæсгон бæхты мыггагыл. Саулохты бæхты мыггаг кæсæг схуыдтой Шоулох. Хæхтæм цы алантæ аирвæзт, уыдоны сæ хорз бæхты мыгга- джы мæт нал уыд, стæй хæхты къуыппытыл кæм уыд дарæн дугъон бæхтæн! Афтæмæй ирон адæмæй ферох сæхи бæхты мыггаг. Англисаг профессор, иранист Гарольд Бейли разы нæ уыд дзырдбæх-ы равзæрд иннæ ахуыргæндтæ куыд æвзæрстой ууыл. 1980 азы Лондоны ныммыхуыр кодта вазыгджын зонадон куыст Нарты æвзаджы тыххæй: «Оссетик (Нарта) — хъайтарон æмæ эпикон поэзийы традицитæ». Профессор Гæбæраты Ни- къала уыцы куыст ратæлмац кодта англисаг æвзагæй æмæ йæ фиппаинæгтимæ ныммыхуыр кодта журнал «Фидиуæджы» (1986 азы, № 1 æмæ 2). Уыцы куысты (2 -аг номыры 91 ф.) Бейлибæх æвзары рагон ирайнаг æвзагæй, хъуысти дам вак, стæй раивта ваха-мæ, ваха-йæ рацыд комкоммæ ирон дзырд бæх. Ахæм хуы- зы дам уыди сакты ’взаджы дæр, йæ мидис уыд «цырд», ома дугъон бæх. Кавказаг адæмтæм бацыд алантæй. Ашта. Ацы скифаг дзырд æмхуызон хъуысы рагон ирайнаг ашта-имæ, йæ нысаниуæг у нымæцон аст (8). Нымæцонашта ис иннæ ирайнаг æвзæгты дæр: ирон æвзагмæ йæ равзæрдмæ гæсгæ æппæты хæстæгдæр у йагнобаг æвзаг, баззад согдаг æвзагæй, 153
хъуысы сæм ашт, хорезмаг æвзаджы — ашт, авестæйы — ашта-, рагон индийаг æвзаджы — аста, памираг æвзæгты хъуысы уаст, ат. Куыд уынæм, афтæмæй скифаг дзырд ашта йæ хуыз нæ аивта. Бор. Бердзенаг хроникæты ацы скифаг дзырд фыст æрцыд дыууæ хуызы: бор æмæ бора. Æвæццæгæн скифаг æвзаджы номдарты фæстæ лæмæгъ мыр а сæфын байдыдта, афтæ хъуы- дыгæнæн ис бор-ы фыстмæ гæсгæ. Дыгур æй дзурынц бор, ирæттæ та — бур. Йæ мидис бæрæг у ирон æвзаджы, фæлæ дзы скифтæ æндæр мидис æвæрдтой. Дзырды уыдис цыдæр мифо- логон тæфаг, уымæ гæсгæ йæ скифтæ тынг нымадтой. Нарты кадджыты ис мыггаг — Борæтæ, ис дзы ном Бурæфæрныг, зын- джы Хуыцауы ном дæр арæзт уыд дзырд бор — бур-æй: Бур Æртхурон. Нæ рагон аргъæутты фембæлæн ис хоры зайæгхалы бардуа- джы ном Бурхорали-йыл. Бор—бур-æй бирæ дзырдтæ арæзт æрцыд ирон æвзаджы. Зæгъæм: бурхил, Бурчызг (ном), бурдæн дыгурон диалекты амоны тымыгъ «метель», бурдым зæгъгæ та цыдæр цъиу хонынц, бурæмæдз — борæмæдз зæгъгæ Нарты кадджыты хонынц цыдæр сасм, бурхор — еу, дыгуронау фагæ, бурхил, бурæгъæд æ. а. д. Скифтæм бирæ уыд лæджы нæмттæ дзырд бор-æй арæзт, зæгъæм: Борак, Бор, Борис. Зæгъын хъæуы уый, æмæ рагон бердзенаг фыстыты дзырд бор æмбæлы ахæм фонетикон хуыз- ты дæр: бор — бур, бора — бура. Ацы дзырд уыцы фонетикон хуызты баззад ирон æвзаджы ныхасыздæхтыты. Академик Все- волод Миллер бор — бур, борæ — бурæ иу дзырд хоны (кæс йæ чиныг: Язык осетин, 166—167 ф.). Профессор Жорж Дюмезиль 1965 азы францаг æвзагмæ ратæлмац кодта æмæ ныммыхуыр кодта ирон Нарты кадджытæ. Васо уыцы тæлмацæн стыр аргъ скодта. Дюмезиль дæр дзырд бор — бур, борæ — бурæ нæ хицæн кæны, тæлмац сæ ракодта иу дзырд «желтый»-йæ. Абайты Васо дæр, цы дзырдтыл ныхас цæуы, уыдон иу хоны, амоны сæ иу уырыссаг дзырдæй — желтый. Бор — борæ, бур — бурæ ирон рагон дзырд кæй у, ууыл ахуыргæндтæй ничи дызæрдыг кæны. Фæлæ фæзынд æндæр хъуыды дæр. Æркæсæм æм лæмбынæг. 