Текст
                    АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ
ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН
ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ
ХУССАР ИРЫСТОНЫ
ХАЙАДЫ ОРГАН
м л р т ^ ЖУРНАЛ ЦÆУЫ |
м а V т |$ 1927 АЗЫ январæи |
»»%»%%%%»%^%^%%»»%%»»%%%Ь«И»%>*»»»*в>* + *+«'»|^**%***%
Карл Марксы мæлæтыл 100 азы сæххæсты бонмæ . . 3
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ — Фыстæг (поэмæ) .... 7
КЪÆБЫСТЫ ЗАУЫР — Ссардта йæ ном (уацау) ... 14
БАХЪАТЫ НУГЗАР —Ног æмдзæвгæтæ 42
ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР —Дыууæ радзырды ... 48
ТЕДЕТЫ ГРИГОЛ — Æмдзæвгæтæ ..... 57
ИРОН ДЗЫРДЫ СÆРВÆЛТАУ
ТЕДЕТЫ ГЕРАС — Не ’взаджы сыгъдæгдзинад — нæ са-
гъæссаг .... 59
АИВАД
ЦОЦИТЫ КЪÆДЗÆХ — Тугъанты Махарбег — театралон ныв-
гæнæг .... 68
КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ
САНАХЪОТЫ МУРАТ — Георгиевскы трактаты 200 азы бон-
^ мæ 71
БЯЗЫРТЫ АЛЫКСАНДР —Нарты эпосы истори 73
ГАГЛОЙТчЫ ХАЗБИ — Хуссар Ирыстоны Автономон областы
хæлцадон программæ сæххæст кæныны фæ-
дыл барадон куыст 77
ЛОЛАТЫ БАТРАДЗ — Гарданты Михалы æхсæнадон архайд
Гуырдзыстоны * . 80
ДЗИДЗДЗОЙТЫ ЮРИ — «Нарты кадджыты иу сюжеты
тыххæй» . . . . , . 82
НИГА — Скъолайы агъоммæйы кары сабиты хъомыладон
фарстытæ 86
НÆ КАЛЕНДАРЬ
Сфæлдыстадон ’куысты кадвæндагыл — (Сергей Михалковы
райгуырды 70 азы бонмæ) ... 92
ПЫСЫРАЙЫ ТÆППÆЛТТÆ
РИРАНТЫ МИККА —Хæссын дзыллæты хъысмæт ме ’ккой
(литературон пароди) 94
19-ЦХИНВАЛ-83


ФИДИУАГ ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИЙ ЖУРНАЛ Орган Юго-Осетинского отделения Союза писателей Грузии «ЗО^ОЗбгО асазасгшзо’эло е™0дЗ<ЬйМАЗСГ-ЭЬдАЗЛ«Э«Г0 «56 ьбша^гао&боз-гсп^обоа’ЗАо: , . 63АБ6СГ0 ^^з’ЭоЛоЬ ЬаЭЬЛдæ тЬдогоЬ СÆЙРАГ РЕДАКТОР ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ: БУКУЫЛТЫ АЛЫКСИ, ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН, ДЖУСОЙТЫ НАФИ, МÆРГЪИТЫ КЪОСТА, КОЗАТЫ ИСИДОР, ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ, ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бæрнон секпетарь) Техредактор Куьшæридтаты Офелия Корректор Болататы Ленæ Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты. Сдано в набор 20 II 1983 г. Подписано к печати 31. Ш 1983 г. Учетно-изд. листов, 6,9. Формат бумаги 70x108716. Печатных листов 8,9. Заказ типографии №220. ЭТ00207. Тираж 3535.
КАРЛ МАРКСЫ АМÆЛÆТЫЛ 100 АЗЫ СÆХХÆСТЫ БОНМÆ Ацы аз æххæст кæны 100 азы Карл Марксы мæлæтыл. Амард Лон- доны 1883 азы марты 14 бон. Ныгæд æрцыд марты 17 бон Хайгеты уæл- мæрды йе ’фсин Женни фон Вестфалены ингæны цур. Мæрксы мæлæты тыххæй Фридрих Энгельс уыцы бонты фыста йæ хъуыдытæ, стæй сæ æмæлвæстæй рапывæзта йæ раныхасы Марксы ингæ- ны уæлхъус. Энгельсы уыцы ахсджиаг хъуыдытæ мыхуыр кæнæм «Фидиуæджы» дунейы пролетариаты ахуыргæнæг Марксы мæлæтыл 100 азы сæххæсты цытæн. ЭДУАРД БЕРНШТЕЙНМÆ 1883 азы марты 14 б$он. Зынаргъ Бернштейн! Мæ тел, æвæццæгæн, райстат. Хабар æрцыд æвирхъау тагъд. Кæй сынæниз уыдзæн, уымæй нæ стыр ныфс бæргæ уыд, фæлæ абон райсом згвиппайды æрлæмæгъ, стæй уый фæстæ æрфынæй. Дыууæ минутмæ уы- цы генион магъз банцад йæ хъуыды кæнынæй, стæй уымæй дæр тæк- кæ уæд, хосгæнджытæ нын иууыл стырдæр ныфсытæ куы ’вæрдтой. Уы- цы лæг цы уыд махæн теорийы, стæй æппæт скъуыддзаггæнæг рæстæ- джыты та практикæйы дæр, уый хатын æмæ æмбарын йæ бон бауыдзæн <ермæст, æдзух йемæ чи уыд, уымæн. Уый йемæ ахаста æмæ нал уы- ’ 3
дзæн бирæ азты дæргъы йæ уæрæх цæстæнгас. Мах, иннæтæ, уый онг нæма сырæзтыстæм. Æзмæлд цæудзæн йæ фæндагыл, фæлæ нал уы- дзæн, нырмæ ацы змæлд мæнг фæндæгтыл бирæ рæстæджы дæргъы дзæгъæлы рахау-бахауæй чи хызта, уыцы сабыр, афойнадыл, барст- нымад къухдариуæгад... ВИЛЬГЕЛЬМ ЛИБКНЕХТМÆ 1883 азы марты 14 брн. Зынаргъ Либкнехт! Мæ телæй... сымах, æвæццæгæн, зонут, Европæйы социалистон ре- волюцион партийыл цы æвирхъау зиан æрцыд, уый... Ацы æнусы дык- каг æрдæджы иууыл стырдæр зонд банцад йæ хъуыдыкæнынæй... Абон изæрæй йæ мæхи цæстæй федтон уаты æдзæмæй хуысгæ, йæ цæсгом ныджджих æнустæм, фæлæ мæ уæддæр нæ уырны, уыцы гени- он зонд зæххы къорийы пролетарон змæлд йæ хъомысджын хъуыдыйæ нал хъæздыг кæны, уый. Мах ныр цы стæм, уый систæм уый фæрцы, йæ теоретикон æмæ практикон куысты фæрцы, уый нæ уыд, уæд мах ныр- . мæ дæр дзæгъæлы рахау-бахау кодтаиккам талынджы... ИОГАНН ФИЛИПП БЕККЕРМÆ 1883 азы марты 15 бон. Мæ рагон хæлар! Цин кæн, афæззæджы ма Марксы кæй федтай, ууыл, — нырæй фæс- тæмæ йæ никуыуал фендзынæ. Знон боны 2 сахаты æмæ 45 минутыл, бæрцæй йæ дыууæ минуты иунæгæй куы фæуагътам, уый фæстæ йæ бай- • йæфтам къæлæтджыны сабыр фынæйгæнгæ. Нæ партийы иууыл тых- джындæр зонд йæ хъуыдыкæнынæй банцад; мæ цæрæнбонты цы зæр- дæтæ. федтон, уыдонæн сæ’иуыл тыхджындæр банцад йæ кусынæй... Ныр æз æмæ ды, æвæццæгæн, стæм, 1848 азы размæйы гвардийæ ма чи аззад, уыцы фæстаг дыууæ лæджы. Цæй, цы кæнæм, мах лæу- дзыстæм нæ хæстон бынæтты. Хъуысы нæмгуыты ’хситт, нæ хæлæрттæ мæлынц, фæлæ æз æмæ ды уый фыццаг хатт не ’взарæм. Æмæ махæй дæр кæд искæуыл нæмыг сæмбæла, уæд фод афтæ, æрмæст йæ цæф мæ- лæтдзаг куыд уа, бирæ хъизæмар кæнын куыд нæ бахъæуа... ФРИДРИХ АДОЛЬФ ЗОРГЕМÆ 1883 азы марты 15 бон, изæры 11 сахат æмæ 45 минуты. Зынаргъ Зорге! ] Дæ тел дын райстам абон изæрæй. Стыр бузныг!.. Знон бонæй, 2 сахаты æмæ 30 минутыл — уымæ боныгон бацæуы^ нæн иууыл хуыздæр афон — æз бацыдтæн уырдæм æмæ бинонты иу^ уылдæр цæссыгкалгæ баййæфтон: ома цæринаг нал у. Æз сæ фæрсты^ тæ кодтон, фæндыд мæ хъиыддаг бæстон бамбарын, истæмæй сын зæр- дæ бавæрын. Куыд радзырдтой. афтæмæй иц-чысыл туг сæппæрста, стæй иæ уæлвæд тынг æрлæмæгъ. Нæ хæрзæгой зæронд ус Ленхен, иу мад дæр йæхи сабимæ куыд нæ базилдзæн, афтæ йæм чи зылд, уый схызти иæлæмæ, рынчыны уатмæ, æмæ уайтагъд фæстæмæ фездæхт: æрфынæй, дам, дæ бон у. ссæуай йæм. Уатмæ%куы бахызтыстæм, уæд уый уыд фы- нæй, бафынæй æнустæм. Нал улæфыд, йæ тугдадзин нал цавта. Уыцы дыууæ минуты дæргъы бафынæй æнцойæ æмæ æнæхъизæмарæй. Æрдзон æнæфæивгъуыц æгъдауыл цы хабæрттæ æрцæуы, уыдон цыфæнды æвирхъау куы уой, уæддæр сæ мидæг вæййы, лæджы зæрде^ 4
цæуыл фæлæууа, ахæм исты. Хосгæнджыты арæхсты руаджы ма, чи- зоны, фæцардаид иу-цалдæр азы, джиуæгау цардæй, ницыхъом уæвæ- гойы цардæй, æвиппайды нæ, фæлæ цадæггай мæлгæйæ, хосгæнджыты аивады уæлахизы охыл. Фæлæ нæ Маркс ахæм уавæры нæ бафæрæз- таид. Дæ разы утæппæт æвæуд куыстытæ уын, сæ фæуынмæ бæлл, æмæ дын уый бон кæй нæй, уый тыххæй танталы хъизæмартæ æвзар, — аф- тæмæй цæрын уымæн уыдаид йæ сабыр мæлæтæй мин хатты мæстаг- дæр хъуыддаг. «Мæлæт — чи амæлы, уый нæ, фæлæ удæгас чи баз- зайы, уый æнамонддзинад у» — уарзта Эпикуры ацы ныхæстæ хæссын. Æмæ уыцы уæйыг, генион адæймаг куыд тайы, куыд ницæйаг кæны, уый уын, медицинæ уымæй йæхи куыд буц кæна, стæй йæ тæккæ хъа- руйыл куы уыд, уæд-иу арæх кæй æрбырон кодта, уыцы филистертæ та йыл райгæ куыд кæной, — нæ, уымæй мин хатты хуыздæр у, цы ’рцы- ди, уый; мин хатты хуыздæр у уый иннæбон ингæнмæ ахæссын, йе ’фсин æнусон æнцой кæм ссардта, уырдæм... Фод афтæ. Адæймагад фæныллæгдæр иу сæры( бæрц, æмæ уымæй дæр, нæ дуджы йын цы сæртæ уыд, уыдонæн сæ тæккæ зынгæдæр, сæ иууыл хуыздæр сæры бæрц. Пролетариаты змæлд цæуы дарддæр йæ фæндагыл, фæлæ нал ис уыцы центрон пункт, скъуыддзаггæнæг рæстæ- джыты-иу францæгтæ, уырыссæгæтæ, америкæйæгтæ, немыцæгтæ зонд- агур кæдæм цыдысты æмæ-иу æрвылхатт дæр бæлвырд æмæ иууыл ра- стдæр уынаффæ кæм ардтой, йæ раттын æрмæст æппæтзонæг генийы бон кæмæн уыд, ахæм уынаффæ. Ныр цъæхæйрæгъæд номдзыд лæгты æмæ чысыл курдиæтты хицæутты, науæд та хуымæтæджы дзураг фæли- тойты уромæг нал и. Æппынфæстагмæйы уæлахиз ифтонг у, фæлæ фæс- фæндæгтыл цæуынтæ, рæстæгмæ æмæ хаттæй-хатт дзæгъæлтæ кæнын- тæ, — æнæуый дæр ирвæзт кæмæй нæй, — уыдон ныр уыдзысты бирæ арæхдæр. Цæй, цы гæнæн ис, уыдæттыл та хъуамæ мах фæтых уæм, — цæргæ дæр мах уый тыххæй куы кæнæм. Гъе, уый адыл ма’х не ’хсар нæ сафæм. РАНЫХАС ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС Марты 14 бон, фæссихор, 3 сахаты 15 минуты цухæй, нæ дуджы хъуыдыгæнджытæн сæ иууыл стырдæр банцад йæ Хъуыдыкæнынæй. Иунæгæй йæ фæуагътам бæрцæй дыууæ минуты, стæй йæм уатмæ куы бацыдыстæм, уæд æй баййæфтам къæлæтджыны фынæйæ — бафынæй æну’стæм. Европæ æмæ Америкæйы тохгæнæг пролетариатæн, историон зона- дæн ацы лæджы мæлæт у æвирхъау стыр зиан. Рæхджы бавзардзыс- тæм, ацы гиганты мæлæты фæстæ цы стыр афтид бынат аззад дунейыл, уый.. Дарвин органикон дунейы рæзты закъон куыд раиртæста, афтæ Маркс та раиртæста адæймагады историйы рæзты закъон: ома æрæджы дæр ма идеологон цъæртты бын æмбæхст чи уыд, уыцы хуымæтæг факт, зæгъгæ, адæмæн фыццаг хъуамæ уа хæринаг, нуазинаг, цæрæн бынат æмæ уæлæдарæс, цæмæй сæ бон бауа политикæ, зонад, аивад, дин æмæ æндæр ахæмтыл кусын, зæгъгæ, уымæ гæсгæ, цæрынæнхъæуæг æцæг ма- териалон фæрæзты кондад æмæ уый адыл адæмы кæнæ дуджы экономи* кон рæзты алы бæлвырд къæпхæн сты уыцы4 бындур, бæлвырд адæмы паддзахадон уагдæттæ, барадон цæстæнгастæ, аивад æмæ æгæрстæмæй дины цæстæнгастæ дæр кæмæй равзæрынц æмæ сæ бамбарын кæй фæр- цы хъæуы, ома нырмæ куыд кодтой, афтæнæ, фæлæ иннæрдæм. Фæлæ уыцы закъон дæр Марксы æппæт сгуыхтдзинæдтыл нæ дзу- ры. Маркс ма раиртæста ноджыдæр кондады нырыккон капиталистон амал æмæ уымæй равзæргæ буржуазон æхсæнады рæзты сæрмагонд за- къон. Уæлæвæрæн аргъ циу, уый куы раиртæста Маркс, уæд ацы фа- дыджы æппæт дæр ирдæй разынд, уый размæ буржуазон экономисттæ 5
æмæ социалистоН критиктæ цы иртасæнтзб кодтой, уыдон уыдысты тй- лынджы дзæгъæлы рахау-бахаукæнæгау. Иу цардæн фаг уыдаиккой ахæм дыууæ ногыссарды дæр. Уыдонæй æрмæст сæ иу кæй къухы бафтыдаид, уый дæр уыдаид амондджын. Фæ- лæ Маркс цыфæнды фадыгмæ бавнæлдтаид, алы ран дæр-иу йæ къухы бафтыдсæрмагонд ногыссардтæ, — æгæрстæмæй математикæйы фады- джы дæр, — ахæм фадгуытæ та уыдысты тынг бирæ, фæлæ дзы алкæ- уыл дæр куыста биноныгæй. Ахæм уыди ацы зонады лæг. Фæлæ уый нæ уыд йæ сæйраг мини- уæг. Зонад Марксы цæсты уыди историон æгъдауæй размæгæнæг, ре- волюцион тых. Уымæн зæрдæхцон хаста цыфæнды теоретикон зонады алы ногыссард дæр, æгæрстæмæй дзы практикон æгъдауæй куыд спай- дачындæуыдзæн, уый-иу бæрæг куынæ ма уыди, уæддæр, фæлæ-иу йæ цин уыдис бынтон æндæр, кæд æмæ-иу фæзынд ахæм ногыссард, сæу- дæджерадыл, историон рæзтыл иумæйагæй революцион хуызы чи ундæв- та. Зæгъæм, уый тынг лæмбынæгæй йæ цæст дардта электрады фады- джы ногыссардты рæзтмæ æмæ ма ноджы фæстаг рæстæджы та Мар- сель Депрейы ногыссардтæм. Уымæн æмæ Маркс, фыццаджы фыццаг, уыди революционер. Капи- талистон æхсæнад æмæ уый саразгæ паддзахадон уагдæттæ ныппырх- кæныны хъуыддаджы иу кæнæ иннæ хуызы хайад райсын, нырыккон пролетарты, йæ сæрмагонд уавæр æмæ йæ домæнтæ, йе ссæрибар кæ- ныны уавæртæ кæмæн бамбарын кодта фыццаг хатт, уыцы пролетариа- ты ссæрибар кæныны хъуыддаджы хайад исын, — тæккæ уый уыдис, æцæгæй, йæ царды курдиат. Уымæн йæ царды æрдзон фæтк уыди тох. — Æмæ уый тох кодта ахæм монцæй, ахæм удвидарæй, афтæ æнтысгæ, æрмæст иустæм лæгæн куыд у йæ бон. 1842 азы фыццаг «Рейны газет», 1844 азы Парижы газет «Размæ!», 1847 азы «Немыцаг-брюссейлаг га- зет», 1848—1849 азты «Ног рейны газет». 1852—1861 азты «Нью-Йор- чы æрвылбоны трибунæ» ’æмæ уымæй дарддæр ноджы бирæ хæстхъом брошюрæтæ, йæ куыст Парижы, Брюсселы æмæ Лондоны организаци- ты, цалынмæ нæ фæзынд. æрæджийау уыцы хъуыддæгты бæрзонд сæр— Кусджыты Дунейон Æмбалад — ома, æцæгдæр, ахæм хъуыддаг, йæ са- разæг сæрыстыр кæмæй хъуамæ уыдаид, æндæр куы ницыуал сарæзта- ид, уæддæр. Гъе, уымæ гæсгæ} Маркс уыди ахæм адæймаг, иууыл тынгдæр кæмæ уыдысты хæрам, иууыл фылдæр кæуыл кодтой цъыфкалæн. Хицæуттæ — куыд хæдхæцæг, афтæ республикæйонтæ дæр — уый сырдтой тыхæй иу бæстæй иннæмæ, буржуйтæ йæ, — куыд консервативон, афтæ ульт- радемократонтæ дæр, — æзфæраздæронæй кодтой сæ фыдхахуыр æмæ фыдæлгъысты бын. Фæлæ-иу уый ахæмтæ йæ фæндагæй, хæлуарæджы тынау, иуварс асæрфта, æрдумæ дæр сæ нæ дардта, дзуапп сын лæ- вæрдта æрмæст иу стæм хатт, æндæр гæнæн-иу куы нал уыд, уæд. Æмæ уый амард, æппæт Европæйы æмæ Америкæйы, Сыбыры æрзæткъахæн- тæй Къалифорнимæ йын цы милуангай революцион æмхæстонтæ ис, уыдонæн уарзонæй, цытджынæй, уыдон ыл сæ цæссыг калынц, афтæ- мæй, æмæ мæнæн мæ бон у уæндонæй зæгъын: гæнæн ис, æмæ уымæн ’уыдаид бирæ ныхмæлæуджытæ, фæлæ йæхи удæн иу знаг дæр цыма нæ убьд. Йæ ном æмæ йæ хъуыддаг уыдзысты æнустæм! Уырыссаг æвзагæй Нафийы ивд, К- Маркс æмæ Ф. Энгельсы уацмысты дык- каг рауагъды 19 æмæ 35 томтæй. г^ж^^
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ Æнæудæй — дзырдхæссæг *, Уыци-уыциу. ФЫСТÆГ Поэмæ 1 Систа уæлдæфы тæхынтæ, Урсриу, урсбазыр бæлонау, Мады хъарм фыстæг йæ фыртмæ, — Йе скаст, арæнгæс салдатмæ, Уым йæ сагъæстæ, йæ фынтæ Райынц уалдзыгон ирд бонау... Иуварс аивылут, мигътæ, Хæхты айнæгварс цыргъ тигътæ, Раттут ын фæндаг уæ сæрты. Уый ныййарæг мад фæфыста, Дысон изæрæй ысбонмæ Иугай дамгъæтæй кæронмæ, — У хабархæсс’æг, сæрыстыр. Уым, цыппæрдигъон конверты Ис æнæхъæнæй йæ зæрдæ. Макæн, ма йæ сисут уе ’рмтты,— Уый тыфыл калы, цæхæртæ, — Искæй басудздзæн йæ азар. Уахъæз, уый фæлтау ын азар! Ацахоры йæ сæуæхсид, Цинтæ йыл кæны зæрæхсид, — Иумæ йыл адджын ныттыхсынц, Науæд хицæнтæй нæ быхсынц. Уый зынвæндæгтыл нæ тыхсы, Зилы арв æмæ зæххы ’хсæн. Сах къæвда, кæцæй æртахтæ? — Уый дæ рахсиддзæн æмбойны, Гъе дæ басæтдзæн йæ дойны, — Нал дæ аззайдзæн æртах дæр. Уым тæлфгæ кæнынц иæвд дзырдтæ, Хъазы тугдадзин сæ уæнгты. Размæ! Цырддæр æмæ цырддæр,— Сисыц цъелфтæ, суæнгтæ. Чи сæ мады уарзт ыскъæфы, Чи йæ ныхыл фыст, йæ хъысмæт, Чи сæ фесхъиуы, ыстъæлфы, Чй сæ у æр’хуым, æнтъыснæг...
Чи салдат лæджы у&з&г&й Йемæ рахаста йæ сурæт. Бурбын, сойнуæзт фæззæг æм Нарст, сæлæф былтæй фæхудæд! Иры армыйас цъæх арвæй Стъалытæ сæ цæст ныкъулынц, Терчы уылæнтæм фæлурс мæй Дон ныуазынмæ ныкъкъули. Чи сæ ’хсæрдзæнты чырчыртæ Иемæ рахуыдта йæ балцы, — Даргъдым чъырттымы чъырчъыртæ — Алцы, алцы æмæ алцы... Дзырдтыл рог базырхæ базад, — Уахъæз, балцы зарæг азар! Фыстæг — урсбазыр зæрватыкк, Уддзæф, адау ын йæ бецыкк. Уым кæсы дæумæ æнхъæлмæ Сахъ хæстон лæппу Æхсарбег. Уый дæ фæсидтмæ, дæ хъæрмæ фестдзæни фæринк æхсаргард. Дæлæ арæнгæс салдатæн Ракæн мады ’хцон ныхæстæ, — Хъар’м хур бакæса йæ уатмæ, — Уый йæ фæдисон, йæ хъæстæ. Ма йын ысхъæр кæн æрмæстдæр: Мад куыд батади йæ фæстæ, Цæсгом банцъылдтæ, фæгубыр. Ие стыр сагъæссаг цæстытæ Къусчы бахаудтой, нындзыгау, Къаба сафтиди йæ гуырыл, йе ставд сау дзыкку бындзыггай Урсæй акъули фæрсæрдæм... 2 «О, дæ сæрыл мæ æрхæссай, — Райдыдта Æхсар фæрсынтæ. — Мæн дæ иу фыстæг æрхæссы Суанг иннæйы фæзындмæ. ! Уыдонæй цæрын æрмæстдæр, Сафынц мын мæ рын,мæ маст дæр. Уаих макуы фæуай, уаих, Цæст дæ сомы дæр нæ уарзы. *•'- ._-У Ныр кæдæй нырмæ нæ фыссыс?! *" Зæрдæ схауæккаги, адих, Зæрдæ уый бæрц зын фæразы?.. Гъе, та ды мæнау нæ тыхсыс?.. Гъе та дæу æхсæв фыдфынтæ /; Афтæ не скæнынц дæ хъуырмæ...
Сыстын, райдайын хъуыргъуында&г," Раст цыма мæлын, ныххурх дæн. Нал дæн, нал рæстмæ цæстæй дæр: Мæнæ дамгъæтæ, æркæс сæм: Иу сæ иннæмæ — хæстæгдæр, Иу сæ иннæйыл ныхæсы. Раифтон мæ цæсткæсæнтæ, Науæд нал уыдтон мæ фæдзæл. Иннæ ахæм та мæ зæрдæ, — Сæнкъуыст, риуарфы ысдзæгъæл... Пост цы чызг хæссы нæ уынгмæ, Уый мæм нал уæнды кæсын дæр. Нал фæфæразы мæ уындмæ, Хатт æй’бафæнды кæуын дæр... Исты фыд мæ кæд æмбæхсы, Гъе та ме ’нкъард хуыз нæ быхсы? Гъе, мæ уадулы хæххытыл Фены ферттивгæ мæ цæссыг? Уымæн ацæуы æрхуымтæй, Уымæн ахæссы мæцъæл хъыг... Ехх, кæй æндавынц мæ ристæ, Чи ныффæраздзæн мæ зынæн?.. Къулæй арæхстгай æристон Æз дæ фыды къам ,кæсын æм... Ие ’взист пъагæттыл кæддæрау, Ирд ысталытæ — сæрæгас. Иу-чысыл куыддæр фæтарау И ’алмаси, цырен цæстæнгас,, Гъе, уæддæр кæны сæрæн каст. I — Цæй, цы бакæнон? фæрсын æй, Гъай, цы æрхаудта мæ сæрмæ?.. Фехъал ис цыма йæ фынæй Æмæ бахудтис гæзæмæ... Уый дын, чизоны, нæ тæрсы, Нæу мæнау тæппуд, кæлусон, • _ Хоны дæ цæргæс йæхиау. Æз ныббуц вæййын, ыстæфсын, Дзаг цæстæй фæкæсын, хъусын, Суасы рахис фарсæй хиуа... Охх, фæдæн та дын хъæстытыл, Сыджыт бахæрæд дæ мады. Ма уæд дунейыл хæсты тæф, Алцы уæд уыдзæн йæ адыл. Зонын, н’адæмы кæстæртау, Фидыс де стыр хæс, дæ лæггад. Райгуырæн бæсты сæрвæлтау Уе ’ппæт дæр ифтонг, æлвæст кард.
Хорз лæууы дæ фыст мæ зæрдыл, Дзурын æй мæ хъал, мæ фынты: «Маргъ нæ атæхдзæн нæ сæрты, Н ’абырдзæн мæлдзыг нæ бынты!» Гъе, уæддæр уæрццаг æрбауæд Мады утæхсæны сагъæс. Иу уысм дын æрæнцой ма уæд, — Иуыл демæ дæн, дæу ахæст... Иуæхсæв фыццаг кæрккуасæн Кæртæй бадзырди нæ уатмæ Сабыр, зарæгау дæ номæй. Фестаддæн, кæсын, дæ æндæрг’ Ратахт, рухс зæдау, мæнырдæм. Бахудт мæм фæлмæн, æргомæй, — Ферттывдта æмæ æрбатар... Бирæ рафт-бафты фæстæ.ма Бахаудтæн рæдзæ-мæдзæмæ... Ды дæ гæрзæфцæг куыдзимæ Сурут бирæгъы гæппдугъæй. Уый уæм фездæхти фæстæмæ, Байдзаги йæ ком сырх тугæй, — Æтт, хæрдзæни сæ, мæ боныл! Ие схъæл дæндæгты хъыррыстæй Фехъал дæн æваст, ныррызтæн... Рухс æрбакалди, ысбони,— Сыстадтæн фæллад, фыдрыстæй. Уас, бындурзылд фой фыдгултæ, Махæн н’ахсджиаг хъæбГулты Цадæг чи нæ уадзы кусын, Царды буц зарæгмæ хъусын... Адар сау мæры дæ гутон, Зæххы тæф ныуаз æхсырау,— Уый цæй хæрзад у, цæй ’лутон! Уæрыкк уалдзыгон ирд боны ’ Ногдзыд, цъæх кæрдæг æхсынæд, Ахс фæлмæн æрдзы симфони... Искуыцæй куы сзыны тар мигъ, Арвы рухс сивыр куы ’мбæрзы,— Æз къæхты бынмæ ныккæрзын: Ма та рацæуа фыдсау их... Халон бауасы, йæ хъуахъ . Риуы аныхсы цыргъ фатау. Ацу, базон æй, цы хъ’уа?.. Ацу, ма та ссудз артау?.. Уарзон мадæлты уæззау хъæрзт Дуры губынмæ дæр хъары. Зонын, а дуджы та карз хæст Ногæй рабырсынмæ хъавы. Уæртæ дард.денджызты фæстæ Махмæ рабастой сæ гæрзтæ. Уастæн,аскъуыйа сæ хъæстæ!..
...Мæнæ, гъе, Силæм æрбацыД, Къулбæрзæйæ мæм фæлгæсы, — 'Вæццæгæн, дæуæй фæфæрсы... Ой, куыд æмбары, куыд, алцы!.. Рахæссын æм уæд дæ фыстæг,— Цинтæ кæнгæ йæм ысмуды. Агæмæл вæййынц йæ хъустæ, Цыма уый дæр исты ’мбуды... Атилы йæ дым æхсызгон, Цинæй райхъуысы йæ хъыс-хъыс... Мысы, мысы дæ æрвылбон, Акæны фæйнæрдæм хъус-хъус... Уæвгæ дæм фæци мæсты дæр: Иубон æм дæ къам æвдисын.— Де ’фсæддон куыдзы кæм дауыс,— Даргъ, къуыбырхъус ку’ гæрзæфцæг, Хардзау æм æркаст, мæгуыртæг... Фенцъылдта йæ фындз, ысрæйдта,— Адымст, ахгæдтой йæ хъуыртæ, Фиййæуттæм тæргай ныссæрфта... Иннæ ахæм та нæ хъæуы 'Нæнтыст чызджытæ, рæузинтæ.— Ам, хъæуа æви нæ хъæуа, Багæргæр кæнынц цæ кæртмæ, Сисынц мæ фæрсынтæ, цинтæ, Раст цыма мæхи æмгæрттæ. Чи сæ раскъæфы нæ уисой, — Райдайы мæрзын цъылынæй. . Чи сæ бедра æрисы,— Дон æрбадавы нæ уынгæй Æмæ дидинджыты хъустæм Калы рухс æртæхтæ къусгай. Чи сæ агуры дæ хуызист. Мидбылхудт, къленцтæ, зултæ... .Чи сæ ракуры дæ /къухфыст,.— Д’адресыл кабнынц цæрддзутæ. Иуæн дæр æй æз нæ дæттын,- Курæнт цасфæнды — нæ сæттын... Хъæр, пæрæстытæ, чырчыртæ... Ой, кæмæй фесты, мæ боныл! Иу сæ «мидæмæ!« нæ зоны Судзинæн кæнæ /æрсындзæн, Алцыдæр сын у æнæуæрст. Диссаг, чи сæ у мæ чындзаг? Иу сæ у æрмæст æфсæрмдзæст. Семæ йæ цæуын нæ фæнды, Раст кæсын дæр мæм нæ уæнды.
Зæхмæ аздахы йæ æнгас. Ацу, фехъус ын йæ ныхас! Нарæгастæу у, гуырвидыц, Ие стыр цæстытæй куы скæсы, Уæвгæ, уый вæййы хæрз ыстæм,— Раст цыкурайау нырттивынц. Д ’адрес уымæн æз, дæуыстæн, Раст мæхи къахæй ныххæсин. Дзыкку даргъбыдæй йæ фæсон Суанг ронбастмæ æххæсы. Багъæц, ноджы йæ æрфæрсон: .Чи у, скъолайы кæм кæсы? Гъе та, чи зоны уæхæдæг Уарзут раг,æй дæр Лсæрæдзи Æмæ йæ мæнæй æмбæхсут... Уарзт вæййы æхцон æрхæндæг... Сусæг уарзт ныуæрст зынгау у, Фергом кæнынæн æвгъау у. Амонд уын фæуæд уæ Æдзи, Уе’взонг циныл мæ æрхæссут... Ма мæт кæн мæныл, нæ хъæуы, Æз æвдудон дæн, æмæлæт, Ничи ахиздзæн мæ^сæрты. Искæцы чызгус нæ хъæуы { Мемæ ссивæнты æрлæууæд, Колхозы уæрæх фæтæнты!.. Хос мын ракæрдынц нæ хорз сых; Суг мын рарвиты нæ.сæрдар. Адæмæн ыссар сæ хорзæх,— Уæд сæ’хъæбул дæ, сæ сæр дæ. Иу къуыри размæ нæ бур хъуг Гайлаг сау рæуæд ныййардта. Иу уысм ма æнцой кæм ардта: Уасыд, й’алвæрсты ысрæуæг. О, фæлæ мææн уыд тынг хъыг — Мæн хъуыдис æрмæст сыл рæуæд. Балконы сæрмæ нæ уазæг — Мадæл рогбазыр зæрватыкк,— Хастай-иу ын ды æппытæ — Макуы ахусса йæ сау зынг! Уый нæ рох кæны нæ уæзæг, Рауадздзæни та лæппынтæ. Хæйрæджы фæлдыстнæ сæгътæ, Баууилын кæнынц мын чъиутæ. Бафтын къæдзæхтыл сæ фæстæ, Ацу, баййаф сæ — сычъитæ... Гъе, æндæр ма дын цы зæгъон? — Бонырдæм фæкъули æхсæв. Æз цæттæ кæнын чындзæхсæв, Уый у ме стыр цин, мæ фæндон.
Зад хъæбæр хорæй æфтауынц, — Фынг бæгæныйæ фидауы. Хизы рагъсæрты дæ нывонд, Арфæйаг фæуæд дæ нывконд! Гъе, æрмæст ма дæ . фæдзæхсын — Худинаг сæрмæ ыæ хæссын: Де ’мбæлтты æхсæн æппындæр Мацæмæй фæу дзыхъхъылæуд. Залиаг калм д"æ ныхъхъуырæд -=- Ды ныццæхгæр у йæ хъуыры,— Мауал æй ысуадз тæлфын дæр. Тохы бахсиды лæджы хорз, Циу хуымæтæджы кæрдзынхор! Гъе, фæлæ, мæ хур, дзæгъæлы Ма тъысс, ма дæ сæр цæхæры! Иунæг мын фæдæ, хæрз иунæг,— Ма ныууадз дæ мады ниугæ. Адзæгъæл та дæн, æнхъæлдæн, Цæй, цытæ ма дæм ныффысон?... Хорз, кæсдзынæн дæм æнхъæлмæ, — Æз цынæ зынтæн ныббыхстон?!» 3 Банкъуыста йæ сæр Æхсарбег: «Ой, куыд диссаг дæ, мæ гыцци! Æз цæй усгур дæн, кæм мын ди?» Ног та гæххæтмæ ныууырдыг. Дæлæ, гъе йæ мад ныггыццыл, Дамгъæты ’хсæн æй ысуыдта, У фæллад, фæлмаст, ыскуыдта... Лæппу бандзыгау, ныхъхъус и. Мады дудгæ мæт æмбары, И ’адджын рухс сæнтты йæ дары. Ауади æваст йæ хъустыл Се ’рхуы уадындзы фæдис цагъд,— Гæххæт атъыста йæ тары, Фестад, топпы фатау, атахт. * * * Арвыл фыстæджы тæхæнвæд Сырх æрфæны фæдау худы. Мад ыскæсдзæни йæ уæлвæд, — Хсары бафæдзæхсдзæн хурыл... . Цхинвал — Пицунда 1981 аз.
