Текст
                    Ф Е В Р А Л Ь
ЖУРНАЛ ЦÆУЫ
1927 АЗЫ ЯНВАРÆИ
АИЬ-ЛИТЕСАТУРОН ÆМÆ
ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН
ÆРВЫЛМÆИОН ЖУРНАЛ
ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ
ХУССАР ИРЫСТОНЫ
ХАИАДЫ ОРГАН
НОМЫРЫ ИС
ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН — Ног æмдзæвгæтæ ... 3
КЪÆБЫСТЫ ЗАУЫР — Куы дын уа зын (новеллæ) . . 9
ДЖЫГКАЙТЫ ШАМИЛ — Хъодыгонд зæд (æртæархайдон дра-
мæ) 21
ХАЦЫРТЫ СЕРГЕЙ — Хосдзау (кадæг) ... 40
ГАГЛОЙТЫ ГРИГОЛ —Хæсты стъæлфæнтæ (салдаты бонæгæй
скъуыддзаг) .... 45
КЪОБЕРИДЗЕ ВАХТЪАНГ —Æмдзæвгæтæ ... 61
ЛИТЕРАТУРÆЙЫ МЕРИДИАНТÆ
Мусæ Джалилы гуырæн бонмæ
АИВАД
64
67
ЦÆЛЫККАТЫ МАИРБЕГ —Мæ фæндиæгтæ
КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ
ТЕДЕТЫ ГЕРАС — Поэты прозаикон чиныг ... 74
ТМЕНАТЫ ВИТАЛИ — Тырсыгом 77
ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР — 20—30-æм азты литературон-критикон
уацты иуæй-иу жанрон сæрмагонд-
дзинæдты тыххæй 80
ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА— Ног ныхас нарты тыххæй 87
ДЫГЪУЫЗТЫ ХЪАЗБЕГ —Алан æмæ Византи Юстинианы ду-
джы . . . . 93
19 — ЦХИНВАЛ — 8С


ФЙДИУАГ ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ Н ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИИ ЖУРНАЛ Орган Юго-Осетинского отделения Союза пнсателей Грузии оэооооосххххахххюсхос^^ зсазосгшзо’эло сгобЗАдМА’Зсг-аьйдЗА’эвго од ьбша^сао^АОз-лсавгоАо^’эло ЯЭА5:>«?0 ^дз’Во^оЬ ЬаЗЬЛдоо тЬзотоЬ СÆИРАГ РЕДАКТОР ГАГЛОЯТЫ ВЛАДИМИР РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ: ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН ДЖУСОИТЫ НАФИ ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ МÆРГЪИТЫ КЪОСТА ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бжрнон секретарь) ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД РЕДАКТОРТÆ: БАХЪАТЫ НУГЗАР ХАЦЫРТЫ СЕРГЕЙ ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН Техредактор Куымæридтаты Офелия Корректор Болататы Леи» Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ н» датты, Сдано в набор 20. I 1986 г. Подписано к печати 19. II 1986 г. Учетно-изд. л. 6,< Формат бумаги 70x108716. Печатных листов 8,9. Заказ типографии № 150. ЭТ 00203. Тираж 4488. Адрес типографии: г. Цхинвали, ул. Московская, 5. Тел.: 2-42-25, 2-22-24. Аярес редакции: г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Тел.: 2-22-65, 2-22-60.
ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН ПАРТИЙЫ ПРОГРАММÆ Партийы Программæ айтыгъди мæ разы, Чи бахсыст, æндонау, ленинон куырдадзы. Рухс бæрзæндæй сиды царды тохы карзмæ, Фарны хъæлæс зæлы, базыртæ ныл садзы. Уый хæларæн цин у, карды цæф — æзнагæн, Денджызау йæ хъомыс парахат æвдисы. И’ алы рæнхъ ысгуыхы фидæнмæ фæндагæн, Æмæ йыл нæ бæллиц атындзы фæдисæн. Барджынæй, æвронгæй бацæудзæни Съездмæ, Не ’нтыстæн—æрвайдæн, бархъомыс —нæ фæндтæн. Фæлæ мах нæ царды хиуылæввæрст не стæм, Хурæргом къуыхцытæ аууонæн нæ дæттæм. Рымысинаг— бирæ, саразинаг— бирæ, Хъуамæ иумæ калæм зиугуыстй нæ зынг хид. Хъуамæ нæм йæ амонд бавзара лæг-бирæгъ, Кæд-нæ фосы дзугтæй тохъылтæ нæ чырхид!.. Хъуамæ алчи сраст уа НАМЫСЫ тæрхоны, Адæмæн æрмæстдæр араза хæрзиуæг, Иумæйаг куывды-иу мачи сæтта хом гуыл, Фесæфой нæ цардæй сайын æмæ зивæг! Партийы Программæ айтыгъди мæ разы, Фарны рухс бæрзæндæй царды тохмæ сиды. Фидæн мæм йæ фæрцы хурджындæрæй разынд Æмæ та мæ зæрдæ цины зынджы ’хсидьь 1985. ЛЕНИНЫ УЫНГ Нæ горæты Ленины уынгæй Уæрæхдæр нæ фенди, нæма и. Фæрсæй-фæрстæм ууыл æмдынгæй Хæдтулгæтæ фезгъорынц аив. Иæ фидыц — сæ сафæг нæ зынтæн — Къæвда уа, гъе, ирд бон — нæ сафы. Уым электрон-цырагъ йæ тынтæ Æхсæвыгон, хурау, фæуафы. Мæ куыстмæ æз ууылты уайын, Нæ хæдзармæ ууылты здæхын. Йæ рæгъ-рæгъы бæлæстæй райын, — Мæ зæрдæ, цæргæсау, ыстæхы. 3
Æз Ленины уЫнгьтл Нæ Цудын, Æз Ленины уынгыл — фæндараст. Мæ зæрдæ мæхиуыл нæ худы, Сыгъдæг у мæ намыс, мæ дарæс. Фæлæ дзы куы ’рцæуы авари, Куы ’рхæссынц цъæхрасыг сæ сæрмæ, — Мæ зæрдæ мын фехсыны уари, Фæкæнын Ильичæй æфсæрмы. Гъе искуы йæ лæгъз тротуартыл Куы фенын хылычъы-кæритæ, — Мит уары мæ къонайы артыл, Мæ хæзнайæ сæфы зæринтæ... О, Ленин, дæ фарнæй фæцух уон, . Фæхуыйнон æвзæрæй æвзæрдæр, Кæд искуы дæ «уынгыл» фæцудон, Мæхиуыл фæхуда мæ зæрдæ! " СИМДЫ КАФТМÆ КÆСГÆЙÆ ’ Иугæр цæст ныдзæвы симдыл, Уымæй нал ары æфсис, — Зæрдæ, зæрдæ, рай, æфсин дын Уæлæ хурзæрин ыссис. Иугæр цæст ныдзæвы симдыл, Хъуысы цины хъæртæ, бис, — Ир цæмаей уа, сагау, сиуджын, Уый йын аивадæй ис. Иугæр цæст ныдзæвы симдыл, — Денджызау ивылы ’фсарм, Фидæн мæм йæхимæ сиды, Ивгъуыд мыл æвæры й’арм. Иугæр цæст ныдзæвы симдыл, — Хурæргом дæ фæнд æвдис. Амонд мæм кæй худдзæн мидбыл, .Уымæй мæн егъау ныфс ис. Бацыдтæн мæхæдæг симды — Зарæг мæ фæнды фыссын, Фæлæ... фырмæстæй æхсидын — Музæ не сгуыхы фысым... Уæд мæнг дзырдтæ та нывæндын Нæу поэтæн æрдзæй хæс- Ахæм уысм лæджы æрфæнды Феста базырджын цæргæс. Фæлæ уымæ дæр æвдæлон Ныр, цы йæ ’мбæхсон, нæ дæн. Симд — æвæджийаг, фыдæлон — Уацары фæкодта мæн. Уд зæдон рухсы тæмæны Калы дидинæг, æфсир.
Оххай, дунейыл цæмæн и Саузæрдæ, фыдуынд, гуымир?.. Уадз, æрдзвæлдыстады ’ппæт дæр Симдау уа уæздан, рæсугъд. Уалдзæг малусæджы спæрттау, Суадонау дзæнхъирд, фæрсыгъд! ...Иугæр цæст ныдзæвы симдыл, Уæд æхсаргардыл хæст дæн: Æз Хызы быдырмæ сидын Саузæрдæ лæгмæ хæстмæ!.. САМАНТА СМИТЫ МЫСГÆЙÆ Дзыллæйы фарн, цæмæн та Ныссус кодтай ды мæн? Чызг-дидинæг Саманта Кæд нал калы тæмæн? Æнæхинæй, бæллонæй Æгщагуырдта уый мах. Сабырады бæлонау, , Фæсденджызæй æртахт. Йæ мидбылхудт фæирддæр, Зæрин доны— æвдылд, Куы банкъардта хаирæй Андроповы рæвдыд. Ныйазæлыд Артечы Йæ цинæйдзаг хъæлæс, Ыскодтой йыл арв, денджыз Сæ копрадзгъуыз пæлæз. Ныттыхстис хур — æнæнтау ^Вмбисонды чызгыл. Фæдисæндыгъд планетæ Фæрайдзаст и чысыл. Иæ мидбылхудт — ыстъалы Ньш мигъы бын фæци. ^ындурзылдæй ьтстъæлы Йæ саувæлыст Гыцци. ...Лзыллæйы фарн, цæмæн та Æрбауынгæг мæ хъуыр? Мæ чысыл хур, Саманта, Хатыр... Хатыр... Хатыр... 16. 12. 85 ДУРЫ БАЛЛАДÆ Æгомыг, хъæбæр дур... Милиард азтæ рацыд Иæ райгуырды бонæй, цæрдхъом у уæддæр. Дзæнгæрджытæ цагъта йæ хъомыс, йæ раг цыт, — Хъæддаг лæджы дæр ма-иу бахъуыд йæ сæр.
Уыдис ын лыггæнæн, сыфцгæнæн, мысалгъ дæр, Йæ фыццаг джидæ-фæрæт, тадзин, пъæнæз, Сыгъзæрины къæрттæй ысгуыхти зынаргъдæр, — Æвирхъау заманты зын царды фæрæз. Йæ кадæг нын дзурьтнц ныр мамонты ссыртæ, Кæй сæрмæ-иу тахти хъуынджын армæй дур; Сæрсæфæнæй асхъиуæг хайуаны стджытæ Сæгахуырст лæгæттæ — æмдзæрæнты цур. Йæ дæргъвæтин заман кæронмæ куы ’рцьтди,— Миййаг ыл зæххон лæг нæ систа.йæ арм, Уый нæ, фæлæ бафтыд йæ хъомыс, йæ цытыл, Æрхауд æм табуйаг зæдбадæиы фарн. Тыхы дугты стæртæ... Туг уарыдис алкæм, Фæйнæрдæм, стайау, лæбурдта цъæх арт. Ныггубыр та кодтой хъæбæр дурмæ адæм, — Хæларæн сын басгуыхт æвæджиаг уарт. Дуп бадапдта йе уæхск æпвадæлон дурмæ, — Æ!сныдзæвдис арвьтл æгаинæг мæсыг. - Мьтлзьтпаты рæхуыст уьтй дапдта æрдумæ, ’ Фыдæнхъæл дзы кодтой арц, фат æмæ зьтнг. Лæджы арт ныххорз и зын тохьт цьтргъагæй, Гъе„ низьт азапæй ьтссардта мæлæт; Хуыснæг уьтд. фæлитой, гъе; басьтгъд цырагъау, — Къæйдуртьт хъæбьтсы - - йæ рухсдæр дзæнæт. Гъе, аЛтæ мьтггагмæ нæ тугвæд нæ сæЛта, Нæ пагонлæп чиньтг — уæлингæньт цыпт, Пяагъьтплзастæй ^ьтмæн (Ьæллахьтн йæ сьтсЬтæ, Иæ фæпцьт ньтл бирæ хæрзиуджытæ ’рцьтд. Уьтй махæн кæ цæстæй ьтзгæгъуыз мигъ сурьт. Цы бамбæхсьт похуат, — æвдисьт æргом, О, цал хатты рисгæ фæфиппайьтн дурьт, Гъе, цал хаттьт схуды йæ хъæбæр цæсгом! . .Æсулæгас вæййьт нæ дадзинтьт змæлдæй, Стæй йæмæ цьтбæндьт æвзагьтл дæп дзуп. Уалз. дупьт хуьтлсЬæй-иу æндавæд нæ зæпдæ, Фæлæ-иу нæ зæрдæтæ макуьт уæнт дур! 1985 азы, декабрь. ÆНДÆР ДУРТЫ МЫГГАГ Æз фембæлдтæн дуртыл... Æндæр зæгъæн нæй Æнæзæрдæ, салдтуг, уæлбикъон лæгтæй!.. Цынæ вæййы царды; фæтыхстæн кæддæр, Æмæ сæм фæхастон мæ иунæджы сæр. Сæ разы лæмæрстон мæ зæрдæйы туг, Дыгъуырццæгæй кодтон мæхимид хуыдуг,
Фæлæ, о, цы федтон, цы бавзæрстон æз! — Фыдгулæн дæр ма уæд уый фидыны хæс. Кæд салдысты тынгдæр мæ туджы тæвдæй... Уæдæй нырмæ хъуысы мæ уды дæдæй. Мæ хъуыддаг — цыфæнды!... Æндæр у мæ рис: Зæгъ, ахæм лæг-дуртæй ныццамайæн ис Нæ фидæн-мæсыгæн?.. Ныккæлид æваст... Æз фембæлдтæн дуртыл... Ныддури мæ маст... , 1985 аз, август. АНАФЕМÆ — ХÆСТÆНДЗАРДЖЫТÆН! Атомон бомбæ саразæг Оппенгеймер загъта: «Æз фестадтæн мæлæт». Æвзæр куыдзы цармы Фæджиуæд мæрдты, Ысхъомыл кæй. армы Куырмгæнæг æрттывд! Мæрдадз Хиросимæ Нырма дæр хъæрзы. Фæндагсыгъд ныфсимæ Æргъом-маст хæссы. Лæджы зонд цы скарста, Цы ’рымысыд, ау? Куыд ын æй ныббаоста Æппæтхъом хуыцау? Куынал хæпæм адæн Нæ кæодзьтн, нæ цæхх, ТДы ма кæнæм, адæм? Нæ уромæг зæхх? Туг уардзæн нæ сæрыл, Кæндзыстæм æвæд. Хъаймæты къæсæрыл Нæ иу къах — æвæрд, ЬТскæрæф, ысбирæгъ Хæстмондаджы цæст. ’ Фæсауæрцтæ — биоæ, - Фæсфæдран — æмбæхст. Иæ ’рымысæг басгуыхт Æлгъагдæр мæлæт. Кæдмæ уыдзæн баст тых, Куы фæлгъауæм, уæд? Йæ рохтыл æпхæстæн Кæд нал ис мадзал, — >. Æвирхъау фыдхæстæн Æрхæссæм адзал!.. 1982 аз, сентябрь, г. Гагра
УАЛДЗÆГ Йе ’фстау бонтæ мартъи Бахардз кодта, мæстæй Туг кæлы йæ цæстæй: Ницы рауад, м’ артыл, Хуримæ мæ хæстæй!.. Лехура, фынккалгæ, Нарджытæй лæбуры. Дур ныххуырсы дурыл, Хæхты сусæг кадæг ’Нæкæсгæйæ дзуры. Боныцъæхтыл ирдгæ Фæззыгæндты хъазы. Аузæлы хъуазыл, Рæгътыл уайы сиргæ. — Афынæй и зазыл. Зæхх, кæрдæггъуыз сусау, Химидæг стæлфы, Туаггуыр улæфы, Хурзæрины рухс ын Цардыхос ыскъæфы. Æрдз æндидзы, салдзæн, Ивы, ивы бонгай. Уд кæсы уæлвонгæй: Арфæйаг у уалдзæг — Дуне гуыры ногæй. 1984.
КЪÆБЫСТЫ ЗАУЫР КУЫ ДЫН УА ЗЫН Новеллæ — Джиччи, æз фын федтон, — йæ цæстыты рухсæй æхсæвы сау гæ- рæн, суанг цары фæйнæджыты онг, хуынкъ кæны Уырызмæг. Хуынкъ æй кæны, фæлæ йын ницы æнтысы. Цæстыты рухс гагуытæй нæма ра-" хизы, афтæмæй та йын йæ фæд ах- гæны саудалынджы хъæпæн. Уы- рызмæг æм мæсты кæны. Сауда- лынджы хъæпæнмæ. Йæ цæстыты рухсы фæд ын кæй æхгæны, уый тыххæй йæм мæсты кæны. Кæй мæсты кæны, уый дæр ын хъыг у. Йæ зæрдæмæ йын ахуыргæнæджы дзыр^дтæ ныхилынц: «Дæ цуры исчи æнкъард, æрхæндæг куы уа, уæд ды хъуамæ дæхи мастыл ны- хъхъæцай æмæ дæ хъуыды искæй зæрдæ барухс кæныны фаг цæхæр скала». Уырызмæгæн ныртæккæ йæ цуры йæхицæй æнкъарддæр, йæхицæй. æрхæндæгдæр ничи ис. Фын уыд- та. Тынг дзæбæх фын уыдта. Йæ фыды фарсмæ бадт танчы мидæг. Ибон ын цы танчы ныв æрæрвыс- та йæ фыд, уый хуылфы. Разæй дзы иу хуынкъ уыдис æмæ уырды- гæй кастысты быдырмæ. Йæ фыд 'Ын афтæ: «Далæ знæгтæ æрбацæ- уЫнц æмæ сæ фехс. Амар сæ». Уы- рызмæг кæсы быдырмæ. Агуры уы- цы «знæгты». Нæ сæ ары. «Куы- нæ сæ арын, баба. Кæм сты уыцьт знæгтæ?» — фæрсы йæ фьтды. «Дæлæ æнæхъæн къордæй куы ’рбацæуынц, куыднæ сæ уыныс?» Уырызмæг сæфсæрмы ис. Иу кæ- нæ дыууæ куы уаиккой уьтцы «знæгтæ», уæд сæ ма суьтн, фæлæ æнæхъæн къорд... Цæуылнæ сæ уьтны? Дьтккаг хатт ма бафæрса йæ фыды, уьтй та йæ цæсгом нæ хъæцы. Фыд ьш бамбæрста йæ хъуыды. Иæхæдæг æрбахæцыд, Уырызмæгæн кæмæ амыдта, уыцы хъæлгондыл. Танк - фехста æмæ, Уырызмæгæн йæ зæрдæ кæй уын- дæй рад, йæхи кæй æрбацыдмæ цæттæ кодта, йæ фыды цур танчы кæй бады, уый тыххæй раппæли- наг кæмæн уыд, уыцы лæппутæ иууылдæр афæлдæхтысты. Амар- дысты. Уырызмæг нырдиаг кодта: «Баба, цæмæн сæ амардтай? Уы- дон дзæбæх лæппутæ куы уыдыс- ты!» «Знæгтæ сты уыдон, мæ лæппу. Æз сæ куынæ амардтаин, уæд нын нæхи амардтаиккой æмæ нын нæ танк байстаиккой». «Æмæ уыдон дæр мах хуызæн адæймæгтæ куы сты, — дис кæны Уырызмæг. Йæ кæуын ныууагъта æмæ дис кæны. — Мах хуызæн лæп- путæ куы уыдысты, уæд ма знæг- тæ та чердæм сты?» «Уый дардмæ зынынц адæймæг- тьт хуызæн. Хæстæгмæ сæ куы фе- най, уæд сæм адæймаджы уагæй æппындæр ницы ис». «Æмæ мын сæ уæд фенын кæн». «Фен...» — цыдæр сцæйдзырдта фьтд, фæлæ Уырызмæгæн йæ тæк- кæ . хъусы цур чидæр дзæнгæрæг ныццагъта æмæ... Нал дæр дзы танк уыд, нал дæр æй фыд. Æхсæвы сау хъæпæны бьтн хуыссыд, йæ хъу- сы цур та уыд йæ мады сæр æмæ уьтрдьтгæй цыдис хуыр-хуыр.' Уырызмæгæн хъыг уыд. Кæй рай- хъал æмæ йьтн йæ фыд «знæгтьт» кæй нал фенын кодта, уый йьтн хъьтг уьтд. Хъуамæ йæ Джиччимæ смæсты уыдаид. Уьтй йын ньтщтягъ- чта йæ хъусы «дзæнгæрæг». Æмæ йæм хъуамæ смæсты уыдаид, фæ- 9
лæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, ибон ын цы дзырд|та, уый: «Фырфæлад æмæ хуыссæгхъæл- дзæгæй мæ бон фезмæлын дæр нал вæййы. Хуыссæны куыд æрха- уын, афтæ афынæй вæййын, мæ хъæбул, æмæ-иу миййаг куы хуыр- хуыр кæнон, уæд-иу мæ мæ иу фар- сыл æрзилын кæн. Адæймаг уæл- гоммæ куы хуыссы, уæд ын æнæ- хуыр- хуыргæнгæ нæй». Æмæ ныр уæлгоммæ хуыссы йæ джиччи. Йæ зæрды йæ æрзилын кæнын уыд, фæ- лæ уый дæр йæ цæст нæ бауарзта. Куы райхъал уа, уымæй йын тарст. Ныр хуыссы уæлгоммæ Уырыз- мæг. Хуыссы æмæ йæ цæсты рух- сæй æхсæвы сау гæрæн хуынкъ кæ- ны, фæлæ йын ницы æнтысы æмæ йæ зæрдæ нырхæндæг. — Æз фын федтон,— басыбар- сыбур та кодта йæ Джиччийы хъу- сы. —Хо... дæ ны он он, хо...— æрдæг- фынæйæ усæн дзырдаразæг зæлтæ æххæстæй æруидзын йæ бон нал бацис æмæ ма дзы йæ къухы ’цы бафтыд, уыдон, фугæнæгау, ракод- та, стæй иннæрдæм азылд æмæ ма Уырызмæгмæ хъуыст æрмæст йæ сым-сым. Уый ноджы тынгдæр смæсты ис. Иæ фыд ын хъуамæ «знæгты» фенын кодтаид. Нæ йын сæ фенын кодта. Чидæр ын йæ хъу- сы цур дзæнгæрæг ныццагъта æмæ йæ фыд афардæг ис. Ныр йæ зæр- дæ барухс кæныны тыххæй йæ Джиччиимæ ныхас сифтындзынмæ хъавы. Уый дæр ын нæ коммæ кæ- сы. Нырмæ ма йе ’рдæгфынæй сым- сым йæ хъусы цурæй цыд æмæ йын уæд æнцондæр уыд. Цыдæр ныфс ын лæвæрдта йе ’рхæндæг зæрдæйæн. Ныр уый дæр нал ис. Мад æм йæ фæсонтæ раздæхта æмæ йæ сым-сым уартæ дард кæцæйдæр хъуысы. Уымæй ма цæй ныфс ба- вæрæн ис! Уырызмæг хъæццулы кæрон йæ рахис уæхсчы бынæй рафтыдта. Сындæггай йæ уæлæмæ ивазы. Къæхты онг куы схицæн ис, уæд Уырызмæг йæ бынæй рабырыд. Æнæсыбырттæй зæхмæ æрхызт. Иæ дзаумæттæ йæ дæларм бакод- та æмæ гом дуарæй æддаг хатæн- мæ ахызт. Дуар йæ фæдыл сындæг рахгæдта. Мидааг йæ дзаумæттæ кæнгæйæ исты куы схъæлæба кæ- на, уæд йæ мад ма райхъал уа. Æмæ нæ райхъал ис йæ мад. Ца- лынмæ къæсæрæй рахызт Уырыз- мæг, уæдмæ дæр ма йæм хъуыст йæ адджын сым-сым.... * * * Куы дын уа зын... Куы фæли- дза... Дæ цæстытæй куы фæлидза хуыссæг. Дæ удмæ дын... дæ зæр- дæмæ æхсæвыгон, æмбисæхсæвы тары куы ныхила дæ æрхæндæг, уæд-иу æрцу. Æрцу|-иу мæнмæ. Æрцу-иу. Æз дæм, мæ къæсы гом дуарыл лæугæйæ... Æз дæм, мæ кæрты дурыл бадон, гъе, фæйнæ- гыл, кæсдзынæн дæм æнхъæлмæ... Æмæ æрцу. Куы дын-уа зын. Куы нал арай дæ удæн ’æнцойад æмæ улæфт, куы дæм ныхилой сау æх- сæвы тары сау хъуыдытæ, сау са- гъæс æмæ маст, уæд-иу æрцу. Æр- цу-иу уæд. Фæсурдзынæн дын æз дæ риуæй маст, дæ удæй æрхæндæг æмæ хъыг... Æрцу-иу, æхсæв уа æви бон, мæ дуар дын уыдзæнис гом, æрмæст æрцу... æрмæст æрцу... Афтæ йын дзырдта ибон иукъа- хыг, заводы хъахъхъæнæг Лексо. Уыцы бон дæр мæсты уыдис Уы- рызмæг. Иæ фыд танчы ныв æрæр- выста. Иæхæдæг æй сныв кодта Уыоызмæджы фыд,. Знæгтыл кæ- мæй цуан кæны, уыцы танчы ныв скодта æмæ йæ æрæрвыста Уырыз- мæгмæ. Уый йæ æхсæв стъолыл æрæвæрдта. Райсом æй хъуамæ скъоламæ ахастаид. Ие ’мбæлттæн æмæ йæ ахуыргæнджытæн фенын кæна. Афтæ уыд йæ зæрды. Æмæ райсом ныв стъолыл нал разынд. Заводмæ дæр бацыд. Кæд æй, зæгъ- гæ, мæ мад искуы нывæрдта. Хъуа- мæ йæ бафарстаид, фæлæ йæ Лек- со баурæдта дуаргæрон. — Дæ мад ам нæй, дæ рынтæ ба- хæрон. Хъæумæ ацыдысты колхо- зæн æххуыс кæнынмæ. Хъуамæ мæ- нæу банай кæной æмæ йæ паддза- хадмæ раттой, науæд дæ фыд æмæ ме ’фсымæр æххормагæй цæй зна- джы ныхмæ схæцдзысты. — Æмæ кæд æрыздæхдзæнис Джиччи? — Изæрдалынгтæм уæхимæ уы- дзæн. Дæ зæрдæ йæм МЗ ’хсайæд... Дæ удмæ дын.., 10
Æмæ ныры хуызæн æрхæндæг никуы уыд Уырызмæг. Æмæ уыцы æрхæндæг куы уыд, уæд æм æхсæ- вы сау гæрæнæй æрзындысты Лек- еойы зæбул рихитæ. Йæ дынджыр сау цæстытæй йæм æркаст æмæ йæм æрдзырта... «Æрмæст æрцу... æрмæст æрцу...» Уырызмæг уынгмæ куы рахызт, уæд ма иу хатт фæстæмæ йæ хъус адардта. Хæдзарæй куы ницы уы- нæр хъуыст, уæд талынг уынджы комкоммæ азгъордта. Рухсы цъыртт кæй никуыцæй калд, уый йæ æп- пындæр ницы бахъыгдардта. Уай- тагъд фæмидæг ис заводы кæр- ты. Фæзылд хъахъхъæнæджы къæ- сæрырдæм æмæ дзыхълæуд фæ- кодта: йæ хъустыл кæд ауадис за- рыны æнгас цыдæр зæлтæ. Уырыз- мæг фæлæууыд. Кæд миййаг æх- сæвы тары искуыдæм барæдыд. Хæрдты æмæ уырдгуыты фæйнæр- дæм афæлгæсыд. Нæ, рæдигæ нæ фæкодта. Уалæ заводы трубæ уæ- йыджы æнгуылдзы хуызæнæй хæр- дмæ ныхъхъил. цалынмæ Уырыз- мæг уьгдæттыл хъуыды кодта, уæд- мæ мидæгæй, къæсы, цыдæр стыр хъуыддæгтæ æрцыд: æрдæбон зар- гæ чи кодта, уыцы хъæлæс ныр та кæд кæны кæугæ. Кæуы æмæ дзы У|Ырызмæг ахсы зонгæ дзырдтæ; «Куы дын уазын... Куы фæлидза... Дæ цæстытæй куы фæлидза хуыс- сæг... Дæ удмæ дын...» — Æз ардыгæй мæхæдæг фæ- лидздзынæн, — нырдиаг кодта лæп- пу. Тынг нырдиаг кодта. Ныр дзы дызæрдыггагæй ницыуал уыд. Ибон дæр ын уыцы ныхæстæ кодта Лек-' со, æрдæбон сæ заргæ дæр уый код- та. Ныр та сæ уыцы зæбул рихи кæд дзуры йæ хъарæджы. — Æмæ уый кæмæй хынджылæг кæны! — хъæр кæны лæппу. — Мæнæн куы дзырдта: зын дын куы уа, куы фæ- лидза дæ цæстытæй хуыссæг, уæд-иу æрцу... Мæнмæ-иу æрцу. Аф- тæ мын куы дзырдта. Ныо æм æр- цыдтæн æмæ циу уый? Мæ маст мын нæ суры, фæлæ та мын уыны ныхæстæ фæстæмæ дзуры. Науæд мæ уынгæ та кæцæй фæкодта? Нæ- ма йæ къæсмæ хæстæг дæр куынæ бацыдтæн, уæд мæ кæцæй федта?.. •••— Чи ’рдиаг кæны уый мæ къæ- сы цур? — уыцы зæронд хъинцъгæ- наг дуар байгом кодта æмæ радзырд- та Лексо. — Боныгон мын æрулæфт æмæ куысты фадат нæ дæттынц ацы хæйрæджытæ. Ацы мæйдары та мæм кæй æрхастой .йæ хæйрæджы- тæ? Æви... Æвæццæгæн... Ныббарут мын, адæм! Ныббар мын, æрдз! Мад æмæ фыд сæ цардиппæрд хъæ- булæн йе ’дылыдзинæдтæ куыд ныббарынц, афтæ мын сæ ныббарут. Дуарæн та йе ’рдиаг ссыд. Уы- рызмæг бамбæрста, æхгæнгæ йæ кæй кæны. Ныр ын æндæр гæнæн нал ис. Иæ мадæй ралыгъд. Тынг мæсты уыд, æмæ йын ибон Лексо баныфсæвæрдта: «Куы дын уа зын... Уæд-иу æрцу... Æрмæст æрцу...» Ныр æм æрцыд. Зын ын уыд æмæ йæм æрцыд. Ныр ма йыл уый дæр дуæрттæ куы сæхгæна, уæд кæдæм хъуамæ ацæуа? Æмæ йæ хъæлæсы- дзаг ныхъхъæр ласта: — Æз Уырызмæг дæн! — Кæй Уырызмæг дæ, кæ, дæ ны- вонд фон? — хъинцъгæйаг дуары мидæгæй йæм радзырдта Лексо. — Кæй, кæ, уæртæ Миранты Уы- рызмæг, — тынг мæстыйæ загъта лæппу. Лексо йæ йæ фыццаг сны- хасæй кæй нæ базыдта, уыцы хъинцъгæнаг дуар ыл фæстæмæ кæй рахгæдта, уый йын зын уыд. Ныр æй бацæуын дæр нал фæндыд. Лексо дæр æй, æвæццæгæн, ибон сайгæ кодта. Æмæ йæ нал фæндыд хæстæг бацæуын, фæлæ йæ къæхты уæфсытæ сæхæдæг сусæгæй, Уы- рызмæджы сусæгæй, зæххыл быры- дысты размæ. — Æмæ ацы æнафоны цы агурыс ам, дæ рын бахæрон? — дуар бын- тондæр байгом кодта Лексо æмæ йæ иу къах, йæ иунæг къах лæдз- джыты æххуысæй бæрзонд къæсæ- ры сæрты æддæмæ раппæрста.— Ацы æнафоны ам цы агурыс, Мир- манты Уырызмæг? — Ногæй та йæ бафарста. — Зын мын уыд. Тынг зын мын уыд. Ме ’хсæвы хуыссæг фæлыгъд æмæ мæ уды зындзинадæн хос агу- рын, æндæр цы агурын. — Уыцы тызмæгæй дзуры, гъе, Миранты Уы- рызмæг æмæ Лексойыл дис бафтыд. — Куыдз, æмæ ныртæккæ мæнæй зындæр куы никæмæн у. Ныртæккæ мæнæй тынгдæр куы никæмæн ли- дзы йæ хуыссæг, у^æд мæ уды хъи- зæмарæн хос ссарыны тыххæй уынгтщ ^ъедлау кæцоц? Мæ цуцæг 11
къахыл, гæппытæгæнгæ, уынгты зи- лон æмæ мæ уды æнцойад искæй къæсæргæрæтты агурон? — Ды мын ныфс бавæрдтай æмæ дæм уый тыххæй æрбацыдтæн, — фæбæлвырддæр кодта лæппу йæ хабар. — Цы ныфс дын бавæрдтон? — тынг дисгъуызæй йæ афарста лæг. — Зын дын куы уа, дæ хуыссæг куы фæлидза æмæ ма ноджы бирæ цыдæртæ фæнымадтай, уæд, дам- иу мæм æрцу. Æз, дам, дын фæ- сурдзынæн дæ уды сагъæс. — Лæппу, ды кæмдæр дæхи суа- зал кодтай. Миййаг абон Леуахи- йы дæхи ныннадтай? — Нæ. Кæм мæ æвдæлы мæхи найынмæ? Райсомæй ахуыр, изæ- рæй — кусгæ. Кæд ма хъуамæ нын- найон мæхи. — Уæд та хидæйдзагæй уазал дон банызтай. Æрбацу-ма хæстæг æмæ дын æз дæ ныхыл мæ арм авæрон. — Нæй мæм тæвд, — фæхъæр ыл кодта лæппу. Миранты Уырызмæг фæхъæр кодта Лексойыл, фæлæ уымæ æппындæр хъыг нæ фæкаст. Рынчын у лæппу æмæ... — Уæддæр-ма мидæмæ æрбахиз æмæ дæ æз дзæбæх бафæрсон. Кæд æмæ дын цы ныфс бавæрдтон, уы- дон мын дзæбæх бамбарын кæн. — Мæнæ ацы даргъ бандоныл бадтыстæм æз æмæ ды. Уæд та, мæ фыд мын цы танчы ныв æрæрвыста, уый агуырдтон. О, æмæ мæнæ ам дæ^цуры бадтæн. Ды та мын дзырд- тай... —. афтæ ныхасгæнгæ б’ахызт лæппу хъахъхъæнæджы къæсмæ. — Цы дын дзырдтон? — лæппуйы сæрыл йæ арм æрæвæрдта Лексо, цæмæй йæ стæй уырдыгмæ æрыссо- на æмæ йын йæ ныхы тæвд басгара. — Цы мын дзырдтай, цы, зын, дам, дын куы уа... æмæ ноджы би- рæ цыдæртæ, -уæд, дам-иу мæм æрцу. — Оу, мæнæ хуыцауæн диссæг- тæ, — лæдзджыты йæ дæлæрмттæй нæ- фæиртæста Лексо, афтæмæй йæ цæнгтæ хæрдмæ схъил кодта. — О, æмæ дæм уæдæ æцæг тæвд дæр куынæ ис, уæд кæцæй æрымысыд- тæ? — Уæдæ мын æцæгæй никуы код- тай ахæм ныхæстæ? — цыдæр æр- хæндæгæй йæ афарста лæппу. — Мæ сæфт амонды рухс цæсго- мыстæн, кæд дын искуы кодтон. — Хорз, фæлæ уæддæр æз арды- гæй нал ацæудзынæн. Ахсæв ам дæ цуры баддзынæн æмæ мын ра- дзур, знæгтæ цы сты, цы хуызæн сты, уый. Æз фын федтон. Мæ фы- ды танчы бадтæн. Уый мын афтæ... Æмæ.стæй тынг дзæбæх лæппутæ махырдæм æрбацæйцыдысты. Æз сын хъуамæ раппæлыдаин, мæ фы- ды танчы кæй бадын, уый тыххæй. Мæ фыд та сæ маргæ акодта. Знæг- тæ, дам, сты. — Æмæ ма уæдæ мæн цæмæй фæрсыс ныр? — цæхгæр æй афарс- та Лексо. — Знæгтæ цы сты, уымæй. — Æмæ сæ куы федтай. Зæрдæ æмæ сæ зондæй хатыс, мæ хур. Ха- тыс сæ æмæ сæ фыны уымæн ахæм- æй федтай. — Уыдон тынг дзæбæх лæппутæ уыдысты. — Уый дардмæ зынынц дзæбæх. Уæдæ ма уæм хæстæг æрбаирвæз- таиккой. Æнæмæнг уын уæхи ам- ардтаиккой. — О, æмæ мын мæ фыд дæр аф- ,тæ куы загъта. Фыны мын уый дæр афтæ загъта æмæ æмдзырд бакод- тат? 4— Æмдзырд! — цæхгæр æмæ фи- дарæй загъта Лексо ацы дзырд. — Мах æмдзырд бакодтам. Фынæ- йæ дæр ч æмæ хъалæй дæр хъуамæ хъуыды кæнæм иугъуызон: Знæг- тыл куыд тагъддæр фæуæлахиз уæм, ууыл хъуамæ хъуыды кæнæм хъалæй дæр, фынæйæ дæр... Ныр алцыдæр бамбæрстай æмæ афар- дæг у уæ хæдзармæ. Мæн не ’вдæ- лы, кусгæ кæнын. — Уæддæр мæ дæ цурæй нал фæнды ахсæв. Ам мæ уадз æмæ дæ цуры бафынæй кæнон. — Дæ мад дæ агурдзæн. — Уый афтæ фæлладæй бафын- æй æмæ райсоммæ ницæй тыххæй нæ райхъал уыдзæн. Уæдмæ бацæу- дзынæн. — Уынгæджы бон никæуыл æркæ- ны, — йæ цæнгтæ фæйнæрдæм ап- пæрста Лексо æмæ къуымы бæр- зонд скъапы хуылфæй райста хъис- фæндыр. Уырызмæг тынг ныддис кодта. Лексомæ хъисфæндыр никуы федта æмæ йæм диссаг фæкаст. 12
— Уый та дæ цэёмаеЦ хъæуы, Лексо? — Схуысс æмæ сфынæй кæн. Дед- тæ мæ уатмæ бахиз æмæ схуысс. Кусгæ кæнын æмæ мæ ма хъыгдар, — фидарæй загъта Лексо æмæ йæ фæсонтæ аздæхта Уырызмæджы ’рдæм. Иæ сынтæг дæр уыцы ’рды- гæй уыд... * * * Уырызмæг бамбæрста иу хъуыд- даг: иугæр Лексо йæ фæсонтæ сын- тæг æмæ уыйæрдæм фæзылдта, уæд æй ’уыдонимæ ницыуал дзырддаг ис. Сынтæг æмæ Уырызмæджы кæ- рæдзи æвджид бакодта æмæ... Иæ дзаумæттæ нæ раласта, афтæмæй бабырыд хъæццулы бын. Барæй стæлфтытæ кодта, цæмæй Лексо базона, ныр йæхи кæй æрныуæрста æмæ фынæй кæй кæидзæн, уый. Фæ- лæ йæ зæрды уыд фысымыл сайдæй разилын. Хуыссæг æй тынг ма сбыр- сæд, æндæр хуысдзæн æнцад. Сым- сым кæндзæн æмæ афтæмæй йæ хъус дардзæн, Лексо цы кусдзæн, уымæ. Фæлре Лексо йæхæдæг уымæй хæйрæгдæр разынд: хъисфæндыр- имæ иудзæвгар фæархайдта. Уыцы архайд æмбæрста Уырызмæг: фæн- дырæн уаг дæтты Лексо. Фæлæ йæ цæмæн бахъуыд уыцы фæндыр? Афтæ куы загъта, кусгæ, дам, кæ- нын, уæд уый цы хуызæн куыст у? Иæхи ирхæфсы æмæ уый куыст хо- ны? Стæй та ноджы фыддæр. Фæн- дыр куы сцæттæ ис, уæд ын Лексо йæ тæнтæ фæндыры хæрæгæй ха- фын райдыдта. Гæзæмæ сæ хафы æмæ йæ фындзы бын цыдæртæ сы- бар-сыбур кæны. Уыцы сыбар-сы- бурæй гобан йæхирдæм тынгдæр æрхæцыд лæппуйы уæнгтыл. Æр- хъарм ын сæ кодта. Уырызмæг ма бæргæ амæсты ис Лексомæ, кæй йæ фæсайдта, уый тыххæй. Хъуамæ йын уайдзæф дæр бакодтаид, фæ- лæ йе уæнгтæ тынг дзæбæх æр- хъарм сты, цыма хуры фæлмæн тынтыл аленк кодта, афтæ йæм фæ- каст. Æрмæст, кæдæм аленк код- та, уый нал базыдта. Лексо куы ’рчъицыдта, йæхи гæ- зæмæ куы æрæмбæрста, уæд цы- д&рхуызой æйæад æйкъаразнтæ йæ зæрдæйы, йæ сæры магъзы, æппæт йæ буары мидæг хæлбурцъ кодтой. Хатыдта сæ йæ цæнгтæй дæр, йæ къæхтæй дæр, йæ фæрсчытæй дæр. Алцæмæй дæр сæ хатыдта æмæ йыл дис æфтыд: «Уæдæ мæм афтæ цæ- мæн кæсы, цыма мæ буар кæмдæр былкъахыр фæцис? — хъуыды кæны йæхинымæры æмæ та йæ хъуыды- ты цæст ахæссы йæ буарыл- Ахæс- сы æмæ йæ мид-зæрдæйы нымайы: «Уый дын мæ рахис къах хаты уы- цы æнкъарæнтæ, — фыццаг къæх- тæй райдайы нымайын. Алы хайы кой скæнгæйæ дæр чысыл фæлæу- уы. Айхъусы йæм. — Мæ галиу къах хаты (айхъуыста та йæм æмæ ни- цæуыл фæдызæрдыг), мæ фæрсчы- тæ иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрды- гæй дæр, мæ риу, мæ гуыр æгасæй, цæнгтæй" иу, иннæ дæр. Ау, уæдæ мæ сæр нал ис мæ уæлæ, æви ай цы хабар у?» — Ам ын йæ хъуыды-ны- мад дохтыр фескъуыдта. Уæззау къахдзæфтæй æрбацыд. Лексойы раз æрбадт. Йæ цæстытæм ын цык- каст, стæй йæ бафарста: — Куыд дæ, ’фсымæр? — Ницы мын у, фæлæ мын мæ удмæ цавæрдæр æнæад æнкъарæн ныхилы æмæ мæ уый мары... — Цавæр æнкъарæн у? — Цыма мæ буарæй кæцыдæр хай мæ уæлæ нал ис... Афтæмæй та сæм мæ хъуыды-хъус дарын æмæ... Дохтыр йæ сæр иуæрдæм азылд- та, æмæ йын Лексойы ’рдыгæй цы цæст уыд, уый кæрон ныхы. Лексо- мæ цæмæндæр афтæ кæсы, цыма дзы йæ цæстæнгас бааууон кæны- ны тыххæй систа йæ къух уырдæм. Ныр йæ зæрдæ цæмæдæр фæкъæпп ласта æмæ та йæ хъуыды-уырзтæй тагъд-тагъд асгæрста йæ буары хæйттæ. Ныр æм афтæ фæкаст, цы- ма йæ галиу къах тынгдæр хаты уыцы æнæад æнкъарæн. Галиу æй æмбары, рахис та фæкъæдзгæнæны сæрмæ уыцы къуырма рыст кæны- Уырдыгæй дæлæмæ нæ дæр рисгæ кæны, нæ дæр уыцы æнæхайыры æнкъарæн хаты- — Дохтыр — уыцыиу дзырд сæп- пæрста Лексо, фæлæ уый ахæм дзырд уыд æмæ дзы дохтыры алы- варс бæстæ æмрйзæджы ныррызт- Æндæр ын ницыуал гæнæн уыд æмæ фæзылд рынчынмæ. Комкоммæ ба- кæсын æм нæ бафæрæзта, фæлæ 13
иæ цæстытæ бынмæ здæхт сты, аф- тæмæй йæм дзуры: — Ныууадз ахæм ныхæстæ, Лек- со. Ныууадз сæ. Иæ фырхъалæй ис- кæй къах чи алыг кæна, уыцы дох- тырæн йæхи сæр æрцæуæд лыг. Дæ. уæн та æндæр гæнæн нал уыд. Ган- гренæ агьды рæбынæрдæм лæбурд- ,та. — Уæдæ... — Хæдæгай, иу чызг дæ тынг арæх абæрæг-абæрæг кодта, — ны- хасы фæд фæивæны тыххæй фæрæз рауардта дохтыр. — Æмае чи уыд? Цы мæ кодта? — Лексо дæр йæ лыг къахыл хъуыды- тæй уыцы чызгмæ рагæпп ласта. — Радисткæ, дам, дæн. Иæ ном Нинæ... — ныр ’ дохтыр комкоммæ каст Лексойы цæ’стытæм, Уыдон уы- дысты уымæл. Мæнæ миты тъыфыл кæуыл батайы, ахæм авгау дон- дзаст. — Куыдзы фырт! — йæ дæндæгтæ тынг нылхъывта, афтæмæй ралæ- мæрста .Лексо. — Кæмæй зæгъыс? — афарста йæ дохтыр. — Мæ къахимæ мын уыцы чызг- мæ мæ фæндаг дæр кæй ныллыг кодтай, уый зоныс, куыдзы фырт! Мæ къахимæ мын мæ амондæн йæ хурх кæй ралыг кодтай, уый зоныс, куыдзы фырт! — хъæр кодта Лексо. Дохтыр уыцы дзæбæх худт йæ мидбылты æмæ каст Лексойы мæс- ты цæсгоммæ. Стæй йын йæ арм йæ риуыл æрæвæрдта. — Дæлæ тыргъы бады Нинæ ныр- тæккæ дæр, — уыцы циндзастæй дзуры дохтыр. — Куы мæ ’лгъитай, уæд дæм æй нал æрбауадздзынæн. Уый та мын сусæгæй афтæ дзырд- та. Дзургæ цы, ард хордта, бынтон æнæкъах, æнæкъухæй дæр, дам, мын удæгас баззайæд, уый йёддæ- мæ, дам, ыл æз мæ зæрдæ не сив- дзынæн. — Ныр ды æцæг куыдзы фырт нæ дæ, дохтыр,— йæ мидбылты уыцы дзæбæх ’худы, афтæмæй дзу- ры Лексо. — Цæмæн? — дисгъуызæй йæ афарста дохтыр. — Æмæ уæдæ искæй уаз æнкъа- рæнтæм, искæй уаз сусæгдзинæд- тæм цы ныххилыс? Дохтыр Лексойы уæхсчытæ ацахста. Йæ ныхæн ын тыхджын адджын пъа ныккодта æмæ дуар- мæ алыгъд. Гыццыл лæппуйы лыгъд акодта... * * * Лексо хæсты агъоммæ ансамблы куыста. ,Цагъта хъисфæндырæй тынг аив. Зарынмæ та бынтон сау- диссаг уыд. Хæст куы райдыдта, уæд бархийæ ацыд. Иæ уд, йæ зæр- дæ бакуымдтой ансамблæй бархй- йæ фæхицæн уæвын, фæлæ йæ уар- зон фæндырæй йæхи атонын йæ бон нæ бацис. — Искуы дын уæд та фесæфтис, мæ лæппу, — бахъынцъым кодта йæ мад, Лексо фæндыр дзæкъулы куы æвæрдта, уæд. — Цалынмæ фесæфа, уæдмæ уал мемæ уыдзæн æмæ, нын иумæ æн- цондæр уыдзæн тох кæнын, — фи- дарæй загъта лæппу æмæ йæм мад дæр ницыуал сдзырдта. ...Æцæг, цы диссаджы хорзы ба- цыд уыцы фæндыр Лексойы хæс- тон æмбæлттæн! Чысыл-иу куы æрулæфыдысты, уæд та-иу йæ алы- варс амбырд сты. Лексо цагъта фæндырæй, уыдон-иу зарыдысты æмæ та концерт — цæттæ. Лексойы фæндыры цагъдмæ за- рын тынг бирæ уарзта йæ хæстон æмбал Нинæ. Иæ уадулты къуы- бызтæ-иу куы фæдзыхъхъ сты æмæ-иу уыцы æрвгъуыз цæстытæ куы худтысты, уæд-иу сæм Лексо кæсынæй нал æфсæст. Иухатт йæ- хи нал баурæдта æмæ йын афтæ зæгъы: — Ныр искуы миййаг уыцы цæс- тыты цæхæр мæ разы куы нал с>-' дза, куы сæ фæхицæн уон, уæд туг- тæригъæд нæ уыдзынæн, Нинæ? — Æмæ сæ цæмæн хъуамæ фæ- хицæн уай? — йе ’фцæджы атыхст Нинæ. — Æз дæ уарзгæ кæнын. Хæст куы фæуа, уæд сараздзыстæм нæхи ансамбль æмæ адæмы зæрдæ- тæ рухс кæндзыстæм нæ зардæй. Æмæ Лексойы бæргæ уырныдта уыцы хабар, фæлæ сын нæ бантыст сæхи ансамбль саразын. Лексойæн йæ къах куы фæцæф, уæд фесæфт йæ фæндыр дæр. Йе ’мбæлттæн æй агурын кодта, фæлæ йе схъистæ дæр никуыуал разын- дысты. Æмæ тынг маст кодта. Маст кодта Нинæ дæр, фæлæ-иу æм куы 14
'’рбацыд, уæд-йу Ын ныфсытæ авæрдта: — Ма мæт кæн, мæ зынаргъ. Хæст фæуыдзæц. Нæ цард сиу кæн- дзыстæм. Самал кæндзыстæм ду- нейы иууыл хуыздæр хъисфæндыр æмæ нын уыдзæн нæхи ансамбль. — Цæмæй Лексойы зæрдæ бахъæл- дзæг уа, уый тыххæй-иу чызг æр- бадт сынтæджы чъилыл. Лексойы æфцæджы-иу æрбатыхст æмæ-иу самыдта, Лексо иууыл фылдæр кæй уарзта, уыцы зарджытæй ис- кæцы. Зарыд-иу Лексо дæр. Рын- чынтæ сæм хъуыстой æмæ-иу сæ уæнгты рис рæстæгмæ æрбайсæфт... Куы-иу цыд Лексойы цурæй, уæд- иу ын æнæмæнг хъуамæ загътаид: — Куы мын уа зын... Куы, фæли- дза... Мæ цæстытæй куы фæлидза хуыссæг, уæд дæм æрцæудзынæн. Æнæмæнг дæм æрцæудзынæн, мæ зынаргъ. Ах, куыд амондджын уыдис Ле’к- со, алы хатт ын æрцæуынæй ныфс кæй æвæрдта, йæ зæрдæйы сагъæс фæсурыны ныфс-иу уымæй кæй авæрдта, уый тыххæй!.. Фæлæ хæстон лæджы хъысмæтæн мацæмæй скуывдæуæд. Лексойæн йæ къахы хъæдгом байгас. Гæзæмæ цæуын райдыдта лæдзæджы æнцой. Уæд-иу фылдæр тыргъы бадтысты Нинæимæ. Сæ дарддæры цардæн фæндтæ кодтой æмæ йæ амондджынæй уыдтой, фæ- лæ... Иуизæр дохтыр уыцы æнкъард- гъуызæй æрбацыд Лексомæ. Иæ разы æрбадт æмæ йын ’ афтæ зæ- гъы: — Ног цæфтæ æрбаластой. Нинæ дæр семæ ис. Ныртæккæ фынæй кæ- ны, фæлæ зæрдæйы уагæй дæхи бацæттæ кæн æмæ, куы райхъал ’ уа, уæд æм бацу. Æрмæст хъуамæ уай фидар. Хъуамæ йын ныфсытæ авæрай. Раздæр дæм уый тыххæй æрбацыдтæн... Нинæйæн йæ цæсгом уыд тынг фæлурс. Йæ цæстыты цæхæр ахæм нымæг сыгъд кодта æмæ сæ рухсæй адæймаджы зæрдæйыл мæрдон æр- хаендæгдзинад æфтыдтой. Сынтæ- Джы хуыссыдис уæлгоммæ, йæ сæр иуæрдæм гæзæмæ — къул. Афтæ ЗЫВД, ^ цыма кæмæндæр цæйдæр тыххæй лæгъстæ кодта, цыма кæ- мæйдæр куырдта, йæ уд ма иучысыл уæддæр цæуыл фæлæууыдаид, ахæМ æххуыс. Уыцы æдзæллагдзинадæй Лек- сойы зæрдæ афтæ фæрыст, æмæ йæ дохтыр раздæр куынæ бафæдзæх- стаид, уæд ныртæккæ ныббогъ код- таид. Куыдтаид, кæддæр, чысыл ма куы уыд, уæд сын се ’рмахуыр уæ- рыччы бирæгъ куы аргæвста, уæд куыд куыдта, афтæ. Уæд тынг куыд- та. Бирæ уарзта æрмахуыр мил- дзых уæрыччы. Хуысгæ дæр иуран кодтой æхсæв. Иæ мадæн æндæр гæнæн куы нал уыд, уæд сын къуы- мы фысдзæрмттæ байтыдта. Хъа- зынæй-иу куы бафæлладысты æмæ- иу куы ныффынæй сты, уæд-иу сыл цыдæ’р хæррæгътæ æрæмбæрзта æмæ хуыссыдысты кæрæдзи хъæ- бысты. Æмæ сын æй бирæгъ куы ба- хордта, уæд’ Лексо куыдта цъæ- хахст куыдæй. Уæдæй фæстæмæ Лексо уыцы æрмахуыр уæрыччы йас Нинæйы йеддæмæ никуыуал никæй бауарз- та æмæ та йын ууыл дæр «бирæгъ- тæ» куы фæхæцыдысты, уæд та ныр дæр цъæхахстæй куыдтаид, фæлæ йæ дохтыр фæдзæхсгæ бакодта æмæ йын нæ уыд йæ зæрдæйы тыппыр- тæ суадзыны бар. Уый бар ын нæ уыд æмæ Лексо йæ уды хъизæмар йæ цæссыгтимæ зæрдæмæ ныллæмæрста, стæй æр- бадт Нинæйы раз. Ныккаст ын йæ цæстытæм. Уыдон уыдысты æгъуыз, мраморæй конд цыма уыдысты, уы- йау æгъуыз, цард сæ цыма ныххорз ис, ахæм æгъуыз æрттывд кодтой æмæ сыл Лексо йæ арм æруагъта. Чызгæн йæ цæсгомыл иу нуар дæр нæ фезмæлыд. Базмæлыдысты айдагъ былтæ. Уыдон дæр гæзæмæ базмæлыдысты. Се ’хсæнæй ралæ- дæрст, Лексойы къæрцхъустæн дæр ^ын фехъусæн чи уыд, ахæм лæ- мæгъ зæлтæ. Фæлæ сæ уæддæр Лек- со фехъуыста: . — Уымæн нырма æгæр раджы у, Лексо. Чысыл уал багæдзæ кæн, — ахæм дзырдтæ ралæмæрста чызг йæ лæмæгъ хъæлæсæй æмæ Лексо- йæн йæ зæрдæ куыднæ аскъуыд, ууыл абон дæр дис кæны. Æрмæст ма афтæ ныхъхъæр кодта йæ мид- зæрды: «Æтт, мæ къахимæ . мын мæ цæнгтæ дæр чи нæ атыдта, уыцы 15