1968 азы Гуыриаты Тамерлан Цæгат Ирыстоны зонадон—ир- тасæн институты уацмысты XXVII томы ныммыхуыр кодта сæрмагонд уацхъуыд: 0 происхождении и значении сочетания «Бурæ нæл фыс» в осетинском языке. Фразеологон дзырдбаст бурæ нæл фыс, дыгуронау борæ нæл фус хъуыстгонд у ирон æвзаджы, фæлæ дзы адæм арæх нал пайда кæнынц. Нарты кад- джытæ ’мæ ирон рагон аргъæутты арæх æмбæлы ацы дзырдбаст. 154
Тамерлан йæ уацы быцæу кæны стыр ахуыргæндтимæ — Всеволод Миллеримæ, Жорж Дюмезилимæ, Абайты Васоимæ. Уыдон дзырд бор — борæ, бур — бурæ æмбарынц куыд жел- тый». Тамерлан уыдоны хъуыды хоны «недоразумение» (28 ф.), уымæн æмæ дзырд бор — борæ — бур — борæ кæйдæр æвзагæй æрбайсгæ хоны, комкоммæ зæгъгæйæ та — мангойлаг æвзагæй. Диссаг уый у, æмæ раздæр раст загъта: «бурæ (борæ) нæл фыс» у, ахицæн кæмæн нæй, ахæм фразеологон дзырдбаст, ома дзырдтæ иууылдæр иумæ æвдисынц иу мидис «хæрзхаст». Фæлæ дарддæр йæхæдæг йæхи ныхас ферох кæнгæйæ, райдыд- та алы дзырды дæр хицæн кæнын æмæ хицæнтæй æвзарын. Афтæ уымæн кæны, æмæ йæ фæнды, цæмæй йыл адæймаг баууæнда, дзырд борæ (бурæ) ирон кæй нæу, фæлæ мангойлаг æвзагæй кæй у, уый тыххæй. Æрхæссæм ын йæхи ныхæстæ: «Ключ к разгадке тайны происхождения и значения слова «бурæ нæл» мы находим в монгольском языке. Оказывается, осетинское «борæ—нæл», «бурæ—нæл» восходит к монголь- скому «бордмол», со значением «откромленный». Средневе- ковые осетины (аланы) должны были первоначально усвоить монгольское слово «бодмол» в форме «бордмæл» или «борднæл», т. е. первый слог должен был остаться без измене- ния, т. к. в монгольском языке ударение всегда падает на пер- вый слог. Но осетинский язык избегает стечения нескольких согласных. Ср. например: «хуыздæр» из «хуæрздæр», «æркъух» из «æрмкъух». Поэтому выпадение «д» в заимствованном слоге «бордмол» и заполнения зияния слабым «æ» представляется вполне закономерным явлением. Однако новое трехсложное слово не имело «внутренней формы», а язык стремится обыч- но к «осознанию» непонятных слов и форм. Так создалась возможность «осознания» нового слова путем расщепления одного цельнооформленного слова на два самостоятельных: «борæ» и «нæл», т. е. произошло коррелятивное изменение. Исторически переход «бордмол» в «бурæ-нæл» представля- ется в следующем виде: «бордмол — бордмæл — борæ нæл- бурæ нæл» (30 ф.). Чиныгкæсæг, цымæ дæ бауырныдтой Тамерланы ныхæстæ ирон дзырдбаст бурæ нæл фыс мангойлаг æвзагæй ист æрцыд, зæгъгæ, уый? Нæ бауырныдтой Тамерланы ныхæстæ ирон ахуыргонд Ко- читы К. К. æмæ ныффыста арф зонадон куыст «К вопросу о пережитках культа барана у осетин».— ИЮОНИИ, XXXII рауагъд, 1988, 71—79 ф. Цыбырæй байхъусæм авторæн йæхимæ. 155