КЪÆБЫСТЫ ЗАУЫР ССЛРАТЛ ЙÆ НОМ Уацау Сослан нæ уарзта Ацырухсы. йæ фыццаг фендæй фæстæмæ йæ нæ уарзта. Хъæр æй никæмæн кодта. Кæй йæ нæ уарзы, уый. Сусæгæй йæ нæ уарзта. Иæ цæсты, сындзау, ныхæстæй лæууыд уыцы лыстæг даргъ, мæллæг, дзыгъуырдзæсгом чызг. Уыцы хабар тæккæ ахуыры райдианы, фыццæгæм сентябры æрцыд. Фæндзæм къласмæ куы ’рцыдысты, уыцы фыццæгæм сентябры. Уыцы аз æй йæ фдыхо æркодта-хъæуæй. Районы скъола-интернаты уыцы дзæ- бæх ахуыр кодта йæхицæн. Сослан. Верæ йæ нал ныууагъта. Йæ фыды хо. Ракодта йæ горæтмæ. Агуындæ æмæ Ацырухс кæм ахуыр кодтой, тæккæ йæ уыцы фæндзæм кълассы бамидæг кодта. Цыма æнæхъæн го- рæты скъолаты æндæр никуыуал уыд Сосланы аккаг фæндзæм кълас. . Æнæмæнг ын хъуамæ Ацырухсы йæ цæсты, сындзау, ныссагътаиккой. Ноджы сын æй сæ къласгæс сæ тæккæ фæскъæбут æрсагъта. Бебу сын бакодта афтæ. Уыцы кортосæр, дзыгъуырдзæсгом, тымбылфындзджын лæппуйы сын сæ тæккæ фæсонтæм æрбадын кодта. Цыма æнæхъæн бæхтыдугъ къласы Сосланы аккаг бынат æндæр никуыуал разынд, уы- йау æй Агуындæ æмæ Ацырухсы фæстæ æрбадын ласта. Бебу. Æмæ дзы уый дæр йæ корто сæримæ уыцыдзæбæх æрбадт. Цыма йын æй развæлгъау йæ фыд бацæТтæ ласта, уыйау дзы æнцад-æнцойæ æрбынат - кодта. Иууылдæр Бебуйы аххос уыд. Уыцы сокраШшшаттгæнаг Бебуйы аххос. - Уыцы Бебуйæн йæ ном æнæхъæнæй Бейбулат хуыйыны. Математи- кæйы ахуыргæнæг дæр сын у æмæ къласгæс дæр, Хынцинаг аразгæйæ йæ уд, йæ дзæцц у искæцы нымæцтæ фæцыбыр кæньш. Уыцы æхсыз- гонæй сыл мелæй бæзджын хахх рауадзы. Фæцыбыр кæныны охыл йæ цæсты чи бахауа, уыцы нымæцтæн мæгуыр сæ бон! Ницæй тыххæй сын нæ ныххатыр кæндзæн. Уыцы бæзджын хахх сыл æрæскъæры мелæй æмæ йæ цæсгом фырцинæй, хурау, ныррухс вæййы.’Фæлæ сæ ууыл дæр никуы ныууадзы. Уыцы бæзджын хахх æм фаг никуы фæкæсы. Хъуамæ ма æнæмæнг зæгъгæ дæр кæна: «Мæнæ ацы дыууæ нымæцы дæр иумæ сокрашшатт кæнынц». Мæ- гуыр ш-йы афтæ нылхъивы йæ дæндæгты ’хсæн, æмæ йæ уд сцæйхауы. Ш-йæн. - - Æмæ йын уыдон дæр хорз ми бакодтой. Сывæллæттæ. БазДæхтыс- ты æмæ йын йæ парахат ном ныссокрашшшатт кодтой. Æгас Бейбула- тæй ницыуал фæуагътой уыцы кадавар Бебуйæ дарддæр. Афтæ йын хъуыд. Хъæугæ йын афтæ кодта æмæ сывæллæттæ та, * кæмæн цы хъæуы, уый ’дыууæмæ дыууæ бафтауынæй хуыздæр зонынц. Ныр уыцы сокрашшшаттгæнаг Бебу иу-цыдæр дзыгъуырдзæсгом, тымбылфындз лæппуйы æрсагъта Ацырухситы фæскъæбут. Цыма æнæ- хъæн.бæхтыдугъ кълас уыдон фæскъæбутыл банцад. Д1;ы^ухс æм цалдæр хатты йæ уæхсчы сæрты сусæгæй акаст. Уыцы дзыгъуы^дзæсгом лæппумæ. Уыцы= æнæмæтæй бадтис, гъе. Цыма сæ 14
хæдзары пецы ферсмæ бады, уыйау æнцад-æнцойæ йæхицæн бады æмæ хъусы Бебуйы сокрашшаттытæм. Ацырухс æм рамæсты ис. Æнцад-æнцойæ кæй бады, уый тыххæй. Бебумæ дæр рамæсты ис æмæ йæхи нал баурæдта. — Цыма йыл бæстæ баруад! Æнæмæнг нын йæ уазæджы хъуамæ нæ фæскъæбут æрсагътаид! — Бебу фыссæн фæйнæгыл цыдæртæ куы сокрашшшатт кодта, уæд Ацырухс бадзырдта Агуындæйы хъусы. — Ныууадз ма йæ, — Агуындæ басхуыста Ацырухсы фарс. Уæдæй- нырмæ дæр æм йæ хъус дары. Иæ фарсмæбадæгмæ. Лæппуйы йæ цæс- тытæ кæй ныссагъта, уый хаты æмæ йын хъыг у. Ныр ын æгайтма дзу- рыны фадат фæцис. Æгайтма йæ Ацырухсæн бауайдзæф кæныны фа- дат фæцис. — Цы дæ хъыгдары? Уадз æмæ бада. Миййаг дын дæ хай хæры?.. — Мæ хай! — Иæ бырынкъ акъуырдта Ацырухс. — Æмæ канд хай хæрыныл у? Мæхи дзыгъуыртæ цы фæкæнон, уый дæр нæ зонын. Ныр мæм уый дзыгъуыртæ та мæ фæскъæбутæй æвзидой! — цыма тымбыл- фындз лæппуйы цæсгомы дзыгъуыртæн Ацырухсмæ æвзидынæй стырдæр куыст ницыуал уыдзæн, ахæм мæт бакодта, мæгуыр, æмæ Агуындæйæн йæ маст æрбайсæфт. Ахæм хъæрæй ныххудт æмæ Бебуйæн йæ сокраш- шшат кæнинаг нымæцтæ æрдæг хаххæй аззадысты. Æмæ канд уый нæ- фæсæццæ ис уыцы æнахъинон худтæй. Æнæхъæн къласыл цыдæр дзол- гъо-молгъо бахæцыд æмæ сын æрчырыстон амал нал уыд. Бебу сæм бан- хъæлмæ каст. Цалынмæ æрсабыр сты, уæдмæ йæ хæсджын нымæцты раз кæронмæ сраст ис, стæй уыцы сындæг бацыд Агуындæйы цурмæ. Цыма маргъ у æмæ йын атæхынæй тарст. — Уый циу, уый? — Ныдздзырдта йæм уæлейæ бынмæ. Сабыр æм ныдздзырдта æмæ чызгæн йæ сæр йæ риуыл æрфæлдæхт. Бебу йæм ис- ты дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы, уый та йæ раздарæны фæдджи уæлæрдæм сфæлдæхта. Иу хал дзы ссардта æмæ йæ уыцы зæрдиагæй æлвасы æд- дæмæ. л Æмæ дын уæд Бебуйы уазæг дзыгъуырдзæсгом лæппу куьгбакæ- нид, æнæхъæн къласы лæппуйæ, чызгæй (Бебу дæр уыдонимæ) дисыл кæмæй бафтыдта, ахæм ми. Уыцы къæбæдаты ’хсæн æфсир сæфтауын æнхъæл кæмæй нæ уыдысты, къласы цалдæр мæймæ сдзурын нæ, фæ- лæ æрæхснырсын дæр нæ баууæнддзæн, зæгъгæ, кæмæй дзырдтой, уыцы къæсхуыр,, дзыгъуырдзæсгом лæппу дын рог куы фестид йæ бынатæй æмæ Бебумæ цыдæр барджыны æгъдауæй куы бадзурид: — Уый аххос нæ уыд, ахуыргæнæг, æмæ йæ дзæгъæлы ма бафхæр. Мæнæ, — йæ амонæн æнгуылдз ныддардта Ацырухсы тæккæ фæскъæ- бутмæ, — мæнæ ацы дзыгъуыр уæрцц уæдæй нырмæ мæ тымбыл фындз æмæ мæ.цæсгомы дзыгъуыртæ æфхæрынæй уæзæгæвæрд фæкодта мæнæ, — ныр та йе ’нгуылдз Агуындæйы къæбутмæ ныддардта, — мæнæ ацы чызджы хъустæ. Худгæ дæр йæ фырхъалæй нæ ныккодта. Смæсты йæм ис æмæ уый тыххæй ныххудт. Æвæццæгæн, дзыгъуыр уæрцц нæма зоны, мæн интернатæй цæй тыххæй расырдтой, уый. Нæ йæ зондзæн, науæд мæм ахæмтæ бæргæ нæ уæндид. — Æмæ дæ цæй тыххæй расырдтой интернатæй?—тынг ныддис кодта Бебу. Верæйы ныхæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Сосланы фыдыхо Верæйы ныхæстæ. Интернатæй, дам, мын æй уадзгæ дæр нæ кодтой. Зын, дам, сын уыд ахæм хорз лæппуйæ фæцух уæвын. Ныр ай та æндæрæрдæм дзуры. Сургæ, дам, мæ ракодтой. Бебуйæн дæр ма цы æнæныддисгæнгæ уыд. Стæй уыцы сабырæнгас лæппу ахæм’ ныхас кæйг бауæндыд, уый дæр æм дисау фæкаст. Уый тыххæй, чизоны, æндæр- гъуызы бадзурын хъуыд йемæ, фæлæ Бебуйæн æвиппайды йе ’взаджы цъуппыл андæгъд ацы фарст æмæ йæ нал фæивта. — Цæй тыххæй, цæ, чызджыты надтон. Чызджыты надтон æмæ мæ уый тыххæй расырдтой, — цыма чызджыты нæ надта, фæлæ домбæйттæ ахста, ахæм сæрыстыр дзуапп радта тымбылфындзджын" лæппу æмæ ма 15
чызджытыл тызмæг цæстæнгас дæр ахаста. Цыма сæ развæлгъау фæ- дзæхсгæ кодта, уыйау сыл уыцы мæстыгъуызæй афæлгæсыд. — Æмæ сæ цæмæн надтай? — ныр ноджы тынгдæр бадис кодта Бе- бу. Иæ ныхæстæ йæ иттæг нæ уырныдтой, фæлæ иугæр афтæ фидарæй дзуры, уæд ма Бебуйæн дæр цы æнæбадисгæнгæ уыд? — Мæ дзыгъуыр цæсгом æмæ-иу мын мæ тымбыл фындзыл худтыс- ты. Æз дæр-иу сæ худæггаг дзæбæх ныззыгуым ластон. Ныр мæнæ ацы дзыгъуыр уæрццы уый ныфс ма уæд. Расырдтой мæ æмæ, зæгъгæ, ныр нæмын нал бауæнддзынæн, уый ныфс æй ма уæд. Æз уæддæр нæмдзы- нæн. Мæ лызгнæмæн къухтæ мæнæ мемæ рахастон, — цæмæй _йын йæ чызгнæмæн къухты иууылдæр федтаиккой, уый тыххæй йæ тæнæг æрмт- ты æнгуылдзтыгъдæй æнæхъæн къласæн равдыста. Уыцы ми йын кæйдæрты зæрдæмæ нæ фæцыд. Лæппутæй. Кæмæн- дæрты дзы сæ дæндæгты къæс-къæс дæр райхъуыст. Сæхи йæм райвæз- тытæ кодтой. Бæргæ, Ацырухс æгæр къæппой æмæ фидисгæнаг кæй у, уый тыххæй йæ нæ уарзынц. Лæппутæ йæ нæ уарзынц. Æмæ йæ сæхи- цæй исчи куы нæмид, уæд, чизоны, йæ сæрыл ничи рахæцид, фæлæ кæй- дæр тымбылфындзджын лæппуйæн та цы бар ис? Ноджы ма сæм, мæ- лæты лæгау, йæ къухтæ дæр равдыста. Иæ селайы хуызæн къухтæ. Æмæ йæм дзы чидæртæ сæхи райвæзтытæ кодтой. Æндæр ран æй æнæмæнг рæуæгау над уæддæр ракодтаиккой’. Фыццаг хатт тынг нæмын ницы лæгдзинад у. Чысыл уал æй радæрзæджытæ кодтаиккой. Фæлва- рын æмæ уал -æй фæдзæхсыны тыххæй рæуæгау над ракодтаиккой, фæ- лæ йæм ам Бебуйæ сæ ныфс нæ бахастой. уæддæр сæ нæ бауадздзæн æмæ ма сæхи та цы худинаг кæной. Æмæ сæ ныссабыр кодта Бебу. Ныссабыр сæ кодта æмæ аздæхт, æрдæбон ын æрдæг сокрашшшаттгондæй чи баззад, уыцы нымæцтæм. Иæ пырх сыл ныккалдта. Сосланæн та уæдæй фæстæмæ Ацырухс йæ цæсты, сындзау, ныхстæй баззад. * *■ " - * * * Урокыл Сосшанмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, уыдон сæ урочы фæуды фæстæмæ æрæвæрдтой. Сындæггай сæ æрæвæрдтой. Арæхстгай. Кæрæдзи куыд нæ фæхатыдтаиккой, афтæ. Алчи дæр дзы йæхи хызта иннæты зæрдæхудтæй. Мæ фыд-зæрдæйыл йе .’мбæлтты зæрдæ фæхудæд тæп- пуддзинадæй. Уæлдайдæр фæндзæм къласы. Суанг æй дæсæм къласы фæудмæ дæр нал ферох кæндзысты. Æмæ дзы алчидæр йæхи афтæ равдыста, цыма æрдæбон æппындæр йæ гæрзтæ нæ рабаста Сосланмæ. Алчидæр та дзы йæхинымæры ахъуы- ды кодта: «Кæд иннæтæй ничи хæцы ацы дзыгъуыр уæрццы фарс (Ацырухсы æргом ничима рахуыдта ацы ногæвзæрд номæй, фæлæ йыл, карды кар- стау, кæй абадт, уый алчидæр йæ зæрдæмæ айста æмæ ма Сосланæй бузныг дæр фесты), уæд мæнæн цы мæ уæлфад гал лæууы? Миййаг дзы искæмæй мæнæн фылдæр хæттыты бафидис кодта, мæ ныййарджытæ мын æрвылмæй уыйау ног дарæс кæй не ’лхæнынц, уый?» Афтæ дзы ахъуыды кодта алчидæр . Æниу дзы уымæй алчидæр йæ- хи раз йæ рæзтæ ахсæста, науæд, сæхи загъдау, кæмæн дзы йæ уæлфад лæууыд гал? Цæмæн сæ бахъуыд афтæ ахъуыдыйы сæр? Иæ гæрзтæ ра- баст дзы, хуыцауы фæрцы, æргом куы ничи равдыста. Диссаг сты сывæллæттæ, уæлдайдæр фæндзæм къласы куы фæа- хуыр кæнынц, уæд. Сæхи зæрдæхудтæй дæр тæрсгæ фæкæнынц... Уый та бадт дзæбæх æнцад æнцойæ. Партæйыл бадт æрхæн- дæггъуызæй æмæ афтæ зынд, цыма æнцад-æнцойæ бады. Фæлæ уый йæ алыварсуæвджытæм зынд афтæ. Мæсты. йæм кодтой æмæ уымæн. Афтæ сæ фæндыд, цæмæй йе ’рдæбоны миты тыххæй искæмæй хатыр ракуырд- таид. Æппынкъаддæр, афтæ уæддæр куы загътаид, зæгъгæ, æз мæхицæй , барæй раппæлыдтæн. Чызджыты нæмæгмæ цы цæстæй ракæсдзыстут, 16
уый феныны тыххæй. Æцæгæй æз кæй хъуамæ фæнæмон? МæхæдæГ мæнæ нæмынæн дæр куы нæ бæззын. Мæ хур акæн! Æппындæр ницы загъта. Бебу куы ацыд, уæд иу- дзæвгар уыцы æдзынæгæй фæбадт, стæй йæ портфелæй иу заманайы дзæбæх урс гæххæтт систа. Лæппутæ ма йын æм тæхуды дæр бакод- той. Уыдис тынг урс. Хъæбæр æмæ урс. Хæлæг дæр ын æм уымæн ба- кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, алчи йæм йæхинымæры батæхуды код- та. Хуыз та дзы алчидæр равдыста ахæм, цыма уый хуызæн гæххæттыл уый ту дæр нæ бакæнид. Куы йæ фæнда, уæд дзы æнæхъæн- дæлармы- дзаг дæр ссардзæн. Æцæгæй та уый хуызæн гæххæттæй иу армытъæпæ- ныйас ссарыны ныфс дæр никæй уыд. Фæлæ йæ уыцы уавæр искæмæн цæмæн хъуамæ равдиса. Уадз æмæ иннæтæ æнхъæлой, цыма уый хуы- зæн гæххæтт мæнмæ æппындæр ницы диссаг зыны. Афтæ дзы хъуыды кодта алчидæр. Хицæнæй. Æнæуый та сæ уыцы гæххæтты алкæй дæр уырзæй асгарын уæддæр кæй фæндыд, уый сæ къонатæ зыдтой. Уый та бадт. Æнцад-æнцойæ бадт. Бур æмæ сау фломастертæй йæ дзæбæх гæххæттыл ныв кодта цыдæр къæдз-маадзы хæххытæ. Сывæл- лæттæ йæм фæйнæрдыгæй уыцы сусæг-дисгъуызæй кастысты. Нæ йæм каст æрмæст Ацырухс. Нæмынæй йæм кæй бардхъирæн кодта, .уый мæт æй ницы уыд. Чердæм æй хъуамæ фæнæма? Цы бар æм дары? Æниу ма йæм дзургæ дæр скæнæд! Тызмæг ныхас дæр ма йæм суæндæд, æндæра йьш йæ лыстæг æнгуылдзтæ йæ хурхы нæ ныссадзид. Уымæй йын ни- цы тас у, фæлæ йæ ног ном. Æнæуый дæр йæ цæсгомы дзыгъуыртæ йæ зæрдæйы æдзух сындзау сагъдæй лæууынц. Ноджы ма йыл уыдон фыдæй дзыгъуыр уæрцц ном дæр куы ныйичъи уа, уæд бынтон уынгæджы фæ- уыдзæн. Агуындæ дæр æм нæ каст. Уый йæм мæсты ницæуыл уыд. Хуыцау бахизæд! Иæхæдæг, уыцы къæйных уæвгæйæ, ацы къæйных лæппумæ истæуыл куы фæхъыг уыдаид, уæд... Æмæ йæм мæсты ницæуыл уыд. Лæппутæ йæм фæйнæрдыгæй уыцы æмбæхст-хæлæг каст кæй кæнынц,* уый хаты æмæ йæхæдæг та уыдонмæ хæлæг кæны. Лæппутæм. уый дæр æм акæсид. Иæ цæстæнгас уый, кæйдæртау, æмбæхсгæ нæ бакæнид; Цæ- мæн æй хъуамæ бамбæхса? Миййаг ын давæггаг у? Нæ, нæ йæ бамбæх- сид, фæлæ ацы Ацырухс! Æндæр рухс ма фена йæ раттæг! Иæ ног но- мы тæсæй кæй нынныгъуылд, уый хаты Агуындæ æмæ йæ иунæгæй куыд ныууадза. Æнæуый дæр иунæг у. Иæ зæрдæбын ныхас кæимæ скæ- на, иу ахæм ын нæй. Агуындæ йæхæдæг дæр иттæг нæ уарзы Ацырухсы, фæлæ, миййаг, ;мæнæ йенырау, зындзинады куы бахауы, уæд йæ уæл- хъус фæлæууы. Æмæ та йæ ныр дæр иунæгæй нæ уадзы. Иемæ бады, Сосланы ’рдæм æнæкæсгæйæ. Уымæй йын рогдæр кæны йæ зæрдæйы маст... Йæхицæн та зындзинад аразы. Кæйдæр тыххæй йæхицæн зын- дзинад аразы, фæлæ йыл хъæцы. Ахæм у йæ зæрдæйыуаг æмæ йын цы кæна? Науæд æй фæндгæ тынг кæны акæсын. Ахæм схъæл ныхæстæ чи кодта, уый цавæр лæппу уыдзæн? Фенид æй дзæбæх. Куы ’рбацыд, уæд- дæр æм рæстмæ нæ бакаст. Цыдæр мийыл уыд. Агуындæ. Рæстæгыл æй нæ равдæлд æмæ йын уый фæстæ та фадат нал фæцис. Æмæ ныр Ацы- рухсы фыдæй йæ былы цъæрттæ ’хсыны уыцы лæппумæ акæсыны, дзæ- -бæх æй феныны бæллицæй. Кълас уыцы æгуыппæг кæй ныццис, уый кæйдæр зæрдæмæ нал фæ- цыд. Уæдæ уый циу? Афтæ ныггуыппæг ис кълас, æмæ дзы Сосланьг фломастеры хъыррыст, фынæй лæджы хуыр-хуырау, уыцы дзæбæх хъуыст. Уымæй ноджы смæсты ис уартæ къуымы бадæг Бигуыз. Фес- тад партæйæ æмæ рахъæр ласта Сосланмæ. Ныр-иу æцæг надтай чызджыты, Сослан? Æцæгæй сæ надтай, æви дæхицæй æппæлгæ кæныс? Деттæ дæ фломастеры хъыррыстæй дæхи куыд стауыс, афтæ. — На-а-а, — уыцы даргъ ауагъта Сослан йæ зынæмбарæн дзуапп. — Цы на? Нæ надтай æви не ’ппæлыс? — Бигуызмæ хъыг фæкаст уыцы æлхынцъ дзуапп æмæ йæ мæстыйæ афарста ногæй: 2. «Фидиуæг». № 3 17
—Надтон сæ,—фæбæлвырддæр кодталæппу йæ дзуапп æмæ, йæгæх- хæттыл цы ныв скодта, уымæ куы иуæрдыгæй бакæсы, куы та — иннæ- рдыгæй. Къласы ныр æмхуызонæй базмæлыдысты æмæ Агуындæ цы- дæр диссаг æрцæуынмæ æнхъæлмæ каст, фæлæ ницы диссаг æрцыд. Чызджыты цæуыл надта, æгæрстæмæй, уымæй дæр ничиуал бафарста Сосланы æмæ Агуындæ ноджы тынгдæр смæсты ис. Иæхи нал баурæд- та. Ацырухсы мæт дæр нал æркодта. Йæ бынатæй цæхгæр фестад. Со- сланы тæккæ цæстыты раз, хылгæнаг уасæгау, йæ фындз фæсагъ- та æмæ йæм уырдыгæй бахъæр ласта: — Нарты Сосланæн мæлæты фæдон басгуыхтæ дæ тымбыл фын- дзимæ. Æгайтма чызджытыл тых кодтай, — уый ма йын йæ тæккæ цæстытæм- балæмæрста, стæй раст слæууыд. Йæхи тохмæ рацæттæ кæ- ныны тыххæй. Иæ тымбыл фындзы кой дæр ын барæй скодта. Хыл ра- къахыны тыххæй. Æрмæст æй йæ уды бонтæй иу цæф куы ркæнид! Æфсонæн уæддæр, иу гыццыл цæф. Иæ армы тигъы иу цæфæн æй бæр- гæахъила кæнид. Фæлæ йæм Сослан кæсгæ дæр не скодта. Гæххæттыл сау фломастерæй цы(дынджыр сау куыдзы ныв сарæзта, уый бур фло- мастер-бæндæнæй куыдздоны къæсæрмæ баста æмæ йæ, æвæццæгæн, уымæй.нæ равдæлд. Кæй йæ ницæмæ æрдардта, уымæй Агуындæ но- джы тынгдæр рамæсты ис æмæ йæм ныр та уæлейæ æрхъæр ласта: — Куыдзы ныв кæнынæй фылдæр куы ницы зоныс, уæд ды цæй чызг фæ- нæмдзынæ, бынбауай! — Лæппу та йæм уæддæр ницы сдзырдта. Ныр та фломастерты ’хсæнæй кæрдæггъуыз равзæрста æмæ куыдзы бын арæзта цъæх нæуу. Фæлæ куыдзæн æрхуыссыны фаг нæуу куы сарæзта, уæд æй равдæлд, чи йæ баййардта, уыцы чызгæн дзуапп раттынмæ. Ныр дæр æм хæрдмæ не ’скаст. Иæ куыдзы хъуыддæгтæй ма цыдæртæ кодта, афтæмæй сдзырдта: — Айдагъ чызджыты цæмæн? Æз-иу лæппуты дæр надтон... — Уыдон дæр дæ тымбыл фындз æмæ дæ дзыгъуыр’ цæсгомы тых- хæй? — ныр та Бигуыз амæсты ис. Иугæр Агуындæйы нæ ранадта, уæд æм афтæ ’фæкаст, цыма йæм уæндгæ нæ бакодта æмæ уый дæр фæ- ныфсджын ис. Сосланæн йæ тæккæ цурмæ уыцы лæбурæджы цыд ра- кодта. Сусæгæй фæйнæрдæм хъахъхъæдта. Миййаг, зæгъгæ, исты, уæд сæ мæ фарс рахæцынмæ исчи йæхи рæвдз кæны æви нæ, уый базоныны тыххæй фæйнæрдæм сусæгæй йæ хъус дардта. Фæлæ та Сослан уый дæр ницæмæ æрдардта. Нæ та йæ равдæлд уый нæмынмæ дæр. Æцæг ын йæ фарстæн æрæджиау дзуапп радта. Æнæбары, хиуылхæцгæ дзуапп. Бигуыз æппындæр кæмæ не ’нхъæлмæ каст, ахæм дзуапп. — Сæ тæригъæд мæ нæ хъæуы, — куыдздоны сæр фæныкгъуыз фло- мастерæй агъуынды, афтæмæй дзуры Сослан. — Лæппуты тафигъæд мæ нæ хъæуы. Лæппутæй мын мæ тымбыл фындз æмæ мæ цæсгомы дзыгъуырты кой никуы ничи скодта. — Æмæ сæ уæдæ цæуыл цагътай? Миййаг-иу дын дзы исчи дæ хай ахордта? — Ноджы йæ тызмæгдæрæй афарста Бигуыз. (Агуындæ æргом кæсы Сосланы цæсгоммæ. Иæ дзыгъуыр цæсгоммæ йын æргом кæсы. Уыцы дзæбæх æнæхин цæсгом у, гъе. Иæ дзыгъуыртæ йыл афтæ дзæбæх фидауынц, æмæ сын Ацырухсы цæсгомы дзыгъуыртимæ ницæй тыххæй ис абарæн). Ныр æй хылкъахæджы фарст акодта. Иугæр ни- кæмæ æвнальт, уæд æнæбон æппæлой цыдæр у æмæ йæ иу-цъус ранæ- мын дæр, чи ?\я\ъ\ æвзæр нæ уаид. Фæлæ Сослан йæхи нæ цæттæ код-' та хылмæ. Сындæггай агъуыста йæ куыдздоны сæр æмæ дзырдта уы- цы дзæбæх, зæрдæмæдзæугæ хъæлæсæй. (Уый Агуындæмæ фæкаст йæ хъæлæс дзæбæх.) — Уанцон нæу? Хай ахæрыны тыххæй та йе ’мбалы . чи фæнæм- дзæн? Æнæуый дæр нын интернаты хæлц фаг лæвæрдтой, Кæрæдзи хæйттæм ма цæй номыл хъуамæ ныхылдтаиккам?.. Зоныс? — ам йе ’мныхасгæнæгмæ йæ цæстæнгас уыцы цæхгæр фæзылдта Сослан æмæ Бигуыз йе ’нæцхъæлæджы фæзылдæй фестъæлфыд. Куыддæр фæцу- 18
дыдта, мæгуыр, æмæ фефсæрмы ис. Сослан фæхатыдта уый. Исдуг æй чысыл фелхыскъкæнинаг уыд, фæлæ йын фæтæригъæд кодта. Йæхи афтæ равдыста, цыма æппындæр ницы федта. Дзырдта дарддæр:^Чи- дæртæ дзы чызджыты хъыгдардтой. Æз сын уый нæ барстон æмæ... Ам дæр æй никæмæн ныббардзынæн. Æниу мæм ам, чызджыты чи ба- хъыгдара, ахæмы хуызæн ничи зыны, фæлæ æз æнæуый зæгъын... — Æпппæлой лæджы хуызæн мæм зыныс, — Бигуыз æй æнæрхъуъь дыйæ лæг кæй схуыдта, ууыл фæфæсмон кодта. «Хæрзаг ма зæгъа, сæ- хæдæг ницы лæгтæ сты æмæ мæн лæг схуыдтой», — афтæ ахъуыдь! кодта, фæлæ Сослан йæхи æцæг лæггъуыз кæй нæ фæкодта, уый йын* æхсызгон уыд. «Æвæццæгæн мын мæ ныхас нæ бамбæрста. Æгайтма», — ныр та афтæ ахъуыды кодта, æмæ ныхас фæивынмæ фæрæвдз ис: — Афтæ куы зæгъыс, скъолайæ мæ чызджыты нæмыны тыххæй расырд- той, уæд ма’сæ æндæртæй æфхæрынæй афтæ тынг цæмæн хызтай? — Æз сæ мæ фындз æмæ мæ дзыгъуырты тыххæй надтон. Нæ къласы та ахæм аипп æндæр никæмæ уыд. Цæмæн дзы хъуамæ исчи æфхæрдтаид’ чызджыты? — Дæхи-иу дын дзы ничи рацъыччытæ ласта? — йæ джинс хæлафы дзыппыты йæ къухтæ арф атъыста, афтæмæй йæм, рафæлдæх-бафæл- дæхгæнгæ, хæстæг æрбацыд иу æлвыдсæр лæцпу. — Цæуылнæ? — йе уæхсчытæ фелхъывта Сослан æмæ ма йæ ны- хасмæ бафтыдта, —уæдæ æз къаины фидар.уыдтæн?.. Йæ ацы ныхæстæ Агуындæйы зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Ноджы йæм бæстондæр бакаст, æмæ, цыма йæ дзыгъуыртæ фæрæсугъддæр^ сты, цыма йæ фындз фæкъаддæр ис. афтæ йæм фæзынд. Ныр æцæгæй куы фæхыл уаид йемæ, уый дæр æй бафæндыд. Уадз æмæ йæ нæмгæ дæр фæкæнæд. Уæддæр лæппутæй искæй разæй уыимæ куы фæхыл уаид, уый йæ мæлæты тынг бафæндыд æмæ дзы хылкъахæн ракодта: — Мæнæ ’ма дæ æрдæбоны ныхас искуы фехъуыстон, уæд мын до- - дой дæ кортосæр кæны. Иæ тæккæ астæуыл дын æй афаддзынæн. Нæ- дæр дын дæ фындзы хатыр фæкæндзынæн, нæ дæр дæ дзыгъуырты. Афаддзынæн дын æй йæ астæуыл. Харбызау дын афаддзынæн дæ ко{?- то сæр. — Цæмæй тынгдæр рамæсты уа лæппу, уый тыххæй ма йæ фи- дистæм корто сæр дæр афтыдта. — Каратейæ тынг арæхсы æмæ дæ уырнæд, — Агуындæйы ныхас бафидар кодта лæппутæй чидæр. — Иæ армы тигъ фæрæты комæй къаддæр нæ лыг кæны, — уыцы , лæппуйæн ма аххуыс кодта æндæр лæппу дæр. — О, фаелæ цавæр ныхас у? — дисгъуызæй йæ афарста Сослан. — Мæ сæр мын кæй тыххæй фадинаг дæ, уыцы дзырд мын зæгъ æмæ дзы мæхи хизон;— йæ арм йæ сæрыл æрæвæрдта Сослан æмæ, сусæг мид- былхудгæ, кæсы Агуындæмæ." ’ ; — Æрдæбон мæнæ Ацырухсы цы номæй схуыдтай, уый. — цæстæй ацамы’дта, нырма дæр партæйыл сæргуыбырæй чи бадт, уыцы чызгмæ, стæй ма йæ дзырдтæм бафтыдта: — Тынг дзæбæх ном ын ис æмæ йæм æндæр хуызы чи дзура, уый... — Иæ æрмтты тигътæм æркаст Агуындæ, стæй сæ Сосланмæ дæр бавдыста. Сослан хъуыдыты аныгъуылд. Иæ зæрдыл нал лæууыд, Ацырухсы цы номæй схуыдта, уый. Куы ма йæ æрымысид, уæд æй, æцæгæйдæр; Агуындæйы æфсæрмæй никуыуал зæгъид. Иæхæд’æг та йæ Ацырухс макуы срæдийын кæнæд/науæд æй уый бынтондæр ферох кæндзæй. Фи- дис кæнын та цы лæгдзинад у! Ацырухсæн йæ’ зæрдæ суынгæг ис, мæгуыр. Агуындæ йæ фарс кæй рахæцыд, ууыл цин дæр кодта æмæ маст дæр. Нырыонг, йæ ныййар- джытæй дарддæр, йæ сæрыл никуы ничи рахæцыд æмæ уый тыххæй йæхи бынтон^ æнæхицау, бынтон æнамонд æнхъæлдта. Ныр иугæр Агуындæ Сосланмæ уый тыххæй бардхъирæн кодта, уæд, æвæццæгæн, бынтон^иунæг дæр нæу. Æмæ циц кодта, йæ уьщы кзта.й одæцг кæй’ра- зынд, уый тыххæй. Ш
Сослан, æппынфæстаг, æрымысыд, Ацырухсы ^зыгъуыр уæрцц кæй схуыд1*а, уый. Æрымысыд æй æмæ фыццаг йæ мидбылты бахудт. Æуы- цы дзæбæх бахудт æмæ йæ уадулты къуыппытæ фæдзыхъхъ сты. Худт нæма фæцис, афтæмæй йæ фломастерты сæ агъуды бафснайдта. Пар- тæйы лагъзы сæ бавæрдта æмæ уыцы сындæг сыстад. — Мæ уæлфад гал куы нæ лæууа, уæд мæ æппындæр никуы ницы дзуринаг уыдзæн æмæ хæцдзынæн мæ дзыхыл. Мæ сæр мын мæ дзы- хы фыдæй цæмæн хъуамæ исчи афада? Хæцдзынæн мæ дзыхыл, — раст кæй зæгъы, уый нысанæн ма йæ былтыл йæ арм дæр сæвæрдта. * * * - - , Агуындæ куыддæр сæхимæ æрбахæццæ ис, афтæ йæ мадæн аппæ- лыд, абон сæ ног, тымбылфындзджын лæппуйæн йæ бындз куыд атæ- хын кодта, уый. Комкоммæ дæр афтæ загъта: — Иæ бындз ын атæхын кодтон. Тымбылфындзджын лæппу уыд æмæ йын йæ бындз атæхын кодтон. — Æмæ йын кæм бадтис, мæ чызг? Иæ тымбыл фындзыл кæд нæ бадт, миййаг, йæ бындз? — зоны йæ чызджы ахаст Нуца. Æнæхъуаджы æцæг бындз дæр кæй нæ атæхын кæндзæн, уый зоны. Фæлæ йæхи, стæй йе ’мбæлттæй искæй æфхæрд та баргæ никæмæн кæны. Æмæ дьш, иу- æй-иу чызджытау, æлгъыстытæ æмæ фидистыл куы нæ схæцдзæн мий- йаг. Мæ хур акæн! Къæбæда лæппуйау, иууыл йæ къухтæ хъилæй да- ры. Ныр дæр та иугæр бындз атæхыны кой ракодта,' уæд дзы цыдæр ис æмæ йæ фæрсгæ дæр уымæн акодта. — Иæ фындзыл нæ, фæлæ йе ’взагыл бадт. Ие ’ввзагыл бадт æмæ йын æй уырдыгæй атæхын ластон, — Агуындæ йæхи æвзаг радардта. Иæ цъуппыл ын йе ’нгуылдзы алгъ авæрдта, стæй йæ фæстæмæ ам- бæхста æмæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта. — Тæккæдæр ын ацы ран бадт. Иæ бындз...' — Алæ-ма, куыд ын æй атæхьш кодтай? — Мад диваныл йæ фарс- мæ æрбадын кодта йæ хъæбулы. Иæ хъæбысы йæ иу хатт æрбатыхта. Иæ зæрдæйæн æхсызгон цас уыд (мады зæрдæйæн), уый бæрц æй ныл- хъывта йæ риумæ. Нылхъывта йæ, стæй йæ йæхирдæм разылдта æмæ йын йæ цæстытæм комкоммæ ныккаст. Йæ саунæмыгæнгас гагуытæм ын каст æмæ йæ, сусæг мидбылхудгæ, фарста. — Куыд ын æй атæхын кодтай, уый ма мын радзур, мæ чызг. — «Мæ чызг» дзурыныйас ницы уарзта Агуындæ æмæ йын æй мад никуы хæлæг кодта. Миййаг ын’ ыл æхца фидын куынæ хъуыд. — Куыдзы хуызæн уыд, æмæ йын æй атæхын кодтон, — йæ цæсты- ты мадæй нæ бамбæхста, афтæмæй сдзырдта чьпг. Уадз æмæ йыл тынгдæр баууæнда. Мзд. — Бындз уыд куыдзы хуызæн? — барæй йæ дисгъуызæй афарста. — Нæ. Лæппу йæхæдæг уыд куыдзы хуызæн. Уæдæ йæхицæй цы ’ппæлыд. Интернаты, дам-иу, чызджыты надтон. Цыма йæхицæй æдых- дæры нæмын стыр номы хъуыддаг у. Интернатæй, дам, мæ сургæ дæр уый тыххæйракодтой. Нæ лæппутæ дæр дзы старстысты æмæ йæм къуымтæй мысты лæппынты каст кодтой... Бы-ы-ы! — Кæй бындз атæ- хын кодта, уымæ мысты лæппынты каст чи кодта, уыдон цьМа йæ цу- ры уыдысты, уыйау сæм йе ’взаг фелвæста æмæ ма йæ ныхасмæ баф- тыдта. — Мысты лæппынтæ фынæй гæдымæ куыд кæсой, уый каст æм кодтой. Уæд æз сыстадтæн. Мæ армы тигъ ын йæ сæры астæумæ мæ- нæ афтæ æрхастон. Иæ корто сæры астæумæ, — йæ армы тигъ йæ уæ- раджы чъиримæ æруагъта, цæмæй мад цæстæй дæр федтаид, йæ чызг кæйдæр лæппуйы сæрмæ йæ арм куыд хаста, уый. — Зæгъгæ та йын афтæ кодтон: «Ме ’мбæлттæй мын искæй куы фæнæмай, уæд дын дæ иу сæрæй дыууæ сараздзынæн. Æрмæст уыдон тымбылтæ нæ уыдзы- сты. фæлæ-иу мæ уый тыххæй ма рахъаст кæн». 20
Æцæгæй Ацыруйск Саёрыл кæй рахæцыд, уый бамбæхста йæ ма- Дæй. Ацырухсимæ - иттæг хæлар кæй нæу, уый зоны мад æмæ йæ уæд бынтон нал бауырндзысты йæ ныхæстæ. Ныр та йæ цыма бауырныд- той. Уый хорз у. Сывæллоны ныхæстыл йæ мад куы ууæнда, мæнг ын кæй нæ зæгъдзæн, уый йæ куы уырна, уæд уымæй хуыздæр цы ис? Агуындæ та, кæд йæ ныхæстыл цæхх æгæр бирæ ныккодта, уæддæр рæстдзинады тæф кæнынц æмæ уый фаг у. Фæрсгæ дæр æй уымæн аф- тæ бакодта,. Мад æй бафарста: — Æмæ стæй цы загъта уыцы лæппу? Бауырныдтой йæ дæ ны- хæстæ? — Сындæг сыстад. Уыцы сындæг сыстад, зæронд лæгау. Уæдмæ иууылдæр бадгæ кодта. Стгæ куыд скодта, йæ къухтыл дæр афтæ сын- дæг схæцыд хæрдмæ. Мæнæ хæстон кинонывты уацайрæгтæ куыд схæ- цынцсæ къухтыл, афтæ. Мæнмæ гæсгæ, уый афтæ нысан кæны, æмæ йæ бауырныдтой мæ ныхæстæ. Дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ цæстæн- гасыл тынг зынд, кæй йæ бауырныдтой мæ ныхæстæ. Стæй йæ къухтыл кæй схæцыд, уый дæр... Дæумæ куыд кæсьь гыцци? Бауырныдтой йæ? — цæхгæр афарста йæ мады. — Чизоны, фæлæ чызгæн лæппуимæ хыл кæнын нæ фидауы, нæ, мæ чызг. Уый худинаг у. — Цы нæ фидауы? — зæронд усау ыл йæ цæнгтæ стылдта чызг. — Кæд сын иумæ ахуыр кæнын, хъазын, балцты, стæй киномæ, науæд театрмæ цæуын фидауы, уæд ма хыл цы нæ фидауы? Кæм фæазым- джын ис хыл? Науæд æй лæппутæ æлхæнгæ бакодтой? Мæнмæ гæсгæ та ахуыры дæр æмæ хъазты дæр уæлахиз кæнынц тыхджынтæ. Ам, чызг у, æви лæппу, уый ницы давы. Хылы рæстæджы дæр афтæ у, æмæ чызджытæн худинаг цæмæн хъуамæ уа? Лæппутæй дæр æмæ чызджы- тæй дæр мæнæй тыхджындæр чи уа, уый мæ уадз фæнæмæд. Æз æм уый тыххæй нæ фæхъыг уыдзыкæм. — Æппæт дæр дæ фыды аххос у, мæ тæригъæд ыл ныккæла, — уыцы æрхæндæггъуызæй чызджы ныхæстæ алыг кодта мад. —Цæй хыл кæнын дын’амыдта. Мæ уддхæссæг бæдулæй уасæг у... * * * Сихоры улæфт уыд æмæ адæм иууылдæр уынгтæм раивылдысты. Чихæрæндоны ’рдæм уад, чи та—хæдзары ’рдæм. Фæлæ хаёдзармæдæр исты ми абæстон кæныны номыл ничи тындзыдта. Уый алкæмæн дæр, йæ цæстæнгасыл зынд. Дзæбæх фæлтæрд цæстæй бакæс алкæмæ дæр, уæд дын йæ цæстæнгас æнæмæнг загътаид. Æнæдзургæйæ дын загъ^ таид, уымæн æмæ цæстæнгас зæгъын зоны, фæлæ дзурын нæ зоны» Гъе æмæ дын загътаид: «Мæнæ æз кæй цæстæнгас дæн, уымæн йæ зæр- дæйы ныртæккæ æрмæстдæр ис иунæг бæллиц: дзæбæх исты хæринаг куы баййафин хæдзары». Æмæ ууыл бахудæн дæр нæй. Уыцы цæстæн- гасы хицауыл. Кæцы афтид голладжы фендæуыд хъилæй лæугæ? Адæй- нагæн та йæ райсомы куыстæй йæ зæрдæ куы барухс вæййы, уæд ма йæ фæфæнды йæ сихорæй дæр райгондæй баззайын. Гъе æмæ сихоры улæфтыл адæм кæд дыууæ фæдыздæхтыл уадыс- ты (хæрæндонмæ æмæ хæдзармæ), уæддæр сæ хъуыдытæ иу уыдысты: дзæбæх басихор кæнын. Ботаз хæрæндонмæ бауайын нæ уарзы, зæгъгæ, ахæм тугтæ йыл мачи æрымысæд. Лæгау лæгыл алцы дæр фи,д;ауы, фæлæ сихоры улæф- тыл (æмбæлттæ искуыдæй искуыдмæ æмткæй исты куы афæнд кæной, уæд та йын цы гæнæн ис, фæлæ...) уарзы хæдзармæ бауайын. Афтид пысырадзæхтон дзы куы уа> уæддæр ын йæ бинонтимæ басихор кæнын уæрыччы физонæгæй адджындæр вæййы. Уыцы бон дæр цыд сæхимæ. Сихоры улæфтыл. Цыд йæ ахуыр фæндагыл: къаннæг парчы астæуты. Цыд рог къахдзæфтæй æмæ йæхи- 21
йЬШЗёрЫ æхсйт^æй зарыд. Цы сихор баййафдЗæй хæдзйрь!, ууыл хъуы- ды кæнын æй нæ фæндыд æмæ æхситт-зардæй сырдта уыцы хъуыдыйы. Афтæмæй йын цæуын дæр хуыздæр æнтыст. Йæ зæрдæйы равг дæр хæ- дзармæ дзæбæхдæр уавæры æрбахæццæ вæййы. . Фæлæ йын æм абон уæддæр фæныхылдæуыд. Иæ зæрдæйы уагмæ. : Кьаннæг парчы æхситтæй заргæ куы цыд, уæд иу ран фæскъутæр- тæй йæ хъустыл ауад къаннæг чызджыты худынæмхæццæ цъæхахст. Ботаз фæлæууыд. Иæ цæуынæй дæр æмæ йæ зарынæй дæр фæлæууыд. Айхъуыста. ЛДъæхахст æмæ худын уыцы иурæстæджы кæрæдзийæн цы бавæййынц, уый фæлтæрд хъусæй рафæлгъауыны тыххæй айхъуыста. Кæд фидаурй кæрæдзиуыл, уæд сæ амонд хорз. Иучысыл æй кæй афæс- тиат кодтой, уый дæр сын ныббардзæн. Дарддæр ацæудзæн йæ фæн- дагыл. Фæлæ нæ ацыд дарддæр. Фæлтæрд хъус ын йæ хъусы бадзырд- та: фездæхын дыл æмбæлы. Æмæ фездæхт. Аууон ранæй уал бакаст. Хъус æмæ цæст хъуамæ æмгуыст кæной. -Кæрæдзи сайын сыл не ’мбæлы. Уæлдайдæр та Бота- зы уавæры. Æмæ та йæ ацы хатт дæр нæ фæсайдта йæ хъус. Иу къаннæг лæппу дыууæ чызджы расур-басур кæны. Иæхицæй стырдæртæ сты, фæлæ сæм суæндыд уыцы къæбæда æмæ сæ уисæй ра- сур-басур кæны. Кæй дзы баййафы, уымæн уисæй — дзæхст. Иæ «хæ- цæнгарз» кæм æруайдзæн, ууыл хъуыды дæр нæ кæны. Чызджытæ кæ- рæдзиуыл ныххæцыдысты æмæ йæ разæй, наййаг хайуантау, уыцы къаннæг тымбылæджы зилынц. Къæбæда дæр сæ нæмы æмæ нæмы. Уыдон та ’ нæдæр йæ ныхмæ фæлæууынæн сты, нæ дæр фæйнæрдæм алидзын æфты сæ фæсонæрхæджы. Ботаз тьшг рамæсты. Фыццаг лæппумæ амæсты ис. Хъуамæ йыл фæхъæр • кодтаид, фæлæ йæ цыдæр фæурæдта. Æвйппайдæй йæ маст чызджытырдæм фессæста. Уыцыиу къахдзæфæн сывæллæттæй къутæры астæу фестад. Лæппу йæ уыцы цæхгæр ауыдта, мæгуыр, æмæ æвип- пайды фæсæццæ ис’ Залиаг калмы размæ бахауæг тæрхъусау андзыг ис. Йæ буар æмрызт. цы ныккодта, æндæр змæлын нал бафæрæзта. Мæнæй ма! Иæ мад æй чысылæй фæстæмæ иууыл* милиционерæй тæрсын кæны. Чысыл исты, уæд йæ ныхас уый фæвæййы: «Сабыр ба- кæн, науæд дæ милиционер ахæсдзæн». Æмæ йæ нырмæ хæсгæ бæргæ никуыма акодта уыцы тæссаг милиционер. Стæй йæ кæдæм æмæ цæ- мæн ахæсдзæн, уымæн дæр ницы зоны. Уый тыххæй йын никуы ницы загъта йæ мад, фæлæ дзы тæрсы. Милиционерæй. Исчи йын афтæ куы зæгъа, бирæгъ, кæнæ дæ арс ахæсдзæн, уæд йе ’рфыг дæр нæ фестъæлф- дзæн. Фæлæ милиционеры коймæ йе онг баризы. Æмæ ныр йæ тæккæ цæсты раз уыцы уæйгуытæконд лæг милици- йы дарæсы куы февзæрд, уæд ма йын цы нæ бандзыг уæвæн уыд. Ныр æй æнæмæнг кæй ахæсдзæн, ууыл дызæрдыг нал кодта æмæ нындзыг ис. - Ботаз ын йæ уавæр фембæрста æмæ йæм фыццаг йæ мидбыл фæ- худт, стæй йын уыцы разæнгардгæнæг хъæлæсæй афтæ бакодта: — Цæв сæ, цæв. Амар сæ надæй. Æмæ лæппуйæн йе уæнгты æндзыг айхæлд. Æвæццæгæн уый дæр фыртæсæй. Цыма йæ æцæг милиционер хаста, уыйау уыцы æнæарæхс- тæй базмæлыд чызджыты ’рдæм. Иæ уис æдæрсгæ фæразгæ дæр нал кодта, мæгуыр, фæлæ ма йæ уæддæр тылдта. Чызджытæм тынг хардзау æркаст. Милици искæй æфхæрд кæй ни- кæмæн барынц, адæмы æвзæргæнджытæй хъахъхъæнгæ кæй кæнынц, уый зонынц, æмæ дзы стыр ныфс авæрдтой. Ныр уыцы ’ къæбæдайы кæй æрцахсдзæн, милицимæ йæ кæй акæндзæн, уый сæ уырныдта, æмæ уыцы циндзастæй æнхъæлмæ кастысты се ’фхæрæджы æфхæрдмæ. Фæ- ^лæ уыйдиу? Ноджы сын æй сæхиуыл куы ардауы! Æмæ ныр цъæхахст дæр нал æмæ худгæ дæр. Лидзгæ дæр нал уыцы къæбæдайы уисы разæй, фæлæ кæугæ. Лæппуйы æнæарæхст уæ- -лæнгай цæфтæ сæм нал хъардтой. Фæлтау сæ тынгдæр куы над- 22