мкнæ саразæгæн йæ мад æмæ йæ фыдæн...» — Лексо, исты-ма мын азар, — чысыл хъæрдæрæй сдзырдта чызг æмæ та уымæй лæппуйы æрыздæх- та мæрдтæй цæрдтæм. Ныр æй кæ- уыны бæсты истытæ аразын кæй хъуыд, уый æрбаймысыд æмæ хæс- тæгдæр бабадт Нинæмæ. Йæ цæст ахаста . рынчынтыл. Чызг ын йæ хъуыды бамбæрста æмæ та йæм бахатыд: — Ницы кæны. Ды мын мæ хъу- сы зар. Сусу-бусуйæ мын зар мæ хъусы. Æз æй уæддæр хъусдзынæн æмæ та æрцæудзынæн. Æз дæм æрцæудзынæн. Зыы мын куы уа, уæд... Азар мын, Лексо. Мæ хъусы мын азар. Лексо æргуыбыр кодта. Чызджы хъусыл йæ былтæ сæвæрдта, фæлæ дзы судзгæ зæрдæйы хъынцъымæй фылдæр ницы ратагъд. Стæй ма ноджы йæ цæссыг дæр ратагъд. Ни- нæйы уадулыл æрхауд æмæ уым æрæнцад. — Куыд хъарм у дæ цæссыг, Лек- со. Ноджы ма мыл дзы иу æрæп- пар. Æмæ дæм æз æрцæудзынæн. Куы мын уа зын.., Куы-иу фæлидза мæ... Чызджы хъæлæс уыцы цæхгæр куы фескъуыд, уæд Лексо фæтарст. Февнæлдта ма йын йе ’фсæртæм, фæлæ уый ницыуал сдзырдта... Æп- пындæр ницыуал сдзырдта. Лексо- йы цæссыгтæ йæ цæсгоммæ сæх-сæ- хæй кæй уарыдысты, уый дæр æй нал бахъарм кодта. Нал æй батав- та * * * . Лæппу райхъал ис. Нырма уыд талынг; Хатæны дыдзы рухсæй фæ- тарст. Уыдонæн сæ рухс æхсæв судзгæ фæкæны. Асгæрста йæ алы- варс. Уым нæ разынд йæ мад. Сын- дæггай æрзылд йе ’ннæ фарсыл. Хъæццулы бынæй ракаст. Йæ разы кæйдæр фæсонтæ куы ауыдта, уæд ноджы тынгдæр фæтарст.-Стæй уы- цы фæсонты разæй æрбайхъуыст хъисфæндыры хъыс-хъыс. Уырыз- мæг ныр базыдта уыцы фæсонты хицауы. йæ хъисфæндыры хъарæг- æнгас хъыс-хъысæй йæ цы уавæры бафынæй кодта, нырма дæр афтæ • бады æмæ хафы йæ фæндыры тæг- тæ. Хафы сæ фæндыры хæрæгæй æмæ йæм Уырызмæгæн йæ маст рафыхт. «Æмæ, дам, кусгæ кæнын, — йæ- хинымæры йæм хæцы. — Мæн йæ цуры бадын фæндыд. Мæ маст ца- лынмæ нæ батадаид, уæдмæйыонг мæ фæндыд-йæ цуры бадын, уый та, кусгæ, дам, кæнын æмæ, дам, ды ныххуыс. Æмæ фæндыры тæгтæ уыцы хæрæгæй хафын куыстыл чи нымайы, уый цæй лæг у!.. Фæлæ кæд миййаг... Цыдæр дызæрдыгæн- гас ын фæныхылдта йæ хъуыды- тæм, — Кæд миййаг æндæр исты куыста. Бафæллад. Æрулæфыд æмæ йæхи ирхæфсыны тыххæй хыртт-хыртт кæны уыцы æндæх- тæ...» Лексо ноджы хафы фæндыры тæгты. Хафы сæ æмæ йæ фындзы бын цыдæртæ хъуыр-хъуыр кæны. Уырызмæг тыхсы. Дысон йæ хуыссæг фæлыгъд. Иæ зæрдæмæ йын маст фæныхылдта æмæ йæ хуыссæг фæлыгъд. Фæндыд æй, йæ мад йемæ куы сныхас кæнид æмæ йын йæ хуыссæг фæстæмæ куы ’рыздахид. Нæ йæм байхъуыста йæ мад. Нæ йын фæсырдта йæ зæрдæ- йы маст. Ныр дæр та фæлыгъд йæ хуыссæг. Ныр дæр ын ис, кæимæ ныхас кæиа, чи йын ’фæсура йæ маст. Фæлæ йæ дысон, æрдæгæхсæь фæхъыг кодта. Ныр æм сдзурид, фæлæ йæм йæ ныфс нæ хæссы. Куы та йæ асура ногæй. Куы ницæмæ та йын æрда- ра йæ катай. Æмæ^ дысон йæ мады цурæй ардæм ралыгъд. Уæд тынг- дæр мæсты уыд æмæ мæйдары дæр нæ тарст. Тасæй йæ зæрдæйы хъын- цъым тыхджындæр уыд æмæ... Ныр. нæ хæссы йæ ныфс. Лидзын æй куы бахъæуа, уæд миййаг- сæхимæ куы нæ ауæнда... Лексо бады æмæ йæ. фæндыры тæгтæ хафы фæндыры хæрæгæй. Хафы сæ æмæ цыдæртæ хъуыр- хъуыр кæны; «Цы уа, уый уæд, — аскъуыддзаг кодта лæппу æмæ тынг сæзмæ- лыд. —Уадз æмæ рагацау базона, кæй райхъал дæн, уый. Уадз æмæ йæхи бацæттæ кæна мемæ ныхас- мæ. Кæй йæм сдзурдзынæн ныртæк- кæ, уадз æмæ уый зона.. Уадз æмæ...» — Ницæмæ йæ дары Лек- со. Цыма йæ хъусгæ дæр нæ кæны. 16
Ныр хуыфгæ дæр бакодта. Нæй уæддæр. Дзургæ, æндæр хос дзы нæй... Æмæ лæппу йæ дзых куы фæхæлиу кодта сдзурыны тыххæй, уæд Лексо йæхæдæг фæразæй ис: Фæндыры тæгтæ дæр хафы æмæ -дзургæ дæр кæны: Стæй хуымæтæ- джы ныхасы хуызæн дæр не сты уыцы дзырдтæ, ’ фæлæ хъарæгæн- гæс дæр сты æмæ зарæгæнгæс дæр. — Куы дын уа зын... Куы фæли-. дза дæ цæстытæй хуыссæг, уæд-иу æрцу... - . .. ■ — Уæдæ ма мæ дысон цы хын- джылæг кодтай, — фырцинæй сæнт- хъæр фæкодта Уырызмæг. Лексо- йæн, цыма йæ фарсмæ минæ фе- хæлд, уый стъæлфт фæкодта. Фæн- дыр ахауд йæ къухтæй. Цыдæр- гъуызон æнуд цъæхахстæпгæс сир- вæзт йæ хъуырæй. Цæхгæр фæзылд Уырызмæджы ’рдæм. Иæ цæсты гагуытæ афтæ æддиау рабырыдыс- ты, æмæ йын куы фæиртæсой сæ фæлгæттæй, уымæй дæр старст Уы- . рызмæг. Иæ къухтæ ризынц. Лек- сойæн. Ахст сырды каст кæпы лæп- пумæ. Уый дзы тынг старст. Исчер- дæм ма куы аирвæзид, уый йæ бæр- гæ фæнды, фæлæ уый гæнæн дæр нæй. Иунæг ахизæн ис къæсæй æмæ уый Лексойы тæккæ фарсмæ ис. Куыдфæнды цырд ма агæпп кæнæд, уæддæр æй рацахсдзæн. Лæппу нал бафæрæзта уыцы хъизæмарæфтауæг сырдон цæстæн- гасмæ кæсын. Нырдиаг ласта. —- Чи дæ ды! — фæхъæр ы’л код- та Лексо. Ацы фарст диссау фæ- каст лæппумæ æмæ дзы кæуын дæр æрбайрох. Лексо йæм ноджы уы- цы сæнт каст кæны æмæ лæппуйæн йæ уд къæхты ’рдæм быры. Иæхины- мæры къуымты йæ хъуыдыты цæст хæссы: дуары йеддæмæ æндæр ахизæн, агæппгæнæн никæуылты ’ис? Ницы йæ зæрдæ фехсайдта. — Чи дæ, уымæй дæ нæ фæр- сын! — ноджы та йыл фæхъæр лас- та Лексо. — Уырызмæг дæн. Нал мæ зо- ныс? — ;кæуынхъæлæсæй сдзырдта лæппу. — Кæй Уырызмæг дæ? — Миранты. — Æмæ дæ Гитлер мæн марын- мæ æрбарвыста? — Мæн ничи æрбарвыста. — Уæдæ мæ цæмæн марыс? 2. «Фидиуæг» № 2 — Маргæ знæггæ фæкæнынц. Æз знаг нæ дæн. — Уыдон лæджы кардæй ныц- цæвынц, науæд æй фехсынц æмæ йæ æвиппайды амарынц. Ды та мæн хъизæмарæй марыс. — Уæдæ æз знагæй фыддæр дæн? — О ! — Нæ мæ уарзыс æмæ уый зæгъ, — ногæй та скуыдта лæп- пу — Дæхæдæг мын дзырдтай, зын дын куы уа, уæд-иу æрцу. Ныр дæм куы ’рцыдтæн, уæд ыл нал сæттыс. — Оу, мæнæ мыл туг ныууары- дис Миранты бынмиз Уырызмæги- мæ, — кæуæгау скодта Лексо дæр. — Уый мыл цæй тугтæ мысыс! — Нæ дыл мысын. Мæнæ æрдæ- бон дæр дзырдтай. — Куыд дзырдтон æрдæбон? — Куы дын уа зын... Куы фæли- дза дæ цæстытæй хуыссæг, уæд-иу æрцу, — комкоммæ йын рафæзмыд- та йæ ныхæстæ. — Уый... — цыдæр сцæйдзырдта Лерсо, фæлæ ферхæцыд. Иæ дыууæ армæй йæ цæстытæ амбæрзта. Йæ фæсонтæ та фæзылдта Уырызмæ- джы ’рдæм. Йæ фæсонтæ куыд фес- хъиу-фесхъиу кæнынц, уымæй лæп- пу бамбæрста, кæугæ кæй кæны. Æрхызт сынтæгæй. Бацыд Лексо- йы размæ. Йæ къух ын йæ уæрагыл æрæвæрдта. Иннæмæн дæр ацаг- уырдта бынат, фæлæ уымæн нæ разынд бынат. Афтид уыд уыцы бынат æмæ лæппуйæн йæ зæрдæ бауынгæг. Кæуынхъæлæсæй дзуры лæгмæ: , — Лексо,. ма ку. Ныххатыр мын кæн ацы хатт. Æз дæ æппындæр никуыуал бахъыгдардзынæн. Ныр- тæккæ аца^удзынæн æмæ æппындæр никуыуал æрбацæудзынæн. Лексо сындæггай сраст кодта йæ астæу. Йæ къухтæ цæсгомæй рай- ста æмæ сæ Уырызмæджы уæхсчы- тыл æрæвæрдта. — Ныххатыр мын кæн, Миранты дзæбæх лæппу... Ныххатыр мын кæн. Æз дæ не ’мбæрстон нырмæ, фæлæ-иу æз дæумæ нæ дзырдтон. Уый-иу æз Нинæмæ дзырдтон. Хъуамæ хъарæг-зарæг снывæндон Нинæйы тыххæй æмæ йæм ардыг- æй уырдæм дзурон.., — Мах Цинæйы тдахæй, Лек- 17
со? — лæппуйæн цыдæргъуызоы йæ зæрдæ бахъæлдзæг æмæ фестад. — Æмæ сымах Нинæ чи у? — Куыд чи? Не скъолайы дирек- тор. Уый тынг æнкъард вæйпы. Йæ лæджы йын знæгтæ амардтой хæсты. Амардтой йын æй, æмæ уый тыххæй тынг æнкъард вæййы. — Цы йын саразон, дæ низтæ. — йæ былтæ базылынтæ сты, мæгуыр Лексойæн. Иæ уæхсчытæ здухæгау кæны. — Цы йын саразон? Цæмæй йын баххуыс кæнон? — Цæмæй, уый зоныс, Лексо? — цыдæр хорз хъуыддаг йæ зæрдыл æрбалæууыд, æвæццæгæн, лæппу- йæн æмæ та йæ цæсгом фæрай- дзастгъуыз. — Æз æй зонын, цæмæй йын баххуыс кæнай, уый. — Уæдæ-ма йæ зæгъ. — Мæнæн Джиччи дзырдта, ды ансамб’лы кæй куыстай хæсты агъоммæ. Зарынмæ, дам, тыыг рæвдз уыдтæ. — Уый кæддæр уыд. Ныр уыцы Лексо нал ис. Амардис. Нинæ куы амард, уæд уыцы Лексо дæр амард. — Нæ амард Нинæ. Уый йæ лæг амард. Нырма нын знон дæр*урок лæвæрдта æмæ нын дзырдта... — Цы уын дзырдта? — Госпиталы хицау, дам, мæм æрбацыд. Тынг, дам, мын ныллæгъ- стæ кодта: Цæф хæстонтæ, дам, мын æрвылбон лæгъстæ кæнынц: фырæрхæндæгæй, дам, нæ низ но- джы дывæр кæны. Иу коыцерт, дам, нын исчи уæддæр куы равдисид. Ахуырдзауты, дам, бацæттæ кæы æмæ, дам, нæм æрбацыт. Æмæ, дам, ахуыргæнджытæй ахæмтæм ничи арæхсы. Бафæрсут, дам, хæ- дзæртты. Чизоны, дам, искæй ссар- ат, сывæллæттæы зарын чи баца- мона, ахæм. Мæнæн Джиччп уый размæ дзырдта, ды ансамблы кæй куыстай, уый, фæлæ мæ знон фе- рох. Ныр æрлæууыд мæ зæрдыл æмæ нæм æрбацу. Нинæйæн тынг æхсызгон уыдзæн. Чизоны дзы йæ- хи маст дæр чысыл айрох уа. Лексо уыцы ’ æдзынæгæй хъуыс- та лæппуйы даргъ æмæ хæццæ ныхасмæ. Йæ зæрдыл æрлæууыд, госпиталмæ-иу сæм горæты ахуыр- дзаутæ куы ’рбацыдысты, куы-иу сын зарыдысты, уæд-иу цæф хæс- тонтæн сæ зæрдæтæ куыд барухс сты, уый, Ныр хъуыды кæцы, цы дзуапп ратта Уырызмæгæн. Бæргæ хорз хъуыддаг уаид, фæлæ Лексо- йæн ахæмтæй ницыуал йæ бон ба- цæудзæн. Лексо ахæмтæм нал са- рæхсдзæн æмæ йын зæгъгæ дæр аф- тæ кодта: — Нæй, дæ низтæ. Ахæмты Лек- со нал дæы æмæ уæ Нииæйæн зæгъ- гæ дæр мацы кæн. Фыдæнхъæл фæ- уыдзæп æмæ тæригъæд у... Уырызмæджы нæ басастой Лек- сойьг ныхæстæ. Нæ йæм байхъуыс- та. Тæккæ йæм уыцы бон æрбакод- та иу саулагъз, хæрз æрыгон сыл- гоймаджы. Уый уыд сау фæлысты мидæг æмæ йæ бакаст æрхæндæг- дзинад æфтыдта Лексойы зæрдæ- йыл. Куы йæ ауыдта, уæд æй ба- зыдта æмæ тынг смæсты ис Уырыз- мæгмæ. Иæ цæстытæ дæр æм схъу- лæттæ кодта сылгоймаджы сусæг- æй, фæлæ йæ лæппу ницæмæ æр- дардта. Тынг хъæлдзæг æмæ рай- гоыд уыд æмæ йæ уый тыххæй ни- цæ’мæ æрдардта. — Уый не скъолайы директор у, Лексо. — Йæхицæй райгонд уæвгæ- йæ, уыцы схъæл ныхас кодта Уы- рызмæг. — Базонгæ у йемæ, æмæ дын цы зæгъа, ууыл æнæмæнг сра- зы у. Лексо лæууыд йæ иунæг къах æмæ йæ дыууæ лæдзæгыл. Лæууыд йæ сынтæджы раз къулмæ хæстæг. Йæ цæстыты фæхъулæттæ йын Уы- рызмæг кæй ницæмæ æрдардта æмæ йыы æндæр ныхæстыл кæй схæцыд, уый тыххæй йзе хъуыдытæ фæхæццæ сты. Цæстытæн иугæр Мираптьг Уырызмæджы басæттын сæ бон нæ бацис, уæд сыл фæлм сбадт æмæ сæ уынын цы хъуыд, уый нал уыд-- той. Кæддæр цы федтой æмæ цы бавзæрстой, уыдон сын æнцондæр уынæн систы æмæ сæ уыдтой. Цæмæн сыл ахæм æмбисонд æрцыд, уымæн Лексо ницы зыдта æмæ сæ сæхи бар ныууагъта... Æмæ уыцы фæлмæмбæрзт цæсты- тæ уыдтой ахæм нывтæ: ...Радисткæ Нинæ разысгарæг къорды командирæн фехъусын код- та, зæгъгæ, сыхаг хъæуы цы полк лæууы, уый куры æххуыс. Хъусын кæны, зæгъгæ, немыцæгтæ сæхи æрфидар кодтой, хурныгуылæны 18
’рдыгæй цы хъæды къох ис, уый фæстæ. Базонын хъæуы, цавæр тыхтæ сæм ис, куыд æвæрд сын сты æмæ сæ зæрды цы бакæнын ис, уый. Командир йæ цæст ахаста къор- ды хæстонтыл. Фарста сæ цæстæн- гасæй, йæхи фæндæй уæ чи ацæу- дзæн, зæгъгæ, ацы хæс сæххæст кæ- нынмæ. Салдаттæ куыддæр фегуп- пæг сты. Ничи дзы -фæцарæхст йæ фæндондзинад равдисыимæ. Уæд Нинæ балæууыд Лексойы размæ. Йæ цæстытæм ын уыцы комкоммæ ныккаст æмæ афтæ зæгъы: — Цæуæм æз æмæ ды. Ныфс мæ ис, сæххæст æй кæндзыстæм... — Дæуæн дæ куыст æндæр у, Ни- нæ, — йæ ныхас ын фескъуыдта командир. — Ахæм хъуыддæгтæм дæ не ’вдæлы. — Ме ’мбæлттæй уал исчи фæ- лæудзæн мæ бæсты. Мах та боны цъæхтæм ам уыдзыстæм. Æз уыцы хъæуккаг хæрæфырт дæн. Арæх-иу цыдтæн мæ мады æрвадæлтæм. Мæ мады æфсымæр хъæдгæсæй куыста. Арæх-иу мæ акодта йемæ. Тынг хорз зонын бацæуæнтæ-рацæуæнтæ æмæ мын уый тыххæй æнцон уы- дзæн хæс сæххæст кæнын. Сразы ис командир Н’инæйы фæн- дыл æмæ уыцы мæйдар æхсæвы Лексойыл хур ракаст. Афтæ йæм каст, цыма Нинæ йемæ куы уа, уæд дзы немыцаджы нæмыг нæ ахиз- дзæн, нæ йæ алыг кæндзæн немы- цаджы кард... Куыд æхсызгонæй сразы ис уæд уыцы Нинæйы куыр- диатыл! Боны цъæхтыл куыд æх- сызгонæй æрбакодтой немыцаг афи- церы уæнгтæбастæй! (Уый ахæм диссаджы хорз операци рауад æмæ дыууæйы дæр схорзæхджын код- той ордентæй). ...Æмæ та ныр дæр мæнæ йæ разы лæууы Нинæ. Æндæр Нинæ. Уый ’дæр дзы домы цыдæр хæс сæххæст кæнын. Уый дæр хæстон хæсы хуы- зæн кæсы Лексомæ, фæлæ йæм йæ ныфс нæ хæссы. Зоны йæ, ам ын марынæй тас нæу, йæхи дæр никæй марыны сæр бахъæудзæн, фæлæ йæм йæ ныфс нæ хæссы. Æмæ зæгъ- гæ Дæр афтæ кодта. Æниу æм Ни- нæ нырма ницы сдзырдта, ницæмæ йæм бахатыд. Иæ къух ын райста. Дæ бон хорз ын загъта, стæй къæ- ^æргæронмæ хæстæг сдæууыд æмæ уырдыгæй каст Лексойы лыг уæраг- мæ. Каст æм ахæм хуызы, цыма уы- цы лыгæй дæлæмæ цахæм къах хъуамæ уыдаид, уый йæ мид-зæрды ныв кæны. — Мæ бон дын ницæмæй у бах- хуыс кæнын Ни... — ферхæцыд мæ- гуыр Лексо. Нинæ ном дзурынæй нæ бафсæст. Никуы дзы бафсæс- таид, фæлæ йæ ныр йæ зæрдæ нал хæссы. Нал æй уæнды дзурын æмæ йæ æрдæгыл фескъуыдта. — Уæдæ та дæуæй дæр фыдæн- хъæл фæдæн? — цыдæргъуызон ба- хъынцъым кодта Нинæ æмæ Лексо- йæн йæ зæрдæ ныккæрзыдта. «Та» дзы кæй загъта, уый йæ бынтон ар- гæвста. Афтæ йæм фæкаст, цыма йын дзырдта: «Мæ лæджы. мын хæст амардта. Дæуæй ма мæ цыдæр ныфс уыд, æмæ та дæуæй дæр фыд- æнхъæл фæдæн». — Æз ын зæгъгæ дæр афтæ код- тон, — Нинæйы æнæзмæлгæ цæст- æнгасмæ кæсын нал фæрæзта Лек- со æмæ сдзырдта Уырызмæджы ’рдæм кæсга?йæ. — Кæмæн загътай? — нæ йæ бамбæрста Нинæ æмæ йæ дисгъуыз- æй афарста. — Мæнæ ацы къæбæдайæн, — лæппумæ ^ йæ къухæй ацамыдта Лексо. — Цы йын загътай? — Зæгъын, мæнæн мæ бон ахæм хъуыддæгтæ кæнын нал у æмæ фыд- æнхъæл фæуыдзæн, фæлæ йын ма- цы ской кæн. — Уæдæ ды развæлгъау дæ къух систай, хæстон лæг кæй уыдтæ, ууыл, нæ, — уыцы тызмæгæй йæм бакаст ус æмæ дзы Лексо фæ- тарст. — Хæстон лæг кæй уыдтæ, ууыл дæ къух систай, нæ? — Хъысмæт мæ батардта уыцы цъыссыммæ æмæ йын уæдæ æндæр цы кæнон? — Æмæ уым зарæг-хъарæг скæ- нинаг кæуыл дæ, уыцы Нинæ та? Уымæй дæ ницы æфсарм ис? — ныццæхгæрмæ йæм ис Нинæ. — Уый кой ма кæн. Ма кæн уый кой, — йæ лæдзæджы фындзæй ас- тæрд ныццавта æмæ сынтæгыл æрхауд лæг. — Уыдонæн ферохгæнæн нæй, — фидарæй та загъта Нинæ. — Уыдон 19
куы ферох кæнæм, уæд мах удæгас- æй нæхи мæрдты ’хсæнмæ ныппар- дзыстæм. Æмæ хæсты мард лæппу- тæ æмæ чызджытæ та нырма дæр сæ гæрзтæ æрæвæринаг не сты. Мæнæн мæ лæг амард, фæлæ уыр- дыгæй дæр нырма тох кæны зна- джимæ. Айразмæ мæм йæ командир афтæ фыста, нæ полчы хæстонты номхыгъды, дам, удæгастау ис дæ лæг. Алы хæстон дæр, дам, йæхи- цæн хæсыл нымайы, цæмæй, иу фа- шист йæхи тыххæй куы амара, уæд дыууæ та хъуамæ амара дæ лæджы номæй. Федтай, мæрдтæ дæр тох куыд кæнынц, уый? Ды та ам ба- бырыдтæ æмæ дæхицæн хъарджы- тæ кæныс... Нинæ тынг кæй смæсты ис, уый Уырызмæг базыдта æмæ йæ размæ бацыд. Р1æ къухтæм ын бавнæлдта æмæ цæм хæрдмæ кæсы: — Нинæ, ма мæсты кæн. Лексо хорз лæг у. Æфхæргæ дæр æй ма кæн. Уый нæм æнæмæнг æрба- цæудзæн æмæ фендзынæ, æндæра цы концерт бацæттæ кæнæм цæф хæстонтæн. — Фенæм, æндæра цавæр хорз Лексо разына дæ Лексо, — и^ каст ма йæм бакодта ус æмæ фæцæуæг ис. Уырызмæг ныр та Лексомæ ба- цыд. Иæ разы дзуццæджы æрбадт æмæ йæм дæлæмæ кæсы: . — Лексо, ма смæсты у Нинæмæ. Уый афтæ хорз у, афтæ æмæ... Ма йæм смæсты у. Хорз?, — Лексо йæ’ армæй даудта лæппуйы сæр. Дзур- гæ ницы кодта... ЭПИЛОДЖЫ БÆСТЫ Уыцы бон Лексо скодта йе ’фсæд- дон дарæс. Нæ рафтыдта йæ пагæт- тæ дæр. Иæ хорзæхтæ дæр уыдыс- ты йæ риуыл. Цыдæр тыхст хъæл- дзæг æнгас ын уыдис, афтæмæй цыд скъолайы ’рдæм... * * * Уырызмæг цагъта хъисфæнды- рæй. Лæппутæ æмæ чызджытæ кодтой тынг æнкъард зарæг: «Куы дын уа зын... Куы фæли- дза... Дæ цæстытæй куы фæлидза хуыссæг. Дæ удмæ дын... дæ зæрдæ- мæ æхсæвыгон, æмбис æхсæвы та- ры куы ныхыла дæ зæрдæмæ æр- хæндæг, уæд-иу æрцу... Æрцу^иу уæд мæнмæ...» , Уый ахæм æнкъард зарæг уыд æмæ цæф хæстонтæй алкæмæн дæр йæ цæстытæ донæй байдзаг .сты. Уый уыд тынг æнкъард зарæг... » Куы дын уа зын... г^КЖ^
ДЖЫГКАЙТЫ ШАМИЛ ХЪОДЫГОНД ЗÆД (Æртæархайдон драмæ) Ацы драмæ фыст у адæмы царды хабæрттыл Х1У*æнусы кæрон. Драмæйы историон цауты бындурыл æвдыст цæуы адæмы рæстаг тох сæ сæрибардзинады сæрыл. Мыхуыр дзы кæнæм иу хай. ДЫККАГАРХАЙД 5-ÆМ НЫВ Ныхас Фыццаг фæзынд. Ф и д и у æ г Хæххон адæм! Æхсызгон хабар! Хъусут! ■ Æрбацæуы уæлахизæй Борæхан. Адæм æмбырдтæ кæнынц. Хъæлæстæ — Нæ хистæртæ кæм ысты уæдæ? Уыдон Ыстыр циныл цæуылнæ кæнынц цин? — Атохы фырт куы фесгуыха, уæд ын Æппæт адæм дæр хорзæхтæ дæтдзысты. — Æгас цæуæд уæлахиздзау Борæхан! Б о р æх а н (æрбацæуы хæстон арæзтæй, йæ фæдыл æфсæддонтæ) Улахиз уæд нæ фарн æмæ нæ кард! X æ л æст æ: Уæлахиз уæд нæртон фæтæг, Борæхан! 1-аГ х æхх он Уæлахизæн куывдтæ фæкæнæм! Б о р æх а н — Адæм! Куывдтæ кæнынæн раджы у нырма. Нæ хæхтыл асаст не знагæн йæ сыкъа, 21
'Герк раивылыд сæ тугæй, фæлæ уый Нырма уæлахиз нæу. Тимур Дербентыл Рæхджы зындзæн нæ быдыртæм. Цæгаты Нæ кæмтты дуæрттæ гом ысты. Хъæудзæн Нырма хæцын. Хъазуатон хæст уыдзæн, Фæлæ нæхи æрцæттæ кæнæм. Цомут! (Ацæуынц уыдон. Рацæуынц А’тох æмæ хистæртæ.) Атох Уынут, мæ хуртæ! Не ’вастæй кæны Хъуыддæгтæ уый, æнтысы йын цыдæртæ, Æмæ ныл адæм сисдзысты сæ къух... Уый не сæфт у! Дзуарылæг Ыстыр хæрам у уый. Æрхауд, цырвау, нæ адæмæн сæ астæу, Æмæ сæ зонд æнхъиздзæн-. Фæлæ тагъд Хъæуы мадзал!.. А-гъа! Бæлвырд у бонау: Нæ зæды хай фæдзæхсгæ кодта мах — . «Дæлимон уæм æрцыд! Уæхи дзы хизут!» Цæттæ хæрам у уый... Хъæуы тæрхон, Нæ астæуæй йын сыскъуынæм йæ хъæстæ! (Ацæуынц разæнгардæй.) ÆХСÆЗÆМ НЫВ Найфаты кувæндон. Борæхан æмæ дыууæ лæппуйы. Фыццаг фæзынд Б о р æх а н Нæ мæсыгæн æрæвæрдтам бындур. Ыссудздзынæн мæ уды рухс йæ дурты, Мæ тугæй сæ нындадздзынæн хъæбæр, Æмæ лæудзæн сæрыстырæй æнусты. Цытджын нартæ кæй нæ фесты æвæд» Уыдзæн, гъе, уымæн ацы ран æвдисæн... Нæ чингуытæ нын басыгъта фыдгул, Фæци нæ зонды дзаг къæбиц хæлæттаг, Фæлæ ма ис нæ фыдæлты пергамент — Цъæх дойнаг дур. Æз ыл ыскъахтон сартæй Фæрныг дзырдтæ, аллон лæджы нысан: «Кæнæ сæрибар, кæннод та — мæлæт». Æрмæст ма йыл ныв ыскæнын хъæудзæни, Бынæй — фæранк, йæ сæрмæ та — зæрин хур: Нæ тых æмæ нæ зонды нысан уадз Нæ фæстагæттæн баззайой ныфсæн- Кæд уыдон уой,- уæд адæмты æхсæн Уыдзæн нæ ном сыгъдæг æмæ нымады. Лæгæн хуыцау нæ ба’ххуыс кæндзæн ам, — (Иуварс асхойы саджы сыкъатæ.) Æрмæст дæ удæй арт цæгъдын фæраз, Æмæ уыдзынæ сфæлдисæг дæхæдæг. 22
Дыккаг фæзынД Борæхан йæ цæнгтæ бафистæг кодта, сарт æмæ дзæбугæй архайы дуримæ. ФæзынД дзырдхæссæг, йæ къухæй кæмæдæр сиды. Æрбацæуы Дзуары лæг, йæ фæстæ — тызмæг бардз, йæ къухы змæлдæй сæ уромы. Дзуарылæг Цы кусыс уый, йенæсæрфат мæлинаг?! Æви дын нал ис мард æмæ дзуар?.. Æви нæ зоныс фæтк æмæ сыгъдæг ран? Б о р æх а н . Мæнæн ис мард — нæ ивгъуыд цыт, нæ ном, Мæнæн ис дзуар — нæ фидæны сæрибар, Æз зонын иу фæтк — фарныл тох æрмæст, Ис иу сыгъдæг ран — райгуырæн мæгуыр зæхх. Æндæр æгъдауæн ницы зонын æз. Дзуары лæг Хæйрæджы сайд! Хынджылæг кæныс ды Нæ кувæндæттæй— къахыс сын сæ бынтæ... Б о р æ х а н Фæкодтой сæ хьп.джылæггаг тæтæр, Æз та сæ ног сыгъдæг кæнынмæ хъавын. Д з у а р ы л æ г Кæддæр ныл ам чырыстон дин ыстых, Фæлæ ныззылд сæ аргъуанæн йæ бындур, Æмæ та ног тæтæры ’ххуысæй уæд Æрбадтысты нæхи зæдтæ нæ хæхтыл. Б ор æ х ан Æрбадтысты — сæрибар нæ, цагъарæй! Цагъар та у гуымиры æмæ куырм. Æмæ æргъæу рæсугъд галуантæ хæлдтой, Уæ хъæддаг мастæй чингуытæ сыгътат, Æмæ фæндагыл баззадыстæм ныр Æнæ артдзæст, æнæ цырагъæй-. Дзуары лæг Банцай! Дæлимопы æрымысгæ у чиныг, Нæ’фыдбылызтæ уымæй цæуынц иууыл... Йæхицæн дæр, йæ кæнæгæн дæр ис Æрмæстдæр иу хос — арт! Хъæлæстæ — Мæлæт! Мæлæт! — Сындзын арты йæ басудзæм! — Фыдгæнæг! Борæхан сæ разы слæууыд. Фæзынд Атох, фæстæдæр Гæтæг æмæ Мукара. 23
Æртыккаг фæзынд. Ат ох Æрлæуут, хорз адæм! Æрлæуут! Курын, Нæ кувæндоны ма ’руадзут фыдгæнд, Йæ сыгъдæг зæхх ын ма сахорут тугæй. ’Хъæлæстæ — Уæд та йæ фехсæм куыдзæппарæн рындзæй! — Иæ хæдзары йæ басудзæм! Ато х Æнцад! Æнцад уал ут! Нæма хъæуьг лæгнывонд. Нæма йæ домынц арв æмæ хуыцау... Нæ къабæз у — нæхи туг æмæ не стæг, Æрмæст фæхъæстæ сау маргæй, нырхæм, Фæлæ зын у йæ ралыг кæнын — рисдзæн, Æмæ йыл тагъд нæма кæнæм. Нырма Фæразæм низæн. Ис быхсæн æмгъуыдмæ. Уæдмæ йæм кæд нæ хуыцау дæр æркæсид ’ Æмæ йын уый ысрухс кæнид йæ зонд. Нырма лæппу у, сонт рæдыд та барст у, Хæххон донау тæлтæг вæцйы æвзонг, Фæлæ йæ цард æрсабыр кæны цадæг, Æмæ фæцæуы быдырты фæлмæн Æмæ сындæг... ] Б о р æх а н Æмæ йыл хъуына схæцы... Фæлтау кæлæд æхсæрдзæнтæй! Му ка р а Кæсыс, Куыд ауды нæ буц хистæр дæ цардыл, Мæлæты дзыхæйбаиргъæвта дæу, Ды та кæныс дæрзæг ныхас æбузнæй, / Цæуылнæ фæзмыс хистæрты ныхас? Нæ йæм хъусыс, куыд уæздан у, зæлдагау!.- Борæхан Рæстдзинады уæ аив ныхас марг у. Нæ цард та у дызгъуын æмæ дæрзæг, Æмæ ныхас дæр уый хуызæн уа хъуамæ. Атох Сæртæг ныхас дыл нал фидауы — ныр Лæг дæ... Фæлæ-ма зæгъ уæддæр, æнамонд, Цы хъавыс ды, цæй тыххæй халыс фæтк? Цы?! Б о р æх а н Мигъ боны, зæрныджытау, цъындæй 24
Ныппырхытæ стæм алырдæм. Лæггад Кæнæм кæмæндæр алы ран æгадæй. Мæ мæсыгыл сын судздзæни цырагъ Æмæ сæ хондзæн иу нысанмæ. Адæм Куы базоной мæ фыстыты нысан, Уæд Нарты цæуæт нал уыдзысты къордтæ: Фæсхох, Цæгат, Дыгур æмæ Уæллаг Ир, Дайранæй раст Хъобаны былтæм уæд Тымбыл къухау ысиу уаиккой; Ир Аллоны тæф кæнид, æмæ ныртæккæ Цагъайрагау дæлдзиныг чи у, уый Уæд сыстид раст бæгъатыр лæгау рыгтæй, Иæ хъысмæтæн ысуаид уый хуыцау... Дзуары лæг Нæ хъусут, адæм?! Лæг уыдзæн хуыцау Æмæ нын уый нæ хъуыддæгтæ кæндзæни. Хъæлæстæ — Нæ уыдзæн уый! — фæлтау æлгъыст фæуæд! — Ныссæрфæм ын зæххы цъарыл йæ фæд дæр!.. Адæм агуылф кодтой мæсыг халынмæ, дур сæттынмæ. Атох сæ йæ къухы амындæй разæнгард кæны. ’ , у Б о р æх а н Мæ куыстытæ! Мæ фыдæбæттæ сæфынц!.. (Сæ фæдыл æнæбонæй азгъоры.) Дзуары лæг Цæттæ хæрам у... Уромын бæргæ Нæ хъуыди адæмы — мæстæй йæ уым Ныккодтаиккой холыйау ыскъуыдтæ. Атох Бæрнон хъуыддаджы тагъд кæнын нæ бæззы... Уый адæмæн хъæбатыр у сæ цæсты, Æмæ йын нæй æргомæй сафæн... Зон, Нæ разы туг куы ныккалдаид, уæд Йæ азым искуы сбадтаид нæхиуыл. Д з у а р ы л æ г Цæмæн, цæмæн? Уыд архайæг сæхи къух, — Æмæ сын уый æхгæдтаид сæ дзых. А тох Нæ, нæ, сæ зонд æрсдонæй уæлдай нæу, — Кæдæм фæзила, уыцырдæм æфсæры Æмæ хæры йæ рæзтæ... Фæлæ мах, Мах хъуамæ уымæн донмарæн ыскæнæм, Цæмæй дыууæрдæм мауал кæна рафт-бафт, Æмæ цæуа нæ куыроймæ нывыл- 25
Дзуары лæг Уæдæ быхсæм! Ат о х Быхсын фæсмойнаг нæу. Ныры онг адæм тарстысты фыдрынæй, Ныр та æрмæст йæ хъуыдытæй тæрсæм. О, уыдон ысты емынæ... нæ мæлæт!.. Æмæ йын ам йæ хъуыды хъæуы марын!.. Уыдзыстæм уæд йæ сау тугæй сыгъдæг, Иæ низæй ирвæзт, афтæмæй нæ намыс Æмæ нæ цард цæудзысты ног сæ нывыл. Хæцаг калмæн йæ марг æвзæгтæ слас Æмæ йæ тух дæ хъуырыл дæр, — дæ разы Нындзыг уыдзысты адæм уæд фырдисæй... Æз равзæрстон ныфсджындæр хос. Ыскув, Цæмæй йæ зæдтæ ахъазджын фæкæной. Д з у а р ы л æ г О, стыр хуыцау! Рæстмæ фæуæд нæ хъуыддаг, Нæ фæндон уæд нæ дауджытæн æхцон- А т ох Нæ адæмæн та батайæд æнцонæй! Дзуары лæг Табу! Табу! Цы фæнд дæм ис, зæгъ æй. Ат о х Фæлмæн æмæ лæгуарзон тæрхон! Дзуарылæг Хъоды?! Ато х Иæ тæригъæд йæхи фæуæд... Хуыздæр хос Нæ зонын æз... Дзуары лæг Иттæг раст у! Атох ^ Фæстиат, Нæ хъæуы — цалынмæ тæвд ысты адæм, Уæдмæ сын хъуыддаг баууилын уыдзæн Æнцондæр... Ныхас айсдзынæ дæхимæ. Дзуарылæг Мæхицæн æй ыстыр кадыл нымайын!
Æрбаздæхынц адæм — цин кæнынц, кафынц. Æрбацæуы Борæхан дæр, цæуы р сцснæйы арфæй. Б о р æх а н Куырм уырытæ! Цæуыл худут æфсæстæй? Цы уыл бафтыдта зыд æмæ кæрæф? Уæ фарны тала бахсыдтат дæндагæй, Ныр цин кæнут! Æнæсæрфат хъæддаг Æрра монцты ныппырх кæны йæ артдзæст Æмæ сымахау фæныкыл фæкафы. Атох æмæ Дзуары лæг размæ рацæуынц. Дзуары лæг Фæрныг адæм! Нæ бæсты фарн уæм дзуры, Рæстаг тæрхон уæ агуры хуьтцау Æмæ паддзах... А д æ м Уæ уынаффæ зæгъут! Дзуары лæг Тæригъæдджын мæлинæгты фыддæр, Æркув дæ сæрæй адæмæн! Бо р æ х а н Сæ фарнæн Æрхæссин æз мæ иунæг сæр нывонд, Фæлæ сын кувгæ не скæндзынæн — никуы! Дзуары лæг Кæсут, хорз адæм? Худы уыл æргомæй, Кæны уыл уый зынæрвæссонæй æлгъ-.. Æмæ куыннæ? — йæхи зæххон нæ хоны, Фæлæ хуыцау: мæхæдæг, дам, зæххыл Ысфæлдисдзынæн алцыдæр мæ къухæй. Хъæлæстæ: — Æбуалгъ хъуыды... Чи нæ фæччы, ахæм!.. Дзуарылæг Бæгуы, куынæ дзы бахизæм нæхи, ’ Уæд ныл рынау ныппырх уыдзæн йæ хъæстæ. Хъ æл æс Хæцгæ низæн йæ хуыздæр хос — сыджыт- Дзуарылæг Фæрныг адæм! Мах тугмондаг куынæ стæм Куырыхон у, хуыцауы сконд, Атох, Иæ зонд нæ абон бахызта нæ мастæй, Ныр растдæр тæрхон рахæсдзыстæм мах.
Гæт æг Уæрыччы байстой бирæгъæй, цæмæй йын Йæ зæрдæйæ æхсыр^фæмбал ыскæной. Дзуары лæг Тæригъæдджын! Уыныс дæхæдæг ныр, Дæ сау хъуыддæгтæ раргом ысты иууыл. Ды хæлдтай фæтк, нæ адæмы ызмæстай, ■ Фæлæ уыдысты, каубыдау, æнгом, Æмæ сæ фæнд хуыцауы цæфау иу у. Кæсыс?! Бораехан Нæ, адæхМ не сты иу — тæразы Дыууæ тæбæгъау хицæн ысты уыдоы... Сæ иуы бухъ цард, иннæйы — гæвзыкк, Сæ иуы цинтæ, иннæйы та — сагъæс. Сымах сæ раст цæстмæмитæй кæнут, Фæлæ мæнгтæ куы ’рæвæрут сæ иуыл, Уæд иннæуыл æрызгъæлынц цæссыгтæ Æмæ æрласыыц тæбæгъы бынмæ. Дзуарылæг Сæрзилæдждх^ын, сæнттæ кæй цæгъдыс, уым Ды иунæг дæ. Б о р æх а н Кæд иунæг дæн, уæддæр Мæ иу рæстад тыхджындæр у уæ мæнгтæй. Хъ æлæ с — Дæ ’рæстад дæр æлгъыст æмæ дæ цард дæр!.. Дзуары лæг Уыныс, уыныс, нæ адæмæн хæрам Æмæ рын дæ!.. Б о р æх а н Цы уыл æрцыдис, адæм? Кæрæдзи ныхас нал æмбарæм. Раст Нæ иртасæм зылын æмæ фæлывдæй. Æлгъаг чъизи нын нал кæны ысмаг, Нæ куыст ысси хæлæг æмæ нымудзын, Æмæ нæ ферох Нарты ном. Тырнут ма Æрмæстдæр мулкмæ, уый охыл зыдæй Куыстагур зилут, нал уæ хъæуы намыс, Аслам цинтыл уæ цæсгом уæй кæнут Æмæ мыздыл лæггадгæнæгæй хитут.-. Цы уыл æрцыд, ирон адæм! Кæйдæр Уæййаг зонд уын цæмæй ысси уынаффæ? Æнæмæт хъазтыл бафтауынц сымах, Сывæллæттау, — æмæ сæхæдæг уæд
Уæ бæласæн йæ уидæгтæ фæкъахынц. Уæ бæлас та нæ бæстæ у, нæ зæхх., 1-аг х æххо н Уæллæй, цыма рæстытæ дзуры Борæ. 3-аг х æхх о н Йæ раст н^хæстæй сойтæ смæрзæн нæй. 2-аг х æххо н Рæстаг адæм, мæ ныхас аипп ма уæд... Дайраны комы чи уыд, уый зæгъæд, Куыд хæцыд уым сæруæлдайæ Борæхан? Ау, фе;рох нæ?.. Фыдгулы къордтæй иу Æрбырста Терчы галиу фæрсты. Уæд Нæ раздзог уырдæм атахти. Иæ фæстæ Фыдгултæй дæс. Уый рындзы сæр йæ бæх Цæрдсагъд фæкодта. Сау тæтæр сæхи Нæ баурæдтой — акалдысты былæй. Уæд ацы лаппу рындзы сæрæй раст Йæхи уæлбæхæй Терчы гуылфмæ фехста. Ысмидæг се ’хсæн, систа сæ цæгъдынтæ, Цыма ызгъæлдта къæдзæхæй хуыртæ, Сæ фæндаг сын æрбалыг кодта уым Æмæ та уайтагъд февзæрди нæ фарсмæ... Иæхицæн нæ цы домдта уæд? Нæ зонын... А тох Æгъгъæд! Л æп п утæ Нæ сæрхъуы-зой у уый! Нæртон, Хъæбатыр лæг! Нæ йæ хъæуы æфхæрын! Му ка р а Ныхъхъус ут тагъд, къæбæдатæ! Сымах та Ам чи фæрсы? Г æтæг Лæппуйы зонд дæр зонд у. Уæд та йын, цæй, ныххатыр кæнæм. Уадз, Кæнæд æндæр куыст. Уый амындæй куырд Æфсæн гутонæй баивта нæ дзывыр Æмæ нæ куыст фæрогдæр ис- Хъæлæстæ — Æнæмæнг! — Иæ куыст кæнæд— æрмæст хæцæд йæ дзыхыл! Размæ рацæуы Буртæг. Адæм фæхъус сты.
Б у р т æ г Ныххатыр кæнут, хистæртæ! Æрæджы Æрцыд фыдракæнд. Бабын и Сослан, * Нæ лæппутæн сæ сæрæндæр... Борæхан, Зæгъ-ма, цы фæци уый? Æви зæгъыс, Нæ йæ зонын? Æви йæ ды фæсхохмæ Нæ арвыстай?.- Йæ разы та кæмдæр Дæ хъузæттæ æрæвæрдтой къæппæг, Æмæ фæци Гандзайы хай нæ хуыздæр. Ды ма йæ фæстæ азгъордтай æфсонæн, Фæлæ дæ фыд нæ бамбæхстай уæддæр. Хъæлæстæ* — Уæйгæнæг у! — Лæгмарæгæн — мæлæт! Цыппæрæм фæзынд Æрбацæуы зæронд лæг Зæринæйы æнцæйтты. Чызг хъавыд цъæхахст кæнынмæ, фæлæ йæхи фæурæдта. Зæрондлæг Лæппу! Æз та дæуыл дардтон мæ зæрдæ, Дæ ныхæстæм мæ фæндыр райгас. Цъусгай Ысуыдтон дунейы рухс, фæлæ ныр Мæ фæндыры’хъис аскъуыди бынтондæр. Æрхауд мыл арв. Зындоны мæ ныппæрстай, Æмæ хуыцау дæ тæрхонгæнæг уæд. Фыд æмæ чызг ацæуынц. Зæринæ фæстаг уайдзæфы каст бакæны Борæханмæ. Б о р æха н Цы ма бавзарон маст æмæ рыстæй?! Куыройы фыдтæ разилæнт мæ сæрыл! Ныббæттут мæ Уæрсæджы хохмæ ныр Уæ милæйдзаг рæхыстæй, æмæ уым Мæ игæр ацы сынтытæ æхсыной. Б у р т æ г Фæрныг адæм! Нæ бæрæгбон куы уыд, Уæд ратахт зæд... Фæкодтам ын нывæндтæ... (Æрбахоны Агуындæйы:) .Зæгъ-ма, Агуындæ. Найфаты бон Уазæй Цы зæд ратахт, уый чи уыди? А г у ы н д æ Бæгуыдæр, Æз федтон уыцы райсом зæд. Сымах Нæ бамбардзыстут уый. Фæлæ тæрхон Кæуыл кæнут, цæссыгау уый сыгъдæг у. (Паузæ). Уый рындзы тигътыл урс æфсургъыл тахт, Цыма ыстъалы расхъиудта уæларвæй, 30
Æмæ нæ кæмтты, рухс таугæ, сыгъдис. Иæ урс пæлæз ныппака ис, цæргæсау. Йæ цæфхæдтæй зынджытæ хауд... Уæд дын Уый Найфаты бын рындзы сæр æваст Фæурæдта. Мæ уд мæ мидæг нал уыд: Æихъæлдтон, æмæ ахауд. Уый цæхгæр Фæзылди рог, æрбаскъæрдта фæстæмæ Раст рындзы тигътыл. Уалынмæ æрбаввахс, Кæсын, æмæ дын урс бæхыл — Борæхан- М у к а р а Гъе, уый дын зæд! А г у ы н д æ (дзуары лæгмæ) Уый зæд у, зæд! Дзуары лæг Дæлимон! Б у р т æг Нокары риуы ацы фат уыд — уый Борæханы у!.. Уый азарæй мах Æбуалгъ ивар бафыстам нæ тугæй. Дзуары лæг Уынут, адæм, цы фыдбылыз у, уый, Æмæ йыл хъоды бакæнæм æмвæндæй. Хъ æл æс Æнæхуыцауыл бакæнæм æвдисæн! Дзуары лæг Æгъдаухалæг уæд хъодыгонд æнусмæ, Нæ комбæсты йын мауал уæд цæрæн. Нæ уыди немæ иу уагыл æмдзæрин, Ныр, хъæды сырдау, иунæгæй цæрæд, Æмæ фæсмон йæ фæдыл æфтыд уæд, Æнтæф бон уымæн чи суадза йæ дойны, Тымыгъ æхсæв ын чи ратта æртхос, Уынгæджы бон æй чи скæна йæ уазæг, Фæндараст уымæн чи зæгъа лæгæй, — Уый хъодыимæ хъодыгонд уыдзæн! -Хъæлæстæ Уый хъодыимæ хъодыгонд фæуæд! Дзуарылæг Æлгъыст, цæугæ! Дæ фыдбылызтæ ахæсс, Ныууадз дæ фæстæ фарн æмæ æнцои!
Хъæлæстæ Цæугæ, цæугæ! Нæ фыдбылызтæ ахæсс, Ныууадз дæ фæстæ фарн æмæ æнцой! Хистæртæ азилынц æмæ ацæуынц. Сæ фæдыл — адæм. Борæхан бады сисы хæлд- дзæгтыл. Уæдæгонд æм бацæуы. Уый йæ пæ уыны. /Ърбады йæ зонь:гуылтыл,йæ къухта арвмæ сисы: йæ кувын у æдзæм уайдзæф æмæ æртхъирæн. Фæндзæм фæзынд Саударæг Цæй мæгуыр дæ, цæй мæгуыр дæ, рæстдзинад! Дæ агъудæй куы ракæсыс, уæд дæ Нæмынц сындзытæй, сурынц дæ нæ цардæй; Иæ уды хос кæмæн ысуаис, уый дæр Æнæзондæй дæуыл æндзары арт... Кæдæм кæсут, æнамонд адæм? Зæдæн Уæ зæрдæты нæ разынди бынат, - . Æмæ йæ ’рхастат залымæн нывондæн. Рухсытæ æрмынæг вæййынц. Зыны æрмæст Борæхан. Æрбацæуы Зæринæ. Æхсæзæмфæзынд Б о р æх а н Кæцы дæ, кæ? 3 æр и н æ Нæ мæ уыныс? — Зæринæ. Борæхан Зæринæ? А, мæ зæды хай? Æниу... Кæм ма ис зæд... Хæйрæг кæд дæ ды дæр?.. 3 æ р и н æ Цытæ дзурыс? Дæ зонд фæцыд? Б о р æх а н Ныртæккæ Ам кафыдысты зинтæ. Уыд сæ хъазт Фыд фыны хуызæн. Афтæ уыд сæ арæзт, Æмæ дзы бирæтæн сæ сæртæ раст Сæ гуыбынтыл уыдысты... Фæлæ сæртыл Нæ зынд цæсгæмттæ. Уыдоныл уыдис Æрмæст дзыхтæ, фындзтæ кæнæ та хъустæ. Уыд иуæн та зынг цæстытæ — æрмæст Сæ иу уыд разæй, иннæ та фæстейæ... Æнæнцойæ Сырдоны куыдзау уый Ысмудгæйæ сæ алыфарс ысцоппай. Нæма федтай ды маймулиты кафт? Уый хъазт уыд, хъазт! 3 æ р ин æ Тæригъæд дзурыс, тобæ... 32
Дæ царды цинтæй бафсæстæ кæмДæр, Æрцыдтæ нæм фæллад æмæ æлгъæдæй, Æмæ дын мах цард нал ыскодта ад... Борæхан Ды йыл æркалдтай.судзаг хæлттæй хъацæн, Æмæ мын адджын фестади... 3 æр и н æ Ныууадз Дæ хъазæн ныхас... Дзурыныл нæ дæн: Дæ гадзрахатæй басыгътай мæ зæрдæ, Фæлывдæй ме ууæнк аппæрстай кæмдæр, Фыд-зæрдæйæ мæгуыр чызгыл фæхудтæ, Æмæ мын уый æгъгъæд фæуæд. Ныр айс Дæ лæвар..- Уый æндæрæн уыд мысайнаг, Æмæ йыл судзы урс зынгæй цæссыг... Мæхи дзы исдуг абуц кодтон... Бузныг... Б о р æх ан Дæлимонтæ, дæлимонтæ! Хуыцау, Цы ма бавзарон дудгæ бонæй? Зинты Чысыл раздæр æлгъаг хуызы уыдтон, Ныр зæды хуызы рацыди сæ фыддæр. Фæлæуу, фæлæуу, æркæсон дæм бæстон.-. Ау, ды Зæринæ дæ? Зæххыл хуыздæр Æмæ уæздандæр чи у, уый? Мæхицæн Фæстаг ныфс чи уыд, уыцы чызг ды уай? Уæд мыл бынтондæр рахæтыд хъысмæт, Æмæ дзæгъæлæй баззайдзынæн ихыл... Зæгъ-ма, ды дæр кæд хæйрæг нæ дæ, уæд, Цы кодтон æз?! 3 æр и н æ Цы ма кæнай æндæр?! Тæтæйраг дæр нæ бакодтаид афтæ, — Мæ удæй мын фæхъазыдтæ, дæумæ Æгъгъæд нæ фæкаст уый, фæлæ мын ноджы Мæ иунæг ныфсы фесæфтай Гандзамæ. Б о р æх ан Æгъгъæд! Æгъгъæд!.. Дæ хахуыр мын æгæр у... Фæлæ уæддæр куыд æнхъæлдтон сæлхæрау, Чызджы уарзт дæр нын амонд ратдзæн, уый? Ныр та? Æз ныр сæрибар дæн мæнг сæнттæй, Æмæ дын — бузныг- Ракастæн, уынын: Мæхи нырмæ æз мæйы рухсмæ тавтон... Æнæсæрфат! Цæй уарзт агуырдтон ам, Кæд дзы æппæт дæр мисхалæй нымад у Æмæ дзы нæй зæрдиаг ми... Ныр зонын: Æз доны сæрыл арт кæнынмæ хъавын — Сæлхæры куыст!.. Сæрибар дæн ныр æз Мæнг бæллицтæй. Фæрухсдæр и мæ фæндаг, Мæ иунæджы уæззау сагъæс мын ныр Уыдзæни рогдæр... Тæх, мæ бæлон, тæх Æмæ дæ амонд халæттимæ агур-..
3 æр ин æ Дæ хъысмæты æз аххосджын нæ дæн... Зынæввæрсон, уæлæхох ныл уыдтæ, Нæ цин, нæ хъыг нын мурмæ дæр нæ дардтай. Б ор æха н Сæттын, сæттын — тæригъæдджын дæн æз: Æлгъыл æлгъ кæнын, худинагыл — худгæ, Сæтæлæджы хъузг рахонын къуындæг Лæджы цардæн, кæсы мæм хъоргъы талынгу Æндзарын æз йæ сау хъуынатыл арт — Уæдæ ма уæд тæригъæдджын куьшнæ дæн? Дæхи мæ хъахъхъæн — судзы дæ мæ пзар, Æз дæн фыдбылыз, удхæссæг... 3 æ р и н æ Цæуын... Æлгъитын дæ нæ бауарздзæн мæ цæст... Фæлæ хæрзбон... Хуыздæр амондыл амбæл... (Борæ æрбадт. Нæ йæм кæсы.) Цы мыл æрцыд? — Ныггалиутæ мæ цард... Ныссуйтæ сты мæ хъуыдытæ. Нæ зонын, Цы кæнон, уый. Цæуын хъæуы, уæддæр Лæууын... Фæци дыууæ дихы мæ зæрдæ.,. Æмæ тæрсын.,. Æнæбон чызг, бын бауай, Дæ уарзт — æфхæрд, дæ маст дæр нæу хæрамæн... Æхсинты зæд, ысрухс мын кæн мæ зонд! (Ацæуы. Борæхан баззайы цавд дурæй.) Æ В Д Æ М НЫВ Ныхас. Сæумæрайсом. Фидиуæг кæсы фæндагмæ. Фыццаг фæзынд Ф и д и у æг Тындзы нæ хъæумæ иу барæг. Уæллæй, Фыд уацхæссæг у уый. О, тобæ, тобæ! Æнæ уый дæр нæ хъуырмæ стæм хъыгтæй. Зиан йеддæмæ цины хабар нал и. Мæнæй дæр ферох фарны æвзаг, раст Сынты уастау тæрсынц мæ хъæрæй адæм. Фæхабар хъæуы алырдæм... О, адæм! Æвзæр уацæй уæ бахизæд хуыцау, Фæлæ нæ хъæуы сæмбæлди хъæргæнæг... Æрбацæуынц Гæтæг æмæ Мукара. Дыккаг фæзынд М у к а р а Сæумæцъæхæй цæуыл систай фæдис? Дæ халоны хъуахъ ныккæндтæм куы хъуысы, Уæд та дæ марой цавæр у?