«В честь детей осетины откармливали барана к празднику Цыппурс»... В качестве наилучшей жертвы в религиозных тек- стах упоминается бурæ нæл фыс или бурæхъус нæл фыс. Сак- ральная чистота жертвенного животного подчеркивается его цветом; в зороастрийской традиции, берущей свое начало в древнеиранских религиозных верованиях, к которым восходит в значительной части и осетинские народные верования, жи- вотное такой окраски считалось особо чистым с ритуальной точки зрения. Таким образом, представление об особой из- бранности и чистоте бурæ нæл фыс уходит во времена весьма древние» (72—73 ф.). Æцæг ахуыргонд ракъахы рагон историон сусæгдзинæдтæ зонадон домæнтæм гæсгæ, мæнæ Кочийы-фырты хуызæн, æмæ йыл баууæндæн вæййы. Профессор Абайты Васо комкоммæ загъта дзырд бур-бор-бурæ—борæ баст у рагон хуымæтæг дины хъуыдытимæ. Скифтæм дзырд бор (борæ) кадджын уыд, амыд- та Хуыцауæн кувинаг. Нывонд ын кодтой фыс æмæ йæ хуыд- той бурæ (борæ) нæл фыс, ома нывонд хæрзхаст фыс. Бурæ нæл фыс мангойлаг æвзагмæ ницы бар дары. Тамерланы æвзæрст тыхми у æвзагæн. Чарма скифаг æвзаджы амыдта царм. Скифтæ, сæрмæттæ, алантæ фосы куыст уарзтой, уымæ гæсгæ дæсны уыдысты цар- мы куыстытæм, цармæй арæзтой алыхуызон кусæн дзаумæттæ, къахыдарæс, рæттæ, зæнгбæттæнтæ, саргъы æмæ кусæг бæхтæн алыхуызон фæлындæнтæ. Нæ фыдæлтæм цармыкуыст чи код- та, уыдон кадджын уыдысты. Танаисы фыстмæ гæсгæ алантæм уыд лæджы ном Чармак, ома «Кожевник». Ном арæзт у: чарм+ак. Чарм ныртæккæ ирон æвзаджы хъуысы царм, ак уыд ном аразæг суффикс. Скифаг дзырд чарма хæстæг лæууы йæ фонетикон хуызмæ æмæ мидисмæ гæсгæ рагон ирайнаг æвзæгтæм: рагон персайнаг æвзаджы хъуысти чарман, рагон индийаг æвзаджы дæр чар- ман, авестæйы чарыман, пехлевиаг æвзаджы — чарм, согдаг адæм æй дзырдтой чарм (чрм), сактæ — царман, хорезмæгтæ — царм. Ацы дзырд уыди рагон славянты æвзаджы дæр, фыст æрцыд чремъ, амыдта цатыр. Славянтæ йæ хъуамæ скифтæй кæнæ сæрмæттæй райстаиккой. Даса авестæйы дæр хъуысти даса, ныртæккæ йæ дзурæм дæс (10). Скифаг нымæцон дасауыди индоевропæйаг æвзæгты. Зæгъæм, рагон индийаг æвзаджы даса, сакты ’взаджы дасау, ягнобты ’взаджы — дас, согдаг — дас (дс), персайнаг æмæ пехлевийаг 156
æвзаджы дзырды кæрон с-йы бæсты ис мыр гъ: дагъ, бердзенаг æвзаджы — дека, латинаг — децем, уырыссаг — десять. Ва- сойы ныхасмæ гæсгæ дзырд даса скифаг æвзагæй бацыд фин- но-угройраг æвзæгтæм: коми йæ дзурынц дас, удмурттæ дæр дас. Двара зæгьгæ хъуысти скифаг æвзаджы дзырд дуар. Ирай- наг æвзæгты сеппæты дæр ис ацы дзырд чысыл фонетикон ивддзинæдтимæ: рагон ирайнаг æвзаджы уыд дзырд двар, пер- сайнагæу — дар, пехлевийаг æвзаджы дæр афтæ хъуыст, рагон индийаг æвзаджы — двар, авестайы — двар-, ягнобаг æвзаджы — дивар, памираг æвзæгты: дивар, дева, дывор, дывюр, дывур æмæ а. д. Рагон славянты æвзаджы фыст æрцыд двърь, уырыс- саджы хъуысы дверь, двор. Ацы дзырд ис иннæ индоевропæйаг æвзæгты дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ скифаг æвзаджы æмæ иннæ ирайнаг æвзæгты ацы дзырды ис мыр в: двара, дивара æмæ уырыссаг дверь. Уыцы мыр ирон æвзаджы раивта æрдæгхъæлæсон сонант у, уымæ гæсгæ скифаг дзырд двара дзурæм дуар. Федан. Ацы дзырдыл сæмбæлæм иу лæджы номы Танаисы — Феданак. Феданскифтæ ’мæ сæрмæттæ куыд дзырдтой, афтæ дзурынц ныр дæр дыгур, ирæттæ та фидæн. Дзырды бындур у фед, ан та суффикс, мивдисæджы бындуримæ амоны рæстæг, иронау хъуысы æн. Дзырд федан — федæнамоны суинаг рæстæг, ома фидæн. Васойы хъуыдымæ гæсгæ гæнæн ис, æмæ федан рацыд мивдисæг фидын — федун-æй, ома рæстæгмæ гæсгæ хæс фидын. Скифтæ ’мæ сæрмæттæ сæ хæстон балтæн мызд фыс- той фидæны, ома стæры, хæсты фæстæ. Федан рагон ирайнаг дзырд у, бирæ фонетикон ивддзинæдтæ дзы æрцыд, йæ бынду- ры дам уыд пати — дан амыдта æфстау дæттын, кæнæ хæс æххæст кæнын. Фарзев зæгъгæ фыст æрцыд скифаг дзырд бердзенаг дамгъæтæй. Дзырды кæрон æрдæгхъæлæсон мыр у-йы бæсты ныффыстæуыд в. Васо ацы дзырды тыххæй афтæ загъта: «Фарзеу, хотя этимология не вполне очевидна, разительное совпадение с дигорским фæрзеу «угощение», «хлебосольст- во», «хлебосольный» дает право включать это имя в наш глос- сарий». Васо афтæ æвзары ацы скифаг дзырд: фæр æмæ зеу. Дзырд фæр рагон ирайнаг æвзаджы хъуыст пара, зеу та ныр дæр дыгуронау афтæ хъуысы, иронау — зиу. Йæ мидис æххæстæй у: зиуы фæстæ минас, дыгуронау — фæрзе. Ацы скифаг дзырдмæ гæсгæ зæгъæн ис, æмæ скифтæ, сæрмæттæ дæр арæзтой зиу, стæй уыдысты къæбæрдæттон. Куыд 157
уынæм, афтæмæй нæ хорз æгъдæуттæй иу баззад нæ рагон фыдæлтæй. Памиры хæхты цæрæг чысыл адæмтæм ныр дæр кадджын у зиу, дзурынц æй гъзей — гъзиу — гъзаиу. Уырыс æй хонынц помочь, толока. Гау. Скифаг æвзаджы ацы дзырд амыдта «корова», «бык», ома стур. Скифтæ ’мæ сæрмæттæ фосдарæг адæм кæй уыдыс- ты, уый хорз сбæлвырд кодтой историктæ ’мæ археологтæ. Скифаг дзырд г’ау ныртæккæ дыгуронау хъуысы гъог, иронау та хъуг. Профессор Абайты Васойы иртæстмæ гæсгæ гау-гъог рагон ирайнаг æвзаджы фыст æрцыд куыд гау-ка кæнæ гава- ка, йæ бындур уыди гау, индоевропæйаг æвзаджы та гоу. Ис ирайнаг æвзæгты сеппæты дæр чысыл фонетикон ивддзин- æдтимæ. Нæ хæрз хæстæджытæ согдаг адæм æй дзырдтой гъау, сæ фæстæ цы йагнобаг адæм баззад, уыдон та — гъоу, сакты ’взагæй фыст æрцыд ггугъи (ам дыууæ гг-йы мыр г æвдисынц), хорезмæгтæм хъуыст гъок, авестæйы фыст æрцыд — гав, афтæ хуыдтой стур, рагон персайнаг æвзаджы — гау, рагон индийаг æвзаджы уыди дзырд