т’ййд. Уый нйцы у. Фæлæ аффæ стыр1 ныфс кæмæй æвæрдтой, уыцы мй- лиционер сæ нæ бахъахъхъæдта. Ноджы сыл сардыдта, сæ хъазт сын бынтон æнæхъуаджы чи сæнад кодта, уыцы къæбæдайы. Æмæ куыд- той мæстæй. Се ’нхъæлцау кæй фæмæнг, уый тыххæй. Æрæджиау дзы иу йæ кæуын фæурæдта. Уыцы фыдæхы цæстæй бакаст Ботазмæ æмæ афтæ зæгъы: — Мах та афтæ æнхъæлдтам, цыма милиционер сывæллæтты цы- фæнды зын уавæры дæр бахъахъхъæндзæн. Ды та ныл мæнæ ацы май- мулийы ноджы ардаугæ куы кæныс. Зæгъ-ма йын, о, æмæ нæ ныууа- дза. Цы йæ хъыгдарæм? Науæд дæуæн цы сарæзтам æвзæрæй? Цы ныл æй ардауыс? — Афтæ уын хъæуы, — цыма йæ ацы чызджытæ æцæг исты ба- хъыгдардтой, ахæм мæстыгъуызæй сдзырдта Ботаз. — Цæмæн нын хъæуы афтæ? Цы йæ хъыгдарæм? Зонгæ дæр æй куы нæ кæнæм. Ам нæхицæн дзæбæх хъазыдыстæм. Уый нæм æрбалæ- бурдта. Бирæгъау нæм æрбалæбурдта æмæ нæ райдыдта æлгъитын, цæвын. Ды та ныл æй ноджы ардаугæ кæныс... Ботаз ын мæстыгъуызæй йæ дзырд фескъуыдта: — Куы уæм æрбалæбурдта, уæд йæ разæй пыррыччытæ æмæ чъыл- липпытæ цы систат? Цæуылнæ йæ æрцахстат æмæ йын йæхи цæуыл* нæ снадтат? — Нæмгæ? — кæрæдзимæ уыцы дисгъуызæй бакастысты чызджытæ. — Æмæ мах чызджытæ стæм. Куыд хъуамæ фæнæмæм лæппуйы? На- уæд ыл фæтых уыдзыстæм? — Уæдæ ма йæм февналут. Цыма чызджытæ нæ, фæлæ лæппутæ стут, ахæм æвнæлд ма йæм фæкæнут... Стæй уыл кæд афтæмæй дæр тых кæна, уæд уын аххуыс кæндзынæн. Нал уæ бауадздзынæн нæмын. Науæд та уыл æй ныртæккæ сардаудзынæн æмæ уæ тугомынты фæ- кæндзæн.—Чызджыты аминди кæны Ботаз. Аминди сæ кæны æмæ уымæй лæппу исдуг фæсæццæ ис. Æрлæууыд æмæ бæстон байхъуыста, чысыл раздæр ма йæ чызджытыл чи ардыдта, уыцы лæгмæ. Ау æдылы* фæцис? Æви хьшджылæг кæны? Æмæ цыма Ботазы цæстæнгасыл хи- нæнгас фæхатыдта, афтæ фæкаст йæ тарст-джих цæстытæм. Ногæй та йæхи байвæзта чызджытæм. Ногæй та сæм бæргæ йæхи байвæзта, Бо- тазы цæсгомыл цы хинæнгас фæхатыд, уый ныфсæй, фæлæ æвирхъау цыдæр æрцыд æмæ йæ æрæгмæ рахатыдта. Цæугæ та æркодта ахæм хабар: чызджытæ Ботазы ныхæстыл æм- хуызон ахъуыды кодтой. Тагъд æмæ сыл бæстон ахъуыды кодтой. Æмæ та сæм лæппу йæхи куы байвæзта, уæд размæ нал алыгъдысты. Ничи дæр дзы худгæ скодта, ничи дæр цъæхахст. Уый нæ, фæлæ лæппуйæн фефсæрстой йæхирдæм... Æмæ æрæджиау йæхи куы æрæмбæрста уыцы къæбæда лæппу, уæд кæд хуыссыд зæххыл. Чызджыты бын. Уыдон æй хыссæйау ратул-батул кодтой æмæ йæ надтой æгъатырæй. Мæсты сыл- гоймагмæ цас æгъатырдзинад ис, уымæй æппындæр фæстейæ ницыуал ныууагътой. Надтой йæ къухæй, къахæй. Уый, мæгуыр, исдуг йæ сæрмæ скæуын нæ хаста, фæлæ йын дзы чидæр дзабыры бырынкъæй йæ фын- дзы хъæл куы бацавта æмæ йæ туг куы ’фемæхст, уæд ма йын цы æнæскæугæ уыд. Уыцы тæригъæддаггъуызæй нырдиаг ласта. — Амардтой мæ, гыцци-и-и! — ныхъхъæр ласта йæ гыццимæ» фæлæ йæ гыцци, цæмæйзон кæм уыд. Цæмæй зыдта, йæ зонаг лæппуйы йын уыцы тæнтъихæг чызджытæ кæмдæр хыссæйау ратул-батул кæнынц æмæ йæ тынг, мæсты сылгоймагыл куыд æмбæлы, ахæм æгъатырæй нæмынц. Æмæ йæм æххуысмæ нæ фæзынд йæ гыцци. Кæй зæгъын æй хъæ- уы, куы йæ фехъуыстаид, уæд æм куыд нæ фæзындаид," чысылæй фæс- тæмæ йæ милиционерæй чи тæрсын кæны, йæ уыцы гыцци, фæлæ... Уæддæр æй милиционер баиргъæвта. Иæ мад æй кæмæй тæрсын кодта, уыцы милиционер бацыд. Чызджыты сæ фæйнæ цонгæй æрцахс- та. Уыдон ма сæхи æппæрстой лæппумæ. Æвæццæгæн сæ масты тып- 23
йьфтае геххæй йæма с&хæлдысты. Нал сын фæцйс лæппуйы нæмынæй сæ мондæгтæ кæронмæ ныммарыны фадат. Ботаз сыл иуæрдæм ахæ- цыд. — Уый дæр* мæнæ гыццыл раздæр кæмæ хъæр кодта, уыцы гыцци- йæн бынтон уæлдайаг нæу! Абон уал сымахæн дæр æмæ уымæн дæр фаг у. Ныр^ æнхъæл дæн, сымах уый хуызæн къæбæдайæ никуыуал фæтæрсдзыстут, уый та, лæппу кæй у, уый ныфсæй йæ гæрзтæ чызджы- ты нæмынмæ никуыуал рабæтдзæн. Афтæ нæу, лæггаг? — нырма дæр зæххыл дæлгоммæ чи хуыссыд, уыцы лæппумæ ныдздзырдта Ботаз. Уымæн йæ фæсонтæ цы фестъæлф-фестъæлф кодтой, æндæр змæлгæ дæр нæ фæкодта. — Цыдæр сæлæф лæппугонд у, — чызджытæй иу уыцы былысчъи- лæй сдзырдта, — Мах та йæ тыхджын æнхъæлдтам æмæ дзы тарстыс- ’тæм.;. — Гъе æмæ уæдæ уæхæдæг уæхи сæрыл рахæцынхъом хъуамæ уат кæддæриддæр, — загъта ма чызджытæн Ботаз, стæй сæ суагъта æмæ ныр та лæппуйы сыстын кодта. Уый та дзы ногæй фæтарст. Цыма йæ ныр æнæмæнг хæсгæ кæндзæн, афтæ йæм фæкаст æмæ дзы фæ- тарст. Фæлæ йæ Ботаз хæсгæ нæ акодта. Фантаны цурмæ бацыдысты. Йæ фындзы тугтæ, йæ цæсгомы чъиллæттæ йын дзæбæх ныссæрфта, йæ сæры хил ын ныффаста. — Науæд, цæргæс кæй ныттоны, ахæм карчы хуызæн дæ æмæ дыл де ’мбæлттæ худдзысты, — афтæ йын бакодта æмæ ма йæ дзырдмæ баф- тыдта:—Ч’ызджытæ дæ кæй фæнадтой, уый макæмæн схъæр кæн. Æз дæр æй никæмæн зæгъдзынæн, фæлæ ма дæ искуы афтæ куы æрæййа- фон, уæд æй æнæхъæн горæты лæппутæн радзурдзынæн æмæ дæ уынг- мæ ракæсын нал бауадздзысты. Худинаджы зарæг дыл скæндзысты. Лæппу фæбузныг ис Ботазæй. Кæй йæ никæмæн схъæр кæндзæн, уымæй дзы.фæбузныг æмæ йын ныфс бавæрдта, нырæй фæстæмæчызг æмæ йæхицæй къаннæгдæр лæппуты кæй никуыуал хъыгдардзæн, уы- мæй. Ботаз уыцы бон, кæй зæгъын æй хъæуы, адджын сихор нал ба- хордта. Байрæджы йын ис. Лæугæйæ ма цыдæртæ’ ацахуыста æмæ атындзыдта куыстмæ, фæлæ йæхицæн фидар дзырд радта, йæ чызджы хыл кæнын кæй сахуыр кæндзæн, уый тыххæй. Миййаг æй искæй æх- хуырсын куы нæ хъæуы. Чысылæй фæстæмæ хъæбысхæст, бокс æмæ карате сты йæ иууыл уарзондæр спорты хуызтæ. Уыдоныл архайгæ-иу дзы кæрдзын хæрын дæр ферох ис. Æнæхъæн бонты-иу хæдзармæ не ’рбацыд хатт. Уый тыххæй йын (суанг стырæй дæр) йæ мад йæ буары фæлмæндæр бынæттæ бирæ хæттыты ныцъцъыччытæ ласта. Уый-иу барæй йæхи уыцы лæмæгъ ауагъта. Мад цæмæн хъуамæ бафыдæбон кæна. Иæ уды æхцондзинад райсыныл æй цæмæн бахъæуа бирæ фы- дæбон. Æмæ-иу æцæг, аххосджын сабиау, мады раз ныггуыбыр. Йæхи- нымæры та-иу хъуыды кодта: «Ныр мын, мæ фæлмæнарм гыцци, ме ’мбæлттæй искæй раны куы фестис. Нæ, Нæ. Кæимæ фæхæцын, уыдонæй мын искæй раны куы фес- тис æмæ мын афтæмæй куы цъыччытæ кæнис, хъæбысæй хæцгæйæ го- банмæ æрирвæзынæй тынг кæмæн фæтæрсын, уыцы бынæттæ. Фæлæ дæм ныр мæ цонг нæ тасы. Фæлтау мæ астæу æртасын кæндзынæн æмæ мæ нæм. Цас дæ фæнды, уыйас мæ нæм. Æрмæст тагъддæр. Стон- джы мын у æмæ дæ куыст куы фæуай, уæд та мын æнæмæнг исты дзæ- бæх минас авæрдзынæ мæ разы...» Афтæ-иу хъуыды кодта, гъе, Ботаз. Æмæ ныр дæр нæ рох кæны спорты уыцы хуызтæ. Милицийы куыстæй ма йын цы рæстæг аззайы, уый хардз кæны-спорты галуаны. Йæ арæхстдзинæдтæ амоны æрыгон лæппутæн. Æмæ ныр йæ чызджы цæуылнæ хъуамæ сахуыр кæна чы- сыл истæуылтыл? Уæдæ дзы абоны чызджытау искуы иу хæлиудзых хынджылæг скъæрынмæ куы хъава, уæд мæ чызг цæуылнæ хъуамæ фæцарæхса йæ ныхмæ фæлæууын... 24
...Ныр лæппутæй исчи йæхицæй æдыхдæры куы фефхæры, у&д Ый уый æнæмæнг фæзæгъы: — Мæныл цы дæ тых æвзарыс? Кæд тыхджын дæ, уæд маоАгуын- дæмæ бауæнд. Нæ, нæ. Уымæ ма бауæнд... * * * Агуындæитæ уынджы тигъыл фæзылдысты. Разынд сæм кинотеатр «Ирыстоны» кæрт. Разынд сæм æмæ йæм дзæбæх-дзæбæх куы бакас- тысты, уæд фæджихау сты. Фыццаг æрлæууыдысты, стæй кæрæдзимæ бакастысты. Кæрæдзи цæстæнгасæй бафарстой: «Кæцæй?» Кæрæдзи- йæнуæхсчыты фелхъывдæй дзуапп радтой: «Нæ зонын». Чызджыты аххос нæ уыд, хъуыддагæн кæй ницы æмбæрстой, уый. Уый размæ азты-иу стæм хатт æнæхъæн къласæй ацыдысты киномæ, театрмæ. Фæлæ-иу уæд развæлгъау баныхас кодтой. Стæй-иу чызджы- тæ кæнæ лæппутæ хицæнæй нæ авзæрдысты. Кæд цыдысты, уæд иумæ. Абон та сæ къласы лæппутæм ахæм кой æппындæр нæ уыд. Фæсурок- ты киномæ кæй цæудзыстьь уый тыххæй дзы иу сыбыртт дæр ничи скодта. Кæд æй чызджытæй æмбæхстой миййаг? Æмæ сæм ахæмæй дæр никуы никæй зæрдæ фехсайдта. Ныр сæ кæд фæндзæм къласы къæсæрыл хæйрæджытæ фæсайдтой, уæд уымæн ницыдæр Агуындæ зыдта, ницыдæр Ацырухс... Æмæ сæ дыууæйы зæрдæтæ дæр фехсайд- той Сосланмæ. Кæрæдзийæн зæгъгæ ницы кодтой, фæлæ сæ дыууæйы фæсонæрхæджы дæр ахæм хъуыды фæзынд. Хъуыды та уымæн афтæ акодтой æмæ сæ къласы лæппутæ иууыл- дæр тыгуырæй лæууыдысты кинотеатры кæрты. Астæуæй лæууыд Сос- лан, иннæтæ — йæ алыварс. Суанг ма зылынфындз Бадзе дæр кæд уыд уым .(Батырбеджы хонынц афтæ). Худæг нæу? Зыльшфындз Бадзе! Æцæг уый лæппутæм дæрддзæф лæууыд. Хибарæй. Тигъмæ сæм лæу- уыд æмæ сæм, хылмæ йæхи цæттæгæнæг галау, бынозты уыцы тызмæ* гæй зулмæ каст. Йæ къухтæ ихсыд джинс хæлафы дзыппыты арф тъыст. Афтæ арф, æмæ ма гуыбыр дæр æркодта. Цыма йæ уæраджы сæртæ ныхта. Æниу- дзыппытæ сæ бынаты куы уыдаиккой, уæд сæм бынмæ æвналын цæмæн хъуыд. Æнæ æргуыбырæй дæр къухтæ джинс хæлафы уæлæнгай дзыппытæм æнцонæй ныххæстаиккой, фæлæ Бадзе Бадзе у. Хъуамæ алцæмæй дæр хицæн кæна иннæ фæндзæмкъласон- тæй. Иннæ лæппутæй алкæмæн дæр йæ хæлафы комдæл вæййы сины- сæрты нарæджы. Бадзе дæр æй уым куы дара, уæд ма уый цæй Бадзе у? Æмæ йæ хæлафы комдæл алыхатт дæр вæййы сины къуыбызтæй бирæ дæлдæр. Кæддæр кæмæйдæр фехъуыста, зæгъгæ, тыхджын æмæ тызмæг чи у, уыцы лæппутæ дарынц сæ хæлæфтæ афтæ быниау æмæ сæ уый дæр бафæзмыдта. Тыхджын æмæ тызмæг лæппуты. Æниу, мæ- гуыр, уый нæ дæр тыхджын у æмæ нæ дæр тызмæг, фæлæ, зæгъ, мæ уадз æмæ исчи ахæм æнхъæла. Æмæ лæууы Бадзе хибарæй. Æцæг тызмæгæй лæууы. Ахæм æн- гас ын ис, цыма йыл ныртæккæ дунейы фæндзæмкъласонтæ куы æрæм- бырд уаиккой,. уæддæр сæ ныффу ласид. Мæгуыр Бадзе! Уымæн та ахæм хуыз кæд уыдис, лæппутæй йæ иутæ тыхæй кæй ракодтой, иннæ- тæ та йын ныр иумиаг хардзæй киномæ билет балхæнын кæй нæ уа- дзынц, уый тыххæй. Лæппутæ ныртæккæ Бадзейы тыххæй кæй хъаугъа кæнынц, уый цæстæй дæр æмæ хъустæй дæр уыны æмæ йæ зæрдæ мæс- тæй фæрчытæ хауы. Искуыдæм куы алидзид æмæ дзæбæх куы фæкæ- уид, уый дæр æй фæнды, фæлæ йæ уæд бынтон æддæмæ ракæсын нал бауадздзысты. Зоны фæндзæмкъласонты ахаст. Æмæ йæ уый уромы. Æмæ быхсы. Хуымон гал йæ уæззау æфсондзæн куыд быхса, афтæ. Фæлæ йын лæппутæ йæ уыцы уæззау уавæр ницæмæ дарынц. Нæ йæ хатынц. Сæ ныхасыл афтæ схъылындз сты æмæ Бадзе нæ, фæлæ Нарты Батрадз куы уаид сæ цуры, уæддæр æй не ’рхъуыды кæниккой. Сæхи ныхасаджы разæй сæ уымæ не ’рывдæлид. 25
( Фыццаг сæ Агуындæ аукдта. Фæндзаём къласы лæпйуты. ХъЫГ ЫН уыд. Цæмæндæр æм афтæ фæкаст, цыма сæ уыцы тымбылфындзджын уый нухмæ ардауы. Абон æм кæй бартхъирæн кодта, уый йын йæ лæп- пуйон сæрыстырдзинадмæ фæныхылдта æмæ йын ныр æгас къласы лæппуты йæ ныхмæ ардауы. Фæлæ йæ уыцы хъуыды бирæ нæ афæс- тиат ис зæрдæйы, фæсонæрхæджы. Лæппутæй куы иу, куы иннæ, аннæ Бадзейырдæм йæ къух фæцаразы. Хатт та йæм иууыл дæр акæсынц. Æмæ чызг баууæндыд йæ ацы хъуыдыйы мæнгдзинадыл. Фæлæ йын ныр та æндæр хъуыддаг уыд хъыг: Чызджыты сусæгæй цæмæн ра- хъуызыдысты киномæ. Ацырухс куы ауыдта лæппу^ы, уæд уымæн дæр йæ фæсонæрхæг- мæ фæныхылдта ахæм хъуыды: æнæмæнг уый æфхæрынц. Тымбыл- фындзджынæн дзы алывыдтæ дзурынц. Æнæуый дæр ыл иууыл æвварс кæнынц. Æфхæрынц æй. Бадзе ма рахæцы йæ сæрыл. Æмхæрæфырттæ сты æмæ уымæн. Иыр дæр, æвæццæгæн, сæ ныхмæ уыд æмæ йæ сæ- хицæй иуварс асырдтой. Уæдæ сæм иуварсæй æндæр хæцаг галы каст цæмæн кæны. Ноджы йæ-Агуындæ цæстæнгасæй куы бафарста, цæмæн, зæгъгæ, уæд æм афтæ фæкаст, цыма йæ фæрсы: Цæмæн кæнынц дæ кой? Æмæ уымæн йæ дзуаппы дæр ахæм хъуыды уыд: Нæ зонын, цæ- мæн мæ æфхæрынц. Æмæ йæ маст нал баурæдта. Ие ’лхъывд дæндæг- ты ’хсæнты йæ ралæмæрста: — Бакæсæт ма исчи ацы маймулитæм. Уыцы чызджыты нæмагыл бындзыты æвзæнау куыд ныццупал сты. Сæхицæн дæр сын сæ бын- дзытæ атæхын кодта æмæ дзы ныр тæрсынц. Тæрхъустау дзы тæр- сынц. Сæхи бахизыны охыл æй кæйдæрты ныхмæ ардауынц. Æмæ, дам, мах дæр лæппутæ стæм. Агуындæйæн хъыг уыдысты Ацырухсы æфхæрæн ныхæстæ. Сæ къласы лæппутæ, æцæг мæнæ-мæнæ хъæбатыртæй не стьь фæлæ сæрба- хъуыды рæстæджы кæрæдзи сæрыл ма рахæцой, искæмæй афтæ фæ- тæрсой æмæ сæхиуæтты ауæй кæной, уымæй сæм йæ зæрдæ никуы фе- хсайдта. Æмæ йын хъыг уыд се ’фхæрын. Дарддæр нал байхъуыста Ацырухсмæ. Азгъордта лæппуты ’рдæм. Дардæй сыл йæ уайдзæфтæ базгъæлста: — Мæгуыр уæ бон.фæуа! Фæйнæ дæс капеккæй чызджытæн би- леттæ куы балхæдтаиккой, уый адæргæй сусæгæй куыд рахъуызыдыс- ты. Æмæ чызджытæ сымах хуызæтты се ’хцатæй æлхæнгæ куы бакæн- дзысты. — Уæййаг куы уаиккой, уæд бæргæ, — ам хирастгæнæн ныхæстæй кæй ницы рамбулдзысты, уый бамбæрста Темыр æмæ хъуыддаг хъа- зынæрдæм аздæхта. — Чызджытæ уæздан сфæлдисæггаг сты, — æндæр рæтты фæзылд- та йæ ныхас Бигуыз. — Уыдонмæ арæхстгай дзурын хъæуы æмæ нын уый фаг рæстæг нал аззад. — Уæд мын дæхæдæг цæр (ацы сомы мадæй базыдта Ацырухс, кæмæ рамæсты вæййы, уымæн æндæр ницы зæгъдзæн), кæд рæстæ- джы бындзытæ нæ аскъæфтой. Абондæргъы уæ киномæ цæуыны кой йæ былалгъæй дæр куы никæмæн сирвæзт, уæд æй рæстæджы æф- сон цы кæныс? — Есо Чырыстиау къулыл хуыд æрцæуон, кæд раст нæ зæгъы Бигуыз, — Агуындæйы дæларм йæ цонг фæтъыста Темыр. — Леуахимæ ацыдыстæм нæхи найынмæ. Киномæ рацæуын уым æрæфтыд нæ зæр- дыл. Чызджытыл дæр бæргæ азилын хъуыд, фæлæ уый рæстæг нал уыд æмæ... Цæй, ацы хатт нын æй ныббарут. Иннæ хатт уын билеттæ дæр балхæндзыстæм æмæ уæ киномæ такситыл дæр ракæндзыстæм. Мæнæ, дам, Ацырухсы такситæрæг фыд сывæллæтты æнæаргъæй фæ- ласы. Иу-дыууæ ахæмы ма дзы куыд нæ æрæвзæрдзæн, æмæ... — Ацырухсы цæмæй айрох кæнай, ахæм дудгæфыд дыл æрцæуæд. (Ацы æлгъыст йæ мадæй базыдта Ацырухс. Чысыл кæмæ фæмæсты вæййы Бабуца, уымæн йæ фыццаг «арфæ», уый фæвæййы). 26
— Цæй, цы гæн^ц йс, — Ацырухсы дзых та æгæр куы фæкъæртт уа, уымæй фæтарст Агуындæ æмæ ныхас фæзылдта: — Иннæ хатт дæр та уын фендзыстæм уæ лæгдзинад, фæлæ мæнæ уый та, нæл гогызау, йæ фындз цы æруагъта? — бацыд æмæ Бадзейы счъилтæ къахæй ба- риуыгъта. — Ахз ндр! —йæ къæдзил кæмæн айвазынц, ахæм къæбылайьг къæпп æм фæкодта Бадзе æмæ та йæм йæ чъылдым фездæхта. — Ныр дæу бæсты æз цæуылнæ хъуамæ уаин лæппу, а, Бадзе? — лæппуйы дæларм йæ цонг фæтъыста Агуындæ. Иæ цæсгоммæ йын ком- коммæ куы бакæсид, уый йæ фæнды, фæлæ дзы Бадзе йе ’ргом æм- бæхсы æмæ къухдзæг наййагау сæ мидбынаты зилдух кæнынц. Ацырухс нырмæ иуварс лæууыд. Иууылдæр æй федтой, фæлæ йæ дзы.ничи æрхъуыды кодта æмæ лæууыд иуварс. Цыма æцæгæлон адæ- мы ’хсæн бахауд, ахæм хуыз ын уыд. Иæ фыртыхстæй йæ пырх кан- фетты тыхтоныл калдта: æууæрста æмæ йæ æууæрста. Уымæй уæлдай ма йæхинымæры. Бадзейы дæр æлгъыста. Ие ’мхæрæфырт у æмæ йын йе ’дзæллагдзинад ныры хуызæн хъыг никуы уыд. Ныры хуызæнынæй хатгæ дæр никуы фæкодта. Бадзейы æдзæллагдзинад. Æмæ йæ æл- гъыста: ^ ^^) «Æмхæрæфырт нæ, фæлæ куыдз! Цыма иннæ лæппутæй уый цæ- мæй æвз... Цæмæй. Цæмæй хуыздæр у. — Уæддæр дзы æвзæрдæр зæ- гъын йæ цæст нæ бауарзта. Тæригъæд ын кодта æмæ уый тыххæй. Æмæ йæ æвзæр не схуыдта. Лæппутимæ кæй нæ хæццæ кæны, уый хардзау зыны Ацырухсмæ. (Цыма йæ фыццаг хатт федта). Агуындæ йæ бон базыдта: цасфæнды зилдух кæной, уæддæр ын Бадзе йе ’ргом нæ равдисдзæн. Æмæ йæ ныууагъта. Иу’ хатт ма йæ асхуыста, стæй йæ ныууагъта^. Бадзе йæм фæкъæпп ласта. Йæ къæ- дзил кæмæн айвазынц, ахæм къæбылайы къæпп æм фæкодта æмæ дарддæр ацыд. Ногæй та тигъмæ слæууыд лæппутæм. Ацырухс ын но- джы тынгдæр фæтæригъæд кодта. Хæстæг æм бацыд. — Æцæг, цы дæ фындз æруагътай? — иннæтæ йæ куыд нæ фехъу- сой, афтæ йын ныллæг хъæлæсæй дзуры. — Миййаг дæ исчи нæмие фæкодта? - ~ ^ ) — Мæ фыд. Æндæр мæ чи хъуамæ фæнæма ? — цыдæр æнахъола дзуапп радта лæппу. Ацырухс ын нæ бамбæрста йæ ныхас. Бадзейы фыд æнæуый мæрддзæст кæй у, уый зоны. Хъуыры, дам, уды хос нæ фæцæвдзæн, афтæ дзы дзурынц адæм. Фæлæ йæ иунæг фырты фæнад- та искуы, зæгъгæ, уый дзы никуы фехъуыста Ацырухс æмæ йæм дисау фæкаст. — Куыд дæ фæнадта дæ фыд? — афарста йæ. — Фæнадта мæ, куыд вæййы, афтæ. ♦ — Уый раст нæу, — нæ йыл баууæндыд чызг æмæ йæ ныхас загъта, — Кæд дæ миййаг мæнæ адонæй исчи бахъыгдардта, — лæппуты ’рдæм цæстæй ацамыдта. — Ацы хæдмæл уæрццытæй мæнæн мæ цонг дæр ничи фæтасын кæндзæн... Уæрццы коймæ чызг фестъæлфыд. Сывæллæтты рдæм аивæй ахъахъхъæдта. Миййаг æй исчи фехъуыста, зæгъгæ. Иæ хъус сæм куы ничи дардта (Агуындæ лæппутæн Ацырухсы канфеттæ уæрста æмæ дзы уыдонмæ никæй æвдæлд), уæд фæзылд Бадземæ: — Куыд дæ фæнадта дæ фыд? Æви æрцыд Хъази Уырысæй? Æмæ уæд махмæ куыд нæ æрбауад? — Мардæрцыд дæр уый у, æмæ кæй не ’рцыд. Куы ’рцыдаид, уæд мын иу сом уæддæр, чизоны, радтаид. Æхца раттын æм зын кæсы бæр- гæ, фæлæ куы ’рцæуы, уæд мын иу сом раттын байдайы. О, фæлæ не ’рцыд. Нæмгæ дæр мæ уымæн фæкодта... Уæртæ-ма бакæс уыцы хæ- лиудзыхтæм. Мæныл тæрхон кæнынц уæдæй нырмæ. Киномæ мын иу- мæйаг хардзæй билет балхæной, æви нæ, ууыл тæрхон кæнынц. Дæ фыд, дам, æрвыл сæрд Уырысмæ æхца кусынмæ цæуы. Дунейы æхца, дам, 27
Зёрæнтъухы. Аль1гъуызон дзйума, дам, дын фелхæны, йфтæмæй, дам, дзы дæумæ билеты æхца никуы разыны. Кæдмæ, дам, дæ хъуамæ да- рæм мах? — йæ мæгуыры хъæстытæ йе ’мхæрæфыртæн кæны Бадзе æмæ йæ зæрдæ суынгæг. Йæ цæстыты дон куы нæ ралæдæрсид. Миййаг æй кæугæ куы феной ацы фæндзæмкъласон хæлиудзыхтæ. Æддæмæ ракæсын æй нал бауадздзысты. — Раст дын дзурынц, — йе уæхсчытæ фелхъывта чызг. — Дзургæ дын раст кæнынц, фæлæ дæу аххос дæр нæу, — афтæ бакодта Ацырухс, стæй йæ ныхас фæурæдта. Иæ фæсонæрхæджы цыдæр ног хъуыды кæй февзæрд, уый йæл зынд. Лæппуйы цонгыл ахæцыд. Дарддæр æй акод- та æмæ йы’н йæ хъусы бадзырдта: — Сæхицæн райстой билеттæ? — Ницы райстой. Куы райстаиккой, уæд ма цæуыл хъаугъа кæ- нынц? — йæ цæстытæ кæй суымæл сты, уый хаты æмæ сæ æмбæхсы’ Ацырухсæй, фæлæ йын ацы хатт æнæрхъуыдыйæ баирвæзтысты. Чызг ын сæ ауыдта æмæ йын ноджы тынгдæр фæтæригъæд кодта. . Иæхи дудгæбонтæ дæр лæууыдысты йæ зæрдыл æмæ йын фæтæригъæд код- та. Исты амалæй йын куы баххуыс кæнид. Ие ’мбæлтты цæсты йæ ис- тæмæй куы скадджын кæнид, уый йæ бафæндыд æмæ та йын йæ цон- гыл ахæцыд. — Мæнмæ ис æхца. Бабайы раз та мæ кæуындзæджы ком феуæгъд кодтон æмæ мын æнæхъæн туман фæсагъта мæ армы. (Ацырухсы-иу æхца куы хъуыд, уæд-иу йæ таксист фыды ссардта. Цыма йæ тъæнгтæ фелхынцъ сты, уый богъ-богъ-иу систа. Уымæн дæр ма-иу цы гæнæн уыд? Адæмы æфсæрмæй-иу ын цыдæр капеччытæ авæрдта. Фæлæ йын абон капеччытæ нæ фаг кодта. Агуындæ йæ сæрыл кæй рахæцыд, уый тыххæй йæ хъуамæ киномæ дæр ахона æмæ йын канфеттæ дæр бал- хæна. Æмæ йæ хъул атылд. Тæккæ йæ такситæ лæууæны æрæййæфта æмæ адæмы ’хсæн куы ныббогъ ласта, уæд ын фыртыхстæй æнæхъæн туман фæсагъта йæ армьг). Гъе æмæ сын иууылдæр балхæнæм билет- тæ. Мемæ цом, куыд нæ нæ фæхатой/афтæ; — Куыднæ стæй! — фæзылд Бадзе. — Уыдон мын иу билет хæлæг куы кæнынц. Мах сын уалæй цæмæ’н хъуамæ балхæнæм? Уыдонæй ис- . чи æдылыдæр у? Æз семæ цæугæ дæр нæ кодтон. Цæмæн мæ бахъуыд сæ кино? Нæхимæ телевизормæ нæ бакастаин? Уæртæ мæ уыцы къуы- бырыфындз-тыххæй ракодта, науæд семæ нæдæр цыдтæн. Ды та сын билеттæ аелхæныс. — Зæгъгæ дын куы кодтон, раст кæй дзурынц, -уый?— йæхи фæ- тызмæг кодтачызг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта:;—Иу æмæ дын дыу- уæ хатты балхæдтой? Ды та уый тыххæй бузныг дæр никуы никæмæн загътай. Чысыл дæ дзы исчи куы фелхыскъ кæны, уæд ын фидистæ райдайыс* Дæ фæсарæйнаг дарæс, дæ агуыридурæй хафт джинсытæй сын сæ цæстытæ фæкъахыс. Æмæ уый раст у? Миййаг æцæг дæ да- рын искæмæ кæсы? Куы нæ дын уаид, уæд дын алчи дæр барид, фæ- лæ адæмы ныхæстæм гæсгæ, уе ’хца æфснайæн лагъзы нал цæуы. Дæ- уæн та дзы кинойы билет, науæд, сæлдæг балхæнай, уый дæр никуы вæййы дæ джинс хæлафы дзыппы. — Джинс хæлаф ын барæй загъта. Фидисы хуызы. Уæд лæппу дæр’ фæчъил.. Идадзы бæхау, араст ис чыз- джы фæдыл æмæ.,. * * * Сослан афтæ ахуыр уыд суанг фыццаг къласæй фæстæмæ. Стæй фыццагæй дæр цæмæн? Бацæттæгæнæн къласæй. Ахуыры азы фыццаг бон-иу сæ директор æрæмбырд кодта дынджыр залмæ. Арфæйы ны- хæстæ, слыгъуызон фæдзæхстытæ æмæ-иу сын фæндиæгты фæстæ рав- дыстой кино. Куыд дзæбæх-иу уыд! Суанг-иу ахуыры азы фыццаг бон адæймаг банкъардта скъолайы хæрзиуæг, йæ аудындзинад. Йæ уæнг- ты-иу тугау ахъардта ахуырмæ разæнгардгæнæг ахаст. 28
Æмæ ныр урокты фæуды сывæллæттæй алчи йæ хæдзармæ куы фæцæуæг ис, уæд лæппу фæтыхст. Цыма уый ахуыры аз нæ райдыдта, фæлæ æндæр цæмæндæр уыд ам, афтæ йæм фæкаст æмæ фæтыхст. Уæ- дæ цæмæн уыдис ацы дынджыр æцæгæлон хæдзары? Уроктыл дæр цыма бадт, ахæм цыдæр тæлмæн дæр ма тæлфы йæ фæсонæрхæджы. Æмæ сæ уæд директор уркоты фæстæ залмæ цæуылнæ æрæмбырд кодта. Арфæйы ныхæстæ, алыгъуызон фæдзæхстытæ æмæ сын фæн- диæгтæ цæуылнæ фæдзырдта? Науæд сын киноныв цæуылнæ æвди- сынц? Кæд сын миййаг зал нæй.Æмæ айас дынджыр скъола æнæзал куыд хъуамæ уа? Науæд зал дæр ма уæд. Ахæм фембæлдæн къæли- доры ,науæд уынджы дæр уыд ауадзæн. Хуры тынтæ уæлдæфы лен- чытæ куы кодтой. Уыцы райдзаст кæрты не сфидыдтаиккой иумæ? Хуры тынтæ æмæ сывæллæттæ уыцы райдзаст боны иумæ не сфидыд- таиккой уыцы дзæбæх райдзаст кæрты? О, не сфидыдтаиккой! Фæлæ... Нæй. Ницæмæй барухс ахуыры азы фыццаг бон Сосланы зæрдæ. Цыдæр æгъуыз уыдис. Иæ фæудмæ ма æнхъæлмæ каст. Чизоны, ис- тæмæй бабонгъуыз уа, зæгъгæ, хъуыды кодта, фæлæ уый дæр ницы æр- хаста. Боны фæуд. Æмæ ноджы тынгдæр æрымысыд, интернаты-иу ах- уыры фыццаг бон куыд хъæлдзæг уыдис, уый. Ноджы тынгдæр æрæн- къард ис> мæгуыр. .«Фæлтау мæ куы нæ ракодтаид, — йæхинымæры хъуыды кæны. — Иæхицæн куы уыдаид сывæллæттæ. Дæттæй йæхицæн куы уыдаид сывæллæттæ. Мæ сæр æй ницæмæн хъуыдаид. Уыдаид ын бындар æмæ ма уæд мæнæй цы кодта. Искуы-иу сæм стæм хатт уазæгуаты æрцы- даин. Æнæуи та мæхицæн ме ’мбæлттимæ ахуыр кодтаин дзæбæх. Афонмæ уыдон æмбырды бадынц. Директор сын уыцы дзæбæх ныхæс- тæ кæны. Уый фæстæ сын равдисдзысты кино. Æз та? Ехх!» — Иæ къух ауыгъта. Иæ бон æндæр ницыуал зæгъын æмæ аразын уыд. Уый дæр ма, мæгуыр, йæ къух а^гъта æмæ... Ацыд. Сослан æцæг дзæбæх цард интернаты. Хъæлдзæг, цæрдæг, æнæ- зивæг, зæрдæргъæвд лæппу уыд æмæ йæ алчи дæр уарзта. Тынг. ын аргъ кодтой йе ’мбæлттæ. Сæ кълас дзы сæрыстыр уыдысты. Уæлдай- дæр та чызджытæ. Тыхджын уыд æмæ сæм уый цур æфхæрыймæ ничи уæндыд. Сосланы цур чызджы дзыкку ничи айвæзтаид, фæсномыгæй сдзурын сæм йæ ныфс ничи бахастаид. Тынг кæй фæндыдаид, уый дæр. Æмæ йæ уый тыххæй бирæ уарзтой. Бирæ йæ уарзтой ахуыргæнджытæ дæр. Хорз кæй ахуыр кодта æмæ тынг хорз кæй кафыд, уый тыххæй. Цал олимпиадæйы райста фыццаг кафæджы бынат областы дæр æмæ республикæйы дæр! Бирæ нæ уыдысты бæрцæй. Фæлæ цыппар азæн æгæр дæр уыдысты... Æмæ йæ уадзгæ дæр нæ кодтой интернатæй. Йæхи дæр йæ къах нæ хаста. Скъола йын райгуырæн хæдзар ссис. Æмбæлттæ— йæ хотæ æмæ йе ’фсымæртæ. Уыдонæй бынтон ахицæн у. Искуы ма сæм кæд уазæгуаты бафтай, науæд дзы фæндагыл искæуыл амбæлай, уæд ууыл хъæц. Хъæц ыл æмæ быхс. Цымæ йæ бон бауыдзæн афтæ цæрын? Ацы æмбæлтти- мæ, ацы скъолаимæ цымæ искуы афтæ æрæмдзæхтон уыдзæн æмæ йæ раздæры æмбæлттæ æдзух йæ цæсты раз мауал ой. Йæ зæрдæ фынæйæ дæр æмæ хъалæй дæр уыцы скъолайы кæрты мауал хита? Нæ йæ- уыр- ны... Иæхиуыл алывыдтæ дæр уымæн фæмысыд. Барæй. Барæй рахуыд- та йæхи чызджыты нæмаг. Иууыл æвзæрдæр æм кастысты, чызджы- та-иу чи хъыгдардта, уыцы лæппутæ. Уадз æмæйылам фыццаг бонæй фæстæмæ йæхи æвзаджы фыдæй æвзæр лæппуйы ном сбадæд. Уадз ^мачи йæ уарзæд. Нæ дæр ахуыр кæндзæн хорз. Нæ дæр кафгæ акæн- дзæн. Æппындæр никуыуал акафдзæн. Уадз æмæ йæ ахуыргæнджытæ дæр ма уарзой. Афтæ хъуыды кодта, гъе, йæ уæззау зæрдæйæ Сослан æмæ йæхи- уыл алывыдтæ дæр уымæн æрымысыд... Æмæ ныр йæ къух ауыгъта æппæтыл дæр. Бирæ уарзы йæ фыдыхо Верæйы. Чысылæй фæстæмæ йæ уарзы. 29
Хъæумæ-иу сæм куы бацыд, уæд Сосланæн сæрмагонд хызыны хаста лæвæрттæ. Алкæмæн дæр-иу æм исты хуымылиаг æнæмæнг разынд. Фæлæ иннæ бинонтæн иумæйаг хызыны уыдысты. Сосланæн та хицæ- нæй. Уый, дам, мын хъулон хъæбул у. Афтæ-иу’ дзырдта’. Æртæ хо æмæ æртæ æфсымæры кæстæр хъулон цæмæн хъуамæ уыдаид, уымæн ницы æмбæрста Сослан, фæлæ йæм уæддæр æхсызгон каст. Хъулон æй кæй хуыдта, уый йын æхсызгон уыд æмæ йæ уый тыххæй бирæ уарзта. Ардæм рацæуыныл дæр ын уымæн сразы ис. Куы йын æркой кодта, уæд исдуг адывæндтæ кодта. Нæ йæ фæндыд йе ’мбæлттæй ис- куыдæм ацæуын æмæ адывæндтæ кодта, фæлæ цæхгæр нæ зæгъын йæ бон нæ бацис. Æмæ ныр йæ къух ауыгъта, стæй араст ис сæхимæ... Сæхимæ нæ. Ам ын сæхимæ никуы суыдзæн. Бæргæ Верæйы бирæ уарзы. Зæнæгæй, дам, мæ бон базыдтон. Ныр, дам, хъуамæ нæ бынтæ дæуыл ныффыссæм æмæ, дам, иууылдæр ам цæрдзынæ. Афтæ дзурынц Верæ дæр æмæ йæ лæг дæр. Фæлæ уæддæр Сосланмæ йæ зæрдæ афтæ дзуры. Нырма йæм афтæ дзуры. Сомбон цы уыдзæн, уымæн цы бæрæг ис. Фæлæ уал Сос- лан абоны хъуыдытæ кæны æмæ йын ам сæхимæ никуы суыдзæн. Сæ- химæ .ис уалæ хъæуы. Хæхты астæу иууыл .рæсугъддæр бынаты. Уым арв у цъæхдæр æмæ бæрзонддæр. Хæхтæ — урс æмæ уыдон дæр, арвау, бæрзон. Уым мæргътæ æмæ æхсæрдзæнтæ зарынц иумæ. Хъæд сын су- су-бусуйæ хъырны. Гъе, ахæм ран ис сæхимæ. Ам ын ис æрмæстдæр йæ фыды хойы хæдзар æмæ, йæ къух куы ауыгъта, уый фæстæ араст ис уырдæм. Верæйы хæдзармæ. — Цæй, уæдтайæ Леуахийы былмæ немæ акæнæм, — уыцыуæнтæ- хъилæй куы фæцæйцыд Сослан, уæд ын Бигуыз фæтæригъæд кодта æмæ Темырмæ лæгъстæгъуызæй бакаст (уыдон къæлидоры иу талынг къуымы цæуылдæр ныхас кодтой æмæ Сосланы утæхсæнмæ сæ хъус дардтой). — Дзæбæх лæппуйы хуызæн мæм зыны. — Акæнæм æй, — сразы ис Темыр дæр, æрмæст ма уый йæ ныха- сыл уæлæ.вæрæн аныхæста. — Куы .нæ бæзза, уæддæр нын цы хъом у? Мах цалдæр, уый — иу. Иугæр æмхъæлæсæй сразы еты дыууæ хæлары, уæд згъоргæ дæр иумæ акодтой Сосланы фæдыл. Фæлæ ’сын Сослан афтæ не сразы ис. Лæппутæм исдуг хъыг дæр æркаст. Кæй сын не сразы, стæй уыдонæй æрхъуыдыджындæр кæй ра- зынд, уый. Хъыг сын уыд æмæ æрфæсмон кодтой. Леуахийы былмæ йæ акæныны фæнд сæм кæй фæзынд, ууыл. Иæхи йын кæй æрхъуыды кодтой æмæ йæ семæ кæй кæнынц, уый тыххæй бузныг нæ загъта. Фаг æм нæ фæкаст уый. Ноджы ма кæуылдæрты йæхи мæтгæнæг скодта. — Иунæгæй? Æрмæст не ’ртæ? — ахæм дисгъуызæй сæ афарста, раст æй цыма совхозы дыргъдонмæ фæткъуытæ давынмæ кодтой. Æмæ уыцы дисæнгас фарстæй фæтыхстысты. Ахæм фарстмæ йæм æппындæр не ’нхъæлмæ кастысты Бигуызитæ æмæ тынг фæтыхстысты. Æцæг, сæ тыхстдзинад нæ равдыстой Сосланæн. Рæстæгыл æй амбæхсынмæ фæ- рæвдз сты дыууæ дæр æмæ сæ уый æрцардта. Нырма се скъолайы йæ уазæджы ном гæзæмæ дæр кæмæн нæ фæцъæррæмыгъд, уыцы хивæнд лæппуйы цæсты æгæр кæй нæ бафтыдысты, уый хорз уыд. Уый нæ, фæлæ ма сæхимæ дæр разынд диссаг-æмбисондæнгас фарстытæ æмæ дзырдтæ. — Не ’ртæ, уæдæ ма мын Бадзейыхæлиудзыхы дæр хонын кæныс? — зулмæ йæм бакаст Бигуыз. — Æххæст ма зылынфындз Бадзейы дæр куы ахониккам. фæсте- йæ нæ баззад Темыр дæр. Уый ма ноджы худгæ дæр ныккодта. — Деттæ ихсыд джинс хæлаф кæуыл уыд, уый ма уа уæ Бадзе? — Æппындæр дисы ад чи нæ кодта, ахæм хъæлæсыуагæй сæ бафарс- та Сослан. Сæ дыууæйæн дæр сæ дзырдтæ дæлгоммæ фæлдæхт кæй уы’- дысты, уый мурмæ дæр не ’рдардта. Иæхæдæг дæр уарзы ахæм чъыл- дымздæхт дзырдтæ. Стæй сæ кæцы фæндзæмкъласон нæ уарзы, уый 30
ма мын йæхи схъæр кæнæд. Ахæм фæндзæм къласы иу дæр нæ р-азын- дзæн, æвæццæгæн. Æмæ сыл, уæдæ, цæй номыл хъуамæ дис кодтаис Сослан? — Раст æй базыдтай, — фæкодта Темыр æмæ ма йæ ныхасмæ баф- тыдта. — Æниу æй цы базонын хъæуы? Къахеттаг фиййæуттæ сæ фыс- ты дзугтæ хæхтæм, сæрдыгон хизæнуæттæм куы фескъæрынц, уæд се ’хсæн иу цæу вæййы æмæ йæ лæг дардмæ дæр базондзæн. Дардмæ дæр лæг равзардзæн, уый фыс нæ, фæлæ цæу.кæй у. Иæ къæдз-мæдзы сы- къатæ ма йæ уæдæ æндæр цæмæн хъæуынц? Махмæ дæр, иууыл уыцы иугъуызон ахуыргæнинаджы дзаума кæуыл ис, уыцы сывæллæтты ’хсæн афтæ хицæн кæны Бадзе. Иæ ихсыд джинс пысултæй хицæн кæ- ны æмæ йæ цы базонын хъæуы? — Æмæ афтæ æнхъæлыс, йæхигъæдæй баихсыд? Хæлаф йæхигъæ- * дæй баихсыд æнхъæлыс?—Сосланмæ йæ сынæг фæзылдта Бигуыз. Стæй йæм йæ цæст дæр æрныкъуылдта. Сослан æм нæ каст. Нæ йын федта йæ цæстныкъуылд. Фæлæ йæм æй уый уæддæр æрныкъуылдта. Уадз æмæ хата, æппæтзонæг æрмæст уый кæй нæу. — Сæ сыхæгтæ хæдзар арæзтой æмæ иу агуыридуры цъæл уырдыгæй радавта. Æниу ын иу дуры къæртт чи бахæлæг кодтаид? Æнæ давгæйæ йын æй нæ радтаик- кой йæ сыхæгтæ? Фæлæ, дам, искæй раз мæхи цæмæн хъуамæ æрныл- лæг кæнон? Цæмæн, дам, балæгъстæ кæнон искæмæн? Иæхæдæг дзырд- та ацы ныхæстæ. Æппæлынæн сæ дзырдта. Æмæ, дам, æй æз дæр ра- мырхтон... Иæ хæлаф хафыны тыххæй йæ радавта... — Иæ фырхъæздыгæй мæгуырдзинадмæ йæ былыцъæрттæ хæры, æвæццæгæн? — абондæргъы фыццаг хатт бахудт Сослан æмæ дыууæ лæппуйæн дæр сæ уæхсчытæ фæйнæ цæфы æркодта. Дзæбæх цæфтæ сæ æркодта. Иæ зæрдæйы хæлардзинад сæм раргом кæныны тыххæй. — О, — загъта сæиу, — уадз æмæ, дам, исчи æнхъæла, цыма ахæм хæлаф ногæй,, æрæджы не скодта, фæлæ йын рагæй ис. — Уæдæ, — фæкодта иннæ. — Ахæм хæлаф рагæй кæмæн ис, уымæ, дам, уадз æмæ исчитæ хæлæг кæной. — Æмæ йæм исчи бахæлæг кæны? л — Куыд нæ? Джинс хæлафмæ алчи дæр бахæлæг кæндзæн, фæлæ алкæй фыдмæ уый бæрц æхца нæй... — Мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ иу хæлаф, балхæныны фаг æхца алкæмæ дæр разындзæн, фæлæ иумæйаг æгъдау фехалыны фаг æнæ- мбаргæдзинад алкæмæ нæй. Æмæ уый хорз у. Мæнæн мæ фыдыхо аф- тæ фæдзуры, хæлæг кæнын дæр, дам, хъæуы.Æрмæст, дам, бахæлæг кæн, удыхъæдæй, зондæй, арæхстдзинад, лæгдзинад æмæ æндæр хорз миниуджытæ дæуæй фылдæр кæмæ уа, ахæммæ. Бахæлæг æм кæн, ба- фæзм æй æмæ архай уый хуызæн уæвыныл. Уыдонæн, дам, балхæнæн кæй нæй, уый тыххæй хъæуы хæлæг кæнын æмæ фæзмын. Дзаумайы тыххæй, дам, никæмæ хъæуы хæлæг кæнын. Алы пысулæн дæр, дам, ис йæхи рæстæг, йæхи кар. Куы дын уа афон, уæд дын æй исчи æлхæндзæн. Æмбалæн та, дам, йæ дзаумæттæм нæ, фæлæ йæ зæрдæмæ хъæуы кæсын. Иæ цæстытæм ын хъуамæ комкоммæ кæсай æмæ уым уынай йæ зæрдæ. — Бадзейы зæрдæ йæ цæстытæй нæ разындзæн, — загъта сæ иу. — Иæ риу ын куы акъæртт кæнай, уæддæр ын æй не ссардзынæ, — загъта иннæ. — Зæрдæ æмæ æхца Бадземæ цырагъы рухсæй дæр лæг не ссар- дзæн, — загъта фыццаг æмæ ууыл ныллæууинаг нæ уыд, фæлæ йын йæ ныхас айста Сослан. — Иу-цыдæр Бадзейы тыххæй нæ рæстæг дзæгъæлы цы тонæм? Райгонд уæд йæ джинстæй. Пысулæн, æгас цæуай, зæгъгæ, никуыма никæй федтон. Фæлтау нæ къласы иууылдæр æрæмбырд кæнæм æмæ тымбылæй ацæуæм Леуахийы былмæ. Афтæ хъæлдзæгдæр уыдзæн. Стæй уырдыгæй та киномæ ацæудзустæм. 31
Ацы фарст сын Бадзейы æрбайрох кæнын кодта. Ауынаффæ кæ- нын сæ хъуыд æмæ сæ уымæ нал æрæвдæлд. Цы саразой? Чызджытæй иумæ куы бацæуой, уæд сын æнæмæнг зæгъдзæн- уæртæ уал уымæ ба- цæут. Бафæрсут æй. Кæд цæуа, уæд æз дæр цæттæ дæн. Афтæмæй, тыннывæндæгау, дыууæрдæм фæрацу-бацу кæндзысты изæрмæ, æндæр сын аразын ницы бантысдзæн.,Фæстагмæ ныллæууыдыстыацы хатт уал æрмæст лæппуты акæныныл. Æмæ та Бадзе ногæй æрлæууыд сæ зæр- дыл. Леуахийы былмæ йæ акæндзысты, фæлæ та йын киномæ билет балхæной æви нæ, уыцы фарст сын суанг кинойы кæрты онг дæр скъуыддзаг кæнын нæ бакуымдта. Æмæ ам дæр йæхи скъуыддзагкæ- нинаг фæцис. Ацырухсы фæрцы. * * * Бадзе! Йæ «шабашник» фыды райстбавæрд хъæбул! Диссаг сты сывæллон адæм. Тынг диссаг сты. Хатт адæймагыл ахæм ном авæрынц æмæ йæ дон нæ дæр дæлæмæ фæласы, нæ дæр уæ- лæмæ. Ацы дзырд дæр сæхи æрымысæггаг у. Сывæллæттæн. Доны дæ- лæмæ-уæлæммæ ласыны кой дæр сæхæдæг скодтой фыццаг хатт. Иурайсом Бебу къласмæ æрбацыд (уæд ма цыппæрæм къласы уы- дысты). Фыццаг урок ын уым уыд æмæ æрбацыд, Бебу. Бацыд сæм. Журнал стъолыл æрæвæрдта, стæй йæ цæст ахаста къласы къуымты, партæты ’хсæнты. Бадзейы бынат афтидæй уыцы æрхæндæг уыд. Æгас кълас æм- цыдæр цæрдхъом, райдзастгъуыз фæкаст ’ æмæ уыцы рай- дзастдзинадыл не сфидыдта æрхæндæггъуыз афтид бынат. Куыд нæ йын хъуамæ уыдаид зын. Бебуйæн. — Кæм та ис, кæ? — уыцы мæстыйæ загъта. Уыцы цæрдхъом къла- сы йæм иу бынат æрхæндæггъуыз кæй аххосæй фæкаст, уымæн йæ ном нæ загъта. Сывæллæттæй дæр æй ничи бацагуырдта. Кæм ис, зæгъгæ, кæй тыххæй бафарстаид Бебу, уый æнæуый дæр зыдтой æмæ ма йæ цы агуырдтаиккой? Алкæмæ дæр дзы, Бебуйы мастæй иу чысыл схъис ба- хаудта æмæ уыцы тысхт змæлд скодтой. — Иæ «шабашник» фыдимæ та афардæг ис, — йæ бынатæй фес- тад æмæ мæсты лæмæрст ракодта йе ’ндæгъд дæндæгты ’хсæнæй Агуын- дæ. Фæлæ йæ масты дзæкъул уымæй æххæст нæ райвадæг ис æмæ ма дзы рахсæста: — Иæ «шабашник» ’фыд йæ райст-бавæрд фырты кæ- дæмдæр акодта. Хъуамæ, дам, ын дзыхъхъынног джинс пысултæ балхæнон. Адон, дам, ын æгæр баихсыдысты. Уый ма зона, æмæ сæ йæ- хæдæг æнæхъæн къуыри хафгæ фæкодта. Сæ сыхæгтæй кæй радавта, уыцы агуыридурæй. — Æмæ йын райст-бавæрд хъæбул та чердæм у? — ныххудт Темыр. Ныххудт æмæ йæ уый ноджы фæцæхджындæр кодта. Уыцы райст-ба- вæрды. — Чердæм райст-бавæрд у? Ахæм номы дон куынæ дæлæмæ аласдзæн, куынæ уæлæмæ, уæд æй кæцæй æрымысыдтæ?.. Бебу дæр бахудт. Сывæллæтты тыхаразгæ ныхæстыл бахудт æмæ йæ зæрдæйы маст уыцы дзæбæх фæцæйхъуызыд, фæлæ дзы æххæст не сиртæст. Фæйнæгмæ цы лæппуйы ракодта, уый Бебуйы тæккæ раз фæ- лæууыд. Фыццаг уал йæ фындз тынг схуртт ласта, стæй йæ хæлафыл уæлиау схæцыд. Суанг æй риуыгуыдыры онг сæлвæста. Уымæ дæр та, мæгуыр, йæ маст фæстæмæ æрбаздæхт. Дард нæма уыд æмæ уыцы æн- цонæй фездæхт. Цæмæндæр æм афтæ ’фæкаст, цыма йын фалйнæг'мæ цæуæг лæппу йæ хæлафыл афтæ уæлиау схæцынæй уайдзæф кодта. Цыма йын загъта: «Бебу, уый цы хуызæн митæ кæныс? Æрра фæдæ? Бадзейы йæ «шабашник» фыд хæлаф æлхæнынмæ акодта. Хъуамæ равзара, йæхи цахæм хъæуы, ахæм. Уый тыххæй Бадзе уроктæ дæр ныууагъта..Ды та мæн фæйнæгмæ кæныс. Æмæ дæ æндæр ницы æндавы, Бебу?» — Раст æм ахæ^ ныхæстæ æрбайхъуыст лæппуйы хæлафыл схæцынæй. Æмæ та йæм йæ зæрдæйы маст фæстæмæ æрбаздæхт. 32