Ф и д иу æ’г Хæтæлы Куыд ныффу кæнай, афтæ уасы уый. Г æ т æ г Æцæг зæгъы, нæ царды уадындз фестад, Иæ марой та — нæ зæрдæйы хъæлæс. Му к а р а Æгомыг фестæд уый бæсты! Г æт æг Ныууадз... Кæркуаеæнты куынæ ныууаса уасæг, Уæд нал æрцæудзæн бон, зæгъыс? Ызнон Нæ кусарты уæн тынг æвзæр уыд. Бæстæ Æгасæй зилы сау туджы. Му к а р а Ды та Дæ уæны кæсыс, халонау. Г æтæ г Бæргæ Уыгау бынтон куынæ кæсин мæ цæстæй, Нæ уынин уæд нæ хъæдгæмттæ æмæ Быхсин сæ рыстæн... Нæ, фæлæ æз та Мæ хъазæн дзырдтæй ме стыр хъыг æмбæхсын, Цыма быдзæу дæн, уый хуызæн. Му ка р а Гæтæг, Дæу та цымæ цы маст домы, цы хъыг? Г æ т æг Мæ уды рыст, мæ уды рыст, Мукара! Мæ худыны бын чи фæхъæрзы, уый. Мука р а Дзымандытьтл та схæцыдтæ... Атох, Æрбацæуы нæ буц хистæр, нæ фæтæг. Атох . Цы ныл æрцыд? Цæуыл та кæнут марой? Му ка р а Фыдуацхæссæг æрбацæуы, зæгъынц. 3;
Æртыккаг фæзынД Адæм æгуыппæгæй цæуынц. Фæзынд уацхæссæг — Ёлберд, нæй йын базбнæй! цæфтæ, бызгъуыртæ. Тæфæрфæсгæнæгау слæууыд. Ел б ерд Нырæй фæстæмæ хорз хабæрттæ хъусут, Фæлæ ныл абон аныгуылд нæ хур, Æмæ уæ сæртæ ставд лæдзгуытæй хойут. Атох г *7 Иронвæндаг сылгоймаджь! æгъдау у, Ды та лæг дæ — цы ныл æрцыд, зæгъ-ма Цыбыр ныхасæй- Ел б ер д Фесæфтыстæм хæсты... Ат ох Ды ма, æвзæр, куыд баззадтæ сæ быныл? ■ (Схæцы йын йæ сæрыл.) Елберд! Е л б ер д Кæддæр Елберд чи уыди, уый... Тъæпæн Дыгур æмæ быдыры Ирæй Æрæмбырд и д&с мин барæджы. Мах Ысиу ыстæм Æрджынарæджы семæ, Хъуымы быдырмæ сарæзтам нæ ных, Уым бафтыдыстæм паддзахы æфсадыл. ’ Къуыри æнхъæлмæ кастыстæм, ыстæй Æрцыд хабар: Тимуры ’фсæдтæ Теркыл Æрбахызтысты. Мах æфсад дæр растад Æмæ Ногъайы быдырмæ цæуæм Сæ размæ. Уалынмæ ныл сæмбæлд’ Нæ ханы бардзырд: «Намысджын аллонтæн Мæнæй лæвæрд фыццаг цæфы’бар уæд». Фырцинæй махыл базыртæ æрзад, Æмæ фыдгулæн ’рыхгæдтам йæ фæндаг... Фæлæ нытталынг арвгæрон æваст. Æмæ ныл дымгæ сыстади. Уæд сау мигъ Лæсæнау рацыд. Сау мигъ дæр нæ уыд, Фæлæ æфсæцдзых сау цæргæстæ минтæй Нæ размæ тахтысты. Хъæр æмæ æхст Ысси тыгъд быдыр. Сау цæргæстæ нæ, Фæлæ æфсæйнаг базырджын æфсæдтæ Сæ разæй хастой тас æмæ мæлæт... Кæнынц сæ фæттæ уæлдæфы æхситт, Цыма тæхынц æн’æнымæц кæлмытæ Æмæ сырх зынгæй уады хъистæ калынц..- Нæхи бæргæ ныффидар кодтам мах, Æмæ кæд зæххыл калдыстæм сыггай, Уæддæр нæ цард нæ лæвæрдтам асламыл, Нæ алыварс æртыгуыр ысты уæд Æфсæнбыд кауæй фидардæр, æнгомдæр; Зындоны арты бахаудыстæм уым, Æмæ дзы нал уыд раздæхæн фæстæмæ. Уæд цæфтыл зилын байдыдтой куыйтау 36
Æмæ сæ кодтой сугъты цагьд. Æз дæр Цæфæй æрхаудтæн. Гъа ныр мыл фæхæст уой. Æз афтæ тугæй самæзтон мæхи Æмæ ныххаудтæн мæрдты ’хсæн дæлгоммæ. Æрлæууыд мыл æфсæн къахæй мæлæт, Фæлæ мæ сæрты ахызти. Фæстагмæ Куы адард рын, уæд сыстадтæн æз дæр, Сæ фæдыл исдуг ацыдтæн, ыстæй Уæд базыдтон: фæлидзæг ис нæ паддзах, Æмæ йæ суры быдырты фыдгул, Кæм æй баййафы, уым та йæ ныссæнды... Æрхауд. Нымæтыл æй систой. Адæм исдуг æгуыппæгæй лæууынц. Сценæйы арфæй рацæуынц саударæг устытæ, сæ сау кæрдæнтæ сæ уæлæ кæнынц, афтæмæй. Лæгтæ, тæ- фæрфæсгæнджытау, алæууынц иуварс. Цыппæрæмфæзынд Æрбацыд ног бæлццон. Мæрддзыгой адæмы лæугæ куы федта, уæд фæлæууыд, стæй æрбацыд тæфæрфаесгæнгæ. Б æ л ц ц о и : Æфсымæртæ! _ Гæтæг Æхсызгон уацхæссæг у! Фæлæ уынæм, хъыг кæнынмæ нæ цыдтæ..- Б æлццон ! I Фæдисон дæн Тъæпæн Дыгурæй æз, фæдæ ма ныр цы зæгъон, гъа.., А т о х г ’ Цы ’рцыди? Дыгуры уым нæхионтæ куыдтæ сты? ^^ Б æ л ц ц о н Уæ балгъитæг дæр уыдон хуызæн уæд... Тъæпæн Дыгурыл тугуарæн ныккодта; Алсахъ-Темур ныл бафтыдта йæ азар, Æмæ ныл рухс хур аныгуылд рæфты... Нæ цъæх быдыртæ йе ’фсæндзых æфсæдтæй Ныттар ысты, æрхъула кодта махыл, Зынг рæхысæй нæ балвæста нæ кæмтты, Нæ раздзæуæг, нæ лæгдæрты лæгдæртæ Сæ туджы кодтой иугæйттæй куынæг, Нæ фæсивæд, нæртон лæгтау, бырстой, Фæстаг лæджы онг бирæ тох фæкодтой, Фæлæ тыгьды æрцыдысты бындзагъд. Уæд сыгъд ысхæцыд — бафтыдта цъæх арт Нæ ивылд хъæутыл, фестадысты пиллон. Куыстхъом адæмæй чи баззад æгас, Фæтæры уыдон уацары йæ разæй- Сæ сыгъд бындур, сæ сау фæныкыл уым Дзæгъæл сабитæ баззадысты ниугæ... 37
Атох Нæ тæригъæдтæн нал быхсы хуыцау Æмæ ныл рахатт — судзы нæ йæ азар. Г æт æг Тæригъæдджынтæ иугæйттæ куы сты, Уæд сын сæ хæс цæмæн фидынц сæдæтæ? Фæлæ, бæлвырд, хуыцауы хъуыддаг нæу. Ам, чизоны, æндæртæм хауы аххос... Æгъгъæд нын у куырмæй цæрынæн!.. Ныр Нæ хъысмæтыл æрмæт кæнæм нæхæдæг, Кæннод кæйдæр хал ахæрдзыстæм тагъд... Ад æм Æнæмæнг афтæ:.. Раст зæгъы Гæтæг!.. Ато х Ныууадз дæ додой, фефсæрмы у мæрдтæй. Г æт æ г Хъæр кæнын, хъæр! Лæг нал уромы рыст. Ат ох Зианы уæлхъ’ус не ’мбæлы хъæр ныхас... Хъыггæнæг адæм, алчи уæ рыст у, Фæлæ зынæн фæразын хъæуы. Абон Сæ сыджыты хай ахицæн хъæуы Нæ хæсгæмæрдтæн..|. Рухсаг сын зæгъæм. Сæ хуыцауы хæс бафыстой æгъдауыл, Æмæ сын мах дæр саразæм æгъдау. Атох ацæуы, йæ фæдыл — чи разæнгардæй, чи æвæндонæй. Гæтæг, æртæ хæххвны æмæ фæсивæд баззайынц. Гæтæг У, сау рувас, • куыд та фæзылдта ныхас! Фæлæ рæдийы ацы хатт! Иæ быны Хуымæтæджы нæ бацыд дон. Нæ маст Йæ фыцынæй нæ банцайдзæн. Уынæм Нæ бæллæхтæ. Нæ мæрдты туг нæм сиды. Уый куры мастисын. Лыстæг æркæс, Уæд ам и, ам, нæ фыдбылыз, нæ сафæг, Æмæ дзы хъуамæ бахизæм нæхи... Уынут æй ныр, рæстытæ дзырдта Борæ. Фæлæ, бæлвырд, æлгъыст фæци нæ бæстæ: Лæгау-лæг нæм куы фæзыны, уæд æй Нæ хахуырты бын баныгæнæм уайтагъд. 1-аг хæххон Сæрсæфæнмæ куы ’рцыдыстæм, уæд æй Æрымысыдтæ, 36
3-аг х æ х х о н Ма кæнут йæ кой дæр, Лæгмар æмæ фыдгæнæг куы у уый! Г æт æг Фæлæуу, фæлæуу! Тæвд ныхас у нæ сафæг. Рæдыд кæмдæр... Нæ мæ уырны æниу... Фыдгæнæгæн æгæр рухс уыд йæ цæсгом... Ыссарæм æй. Мах тынг хъæуы йæ зонд, Уый ацы тыхсты исты мадзал арид. 1-аг хæххон Дæ цырагъ доны баппæрстай, уæд ма Цæмæн хъæуы фæсмон кæнын! Г æтæг Фæлæуу, Уый» чи ахуысса, ахæм цырагъ нæу: Æвæстиатæй йæ сисын хъæуы донæй! 2-аг х æххон Кæй бон у уый? Гæ тæг Мæ быгъдыуан фæуæд! Куы фехъуса нæ тохы зарæг, уæд Нæ фæдисмæ хæстæввонгæй зындзæни. Фæстиат — нал! Нæ тохы бон æрцыд... Нæ Кард — хуыцау, фæдзæхæм дыл нæхи! • И у м æ Нæ Кард — хуыцау, фæдзæхсæм дыл нæхи! Æмбæрзæн зккзсзс?
ХАЦЫРТЫ СЕРГЕЙ ХОСДЗАУ Кадæг Æрдз минмыр зæлтæй худы æмæ зары, Бæрзонддæр рындзæи дзæбидыр фæлгæсы. Æхсыргур мæргътæ зилынц арвы тары, Хæххон дон кæмтты йе ’лутон фæхæссы. Æртæхкæрдæг æрттивы, тад æвзистау, Цъæх денджызау, уылæнтæгæнгæ, тасы. Фæзындис хосдзау, йе ’ндон цæвæг ’риста, Æмæ уыгæрдæн дардыл, уисгай, дасы. Иæ фындзы хъæлыл уайынц хиды ’ртæхтæ, Иæ фæсонтыл йæ хæдон дæр фæмæцъæл. Зæххон лæгмæ кæсынц сæрыстыр хæхтæ, ...Фæлæ йæ уис кæронмæ нал фæхæццæ. Мæскуыйæ тел уæззау хабар æрхаста: «Фæдис! Фæдис Фыдызнаг нæм лæбуры!» Иæ цæвæгхъæд æрдæг уисы æрсагъта Æмæ йæм хосдзау «Цæй, хæрзбон уал...» — дзуры. «Ныббар ды дæр, кæй дæ уадзын æрдæгыл»,- Хатыркурæгау загъта хосы уисæн. Æмæ цы хæс уыд хосдзау хохаг лæгыл, Цæргæсау, уырдæм атахти фæдисæй, , * * * Уæззау уыдысты тугвæндæгты азтæ, Уый топпы бæсты февнæлдтаид хъилмæ. Фæлæ куы федта знæгтæ нæ куыд карстой, Фыццаг хатт уæд фашистты систа милмæ. «Уæдæ, лæгм’артæ, кæд мæлæтæй хъазут, — Лæджы тугæй уын нал ис, нал æфсис дæр, Уæд авд дæлдзæхы уе ’ппæт дæр дзыназут, Æрдæгхастæй фæлæудзæнис мæ уис’ дæр!» «Кæм дæ, хæстон!?» — нæ горæттæ дзынæзтой. «Нæ туг нын райс!» — зынгхуыст сабитæ домдтой. Советон зæхх цынæ зынтæ æвзæрста, Æлгъаг фашист æй, удхæссæгау, хордта. Æмæ сæ цагътам ацал-ауал азы! .? ыцци, дæ хосдзау нал зыдта тæригъæд.
Цæйнæфæлтау нæ дарæг зæхх дзыназа, Фæлтау кæнæнт ыл знæгтæ цагъдæй ривæд! Гыцци, уæззау у хæсты судзгæ арты, Фæлæ хъæцын хæстон лæгыл æмбæлы. Цы лæг хæцы Фыдыбæстæйы бартыл, Æрмхæсты уый ызнаджы раз нæ кæлы. Ныр та йæ кой дæр ма кæнæм мæлæтæн, Дæ фырты тыххæй не ’рхаудзæн дæм уайдзæф. Тæрæм фашистты се сæфты лæгæтмæ, Нæ зынг-цæхæры йе ’ндон уарт ныттайдзæн! Хæстарыд фырт дæм уæд æртæхдзæн, маргъау, Чырс сæримæ, зæгъдзæни дын æмбойны: «Гыцци, уæлахиз байстам туджы аргъæй, Ныр сау суадонæй басæттон мæ дойны!..» Æмбисæхсæв. Мæ сойдзырагъ фæтайы, Æддейæ тымыгъ, балбирæгътау, ниуы. Уæ мысгæйæ, салдаты ’хсар цы кайы! Хæстарыд зарæг базмæлы мæ риуы. Хъæбул, хæхбæсты залты мит ныууарыд, Иæ уадтымыгъæй цæстытæ фæкъахы. Хъæдын къусæй æз бæхы сысджы барын, Уæддæр дæ курын: ма мæт кæн ды махыл. Дæ кæстæр Тох лæгдзоныгъæй суг ласы, Æртдзых хæдзары судзæм сойдзырæгътæ. Æрхæндæгæй дæ Къобор уæныг уасы, Сæ мехъ-мехъæй нæ фенцайынц нæ сæгътæ. Дрис йæ куырой духъхъæй цас æндадзы... Æнхъæл кæцæй уыд залты мит ныууардзæн. Иæ нукмæ йын уыраугæ цæссыг тадзин, Куы æнхъæлин, кæддæрау ма ныззардзæн. Нæ къутуйы ыссады къæрмæг дарын, Уæд та фæзынди фарны уазæг махмæ. Дæ хо йæ уырзтæй тинтычъи æвзары, Нæ, дам, уыдзæн дыккаг басылыхъхъ ахæм. Къуымбил цъындатæ ’нафонтæм фæбийы, Иæ æрмкъухтæн нымæц дæр, хъæбул, нал ис. Кæд, дам, дæ къæхтæ уазалæй фæсийынц. Гъе, хæдæхсмæ æргъæвст къухæй æвналыс. Хæрзбон, хъæбул, хæхбæсты фарн дæ хизæд, О, лæгты дзуар, у йе ’хсарæн æвдисæн. Ыстыр хуыцау, ды бакæн нын тæригъæд, Дæ фæдзæхст уæд иыййарæджы фæдисон,
* * * Гыцци, гыцци, цæй уæззау у дæ фыстæг: «Хъæбул, хæхбæсты залты мит ныууарыд,..» Цы кæндзынæ уæдæ нæ зæддаг фыстæн, Мæ бæсты дын сæ чи хиздзæн Хъызлары? Хæрзаг Мила уæззау зæрдæйæ ниуы, Æрмахуыр куыдз фыййау лæгæн уыд йе ’хсар. Нæ саргъы бæх Гæрæм хæрдзæн йæ хъиутæ, Мæ бæсты йын йæ чъиухидтæ чи фехсдзæн? Нæ дыргъбæлæсты чи бахсæддзæн уалдзæг? Цъæхыгты хуымтæ чи рувдзæн мæ бæсты? Нæ хуымон галты ’хсæвæддæ чи дардзæн? — Ысты хъæубæсты равзаргæтæ хæсты. Гыцци, гыцци, мæ цæсгом дæм нæ хъæцы, Фæлæ ныббар дæ хосдзауæн, ныййарæг... Дæ чындзаг кæд йæ сагъæсты фæлмæцы... Кæд нал хъуысы йæ кæлæнгæнæг зарæг... Æви фæрсыс дæ хæстон фырты дардæй: «Мæ чындзаджы нæ хъæубæсты нæ зонын...» (Йæ къухмæрзæн ын асгарын мæ армæй Мæ риуы дзыппы, ме ’мбæлццон æй хонын!) Гыцци, гыцци! Æрхъæцмæ йыл нæ хъæцын, Фæлæ мæ цæвæг ’рсагътон ме ’рдæг уисы Æз уалæ фæсрагъ. Згæ йыл кæд фæхæцыд, Дæ чындзаг уæд æндæр фæндтæ æлвисы. Фæлæ кæд цæвæг, арвы ронау, хъазы, Дæ чындзаг уæд йæ хъысмæтæй у разы, Уæд дын дæ фырты уый кæддæрау уарзы, Йæ сæр æндæры амондæн нæ разылд. * * * Æхсæвы цъæхæй мад тындзы фæсрагъмæ, Иæ фырты фыстæг риумæ арф нылхъивы. Нæ кæсы уый йæ къахвæндаджы даргъмæ, «...Фæлæ кæд цæвæг, цæвæг нал æрттивы... Йæ зараг ком кæд бургъуыз ызгæ райста, Кæд сау халон йæ цæгатыл фæбады, Кæд дзæгъæлы кæйдæр къухмæрзæн хаста, Уæд сау сыджыт куыд нæ хæры дæ мады...» Мад фæсрагъмæ кæрдгæ къæдзæхтыл хизы, Иæ хид кæлы, фæлæ фыртæсæй ризы, Кæд цæвæгхъæд æрдæг уисы дзыназы Æмæ йыл худгæ хуры тын нæ хъазы.. О, цас сагъæстæ сцæнди мады риуы, Чысыл ма æмæ фæсрагъæй ныккæсдзæн. Æрхæм хъуыдытæй зæрдæ дуды, ниуы, Фæлæ йын фырты сагъд цæвæг цы хæсдзæн?..
Æвиппайд хъустыл уазмыр зарæг ауад. «’Дæ цыргъ цæвæг æрдæг уисыл дзыназы. Мæ сæры хил мын рог уддзæф цы дауы? Æмæ цы лæууын ’рхæндæгæй йæ разы? ’ - Кæм дæ, фæзын, мæ цæугæ хох — хъæбатыр, Мæн рог уддзæф цы рæвдауы дæ бæсты? Мæ цæстысыгтæн уый фæкæны батæ Æмæ та дарддæр асимы мæ рæзты. Кæнæ цы кæны урсдзыкку æхсæрдзæн, Иæ сæр-сæрæй мыл цас маст уый æфтаудзæн? Цæуылнæ зары булæмæргъ: «Æрцæудзæн!» Æви мæ зæрдæ ам хъæлтæ фæхаудзæн?.. Кæм дæ, кæм дæ? Æрхъæцмæ дыл нæ хъæцын, Дæ цæвæджы ком æз уырзтæй рæвдауын. Хатыр мæнæн: мæ сагъæсты фæлмæцын, Фæлæ дæ уарзтæй ’руайын æмæ тайын!» * * * Уæззау уыд хæст, фæлæ Рейхстаджы сæрмæ Сырх тырыса нæ хосдзау лæг æрсагъта. Уæлахиздзау фæзылдта худ цæхгæрмæ, «Æгъгъæд нын фод!» — йæ хæдæхсæн уый загъта. Ирыстонæй Берлинмæ уый фæбырста, Уæззау тохтæн сæ пиллон арты сарыд. Зæххы къори! Уый хайджын уыд дæ ристæй, Ныр дын йæ уарзт, йæ тохвæллад уд- хъары. Дæ фарны риу æрмæстдæр уæд цæрынæн, Ныййарджытæ-иу мауал тонæнт рустæ. Лæджы цард мауал антысæд мæлынæн, Иæ рæстаг зонд та кусæд фарны ’нустæн. Æз та тæхон, уæлахиздзау, хæхбæстæм, Мæнмæ кæсы æнхъæлмæ буц ныййарæг. Æрсимдзынæн кæйдæр чызгæн йæ фæрсты, Хæстарыдæй йын ’ркæндзынæн мæ зарæг. Нæры хæхбæсты хосдзауы куывд дардыл, Дзæбидыртæй йын уаз куывдтытæ систой. Æрдхæрæйнаг ирон фæндыры зарды Æнкъарæм мах уæззау хæсты фыдристæ. «Уæлахиздзаутæн у — р — р — а æмæ табу! — Уый хистæр сыкъа хосдзау лæгмæ дары. — «Хæсты быдыры мах бартыл чи бабын. — Ирон фæндыр сыл судзгæ цæссыг калы. Зæгъ нын, хæстон лæг, зæгъ, уæззаудæр тохы Дæ риуы арфы ды цьт бæллиц хастай?» « — Нæ уыд мæнæй мæ æрдæгкарст уис рохы, Мæ цæвæг дæр ыл хъен сагъдæй æрсагътон. Бæллыдтæн æз, куы ’ртахтаин æм, маргъау, Куы ныххаетаин ме ’рдæг уис кæронадæ,
Фæлæ уыдис мæ рухс бæллиц уæд аргъау, , -"* Æмæ та кастæн хæсты дыккаг бонмæ. Ныр бузныг, гайтма арв йæ мидбыл худы, Уæззау цæссыгтæ не ’вдæрзынц мæ мады. Йæ хосдзау хæстон иу чысылтæ цуды, Фæлæ дунейыл йе ’хсар у нымады. Нæрæд нæ зарæг райгуырæн Цæдисыл, Хъырнæнт нын хæхтæ уаз хъæлæстæй бонмæ. Æз бонцъæхтыл æрлæудзынæн мæ уисыл, Сæухизмæ йæ ныххæсдзынæн кæронмæ!» «Кад хосдзауæн!» — йæ дзырд ын фæсрагъ айста, — Кæны бæрзонд хох де ’хсармæ тæхуды. Кад хосдзауы сыгъдарыд судзгæ уарзтæн! — Æхсæрдзæн дардæй мин-мин зæлтæй худы!!!
ГАГЛОЙТЫ ГРИГОЛ ХÆСТЫ СТЪÆЛФÆНТÆ Салдаты бонæгæй скъуыддзаг Нæ сахар уæд чысыл уыд. Йæ иу кæронæй-иу Хаимы хæрæг куы ныу- уасыд, уæд-иу иннæ кæронмæ фе- хъуыст. Иæ чысыл уынгты цалдæр хатты æрзылдтæн, фæлæ мæ хæлæр- ттæй никæуыл фембæлдтæн. Адæм æнкъардæй, æнæдзургæйæ, цыдысты дыууæрдæм. Хур афтæ тынг нык- каст, æмæ тæвдæй сулæфæнтæ нæ уыд, бæстæ дзæгæрæг кодта. Мæ фæндаг сарæзтон Æфсæддон къа- мисариатмæ. Уым, къæсæргæрон, радгæс лæууыд бæрзондгомау къæс- хуыр лæппулæг. Иæ цонгыл — сырх хæцъил баст. ’ Кæрты адæмæй къухбакæнæн нал уыд. Нæ хъæуы лæппутæй ма фæ- хæст дæн æрмæстдæр иуыл. «Æз знон нæ бахаудтæн, кæй арвыстой, уыдоны номхыгъдмæ, — загъта уый. — Нæ хъæуы лæппуты дæр ды- сон арвыстой Калакмæ»... Рæстæг цыд... Фæстæдæр иу сау- хил лæппу-лæг дуаргæронæй ра- сидт: «Æмбæлттæ, абон фæци нæ куыст... Райсом-иу æрбацæут!» Фæсивæды бардз схор-хор кодтой: — Уый та куыд?.. Куыд фæци уæ куыст?-. Нырма сихорафон куынæ у?!. — Кæд нæ ’рвитут, уæд абон, бам- бæрстай!.. Хынджылæг ма кæнут, ам гæ- Ды æмæ мыстæй нæ хъазæм!.. — Кæддæра къуылымпыгæнджы- тæй нæу ацы лæппу, — хъуыст алы- рдыгæй ахæм ныхæстæ. Адæмы ’хсæнты алæстæн «улæфт» чи расидт, уымæ. Мæ дзыппæй сис- тон мæ куырдиат æмæ йæм æй дæт- тын. — Цы у? — афарста мæ. — Куырдиат. — Цæй тыххæй? — Айс æмæ йæ бакæс. «Курæг уæ дæн, цæмæймæ абон, æвæстиатæй, арвитат тохы быдыр- мæ... Ме ’мкарæн æмбæлттæй ам ни- чиуал ис...» — Мæ хæлар, — сдзырдта уый, — ай хуызæн куырдиаттæ нæм цас ис, уый зоныс?-. Райсом, æгæрыстæкæй, фæскомцæдисонтæ тæргай фесты, ; загъд самадтой, фæлæ уыдон дæр сомм.æ аргъæвтам. — Æмæ æз фæскомцæдисон нæ дæн, æнхъæлыс?!. Мæ дзыппæй сырх билет систон æмæ йæм æй æвдисын. — Хорз, æмбал, хорз, иууылдæр уæ зонæм. Райсом дæр дард нал у... Машинæтæ нын нæ фаг кæны, æн- дæра уæ абон дæр арвитиккам... Фæцис йæ ныхас, хатæнмæ бахызт æмæ дуар рахгæдта. Æфсæддон къамисариаты бæсты- хаймæ бацæуæны ауыгъд уыдзонти- чы хуызæн стыр сау æмæ пæлæхсар радиоисæн. Уымæй райхъуыст кæй- дæр бæзджын хъæлæс: «Дзуры Мæ- скуы. Советон информбюройæ. Гит- лерон тыхæйисджытыл кæд стыр зи- æнттæ цæуы техникæ æмæ хæстон- тæй, уæддæр бырсынц размæ. Карз тохтæ цæуы фронтты алы ран дæр»- Адæм æдзынæгæй аззадысты- Æп- пынфæстаг кæмæйдæр райхъуыст: — Гъе-гъе, хъусут, цытæ цæуы нæ Райгуырæн бæстæйы!.. Ам нре хæлæрттæн абон сæ куыст фæци... Хур фæсхох ныттылд. Йæ судзгæ цæхæртæ æрнымæг сты. Поезд бай- дзаг æрсидтонтæй. Анкъуыст. Рай- 45
хъуыст сæ цæлхыты æмдзæгъд. Æр- дæгæхсæв æрхызтыстæм Тбилисы. Уыд мæйрухс æмæ хъарм æхсæв. «Цыма афонмæ кæм сты мæ хъæу- ккаг хæлæрттæ, ме ’фсымæртæ? — мæ зæрдыл æрбалæууыдысты æмæ фарстон мæхи. — Никæйуал сæ фед- тон.- Ныр уыдон бæсты базонгæ дæн æндæр æрсидтонтимæ, ныры онг мæ фыны дæр кæй нæ федтон, ахæмти- мæ. Æфсæддон хъуыддаг уысммæ араз- гæ у. Ныддихтæ нæ кодтой хицæн æмæ хицæн æфсæддон дæлхæйттыл. — Сæ сæртæ сын сæлвынут æмæ сæ абанамæ акæнут! — бардзырд радта цахæмдæр бæрзонд æмæ хæрз- конд майор, стæй йæ сахатмæ æр- каст. Ацыдыстæм... Цæрдæг æрбадтæн хилдасæджы бандоныл. Урсхил, хæл- арзæрдæ адæймаг æрбацыд мæ цур- мæ. Мæ сæрыхъуынтыл йæ цæст ахаста, йе ’нгуылдзтæй сæ асгæрста, стæй æнæдзургæйæ фалдæр æрбадт. Цыдæр арф хъуыдытæ йæ сæхимæ ныккæсын кодтой. Пъолæй йæ цæс- тытæ нал иста. — Бахатыр кæн, тагъд кæнын, ме ’мбæлттæ мæнмæ æнхъæлмæ кæ- сынц, — æрæджиау æм бадзырдтон. Уый сыстад æмæ та, æнæдзургæ- йæ, мæ цуры æрлæууыд. — Исты дæ риссы, миййаг? — афарстон æй. — Нæ, швило... Ницы мæ риссы, фæлæ мæ зæрдæ нæ тæры ахæм фи- дауыцджын сæрыхил бындзарыл сæлвынынмæ. Уадз сæ, чизоны дын хистæртæ бар раттой... — Нæ, мæ хæстæг, нæ, æфсæддон устав афтæ нæ амоны. Кæд удæгас баззайон, уæд та мын æрзайдзысты. Уый машинкæ райста æмæ йæ, æвæндонæй, мæ сæрыхъуынтыл суа- гъта... * * * ..•Æфсæддон лагертæ... Сæумæ- райсомæй нын саумил изæрмæ æрæ- нцой нæ уыд. Хæринаг бахæрыны рæстæг дæр нын нæ фаг кодта. Тынг фæлмæцыдыстæм. Æниу цы гæнæн уыд — хæст!.. «Уæд та нæ фронтмæ тагъддæр куы арвитиккой!» — бирæтæ дзырд- той стыр разæнгардæй. Ноджы бо- ныгъæд бынтон сзыгъуыммæ: æхсæ- вæй-бонæй къæвда уарыд æмæ уа- рыд. Æрмæст-иу æхсæв баирвæзтыстæМ халагъудтæм æмæ-иу уæд бонмæнæ дарæс чысыл фæчъырццæ. ^арынмæ дæсны чи уыд, не ’фсæд- дон хайы ахæмтæ бирæ уыд, фæлæ дзы уæддæр кæстæр сержант Покосы ничи æййæфта. йæ хъæлæс зæлланг кодта хъуытазау. Æнæуи дæр ху- дæджы адæймаг уыд. Уый фæрцы нæ хæстонтæ æдзухдæр уыдысты хъæлдзæг- Ахæм ныхас-иу сæппæр- ста йæ дзыхæй, æмæ дыл мæсты æмæ фæлладæй дæр фæрстæ нал баззадаид худæгаей- Иæхæдæг та ныхас йеддæмæ «худын нæзыдта»... Покось йæхи кубайнаг хъазахъхъаг хуыдта, фæлæ йæ ныхæсты бирæ пайда кодта украйнаг дзырдтæй. Иæ акцент (æвзаджы здæхт) дæр украинæгтæм æввахсдæр лæууыд. Суанг ма Шевченкойы æмдзæвгæт- æй бирæты зыдта æнæкæсгæйæ... «Нæ фæндырдзæгъдæг, нæ хъыгтæ- сурæг», — афтæ хуыдтой нæ хæстон- тæ Покосы. Зын уыдысты царды уавæртæ. Уый алчидæр хорз зыдта. Кавка- зæй Кенигсбергмæ цы бынат нæ басгæрстам, цы акъопыты нæ ами- дæг стæм, цы хæсты цæхæрты нæ алæстыстæм, ахæм. æвæццæгæн, иу- ран дæр нал баззад, фæлæ Покось алы ран дæр уыд тохмæ разæнгард- гæнæг æмæ зарæджы хъæргæнæг. Иууыл фылдæр та уарзта æмæ за- рыд: «Широка страна моя родная, Много в ней лесов, полей и рек! Я другой такой страны не знаю, Где так вольно дышит человек». Адæймагæй адæймаджы ’хсæн би- рæ алыгъуызон æхгæд гæрæнтæ ис Цасфæнды сыл архай, уæддæр сæн& байгом кæндзынæ. Рæнхъон æфсæд- дон Старицкий Бакойы нефты гуыр- æнты дусæг уыд- Ныр йæ кары ба- цыд. Иæ кæддæры фидар базгуытÆ слæмæгъ сты. Йæ коммæ рæстмаз нал кастысты. Æргом æмæ хæлар- зæрдæ уьтд. Асæй — бæрзонд æм# бæзæрхыг. Фердæхтæй — уæзбын, ныхасæй — уæздан. Æрмæст йæ га- . лиу къахæй гæзæмæ чиудта. Къæдз- низ дзы йæ фат ныссагъта æмæ й# 46
ферд^хын нæ уагъта. Нæ дугъ кæ- нын йæ бон уыд, нæ гуыбыны цъа- рыл бырын. Командир-иу æм бæргæ сидт, размæ, размæ тагъддæр, зæгъ- гæ, фæлæ-иу æй, цыма, Старицкий хъусгæ дæр нæ кодта, афтæ дардта йæхи. Уый тыххæй-иу ын уайдзæф- тыл схæцыд. Æппынфæстаг нал ныб- барста йæ командирæн æмæ йын афтæ зæгъы: «Æмбал капитан, афтæ ма банхъæл, æмæ æфсон кæнын, ома’ мæ дæ бардзырдтæ æххæст кæнын нæ фæнды!? Фæнды мæ, æмбал ка- питан, фæлæ мæ бон нæу, мæ уæр- джытæ мæ нæ хæссынц.-. Мæ уæраг мæ коммæ нæ кæсы. Æз дæ цахъ- хъæн куы уыдтæн, уæд мыл коман- дæ дæр нæ хъуыди, бонизæрмæ æдзух радугъ-бадугъæй не ’фсæстæн, рæх- снæг бæлæстæн-иу сæ цъиубадæн- тæй акастæн, фæлæ ныр мæ кары бацыдтæн, ахæмтæ аразын мæ бон нал у. Æфсадмæ дæр мæ нæ кодтой, фæлæ мæхи фæндæй фæцыдтæн, чи- зоны, зæгъын, ацы тыхст заманы исты æххуыс фæуон не ’фсадæн, нæ адæмæн, нæ хицауадæн»... Старицкийы ныхæстæ капйтанæн цыдæр хос фесты æмæ йæм уæдæй фæстæмæ æрфæлмæн. Уый фæстæ Старицкий тохы быдыры цалдæр хатты басгуыхт. Арæх адæймаг цы ’нхъæл нæ вæй- йы, ахæм ран бахауы. Мæнмæ та ныр Дæр æндæр хъуыдытæ æмæ бæллиц- тæ уыд, фæлæ мын, сапоньГфынкау, фæтары сты. Штабмæ мæм фæсид- тысты æмæ мын ротæйы командир загъта: — Цалдæр хæстоны, уыдон цымæ- Цы ды дæр, рахицæн кодтам... Æрви- тæм уæ командирты курсытæм.- «Агъа, кæд уым иучысыл баулæ- фин, — ахъуыды кодтон мæхинымæ- ры, фæлæ дзæгъæлы. Улæфт нæ, фæ- лæ бахаудтæн «зындоны». Афæдзон курсытæ фестæм фондз мæймæ... Æмæ цы, уæлæмæ дæр — дæлæмæ А3\? ~ кæстæР лейтенант. Уыцы бонæй фæстæмæ ме ’мкур сонтæй никæйуал федтон. Мæн æрвы- стои, мæхи нæ, фæлæ æндæр æфсæд- Донхаимæ. Æз сын не сразы дæн. Уый тыххæй фондз боны ахæстон... Фæбадтæн, фæлæ уæддæр бахауд- тæн мæхи æфсæддон хаймæ... «Ауадзæм æй йæхи бар, кавказаг хивæнд лæппу у, алы ран дæр са- рæрхсдзæн, — ме ’вварс фæци иу майор... Чысыл ма куы уыдтæн, уæд мын иуизæр мæ фыдымад ракодта Къо- балайы аргъау... ...Къобалайæн уыд æртæ сæгъы... Хъæдмæ хизынмæ ацыдысты æмæ дзы дыууæйы бирæгъ аргæвста- Къобала бирæгъы асырдта æмæ авд хохы фæстæ къæдзæхы бын хуы- ккомы балæст-.. Рацыд цалдæр азы, фæлæ Кьобала йæ рахизæны бадти æмæ йæ хъахъхъæдта... Уæд иу бæлц- цонæн зæгъы: «Махыл ацу, мæ ус ахсæв лæппу ныййардзæни. Куы сыс- тыр уа, уæд æй уæларв Куырдалæг- онмæ арвитæд, саразын кæнæдлом- тæ, джиркъатæ, къæпитæ, рахæссæд сæ, мæнæ бирæгъы скъахæм æмæ йæ амарæм»... Бирæгъ ын фехъуыста йæ ныхæс- тæ, фæтарст. Уæдмæ уæддæр æх- хормагæй мæлдзынæн, зæгъгæ, ра- гæпп ласта, фæлæ йæ Къобала йæ дыууæ хъусæй ацахста. Иæ царм ын растыгъта æмæ йæ ауагъта.-. Афтæ у аргъауæн йæ мидис цыбыр- тæй. Ацы аргъау мæ зæрдыл æрлæууыд- Гитлеронтæ æгæр-æгæр размæ куы бырстой, уæд нæхимæ ныффыстон; ...«Кæд мæ усæн лæппу райгуыра, уæд æм дзæбæх базилут æмæ куы сыстыр уа, уæд-иу æй мæнмæ рарви- тут, мæнæ фашистытæ дæр, - Къо- балайы бирæгъæй уæлдай не сты æмæ мæм сæ цæгъдынмæ фæкæса». Чизоны йыл фæхудтысты, фæлæ сæ дзуапп райстон: ...«Дæ усæн райгуырд чызг. Арфæ дын кæнæм!» Хабар мын æхсызгон дæр уыд æмæ хъыг дæр- Мæ чызджы номыл хæрдмæ фæкодтон æртæ æхсты. * * * Æрдæгæхсæв æхст ныссабыр. Знаг фæстæмæ алæууыд, мах та размæ афсæрстам. Хъæутыл цыма залты зæй æруад, уыйау бадзæрæг сты. Иуран, Мæздæджы, Къостайы «Ир- он фæндыр» цъыфамæхстытæ, цъæр- рæмыхстытæй ссардтон... «Нæ культурайы сæйраг цæ- 47
Д&ындз æмæ ’нæбын хæзна, уæла- хиз мын кæн кæддæриддæр!» — сдзырдтон хъæрæй æмæ чиныджы мæ риумæ нылхъывтон. Советон бирæнацион бинонтæ ра- гæй-æрæгмæ æмудæй цæрынц. Дæу у, мæн у’ сæм ницæмæй ис- Сæ цæхх æмæ сæ кæрдзын сын æнæуæрст у. Гъе, фæлæ алы нацийæн дæр ис йæ- хи райгуырæн къуым- Уымæй ад- джындæр, мæнмæ гæсгæ, зæххы цъа- рыл адæймагæн ницы ис. Уым æй асæст боны дæр хур фæтавы, мады хъæбысау ын хъарм у, адджын- Уый уымæн зæгъын, æмæ гитле- рон æрдонгты иугæр Советон хъæба- тыр Æфсад нæ Иры зæххæй фед- дæдуар кодта, уæд мæнæн дæр мæ зæрдæ ме ’муд æрцыди. Цыма уæз- зау уаргъ ме уæхсчытæй аппæрстон, афтæ банкъардтон мæхи- Иугæр нæ Иры зæххы арæнгæронмæ куы ахæц- цæ дæн, уæд мæ къухы армыдзаг сыджыт ме ’рттæсæрфæны батых- тон æмæ йæ мæ цинелы дзыппы ны- вæрдтон. Уадз, зæгъын, уæд та ис- куы бастъæлдтæн... Уæд нæ Йры сыджыты мур мемæ ныгæд æрцæ- уæд;.. Уæд, зæгъын, рогдæр уыдзæн мæнæн мæ ингæны сыджыт... Афтæ нын баззад махæн нæ зæнд- джын фыдæлтæй, - афтæ хъуыды кодтон æз дæр. Гъе фæлæ мын хъыс- мæт нæ рахæтыд. Хæсты фæстæ Гер- манæй куы ’рыздæхтæн, уæд уыцы сыджыты мур фæстæмæ бафтыдтон нæ Иры зæххыл. Цыма ма искуы хæдтæхæг баззад? Къордтаей-къордтæй æмæ æртæкъуы- монтæй тахтысты Севастополмæ. Бомбæтæй-иу æркалдтой фашистон æрдонгтыл æмæ та-иу сæ ных сарæз- той нæ аэродромтæм. Сæ гуыр-гуы- рæй арв. æмæ зæхх рызтысты- Уый уыд райсом раджы. Æппынфæстаг немыцæгты хæдтæхджытæ дæр сæхи систой уæлдæфы, махуæттимæ фæ- ныхæй-ныхмæ сты æмæ сытынг æнæ- / мсæр тох. Дыууæ хæдтæхæгæн дзы уайтагъд сæ пиллон скалд æмæ сæ иу æрхы æрхауд, иннæ та — быдыры. Дыууæ та дзы кæрæдзи скъуырдтой æмæ уыдон дæр, пиллон калгæ, æр- хаудтой. Мах сæм бынæй каеВД- стæм, фæлæ кæй хæдтæхджытæ æр- хаудтой, уый изæрмæ нæ базыдтам. Æрмæст нын æй уæд базонын кодта Совинформбюро. Æртæдзыуыд не- мыцæгты, æмæ иу та мах. Уыцы уæлдæфон тохты фæстæ не ’фсад абырстой размæ. * * * Хур фæсрагъ æрæмбæхст... Изæр- æхсид ссыгъд. Сырх Æфсады ахъаз- заджы цæфтæй ныхмæлæууæг фæс- тæмæ лыгъд. Дард кæцæйдæр ма-иу райхъуыст сæ машинæты уынæр-.> Иу рæстæджы. Ростовмæ хæс- тæг нæ хъустыл ауад сылгоймаджы зæрдæхалæн утæхсæны хъæлæс. Æз фæсидтæн салдат Савалковмæ æмæ лæджыбæрзæндæн хæмнæлгæрдæ- джыты алæгæрстам, сылгоймаджы уæззау хъæрзын кæцæй хъуыст, уы- цырдæм- Бирæ цæуын нæ нæ бахъ- уыд. Уым салдаты кæрдæггъуыз да- рæсы хаудæй лæууыд æвзонг чызг. Р1æ цæсгом уыд тугæй амæхст. ТЧæ мыдгъуыз сæрыхъуынтæ ныппых- цыл сты. Цæстæй нал каст, æрмæс^т ма-’иу дзы сындæггай райхъуыст: «Мæлын... Баххуыс мын кæнут... Мамæ... Кæм дæ, мамæ-.- Мæлын дын»-.- Мах ын уайтагъд æрæхсадтам йæ цæсгомы тугтæ. Фæстагмæ йæ риуы- дзаг æхсызгонæй сулæфыд æмæ йæ иу цæстæй ракаст. Уый уыд нæ ро- тайы медицинон хо Иващенко Ка- тя. Æххуыс кодта цæф хæстонæн æмæ йæхæдæг дæр фæцæф. Ие ’муд куы ’рцыд æмæ йæ куы акодтам, уæд нæ афарста: — Цы фæци, кæмæн æххуыс код- тон, уыцы æфсæддон?.. Миййаг кæд нæ амард?.. Дзуапп куынæ райста, уæд та нае чысыл фæстæдæр афарста: — Хъусут?.. Цы фæци уыцы хæс- тон? — Амард-.- Ацы иунæг дзырд йæ хъустæ куы ацахстой, уæд йæ рустыл æруадтуг- æмхæццæ дыууæ ставд цæссыджы. Уадыстæм тагъд, Мæйы рухс нын размæ амыдта фæндаг. Хæст —, æвирхъау, нæмгуытæ — куырм æмæ цыргъ., Цырен артау — 48
судзаг. Никæмæн барынц. Нæ тæри- гъæд кæнынц суанг æнахъом, æнæ- хин сабитæн дæр. Æниу дурзæрдæ, куыдзы тугæйæхсад адæймæгтæ ду- нейыл бирæ ис. Арæби,- саби та цы . аххосджын уыд?.. Чи йæ барæвдауы, уый алхатт дæр вæййы йæ мад дæр æмæ йæ фыд дæр... Ацы æвирхъау хабарыл бирæ фæ- дис кодтам. Нæ маст, цæдж- -джинагау, рахсыст... Нæ уæнгтæ, гæдыхъæдау, мæстæй барызтысты... Хабар æрцыди Хъырымы, Симфе- рополмæ хæстæг. Нæ размæ рауад фæлурс, зæронд къуылых лæг æмæ нын, цæстысыг калгæ, дзуры: «О, хуыцау, ма сын ныббар ацы тæри- гъæд!.. Дысон фашисттæ нæ хъæуæй раджы ацыдысты. Гъе, фæлæ рай- сом раджы нæ сыхæгты усæн йæ сæр чидæр ралыг кодта æмæ йæ цæхæр- адонмæ фехста. Иæ фондзаздзыд иунæг чысыл хъæбулы та йын кауы михыл æрцяуыгъдæуыд... О, хуы- цау, ма йын ныббар ацы æбуалгъы хъуыддаг!.. Сывæллоны зæронд лæг райста кауы михæй æмæ йæ хæдзары тыр- гъы нъолыл йæ мады фарсмæ æрæ- вæрдта. Хъæуы цъиуæзмæлæг дæр нæма уыд. Адæм фæйнæрдæм фæ- лыгъдысты æмæ бамфæхстысты. Мад æмæ йæ чысыл хъæбулы мастæй мæ цæстытæ донæй айдзаг сты, I Æхст æхсты хуызæн, миййаг, нæ уыд. Нæмгуытæ æмæ се схъистæ æнæрæнцойæ уæлдæфы æхситт са- гайдтой æмæ зæхмæ згъæлдысты ихуæрæгау. Ме ’мхæстонтимæ баир- вæзтыстæм, уыйразмæ бомбæйы нæ- мыг кæм фехæлд, уыцы арф уæрм- мæ. Фæлæ фыдгултæ кæдмæ хъуа- мæ æхстаиккой, сæ бон куы базыд- той, уæд сæхи айстой Симферопо- лæй. Боныцъæхтыл бæстæ нысса- быр... Фæсгорæт, йæ хæдзары пырхæн- ты фарсмæ, дурыл бадти ацæргæ зæронд ус. Иæ дыууæ къухы дæр сæрмæ быцæу радта æмæ йæ уæр- джытæм згъæлдысты йæ цæссыгтæ. Куынæ ауыдта, уæд сæ йæ кæлмæр- зæны къабазæй асæрфта æмæ æдзы- нæгæй аззади. — Ма ку, мæ мадыхай, ма ’фхæр дæхи... Акæс-ма, адæмыл алыран дæр иубон ныккодта æмæ кæуц- нæй ницыуал рахæсдзыстæм. Мæнæ ма иуцъус рæстæг æмæ нæ судзгæ мæстытæ байрох кæндзыстæм, —ны- фсытæ йын æвæрдтон, йæ цуры дзуццæг бадгæйæ. Уый мæм æнкъар- дæй æрбакаст æмæ дзы райхъуыст: — Уæддæр дзы, мæ хъæбул, мæ хуызæн мæгуырæй ничи баззайдзæн. - Мæ фырттæ æртæйæ фронты сты, ницы бæрæг хабар сæ хъусын. Мæ иунæг чызджы мын Германмæ ку- сынмæ фæластой... Ме ’намонд'*' сæрыхицауы та мын æрæджы амард- той. Цæй, кæимæ ма цæрон зæрон- дæй?.. Мæнæ дæхæдæг уыныс нæ хæдзары пырхæнтæ... Арв ныл æнæнхъæлæджы æркалди... — Æмæ сын дæ лæг та цы ра- кодта? Зæронд ус арф ныуулæфыд æмæ та дзы райхъуыст: — Хæсты размæ мæ сæрыхицау «Партизанты номыл заводы куы- ста. Уым ын радтой заводмæ ба- цæуыны бары тыххæй чысыл чиныг. Уый баззад йæ зæронд пальтойы дзыппы. Иуæхсæв, фæскуыст, нæ- химæ куы рацыд, уæд æй гитле- рон патрултæ æрцахстой. Баджигул æм кодтой æмæ йын йæ дзыппæй сластой уыцы чиныг. Кастысты йæ æмæ дзы «партизан» фыст куы ауыд- той, уæд фенхъæлдтой, зæгъгæ, пар- тизан у, автомашинæйыл æй авæрд- той æмæ йæ... фæсгорæт фехстой... Уый дын мæ хæдзарвæндаджы цар- ды хъысмæт... Зæронд ус ныссабыр, хъыпп-сыпп дзы нал райхъуыст... * * * Джанкой федзæрæг. Гитлеронтæ ам дæр сæ бон куы базыдтой, Сырх Æфсады ныхмæ нæ фæлæудзыс- тæм, уæд рагацау сæхи айстой. Цæрджытæ нæма æрбынæттон сты. Чи сæ арф ныккæндты æмбæхст уыд æмæ чи та — хъæдты. Æппæты раздæр ныл сæмбæлд иу сырх пар- тизан.^Уый нын дзуры: — Уæ къах æрбавæрд хорзы бо- ны!.. Æххуыс æнхъæлцау уæм æр- бауадтæн... Уæртæ уым адæм ца- гъды кæнынц... — Кæм? — Ныккæнды. Уæ еæр нæ ба- хъуыд... иунæгæй сын мæ боц ни- Ды у.г. ,4. «Фидиуæг» ^ 2 49
Раст загъта партизан. Иу адæй- магæн йæ бон ницы бауыдаид... Фа- шисттæ байдзаг кодтой иу талынг ныккæнд зæрæдтæ æмæ сывæл- лæттæй. Ныккæнды рацæуæны нык- калдтой сыджыт æмæ дуртæ. Мах æмдыхæй февнæлдтам æмæ дуар батыдтам. «Ахæстæттæ» бандзыг сты уымæл æмæ уазал ныккæнды, сæ къæхтыл. нал лæууыдысты æх- хормагæй. Амарди сæ цыппар адæй- маджы. Иннæтæн хуры цæст фенын кодтам. Радтам сын хæринæгтæ. Не ’фсæддон дæлхайы хæстонтæ «стæнæг» сты. Иугай-дыгай фæип* пæрд сты не ’хсæнæй. Чи ма баз- зад, уыдон ныддихтæ ластой æн- дæр-æфсæддон хæйттыл. Мæ гуди- саг хæлæрттæ Къæбулты Къоста æмæ Ходтьг Димитр мæн ахъæбыс ’кодтой: «Демæ нæ бæргæ фæндыд, (Ьæлæ хæст фæндонæй нæу, — загъ- та Къоста, — æовитынц нæ æндæр ранмæ... Хорзæй баззай, фæлæ нæ ма ферох кæн!..» * * * Бастдзинад фæхицæн нæ бата- льоны штабмæ. Ротæйьт командио капитан Седов мæм фæсидти æмæ зæгъы: «Искæй демæ акæн æмæ, цыфæндыйæ дæр баиу кæнут ка- бель»... Уайтагъд араст стæм хъазахаг æвзонг лæппу ефрейтор Нургуа- товимæ. Сæрдыгон æхсæв бапьтд йæ тæмæны. Сгъалытæ апвы уæ- рæхы тæмæнтæ калдтой. Мæй фæ- соагъ æоæмбæхст. Уæззау хотыхтæ «хуькЬыдыстьт» куьтд мах, афтæ ныхмæлæуджыты ’одыгæй дæр.; Сармадзан æмæ минаметтьт нæм- п/ытæ хæллысты нæ (Ьæсчъылдьтм. Тых^æй-фыдæй ссардтам авари,' ’баиу æй кодтам. Седов ньтн сЬехъу- •сын колта. зæгъгæ, фæстæмæ тагъд- дæо... Фæлæ ма цæй тагъд æмæ цæй цьтдæр: бомбæ æохауд нæ *оазвæндагыл. Зæхх æмризæджЫ’ ныррьтзт. Иæ уылæнт^ мæ иу дзыхъ- хъьт ньтвзылдтой. Ме ’муд куьт ’рцыдтæн, уæд сыстадтæн, мæ оьтг- тæ ацагътон. Мæ автомат æмя^ те- лесЬоньт аппаоат цы фестьт, уычнал ауыдтон. Нуогуатов дæо Лæуэ- дзьтг, йæ уæлхъус куьт балæ^уыд- тæн, уæд мæ нал базыдта. Донæй йын йæ цæсгом куы рæхсадтон, уæд йе ’муд æрцыд... Сыстад æмæ ныл тæсæй цы къæхтæ базад!.. Нæхиуæттæм кæуылты , ахæццæ стæм, уый зонгæ дæр нæ бакод- там. Ногæй райстон автомат дæр æмæ телефоны аппарат дæр. * * * Дыууæ боны æмæ æхсæвы нæ дæр размæ абырсыны бардзырд райстам, нæ дæр фæстæмæ алæу- уыны. Нæхи æрфидар кодтам хъæ- ды, къаннæг цæугæдоны былгæ- рон. Æрдз йæхи сфæлыста йæ цъæх дарæсьт. Хур арвыл фæкъул. Æнæнхъæлæджы фæзындысты не- мыцæгты бомбазгъалæг х(æдтæх-! джытæ. Æркалдтой бомбæтæ æмæ бæстæ гæрæхтæй айдзаг. Сержант Волков хуыздæр æн- хъæлцау адугъ кодта лигъдонмæ, фæлæ бомбæ фæтагъддæр, фе- хæлд йæ цурьт. Йæ гуьтр æмæ йын йæ рахис къах уылæнтæ систой æмæ сæ бæласы цъуппыл æрца- науыгътой. Галиу къах цы фæци, уый нæ рабæрæг. Æхст куы ньтс- сабыр, уæд æй æристам æмæ йæ зæронд тулдзбæласьт бьтн баны- гæдтам. Ие ’мхæстонтæ йæ ингæны уæлхъус ард бахордтой, йæ туг ын кæй. райсдзысты, уьтй тыххæй. Æвзыгъд æмæ фидар хæстонтæ уыдысты сæ дыууæ дæр. Тас сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд... Уыд уалдзыгон хурбон... Дардæй ма мæм æнкъардæй сæ "къухтæ фæ- тылдтой æмæ къуыппæй фæаууон стьт... Цьтдысты бонтæ. Кæд кæрæдзи- йæ фæхицæн стæм, уæддæр нын иумæ уыд æнгом цæдис фыстæджьт- тьт фæрттьт. Иубон мæм Къоста (Ььтста: «Мæ зынаргъ хæлар, нæ (Ьæхицæн махæн хорзы боньт нæ (Ьæци... Уайтагъд бахаудтам хæсты ттæхæры. Фоицтæ ньтл ихуарæгау нызгьæлстой нæмгуытæ. Æз дæр (Ьæцæ(Ь дæн æмæ Димо дæр... Хуыс- сæм госпитальт æмæ уæлдай тынг- дæо маст кæнæм, нæ тохы фæнда- гæй а(Ьтæ тагъд кæй фæиппæрд стя°м, ууьтл... Немæ ма æрбаиу ис мармазет- таг Кумспты Никъала, æмæ иы ^æци. уымæн ницыуал базыдтам... Мах та Димоимæ иумæ нæ Майы стьтр бæрæгбон ам æрвитæм хъæр-- 50
згæйæ. Салæмттæ ратт не ’мбæлт- тæн!..» * * * Хæстон размæ куы фæбырсы, уæд мæлæтыл нал фæхъуыды кæны. Уый нæ, фæлæ ма арты цæхæры дæр йæхи фæцæйрæцугъы. Цины зилдухæнты бахауд Майсурадзе Гоги дæр, размæ абырсыны тыххæй арвы уæрæхы сырх ракетæтæ, цæхæр калгæ, куы стахтысты, уæд. Уый йæ къæхтæ куыд хастой, афтæ, гуы- быр-гуыбыр дугъ ласта размæ. Нæ зыдта, ацы хатт æм фыдбылыз йæ къæхты бынæй кæй касти, уый. Хъуыддар æрцыд сæумæцъæхæй. Иу хъæды къохæй куы ахызтыстæм лæгуынмæ, уæд Гоги фæлæууыд минæйыл, фехæлд æмæ йын йæ зæ- вæт, æд дзабыр, атыдта. Туг фе- мæхст. Иу хъæр дзы райхъуыст: «Фесæфтæн ме ’мзæххон, баххуыс мын кæнут)!» — стæй •' уæлгоммæ) ахауд. Сæумæрайсом хъæр дардмæ хъуысц. Уайтагъд мæ хъустыл ауадысты Гогийы зæрдæхалæн гуырдзиаг ныхæстæ... «Баххуыс... Ойме!.. Ойме!..» Дзыхълæудæй аззадтæн, стæй йæм бауадтæн. Уый уымæл зæххыл адæргъ æмæ ма-иу дзы райхъуыст утæхсæны дзынæзт. Цæсгом ныф- фæлурс æмæ йыл нывæй зынд, цы- дæр тарф хъуыдыты кæй ацьтд, уый. Афтæ мæм фæкаст, цыма, йæ цæстытыл уад йæ райгуырæн Ирыс- тон, йæ хъæу Дзарцъем... гъе та, куырдуаты цы сауцæст чызджы ныууагъта, уый. Хæсты фæстæ ( фембæлдыстæм Цхинвалы. Уый йæ къахæй чиуд- та — фæкъуылых... * * • Баззадыстæм ^фронты фæсчъыл- дым. Æгæрæстæмæй нæм сарма- дзанты æхст дæр нах хъуыст. Цин кодтам Майы стыр бæрæгбоныл. Æрæмбырд стæм иу хъæууон клуб- мæ. Æнæхъæн дыууæ азы ма фыц- цаг хатт федтон фæсивæды каф- гæ. Чызджытæ цъус уыдысты, æмæ кафгæ-кафын лæппуты фаг нæ кодтой. Лæппутæ сæ радгай ивтой æмæ сын æрулæфт нæ лæвæрдтой. Хур б.æстыл атылд, Иуæй-иу ди- дингуытæ «ракастысты сæ цæсты- тæи». Ацы бон уæлдай хъæлдзæг уыдысты нæ хæстонтæ, уымæн æмæ иуæи цин кодтой Майы бæрæгбо- ныл, иннæмæй та мæлæты тас рæс- тæгмæ аппæрстой сæ зæрдæтæй. Уыйимæ фæйнæ сæдæ граммы «су- дзаг» дæр... Гъе, фæлæ æвиппайдæй райхъуыст фæдис. Фашисты хæдтæхджытæ та арвы уæрæхы фæзындысты. Æвæц- цæгæн, нымыгъд уыдыстæм, бомбæ- тæ ракалдтой хъæуыл, фæлæ дзы иу дæр йæ нысанмæ не ’рхауд, фæсхъæуты ныппырх сты. Æрмæст дзы фехæлд æртæ колхозон хæдза- ры. Мæлгæ та дзы акодта иу мæл- лæг къуылых бæх. Уый фæстæ та хъазт ногæй сцы- рын. Хæст куынæ уыдаид, уæд æй, чизоны, æппындæр никуы федтаин. У’ый цардаид Ныгуылæн Гуырдзы- стоны æмæ æз та — хурыскæсæ- ны. Фьшцаг хатт базонгæ стæм æфсæдтон лагеры. Иæ ном хуынди Бурдули, йæ мыггаг та — Мепурне. Чизоны йæ фæсномыгæй афтæ хуыдтой, фæлæ нал ахаудтой йе ’рагъæй. .Иу бакастæй афтæ зынд, цыма конд у æрмæст царм æмæ стджытæй. Тынг хорз ыл фидыдтой йæ сатæг-сау къæбæлдзыг сæры- хъуынтæ, фæлæ йæ уыйхыгъд æви- дыц кодта йæ цыргъ æмæ къуып- рагъ фындз. Йæ ирд æмæ æрвгъуыз цæстыты, кæсæнау, адæймаг йæхи уыдта. Горæты кæй схъомыл æмæ зæххы куыст йæ цæрæнбонты дæр кæй никуы федта, уый бæрæгæй зынд йæ лыстæг, даргъ æмæ тæн- цъар æнгуылдзтыл. Мепурнё уыди йæ тæккæ лæппу- лæджы кары, фæлæ зæрондау фæ- гуыбыр. Æвæццæгæн нормæйæ фыл- дæр кæй сырæзт, йæ аххосаг уый уыд. Æниу фердæхтмæ уьтд цырд, æнæзивæг. зæрдæхæлар. Иæ мид- былхудт йæ цæсгомæй’ никуы хи- цæн кодта. Æфсæддон къамис ьтл куы уьтд æмæ йæ куы афарстой йæ куысты дæсниадæй, уæд сьтн загъта, зæгъ- гæ «хилдасæг». Стъолы фарсмæ пæбынæй чи бадти, уьтцьт уонгджыч æмæ хæрзконд дæлбудкъон Мерур- 51