го, гау, гав, амыдта стур, хъуг. Ирон æвзаджы скифаг мыр г рахызт хъуырон мыр хъ-мæ кавказаг кæнæ тюркаг æвзæгты руаджы. Гауна зæгъгæ скифаг адæмтæ хуыдтой къуымбил æмæ хъуын. Скифтæ фосдарæг кæй уыдысты, уый дæр ацы дзырд æвдисы. Скифаг дзырд гауна куыд хъуысти, афтæ йæ дзырдтой рагон ирайнаг адæм дæр. Авестæйы фыст æрцыд гаона зæгъгæ. Ацы дзырд ис иннæ ирайнаг æвзæгты дæр. Сакты ’взаджы уыд дзырд ггуна, рагон персайнаг æвзаджы —гауна, персайнæгтæ йæ дзу- рынц гун, афгантæ — гъуна. Ирайнаг, ома скифаг æвзагæй бацыд финно-угойраг æвзæгтæм, коми æмæ удмурттæ йæ дзу- рынцген. Ахуыргæндтæ уырыссаг дзырдтæгуня— зæронд кæрц æмæ гунявый «облысевший» бæттынцгауна — гъун-имæ. Гуыр- дзиаг ахуыргонд, иранист Мзия Андроникашвили дзырд гъун, иронау —хъуын, ссардта гуырдзиаг дзырдыда-хъвен-а, амоны «постричь», «побрить». Йæ хъуыдымæ гæсгæ, аланты ’взагæй бацыд гуырдзиаг æвзагмæ. Фисты куыстмæ нæ рагон фыдæлтæ дæсны кæй уыдысты, уый историктæ ’мæ археологтæ сбæлвырд кодтой. Дзырд гау- на-гъуны истори та ноджыдæр фидар кæны уыцы ахуыргæнд- ты хъуыдытæ. Уыдзæн ма.
ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ ДЖЕХ æмæ ДЗÆГЪГЪО ГУЫБАТЫ ХÆРÆФЫРГГÆ Фысджыты цæдисы Хæблиаты Сафары кусæнуаты бадынц цалдæр лæджы. Сæ иу: — Абон «Рæстдзинады» туркаг иронæн цы дзæбæх таурæгъ рацыд! Иннæ: — Æмæ зноны номыры Тыджыты Юрий цы стыр цикл рау- агъта æмдзæвгæтæ, уый та! Уæд дын Сафар афтæ зæгъы: — Æвæдза, Гуыбаты мыггагæн хæрæфырт диссаджы сгуы- хаг у: уый дын æмæ Къоста — Гуыбаты хæрæфырт, Нигер — Гуыбаты хæрæфырт, Тыджыты Юрий — Гуыбаты хæрæфырт, Бирæгъты Андрей — Гуыбаты хæрæфырт... ÆВДИСÆН Фыссаг Ц. Михаил йæ кусæнуаты фæхыл критик Дж. Хазби- имæ, суанг æй цæвгæ дæр цыма ныккодта (æви йыл цыдæр фех- ста йæ бынатæй). Хазби йыл бахъаст кодта. Бавдыста, уаты ма С. Саламджери дæр (фысджыты цæдисмæ бацæуынхъус автор) кæй уыд: уый дам алцыдæр федта, фехъуыста. Æвзарынц хъаст бæрнон адæм. Фæрсынц Саламджерийы: — Куыд уыдис хабар? — Æз куы ницы федтон. — Ау, куыд ницы федтай, уым сæ цуры диваныл куы бадтæ?! — Æз мæ туфлийы бос бастон, уымæ æргуыбыр дæн æмæ ницы федтон. 159
ИСТОРИОН ХАБÆРТГÆ Герберт Уэллс æмæ йе ’рдхорд, къуыри иу хатт чи цыд, ахæм газет уагътой. Æрмæстдæр сын æй цыппар лæджы рафыстой. Иуахæмы дын сæ редакцийы рудзгуыты бынты мæрддзыгой адæм уæлмæрдмæ фæцæуынц. Герберт удаистæй афтæ бакодта: — Уæ, Хуыцау, нæ газет нын чи рафыста, уыдонæй йæ иу ма фæкæн! Денис Фонвизин ма комедитæй уæлдай фыста сатирикон æмдзæвгæтæ æмæ эпиграммæтæ дæр, стæй уыд тынг дзырд- арæхст. Иухатт дын æй чидæр бафарста: — Адæймаг æмæ хайуан кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц? — Бирæ цæмæйдæрты! Хайуанæй адæймаг никуы рауайдзæн, адæймагæй та, уæлдайдæр бирæ мулкджынæй, тынг арæх дæр ма! — загъта Денис. 160