— Сымах дæр йе ’мбæлттæ хуыйнут, мацы уæ загъдæуа, æмæ йын уæ искуы исчи йæ ных бакъуыра, уый хъом не стут. Бадзейæн уæ исчи йæ ных бакъуыра æмæ ахуырдзауы хуызæн суа, уый хъом уæничиу,— йæ маст уайдзæфты къæдзилыл бастæй сывæллæтты хай фæкодта Бебу. — Æмæ йын куыд хъуамæ бакъуыра исчи йæ ных? Уæд та йын аскъуыдис. — Иу къаннæг чызгæн фырдисæй йæ цæстытæ арайвæз-бай- вæз кодтой. Цыма йын Бадзейы ных мысалгъæй цæвинаг фæцис, уый тарст фæкодта, мæгуыр. — Æз уын афтæ нæ зæгъын, æмæ йын йæ сæр ныцъцъæл кæнат, — фæйнæгмæ кæй ракодта, уъщы лæппу ферох ис Бебуйæ. Бадзейы сæр цæвынæй чи фæтарст, уыцы чызгмæ баздæхт æмæ йын амоны, ных куыд къуырын хъæуы, уый. — Уе ’мбал у æмæ йын кæм уайдзæф ба- кæнут, кæм та йын сабырæй зæгъут. Иæхи дарын зонæд, уæ кълас уын ма худинаг кæнæд. Бæргæ, уе ’ппæт æмхуызон хорз нæ ахуыр кæнут, фæлæ дзы уыйас æвзæр нысæнттæ ничи исы, уымæй фылдæр бонтæ уæ ничи рауадзы. Æмæ уый æвзæрдзинæдтæ уе гасæн дæр зиан кæ- нынц. Æмæ афтæ æнхъæлут, йæ бон ахуыр кæнын нæу? Чысыл куы ба- фыдæбон кæны,уæддзы цыдæртæ æрызгъæлы, фæлæйæ нæ фæнды. Ныййарджытæ дæр æм сæ хъус нæ дарынц. Сымах дæр ыл уæхицæй æддæмæ хæцут. Æмæ уый цы у? Ахуыргæнджытæн дæр иунæгæй ницы сæ бону. Куынæ сын ныййарджытæ æххуыс кæной, куы нæ сымах уæхæдæг, уæд уыдонæн дæр сæ куыст ницы сахаддзæн... Ахæм даргъ ныхас баифтыгъта Бебу æмæ, фæйнæгмæ кæй ракод- та, уыцы лæппу дæр дзы æрбайрох ис. Дзуры æмæ дзуры. Дзуры сын- дæг. Бæлцуаты бæхау, уæргъулæфтгæнгæ. Иæ ныхæстæ сывæллæттæм цæмæй арфдæр бахъарой, цæмæй сын ахъуыды кæныны фадат уа, уы- мæн дзуры афтæ. Фæйнæджы цур лæууæг лæппу, æвæццæгæн, фырæгуыстæй схъыг . ис, мæгуыр. Зын æм æркаст дзæгъæлы лæууын. Уæгъды бадынæй стæп* æхсынын хуыздæр кæй хонынц, уый æрлæууыд йæ зæрдыл. Æмæ стæг æхсынинаг кæм йæ къухы бафтыдаид къласы, фæлæ истæуылты йæхи куы ирхæфсид, уый йæ æрфæндыд æмæ бауырдыг ис иу рард кæны- ’ ныл. Иу ран дзы цыдæр нымæцтæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Æгæр зæрдæхсайгæ уыдысты. Зæрдæхсайгæ цы? Хъыг æй дардтой æмæ сæ исты амалæй куы фервæзид. Куы сæ фервæзид. уый йæ æхсызгонæй бафæндыд æмæ дын Бебуйы уыцы цæхгæр куы афæрсид: — Ахуыргæнæг, мæнæ ацы нымæцты ныссакрашатт кæнон? — Бебу «сокрашатты» кæцы зæл нылхъивы, уый дзы, æвæццæгæн, æрбайрох ис æмæ «С»-йы бафхæрдта. Бебу- фестъæлфыд. Фæйнæджы цур исчи лæууы, уый йæ фæсонæр- хæджы нал уыд, æмæ уыцы æнæнхъæлæджы фарстæй фестъæлфыд. Кæй фестъæлфыд, уый йæм хардзау æркаст. Ацы къæбæдаты цæсты лæг цæмæй-фæнды бахауæд. Цæлæнцой йæ нал æруадздзысты. Ахуыр- гæнæг уæвгæйæ дæр. Зоны сын сæ ахаст. Иæ Бейбулат номæй йын Бебу кæй ацарæзтой, уый дæр зоны. Æниу æй дзы комкоммæ афтæ ни- куы ничи схуыдта. Иууыл æм ахуыргæнæджы номæй дзурынц. Фæлæ ’ фæсфæдæй, науæд иннæ ахуыргæнджыты цур? Мæ хур акæн! Куыд нæ дын фæуисæн кæндзысты. Ныр ма йыл тæппуды ном дæр куы авæрой, уæд... Æмæ фыццаг стъæлфты хæдуæлвæд дыккаг стъæлфт дæр фæ- кодта. Барæй. Фестъæлфыд æмæ фæстæмæ фæзылд. — Æз дæ «ссакрашшшатт» кæндзынæн, къулбадæг. Æнæуый дæр деттæ сокрашшшатт куы дæ, уæд’ ма цытæ лæхурыс! Иу уылындлфс бæрзæндæн дæ æмæ ма дæ уымæй сакр... Ацу æмæ’ дæ бынаты сбад. . — Уый мæ æцæг куы нысссакрашатт кодтай, ахуыргæнæг, — цин- гæнгæ, алыгъд лæппу йæ бынатмæ. Уыцы урок ихы бынты афардæг ис Бебуйæн дæр æмæ швæлл#т- тæн дæр. Бадзейы хуызæттæ цардæн дæр æмæ æхсæнадæц - дæр цас стыр зиан хæссынц, ууыл ахæм хуызы дзырдта Бебу^ аемзр щц ахуыр- ,3- «Фидиуæг». №3 , 33
дзаутæ йæ ныхæстæй æрдæг дæр нæ бамбæрстой. Цæмæй йæ ныхас дзаджджындæр рауадаид, уый тыххæй арæх кодта цавæрдæр Ушин- ский, Макаренко, Гогебашвили æмæ æндæрты кæйттæ. Сывæллæттæ сын, кæй зæгъын æй хъæуы, ницы зыдтой æмæ-иу сæ улæфт ныуурæд- той. Кæд ын, зæгъгæ, йæ ныхæстæй исты бамбариккам, уый тыххæй-иу сæ улæфт ныуурæдтой æмæ-иу сæ рустæ фырулæфын мондагæй фæцæй- рæдывтой. Кæд-иу рæстæгæй-рæстæгмæ Къостайы кой скодта, уæдта- иу уыдон дæр сулæфыдысты, мæгуыр. Уый зыдтой æмæ-иу уыцы дзæ- бæх сулæфыдысты. Æмæ Бадзейы тыххæй иу замманайы урок ихы бынты адымдта. Æнæхъæн .урок. Зылынфындз Бадзейы тыххæй. Йæ «шабашник» фыды райстбавæрд хъæбулы тыххæй. Бадзейы «шабашник» фыд Бидзина хуыйны. Цы дзæбæх ном ыл ис. Уас йæ сывæрæг йæ дæндæгтæй сæкæры къæрттытæ фæхæра, ахæм дзæбæх ирон нæмтты дæлдзиныгæй уæлдзиныгмæ чи исы... Æмæ Би- дзина уыцы номы аккаг нæу, æнхъæлут? Мæ хур акæн! Иугæр йæ Би- дзина номы бынатмæ «шабашник» ном хæддзуйæ быры, уæд Бидзина лæг нал у, кæнæ никуы уыдис хорз лæг? Ноджы ма иу хатт мæ хур акæн! Саджы фисынтыл амад кæй фæхонынц, ахæм лæппу-лæг. Рæхс- нæг, саулагъз, уæнгвидар æмæ куыстуарзаг. Йе ’мбæлттæй йын, дæ цæст сау у, зæгъгæ, зæгъын никуы никæй цæст бауарзтаид. Скъола каст фæцис Бидзина (лæг хъуамæ раст зæгъа, ахуырмæ иттæг рæвдз нæ уыд, фæлæ æнæзивæг æмæ цæрдæг, æмгæрттæ, æм- бæлтты уарзаг кæй уыд, уый тыххæй нымад уыд ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзау фæсивæды ’хсæн), уæд бацыд телэмалгæнæн заводмæ. Ахуыргæнинаджы бынаты дзы дыууæ мæйы дæр æххæст нæ фæцис. Иæ ахуыргæнæг æй «ратардта». «Ай мæхицæй хуыздæр арæхсы æмæ нæ чи кæй ахуыр кæны, уый бæрæг нæу, — афтæ загъта цехы хицауæн. Йæ ахуыргæнæг. — Акæнут æй ардыгæй, науæд мæ тæрхмæ мæ цæсгом бакæсын нал хъæцы». Æмæ йæ «ратардта». Ныр Бидзина йæхæдæг ссис кусæг дæр æмæ ахуыргæнæг дæр. Уайтагъд йæ арæхстдзин’ады кой айхъуыст æнæхъæн заводыл, æнæхъæн областы. Газеттæ йыл фыстой уацтæ, репортажтæ, очерктæ. Иæ ныв тазаводы кæрты æвæрд Кады фæйнæгмæ схызт æмæ дзы йæхицæн уыцы дзæбæх бынат æркодта. Фæйнæджы рахис къуымы æппæты сæрæй фæлгæсыд æмæ фæлгæсыд. Уыцы дзæбæхæм фæкаст йæ бынат. Къаммæ. Æмæ дзы дæлæмæ нал хызт. Иæ къах æй дзы нал хаста. Къам ахæм бынат кæм æрцахста, уым Бидзинайæн йæхицæн дæр йæ цæрæнуат фæхуыздæрхъуаг уыд æмæ йын заводы кусджыты ног хæдзары радтой, йæхæдæг йæ арм кæуыл æрæвæрдта, ахæм фатер. Ацы заводы администраци аргъ кæнын зоны. Адæймагмæ цы ’мбæ- лы, ахæм аргъ. Фæлæ Бидзина æнцæнттæй нæ бакуымдта йæ ног фатермæ. Сæри- бар æмбæстагыл нымад уыд нырма. Ие ’ргъомы никæйма сылыстæг æрцыд баст. Æмæ нæ бакуымдта йæ ног фатермæ, — Куыд æм хъуамæ балидзон афтæмæй? Мæ ног фатермæ мæ афтæмæй куыд æрвитут? — заводы бынæткомы сæрдармæ «балæбурд- та» иу дзæбæх бон. Бынæткомы сæрдар æм æрдæгцъынд цæстытæй зулмæ скаст. Ба- рæй. — Куыд æм балидзай, зæгъыс? — сдзырдта йæм уæлæмæ. — Æмæ лидзгæ цæмæн кæныс? Махмæ лидзджытæ æмæ æндæр хуызы спортс- ментæ куы уаид, уæд-иу ерысты горæты æппæт куыстуæтты фæстæ нæ баззаиккам. Æмæ дæ ныр чи лидзын кæны? Спортсмен нæ дæ æмæ дæ цы лидзинаг ис? Æнæуый та дæ фæллæйттæ ме ’нæзонгæ не сты. Дæ тухгæ кæттагцъæт сынтæг иу уæхскыл, иннæйыл хуыссæнты тых^ тон.. Дæ къухты цннæ дзаумæттæ райс æмæ дæ фæстæмæ фæкæсын дзд ?4
нал бахъæудзæн. — Йæ аккаг дзуапп ын радта. Заводы бынæткомы сæрдар. Ие ’рбалæбурды аххосаг ын зыдта æмæ уымæн. — Донæн йæ тæнджыты куы бауаис, уый дæ фæнды, нæ? — ныр та йæм Бидзина ныккаст бынмæ. Уый дæр æрдæгцъынд цæстытæй. — Æз ын йæ æрфытæй дæр нæ Тæрсын% Æмбисонд Пацъайы дон у. Куы раивылы, уæд хæхтæ æмæ къæдзæхты бон дæр нал вæййы йæ ныхмæ фæлæууын. Æз та дзы кæд-фæнды дæр æмæ кæм-фæнды дæр уыцы æмраст хызтæн иу былæй иннæмæ. Дæхи хуызæн æнæсæрæн мæ ( ма ’нхъæл. — Æмæ æз цæмæй дæн æнæсæрæн? — нынныхмæ йæм ис Бидзина дæр. — Уæд дын афонмæ исчи йæ чызг-сылыстæг бинонты номыл ратта- ид, — чысыл алæууыд æмæ ма йæм ноджы афтыдта. — Исчи дæ йæ сиахс бакодтаид. — Сиахсгæнджытæ дæр мæ ис. Ис мæ сиахсгæнджытæ, фæлæ мæ чидæртæ хъыг дарынц. Мæ фæндагмæ мын дуртæ тулынц. — Уанцон нæу! — йæ цæстытæ уыцы ирд фæкодта бынæткомы сæрдар. — Дæхи ницымбарæг ма скæн, — ныр сæрдары уæхскыл йæ арм æрæвæрдта Бидзина æмæ йæ фарсмæ æрбадт. — Хъуамæ уыцы ног фа- термæ чындз бахæссæм, чындз. Ды та Пацъайы ивылд доны ралæгæрд- балæгæрд кæныс. Æмæ дæ уæд та аласта, уæд мын мæ артыл дон нæ кæныс? Мæн дæ сæр хъæугæ кæны... — Мæ сæр дæ кæд бадынæн хъæуы, уæддæр — табуафси! — фæ- кодта сæрдар æмæ лæппуйы цæстытæм комкоммæ ныккаст..Иæ фатер- мæ иунæгæй чи нæ куымдта, уыцы зонаг лæппуйы цæстытæм æмæ... ...Бидзина цæмæ бæллыд, раст æй ахæм фатер æмæ цардæмбал фæцис. Сæ дыууæ дæр ыл æмхуызон узæлыдысты, Фатер дæр æмæ цардæмбал дæр. Ууыл бæргæ узæлыдысты, фæлæ кæрæдзийæн цæмæн- дæр адджын нæ фесты. Иæ фатер æмæ йæ цардæмбал. # Æниу фатер цы? Цы йæ бахæрам чындæуа? Ницы хъаугъайаг æй уыд æмæ йæхицæн йæ фатерон бынаты æнцад бадт. Иæ фатерон æгъ- дауыл сæ дыууæйæн дæр æмхуызон лæггад кодта. Ус æмæ лæгæн. Æндæргъуызон цæстæй йæм акаст ус. Фатермæ. Æмæ фыццаг гыццылтæй райдыдта. Мæнæ прозæфысджытæ фыр-' буцæн штрихтæ кæй хонынц, ахæм цыбыр, фæлæуæзгæ дзырдтæй рай- дыдта. Райдыдта æмæ сыл куыдфæстагмæ къæхтæ æмæ къухтæ æф~ тыдта: — Ай циу, ай? — иубон Бидзина куыстæй куы ’рбацыд, уæд ыл къæсæргæрон йæ цæнгтæ стылдта ус. Фыццаг хатт стылдта афтæ йæ цæнгтæ. Уый размæ дæр-иу цыдæртæ бахъуыр-хъуыр кодта, фæлæ сæм лæг йæ хъус æрдардтайд, уый фаг ын никуы скуымдтой. Æмæ ныр фæ- джихау ис лæг. Фæлæ та йæм йæ цайдагъдзинадмæ гæсгæ исдуг йæ хъус не ’рдардта. Æмæ уæд ус ноджы фергомдæр ис:—Нæ фатеры дымгæ уæгъдидонæй къуыззитт ласы æмæ нын уый цы хуызæн цард у? — Цы хабар у? Миййаг фæрссæгты æвгтæ ныцъцъæл сты?—дым- гæ цæмæн хъуамæ къуыззитт кæна сæ фатеры, уый нæ бамбæрста лæг æмæ йæ дисгъуызæй афарста. — Æнæавг цъæл фатеры дæр дымгæйæн парахатæй æркафыны бы- нат куы уа, уæд дзы дзæбæх æркъуыззиттытæ ласдзæн. Мах фатеры та йæхи цæуыл скъуыра, ахæмæй ницы ис æмæ дзы дзæбæх кафæн (бынат æркодта. — Мæнæй афтæ ма цы уыд? — бахудт Бидзина æмæ усы æфцæджы атыхст. Иæ уадулæн ын гæзæмæ пъа дæр акодта. Уый фæстæ йæхи æх- сынмæ хъуамæ ацыдаид, фæлæ йæ ус нал суагъта... Цалынмæ йæ уалдзæджы Уырысмæ кæимæдæрты æхца кусынмæ ,нæ арвыста, уæдмæ йæ нал суагъта. Иæ ус... Бидзина, йæ усы нымадмæ гæсгæ, тынг рæствæндаг фæцис... Бæгуы хорз ус нæ фæцис Бидзинайь!! Æмае йæ фувдаг сæрды 35
фæллойæ сæ фатеры дымгæйы къуыззиттгæнæн бынæттæ куы бацасæс- той, уæд уый фæстæ иу дзæбæх бон ус цæхæраджынтæ скодта. Цæхæра фæсбайдианы байтыдта. Цæмæй йæ лæджы æрцыдмæ ногдзыд цæхæра уа æмæ йын цæхæраджынтæ бахæрын кæна. Æмæ скодта цæхæраджынтæ. Фырбуцæн ма сæ фиуы хъæстæ дæр фæкодта. Афтæ уарзы Бидзина æмæ йын йæ зæрдæ цæуылнæ хъуамæ балхæна? Уадз æмæ йæ фидæнмæ йæ къах рæвдздæр ахæсса. Æмæ йын цæхæраджынты фынджы уæлхъус уыцы дзæбæх феппæ- лыд йæхицæй. Æниу ныхасы мидæг йæхи кой никуы фæхæццæ кодта, фæлæ Бидзинайыл дæр зæрдæйы хъустæ ис. Æппæт ацы хорздзинæд- тæ йыл йæ усы амындæй кæй æрцыдысты, уый бамбæрста æмæ дзы ныббуц ис. Цалдæр хатты йын йæ уадулæн пъа дæр акодта. Йæ куыст- дзагъд онг æй нæ хаста, фарлæ-иу сыстад. Зынæй-иу сыстад æмæ-иу ын йæ уадулæн апъа кодта. Бидзина ма заводмæ баздæхинаг уыд. Сæрды кæйдæр уæзæгыл хидкалæн удуæлдай куысты бирæ хæттыты ^аскъуыддзаг кодта афтæ. Хатт-иу кæуынмæ дæр æрцыд. Æмæ-иу сусæгæй фæкуыдта. Чъырæз- мæсты ведра-иу ын хохы уæзæн куы ссис, уæд-иу фæкуыдта æмæ-иу аскъуыддзаг кодта: «Мæ бинонтæ еыдæй куы скъуыйой, уæддæр нал!» Æмæ баздæхинаг уыд заводмæ. Цалдæр хатты йæм æрвитгæ дæр æрбакодтой. Сæ дзæбæх кусæг æмæ хæларзæрдæ адæймагæн йæ рæдыд ныббаринаг уыдысты. Фæлæ та йæ ахæм «рæдыдæй» йæ дзæбæх ус ба- хызта. Ногæй та цæхæраджынтæ скодта. Фиуджын цæхæраджынтæ. Иæ фарсмæ фынгыл æрбадт. Уырдыглæууæг дæр ын уыд æмæ зондамонæг дæр. — Дæхицæн иу дыууæ боны баулæфын цы хæлæг кæныс?.. Цы уын- гæджы бон ныл ис? Цы цух стæм? Иу дыууæ къуырийы бæрц дæлæ денджызы былæрдæм азил. Баулæф. Кæд дæ фæнды, уæд æз дæр ацæу- дзынæн дёмæ. Афтæмæй нын æхца къаддæр бахардз уыдзæн. Хæринаг нæхæдæг араздзыстæм æмæ нæ цас бахъæудзæн? Сывæллон? Уый мæт ма кæн. Мæ мад æй фæуромдо ен. Æдзух кусгæ чи кæны, уыдон дæр махæй хуыздæр нæ цæрынц. Кæд хуыцауы бафæнда, уæд дын’æз маши- нæ дæр балхæндзынæн. Фидæнмæ цы æхца æрхæссай, уыдонæй æз рады балæудзынæн æмæ дын иу дыууæ азмæ машинæ куы нæ балхæнон, уæд ам чызг ма уæд. Стæй-иу дæ рæзты рауайæнт, телтæ æрттиваг ахорæн- æй сæрдыныл йæ бонтæ чи тоны, уыцы хæлиудзыхтæ... Уæдæ! Цы хорз ус фæцис Бидзинайы! Ацу æмæ ма батæхуды кæн ахæм лæгмæ. Бирæ ус та йæ лæгæн цъындатæ дæр никуы балхæны... ...Æмæ Бидзинайæн фæадджын ис æхца. Тынг ын фæадджын ис. Афтæ адджын ын фæцис, æмæ ма уыцы адæй исчи фæхайджын уа, уый йæ æппындæр нал фæнды. Суанг ма йæ иунæг фырт дæр. Æхцайы ад гæзæмæ уæддæр банкъара! Хуыцау дæ фæдзæхст! Ноджы йын чидæр йæ хъусы ахæм хабар бацагъта, зæгъгæ, сывæл- лонæн æхцайæ маргдæр ницы ис. Ох-хо-хо! Куыд тынг æй сафы, мæ зынджы хайыл! —Афтæ ныккодта, æхца сывæллоны сафы, зæгъгæ, йын чи дзырдтау уыцы лæг. Æмæ Бидзина тынг старст. Ноджы ма иухатт ахæм фын.дæр федта цыма йæ сæрды куысты мызд кæд фестад бирæгъ. Дыцджыр хъусджын, хъуынджын бирæгъ. Æмæ дын уыцы хъыунджын бирæгъ Бидзинайы иунæг хъæбулы хурхмæ куы бавналид. Фыды тæккæ цæсты.раз æм куы бавналид. Уымæн, мæгуыр, йæ бон йæ хъæбулæн бах- хуыс кæнын нæ уыд, æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныббогъ ласта. Тынг ныб- богъ ласта. Уыцы богъæй фынæй ус фæтарст. Фесхъиудта сынтæджы æмæ йæ гыццыл хъæбул йæ хъæбысæй зæхмæ, пъолмæ асхъиудта... «:Тагъдæххуыс» ацы хатт æцæг тагъд æххуыс разынд, науæд дæ балгъитæг афтæ. Нал æрчъицыдтаид сывæллон æмæ абон фæндзæм къласц лæппуты иу билеты тыххæй ахæм хъаугъайы сæр нал бахъуьь даид. Стæи сæхи æхцатæ дæр, Ацырухсы фæрцы фæстæдæрмæ нæ аир* вæзтаивдой.;, ’ • 36
Горæты уынгтæй иуы, фысты дзугау, уыцы æмдыгуырæй цыдысты дыууæ чызг æмæ цалдæр лæппуйы. Сæ дарæсы конд, сæ уындæй уыцы халдихтæ уыдысты, æмæ афтæ зынд, цыма цæуы дыууæ æмдымбыл уæ< рæх адæймаджы: иу—къаннæг сылгоймаджы, иннæ та къаннæг нæлгой- маджы хуызы. Стæй цæугæ дæр нæ, фæлæ, цыма, Барсæджы цалхау, сæ мидбынаты зилгæ кодтой, афтæ зынд. Фæстæгтæ-иу тымбылæджы фæрсты размæ æрбауадысты. Разæй-иу алæууыдысты æмæ сæ уæхсчы- ты сæрты кастысты фæстæмæ. Уыдон фæдыл иннæтæ, стæй та иннæтæ æмæ афтæ ивтой кæрæдзи. Сæ цыд, Барсæджы цалхау, зилгæ дæр уы- мæн кодта. Уыцы зилгæйæ сындæг æккуырстысты размæ. Æккуырстысты æмæ цæуылдæр карз быцæу кодтой. Уыцы иурæстæджы дзырдтой æмхуызон, æмæ зын раваарæн уыд сæ быцæуы сæр. Æниу, кæцæй ранкъуыстысты, уый фенæгæн зын базонæн нæ уыдаид сæ хъаугъайы сæр. Фæлæ уыцы уынджы æндæр цæуджытæй алкæмæ уыцы амонд кæм каст. Цæугæ та ракодтой кинойæ. Кинотеатр «Ирыстонæй». Æмæ сæ быцæуы аххосаг уыд, Бадзейы æлхæд (æниу æхцатæ Ацырухсы уыдысты, фæлæ уый сæ дыууæйы йеддæмæ ничи зыдта) билеттæй цы киноныв федтой, уый. Сывæллæтты бардзæй чысыл æддæдæр хицæнæй цыд иу уыдон хуы- зæн къаннæг лæппу. Фæлæ уыдон æнгæс ас æмæ карæй дарддæр ни- цæмæй уыд. Иæ дарæс, йæ фадыбарцмæ гæсгæ йын уыдон æмбал-рахо- нæн дæр нæ, уыд. Фæлæ сæ фæдыл уыцы иугъуызон дæрддзæг æнæив- гæйæ кæй цыд, уый йæ нымыгъта. Æмæ-иу æм сæ фæрстыхизæг бæлц- цæттæй бирæтæ сæ хъус æрдардтой. Иу егъау къæбæда лæппу афтæ дæр бафиппайдта: «Кæс, дæ хорзæхæй! Фысты дзугæн сæ бодз алы- хатт дæр разæй фæцæуы, адонæн та кæд хилы сæ фæстæ!». Бадзе йæм знаджы цæстæй бакаст. Уыцы дзурæгмæ. Фæлæ йын цы йæ бон уыд? Иунæгæй йыл тых нæ фæуыдаид, йе ’мбæлттæй та ныртæк-^ кæ уымæ никæй æвдæлд. Хардзау æм æркаст. Тынг хардзау. Ныр уæд та йе ’мбæлттæй сæ алыварс цæуджыты ныхæстæм хъусыны рæстæг искæмæн фæцис. Уæд та фехъуыста уыцы бодзы хицауы ныхæстæ, уæд ын йæ артыл дон нæ крдта. Иæ артыл ын дон нæ кодта, йæхи зынг ахуысса? Бодз æй чи схуыдта, уымæн. Æнæуый дæр æм сæ дæндæгты къæс-къæс цæуы. Абоны билеттæ æмæ йæм дзы Ацырухсы ныхæсты фæстæ чидæртæ æцæг ды- зæрдыджы цæстæй æрбакæстытæ кодтой. — Адæймаг хъуамæ лыгъд лæгау æмбæхстæй ма цæра йе ’мбæлт- — Адæймаг хъуамæ лыгъд лæгау æмбæхстæй ма цæра йе "’мбæлт- ты ’хсæн, — бауайдзæф ын дзы кодта иу. — Æхца дæм уа, уæд æй де ’мбæлттæй куыд хъуамæ бамбæхсай? — загъта йын æндæр. — Фæлваргæ нæ кодта нырмæ, — йæ фарс фæхæцыд чидæр. — Цыппар азыдæргъæн фæлварæн ма дзы никуы федтон, — йе уæхс- чытæ æнæмбарæджы æлхъывд скодта чидæр. — Фæндзæм азы фыццаг бон ын фидар нылхынцъ кодта йæ къæ- Дзил æмæ уый хорз у уæддæр, — Бигуызæн дæр æм йæ зæрдæ фехсайд- ’та æмæ йæ ныхас баппæрста. Ацы ныхæстæ æрцыдысты кинойы райдианы агъонмæ, залы бадгæ- йæ. Бадзейæн йæ зæрдæйыл лæдæрстысты сабыр къæвдайы аертæхтау. Æмæ йын кинойы фæудмæ дæр нал басур сты. Афтæ йын удæстæй дард- той йæ зæрдæ. Кæмдæр ын æхсызгон уыд, йе ’мбæлттæ йыл кæй фæды- зæрдыг сты, уый. Тынг-иу ныууоммыст кодта, уыцы хъуыддаг æцæг афтæ куы уаид, уымæ. Æцæг сын йæхи æхцайæ куы балхæдтаид билет- тæ æмæ йæ ныр, иннæты хъауджы, Ацырухсы раз дæр куы нæ хъæуид сырх кæнын. Æфсæрмы кæнын. Æмæ уыцы уымæл хъуыдытæ йемæ рахаста кинойæ. Лæппутимæ схæццæ уыдаид, уый бар дæр ын нæ радтой. Стæй семæ дæр цæмæн иу кодтаид? Уыдон киномæ лæмбынæг байхъуыстой. Ис сæм, цæуыл дзу- рой, уый. Бадзе дзы ницы бамбæрста. Афтæмæй куыд бдиу уа семæ? ( 37
Уæд та йæ исчи истæмæй афарстн. Ахæмтæм дæр рæхсынц фæндзæм- къласонтæ. Уый тыххæй йæ чидæр бодз дæр рахуыдта. «Уый ацы æнæхайыры ихсыд хæлафы тыххæй уыд! — аивæй йæ уæрагмæ фæлæбурдта æмæ хæлафы мæсты ивæзт скодта. — Уый мæ æфтауы адæмы цæсты. Мæныл дæр иннæты хуызæн дарæс куы уаид, уæд мæ хатгæ дæр ничи фæкод- таид». Ныр ын æндæр гæнæн нал уыд, æмæ сындæггай йæхи бахæстæг кодта йе ’мбæлттæм. Хъуамæ исчердæм се ’хсæн фæуа, цæмæй æцæгæ- лон цæсты æгæр мауал æфта. Искæй бæсты йыл уадз æмæ йæхиуæттæ худæнт. Æцæг, зилдухгæнæг сывæллæтты ’хсæн фæцис, фæлæ йæм дзы ни- чи йæ хъус æрдардта. Цыма нырмæ дæр се ’хсæн уыдис, ахæм хуыз сын уыд. Фæлæ барæй афтæ сæхи равдыстой, æви сæ æцæг афтæ не ’вдæлд уымæ, уымæн ницы базыдта. Æниу æй хъæугæ дæр ницæмæн кодта. Уы- дон йæ алывæрсты, Барсæджы цалхау, зилдухгæнгæ, цæуынц. Æцæгæ- лон адæмы цæстæй йæ хизынц æмæ йын уый фагæй уæлдай дæр у. Сывæллæттæ кинойы тыххæй сæ хъаугъа нæма фесты, афтæмæй кæд æрбафтыдысты Верæты хæдзары размæ. Сосланы фыды хойы хæдзары" размæ куыд æрбафтыдысты, уый Сослан йæхæдæг дæр нæ фæхатыдта. Уыцырдыгæй дзы никуыма æрбацыд æмæ йæ, æвæццæгæн, уымæн нæ фæхатыдта. Газоныл цы дидингуытæ уыд, уыдоныл Верæ дон кодта’. Сывæллæт- чы хъæлæба йæм дардæй дæр хъуыст, фæлæ, Сослан семæ уыдзæн, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд æмæ сæм йæ хъус не ’рдардта. Ныртæк- кæ ахуыры азы райдайæн. у æмæ уынгты сывæллонæй фылдæр цы ис. Цæмæн сæм хъуамæ æрдардтаид йæ хъус? Сослан Верæйы уынджы куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ цыдæргъуызон схæлбурцъ кодта. Ахæм хæлбурцъ ын йæ цæрæнбонты фыццаг хатт скодта, æмæ цы уыд, уый рæстм’æ нæ рахатыдта, фæлæ йæм æхсызгон хæлбурцъы хуызæн фæкаст æмæ йæ нал баурæдта. Иæ циндзинад нал баурæдта. Балыгъд æм. Верæмæ. Ие ’фцæджы атыхст. Æрмахуыр къæ- былайау, цыдæргъуызоц æхцон ’хъырныдгонд скодта, стæй ацамыдта йе ’мбæлттæм. — Уæртæ уыдон мæ ног æмбæлттæ сты, Верæ. Бакæс ма сæм. Дзæ- бæх лæппутæ не сты? Верæ сæм æцæг бакаст. Сослан йæ ног æмбæлттимæ афтæ тагъд кæй балымæн ис, уый йын æхсызгон уыд (интернатæй зивæгæй кæй цыд Сослан, уый йæ зæрдыл дардта Верæ). Иæ мидбылты бахудт æмæ афтæ зæгъы* — Лæппутæ цæмæн зæгъыс? Уæртæ дзы чызджытæ дæр куы ис. — Уыдон лæппутæй хъæбатырдæр чызджытæ сты, — Ацырухсæй йæ афтæ зæгъын нæ фæндыд. Йæ зæрдæмæ нæ фæцыд фыццаг фендæй фæ- стæмæ æмæ дзы афтæ зæгъинаг нæ уыд, фæлæ уыцы дыууæ чызджы сты, æмæ йæ фæхицæн кæна, уый йæ цæст нæ бауарзта. Тæригъæд ын фæкодта æмæ уымæй дæр раппæлыд. Раппæлыд дзы, фæлæ ма иу ны- хас загъта æмæ йын уым бар-æнæбары фæхицæн ис. Зæгъгæ та а-фтæ кодта: — Уæртæ ныллæгдæр чи у, саулагъз, уый мæм абон афтæ барт- хъирæн кодта, искуы, дам, мын ме ’мбæлттæй искæйы куы бахъыгдарай, уæд, дам, дын дæ сæр мæ армы тигъæй афаддзынæн... — Ау, æмæ фыццаг бон искæй бахъыгдардтай? — Верæйæн хъыг уыд ацы ныхас æмæ йæ дисгъуызæй афарста: — Нæ, фæлæ... — Æгонгæй, йæхицæй æппæлыд, æз, дам, интернаты чызджыты над- тон æмæ, дам,мæ уый тыххæй расырдтой, — йæ ныхас ын байста Агуын- дæ æмæ дзургæ-дзурын Верæмæ хæстæг бацыд. — Чи йæ расырдта? — ноджы тынгдæр фæдисйу Верæ! — Уадзгæ дæр мын æй куы чæ кодтой. Тыхæй йæ ракодтон. — Æгонгæй, цæмæй мæ уæхи ма хизат æмæ-иу уыл æрхæуттытæ 38 >-" у
кæнон, уымæн уын афтæ дзуры, фæлæ мæ уæхи хизут, — йæ цæстытæй худы, афтæмæй дзуры Сослан. Фæлæ йæ дзырдтæ ахæм хæлары ад код- той, æмæ йын сывæллæтты йæ цурмæ æрбасайдтой. Иууылдæр Верæ æмæ Сосланы раз æрбатыгуыр сты. Ацырухс ма Верæйæн йæ донпырх- гæнæн дæр айста æмæ дзы дидингуытыл дон райдыдта пырх кæнын. Сæхимæ йын йæ ныййарджытæ ахæм куыст бакæнын никуы бауагътой æмæ йæм æхсызгон фæкаст. Ам дæр та сывæллæтты дзугæн сæ «бодз» авзæрд æмæ иунæгæй лæугæйæ аззад. Верæ йæм исдуг йæ^ хъус не ’рдардта. Уыдон хуызæн кæй нæ уыд,*уый тыххæй сын æй се ’мбал нæ фенхъæлдта æмæ йæм уымæн не ’рдардта йæ хъус. Фæлæ уый куы нæ æмæ куы нæ цыд, уæд афарста Сосланы: — Уæртæ уый дæр сымах æмбал у? — Уæдæ цы у, — фæкодта æмæ бауад Бадземæ. — Абон нæ киномæ уый фæхуыдта. Не ’гасæн дæр билеттæ уый балхæдта. Хорз лæппу у, — барæй дзы раппæлыд. — Хорз лæппу кæй у, уый йыл æнæуый дæр зыны, — загъта Верæ æмæ ма йæ дзырдтæм бафтыдта:'— Кæсут, уый скъолайы фæстæ сæхимæ ацыд. Иæ ахуырдзауы дарæс раивта. Райсом сæ скæндзæн дзæбæх сыгъдæгæй. Уый хæрзæгъдауы нысан у. Ацы ныхæстæм Бадзе афтæ сæфсæрмы ис, æмæ хъуамæ алыгъдаид, фæлæ йæм иуæй аив нæ фæкаст, иннæмæй та йын Сослан йæ цонгыл æгæр фидар хæцыд. Иæхи йæ тыхæй атонын хъуыд æмæ йæ цæсгом нæ бахъæцыд. Ноджы сывæллæттæ (Ацырухсæй дарддæр) Верæйы ныхæс- тыл уыцы зæрдиагæй куы ныххудтысты, уæд йæ зæрдæ фæцæйскъуыд, мæгуыр. — Цæуыл худут? — джихтæгæнгæ, фæрсы сывæллæтты Верæ. — Æцæг цæуыл пыр-пыр кæнут, цымæ! — Иæхи нал баурæдта Ба#- дзе æмæ сæм феххæлд. — Мæнæн дæр куы уаид ахуырдзауы дзаума, уæд сæ æз сымах бæрц не скæнин? Ацы ихсыд хæррæгъы бæсты дзæбæх да- рæс не скæнин? — ногæй та мæсты ивæзт скодта йæ хæлафы ихсыд уæ- раг. Ныр аивæй нал. Æргомæй. Абон фыццаг хатт рахъаст кодта йæ джинс хæлафæй. Нырмæ-иу сæрыстыр кæмæй уыд, уыцы джинс хæлаф- æй. Ныр æм дыккаг хатт смæсты ис. Уыцы иу бон. Æмæ йæ æрдæбон æрмæст ивазгæ скодта. Ныр йæхи нал баурæдта. Ивазгæ дæр æй скод- та æмæ дзы хъаст дæр ракодта. Верæ йын фæтæригъæд кодта. Кæй лæппу у, уый нæ зыдта æмæ йæ цыдæр мæгуыр, цыбыркъух ныййарджыты сывæллон фенхъæлдта. Æниу йæ урс хæдон æмæ йæ замс дзабыртæ мæгуырдзинадыл дзурæг нæ уы- дысты. Стæй бирæтæ сæ джинс хæлæфты агуыридурæй кæй ныхафынц, уый дæр зоны. Фæлæ Бадзе ахæм тæригъæддаг хъæлæсæй дзырдта, æмæ Верæмæ афтæ фæкаст, цыма йын сæ чидæр йæ мæгуыры тыххæй радта. Иудзæвгар уыцы сагъæсгъуызæй алæууыд, стæй Сосланмæ фæзылд. — Сослан, мидæмæ ракæн де ’мбæлтты. Мæнæ кæрты аууоны ба- улæфут. Замманайы рæгъæд кæрдо ис нæ дыргъдоны. Уымæй дæр ба- хæрут. Сывæллæттæ иуцъусдуг аранцай-банцай кодтой, фæлæ сæ Сослан нал ныууагьта æмæ... Æцæг замманайы кæрдо уыд. Карчы рæвдуанау тымбыл, дæргъæл- зæст. Разæй ставддæр, куыд рæбынæрдæм фæлыстæгдæр ис. Иæ хуыз — бурбын, — урс. Рæгъæд кæны хуылфæй. Фыццаг æппытæ ссау вæй- йынц, стæй сæ «низ» ахизы, тыхт кæм сты, уыцы «хæдонмæ.» Уырдыгæй æддæмæ рацæуы æмæ æппæты фæстаг хатт фæтарбын вæййы йæ цъар. Сывæллæттæ кæрдотæ хæрынц зæрдиагæй. мæнæй ма! Дыргъ чи нæ ахæрдзæн уæлдайдæр та уый хуызæн рæгъæд кæрдотæ. Комкоммæ бæласæн йæ уæлæйæ ратонгæйæ. Уас фыццаг хатт афтæ кæцы дыргъ загъта, зæгъгæ, мæнæн дæндæгтæ куы уаид, уæд мæхæдæг дæр нæ фæлæууин мæхи ахæрынмæ, уыцы дыргъыл дыргъхæрæн дæндæгтæ æр- зайа. Куыд дзæбæх æй загъта, йæ арты бындар фæуа. 39
Æмæ хæрынц сывæллæттæ бурбын-урс кæрдотæ. Хæрынц, Худынц. Хынджылæг скъæрынц. Кæрæдзиуыл худæг ныхæстæ мысынцс Хæры Бадзе дæр, фæлæ — чъызгæ. Цыма сæ искæмæй давгæ кæны, уыйау æмбæхст цæстæнгасимæ. Уисæнгæнгæйæ. ,Верæ йæм кæсы æмæ йын йæ зæрдæмæ ныхилы цавæрдæр маст. Æрдæбон ын йæ мæгуырдзи- нады тыххæй фæтæригъæд кодта. Афтæ йæм фæкаст, æмæ цы дæ зæр- ды ис? Лæгæн уыцьг иу фæкастæй цы бамбардзынæ? Миййаг йæ уавæр йæ ныхыл фыст куы нæис. Ныр æм йæ хъус бæстондæр куы æрдардта, уæд фæхатыд, ацы лæппуйæн йæ мæгуырдзинад цыбыркъухы аххос кæй нæу. Æмæ цыбыркъухæн æнцон баххуысгæнæн у. Уæлдайдæр та нæ дуджы, адæм иу бинонты цард куы кæнынц,,уæд. Дæхирдыгæй дæр æмæ йын хицауадырдыгæй дæр радом, цы йæм æмбæлы, ахæм æххуыс. Уый дын де ’ххуысыл æлгъ нæ бакæндзæн. Æмæ хæрзиуæг сараздзы- нæ кæмæндæр, стæй дæхи зæрдæ’йæн дæр. Фæлæ фырхъæздыгæй мæгуыр чи у, уымæн зындæр баххуысгæ- нæн у .Нæ йæм хъары де ’ххуыс. Кæд æй зондæй хаты, уæддæр йæ зæр- дæ нæ тасы. Ныффæрск вæййы. Цыма дын де ’ххуысыл не ’ввæрсы, йæхи афтчæ фæдары. Æмæ уæддæр цæмæй де ’ххуысы хай кæронмæ ба- кæнай ахæм лæгæн, ,уый тыххæй дæ хъæуы фидар нуæрттæ; стыр бых- сынад. Æмæ Верæ йæ ныфс нæ хæссы, йæ зæрдыл цы æрлæууыд, уый сæ- ргом кæнынмæ. Ахæм хъæздыг-мæгуырдзинадмæ сывæллоны йæ мæ- гуырзонд ныййарджытæ æркæнынц æмæ йыл фæрсырдыгæй зынбанда- вæн вæййы, фæлæ Верæмæ цæмæндæр афтæ кæсы, цыма ацы лæппу æгæр бирæ фæцыд уыцы хъæздыг-мæгуырдзинады фæндагыл. Иæ зæр- дæ дзы фæхаудта æмæ йыл чысыл фæхæц æндæрæрдæм, уæд æнцонæй фæиртæсид уыцы фæндагæй. Æмæ иугæр хъуыддаг уымæ æрцыд, уæд бафæлвæрдта Верæ. — Бадзе, цы дзæбæх лæппу дæ, кæй дæ, уый дæ хурæй бафсæда, фæлæ дыл ацы дарæс нæ фидауынц. Иннæтыл дæр ахæмтæ куы уаид, уæд та дыл куыд нæ фидауиккой? Дæ хæрзконд уæнгтыл цы не сфи- даудзæн, фæлæ дæ ацы дарæс де ’мбæлттæй . иппæрд кæны. Нæ дæ фæнды, алцæмæй дæр де ’мбæлтты халдих куы уаис, уый? — хæстæг æм бацыд æмæ йын йæ сæр лæгъзытæ кæны. Бадзе, йæ дзыхмæ кæй фæцæйхаста, уыцы кæрдо фæстæмæ æруагъта., Уый суанг далæ уæра- джы сæрмæ ныххæццæ. Лæппу æруагъта йæ сæр дæр. Уыцы æрхæндæг хъæлæсæй бынозæй сдзырдта: ’ —Ахуырдзауы дарæс мын нæй, æндæра мæ куыд нæ фæнды? — Уый зын хъуыддаг нæу, — барæй йæ къух ауыгъта Верæ. — Мæнæ Сосланæн дыууæйы фæлыст ис. Дзыхъхъынногтæ. Æмыйæстæ стут æмæ дын, куыд хъæуы, афтæ уыдзысты. Фен сæ дæ уæлæ. Кæд дыл фидауой, уæд. — Уыдон Сосланæн йæхи хъæуынц, науæд ын сæ нæ балхæдтаик- ’кат, — Ноджы бындæр æруагъта йæ сæр Бадзе. — Ууыл ма тыхс, Бадзе. Мæнæн уал иуы фæлыст дæр фаг у. Фи- дæнмæ мын уæддæр нал сбæздзысты æмæ сæ цы кæнын? — Верæйы ны- хæстæ æхсызгон уыдысты Сосланæн æмæ* цингæнгæйæ, дзырдта Ба.- дзейæн: — Искæмæй мæ ницы хъæуы. — Цæй, дæхи ма ныттыхлæг кæн, — басхуыстытæ йæ кодта Агуын- дæ. — Дæтгæ дын сæ чи кæны? Дæ уæлæ сæ фен. Мах дæр дæ иу хатт ахуырдзауы хуызæнæй фенæм. Стæй дыл кæд нæ фидауой, уæд дын дæ агуырийæхафт хæлаф исгæ ничи кæны. — Раст зæгъы, раст, — Агуындæйы фарс фæцис Верæ дæр.—Дæ уæлæ сæ фен... Сослан, акæн æй æмæ сæ фена йæ уæлæ. Æрмæст-иу ардæм уыдон мидæг рацу. Мах дæр дыл сæ фенæм. Бадзе уæддæр дывæнд кодта, фæлæ йын Сослан йæ базыгыл фæ- хæцыд æмæ... Дыууæ лæппуйы цыдысты фæрсæй-фæрстæм. Уыцы æмхуызон. Кæ- , 40
рæдзийы халдихтæ. Бадзейæн ма йæ раздæры фадыбарцæй йæ уæлæ аззадысты йæ дзамс дзабыртæ, фæлæ уыдон дæр ’сæ хуыз цыма аив- той. Ахуырдзауы дарæсы джиппы ауадысты æмæ йын базонæн нал уыд. Бадзейæн. — Æй дæ бындар!.. — Уыц’ы æмхъæлæсæй сцæйхъæр кодтой йе ’мбæлттæ, фæлæ иууылдæр фæуагътой сæ ныхас. Бадзе ныр алцæмæй дæр цыма сæхи халдих уыд, афтæ сæм фæзынд æмæ сæ никæйуал ба- фæндыдуыйиу дзырдæйдæр фелхыскъ кæнын. Алчи дæр дзы хъуыды .кодта цы адджындæр, цы хъармдæр ныхас ын зæгъа, ууыл. Амбырд сты’ йæ алыварс. Уындтытæ йæ кæнынц. Ацырухсæн йæ зæрдæ суын- гæг ис. Цæмæй йын йæ цæстыты уымæл мачи фена уый тыххæй ныг-- гуыбыр кодта Бадземæ. Иæ дарæс ын рæстытæ кæны æмæ сусæгæй кæуы. Диссаг сты ацы фæндзæмкъласонтæ! Къæссавæлдæхт фæуынмæ сæ бирæ ницы хъæуы, æндæра цæуыл кæуы ныр Ацырухс? Миййаг йе ’мхæрæфырт хæсты быдырæй хъайтар лæгæй куы нæ рыздæхт. — Æппындæр сæ мауал ралас, Бадзе, — йæ фæсонтыл ын йæ цонг ауагъта, афтæмæй дзуры Бигуыз. — Сæ хицау дæр афтæ куы зæгъы? — Ахæм хуызы загъта Бадзе ацы ныхæстæ, цыма сын сæ хицауæн лæгъстæ кодта* ныууадз ма мын сæ, о ,зæгъгæ. Æмæ йæ Сослан æмбаргæдæр афтæ бакодта. — Цæй, ахуыры азы фыццаг бон дын мæ лæвар фæуæнт, Бадзе. — Иæ къух ын райста Сослан æмæ йын æй дыууæ армæй нылхъывта.— Уадз æмæ ацы чысыл лæвар не ’ппæты хæлардзинады нысан фæуæд. — Хæлардзинады лæвар æй хуыцау фæкæнæд! — æмхъæлæсæй фæ- хъæр кодтой сывæллæттæ æмæ Бадземæ февнæлдтой. Æппарынц æй хæрдмæ. Верæ сæм иуварсæй кæсы. Иæ мидбылты æхсызгонæй худы æмæ дзуры йæхицæн: * . «Цы дæ, цы, фæндзæм къласы кар? Куы хæстоны кардау дзæн- гæлтæ кæныс, куы та æнхъызт хыссæйау райвæз-байвæз. Рохгæнæн дын ма уæд, фæндзæм къласы кар!» Сывæллæттæ Бадзейы æппарынц æмæ æппарынц хæрдмæ. Алы сæппæрстæн дæр æмхъæлæсæй хъæр кæнынц: — Бат-тыр-бег! Ба-тыр-бег! Ба-тыр-бег! — Нал æмæ нал æфсæдынц ацы ном дзурынæй. Рагæй йæ никуыуал дзырдтой.æмæ дзы нал æфсæ- дынц! Æгайтма сæ бынтон нæ ферох ис. Æгайтма Бадзе фæстæмæ йæ Батырбег ном ссардта! Ацырухс худы æмæ кæуы. Фырцинæй. Ие ’мхæрæфырт фæндзæм къласы тæккæ къæсæрыл йæ ном кæй ссардта, ууыл цин кæны. Афтæ йæм кæсы, цыма ныр уымæн дæр æнцондæр ссарæн уыдзæн, цы йæм æмбæлы, фæндзæмкъласоныл цы æмбæлы, ахæм ном. Бадзе тæрсы æрмæст иу хъуыддагæй. Ацы къæбæдаты къухтæй зæхмæ ма æрирвæзæд æмæ рыджы ма стулæнт йæ ног дарæс æмæ, уал азы фæстæ ногæй кæй ссардта, уыцы ном. Фæлæ фæндзæмкъласонты къухы цы бафта, сæ иумиаг зæрдæ цы айса, уый рыджы стулынмæ нал æруадздзысты. 1982 аз, Цхинвал.