нейыл, сæрæй къахты бынмæ, йæ цæст ахаста æмæ сдзырдта: «Агъа, хорз у, хилдасджытæ нын нæ фаг кæны»... * * * Стыр хъæутæ бирæ ис Украинæ- йы, фæлæ дзы мæнмæ уый хуызæн рæсугъд ничи фæкаст. Йæ фæрсты цыд каннæг цæугæдон. Алырдыгæй йæм хæрис бæлæстæ сæ къабузтæ уырдыгмæ ныддардтой, цыма дзы исты куырдтой, уыйау. Иннæрды- гæй дардыл ныззылди тыгъд бы- дыр. Быдыры алырдæм. нытътъанг сты дымгæуромæн хъæды уаццæг- тæ. Хъæугæрон, стыр бæрзбæлæсты бын — базары бынат. Немыцæгтæ хъæуæй куы цыдысты, уæд уым цæджындзтыл æрцауыгътой хæоз æвзонг лæппуйы. Фанеркæйы габа- зыл ставд дамгътæй ныффыстой: «Мæлæт коммунисты къæлæу — Фæскомцæдисонæн!» æмæ йын æй йæ хъуырыл æрцауыгътой. Йæ ал- сЬæмблайы æрдз - ныггуыппæг. Хур, æвæццæгæн, æвзонг уды тæ- ригъæдæй кæмдæр асæстыты ’хсæн бамбæхст. Фæстагмæ къæвда сын- дæггай уарыд ставд сыгæй, цыма, уыцы суинаг лæппуйыл йæ цæссыг калдта. Мах æй æристам ауын- дзæн бынатæй, базары тæрхæгыл æй æрæвæрдтам, æмæ дзы йæ маст рай- сыны сæоаппонд абырстам размæ. Бон йæ тынджы бацьтд, фæлæ бы- нæттон цæрджытæй иунæг адæймаг дæр никуы пазынд. Кæмдæр фа- шистты тасæй арф нымбæхстьтсты. Ауындзæн бынæттæ дзы биоæ рæтты сЬедтон, фæлæ ацы ттардбæл- лон лæппуйы æвиохъау мæлæт сæо- магонд бынат бацахста мæ зæрдæ- йы. * * * Къордтæй-къордтæй бадтыстæм блиндажты æмæ нæ фæлдад уагъ- там.-Уыд ирдгæ изæр. Мит уаоьтд æмæ йæ февралы уаддымгæ зиля- хаогæнгæ, скъæфта тьтгъдбыдьто- ты. Стаоостин йæ цинелы æсЬцæгго- тæй йæ хъустæ атыхта, сЬисьтнгæ- грон хъæмпыт æохуыссыд æмæ асЬьт- лтæй. Уьтй сЬарсмя* йæхи æоуагъта 'Нуогуатпв дæо. Мæн æрхъуыди та- :мако. ;Мæ дзыппытæ асгæрстон, фæлæ сæ ницы разынд. Гæххæт мæ дыууæ былы ’хсæн ауыгъдæй баз- зад. Комыкъулты дон лæдæрст. Мæ утæхсæнмæ Нургуатов райхъал: — Цæуылдæр тыхсыс, мæ хæлар... Æвæццæгæн та дæ Ирыстоны æры- мысыдтæ? — фæлхыскъ мæ кодта æмæ йæ иннæ фарсыл æрзылд. — Тамако мæ хъæуы æмæ мæм нал ис. Нургуатов тамакойы кой куы фе- хъуыста, уæд растад, йæ хуыссæг- хъæлдзæг цæстытæ аууæрста, йæ дзыпп асгæрста æмæ дзы иу папи- росы фаг махоркæ систа: — А, мæнæ дын тамако, — йæ къух мæм æрбадардта. — Нæ, дæ фæстаг тамако дын нæ райсдзынæн, æз дæр уал фæлæу- дзынæн. — Айс, мæ хæлар, æфсæрмы ма кæн... Дьт куы дымай, уæд уый мæнæн дæр æхсызгондзинад дæдт- дзæни... Стæй Алма-Атамæ куы аз~ дæхон, уæд бадымдзынæн. — Хъа- зæн ныхæстæ мын кодта. —.Уæд та йæ иумæ бадымæм, — Хорз, ууьтл разы дæн. Райстон махоркæ, сыздыхтон дзы зæрдæйы фæндиаг папироз. Фæздæг къуыбылæйттæй сфардæг мæ сæр- мæ. Райхъал Старостин дæр æмæ йæ æртæйæ бадымдтам. Алкæмæн дæр нæ йæ хуыссæг альтгъд, алчи дæр нæ йæ чеппыл слæууыд. Дард кæ- цæйдæр нæ хъустыл уадысты уæз- зау хотыхты гæрæхтæ. Куы та-иу арвы уæоæхы ссыгъдысты оакета- тæ... Мæй йæ цалхы дзагæй сфар- дæг ис арвьт уæрæхы. Райсом бон дзир-дзур кодта, аф- т^ нæ блиндажы смидæг нæ рота- йы старшинæ æмæ нын сЬæйнæ дыууæ пачкæйы радта махоркæтæ, * * * Зымæг баиьтд йæ тæккæ гуьтл- сЬæнты. Æхсæв æрдæгыл фæхииæн. Мæй нæм’ йæ цæст ньткъуылдта, Тæнæг асæстыты-иу амбæхст. Уа- зал иолгæ цæстытæ къахта. Ком- бат Майоров нæ ротайьт хæстонтæн баодзыод радта æмæ араст стæм ня^ хæстон хæс æххæст кæнынмæ. Цыдыстæм тыгъдбыдыртьт. Мит уыд фæкъæдзгæнæнтæм, бирæ оæт-. ты та — агтæумæ. Салд мит нæ къæх-. ты бын йæ хъыс-хъысæ^ не -ццад, х%
цыма тасы бацыд, уыйау. Дзæвгар куы ауадыстæм, уæд æрдз фæив- та йæ дарæс. Маёйæн йæ кой дæр никуыцæйуал разынд. Мит ноджы- дæр уарынмæ фæкъæртт. Фæстаг- мæ тымыгъ сыстад æмæ тыгъдбы-. дырты, æхситтгæнгæ, тахт. Фæндаг сæхгæдта ногуард мит, йæ ныв дæр никуыцайуал зынд æмæ ма нæ ны- сангонд бынатмæ цыдыстæм зæ- рдæаивæй. Ууыл хъæцыдыстæм. Хæстон лæг уадæй тыхджындæр ’ у, фæлæ дык- каг мардæрцыд—салдат Савал- ков нын фæрынчын. Йæ бон цæуын^ нал уыд æмæ, æппынфæстаг, ми- тыл уæлгоммæ ахауд. Систам æй, йæ дæлæрмтты бацыдыстæм дыууæ- йæ, фæлæ йæ йæ къæхтæ нал хас- той. Иууыл хъизæмарæй та нæ мардта къуылых дзода. Миты-иу куы арф аирвæзтыстæм, куы та-иу йæ сæрты цыдыстæм. Нæ дарæс нæ уæлæ " ныссалд, нæ цинелтæ фæтасын нал куымдтой. Савалко- вы-иу йæхи бар куы суагътам, уæд та-иу йæ зонгуытыл æрхаудта. Ро- тæйы командир мын бахæс кодта, цæмæй йæ цуры фæлæууон, бах- хуыс ын кæнон, æмæ куы фæсæ- рæндæр уа, уæд сындæггай сæ фæс- тæ цæуæм. Тымыгъ ноджы тынг- дæр скарз, йæ гæндзæхтæ цагъта, йæ къуыззиттæй не ’нцад. Ногуард миты рогæй скъæфта йæ разæй. Куы та-иу æй зилгæ дымгæ фел- вæста йæ базыртыл. Рынчын æр- хуыссыд митыл æмæ йыл хъæпæн сæвæрдта. Æз йæ цуры лæууыдтæн æмæ йын иыфсытæ æвæрдтон. Йæ бæзджын æрфгуытып их ныхъхъæ- бæр. Стæм хатт-иу дзы сындæггай райхъуыст: «Мæлын... Мæ ахсæн фæтоны. Мæ сæр, куыройы цалхау, зилы... Мæ хæлар, ам мæ ма ныу- уадз... Дзæгъæлæй амæлдзынæн æмæ бирæгъты холы фæуыдзынæн... ох, дæдæй!. Цымæ мæ дыууæ æна- хъом хъæбулы нал фендзынæн?.. Цымæ нæ уæлахиз нал æриафдзы- нæн? — Ма тæрс, — ныфсытæ йын æвæрдтон, — ам дав нæ ныууадз- дзынæн... Адзæбæх уыдзынæ... Кæд ныл хъысмæт афтæ рахæта, уæд уадз æмæ иумæ амæлæм,... Æнæ дæу мæ къах никуыдæм авæрдзы- нæн, ард дын хæрын... Растын æй кодтон, йæ хæссинæг- тæ йын ме ’ккой бакодтон, йæ ра- зæй лæгæрстон миты, фæд ын код- тон, фæлæ дард нæ ацыдыстæм. Ногæй та йæ къæхтæ фæдыдагъ сты, митыл æрхаудта. Цæст ницы æвзæрста митфæлдзæгъдæнтæй. Иугæр цæуын йæ бон куынæуал уыд, уæд йæ дæларм бацыдтæн, хæсгæ æмхæсæн æй акодтон, чы- сыл фалдæр цы дымгæуромæн хъæ- ды уаццаг уыд, уырдæм. Уым дым- гæ сæвæрдта миты стыр хъæпæн. Æз æй арф ракъахтон мæ хæс- тон белæй, уым æй бавæрдтон æмæ, стæй мæхæдæг дæр йæ фарсмæ мæхи æруагътон. Цъус фæстæдæр нæ тымыгъ йæ урс хъæдздзулæй бамбæрзта. Æрдз ныхъхъус, ныс- сабыр, ингæнау, нал дæр æхсты хъæр хъуыстам æмæ нал дæр уа- ды цъæхснаг къуыззитт. Фæрсæй- фæрстæм бафынæй стæм... Боныцъæхтыл Савалков йе ’муд æрцыд. Нал дæр йæ ахсæн рыст æмæ нал дæр йæ сæр. Иæ фæлурс цæсгом ныр йæ гаччы сбадт. Кæй сбон, уый базыдта æмæ йæ сæр хъæпæны бынæй сдардта, фæйнæ- рдæм афæлгæсыд æмæ мын загъ- та: «Сыст, мæ хæлар, сыст æмæ цæуæм, афонмæ нæм не ’мбæлттæ æнхъæлмæ кæсынц! Фæстиат нал хъæуы!» Сыстадыстæм, нæ миттæ ацагъ- там æмæ та ныллæууыдыстæм нæ фæндагыл. Дымгæ æрсабыр. Мит нал уарыд. Арв, сæгъы цæстау, ныйирд, фæлæ хур нырма кæмдæр хæхты фæстæ уæззаугай тылд. Савалков, цуттытæгæнгæ, цыд мæ фæстæ. Дзæвгар куы ауадыстæм, уæд ауыдтам адæймæгты æндæрг- тæ. Уыдоы разындысты не ’мбæлт- тæ, салдат Мишин æмæ нæ меди- цинон хо Катя... Цыдæр таблеткæ- тæ нын адардта Катя... Уæдæ, Ка- тя... Иухатт æй мах фервæзын код- там, ныр та—уый. Госпиталæй уы- цы бон æрцыд не ’фсæддон хаймæ. «Цалынмæ нæ хæстонтæ хъæумæ цыдысты, — рахабар нын кодта Ка- тя,—уæдмæ фашисттæ æхсæвы фæ- лыгъдысты уырдыгæй...» * * * Катя Иващенко Харьковы схъо- мыл. Каст фæци медицинон’ ахуыр- гæнæндон. Кусын райдыдта, фæ-
лæ сгуылф кодта Фыдыбæстæйон Стыр хæст. Катя дæр йæ фыд æма^ йæ иунæг æфсымæримæ ацыд то- хы быдырмæ. Къуырийы фæстæ нып- пырхытæ сты фæйнæрдæм. Рацыд дыууæ азы, фæлæ кæрæдзийæ ни- цыуал хабар хъуыстой. Катя фæлмæнзæрдæ адæймаг уыд. Йæ фыд æмæ йе ’фсымæры арæх мысыд æмæ-иу уæд йе ’рвгъуыз цæстытæ донæй айдзаг сты. Фæ- лæ æнæнхъæлæджы диссаг: иубон Катя йе ’фсæддон хæс ^æххæст кæ- нынмæ куы фæцæйцыд, уæд хæрх- æмбæлд фæци йæ фыдыл. — П-а-п-а!.. — К-а-т-я! — райхъуыст сæ дыуч уæйæ дæр, стæй чызг йæ фыды æф- цæгыл ауыгъдæй аззад. Цинтæ, хъæ- быстæ... Цæстысыгтæ... Фыдмæ уыд йæ фырты адрес. Уайтагъд ын фехъусын кодта Ка- гяимæ йе ’нæнхъæлæджы фембæл- ды тыххæй. Фырт Митко та фыстæг арвыста йæ хомæ. Уæдæй фæстæмæ æртæкъуымон фыстæджытæ æдз- ухдæр æвæстиатæй тахтысты æр- тæ хæстонмæ: фыдæй — фыртмæ, фыртæй — чызгмæ æмæ чызгæй та — фыдмæ. Никуыуал ахицæн сæ бастдзинад. Не ’фсæддон дæлхай æрæнцад Днепры фурды галиу былгæрон. Уыд уалдзыгон хъарм бон. Не шта- бы фыссæг — кæстæр лейтенант Крапивка мемæ хæлар уыд æмæ мæм телефоны дзуры: «Фервитæм уæм ирон лææппуйы. Уæ взводы уыдзæни æмæ йæм дæ хъус фæдар. Нырма æвзонг у, хъомыл кæнын æй хъæуы»... Сахаты фæстæ, æцæгдæр, нæ уæл- хъус ^æрбалæууыдысты нæ полит- къухдариуæггæнæг æмæ уыцы лæп- пу. — Кæцон дае, мæ хæлар? — фæр- сын æй иронау. Уый æнцад лæу- уыд, ницы дзуапп радта. —’Ирон дæ? — фæрсын та, но- гæй та дзуапп нæй. «Гоби у, дæ хорзæхæй», — ахъуы- ды кодтон мæхинымæры... — Друг, ты глухой?.. Почему не отвечаешь? Лæппу фефсæрм. Иæ къæмисæн- тæ асырх сты, йæ бæрзæй аныхта: — Простите, я Вас не пойял... Агъа, дуар байгом... Уый мын уырыссагау радзырдта, зæгъгæ, мæ фыд у ирон, мæ мад та — уырыс- саг. Цæрæм Мæскуыйы. Æз рай- гуырдтæн уым æмæ иронау нæ зо- нын... Куыд рабæрæг, афтæмæй иу хат- ты йеддæмæ никуы уыд йæ фыды райгуырæн бæсты. Йæ мыггаг уыд Хуыгæстæй, йæ ном та — Батыр- бег... Уый фæстæ дзурынмæ фæ- гæрз ис. «Хæст фæуыдзæн,—загъ- та уый, — æмæ цæрынмæ ацæудзы- нæн Ирыстонмæ. Уым мын бирæ хæстæджытæ æмæ æрвадæлтæ ис»... Уый каст фæци астæуккар скъо- ла. Иæ азтæ нæма сæххæст сты, фæлæ йæхи барæй ацыд Сырх æф- садмæ. Иу бакастæй дæр ыл зынд, йæ уæнгты æдзухдæр кæй ленк кæ- ны лæгдзинад æмæ æхсардзинады туг. йæ сатæг-сау цæсты гагуыты цыма цырен арт гуылф кодта, аф- тæ йын цæхæртæ калдтой. Иæ фер- дæхт — рог, йæ архайд — нысанмæ здæхт. Уæдæй фæстæмæ иумæ цардыс- тæм æмæ цыдыстæм нæ хæстон фæндагыл. * * * Фашистон тыхæйисджытæ «æрфы- сым» кодтой украинаг хъæуы. Иу- хатт сæ уырдыгæй хъиладзагъдæй фæсырдтам, фæлæ та дыккаг хатт дæр уым æрбалæууыдысты удаис- тæй. Диссаг нæу, дыккаг хатт, дам, фæзæгъынц, низ дæр нал æрæздæ- хы, фæлæ та уыдон сæ сæр æрба- дардтой, фæлæ та сын хорзы бо- ны нæ фæци... Уый уыд фæззæджы, кæрдæг йæ рæзт куы ныууадзы æмæ сыфтæр та бур кæнын куы райдайы, уæд. Не ’фсад сæм абырста æмæ сæ, фæ- ныкау, фæйнæрдæм ныддымдта фа- шисттæ цы ’нхъæл нæ уыдысты, уый сæ баййæфта. Иудзырдæй, мысты хуынкъ туманæй агуырдтой. Гъе, фæлæ се ’хсæн разынд, йæ тыхыл чи феввæрсыд æмæ лидзын йæ сæр^ мæ чи нæ бахаста, ахæмтæ. Уыдо- ныл махуæттæ æрхъула сты æмæ сæ уацары ракодтой. Иутæ та сæ уацары сæхи раттыны бæсты сæ хотыхтæ акалдтой, ныппырх сты æмæ бамбæхстысты хъæды уац- 54
цæгты, адгуыты, нартхоры хуым- ты, афтæмæй хъавыдысты сæхи- уæттæм ахъуызынмæ. Фæлæ сын нæ атылд. Хъæуы ногдзаутæ (сæ галстуктæ та, фыццаг хатт, ногæй бакодтой сæ хъуыртыл) даргъ лæ- дзгуытæн сæ цъуппытæ, джебогъ- тау, сцыргъ ластой, къордтæ-къорд- тæй «цуаны» ацыдысты æмæ тарст фашистты се ’мбæхсæнтæй иугай- дыгай сæ разæй хъæумæ æртард- той. «Ацы фæлтæрддзинад, — дзырдта ногдзауты «командир» Андрушæ.— нæ сырх партизантæй базыдтам... Уыдон дæр-иу сæ сæ разæй афтæ тардтой. * # м Бынтон уынгæджы фестæм уыцы дæлимонтæй — дзырдтой нын, бы-, нæтты ма чи баззад, уыцы цæрджы- тæ. — Кусын пæ кодтой æхсæвæй- бонæй æххормаг гуыбынæй. Рай- сом сæумæцъæхæй хъуамæ лæууы- даис æнхъæлмæкæсæн «биржæйы». Исчи-иу чысыл бафæстиат, уæд-иу ын йе рагъдзарм растыгътой. Иу- хатт Галя Лисенко сæ коммæ нал бакаст — куыстмæ нæ рацыд. Фа- шисттæ йæ æркодтой нæ цурмæ æмæ йæ резинæ лæдзгуытæй рай- дыдтой нæмын. Нырма æвзонг ус уыд Галя, хъаруйæ — æххæст. Уый сæ къухæй йæхи атыдта, алыгъд, хæдзары фæмидæг æмæ йæхиуыл дуар сæхгæдта. Фашисттæ йæ фæс- тейæ асырдтой, фæлæ сыы уый дуар нæ кодта. Уæд сæ иу амæсты, автоматы хъæдæй дуар фæцæф код- та, зæгъгæ, дуар ацъæл кæнон, фæ- лæ хæцæнгарз фæирвæзт æмæ нæ- мыг сæмбæлд, йæ фæстæ чи лæу- уыд, уыцы немыцаджы ныхыл. Лæг дзыхъмард фæци. Цалынмæ мар- димæ архайдтой, уæдмæ Галя ру- дзынгæй агæпп кодта, цæхæрадæт- ты алыгъд æмæ хъæдмæ баивгъуыд- та. Фашисттæ афтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, ма хæдзары ис, бензин ра- хастой, хæдзарыл æй бапырх лас- той æмæ йæ басыгътой. Гъе, фæлæ фыдлæгæн бирæ цæ- рæнбон нæй. Уый фæстæ уыцы лæг- мар полицæйаг фашист нæ парти- зантæм уацары бахаудта æмæ дзы Галя йæ маст райста. & * * Фæзæгъынц, зæгъгæ, хъулæттæ мады гуыбыны дæр вæййы... Гъе, срæлæ нæ ротайы ахæмтæй, ома хъулон митæй ницы уыд. Фæстаг къæбæр, фæстаг папирос дæр дих кодтой æмхуызон. Мæнæ, гъе, иу- чысыл дæнцæг: тамако чи нæ дым- дта, уыдон сæ хай лæвар кодтой, тынгдæр чи дымдта, уыдонæн, уый нæ, фæлæ ма арæх иу папиросдым- дтой æртыгай-цыппæргай адæймæг- тæй. Уый уыд, иууылдæр иумæ хæла- рæй кæй цардыстæм, нæ иу иннæ- йы сæрвæлтау йæ сæр кæй лæвæрд- та, уый нысан. Хæлардзинад та у иумиаг æнтыст. * * * Хæсты æвирхъау цаутæй дзыл- лæтæ бацыдысты мæлæты тасы. Æрæнцой сын нал уыд æхсæв дæр æмæ бон дæр. Фашистон лæгмар- тæ тыхæй оырстой, мардтой, сты- гътой... Стыр хъæу у Акимовкæ. Къухæй-къухмæ цыд... Иухатт та, бонвæрнон фæзынд арвыл, афтæ та йæм не ’фсад бабырста. Иæ цæр- джытæ рагацау кæдæмдæр фæлыгъ- дысты. Иу ус ма дзы баззад йæ дзидзидай сывæллонимæ... Фæлæ, æппынфæстаг, уый дæр фæтарст æмæ йæхи хъæдмæ айста... Ацыхатт дæр та уым хæст тынг сцырын. Нæмгуытæ нал æнцадыс- ты се ’хситтæй. Уæлдæфы, зыгъ- зыгъгæнгæ, тахтысты сармадзанты нæмгуытæ... Æр,изæр. Сывæллонджын усхъæд- гæронмæ куы бахæццæ, уæд ми- нæйы схъис йæ зæрдæйы аныхст... ’ Йæ чысыл хъæбулæн ма иу ба акодта, стæй уымæл зæххыл ахау- дта... Саби йæм дард аззад, фæлæ йæм йæ цыппæртыл бабырыд, йæ риуыл ын йæ сæр æрæвæрдта æмæ афынæй... Рæстæг цыд. Саби ]5ай- хъал. Сæххормаг æмæ бирæ фæ- куыдта. Иæ къæхтыл-иу слæууыд, йæхи-иу нæ баурæдта æмæ та-иу ахауд. Æппынфæстаг фæхæст йæ мады тугæйдзаг дзидзийыл æмæ йæ . цъырдта... Саби нæ зыдта, мад ын кæй нал ис... Саби нæ зыдта, чи у йæ марæг... ^би нæ зыдта — бæстæ- 55
йыл туджы зæйтæ кæй цæуы... Цæ- мæн?.. Цæй тыххæй?.. Бирæ фæ- куыдта æмæ стæй йæ мады ри- уыл æрæвæрдта йæ сæр æмæ та афынæй... ...Æхст сындæггай ныссабыр. Усыл фембæлдыстæм. Иу стыр бæрз бæласы бын æй баныгæдтам... Сы- вæллоны рахастам. * * * — Дзуры Мæскуы. Советон Ин- формбюройæ. Сырх Æфсад æппæт фронтты дæр бырсы размæ. Гит- лерон æрдонгтæн уæззау цæфтæ- гæнгæйæ, ссæрибар кодтой дæсгай горæттæ æмæ сæдæгай хъæутæ фа- шистон тыхæйисджытæй. * * * Сталинград дæр сау тухтæй суæгъд ис, зæгъгæ, куы фехъуыс- там, уæд нæ хæстонтæ, фырци- нæй, ура хъæргæнгæйæ, æмæхст са- гайдтой уæлдæфы. Алы горæт ссæрибар кæныны рæ- стæджы дæр афтæ уыд нæ ахуыр. Иууыл æхсызгондæр та нын уыд нæ тæккæ стырдæр горæттæй иу — Сталинград бирæгъты дзыхæй байст кæй æрцыд, уый. * * * «Улæфтбон». Сыгъдæг кодтам нæ хотыхтæ. Бæстæуыд сабыр, æр- мæст ма дард каецæйдæр хъустыл уад цахæмдæр моторты гуыв-гуыв. Мах, фæскомцæдисонтæ, æрæмбырд стæм иу хъæды æрдузы, стыр тæ- гæр бæласы бын. — Æмбæлттæ, — загъта нæ орга- низацийы секретарь Кошкин, — не ’мбырды ис иу фарст: фæскомцæ- дисы рæнхъытæм райсыны тыххæй. Ис нæм дыууæ куырдиаты. Сæ иу нæ медицинон хо Иващенко Катя- йæ, иннæ та Хуыгæсты Батырбегæй. Кæмæ ма ис æндæр фарст? Нæй?.. Уæдæ æз бирæ нæ фæдзурдзынæн ацы æмбæлтты тыххæй, уымæн æмæ сæ уæхæдæг дæр хорз зонут. Сæ дыууæ дæр активон хайад исынц знаджы ныхмæ хæстон хъуыддæгты, Уый тыххæй нæ командæкæнынадæй бирæ хæттыты райстой арфæйы ны- хæстæ... Не ’мбырды хайад иста полйт- къухдариуæггæнæг Ковалев... Ленинон фæскомцæдисы рæнхъы- тæм æмхъæлæсæй райст æрцыдыс- ты Катя æмæ Батырбег. * * * Æфсад у скъола, æфсæддон та — ахуыргæнинаг. Уым сæйраг у дис- циплинæ. Хин æмæ дзы хивæнд ми- тæн бынат нæй, нæ дæр сабыр æмæ нæ дæр тохы рæстæджы. Хистæры бардзырд алкæмæн — закъон. Æмае. закъон чи нæ феххæст кæны, уымæн та йæ фæндаг у цыбыр. Уæдæ афтæ, Батырбегмæ дæр- иу райди-аны сæвзæрд хивæнд ми- тæ, фæлæ, Къостайы загъдау: «Лæп- пуйæ рæдиаг нæ вæййы æвзæр». Æвзæр лæппу нæ уыд Батырбег дæр. Нырма æвзонг уыд æмæ йын алчи дæр быхста... Æз æй арæх .фæдзæхстон, цæмæй йæ уагахаст сæвæрдтаид нывыл. «Ам дын ба- байы хæдзар нæу. Дæ риуы æмбæрц ма цу... Хæст у, хæст, тугкæлан хæст. Нæмыг судзаг у, тæригъæд никæмæн кæны»... Тынг мæм хъуыста Батырбег, фæлæ-иу уæддæр хатгай мæ ныхæс- ты йæ хъусты иув’æрсты ауагъта. Хатт-иу æй «тæрсын» дæр кодтон, зæгъын, дæхи дарын зон, кæннод дæ иварон батальонмæ ацъыкк кæн- дзысты. Уæд-иу йæ дзырд- фæци: «Æмæ мæ ацъыкк кæнæд. Нырма уæддæр удæгас фрицы нæ федтон... Уым та семæ хъæбысæй хæцынц... Бафæлварон æз дæр, ныр лæг дæн, фæскомцæдисон»... Ацу æмæ дзур ахæм хъуымыз- былимæ!.. Нæ хъуыста æмæ ба- хауд!.. Иурайсом гитлеронтæ сармадзан- тæй æмæ минаметтæй райдыдтой æхсын. Нæмгуытæ хаудысты, хæл- дысты æмæ се схъистæ уæлда^фы, цъых-цъыхгæнгæ, тахтысты. Уыдон Батырбегмæ кæд кастысты худæ- гау, «Æрхуысс! Рæмбазхс!..» — дзырдтон ын, фæлæ марадз зæгъ... Нæ коммæ каст, фæлæ стæй нæ- мыджы схъис йæ цонджы фæлмæ- ны куы аныхст, уæд нæм, цæстысыг калгæ, æрбамидæг. «Афтæ дын хъæуы!.. Нæ\ дыц дзырдтон ’—| дæхи; хиз!» — бауай-^ дзæф ын кодтон. 56
«Афтæ мын хъæуы... Раст мын дзырдтат... Цæй, фæуæд мын зонды хос!» — басаст йæ рæдыдыл. Бабастам ын йæ цæф, стæй Ка- тямæ фæдзырдтам æмæ йæ медсан- батмæ акодта. Худæджы дзæкъул . уыд салдат Савалков. Марды дæр фæхудын кодтаид. Уый тыххæй йын стыр кад уыди нæ хæстонты ’хсæн. Фырбу- цæн æм дзургæ дæр фыдыномæй кодтой рæнхъон хæстонтæй суанг ротæйы командиры онг — Василий Николаевич, зæгъгæ. Уыд рæстæм- бисас, хытъынджын. Хæрдæй йын бафсис нæ уыди. Къуыриваг хæлц- иу куы райстам стæры рæстæджы, уæд-иу сын иубонмæ сæ бынæй рухс суагъта. «Цы уæлдай у, фæн- ды сæ ме ’ккой хæссон,* фæнды мæ гуыбыны», — загъта-иу Василий Ни- колаевич. Фæлæ уыйхыгъд æнæ- хæргæйæ дæр бирæ фæрæзта... Йæ- хи амондджын хуыдта Савалков. Кировы областы, дам, æвæццæгæн, мæнæй амондджындæр лæг нæ рай- гуырдзæн. Ахъуыдыгæнгæйæ, чизо- ны, раст дзырдта. Алыхатт нæ уы- мæй арæхдæр цъыссымы ничи хауд, фæлæ та-иу дзы «сурæй агæпп лас- та»... Фæсхох, зæгъгæ, бæлас акалд, уæддæр йе схъис æнæмæнг хъуа- мæ ууыл сæмбæлдаид... Канд хæс- тон нæ, фæлæ ма суанг æрдзон фыд- былызæй дæр фервæзт. Уый та ра- уад афтæ: иубон радгæс уыдыстæм иумæ. Сыджыткъæсы сæвæрдтам телефон æмæ фæстаг хабæрттæ хъусын кодтам штабмæ. Уый та ахæм хæс у, æмæ телефоны х’æтæ- лæн иу минут дæр æрæвæрæн нæй, æдзух æй хъуамæ дарай дæ хъусыл. Уыд уалдзыгон саумæрайсом. Ар- вы сæхгæдтой сатæг-сау мигътæ. Фæстагмæ тыхдымга* сыстад æмæ бæлæсты цæнгтæ тыдта. Иæ уæл- вæд ихæмхæццæ тæрккъæвдамæ фæ- къæртт. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Бæстæ донласт фестад. Нæ сыджьпкъæсмæ бакалд, фæлæ Са- валков уæддæр лæууыди æмæ те- лефоны хæтæлмæ хъуыста. «Луна, Луна, ’ хъусыс мæ!» — куыддæр сдзырдта, афт’æ арвы нæрд ныкъкъæрц ласта, бастдзинады те- лимæ сиу æмæ Савалковы ныццав- та. Хæтæл фехста, йу хъæр ма фæ- кодта, фесхъиудта йæ бынаты, стæй зæххыл адæргъ. Иæ цæстытæ ир- дæй аззадысты, бауадзыг. Æз раз- дæр фæджих дæн, стæй йæ сыджыт- къæсæй æддæмæ рахастон, зæхх ра- къахтон æмæ йæ сыджыты бын фæ- кодтон... Къæвда.уарыд къæртайæ- калæгау... Уайтагъд телефоны фæ- дзырдтон æмæ æрбахæццæ нæ ме- дицинон хо Катя. Василий Нико- лаевичы бæхуæрдоны гуыффæйы нывæрдтам æмæ йæ аластам не ’фсæдтон санбатмæ... Æрбамбырд сты нæ взводы хæс- тонтæ. Фæмаст, фæхъыг ыл код- там, стæй йыл йæ къух ауагътам. — Удæгас ма куы баззайа Ва- сили Николаевйч, — загътон æз, — уæддæр дзы махæн æфтиаг нал ис, æнæмæнг йæ хъусты хæлынтæ ас- къуыдысты. Изæры дзы бæрæг ба- зондзынæн æмæ йын йæ бинонтæн фехъусын кæндзыстæм йæ хъыс- мæт... Сындæггай ’боныгъæд- раивта. Мигъты дымгæ ныгуылæны ’рдæм счъил кодта æмæ хур йæ был ра- дардта арвы астæуæй. Къæвда бан- цад. Хæсты гæрæхтæ дæр, къæв- дайау, ныссабыр сты. Нæ хæстон- тæ сыджыткъæстæ æмæ блиндаж- тæй схызтысты, хурмæ сæхи сур кодтой. Дыккаг бон дæр ма махæрдæгæй сабыр уыд фронт. Хур йæ цæсты- дзагæй ракаст. Фæссихорты Нæ уæл- хъус æрбалæууыд Василий Нико- лаевич. Мах йæ размæ ауадыстæм, фырцинæй йæ хъуамæ нæ къухтыл фелвæстаиккам, фæлæ йæ цинел нырма уыд цъыфæй амæхст. Нæ хæлар йæ дзыхыдзаг тыхджын ных- худти æмæ сдзырдта: — Нæ уын дзырдтон, хæлæрттæ, æз амондджын дæн?!. Æз сыбыраг тызмæг æрдзы хъомыл дæн æмæ мын мæлæтæй тас нæу. Гитлерои- ты маргæйдзаг нæмгуытæ мын куы ницы ракодтой, уæд мын къæвда цы хъомыл у... Хъазын-хъазын у. фæлæ мæм ацы фæдбылыз кæцæй касти?.. — Мæнæ, гъе, кавказагæн кув,— ме уæхск мын æрхоста Гаврилов, — уый дæ фервæзын кодта мæлæ- тæй. Зæххы бын дæ куынæ баны- гæдтаид, уæд нал фервæзтаис... Де 57
уæнгты электроны тых дын йæхимæ айста сыджыт... , Василий Николаевич мыл ны- ГГЫХСТИ... Ф * # , Габинашвили Сол’омрн-— >Гуры, раионаг. «Ме мбæстаг дæ», — ссд^- ух мын афтæ дзырдта. Æнæахуыр уыд, йæ къух фыссын дæр нæ зыд- та, фæлæ иæм уыйхыгъд уыд би- рæ лæгдзинæдтæ. Сæйраджы — хæ- лардзинад æмæ хъæлдзæгдзинад. Куыд дзырдта, афтæмæй йæ цард йæ рахъомылæй фæстæмæ арвыс- та сæндæттæ, дыргъдæттæ æмæ бы- дырты. Уарзта уыцы куыст æмæ йæ зыдта. Йæ сæны Оыркуытæ арæх мысыд. . Йæ былтæ-иу астæрдта Мах дæр-иу сцыбæл кодта. «ооломаны хæрзконд уæнгтыл рæ- сугъд фидыдта йе ’фсæддон дарæс. Иæ сæрыхил æвзонгæй фæхалас, фæлæ йæ къуыбыр рихитæ нырма уыдысты сынты базыры хуызæн. Мæт æмæ сагъæс кæй зæрдæйы- нæ хæлбурцъ кодтой, фæлæ уый йæхи дардта æндæрхуызон. Искуы хæст цæуы, адæм мæлынц, мулк сæфы, уый йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд. Иæ уд, йæ дзæцц уыд «Сули- къойы» зарæг. Уырыссагау дзурып нæ зыдта, фæлæ сæ æмбаргæ тынг кодта. Габинашвилийæн йæ сæйраг куыст уыд бæхтыл хæлц ласын. Мæ ротæ- йы хæстонты уый фæлындзыдта. Старшинæ Набатов æй йæ рахис цонг хуыдта. Иу хæдон сын уæгъд уыди. Иубон та араст сты продукттæ ласынмæ. Уыд хур бон. Фæстæмæ куы раздæхтысты, уæд бæхты сын- дæггай сæпп-дугъ уагътой. Уæрдон хъинцъ-æмдзæгъд скъæрдта. Соло- манмæ тæ сæвзæрд хъæлдзæг зæр- дæйы уаг æмæ ныллæг хъæлæсæй нывæста «Суликъойы» зарæг. Наба- тов цыдæр арф хъуыдыты ацыд, фæлæ йæм уæддæр хъуыста æхсыз- гонæй. Сæ фæрсты дыууæрдæм згъорстой автомашинæтæ, хæдтул- гæ танктæ. Гъе, фæлæ Набатов æмæ Габи- нашвилийæн сæхъæлдзæгдзинад би- рæнал ахаста. Æфсæнвæндагон стан- цмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд арвыл фæзындысты немыдаг хæд- тæхджытæ æмæ бомбæтæ ракалД- той. Уæлдæфы се ’хситт айхъуыст, зæххыл та сæ фæздæг скалд. Стар- шинæ æмæ Соломан уайтагъд уæр- донæй агæппытæ ластой æмæ хæс- тæг лигъдоны амидæг сты. Бомбæ- ты хъæрæй баехтæ фæтарстысты, алыгъдысты æмæ æд уæрдон къуы- бырæй ахаудтой. Бæхтæй сæ иуæн йæ къах ацъæл, иннæмæн та — йæ бæрзæй. Продукттæ ныппырх сты, уæрдон ныцъцъæл... Изæры нын старшинæ æмæ Со- ломан æндæр бæхтьтл продуктты бæсты æрластой уæрдоныдзаг бæ- хы фыд. * * а Фæззæр хæрзбон загъта сæрдæн æмæ райста йæ бартæ. Арвæй згъæлдысты къæвдайы иугай æр- тæхтæ. Фæлм, пæззыйау, ныббадт хæхтьг æмæ быдУрты. Кæд æй рай- сомы уазал уддзæф хъавыд фæсу- рынмæ, уæддæр ныццæхгæр ис æмæ нæ куымдта. Æхст ныссабыр, фæлæ уæддæр топпыхосы æнуд тæф улæ- фæнтыл æмбæлди. Дард ран уыдыс- ты æви ’ввахс, уый зын рахатæн I уыд, фæлæ-иу судзаг нæмгуытæ арвы уæрæхы, æрттивгæ, стахтыс- сы æмæ-иу асæстыты фæтары сты кæмдæр. Белоруссийы зæхх рæстæг мæ ныссабыр. Йеныры хуызæн са- быр рæстæг фæстаг рæстæджы ни- куыма федтам æмæ нæм диссаг фæ- паст. «Æвæццæгæн, фашисттæн сæ топпыхос къæвдайæ бауымæл æмæ сын нал пæртт кæны», — дзырдта взводы командир æмæ йын йæ хъа- зæн ныхæстыл салдаттæ худæгæй бакъæцæл сты. Фæллад хæстонтæй "алчидæр йæ риуыдзаг сулæфыди. Хъустæ сæ гуыз-гуызæй ’рæнцадыс- ты. Фæлæ рæстæгæн иуран бауромæн нæй, дуфьон бæхау, згьорста æмæ та дыккаг райсом хæстон хотыхтæ «хуыфын» райдыдтой. Не ’фсæддон хæйттæ иууылдæр размæ абырстой. Æхст æмæ салдæтты ура сæмхæц- цæ сты. Иу хъæуыл нæ батальоны хæстонтæ фашисттыл æрхъула код- той. Сæдæйы бæрц дзы сæхи уацары радтой, иннæтæ... асчъил сты ны- гуылæнæрдæм... Ныууагътой бирæ хæстон хотыхтæ, нæмгуытæ. 58
* * * Бадтыстæм æмбæрзт акъоппы. Райхъуыст телефоны дзинг-дзинг. — Алло, Луиа! — Луна хъусы. — Батагъд кæнут æмæ цæугæ, кæдæм уын загътам, уырдæм, — фæдзырдтой иæм штабæй. — Æр- мæст арæхстгай, уæхи хъахъхъæ- нут... Мах уыдыстæм æртæйæ — æз, Старостин æмæ Савалков. Цыдыс- тæм сындæггай æмæ арæхстгай/фæ- лæ фæндаг фæрæдыдыстæм. Тар- хъæды нæ разы куы цъыфдзæстытæ фегуыры, куы æ^хæл-мыххæл фæн- дæгтæ. Цад бынæтты лæгæрдæм суанг фæкъæдзгæнæнтæм. Уыд хъуынтъыз бон... Арв сасæста... Сæх- хормаг стæм, хæринаг нæй. Гуы- бынтæ батæбæкк сты. Кьæхтæ нал кæсынц нæ коммæ. Тæмакойæ не стонг марæм... Фæлæ та нæм гæх- хæтт. дæр нал уыд. Иуран немы- цæгтæ цы листовкæтæ ракалдтой, уыдонæй Савалков ссардта. Ныб- бур. ныхъхъæбæр ис къæвда æмæ хурмæ. Савалков нал фæлæууыд æмæ дзы хъуамæ махоркæ стыхта- ид. Старостин æй ауыдта, йæ къу- хæй йын æй айста æмæ йæ йæ къæх- ты бын сæууæрста: «Нæма йæ фе- хъуыстай, фашисттæ маргæй хъæс- тæ листовкæтæ кæй калынц, уый? Адæймаджы уд аскъуынынмæ цæ- мæй нал хъавынц, ахæм сын ницы- уал баззад. Æмæ йæ ды та дæ дзых- мæ схæссынмæ хъавыс!» Хъæды кæронмæ куы ’ахæццæ стæм, уæд ауыдтам хæдзæрттæ. Уырдæм, ’ввахс, æфсæнвæндагыл, сыгъдысты æмæ сæ пиллон калд тбвартæласæн вагæттæн. Нæ ных сарæзтам уырдæм. Бахæццæ стæм. Фæндæгты былтыл дæргъытæй лæу- уыдысты салдæтты мæрдтæ. Нæ разæй цыд Савалков æмæ нæм адард ис. Иуран фæлæууыд æмæ дзы райхъуыст: — Ардæм, ардæм, хæлæрттæ! Мæ- нæ картофтæ!.. Уый къахыныл" алæууыд, се ’взартæ нырма зæххæй чысыл хæрд- мæ кæмæн ссындысты, уыцы ног- тыд картофтыл. Уайтагъд кателок айдзаг кодта, донмæ сæ ахаста, æмæ сæ цалынмæ æхсадта, уæдмæ æз арт акодтон. Сфыхтам сæ æмæ нæ- хи хорз федтам. Ахæм диссаг ра- уадысты æмæ сæ ад нырма дæр ме ’взаджы цъуппыл лæууы. Æдзæрæг хæдзæртты азылдыстæм, фæлæ сæ къуымты хъыргъы дæр нæ бадти. Цæрджыты хæсты уаддымгæ чер- дæмдæр фæхаста. Махыл æрцыд, марды ’роны кæрдзынтæ чи агуырд- та, уый ми. Сосæвæндагмæ нæ бирæ цæуын нал бахъуыд, хæрхæмбæлд ныл фæ- ци æмвæндагон æфсæддон автома- шинæ æмæ нæ уый фæхæццæ кодта нæ нысан бынатмæ. * * * Советон хъæбатыр Æфсад немы- цаг-фашистты иугæр Курскы къæ- лæтауæй куы ф’æтардта’ I, уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр айхъуыст инæлар-лейтенант Плиты Иссæйы кады ном. Æндæр дзырд нал уыд не ’фсæддон дæлхæйтты. Æрмæст . бирæтæ нæ зыдтой, цы наци у, уый. — Плийы фырт кавказаг кæй у, уый хорз зонын, фæлæ цы наци у, уый нæ зонын. Де ’мзæххон куы у, ды дæр æй нæ зоныс? — афарста мæн. — Ирон, Цæгат Ирыстойнаг... Савалков мын мæ сæртæг дзуап- пыл бахудти. — Цæуыл худыс, цыма дæ нæ уырны, афтæ мæм фæкаст! — О, афтæ у... Иугæр хорз лæг у, уæд æй де ’фсымæр дæр схон- дзынæ... — Цæмæн афтæ хъуыды кæньш? Нырмауал цы наци у, уымæн æп- пындæр ницы нысаниуæг ис, стæй, мах, советон адæм, иууылдæр «иу нади» кæй стæм, уый дæр зон... Зон, иууылдæр иу хъуыддагыл кæй тох кæнæм, уый дæр. — Нæ, уый зонын, фæлæ уæддæр цымыдисаг хъуыддаг у... — Æмæ кæд тынг цымыдис кæ- ныс, уæд уьтй у ирон æмæ йæ ны~ рæй фæстæмæ дæ зæрдыл бадар. Савалковы ма цыдæр зæгъын фæндыд, фæлæ йæм старшинæ На- батов фæсидти. * * * Иу бакастæй афтæ зынд, цыма ацы чысыл бурдзалыг цола лæг го- би цыдæо у, фæлæ-иу дзурынмæ 59
куы фæкъæрт, у&д аЦу æмæ йæм хъус! Иæ дзырдтæ та, сойау, адæй- маджы уæнгты æхсызгонæй хъард- той. Ораторы-иу хатт хъуыдыуаты кæрон тæпп æвæрын дæр байрох. Ацы ныхæстæ нæ политкъуихда- риуæггæнæг кæстæр лейтенант Ко- валевы тыххæй зæгъын... Уый, иу чысыл немыцаг трафейон автома- шинæ самал кодта, «Тыртына» йæ хуыдта, рулыл сбадт æмæ йын нал æхсæв уыд, нал — бон. Иу фæззыгон изæр æнæнхъæлæ- джы нæ сыджыткъæсы смидæг, ног хабæрттæ нын радзырдта, стæй мæнмæ фæкомкоммæ æмæ мæ афарста: — Куыд у, мæ хæлар, дæ зæр- дæйы уаг, дæ чепп? Кæд Кавказы нæ ’рымысыс? — Кавказы кой уал уадзæм, æм- бал политкъухдариуæггæнæг, фæ- лæ мæ чеппыл ныры хуызæн ныр- ма никуы уыдтæн. — Цы уæлдай? — Дæхæдæг дæр æй зоныс, цы- мæ къахыс... — Уæддæр? — Уæддæр... Уæддæр... Мæ рай- гуырæн Кавказ æнæхъæнæй, немы- цаг-фашистон тыхæйисджыты чъи- зи къæхты бынæй кæй ссæрибар, уый ницы у?.. — Дыккаг та цы, уый зонут? — йæ ныхас баппæрста Старостин... — Цы? — Цы, цы, Гитлер, дам, судза- гæйахиуыпп ласта, мæ маст, дам кæд чысыл фæрогдæр уаид, зæгъ- гæ... — Æмæ? — Æмæ æхсæвы хурскæсæны-' рдæм здæхтæй афынæй... Æрдæг- æхсæв цыдæр тæссаг фынты адзæ- гъæл, фæтарст, фесхъиудта, йæ сын- тæгæй рахаудта æмæ, дам, йæ бæр- зæй ныгуылæнæрдæм фездыхст. Геббельс ма, дам, ыл бирæ фæца- рхайдта йе сраст кæныныл, фæлæ нал бакуымдта... — Æмæ ма цы, уый зонут? — баф- тыдта йæм Савалков. — Цы? — Йæ бын, дам, бауымæл .. Не ’мбæлттæ худæгæй бакъæцæл сты ацы ныхæстыл. — Бæдæйнаг, хæлæрттæ, хорз хъæлдзæг стут, — раппæлыд нæ по- литкъухдарæуæггæнæг. * * * Бастдзинад та нал куыста. Дæ^ лæ-уæлæ нал хъуыд. Уайтагъд ме- мæ акодтон Савалков æмæ Хуыгæ- сы фырты, цæмæй йæ баиу кодта- иккам. Нæ фæндаг цыд æгæндæг хъæды. Топпы фатау æмраст æмæ рæхснæг бæлæстæ, цыма арвы хуыл- фы сныхсынмæ хъавыдысты, уыйау бæрзонд фæцыдысты. Хæрдмæ сæм куы скастаис, уæд дæ худ рахау- дтаид. Ныр нын фрицтæй тас нал уыд. Кæй ныууагътой, уыцы хæ- цæнгæрзтæ æмæ нæмгуытæ алы ран уыдысты рæдзæгъдтæ. Сæхæдæг, дыууæ боны размæ сæрсæттæн цæфтæ куы баййæфтой, уæд та, бар-æнæбары, æнæхъолæ- йæ лидзынмæ фесты. Хур бон уыд æмæ хид нæ рустыл цъыкк ласта. Хъæды дзæвгар куы ауадыстæм, уæд нæ рæзты, сосæ- вæндагæн йæ иу фарсæй иннæмæ фатау атахт хъæддаг сæгъ... Бæрæг уыд, кæй фæтарст. Батырбег йæ фæ- дыл бафгыд, физонджытæ уын ба- хæрын кæнон, зæгъгæ. Мах бастдзи- нады хæлд ссардтам æмæ йæ баиу кодтам. Скуыста бастдзинад. Æн- хъæлмæ кæсæм Батырбегмæ, фæлæ йæ кой, йæ хъæр дæр никуыцæй зынд. «Хивæнд лæппу у, — ахъуыды кодтон æз мæхимидæг, — чизоны фæстæмæ аздæхт нæ контролон пунктмæ». Фæлæ телефоны фæ- дзырдтам æмæ уым дæр нæ разынд. Кæдмæ ма йæм æнхъæлмæ каста- иккам, æппынфæстаг Савалковимæ ’араст стæм нæ фæндагыл. Куы мæ фæрсой, цы фæци, зæгъгæ, уæд сын зæгъдзынæн: хъæды мын æбæрæг сæфт фæкодта. Æмæ æндæр цы хъуамæ загътаиккам?.. Цыдыстæм мах, фæлæ хъуыды- ты адзæгъæл стæм. Уалынмæ нæ хъустыл ауад Батырбеджы фæдисы хъæр. Дардæй нæм йæ къух тылд- та, фæлæуут, з’æгъгæ. Æрлæууы- дыстæм, æнхъæлмæ кæсæм... фед- там æнæнхъæлæджы диссаг: нæ цуры нын, счипп-счиппгæнгæ, æрба- лæууын кодта иу даргъ цъæхдзаст немыцаг салдаты. «Цæу уын загъ- тон æмæ уын фыр æрластон, — сдзырдта æмæ худæгæй бакъæ- цæл. — Удæгас фашисты фенынмæ рагæй бæллыдтæн æмæ мæ къухы бафтыд... Еныр хæсты фæстæ нæхи>- 60
мæ цы радзурон, уый мын ис... Уæ- къах цæф, иннæмæй æххормагæй дæ цы, Батырбег лæг нæу?!. бастад... Батырбеджы хъæддаг сæгъ Мах æм «физонджытæм» æнхъæл- йæ фæдыл куы асайдта, уæд ыл хæр- мæ кастыстæм, уый та нæм удæгас хæмбæлд фæци, «Хенде хох» зæ- адæймаджы æрбакодта... Хъуыддаг гъын дæр æи нал бахъуыд, немы- рауад афтæ: размæбырсты рæстæ- «аг фæтарст æмæ иæ^къухтыл схæ- г ^ „ / цыд. Иæ документтæ иын федта, иæ джы немыцагæн иæ къах фæцæф. ном э йæ мыггаг та Ма_ Цæуын иæ бон куынæуал уыд, уæд » къутæрты бамбæхст. Иæ хæдоны Хæринаг ын радтам, стæй йæ фæ- дыс раскъуыдта æмæ йæ бабаста. хæццæ кодтам штабмæ. Уый тых- Хъавыд сæхирдæм ахъуызынмæ, фæ- хæй Батырбег райста ’ хорзæх, мах лæ хьæды фæдзæгъæл. Иуæй иæ та — арфæйы ныхæстæ. КЪОБЕРИДЗЕ ВАХТЪАНГ ÆМДЗÆВГÆТÆ КЪОСТА Фæуон нывонд дæ хурæн Нары, Дæу чи тавта йæ мидбылхудтæй. Мæ уд æфсис йæ цинæй н’ ары Дæ басылыхъ, дæ уæлдзарм худæн. Дæ къахвæдтæн кæнын æз табу. — 4 Стъалытау æрттивынц дардмæ, Дæ зарджытæй æстæм æрдаг буц, — Куы сидтысты сæрибар цардмæ. Фæуон нывонд дæ хорз зæрдæйæн, Кæй рухс æфтыди хуры рухсыл; Фæуон нывонд Иры бæстæйæн, Дæу чи радта мылаз æнусы!.. Фæуон нывонд дæ буц Гыццийæн, Кæмæн дадтай йæ фарны дзидзи; Нæ амондæн æмæ нæ цинæн Бæстыл хуыздæр кæй номæн ниц’ и! Фæуон нывонд дæ цæргæсдзастæн, Нæ хох-быдыртыл чи фæлгæсыд! Цы гени уыд, цы гени, уастæн! — Куыд æй барæм æниу цæргæсыл? Къоста, чысыл фæуадз дæ додой, Миййаг нæ фыцæм дуртæ аджы. Уый фарны куывд дæрдтыл ныззылдтой, Æргæвст дзы — фараст кусæрттаджы. Цæджджинаджы бæгæны ’хсиды, Хуынд уазджытæ — æнæхъæн комæй. 61
Дæ гаджидау дын хистæр сиды, — Фæхæрæм арддæ фарн, дæ номæй. Цы тæрккъæвда цыди дæ дуджы, Ныр уый фæци, мигъ сыстад хохæй. Ныр арвыл дæр æндæр хур судзы, Уый нал кæсы уæдау фыдохæй. Фæуон нывонд дæ хурæн Нары, Дæумæ чи каст сыгъзæрин цæстæй! Фæуон нывонд ныллæг хæдзарæн, Дæу чи хызта дымгæйы дзæхстæй! Фæуон нывонд дæ дзырдæн, Дæ уынæргъдæн, дæ мидбылхудтæн; Дæ цухъхъайы рæсугъд бæрцытæн, Дæ басылыхъ, дæ кады худæн!... ÆБÆРÆГ САЛДАТЫ БАЛЛАДÆ Буц малусæг ингæныл æрзадис, Уалдзыгон зæрин хур æм кæсы. . Мыдбындз æм, уарзонау, æртахтис, Цин, хъæбыстæ... Ног та йæ фæрсы: — Радзур-ма, ды зондзынæ, мæ хæлар, Чи хуыссы дæ базырты бын ам? Уый цы хуынд, кæм уыд йæ хъæу, йæ хæдзар, Диссагæн кæцæй рахаста фарн? — Æз хуымæтæг дидинæг дæн, уарзын Зæххы улæфт, хуры мидбылхудт; 'Мигъты хилын чи нæ уадзы арвыл, Арвы ирдыл чи хъары йæ уд. Æз мæхæдæг не ’рбацыдтæн ардæм, Дымгæ дæр мæ не ’рбаскъæфта, зон. «Уалдзæджы фыццаг фидиуæг» Адæм Хонынц мæн, уæд иу сыгъзæрин бон Сау рæсугъд чызг, урс цæссыгтæ згъалгæ, Бахатыди къутæры бынмæ: — Мемæ цом! — лæгъстиагæй, рæвдаугæ, Ризгæ ’нгуылдзтæй бавнæлдта мæнмæ. Буц чызг иу цæргæс лæппуйы уарзта, Фердæхынмæ чи уыд арт, цæхæр. Уалынмæ фыдхæст ныннæрыд... Растад Дзыллæ, бахъуыд райгуырæны сæр. А лæппу дæр рабаста йæ гæрзтæ, Боны цъæхтыл карз тохмæ фæцыд. Тымыгъты гæрзифтонгæй лæгæрста, Удуæлдайæ знагимæ хæцыд. Ие ’хсары ном дивизийыл хъуыст. Тугдзыхтыл цæхæры зæйтæ уагъта, Свастикæджын удхорты фæцагъта, Стæй... Фæцис йæхæдæг дæр зынгхуыст.,,
Ныр æрттивгæ Бонвæрнон у арвыл, Уаддымгæйы бацардис йæ уд. Чизоны уый — а ингæны тары, Æмæ уымæн сисынц ам сæ худ? Æз мæ бонтæ ам рæсугьдæй тонын, Фæлæ чи у, — нæу зæгъьш мæ бон. Иу æрмæст æнæмæлæтад зоны — Ам чи хуыссы, уый мыггаг, йæ ном. САЛДАТЫ ФЫСТÆГ Мæ дзæбæх, уарзæгой Гыцци, Цæуыл та кæныс удхар, маст? Дæ риумæ иу-цъус бæуадз цин, * Цыма фæзынд дæ хурыскаст. Ды хорз зоныс, нæ кæнын хъарм Куы вæййыс ды ныгъуылд, æнкъард. Мæ салдатон хæс фидын ам, Æргъæвд — мæ топп, æлвæст — мæ кард! Мæ базгуытæ, цæргæсау, æз Ныттындзын къондахийыл, зон. Æгъатырæй фыдгулты æхс, — Уый нæу, Гыцци, мæнæн æнцон, Фæлæ мын нæй гæнæн æндæр, Куынæ скæнон мæ риуæй уарт, — Зæгъдзæни фидæны фæлтæр: «Нæ бахызтой мæлæтæй цард...» Цæй, ныр, мæ уарзæгой Гыцци, Дæхи æнцойы фынæн ратт. Кæуынæй, хи марынæй ц’ и? — Æнхъæлмæ кæс... Уæлахиз — цард!.. Гуырдзиаг æвзагæй Хъодалаты Герсаны сæрибар тæлмац. зз&а&згз