БАХЪАТЫ НУГЗАР НÆ ДИНЫЛ МАКУЫ БАКÆН ХЪ0ДЬ1 Харебаты Леонидæн Мах искуы аныхъхъуырдзæн рæстæг, Уæдмæ мын ма рыппар дæ хъама . Мах раст зæгъынæй куы тæрсæм, Уæд ма рæстдзинад куыд хъуамæ уа! Хъуыддаг кæнын хъæуы æхсарæй, Æрмæст зæххыл цæсгомæхсадæй. Зæгъ ныхасы дæ карз тæрхон, — Куыд дзурой: — Уыд раст æмæ нæ уыди цурон! Мæ рагфыдæлты зæппадз Хъобы... Сæ уазал стджытæ дæр мæхи сты... • Нæ диныл макуы батаен хъоды, — Фæлæ, зæгъ-ма, цы фарн ис хисты? Нæ ног чындз хызы бын æмбæхсæд, Зæгъын: — Нæу уайсадын мæ фæндон! Цы у, куы нæ кæнæм чындзæхсæв, Уæд нæ цæмæн хъæуы нæ фæндыр... Кæмдæр та тугисын... Нæ кæрдтæ, Зæгъгæ, фæцъортт кодтам, фæку мыл Ызнаг куы батона дæ кæртмæ, - Уæд басгуых, Нарты цирхъау!.. Кувын... Нæ хæхтæ урс ысты — куырыхон, — Сæ бынæй зондагур нæ цæуæм, — — Нæ кард нæ фидауы къуымыхæй, Фæлæ тыхгæнджытæй нæ цæрæм!.. ! Фæлтау мæ чысыл хъæу — мæ Лондон, — Мæ къогъодзитимæ дзы ’рцардтæн. Мæ кондæй, ме ’взагæй ирон дæн, Æниу хатиагау дæр арт дæн. Цы у хæлынбыттырæн йе ’ргом, Уæддæр хæлынбыттыр... мыстбазыр... Фæздæг куы нæ суадза мæ ердо, Уæд мæ кæй тыргъы ’ндавы хъазын.
Кæм ис мæ зæронд кæрцæй хъармдæр, — Æмпъызт у?... Уый тыххæй йæ ма ’ппар. Куынæ кæнæм нæ мардыл хъарæг, Уæд-ма цæй ирæттæ стæм?.. Ма ’ппæл! Мæ рагфыдæлты зæппадз Хъобы... . Сæ уазал стджытæ дæр мæхи сты... Нæ диныл макуы’ бакæн хъоды, — Фæлæ, зæгъ ма, цы фарн ис хисты? 1982. ЦЫ ЧЫНДÆУА?.. Мæ хо Нинæйæн Кæддæр гыццийы царвцæгъдæн куы асаст, Уæдæй фæстæмæ нал æрцыд цæрвисæн. Нæ къуымæй мыл æххормаг гæды уасы, — Нæ сусæгхор та ’рымысыди мисын... Нæ уæлкъæсæр нæ иухатты зæрватыкк Ысахстон кодта... Кæс, мæ хо, йæ нысан — йæ дæллагхъуыр йæ урс пакъуы — йæ фатæг, Æзнонæй нырмæ зарæджы дæу мысы. Парахатæй нæ дуар байгом... Хъугæн Нывæрдтон цæхх, — Мыды къæртайау а-зæхх. Нæ уалдзæг сонт*.. Цъæх адардта нæ хъугом... Цæвæджджын агур ацæудзыстæм, ма зæгъ. Нæу сусæггаг, -æнгуырдары нæ фæзмын, Мæ зæронд хызы фурд’ астæумæ не ’хсын. Фæлæ мæм хъус: Фыды хæдзар — нæ хæзна, Цы айнæг хæхтæ балæудзысты не ’хсæн. Цымдзæхтонæй мæ бæлгæ монц ныссастон, Æмæ, кæсыс, хуыздæр амонд нæ курын... Мæ цæсты раз мæ фыды фæлгонц растад, — О, растад... Уый мæ сахуыр кæндзæн кувын. Нæ бон рæсугъд... Мæ рис ма дын цы ’мбæхсон, Цæрынц мæ уды хо æмæ æзнаг дæр. Дæ чызг куы кæна ’нæ фæндыр чындзæхсæв... Æмæ дæ мой куы амæла æвзонгæй — Лæууы зæххыл дæ карз хъысмæт нысанæй, Тыгъдбыдыры сывылдз бæласы хусау. Ысфæлыста æгомыг ингæн сауæй, Ды та, мæ хо, хъызт зымæгау, ысурс-дæ. Цы чындæуа?.. Цъындымбæхстытæй хъазæм, Лæг комæй кургæ изæрмæ куы кæса... Кæм дæ, æнæзынгæ стъалы разын, Кæм дæ?.. Фæлæ ныгуылдæн нæй ыскæсæн. 1982.
ЦАРДЫ РАЙДИАН Æрыздæх, уалдзæгау, фæстæмæ, Рæубазыр цардырайдиан, кæм дæ... Æз хатын, иухаттæй фæстæмæ Цæгъдыс зæринзæл рог уадындз кæмдрер. Кæмдæр... Нæ фыдæлты дзуæрттæ — Ныфсы гæнæхтæ, не сивтой сæ хуыз. Дунейы уазæгдоны дуæрттæ Æнæуыдон нæ байгом кæнын æз... Æзнæт æхсæрдзæны нымд зæлтæ, • Нæ хæхты фарн æмæ нывгонд æгъдау. Æвзист ыстъалыджын изæртæн Фæуынæн æз цæмæн кодтон æвгъау. Æмзиу—зæрдæхæлар æмбæлттæ, Æнæнхъæлæджы сагъæс... Æмæ цин, Дæуыл сæуæхсидимæ ’мбæлттæн, — Уыдис нын иу нывондаг æмæ дин. Зынг хурау, де ’фсургъ ’мæ æрцардта, Мæ уды удхар... Уый мæ бæллиц уыд. Мыдыбындзы фæсуарц æрцардтæн — - Мæ цæнгты хиды агуырдтон æз мыд. Фæлтæрд цуанонау æхстон мæ Мæ хъысмæт мæм зæххыл рæдау дæр касг. Æлгъыст хæлуарæджы ахстонмæ Мæ фат нысан — æркъæппæввонгæй раст. > Мæнæн йæ дæндагæй цырæгътæ Нæ сыгъта ’рвад... Нæй комæй кургæ цард. Æзнæт уæларвы сонт гæрæхтæ Быхстон æмæ нæ бамынæг мæ арт. Кæмдæр... Ивгъуыд азты дзуæрттæ — Ныфсы гæнæхтæ — не сивта сæ хуыз Нæ рухсдæр уазæгдошы дуæрттæ Æнæуыдон нæ байгом кæнын æз. Дзæнхъасис урс агъуыст хæдзæрттæм Нæ бæллын... Нæу мæ хæзна уæрст... Мæ царды райдиан кæм цардтæн, Дунейы бæрзæнд уырдæм зыны ’рмæст. I 1982. НУÆРСТ АРТ... Дæ сурæт мæ æрæппæрста мæ зонгуытыл, Цыма зыны дæ сур цæссыгтыл м’ аууон. Зæронд хъæдгом фæцагайыныл сомыгонд Бæргæ уыдтæн, Фæлæ сæттын, цы ма уон!.. Цъæх уæлвæзы, уæларвы ’рттывды иу фæрухс, Куы нæ рæвдауа дидины нымд хур’ау.
Хатт ахады цæрæнбонты бæрц иунæг уысм, Хъысмæтæй уыцы иунæг сахат курын. Дæ сурæт мæм æвæд миты æрбахызти, Уысмы бæрц мæм, сæуæхсидау, æрбазынд. Уый дард рагбонтæй мигъты скъуыдты ракасти, — Æрхаста мæм æвзонгады нуазæн. Æмæ лæууы къæмдзæстыгæй, æвзонгдæрæй — Æмæ лæууы хъысмæты раз тæрхоны. Æваст æрхаудтæн, фатдзæфау, мæ зонгуытыл, Æгомыг уаты уайсадгæ æрхуымы... Ныуæрст артæн кæдæм ысхъиуы *йе стъæлфæн... Кæд уалдзæг судзгæ зынджыты змæнты. Мæ сонт æхсæрдзæн тарф фынæйæ фестъæлфыд Æмæ мæ риуы абухы ызнæтæй. 1982. ÆХСÆВ У Æхсæв у. Мæй хæхтæм ысхызти, Æхсæв у. Æрфынæй ис алцы. Æхсæв у. Хъæу ’рынцад йæ куыстæй, Æхсæв у. Цы мæтаГ мæ бацыд? Æхсæв у. Мæ зæрдæйы сагъæс. Æхсæв у. Цард, хорз тæрхон рахæсс. Æхсæв у. Фидыдадмæ сидын. Æхсæв у. Мæ денджыз æхсиды. Æхсæв у. Улæфы мæ бæстæ, — Æхсæв у. Æрттивынц нæ фæзтæ. Æхсæв у. Æз радгæсæй кусын Нæртон зæхх Ирыстоны мусы! ’ 1982. ХЪЫСМÆТ Фестади мын ивгъуыд уалдзæг аргъау, Цас сарæзтон... Цас рацыдтæн... Цæй?!! Адæймаг тæхын куы зонид, маргъау, — Уæд лæджы зæххыл нæ сурид зæй!.. 1982. * * * Уалдзæг дæ æмæ дæ сныв кæнын афтæ , Хæхтыл, иухатт куыд уыдтæ, афтæ. х Тавын мæ къухтæ мæ иухатты артмæ,— Судзын, иухатт куыд сыгътæн, афтæ. 1982,
г ы ц ц и Сабитæн Мæн нæ хъæуы иу уысм дæр Нæ мæ гыцци цард. У гыцци мæ цины сæр, У мæ уды арт. Уый цæстытæй ракæсы Райсом хæхтыл рухс. Уымæн никуы ахуыссы Уый æнус-æнус. Уый — мæ уарзон малусæг, Ме ’хсæрдзæны хъазт. Никуы, никуы басусæг Ацы судзгæ уарзт. Уый мæ сæрд, мæ зымæг у, Хъус, мæ зæрдæ, хъус: Иугæр уый фæтызмæги, Хъахъхъæн уæд дæ хъус. Аппардзæн дæ тæрхъусæн, — Гæды, мыстæн... Ку! Тухдзæн дæ йæ хъæбысы, — Ахæм гыцци у. Уый — мæ сæууон хуры тъш, -Уый — мæ фарн, мæ ис. Афтæ ’нхъæлын дунетыл Иунæг гыцци ис! БАЗОН, ЧИ У! Тар ын рухс у, Рухс ын тар. Сау ын урс у, Урс ?.. Уæд та... Барæй хæссы Хурмæ фау — Хур йæ хæсы... . ; Раст у?.. Ау!.. ...Цард ын къахыр: — Сых цы сты!.. Загъд фæкъахы — Домы сгуы. Зæрдæ их у, — Их йæ риу. Даст йæ рихи... Намыс циу?! Скъуыйы хинæй, Тухы фиу... Нæу уый хилæг... Базон чи у?! I 1982.
СУСÆГ КАТАЙ Дæ цæстытæ, мыдадзын цырагъау, судзынц, Сæ рухсмæ æз æхсæвы тары цæуын. Мæ зæрдæйы туг, æхсæрдзæнау, рæмудзы, Ды зарыс: — Æнцон у а-зæххыл цæрын! 1982. . МÆ ЦАРД Сыссадтон хæрагдурыл мæ кард, — Уый мæ балцы никуы зайы рохы. Мæн хъæуы, ифтыгъд фатау, мæ цард А-зæххыл хæрамы ныхмæ тохы. 1982. ! ÆФТАУЦДОНГÆС Бонизæрмæ æмбырды фæбадт, Стæй æрфарста: — Боны фæтк цы уыд?! Кодта ’мдзæгъд... Йæ буц хистæрмæ каст... — Раст у, — сидти — хистæр загъта раст! Афтæмæй фæни нæ рувас Æфтауцдон хаст. ÆМБÆХСТ ХÆЗНА Разын, æмбæхст хæзна, ме ’рттиваг хъæндилау, Разын, мæ хæсы æнæбаст куырис дæ... Басæтт хæрамы йæ хинтæ, йæ хъæнтимæ, Намысæн байсаф йæ катай, йæ ристæ. Хæхты бæрзæндæй бæрзонддæр куыд разына — Дзыллæты царды дæ фарны ном хорзæй. Н’ алы хæдзар дæ цы равзара уарзонæн, Кусæджы мусы цы рауадзай хор зæй. Райгуыр, æнæфыст æмдзæвгæ, цъæх къалиуыл, Басгуых, мыдыбындзау, уалдзыгон зиуы. Хохаг суадон дæ, абузыс къардиуыл, — Къæй бын æмбæхсыс, дæ агурæг зилын. Разын, æмбæхст хæзна, ме ’рттиваг хъæндилау, Разын, мæ хæсы æнæбаст куырис дæ... Басæтт хæрамы йæ хинтæ, йæ хъæнтимæ, Намысæн байсаф йæ катай, йæ ристæ. ...Ратон мæ зæрдæйæ, раскъуый мæ игæрæй, Райгуыр мæ уды æгъатыр хæлбурцъы. Стæй уæд куы рамæлон, стæй уæд мæ.ингæныл Баззай дзæнхъа дурау, миназты, буцæй. .Я-Ч-1 и ШИ’
ГАГЛОИТЫ ВЛАДИМИР ДЫУУÆ РАДЗЫРДЫ 1. Румины чыздэ/сытæ — бирæ Фыдыбæстæйон хæсты азты нæ хъæуы уæлмæрды фæзындысты тулдзы лыггæгтæй дзуарæвæрд цыртытимæ æнахуыр ингæнтæ. Уыцы ингæнты ныгæд ничи уыд. Кæмæн сæ скодтой, уыдон кæмдæр хæсты бы- дыры баззадысты. Сæ хицæуттæ сын хъæубæсты иумæйаг уæлмæрды сæ сыджыты хæйттæ рахицæн кодтой. Уæлмæрды фъщцаг афтид ингæн фæзындис мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм азы, фæззæджы. Уыцы ингæн та уыд Дзанæгаты Габейы ингæн. Æнахуыр уарзт кодтой хъæубæстæ сæ зынг^уыст салдаты. Иæ сыджыты хай йын уæлмæрды куы хицæн кодтой, уæд æвирхъау фыдо- хы бон уыд æгас хъæубæстæн. Æрцыдысты уæлмæрдмæ стырæй, чы- сылæй, фæмаст кодтой, фæрыстысты уд æмæ зæрдæйæ* Дзырдтой, Га- бе йæ фæстæ йæ хъæубæстæн мысынæн кæй ныууагъта, уыцы хорз ра- кæндтытыл. Æнахуыр удыхъæды хицау уыди Габе. Хъуыды ма кæнын, нæ хъæуы лæппу-фæсивæд-иу арæх фæбыцæу сты зиуы — хосгæрдæнты, гъе та тыллæг æфснайыны рæстæджы. Йæ разæй никæй уагъта, фæлæ йæхицæй никуы раппæлыд, нæ дæр ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой, зæгъгæ, уый быхста. Нæ уарзта, куы-иу дзы æппæлыдысты, цæвитто- нæн-иу æй куы хастой, хъыг æм каст уыцы хабар дæр. Иухатт ын колхозы. иумæйаг æмбырды йæ хорз куысты тыххæй æхцайы преми лæвæрдтой, цырагъы рухсмæ йæм йæ хъæубæсты цæстытæ куы ным- дзаст сты, уæд Габе афтæ ныфсæрм, æмæ йæ ныхыл уазал хиды æр- тæхтæ ферттывтой. Цыдæргъуызон йæ мидбынаты арафт-бафт кодта, нæ баурæдта йæ хъæубæсты цæстæнгас æмæ æмбырдæй ралыгъд. Нæ бакуымдта йæ преми. Фæхæрам колхозы сæрдармæ. Нæ уарзта, иннæты хъауджыдæр ын йæ куыстбонтæм фылдæр хой- раг æмæ æхца куы лæвæрдтой, уый дæр. «Адæмы уæлдай мæ иу боны цард дæр нæ хъæуы», — зæгъгæ. Дзырдтой йын, цы йæм æмбæлы, уый йæ куыстфæллои кæй у, иннæтæй тыхджындæр æмæ зæрдиагдæрæй кæй кусы. Фæлæ, марадз зæгъ, ницы йæм хъардта, нæ дæр æй фæнд- гæ кодта, бамбæрстаид, — афтæ кæй æмбæлы. Дзырдта-иу: «Æмæ ин- нæтæ мæнæй æдыхдæр кæй сты, уымæй мæгуырдæр не сты? Ноджы ма къаддæр исой». Куыстмæ рацу дæр ын никуы ничи дзырдта. Уый дæр æм хъыг касти. «Ау, мæхиуыл дæр сæр æмæ хъустæ ис, стæй цæстытæ. Уынын, хъусын, кусын кæй хъæуы, ды ма мын æй цы дзурыс» — уыдис-иу йæ дзуапп. Куысты та йæ тыхыл никуы бацуæрста. Хатт-иу ахæм куыстытæ бакодта æмæ-иу сæ колхозы бригадир нæ базыдта, Ничи-иу ын загъта, никæмæндæр-иу, цы бакуыста, ууыл басаст, 48
Хъæубæстæй никуы ничи хъуыды кæны сывæллонæй суанг зæронд лæ- джы онг, искуы искæимæ фæхыл, искæмæ æнæуагдзыхæй сдзырдта, кæ- нæ йæ бафхæрдта. Тынг мадзура лæг уыд. Хæснагæй дзы иу ныхас нæ рантыстаид. Искуы-иу æй исчи куы фарста, уæд-иу ын дыккаг бонмæ дзуапп нæ радтаид. Иухатт æм нæ хъæуккаг Уасил уæрдон курынмæ æрбацыд, мæ хо- сы мæкъултæ æрдавон, зæгъгæ. Лæг æм дзæвгар фенхъæлмæ каст æмæ йын Габе дзуапп куы нæ радта, уæд мæстыйæ афардæг сæхимæ. Дыккаг бон æм Габе сæумæцъæхæй бацыд, Уасилы райхъал кодта æмæ йын афтæ: — Рацу æмæ уæрдон ралас... мæхæдæг дæр дæм фæкæсдзынæн... — Бузныг, нал мæ хъæуы... уæлæ Зæгъойты Уанкъайы уæрдонæй мæ куыст бакодтон, — загъта йын Уасил. — Ау, æмæ ма уæдæ мæнмæ цæмæн æрбацыдтæ? — фæхъыг Габе. — Æви Уанкъайы уæрдон калакаг фаэтон у æмæ æнæхъинцъæй тулы? Стæй мæуонæй Уанкъайы уæрдон цæмæй хуыздæр у? — Хуыздæр нæу, Габе, фæлæ дын æз дæ дзуаппмæ куы æнхъæлмæ кастаин, уæд мæ хостæ æнæласт баззадаиккой æмæ дысоны къæвдамæ фесæфтаиккой, — бамбарын кодта Уасил. Нæ бамбæрста, нæ дæр æм бахъардта Уасилы ныхас. Фæхъыг, йæ уæрдоныл ын кæй нæ баввæрсыд æмæ Уанкъайы уæрдон кæй ракуырд- та, уымæй. Афтæ рауад йæ ускуырды хабар дæр. Уæлвæзы хъæуы цард Габейæн йæхи хуызæн æмбисонды кусаг æмæ сæрæн чызг, Кати, зæгъгæ. Чыз- джы бинонтæ дæр æмæ лæппуйы бинонтæ дæр Габе æмæ Кати, сæ цард баиу кодтаиккой, уый ныхмæ нæ уыдысты. Æркой кодтой Габейæн иу хатт... иннæ хатт... Æппынæрæджиау загъта: «Ахъуыды кæнон», зæгъ- гæ. Иухатт йæ фæндаг ракодта Уæлвæзы хъæуы фермæйыл. Кати фер- мæйы хъугдуцæгæй куыста. Габе йæм æддæмæ расидт æмæ йын сусæ- гæй афтæ: - * — Кати, уæллæй, рахъуыды-бахъуыды фæкодтон, алы ’рдæм дæр фæбарстон æмæ нæ цыма хуыцау кæрæдзийæн схай /кодта, афтæ мæм кæсы. Гъе, æмæ, цæй, нæ цард нывыл баиу кæнæм.' — Бахатыр кæн, Габе, фæлæ цалынмæ ды рабар-бабар кодтай, уæд- мæ мæ цард æндæр кæйдæримæ баиу. Æмæ уыныс, уæртæ мæ лæппуйыл ныр æртæ азы сæххæст, — ус бахудæнбыл æмæ ацамыдта, кæрты цы чы- сыл лæппу хъазыд, уымæ. — Ау, уый та куыд? — арвы цæфау фæци Габе. — Æмæ мæм куыд нæ банхъæлмæ кастæ? — Цалынмæ æз дæумæ æнхъæлммæ кастаин æмæ дæуæн дæ дзьь хæй ныхас схаудтаид, — уымæй дæр бæрæг нæ уыди о, æви.нæ,— уæд- мæ мæ сæры хил сурс уыдаид. Фæхъыг та ис Габе æмæ уæдæй фæстæмæ, бынтондæр ус ракурон, зæгъгæ, уый кой нал скодта. Габе цас мадзура уыд, уыйхыгъд зæфцы фыдæй исты куыст сæфы, зæгъгæ, уымæ та — фæдис. Хъауджыдæр ын нæ уыд, йæхи куыстаг æви искæй куыстаг, дзурын ын нæ хъуыд. Нæ дæр куыстаджы хицауы б&* фæрсын кæнæ уымæй бар райсынмæ каст. Иухатт сæ сыхæгты идæдз ус Госкæ, зæгъгæ, тæккæ нартхор рувæн? ты йæ цæгатмæ ацыд, йæ зæронд фыд уæззау рынчын кæй уыд æмæ йæм фæкæсын кæй хъуыд, уый фæдыл. Дыууæ къуырийы бæрц бафæстиат. ’Иæ зæрдæ æхсайдта йæ цæхæрадоны нартхрры хуыммæ. Кæрдæджы бын фесæфти, зæгъгæ. Æниу ма усы йæ фыды мæтæй йæ нартхоры хуым кæм æндæвта. Йæ фыд куы фæсæрæндæр, уæд м$ йæхи раппæрста фæс-. тæмæ, æмæ йæ дисæн кæрон нал уыди, йæ нартхоры хуым йе ’рбацыд- мæ зæрдиагæй бæстонгонд куы ’рбаййæфта, уæд. Фарста чиуыди йрв хæрзгæнæг, фæлæ йын ничи ницы зыдта. Æрмæст хъæубæсты чысыл лæппутæй чидæр Ггбейы Госкæйы цартхорь* хуьщ рувгз§ федта... "Ус 9 4, ^фидиуæг», №3 _ 49
фарста Габейы. Арфæтæ йын кодта, фæлæ, марадз зæгъ, Габе нæ ба- саст, нартхоры хуым уый кæй барывта, ууыл. Гъе, афтæ рауад Габейы æфсадмæ ацыды хабар дæр. Æфсадмæ та йæм хæсты размæ æрсидтысты. Зонгæ дæр æй ничи бакодта, нæ йæ ный- йарджыты, ,нæ хъæубæстæй исчи. Райсом, талынг ма уыд, афтæ сыстад, хызыны фæндаггæгтæ нывæрдта æмæ йæ куыд ничи федтаид, афтæ аф- ардæг. Дыууæ боны фæстæ районæй колхозы сæрдар æрбаздæхт æмæ уый руаджы Габейы ныййарджытæ базыдтой сæ фырты хабар. Габе æфсадмæ куы ацыд, уыцы бонæй фæстæмæ дзы иунæг бæрæг ныхас нал æрыхъуыст. Мин фарастсæдæ æртын фарастæм азы йæ чидæр Финты хæсты федта. Стæй фæстæдæр, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уыцы аз фæззæджы йæ саугæххæтт æрцыди. Фыстой, зæгъгæ, дам, Фыдыбæстæйы сæрыл хъæбатырæй фæмард. Иæ мад æмæ йын йæ фыд хист скодтой æмæ уæд фæзынд хъæубæсты иумæйаг уæлмæрды Га- бейы афтид ингæн. Уый фæстæ, сау халæттау, кæрæдзийы фæдыл тах- тысты хæсты быдырæй Тъæпæн хъæумæ саугæххæттытæ æмæ Габейы афтид ингæны фарсмæ иугай-дыгай згъæлдысты. Раджы фæци хæст. Æрцæуинаг ма чи уыд, уыдон æрæздæхтысты. Чи уæззау цæфтæй, чи уонгхаудæй, кæуыл та иунæг цъæррæмыхст дæр нæ уыди, афтæмæй. Хъæубæсты бæлццæттæн сæ бæрæг фылдæр æгас хæдзæрттæ нал ссардтой, кæмæн йæ саугæххæтт æрцыд, чи та æбæрæг сæфт фæкодта — нæ дæр мæрдты номхыгъды разынд, нæ дæр — уды- гæсты. Уыдонæн та абоны онг дæр уæлмæрды сæ сыджыты хай рахицæн нæма æрцыд. Æмæ мæнæ иубон, арвы нæрдау, хъæубæсты айхъуыст, Габе мæрд- тæй æрæздæхти, зæгъгæ. Хъæубæстæ ныххæррæтт ластой стырæй, чы- сылæй æмæ куыдфæраздæронæй æрцыдысты мæрдтæйдзæуæджы фенын- мæ. Габеты кæрты æрбадтысты æмæ стыр зæрдиагæй æнхъæлмæ кас- тысты Габейы цымыдисаг хабæрттæм. Фæлæ Габе нæ тагъд кодта йæ хабæрттæ дзурыныл. Уынынмæ йæм чи æрцыд, хъæбыстæ æмæ йыл цинтæ чи кодта, уыдонимæ дæр уыцы иугъæдон, хъауджыдæр мын нæу, зæгъгæ, ахæм хуыз æвдыста. — Алæ, цæй, цы мын хъæбыстæ æмæ цинтæ кæнут, цыма уын хуьь цауы уазæг дæн, — фырæфсæрмæй йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыд- та Габе. Бадт кæрты, йæ риу хорзæхтæй нæ зынд. Иæ цæсгомыл—дæр гъæй-дæргъмæ нуæстæ, йæ ныхы царм — сыгъд. Иæ къæмисæнтыл урс халас æрбадти, йæ зачъетыл дæр афтæ.Бæрæг уыд, стыр удхартæ кæй бавзæрста æмæ мæлæтимæ иу æмæ дыууæ хатты ныхæй-ныхмæ кæй нæ фембæлди, уый. Хъæубæсты хистæр зæронд лæг, Мускъел, зæгъгæ, Габейы ныхмæ бадт, æмæ хъæубæстæ сæ цины хай куы фæкодтой сæ тохы бæлццоныл, уæд арæхстгай æрфарста Габейы: — Габе, мæ хур, исты хабæрттæ дзур, уал азы æддæ бæстæты фæ- хаттæ, цæуæнты фæцыдтæ, хæцæнты фæхæцыдтæ æмæ нын исты дæ то- хы хабæрттæй радзур. Зæрæдтæ сæхи æрцæттæ кодтой, мах кæстæртæ дæр хæстæг балæу- уыдыстæм. Ныртæккæ Габе диссæгтæ дзурын райдайдзæни æмæ дзы куыд ницы ауадзæмы тæсæй ныттынг кодтам нæ хъустæ. Фæлæ" Габе ницы сдзырдта. Æз æнхъæл уыдтæн, йæ зын æмæ даргъ уæззау тугхъулон фæндæгтыл бафæллади лæг æмæ йæ нæ фæнды æры- мыса сæ æмæ та йæ зæрдæ фæрисса ногæй. Æниу, нæ хъæубæстæй хæс- тæй.чи æрæздæхт, уыдон-иу куывды уа, æви æндæр искуы бадтысты, куы-иу сын фæци фадат, сæрыстырæй-иу ныхас кæрæдзийы дзыхæй ис- той ~æмæ-иу мы’сыдысты сæ хæстон хабæрттæ. Æгæрæстæмæй мах, са- битæ, бæлвырд-бæрæгæй зыдтам чи сæ кæмыты хæцыди, йæ командир чй\уыди, орден, кæнæ майдан кæм райста, кæм фæцæф, рынчындоны кæц хуыссыд, Зыдтам цы горæттæ æмæ хъæутæ ссæрибар кодтрй, цц 50,
бæстæты уыдысты. Æниу сæм кæд хорзæхтæ Габейы бæрц нæ уыди, уæддæр цымыдисаг уыд уыдонмæ хъусын. Фæлæ Габе, æвæццæгæн, диссæгты диссагдæр хабæрттæ фæдзур- дзæни, уæлдайдæр та Финты хæстæй райдай æмæ суанг Германы хæсты кæронмæ. Берлины сисыны тыххæй йæ риуыл майдан кæй æрттывта, уымæй та бæрæг уыд, йæ тох уым кæй фæци. Æмæ канд хорзæхтæ нæ, Габейы буарыл æнæностæ армы тъæпæны бæрц гæппæл дæр æнæхъæк нал баззад, цæсгомы ностыл куынæуал дзурæм, уæд. Æниу, цыма, уыцы ностæ цæсгом фыдуынд нæ, фæлæ ноджы рæ- сугъддæр æмæ ныфсджындæр кодтой. Æрмæст нæ аивтой цæстытæ. Раз- дæрау æуыцы сабыр æмæ, хъауджыдæр мын нæу, зæгъгæ, иугъæдонæй баззадысты. Æмæ, цыма æппындæр уал азы æддæ бæстæты нæ уыди, нæ дæр тохы.быдыры, нæ дæр цыма, искуыдæм ацыд, æмæ мæнæ ныр хæдзарæй рахызт йæ хъæубæсты размæ, уыйау æдыхст, æнæмæтæй бадт æмæ йæ цæстæнгас йæ алы фарс бадджытыл рахæсс-бахæсс кодта. Зæронд лæг Мускъел æгæр схъыг Габейы дзуапмæ æнхъæлмæ кæ- сынæй æмæ та йæ ногæй афарста: — Дæу куы фæрсæм, лæппу, уæд нын ’дæ хабæрттæй куыд ницы дзу- рыс? — 0, æмæ уын цы радзурон, Мускъел? Хæсты уыдтæн, хæцыдтæн æмæ хæсты та чи нæ уыди. Уыйбæрц диссагæй дзы ницы федтон, сымах- мæ цымыдис чи фæкæса, — æрæджиау ралæмæрста Габе. — Арæби, ау, куыд дзы ницы уыди? Дæ’ буарæй кæрæдзийыл куы ницыуал хæцы. Дæ риу хорзæхтæй — æхгæд. Уæд та кæмыты басгуых- тæ, уыдонæй нын истытæ радзур. — Цæй, уадиссагæй ницы сарæзтон, куы зæгъын. Хæцыдтæн æмæ хæцгæ та чи нæ кодта... Хорзæхтæ дæр лæвæрдтой. — Лæвæрдтой, фæлæ сæ касы къус хæрыны тыххæй нæ лæвæрдтой. Кæмыты сæ райстай, стæй цæй тыххæй? — Уæллæй, Мускъел, раст дын куы зæгъон, ницы хъуыды кæнын, кæм æмæ мын сæ цæй тыххæй лæвæрдтой, уымæн. Иннæты уæлдай æз уадиссагæй ницыгар басгуыхтæн. Æмæ нæ зонын, нæ командиртæ-иу мæн цæмæн равзæрстой. — Уæдæ кæмыты уыдтæ, кæмыты хæцыдтæ, уыдонæй дæ зæрдыл ницыуал лæууы? — Мурдæр ницы, стæй мæ хъæугæ дæр ницæмæн кодтой æмæ сæ мæ зæрдыл бадардтаин? Ацыдтæн, фæхæцыдтæн æмæ æрæздæхтæн, Æр- мæст мæ иу куыдзы дæндаг фыдудæй амардта. Цалынмæ йæ полчы дох- тыр не систа, — хуыссæг нæ федтон. Ногæй та ныхъхъус сты... — Æндæр ма цы?., — Ницы. О, хæдæгай, федтон ма... — Цы?.. — Румины чызджытæ бирæ... саулагъз æмæ рæсугъдтæ... Бауырнæт уæ, ахæмтыл дзы мæ цæст’ æндæр бæстæты не ’рхæцыд. Æмæ сын ць! цæстытæ ис, цы... — Æндæр ницы? — Æмæ уый ницы у, Мускъел? Иудзырдæй, рæсугъддæр чызджы- тæн скæнæн нæй, — Габе ууыл конд фæци йæ тохы цымыдисаг хабæрт-* тæ æмæ сыстад. — Цæй, мæнæн бахатыр кæнут, изæр кæны æмæ мз кред мæ цæвæг рацæгъдин. Райсом куыстмæ цæуын хъæуы... Уæртæ Чъыбалы хуымыл мæ фæндаг ракодтон... æгæр фæкæрдиппæрд... тæригъæд у,—• къæдз лæдзæджы æнцæйтты уæззау сыстад. Мах не ’ппæт дæр, Габейы дзыхæй диссæгтæ æмæ хæстон сгуыхт^ дзинæдтæ^фехъусынмæ чи æрæмбырд æмæ сæм уæдæй нырмæ афтæ зæрдиагæй чи æнхъæлмæ каст, уыдон ыл, цыма, ихджын дон æрбакалд- æуыд, уыйау фестæм. Зæронд Мускъел иу-дзæвгар æдзынæг^й фæбадт? етæй фæрсæрдæм мæсты ту акодта æмæ зэгъта; " ч V ": ’ 51
— Мæ куыдз дын бахæрæд дæ хойраг. Уал азы ахæм зынтæ æмæ дудгæбæттæ дæ бæрзæйыл бавзар æмæ дзы Румины саулагъз чызджы- ты йеддæмæ дæ зæрдыл мацы бадар... Æниу дзы цы радомдæуа, йæ хæс бафыста, æмæ, куыдæй ацыд, афтæмæй æрæздæхт. Лæг у, — æмæ йæ къæдз лæдзæджы æнцæйтты уæззау сыстад. Апырх стæм мах дæр. Æмæ нæцыма чидæр цыдæр стыр хæрзиуджы- тæй æнæхай фæкодта, уыйау, æнæразыйæ фæцыдыстæм нæ хæдзæрт- тæм. Æрæгмæ бамбæрстон æз Мускъелы ныхас, Габе лæг у, зæгъгæ, цæ- мæн загъта. Æцæгæйдæр, Габе, аннæ иннæтау, йæхицæй æппæлынтыл не схæцыд, хæстмæ кæй ацыд, уый нымадта йæ хæсыл, мæнæ æрвылбон куыстмæ куыд ацæуы, æнæзæрдæхудтæй куыд бакусы æмæ изæры йæ хæдзармæ куыд æрæздæхы, афтæ. Ацыд, цæсгомджынæй. хæцыди, ба- фыста йæ хъæубæсты, йæ Фыдыбæстæйы раз йæ хæс æмæ йæ уæзæгмæ æрæздæхт. Кæмыты хæцыд, стæй йын цæмæн лæвæрдтой хорзæхтæ, уы- донæн та нысаниуæг нæ радта. Нæ дæр сæ’йæ зæрдыл бадардта. Уыдон сæйраг нæ уыдысты, æмæ ферох сты. Сæйраг уыд — фæуæлахиз æмæ цард бахызта мæлæтæй. 2. Мæнæуы хуым - Не ’фсæддон хай уæззау тохтимæ фæстæмæ алæууыд, стæй бар- дзырд райста: цы-фæнды амалæй дæр знаджы размæбырст æруромын, цæмæй нæ дивизийы сæйраг тыхтæн фадат радтæуа цæугæдоны сæрты ахизынæн. Знаджы размæбырстмæ кæуылты æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы рæтты минæтæ нывæрдтам, нæхæдæг дæргъæй-дæргъмæ фæтæн, кæрдинаг мæнæуы хуымы кæрон æрæнцадыстæм, акъоппытæ скъахтам, æрцахстам хъавæн- бынæттæ æмæ æнхъæлмæ кастыстæм знæгты æрба- лæбурдмæ. Уыд августы мæйы дзæгæрæг тæвдбонтæй иу. Хур арвы хъæбысы куыд уæлæмæ тылди, афтæ уæлдæф кодта æнудæй-æнуддæр. Ноджы нæм хуры цæст комкоммæ ныккаст æмæ, цыма, пецы хуылфæй улæфыд, уыйау, сыгъта цæсгом, буар æгасæйдæр. Тыхстыстæм хурмæ, тыхсты- стæм æнæдонæй. Нæ тæккæ размæ айтынг æнæ карст мæнæуы хуым. Цонджыстæв- дæн æфсиртæ ныкъкъæдз сты, хуым раджы фæкæрдиппæрд, æвæгæ- сæгæй сæфы. Уыцы æвирхъаудзинад фенгæйæ, ’мæ зæрдæйы тугтæ ныттагъдыс- ты. Сæфы æвæджиау фæллой, зæхкусæг лæджы стыр фыдæбон, йæ цин, йæ мæт, йæ сагъæсы сæр. Сæфы тыллæг, æмбисонды ставд сырх-сырхид гага мæнæу, адуне- йыл аргъ кæмæн нæй, ахæм алæмæты удыхос. Цы ма уа уымæй тæ- ригъæддæр. -*Ъ ~) Знаг æрбахæстæг хъæумæ, æмæ колхозæн фадат нал фæци йæ хуымтæ бафснайынæн. Æмæ мæнæ дыууæ зынджы æхсæн баззад ку- сæг лæджы хидæртахæй уымæл зæххыл æрзайæг бæркадджын мæнæу. Бадьш æмæ мæ цæстытæ раскъуынын нал комынц мæнæуы хуы- мæй, кæсын æм æмæ, цыма, зæрдæйы æфсæйнаг тæлыйæ æрбалхъыв- дæуыд, уыйау дуды, риссы. Хъавгæ сыстадтæн æмæ бацыдтæн хуымы. Иу æфеир дзы ратыдтон æмæ йæ аууæрстон. Æуыцы ставд сырх мæ- рæуы нæмгуытæй мæ армытъæпæн айдзаг. Æрбадтæн æмæ сæ ныма- #ын райдыдтон. Æртын фондз, цыппор центнерæй гектар нæ фæцух уыдзæн. Гъей, джиди, тæхуды ныр иу цæвæг æмæ ацы мæнæуы хуымы ?æригъæдмæ афтæ мауал кæс! Мæ сагъæстæ мæ ахастой нæхимæ, хох- м^е, нæ крлхозы *уымтæмг Æниу м^м?е та цæй хуымтæ ис, Хуымæц 52
бæзгæ æнæбары зæххЫ гæппæлтæ. Уым дæр хъæбæрХор йедтæмæ ни- цы зайы. Цæвæгæй æгас хъæуы фæсивæдæн æгасæйдæр дыууæ боны карст. Сæрвæттæ нын бирæ ис, уыгæрдæнтæ дæр афтæ. Фæлæ мæнæуы хуымтæ — уый хохаг.лæджы æнусон бæллиц у. Хъуыды ма йæ кæнын, революцийы размæ, уæд ма къаннæг лæп- пу уыдтæн, дыууæ æфсымæры цалдæр хъæбæрхоры æфсиры сæрыл куыд фæхыл сты.Сæ иу иннæйы куыд амардта. Кæнæ Дзестæ æмæ Са- банты мыггаг иу мусы зылдыйас æнæбары зæххы гæппæлы сæрыл кæ- рæдзи куыд ныццагътой. Нæ, нырма мæ нæ ферох сты, цæгатæй хор- хæсгæйæ, хæхты сæрты хизгæйæ, цал æмæ цал фыдбылыз æмæ æна- ’монддзинады æрцыди, уыцы хабæрттæ. Æниу мæхæдæг дæр, цалынмæ нæ хъæуы колхоз нæ сырæзт, уæдмæ бонджынты фосы фæдыл дæлфад, ихсыд бадæн. Никуы ницæмæ батæхуды кодтон, æрмæстдæр иу чысыл зæххы гæппæлмæ. Æмæ мæнæ сæфы тыллæг... Мæ алыфарс акъоппытæй хъыпп-сыпп никæмæй хауы. Æвæццæгæн, уыдон зæрдæты тугтæ дæр тæдзынц ацы ’ кæрдинаг мæнæуы хуыммæ кæсынæй æмæ мæрдон сабыр баисты. Уæды хуызæн æдых, æнæбон мæхи никуыма банкъардтон. Кæсыс тыллæджы сæфтмæ æмæ йын дæ бон баххуыс ницæмæй у. Мæнæ цы- ма адæймагæн йæ ахсджиаг йæ уд исы, æмæ йын дæ бон баххуыскæ- нын ницæмæй у. Æмæ зæрдæ дуды, хъæрзы, риссы, фæдисы хъæр кæ- ны фæйнæрдæм. Сагъæстæ мæ сæ быны скодтой, мæ фæллад мыл æртæфст, ноджы дыууæ боны хуыссæгхъæлдзæг æмæ мæ цæстытæ æрцъынд сты сæхæ- дæг. Æмæ, о, диссаг! Цыма нæ нæ командир растын кодта акъоппытæй. Нæ хæцæнгæрзтæ цæвджытæ фестадысты, уыцы дæргъæй-дæргъмæ фæ- тæн хуымы кæрæдзийы фæдыл ныхситт ластой цæвджытæ æмæ æмвæ- тæнæй рацыдыстæм хуымыл. * Æз, цыма, хуымы кæрон се ’гасы фæстæ æрлæууыдтæн æмæ сæ асырдтон мæ разæй. Цы хъару бацыди ме уæнгты, иунæг хуыцау — йæ дæсны, фæлæ цыма зарыд зæрдæ, зарыд цæвæг, цæнгтæ сæхи ивæзтой дардыл æмæ карст мæнæуы бæзджын уис куырисæй йæ иу фарсыл фæл- дæхти. Мæ разæй чи уыд, уыдоны асырдтон фæстейæ, иугай сæ фæр- сты хизын, æрхæццæ дæн, æппæты разæй чи уыд, уымæ. Уый та нæ командир разынд. Фæбыцæу стæм, ерысæй фæлварæм. Хуым йæ рæ- быныл дасæм. Цыма, ставд æфсиртæй разындысты мæнæуы сырх-сыр- хид гуыбынтæ æмæ, цыма, кæл-кæлæй худынц. Ныр, цыма, мæн æмæ нæ командиры йеддæмæ ничиуал кæрды. Мах та нæ кæрæдзи, къахдзæф нæ уадзæм. Æниу, ахизин йæ иувæр- сты бæргæ, фæлæ æфсæрмы кæнын, куы йыл фæуæлахиз уон, — худи- наг ын уыдзæн уый æппæт салдæтты раз. Æнæнхъæлæджы иууылдæр цыдæр æрбаисты. Нал дæр мæ ко- мандир, нал дæр ме ’мбал салдæттæ. Æз зыбыты иунæгæй баззадтæн æвæджиау фæтæн мæнæуы хуымы. Кæрдын, дæрдтыл æвналын, тын- дзын... фæлæ никуыдæмуал хæццæ кæнын, ницыуал дæр мыц æнтысгæ кæны æмæ мыл, цыма, фæйнæрдыгæй æфсиртæ худынц. Фыццаг сабы- рæй, стæй хъæрдæрæй. Уый фæстæ сæ чыр-чыр æнахуыр уынæр æмæ гуыр-гуыр фестад. Æмæ мын, цыма, исчи мæ фæскъæбут дзæккорæй хойы, уыйау риссы къæбут, сæр, цæстытæ рахауынæввонг сæ къуыр- фытæй ныйисты. Æмæ дын æнæнхъæлæджы фехъал дæн. Аууæрстон мæ цæстытæ. Кæсын æмæ не ууæндын мæхиуыл. Мæ тæккæ акомкоммæ æнæкарст астæумæ мæнæуы хуымыл æрбалæгæрдынц знаджы танкæтæ, сæ фæ- дыл та — фистæг æфсад. Танкæты уынæрæй ризы зæхх, зыр-зыр кæны сæрдыгон дзæгæрæг хурмæ æнуд уæлдæф, æмæ хъæрзы, уынæргъы йæ удисæгау æнæкарст мæнæуы хуым. «Цæмæннæ æхсынц махуæттæ?» — Æваст схæлбурцъ кодта уыцы 53
хъуыды мæ сæры магъзы æмæ дзуапп райсыны æнхъæлцау маё цаестЫ- тæ уысммæ арахæсс-бахæсс кодтон мæ алыварс æмæ уадид мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Акъоппыты змæлæг ничиуал. Дыууæрдæм арауай- бауай кодтон. Цыма зæххы скъуыды аирвæзтысты — ме ’фсæддон хай фæтары. Æниу цæмæй зыдтон, махуæттæ знæгтæм æрбалæбурынмæ чердыгæй æнхъæлмæ • кастысты, сæ развæндаг сын минатæй кæмыты æрæхгæдтой, ууылты нæ, фæлæ æндæр рæтты кæй рафсæрстой, æвæц- цæгæн нын нæ сусæг фæнд развæлгъау базыдтой. Не ’фсæддон хай знаджы ныхмæ фæлæууыдаид, уыйбæрц тых æм нæ уыди, æмæ, æрхъулайы бахауынæй тæрсгæйæ, æвæстиатæй фæстæ- мæ алæууыд æмæ уым æдасдæр ран хъавæн позици бацахста. Фæстæмæ алæууыны тыххæй бардзырд куы уыди, уыцы рæстæджы æз афтæ тарфынæй уыдтæн, æмæ йæ нæ фехъуыстон. Бардзырд æнæн- хъæлæджы кæй уыд, уымæ гæсгæ мæ ме ’мбæлттæй дæр ничи æрхъуы- ды кодта, нæ дæр мæ федтой, мæнæуы хуымы куыд бацыдтæн æмæ уым куыд æрбадтæн, уыцы хабар. Чысыл мемуд куы ’рцыдтæн, уæд ма арафт-бафт кодтон. Фæлæ æгæр æрбахæстæг сты знæгтæ, куыддæр акъоппæй схизон, афтæ мæ кæй фендзысты æмæ мæ кæй æрбагæрах кæндзысты. Армытъæпæныл æвæрдау сæм зындаин. Фæстæмæ алидзын амал мын нал уыд, иунæгæй та — топпы нæмыгæй танкæты ныхмæ цы мæ бон уыд. Фæлæ мæ æга- дæй, бынтон дзæгъæл мард акæной, уый дæр мæ нæ фæндыд. Æмбæр- стон æй, аирвæзыны амал мын нал уыд. Кæнæ мæ амардзысты, кæнæ та мæ æгады уацары акæндзысты. Æниу сæ иуæй ’се ’ннæ æвирхъау- дæр — мæ удæн. Ахæм æвадат уавæры, лæджы цард тæразыл куы æрæвæрдæуы æмæ мæлæтимæ куы фæныхæй-ныхмæ вæййы, уæдыхуызæн никуы скæр- ды адæймаджы хъуыды. Нæ зонын, куыд, фæлæ æнæнхъæлæджы мæ цæстытыл ауади: иухатт Цъæритты хуымты кæрдинаг хъæбæрхорыл арт куыд сирвæзт ’æмæ йын ахуыссын кæнынæн куыд ницыуал фæрæз ардтой, уыцы хабар. Æмæ дын мæнæн дæр æваст мæ сæры ферттывта тæссаг æмæ хин фæнд. Мæнæуы хуымыл арт бандзарон! Уыцы хъуыдыйæ фъщцаг мæхæдæг фæтарстæн. Хойрагыл арт бан- дзарон? Барæй? Ау, æмæ ма уымæй æвирхъаудæр æмæ фыдракæнд- дæр цы уыдзæни! Фæлæ мæлæты раз уæууытæй нал уыд. Æмæ дын айтæ-уыйтæ- нал фæкодтон. Хус æфсиртæ ратыдтон, куырис сæ ацарæзтон, стæй йыл зынг бафтыдтон æмæ йæ акъоппæй-акъопмæ мæнæуы хуымыл æндза- ргæ рахастон. Æвæццæгæн, лæгæн æдзух йæ фыдбылыз йæ фæдыл куыд зилы, афтæ йæ хæрзгæнæг дæр йемæ цæуы. Цыдæр мæ амондæн, цыма барæй уыд, мæ чъылдымы ’рдыгæй дымдта æнахуыр хус дымгæ, æмæ мын, цыма, фæдисон æмбал уыд, уыйау, æз хуымыл арт æндзаргæ куыд ра- цыдтæн, афтæ уыцы тыхдымгæ арты æвзæгты ацахста, ныффу сæ код- та æмæ, æйда мардзæ, мæнæуы хуым кæрæй-кæронмæ æвирхъæу арты пиллон фестад. Хуымы сæрмæ сатæг-сау бæзджын фæздæг ’ æрбадти æмæ мæн уадид йæ аууонæй æрæмбæрзта. Ныр мын фадат фæци фæс- тæмæ ралæуынæн. Фестадтæн æмæ кæм гуыбыр-гуыбыр, кæм та мæ цыппæртыл быргæ, мæхи райстон. Иудзæвгар ауадтæн, афтæ дын хуы- мæй, сатæг сау фæздæджы ’хсæнæй æвирхъау гуыпп фæцыди. Иæ фæ- дыл дыккаг... æртыккаг. Уый фæстæ сæ нал нымадтон. Æниу мæ уы- дон нымайыны мæт нал уыд. Тындзыдтон мæлæты хъæлæсæй тагъддæр аирвæзыныл. Æгæр куы ныффæлладтæн, уæд иу ран, лæнчы, мæ къæхтæ мæ бы- ны фæдыдæгътæ сты. Æмæ уæд акастæн фæстæмæ, æмæ уынын æвир- хъау ныв. Æгъатыр тыхдымгæ арты æвзæгтæ фæдисæй йæ разæй тард- та, хуым æгæрон арты гуылфæн фестад æмæ туг ныууарыди фыдгул знаджы къоппайыл. Хуымы сæрмæ бæзджын сатæг-сау фæздæг суанг 54
арвмæ хъен ныллæууыд æмæ афтæ зындй, цыма бæстыл хъаймæты бон ныккодта. Мæ цымыдис мæ мæ бынатæй нал суагъта, кæсын, агурын, цы фес- ты, мæ уд æрбаскъуыцынмæ чи æрбацæйлæбурдта, уыцы сау кæлмытæ? Никуы зынынц. Æрмæст арты æвзæгтæ зыдæй астæрдтой кæрдинагдус лæнæуы хуымы, æмæ, фæстейæ, æгæрон тыгъд быдырыл сатæг-сау пæлæз тындзгæ, æфсæрстой ныгуылæны ’рдæм. Æрæджиау тыхдымгæ йæ ра- зæй астын кодта, быдыры сæрмæ цы бæзджын сау фæздæг ныббадти, уый æмæ мæм уæд гæзæмæ разынд быдыр. Афтид быгъдæг быдыры амыты-уымыты зындысты æфсæйнæгты рæдзæгъдтæ. Уыдон уыдыс- ты немыцаг танкæтæ, чи басыгъд, уыдон. Арты æхсæн чи бахаудта, уыдонæй æвæццæгæн, аирвæзын никæмæн бантыст. Чи сæ арты басыгъд, чи. артæй аирвæзыны ныфсæй скæсæны ’рдæм йæхи аппæрста. Уым ми- нæджын быдырмæ бахаудысты æмæ сæ мæлæт ссардтой. Сæ фæстæ цы æфсад уыд, уыдон дæр цъыбыртты сыгъд баисты. Афтæ уыцы кæрди- наг мæнæуы хуым, кæй аххосæй æнæкарст баззад, уыдонæн сау ингæн фестад. Æз кастæн хуыммæ æмæ мæ зæрдæйы тугтæ ноджы фæтынгдæр сты. Басыгъд мæнæуы хуым... æвирхъау тугтæригъæд! Фыццаг хатт мæ цæстытæй дыууæ цæссыджы æрлæдæрст. Мæ ар- мытъæпæнæй сæ рустыл асæр-фтон, сабыргай растадтæн æмæ, уæззау зæрдæимæ, æрбацыдтæн ме ’фсæддон хаймæ. Уым мæ командирæн ра- дзырдтон хабар. Изæры мæм нæ ротæйы командир, лæф-лæфгæнгæ, фæзынди: — Бигъайы фырт, рæвдздæр, инæлар дæм йæхимæ сиды, — загъта мын. Цы бамбарын мын æй хъуыд, фыдбылызы ныссагътæн. Ныффынæй дæн, æмæ, дезертирау, фæстейæ баззадтæн. Æнæ маст нæ баззайдзы- нæн. Сæргуыбырæй араст дæн ротæйы командиры фæстæ дивизийы штабмæ. Инæлары раз аххосджынæй æрлæууыдтæн. — Æмбал инæлар, дæ бардзырдмæ гæсгæ фæзындтæн, — ме ’йзаг мæ дзыхы нал арæхст. — Хæстæгдæр-ма рацу, — цыдæр карз уыдис инæлары хъæлæс. Мæ къæхтæ мæ быны здыйы къæрттытæ фестадысты, тых æмæ амæлттæй цалдæр къахдзæфы акодтой размæ. Уый мæм цыдæр æнахуыр каст ныккодта. — Уæдæ уый ды бафынæй дæ æмæ ды баззадтæ фæстейæ? — Æз, æмбал инæлар, — тыхæйты ралæмæрстон. — Æфсæддон уагæвæрд кæй фехæлдтай, уый тыххæй дын иу сут- кæ гауппвахт. — Хъусын дæм, æмбал инæлар... гауппвахт, — афтæ æнцæйтты кæй аирвæзтæн, уымæй мæ зæрдæ барухс. — Бар мын радт ацæуынæн. — Фæлæу!.. Цы ма? Мæ тарст ноджы фæтыйгдæр. — Мæнæуы хуымыл арт ды бандзæрстай? «Гъе, гъе, еныр мæ ныггæрах кодта арв», — ахъуыды кодтонæмæ чъызгæ загътон: — Æз, æмбал инæлар... — Цæмæн? — Куыд цæмæн? Немыцаг танкæтæ... иунæгæй баззадтæн... мæ къухы винтовкæйы йеддæмæ ницы... Бауырнæд дæ, æмбал инæлар, æн- дæр амал нæ уыди... Æмæ æз дæр æрхъуыды кодтон... Хатыр кæд фæ- рæдыдтæн. Æз хуыздæрæн... — Хорз æрхъуыды кодтай, салдат. Молодец! Знаджы размæбырст иунæгæй æрурæдтай æмæ йæ æнæ иунæг гæрахæй басастай. Хæстæгдæр- ма рацу. Æз хæстæгдæр балæууыдтæн. Инæлар мын мæ риуыл хорзæх басагъта. 55
— Уый дын, кæй нæ фæтарстæ æмæ сæрбахъуыды хъ&у&г мадзал кæй райстай, уый тыххæй хæстон «Кады» орден. Æз цыдтæн штабæй фæстæмæ ме ’фсæддон хаймæ. Æмæ уын раст куы зæгъон, хорзæх мын кæй радтой, — нæ мæм бахъардта, на& йыл ба- цин кодтон. Афтæ мæм каст, цыма уадиссаг хъæбатырдзинадæй ницы равдыстон. Мæ бынаты алчи дæр афтæ бакодтаид. Хуымыл арт бан- дзæрстон æмæ уый цас хъæбатырдзинад у. Мæн удхарæй æндæр хабар мардта. Мæнæуы хуым кæй басыгъд æмæ уыйбæрц фæллой гæныстон кæй фæци. Абон дæр мæ нæ рох кæны уыцы хабар.