ИТЕРАТУРÆЙЫ МУСÆ ДЖАЛИЛЫ ГУЫРÆН БОНМÆ Номдзыд тæтæйраг поэт, Советон Цæдисы Хъайтар, Ленины пре- мийы лауреат Мусæ Джалилы райгуырдыл ацы аз февралы 15бон æххæст кæны 80 азы. Мусæ Джалил уыд иттæг курдиатджын адæймаг, ахуырмæ дæр уыд æвзыгъд (каст фæци Мæскуыйы университеты филологон фа- культет), йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1919 азы, ома сæ авторыл æртындæсæм аз куы цыди уæд. Ацы факт йæхæдæг дæр дзуры ууыл, æмæ Муоæйы æрдзыхъæды тыхджын курдиат кæй уыд æмæ раджы кæй равдыста йæхи. 1939 азы Мусæ сси Тæтæры автономон республикæйы фысджыты Цæдисьт сæрдар. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Мусæ барвæндæй ацыд хæцæнмæ æмæ иу уынгæг тохы цæфæй ба- хауди уацары. Стыр хъизæмæрттæ бавзæрста концлагеры Мусæ, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ нæ асаст, нæ фидæны уæлахиз æй уыр- ныдтз кæддæриддæр æмæ зæрдиагæй кодта уацайрæгты ’хсæн су- сæг куыст Базыдтой йæ фашистон лæгхортæ æмæ йын рахастой мæ- лæты тæрхон. Фехстой йæ 1944 азы августы мæйы. Мусæ уыд стыр патриот йæ царды дæр æмæ йе сфæлдыстады дæр æмæ йын фыдыбæстæ скодта стыр аргъ: 1956 азы йын лæвæрд аерцыд (йæ мæлæты фæстæ) Советон Цæдисы Хъайтары ном йе ’фсæдтот! сгуыхтдзинаяы тыххæй, 1957 азы та — Ленины преми йæ поэтикон сгуыхтдзинады тыххæй, йæ мæлæты размæ ахæстоны цы уацмыстæ ныффыста («Моабиты тетрадь», 100 æмдзæвгæйæ фыл- дæр), уыдон тытгхæй. Мусæ Джали-ъы рухс ном мысыны охыл мьтхуыр кæнæм цалдæр æмдзæвгæйы иронау чиныг «Мрабиты тетрадæй». 64
ФÆСТАГ ЗАРÆГ Оххай, куыд дард дæ, фыды зæхх, куыд дард дæ!.. Дардыл быдыртæ— рæсугъд æмæ адджын! Бастъæлд мæ уд та фыдахæсты цардæй Ацы фыдтар æмæ уæнгæлы смаджы!.. Хъазы æвæлмон маргъ арвы тыгъдады, Мигътæ, тæхгæ мигътæ, базырæй ахсы! М’ахæсты къуымы æз астæрдыл бадын, — • Къухтыл дæр, къæхтыл дæр бакодтой сахсæн!.. Циндзæсгом дидинæг астымьгзайы, И’ алфæмблай дуне йæ хæрздæфæй райы! Мæнæ мæ уд та фыдахæсты тайы, — Нæй мæ ысулæфæн, талынджы ’руайын... Зонын, нæ зæххыл фæцæрын куыд хорз у, Царды лæджы тыхæй амонд куыд гуыры! Фæлæ мæ сау зынг ныххдрз уыдзæн хъоргъы, — Уайы фæстаг зарæг, тугау, мæ хъуырæй... 1944 азы августы мæй» Нафийы ивд. ДИДИНÆДЖЫ ИНГÆН Æртæхæггаг’мæргътæ фæтахтысты ныр... Æнæлвыд фысы цармы аныгъуылд арв. Цæгаттаг тых дымгæмæ дидин ныммыр, Фыд-зымæджы сагъæсты ацыдис арф. Ныдздзыназы дидин, фæхуыссы йæ зынг, Уый миты хъæпæны йæ хъуырмæныссагъд. Йæ уæлхъус та джихæй рæхснæг бæрзы зæнг, — Уæлингæны дурау, ныууазал, ныссалд- Æрбабырсы тымыгъ, æгъатыр у, карз, Ысцæгъды йæ гæндзæхтæ, банцад ын’нæй. Ыскодта хæмпус митæй дидинæг баз. Мыггагмæ кæндзæнис йæхицæн фынæй. Æрцæудзæнис уалдзæг, æркæсдзæнис хур, Æхсæрдзæнтæ комы кæндзысты фæдис... Æрзайдзæн та дидинæг къутæры цур, — Цъæх уалдзæджы саби нæ зондзæнис рис. Мæнæн дæр æрцæуы мæ зымæг, нæу дард, Ыслæудзæн мæ уæлхъус, æгомыг цыртау. Фæуыдзæн æнустæм æвæлхаттæй цард, Тæхуды, мæ зарæг куы суадзид уæд тау! 1943 азы сентябрь Бахъаты Нугзары ивд. «Фидиуæг» М« 2
АХÆСТЫ ФЫН Мæ гьщцыл чызджы дысон фыны федтон, Мæ бецыкк мын æрлæгъз кодта йæ къухæй. — Кæм мын уыдтæ! — йæ фæлмæн ныхас фергом, Мæ цæстытæм мын саби каст æдзухдæр. Куы йæ федтон, — мæ сæр зылди фырцинæй, Куы йыл ныттыхстæн, зарыд уæд мæ зæрдæ. — Куыд тагъд байрæзтæ, сонт хъæбул, — фæрсын æй Куы акастæ ды, талайау, мæ сæрты! Гъе, стæй мах иумæ дидинæджджын фурды Ленк кодтам, науæд — кæрдæджы дзæгъæлтæ. Сæуæхсид нæм уæлейæ кастис худгæ, Ног байради нæ царды хæрзтæй зæрдæ... Æз фехъал дæн ныр ахæсты фæстæмæ, Мæ ныккæнд та у, раздæрау, æрхæндæг. Мæ хъадамæнтæй фервæзтæн рæстæгмæ, Ныхъхъуыры та мын судзгæ маст мæ фæндтæ. Мæ фынтæ ахæм цардимæ цы барын! Цæй тар мыл ныцци а-дуне мæ зыны. Фыдудæй мæн уæззау маст хъалы мары, Мæ царды цин уынын æрмæстдæр фыны. 1943 азы сентябрь ТÆРХОНГОНД Йæ сау хъысмæт ын расидтысты абон, — Æрцыдис ын мæлæты тæрхон хаст. Иæ суадон — зæрдæйы уыраугæ сыгтæ Ныр байсыстис... ныуурæдта йæ маст. Цæлхыдзаг мæй фæлурс арвæй æрзæбул, Ныммыр ис ныккæнд, басабыр æппæт. Куыд хъомыл кæндзæн сидзæрæй йæ хъæбул, Гъе, ууыл у æнамонд фыды мæт. 1943 азы сентябрь Пухаты Алыксандры ивд
ЦÆЛЫККАТЫ МАИРБЕГ, режиссер, УСФСР-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны АССР-йы адæ- мон артист. МÆ ФÆНДИÆГТÆ РЕЖИССЕР — ТЕАТРЫ ЗОНД ФЫЦЦАГ ФЫСТÆГ Театруарзæг, м,æ хæлар Хадомæ. Мæ иузæрдион хæлар, хатыр: рагæй дæм нал ныффыстон, æниу мæм ног хабарæй ницы уыд, фæлæ ныр ис ахсджиаг æфсон æмæ дæм æй фыссын — Ирыстоны куль- турæйы бирæ къабæзтæн сæ ахъаззагдæр- тæй иу — Хуссар Ирыстоны Къостайы но- мыл паддзахадон театр æрцыд ардæм, сæ цæгаттаг æфсымæрты зæрдæтæ барухс кæ- нынмæ. Сæхи загъдау, сæ афæдзы куысты- ты циндзинад махимæ бадих кæнынмæ. Цæ- мæй, дам, нæ хъаст, нæ маст кæрæдзийæн фæкæнæм, кæрæдзи æнцой æрбалæууæм æмæ ноджы бæрзонддæр сисæм нæ адæмы уарзон театралон аивад. Æмæ • сын уый хуымæтæджы уæздан ныхас нæу. Махæн дæр зæрдæрухс у, уый. Уый æцæг афтæ кæй у, уымæн æвдисæн — адæм сын сæ спек- таклтæм куыд разæнгардæй цæуынц æмæ сыл куыд зæрдæрайгæйæ æмбæлынц, уый. Сæ алы ныхас, сæ алы фезмæлд дæр арф хъарынц адæмы зæрдæтæм æмæ сын уыдон дæр дзуапп дæттынц зæрдиаг худт кæнæ æмсагъæсæй. Бирæ хатт спектаклмæ- кæсджытæ æмæ сценæйы архайджытæ æм- зонд, æмулæфт свæййынц æмæ уымæн аргъ нæй. Гъе, уымæ бæллынц театрдзаутæ. Гъе, уымæ хъуамæ тырной, йæ цард те- атр.æн чи снывонд кодта, уыдон дæр. Уыцы æмуддзинад къухы цæмæй бафта, уый та фыццаджыдæр аразгæ у режиссе- рæй. Уый тыххæй хонынц режиссеры те- атрæн йæ зонд, йæ хъуыды, йæ идея, аи- вадон æмæ идеон разамонæг. Уый æцæг афтæ кæй у, уый дызæрдыггаг никуы уыд æмæ нæу, Ацы театр та, дæхæдæг зоныс, мæ иузæр- дион хæлар, бирæ азты дæргъы тынг тыхст кæй æййафы режиссер хъуагæй. Къæбысты Григол куы фæрынчын, уымæй фæстæмæ тыхстæй тыхстдæрмæ кæй цыди, уы’й тых- хæй нæм иу æмæ дыууæ хатты нæ уыди ны- хас. Дæ зæрдыл ма лæудзæн: уыцы хъуыд- дагыл ма суанг 1955 азы дæр кæй ныхас кодтам партийы обкомы. Стæй Хъайырты Владимир æрлæууыд театры сæргъ. Æмæ дзæвгар фæрæвдздæри йæ куыст. Уый фæстæ та къуыхцытæ кæнын байдыдта. Фæлæ ныр, кæйдæр загъдау, хуыцауæй разы, ссардтой фадат æмæ арвыстой ахуыр- мæ æртæ лæппуйы режиссеры куыстыл са- хуыр кæнынмæ æмæ каст фесты Харебаты Федыр, Джусойты Хасан æм,æ Таугазты Аслан. Æрмæст, хъыгаг у, Таугазы фырт уыцы стыр, бæрнон æмæ ахсджиаг куыст кæй ныууагъта, уый... Дæхæдæг зопыс, ныхасæн баззад: «Ре- жиссеры куыстыл сахуыргæнæн нæй, ре- жиссер хъуамæ гуыргæ ракæна», — зæгъ- гæ. Уыцы ныхас æз фæбæлвырддæр кæнын- мæ хъа’вын: «О, режиссер хъуамæ райгуы- ра... театры. Иæ ныййарæг æмæ йе схъо- мылгæнæг та у — коллектив. Æмæ йæ ный- йарæг мад йæ уарзон хъæбулы куыд зæр- ^диагæй хъомыл кæны, хъуамæ ’йæ афтæ ’æнувыдæй схъомыл кæна. Хъуамæ æрыгон режиссерæн йæ уæззау куысты ’æххуыс кæной. Хъуамæ йæм бæлвырд кæсой, •æдзухдæр йæ фарсмæ уой, æмæ кæм цуда,- уым ын йæ лæмæгъдзинад йæ цæстмæ ма дарой, фæлæ-иу ноджы æнгомдæр æрба- лæууой йе ’мбуар æмæ йæ рæдыдæй хизой.; Хъуамæ йыл æууæндой! / Æххуыс ын кæной — сæ зонд, сæ ’нувыд куыстæй. Фыццаджыдæр сæхи ролтыл ку- сгæйæ. Æххуыс хæларзæрдæйæ, «мæнæ дын -æххуыс кæнын!» — зæгъгæ, нæ, фæлæ ре- жиссеры хæстæ æгас коллективы хæстæй дæр фылдæр, зындæр æмæ бæрнондæр кæй сты, уый зæрдыл даргæйæ. Æххуысгæнæг цыфæнды дæсны актер куы уа, уæддæр йæхи уæлдæр хъуамæ’ма- кæмæй кæна. Уый хъуыддаджы пайдайæн нæу. Стæй æгады хос у, фыццаджыдæр уы- цы «номдзыдæн» йæхицæн. Номдзыд аива- 67
ды кусæг цас дæсныдæр æмæ кадджындæр уа’, уыйас ыл бæрзонддæр хæс æвæрд ис йæ кæстæрты раз, йæ театры раз, йæ адæ- мы раз. Нæ театры та, дæхæдæг зоныс, бирæ ак- тертæ ис. Æмæ уый стыр цины хъуыддаг у. Уæлдай æхсызгондæр та уый у, æмæ театры хистæртæ, йæ астæуккаг фæлтæр æмæ сæ кæстæртæ диссаджы хорз кæй сфидыдтой иумæ æмæ сæ ныхас æнгом кæй бады. Уый та æвдисæн у — кæрæдзиуыл æууæндгæйæ, кæрæдзи хъахъхъæнгæйæ, кæ- рæдзийæн аргъ кæнгæйæ, сæ къухы кæй бафтдзæн бирæ ног æмæ ног æнтыстдзи- нæдтæ. Режиссер канд спектакларазæг нæу, фæлæ театры бирæ къабæзтæй кол- лектив аразæг, уыдон кæрæдзийыл бæттæг. Уый къухы сты — фыссæджы уацмыс, ак- терты коллектив, нывгæнæг, композитор, декорацигæнджытæ, хуыйджытæ æмæ ин- нæ цехты кусджытæ. Уый хъуамæ баиу Сæ куыст сын куы райсæм, уæд сæ мæ зæрдæ тынг барухси. Ома сæ куыстытæ бынтон æнæаипп уыдысты, зæгъгæ, ,нæ зæгъын. Уый цæстмæ ныхас уаид, фæлæ сæ алчи дæр йæ бынаты кæй уыд æмæ йæхи бæ- хыл кæй батти, уый дызæрдыггаг нæу, æмæ уый та, дæхæдæг зоныс, хъуыддагæн йæ астæуккаг цæджындз у. Иæ фидар уæраг æфсургъ æмæ йыл дæсны къухæй цы уаргъ бавæрай, уый бынатмæ кæй хæццæ кæнынц, уый дæр фидарæй зæгъæн ис. Куыд дæ бамбæрстон, афтæмæй сæ фыц- цаг спектакль «Чермен» кæй уыди, уый зоныс æмæ мæ уымæн фæрсыс: «Цымæ раст бакодтой, Чермен кæй сæвæрдтой, уы- мæй?» Мæнмæ гæсгæ, раст. Цæмæн? Уымæн æмæ, дæхæдæг зоныс, — фæлваргæ чи кæны, уæлахиз дæр уый вæййы. Мах дæр демæ кæддæриддæр фæлварæджы фарс уыдыс- тæм. Æмæ сын фæлварæн фесгуыхт. Уый рабæрæг кодта, аргъ кæмæн нæй, ахæм стыр хъуыддаг — театр бафæлвæрдта Чер- мены ролы дыууæ æрыгон актеры. Æмæ нæ уыдон баууæндын кодтой — Чермен æмæ уый хуызæн адæймæгты фæлгонцтæ саразыны хъару сæм кæй ис, ууыл. Æмæ æрмæст, гъе уый æгъгъæд у, театр «Чер- меныл» кæй бакуыста, уый растыл баны- майынæн. Нырма кæд Къадзты Филипп æмæ Дзæ- гъиаты Джумберы куыстыты бирæ рæдыд- тытæ æмæ хъуагдзинæдтæ ис (уыдон тых- хæй фæстæдæр), уæддæр мах баууæндын кодтой сæ ч арæхстдзинæдтыл. Нырма уал иу хохь* сæрмæ схызтысты, фæлæ ма уый фæстæ ноджы бæрзонддæр хæхтæ • кæй ис, уый сæ рох кæнын нæ хъæуы. Нæ, нæ! Ма тæрс, мæ иузæрдион хæлар, æз былдауæн ныхæстæ нæ зонын. Цæмæн хъæуы æнæбындур æппæлд? Уый рæзыны хос нæу. Фæлтау зæгъ æцæгдзинад: Ма> нæ дын, гъе, уый дæ дæргъ, мæнæ уый та— Дæ уæрх. Зон æй! Афтæмæй хуыздæрæй- хуыздæрмæ тырн!» кæна утæппæт адæмы фæллой æмæ дзы са- раза йæхи аив уацмыс — спектакль. Режиссер хъуамæ арæхса алы актеры æлхынцъ райхалынмæ дæр. Вæййы афтæ дæр, æмæ актер йæ куыстмæ æрбацæуы мæстджынæй. Адæймаг æдзух хъæлдзæг кæм вæййы. Режиссер хъуамæ алкæй дæр æрлæгъз кæна, баузæла, куыстхъом сæ скæ- на. Цыбыр дзырдæй, уый дзуапп дæтты • се ’ппæты тыххæй дæр. Сæйрагдæр та хъуамæ фæразонæй хъусын зона актертæм. Дæ ныхас мæ нæ рох кæны. «Алы пьесæ дæр æхгæд, гуыдырæй уæлдай нæу. Æмæ йын хъуамæ режиссер йæ дæгъæл ссара, алы гуыдырæн дæр — йæхи дæгъæл». Мæнæн, кæд мæ къухы бафта, не ’рыгон режиссертæ уыцы гуыдыртæ куыд гом: кæ- • нынц, уый равзарын, уæд дæм æй ныффыс- дзынæн. Актертæ дæр мæ рох нæ уыдзысты, уы- мæн æмæ бирæ хъуыдытыл æфтауынц теа- трмæкæсджыты. «Чермен» та, æз куыд бамбæрстон, аф- тæмæй тынг зынтæй райгуырди, (кæд рай- гуырд, уæд). Фыццаджыдæр, æвæццæгæн, уымæн æмæ коллектив се ’ппæт æмвæнд нæ уыдысты. Чизоны сæм æрыгоц режис- серы фарсмæ æрбалæууыны хъару нæ ра- зынди. Режиссеры бон дæр нæ баци йæ зонд йæ зæрдæйы цæхæрæй коллективы зæрдæтæ бахъарм кæнын... Чизоны, æз рæ- дийын, фæлæ, кæд уый æцæг афтæ уыди* уæд æргом зæгъын хъæуы, сæ иуæн дæр æмæ се ’ннæмæн дæр раппæлинаг хъуыддаг нæу. Режиссер спектакль аразынмæ куы бав- налы, уæд йæ фыццаг къахдзæф — ролтæ байуарын... Уымæй бæрæг вæййы, цавæр фæндагыл ацæуынмæ хъавы æмæ пьесæ- йы фæлгæнцтæ куыд ныв кæндзæн, уый. Махмæ афтæ кæсы æмæ уыцы фыццаг къахдзæф раст акодта Харебайы фырт. Раст фæндагыл ныллæуыд. Актертæ се ’ппæт дæр сæ бынæтты сты. Дакко — Таугазты Гав- рил æмæ Зæгъойты Руслан, Бестъол — Цæбитьт Руслан æм,æ Джыгкайты Иван, Чермен — Къадзты Филипп æмæ Дзæгъи- аты Джумбер, Нана — Гасситы Рая, стæй иннæтæ дæр афтæ. Иууылдæр сæ джип- пыты абадтысты. Режиссер хъуамæ авторы драмон уацмы- сы бындурыл самайа йæхи галуан, йæ хъуы- дыйы хъуамæ сног кæна, цы хохмæ схи- зынмæ хъавы, уыцы егъау къæдзæх æмæ йæм спектаклы архайджытимæ, «Чепена» кафджытау, уæхски-уæхск, кæрæдзимæ æн- гом лæугæйæ, къахдзæф къахдзæфы фæ- дыл схизой сæ нысаны бæрзæндмæ. Æм,æ уыцы «Чепенайы» амонæг та ре- жиссер у, фæлæ уымæн йæ зæрдыл зар- ды хæрзхъæддзинад фылдæр хатт аразгæ вæййы йæ хъырнджытæй, ома «Ой, Чепе- на!»г—хъæргæнджытæй. У,ыдонæй ал)чи. дæр йæхи ’рдæм’ куы иваза зард, уæд дзы цы рауайдзæн, уый дæхæдæг зоныс. Хорзæй ницы. Чермен у социалон трагеди æмæ арф хъуыдыгонд у йæ алы ныхас дæр. Фыц- КÆЙ АХХОСÆЙ? ДЫККАГ ФЫСТÆГ 68
цаг авторы къухæй рацыд, афтæмæй, стæй та йыл Цæгат Ирыстоны театримæ ба- куыстой. Трагеди карст-барстæй хуыд æрцыд æнгом æлвæст сынкæй. Уымæ гæс- гæ дзы исты аппарын, кæнæ йæм исты баф- тауын, тынг зын æмæ бæрнон хъуыддаг у. Æргом зæгъгæйæ та — бырынцъаг фæндаг. Махмæ афтæ кæсы, æмæ ацы ран те- атр æнæ рæдыдæй нæ баззад. Фæлæ кæй аххосæй? Кæй къух батасыд ^Чермены-дом- бай къабæзтæ æрцыбыртæ кæнынмæ? Æп- пæрст æрцыд йæ дыккаг фембæлд сывæл- лæттимæ. Ацы ран та уæлдай тыхджын- дæр хъуысы: драмæйæн йæ- арф социалон темæ, аемæ Чермсн æнæ й,æ фидар, æнæ фæцудгæ арф зонд, йæ дзырдарæхстдзи- над æмæ йæ мæгуырты хурхылхæцджы- тæм цы æгъатыр æнæуынондзинад дары, уый. Спектакль нырма ныр райгуырд, зæ- гъынц, æмæ нæ зæрдæ дардзыстæм, р’ежи- ссер йæхимæ кæй ссардзæн, уыцы егъау рæдыдтытæ сраст кæныны хъару. Æппæрст æрцыд Чермен æмæ Дзандар æрдхæрдтæ кæм скодтой, уыцы ныв дæр Уыиадыл, канд Чермен ъæ баззад ’æды- лыиы бынаты, фæлæ Дзандар цы тугдзых бирæгъты къуымых хотых у, уыдон дæр хуыздæр ран æвæрд не ’рцыдысты æмæ чермены ныхмæ æрлæууыны аккаг знæг- тæн нал бæззынц. Æдылыты ныхмæфæн- ды хæц, фæнды ма! Дакко Чермены фе-' сафыны фæнд ■ кæм скодта, — хъуыды-ма Ныббар, мæ хæлар, мæ фæстаг фыстæ- джы дæм фыстон — «Иу аххосæй аххос нæй», зæгъгæ. Æмæ, æвæццæгæн, æцæр ахæм цау æрцыди мах театрыл дæр. Режиссер Харебайы фырт, сфæнд код- та Гришы трагеди «Чермен»-мæ гæсгæ йæ- хи театралон уацмыс саразын. Æмæ уый, чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг у. Уæдæ ма режиссеры спектаклы автор цæмæн хонынц. Фæлæ... æвæццæгæн, уыцы уæззау уаргъ ахæссын йæ бон нæма баци æрыгон ре- жиссерæн. (Ахæм бæллæх хатт фæлтæрд- джын режиссерыл дæр æрцæуы). Æмæ драмæйы тых цы диссаджы цæхæркалгæ бирæ уырынгтæй æрттывта, уыдонæй æнæ- хай фæкодта йе спектакль. Зæгъæм: Чермены фыццаг фæзынд сы- вæллæттимæ, уый нымад æрцыд, чи ни- цæмæн хъæуы, ахæм æнæсæрфат хъазтыл. Æцæгдзинадæй та уый æвдисы, Черменæц йæ сыгъдæг сабион зæрдæ æмæ цы адæ- мы астæу равзæрд, уыдонимæ арф уидæг- тæй баст кæй у, уый. Уый йæ, сау æмæ урс кæрæдзийæ куыд хицæн кæнынц, афтæ хицæн кæны, уæлбы- лæй йæм бынмæ чи кæсы, уыцы хъал æл- дæрттæй. Спектаклы хъазынц театрдзауты уар- зон, номдзыд актертæ. Ирон сценæйы зын- гæдæр кусджытæ æмæ уыдоны бон уыди театры дæр æмæ режиссеры дæр уыцы рæдыд къахдзæфæй бахизын. Фæлæ уыдон бон дæр нæ баци. Цæуылнæ? Ацы фарстæн ис цалдæр дзуаппы: «кæ- нæ æвÆрæг режиссер æгоммæгæсæй йæхи кæныс, — уым стыр хъуырдухæнтæ уыдис, фæлæ ма дзы ацы спектаклы фæуагътой æрмæстæр Дзандармæ ’басидт æмæ «Чер- менимæ»... — зæгъгæ, куыддæр Дакко йæ дзых фегом кодта, афтæ йын Дзандар ацахста йæ ныхас — «æрдхæрдтæ стæм!»— зæгъгæ. Гъе, уый æгъгъæд уыди Даккойæн, Чер- мены амарын ын йæ бæрн цæмæй бакод- таид, уымæн:- «Гъемæ та хорз! Кæсæгмæ йæ асай»... æмæ арфтæ дарддæр. Ахæм ур’: æндахы халæй рæхсад æрцыд уыцы фыдæ- боны æрдхорддзинад. Уый дæр спектаклы пайдайæн нæу. Спек- таклы никуыцæйуал разынд, адæмæн Чер- мен зæхх куы байуæрста, уæд ыл куыд æнæкæрон цин кодтой æмæ йæм фæлда- хынмæ куыд зæрдиагæй бавнæлдтой, уый дæр. Уыдон дын, Чермен æнæхай кæмæй фæ- ци, уыцы егъау кæрдихтæй цалдæр. Фæ- лæ уыцы бæллæхтæй (афтæ сæ схо- нæм), канд режиссеры аххос уыдысты, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд бынтон раст нæ уыдзыстæм. Чизоны, иу аххосæй аххос нæй æмæ йæ бæлвырддæр равзарын хъæуы. Кæннод ахæм хъуыддаджы рæдыд æруадзын дæр театрæн йæхи рæдыдæй къаддæр зиан не ’рхæсдзæн. Мах та демæ уый нæ фæнды. Стæй сæрмæхæссинаг дæр нæу... Æмæ йæм æркæсæм ноджы зæрдиагдæрæй. фæнд атардта æмæ никæмæ байхъуыста, кæнæ цы сфæнд кодта. уый равдисын йæ къухы нæ бафтыд — нæ йæм сарæхсти. Нæ бафтыд уымæн, æмæ йæм нæ бай- хъуыстой, — хъуымыздзых сабийы зондыл ныллæууын сæ сæрмæ не ’рхастой» æмæ дын йе уый сæ «фесгуыхт». Гъе, уыдон та иумæ райсгæйæ — сæрмæ хæссинаг чи нæу æмæ коллективы куыс- тæн цæлхдуртæ рахонæн кæмæн ис, ахæм æнæрхъуыды митæ. Хорз! Уый афтæ фæуæд! Нæ бамбæрстой кæрæдзи кæнæ сæ цæмæндæр нæ бафæн- дыд, фæлæ актертæ та? Актеры дæр автор куы хонæм, йæ ролы -автор, уæд!.. Цæмæн у сæ хъазт, цигайнаг бæхау, хъу- лæттæ? ’ Ау, Таугазты Гаврил æмæ Зæгъойты Руслан куы ныккастысты Даккойы ролæн йæ арф бындурмæ æмæ йын йе ’мбыд уидæгтæ куы сæргом кодтой, сæ алы ны- хасæй дæр театрдзауты зæрдæтæ куы ба- ризын кæнынц. Канд авторы ныхæстæй нæ, фæлæ ма йæм сæхи абоны цæстæй дæр куы ’ркастысты æмæ йæ куы фæхъæздыг- дæр кодтой. Иннæ ахæм Чермены мад — Гасситы Раисæ! Уый куынæ фæзивæг кодта рыст ныййарæджы сагъæстæ бамбарынмæ. Куы йын ныккаст йæ зæрдæйы арф æвæрæн- тæм, куыйын бамбæрста, йæ цард кæуыл лæууы, уыцы , иунæг зæрдæдарæн йæ фырт Чермен кæй у, уый æмæ йын йæ уд нывондæн куы хæссы. (Æз ныртæккæ йæ куысты цы лыстæг’æнæрхъуыды рæдыдты- тæ ис, уыдон кой нæ кæнын). Мæн, те- ИУ АХХОСÆЙ АХХОС НÆЙ ÆРТЫККАГ ФЫСТÆГ 69
атрдзауы, ,æндавы йæ сæйраг хъуыды, йæ куысты астæумагъз. Ау, æмæ^ ацы æртæ артистæй иннæтæ цауддæр сты? Зæгъæм, Цæбиты Руслан кæнæ Джыгкайты Иван æнæарæхстдæр сты? Кæнæ сæм сæ роль — Бестолы зæрдæйы уаг, йæ зонд, йæ удхартæ бамбарын æмæ уыдон театрдзаутæм фæхæццæ кæнын фаг хъару нæй? Æви, Бестол — Чермены фыд, уæззау сагъæс æмæ фыдæлтыккон æгъ- дæутты ’хсæн кæй ныцъцъист, уый бам- барын нæу сæ бон? Æз хорз зонын уыцы дыууæ зондджын актеры тых. Æмæ мæ уырны уыдон зæрдæйæ куы бакуыстаиккой сæ ролыл, уæд абон мах, нæ цонглыггæнæ- гау, уыдоны хъæнтæ дзурын нæ бахъæ- УИД. Ацы дыууæ актеры куыстмæ цы фаутæ æрхæссæн ис, уыдонæн сæ тæккæ егъау- дæр у — фыды уæззау зæрдæйы рыст кæй нæ раргом кодтой, уый’ мидæг. Уыдон сæ ныхæстæ адзурыныл афтæ тагъд кæнынц æмæ сæ хъуыдытæ, сæ зæрдæйы арф са- гъæстæ, ныхæсты нал баййафынц æмæ та сæ ныхæстæ, хус гилдзыты гæрæхтау, акъæр-къæр кæнынц, — царды та афтæ у — фæзыны хъуыды, зæрдæйы сæвзæры, йæ бон бауромын кæй нал вæййы, ахæм сагъæс, лæг сæ цы ныхæстæй зæгъа, уы- дон ссары, ныртæккæ, театрдзауты цæс- ты раз, стæй, æппынфæстаг, куы срæгъæд вæййынц, уæд сæ бадзуры. Зæгъæм, лæг й,æ рон дуртæй куы байдзаг кæна, уæд цы фехса, уый йæм ис, куы ницы дзы нывж- ра, уæд йæ къухтæ цыфæнды тылд куы кæна, уæддæр дзы ннкæй зæрдæ бан- къусын кæндзæн. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та — де ’мбыцæугæнæджы ныхасмæ бай- хъус, бамбар æй, дæхимидæг æй сфыц, стæй йын дзуапп ратт. Царды афтæ у — райс — ратт, райс — ратт. Ацы лæппутæ та æрмæстдæр дæтгæ кæнынц, исг,æ та—ннньт Бестолæн хистæрты раз йæ фырты кой кæнын зын у, нæ йын æмбæлы, фæлæ йын йæ маст йæ хъуырмæ схæццæ кодтой æмæ сæм, кæйдæр загъдау, баст хæрæг дæр нал фæлæудзæн: — Æз иннæтæн ницы зонын, Дакко! Фæл,æ Чермен куы никæйы сæрмæ хизы. Куы никæйы зæрдæхудты уæ цæуы!.. Стæй . бынтон æндæр — æргом ныхас: æнд.æр ныхасы уаг: — Сæрæн гуыод у, æх- сархъуаг нæу, нæ зондцух (Æмæ та бынтон æндæр хуызьт) — Æццæй, Хадзьт, дæумæ та куыд кæсы — æмæ афтæ дард- дæр. Акæса, фæрсаг лæг — Хадзыйæн æл- дæртты астæу се ’мрæнхъ бадæн нæй. Бес- толæн — хистæрты уæлейæ æрбадын, ам та уыцы бæлвырд æгъдау дæр хæлд у. Бес- тол æнхъæлмæ кæсы Черменмæ. Йæ цæст æм дары, фæлæ Чермен йæ фыдмæ суа- йыны бæсты кæдæмдæр фæцæуы. Æнхъæл- мæ кæсæн нал ис! Фыд йæхи нал баурæдта! — Лæппу*. (Чермен ныллæууыд. Цы йын зæгъа? Цæмæй райдайа? Æрæджиау), — Мæнмæ цæуылнæ суадтæ?—Уыцы уæз- зау, удхары фембæлд апы спсктаклы уæлæн- гæйтты агæпп ласта. Нæ дзы разындыс- ты фыды зæрдæйы хъуырдухæнтæ. Фаг æргом не ’рцыди Бестол æмæ Хъа- сайы фембæлд дæр. Хъасаи — «цæмæн, цæ- мæн у мæнæй лæгдæр?» Бестол. — «Бынхор кæй нæу дæуау, гъе уымæн». Хъасай. «Черменæн уадзыс дæ бынтæ?» Бестол. «Бынтæ зæгъыс? Мæ бынтæм хъавыс ды?х» — загъта хистæр æмæ йьтл ба- худæгау кодта, стæй æлгъгæнгæйæ... «Æмæ дæхи фыдæн, сынкъау, куы разадтæ йæ бæрзæйыл»... Æмæ афтæ дарддæр. Стæй йæм куыд не ’мбæлы, афтæ æбуалгъ дзы- хæй сдзырдта фæстæмæ йæ кæстæр. Æмæ’ лæгæн йæ цæстыты туг абадти, йæ дуне йыл рафæлдæхт, зæхх ныххауди йæ къæх- ты бын. «Мæлæт!» — «Маргæ». Хотыхмæ фæлæбурдта! Фæлæ домбай лæг, — йæхи бауромын бафæрæзта æмæ... йæ масты хурхыл ныххæцыд. Стæй æппынæрæджи- ау æрæмбæрста йæхи: «Уæдæ мæ коммæ нал кæсы Эмм.æ, цыдæр хæрæ мигъ ныб- бадт не ’хсæн». Иæ сæр фæйнæрдæм то- ны, йæ зæрдæ ризы, нал цæуы... цы ма акæ- на?» «И,æ мад æй кæд æркæнид сабыр». Фæлæ та йын мад дæр .йæ азым йæ цæс- тытыл бакодта æмæ та ацы ныв дæр, уыйразмæйы фембæлдау, уæлæнгæйт}гЫ} ацыд. Иннæахæм — «Кæдæм, лæппу? Мæ- нæн мæрдтæм фæхæстæгдæр мæ фæндаг... Кæмæн ма мæ уадзыс, саухъæды сынтау, æнæныгæдæй?» æмæ афт/æ дарддæр. Уый цæй диссаджы зынтæй ласы алы ныхас дæр йæ риуæй: «Худинаг!» — хъуы- ды кæны.—«худинаг» æмæ æрдиаг!» Цæмæ- ты æрхаудта! Æмæ та йыл ам дæр хох рафæлдæхт! Састы бынаты та баззад. Сæ- рыстыр лæг, Тæгиаты разагъды гуыппыр- сарты раздзогæн йæ мæсыг ныккалди æмæ йæ йæ быны æрцъист кæны. Фæлæ сын сæ хуымтыл адæм куы фæхæлæф кодтой, уæд ма йæм фæдисы ацæуыны хъару ра- зынд: «Циу уый, лæппу, цæмæн фæлда- хынц ^ адæм кæйдæр зæххытæ, дæ фæндо- нæй?» «Уый канд мæ фæнд нæу!.. Зæхх хъуамæ чи йыл кусы, уыдоны уа|» «Æмæ æз та, мæхи хуым дæр мын куы фæлда- хыс», «Æви дæхиуыл нал нымайыс мæн?» — Чермен нæ сæтты. — «Уынын, лæппу, куыд дард ацыдтæ, уый æмæ»... (æрæджи- ау тынг зæрдиагæй). «Тæрсын, стьтр бæллæх куы æрцæуа!..» «Гъемæ дзы хъахъхъæн дæ сæр!» — зæгъгæ, йæ уæззау ныхæсты бын фæкодта лæппу æмæ ацыд. Фыд æрв- дзæфы хуызæнæй баззад. Цæйбæрц маст æмæ сагъæс ныццæнди йæ риуы! «Зæхх аскъуыд не ’хсæн!».. — бынтон æрæджиау йæ^ хъуыды, хъæрзæгау, райхъуыст йæ уды хъарæгау. «Цы кæ- нон?.. Мæ фæндаг фæсаджил ис... Кæ- цырдæм ыл ацæуон?..» — Цыма æгас зæх- хы къори иæ бæрзæйыл æрæнцад æмæ йæ цы фæкæна, кæм æй æруадза, уый нæ ары... афтæмæй йæ бирæ фæрахæсс-бахæсс кодта, цалынмæ йæ быны ныддыдæгътæ ис, уæдмæ. Стæй над куыдзы хуызæн йæ фырты фæдыл арасти. Æрмæст, гъе, уыцы иунæг гæбазы йед- дæмæ куыннæ уаид Бестолы роль, уæд- дæр актерæн стыр амонд у, гъе, уыцы уæз- зау зæрдæйыуаг æмæ хъуырдухæнтæ рав- дисын æмæ уымæн режиссеры æххуыс дæр уыйбæрц нæ хъæуы. Уæддайдæр та ахæм фæлтæрд актертæн. Нæ, мæ буц хæлар! Цыдæр, зын бам- барæн у, цыдæр æрцыди ацы курдиатджьш актерыл! 70
Иу рæдыд ма сæм раиртæстон ,æмæ йæ æндæр искæмæй куы фехъусай, уæд та мæ хъаст кæндзынæ: Æмæ дæм æй фыссын: хъуыды-ма кæныс, Бестол хуымы йе ’хсаргард куы фелвæста — уæййаг Са- дулмæ, «куыдз, дæ хуызæн цагъайраг- мæ мæ кард никуы сластаин, фæлæ мын хуыздæргæнæн нал ис!» — зæгъгæ, йæ куы ’рцæйдаудта, уæд Чермен йæ чъылдыммæ куы февзæрд æмæ фыды æхсаргард уы- цыиу риуыгъдæй йæ къæхты бын куы абадын кодта. «Сис дæ кард!», «Фæлтау— мæлæт! Мæнæн уыд иу кард... Уый уыд мæ фырт... Æмæ мæ ныхмæ сыстад»... — Уыдон комкоммæ нæ дæр йæ фыртæн дзуры нæ дæр Садулæн. Уый ныртæккæ йæ цард сæрæй бынмæ сбарста. Æмæ кæрон скодта йæ цардæн: «æххæст ма мын ингæн дæр скъах, лæп- пу, дæхи къухæй мыл бакал сыджыт дæр...» — æмæ абонæй фæстæмæ йæ астæ- уыл æхсаргард нал бабæтдзæн! Ма мæ сфæлмæц, мæ буц хæлар! Дæхæ- дæг мæ баивтыгътай — не ’фсымæрты куыст- мæ æцæг хионы цæстæй æркæс æмæ мæм æргом, æнæгæдыйæ, ныффысс сæ алы къах- дзæф дæр — хорзæй, фыдæй. Æмæ, кæйдæр загъдау, фыдæй хуыцау бахизæд, фæлæ зæрдиагæй æркæсын мæ хæс у æмæ дæм æй фыссын. Кæй кой дын ракодтон, уыдонæй фæстæмæ театры ра- хъомыл тынг суинаг фæсивæд. Гъе уый дын — цины хос. Къадзты Филипп æмæ дын Дзæгъиаты Джумберы кой кодтон — уыцы дыууæ суинаг актеры алцæмæй дæр æххæст сты: асæй, кондæй, уындæй, хъæ- лæсы тыхæй, фæлæ сæм нырма ис иу аипп — хатгай тагъд-тагъд дзурыныл фæвæййынц æмæ сæ, цы зæгъынмæ фæхъавынц, уый æрбайрох вæййы. (Æниу ацы бафиппайнаг канд уыдонмæ нæ хауы. Уыцы низæй сæ- йынц, иу дыууæйæ фæстæмæ театры кус- джытæ се ’ппæт дæр). Уый стыр хъуаг- дзинад у æмæ йæм хъус æрдарын хъæ- уы. Сæ фылдæрæн ис зарынмæ’’тыхджын хъæлæс. Зарæгæн та, кæддæриддæр, уæл- дай тынгдæр нæрынц йæ хъæлæсон мыр- тæ, фæлæ ныхас уыдонæй аразгæ нæу. Хъæлæсонтæ æрмæстдæр ныхасы хъæд тыхджын кæнынц. Ныхасæн йæхи та ара- зынц æрдæгхъæлæсонтæ æмæ актер хъуа- мæ уыдонæй алкæйы дæр фидарæй дзура. Стæй ма иу аипп — сценæйы дзурын хъæуы хъуыдытæ! Ныхæстæ нæ, фæлæ. Царды куыд дзурæм, афтæ. Актер .сце- нæйы куы фæдзуры, уæд йæ ныхæстæ æнæ- кæсгæйæ кæй фæзоны, уый хъуамæ театр- дзау ма ’мбара. Иæ ныхæстæ хъуамæ, ныр- тæккæ, адæмы цæсты раз гуыпой йæ сæп, йæ аæрдæйы. Сæ райгуырды æфсон та вæй- йынц, кæимæ ныхас кæна, уый ныхæстæ. Ома хъусын хъæуы де ’мбыцæугæнæджы ныхæстæ, бамбарын! Æмæ дæм куы ба- хъарой, уæд дæм сæвзæрдзæн аккаг дзуапп. Дыккаг хатт дæм æй ’уымæн фыссын, æмæ нæ актертæй уыцы цапды закъон дæр арæх æрбайрох вæййы. (Æниу уыцы низ Цæгаты театрæй дæр бирæтæм ис). Нæ, нæ, мæ хæлар, рæдигæ нæ фæкодтон, æхсаргарды бæсты хъамайæ хæцы... О, о, æмæ та гæдыйы бынаты баззад. Йæ хъа- ма тынг дзæбæх нытътъыста йæ кæрддзæ- мы. Нæу уый дæр баууæндинаг, — хæх- хон лæгæн йæ ард бахæрд фехалын йæ мæлæтæй тыхджындæр уыди. Бестол та æнæуый дæр иувæрсыг æвдыст æрцыд. Суанг ма йын, Тæгиаты раздзог кæй уыд стæры, уыцы удыхъæд дæр систой. Æп- пæрст æрцыд Арвыкомæй кæм æрбаздæх- тысты, уыцы ныв дæр. Æмæ та Бестолы цалх иу дæндагхъуаг- фæци. Ацы дыууæ курдиатджын актеры куыст, афтæ лыстæгæй уымæн луарын, æвзарын æмæ уыдон хъуагдзинæдтæ, уыдон рæдыд театрæн йе ’ппæт куысты зынгæдæр цæлх- дуртæн сæ сæйрагдæртæй сты. Уыцы уæ- лæнгæйтты хъазт æмæ талф-тулфæй канд Чермен нæ сæйы. Уыцы фаутæ иннæ спек- таклтæм дæр хауынц, — кæмæ — къаддæр,, кæмæ — фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы куысты уагæвæрæг у режиссер. Уый хъуамæ уына алы актерæн дæр йæ рæдыд æмæ йæ раст кæна. Æргом зæгъгæйæ, нæ актертæ се ’ппæт нæ уарзынц, сæ рæд’ыд сын куы раст кæнай, уый. Фæлæ йын æнæкæнгæ нæй. Уый дæр театры закъон у. | Дыууæ ныхасы Азауы тыххæй. Ацы роль хъазынц дыууæ курдиатджын актри- сæйы. Уыдбнæй иу у Гуырдзыстоны лени- нон фæскомцæдисы, премийы лауреат Бы- центы Циснари. Уымæн йæ Азау у цæхæр- зæрдæ, ныфсхаст адæймаг, йæхи æфхæр- ды ран чи нæ ныууадздзæн, ахæм.æнæ- рцæф чызг. Иæ алы фæзылд, йæ зæрдæйы арф сагъæсты лыстæг фæзилæнты змæлд дæр хъарынц кæсæг адæмы зæрдæтæм. Æмæ йыл æууæндынц. Цыбырдзырдæй, цы кæны, уый зæрдæиæ. Цы аипп æрхæссæн æм ис, уый — æгæр комкоммæ ныхас кæны райдианы Чермен- мæ. Цæстæй цæстмæ уый рæдыд у. Режис- серы рæдыд. Архайд кæм æмæ цавæр ду- джы цыди,' уый зонын хъæуы. Дыккаг — Азау — Куымæридтаты Маринæ —уый Азау та у фæлмæндæр, йæ дуджы чызджытæм хæстæгдæр, ирондæр æмæ уымæй рухс кæ- ны театрдзауты зæрдæ. Маринæ ноджы кæстæ’р фæлтæрæй у, фæлæ ныридæгæн дæр бæрæг у, егъау фидæн æм кæй æн- хъæлмæ кæсы, уый. Уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ фæсивæды хуызæн, — зæрдиаг, æвæлмæцгæ куы куса йæ дæсны- дзинад фæуæлдæр кæныныл, уæд. Бафип- паинаг у, уый дæр, Циснарийыл цы рæдыд æрцыд, уымæй кæй нæ фервæзти, уый. Спектаклы архайынц æрыгон актерты къорд: Хъасай — Туаты Вячеслав, Садул —- Кокойты Мэлс, Дзиу — Уанеты Æхсар. Ацы фæссивæд се ’ппæт дæр архайынц, сæ удæй арт цæгъдынц; сæ бон цы У» Уы_ мæй. Хатт, цас хъæуы, уымæй бирæ фыл- дæр ’тых сафынц, фæкæсынхъуагæй: Цы- быр дзырдæй; сыгъдæг суадоны уылæн- тау алæрдæм ивылынц æм-æ сæ хъæуы АКТЕРÆМÆЙЕ ХХУЫСГÆНДЖЫТÆ ЦЫППÆРÆМ ФЫСТÆГ 71
фидар къухæй иу куыройы нукмæ сара- ,зын. Сæхи куыд æрæмбарой æмæ сæ хъа- ру,' сæ курдиаты æмбæрц бæрнон куысты куыд бацæуой, афтæ. Æргом сын куы зæ- гъæм, уæд се ’ппæт дæр хъуамæ арф ныхъхъуыды кæной сæ ныхасыл. Кæй зæ- гъын æй хъæуы, ныхас æппæты домбай- дæр хотых кæй у актеры куысты æмæ йын аргъ кæнын хъæуы. Алы ныхасы дæр уæз цæмæй ~уа, демкусæджы зæрдæмæ куыд хъара, уымæ тырнын хъæуы. Аслам аргъыл сафæн сын нæй. Гъе уый у, рохгæнæн кæ- мæн нæй, ахæм фæдзæхст. Сæрмагондæй зæгъын хъæуы Цхуырба- ты, Барис, Джеллыты Андрей, Тедеты Алихан, Цоциты Къæдзæхмæт æмæ Гæбæ- раты Дауыты тыххæй. Уыдонæн сæ иу ныхас дæр нæ сæфы. Æмæ бафæзминаг сты уыцы хъуыддагæй. Раст зæгъын хъæ- уы, Тедейы фырт, Дзандары роль хъаз- гæйæ, иуæй-иу рæтты æгæр сцæхæр вæй- йы æмæ йæхиуыл гадзрахатæй рацæуы æмæ йæм фау æрхауы театрдзаутæй —«цы загъта, цы?» — зæгъгæ, кæрæдзи фæрсын- мæ фæвæййынц. Уыцы фау æрхæссæн ис Хаситы Вильгельммæ дæр, кæд йæ хъазт адæмы зæрдæмæ хорз хъары, уæддæр. Цæй, æгъгъæд фæуæд, актертæ æмæ ре- жиссерты тыххæй, кæннод та мæм фау æр- хæсдзынæ, — иннæ цехтæ дæ ферох сты, зæгъгæ. Уыдон кæд сæхæдæг театрдзау- ты размæ нæ рацæуынц, уæддæр адæмыл фыццаджыдæр уыдон сæмбæлынц, спек- таклы паспорт æм уыдон равдисынц. Æмæ... Хъыгаг у, фæлæ сæхицæй цæмæй раппæ- лой, ахæмæй сæм ницы ис. Райсæм уæ- лæдарæс. Нæ дæ бауырндзæн кæцæй — къах, кæцæй — къух. —- Мæгуыр Чермен, дæцы дуджы царди, цавæр адæмы хаттæй уы- ди, Тæгиатæ дзы кæцытæ сты, «сау ца- гъартæ» дзы кæй хонынц, уыдон цæмæй хицæн кæнынц, уый равзарæн нæй сæ да- рæсмæ гæсгæ. Чермен, йæ сæдæ зæбулы иу æндахыл кæмæн хæцынц, уыцы æф- хæрд адæймаг, спектаклы райдианмæ ’ввахс æмбисонды сырхбын морæ цухъхъа- йы æрбалæууы, йæ астиуыл æмæхгæд æв- зист хъама æмæ ронбастай. Кæцæй? Кæй зондæй у уый? Цалынмæ йын адæм æр- бахæссынц йæ фæлыст, уæдмæ йæ кусæн дзаума куы никуы раласы, иннæ ахæм йæ сæрак дзабыртæ æмæ зæнгæйттæ. Уыдон та йæ фыццаг фæзындæй йæ царды хæронмæ дæр йæ уæлæ дары. Цухъхъа хъуамæ скæна йæ чындзæхсæвы бон æмæ йæ мæлæты балцы, æндæр ни- куы. Стæй канд’уый нæ, иннæтæ дæр, гъе, уыцы ; итувæрдæй цæуынц. Бестол йæ хæ- дзары дæр, уынджы дæр æмæ балцы дæр йæ цухъхъа никуы раласта. Йæ хæдзары дæр цыма уазæгуаты вæййы. Хъуамæ-иу фæзына, кæм куырæты, кæм — ронбастæй. кæм.— æнæхудæй. Бынтон кæуинаг та мæ- гуыртæ сты — æвзист рон æмæ æмæхгæд "хъаматы. - Сæ фылдæрæн сæ къæхтыл — • æрттиваг сæрак къахыдзаума! Цæмæн? фæлтау сæ, зæгъын, бæгъæмвæдтæй рауа- дзут! Кæнæ сæ исты хæррæгъты стухут. Уыцы хъуыддаг хъæлæсмæвæринаг нæу. Уыцы хъуыддаджы ис — дыууæ хицауы — æвæрæг режиссер æмæ нывгæнæг! Уыдон хъуамæ лыг кæной алы архайæджы хъыс- мæт дæр,- Хъуыды ма кæнын, Хъайырът фырт-иу цыдæр фадæттæ ссардта, ныр та... Нæ, нæ! Æз разы нæ дæн — «нæй нæм! Мæгуыр стæм!» — зæгъгæ, кæм хъаст кæнынц режиссерт,æ æмæ иннæ кусджы- тæ, ууыл. Æз зонын, театр’ы фадæттæ. Æцæг сæвджын не сты сæ æвналæнтæ, фæ- лæ ныртæккæ ныхас цæуы, хи хъаруйæ са- разæн кæмæн ис, ахæм æдзæллæгдзинæд- г/ыл. Ацы хъуыддажы уæлдай бæрнондæр у нывгæнæг. Режиссеры фæстæ уый дзуапп дæтты спектаклы хæрзхъæддзинады тых- хæй. Баууæнд мыл, мæ буц хæлар, æз цы нывгæнджыты зонын Хуссары, уыдон ду- ры гуыбынæй сой схъарын кæндзысты. Æрмæст!.. Æрмæст сæхи куы батыхсын кæной, уæд. Уæд фосы фæлхæрттæй къа* феттæ скæндзысты, фæлæ... Ахъуыды-ма кæн, театр æндæр респуб- лиюæмæ рацыд гастролты æмæ театры сæйраг нывгæнæг семæ нæй!.. Цæугæ утГ æмæ, цы зонут, уый кæнут!» — Афтæ ахъуыды кодта, æвæццæгæн, театры сæй- раг нывгæнæг Цоциты Роланд. «Мæнæн мæ цæсгом нæ хъæцы ахæм худцнаджы де- корацитæ равдисын!» — æмæ, чизоны, раст у, уымæн цалдæр. сиектаклæй иу дæр равдисынмæ чи бæззы æмæ йæ деко- раци декораци схонæн кæмæн ис, ахæм иуæн дæр нæй. Уый циу? Сæ зæрдыл ма лæууы, 1955 азы дæр хъæздыгдæр нæ уы- дй театр. Фæлæ ахæм æдзæллагмæ никуы æруагъта йæхи. Æртиссæдзæм азты та мæ цæстытыл уайынц «Бæтæйы фырттæ» «Дыууæ чындзæхсæвы», «Мураты цуан», «Мæрдтæйдзæуæг». Уыдонæй сæ алкæ- мæндæр уыди йæхи аккаг декорацитæ, йæ- хи аккаг дарæс. Ныр та? Æрмæст сæ худ- тæ дæр фаг сты фæхудинагæн. Уæууа, гормæттæ, хуымæтæджы фысдзарм сса- рын дæр та уæларвæй стъалы æрхæссæ- гау у? Мæнмæ афтæ кæсы æмæ кæцы- фæнды хъæуы дæр ис" ссарæн «Чермены» мæгуыр адæмыл кæй скæнат, ахæм зæронд хæррæгътæ æмæ >ьш сæ лæвар дæр радт- дзыстЫ’. Æрмæст театры разамонджыты сæхи батыхсын кæнын хъæуы. Мах «Хист- хортæ» куы æвæрдтам уæд хæххон уæр- дон Ногирæй сластам. Æмæ дзы синсаст дæр ничи фæци, йæ кад дæр никæмæн фæдæлдæр. Хатыр мæ дæрзæг ныхасы тыххæй. Зын мын у нæ театр ахæм хуы- зы уынын. Тæригъæд кæнын, удуæлдай чи кусы, уыцы актертæн. Чизоны, искæмæ аив нæ фæкæсдзысты мæ комкоммæ ныхæстæ, фæлæ хуыздæр амал нæй. Иу хатт зæ- гъын хъæуы æргом æмæ кæд иучысыл уæд- дæр æркастæуаид курдиатджын актерты куысты фадæттæм. Коллективæн йæхицæй та курæг стæм— кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæуут, уæ зонд, уæ хъару лыстæг ницæуылты ма хардз кæнут! Баууæндут, уæхуыттæг кæ- рæдзи к)ы æмбарат æмæ уæ хъуыддæг- тæ æмзондæй куы лыг кæнат, уæд хæх- тæ дæр афæлдахдзыстут. Иу цæвиттон уын нæхицæй. Мах каст куы фестæм æмæ фыццаг спектаклтæ куы равдыстам респу- бликæйы, уæд нæ уæларвмæ систой. Газет- тæ дæр махæй æппæлыны куыст йеддæмæ ницыуал кодтой... Уый æхсызгон куыннæ т
уыд, фæлæ мах иубон æрæмбырд стæм æмæ загътам. «Фæдис, фесæфтыстæм»! Æмæ бауынаффæ кодтам, куыд нæ ахуыр кодтой, афтæ нæ кæрæдзийæн нæ рæдыд- тытæ æргом дзурæм, кæрæдзиуыл æууæн- дæм, кæрæдзи куыстæн аргъ кæнæм æмæ кæрæдзи хъахъхъæнæм! — зæгъгæ. Раст мæ бамбар, мæ хæлар. Уый æрæмысгæ ны- хас нæу, фæлæ царды æхсыст æцæгдзи- над! Коллектив æмуд куы уой æмæ сæ иу иннæмæй йæхи уæлдæр куынæ кæна, уæд сæ бон бирæ у. Фæлæ, кæйдæр загъ- дау, алчи дæр йæхи гуылы бын куы ’ндза- ра æмæ йæхи еддæмæ куы никæйы ныма- на, уæд размæ-фæстæмæ кæныны йед- дæмæ коллектив саразын сæ къухы нæ бафтдзæн. Театр та коллективон фæллой у. Сæ иугæнæг — режиссер. Уый канд спектаклæвæрæг нæу, фæлæ ма у ахуыр- гæнæг дæр, коллективаразæг. Æмæ ахæм режиссертæ та хуымы кæрæтты нæ за- йынц. Йæ хорз режиссеры дæр мах теат- рæн ничи радтдзæн. Иу æцæг режиссер дæр стыр горæт нæ ныууадздзæн æмæ махмæ не ’рцæудзæн. Нæхи ’хсæн хъуамæ рав- зæра, æмæ нæхи коллективы æхсырæй хъуамæ уа хаст. Мæ иузæрдион хæлар, Хадо, ацы фыс- тæг фæуынмæ хъавын мæ фыццаг фыс- тæджы сæйраг хъуыды чи уыди, фæлæ дыл рæдыдæй чи нæ сæмбæлди, уыцы ах- сджиаг хъуыдыйæ — режиссер хъуамæ райгуыра театры. Иæ ныййарæг та у кол- лектив, йе схъомылгæнæг æмæ ныййарæг мад, йæ уарЗон хъæбулыл куыд зæрдиагæй фæауды, афтæ йын æххуыс кæной йæ уæз- зау куысты. Хъуамæ йæм бæлвырд кæсой, æдзухдæр йæ фарсмæ уой, æмæ кæм цу- да, уым ын йæ лæмæгъдзинад йæ цæстмæ ма дарай (уый куыстæн пайда нæу), фæ- лæ-иу ноджы æнгомдæр æрбалæууой йе ’мбуар æмæ йæ рæдыдæй хизой. Хъуамæ йыл æууæндой, æххуыс ын кæной, — фыц- цаджыдæр алчи йæхи ролыл кусгæйæ. ^Ш^
ТЕДЕТЫ ГЕРАС ПОЭТЫ ПРОЗАИКОН ЧИНЫГ Козаты Исидоры ирон чиныгкæсæг зоны курдиатджын ноэтæй. Фæлæ фæстаг азты йе ’ргом аздæхга прозæйы жанрмæ дæр. «Фидиуæджы» фæрстыл ын фæзынд цал- дæр уацауы, радзырдтæ. Рауагъдад «Ирыс- тон»-ы та йын мыхуыры рацыд йæ прозаикон уацмысты фыццаг чиныг «Уæ- зæджы фарн». Прозæйы фадыджы дæр Исидор йæхи равдыста дæсны, фæлтæрд прозаикæй. Ис ын йæхи сæрмагонд фыссыны манерæ, йæ- хи стиль, йæхи æрмдзæф. Иæ прозаикон уацмысты æмбырдгонд «Уæзæджы фарн» байгом вæййы публицис- тон уацау «Къонайы стъæлфæнтæ»-йæ. Уац- мысы дзырдæуы, авторæн йæхи фыдæлты, йæхи хæдзарвæндаджы царды хъысмæты фæдыл. Козайы фырт лæмбынæг дзуры, йæ фы- ды къонайы «стъæлфæнтæй» алкæй цард- вæндагыл дæр, чи сæ куыд рахаста йæхи, кæмæн сæ цы бантыст, фыддон, фыддуджы’ ссæндæнтæй раирвæзгæйæ, сае «къонайы стъæлфæнтау», кæй кæдæм фæхастой царды уылæнтæ æмæ æндæр ахæм цаутыл. Авторы аивадон ’хъаруйы авналæнтæ æрмæст хи бинонты царды нывтæ афыссыныл нæ бан- цадысты. Уæд алцæмæй, дунейæ иппæрд, хицæнгонд разындаиккой йæ фæлгæнцтæ, йæ хæдзарвæндаг, йæ фыды къона. Цар- ды дйалектикæ та афтæ нæ амоны. Алы удгоймаг дæр, алы къона дæр иумиаг, стыр «къонайы» рæхысцæпæй иу хицæн цæг у. Иæхи фыды къонайы цардвæндаджы хъысмæт бæтты сыхбæсты, комбæсты, хъæу- бæсты, боныфæстагмаь æппæт адæмты цард- вæндаджы хъысмæтимæ. Афтæмæй уый хи- цæн, иунæг адæймæпы цардвæндаджы хъысмæты сисы бæрзонд æм,æ дзы филосо- фон-символикон хуызы аразы æппæт адæмты цардвæндаджы иумийаг, иумæгонд хъыс- мæты аивадон фæлгонц. Автор, стаей йæ хъайтартæ дæр~сæ фыдыуæзæг, сæ рай- гуырæн къуым æнувыд уарзтæй уарзынц. 'Фыдыуæзæг, фыды къонайы фарнæн Ко- зайы фырт цавæрдæр алæмæттаг тых дæт- ты. Æмæ уый æцæгдæр афтæ у. Фыдыуæ- зæг макуы хъуамæ бастъæла, макуы хъуа- мæ федзæрæг уа, æнæаскъуыйгæ дзы цард хъуамæ фыца, фæлтæр дзы фæлтæры хъуа- мæ ива, йæ байзæттаг, «къонайы стъæл- фæнтау», фæйнæрдæм ма хъуамæ «фес- тъæлфтытæ» кæной, фæлæ туг æмæ стæ- гæй, зæрдæйы тæгтæй баст хъуамæ уой сæ фыдыуæзæгимæ. Ног дуджы комулæф- ты домæнтæм гæсгæйæ йæ хуыз хъуамæ ива фыдыуæзæг (зæронд агъуыст ива но- гæй æ. а. д.), фæлæ фыды къонайы фарн. йæ уд, йæ зæрдæ та йæ фыццаг гаччы хъуамæ уа æрдхæрæны фыдæлтæ йæ куы- дæй радтой, афтæмæй. Автор уæддæр хъын- цъым кæны, йæ фыды уæзæг йæ къонайы зæронд хæдзар кæй цуды, ууыл: «хæдзар... цыдæр æнкъардгъуызæй кæсы, мæрдон фæ- лурс цæстæй. Цардæрттывд нал кæнынцйæ уазæгхон цæстытæ — йæ рудзгуытæ». Æмæ уый дæр хи фыдыуæзæджы къуындæг аи- вадон фæлгæтты æмбарын нæ хъæуы. Ирыс- тоны иумиаг «фыды уæзæг» — уый цуды, Ирыстоны хæхбæстæ æдзæрæг кæнынц, зын- вадат, æвæндаджы аххосæй: «хæдзары уæ- ныг куынæ гал кæна, уæд дзы цард нæй... Хъæубæстæ дæр афтæ у: фæсивæд дзы куынæ фидар кæна, уæд хаст у, уæдæ циу!» Фæлæ авторы, йæ хъайтарты дæр, сæ «хаст хъæуты» та ногæй цард кæй фыц- дзæн, уый ныфс сæ ис: «Табу хуыцауæн... Уæртæ фæсрагъаг Ханджер фæстæмæ æр- лыгъд. Дæлæ Гæбилæ, уæлæ Гаха дæр — афтæ. Фæндаг, мæ хур. фæндаг! Уый цар- ды дадзин у, царды! Кæд та йыл ныр хъæу- тæ ныххал уаиккой!» Уый зæронд Гæби Ручъы тъонел фæндагæй зæгъы, æвæццэг- гæн. Уымæ гæсгæйæ чиныджы автор йе ’фсымæры ног агъуысты, ног бынатыхи- цауы цытæн куывды, хъæлдзæг зардмæ хъусгæйæ, аразы философон-символикоь кæронбæттæн: «Уый зарыд ног цард, уый зарыд ног хæдзар». Куывды зарæг зæлы... Уый æцæг хуымæтæг куывды нозтджын адæмы зард миййаг нæуТ Уый фыдыуæ- зæджы — комбæсты — Ирыстоны — дунейы æнæаскъуыйгæ царды символ у, царды æнусондзинадмæ сиды. «Зарæг айтыгъта йæ базыртæ... Хъуысти цардмæ, æнæхъæн комбæстыл... Зарæг кæйонг хъ^ысы, фы- дæлты фарн кæйонгты айхъуыст, уыйонг». Иу чысыл фиппаинаг. Уацмысы стæм рæтты æмбæлæм фæлхаттгонд бынæттыл. Сидзæр æфсымæрты æвæрæз цардуавæр- тыл лыстæггай дзуры разæй, 48 — 49 фæр- стыл та ногæй фæлхатт кæны раст уыцы ныхæстæ: «...Хъæуы фос нын нæ бæрны бакодтой. Рад сарæзтам: райсомæй — Агуыбе, сихорæй — æз. Иннæтæ та — скъо- ламæ», æмæ ноджы афтæ дарддæр. Ахæм 74
чысыл дызгъуым бынæттæ æнцон аиуварс- гæнæн уыдысты æмæ зæфцыфыдæй фыд- уынд, дæлдзиныг кæнынц уацауы иумиаг аивадон фæлгонц. Автор йæ уацауы схуыдта публицистои уацау. Чизоны мæгуыраудæр нæ уыдаид «Бинонты царды, кæнæ фыдыуæзæджы хро- никæ», зæгъгæ, ахæм ном? Фыдыуæзæджы фарны хъысмæт, уый дис- саджы химæлвасгæ тыхы равдисыны фæ- дыл фыст у Козайы фырты радзырд «Уæ- зэсджы фарн». Фыдыуæзæгмæ æнувыд уар- зондзинад, уый хъысмæты зыныл риссын, уый федзæрæджы хъуыддагыл зæрдæ æмæ тугæй хъынцъым кæнын — уацмысы сæй- раг идеон-аивадон ныхæздæхт. Зæронд Габи йæ уæзæгыл иунæгэгй баззад. Зæйц фæцыдысты фæйнæрдæм. Хъынцъым кæ- ны. Мæлæтдзаг рынчын æрцис зæ- ронд. Горæты рынчындоны нæ ныллæууыд. Иу каст ма акæна йæ уæзæгмæ. Иæ уæ- зæджы, нæ комоæсты алы къутæр, алы къа- лиу дæр ын дохтыры хосæй хуыздæр хос сты... «Ам, хæхтьь— мæ быцæутæ. Райгуы- рæн уæзæгыл цудæн нæй», — дзуры зæ- ронд Габи. Иæ уæзæджы бæлæсты уидæг- тау арф æмæ уæрæх уидæгтæ ауагъта Га- би ацы уæзæгыл. Габи мæлы. Фæлæ мæлы райгонд, бу- цæй: фæстаг хатт ма йæ батавта1 йæ уæ- зæджы фарны æхцон тафс. Амард фæлæ йæ уатмæ æрбатахт «зæрватыкк цъыбар- цъыбургæнгæ... Хуры тынтæ фæмидæг сты хæдзары». Уый фыдыуæзæджы æнусон, æнæ- аскъуыйгæ царды аивадон фæлгонц у. Уы- мæн æмæ зæрватыкк æдзæрæг хæдзары нæ ахстон кæны. Афтæ у йе ’рдзон уаг. Уый «фарны маргъ у, æмæ фарны хæдзар агу- ры». Аивадон фæрæзтæй æмбæлон бæрцыл, арæхстджын пайдагæнгæйæ, сныв кодта ав- тор æнамонд, зынгхуыст судзгæ уарзты тæмæнтæкалгæ фæлгонц уацау «Норст цæ- хæры стъæлфæнтæ»-йы. Дыууæ æвзонджы бауарзтой кæрæдзи. Фыццаг хатт бан- къардтой сæ царды уарзты æхцон тафс. Тыхджын, хъомысджын у сæ уарзт. Фæлæ царды знæт тымыгъты æмæ ссæндæнты ах- хосæй фæзынгхуыст ис сæ уарзт, бамы- нæг йæ гуылфгæнаг пиллон* арты цæхæр Фæлæ хъомысджын уарзты зынгæн бын- тон банымæггæнæн нæй.Кæмдæр ма дзы зæр- дæйы арфы баззад «норст цæхæры стъæл- фæн» æмæ йæ хæссынц дыууæ æвзонджы цæрæнбонты сæ риуы æмбæхстæй. Автор йæ уацауы дæр фæсномыг-символикон æгъдауæй уымæн афтæ схуыдта. Лæппуйы йæ цардуавæртæ цыдæргъуы- зон æриу кодтой æндæр чызгимæ. Æриу ис æрмæст зонд æмæ буарæй. Зæрдæйыхъарм дзы нæ уыд. Уый уыдис хъомысджын уарз- ты ныннымæг кæныны сæйраг аххосаг. Чызг æнхъæлцау у, тагъд ын сывæллон уыдзæн. «Тæригъæд у, æнамоид кæны», — афтæ зæ- гъы автор. Æмæ цæхæртæкалгæ уарзты стъæлфæн, бомбæйы схъисау, цæрæнбонтæм йæ риуы чи хæсса, судзгæ уарзты зынгæй йæ уд, йе ’икъарæнтæ кæмæн фæса.хъат сты, уыцы дыууæ æвзонджы «тæригъæд- дæр» не сты? Иу уды æнамонддзинадæй дыууæ уды æнамонддзпнад дудгæбондæр нæу? Мæ хъуыдымæ гæсгæ чысыл’ æндæр- гъуызон алыг кæнын хъуыд ам уарзты проблемæ. Æмæ ма ноджыдæр иу фиппаи- наг. Уарзты «норст цæхæры стъæлфæн» равдисыны тыххæй хъайтар бауарзы дыу- уæ хатты. Фыццаг — Тамарæйы, фыццаг пъа дæр уыимæ бавзæрста. Стæй та ба- уарзы Назийы. Дыууæ хатты дæр автор арæхстджын ныв кæны цæхæртæкалгæ уарз- ты зæрдæмæхъаргæ, уырнинаг сценæтæ. Фæ лæ уарзт йæхæдæг та æдых, аслам кæны. Ахæм рогæнкъарæнтæй хъомысджын уарзт нæ райгуыры. Авторæн йæхи зæгъдау — «аслам уарзт нæ. Уды хъизæмарæй йæ хъуамæ балхæнай!..» Мæ хъуыдымæ гæс- гæйæ ам иу чызг-уарзоны фæлгонц æгъ- гъæд уыдис авторы хъуыды раргом кæны- нæн. Чиныджы ис хæсты темæйыл фыст ра- дзырдты цикл «Хæхты мастисæн». Хæсты фæдыл æнæвгъау бирæ аивадон уацмыс- тæ æрцыд ’фыст. Козайы фырт ацы темæ- йыл фыссы йæхирдыгон, хæдхуыз. ома аи- вадон хæдбындуры принципмæ гæсгæ, йæ хъæздыг сфæлдыстадон фæнтази йын йæ къух куыд рæвдз самыдта, афтæ. Хæсты хæрз хуымæтæджы цаутæ кæсгæйæ, лæджы хъусдард йæхимæ здахы авторы филосо- фон-психологоч хъуыдыты æнæскъуыйгæ хал. Хæхтæ!.. Ирыстоны номхæссæны хæх- тæ!.. Бирæ æвирхъау мæлæтхæссæг æмæ тугкалæн хæстытæ æрæййæфтой. Меньше- виктæ, лигъдæттæ, Бургъустаны хæст, Фыдыбæстæйон хæст... Уыдтой, кастысты уыдон, Ирыстоны цæрæццаг лæгфæсивæд царæфтыд, зынгхуыст куыд кодтой, æнæхъæн комбæстæ-иу хъæ»ууат, уæзæгуат куыд код- той. Æмæ бавæрдтой æнусон, æгомыг хæхтæ сæ рыст зæрдæйы хæрам цыфыддæр знагмæ, кодтой «мастисæн» сæ цæрæг адæмы сæрыл. Фондзыссæдз фашистæй фылдæр тызмæг, хæрам хæхты «мастисæны» амæттаг баис- ты» — рауагътой сыл хæхбæсты фарны митзæй. Иунæг ирон зæронд лæг, сæ фæн- дагамонæг Зарбег улæфы уым «фрицтимæ иумæ, иу ривæддоны». Æмæ уымæн дæр «хох-зæй иу егъау къæдзæхдур», хæхты фарн «цыртæн ныссагъта». «Абон дæр ма йæ адæм хонынц Зарбеджы цырт». Æнусон хæхты символикон цæрдхъом фæлгонц аи- вадон æгъдауæй зæрдæмæхъаргæ, ифтонг арæзт æрцыд. Уыдон сæ цæрæг хæстдзагъд, æфхæрд адæмимæ сты æмзонд, «æм’тæстын- гæс», сæ хъомысджын риумæ айстой уы- дон дзыназгæ уды зын, сæ хъысмæт æмæ йыл аудынц. цæрдхъомау, ныййарæгау сыл хъынцъым кæнынц. Кæд сæ цæоæг адæм тыхст, фыдхуыз æрхæндæг вæййынц, уæд хæхтæ дæр, вæййынц тар, тызмæг, æрфыг- æлхынцъ, кæд хæрзæбон æмæ фарн..., уæд бакæнынц се ’рфгуытæ хæхтæ дæр, тар, мылазон мигътæ сыстынц сæ сæрæй æмæ разынынц райдзаст, ирдæй. Æмбуар, æм- зæрдæ сты хæхтæ сæ цæрæг адæмимæ. Уый арф, лæмбынæг ахъуыдыгонд аивадон-фи- лософон фæлгонц у. Зæрдæ агайы, уæнг- - ты хъары. Авторы хъæзныг æмæ къабаз- джын сфæлдыстадон фантази, йæ хæдкур- днат æмæ хæдæрмлзæфыл дзуры ацы хабар. Радзырдты ацы циклы фыстыгъæды ма раппæлыны аккаг миниуджытæ ноджыдæр ис. Бирæ автортау Козайы фырт ам хæс- тон цаутыл хуымæтæджы, бæгънæг, инфор- мациты хуызы миййаг пæ дзуры. Фæлæ сыл скæны, бабтауы сыл риуы арфæй рацæу гæ, зæрдæйы æнкъарæнтæй аразгæ аивадон хуыз-дарæс æмæ сæ уый бæрæг цымыди- 75
сондæр, эмоционалондæр, цæрдхъомдæр кæны. Уымæ гæсгæйæ хæсты хæрз хуы- мæтæджы, чысыл цау дæр разыны стырæй, хъомысджынæй, цæрдхъомæй. Иу къахон хæстон йæ дыууæ æнцойгæнæн лæдзгуы- тæй хæсты быдыры тыхст сахат, æнахъом саби æмæ йæ мады уазалæй бахизыны охыл, иу æрцъæлтæ кæны артæн. Арт дзы скæ- ны. Æвзонг мад мæлæтдзаг цæф фæцис. Йæ дзидзидай сывæллоны йæ хъæбысы ныт- тыхта. Сывæллон мады риутæ агуры, кæу- гæ, æхсырæнхъæл. Æмæ цъиры, дæйы йæ мады уазал риу. Дыууæ чысыл цауы. Фыц- цаг бакæсгæйæ афтæ зыны, цыма ницы сты... Вæййы, æрцæуы афтæ хæсты быды- ры, ’уæдæ цы. Фæлæ сæ автор, аивадон ли- тературæйы фæрæзтæй архæстджын пай- дагæнгæйæ, ахæм эмоционалон уд бауагъ- та, зæрдæйы хъармæй сæ афтæ сифтонг кодта, аивадон фæЛгæтты сæ ахæм дæсны уагъд ракодта, æмæ лæджы зæрдæйы уи- дæгтæ æнкъусын кæнынц. Афтæ зæгъæн ис ацы циклы хъайтарты фæлгæнцтæй дæр. Хæсты быдыры, æрвыл уысм дæр, мæлæты тас æвзаргæйæ, уыдон ипшæрд, скъуыддзаггонд не сты дунейæ, æр- дзæй, сæ бæстæйы, сæ адæмы царды гуыл- фæнæй. Хæсты зын сахаты уыдон æрмæст сæ уды, сæ хæстон хъуыддæгты мæт хъуамæ кæник- кой. Фæлæ уыдон суанг мæлæты уысм дæр арф философон-психологон хъуыдыты ба- зыртыл фæбадынц. Сæ адæм, сæ райгуы- рæн уæзæгмæ æнувыд уарзондзинад сын æнцой нæ дæтты. Мæлæты уысмы дæр нæ нымæг кæны уыдон сæры уæлахизы хъуы- ды, рухс царды æнæаскъуыйгæ цыды фæл- гонц, уый æиæахуысгæ, тæмæнтæкалгæ, цы- рагъы рухс. Уый царды ’нусондзинады æнæ- мæлгæ закъоны арф философон-символикок фæлгонц у. Цард ма хъуамæ аскъуыйа, цыфæнды хъаймæты бон дæр. Хъуамæ цæ- уа, рæза æнæаскъуыйгæ, фæлтæр фæлтæры хъуамæ ива. Афтæ у радзырдты хъайтар- ты хъуыды, афтæ у радзырдты ацы циклы аивадон-философон концепци. Мæлæт æмæ цард!.. Карз, æгъатыр тох цæуы уыдон æх- сæн. «Кæрæдзи хурхыуадындзтæм бавна- лынц»... Фæлæ царды æнусондзинады закъо- ны домæнмæ гæсгæ уæлахиз кæны цард — «хæстонтæ цæуынц, размæ, скæсæнмæ, сæ- уæхсиды размæ» мæлæт та (тугкалæн хæст) цæуы ныгуылæны ’рдæм, зæрæхсиды ’рдæм, «Уый у уымæн йæ зæрæхсид», йæ кæрон йæ адзал. Радзырдты цикльт ма дзырдæуы тугкалæн хæсты уæззау дудгæбойнаг фæстиуджытыл, зæрдæйы хъæдгæмттыл, уды арф нуæстыл Гæмсыр... Фыццаг хæсты меньшевиктимæ.. Иæ зæодæ фæхъæдгом, йæ, уарзон æмкъай Гано, йæ хъæбул царæфтыд фесты. Фæстæ- дæр ма куыддæрты слæууыд йæ къахыл. Иунæг фырт... Дыккаг хæст... Фыццаг хæс- ты зæрдæйы хъæдгæмттæ æххæст нæма байгас сты æмæ та Гæмсырæн йæ иунæг фырт фæзынгхуыст. Ногæй та зæрдæскъуыд. Ныр гамхуд æркодта Гæмсыр. Адæммæ, хъæумж хæстæг - нал цæуы. «Æндæрг»-ы хуызæн цæры йæ фырты афтид ингæны, йæ зæронд къæсы цур æдзухон хъарæджы æнкъард зарæг кæны æ’нустæм, Иæ зæ- ронд къæсимæ «хæсты сау æндæргты» хуызы цæры Гæмсыр. Хæсты æндæргæй та алчи дæр тæрсгæ кæны. Бастъæлæд,мауал уæд мæлæтхæссæг хæст — уацмысы иде- он-аивадон хъуыды, уый дзуры уацмыс нæ фæстагæттæн. Чысыл радзырдты цикл «Хихийы радзырд- тæ» фыст у дзыхæйдзургæ сфæлдыстадон æрмæджыты бындурыл. Уымæ гæсгæйæ фыст дæр сты фольклорон-таурæгъон сти- лы уагыл. Алы хъæуы дæр вæййы, æгас хъæубæс- тæн худæджы хал, сæхи худæгæй кæуыл схæссынц, ахæм адæймæгтæ. Зæгъæм, Сæт- ти æмæ Бæтти, Цола, Хъорнисгомы та Къо- ша уыд, Нарты таурæгъты — Сырдон. Ахæм адæймæгтæ се ’гуыдзæгдзинады тыххæй миййаг нæ вæййынц худæг адæмæн. Уы- дон се ’рдзон скондмæ гæсгæ вæййынц цыргъзонд, дзырдарæхст. дзырдмæ дзырд æвиппайдæй рауарынц. Уымæ гæсгæйæ сæ ныхæстæ, сæ митæ адæмы ’хсæн баззайынц худæг анекдотты хуызы. Ахæм адæймаджы фæлгонц нын ныв кæны Козайы фырт Хи- хийы фæлгонцы. Хихи йæ цыргъзонд æмæ диссаджы арæхстджын æрхъуыдыйы руа- джы алыгъуызон худæг митæ-бакæны æл- дарæн, сауджынæн æмæ бирæ кæмæндæрты. Чиныджы уацмыстæ се ’ппæт дæр аива- ды алыгъуызон фæрæзтæй рæвдз фæлын- дзыд кæй сты, уьтй фæдыл ницы дзурын, фæлæ се ’взаг дæр аивадон æгъдауæй иф- тонг арæзт кæй æрцыд, уый тыххæй мæ фæнды дыууæ дзырды зæгъын. Козайы фырты прозæйы æвзаджы сæйраг харак- терон мщшуæг уый у, æмæ æппындæр нæ пайда кæны домгæвазыгджын хъуыдьшæд- тæй, иууылдæр — цыбыр, хуымæтæг хъуы- дийæдтæ. Æвзагæн фыдæздухæнтæ нæ кæ- ны, ауадзы йæ йæхи уагыл æмæ цæуы лæгъз., тагъд æнæдыркъым-мыркъуымтæй. Уый цасдæрбæрцæй рог, æнцонкæсæн кæ- ны тексты, бæрæг рæвдздæр кæны чиныг- кæсæг æмæ авторы кæрæдзи æмбарыны хъуыддаг. Уый у Козайы фырты æвза- джьт стиль, æндæр автортæй йæ æнцонæй чи рахицæн кæна, уый. Чиныг «Уæзæджы фарн»-ыл ирон чи- ныгкæсæг стыр цинимæ кæй сæмбæлдзæн, æмæ ирон прозæйы бæркадджын фынг бæ- рæг кæй фæдзаджджындæр кæндзæн, уый дызæрдыггаг нæут
1МЕНАТЫ ВИТАЛИ, историон зонæдты кандидат. ТЫРСЫГОМ Асæрды Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæг институты археологтæ æмæ этнографтæ уы-- дысты экспедицийы Тырсыгомы. Тырсыгом у Кавказы рæсугъддæр кæмттæй сæ иу. 1'ызмæг æмæ рæсугьд æрдзы .хъæбысы бирæ æнусты æгомыг æмæ æдзынæгæй лæууынц цстори æмæ археологон цыртдзæвæнтæ Цы- мыдисаг канд уыдон не сты, фæлæ ма йæ уазæгуарзон æмæ ’фæрныгджын адæм дæр. Зынаргъ чиныгкæсæг, бæлццоны фысты- тæй ма ’рдом зонадон бæлвырд ныхас. Ахæм нысан мах нæ разы не ’вæрæм. Уы- мæн, æмæ, цы федтам, цы базыдтам, цавæр сусæгдзинæдтыл дзурынц æнусон мæсгуы- тæ, царциаты ингæнтæ æмæ кувæндæттæ, уыдон рæгъмæ рахæссыны аккаг сты сæр- магонд ’иртасæн куысты. О, фæлæ цы дис- саджы фæллойуарзаг адæмимæ базонгæ стæм, цы аргъауы дунейы арвыстам цал- дæр къуырийы, уыдон зæрдæйæн æнцой нæ дæттынц, агурынц фæндаг æмæ сæ уæ гæр- хонмæ хæссæм. Чизоны æмæ ацы комæй стыр дунемæ фарны фæндæгтыл фæцæу- джытæн нæ фыст сæ зæрдыл æрлæууын кæ- ла фыдыуæзæг. * * * Æдзæрæг хъæутæ... Рох фыдыуæзæг, уа- зал къонатæ, хæдзæртты хæлддзæгтæ!.. Зæрдæ катайæ йæхи къултыл бахойы. Ау, уый та куыд?! Хæрзæрæджы дæр ма ам цард цæджджинагау фыхт... Куырыхон урс- зачъе зæрæдтæ царды таурæгътæ кодтой... Цардбæллон сабиты хъæлдзæг хъæлæба арыдта кæмттæ... Уæхскуæз фæллой код- той нæлгоймæгтæ... Хæдæфсарм сылгой- мæгтæ сæ къухты бавнæлдæй, сæ рæвдау- гæ мидбылхудтæй æппæт дæр фидауцджын кодтой. Ныр ам æппæт дæр лæууы æдзæ- мæй. Зæрдæ гæрдынц хъизæмары хъуыды- тæ. Риуы къултыл сæхн хойынц æмæ æд- дæмæ рæдувынц фæдисхъæрау: «Адæм, кæм стут?! Цæмæн ныууагътат фыдыуæ- зæг? Ам куы райгуырдыстут, ам куы схъо- мыл стут, ардыгæй куы ацыдыстут царды стыр фæндæгтыл? Ам æнусты мæрдфынæ- йæ дæр уæ кадджын æмæ цытджын хис- тæртæ хъынцъым куы кæнынц?! Уыдон-иу уæ сæ фæрнджын ныхасæй фæндараст куы кодтой... /Енхъæлмæ кæсгæйæ, æнæхуыссæг æхсæвтæ куы æрвыстой, уæ фенынмæ сæ былыцъæрттæ куы хордтой! Куы-иу раз- дæхтыстут, уæд нæртон куывдтæ куы код- той!.. Сæ аив кафт æмæ нæргæ зардæй хæх- тæ куы нæрыдысты!» Нæй, мæстæлгъæд ныхас чи фехъуса æмæ бамбара, иу ахæм адæймаг нæй! Æрмæст зæридау уыгæрдæнты æмæ зæрæстон хуым- ты хус хæтæлтæ уддзæфæй базмæлынц... Айнæджы тигътыл сæхи хойынц пирæн- дзагъд мигътæ. А-ныр, а-уæд кæнынц æмæ та фемæхсы тæрккъæвда, мæстæлгъæд су- дзгæ цæссыгау. Тырсыгом! Бæрзонд хæхтæ... Арф кæмт- тæ... Æ’нусон цъититæ... Сойджын сæрвæт- тæ æмæ дидинæгджын уыгæрдæнтæ. Æнæ- ’ бадт байрагау, хъалурсбарц дæттæ фы- цынц сæрсæфæн æхсæрдзæны малы, лæбу- рынц размæ, сæ уылæнтæ хойынц айнæджы æндон тигътыл, амбæхсынц арср хуыдымты æмæ та алидзынц, атындзынц размæ Дай- раны нарджытæм. Ам,'1ырсыгомы, чысыл къададæттæ, уазал суадæттæ æмæ фыдуаг цъитилæдæрсæн дæттæй райгуыры фыдуаг, фыдцъылыс Терк. Рæстаг уайдзæф! Цас æмæ цас фыдбылызтæ хаста адæймагæн. Фæлæ йæм уый дæр хъæдын дæндæгтæ не ’вдыста, æрцахста йæ йæ урс барцæй, сах- сæн ыл сæвæрдта, бафтыдта йæ йæхицæн лæггад кæныныл. Бирæ таурæгътæ, номы зарджытæ, лæг- дзинады æвдисæндар хабæрттæ дын ам кодтаиккой урсзачъе куырыхон кадæггæн- джытæ. Чизоны æмæ Терч’ы æнæнцаигæ за- рæг нывæст у Амыраны æнусон хъиамæ- тæй, уый сæрбæрзонддзинадæГу Чизоны æмæ хуыцæуттæй давд зынгæй Амыран фыццаг æхсидав ардæм æрæппæрста æмæ уæд адæймаджы ныфс бацыд, æрфысым кодта гуымиры цъитииы бынмæ, баууæндыд дзывыр адарын, æмбисонды уыгæрдæнтæй райхъуыст йæ цæвæджы зæлланг, хæххон сæрвæттæй айзæлыд фиййауы æнкъард, фæлæ бæллиццаг зарæг. Терчы гуылфæнмæ - алы кæмттæй, цъити- тæй хæлæфæй сæхи æппарынц мингай их- дзагъд суадæттæ, тæргайгæнаг чысыл дæт- тæ. Хæхты æндон риуыл мингай азты сæ- хицæн ,скодтой арф донмарæнтæ, архытæ, æнæбын малтæ, раст цыма хохæгты лæг- дзинады таурæгъ фыстой, афтæ кæсы адæй- магмæ. Арф хуыдымтæ, нарæг кæмттæ, цъити- сæр айнæг хæхтæ сæ цæрæнуат гуымиры æрсытæн, сæрджын сагтæн, гуырвидынц сыджын дзæбидыртæн æмæ сычъитæн, цъæх арвы атагъа сæ хæтæн цæхæрцæст цæргæстæн. Кæд равзæрста адæймаг Тырсгом йæхи- цæн цæрæнбынатæн?.. Чи уыд, фыццаг чи сцыбæл æрдзы хæзнатæм?.. Чи йын нæ фæ- тарст фыццаг хатт йæ тызмæг фæлгонцæй, йæ тæргайгæнаг митæй?.. Таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй æртæ хатты бафæл- вæрдта адæймаг ам æрцæрыныл, фæлæ-иу фæуæлахиз сты æрдзы æгъатыр тыхтæ. Адæм скъуыдысты сыдæй, цагъды кодтой низтæй. Абон дæр ма уымæн æвдисæн лæу- уынц царциаты зæппадзтæ. Æрмæст ’ фæс- тæдæр — æртæ-цыппар фондзыссæдз азы 77
размæ — адæймаг фæуæлахиз æрдзы дур- зæрдæ митыл. Фæуæлахиз лæгдзинад, фæ- разондзинад, фæллойуарзондзинад, фæуæ- лахиз цæрæццаг бæллиц. Хуссары фæхстыл, чындздзон чызгау, сæркъулæй сæвзхрды- сты ’ зад хоры хуымтæ, æлугоны кæрдæг мерсгæнгæ, сойджын сæрвæттыл сыздæх- тысты фосы дзугтæ, уæдæ фосы бардуаг Æфсати дæр разынд рæдауарм æмæ йæ дзугтæй бахай кодта цæхæрцæст цуанонæн Цард æхсыст! Дунейы хæрзтæй хуыздæ- рæн равзæрстой хохæгтæ фæллой кæнын. Æнцойбон ныхасы гуырдысты æмбисонды таурæгътæ, кадджытæ. Цины бон хæхты æмвæз цъæх арвы атагъамæ стахт лæгдзи- нады зарæг. Цард æхсыст].. Тырсыгом! Цы амоны ацы æнахуыр ны- хас?.. Бирæ ахуыргæндтæ йыл сагъæс кæ- нынц, фæлæ йæ сусæгдзинад ничима ра- хатыдта. Цавæр æвзагæй æрбафтыд, кæнæ та чизоны, ирон æвзагæн йæхи рох æвæ- рæнтæй у?.. Цы зæгъæн ис Тырсыгомы ивгъуыд за- манты хъысмæтæй?.. Æрмæст адæмы хъуы- дыты æнусты чи сфыхт, уыцы таурæгътæ, дзыллæйы æфсарм, æгъдау æмæ историон цыртдзæвæнтæ раргом кæндзысты • ацы ко- мы сусæгдзинæдтæ. Уыдон тыххæй чъын- ды æмæ ныхмæвæрд хъуыдытæ бакæсæн ис рагон автортæ Вахушти Багратионимæ, Штедермæ, Клапротмæ æмæ бирæ æндæр- тæм. Рагон таурæгътæй иуы дзырдæуы: Тыр- сыгомы фыццаг хатт æрбынат кодта куырт- татаг цуанон Чето. Цуаны уæвгæйæ, уыи Æфсатийы рæдау лæвары фæдыл æрбаф- тыд ацы коммæ. Иæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ дыккаг аз фæстæмæ æрбаздæхт, ба- кодта хъæбæрхоры чысыл хуымы гæппæл. Хоры хуым тугыл аскъуыд æмæ уæд Че- то йæ бинонтимæ ам æрцард. Абон дæр ма лæууынц Чето æмæ йæ байзæддаджы арæзт хъæуы кæлддзæгтæ цыппар комы астæу бæрзонд айнæг рындзыл. Æртæ мæсыджы, хæдзæрттæ æмæ скъæттæ лæууыдысты сæр- сæфæн рындзы тигъыл. Хъæуы алыварс æртæрдыгæй уыд бæрзонд фидар амад, цыппæрæм фарс — сæрдасæнæй лыгау, ай- нæгкъæдзæх. Æрмæст нарæг къæдз-мæдзы- тæ фæндагыл уыд ардæм æрбафтæн. Цæмæн равзæрста цæрæн бынатæн Че- то ацы æвадат, хуыскъ къæдзæхы сæр чы- сыл фæзуат цæрынæн? Фыццаджыдæр, уыд æдас бынат зæйтæ æмæ æрра хæххон дæт- тæй. Уæдæ æрцуæг, хæддзу тыхгæнджыты ныхмæ ардыгæй уыд æнцондæр ныхасгæ- нæн. Бонтæ цыдысты. Четойыл цард æрхæцыд, скодта фæллой, фос. Куырттаты комæй æрбакодта æххуырст фиййау Елойы. Рад- та йын хæстæгдæр комы хуымзæхх. уы- гæрдæны гæппæл æмæ сæрвæт цардама- лæн. Куыстуарзон, амалджын лæг уай- тагъд йæхиуыл фæхæцыд æмæ ма фæстæ- дæр суанг йе ’рхонæг хицауы Четойы «æл- дариуæг» æрдумæ дæр нал дардта. Четойæ сусæгæй-æргомæй ардæм фæхуыдта хиуæт- ты, хæстæджыты. Афтæ Четойы хъæуæй рахисæрдæм арф комы дымæгыл фæзынд дыкаг цæрæнуат — Суатъис. Дыууæ хъæуы хабæрттæ айхъуыстысты Хуссары æмæ Цæгаты æппæт кæмттыл. Ардæм ратындзыдтой Ирыстоны алы къуым- тæй фæллойуарзаг æфхæрд адæм царда- гур. Иæ уды сæрибар зынаргъ кæмæн уыд, бухъзæрдæ бонджынты фæсдуæртты дæл- лаг галæй чи рафтыд, лæджы кад бæрзонд хæсгæйæ, æфхæрд чи нæ барста, йæ сыгъ- дæг уарзондзинадæн, цæсты гагуыйау, æрха- уынæй чи тарст, уыдон лыгъдысты ардæм æмæ Тырсыгомы алы къуымты сæхицæн зæй, лæсæн æмæ æрра дæттæй æдас бы- нæттæ агуырдтой. Нарæг кæмттæ, уыгæр- дæнтæ, сæрвæттæ æмæ хуымтæ кæд бирæ нæ уыдысты, уæддæр уазæгуарзон разын- дысты. Æртындæс хъæуы (Сивыраутæ, Рес, 1ъеп, Дзимара, Бурмæсыг. Цополтæ, Хъа- ратыхъæу, Суатъис, Уæллаг Дес, Дæллаг Дес, Четойтæ, Абана æмæ Четыре) æрæк- цадысты Тырсыюмы æмæ цардамæлттг кодтой. Тырсыгоммæ куыд лыгъдысты, афтæ Уæлладжыры комæй лыгъдысты Куыртта- тæм, Уæллаг æмæ Дæллаг Карцамæ кæнæ Уæллаг Коммæ Æрæфы доны рæбынтæм Уæлладжырæй æмæ схæццæ сты иу æвза- джы дыууæ диалекты. Иу æмæ дыууæ хатты нæ хъавыдысты, æфсæддон æмæ экономикон æгъдауæй тых- джындæр сыхæгтæ сæ дзæмбытæ Тырсы- гомыл æрæвæрын, уымы адæмæй коммæ- гæс цагъартæ скæнын, фæлæ та-иу сæ фæнд- тæ фæсыкк сты. Таурæгъы к>ыд дзырдæуы, афтæмæй ам æгады мæлæт ссардта цавæрдæр тыхгæ- нæг кæсгон къниазы фырт. Абон дæр ма Бæрзыбын обауы ныгæд ис тыхгæнæг къниазы фырт, зæгъгæ, мысынц бынæттон цæрджытæ. Таурæгъы рæстдзинад æууæн- каг у. Монголтæ рагфеодалон аланты пад- дзахад куы ныддæрæн кодтой, уый фæстæ Сæйраг Кавказы хохрæбынтæ æмæ быдыр- тæ байстой адыгъейаг адæмыхæттытæ. Ис- торион æвдиоæндартæ куыд амонынц, аф- тæмæй суанг XVIII æнусы Терчы донмарæ- ны Ларсы уыдис кæсгон хъæут-æ. Ардыгæй уъомысджын æмæ тыхджын адыгъейаг фео- далтæ тырныдтой ирон æхсæнæдтыл къух- дариуæг кæнынмæ. Æвæццæгæн, таурæгъы цы тыхгæнæг къниазы кой чындæуы, уык уыд уыдонæй æмæ ам ссардта йе ’гады мæ- лæт. Цал æмæ цал хатты хъавыдысты гуыр- дзиаг кънийæзтæ Тырысгомы сæ къæхты бын скæнын, фæлæ та-иу æгады лыгъд фæ- кодтой фæстæмæ. XIX æнусы райдианы, историон фыстытæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ардæм æрцыд æфхæрæг экспеди- ци. Рагацау комы цæрджытæн сæ хæрзгæ- нæг фехъусын кодта тыхгæнджыты балцы хабар. Хæдзарæн лæгæй рацыдысты æртын- , дæс хъæуы цæрджытæ Тырсымæ бацæуæн нарæг Хъасарайы комы сæрмæ, Хуыры тъæ- пæнтæм. Цалдæр боны рындзтæм фæхастой, фæтылдтой дуртæ æмæ æфхæрæг къорд куы фæзынд, уæд, дæ балгъитæг афтæ... Цыдæр гæзæмæ муртæ ма дзы æнæсæрфат лыгъды сæ сæртæ ахастой. Фæлæ уыдон дæр дард- мæ нæ фæцыдысты. Æфцæгыл сæ æнафоны æруарыд мит æрцахста æмæ уым зæйы амæттаг баисты. Афтæ æнусты æрдзы фыд- уд митæ æмæ æрцæуæг тыхгæнджыты би- рæгъ-æрдонгтæй хи хъахъхъæнгæйæ, семæ тохы кæддæриддæр здæхтысты чфыдыуæ- зæгмæ уæлахизимæ, æхсыст сæ зонд, сæ зæрдæйыуаг, бæрзонд хастой сæ сæртæ, лæгдзинады тырысайау, куы хъуыд, уæд та йæ нывондæн хастой сæрибары охыл. Æнусты хæтæыхъуаг фыдгултæй хи хъахь хъæнынæн, туджджынтæ æмæ тугисджытæ 78
хохæгты æвæрдтой уæззау уавæрты, зевид- игæ хъахъхъæнын хъуыд лæоурджытæи фос, хуымты æмæ уыгæрдæнты гæппæлтæ æмæ уымæн уыд æвæджиауы мадзал. Лъæу-. ты, рацæуæн æм<æ ракæсæн тигътыл, рындз- тыл амадтой мыггагон мæсгуытæ æмæ уыр- дыгæй топпы дзыхæй дзырдтой æрцæуæг фыдг.ултимæ, тыхгæнджытим’æ. Асртæ, ты- рсыйæгтæ^ сæ иу къухы — топп, иннæиы — кусæнгарз, — цардысты æьадат, фæлæ аргъауы оæсты. Æрмæст æддагон знæгтæй нæ хъахъ- хъæдтой хохæгтæ сæхи. Æмæ кæд уыдон- æн аккаг дзуапп лæвæрдтой лæгдзинад æмæ æрхъуыдыдзинад, уæд .æрдзы тызмæг æмæ гуымиры митимæ хæцынæн та æрхъ- уыды кодтой æндæр мадзæлттæ, æндæр фæрæзтæ. Сæ уæззау цард, сæ хъиамæтæн фервæзынæн таОу кодтои зæдтæ æмæ дау- джытæн. Дунеиы оардуагмæ æнхъæлмæ кастысты, сыгъзæрин тæбæгьтæй йын куыв- той, .æууæндыдысты йыл, уæдæ нын нæ хор, нæ фос фæбæркадджын кæндзæн, рын- æй æмæ нæ низтæй б’ахиздзæн. Хуыцау æмæ хуыцауы зæдтæн, Оардуæгтæн арæзтоа кувæндæттæ, сæ ном сын ардтой табуты, кодтой сын нывæндтæ, æргæвстой тохъыл- тæ æмæ галтæ, зарджьпæ сыл кодтои, фæ- лæ цыфæнды дзырддзаугæ æмæ дзырд- арæхст лæджы табу дæр никуы никæцы зæдмæ фехъуыст. Табутæ æмæ лæгъстæтæй адæимадлы уæззау уавæр хуыздæр нæ код та, рухсы цъырт æм никуыцæй каст. Цыдысты дугтæ, замантæ ивтой, адæймаг хуыздæр банкъардта æрдзы тæргайгæнаг митæ, иæ уæззау хидвæллоиæ хуьвдæр бам- бæрста, табутæй цард кæй нæ фæхуыздæр уыдзæн, æмæ уæд æрдзимæ, иæ къуындæ* уавæртимæ тох расидт æмæ фæуæлахиз. Хохæгтæ æвадат æмæ иппæрд Тырысгом цæрынæн куы ’взæрстой, уæд дунейæ сæ- хи бааууон кæнынмæ нæ хъавыдысты. Уы- дон бастдзинад дардтой, се ’хсæны хæлар- дзинад, æфсымæрдзинад уыд сæхи хуызæн мæгуыр æмæ æвадат гуырдзийæгтимæ, мæ- хъæлæттимæ. Мæгуыр æмæ гæвзыкк уавæр: ты цæргæйæ, Кавказы адæмтæ, царды хи-ц- æуттæй æфхæрд æййæфтой æмæ-иу уæд æрбамбырд сты се ’фхæрджыты ныхмæ. Æмбæхсинаг нæу, уыдис-иу афтæ дæр æмæ- пу кæрæдзийæн кард æмæ фыд фестадысты, фыдгулы æвзагæй, уый хахуыр ныхасæй. Æппæт уыцы социалон-экономикон æнкъуы- стытæй æмæ рафт-бафтæй иппæрд нæ уы- дысты, сæхи не ’мбæхстой тырсыйæгтæ. Кардæлвæст ,æмæ топпæргъæвдæй тырныд- той фæцу æмæ марцуйы фæндæгтыл, агуыр- той рæстдзинадмæ фæндæгтæ. Канд æрцæ- уæг тыхгæнджытимæ нæ уыд хæххон адæм- ты тох, фæлæ ма сæхи мидæг дæр цыд æнæ- бафидаугæ классон хæст æмæ уый æбар, мæгуыр æмæ гæвзыкк адæмты иу кодта сæ бонджын хицæутты ныхмæ. Иу арвы бын æмхуызон уæззау социа- лон æмæ экономикон уавæрты алы адæмты ’хсæн æвзæрд хæстæгдзинад, æппæтæн дæр æмхуызон зынаргъ уыдысты бирæ хорз æгъдæуттæ: уазæгуарзондзинад, хистæрæн æгъдау раттын, зын сахаты кæрæдзийы уæлхъус æрбалæууын æмæ афт.æ дарддæр. Гырсыгомы матсриалон культурæйы цырт- дзæвæнтыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд бафи- ппайдзыстæм, амы иуæй-иу хæстон мæсгуы- тæ зæрдыл кæй лæууын кæнынц гуырдзы æмæ вайнахты хæстон фидæрттæ, рагон (XIII — XVI æнусты) гуырдзиаг дзуæртты агъуыстытæй оынæттон цæрджытæ кæй са- рæзтой сæхи дины кувæндæттæ. Уым æппын- дæр диссагæй ницы ис. Æддагон лæбурджы- тимæ æрцæуæг тыхгæнджытимæ тохы æх- сыст адæмты хæлардзинад, кæрæдзийы дин æмæ æгъдæуттæн æгъдау кодтой. Хуымæтæджы-иу не ’мбырд кодтой æрвыл- аз алы дингæнæг хæххон адæмтæ Алазаны коммæ Алавердийы кувæндонмæ. Ныхас-иу кодтой экономикон, политикон æмæ динон æнæаргъæвгæ фарстытыл. Стыр ахадын- дзинад ис Кавказы адæмтæ ХУШ-æм æнусы кæрон барвæндонæй Уæрæсеимæ баиуы цауæн. Уæдæй фæстæмæ æдас уыдыс- ты æрцæуæг тыхгæнджытæй, кæсгон къни- æзтæ æмæ феодалтæй. Ирæттæн, куыд Кавказы цæрæг иннæ адæмтæн, фадат фæ- цис сæ экономикæ цæхгæр райрæзын кæны- нæн. Хохæгты минæвæрттæ ныр зонгæ код- той уырыссаг æмæ дунейы культурæйы хæз- натимæ, ахуыр кодтой Уæрæсейы уæды хæ^- дзарадон фæрæзтæ æмæ сæ Æхсызгонæй пайда кодтой. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ кæд Уæ- рæсейы паддзах цыфæнды зын уавæрты æвæрдта хæххон адæмты, уæддæр уыдон цадæггай ахуыр кодтой разагъды уырыссаг культурæ, хайад истой æхсанадон царды хъуыддæгты æмæ уый фæрцы хæст уыдысты раззагондæр прогрессивон хъуыдытыл. Хо- хæгты минæвæрттæй бирæтæ банкъардтой классон æмзонддзинад, тох кодтой паддза- хы хицауады ныхмæ. Ахсджиаг историон цаутæй фæсвæд нæ уыдысты Тырысгомы цæрджытæ дæр. Уæз- зау царды гуымиры æгъдæуттæ сын сæ ныфс, сæ хъару нæ асастой, фæлæ разæн- гардæй тох кодтой се ’фхæрджытимæ, бухъ- зæрдæ царды хицæуттимæ, агуырдтой рухс дунемæ фæндæгтæ, йæ хуыздæр хъæбултæ æвдыстой лæгдзинад уырыссаг æфсады рæн- хъыты. Ревоюцийы æмæ мидхæсты азты, Тырыс- гомы фæсивæдæй лæгдзинад чи равдыста, уыдон чысыл нæ уыдысты. Уæдæ Созетон хицауадзинады фыццаг азты крллектнви- зацийыл ^уыд æхсызгон æмæ цинимæ сæм- вæлдысты!.. Фыццаг скъолатæ, газет, чиныг- æппæт дæр рухс кодта хохаджы зæрдæ, йæ мæгуыр къæс. Цадæггай аивæй-аив^æр, хъæздыгæй-хъæздыгдæр кодта тырсыйæгты цард, фæзындысты фыццаг ахуыргæнджы- тæ, дохтыртæ, агрономтæ, зоотехниктæ. Тырысгомы фæсивæдæй ахуыры фæндагыл чи рацыд, уыдонæй бирæтæ систы зынгæ ахуыргæндтæ, дохтыртæ, фысджытæ. ныв- гæнджытæ æмæ æндæр ахсджиаг специал- исттæ. Рæстæг цыд, цард куыд фæрнджын æмæ бæркадджын кодта, афтæ уынгæгæй-уынгæг- дæр кодтой Тырысыйы нарæг кæмттæ æмæ уæд адæм ивылын райдыдтой Цæгат Ирыс-- тонмæ, æндæр зæхджын бынæттæм, бæстæ- йы алы кæрæттæм. Æмткæй райсгæйæ, Ты- рысгомы адæм быдырмæ сæ хъус кæй адар- дтой, уый раппæлинаг хъуыддаг у, фæлæ йæ фæстиуджытæй се ’ппæтæй зæрдæ рухс нæ кæны. Афтидæй, æдзæрæгæй баззадысты 79
хъæутæ, уыгæрдæнтæй цæвæджы хъæр нал хъуыст, хуымоны зарæг бамынæг, сойджын сæрвæтты фосы дзугтæ фæкъаддæр сты. хæдэæрттæ, хицæн рæтты æгас хъæут* нырраууат сты. Афтæ зæгьæн нæй, æмæ æнцонæй лыгъ- дысты тырсыйæгтæ быдырмæ. Бирæтæн зын уыд фыдыуæзæгыл къух сисын, цы къона- йыл схъомыл сты, уый арт ахуыссын кæ- нын. Разындис ахæм лæджыхъæдджын, иу- зæрдион адæймæпæ, æмæ не сцыбæл сты хуыздæр царды уавæртæм, зынаргъдæр сын разынд фыдæлты æвадат, фæлæ бæркад- джын зæхх. _^ Зын у фыдыуæзæг ферох кæнын! Кæд цыфæнды дзæнæтон уавæрты æрбынат код- той тырсыйæгтæ, уæддæр бирæтæн сæ зæр- дæ æхсайдта фыдæлты уæзæгмæ æмæ рай- дыдтой хæдзаргай фæстæмæ лидзын. Ба- цалцæг кодтой бирæ азты æдзæрæг æмæ æвæгæсæгæй чи нырраууат, уыцы хæдзæрт- тæ, базылдысты хуымтæм, уыгæрдæнтæм æмæ ныр ардæм сæрды мæйты æрбаздæ- хынц хистæртæ, фæсивæд, сывæллæттæ. Фæлæ цард ам ногæй йæ къахыл сæвæрын æнцон хъуыддаг нæу. Бирæ азты канд æдзæ- рæг хæдзæрттæ нæ ныккалдысты, фæлæ ма раууатмæ æрцыдысты фæндæгтæ, хуым- тæ. сæрвæттæ æмæ уыдон цæмæй раздæрау нывыл уой, уый тыххæй тынг бирæ хъуыд- дæгтæ саразын хъæуы. Административон æгъдауæй Тырсыгом хауы Гуырдзыстонмæ. Ам партион æмæ со- вётон органтæм ис стыр фæлтæрддзинад нырмæ рохуаты чи уыд, уыцы кæмтты фæс- тæмæ адæмы æрцæрын кæнын æмæ цард йæ гаччы сбадын кæныны хъуыддаджы Хæхты бæркад бирæ у. Дызæрдыггаг нæу, Тырсыгомы нырыккон техникон, социалон æмæ культурон уавæртæ арæзт куы ’рцæуа. уæд йæ хъæздыг хуынтæ авд хатты фыл- лæо уыдзысты уыцы мадзæлттыл хардз- гонд фæрæзтæй. Стæй канд экономикон æгъдауæй нæ, фæлæ ма алы комы æвæ- джиауы æрдзон фадæттæ ис санаторитæ, турбазæтæ æмæ æндæр спортивон бынæт- тæ саразынæн. Æнæаргъæвгæ фарст у Тырсыгомы цард нывыл саразыны хъуыддаг. Бацалцæг хъæуы Ирон литературон критикæ, куыд бæ- рæг цæуы, афтæмæй фылдæр баст уыд хи- цæн уацмыстимæ, нывгæнджытимæ, хицæн уацты, хъуыдыты, идеяты хуызы, ома æх- хæст кодта литсратурæйæн æххуысгæнæ- джы роль, фæлæ йæхæдæг нæ уыд литера- турон царды сæрмагонд æмæ хæдбар фор- мæ. Нæ критикæ тынг кæнын куьг байдыд- та, йæ рæзтæн объективон фадæттæ куы фæци, критикы курдиат æмæ тырнындзи- нæдтæй хайджын адæймæгтæ нæм куы фæ- зынд, уæд та йыл тынг бандæвдтой про- хъæуты, цæрæн хæдзæрттæ, базилын хъæуы хуымтæм, уыгæрдæнтæм, сæрвæттæм æмæ уæд хæхтæ сæ бæркадджын къæбицты дуæр- ттæ парахат Оайгом кæндзысты. Эконо- мисттæ куыд бахыгътой, афтæмæй Тырсы- гомы фосхизæн сæрвæтæ сæрдыгон фаг сты сæдæгай мин дзугтæн. Уæдæ æвæджиауы хъæздыг æвæрæнтæй дæр цух нæу сæудæ- джерадон хомаг æрмæгæй Тырсыгомы су- æрттæ æвæджиау хорз фадæттæ дæттынц санаторитæ саразынæн. Цæмæй æппæт ранымад хæрзиуджытæ Тырсыгом ралæвар кæна, уый тыххæй са- разын хъæуы æппæт дæр уымæн, — йæ хæрдзтæй йæ пайда бирæ ахадгæнæр у. Æппæт дæр аразгæ у фæндагæй. Тырсыго- мы фæндæгтæ раууатмæ раджы æрцыдыс- ты. Коммæ бацæуæн Хъасарайы нарæджы фæндаг æдзæллаг уавæры кæй ис, уый би- рæтæн сæ ныфс асæтты, сæ бæллицтыл сы" дур афæлдахы, æндæра афонмæ бирæтæ раз- дæхиккой ардæм цæрын æмæ фæллой кæ- нынмæ, фæлæ фæндаджы арæзтад иу азæй иннæмæ æргъæвд цæуы æмæ бæрæг дæр нæу, кæд æй райдайдзысты, уый. Кæнæ электрон рухс. Цалдæр азы размæ адæмы курдиаттæм гæсгæ сагъд æрцыдысты цæ- джындзтæ, фæлæ электрон рухс судзы æр мæст дыууæ хъæуы. Иннæ хъæутæм цы цæ- джындзтæ сагъд æрцыд, уыдон Терчы дон- марæны лæууыдысты. æмæ сæ ивылды за- ман раласта. Ивылд Терк канд цæджындз- тæ нæ фæласта, фæлæ ма комы хъæутæм фæндæгты æмæ хидты дæр. Афтæмæй ам цæрынæн амал нæй. Фосдарджытæ бирæ рæстæг уый аххосæй хъуаг феййафынц хæлц, уæлæдарæс æмæ æндæр фæрæзтæй. Адæмы фæнды кусын, фæллой кæнын пад- дзахадæн, æхсæнадæн исты ахъаз фæуын. фæлæ уымæ æппындæр хъусдард нæй Хъа- зыбеджы районы партион мæ советон ра- замонджыты ’рдыгæй. Тынг зын бамбарæн у, хъуыддаг ахæм æдзæллаг уавæры цæмæн ис, уый. Ахсджиаг экономикон æмæ культурон ахадындзинад ис Тырсыгомы цард нывыл сæвæрынæн æмæ уый фæстæмæ æргьæвгæ нал у. леткультон-раппон лозунгтæ æмæ теоритæ. Уымæ гæсгæ дыууынæм æм.æ æртынæм азты, æвзонг ирон советон литературæйæн æмткæй хар’актерон куыд уыд, афтæ ли- тературон критикæ дæр аив уацмысы хуы- зы фылдæр уыдта царды цауты социологон эквивалент, аивадон уацмыс хъуамæ ахс- таид «историон архивы æцæг документы бынат». Ардыгæй — йæ критикон домæнты иувæрсыгдзинад,. арæх-иу вульгарон социо- логизмы дæлбазыр чи балæууыд. Уый æп- пæрццаг хуызы æндæвта критикон уацты дæсныйадон амæлттыл, сæ сюжетон-компо- г*33&**ЗВ ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР 20—30-æм АЗТЫ ЛИТЕРАТУРОН-КРИТИКОН УАЦТЫ ИУÆЙ-ИУ ЖАНРОН СÆРМАГОНДДЗИНÆДТЫ ТЫХХÆЙ 80