ДЫУУÆ МАДЫ Æз уарзын Кавказы бæрзæндтæ, Мæ цæстыл фæуайы сæ хуыз. Æз уарзын Кавказы дæлвæзтæ, — Рæсугъд æмæ дидинвæлыст. Фæлгæсын ныр хохæн йæ фахсæй, Æрдæгфынæй кæмттæм кæсын. Цъæх бæлæсты рог дымгæ фасы, Йæ фæлмæн уырзтæ сыл хæссы... Ирыстон, мæ цин у, мæ зарæг, Æйафын дзы мады рæвдыд. Уый хонын мæ фыццаг ныййарæг, Мæ фарн у йæ фæдыл æфтыд. Мæ Иры бæрзонд хæхтау, уарзын Белорусы æгæндæг хъæдтæ. Хæцыдтæн уым тохтæн сæ карзы, Æмæ дзы уæззау цæф фæдæн. Лæгдыхæй куы тох кодтон Минскы,— Ирыстоны сомбон хызтон. Дыууæ ’взагыл тохы хъæр не скъуыд, Дыууæ мады лæггад фыстон. Белоруси мын карз хæсты фæстæ Мæ хъæдгæмтты гасгæнæг уыд. Ирыстонаузонын йæ хæрзтæ, Йæ цинтæ, йæ фæлмæн рæвдыд, ÆВЗОНГАД, Кæм дæ, мæ нæргæ ’взонгад, Мæ фæндиæгты хал. Дæу, сагъæсгæнгæ, мысын, Кæй мæм дæ афтæ дард. Кæд аивгъуыдтай раджы, Мæ цъæх уалдзæг, уæддæр, Мæ мады ’хсырау, уæнгты Кæныс æхцон сæр-сæр. Мæ сæры хил куыд кæны Æмгъуыдæй раздæр урс. Дæу афтæ мысын тынгдæр, Дæ дуг цæмæн уыд цъус?
ЛЕУАХИ Нæ хурдзаст кæмттæн се ’хсæнты Фæдисæй размæ згъоры. Иæ бынты дуртаб фессæндь!, Кæны йæ зарæг хорыл. Йæ зарæг — Иры фарнхæссæг — Кæны æхсæвæй — бонæй Мæнæуы хуымтæн, нартхæрттæн Фысым фæвæййы донæй... Йæ цъæх уылæнтыл хъазыдтæн Æз дæр, æвзонг куы уыдтæн. Иæ мæлгъ æвзаг ын базыдтон, Иæ зарæгæн хъырныдтон. Куы цыдтæн иухат карз хæстмæ, Мæн кодта уый фæндараст. Æрыздæхтæн æм — фарнхæссæг, Зæрдæзæгъгæ мæм ракаст. ныр мын мæ сæнтты Леуахи Мæ Иры хæхтыл зары. Æз мин хъæлæсы йе ’нæхин Æхцон хъæлæс æвзарын! КЪУХТÆ Кæй къух куыстмæ нæ тасыди зæххыл, Уый царды цинтæй никуы уыд æфсæст. Фыдæхимæ æз ахæмæй зæгъын: Нæ цардис уый, бæстыл уыдис æрмæст. Мæ къухтæн та уæд никуы уыд æнцой, Сæ кой хæсты дуг — хотыхтæй хæцын. Сабырады заманы та —фæллой,— Цæвæг уыдаид, гутоныл хæцын. Мæ къухтæ сты уæзæгæвæрд, дæрзæг, Сæ удхæссæг — æгуыдзæг у, æгуыст. Куы нæ уой дугæн цардамондхæссæг,— Сæ хицау-иу бындурзылд уæт, зынгхуыст! Нырма мæ къухтæй рафæлдахин хох, Æфсæйнаг дæр сæ бадон кæнин æз. Нæ мæ кæны мæ цæрæнбонтæм рох Къостайы загъд: «Куыст цардæн у фæрæз»! Уырыссаг æвзагæй сæ раивта Пухаты Алыксандр
ИРОН ДЗЫРДЫ СÆРВÆЛТАУ ^ддд/уХ/^ЧЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛ/ЧЛЛ/^^ ТЕДЕТЫ ГЕРАС, филологон зонæдты кандидат Не ’взадусы сыгъдæгдзипад — пæ сагъæссаг Ирон æвзаджы сыгъдæгдзинады фарст цасдæрбæрцæй баст у, нæ ор- фографи æмæ орфоэпийы (растдзу- рын,) æгъдæуттæ абоны онг зонадон æгъдауæй рæстмæ бакуыстгонд æмæ бæстон æрбинонныггонд кæй нæма æрцыдысты, уыцы хъуыддагимæ. Цал мыхуыры орган нæм ис, уал хуызон фыссæм. Цæгат Иры фыс- сынц æмæ дзурынц: наукæ, писмо, стих, повест, Хуссар Иры — зонад, фыстæг, æмдзæвгæ, уацау. Ахæм хабар, дзырд дæр ыл нæй, фыдуынд кæны не ’взаджы сыгъдæгдзинад. Цæгат æмæ Хуссары иумæ, æмуæхск, æмзæрдæйæ кæй нæ кусæм ацы иу- мæйаг ахсджиаг æмæ зæрдæрисгæ фарстыл, уымæн афтæ у. Цæгат Ир- æн ис йæхи орфографион къамис, Хуссар Ирæн — йæхи хиЦæн къамис. Уыцы иу’хъуыддагæн дыууæ къами- сы! Æвзаг иу æвзаг у, æмæ йын уы- цы æвзагыл дзурджытæ сæхицæй аразынц дыууæ къамисы! Кæй хъуы- ры ныххиздзæн! Не ’взаджы фæдыл абон журнал «Фидиуæджы» редак- ци цы æнæмæнгхъæуæг фарст ра- хаста æруынаффæ кæныны охыл, стæй нæ газеттæ дæр нæ орфогра- фийы æгъдæутты фæдыл цы дзырд æрæфтыдтой, уым дæр иу,æмвæнд. бæстонлыггонд хъуыдымæ æрцæуы- нæн, æвæццæгæн, стыр ахъаз фæ- уаид, Цæгатæй дæр æмæ Хуссарæй Дæр æмбæрц минæвæрттæ кæм уа, ахæм бæрзонд авторитетджын къа- мис саразын. Ахæм къамис лыг кæ- нид не ’взаджы фæдыл цыфæнды быцэеуаг фарст дæр æмæ-иу дзырд- Даг не суаид. Ацы къамис æппынæдзух йæ хъус Дарид нæ мыхуырмæ, не ’взаджы æппæт фарстытæ æмæ домæнтæ ны- Цалынмæ ирон æвзаг йæ бындзæфха- дæй нæ ныхъхъæрза æмæ ныззара, уалын- мæ ирон æмæвæрдтæн дидинæг рафтауæн нæй. Сёкъа. выл лыг кæнынмæ. Аргъуц дзы кæ- никкам. Уый уаид нæ «фæдисон». Науæд хицæн удгоймæгтæ — автор- тæ уæндонæй, бæрндзинад æнæн- къаргæйæ, фæныхылынц не ’взаджы грамматикæйы рагæй фæстæмæ ныф- фидаргонд нормæтæм. Не ’взагæн йæхи мид-закъæттæй чи цæуы. йе ’рдзон удыхъæдæй чи гуыры суанг.ма уыцы миниуджытæм бав- налынмæ дæр бахæссынц сæ ныфс. Афтæмæй нæ фыст æвзаджы сыгъ- дæгдзинады уавæр хъынцъымы, са- гъæсы уавæрмæ æрцыд, нæ дзургæ æвзаджы культурæйыл та бынтон- дæр дзурæн нал ис — æбуалгъы арвистон. Не ’взаджы банысангонд хъуаг- дзинæдтæ зынынц æвзаджы алы фадыджы дæр: грамматикæйы (мор- фологи, синтаксис), семантикæйы, лексикæйы, стилистикæйы. Уыдон уæлдай бæрæгæй разынынц мы- хуыр текстæн уæлæнгай л#нгвисти-~ кон анализ кæнгæйæ дæр. «Уæлæн- гай» анализ уымæн зæгъын æмæ нæ мыхуыры æвзаджы дыркъуым- дзинæдтæ æнæвгъау бирæ ис • æмæ сæ уæлæнгай цæстæй дæр лæг æвиппайды рахаты. Лыстæг, арф ныхъхъуыды кæнын кæуыл хъæуы сæ рафæлгъауынæн, ахæм къуых- цыдзинæдтæ дæр дзы куыннæ ссардæуыдзæн, фæлæ уыдон кæм- дæр тексты «арфы» æмбæхст вæй- йынц æмæ тынг нæ тых кæнынц чи- ныгкæсæджы цæстæн. Нæ мыхуыры цалдæр текстæн, ахæм лингвистикон анализ кæнгæ- йæ, цы хъуагдзинæдтæ æрцахста мæ цæст, уыдон сты алыгъуызон: семантикон, стилистикон, грамма- тикон æ. а. д. 59
1. СЁМАНТИКÆЙЫ ЗЫГЪУЫММÆ КÆНЫН Семантикæ (дзырды нысаниуæг) у æвзаджы тæккæ астæумагъз, ’йæ тæккæ хъаймæттагдæр хай. Æмæ уæдæ уымæ чысыл фæныхылын дæр æвзæрæрдæм зыны æвзаджы иумæйаг хæрзгъæддзинадыл, автор æмæ чиныгкæсæджы кæрæдзи ’æм- барынады хъуыддагыл. Æвзаджы алы дзырдæн дæр ис йæхи сæрма- гонд хъуыды. Уыцы хъуыды, дзырд хицæнæй сисгæйæ, бынтон стæм хатт æрцæуы æргомгонд. Уый рав- дисынæн хъæуы бæрæг-бæлвырд контекст (дзырд йæ алфæмблай цы дзырдтимæ баст вæййы, уыдон иу- уылдæр иумæ схонæм афтæ), ома æрмæст ацы дзырды хъуыды равди- сынæн æнæмæнг чи хъæуы, ахæм контекст. Дзырд ахæм æмбæлон контексты куы æрхауы, уæд йæ ал- фæмблайы дзырдты æххуысæй ирд æмæ æнæкъуыхцыйæ равдисы йæ нысаниуæг. Уæд фæдзурынц, дзырд йæ бынаты æвæрд у, зæгъгæ. Ахæм дзырдæп ис схонæн хорз, тыхджын дзырд. Дзырд цæмæй ахæм хъо- мысджынæй разына тексты, уый тыххæй фыссæг-автор развæл- гъау арф хъуамæ ныхъхъуыды кæ- на алы дзырды нысаниуæгыл дæр, хъуамæ йæ фæрабар-бабар кæна, уырзтæй сгарæгау æй хъуамæ фæ- равзар-бавзар кæна, иудзырдæййæ «семантикон адæнкъарæн» ын йæ- хæдæг развæлгъау хъуамæ рахата, банкъара йæ æмæ йæ стæй бавæра ахæм æмбæлон контексты. Авторы ахæм архайд хуыйны дзырдыл куыст. Ацы куыстмæ рæвдз чи рæх- сы, уый та фæхонынц аив дзырды дæсны. а) Æмæ-ма æркæсæм, нæ поэт- тæй иуы ахæм куысты гъæды фæ- дыл критик куыд дзуры: «Алы дзырды дæр фæрабар-бабар кæны, ссæрфы йын йæ рыг æмæ йæ афтæ- мæй бавæры æмдзæвгæйы» («Фиди- уæг», 1968). Æххæст ыл не ’ууæн- ды лæг. Дзырдтæй «рыгæйдзаг» ни- чи у. Уæлдæр цы контексты кой скодтон, ахæм æмбæлон контексты æрæвæрын куынæ бафæразæм дзыр- ды, «рыг ыл уæд сбады!» Æмæ «ры- джы бынæй» йæ хъуыды рæстмæ нал разыны. Чизоны, критикы фæл- гонцон загъды хуызы фæндыд зæ- гъын, зæгъгæ, дзырдтæн бирæ ныса- 60 ниуджытæ вæййы, поэты дзы фаё- хъæуы æрмæст иу, иннæты аиуварс кæны, «асæрфы сæ рыгау?» Фæлæ иннæ нысаниуджытæ дæр «рыг» не сты. Уыдонæй алчи дæр ахсджиаг у.- Æвæццæгæн, ам ахæм фæлгон- цон абарсты тыххæй «рыг ссæр- фын» нæ, фæлæ æндæр дзырды сæр хъуыд. Иæ морфологон арæзт- мæ гæсгæйæ дæр æнæлаз нæ зыны ацы дзырдбаст. Разæфтуан с-йы руаджы ацы дзырдбаст амоны: «бы- нæй хæрдмæ, тынг сæрфгæйæ, рыг аиуварс кæнын», кæнæ «исты ми- гæнæны (аг, вёдра æ. æнд. а. хуыл- фы) бынæрдыгæй дзыхы ’рдæм, тынг сæрфгæйæ, рыг аиуварс кæ- нын». Ахæм комкоммæ нысаниуæг фæлгонцон" хуызы куыд равдисдзæн «дзырды рыг ссæрфын»-ы хъуыды? Куыд кæсæм, афтæмæй критик йæ- хæдæг рæстмæ уагыл нæ • рафæл- гъуыдта ацы дзырдбасты «семанти- кон адæнкъарынад», фаг æй нæ. банкъардта, нæ йын.ско^та æмбæ- лон контекст æмæ уый аххосæй ра- зындысты æнæбон, фæлурс дзырд- ты хуызæнæй. Ахæм дзырдтæ ма ноджыдæр ис ссарæн нæ мыхуыры: æ) Дзырд цæрдхъом нæу: «Лæг, цыдæр хъомыс кæм вæййы, уым ра- бæрæг вæййы»... («Мах дуг», 1970); ...йæ дадзинтæ, йæ хус фыд сафтид сты». («Фидиуæг», 1978); «Рæсуг суадонæй йедзаг дыууæ гыццыл къусы • фестадысты» (цæстытæ. «Фи- диуæг», 1976); «тыллæджы хъыс- мæт...» («Рæстдзинад», 1982); «йæ цæсгом арвæрдæм акъул». («Мах дуг», 1982); «нæхъусæнтæ æнæхъæ- нæй сымах сты» («Фидиуæг», 1978); «Сæ хъæр, сæ цъист дæр никуы- цæйуал фехъуысдзæн», ...«цыма хур йæ хъæлæсыдзагæй кæсы», «сы- вæллон ихæнæй басыди...» («Мах дуг», 1970), «Хæрз цыбыр — лæ- джы цард, фæтæппалæввонг... Дыу- уæ хатты ничи фæцардис æмбой- ны». («Мах дуг», 1982); «ауыгъд цупалы кæрæттæ фæстинонты фæ- лурс уадултыл узæлыдысты». («Фи- диуæг», 1978); «Мæ рæбынмæ дзы фылдæр бахæссон, ууыл нæ цæуы ныхас». («Мах дуг», 1970); «Лæп- пуйы æргъæвд уæнгтыл аив бадт...» «йæ зæрдæйы чъилыл фыстау кæй хаста...-.» («Фидиуæг», 1977); «Ныг-
гуыбыр кæнин суадоны авджын цæ- хæрмæ». («Фидиуæг», 1968). «Ку- сын райдыдтой сæдæ куыстадон хъаруйæ фылдæр скъолатæ æмæ сывæллæтты кусæндæттæ». («Рæст- дзинад», 1982). Ахæм цæвиттонтæ ноджыдæр фæфылдæргæнæн ис. Фæлæ, уыдон. тексты æвзаджы иумæйаг фидауц æмæ сыгъдæгдзинад куыд фыдуынд, дæлдзиныг кæнынц, уый равдисы-. нæн адон дæр æгъгъæд сты. Бахах- хгонд дзырдтыл цы хъуыдыйы уæз æнцайы, уый, дзырдтæн æмбæлон контексттæ арæзт кæй не ’рцыд, уый аххосæй рауад фæлурс, уæ- лæнгай, æххæст нæ разынд сæ се- мантикон удыхъæд æмæ уæдæ æх- хæст нæ раргом сæ хъуыдыты иу- мæйаг мидис дæр. Фæлæ ацы лаз дзырдты нæ, сæ авторты лаз у. Уы- дон ,ацы дзырдтыл аудгæйæ, зæр- дæрисгæйæ куы бакуыстаиккой, сæ семантикон хъару ирдæй, рæдауæй кæм равдыстаиккой, ахæм контекст- тæ сын куы равзæрстаиккой, уæд ахæм «мæнгæфхæрд» нæ баййæф- таиккой. Æцæгдæр, цы диссаджы дзырд у хъомыс, æмæ æрхæсгæ цæ- виттонты фыццаг хъуыдыйад цы хъуыды æвдисы! «Хус фыд сафтид». Уый циу! Тыххæй сразы кæнæм нæ- хи йæ авторимæ: дзурынц «хус фыд». Фæлæ фыд иугæр хус куы уа, уæд ма афтид та цæмæй хъуа- мæ суа! Суадон ахæсгæ нысаниуæ- джы уырыссаг «источник»-ы хъуы- ды дæр амоны, фæлæ «доны» ныса- ниуæджы дæр æмбæлы? Уый дзыр- дæн тыхæздухæн ми у. «Тыллæ- джы хъысмæт» — Текстмæ гæсгæ- йæ ам дзырд цæуы тыллæгæрзады бæрцыл. Уæдæ ам хъысмæт ницы давы. Тыллæгмæ цы амонд ’кæсы, ома фесæфдзæн, æви бафтдзæн къухы, ууыл куы цыдаид тексты дзырд, уæд хъысмæт сфидыдтаид. «Хъусæнтæ», «фæстинонтæ», æр- гъæвд (уæнгтæ), «цъист» (нæхъуы- сы), «хур хъæлæсыдзагæй кæсы», «ихæнæй» (басыд), (зæрдæйы «чъил») — ацы дзырдты семантикон удыхъæдыл бынтондæр не ’мбæлы Дзурын: афтид, æнæуд дзырдтæ сты ам^ «Фæтæппалæввонг» æмæ «æм- бойны» цы дыууæ поэтикон рæн- хъы æмбæлынц, уым ,сыл цыма уа- рæрæг ницы хъуыдыйы уæз æнца- йы, афтæ мæм кæсы: «хæрз цыбыр — лæджы цард, фæтæппалæввонг», Куыд æй бамбæрстæуа? Ома фæ- мардæввонг? æмæ фæтæппал фæ- марды хъуыды æвдисы? Æмдзæв- гæйы иннæ рæнхъыты (ардæм сæ не ’рхастон) рифмæтæ мæ æфта- уынц иу хъуыдыйыл: «фæтæппал- æввонг» æмæ «æмбойны» æмдзæв- гæмæ, чизоны, хаст æрцыдысты рифмæты æмзæлдкæнынады тых- хæй. Иæ æмбæлон бынаты æвæрд не ’рцыд, æвæццæгæн, дзырд «цæ- хæрмæ» дæр: «ныггуыбыр кæнин суадоны авджын цæхæрмæ». Фæ- лурс, лæмæгъ поэтикон фæлгонц! «Авджын» — æмбæрстгонд у: суа- дон, авгау, рæсугъд, сыгъдæг у. Фæлæ цæхæрæн авджы хуыз нæ вæййы. Нæ цæвиттонтæй æппæты фæста- джы ис ахæм дзырдбæстытæ: «куы- стадон хъару», «сывæллæтты ку- сæндæттæ». Цы сты адон? Цы хъуыды зæгъынмæ сæ хъавы сæ автор, уый лæг рæстмæ нæ ахсы. «Хъару» кæуылты дзырд у, æмæ йыл ам автор куыннæ саудыдта! Рыгъд, дæлдзиныгæй зыны. Сывæл- лæтты кусæндæттæ» — сывæллæт- тæн цæй кусæндæттæ ис! Æвæццæ- гæн, сывæллæттæм кæм кæсынц, уыцы уагдæттæ? Дзырд дæр ыл нæй, ахæм æнæ- цæрдхъом дзырдтæ тексты æвзаджы фидауц æмæ хæрзгъæддзинады иу- мæйаг фæлгонц фыдуынд цы кæ- нынц, уый йеддæмæ йын ахъазы хос не сты. II. Бирæ автортæ та дзырды хъуыды рæстмæ нæ раиртасынц, йæ семантикон нысаныздæхт ын растнæ банкъарынц, нæ йын бафæ- разынц æмбæлон контекст равза- рын, афтæмæй йæ бавæрынц сæ уацмысы тексты. Уæд хъуыды бын- тон схæццæ вæййы, сзыгъуыммæ вæййы автор æмæ чиныгкæсæджы кæрæдзиæмбарыны фарст. Æркæ- сæм ацы дзырдтæм дæр: а). Авторы хорз зæгъьш фæнды — рауайы йын æвзæр. Поэт фыссы: «Афтид армдзй æфснайдтой нæ хæх- ты сæ сæртæ». (Дзырд цæуы алант тыл). «Сæр æфснайын» — уый иди- оматикон дзырдбаст у æмæ амрны æппæрццаг хъуыды: тæсмæл, тæп- пуддзинады хъуыды. Дунейы исто^ Б1
рийы се ’хсар, сæ диссаджы хæст- хъомдзинадæй зындгонд цы алан- тæ сты, уыдонæй афтæ зæгъын сфидаудзæн? Знагимæ тохы ныу- уагътой сæ бæстæ, сæ* уæзгуытæ æмæ тæсæй сæ сæртæ æфснайынмæ фесты! Дзырд дæр ыл нæй, поэты афтæ зæгъын нæ фæндыд, алантæн бауайдзæф кодтаид, зæгъгæ, уый тыххæй миййаг не спайда кодта ацы идиомæйæ, фæлæ йын афтæ ра- уад, дзырдбасты «семантикон ад- æнкъарæн» рæстмæ кæй нæ бан- къардта, уый аххосæй. Ацы поэт æндæр ран, иу авторы сфæлдыста- дон хъаруйы æвæрццаг миниуджы- тыл дзургæйæ, зæгъы: «уыныс... чъынды æмæ бæлвырд деталтæй аразгæ нывтæ». («Фидиуæг», 1978). Чъынды хорз миниуæг нæу. Поэты фæндыд уыцы авторы сфæлдыста- дон курдиатæй раппæлын, зæгъгæ, уымæн иæ поэтикон фæлгонцтæ сты ирд, æлвæст æмæ æнæ уæлдай «де- талтæ», зæгъгæ, æвзаджы æмæ по- этикон фæрæзтæй пайда кæны хи- уылхæцгæ, бæрцыл. Æмæ уыцы æвæджиау уаз хъуыдыйы ацы иу- нæг дзырд —чъынды æгъуыз, фыд- уынд кæны. Кæй зæгъын æй хъæ- уы, поэт дзырдты семантикон нЬ1- саныздæхт рафæлгъауынмæ ахæм уæлæнгай цæстæй куынæ кæсид, дзырдтæн сæхиуыл дæр чысыл зæр- дæрисгæйæ дæр куы аудид, уæд йæ дзырдты нысаниуæг йæхи ныхмæ не слæууыдаид. Æмæ мæ уайдзæф æрмæст ацы поэтмæ хауы ома? Æн- дæр автортæм дæр. Хорз зæгъын сæ фæфæнды æмæ сын рауайы æв- зæр. «Нындæгъд ыл (чызг мадыл) æмæ йын батæ кæны». («Фидиуæг», 1976). Мад æмæ хъæбулы кæрæ- дзийыл цин равдисынæн цыдæр æн- дæр, уæздандæр, иудзырдæй, æвæ- рццаг хъуыдыйæ ифтонг, тыхджын чи уыдаид, ахæм дзырд равзарын хъуыдис. Нындæгъд та æппæрццаг хъуыды æвдисы, стилистикон æгъ- дауæй экспрессивон кæй у (ам), уый аххосæй. (Чызг æмæ. лæппу) «суанг сæ сывæллоны бонтæй фæс- тæмæ фемдзæхтон сты». («Фиди- уæг», 1977). Дзырд цæуы, чызг æмæ лæппу кæрæдзп кæй бауарз- той, ууыл. Æмæ «фемдзæхтон сты» ахæм æвæджиау уæздан хъуыды æвдисы? Æмдзæхтон зæгъа^н ис æппæрццаг архайд æмæ архайджы- тæй. «...Орджоникидзейы цæрджы- ты донæй бафсадыны хъуыддаг...» («Рæстдзинад», 1982). «Афтæмæй йыл хорз наукон кусæджы ном... сбадт». («Мах дуг», 1970), «Йæ пъæззыбадт карæй фæкадаваруæ- вæг уæнгтæ...» («Фидиуæг», 1977, Дзырд цæуы зæронд лæгыл)... «Иæ къæмисæнты туг цæлхъ-цæлхъ код- та». («Мах дуг», 1970). Авторы фæнды зæгъын, йæ хъайтар тынг знæт кæй уыдис, уый). «Нæмыг йæ сæрты заргæ фæсыффытт ласта». («Мах дуг», 1970). Иннæты тыххæй ницыуал дзурын, фæлæ мæ фæстаг цæвиттОны тыххæй фæнды зæгъын. Афтæ зыны, цыма авторы симпати нæмыджы æрдыгæй ис («фæсыф- фытт ласта»), æндæра нæмыг адæ- мæн мæлæтхæссæг у, æмæ йæм уый калмы æхситт, уый тахты уынæр тасæнкъарæны. бæсты, зарæджы фæлмæн мелодиау, æхцон æнкъа- рæн цы хуызы гуырын кæны! б). Дзырд йæ бынаты нæй. Ацы къордмæ цы дзырдтæ хауы, уыдон мидис æппындæр æмбæрстгонд нæ, цæуы, кæнæ та сын автор сæ хъуы- ды, æвæццæгæн, фæлгъауы æндæр- гъуызон, йæхирдыгонау, чизоны зыгъуыммæ: «—Æмæ цы хуызæн гам ныккæнон? — Гам дæхæдæг равзар» («Фидиуæг», 1978). Уац- мысы иумæйаг текстмæ гæсгæ ам дзырд цæуы, æвæццæгæн, худыл. Гам та не ’ппæт дзырдуæтты дæр амындæуы куыд «слой жира», «на- лет». Кæд æй миййаг гамхудимæ хæццæ^кæны автор? Стæнхъыты иу- мæйаг рис! Стæнхъ архаизм у, амо- ны; сæракæйконд кæрддзæм, æмæ уымæн цæй рис хъуамæ уа! «Иæхи ивæзта (лæг) æмæ йе стæуты къæрцц къæрцц хъуыст». («Фидиуæг», 1978). Цы у стæу? Архаикон дзырд у, фæ- лæ нæ дзырдуæтты æппындæр никуы ис. Кæд авторы тæу зæгъын фæндыд? (тæу—хъулæй хъазгæйæ хъулы кæ- цыдæр фарс: хъул тæу абадт, хъул сах абадт). Æмæ уæддæр нæу рэст автор: тæу хъулæй хъазгæйæ ис зæ- гъæн æрмæст, хъул цалынмæ цæрæ- гойы организмы уа, уæдмæ дзы тæу зæгъæн нæй. «Кæмдæр нæм уæла^ дзæйнаг кæлдымтæ ласт уыд». («Фи диуæг») Кæлдым (калд — æмбыд) цæц хъæдæрмæгæн бæз?ы| «;ф?^ 62
хъæуты бахъавгæ ма дзæвгар ба- уад». («Фидиуæг», 1977). «Уæлдай арфдæр æмæ карздæр мадзæлттæ æххæст кæнын хъæуы». («Советон Ирыстон», 1982). Мадзал арф куыд хъуамæ уа! «Кæмдæр æнæдон тар- фы суадонмæ... къахвæндæгтæ ныц- цæуы». («Мах дуг», 1982): «Æвæл- тæрд фиййæутты бæрны аззадысты (фос) æмæ»... («Фидиуæг», 1.977). Бæрны нæ, фæлæ æвджид. Иуæй-иу автортæ та рæстмæ нæ хатынц дзырдтæ æнæхъæн æмæ æгас-ы. æхсæн семантикон хицæндзи- над: «Æнæхъæн Æрыдоны хъуыст- гонду»... («Рæстдзинад, 1982) «Æнæ хъæн адæм»... «Æнæхъæн къуыри æнцад не «рбадти». («Махдуг», 1982 «Æнæхъæнæй дæр дæн дæ бар». («Арфæ», Орджоникидзе). Ам алы •цæвиттоны дæр æнæхъæны бæсты хъуыд æгас. Æнæхъæн хуыздæр фи- дауы исты конкретон дзаумайы гуы- рахстыл куы цæуа дзырд уæд, æгас та абстрактон фæзындтимæ хуыздæр фидауы. Уæргъуынæвæрд фосдзуг»... («Фидиуæг», 1977). Иæ къуымбил уæргъуынæвæрд у, зæгъгæ зæгъæн ис æрмæст уæрыччытæй: уæргъуын — уæр — гъуын — уæрыкк — хъуын.. «...фæфылдæр кæнын афон у тыл- лæджы хъысмæтыл партион... орган- ты бæрндзинад». («Рæстдзинад», 1982) Фæфылдæр—йæ бынаты нæй ацы дзырд дæр. Уый исты конкретон предметы бæрц кæнæ уæзыл куы цæ- уа дзырд, уæд сфидаудзæн. Абстрак- тон фæзындтимæ æдых, æвидыц у. в). Разæфтуантæ, фæсæфтуантæ, авторы дзырдарæзт. Разæфтуантæ æмæ фæсæфтуантæ дзырды иумæ- йаг мидисмæ хæссынц хъуыдыйы бæ- рæг-бæлвырд фæзилæн, æууæл — аразынц дзы (дзырдæй) ног дзырд. Алы разæфтуан нæ комы алы дзырдмæ. Бирæ дзырд æвзаджы æм- бæлы æрмæстдæр : разæфтуанимæ, уымæй дæр иу искæцы хицæн разæф- туанимæ. Бирæ дзырд та разæфтуа- нтæ бафтауын бынтондæр нæ быхсы. Ацы хъуыддæгтæ хауынц дзырдарæз- ты фарстытæм. Автор ацы æгъдæут- тæ нывыл куынæ хынца, уæлæнгай Дæстæй сæм куы кæса, уæд æй цы хъуыды зæгъын фæфæнды, уый нæ Р.арг^м вæййы. «Мидæмæ бахоныныл т бадаудыдта». («Фидиуæг», 1977); (лæг) «дæм раныстуæтта: сом,дам, нæм сидынц». («Фидиуæг», 1977). Мивдисæг аудын фидауы æрмæстдæр дыууæ разæфтуанимæ: с—сау’ дын æмæ фæ — фæаудын. Разæф- туан ба—нæ комы ацы дзырд- мæ. Тыхарæзт дзырды аххосæй æнæхъæн хъуыдыйады мидис ба- стъæлд. Раныстуæттæ — ныстуан номдар у, номдартæй та бынтон стæмтæ быхсынц разæфтуантæ (лæг—с + лæг, а + лæг, кæрдæг, с + кæрдæг), уымæ гæсгæ ацы дзырд, куыд йæ хъуыдымæ гæсгæ, афтæ йæ морфологон арæзт æмæ зæлы- надмæ гæсгæйæ дæр рауад æвидыц, æнæбон. Афтæмæй ныстуан цы дис- саджы дзырд у! «Уыцы бон сæ (дыу- уæ хæлары) бынтон баввахс кодта кæрæдзимæ. («Мах дуг», 1982). Раз- æфтуан баам территориалон хъуы- ды æвдисы, ома сæ бадæнты баввахс кодтой кæрæдзимæ. Тексты та мора- лон — духовон æввахсдзинадыл цæ- уы дзырд. Уыцы хъуыдыйæн та хуы- здæр уыдаид разæфтауæн æр —: æрæввахс сæ кодта, кæнæ с-: сæв- вахс сæ кодта, (чызг) «иудзæвгар хъусæй алæууыд» («Фидиуæг»* 1982). Ацы дзырд ахæм хъуыды æвдисы æрмæстдæр иу разæфтуан- имæ ны- ныхъхъус. «Фосы аргъæй æххæст æмбисæрдæг дæр нæ ра- зынд», («Фидиуæг», 1977). Алыг æппæт астæуккаг ахуыргонддзинад- мæ рахизыны фарста». («Рæстдзи- над», 1982), «Уæлдæр ахуыргонд- дзинад райста». («Мах дуг», 1982). Иу дзырд аразыны тыххæй дыууæ вазыгджын фæсæфтуаны: —гонд, — дзинад! Æркæсæм ма ацы «ног» дзырды хъуыдымæ дæр æмæ йæ морфологон арæзтмæ дæр. Æнæ фæсæфтуан -дзинад, ома æрмæст фыццаг разæфтуан гондимæ: ах- уыргонд амоны «ученый». Фæсыф- туан "дзинад æвдисы абстрактон хъуыды, æмæ йæ уæдæ дзырд ах- уыргонд-мæ («ученый») куы баф- тауай, уæд хъуамæ нысан кæна «ученость». Раивæм ныр нæ цæвит- тон уырыссаг æвзагмæ: «Получил высшую ученость». Автортæ ахуыр- гонддзинад-æй зæгъынмæ хъавынц «образование»-йы хъуыды æмæ уымæн та не ’ппæт дзырдуæтты дæр ис иттæг хдрз дзырд; ахуырад. Цæ- 63
мæннæ цæуы сæ зæрдæмæ фæсæф- туан -ад æмæ уыцы дыууæ «даргъ» фæсæфтуантæй цæмæн æвидыц æмæ дыркъуым кæнынц дзырды, уый бæ- рæг нæй. г/ Аивадон абарстытæ. Зындгонд куыд у, уымæ гæсгæйæ аивадон аб- арстыты руаджы уацмысы æвзаг кæ- ны хъæзныг, эмоционалон, фæлгонц- джын. Автор уыдонæй пайда кæны, цæмæй цы фæзынды хъуыдыйыл фæ- дзуры, уый, æндæр ахæм æнгæс фæ- зындимæ абаргæйæ, чиныгкæсæджы цæстыл ауайын кæна фæлгонцон хуызы ноджы ирддæрæй, цæмæй йын йæ зæрдæ ноджы тынгдæр бацагайа. Уымæ гæсгæйæ, цы фæзындимæ, цы дзаумаимæ фæбарстæуы, уый хъуа- мæ уа бæлвырд, зындгонд. Баргæ та йæ хъуамæ акæнæм йæ иууыл ха- рактерондæр миниуæгимæ. Уый аф- тæ куынæ уа, уæд аивадон абарст йæ семантикон нысаныздæхт не тххæст кæндзæн, æвзаджы та кæн- дзæн уæззау, зынæмбарæн. «Дзæн- гæрæджы зæлланг, будау,тагъдис йæ зæрдæмæ». («Фидиуæг», 1978). Буд зæронд дзырд у, (цавæрдæр тæнгъæд) алчи йæ нæ зоны. Æмæ дзы аивадон абарст аразын дæр не ’мбæлд. Фæлæ дзы иугæр аразыс, уæд та йын йæ характерон миниуæ- джы кой скæн. Ау, тæдзын у йеспе- цификон миниуæг будæн? Буд йед- дæмæ тæдзгæ ницы кæны? Рæстмæ нæ раргом, ацы абарсты руаджы ав- тор цавæр аивадон фæлгонц аразын- мæ хъавыд. «Дуне йæм худтис, тæ- мæнкалгæ миражау». («Фидиуæг», 1968). Мираж йеддæмæ тæмæнтæ ницы калы? Миражæн æндæр у йе ’рдзон миниуæг. «Ихау хъæбæр къа- фет». («Мах дуг», 1970). Ихæн йæ миниуæг уазал у, хъæбæр æндон дæр у. Быдзæуау йæ къахфындз- тыл слæууыд». («Фидиуæг», 1978). Быдзæу клоун у. Æмæ клоун йæ къахфындзтыл фæлæууы? Стæй йæм æндæр ахсджиагдæр миниуæг ницы ис, уæд ма клоун та цæмæн у! «Цымæ знон уыд, уыйау, æх- сынцъыйы нæмыгау, мæ зæрдыл лæууы». («Фидиуæг», 1982). Хъуы- дыйады дæрзæг арæзты тыххæй ницыуал дзурын. Фæлæ цавæр аи- вадон хъуыды æвдисынмæ хъавы ацы аивадон .абарст? Æхсынцъы — уæд æваст нæ зæрдвд æрбалæу- дзæн тынг туаг цыдæр. Æмæ дзы уый дзуры автор? «Ахæссын мæ хъæдгæмттæ, цъæххосау, дудгæ». («Мах дуг», 1970). • Ам абарст раст уыдаид, хъуыды- йдп стилистикон яргъдауæй рæвдз арæзт куы æрæййæфтаид, уæд цъæх хос йæхæдæг нæ дуды, фæлæ, цы хъæдгомы басудзы йæ дудагæй, уый.. «Рагон мæсыгау тымбыл бы- дæй... (дзыккутæ) («Фидиуæг», 1976). д). Бæрæггæнæнтæ-эпитеттæ. Бæ- рæггæнæн — йæ ном йæ уæлæ ис — бæрæг кæны бæрæггæнинаг дзыр- ды миниуджытæй кæцыйыдæр, тых- джындæр, ирддæр ын кæны йæ ны- саниуæг. Иу бæрæггæнинаг дзырды гæнæн ис фæбæрæг кæной уыцыиу æмрæстæджы дыууæ, æртæ бæрæг- гæнæн дзырды. Уыдон хъуамæ бæ- рæг кæной дзырды миниуджытæй æндæр æмæ æндæрты, дзырды иу- мæйаг хъуыды хъуамæ æххæст кæ- ной æндæр æмæ æндæр фæрсты ’рдыгæй. Уый афтæ куы нæ уа, уæд бæрæггæнæн дзырды семантикон функци цуды. Тексты æвзаджы хæрзгъæддзинад, йæ эмоцион ны- саныздæхт, йæ иумæйаг фæлгонцон ахадындзинад дæлдзиныг кæны. «...свæййынц... оригиналон, зæрдæ- агайгæ æмæ зæрдæмæхъаргæ». Уа- бæрæг ницæмæй хицæн кæнынц ацы дыууæ эпитеты — синонимы. кæнæ: «æндæр æвзаджы ныхдур, барьер сæтгæйæ»: «Æнæ гæды сыл- вазæй, æнæ рафæлив-бафæливæй... дзырдта». («Фидиуæг», 1968). Уы- дон дыгай бæрæггæнæнты йеддæмæ не сты. Хъæцæн сыл ис. Фæлæ ма æркæсæм. «...Уымæн æмæ * сты... æмдзæвгæйæн йæ астæумагъз, æм- дзæвгæйæн йæ рухс — æнкъард, уæздан — æнтъыснæг равг. Æндæр дзырдтæй: (уый та уырыссагау — Т. Г.) поэт исы адæмон поэзийы ли- ризмæн йæ трагикон, æрхæндæг, зæрдæсæттæн, зæрдæмарæн фарс нæ, фæлæ...» («Фидиуæг», 1978).- Ахæм æдых эпитетты кæрæдзи фæ- дыл ныххал кæнын тексты æвзаг уæззау, зынфæрсæн кæй кæны, йæ сыгъдæгдзинад дæр ын æвидауц, æнæзæрдæмæдзæугæ кæй кæны, уы- цы хъуыддаг, зæгъгæ, ацы автортæ нæ хатынц? Хатынц! Æмæ сын ма§ уайдзæф дæр уый сæрыл у? 64
2. СТИЛИСТИКÆ - а) Стилистикон хицæндзинæдтæ тексты фæзынынц сæйраджы дæр синтаксисы нормæтæ зыгъуыммæ кæныны аххосæй (дзырдты кæрæ- дзи фæдыл æвæрыны фæтк, ирон хъуыдыйады синтаксисон арæзты домæнтæ æ. а. д.) Ахæм хъуагдзи- нæдтæ къаддæр нæ къуыхцы кæ- нынц автор æмæ чиныгкæсæджы кæрæдзи æмбарыны ^хъуыддаджы. Фæлурс, æдых кæнынц æвзаджы эмоционалон ахадындзинады. «Ны- гуыл&н Германы Æппæтцæдисон дирижерты конкурсы фыццаг бынат бацахста» («Мах дуг, 1982). «Мæл- дзгуыты тарст губаккау» («Фиди- уæг», 1976). «...Уыдон хъомысджын æндæвдад кæнынц дунейон цардыл æмæ æхсæнпаддзахадон ахастытыл» («Советон Ирыстон», 1982); «Агро- техникон хуыздæр æмгъуыдтæм тыд фесты». («Рæстдзинад», 1982); «Республикæйы хихъæппæрисон аи- вады фембæлды...» («Фидиуæг», 1976), «Фена æрмæст йæ фыдæлы лæгдзинад нæ, фæлæ йе «гуыдзæг- дзинад дæр.» («Фидиуæг», 1978). Ам афтæ рауад, цымæ æрмæст уый фыдæлыл цæуы дзырд, æндæр ни- кæй фыдæлыл. Хатт та афтæ рауа- йы, æмæ хъуыдыйад бынтондæр схæццæ вæййы, бæрæг нал вæййы, дзырд дзы цæуыл фæцæуы, уый. «Мæ дзыккутæ мын рагон тымбыл мæсыг (сылгрймаг) скæны». («Фи- диуæг», 1976). «Не стыр хъуыдда- джы иу аххос æмæ иу аххосджын, куыстгæнаг исфадæттæй уæнгмард æнарæхст дæр хъуамæ аууон ма аззайа». («Рæстдзинад», 1982). «Ни- куы суыдзæн адæймаджы фæлахс зонд дæ сусæгдзинæдты æмбæр- зæн». («Фидиуæг», 1978). æ). Диалектон дзырдтæ. Иумæ- йаг литературон æвзаджы хъæзныг кæныны фæрæзтæй иу у ацы фарст. Диалектон дзырд чысылгай-чысыл- гай свæййы литературон. Фæлæ уыцы цыды процесс даргъ у — аз- тæ йынг хъæуы. Стæй алы диалек- тон дзырд дæр нæ бафæразы лите- ратурон æвзагмæ бахизын. Иумæ- йаг литературон чи нæма свæййы, ахæм диалектон дзырдтæй дæр пай- да кæнæм текстты. Фæлæ уымæн дæр хъуамæ уа йæхи нысан уац- мысы архайæг хъайтзры æвзаджь* § 5, «Фидиу^г», №3 характерон миниуджыты бахахх кæнынæн, уацмысы архайд цы хъæ- уы, цы комбæсты фæцæуы, æвзаджы уыцы ныхасыздæхты характерон миниуджытыл дзургæйæ. Ахæм ны- сан куынæ уа диалектон дзырдтæн тексты, уæд уыдон тых кæнынц æв- заджы иумæйаг сыгъдæгдзинады фарстæн. Чизоны, уæлдæр параг- рафты цы зынæмбарæн цæвиттонтæ — дзырдтæ æрхастон, уыдонæй ра- зына диалектон дзырдтæ, ома сæ автортæ кæм цæрынц, уымыты сæ дзурынц. Фæлæ, ноджыдæр ма зæ- гъон, хицæн ныхасыздæхты куыд дзурынц, уый иумæйаг литературон æвзаджы нормæтæм хæссын иугай авторты бархъомысæй аразгæ нæу, уый æвзагæн йæхи æрдзон уды- хъæдæй, йæхи мид-закъæттæй ра- цæугæ хиæдтæ аразынц. «Лæгæй, усæй æмнызт кæнынц» («Рæстдзи- над», 1982): <Щæ къæбæрæй хорд- тон, дæ донæй нызтон». («Махдуг», 1982). Цæгат Ирыстоны кæцыдæр ныхасыздæхтыты дзурынц * афтæ. Фæлæ уый иумæйаг литературон нормæмæ нæма схызт. Æвæццæгæ^, ацы авторты разæнгард кæны, ирон æвзаджы дифтонг -уæ- арæх æл- вæст кæй æрцæуы æмæ хъæлæсон зæл -о- кæй ратты, уыцы хабар: рæуæг — рог, нæуæг — ног, ныуæзт — нозт. О, фæлæ ам дифтонг -уæ- хъæлæсон -о- ратты, «æвæд сæфт» нæ фæкæны, нызтоны та дифтонг -уæ- бынтондæр ахауы (ныуæзтон — нызтон), дзырд баззайы иннæ дамгъæты æвджид. Ирон æвзаджы ахæм фонетикон фæзынд (ома ди- фтонг бынтондæр кæм ахауа æмæ йæ бынаты æндæр ног зæл кæм нæ фæзына) нæй. Ацы дзырды (ныз- тон) фонетикон арæзты принцщшæ гæсгæ уæд зæгъæн ис ныуарджыц — нырджын дæр дыууæ ран дæр дифтонг -уæ- «æвæд сæфт» кæцц æмæ уымæн. б). Ирон дзырдтæй арæзт «уьь рыссаг хъуыдыйæдт^е». Йуæй-иу автортæ, иронау -уацмыс фысгæйæ, сæхимидæг фæхъуыды кæнынц уц-. рыссагау. Уыцы «уырыссаг» хъуьь дыты текстмæ рахæссынц Цррц дзырдты руадж^г æмæ оын рдуа- йынц црон дзырдтæй арæзт «’уырыс^ саг ^ъуыдьщщт» кд^трукццта