зицион амадыл, къуындæг сын кодта сæ жанрон-стилон алыгъуызондзинæдтæ. Фæлæ литературон-критикон хъуыды уæддæр рæзыд диалектикон æгъдауæй, мид æмæ æдаг ныхмæдзыдтæ æвзаргæ «емæ сæтгæ, позитивонæй дзы цы уыд, уый йæхи нæ сусæг кодта. Нæ уыд раппон кри- тикæ дæр иууыл иугъæдон, иумыггагон, йæ хуыздæр архайджытæ æмæ хицæн уацты хуызы уьтй хъахъхъæдта аивады марксист- он-ленинон принциптæ, традицийы хуызы æнцой кодта раззагон революпион-демо- кратон литературон æмæ эстетикон хъуы- дыйыл. Критикæйы нæм чи архайдта æмæ йын хæрза’хъаз кæй куыстытæ фесты, уыдон уыдысты алыгъуызон пардон æмæ эстетикон фæлтæрддзинадимæ. Иу нæ уыдысты, ли- тературон æмæ культурон арæзтады цы позицитæ ахстой, уыдон дæр, фæлæ се ’ппæты дæр кæрæдзийæн хæстæг кодта иу æмæ сæйраг идея, — ног, социалистон æх- сæнад аразьшы хъуыддагыл æнувыддзи- нады идея. Гæдиаты Цомахъ, Бекъойты Гиуæрги, Тыбылты Алыксандр — адон уыдысты Ок- тябры революцийы агъоммæйы ирон ахуыр- гонд фæсивæды хуыздæр \минæвæрттæй, ног социалистон культурæ аразынмæ æр- чыдысты æндæр æмæ æндæр фæндæгтыл. Цомахъ — профессионалон революционер. Сыбыры каторгæ бавзарæг, Къостайы рево- люцион эстетикон традицитыл хъомылгонд æмæ уыдон комкоммæ дарддæргæнæг, ирон литературæйы социалистон реализмы аива- дон принциптæн бындураразæг. Гиуæрги— уый хицæн кодта йæ иумæйаг демокпатон цæстæнгæстæй цардмæ æмæ аивадмæ. Наци- он химбарынад, национ сæрибардзинад æмас прогрессы идея кодта сæрæвæрæн йæ алы хъуыддагæн: ирон æвзаг стыхджын кæнын, ирон рæсугъд æгъдæуттæ, фæтктæ бахъахъ- хъæнын, ирон чиныджы хъуыддаг срæвдз кæнын, адæммæ рухсдзинад бахæссын, ад- он уыдысты йæ ’ царды стырдæр нысан. Алыксандр — ахуыргæнæг, рухстауæг. Ре- волюци куы фæуæлахиз, уæдæй йæ царды фæстаг бонмæ йе ’ппæт тыхтæ лæвæрдта ирон литературæ пропагандæ кæнынæн, лите ратуоон фæсивæды хъомыладæн. Адонæй дыууæ фыццаджы æмткæй хауынц дыууынæм азтæм, фæлæ æртынæм азты литературон критикæйы хъуыддæгтæ дæр баст сты уыдон архайдимæ, æртык- каг — Алыксандр та æмхуызон активон ку- сæг уыд дыууæ дæсазы дæр. Уыдон фæдыл комкоммæ цæуы Нигер Иæ разы цы литературон-критикон фаосты- тæ æвæрдта æмæ сын цы амæлттæй лæ- вæрдта дзуапп, уымæй хæстæгдæр лæууыд Цомахъмæ. Фæлæ уый уæддæр хауы ирон литературæиртасджытæ æмæ критикты ног- дæр (Ьæлтæрмæ. Æндæр æмæ æндæр фæндæгтыл куыд цыдысты сæ нысанмæ, афтæ фæйнæгъуызон у сæ литературон-критикон уацты хъæд дæр. Цомахъы уацтæ, типон мыггагæй ре- волюцион-демократон литературæмæ ли хауы, оæ разы æвæрдтой æргом социологон нысæнттæ, публицистон амæлттæй архай- гæйæ. Литературон-пропагандистон æууæл куыд хастой, уымæ гæсгæ сæ фысты хъæды 1 В. И. Баранов, А. Г. Бочаров, Ю. критика, 1982, 142 ф. сæйраг миниуæг у публицистондзинад Ты- былты Алыксандры литературон æмæ кри- тикон уацтæн дæр. Бæоæг бæрнæй акаде- мион æрмдзæф хæссы Бекъойты Гиуæргийы критикæ. Уыцы æууæл ын цæуы, кæуыл ахуыр кодта, уыцы уырыссаг литервтурæ- зонæны академион скъолаты æндæвдадæй. Æмткæй та ног дунембарынад биноныг кæныны, цардмæ æмæ аивадмæ алыгъуы- зон цæсгæнгæсты ныхмæдзыд ахастыты заман — 20—30-æм азты ирон критикты агурын æмæ æвзарын нæ хъуыд сæ тохы мадзал, уый уыд цыргъ, йæ нысаныл ком- коммæ чи хъуамæ >æмбæлдаид, ахæм пуб- лицистон ныхас. Барахъты Гино, Хъуылаты Созырыхъо, Къосыраты Сæрмæт. Фæрнион, Дзанайты Сергей, Бæдоаты Хъазыбег, Дзагуырты Гуыбади æмæ иннæты критикон уацты стилæн характерон уыдысты хуыздæр хъуыддагæн — раппон-зиууон-социологон, ’æвзæрдæрæн — вульгарон-социологон æу- уæлтæ. Литературон-критикон хъуыдыйы рæзт нын куыд æвдисы, афтæмæй хицæн исто- рион-литературон периодты ахадгæдæр, активондæр вæййынц иу кæнæ иннæ жанр- гæ. Банысангонд рæстæджы ирон газеттæ æмæ журналты цы бирæ æмæ алыгъуызон æрмæг мыхуыр цыд, уый ам æвзæрст цæуы ахæм принципмæ гæсгæ: критикон анализæн цавæр хъуыддаг, цавæр объект истæуы — а) хицæн аивадон уацмыс, æ) литературон процесс æви б) хицæн фысæг. Уымæ гæс- гæ дихгонд цæуынц ахæм жанртыл — ли- гературон-критикон хуызтыл: а) рецензи, æ) критикон уац æмæ б) сфæлдыстадон портрет. Æркæсæм сæ алкæмæдæр хицæн- тæй. Р Е Ц Е Н 3 И. Уæлдай активондæр нæм уыд ацы жанр. Уымæй райдайы кри- гикæ. Иæ хæстæ, йæ нысæнттæ дардыл не сты — æрмæстдæр хицæн уацмысы аргъ базонын. Фæлæ уымæй рогдæр нæ кæны йæ фыссыны хъуыддаг: «Без умения проана- лизировать и оценить отдельное произве- дение нельзя разобраться и в литератур- но-художественном процессе»1. Æмæ ин- ♦ нæрдæм дæр: литературон процесс куынæ æвзара критик. уæд раст идейон æмæ аива- дон аргъ скæнæн нæй хицæн уацмысæн дæр, нæ йын бацамондзæн йæ бынат лите- ратурон процессы. Уымæ гæсгæ рецензент хъуамæ хайджын уа критикы дард уынæг цæетæй. Ахæмтæ та нæ критикты ’хсæн уыди, фыццаг бакастæй-иу уацмысы аргъ æмæ йæм литературæйы цы бынат æмбæлы, уый чи базыдта. Цомахъ сæрмагондæй ре- цензитæ дæр нæ фыста Хъайтыхъты Геор æмæ Хуытъинаты Цыппуйы æмдзæвгæты æмбырдгæндтыл — йæ критикон аргъгæнд- тæ бæрцæй сты чингуыты фæрстыл æмдзæв- гæты ныхмæ фæнысангонд хицæн фиппаи- нæгтæ. Фæлæ уыдон æддейæ (литературон процесе)æй), мидæмæ '(хицæн уацмысмæ, чиныгмж< ’æппынфæстаг—-(æвзонг поэты сфæлдыстадмæ) пухсы таг ахæм хуызы уагъ- той, æмæ нын æвдисынц хицæн уацмысты, чингуыты, æмткæй авторты ахаст дæр цард- мæ, литературæмæ. Критик федта цард æмæ æвзонг поэтты сфæлдыстады ’хсæн гом бынат. И. Суровцев. Литературно-художествецная б. «Фидиуæг» № 2 81
Ома хъуыддаг рецензийы асы нæй, фæ- лæ аргъгæнæджы ныхасы, литературон процёссы йæ цæст цас арф уыны, уый’ ми- дæг. Рецензийы къаннæгдæр хуызыл нымад у аргъгæнд (отзыв). Ахæм аргъгæндтæ фыл- дæр хатт фæфыссынц мыхуыры рауадзы- нæн нæ, фæлæ уацмыс мыхуырмæ саккаг кæнынæн, йæ иумæйаг аргъ ын базонынæн. Ахæм аргъгæндтæ бирæ фыст цыд Ир- он историко-филологон æхсæнады. Фæстæ- дæр сæ мыхуыры рауагътой ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты фыццаг чиныджы хроникæйы хайы. ’ Мæнæ ахæм аргъгæнды хуызæг — Ты- былты Алыксандры «Цомахъы Ленин—Уль- янов»2. Разæй чыныджы автор æмæ кæм ра- цыд, уый кой, дарддæо йæ мидисы тыххæй: Ленины цард æмæ Коммунистон партийы истори сты æнæфæхицæнгæнгæ. Иæ фæдыл чиныджы актуалондзинады тыххæй: «Ирон кусæг адæм хъусынц Ленины кой, фæлæ йын йæ цард æмæ йæ куысты. хабæрттæ дзæбæх нæ зонынц. Цомахъы чиныг... стыр хæзна у ирон кусæг адæмæн». Ие ’взаджы тыххæй дæр цалдæр дзырды, ома, фыст у кусæг лæгæн æнцонæмбарæн æвзагæй. Рецензийы ацы хуызы ирон коитикæйы уæлдай арæхстджындæр уьтд Бекъойты. Гиуæрги, фылдæр сæ фыста Ирон истори- ко-филологон æхсæнады кусгæйæ æмæ уый бахæсмæ гæсгæ. Уыдон сты, уацмысы апп æмæ йын цы аргъ ис, уый тыххæй иу- уыл æлхъывддæр зæгъыны дæнцæг. Иæ академион аргъгæндтæ нын дзурынц йæ арф эрудицийыл. хъæздыг сты сæ мид- жанрон алыгъуызондзинæдтæй. ’ Иæ хуыздæр аргъгæндтæм хауынц, 1925 азы хуыздæр драмон уацмыс ныффыссыны сæраппонд расидгæ конкурсы пьесæтæн кæй ныффыста, уыдон, фæстæдæр сæ баиу кодта," разбацæуæн æмæ сын кæ- ронбæттæн ныхæстæ ныффыста æмæ сæ хицæн уацы хуызы ныммыхуыр кодта ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты дыккаг чины- джы3. Фæлæ уыдон уæддæр нæ ахызтысты сæ жанрон æууæлы сæрты, уæддæп сты аргъгæндтæ, æрмæст иу сæры бын. Уыдон мидæг загъд æрцыд иумæйаг хуызы, фæлæ бæлвыодæй Цомахъы «Амондмæ цæуджы- ты», Хъуысаты Димитры «Зауырбег», Къу- балты Алыксандры «Алгъуызы мæлæты» æмæ Хъоцыты Бидзинайы «Æгъдауы сæрыл хæст»-ы идейон æмæ аивадон мидисы тых- хæй æцæг ныхас, суанг цалынмæ сæ чиныг- кæсджытæ æмæ театрдзаутæ дæр нæма ба- зыдтой, уæдмæ. Сæрмагондæй банысанкæнинаг у иалдæр хъуыддагæй Малиты Гиуæрги, Гулуты Ан- дыри æмæ Æмбалты Цоцкъойы чингуыты тыххæй фыст рецензи дæр. Ам рецензенты цымыдисдзинад йæхимæ аздæхта иу хъуыд- даг, æмæ уый канд ацы чингуытæм нæ хауд, уый уыд, нæ иуæй-иу фысджытæ, уыцы нымæцы Гиуæрги æмæ Андыри дæр, сæ мадæлон æвзаджы бæсты арæх уырыссаг æвзагыл кæй фыстой сæ уацмыстæ, уый. Цыбыр дзырдæй, рецензийы æвæрд æрцыд сфæлдыстадон куысты билингвизмы фарст, комкоммæ рецензимæ чи нæ хаудта, фæлæ проблемон уацы дзуринаг чи уыд. Билин- гвизм та конкрегонæй Гиуæрги æмæ Ан- дырийæн уыд се сфæлдыстадо^ куысты сæрмагонддзин’ад, ома, æцæгæй уыд ацы дыууæ поэты сфæлдыстадон портрет ара- зæг хай. Афтæмæй мах æвдисæн стæм иу къаннæг уацы критикæйы сæйрагдæр жанрты хицæн хуызтæн. Жанрты ’хсæн ахæм диффузийыл æм- бæлæм арæх æмæ уый нæу миййаг рецен- зенты хæстæ не ’мбарын, кæнæ рецензийы жанрон æууæлтæ ницæмæ дарын, фæлæ закъонбæрцон фæзынд литературон крити- кæйы практикæйы. Æмткæй уæды рецензитæм уыд ахæм миниуæг, æмæ-иу автортæ сæхицæн уæл- хæсыл нымадтой алфæмбылай æхсæнадон æмæ литературон царды фалдзус, ома, уа- вæр æрфыссын, хатт-иу рецензиимæ æнæ- мæнгхъæуæг композицион иудзинад куы нæ арæзтаид. уæддæр. Уый дæр æмбаринаг у бæрæг уавæртæй: уацмыс хъуамæ æххæст кодтаид бæлвырд социалон закъаз. Нæ хъуыды равдисыны тыххæй , æркæсæм Ты- былты Алыксандр æмæ Нигеры рецензи- тæм. Дыууын фарастæм азы «Фидиуæджы» цыппæрæм номыры фæзынд Алыксандры рецензи Хъуылаты Созырыхъойы радзыр’д «Æфсæнуæйыг»-ыл. Созырыхъо уыд, социа- листон Ирыстоны ног царды бæрджытæ цырддзастæй чи ахста æмæ сæ аив ахорæн- тæй чи æвдыста, уьшы нывгæнджытæй. Алыксандр та цин кодта растдæр ахæм уацмыстæ æмæ фысджытыл: аив уацмыс æмæ аив нывгæнæг хъуамæ цыдаиккой цардьт æцæгдзинадæй, се ’хсæн хъуамæ уыдаид аххос’ æмæ фæстиуæджьт æнгом бастдзинад. Аххос, ома, радзырды социа- лон-психологон фалдзус кæй хонæм, уый зынгæ бынат ахсьт ацы рецензийы, канд идейон æгъдауæй нæ. фæлæ физикон æгъ- дауæй дæр — рецензийы гуырахстæй уы- мæн лæвæрд ис дыууæ æртыккæгæм хайьт: чи у Хъуылаты Созырыхъо, куыд рæзы социализм, куыд æвзæрынц заводтæ, фаб- риктæ, куыд ныллæууыдысты Ирыстоны хъæутæ коллективизацийы фæндагыл, иу- тæ — зæрæдтæ йæ куыд не ’мбарынц æмæ нæ уарзынц, иннæтæ — фæсивæд æй куыд уарзынц æмæ йæ сæрыл куьтд хæцынц (уьтй у радзырды сюжет дæр). Чиныджы фæрс- тæй уый ахсьт цьтппар фарсьт, иу фарс æмæ дзьт æрдæджы бæрц та лæвæрй цæуы кон- кретонæй радзырды фæлгонцон-эмоцион хай анализ кæнынæн. Афтæ, æмæ Алыксандр фыццаг рады æвæрдта критикы публицистон хæс, ног литературон уацмыстæ æмæ фысджыты пропагандæ кæныны нысæнттæ, критикæ. 2 Газ. «Хурзæрин», 1925, № 4. 3 Уацыл ном æвæрд нæй æмæ. уымæ гæсгæ, йæ автор чи у, уый дызæрдыгдзинад æвзæрын кодта. Уæддæр 1982 азы Бекъойты Гиуæргийы чиныг мыхуырмæ куы цæттæ кодтон, уæд уыцы уац æз бахастон уырдæм. Ахæм бар мын лæвæрдта уацæн абаргæ стилистикон анализ саразыны бындурыл цы хатдзæгмæ æрцыдтæн, уый. Фæстæдæр^ Цæг. Ир-ны паддзахадон архивы кусгæйæ, æнæнхъæлæджы ссардтон ацы уац Бекъой- гы Гиуæргийæн йæхи къухæй фыстæй, йæ быны йæ ном æмæ мыггаг æвæрд. Афтæ- мæй мæ хъуыды разынд раст. 82
кæны, уæддæр тынг хъавгæ. Уырдыгæй æв- зæргæ у рецензийы стиль дæр, — æппын- æдзухæй йæ зæрдыл дары чиныгкæсæджы, хъуамæ йæм фæхæццæ кæна фыссæджы уацмые. райхъал ын кæна йæ цымыдис- дзинад: «Мæ дзырд кæй нæ уырны, уый бакæсæд Хъуылаты Созырыхъойы фæстаг таурæгъ «Æфсæнуæйыг», «йæ тæккæ хорз рæстæгыл рацыд «Æфсæнуæйыг», «хæрз- конд, хæрзæлвæст рауадис Хъуылаты Со- зырыхъойы ног, таурæгъ», ахæм аргъгæ- нæн ныхæстæ дзурынц нæ хъуыдыйы рæст- дзинадыл. Сæ дыууæйы дæр уарзта, аф- тæмæй лæууыд фыссæг æмæ чиныгкæсæджы ’хсæн, сæ иуы иннæмæ хæстæг кæнгæйæ. Уыцы курдиатæй ничи уыд хайджын Алык- сандры хуызæн, уымæн та къаддæр ныса- ниуæг нæ уыд Ирыстоны дыууынæм-æрты- нæм азты .литературон царды. Куыд Алыксандримæ абаргæйæ, афтæ æмткæй дæр цасдæр бæрцæй æндæргъуы- зон ахаст уыд Нигер-рецензентæн куыд аив уацмысмæ, афтæ нывгæнæгмæ дæр. Уый тынгдæр уыд аналитик, йæ цæстынгас фылдæр здæхта уацмысы хуылфмæ. Æниу публицистондзинад хæссынц уый рецензи- тæ дæр, фæлæ къаддæр хæдбарæй. Бæрæг сты ацы миниуджытæ Дзесты Куыдзæджы радзырдты чиныджы тыххæй фыст рецен- зийы4. Ам уый фыссæг æмæ чиныгкæсæджы ’хсæн лæууæг нæу, се ’хсæн ахастытæ йын не сты сæйраг, сæйраг ын~ сты уацмыс æмæ авторы хъуыддæгтæ. Кæд-иу раппон-социологон критикæйы тæфаг фæхæццæ Алыксандр æмæ Нигеры рецензитæм дæр, уæддæр æппæт иннæты ’хсæн тынгдæр ахадæн уыдысты, уæлдай- дæр 30-æм азты, Цомахъ удæгас куы нæ уал уыд æмæ Гиуæрги та активон лите- ратупон к^ыстæй иувапс куы ацыд, уæд. КРИТИКОН У А Ц.. Литературон критикæйы жанрты ’хсæн ахсджиаг ныса: ниуæг ис критикон уацæн Сæйраг факттæ, фæзындтæ, хабæрттæм гæсгæ баиугонд хат- дзæгтæ кæнгæйæ, уымæн йе ’ргом ^здæхт у литературон процесмæ, æвдисы йын йæ хъаймаг миниуджытæ, проблемæтæ ^ æмæ сын хæссы йæ тæрхон дæр. Афтæмæй йæ- хи рады критикон уац у литературон. про- цесс ифтонггæнæг мадзал дæр. Критикон уацты бирæ алыгъуызон хуызтæй банысангонд рæстæджы ирон кри- тикæйы арæхдæр æмбæлæм: литературон ахуыры уацтыл, полемикон уацтыл, уацтæ- фыстæджытыл, афæлгæстон иацтыл. Стæм уыдысты уæд дæр æмæ уый фæстæ дæр нæ критикæйы, теоретикон здæхт кæмæн ис, ахæм уацтæ. фæлæ дыууынæм-.æртынæм азты сæ хъуагдзинад нæ литературон кри- тикæйы уьтд уæлдай ахадгæдæр. Критикæ тынгдæр баст уыд факттæм. Факттæ, фæ- зындтæ, хабæрттæ иу кæнын æмæ уыдон бындурыл баиугонд хатдзæгтæ аразыны арæхстдзинад нæма уыд нæ критикæмæ. Цæвиттонтæ бирæ ис уый тыххæй æрхæс- сæн, фæлæ фаг у ракой кæнынæн Фæрни- он Къостайы уац «Большевикон дуджы аивад»'' дæр. Аивады цард-зонæн хъомыс 4 «Мах дуг», 1934, № 1. 5 «Фидиуæг», 1931, №10—11.' 6 «Размæ». 1928, № 2. 7 Уый дæр уым. æмæ дæсныйадон миниуджыты тыххæй иу- æй-иу раст хъуыдытæ зæгъгæйæ, конкретон хъуыддæгтæ æмбарын кæнынмæ куы ра- хызт, уæд æмткæй дæр балæууыд вульга- рон социологизмы дæлбазыр. Ахæм вазыг- джын фарст, куыд æхсæнады социалон-по- литикон формаци æмæ аивады æмахасты проблемæ, Фæрнионмæ хæссы цахæмдæр статйкон æууæл. Автормæ гæсгæ аивадон ирогресс комкоммæ баст уыд адæмы фæр- ныг цардимæ, — аивады фарсты вульгарон социологты сæйраг рæдыдтытæй иу. . Бæрæг рæстæджы —] дыууынæм ’язты дыккаг æрдæджы — æртынæм азты райди- ан арæх мыхуыр цыдысты литературон ахуыры уацтæ, сæрмагондæй сфæлдыста- дон куыстмæ йæ хъус чи дардта, уыцы фæсивæдæн -æмæ уыдон фыстытæ анализ кæныны тыххæй. Фылдæр сæ мыхуыр код- той газет «Рæстдзинад»-ы литературон уæлæмхасæн «Размæ»-йы. Сæ иумæйагдæр миниуæг уыд литературон-сфæлдыстадон куысты иууыл хуымæтæгдæр зонындзинæд- тæ амонын, дæсныйадон цайдагъдзинæдтæ æмбарын кæнын. Сæ автортæ райдайæг фысджытæй домдтой æртæ сæйраг хъуыд- даджы: ахуыр кæнын, хикритикæ æмæ фыс- сын (аив уацмыстæ фæлдисын). Кæд уац- тæ иу нысанæн фыст цыдыты, уæддæ^р сæ чи фыста, уымæ гæсгæ хицæн кодтой сæ эстетикон домæнтæ æмæ критеритæй. Се ’хсæн-иу фæзындис ахсджиаг сфæлдыстадон фарстытыл фыст уацтæ дæр. Ахæм уыд Бе- къойты Гиуæргийы къаннæг уац — «Ахуыр — фылдæр, фысгæ уал — къаддæр»6. Гиуæрги нæ бамбæхста йе ’нæразыдзи- над, «Рæстдзинад»-ы редакци йæм цы къух- (Ьыст æмдзæвгæтæ радта, уыдонæй, æмæ йæ тæрхон уыд цæхгæр æппæрццаг. Æниу дзы автор никæцы æвзонг фыссæг æмæ ни- кæцы уацмысы кой ракодта, уымæн æмæ сæм аивадон сæрмагонддзинадæй ницымг уыд бафиппайæн. Райдайæг фысджыты хъусдард Гиуæрги иууылдæр аздæхта ахуырмæ, зонындзинæдтæ райсынмæ. Уы- мæн æмæ критик хъуыды кодта, — фыссæг хъуамæ зона бирæ: «Курдиат стыр куы нæ уа фыссæгмæ, афтæмæй уæддæр теори* хорз куы зона, уæд адæмæн пайда чи уа, ахæм уацмыстæ фыссын йæ бон бауыдзæн. Æнæ теори зонгæ та курдиатджын фыс- сæг дæр уыдзæн кæддæриддæр æнахъом. æдых»7. Кæстæртæн се сфæлдыстадон куысты амынддæттæг уацтæ арæх фыста Гулуты Андыри дæр. Уый райдайæг автортæн амыд. та, цæмæй рæсугъд æлвæст фыссыны хъуыд- даджы фæзмой Хетæгкаты Къоста æмæ Гæдиаты Цомахъы. Сæйраг рифмæ нæу, зæгъгæ, сæйраг у уацмысы апп, уый Фæстæ йæ рифмæтæй дæр сфæлындз. Андыри йæ ныхас æрæфтыдта бæрæг-бæлвырд авторты тыххæй æмæ сын сæ фысты хъæд бафауд- та «бæгънæг» агитациондзинадæй. Фæлæ, пролетлитературон критикты амындтæ фæл- хатт кæнгæйæ, Андырнйы амындтæ сæх1æдæг дæр иууыл æнаипп нæ уыдысты. Иæ хъуы- дымæ гæсгæ фыссын нæ хъуыд рагон цар- 83
дыл, хур, дымгæ, мигътæ æмæ стъалытыл, уымæн æмæ, дам, уыдон пайда не сты. Ахæм уыд «Размæ»-йы редактор Барахъты Гинойæн йæхи хъуыды дæр, æмæг зæгъæн ис, Андыри дæр зонгæ-зонын фæлхатт код- та уый, æндæра йæхæдæг йæхи сфæлдыс- тады ахæм зондыл лæуд нæ уыд. Тынгдæр раппон позицитæй фыста йæ литературон ахуыры уацтæ Дзанайты Сер- гей. Гиуæрги æмæ Андырийы хъауджы Сергей литературон-сфæлдыстадон амынд- тæ лæвæрдта канд кæстæртæн нæ — хис- тæртæн дæр, уыны нымæцы Нигерæн дæр. Амыдта йын, зæгъгæ, «Фыссын хъæуы цин- гæнгæ, хъæлдзæгæй»8. Эклектизм уыд оæ сæйрагдæр сæрмагонддзинад уый фысты- тæн, не ’нцой кодтой исты бæлвырд зона- дон хъуыдыйыл. уымæ гæсгæ нæй зæгъæн, зæгъгæ, æвæрццаг хуызы æндæвтой рæзгæ литературон фæсивæдыл. Æмткæй 20—30-æм азты аив литерату- рæйы фарстыты фæдыл æмбаргæ ныхас чи кодта, уыдон се ’ппæт дæр сæ зæодæмæ хастой ахæм хъуыды: фæсивæдæй тынг бирæ ис, йæ хъус сфæлдыстадон куыстмæ чи дары, афтæмæй иумæйаг ахуырад æмæ литературæйы теорийæ та æдзæттæ сты, уымæ гæсгæ-иу вазыгджын историон-литепа- туоон фарстытыл дзургæйæ дæр архайд- той. сæ ныхас хуымæтæгдæр, æнцондæр^- æмбарæн куыд уыдаид, ууыл, сæхи хызтой сæрмагонд терминтæй. уæзбын зонадон стилæй. Иуæй-иу литературæзонæн уацтæ та сæрмагондæй адрисгонд уыдысты лите- ратурон фæсивæдмæ. * Номхуындæй ахæм сты Нигеры литеоатурæзонæн уацтæ — «Пушкины поэтикæйы тыххæй цалдæр дзыр- ды», æмæ «Къостайы поэтикæйы тыххæй»9. Фыццаг уацы Нигер комкоммæ зæгъы: «Æз мæ разы æвæрын ахæм хæс: ирон райда- йæг поэттæн кæд чысыл феххуыс кæнин Пушкины поэтикæйы тыххæй...»10 цæмæй сын æмбæрст уыдаиккой, ахуыр сыл код- таиккой, механикон æгъдауæй нæ, (Ьæлæ зонгæ-зонын, истаиккой сæ традицийы хуы- зы. Фæлæ ирон райдайæг поэттæн уый иу- уыл пайдадæр та уыдаид, сæхи мадæлон æвзагыл фыст æрмæгæй йæ куы оавдыста- ид, уæд. Æмæ уый тыххæй æркаст Къоста- йы поэтикæмæ, уый у лæмбынæгдæр фыст. Ногдзинад хæссыны хуызы æмдзæвгæйы æд- даг, формалон æууæлтæм уæлдай хъусдард куы здæхтой æмæ схематикон фыст куы саоæх уæд Нигерч йæ мид-зæрдæйы загъта: «Классикты лнтературон техникæ хорз ба- зонгæйæ, ирон фысджытæ тагъддæр фæ- хæст уыдзьтсты литературон дæсныйады эле- менттыл». Æмæ дарддæр: «Тынгдæр æххуыс нын фæуыдзæн ацы ран Къоста, ирон аив литературæйы бындурæвæрæг æмæ йæ ко- рифрй/ирон литературон æвзаг саразæг»11. Иумæйаг грамматикон æмæ сыгъдæг поэтикон фарстытимæ иумæ дзырдаразын æмæ дзырдфæлдисыны æгъдæуттæ, троптæ æмæ æмдзæвгæамады алы хуызтæй дарддæр Нигер дзырдта литературæзонæны методо- * «Рязмæ» 1930, № 2. 9ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдтæ, 1940, IX т. 10 Уый дæр уым. иУый дæр уым, 120 ф. 12«Размæ», 1928, №2, №3. # «Рæстдзинад», 1928, № 52. логон фарстытæм хауæг хъуыддæгтыл дæр, зæгъæм, формализм (модернон аивады бæ- рæг-бæлвырд цыдад) æмæ формæ (поэти- кон уацмысы æууæл), стæй формæ æмæ мидисы, аивад æмæ æхсæнадон царды кæ- рæдзимæ ахастытæ æмæ æндæртыл. Уыдон дæр ахæм хуызы, ц’ыма æнахуыргонд æмæ сфæлдыстадон куысты дæр нырма æдзæттæ чи уыд, уыцы фæсивæдæн уыдаиккой цæст- уынгæ æмбæрст. Литературон зондамонæн æууæл хас- той «Размæ»-йы редактор Барахъты Гино- йы уацтæ дæр, фæдæ уый уæддæр йæхи тынгдæр æппæрста литературон быцæу- тæм — полемикон ныхасмæ, уымæ гæсгæ сæ зондамонæг-ахуыргæнæджы роль кæронмæ хъахъхъæдгонд нæ цыд, ивта. Гино йæ по- лемикон уацты æмхиц уыд юмоомæ, уæоæх пайда кодта иронийы амæлттæй дæр. Уы- цы миниуæг сын дæтты сæрмагонд хæдхуыз, сты æнцонкæсæн. Ахæм уацты, куыд «Ца- вæр критикæ хъæуы мах?». «Мæнæ дæр та»12, «Мæсты кæнынц æгæр»13 æмæ æн- дæрты ирониздæхт ’цырын кæны сæ полеми- кон цыргъдзинад дæр. Полемикæ кодта канд хицæн фысджытимæ нæ, — уацмыстæ мыхуыры уадзæг редакпитимæ дæр. Фыц- цаг уацы — «Цавæр критикæ хъæуы мах?», зæгъгæ, уыдон уым сты журнал «Фидиуæг» æмæ йæ автортæ. Æвзонг поэттæ Æхсæр- дзæн, Фæрнион æмæ Мамсыраты Дæбейæн ’се ’мдзæвгæтæ фаудта æнкъарддзинад æмæ есениншинæйæ æмæ сыл’ кодта иронихæц- пæ худт. Куы та-йу йæ ирони рахызт сап- казммæ: «Мæнæ дæр та иу хорз къæссайы комыл хæцæг — Фæрнион Къоста». Поэт йæ иу æмдзæвгæйы фыста: «Иунæг у ме- ’мбал — мæлæт». Гино йын бафиппайдта: «Уый дæр бæззы. Раст дæ аккаджы фæн- дагыл лæуд фæдæ». «Фидиуæг» рагон цардыл фыст уац- мыс — «Фæтæг Алгъуызы мæлæт» кæй ным- мыхуыр кодта. уый бадардта редакцийы пæстмæ, бафиппайдта йын: «Размæ æви фæстæмæ?» Ома, ивгъуыд цардыл ма пæ- мæн хъæуы фыссын. Афтæ Хетæгкаты Да- уыты æмдзæвгæты тыххæй дæр, иыран «фынтæ уынынц рагон мæсгуытæ». «Нафы бадынц хох æмæ къохæй», ома, Октябры революци сæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Фар- ста: «Цы хабар у, цы, «Фидиуæг?» Тæрсын кæд ын, махау, ды дæр ницы æмбарыс?..» Гино, йæ ирони цыргъдæр куыд уыда- ид, уымæн агуырдта æндæр æмæ æндæр амæлттæ: уацмысы автор-иу цы хъуыды загъта, уымæн-иу критик скодта пародион кæоон. арæхдæр йæхи ныхя^стæ ^ыхты ба- вæргæйæ, мæнæ афтæ: «(Æмæ Тамарæмæ æндæр хъуыды дæр куыд æрцæуа хъуамæ? К’оммунист ма цæмæн ныхас кодта йемæ! Комсомолкæ ма цæмæн у?)» Науæд та-иу йæ ирони равдыста дзырдæппарæнтæй, зæ- гъæм. афтæ: «Иу цавæрдæр коммунист (уы- тты фыдбылыз, уый!)». «Скомсомолкæ ис Тамарæ дæо (æллæх, æллæх, цц æтдамоид хабар уыдп!)» æмæ æнд. 84
Ахæм дзырдæппарæнты руаджы критик æвдыста йæ ахаст уацмысмæ, фыссæгмæ, ам, Коцойты Арсен æмæ йæ радзырд «Цы ’рцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв?», зæгъгæ, уым:æ. Цыргъ репликæтæй Гино тынгдæр æргом кодта радзырды персонаж Тамарæйы фæлгонцы æнæхъоладзинад. Полемикон уацты типмæ ахæссын хъæ- уы Къосыраты Сæрмæты фыст альманах «Зиу»-ы дыууæ чиныджы разныхæстæ дæр, кæд полемикæ кæнынæн журналы (альма- нахы) разныхæстæ хуыздæр бынат не сты, уæддæр. Æргом полемикон здæхт ис, «Зиу»-ы фыццаг чиныджы фæзынды тых- хæй Бекъойты Гиуæргийы уацæн дæр — «Не взонг тыхтæ». зæгъгæ. Ам Бекъойты Гиуæргийы уыдон нымæцмæ миййаг нæ хæссын, фæлæ æмткæй пролетарон литера- турон критикæйæн уыд полемикæйы, быцæу ныхасы характер. Фыстæджы хуызы критикон уацтæн фылдæр уыд хисæрмагонд ахаст дыууæ адæймадж’ы ’хсæн диалоджы, кæнæ та ис- кæцы проблемæмæ æмцымыдисдзинады æу- уæлæн, уымæ гæсгæ мыхуыры фæрстæм къаддæр хæццæ кодтой,стæй нæ фысджыты архивты дæр стæмтæй фæстæмæ хъахъхъæд- гонд не ’рцыдысты. У>æддæр нæ бон баны- сан кæнын у цалдæр уацы, уыдон - æхсæн Къосыраты Сæрмæты фыстæг Цомахъмæ, ’ Хъуылаты Созырыхъойы фыстæг Нигермæ æмæ ноджы Нигермæ Коцойты Арсены фыстæг. Адон се ’ртæ дæр баззадысты къухфыстæй ,æм,æ нын дзурынц сæ заманы Ирыстоны литературон царды ахсджиаг фарстытыл. Сæрмæты фыстæг .æргом кæны 20-æм азты ирон фысджыты ’хсæн карз идейон тохы уавæр, æвзонг пролетарон фысджыты ’хсæнад «Зиу»-ы сæвзæрды ис- тори æмæ йæ нысæнттæ. Сæрмæты фыстæг алыгъдауæй дæр у, раппонтæ хистæр фыс- джытæм цы ’нæбарон, зынбыхсæн ахаст дардтой, уый æвдисæг, хицæн кæны йæ ми- дис, йæ фысты стилы дæрзæгдзинадæй. Ахæм хуызы аргъ кæнæм Созырыхъойы фыстæгæн дæр Нигермæ йæ уац, «Цы у, цы уавæр у аив литературæ»-йы фæдыл. Созы- рыхъо дæр нæ иста Нигеры æвæрццаг .ах- аст зæронд культурон бынтæм.' Æндæр ахаст ис Арсекы фыстæгæн. Уый цардвæлтæрд зондæй уынаффæ кодта йæ кæстæр æмсиоæн, цæмæй поэзийы аив- дзинæдтæй хайджын уыдаиккой йе ’мдзæв- гæтæ. Арсены поэтикон адæнкъарæн уыд классикон æмдзæвгæмæ гæсгæ æм.æ нæ иста поэзийы инн,æ хуызтæ, уымæй нæ разы код- та Нигеры æмдзæвгæамадимæ дæр’, кæд æй «уæларвон зынгæй хайджыныл» нымад- та, уæддæр: «Цалынмæ æмдзæвгæты алы дзырд дæр йæ бынаты сбада, уалынмæ-иу æй дуармæ ма рахæссут. Бирæ фыссынмæ ма хъавут, фæлæ чысыл æмæ дзæбæх»14. Арæх нæ тгайда кодтой нæ критиктæ афæлгæстон уацтæй дæр, уæддæр нæм 20—30-æм азтæй баззад цалдæр рæгъмæра- хæссынæн бæзгæ афæлгæстон уацы. Ам фыццаг рады банысан кæнын æмбæлы Бе- къойты Гиуæргийы историон-литературон афæлгæст — «Ирон фыссынады равзæрд æмæ рæзт» (1923), Хъуылаты Созырыхъо- йы — «Ирыстоны ныры литературæ»15 æмæ Къосыраты Сæрмæты — «Нæ ног литерату- рæйы тыххæй»16. Литературон афæлгæстытæ нæм уабæр- кадджын кæй нæ уыдысты, уымæн йæ ах- хосагыл нæ бон банымайын у, литературон цард нæм интенсивон кæй нæ уыд, нæ кри- тикæ, анализ æмæ синтезы амæлттæй уæн- донæй кæй нæ пайда кодта, уый. Афæлгæс- тон уацы зындзинад фылдæр кæны уымæй дæр, æмæ уый структурон æгъдауæй дæр у вазыгджындæр: «вбирают в себя и проб- лемную статью, и монографическую рецен- зию, параллель, и сатиру»17 æмæ ма ноджы æндæртæ дæр. Ахæм уацтæ критикæй до- мыиц сæрмагонд теоретикон цæттæдзинад, литературон процесс уынын, уым алы фæ- зындæн дæр иумæйаг литературон контек- сты аргъ кæнынмæ арæхсын. Ацы миниу- джытæй, цы уацты кой ракодтон, уыдон æхсæн ифтонгдæр у Гиуæргийы уац. Кри- тикы афæлгæсты мид-жанрон сæрмагонд- дзинад у йæ историон-литературон æрфысты (очеркы) æууæл. Автор æй йæхæдæг ра- хуыдта «цыбыр æрфыст» æмæ йын уымæй бацамыдта йæ жанрон миниуæг. Æрфыста ирон литературæйы истори йæ равзæрдæй фæстæмæ. Ома афæлгæст нæ рæзы фæй- нæрдæм, арæхдæр афæдзон афæлгæстыты куыд вæййы, афтæ, фæлæ рæзы вертикалон хуызы — ивгъуыдæй абонмæ. Гиуæрги афæлгæсыд ирон фыссынадыл йæ равзæрдæй фæстæмæ, йæ сæйрагдæр цаутæ банысан кæнгæйæ, йæ бæрзонддæр дæнцæгтæн анализ аразгæйæ. Аф>æлгæстон уацты æвæрд фæцæуы проблемон фарсты- тæ, ракойгонд уацы ахæм дæнцæгæн нæ бон банысан кæнын у, ирон литературон критикæйы фыццаг хатт сæрмагондæй æв- æрд чи æрцыд, уый — аивады адæмондзи- над æмæ реализм, зæгъгæ. Фыццаг хатт уæрæх историон-литературон контексты ирон литературæйы фæд-фæдыл рæзты ис- торимæ каст æрцыд ацы уацы. Афæлгæстон уацы фæйнæрдæм рæзты .æууæл хæссынц Созырыхъо æм,æ Сæрмæты уацтæ, кæд сæ ивгъуыдмæ экскурситæ ар- .æх сты, уæддæр. Фыст æрцыдысты иу рæс- тæджы, се ’хсæн чысыл дæрдцæджимæ æмæ сæ комкоммæ нысан уыд Ирыстоны про- ,летарон фысджыты съезды размæ ирон ли- тературæйы фарстытыл æруынаффæ кæнын. Съезды СозырЫхъойы сæйраг доклад арæзт æрцыд банысангонд* уацы бындурыл. Дыу- уынæм азты кæрон, æртынæм азты райди- ан идеологон тохы дамгъæ æмхуызон ирдæй зыны пролетлитературæйы тырысахæссæг дыууæ критичы уацтыл æмæ уымæй бæрæг- гонд цæуы се стйль æмæ критикон мадзæлт- ты арсенал дæр, фылдæр идеологон азым- тæм чи здæхт. СФÆЛДЫСТДОН ПОРТРЕТ. Кæд рецензи фыст цæуы бæрæг-бæлвырд уацмысыл æмæ уац та литературон про- цессы хъуыддæгтæ æвзары, уæд сфæлды- стадон портреты дзуринæгтæ та сты ныв- 14ЦИЗИИ-йы архив. 28 ф., 1 сфы’ст, 136 æвæр. иуæг. ^Жур. «На рубеже Востока», Тбилиси, 1930, № 1 16 Газ. «Рæстдзинад», 1930, 18 июнь. 17 Б. Егоров. Мастерство литературной критики, 1980, с. 119.
яæнæджы ийдивидуалон’Сфæлдыстадон сæр- магонддзинæдтæ, цавæр аивадон дунейы хицау у æмæ цæмæй хицæн кæны æппæт иннæтæй, уыдæттæ. Афтæ, æмæ сфæлдыста- дон портрет фыссæг хъуамæ дæсны æгъда- уæй зона, кæй портрет фыссы, уымæн «йæ удгоймаджы сусæгдзинæдтæ» (Белинский), йе ’ргом скæна уыдонмæ. Уый афтæ нæ ны- сан кæндзæн, ома, историон хъуыдыйæ ип- пæрд кæны: «Лишь такой путь обеспечи- вает нам подлинный историзм в изучении литературного процесса в целом, как и каж- дого большого писателя в отдельности»18. •Уымæн. æмæ алы зынгæ нывгæнæджы сфæл- дыстад дæр у сæрмагонд, индивидуалон æмæ йын нæй æндæртимæ схæццæгæнæн. Раст- дæр ахæм æгъдауæй фыст у Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадон портрет Бекойты Гиуæргийы уац «Поэт-æмбæстаджы» («По- эт-гражданин»), ирон критикæйы сфæлды- стадон портреты хуыздæр дæнцæг. Къоста- йы поэзимæ ахæм хуызы кæсын, зæгъгæ, уый у бæрæг-бæлвырд социалон-политикон æмæ национ мотивтæй æмæ йæхи сæрмагонд уды миниуджыты æмархайдæй æвзæргæ, у Къо- стайæн аргъ кæныны растдæр принцип. Уы- цы æууæл ын критик банысан кодта æппæ- ты сæрæй æмæ дарддæр, йæ критикон ны- хас нывæндгæйæ, й,æ зæрдыл дардта уый: «Коста Хетагуров является одним из тех поэтов, о творчестве которых нельзя го- ворить вне связи с их индивидуальными качествами»19. Уац кæсгæйæ, мах автор уæгъд нæ уа- дзы æмæ нын æвдисы, царды уавæртæ куыд арф æндæвтой поэты удыл æмæ йыл цахæм тæлмæнтæ уæгътой уый, афтæ, æмæ йæ ду- джы цардмæ мах кæсæм æмæ йæ уынæм поэты уды цæстытæй.' Нæ разы сысты йæ адæймагон æмæ поэтикон фæлгонц. Гиуæр- ги æмхиц уыд фæлдисæг адæймаджы пси- хологон хабæрттæм æмæ йæ уый здæхта поэты биографимæ, йе сфæлдыстад ын йæ биографиимæ æнгомдæр бæттынмæ. Гиуæргийы уацы фæстæ куы бакæсæм Цæголты Аннæйы уац «Хетæгкаты Къоста- йы сфæлдыстады тыххæй» («О творчестве Коста Хетагурова»), уæд се ’хсæн хицæн- дзинад разыны бæрæгдæрæй. Уый æмткæй ис Къостайы сфæлдыстадæн социологон æгъдауæй аргъ кæныны фæлгæтты, фыст у. ирон адæмы къуындæг социалон уавæр- тæ æмæ национ æфхæрд поэты сфæлдыста- ды куыд разындысты, ууыл. Цæголон рас- тыл нæ нымадта, поэты сфæлдыстад «уæл- дай тынгдæр» йæ биографиимæ чи баста, уыдон хъуыды. Ам мах фиппайæм Бекъой* .ты Гиуæргиимæ фæсаууонмæ полемикæ поэты сфæлдыстады биографиондзинады фарсты фæдыл. Æмæ кæд уый, æцæгæй, æфтæ у, кæд уыцы хъуыддаджы номхуын* дæй Гиуæргийы дардта йæ зæрдыл, уæд алцæмæй нæй йемæ сразы уæвæн. Фæлæ • Цæголоны уац иннæтæй уымæй хицæн кодта, æмæ йæм уыцы пснхологондзинад уæддæр æгæр нæ кæны, Гиуæргимæ био- графиондзинад, «индивидуалон миниуджы- тæ» куыд не ’гæр кодтой, афтæ. Ацы хъуы- ды зæгъгæйæ, æз нæ исын уæддæр Бекъо- 18 Б. И. Бурсов. Критика как литература, 19 ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдтæ. 1 т., 39 ф. йы фырты’ уацмæ кæмдæр символистон тæваг кæй фæхæццæ, уый. Критикон уацы жанры ирон критиктæ сфæлдыстадон портреттæ фыстой уæлдæй арæхдæр, хицæн критикон-биографион штрихтæй райдайгæйæ. уæрæх уацты онг. Дзырд цы рæстæгыл цæуы, уым сын фыл- дæр уыд фысджыты сфæлдыстадæн идей- он аргъ кæныны нысан. Уый домдта клас- сон тохы уавæр, аивад æмæ культурæйы кусджытæ ма къордтæ-дихтæй кæрæдзийы ныхмæ идеологон быцæуыл лæуд’ куы уы- дысты, уæд. Сæ иуты нысан уыд, цæмæй литературон бынтæ æмæ удæгас фысджыты сфæлдыстад дæр æфхæрд ма баййæфтаик- кой, сбæлвырд сын кодтаиккой сæ бынат национ литературæйы. Афтæ зæгъын хъæ- уы Цомахъы уацтæй — Хетæгкаты Къоста, Мамсыраты Темырболат, Гæдиаты Секъа, Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстадыл, Тыбылты Алыксандр, Нигер æмæ Цæголты Аннæйы уацтæй Къостайы тыххæй. Уыдис дзы уыцы позицийы ныхмæ æргомæй архай- æг уацтæ дæр. Иукъорд уацы та фыст æрцыд ног фысджыты. адæмæн базонын кæныны сæраппонд, куыд, зæгъæм, Цомахъы уац — «Нæ ног поэттæ» Нигер Хъамбердиаты Мысост æмæ Фæрнионы тыххæй, Тыбылты Алыксандры «Силуэттæ» Хуссар Ирыстоны цæрæг фысджытæй фарастыл. Уацæн йæ ном куыд æвдисы, афтæмæй «Силуэттæ» нæ уыдысты фысджыты сфæлдыстадæн лæм- бынæг анализ аразæг, æрмæст сын сæ кон- турт,æ æрфыста. Æниу сæ алкæй сфæлдыс- тад нырма бæлвырд хуыз дæр не ’вдыста. Афтæ Цомахъы уац дæр — уый дæр æцæ1 æгъдауæй уыд бæрцæй фæндарасты ныхас литературæйы фæндагыл æвзонг поэттæн сæ хистæр æмбалы ’рдыгæй, фæлæ дзы уæддæр æртæ поэтæн бæрæггонд æрцыды- сты се сфæлдыстады сæйрагдæр æууæлтæ. Сфæлдыстадон портретты хуызтæм ма хауынц, фысджыты чингуыты цы бирæ раз- ныхæстæ æмæ фæсдзырдтæ мыхуыр цыд, уыдон дæр, стæй энциклапедитæ æмæ æндæр бæрæгуæтты мыхуыргонд критикон-биогра- фион уацтæ дæр. Ирон литературон критикæйы тыххæй ма мæ уый фæнды зæгъын, æмæ сæ фыл- дæр фыстой фысджытæ сæхæдæг, уæд дæр æмæ ныр дæр ирон литературон критикæ сæйраджыдæр у фыссæджы критикæ, фыс- сæджы армæй фыст. Уымæн ис йæхи хорз- дзинæдтæ, фæлæ æргом сты йæ хъуагдзи- нæдтæ дæр. Иæ хорздзинадыл ын намайын хъæуы, нывгæнæг нывæвдисыны предмет- мæ цы ахаст дары, фыссæджы сфæлдыста- дон лабораторийы куыд, цы хуызты куыст- гонд"цæуы, уый’ нын æддейæ бакæсæджы зондæй кæй нæ дзуры, фæлæ нын æй йæхæ- дæг йæ комкоммæ фæлтæрддзинады руа- джы кæй æвдисы, уымæн ис йæхи сæрма- гонд аргъ. Иæ хъуагдзинад та уый мидæг ис, æмæ фæлгъауыны объективондзинад æмæ дырысдзинад цы хъуыддаг домынц, уым æм æмхиц вæййы нывгæнæджы субъективизм, тых ыл вæййынц комкоммæ тæлмæнтæ æмæ æнкъарæнтæ. Уыдон сæхи фаг бæрцæй æр- гом кæнынц куыд уæды, афтæ ныры ирон 1987, с. 6. 86
крйтйкæйы да*р. Уый зыны сё стиЛыл дæр — фактты бындурыл баиугонд хъуыды хæс- сыны бæсты сæ архайынц нывтæ, нывæв- дисæг элементтæ, кайынц аналитикондзи- надæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ-иу, кæд ба- нысангонд рæстæджы критикон монцтæ сæ былтæй акалдысты, критикæйы хуызы сæ хъуыды æвдисыпмæ цæттæ уыдысты алы лыстæг хъуыддæгты тыххæй дæр, уæддæр дзы критикон уацты жанрон алыгъуызон- Гарольд Бейлийы куысты хæйттæй иу хуыйны «Нарты дуне». Ам дзырдæуы, зæгъ- гæ, нарты бæстæ у дардыл территори. Кад- джытæй куыд зыны, афтæмæй нартæ уыцы территорийы хæйтты кæрæдзийыл бастой æнгрм æмæ йыл хæцыдысты фидар. Автор куысты ацы хайы æвзары нарты дунейы бирæ фарстытæ. Уыдонæй иу у, зæгъæм, алыхуызон кæлæнтæ æмæ хинтæн цас стыр нысаниуæг уыдис, уый. Дзырд кæлæн йæхæдæг та цæуы рагон уидаг каг- æй. Сырдты бардуаг Фсати радта йæ лы- мæн Ацæты Ацæйæн кæлæны (диссаджы) уадындз. Уый тыххæй йын Ацæ радта йæ лæппу Ацæмæзы. Церекæн уыд кæлæны згъæрхæдон æмæ згъæрхуд. Хæмыцæн ис диссаджы дæндаг æмæ-иу уый фæрцы йæ- хи бауарзын кодта сылгоймæгтæн. Борæ- тæн уыд æмбисонды хæрæг æмæ-иу бырста, цы сылгоймаджы дзы-иу ралгъыстой, уы- мæ. Иууыл тæссаг æмæ диссаг та сæм уы- дис, дыгуронау и^ойнони^ иойнони, ойнони цилх æмæ Марсæг, иронау та Марсæг, Мал- сæг, Балцæг, Барсæджы цалх кæй хонынц, уый. Уымæн дыууæхуызон æмбарæн ис: «мæнгард цалх» кæнæ «тыхджын лæг». Ху-, ры чызг смæсты ис Сосланмæ æмæ йыл ^ сардыдта Барсæджы цалхы. Кавказы æндæр æвзæгты ацы цалх хо- нынц: кæсæгмæ жан-шерх, черкестæм джан- чарех, шапсугътæм цоийан кушарх (ку- царт), цыран фыццаг хай нысан кæны «цыргъ». Йæ мидисæй уый у дыгурон иуой- нон-ы хуызæн, уымæн æмæ иуойнон цæуы рагон У1-уапапа-йæ, миногон дзы рæзы уа1-йæ («лыг кæнын» фæсæфтуан -он-и руаджы). Ном Барсæг та цæуы Ваг§ака-йæ æмæ нысан кæны «лыг кæнын» æмæ «цыргь». Фæстæдæр уый фæивта уæларвон Марсуг-æй æмæ византийаг фыд Иуане-йæ. Уыцы ивддзинад у, уæлдæр цы Сопиайыл цыдис дзырд, уый ивддзинадау: византийаг ЗорЫа æмæ нарты Сопиа сæ мырон сконды аххосæй куыд фæивддзаг вæййынц нæ ду- джы, ам дæр афтæ. Фæлæ нартæм иууыл ахсджиаг кæлæны фæллой у, хъайтарты-иу чи базыдта, уыцы Дзйнæдтæ сæхи фаг бæрцæй не ’ргом коД* той. Уæд дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр суанг абоны онг цэа критикæйы сæхи бар- джынæй нæ равдыстой ахæм хуызтæ, куыд критикон эссе, уац-трактат, критикон фель- етон критикон радзырд, диалог, памфлет, литердтурон параллель æмæ æнд. Цы хуыз- тæй пайда кодтой, уыдоны дæр алыхатт æх- хæст хъарутæй æмæ æппæт фадæттæй нæ архайдтой. ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА, филологон зовæдты доктор. I амонгæ нуазæн. Уый Сæуай æрхаста Терк- Туркæй æмæ йæ радта нартæн. Фæстæдæр æй хонын райдыдтой Нарты амонгæ нуа- I зæн. Хонынц ма йæ хъалак æмæ дессаг къос \ дæр, цыран къос у скифаг киза. Зонынц ма йæ куыд уацамонгæ, уациамонгæ, афтæ ,1 Дæр. \ Текстты æмбæлы бæгæны, черкесты вари- * антты та уый бæсты вæййы дзырд ане æмæ 1 нысан кæны, кæхцы чи вæййы, уыцы нозт. Ацы дзырд æмбарын кæнынц куыд «мыд», афтæ «сæн» дæр. Дзырд нарт-амонгæ (ома ) «хъайтары амонæг») æмæ уацамонгæ цæ- е уынц мивдисæг амонын-æй æмæ нысан кæ- ,1 нынц «хъайтары тых æвдисæг» (уац, уацæ 2 «ТЫХДЖЫН», «ТЫХ»), Иннæ рагон диссæгтæй сты, фæсивæд - . ерыс кæуыл кæнынц, дарæсы уыцы æртæ I, хуызы. Хонынц сæ æртæ хæзнайы (араббаг :- кпагпап-æй). Уыдон иууыл дæр рамбылдта [- Хæмыцы фырт Батрадз, æппæтæй хъæба- и тырдæр, фынгыл хиуылхæцæгдæр æмæ хæ- :- • дзары æгъдауджындæр кæй разынд, уый I, ’ фæрцы. :: Кæлæн кæм вæййы, уым вæййынц хин- гæнджытæ æмæ къулбадæг устытæ дæр. п х Дыккаг хингæнæг аивы фыццаджы хинтæ. Хингæнæг ус нымæтын ехсæй кæй æрцæвы, |- уый фесты исты цæрæгой. Аргъæутты иу- :- æй-иу архайджытæ сæхæдæг сæхи фестын г" кæнынц алыхуызон истытæ. Зæгъæм, Сыр- * дон йæхи фестын кæны зæронд лæг, стæй та зæронд ус. Сослан фесты уадтымыгъ, л Хуарелдар фесты æртах бæгæныйы мигæ- э1 нæны. Сатана та фæлм фесты. æ Рагон æндæр эпосты куыд у, афтæ нар- æ ты кадджыты дæр адæймаг æмбары цæрæ- )Н гойты æвзаг. Батрадз, Сослан, Уырызмæг, е> Æмзор, Ацæмæз æмæ Сауа — се ’ппæт л дæр-иу ныхас кодтой сæ бæхтимæ. Сослан :г куы мардис, уæд сидтис мæргътæ æмæ ы сырдтæм — зыдта сæ алкæй æвзаг дæр. Нартæ пайда кодтой хал æппарынæй æмæ йыл æууæндгæ дæр кодтой. Фæлæ куы ы агуырдтой, се ’ххормаг рæгъæуттимæ сæ ы знаджы зæххытæм чи фæкодтаид, ахæм НОГ НЫХАС НАРТЫ ТЫХХÆЙ Кæрон. Радиан кæс «Фидиуæг», 1986 аз, № 1.
рйзДзог, уæд сæ фæсайын Сырдоны бон æн- цонæй бацис. Бейли куыд зæгъы, афтæмæй нартæ’ ду- нейы конд ’ куыд æмбæрстой, уый хорз зы- ны кадджыты дæр. Уыдон дуне дих кæнынц æртæ хайыл: уæларв, зæхх æмæ дæлзæххыл. Уæларвы цæрджытæ хуыйнынц уæлимонтæ, дæлзæххы цæрджытæ та — дæлимонтæ (мон нысан кæны «цæрæнуат»). Уыцы æр- тæ хайы ’хсæн нæ уыдис æхгæд арæнтæ. Афтæ, Батрадз рацу-бацу кæны дæлзæхты дæр æмæ уæлæрвты дæр, вæййы уæларвон куырд Куырд-алæгонмæ. Зæдтæ, дауджытæ æмæ хуыцау æрхизынц зæхмæ дæр. Афтæ уыд, зæгъæм, уыдон Сосланмæ куы ’рцы- дысты кæнæ Ацæмæзæнкуы ’ххуыс кодтой, уæд. Зæдтæ æмæ дауджыты бадæнтæ сты хæхты бæрзæндтæ. Цæвиттон, Фсати бады Адайы хохыл. Дауджытæй алкæмæн йæхи хъуыддаг ис. Зæгъæм, Фæлвæра хæдзарон фосы бардуаг у, Фсати та — хъæддаг сырдты бардуаг. Сафа бынаты бардуаг у. Византиаг нæмттæ Сыгъдæг Георги, 1еодо- рос æмæ Елиа систы ирон Уас-Керги (Уас- тырджи), Тотыр (Тутыр) æмæ Елиа.Зæц- тæ æмæ дауджытæ æмбæлынц нартимæ, иумæ фæбадынц фынгыл дæр, хæрд-нозтыл дæр. Бейли иртасы нарты дины фарстытæ дæр. Лæмбынæг фыссы дзырд дзуары тыххæй. Ирайнаг раъкис гуырдзиагæй иронмæ па- къуындзæ-яы хуызы куыд бафтыд, афтæ ирайнаг оригинал гуырдзиаг æвзаджы фæр- цы радта дыгурон дзиуарæ, ирон дзуар. Гуырдзиаг джвар- у гуырдзиаг гвар-ы хуы- зæн (ома «мыггаг» гвариан- «уæздан») æмæ цæуы ирайнаг &оЬг-æй. Афтæ æмæ гуырдзиаг^ джвари-йы фæстиæ зыны ирай- наг ]'ауаига æмæ уый та нысан кæны дыгу- рон дзиуарæ-йау «фæрныгад», «фидар», «бæлвырд». Æмбæлы мæнæ ахæм дзырд- бæстыты дæр: дзиуар-уæсхъæ, дзауар-сæр лæдзæг. Персæгтæ чырыстон текстты пайда кодтой дзырд ёаг-æй («хъæд», «суг»). Ацы дзырды мидис ирон æвзаджы фесæфта йæ чырыстон дины нысаниуæг. Нарты кадджыты дзуар у куывды бынат, ам фæкувынц уæларвон тыхтæн. Æниу, -æвæдза, дзуарæн æрмæст кувгæ нæ кодтои. Дзуар Батрадзы куы ралгъыста, уæд уый расомы кодта, йæ маст дзы кæй райсдзæн, уый тыххæй. Æмæ дзуар атахт Уацилла- тæм, уырдыгæй — Сафатæм. Боны фæстаг- мæ сæ Тутыртæ бафидауын кодтой, Героикон эпос нæ вæййы æнæ куырд. Ирон куырд (дыгурон курд)> æмбæлы алы- хуызон формæты. Уыдонæй сæйраг у Куы- рдалæгон, фæлæ ма ис Курд-алæг, Курд- алæгурон, Курд-алауæргон. Куырд æппын- æдзух артимæ архайы. Уымæ гæсгæ нарты Стыр хæдзары арæх æмбæлæм ацы дзыр- дыл. Куырдалæгон-ы иу хай а1а- кæнæ ага- 1(æуы рагондæр авга-йæ æмæ нысан кæны «арт». Дарддæр ацы Куырдалæгон-ы ис алæг раздæры а^гака-йæ æмæ алæгон та аогакапа-йæ. Элемент -ургон, æвæццæгæн, æвдисы кусыны æмбарынад. Сæрмагонд ном Алæг, мыггаг Алæгатæ æмæ рагон ин- диаг и1ка («æхсидав») дæр цасдæры бæрц ардæм хауынц. Зæдты (дауджыты) иумиаг ном у уац. Йæ варианттæ сты уас, уаш. Черкестæм уый æрбайсгæ дзырд у (аиз51). Мæхъæлæттæм 88 баззад рох хуыцауы ном уас. Æмтгæй сйс- гæйæ ацы дзырды ахсджиагдæр мидис у «тыхджын». Дыгурон уацæ ма амоны тынг рухс дæр. Дзырд уацæ сæрмагонд номы хуызы фæивта ацæ-мæ ном Ацæтæ-йыу ома «тыхджын мыггаг». Гæнæн ис, дзырд уа- цæ-йы мидис фæивтаид византиаг Ье&юз-ы æндæвдады аххосæй. Уый зыны, зæгъæм, дзырд уац дывæргонд кæм у, уыцы Уацæ «V’ас-керги-йы, ома «Тыхджын бардуаг Ге- орги». Доны цæрæг дауджытæ дыгуронау хуый- нынц Донбеттæртæ, Донбеттиртæ, иронау та Донбеттыртæ. Дзырды фыццаг хай дон у. Дыккаг хай дæр ирайнаг дзырд у, фæлæ ферох ис. Уый цæуы рагон Ьаоха-йæ, куыд зæгъæм^ ЬиЬас1га-йы сконды, ома «амонд- джын». Дзырд ЬеИаг-æн уымæ æввахс нысаниуæг ис, ома «хъæздыг» æмæ «дæтты (денджызты) хицау». Ацы рагон мыггаг Сатанайы мады ’рвадæлтæ сты. Бейли куыд зæгъы, афтæмæй ацы беттыр-æя ницы баст- дзинад ис, грекаг Петрос-æи чи цæуы, уы- цы гуырдзиаг Пъетъре-иыæ. Нарты дины иууыл хистæр уæвæгой ды- гуронау хуыйны хуцау, иронау та хуыцау. Уый цæуы скифаг æвзаджы рагондæр Ьуа1аи|а цы Ьуаа* *[ауа-мæ рахызт, уыцы дзырдæй. Согдыйæгтæм уый радта (умлау- ты руаджы) хчу!, хуа1ау, зор. пехлеваг хуа!ау. Ардыгæй рацыд персаг хиа’а дæр æмæ уыд нысылмон Аллахы фæлгонц æв- дисæг дзырд. Нарты иууыл стырдæр хуыцау хуыйны хуыцæутты хуыцау. Уый цъæх арвы хицау у. Нартæ йæм кувынц æмæ сын уый æххæст кæны сæ куырдиæгтæ. Батрадз куы фæ- мард, уæд хуыцау дæр мæрддзыгой æрцыд æмæ йыл æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыцы æртæ цæссыджы фестадысты æртæ кувæндоны. Дыгуронау ковун. кувд, куфтитæ, иронау та кувын, куывд, куывтытæ цы архайдтæ амонынц, уыдонæн хъæуы косарт, иронау кусарт (рагон каиз амоны «туг рауадзын»). Куывд æмæ кувынæн уыдис кувæн къуыпп. Ирæттæм ис фæхъхъау æмæ нывонд дæр. Уыдон нысаниуæг кусарты архайдимæ баст у. Стыр тых уыдис ард, уасхæ æмæ сомы- йæн. Дзырдтæ фарн, фæрныг баст сты хæрзиуæджы, амонды нысаниуæгимæ. Цæ- виттон, искæцы хъайтар йæхицæн Фарнæй куры хорз нæртон усаг. Уæрхæг скодта стыр куывд, цæмæй йæ фырттæ уой хай- джын фарнæй. Æмæ уыдон сты фарны гуырдтæ. Дыгурмæ ма ис, хæрзиуæг чи амоны, ахæм дыууæ дзырды: фес æмæ амонд. Чарты кадджыты ис арфæтæ, фæлдисын æмæ æлгъыст дæр. Бæх фæлдисынц, йæ хицау куы амæлы, уæд уымæн. Уыцы архайды ритуалон текст нырма дæр нæ фе- рох ис ирмæ. Фæлдисгæ ма кодтой искæй бафхæрыны тых.хæй дæр. Зæгъæм, Борæты фæсивæд Сырдоны ныффæлдыстой Сосла- нæн æмæ йын мæрдты бæсты уыдзæн ис- кæйон. Афтæ Сосланæн йæ хæрæфырт дæр ралгъыста Барсæджы, цæмæй уый Сосла- ’нæн фæлдыст уа уыцы бæсты. Ацы æгъдау ирæттæм зындгонд у, зæгъæм, Митдзеуы
иуыд ныффæлдыстой Тугъанты Келемен- тæн, уымæй. Бейли куыд бафиппайдта, афтæмæй нар- ’ ты таурæ^ъты оа^рæг бынат ис мæлæтагц, амарынæн æмæ мард бавæрынæн. Мæлæт æрцæуы бæрæг фæткыл. Кадджыты æв- дыст цæуы Сосланы æвирхъау мæлæт Бар- сæджы цалхæй. Батрадз та зæппадзмæ нæ куымдта мардæй, цалынмæ йæм хуыцау мæрддзыгой æрцыдаид, уæдмæ. Мæлæты дуне зындонæ, зындон у (ома «ахæстон»), Уый цæуы раздæры 2ата-с1апа-йæ (персаг геп-с1ап). Зындоны хицау у. Барастур, Ба- растæр, Баруастур, Баруастæр, иронау Ба- растыр. - Дуаргæсæй та дзы Аминон у. Дзырд Барастыр йæ хæйттæй дæр бæрæг у, уый мæрдты бæсты хицау кæй у, уый. Авё’ стæйы дзырдбаст ауга1 уаг-ы уыд дзырд уаг-, уымæн абарæн ис ахæм цæвиттонти’ мæ: турфан-парфайнагтæм пгуш* апге-уаг, зор.-пехлевæгтæм аигак-уаг. Ирон бара- цæуы ацы уаг-æй. Дыккаг хай стур, стыр («тыхджын», «хицау») цæуы Авестæйæ. Бафтыд цæцæн-мæхъæлмæ дæр, куыд еш- тер, ештур æмæ етер («мæлæтьг бардуаг»). Мæхъæлон дела-Ештер амоны «хуыцау Ештр». Хи марын кадджыты æмбæлы цалдæр хатты. Созырыхъойы ахæм мæлæтæй фер^ вæзын кодта Чилахсардтан. Æхсæртæг йæ’ хи йæхæдæг амардта. Батрадз иу кадæджы йæхи йæхæдæг æрриуыгъта йæ цирхъыл. Сосланы фыццаг ус Бедуха йæхи амардта йæ хæсгардæй, фæлæ йæ Сослан райгас кодта. Уырызмæджы кæстæр ус Елда йæхи амардта къуымæлы фыр нозтæй. Марды ныгæдтой ингæны. Уый тынг ра- гон дзырд у, цæуы авестайы папкапа-йæ. Зæппадзыл («цæрæнуат зæххы мидæг») æвæрдтой цирт, цырт (мæхъæлмæ црт). Ра- дзырд «Уас-тырджы»-йæ куыд зыны, аф’ тæмæй æфсымæртæ Æхсар æмæ Æхсæртæ- гы ингæныл сæвæрдтой чъыр æмæ дурæй амад цырт, йæ алыварс рæсугъд галуани- мæ. Сырдон та дзырдта, зæгъгæ, йæ баньр гæндзысты нарты ныхасы. Кадджыты ар- хайджытæ мæрдты бæсты цæрынц сæ зæп- падзты, куыд удæгас адæймæгтæ, афтæ. Цæвиттон, Сослан расырдта Сырдоны йае ингæнæй. Сосланы тугисæг Ерæхсан бацыд Сосланы зæппадзмæ æмæ йын радзырдта, Барсæджы цалхы кæй амардта, уый. Цæ- мæй мæрдты бæстæй рацыдæуа, уый тых* хæй Барастырæй бар ракурын хъæуы. Фæ- стæмæ æрбаздæхыны рæстæг у æрдæгæх- сæв. Ацы миниуæг иумиаг у æппæт фолы , клорæн. Æхсæнадон кæрæдзимæ ахастытæн уы- дис æнæфехæлгæ фидар æгъдау. Салам æмæ уæздандзинад уыдысты æгъдауы фидар миниуджытæ. Тыхджын сæм уыд туг исы- ны æгъдау. Уый хуынд тог, туг æмæ туджы знæгтæ та хуындысты тоггин, туджджын. Тотрадзы фырт исы йæ фыды туг Сосла< нæй. Уырызмæг æмæ Кандзы туджы хæ- рам скъуыддзаг цæуы уымæй, æмæ Кандзы фырт Сæууа йæхицæн усæн æркодта Уы< рызмæджы чызджы. Туджджыны бафхæрд хæццæ кодта суанг цагъар скæныны онг. Хæмыцы ус бабынис йæ иннæ устыты аххо- сæй æмæ азымджын устыты бабастой хъæддаг бæхы къудийыл æмæ фæндагсæр- дæнтæ фесты. Стæй сæ баныгæдтой. Фæлæ Сослан мæрдты бæсты æгъдау кæй ниЦæ^ мæ æрдардта, уый та банымадтой хæрз хуымæтæджы хъæууон азымдзинадыл. Нæртон хъайтарты, эпикон хъайтарты царды фылдæр хай баст уыдис цуан æмæ стæртимæ. Стæртæ-иу адаргъ сты цалдæр- гай азы. Уырызмæджы æнæном лæппу уыд, знæгты рæгъæуттæ ратæлæт кæнынмæ чи цыд, ахæм стыр балцты раздзог. Кæстæртæ хистæртæн лалкад кодтои, куыд æххуыр- стытæ. Нарты æмбарынадмæ гæсгæ, зæгъы Бей- пи, раздæр заманты цардысты адæмты æн- цæр фæлтæртæ дæр. Уыдон уыдысты, хуы- цау кæй рафæлдыста, ахæм уæвæгойты цалдæр фæлтæры. Уыцы фæлтæрты хъуыд- цæгтæ Сосланæн радзырдта Кæмбæдаты чысыл лæг. Уый зыдта фондз ахæм фæлтæ- ры: гуымиритæ, уадмиритæ, елиатæ, кæм- бæдатæ æмæ нартæ. Куыд зыны, афтæмæй ацы нæмттæ иууылдæр скифаг æвзагæй цæ- уынц, æрмæст фæстæдæр фæивтытæ код- той. Фыццаг у дыгурон гумери, гæмери, гу- мерæ, гумераг лæг, ирон гумир, гумиры, гумирытæ. Гуырдзиаг гмир-и дæр ардыгæй у. Дзырд гумиры нысан кæны «тыхгæнæг». Нуæй-иутæ куыд хъуыды кæнынц, афтæ- мæй ацы гуымиры-мæ æввахсдæр у скифаг 1а-гтга библийы сомихаг ^агспгк-æй. Дзырд уадмаритæ, уадмиритæ-йы фыццаг хай, æвæццæгæн, у уа!а- «тыхджын». Æртыккаг ном елиатæ оригиналы нысан кæны «æл^ дæрттæ». * Уый айстой цæцæн (ела, ели), бацбийæгтæ (ала, ал), мæхъæл (æла) — «æлдары фырт», зæгъгæ, ахæм нысаны. Ацы али уынæм Бур-хор-али-ны дæр. Ви- зантиаг ЕНаз æмæ шюн Уацилла, дыгурон Уацелла ардæм ницы бар дарынц. Ном кæмбæдатæ у карликты мыггаджы ном. Дзырд камба амоны «къаннæг». Дыгурон уæйуг, уæйгутæ, ирон уæйиг, уæйыг, уæйгуытæ сты нарты сæйраг знæг- тæ. Алыхуызон цаутæй бæрæг у, уæйгуытæ сæ уацарты куыд хæрынц, уый. Уыдон аф- гæ стыртæ сты, æмæ нартæ бамбæхсынц мард уæйыджы сæргæхцы. Уырызмæг ра- ирвæзт уæйыджы лæгæтæй фысы цармы, рагон грекаг Полифемосау. Алаф уæйыджы фырт кафыд нарты хъазты æмæ йæ Бат- радз уæнгтæцъæл фæкодта. Уæйгуытæ цæ- рынц фæсхохы. Цæмæй сæм бафтай, уый гыххæй бахизын хъæуы, кæрæдзи фырытау чи хойы, ахæм дыууæ хохы ’хсæнты (уый фольк’лоры иумиаг æндæвдад у, — зæгъы Бейли). Уæйгуытæ уацары акæнынц нарты æмæ сæ скæнынц фыййæуттæ, сæ сылгой- мæгтæй та — лæккадгæнджытæ. Уæйгуыты сæйраг миниуджытæ сты стыр тых, стыр ас æмæ æгъатырдзинад. Иу уæйыджы ном хуыйны Тыхы фырт. Дзырд уæйыг-ы бам- барынæн ахъаз у Ьу1га-, латинаг шгез. Ирон дзырдбасты уæйгуытæ æмæ уæнгуы- тæ (ома «кæстæртæ») дзырд уæнгуытæ цæ- уы рагондæр Ьиуап-æй. Тохармæ ис \^1г би- рæон нымæцы \пге «æвзонг». Нарты Сосланы хабæрттæ æвдйсæн сты нæртон хъайтары лæгдзинадæн. Сосланы фæлгонц у нарты кадджыты ирддæр æмæ зынгæдæр фæлгонцтæй. Сосланы райгуырд фольклорон у, фæлæ йæ хонынц Сосæгы фырт дæр, цæцæнмæ та Соска, Солса. Ном Сослан-ы дыккаг уæнг у рагон -ап. Ацы номы бæсты дыгурмæ арæх зонынц Созу- 89
рухъд, йрæттæм та — Сотрыхъо (черкесаг «фырты» нысаниуæгимæ). Сатана фæцыд, дæрддзæфæй йæм чи каст, уыцы фыййауы (кæнæ бæхгæсы) зæрдæмæ æмæ уый адыл дурæй райгуырд Сослан’. Уый уыд Сатана- йы æнæныййаргæ лæппу. Кæд Уырызмæ- гджы фырт нæу, уæддæр ын кадæджы иу варианты Уырызмæджы йæ фыд хонынц. Зæдтæ æрцыдысты Сосланы райгуырдмæ æмæ йын æрхастой лæвæрттæ. Уый тынг тагъд байрæзт æмæ агуры тыхæвзарæн цау- тæ. Иу ран фембæлд къобор лæгыл, стох кодтой æмæ боны фæстагмæ кæрæдзийæ загътой æфсымæртæ. Сосланæн ма ис но- джы дæр иу хæлар — Сау лæги фурт Мæ- рæздухт. Сослан йе стыр тых æмæ хъæбатырдзина- ды руаджы сæтты йе знæгты, сæ боцъотæ сын исы йæхицæн кæрцагæн æмæ сæ д’омы, цæмæй йæм æркæной сæ устыты. Уый фæ- уæлахиз вæййы тых æмæ хинæй Мукара- йыл. Сосланы аххосæй бабын Сырдоны фырт. Уый тыххæй Сырдоны æнæкæрон фыдæх бафтыдис Сосланы фæдыл. Сослан мæрдты бæстæм зæххагур куы ныццыд, уæд ын уымы хъуыддæгтæ йæ фыццаг ус Бедуха æмбарын кæны. Сатанайы хинæйдзаг амындæй уый йæ хæцæнгæрзтыл бабаста хъуытæзтæ, æмæ уыдонæй фæтарстис Тот- радзы бæх. Æмæ йæ Сослан фехста чъыл- дымы ’рдыгæй. Адæм æнхъæл уыдысты, цы- ма Тотрадз тæппуд разындис, фæлæ йæ фæстагмæ бавæрдтой стыр кадимæ. Сослан кæмдæр куы уыдис, раст уыцы рæстæджы æрбабырстой се знæгтæ æмæ Сатанайы ныппæрстой дæлзæхы Цады. Иу радзырды Сатана мыггагмæ баззад талынг ахæстоны, Сосланæн йæ фыдра- кæндты кæй æххуыс кодта, уый тыххæй. Сосланы дыккаг ус уыд Агуындæ, мард та фæцис Барсæджы цалхæй, Хуры чызгыл кæй нæ баввæрсыд, уый аххосæй. Фæлæ йын йæ туг райста йæ хæрæфырт Ерахцау. Уыимæ иумæ ацы рæстæджы Сосланмæ мæрдты бæсты æнхъæлмæ кæсы Тотрадзы фырт Алибег, цæмæй йæ амара æмæ райса йæ фыды туг. Сослан нарты æйтт-мардзæтæй у, фæлæ йæ миниуджытæ кæрæдзи ныхмæты сты. Уымæн бирæ эпитеттæ ис. Йæ зонд нæрæ- мон у, уый номхъуыст у. Кæны абырæгдзи- над æмæ у нарты ныфс æмæ фæдисон. Уый у æппæтæй сæрæндæр, райдзаст хъайтар, уæндон æмæ ныфсхаст лæг, хохаг абырæг (Акулæ рæсугъды хъуыдымæ гæсгæ), ин- теллигент æмæ уæздан (хуæрз игурд). Кад- джыты дзырдæуы йæ диссаджы миниуджы- тыл. Тынг аив цæгьды фæндырыл. Иу фольклорон, мифологон варианты арвы рон хуыйны Сосланы æрдын. Сослан у Гумы Тыхы хæлар æмæ кæнгæ æфсы’мæр. Уы- мæн ис фæтæн уæхсчытæ, йæ дыууæ уæ- ыы ’хсæн сау стъæлф, ис ын фидар къæбут æмæ судзгæ цæстытæ. Фæлæ йæм ис мæ- гуыраудзинæдтæ дæр: йæ уæрджытæ — здыхт, йæ къæхтæ — зылын, цæстытæ — са- сиры хуызæттæ фæйнæ дыууæ гагуыимæ, йæ боцъотæ — хъæбæр æмæ пыхцыл (Ацы æппæрццаг миниуджытæ æвдисынц, Тотра- дзы мад æм цы стыр фыдæх хаста, уый). Йе знæгтæ йæ хуыдтой мæнгард æмæ æнæ- ууæнк. Бейли куыд зæгъы, афтæмæй кадджыты ’ кæрæй-кæроймæ зыны йартЫ хГ>æууон Ц4р- дыуаг. Автор дзы æвдисы æрмæст цалдæр деталы. Архайджытæ — нæлгоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæгтæ дæр — сты хæрз хуымæ- тæг сæ уаг æмæ дарæсы кондæй. Уæрхæг йæ бæхы йæхæдæг надта доны æмæ йæм афтæмæй бабырстой Соппары фырттæ. Иæ фырт Сыбæлц та мард ’фæцис, фæлæ йæ райгас кодтой. Сатана æхсадта гæрзтæ, фыййау æй федта æмæ йын уыйадыл ду- рæй рæйгуырдис лæппу Сослан. Ахсæбудæ- йы уæздан ус бады æмæ пиры æмæ æлви- сы къуымбилтæ. Уырызмæг мæстджынæй æрхаудис бандоныл æмæ бандон йæ быны ныппырхис. Алæгæн ис æрмæст иунæг хъуг. Уырызмæг æмæ Сатанайæн ис стыр къæ- бицтæ æмæ уыдон фæрцы нартæ фервæ- зынц æххормаг рæстæджы. Хистæртæ ны- хасы кæнынц тæрхон, уый у сæ тæрхондон. Дзырд тæрхон цæуы 1агк-æй. Ардыгæй цæ- уы туркаг 1агхап дæр. Согдыйаг æвзаджы зындгонд у 1агхоп куыд королы титул, аф- тæ сæрмагонд номæй дæр. Туркаг титул хотайнаг æвзаджы фыстой куыд Иагкапа. Нарты хъайтарты æнкъарæнтæ парахатæй зынынц кадджыты. Фæлæ уыимæ иумæ уы- дон тынг тæрсынц худинагæй. Æргомæй æвдыст цæуынц уарзондзинады хабæрттæ дæр. Хионы мардыл хъыг кæнынц кæуы- нæй. Дзерассæйæн йæ мой Æхсæртæг куы фæмард, уæд акъуырдта йæ дзыккутæ, ныт- тыдта йæ рустæ æмæ йын йæ хъарæгмæ æрыхъуыстой хæхтæ. Зондæн стыр * аргъ кодтой æмæ æппынæдзух архайдтой йæ фи- дар кæныныл. Бæрæг у сæ дарæс æмæ йæ цы æрмæгæй кодтой, уый дæр: къуымбил, зæлдаг, ны- мæт, царм. Бурæфæрныджы фыртты фидыц бæрæг уыд сæ хорасайнаг уæлдзарм худ- тæи, фæсмын хæлæфтæй æмаз сæгъы царм- æй зæнгæйттæ æмæ æрчъитæй. Фæлæ, æн- дæр адæмты эпостау, ам дæр стыр нысани- уæг ис хъайтары тыхæн, йæ хотыхтæн. Нар- тæ зонынц алыхуызон згъæртæй æндæр æмæ æндæр дзаумæттæ аразын: сыгъзæрин, æвзист, æфсæйнаг, æндон, зды, æрхуы, æргъæу æмæ уыдонимæ — дзæнхъа æмæ пылы стæгæй дæр. Кадджыты ис алыхуызон географион нæмттæ. Уыдонæй иутæ зындгонд сты, ин- нæтæ тынг рагон сты æмæ ферох ис сæ ны- саниуæг. Æппæт уыцы нæмттæ ахсджиаг сты нарты эпосы фæзынды рæстæг раирта- сын æмæ æмбарынæн. Зæгъæм, ирон Агур- æн ис цалдæр дыгурон варианты: Арган, Аурген, Агез, Биаурген, Аигез, Агузни. Уый, гæнæн ис, уа венгерты иу хай кæмæй цæуы, уыцы знæмы иу къорды ном Огур- æй. Кæд дыгурон Агузни рагон у, уæд ын бабæттæн ис туркаг ОТиг-имæ. Арæх æмбæлы хахиаг хах идонæ, иронау хах хæрх идон. Вæййы дзы варианттæ хæх æмæ хох дæр. Уый у фæцыбыргонд хах дзырд хæрх-æи, ома «зæхх», «бæстæ». Мов- сес Хоренацийы географийы ис дыууæ но- мы — кагз- æмæ ^ои!-. Фыццаг æнгæс у мæнæ ахæм дзырдтимæ: персаг кизак, ра- гон уырыссаг касоги, ирон кæсæг (миногон кæсгон), сванаг мы-кшаг «черкес» кæнæ «черкæсаг», дыкаг та у готты бирæ нæмт- тæй иуы формæ. Готтæ бирæ æнусты цар- дысты Хърымы, цалынмæ уырысимæ не схæццæ сты, уæдмæ. 90
Дзырдбасты — балиаг авд æфтауги-йы, æвæццæгæн, ис æвдæм æнусы араббаг а1- ВаЬ, ВаЬ аЬаЫуаЬ. Дзырдбаст ангусаг æвдуст саргъ-ы фыц- цаг дзырд баст у Ангусти-мæ> ома Оп^и зи имæ, фæстæдæр п^из, зæгъгæ. Лндиаг нымæт-ы фыццаг дзырд у авай- раг апсН, ома АпсИ-0о1-5и-йæ, рагон Ап1а1- йæ. Дзырдтæ хати, миногон хатиаг, фæрс- дзырд хатиагау — фольклорон терминтæ сты (уыи у, æрмæсгдæр цалдæр зæронд нæртон лæджы кæй зонынц, кæстæртæ кæй не ’мбарынц, ахæм магион æвзаг). Æхсæ- зæм æкусы Понтийы денджызы былгæрон быдырты скифты зæххытæ византиаг исто- риктæ хуыдтой АкаИпл, фæлæ сæ хазартæ Понтийы денджызы цæгат-скæсæн былгæ- рæттæй ассæстой суанг Кубаны зæххытæм. Зороастриаг На1иг кæнæ Ха1уг фæивта æмæ баст цæуы персаг пагаг-имæ. Ирайнаг ха- 1ига ирон *æгбш-имæ куы бабæттæм, уæд дзы бафиппайæн - ис цæугæ цард кæныны, хæтыны нысаниуæг. Ирон хати, хатиаг-æй раджы кæддæр ахаудис -р-, зæгъæм, мыр -с- дзырд уари-иæ куыд ахауд, афтæ. Дзырд схуали æмбæлы дзырдбаст Схуа- лийы мæликк-ы. Нартæ æххормаг дуджы фæнд кодтой сæ фосы дзугтæ ацы мæлич- чы зæххытæм батæрын, фæлæ дзы тарсты- сты знагиуæгæй дæр. Ацы схуали æнгæс у уырыссаг хвалис-имæ (уырыс Каспы ден- джыз хуыдтой Хвалисиское море). Афтæ æмæ кæд схуали нысан кæны «хорезмаг», уæд нартæ уыдысты Каспы денджызы цæ- гатфарс. Нарты кадджыты ис дыууæ рæдыдæй æрымысгæ географион номы: залиаг, зари- аг æмæ ’ залты (дыгуронау заути). Ацы зар-, зал- зынынц ]аога-йы («хъæстæ») æмæ гаг-ы («зæронд»), Сæ иу «калмы», ин- нæ та «кокаины» нысаны. Нарты алфæмблай æрдз — цæрæгойтæ, мæргътæ, сырдтæ, кæсæгтæ æмæ быдыр- тæ — кадджыгы ахсы æрмæстдæр дыккаг бынат. Æппæт цæрæгойтæй иууыл арæх- дæр æмбæлы бæх. Æцæг уый хæххон цæ- рæгой нæу, уымæн æмæ уæрдон (ардыгæй абхазаг а-уæрдон, мæхъæлон уордæ), сог- дыйаг \упп, персаг ^ага’ип у быдираг ку- сæнгарз. Бæхтæ алыхуызæттæ сты — фæныкхуыз* урс æмæ сау. Туркаг хъулон та у ирайнаг æрфæны бæсты. Кадджыты ис бæхты цал- дæр мыггаджы кой. Иу хорз бæхы мыггаг хонынц æфсургъ, æндæр мыггаг та — сау-: лох, саулохаг. Саргъ кæуыл нæма уыд æв- æрд, ахæм бæх сæм хуындис емилиаг, иро- нау емылык, сомихаг æрбайсгæ дзырд — атегц «хъæддаг». Дзырд цæуы ирайнаг атюг ака-йæ. Нарты бæхты хуыздæртæн уыд сæрма- гонд нæмттæ. Уырызмæджы бæх хуындис Æрфæн æмæ Мæтран: Фæлæ Æрфæн ном уыдис Созырыхъо, Сослан æмæ Хæмыцы •бæхтæн дæр. Хæмыцæн ма уыд æндæр бæх дæр — Дурдура. Уырызмæджы æндæр бæ- хы ном та уыд Черчена. Уастырджыйы бæх хуындис Дзиндзаласа. Ирæттæм ацы цæрæгойы иумиаг ном у бæх. Уый рацыд рагон уак-ы («цырд цæ- уаг») бындурыл сырæзгæ дзырд уаха-йæ (ома «цырд»). Уымæн бабæттæн ис хотан- сакаг Ьа^-ймæ (аёвæццæгæн, нысан кæнь! «оæх») дзырд уа^ниæ (уый дæр «цырд»). Цæцæйнаг оехъа «уырс» ирайнаг бындурæй цæуы. Саргъы бæх нартæ хуыдтой бугъон дæр ирон дугъ-æй (дыгурон догъ). Мæргътæ æмбæлынц кадджыты фолькло- рон вариантты. Сатана æмæ сын Сослан зыдтой-се ’взаг. Кадджыты æмбæлы æнахуыр ахсджиаг заиæюн. Аьд уæиыджы ^осланы арвыстои * уый агурæг мæрдты бæстæм. Уыцы зайæго- йы фæрцы-иу райгас кодтой марды. Æн- хъæл уы’дысты, цыма уый зайы уæйгуыты гæнахы. Уый хуыйна аза-бæлас. Æвæццæ- гæн, скифаг дзырд у. Персаг æвзаджы дæр ис ага «сæрдæн» æмæ, чизоны, ацы аза- бæласимæ иу сты. Дарддæр Бейли дзуры нарты эпосы эсте- тикон нысаниуæгыл. Уый хъуыдымæ гæс- гæ, нарты кадджыты эстетикон миниуджы- тæн æххæст аргъ скæндзæн, иронау чи зо- ны, æрмæстдæр ахæм адæймаг. Мæ дыгу- рон информатор Байтуйанты Барысби, — зæгъы Ьейли, — æмæ профессор Абайты Вассо тынг стыр аргъ кæнынц нарты текст- тæн. Барысби мæгуыр хоны «Ирон адæмон сфæлдыстады» (У. 1У41) текстты стиль, се ’взаджы хъæд. Бейли куыд зæгъы, афтæмæй нарты кад- джытæ’ прозæйæ (1946) æмæ поэзийæ (1949) сты редакцигонд тексттæ, æнæ ных- мсьдапнæдАæ æмæ варианпæи. Ам авюр радзырдта цалдæр эпизоды мидис, зæгъæм, Ацæмæз æмæ рæсугъд Агуындæйы кадæ- гæй — дыууæ зарæджы. Лыстæггай ра- дзырдта, Сослан хинæй куыд амардта 1от- радзы фырт Алыбегы, уыцы таурæгъ. Бейли нымайы, нарты кадджыты арæх- дæр чи æмбæлы, уыцы сюжетон моменттæ, деталтæ, цаутæ: дард балцытæ; афæдзæй авд азы онг чи æххæссы ахæм хæтæнтæ; рæгъæутты тæлæт; цуан æмæ цæугæ цард; мæлæт æнæдон быдыры; цагъайрæгтæ, уа- цар æмæ уырдыгæй ралыгъд; балцтæ мæрд- ты бæстæм æмæ уæларвмæ; æргом рацæуæг хуыцау; чындзæхсæвтæ, бæрæгбонтæ, лæ- вæрттæ, хæлардзинад, мæлæт, хи марын, марды кæндтæ, æххуырстытæ, искæйуæт- тæ, Стыр хæдзар, Уырызмæджы балц чы- рыны, Батрадзы æрхауд зæхмæ, алыхуызон хъæзтытæ æмæ æндæртæ. Автор куыд рахатыд, афтæмæй кадджы- ты поэтикон рогдзинадæн тынг ахъаз сты æнæнымæц цыбыр абарстытæ: денджыз у æхсидгæ цæджджинаджы хуызæн; Батрадз арвæй фæтары вæййы хæххон цæргæсау; барджытæ доны агæпп кодтой фатау; Бат- радз фæлæбурдта уæйыджы фыртмæ, цæр- гæс карчы цъиумæ куыд фæлæбуры, афтæ; уæйыг ком уигъы авдæнау; дыууæ комы кæрæдзи хойынц фырытау; физонæг цъыс- цъыс кæны ивылд донау; йæ цæсгом у ху- рау райдзаст; сæры хъуынтæ — миты хуы- зæн урс; куырисау æрхауд; доны къусы сæфт фæкодта; цæф сæгуытау лидзы; бæ- хы цæфхæдтæ арвы æрттывдау цæхæртæ калынц; æнæбæх лæг æнæбазыр маргъæй хъауджыдæр нæу; йæ уд æрдуйы нарæгæн ссис фыр тыхстæй; туджы ’ртæхтæ сырх зæлдаджы хуызæн; уæйыджы былтæ кæ- фойы хуызæн æмæ бирæ æндæр ахæмтæ. Бейли кæны æрмæстдæр цыппар æппæрц- цаг метафорæйы кой: уый сау мигъ нæ уыд, 91
уый уыдис тæргæ бæхты къæхты рыг; уый сæууон хтъалы нæ уыд, фæлæ Ацæйы фырт Ацæмæз уыд; уый тар мигъ нæ уыд, уый Алæгаты Албеджы тар бæх уыд; уыдон сау халæттæ нæ уыдысты, уыдон тæхгæ бæхты къæхты цъыфы къуыбæрттæ уыдысты. Кадджыты арæх æмбæлынц алыхуызоп формулæтæ æмæ клишетæ. Зæгъæм, ахæм- тæ: уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй; ам маргъ тæхын куынæ уæнды, м^лдзыг —■ бырын, уæд...; цæмæй мæрдты бæстæй ра- цыдæуа, уый тыххæй бæхы цæфхæдтæ ныс садзынц зыгъуымырдæм; йæ хъуымыз йæ былтыл нæма басур æмæ æндæртæ. Нарты юмор, уæлдайдæр Сырдоны ал< фæмблай, дæрзæггомау у. Бейли куыд зæгъы, афтæмæй ныр æм’ бæрстгонд чи нал у, уыцы географион нæмт< тæ Агуыр, Агуындæ, Бабиаг, Хатиаг, Астæ æмæ æндæр ахæмтæ æххæссынц нæ эрæйы фæндзæм æмæ æвдæм æнустæм. Геродоты скифтæ сæ цæугæ цардæй нарты хуызæн сты. Зындгонд æртæ дзаумайы æмæ уацамон- гæ нуазæн æцæгдæр нарты сты. Тынг рагон сты ард (уый цæуы г!а-йæ æмæ æмбæлы зæронд ирайнаг текстты) æмæ зæд, дыгурон изæд (уый та рацыд рагон уага1а-йæ). Дыууæ дзырды дæр хæццæ кæ- нынц иууыл рагондæр индиаг тексттæм. Дзырд кувын æххæссы суанг зæронд инди- аг киЪп-мæ. Нарты таурæгъты эпизодтæ иууыл бæ- рæгдæрæй зынынц конкретон персонажты архайд æмæ митæй. Автор куыд рахатыд, афтæмæй сылгоймаг персонажты нæмттæ бæлвырддæр сты (Сатана, Дзерассæ, Агуын- дæ, Акула æмæ Элда — алчй йæхи сæрма- гонд характеримæ), нæлгоймæгтæй та би- рæтæн. нæмттæ бынтондæр нæй, афтæмæй фынгыл дæр бадынц æмæ ныхасы дæр вæй- йынц. Геройтæ дыууæхуызон сты. Иу сæруæл- дай тох кæны зиæгтимæ æмæ хъахъхъæны нарты, иннæ та (зæгъæм, Ацæмæз) артист у. Бейли йæ куыст фæуд кæны ахæм ны- хæстæй: Нартæ бабын сты æмæ ууыл фæуд кæны сæ истори. Иу радзырды нартæ фе- сæфтысты хохы бын. Профессор Бейлийы цæстæнгас иумиагæй хуыздæр бамбарыны тыххæй ма иу хатт æркæсæм дзырд нарт-ы фарстмæ. Уый эпо- сæн йæ ном > æмæ уый исюрион-этимоло- гон хъысмæт раст базонын стыр ахсджиаг у, куыд нарты эпосы æппæт бындуртæ раиртасынæн, афтæ эпосы алыхуызон дзырдтæ æмæ сæрмагонд нæмттæ бам- барынæн дæр. Цымыдисаг у, зæгъæм, уый, æмæ Х-æм æнусы, ома монголты æр- бабырстæй цалдæр æнусы размæ, дзырд нарт зыдтой Кавказы адæмтæ, куыд ца- вæрдæр хъомысджын знæмы, стæй хъайта- ры нысаны дæр. Куыд нæхи бæстæйы, аф- тæ ’фæсарæйнаг ахуыргæндтæй иуæй-иутæ нысан кæнынц, зæгъгæ, Х-æм æнусы гуыр- дзиаг фыстыты дзырд нарт гуырдзиаг бим- берази-имæ («бæгъатыр») иумæ у Вахтанг Горгасалы эпитет. Ома дзырдтой «нарт («бæгъатыр») Вахтанг Горгасал», куыд «бимберази Вахтанг Горгасал», афтæ. Æмæ ахуыргæндтæ раст хъуыды кæнынц, зæгъ- гæ, иугæр дзырд нарт ахæм нысаны зынд- гонд уыд суанг Фæскавказы дæр, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ йын монголты æвза- гимæ ницы бастдзинад ис. Æмæ уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, раст сты уыцы ахуыр- гæндтæ афтæ чи дзуры, зæгъгæ, нарт рагои индоевропæйаг дзырд у æмæ йæ мидисы бындур та у «хъару», «бæгъатыр», «лæг», «нæлгоймаг». Ам цымыдисаг у, æндæр æмæ æндæр адæмтæ сæхи сæхæдæг куыд хонынц, уы- цы фарст, уымæн æмæ уыцы æппæт нæмт-. ты бындурон нысаниуæг нартау у «лæг», «нæлгоймаг», «тых», «адæм». Мæнæ иу- цалдæр цæвиттоны. Мариæгтæ сæхи хо- нынц мари æмæ ацы дзырд уыдон æвзагыл амоны «лæг», «нæлгоймаг». Ном удмурт-ы элемент мурт дæр нысан кæны «лæг», «нæлгоймаг», афтæ комиæгты морт дæр. Ненецты иу хай сæхи хонынц ненець («лæг», «нæлгоймаг»). Иннæ хай та — ха- сава («лæг», «нæлгоймаг»). Азиаг эскимостæ сæхи хонынц нгит («лæг», адæм»), амери- кæйаг эскимостæ та — инуит («адæм»). Чукчайæгтæ сты лыгъороветлян («адæм»), нивхæгтæ — н’ивх («адæм»). Туркæгты ном тюрк раздæр нысан кодта «лæг», «адæй- маг», «адæм». Бирмайы карентæ сæхи хо- нынц пеханьо («лæг», «адæм»). Куыд зæ- гъынц, афтæмæй немыцаг ёеиЬсп («немы- цаг») раздæр амыдта «адæм». Делаварты ном дениленапе нысан кодта «æцæг адæм», афтæ готтентонты ном коикоин дæр («ад- æмтæй адæмдæр», «æцæг адæм»). Ахуыр- гæндтæ куыд бæлвырд кæнынц, афтæмæй ахæм нæмттæ бирæ ис. Стæй уыдон дунейы иу искæцы къуымы не сты, фæлæ æмбæ- лынц алырæтты дæр, æмæ уæдæ уый æнæн- хъæлæджы цау нæу. фæлæ дзуры адæмты цавæрдæр рагон иумиаг æгъдауыл. Ахуыр- гæндтæ зæгъынц, зæгъгæ, ахæм нæмттæ фæзындысты, знæмтæ адæмты æндæр къордтæй куы фæхицæн сты æмæ сæхи хи- цæн сæрмагонд мыггагæй куы федтой, уæд. Ома куы бамбæрстой, æндæр адæм сты, уæд. Ам æрхъуыды хъæуы, мах дæр нæхи нæхæдæг куыд хонæм, æмæ нæ æндæр адæмтæ та куыд хонынц, уый. Зонадон литературæйы бирæ ис ахæм цæ- виттонтæ, цыран иуæй-иу адæмтæ сæхи хонынц «æцæг адæм» æмæ иннæты та ны- майынц варвартыл. Куыд бæрæг кæнынц, афтæмæй ахæм зондахаст фæзынд цагъара- дон æхсæнады райрæзты дуджы, кæнæ но- джы раздæр. Историон рæзты фæндагыл цавæрдæр афон знæмы зондахасты æрцыд бæрæг ивддзинад æмæ знæм йæхимæ адæм зындиис, иннæтæ та йæм зындысты цæрæ- гойты хуызæн (рæстмæ сæ кæй нæ зыдта æмæ æмбæрста, чизоны, уый аххосæй). Ев- рипид «варварты» тыххæй афтæ дзырдта: «Уыдон зондæй цауддæр сты эллинтæй». Аристотель амыдта, цæмæй «варвартæм» кастæуа, куыд цæрæгойтæ æмæ зайæгой- тæм, афтæ. Чукчæты æвзаджы сæхи адæй- магæй бафæрсæн ис «чи?», æмæ кæцыфæн- ды æндæр адæмы мыггагæй та «цы?» Уыдис æви- нæ ахæм зондахасты нарты «знæммæ» дæр? Уый зонадон æгъдауæй зæгъын, чизоны, абон зын у. Фæлæ кадæг- гæнджытæ куыд ныв кæнынц нарты адæмы лæгдзинад, тексттæ куыд æвдисынц нарты тох æмæ цардыуаг, уымæ гæсгæ диссаг нæ уаид уыцы фарстæн «о» зæгъын. Нартæ уыдысты «æцæг адæм» æмæ се знæгтæ та — адæм нæ, фæлæ «варвартæ», уæйгуы- 92
тæ æмæ æндæр ахæмтæ. Кæннод та — зæд- тæ, дауджытæ æмæ хуыцæуттæ. Æмæ сæ ном нарт дæр ууыл дзурæг у. Æрмæст æй монгойлаг «Хуры фырттимæ» куы нæ ивддзаг кæнæм, фæлæ йæ индоевро- пæйаг, ирайнаг, ирон дзырдæй куы ныууа- дзæм, уæд. Чиныгкæсджытæн, æвæццæгæн, цымыдисаг уыдзæн, ацы дзырды тыххæй ахуыргæндтæ бынтон ногæй цы зæгъынц, уый базонын дæр. Зæгъæм, Т. Гамхърели- дзе æмæ В. Ивановы фундаменталон куы- сты («Индоевропейские языки и индоевро- пейцы», Тбилиси,' 1984) дзырд нарт æмба- рын кæнынц рагондæр индоевропæйаг бын- дур пег-æй æмæ уыцы бындуры нысаниуæг æндæр æмæ æндæр индоевропæйаг æвзæг- ты у «лæг», «нæлгоймаг», «хъару», «бæгъа- тыр». Фыццаг ’бакастæй дæр бæрæгæй зы- ны, ацы нысаниуæджы куыд æмхуызон сты, уæлдæр цы цæвиттонтæ æрхастон æн- дæр æмæ æндæр æвзæгтæй, уыдонимæ. Нартæ дæр сæхи афтæ рахуыдтой. Уымæн æмæ сæхи «лæхтыл» нымайынц. Æмæ сæм «лæг» та нысан’ кодта . «æйтт-мардзæ Рагастæуккаг æнусты Цæгат Кавказæн базарады хъуыддаджы ахсджиаг нысани- уæг кæй уыд, уымæ гæсгæ ам цæрæг аланæн сæ сыхæгтимæ иумæ сæ нысаниуæг зынгæ фæбæрзонддæр Скæсæйнаг Ромы имперййы политикæйы. Византи йе ’ппæт историйы дæргъы кæддæриддæр тырныдта уымæ, цæмæй йæ арæнтæ уыдаиккой æдас, æмæ уыцы хъуыд- даджы пайда кодта. йæ алыварс чи цард, уыцы адæмтæй, уыдонимæ йын уыд сæр- магонд ахастытæ. Ахæм æгъдауыл цард аланимæ дæр. Аланыстонмæ хæлар ахаст кæй дардта, уый ма йын пайда уыд æн- дæр хъуыддаджы дæр — æнæуæлдай хæрдз- тæй базар кæныны, стæй Аланыстонимæ цæдис адæмтимæ дипломатон ахастытæ фидар кæныны дæр. Æнæхъуаджы ’куы нæ уыд аланы паддзах Саросииы руаджы Константинополæн скæсæйнаг тюркаг адæ- мимæ фæстæдæр æнгом ахастытæ кæй сæв- зæрд, уый. гуырд». Уыцы стыр нысаны Сатана дæр лæг уыд — сылгоймаг уæвгæйæ. Т. Гамхърелидзе æмæ В. Иванов дзырд нарт-ы уидаджы бæрæг фæдтæ амонынц бирæ æндæр индоевропæйаг æвзæгты дæр. Иæхи рагон нысаниуæджы. Ахæм фæдтæ сты, зæгъæм, рагон индиаг паг — «нæлгой- маг», «лæг», пг!и — «бæгъатыр»; рагон ирл. 50-гпг1 «хъаруджын»; сомихаг агп «адæй- маг», «нæлгоймаг»; авест. Ьипага — «æмби- сонды тых», паг — «тыхджын»; грекаг а\>т]р «нæлгоймаг», «мой»; латин. пепбзиз «хъаруджын»; • валлиаг пег «хъайтар», пегШ «тыхджын»; рагон ирл. е «хъомыс- джын»; албайн. гц’еп «адæймаг», «нæлгой- маг»; рагон ирл. пегг. «хъайтардзинад», «æфсад»; хотан-сакаг пао’аип «нæлгоймаг», «æфсад» (пг1ауап-æй). Æппæт ацы цæвиттонтæ æмæ хъуыдытæ сты Гарольд Бейлийы цæстæнгасы фарс æмæ йын уæлдай фидар кæнынц йæ зона- дон позицитæ, нарты эпосы бирæ фарсты- ты тыххæй цы хаццæгтæ аразы, уыдон æцæгдзинад. Алан, уæлдайдæр та ныгуылæны ’рды- гæй цæрджытæ, историйы дæргъвæтин рæс- тæджы бастдзинад дардтой Византийы империимæ, фылдæрхатт-иу ын уыдысты æмцæдисон, фæлæ сæ хæдбардзинад æмæ дунейон авторитет кæддæриддæр хъахъ- хъæдтой. Æрмæст раст нæ уаид афтæ хъуы- ды кæнын, зæгъгæ, уыдон уыдысты æрмæст- дæр византийæгтæн пайдайы контакттæ. Адæмтимæ ахаетыты йæхи интерестæ хъахъхъæнгæйæ, йæхи дин æмæ сæм æгъ- дæуттæ хæсгæйæ æмæ афтæмæй. канд Бæстастæу денджызы алфæмбылай æмæ Раззаг Азийы нæ, фæлæ æндæр рæтты дæр йæ монополи тыхджын кæнынмæ тырнгæ- йæ-иу æй арæх йæ паддзахадон сæрмагонд- дзинад бахъахъхъæныны сæраппонд ба- хъуыд тыхы сæрыл хæцын æмæ тыхæй бырсыны сæр дæр. Чизоны, æмæ уый уы- .даид, варвартæ тынг кæй схъомысджын сты æмæ сæ тых хæссын кæй байдыдтой Византимæ, уый аххосдг. <^^№^ ДЫГЪУЫЗТЫ ХЪАЗБЕГ АЛАН ÆМÆ ВИЗАНТИ ЮСТИНИАНЫ ДУДЖЫ 93
Суанг VI æнусæй фæстæмæ Византийы империйæн Цæгат Кавказы Аланы хъо- мысджын æфсæддон-политикон активон тых- тимæ уыд æнæаскъуыйгæ ахастытæ. Аланыстоны та уæд уыд классон дих- дзинад æмæ феодализм райдианы стади- йы. Уыцы заман Кавказы сæрыл Визан- ти æмæ Иран хæсты къахыл кæй лæууыды- еты, уый дæр у цымыдисаг хабар. Уыцы хæстон ахастытæ нын цасдæр бæрцæй хуыз- дæр æвдисынц, Аланыстон æмæ Византи- йæн кæрæдзиимæ цы ’гъдау æмæ хъуыд- даг уыд, уый дæр. Кузнецов В. А. нымайы афтæ, зæгъгæ, Византи æмæ Ираны хылы аххосаг уыдысты Фæскавказы бæстæтæ. Политикон интепес- тæй дарддæр ма Иран æмæ Византийæн ам кæрæдзийы ныхмæ æмбæлдысты сæ экономикон интерестзе дæр. Китай æмæ Индийæ цæуæг карауан фæндæгтæ фæуд кодтой Бæстастæу денджыз æмæ Сау ден- джызы былгæрæтты. Иран, уыцы фæндæг- ты фылдæр хай йæ армы чи дардта, уый, тырныта, цæмæй йын Сау денджызмæ оа- хизыны фадат уыдаид. Византи та уьшы рахизæнтæм йæхицæй дарддæр никæй уагъта1. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы уый дæр, æмæ уыцы фæндæгтæ иппæрд кæй нæ уы- дысты банысангонд оегионы цæрæг адæм- тæй дæр, номхуындæй та аланæй. Афтæмæй «скæсæйнаг проблемæйы» сæхи ныхасы бар æмæ тых уыд Кавказы цæрæг адæмтæн дæр, уыцы нымæцы аланæн, уыдон кæй фарс уыдаиккой, уымæй рæзгæ уыдысты бирæ цыдæртæ. Уыцы хæсты кæрон баст уыд, ныхмæ- лæууæг тыхтæй чи цы методтæй архайдта ууыл дæр. Ираны хъауджы Византи ком- коммæ нæ архайдта, фæлæ хинæй, дипло- матон æгъдауæй пайда кæнгæйæ, йæ хæс- тон тыхтæ цæмæй ма бахардз уыдаиккой, афтæ. Иранæн йæ фæсчъылдым хæстон хъуыддаджы уыд фидардæр, хæстон ар- хæйдтыты райдианы инициативæ æппæтæй дæр уыд уый къухы. Кавказы сæрыл Византи æмæ Ираны хæстон быцæуы алайнаг æфсад дæр кæй архайдта, кæй зæгъын æй хъæуы, мыздыл, уый аланы хъуыддаг æркодта уымæ, æмæ сæ цæдис дыууæ дихы фæци — Ныгуылæн Алан æнцадысты Византийы фарс, Скæ- сæны Алан та — Ираны2. Ам хъуыддаг æмбарын хъæуы афтæ, æмæ аланы цæдис дыууæ дихы кæй фæии, уый Иран кæнæ Византийы æндæвдадæй миййаг нæ рауад. Уый аланæн уыд сæхи фæндондзинад. Гæг- лойты Ю. С. нымайы афтæ, зæгъгæ: «Ала- ны политикон ориентировкæ нæ уыд ста- билон æмæ нæ ивта сæвзæргæ политикон уавæртæм гæсгæ».3 Византи Ныгуылæны аланимæ цæдис . кæй агуырдта, уымæн йæ аххосаг уынын хъæуы уый мидæг, æмæ Скæсæн-Римаг империйы Ираны.ныхмæ тохы хъуыд, ныфс кæмæй хъуамæ бавæрдтаид, ахæм цæдисон Кавказы. Алан ’ никæмæй хæсджын уæв- гæйæ4, нæ дæр Персæй æмæ нæ дæр Визан- тийæ, уæлдайдæр та Кавказы пæрæг адæм- тæй, афтæмæй Империйы фарс хæцы, зæгьгæ, хæстон æгъдауæй, уæд уымæн йæ нысаниуæг чысыл нæ уыд. Диссаг нæм ма хъуамæ кæса, дыууæ ныхмæлæууæг æфсады рæнхъыты дæр кæй хæцыдысты, уый, алайнаг хæстонтæ уымæй истой пай- да — æхцайæ дæр æмæ зынаргъ лæвæрт- тæй дæр. Византи ма Аланыстонимæ цæдис кæй агуырдта, уымæн йæ иннæаххосаг та уы- нын* хъæуы, Кавказы сын цы стратегион æмæ географион бынат уыд, уый мидæг. Аланыстоны зæххыл цыдысты базарадон æмæ хæстон фæндæгтæ дæр. Фæлæ аланимæ цæдис аразыны хъуыд- даджы ,Византи .æвзæрста зындзинæдтæ дæр, фыццаджыдæр та уымæй, æмæ Византи æмæ Аланыстоны ’хсæн уыдысты æндæр бæстæтæ æмæ адæмтæ. Афтæмæй, факттæ иууыл иумæ æрæм- ных кæнгæйæ, дзурынц, Кавказæн йæ цæ- гат æмæ йæ хуссарварс цæрæг алан кæй уы- дысты тыхджын, æмæ сæ уый тыххæй цæдис- æн кæй агуырдтой, куыд Византи, афтæ. Иран дæр. VI æнусы фыццаг æртыццаг хайы им- ператоры къæлæтджыныл æрбадт Юсти- ниан 1 (527—565). Иæ къухдариуæгкæны- над уый оайдыдта Иранимæ хæстæй. Хæс- тон архæйдтытæ цыдысты канд Сири æмæ Месопотамийы нæ, фæлæ Лазикæйы дæр. Уый та ахæм ран уыд, æмæ йæ Византи йæхиттæн нымадта: ахсджиагыл. Уый им- перийы пæгаты ’рдыгæй хъахъхъæдта гунн æмæ савиры æрбабырстæй, хуссары ’рды- ’ гæй та лæууыд Ираны фæндашл Сау ден- джызмæ, æмæ-иу кæд иннæ регионты фи- дыддзинад уыд, уæд ам та иыд йæхигъуы- зон хæст фидыды рæстæджы5. Нæ уацы мах не ’вæоæм нæ разы ахæм хæс, цæмæй равдисæм, Иран æмæ Византи- йæн скæсæн хайы цы быцæутæ уыд, уыдон лыстæггай. Зæгъдзыстæм æрмæстдæр æмæ •с’æ’^аджыдæр, Кавказы Ъсабæртты æмæ уым алан цы архайæг уыдысты, уый тых- хæй. Кавказы барджын уæвыны тыххæй хæстæн, куыд зæгътам, афтæмæй йæ ах- хосаг уыдысты, сæйраджыдæр, Цæгат Кав- казыл цы ахсджиаг базарадон фæндæгтæ цыд, уыдон. Аланыстон æмæ Византийы ’хбæн ахастытæ уыцы рæстæджы кæй стыхджын сты уый, гæнæн ис æмæ уыда- ид, В. А. Кузнецов куыд хъуыды кæны, уымæ гæсгæ, Аланыстоны зæххыл «Стыр зæлдагвæндаг» кæй4 цыд, уый фæстиуæгæн. Уымæн йæ иу кæрон æххæссыд Ныгуылæн Аланыстонмæ æмæ йыл цыд уыдон бар. Фæндзæм æнусы кæрон æмæ æхсæзæм æнусы райдиан Æввахс æмæ Астæуккаг Скæсæны зæлдагæй базар кæныны хъуыд- даг райста уæлдай ахсджиагдæр нысани- уæг æмæ йын уыд йæхи æндæвдад Ви- зантийы политикæйыл. Византимæ зæлдаг фыццаджыдæр ласта Иран æмæ йæ уæй кодта зынаргъыл. Уымæй экономикон æгъ- дауæй тыхсын кодта фыццаджы æмæ Кон- стантинополы æнæхæрдзтæй базар кæнын- мæ, кæнæ та зæлдагæй базар кæныны хъуыддаджы монополи иууылдæр хи къух- мæ райсынмæ кæй тырныдтой, уымæн йæ аххосаг номхуындæй уынын хъæуы уым. Суанг цыппæрæм æнусы дæр Аршакидты Сомихстоны сæйраг сахар Арташаты пер- сайнæгтимæ зæлдагæй чи базар кодта, уый 94
уыд импери6. Фæлæ уый нырма уæд фæлва- рæн уыд æмæ дзы стыр хъуыддæгтæ нæ лыг чынди. Стыр хъуыддæгтæ лыг кæнын та æнхъæлмæ каст «Стыр зæлдагвæндагмæ». Фæлæ ам йæхи зындзинæдтæ æвзæрста Византийы импери, " базаргæнджытыл-иу фæндагыл алы фыдбылызтæ кæй æмбæлд, уымæй. Ууыл нын дзуры Византимæ цæуæг тюркаг минæвæртты хабар дæр: уыцы рæс- тæджы Пероæн сæ къухы ’бафтыд алайнæг- ты балхæнын æхцайæ, цæмæй уыдон амард- таиккой сæ зæххыл цæуæг тюркаг минæ- вæртты æмæ афтæмæй зындзинад æвзарын ,кодтаиккой Византийæн. Фæдæ иу хорз уыд, æмæ уæд æнæфыдбылызæй аивæрз- тысты7... Бæлвырдæр зæгъгæйæ, цахæм характер уыд Аланы ахастæн Византиимæ? «Зæл- дагвæндагæн» йæ бон æххæст кæнын уыд дыууæ хъуыддаджы. Фыццаджыдæр, уымæн йæ бон уыд æмæ уыдаид, Кавказыл цæугæ- йæ æмæ Аланыстоны Византиимæ бæтгæйæ, æфсæддон коммуникаци аразæг. Аланæн Константинополимæ цы ахастытæ у’ыд, уы- дон та баст уыдысты базаргæнæг паддза- хæдты экономикон æмбыцæу ахастытимæ. Æмæ кæд Византийы интерестæ цыдысты дардмæ — хъавыд æгас дуне йæ къухы ба- кæнынмæ, канд Кавказы экономикон къух- дариуæгадмæ нæ, фæлæ, уæд алан та разы уыдысты, Византиимæ ахастыты цы бынат ахстой, уымæй. Константинополы аланимæ агуырдтбй цæдис уый тыххæй миййаг нæ, æмæ сæ уыдон мæт уыд, фæлæ æрмæст уый тыххæй, æмæ алан сæ къухы дардтой Цæгат Кавказы базарадон фæндæгтæ. Уы- мæ гæсгæ, алан æмæ Византийы ’хсæн кон- такттæн сæ характер уыд .æхцайæ кæнгæ, базарадыл баст, кæрæдзиим’æ бадзырды бындурыл-иу алан бацыдысты Константи- нополы æууæнчы, куыд сæ базаргæнджы- тыл ницы фыдбылыз æрцæудзæн, афтæ. Мощевая Балка æмæ Хасауты ссаргæ археологон æрмæджытæм гæсгæ махæн нæ бон у бæлвырд хатдзæгтæ скæнæм: Иран- Византийы конфликты арæнмæ чи хæццæ кодта, «Зæлдагвæндаджы» уыцы сæйраг трассæйæ дарддæр ма уымæй фæйнæрдæм цыди æндæр къабузтæ дæр æмæ сыл лас- той канд зæлдаг. нæ, фæлæ æндæр товар- тæ дæр. Уый нын амоны, «Зæлдагвæнда- гæн» бæрæг-бæлвырд маршрут кæй нæ уыд, уымæ8. «Зæлдагвæндаджы» къабузтæй Цæгат Кавказыл чи цыд, уыдонæн се ’ппæты ба- цамонын нæ бон нæу, фæлæ дзы иуы тых- хæй цасдæр бæрцæй нæ бон у зæгъын. Археологон ссаргæ дзаумæтты бæрцмæ гæсгæ — Мошевая Балка — 143, Хасауты уæлмæрды — 65, нæ бон зæгъын у: Моше- вая Балка уыд, фылдæр змæлд кæуыл цыд, «Зæлдагвæндаджы» уыцы къабуз, Хасаут та хаста фæрссаг бынат. Ам ссаргæ дзаумæтты ’хсæн зæлдаг хъуымацы гæппæлтæ æмæ бирæ алыгъуы- зон фидыцы предметтæ кæй разынд, уый нын дзуры ууыл, æмæ ацы районы базара- дон товартæ уæрæх парахатгонд кæй цыды- сты адæмы ’хсæн. Византи æмæ Скæсæйнаг бæстæты ’хсæн Кавказы транзитон базар кæныныл дзурæг у Китайы зæххыл цымыдисон археологон ссарæккаг дæр^. Цымыдисон у, уыцы æхца- йæн куыд йе ссарыны факт, афтæ, цы тынг дард фæндагыл рацæугæйæ бафтыд Китай- мæ, уый дæр. Уыцы фæндаг та цыд Аланы- стоныл. Адон та иууылдæр иумæ ууыл дзурæг сты, æмæ алан ахстой «сæрмагонд бынат» æмæ сæм хауд пайда дæр Византи æмæ Ираны конфликтæй. Фыст бæрæггæнæнтæ нын куыд ам- онынц, афтæмæй антикон заманты дæр Китайы зонгæ уыдысты аланимæ æмæ сæ хуыдтой æндæр номæй. Дзырд цæуы рагдæр замантыл (нæ эрæйы агъоммæ II æ.), алан ма арал-хъаспы тыгъд быдырты куы царды- сты, ууыл. Фæлæ раздæры ном «Янь-цай Аланыстонæй ивд кæй æрцыд», уый нын ууыл дзурæг у, æмæ Китайы зыдтой Ал- аныстоны хабæрттæ. Китайы зыдтой ал- айнаг базаргæнджыты дæр. Афтæ, æмæ VI æ. алан Византи æмæ Скæсæны ’хсæн базарады хъуыддаджы ахстой æхсæны лæууæджы бынат. Уыцы роль сын ноджы тыхджындæр кодта æвдæм æнусæй фæстæ- мæ. Ацы хъуыдыйыл дзурæг сты, аланы зæх- хыл — ныры Кисловодскы территорийыл цы бирæ византиаг згъæр æхцатæ ссардæуыд, уыдон10. Иумæйаг нымадæй ам ссардæуыд 31 згъæр æхцайы. Археологтæ Э. Б. Рет- веладзе æмæ А. П. Рунич куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй ацы æхцаты иу хай ар- дæм рафтыд, базар кæныны фæдыл нæ, фæлæ Византийы бæрæг-бæлвырд полити- кæйы бындурыл, ома Иранимæ хæсты рæс- тæджы алайнаг æфсæдты йæ фарс рахæ- цын кæныны тыххæй11. Мах хъуыдымæ гæсгæ, уый æххæст раст нæу — ам базара- дон-экономикон ахастытæ сæйраг хъуыддаг лыггæнæг уыдысты. Ацы районы базарады хъуыддæгтыл нын дзурынц Мошевая Балкайы ссаргæ зæлдаг хъуымацы гæппæлтæ, сæ уæлæ Таны заманы нывтæ, афтæмæй, гæххæты гæппæл- тæ-æф[тийæгтæ-хæрдзты фæнысанкæнинæг- тимæ китайаг тушæй фыстæй. Уыдон мидæг бакастысты ахæм ныхæстæ: «100 сомы... 10 мæйы... 4 боны.. уæйгонд æрцыд»12. Адон нын æвдисынц Китайы империимæ ба- зарадон ахастытæ. Гъе, уымæ гæсгæ Ви- занти аргъ кодта æмæ нымадта аланы, куыд æмцæдисонтæ, афтæ, зыдта, Кавказы сын цы политикон уæз ис, уый, æмæ æппæт амæлттæй дæр архайдта, уыдон йæхимæ æввахс кæныныл. Византийæн цæмæй йæ политикон ны- сæнттæ æнæкъуылымпыйæ æххæст цыдаик- кой, уый тыххæй архайдта, цæмæй йæ ба- зарадон транзитон фæндагыл мацы ныхдур- тæ æвзæрстаид. Æмæ йын уый та хъуамæ арæзтаиккой алан. Æппæт уыцы мадзæлт- тæ та йын дæргъвæтин рæстæджы фидар- гонд цыдысты хæстон акцитæй. « Алан æнтысгæйæ æххæст кодтой, Ви- занти сын сæ разы цы хæс æвæрдта, уый æмæ стыр роль æххæст кодтой Цæгат Кавказы, «æмархайæг уыдысты грек, лаз æмæ персы хæстыты, фарсхæцæг-иу фесты куы сæ иутæн, куы се ’ннæтæн. 95
Суанг XII æнусы кæронмæ Византийæн алан уыдысты ныфсы цæдисон æмæ йæ интерестæ æххæстсгæнæг. Иæ развæндагыл æппæт ныхдуртæ дæр аиуварс кæнгæйæ, Таны династийы рæстæджы Китайы импе- риимæ сарæзта днпломатон ахастытæ кæ- рæдзимæ минæвæрттæ æрвитыны бындурыл. 1. Кузнецов В. А. Очерки по истории Алании, Ордж. 1984, с. 53, 2. Иессен А. А. Археологические памятники Кабардино-Балкарии МИА СССР- № 3, 1941, с. 27. 3. Ковалевская В. Б. Кавказ и аланы, М. 1984, с. 133. 4. Прокопий Кесарийский, Война с готами, с. 77. 5. История Византии, т. 1,М. 1967, с. 333. й. Пигулевская Н. В. Виз^нтийская дипломатия.... с 197 7. Феофилакт Симкатта. История, книга 3, М. 1957, с. 82. 8. Иерусалимская А. А. О Северокавказском шелковом пути в ранее средневековье СА №2, 1967, с. 73. 9. Ся Най. Золотая византийская монета, найденная в могиле династии Суй, ВВ, т. 21, 1962, с. 168. 10. Рунич А. П. Катакомбные могильники IV—V вв. в Кисловодской котловине, III Круп- новские чтения, Грозный. 1973, с. 15. 11. Ретвеладзе 3. В., Рунич А. П. См. ук. соч., с. 154. 12. Иерусалимская А. А. Аланский мир на шелковом пути. Л. 1978, с. 152. Уый фæстиуæгæн Византийаг згъæр æхца- тæ æфтыдыстсы Китаймæ дæр. Аланыстонæн ахæм бынат кæй уыд Византийы ахастыты йæ алфæмбылай ду- неимæ, уый руаджы дæргъвæтин рæстæ- джы фидар бынат ахста Кавказы, суанг цалынмæ тæтæр-монгол не ’рбабырстой, уæдмæ. _ __ 4 ,ЭД