хуызæн. Ацы хабар ирон æвзаджы уæздан æрдзондзинадæн/ ирон хъуыдыйады синтаксисы домæн- тæн куыд тых кæны, боныфæстаг- мæ, не ’взаджы национ хæдбындур- дзинады куыд хъыгдары, ууыл нал дзурын. «Сфæлдыстадон кусæг аи- вады цъуппытæм ссæуы»... («Мах дуг», 1982), «цъупп» — вершина, «аивады бæрзæндтæм» зæгъын йæ цæст нæ бауарзта авторæн. «Ма ку, нæ хъæуы». («Фидиуæг», 1976); «Миниуæгджындæр æмæ мидис- джындæр зыныс»... («Фидиуæг», 1977); «Цыдæр ногдзинад хъуамæ бахæсса йæ мады цардмæ». («Фи- диуæг», 1976); «Æхсæнадон пайда- йаг фæллойæ хи сайынæн...» («Рæ’ стдзинад», 1982);—Амонд æмæ фи- дыдад — ахæдзары!» («Фидиуæг», 1976). Фысымтæм хæдзармæ , ба- цæугæйæ,- æгъуыстаджы ирон ар- фæ: «Фарн—уæ хæдзары» зæгъын дæ ма бафæндæд æмæ уырыссаг арфæ «мир и счастье этому дому»- йы тæлмац кæн! б). Ацы хъуыддагмæ æввахс лæууы, æрбайсгæ ’дзырдты æвза- джы сыгъдæгдзинадыл куыд æнда- вынц, уыцы хабар дæр. Зæххы цъарыл ахæм æвзаг нæй, æрбайс- гæ дзырдтæ кæм нæй. Уый æвзæг- ты иумæйаг æрдзон миниуæг у: кæрæдзийыл æндавынц. О, фæлæ, куы зæгъын, уый æвзагæн йæхи- цæй аразгæ у. Иугай автортæ æн- дæр æвзагæй æрбайсгæ дзырдты не ’взагмæ тыхласт куы кæной, уæддæр уыдон уымæй не «сирæт- тæ» уыдзысты. Грамматикæйы æр- к дзон домæнтыл чи æрбада, иннæ- ты æвзаг йæхæдæг ахибар кæны. Нæхи æвзаджы фæрæзтæй зæ- гъæн кæмæн уа, уый æндæр æв- зæгты дзырдтæй цæмæн дзурæм! Ацы хъуыддаг, загътон ма йæ, нæ - дзургæ æвзаджы бынтон раууат- мæ æртардта — нæ ныхасы сыгъ- дæгдзинад царæфтыд фæцис, цы æвзагыл фæдзурæм, уый бæрæг ^нал у. , Фæлæ хуыздæр уавæры , нæй- нæ фыст æвзаг дæр. Уый та нæ национ къултурæйы бынты сом- . боны цыртдзæвæн уыдзæн!.. Рох кæ- нын нæ хъæуы, уый. «Уыцы уылæн ’хæссы алцы дæр: хæбтыты афысты- тæ, реалистон хæххон пейзаж, исто- рион ассоциаиитæ — экскурситæ, 66 юморон хабæрттæ, газеттæй цитат- тæ, политикон фыстæджытæ, дзыл- ,лæйы портреттæ». («Фидиуæг», 1978),' кæнæ: «се ’нкъарæнты реа- лон, материалон æмæ предметон, бæлвырд деталтæ æмæ афыстытæй, конкретон-историон уавæртимæ ор- ганикон бастдзинадæй, сæ типи- кон-объективон æмæ индивидуалон- субъективон уагæй, ома не сты ир- рацион». («Фидиуæг», 1978). Ацы дыууæ хъуыдыйады арæзты хæрз- гъæддзинадыл нал дзурын. Фæлæ- ма æркæсæм: фыццаг хъуыдыйады ис 21 дзырды, уыдонæй 10 — æр- байсгæ дзырдтæ, дыккаг хъуыды- йады 27 дзырдæй 12 ис æрбайсгæ дзырдтæ. Уæдæ ма адон ирон хъуыдыйæдтæ сты?! Æмæ, ома, ацы хъуыдыйæдтæн фæлæгъздæр гæн!æн нЫуыдис, утæпг(æт «импор- тон» дзырдтæй иронау зæгъæн ни- кæмæн уыдис? Уыдис. Афтæ къуын- дæг æмæ гæвзыкк дæр не сты, ирон æвзаджы авналæнтæ æмæ фæрæзтæ. Аивадон уацмысы æвзаджы бын- тон уæззау æмæ зынæмбарæн кæ- нынц фæсарæйнаг дзырдтæ, уы- мæй дæр æгæр-æгæр арæх куыæм- бæлой ,уæд. Иу уацмысы чысыл скъуыддзаджы банымадтон дыу уæсæдæйы онг ахæм дзырдтæ. («Фидиуæг», 1978). (судзгæ) стъæ- рцау, (рæдзæгъд) фæлианттæ, (фи- дæм) хараджа, (рызтысты) фрес- кæтæ, (æгæрон) улус, (лæууынц) джирчитæ, (хæрзиуæджджын) зин- тæ, (дæ) отахъ, сарачы (гæппæл), сазы (зæлтæ), подейст’айы (æл- гъитын) шандал, пиала, минбаш, хъутурма, дервиш, порфирæ, эмир æ. а. д. Ахæм дзырдтæй бирæтæ ^фæсарæйнаг дзырдты ’дзырдуатты дæр не сты. Уæдæ ма сæ кæм агу- ра чиныгкæсæг, цы амонынц, уый цы æгъдауæй базона? Æмæ, аива- дон уацмыс кæсгæйæ, дзырдуаты , сæр цæмæн хъуамæ хъæуа? в). Зæронд дзырдтæ (архаизм- тæ). Алы æвзаджы дæр, абон чи нæуал æмбæлы, ’ ахæм зæронд дзырдтæ ис. Царды материалон- культурон уавæртæ куыд ивынц, уымæ гæсгæ æвзаг дæр ивы, йæхи ног кæны. Бирæ дзырдтæ — нæмт- тæ .ахауынц, цы дзаумæтты-фæ- зындты нæмттæ фæамонынц, уы-
дон царды нал вæййынц æмæ уы- мæн. Зæронд цардыл фысгæйæ, ахæм зæронд дзырдтæ уацмысы æнæмæнг хъуамæ фæзыной, фæлæ уагбæрцыл. Ахæм дзырдтæй пайда кæнын авторы бæ^лиц æмæ нысан ма хъуамæ су’а. Уымæй дæр, ахæм дзырдты семантикон нысаныздæхт автсф тексты мидæг хъуыдыйады иннæ дзырдты руаджы цасдæр бæр- цæй. хъуамæ æмбарын кæна, цæ- мæй уацмысы æвзаг рогдæр, ирд- дæр кæна, æмæ чиныгкæсæгæн та æнцондæр уа. Нæ автортæй бирæ- тæ ацы хабар нæ хынцынц, æмæ сæ уацмысты (хъæуы сæ сæр, æви нæ хъæуы, уæддæр), ныххал кæ- нынц ацы зæронд дзырдтæ. Ахæм уацмыс кæсгæйæ, ирон дзырдуат дæ фарсмæ хъуамæ дарай. Фæлæ арæх дзырдуат дæр ницыуал ’фæ- ахъаз вæййы: уацмысы разыны, дзырдуаты чи нæ ис, ахæм зынæм- барæн дзырдтæ дæр. Уыдон та, æвæццæгæн, авторæн йæхи сараз- гæ, кæнæ та йæхи ныхасыздæхты дзырдтæ вæййынц? Фот афтæ дæр. Фæлæ сæ чиныгкæсæг кæцæй ба- зона? — буд, сарыхъ, быдзæу, тан- хъа, стæу, станхъ, дзатма, сиучъы- тæ, алтындзыхъ, гам, отахъ, уаз- цæнгтæ, атагъа, бæхарц, сæгъæдахъ, бахадур, æмæ бирæ æндæртæ («Фидиуæг», 1978); рынгæвæрд чырты, зизитæ, лæзгъæр, лæзда- рæн, фæлдурæнтæ, саугъæды, цъы- рæхснæг, сах æмæ сæбæх, (уый) дзойæ, æфджидон, æууындзыдтой, æрмæхъ, хæмпурæнтæ, фыдаддаг мусонг æмæ бирæ æндæртæ. («Фи-' диуæг», 1977). Ахæм .ирон дзырдты фарсмæ уыцы уацмысы пайда кæн: контуртæ, устав, саркал, рекомен- датор, прогноз, реакци æмæ æндæр ахæм æрбайсгæ дзырдтæй! Уый у не ’взаджы хæрзгъæддзинадыл ау- дын? Цы хъуагдзинæдты тыххæй ра- дзырдтон, уыдонæй алкæцы дæр не ’взаджы сыгъдæгдзинадæн тых кæ- ны кæцырдыгæйдæр фарс, къуых- цы йын кæнынц йæ иумæйаг эмо- ционалон ахадындзинад, йе ’рдзон аив, æхцон зæлынад., Æмæ ам хи- цæн уацты хъару дæр, æвæццæгæн, уыйас ницы бакæндзæн... Чидæ- риддæр иронау фыссы, уыдонæй алчи дæр йæхæдæг хъуамæ нысса- гъæс кæна æмæ фæндвидарæй, зæрдæрисгæйæ, архайа ацы иумæ- йаг национ хъуыддаг æрнывыл кæ- ныныл.
ЦОЦИТЫ КЪÆДЗÆХ :1 Тугъанты Махарбег — Зынгæ ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы сфæлдыстадон архайд 1930 азæй-суангдæр 1943 азмæ баст уыд \ Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны драмон театримæ. Æртындæс азы- дæргъы Махарбег уыд театры сæйраг нывгæнæг,. уый æмрæстæджы ма уыд театры аивад- он къухдариуæггæнджытæй сæ иу. Уыцы азты Махарбег аивадон æгъ- дауæй сфæлындзыдта; театры сце- нæйыл æв’æрд цы спектаклтæ æрцыд, уыдонæн сæ ахадæндæрты бæрæг фылдæры. Уыдон та уыдысты уырыс- саг, гуырдзиаг, фæсарæйнаг класси- кæ æмæ ирон национ драматургийы уацмыстæй. Тугъанты Махарбег аивадон æгъ- дауæй цы спектаклтæ сфæлындзыд- та, уыдон хицæн кодтой сæ арф хъуыды æмæ профессионалон æрм- дзæфæй. Махарбег æппынæдзухæй архайдта, цæмæй спектаклы декора- цитæ , хæрз чысыл деталы онг дæр æххуыс кодтаиккой спектаклы иде- йон хъуыды райхалын æмæ арфдæр бамбарыны хъуыддагæн. Уæлдай ахсджиагдæр нысаниуæг лæвæрдта спектаклы архайджыты уæлæдарæ- сæн, риквизитæн. Махарбеджы хъуыдымæ гæсгæ, уæлæдарæс, риквизит æмæ сценæ цы дзаумæттæй фæлыст цыд, уыдон хъуамæ æвдисой спектаклы архайды рæстæг, æмæ логикон æгъдауæй баст ой уыцы рæстæджы æууæлтимæ. Тугъанты Махарбег иттæг дæсны уыд æмæ тынг хорз зыдта ирон адæ- мы этнрграфи; цардуагон æрьлæут- театралон нывгæпш тæ, адæмон дзыхæй-дзургæ сфæлды- стад, ирон адæмы рагзаманты духо- вон æмæ аивадон цыртдзæвæнтæ æмæ сæ арæхстджынæй пайда код- та национ драматургийы бындурыл арæзт спектаклты фæлындзыны хъуыддаджы. Æвæддзæгæн нæ фæрæдидзыстæм, куы зæгъæм, ирон сценæйыл абоны онг аивадон æгъдауæй фæлындзыд- гонд цы спектаклтæ æрцыд/уыдо- нæн сæ тæккæ хуыздæртæй иу уыд Саулохты Мухтары драмæ «Нарты Батырадз»-мæ гæсгæ æвæрд спек- таклы аивадон фæлыст. Фыццаг хатт ирон сценæйыл бай- гом нæртон дуне, йæхи бæрæг-бæл- вырд рæстæджы гаччимæ. Фыццаг хатт театрдзаутæ федтой нæртон адæмы удæгас фæлгæнцтæ. Федтой сæ нæртон уæлæдарæс æмæ хæстон фæлысты æмæ уыцы фæлгæнцты æд- ’ даг фæлыстæй, нарты æгъуыстаджы хъæбатыртæ баззадысты сценæ- мæкæсджыты зæрдæты. Тугъанты Махарбег иттæг аив сфæлындзыдта сценæйыл Брытъиа- ты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ *ойы» æмæ трагеди «Амыран»; Дыу- уæ спектакль дæр дисы æфтыдтой сæ монументалондзинадæй, уæлдай- дæр та спектакль «Амыран». Иттæг арф æмæ алыфарсонæй, суангдæр фæстаг лыстæг деталы онг, логикон æгъдауæй алцыдæр баст уыд спек- таклы иумæйаг идейон æмæ аивадон астæумагъзимæ. Æмæ авторы тек- сты æмсæр дзуапп лæвæрдта спек- такль аивадрн фæлыст дæр пьесае- 68
йы идейон хъуЫды бæстон бæлвЫрд- дæр æмæ ирддæрæй равдисынæн. Канд национ драматургийы уац- мыстæ нæ, фæлæ Махарбег иттæг хорз зыдта æмæ арæхст дунейы клас- сикон драмон уацмыстæ, уæлдайдæр та уырыссаг драматургийы уацмыс- ты аив æмæ бæрзонд профессионалон æмвæзадыл фæлындзыны хъуыддаг- мæ. Уыцы хабар та уæлдай ирддæр фæбæрæг В. Киршоны пьесæ «Хой- раг»-мæ гæсгæ арæзт спектаклы. Спектаклы сценæйыл сæвæрдта ре- жиссер Хетæгкаты Владимир, ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта ирон æвзаг æмæ литературæзонæг Тыбы- лты’ Алыксандр, декорацитæ та йын арæзт æрцыд Тугъанты Махарбе- джы эскизтæм гæсгæ). Уыцы пьесæ Хуссар Ирыстоны драмон театры сценæйыл æвæрд æрцыд 1932-1933 азты еезоны æмæ йын уыд æвæджи- ау æнтыст. Спектаклы æнтыстæн стыр ахъаз фесты Махарбеджы арæзт декора- цитæ. Махарбег арф реалистон ахо- рæнтæ æмæ деталты руаджы сныв кодта 30 азты райдианы уырыссаг хъæу. Сценайы фæстаг æмбæрзæныл нывгонд уыдысты æнæкæрон уырыс- саг быдыртæ, сæ диссаджы рæсугъд æрдз æмæ кæлæнгæнæг ахорæнтимæ, уырыссаг хъæуы хъæллæгъæй æмб- æрст хæдзæртты сæртимæ. Декора- цитæ афтæ аив æвæрд уыдысты сце- нæтыл æмæ иттæг æххуыс фесты ре- жиссерæн зæрдæмæдзæугæ, уырни- наг мизансценæтæ саразынæн. 1934 азы нæ театры’ сценæйыл æв- æрд æрцыд Э. Войничы роман «Ов- од»-мæ гæсгæ арæзт спектакль. Уыцы спектаклы аиь\адон æгъдауæй сфæлындзæг уыд Тугъанты Махар- бег. Спектаклы фæдыл-1934 азы 26 июны газет «Коммунист» ныммых- уыр кодта уац. Уацы дзырдæуыд, зæгъгæ, спектакль «Овод» æцæгæй- дæр уыд канд театры коллективы сфæлдыстадон æнтысты фæлварæн нæ, фæлæ йæ уæлахизы æвдисæн. Уыцы спектакль фенын кодта, æцæг- æйдæр кæй фæзынд ног профессио- налон театралон коллектив, йæ бон сфæлдыстадон æгъдауæй аивады ва- зыгджындæр фарстытæ æмæ проб- лемæтæ лыгкæнын кæмæн у. Мыхуыры банысанчындæуыд, зæ- гътæ, театры аивадон къухдариуæг- гæнæг В. Мургъулия æмæ театры сæйраг нывгæнæг Тугъанты Махар- бег стыр арæхетдзинад равдыстой æмæ Хуссар Ирыстоны драмон тёа-, тры сфæлдыстадон коллективы ря- кодтой нæ бæстæйы бйрæ "нацнт’ы профессионалои театрты ’æмрæнхът мæ, театры сценæйыл реалистон ахорæнтæй æвдыст кæй цæуы, куыд адæмы историон ивгъуыд дуджы ха- бæрттæ, афтæ нæ абоны героикон царды ахсджиаг хъуыддæгтæ. Уыцы спектаклыуæлдайма Тугъ- анты Махарбег сценæйыл аивадон æгъдауæй иттæг аив сфæлыста спе- ктаклтæ: В. Киршоны «Хойраг», Л. Циановскийы «Бафхæрд», Ал. Пу- шкины «Чъынды рыцарь», А. Чехо- вы водевилтæ, æфсымæртæ Туртæ æмæ Шейнины «Ныхæй-ныхмæ фе- мбæлд», А. Цагарелийы «Ханума» æмæ «Ныр æндæр рæстæг у», Г. Мдиванийы «Райгуырæн бæстæ», К- Каладзейы «Куыд?», Т. Рамишвили- ч йы «Авд боны», И. Имедащвилийы «Къоста», С. Кълдиашвилийы «Хъæ- батырты фæлтæр», П. Кэкабадзейы. «Колхозоны чындзæхсæв», Э. Вой- ничы «Овод», Ф. Шиллеры «Уарзон- дзинад æмæ мæнгдзинад», Хетæгка- ты Къостайы «Дуня», Хъуылаты Си- къойы «Хъæу фенкъуыст», Брытъ- иаты Елбыздыхъойы «Хазби», «Амы- ран» æмæ «Дыууæ хойы», Коцсу1ты Арсены «Сау мигъ», Саулохты Мух- тъары «Фиййæуты уæтæр» æмæ «На- рты Батрадз». Уымæй уæлдай ма Тугъанты Махарбег йæхæдæг сценæ- йыл сæвæрдта æмæ аивадон æгъдау- æй сфæлындзыдта Мольеры «Мæнг рынчын» æмæ Брытъиаты Елбызды- хъойы «Дыууæ хойы». Тугъанты Махарбег Хуссар Ирыс- тонмæ куы æрцыд, уæд стыр фæнд- ондзинад æмæ хъæппæрио равдыста ирон нывкæнынадон аивады пропа- гандæ кæныны хъуыддаджы æвзонг фæсивæды æхсæн. Махарбеджы комкоммæ амындтæ æмæ аудындзи- над тынг бандæвта ирон сценæйы хуыздæр æмæ курдиатджындæр нывгæнджытæй бирæтыл, куыд зæ- гъæм Гæздæнты Цопан, Зассеты Алыксандр, Хохты Асланбег, Га- глойты Тауырбег, Кокойты Уасил, Тыбылты Иван, Хъоцыты Сослан æмæ æндæртыл. Ацы æмбæлтты сфæлдыстад иттæг ахъаз фæци Хет- æгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон те- атры спектаклты аивадон æгъдауæй фæлындзыны хъуыддагæн. 69
Стыр æнтыст уыд Хетæгкаты Къо- стайы пьесæ «Дуня» æмæ СаулОхТы Мухтъары пьесæ «Фиййæутты уæ- тæр»-мæ гæсгæ арæзт спектаклтæи. Уыцы дыууаё спектаклы дæр 1940 азы æвдыст æрцыдысты Тбилисы горæты ирон литературæ æмæ аива- Ды декадæйы рæстæджы. Дыууæ спектаклы дæр аивадон æгъдауæй сфæлындзыдта Тугъанты Махарбег. Уæды рæстæджы гуырдзиаг теат- ралон нывкæнынады зынгæдæр дæ- снытæ стыр аргъ скодтой Махарбе- джы сфæлдыстадæн, фыстой, зæгъ- гæ, ирон æвзонг театрæн ис йæхи стыр курдиаты хицау нывгæнæг,' стæй канд нывгæнæг нæ, фæлæ ма Махарбег кæй у режиссер, консуль- тант, аивад арф æмæ тьшг чи зоны, ахæм стыр дæсны адæймаг.
ити иСжг САНАХЪОТЫ МУРАТ ГЕОРГИЕВСКЫ ТРЛКТЛТЫ 200 ЛЗЫ БОНМÆ Нæ республикæйы фæллойгæнджытæ, со- ветон адæм, иттæг зæрдиагæй нысан кæнынц æппæтадæмон бæрæгбон—Георгиевскы трак- таты 200 азы бон. Уый ссис Коммунистон~ парти æмæ Советон хицауады алыварс æнусбонтæм чи стыгуыр, уыцы советон адæ- мы ленинон* хæлардзинад, æфсымæрдзинад æмæ æмкуысткæнынады хъомысджын де- монстраци. Уæрæсейы протектораты бын Уæрæсемæ Гуырдзыстоны æрбаиуы тыххæй Георгиевс- кы трактатыл къухтæ æрфыссын уыдис ахсджиаг историон цау. Гуырдзиаг адæмы хъысмæты йын уыдис стыр æвæрццаг ны- саниуæг. Уыимæ иумæ, уый уыдис фæскав- казы цæрæг æппæт адæмты историйы ног этапы райдиан. Уæрæсеимæ йæ хъысмæт сбæтгæйæ, гуырдзиаг адæмы къухы бафтыд прогрессивон фæндагыл йæ дарддæры рæзт. XVIII æнусы кæрон Гуырдзыстон дих уы- дис дыууæ хæдбар паддзахадыл: Картли — Къахет æмæ Имеретыл, стæй-ма иукъорд къниазадыл. Хуссар Гуырдзыстоны (Сам- цхе — Саатабаго) байстой туркæгтæ. Ахæм гæвзыкгæнæн æрбабырстыты руаджы гуыр- дзыйы бæстæ раууатмæ æрцыди. Зæхкус- джытæ æлдæртты ’рдыгæй карз æфхæрд цыдысты, фæвазыгджындæр ис зæхкусджы- ты^хицæн къордтыл фæдих кæныны процесс. Æддагбæстон знæгтимæ дæргъвæтин хæс- тытæ, мидбæстон феодалон хъаугъатæ, фид- донтæ æмæ гъалайы рæзт сæ фæдыл расай- дтой зæхкусджыты хæдзарæдты стыр кри- зис. Æппæт ^уыдæттæ æрурæдтой кондадон тыхты рæзтГ Феодалон-натуралон хæдза- рæдтæ кæй уыдис æмæ куыст æхсæнадон æгъдауæй мæгуырау дих кæй цыд, уый хъыг дардта базарад æмæ сæудæджерады рæзт. Феодалон-хъазарадон цардæвæрды мидæг нырма нæ ныббиноныг сты ног капиталис- тон ахастытæ. Паддзахады сæргъ лæууыди паддзах. Уый уыдис иууыл стырдæр феодал. Феодалон йерархийы асинты иннæ къæпхæнтыл лæу- уыдысты паддзахы хæдзары бинонтæ, къни æзтæ, уæздæттæ, сæудæджертæ, æрмдæсны- тæ æмæ зæхкусджытæ. Паддзахадæн къух- дариуæг кæныны хъуыддаджы ахсджиаг роль æххæст кодта Паддзахадон совет (дар- бази). Бæстæ дихтæ уыдис паддзахы фырт- тæ æмæ стыр феодалты ’хсæн лыстæг хæйт( тыл, æлдарадтыл. Æлдарады хицаудзина- дæн уыдис æгæрон бартæ. Æддагбæстон знæгтимæ хæстытæ раууатмæ кодтой кон- дадон тыхты, адæм куынæг цыдысты, куы- сты ахадындзинад тынг ныллæг кодта. Уый фæстиуæджы зæхкуысты, фосдарды, æрм- дæсныты æмæ базарады рæзт къуылымпы цыд. Уыцы хæстытæ гæвзыкк уавæрмæ тардтой адæмон хæдзарад. Ног æхсæнадон цардæвæрдæн нырма уыдис æдых бынду^)- тæ. Æрурæдтой-иу капиталистон ахастыты рæзт. Туырдзиаг адæмы физикон æгъдауæй скуынæг кæныны тæссагдзинад уыдис ре- алон. XVIII æнусы дыккаг æмбисы дунейон уа- вæр ахъаз кодта Уæрæсе — Гуырдзыстоны æмахастыты рæзтæн. Уыцы рæстæджы Уае- рæсейы паддзахады арæнтæ æххæссыды- сты суангдæр Кавказы Сæйраг хохрагъы цæгаттаг хохрæбынтæм. «Кавказы хаххыл» арæзт æрцыдис иукъорд фидары. Уыцы заманы ма фæтыхджындæр сты Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы ’хсæн эконо- микон æмæ культурон бастдзинæдтæ. Хуырныгуылæн æмæ Хурыскæсæн Гуыр- дзыстонмæ Турк æмæ Ираны ’агресси кæй фæтыхджындæр ис, уымæ гæсгæ Иракъли II æмæ Соломан I — арæхдæр хатын рай- дыдтой Уæрæсемæ, цæмæй сын уыцы хъуыд- даджы баххуыс кодтаид. Хæсты тæссаг- дзинады уавæрты Уæрæсейы хуызæн тых- джын паддзахады æххуыс ссис практикон æгъдауæй æнæ,мæнгхъæуындзинад. Уый дзуапп лæвæрдта Уæрæсейы хицауады по- литикæйы интерестæн, стæй-ма Турчы тæс- сагдзинадæй хибахъахъхъæныны æмæ Фæс- кавказимæ экономикон æмæ политикон баст дзинæдтæ сфидар кæныны хъуыддагæн дæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй 1771 азы Хур- ыскæсæн Гуырдзыстон райста историон æгъдауæй ахсджиаг уынаффæ: «Куырдæ- уæд Уæрæсейы хицауадæй, цæмæй Гуыр- дзыстоны Уæрæсемæ æрбаиу кæна æмæ йыл йæ къух æвæра. Бадзырды проект æрвыст æрцыд Петербургмæ. Уый дарддæр ссис 71
Угерæёе — ТурчЫ Трактаты бындур. 1782 азы Иракли бахатыди Уæрæсейы хица- уадмæ, дæмæй Гуырдзыстоны райстапд йæ протектораты дæлбар. Уæрæсейы хицауад Оауынаффæ »кодта Гуырдзыстонимæ «Хæ- ларадон бадзырд» саразыныл. Гуырдзысто- нимæ трактат саразын хæсгонд æрцыд Г. А. Потемкинæн. 1783 азы 24 июлы Георгиевскы фидары дыу- уæрдыгæй фарс дæр сразы уæвгæйæ арæзт æрцыд зындгонд Уæрæсе — Гуырдзыстоны хæларадон трактат. Уый бындурыл Гуыр- дзыстон райст æрцыдис Уæрæсейы къухда- риуæджы быН; Георгиевскы Уæрæсейы рды- гæй фарс трактатыл сæ къух æрфыстой инæлар П. С. Потемкин, Граф Апраксион æмæ дæлбулкъон В. Тамара, Гуырдзысто- ны ’рдыгæй фарс та Иоанн-Мухраны æл- дар æмæ Гарсеван Чъавчъавадзе. Уыцы актæй Иракъли II фидар бындур æрæвæрдта Уæрæсеимæ æмахастытæн æмæ уымæй Гуырдзыстоны æдасдзинад хъахъ- хъæд цыдис Турк æмæ Персийы ’рдыгæй æрбалæбурдтытæй. Георгиевскы трактаты текст арæзт уы- дис преамбулæйæ ,13 бындурон æмæ цып- пар сепаратон статьяйæ, хуыдтой ма сæ артикултæ дæр. Иу-цалдæр та дзы уæлæ- мхас тексттæ- уыдис. Фыццаг артикуль, кæ^- нæ статьямæ гæсгæ, Картли-Къахеты пад- дзах разы уыдис Уæрæсейы паддзахады уæлдæрлæууæг хицауадыл æмæ уый къух- æвæрдыл, уыимæ Уæрæсейыл æнувыд уæ- выныл. Дыккаг артикулы фыст уыдис, зæгъ- гæ, Уæрæсейы император йæ къух æвæры Картли æмæ Къахетыл æмæ сын ныфс дæт- ты, сæ зæххытæ æнæхъæнæй хъахъхъæд кæй цæудзысты, уымæй. » Трактаты бæрндзинад хъуамæ дыууæты ’рдыгæй фарс дæр æххæст цыдаид. Иæсæй- раг пункттæ уыдысты ахæмтæ: Картли æмæ Къахеты паддзах .Ираны кæнæ æндæр ис- кæцы паддзахады дæлбар уæвынæй йæхи ссæрибар кæнгæйæ, нырæй фæстæмæ æр- мæстдæр разы уыдис Уæрæсейы императо- ры уæлдæр хицаудзинадыл, стæй йыл цæ- мæй уый йæ къух æвæрдтаид, ууыл. Пад- дзахы бынатмæ бахизыны рæстæджы гуыр- дзиаг паддзæхты хъуамæ сæ бынæттæм фи- дар кодтаид Уæрæсейы император æмæ йын ард хордтаиккой. Картли æмæ Къахе- ты паддзах йæ къух систа фæсарæйнаг пад- дзахæдтимæ сæрмагондæй исты бардзырд- тæ кæнæ æмахастытæ аразыныл. Уæрæсе- йы паддзахы раз йæхи хæсджыныл нымад- та бахъуыды рæстæджы йе ’ппæт æфсæд* дон тыхтимæ Уæрæсейы паддзахады фарс рахæцынæй. Уæрæсейы хицауад Гуырдзы- стонæн æппæт æддагон æзнæгты æрбабыр- стытæй бахъахъхъæнынæй ’ныфс лæвæрдта, гуырдзыстоны знæгты йæхи сæрмагонд знæг тыл нымайгæйæ. Уæрæсейы хицауад Уæрæ- сейы цæрджыты æмрæнхъ Гуырдзыстоны цæрджытæн лæвæрдта æмхуызон бартæ. Уыдис сын Уæрæсемæ сæрибарæй ацæуы- ны æмæ фæстæмæ æрбацæуыны бар. Уæрæ- сейы хицауад Гуырдзыстонæн ныфс лæвæрд. та йæ мидæггагон хъуыддæгты йæхи ма хæццæ кæнынæй. Цæмæй йын Гуырдзыстон- мæ хуыздæр æмахастытæ уыдаид, уый тых- хæй Уæрæсейы хицауадæн Гуырдзыйы пад- дзахады цур уыдис йæхи резидент кæнæ министр. Ахсджиаг нысаниуæг \ уыдис бардзырды цыппар сепаратон статьяйæн. Уыдоны 6#- рæт цыдысты Уырысы ’рдыгæй Гуырдзысто нæн æфсæддон æххуысы уавæртæ, стæй ма Имереты къниазимæ Иракъли П-ахаст дæр. Гуырдзыстоны хъахъхъæдад фæтыхджын- дæр кæныны тыххæй Уæрæсейы паддзаахад хæсджын уыд Гуырдзыстоны дыууæ бата- льоны фистæ-г æфсад дарынæй. Миййаг хæст куы уыдаид, уæд та йын уæлæмхас æххуыс хъуамæ бакодтаид. Уæрæсейы император хæсджын уыд, цæмæй хæсты рæстæджы, стæй фидыдады бардзырдтæ аразгæйæ, æп- пæтæгъдауæй дæр архайдтаид ууыл, цæ- мæй Гуырдзыстонæй æддагон æзнæгтæ цы зæххытæ байстаиккой, "уыдон ын фæстæмæ раздæхтаид. Трактатмæ гæсгæ, уырыссаг къорд Тиф- лисмæ куы ’рцыдис, уæд ыл цытимæ сæм- бæлдысты 1783 азы 3-æм ноябры. 23 ноябры Иракъли Ц, Уырысы паддзахыл æнувыд кæй уыдзæнис, ууыл ард бахордта. XVIII æну- сы фæстæ азтæ Гуырдзыстонæн уыдысты тынг уæззау. 1798 азы амард Иракъли II — - прогрессивон политикон архайæг æмæ æф- сæд’дон фæтæг. Иæ амæлæты фæстæ фæ- тыхджындæр ис Турк æмæ Ираны фарсхæ- цæг реакцион къордты архайд. Династион тох уыд иууыл карздæр. Ахæм уавæрты Гуырдзыстоны паддзах Георги XII ногæй бахатыдис Уæрæсемæ æххуысы тыххæй. Уæрæсейы хицауад Гуырдзыстоны мидуа- вæр кæй сбæрæг кодта æмæ дарддæр ба- ныхæстæ кæй цыди, уый фæстиуæгæн 1801 азы Гуырдзыстоны Уæрæсеимæ æрбаиу кæ- ныны историон актыл къухтæ æрфыстæуыд. Уыцы цау уыдис стыр прогрессивон акт. Уый фæдыл Илья Чъавчъавадзе фыста, зæгъгæ, уыцы ахсджиаг бонæй фæстæмæ Гуырдзыстон удæнцой ссардта. Ие ’мдин бæстæйыл йæ арм кæй æвæрдта, уый тас бауагъта Гуырдзыстонмæ лæбурæг знæгты. Катайаг, æфхæрд, ссæст бæстæ фервæзт æддагбæстон знæгты æрбабырстытæй, туг- калæн хæстытæй. Фæлæ Гуырдзыстоны Уæрæсемæ æрбаиу кæныны æнæмæнгхъæуындзинад канд аэд- дагон уавæр æмæ æддагон æзнæгтимæ иу- мæ тох кæныныл баст миййаг нæ уыдис. XVIII æнусы уæлдай тынгдæр чи стыхджын ис, уыцы дыууæ адæмы историон бастдзи- нæдтæ ахъаз кодтой Гуырдзыстон æмæУæ- рæсейы кæрæдзимæ æрбангомдæр кæнынæн, политикон æгъдауæй сæ баиукæнынæн. Уæ- рæсеимæ цæдис объективонæй дзуапп лæ- вæрдта гуырдзиаг адæмы бындурондæр ин- терестæн. Уыцы цæдис гуырдзиаг адæмы бахъахъ- хъæдта æддагон знæгты æрбалæбурдтытæй, фæтагъддæр кодта патриархалон-феодалон бындурты фехалыны хъуыддаг, ахъаз код- та базарад æмæ æрмдæсныйады райтын- гæн. Уæрæсемæ æрбаиу кæныны фæстиуæгæн гуырдзиаг адæм бахаудтой царизмы æф- хæрды бын. Ие ’фхæрды бын ма уыдысты, Уæрæсейы империйы куыд уырыссаг, афтæ æндæр адæмтæ дæр. Гуырдзиаг æлдæрттыл æнцой кæнгæйæ, царизм Гуырдзыстоны зæх- хыл уагъта йæхи политикæ. Уый дзуапп лæвæрдта æрмæстдæр хæдхæцæгады инте- рестæн. Фæлæ æппæт уыдонмæ æнæкæсгæ- йæ ,Гуырдзыстоны Уæрæсемæ æрбаиу кæ- нынæи уыдис стыр прогрессивон нысани- уæг. 72'
Гуырдзыстоны Уæрæсемæ æрбаиу кæны- ны нсторион акт дзуапп лæвæрдта Фæскав- казы адæмты интерестæн. Уый бæрæг цæуы уымæй æмæ Фæскавказы Уæрæсемæ æрба- иукæныны процесс канд уырыссаг æфсФады архайдтытæй кæнгæ нæ уыд, фæлæ ма Фæс кавказы адæмтæн сæхи активон хайадистæй кæнгæ дæр. Уыцы адæмты минæвæрттæ уы- рыссаг æфсады рæнхъыты хъæбатырæй тох кодтой Турк æмæ Ираны ныхмæ. Уымæн нын æвдисæн у, гуырдзиаг, сомихаг, ирон æмæ азербайджанаг æфсæддон хæйтты хæс- тон архайдтытæн уырыссаг æфсады коман- дæкæнынад цахæм стыр аргъ скодта, уый. Уыцы æфсæддон хæйттæ уырыссаг æфсады сконды активон хайад райстой Уырыс-Ира- ны æмæ Уырыс-Турчы хæстыты XIX æнусы фыццаг æмбисы, Хъырымы хæсты 1853— 1856 азты æмæ Уырыс-Турчы хæсты 1877— 1878 азты. Стыр Уырыссаг адæмы æххуы- сæй, Турк æмæ Ираныл уырыссаг æфсады фæуæлахизы руаджы Гуырдзыстон Х1Хæну сы 70 азты зынгæ бæрцæй æрбæстон код- та йæ историон арæнтæ, сæххæсти гуырг дзиаг адæмы æнусон бæллиц. Гуырдзысто- мæ æрбаиу сты йæ раздæры зæххытæ Джа- вахет, Самцхе-Саатабаго æмæ Ачъара. Гуырдзыстоны Уæрæсемæ æрбаиукæнын кæрон скодта мидфеодалон хæстытæ æмæ хъаугъатæн, ахъаз кодта сæ базарадон æмæ экономнкон ахастыты дарддæры рæзтæн, бæстæйы мидæг товарон-æхцайон ахасты- ты рæзтæн, классон ныхмæдзыдтæ æмæ классон тох фæкарздæр кæыынæн. Уæрæсейы чи райтынг ис, уыцы револю- цион змæлд ахъаз кодта гуырдзиаг фæл- лойгæнæг адæмы химбарынады рæзтæн, марксизмы идеятæм се ’рбаввахс кæнынæн! Нæ Райгуырæн бæстæйы адæмты кæрæ- дзимæ æфсымæрон ахастытæ тынг сырæз- тысты æмæ сфидар сты Стыр Октябры со- циалистон революцийы фæуæлахизы фæстæ. Уыцы æфсымæрон ахастытæ уæлдай тынг- дæр фæбæрæг сты мидæггагон æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты. Нæ Райгуырæн бæстæ æппæт дунейæн сбæлвырд кодта ССРЦ адæмты фидар иудзинад æнæфехæл- гæ кæй у, æмæ уый басæттын кæй никæцы знагæн бантысдзæн. &аазг&&г2 БЯЗЫРТЫ АЛЫКСАНДР НАРТЫ ЭПОСЫ ИСТОРИ* XIII. КУЫСТЫ ÆМÆ ГУМАНИЗМЫ ТЕМÆ НАРТЫ ТАУРÆГЪТЫ Рагон заманты нæ фыдæлтæн «сыгъзæ- рин дуг» сæ царды никуы уыди, Æрдзон стихион фыдбылызтæ, — митзæйтæ, ивылд дæттæ, æнæкъæвда сæрдтæ, стонг азтæ эпидемитæ, хъомрын æмæ мæнхъæ, хъызт зымæгтæ æмæ æндæр ахæмтæ арæх æл- дариуæг кодтой нæ фыдæлты зæххыл. Æмæ уыцы æрдзон фыдбылызты ныхмæ нæ фыдæлтæн уыди хæцæнгарзæн уæззау куыст æмæ кæрæдзийæн æххуыс. Ныртæккæ дæр ма Хъобангомы Гачъы- ны рагъыл къуыпп дарынц сæдæгай мет- рон саппытæ æмæ террасæ-хуымтæ. Ра- гон Хъобангомы бронзæйон фæрæттæ æмæ цонгдарæнтæ зонгæ сты бирæнымæц адæ- мтæн сæ фотонывтæй дæр, фæлæ терас- сæ-хуымтæ æмæ саппытæн нæ дæр сæ кой ис, нæ дæр сæ фотонывтæ. Уыдон рагон египетаг сæдæметрон пирамидæтæй къад- дæр диссаджы æвдисæнтæ не сты нæ фы- дæлты — фæллойгæнæг адæмы’ куыстуар- зондзинадæн. Афтæ у терассæ-хуымты хъуыддаг йннæ кæмтты дæр. Бирæ историон æвдисæнтæй ам æрхæс- дзыстæм æрмæстдæр X æнусы цæрæг ара- ббаг географ Масудийы хабар: «Кумыки живут- в мире с аланами... из территории кумыков вступают в землю алан, которая хорошо обработана»1. Фæллойгæнæджы • цæсты куыст кæддæ- риддæр кадджын уыди. Уымæн æвдисæн сты, нæ фольклоры дзæвгар кæй ис куыс- ты зарджытæ æмæ таурæгътæ, уыдон, зæ- гъæм, «Хоры зарæг», «Гутоны зарæг», «Фæззæджы зарæг», «Найгæнæны зарæг», «Уонайы зарæг», «Сой-сой» æмæ бирæ æн дæртæ. (К[æс уый тыххæй Галаты Барисы «Ирон адæмон зарджытæ» æмæ Салæга- ты Зояйы «Ирон а1дæмон сфæлдыстады» дыккаг том.) Нарты таурæгътæ дæр цыт æмæ кад кæ- нынц йуыст æмæ фæллойæн. Амæйразмæ уал мах æрдзырдтам «Нæртон хъомгæсты куысты лæгдзинадыл» («Фидиуæг» 1981, XII, 84—85), æмæ ныр адарддæр кæндзы- стæм куысты темæ нæртон эпосы. I. НАРТЫ (ЛЫР ХУМБАР 1903 азы Махческы хъæуккаг зæхкусæг Кертибиты Картибийæ ныффыстæуыди диссаджы таурæгъ «Тизмудæ æмæ нарты æгæнон симд», мыхуыры та фæзынд 1927 азы чиныгы «Памятники народного творче- ства осетин», (цыбырæй ПНТО). * Кæс «Фидиуæг» 1977 азы III æмæ VIII номыртæ; 1978 азы I, IX; 1979 азы I, VIII; 1980 азы I, VI; 1981 азы III, VII; 1982 азы IV номыры. ^
Зындгонд у, царды æцæгдзинады рав- дисынæн фольклор кæй пайда кæны ар-æх йæхн спецификон амалтæй — гипперболи- зацигонд æнæреалон фæлгæнцтæй уымæй хицæн кæны фольклорон уацмыс литера- турон уацмысæй. Æмæ уыцы фонтастикон нывты æхсæнты акæсгæйæ, мах хъуамæ фенæм рагон æцæгдзинæдтæ, мæнæ ми- гъæйæмбæрзт алфæмбылайы предметты зынæй куыд февзарæм, уыйау. Бирæ адæмтæм ис ахæм аргъæуттæ, æмæ дзы мæгуыр лæппуйы куысты æмæ тохы лæгдзинад райгом кæнынц усгурты ерысы. Бæрзонд мæсыгæн йæ æвдæм уæ- ладзыджы бады хивæнд рæсугъд чызг æмæ æрдомы йæ курджытæй зынтæй æх- хæстгæнæн митæ æмæ хъуыддæгтæ: ден- джызы ’бынæй сыгъзæрин къухдарæн си- сын, авдсæрон уæйыджы басæттын, бæхыл бадгæйæ, мæсыгæн йæ уæллаг рудзынгмæ сгæпп кæнын, æртæ хатты афтæ бамбæх- сын, æмæ йæ æрвайдæнæй дæр куыннæ ссардæуа æмæ æнд. Ахæм аргъæутты классификаци кæнынц сæрмагонд номыртæй № 329 — «Елена Прекрасная», «Æрвайдæны аргъау», №530 П — «Сивка Бурка», «Нарты Уырызмæджы фырт Хъырымсолтан» æмæ æнд.2 Тизмудæ дæр цæры авд фæндаджы ас- тæу авдуæладзыгон галуаны. Сахъ лæппу- тæ йæм усгур цæуынц, фæлæ сæм чызг йæ рудзынгæй дæр нæ ракæсы. Уæд сарæзтой æнæфенгæ кафт, — алчи кафы йæ куысты’ мигæнæнимæ: кæмæн йе ’ккой’ йæ сагой, кæмæн йæ къухы йæ ста- уæн, кæмæн цы, кæмæн цы — афтæмæй симынц. Фæлæ нæй, чызг нæ кæсы. Уæд хонæг барвыстой гутондар Хумбар- мæ. «Уый уæд сæдæ гутонæй хуым кодта... Стæй уый дæр нарты æгæнон симдмæ ра- цыди. Иæ дыууæ уæхскыл æрцауыгъта сæ- дæ æфсæны æмæ сæдæ дзыргъайы, афтæ- мæй нарты стыр Хумбар бацыди æгæнон симды. Йæхи-иу куы сцагъта, уæд-иу сæ- дæ æфсæны æмæ сæдæ дзыргъайы сæдæ æвзагæй суасыдысты. Тизмудæ уый куы фехъуыста, уæд нал фæлæууыди æмæ мæсыгæй æрхызти симдмæ...» (ПНТО, II, 1927, 66 ф.). Æфсæнтæ æмæ дзыргъатæ стилгæиæ ис гæнæн æмæ сæ райхъуыса къæрццытæ æмæ дзæхстытæ дæр. Фæлæ диссаг уый у, æмæ адæмон дæсны куыд равзæрста аккаг мив- дисджытæ, эпитеттæ æмæ метафорæтæ гутондары уæздан æмæ рæсугъдæй равди- сынæн. Цæлхъытæ æмæ гуыппытæ нæ,— фæлæ зæгъы æфсæнтæ æмæ дзыргъатæ суасыдысты (цъиутау), алыхуызон уы- нæртæ æмæ зæлангтæ нæ, — фæлæ зæгъы сæдæ æвзагæй (мелоди, мотив). Ноджы ма гутондары хоны «нарты стыр Хумбар (великий Хумбар)». Ахæм амæлт- тæй таурæгъгæнæг æргом кæны йæ хæлар ахаст кусæг лæгмæ. Уырыссаг былинæты стыр гутондар Ми- кула Селянинов ахæм дынджыр гутонæй хуым кæны: Да их тридцать-то удалых молодцов Пришли обирать соху ратного, Да не смогли сохи они с места двигнути. Ам гиперболизаци æрцыди иунæг пред- мет, нæртон кадæджы та гутон лæ, фæлæ сæ нымæц; сæдæ гутоны. Сатана дæр иу таурæгъ къуымбил пиры сæдæдæндагон пирæныл. Эпикон нымæцы ролы ирон фоль- клоры балæууынц сæдæйæ уæлдай ма авд, дыууæ дыууадæсы: авдсæрон уæйыг, дыу- уæ дыууадæсæй æрбацæуынц æмæ аф. д. Ахæм амæлттæй адæмон таурæгъгæн- джытæ сфæлдыстой уæздан æмæ хæлар- зæрдæ хуымгæнджыты фæлгонц — нæртон стыр Хумбары фæлгонц. 2. ГУТОНДАР СУБÆЛЦЫ ЛÆГДЗИНАД ХЪОМРЫНЫ ЗАМАНЫ . Хъомрын, манхъа, донивылд, хус аз æмæ æндæр стихион фыдбылызтæ куынæг код- той фосы. Æз* ам æрхæсдзынæн иу-цалдæр хабарьг, историон факты. 1870—1880 азты Кавказ æмæ Астæук- каг Азийы хъомрынæй фæцагъды ис фо- сæн сæ 75%, æрмæст Францы амард 90— 95%, фосæй. Уæрæсейы 39 губернийы 1884 азы амард хъомрынæй 396 000 стуры3. / «Март 1875 года разразился и закон- # чился страшной снежной бурей, погубив- шей под глубокими снежными- заносами десятки тысяч домашнего скота, десятки людей, наворотив с корнями тысячи раз- ных деревьев...»4 1919 аз. «Когда в ледниках Кавказа на- чалось таяние снега. Бурный.поток шири- ной до 5 км. снес 18 аулов с садами и посевами, в его водоворотах погибло много скота».5 * Алчидæр æмбары, цас фыдæбон æмæ уæззау куыст бакæнын хъуыд адæмы ахæм стихион фыдбылызты заманты. Ахæм цаутæ ныууагътой сæ фæд нæ фоль- клоры дæр. 1903 азы хæххон зæхкусæг Къолойты Базе радзырдта таурæгъ, «Нарты мæгуыр бонтæ» зæгъгæ, йæ ном. «Бирæ мæгуыры бонтæ федтой нарт, фæлæ сын хъомрын æмæ стонг азтæй тынгдæр сæ зæрдæ" ницы басаста. Иу ахæ- мы та Нартыл æвзæр ихæн зымæг скодта æмæ ма уыимæ сæ фосыл фыд хъомрын рацыд æмæ сæ бабын кодта. Фос никæ- мæуал уыди, фæцагъды сты. Æгас Нарты ма баззади иунæг Субалцы хъулон гал. Уый Субалц хъомрыны размæ бамбæхста зæххы бын хатæны æмæ йæ афтæмæй, æнæ æддæмæ рауадзгæйæ, мидæг дсн æмæ мидæг хорæй хаста. Стæй хъомрын куы банцади, уæд Су- балц дæр йæ гал сифтыгъта æмæ йæхи- цæн дæр æмæ ма нартæй кæуыл æххæст, уыдонæн дæр «бахуым кодта æмæ сын байтыдта мыггаг». (ПНТО, II, 1927, 31—32). Афтæ сарæхсти нæртон Субалц æрдзон стихион фыдбылыз хъомрыны заманы бын- тон иппæрдæй схаста йæ галы æмæ йæхи- цæн дæр бахуым кодта æмæ йæ сыхæгтæн дæр баххуыс кодта бахъуаджы сахат. 3. САТАНАИЫ СГУЫХТДЗИНАД СТОНГ ЗАМАНЫ Арæх æвзæрстой нæ фыдæлтæ æххор- маг азтæ. Уымæн фæрссаг историон æвди- сæнтæ дæр ис. Афтæ уырыссаг историк хъусын кæны 1346 азæн ахæм хабар: 74
«Бысть мор силен зеЛо Под восГочною страною и на Орначи, и на Асторокани, и на Саран, и на Бездежи, и на Черкасах, н на Гатарех, и на Обезах и яко не бысть кому погребити их»в. Ам комкоммæ Иры кой нæй, фæлæ йæ алфæмблай Астрахан, черкес æмæ абхаз (гуырдзы) кæм фесты емынæйы бын, уым ма Ир кæцæй аирвæзтаид. Гуырдзиаг историк дæр 1621 æмæ 1650 азты æхсæн фыста ахæм хабар; «Вымерла Верхняя Джава и яе стало там осетин и. так вымерла, что никаких при- знаков людской жизни там не осталось»7. Уæдæ XVII æнусы Дзаугомы ир фæ- цагъды сты цыдæр низæй, æмæ дзы стæй ногæй æрцардысты нырыккон мыггæгтæ. Нæртон таурæгъты тынг арæх сты эпи- деми æмæ стонг азтæ. Афтæ цæвиттонæн зæгъгæйæ, Уырызмæджы æнæном лæппу- йы таурæгътæ æмæ варианттæй 33 тек- стæй 18 тексты райдайынц стонг азы нывтæй (Кæс ПНТО, II, 31—32; ХИАУ, 1,125—128; 177—178; НТХ, 106—107; А. Шифнермæ, 77—86; ПНТО, I, 21—26 III, 3—10; ИАС, I, 40—43; " ССКГ, V, 22—27 æмæ æнд.) 1868 азы мыхуыры рацæугæ «Нарты Уырызмæджы кадæг» райдайы афтæ: «Нартыл фыддуг, фыдаз скодта æмæ æд- дæмæ рацæуынæн дæр нал уыдысты. Иубон куы уыди, уæд ма сæ сæрæн чи уыди, уыдонæй чидæртæ ныхасмæ рацы- дысты æмæ сæ мæллæгæй ныхасыл баф- тыдтой. ...Уæд кæцæйдæр иу гадза æрбалæууы- ди æмæ ныхасы æфтыдæй чи лæууыди, уыдонæй кæмæн йæ сæрты агæпп кæны, кæмæн та йæ рихийы фарс астæры...» Уырызмæг уыдæттæ куы федта, уæд раздæхт йæ хæдзармæ æмæ сæ рахабар кодта Сатанайæн. Æмæ уæд сфæнд код- той стонг адæмы схæссын. Æрхуыдтзй сæ æмæ сæ къорд бонты фæхастой (А. Шифнер. Осетинские тексты, 1868, 77— 86). 1903 азы Къолойты Базейæ цы таурæгь ныффыстæуыди, уым афтæ райдыдта стонг азы хабар. «Уæд хуыцау фæхуртæ кодта æмæ ду- не басыгъта, зæххæй кæрдæджы хал дæр нал ссыди. Æрфæззæг и. Нарт сæ " зæронд тыллæг бахордтой, ног та зайгæ не ’ркодта æмæ сыдæй мæлынмæ æр- цыдысты. Кусын ма кæй къухы æфтыди. Ныхасы хъентæй лæууыдысты æмæ Хуы- ’цаумæ дзынæзтой... Адæмæй слæууын- хъом ничиуал уыди, — уымæ æрцыдысты нарт...» Уæд Уырызмæг фидиуæгæн ныхъхъæр кæнын кодта, цæмæй йæ хæдзармæ æр- цыдаиккой стонг адæм. «Нартæй цæуынхъом чи уыди, уыдон æрцыдысты æмæ астæмæй-астмæ- Уырыз- мæджы хæдзары фæминас кодтой. Чи нæ фæрæзта цæуын, уыдонæн та сæ хæдзæ- рттæм хæйттæ æрхастой». «Стонг адæм æгæр зыдæй куы фæрис- сой, зæгъгæ сын Сатана йæхи къухæй хæлтъамæдон фæлвæрдта. Ныхъхъуырын чи нал фæрæзта, уыдонæн та йæ иу къухы фынг (тæбæгъ), иннæ къухы уи- Дыг. афтæмæй сын хæрын кодта. «Къуыримæ стонг адæм фæфидар сты, цæуынхъом фесты, æмæ алчи йæ сæрæн цы мадзал ардта, уый кæнын райдыдта. Афтæмæй нарт сыдæй мæлынæй фервæз- тысты». (ПНТО, II, 32). Ахæм реалистон цæстуынгæ нывтæ æмæ фæлгонцтæй адæмон таурæгъгæнæг сфæл- дыста нæртон фольклорон уацмыс, раргом дзы кодта Уырызмæг æмæ Сатанайы уды- хъæды уæздандзинад æмæ бæрзонд гума- низм. Сатана дзы æххæст кæны медици- нон хойы роль æмæ* дзы фесгуыхт ба- хъуаджы заманы йе ’мхъæуккæгтæн æх- хуысы хъуыддаджы. 1940 азы Сатихъары хъæуккаг колхо- зон Дыгъуызты Уасил радзырдта ахæм хабар нарт æмæ чынты цардæй. * «Нартæ æмæ чынтæ бадтысты ныхасы (æмæ загътой) сыдæй скъуыйдзыстæм, нæ хуымтæ æхсæв кæрдинаг кæнынц, бон та цъæх кæнынц... Уырызмæг ныхасæй фæс- тæмæ æрыздæхти æмæ Сатанайæн загъта: — Нартæ æмæ чынты бахынцæм! Уæд Сатана бакодта Уырызмæджы иу къæбицмæ, — æмæ хай æмæ дзулæй йе- дзаг.... Уырызмæг фидиуæгмæ фæдзырд- та... Фидиуæг æрцыд, бахордта, банызта æмæ гæнахы сæрмæ схызт æмæ ныхъхъæр кодта: — Цæуынхъом чи у, уый цæугæ ракæ- нæд, цæуынхъом чи нæ у, уый хæсгæ ра- кæнут. Ныххæррæт кодтой æмæ æрцыдысты. Иу абонæй иннæ абонмæ минасы бадты- сты... Нартæ æмæ чынтæ сыстадысты æмæ рафардæг сты (НТХ, 1973, 106—107). Историктæ æмæ этногрæфтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй «В природе существует не только барьба, но и борь- ба в сочетании с взаимопощью. Эволюция в первобытном стаде человекообразных животных отбирала не только сильных, но и добрых индивидов. Человеческие группы, в которых взаимная выручка, взаимная помощь, сплоченность были вы- ше, выигрывала в борьбе за существова- ние».8 Уæдæ афтæ, Сатана æмæ Уырызмæг сæхи равдыстой се ’мнæртон адæмæн бахъуаджы сахат, æрдзон фыдбылызы за- маны, стонг азы стыр гуманон зæрдæты хицæуттæй, нал бацауæрстой сæ фæлло- йыл, — нывондæн’ æй æрхастой сыдæймæ- лæг адæмæн, Сатана та меДицинон хойы ролы бацыди æмæ йæ æххæст дæр скодта. 4. КУЫРДАЛÆГОН САФА (АЛÆГАТЫ САФА) Нæ фыдæлтæ куырды æмæ зæрингуы- рды куыстытæм кæй арæхстысты, уымæн æвдисæнтæ сты рагон Хъобаны бронзæйæ фæрæттæ æмæ цонгдарæнтæ, стæй рагон чингуыты хабæрттæ. XI æнусы цæрæг персаг поэт Горчини Фахреддины поэмæ «Вис æмæ Рамины» шах рæсугъд Висы галуанæй афтæ зæ- гъы: — «Сæвæрын ыл хъæуы АЛАИНАГ гуыдыртæ æмæ сын равзарын хъæуы ик- диаг æндонæйконд руминаг (Руймон) дæгъæлтæ».9 XV æнусы цæрæг византиаг историк та фыста: — В соседстве с Верхней Ивериеп (Гуырдзыйы рагон ном) «Живуг аланы.... 75
счйтаются между другимн народами са- мыми храбрыми и искусными в военном деле. Они делают превосходные кольчуги... имеют особый язык и из меди приготовля- ют оружие, называемые аланскнм».10 . Нæртон таурæгъты куырды фæлгонцæн ис нæмттæ «куырд Алæгон», «Куырдалæ- гон», «Сафа», «Алæгон Сафа» (ома Алæ- гаты Сафаэ). Легендæтæм гæсгæ, хæдза- ры, къонайы сæрмæ, цы рæхыс уыдис ^аг ауындзынæн, уый дам куырд Сафайы конд у. 1881 азы мыхуыры фæзынди кадæг «Ба. тырадз куыд райгуырди», уым дзырдæуы, бæгъатыры æндонæй куыд байсæрстой. ууыл. «Куырд Алæгонмæ ссыди æмæ йын за- гъта: — Дæ хорзæх мын хуыцау радтæд, æмæ мæн байсæрд, æмæ æндон куыд суон. Куырдалæгон ын загъта: — Æз дæ байсæрдин, фæлæ ды басудз- дзынæ арты,. • Батырадз загъта: — Цыдæриддæр кæнон, уæддæр дзы æнæ байсæрдгæ гæнæн нал ис! Стæй куырд Алæгон (æвзалы) дуртæ æрласта æмæ йæ сæвæрдта куынцгомы дурты бын. Иу сабатæй иннæ сабатмæ дымдта. Стæй йе ’мгъуыд куы æрцы’ди, уæд куырд Алæгон загъта: — Цæй, æмæ фенон Батырадзы, уый афонмæ басыгъди æмæ йын йе стджытæ аппарон! Стæй йæм куы бацыди, уæд Батырадз арты бады æмæ йæм кæсы. Æмæ йын за- гъта Батырадз: — Кæд мæ сæрдыс, уæд мæ байсæрд, — кæд нæ, уæд- мæ мауал хъаз. Æри мæм фæндыр, æмæ æз цæгъдон...» (ОЭ, I, 1881, 14—18). Байсæрста йæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ Батырадзы нæ кард карста, нæ дзы нæ- мыг хызти. Таурæгъгæнæг диссаджы арæхст скодта архайджыты зæрдæйыуаг æмæ сæ кæрæдзимæ ахастытæ сныв кæ- нынмæ. Куырд Алæгоны нæ уырныдта Ба- тырадзы æгæнон фидардзинад æмæ фæ- разон . 1925 азы зæхкусæг Джусойты Кудзийæ ныффыстæуыди таурæгъ «Уырызмæг йæ лæппуйы туг куыд райста». Уый бахъуыди æххуырсты ныллæууын денджызгæрон ^цæ- рæг Кæфты сæр Хуадонмæ хъомгæсæй., Иубон ыл æрцыди ахæм цау: «Иу стур ахызт фосæй фæсфæд. Иу тымбыл дур фелвæста æмæ йæ стурыл фе- хста. Стурыл сæмбæлд æмæ иннæрдыгæй йæ фарсæй дур агæпп ласта. Æркаст æм бæстонæй. Разынди болат æфсæйнаг. Йæ- хицæн загъта: — Цæй, ай уал дзæбæх у, куырд Алæ- гонæн дзы цилхъ саразын кæндзынæн. Изæры йæ йемæ ахаста, куырд Алæгон- мæ баздæхт æмæ йын зæгъта: — Амæй мын цилхъ сараз райсоммæ. Куырд Алæгон æм куы æркаст, уæд ын загъта: — Райсоммæ .дын нæ уыдзæни, фæлæ дын сомизæрмæ цæттæ уыдзæни. Уырызмæг æм бадзуры: . — Иеныр мын дзы иу туас рацæгъд, ме ’рчъитæ фехæлдысты. Куырд Алæгон дзы иу гыццыл ралыГ кодта æмæ йын дзы туас ацарæзта...» (ХИН, 1, 1929. 62—68). Дарддæр таурæгъгæнæг радзырдта: куырд Алæгон асайынмæ хъавыд Уырыз- мæджы æмæ* йæм æндæр æфсæйнагæй конд цилхъ авæрдта, фæлæ Уырызмæг йæ æндонæйконд туас карды куы атъыста, . уæд дзы иннæрдыгæй акаст, Нал уыди гæнæн Алæгонæн æмæ йын уыцы æндонæй- конд цилхъ радта Уырызмæгæн. Таурæгъгæнæг, адæмон аивады дæсны, иттæг арæхст скодта цæстуынгæ нывтæй æмæ хихъустæй хъусгæ диалогтæй равди- сын дыууæ лæджы, — куырд æмæ йæ «за- казчикы», — æхсæн кæрæдзимæ ахастытæ, куырды сайынвæнд æмæ хъомгæсы цыргъ- зонд ми, рагацау йæхи цур туас акæнын яр.ндонæй. 5. 11УАНОН ЛÆДЖЫ ФЫДÆБОН Цуанон лæг мæрдтæм Хæстæгдæр цæрьг, Йæ мард та уæлмæрдтæм Нæ хæццæ кæны. Къоста. 1903 азы адæмон ’аивады минæварæй фыст æрцыди таурæгъ «Нарты сау рувас». Уым диссаджы реалистон нывтæй рав- дыстæуыди Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сос- ланы иу экспедици зынаргъ " сау рувас- дзарммæ æмæ суг ласынмæ хъæдмæ. «Нарт бахæццæ сты Тæгæры тъæпæнмæ. Суг æрцæттæ кодтой. Æхсæвы сæхиуыл уæрдæттæй быру æрзылдтой æмæ сыл зал- ты мит ныууарыди. Алчи сæ змæлын дæр нал фæрæзта. Сæ сугтæ уæрдæттæй акалд- той. — Ныр ма нæ хæдзæрттæм цы мадзалæй фæхæццæ уæм, — зæгъгæ, Уырызмæджы урс сыкъаджын дыууæ сау галы сæ разæй ракодтой (арф миты фæндаг айгæрды- нæн)... Иу ран сæ разæй иу рувас агæпп ласта... Уырызмæджы галтæ дæр нал фæрæзтой. Ацы фырт Ацæмæзæн уыди Тутырыгуырд сау сыкъаджын дыууæ урс галы, æмæ уы- доны сæ разæй ракодтой, афтæмæй æр- хæццæ сты...» (Сатана куы фехъуыста, сау рувасыл амбæлдысты хъæды, уый, уæд хъæддзауты фæстæмæ арæвдз кодта æмæ сæ арвыста рувасмæ.) «Цæуын райдыдтой æмæ ныххæццæ сты денджызы былмæ. Агурын æй райдыдтой денджызгæрæтты Сындзы. Фæагуырдтой йæ астæмæй-астмæ, фæлæ йæ не ссардтой. Холлаг дæр сæм нал уыди, уæддæр ма æртæ боны фæхаттысты, æмæ сæ бæхтæ бастадысты. Иу сæумæрайсом Сослан рауади мусон- гæй æмæ йæ тæккæ цурæй рувас агæпп ласта. Сурын æй райдыдтой, æмæ сæ бæх- тæ нал фæрæзтой. Уырызмæг ма йæ йæ. Æрфæныл бадгæйæ, сурын райдыдта æмæ йæ Уæрппы-хохы бын амардта. Нарт æх- сæвы сæ бынаты баззадысты æмæ сыдæй мæлынмæ æрцыдысты. (ПНТО, II, 1927, 32—38). Ноджы райдианы цы хивæнд Тизмудæйы 76
кои ракодтам, уый йæ курджытæй иуы уый: «Нарты являются... не громоздскими арвыста зынаргъ сау рувасдзарммæ, æмæ фигурами каких-нибудь односторонних по таурæгъы ис ахæм цуан кæныны сценæтæ: стр0ений храбрости, свирепости и тому по" Хъырымсолтан денджызыбыл Сывдзы добное, Но - живыми дюдьми с настоое" хæтын раидыдта æмæ ие фсæн зæнгæиттæ нием в большинстве случаев натупяль" схаудтои, ие сгæллад цухъа дæлейæ-уæ- ным и правдоподобнымЪИ ’" натураль" леиæ баихсыд, йæ аласайы къæхты туг л алы æрдуйы бынæй калди, афтæмæй бирæ АДæмон дæсныиады минæвæрттæ сарæхс- фæхатти æмæ æрæджиау сау рувасы тысты нæРт0НТЫ характертæ раргом кæ- ссардта...» (ПНТО, II, 1927). нынмæ: знаг æмæ фыдгæнæгмæ тызмæг Афтæ цæстуынгæ реалистон нывтæй æв- æмæ æнауæрдонты; бахъуаджы сахат, сти- дыстæуы фыццагон нæртон цуаноны уæз- хион фыдбылызты заманы, се ’мнартонтæн зау æмæ зын куыст. æмæ хионтæн рæдау æмæ æххуысгæнæг; Балхынцъы ныхасæн æрхæсдзыстæм, уæззау куыстæн фæразон æмæ зындзина- 1883 азы этнограф Д. Лавров цы загъта, дæн быхсæг. ФИППАИНÆГТÆ 1 Мамсуди. Луга золота и рудники драгоценных камней. — СМОМПК, 38, 1908 53. 2 Андреев Н. П. Указатель сказочных сюжетов по системе 1929; Бязыров А. X. Опыт классификации осетинских народных сказок по системе Аарне — Андре- ева. — Известия ЮОНИИ, IX, 1958, 310—346; X, 1960, 53—112. 3 Чума рогатого скота. — ЭСБЭ, 77, 1903 г. . « Лавров Д. Заметки об Осетии осетинах. — СМОМПК, III, 1883, 21—22. 5 Маслов Е. В степях и предгорях кавказа, Москва, 1956, 79. с ПСРЛ, X, 1896, 212. ■ 7 Тогошвили Г. Д. и Цховребов И. Н. История Осетии в документах и материа-* лах I, 1962, 103; Документы из социальной истории Грузии — Редактор И. Бер- дзенишвили. Тбилиси, 1940, 363. 8 Анучкин В. А. Географический фактор в.развитии общества. Москва, 1982, 68. 9 Гиунашвили Джемшид. XI æнусы персаг поэт аланы тыххæй. Газет «Советон Ирыстон» 1972 азы 14 декабрь; журн. «Фидиуæг», 1972, X, 88—89. 10 Миллер В. Ф. Терская область. Археологическая экскурсия. МАК. I, Москва, 1888, 118. П Лавров Д. Заметки об Осетии и осетинах. — СМОМПХ, III, 1889, 187. ГАГЛОЙТЫ ХАЗБИ, Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы юс- тицийы хайады хистæр, Гуырдзыстоны ССР-йы сгуыхт юрист. * Хуссар Мрыстоны Автономон областы хæлцадон программæ сæххæст кæныны фæдыл барадон куыст Хæлцадон программæимæ баст хæслæ- хъæуты техникæ æмæ кондады æндæр двæрдтæ æмæ домæнты ’хсæн юристтæн фæрæзтæй чи ифтонг кæндзæн, сæудæдже- ’уæлдай ахсджиагдæртæ сты æппæт агро- рады къабæзты ахæм кондадон хъомы- сæудæджерады организаци æмæ уымæн садтæ дарддæр сырæзын кæньшы фæдыл. разамынд дæттыны хъуыддаг зынгæ бæр- Нысан цæуы, хъæууон фæллойгæнджыты цæй фæхуыздæр - кæнын. Уый тыххæй аг- материалон разæнгарддзинад, хъæууон хæ- росæудæджерадон комплекс хицæнгонд дзарадон продукцийы гъæд æмæ бæрц цæуы, куыд план кæныны, æхцайы фæрæз- фæфылдæр кæныны ’рдæм здæхт чи у, тæй ифтонг кæныны æмæ разамынд дæт- ахæм мадзæлтты комплекс. Уыимæ ма тыны сæрмагонд объект, афтæ. Автономон уым нысан цæуы хъæууон фæллойгæнджы- республикæтæ, крайтæ, областтæ æмæ ра- тæн хорз цардуагон, социалон æмæ куль- йонты арæзт цæуынц агросæудæджерадон 1урон уавæртæ саразын. Ахсджиаг ма- баиугæндтæ, Цæдисон республикæты æмæ дзæлттæ ма ист цæудзысты, быдыры дзæ- центры та — агросæудæджерадрн комп- гъæлы цы продукци сæфа, стæй ма хой- лексты фарстыты фæдыл къамистæ. раг цæттæ кæныны, æфснайъщы æмæ щ Ахсджиаг мздзæлттаз ист æрцæудзысты, ранæц иннæ .ранмæ ласыны рæстæджы чи 77
сæфа, уыдон ныхмæ дæр. Фылдæр хъус- дард æздæхт æрцæудзæн сæрмагонд уæ- лæмхас ’хæдзарадтæм, коллективон дыргъ- дард æмæ цæхæрадоны халсæртты тыллæг фылдæр кæнынмæ, ахæм хъуыддаг хынц- гæйæ, цæмæй уыцы сæрмагонд æмæ кол- лективон хæдзарадтæ ма суой спекуляцийы æмæ хисхъæздыг кæныны фæрæз. Алы сæудæджерадон куыстуат, органи- заци дæр, сæ уавæртæ сæ куыд амоной, уымæ гæсгæ сæхицæн араздзысты коллек- тивон уæлæмхас хæдзарадтæ. Карз æмæ дырысæй хъуамæ хъахъ- хъæд цæуой колхозтæн управлени дæтты- ны демократой принциптæ. Бынтон æндæр хуызы арæзт цæудзысты хъæууонхæдзара- дон куыстуæттæ — колхозтæ, совхозтæ, æх- сæнхæдзарадон баиугæндтæ æмæ «Хъæу- хæдзтехникæ»-йы ифтонггæнæг куыстуæт- ты, арæзтадон æмæ цæттæгæнæг органи- зациты ’хсæн ахастытæ. Уыцы куыстуæт- тæ æмæ организациты куыстмызд фиды- ны хъуыддаг баст уыдзæнис хъæууонхæ,- дзарады продукцийы бæрцыл. Хæлцадон программæйæн СЦКП ЦК ноябры (1982) пленумы æххæст характе- ристикæ радта йæ раныхасы СЦКП Цен- тралон Комитеты Генералон секретарь æмб. Ю. В. Андропов. Уый номхуындæй загъ- та: «Нæ планты централон бынат лæвæрд цæуы, Хæлцадон программæ среализаци кæнынимæ баст чи сты, уыцы мадзæлттæн. СЦКП Централон Комитеты Майы (1982 азы) пленумы уынаффæтæ сæххæст кæны- ны фæдыл фыццаг къахдзæфтæ мах арæз- там тынг зын уавæрты. Ацы аз нын боны- гъæд нæ къух нæ сарæзта. • Фæлæ уæддæр æнæмæнг банысан кæнын хъæуы хъæу- уон фæллойгæнджыты удуæлдай куыст. Уый фæрцы, стæй ма ноджы хъæу- уон хæдзарады материалон-техникон ба- зæ сфидар кæныны руаджы дæр иукъорд областтæ æмæ республикæты къухы баф- тыд хорз фæстиуджытæ... Кæй зæгъын æй хъæуы, иууылдæр æй зонынц, Хæлцадон программæ сæххæст кæ- нын иу азы хъуыддаг кæй нæу. Бæгуы- дæр афтæ у. Фæлæ мах комкоммæ хъуамæ зæгъæм дыккаг хабар дæр: «Хæлцадон про- граммæ сæххæст кæныны хъуыддагæн ныддаргъгæнæн нæй. Агросæудæджерадон комплексы кусджытæ хъуамæ бонæй-бон- мæ сæ хъарутæ фылдæр кæной, кусой аф- тæ, цæмæй ацы хæслæвæрд аскъуыддзаг кæныны тыххæй цы тынг бирæ фæрæзтæ хардз цæуы, уыдон хъуамæ абон дæттой сæ фæстиуæг, сом райсом та ноджы фыл- дæр». ССР Цæдисы Уæлдæр Советы æвдæм сессийы (1982 азы ноябрь). ССР Цæ- дисы Министрты Советы Сæрдары хæди- вæджы, ССР Цæдисы Паддзахадон планы Сæрдар Н. К. Байбаковы æмæ ССР Цæди- сы финансты министр В. Ф. Гарбузовы доклæдты нысан цæуы, зæгъгæ, агросæу- дæджерадон комплексы къабæзтæ рæзын кæнынæн рахицæн æрцыд 47 миллиард со- мы капиталбавæрдтытæ. Хъæууон хæдзара- ды кусджытæн цæрæнуатон-коммуналон æмæ культурон-цардуагон арæзтадтæп та паддзахадон капиталбавæрдтытæй рахицæн æрцæудзæн 5,2 миллиард сомы. 1983 азы фыдызгъæлы райст фæфылдæр уыдзæн 6,-1 проценты, царвы — 8,4, цыхты —6,8 æмæ консервты райст та — 4 процен- ты. Паддзахадон бюджетæй* рахицæн æрцæу- дзæн 16 миллиард сомы 1983 азы 1 янва- рæй ставд фосы, хуыты, æхсыры, хойра- джы, сæкæры цæхæрайы, картоф, цæхæра- доны халсæрттæ æмæ хъæууонхæдзарады æндæр продуктты æлхæныны æргътæ фæ- фылдæр кæныны тыххæй. Хæлцадон программæ сæххæст кæнын æппæты фыццаг дæр баст у, иууон агро- сæудæджерадон комплекс чи аразы, адæ- мон хæдзарады уыцы къабæзты уæвæг уа- вæртимæ. Хуссар Ирыстоны автономон областы Хæлцадон программæ сæххæст кæнынимæ баст фарстытæм хъуамæ здæхт æрцæуа иууыл ахсджиагдæр хъусдард юстици æмæ тæрхондæтты æппæт органты ’рдыгæй, сæ компетенци ’куыд у, уымæ гæсгæ. Цæмæй ССР Цæдисы Хæлцадон прог- раммæ, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны автономон областы Хæлцадон программæ сæххæст кæныны фæдыл СЦКП ЦК Майы (1982) æмæ Ноябры (1982) пленумты æмæ ССР Цæдисы Уæлдæр Советы дæсæм æр- сидты æвдæм сессийы уынаффæтæ æххæст æрцæуой, уый тыххæй нæ областы юрист- тæ хъуамæ арф æмæ лæмбынæг сахуыр кæной уыцы пленумты æмæ, сесситы æр- мæджытæ, цæмæй иттæг хорз зоной’ хæл- цадон Программæйы социалон-экономикон, управлени кæныны æмæ организацион ас- пекттæ. Æрмæстдæр ахæм уавæрты нæ об- ласты юстици æмæ тæрхондæтты органты кусджытæн ’ компетентонæй сæ бон бауы- дзæнис нæ’ областы Хæлцадон программæ * сæххæст кæныны хайад исын. СЦКП ЦК Майы æмæ Ноябры пленумты уынаффæтæ махæн амонынц тæрхондæтты куысты æмвæзад цæхгæр фæбæрзонд’дæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад. Уæлдай карз æмæ хъуыдыджындæр мадзæлттæ исын хъæуы социалистон исад паплой кæ- ныны, æнæхæдзардзинад æмæ фосы мæлы» ны ныхмæ тохы. Уæлдай тынгдæр хъус æрдарын хъæуы паддзахадон æмæ фæлойадон дисциплинæ хъахъхъæныны, нæ областы æмæ районты агросæудæджерадон комплекс паддзахадон куыстуæттæ, организацитæ, колхозтæ æмæ совхозты закъонон интерестæ хъахъхъæны- ны фарстытæм. Нæ тæрхондæттæ хъуамæ раст æмæ рæс- тæгыл, бæрæг-бæлвырд æмгъуыдты æвза-* рой хæлцадон программæимæ баст хъуыд- дæгтæ. Хъуамæ бæрæг фæхуыздæр уа, колхоз- тæн æмæ совхозтæн, агросæудæджерадон баиугæндтæ æмæ агросæудæджерадон ком- плексы æндæр куыстуæттæн хицæн адæй- мæгтæ цы зиан æрхæссынц, уый бафиды- ны фæдыл, стæй иумæйаг исад давын æмæ паплой кæныны ныхмæ куыст. Нæ областы æмæ совхозты дебиторон хæс- тæ тынг бирæ сты — 4 милуан сомы бæрц. Райсын хъæуы æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй ацы уавæр рараст уа. Фыдгæнджы- ты рабæрæг кæнынимæ иумæ зиан бафи- дыны фæдыл куыст хъуамæ æнæмæнг суа тæрхондæттæ æмæ юстицийы органты кус- джыты, стæй тæрхондоны æххæстгæнджы- ты фыццаг радон хæс. 78
Фыдракæндты ныхмæ тохы ахсджиаг бы- нат лæвæрд цæуы уголовон æфхæрдæн. Агросæудæджерадон комплексимæ баст уголовон хъуыддæгты æфхæрды барæн ны- сан кæнгæйæ, ницахæм сæрмагонд крите- ри ис. Тæссаг фыдракæндтæ чидæриддæр сараза, æппæт уыдон уголовон кодексы до- мæнтæм гæсгæ хъуамæ карз æфхæрд цæ- уой. Уыимæ иумæ, æнæ исты бындурæй нæй гæнæн æмæ исчи рæстæй æфхæрд æр- цæуа, уымæн йæ сæрибардзинад байсгæ- йæ. Ацы хъуыддаг уæлдай тынгдæр хауы колхозтæ æмæ совхозты къухдариуæггæн- джытæм. •Нæ областы тæрхондæттæ хъæууонхæ- дзарадон техникæйæ æнæзакъонон æгъда- уæй пайда кæнын, байтыды фæзуæттæн ба- рæй знаггад кæныны, ветеринарон ’фæт- койтæ- халыны, кæрдзын æмæ кæрдзыны продукттæй фос нард кæныны фæдыл хъуыддæгтæ нырма цъус æвзарынц. Ахæм фыдракæндты фæдыл фæстаг азты Дзау æмæ Знауыры районы адæмон тæрхондæт- тæм иу хъуыддаг дæр не ’рбацыд. Ахæм уавæрæн та бынат уый тыххæй ис, æмæ уæлдæрбанысангонд фыдракæндты ныхмæ æмбæлон тох нæ цæуы. Нæ областы хъæууон хæдзарадæн реа- лон зиан хæссы барвæндонæй æхсæнадон зæххытæ хибакæнын æмæ уыдон паплой кæнын. Хъæуты нæм ахæм фæткхæлдтытæ нырма дзæвгар ис. Фæтыхджындæр хъæ- уы паплойдзинæдты ныхмæ тох. Иуæй-иу колхозтæ æмæ совхозты нырма ахæм фыд- ракæндтæ- æргом кæнынæн æххæст аргъ нæма кæнынц. Ныртæккæ нæм арæх вæййы афтæ, æмæ паплойгæнджыты (фыццаг хатт фыдракæнд чи сарæзта), ахæмты ныхмæ уголовон ба- рæцтæ нæ райсынц, фæлæ административон барæнтæ, материалон бæрндзинадмæ сæ æркæнынц, афтæмæй. Ахæм практикæ раст нæу. Бæрæг куыд у, афтæмæй сæрибардзи- над байсынимæ баст чи нæу, ахæм барæн- тæ райсын нæ къаддæр кæны паплойгæн- джытимæ тохы , æнæмæнгхъæуындзинад. Сæйраг у, цæмæй фыдгæнæг кæддæриддæр æфхæрд цæуа. Хъыгагæн, арæх тæрхондæттæ ахæм хъуыддæгтæ куы февзарынц, уæд сын сæ тæрхоны скъуыддзаг æхсæнадæн нæ фехъу- сын кæнынц. Дзау æмæ Цхинвалы район- ты ахæм хъуыддæгтæ февзарынц бынаты — куыстуæттæ, колхозтæ æмæ совхозтæм ацæугæйæ.. Адæмон тæрхондæттæ стæм • хатт æрæвæрынц куыстуæттæ, колхозтæ æмæ совхозты къухдариуæггæнджыты стыр бæрндзинады фæдыл фарст. -Афтæмæй та уыдонæн сæ иуæй-иуты# мæгуырау архайд арæх фæахъаз кæны ах’æм фыдракæндтæн уавæртæ саразынæн. Хæлцадон программæ сæххæст кæныни- мæ баст тæрхондæтты куысты æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл дзургæйæ, стыр хъусдард" здахын хъæуы колхозтæ æмæ совхозты знаггæдты бафидыны фæдыл æм- бæстагон хъуыддæгтæм. Уæлдай мæгуы- раудæр та цæуы, æхсæнадон фосæй чи амæлы, уыцы знаггæдтæ æмæ зиæнттæ ба- фидыны фæдыл куыст. Фæстаг азты, фосы зиæнттæ кæй аххосæй æрцæуынц, уыдо- нæн фæфиддæн вæййы знаггаджы хæрз чы- сыл хай. Прокуратурæ, мидæггагон хъуыддæгты æмæ адæмон контролы органтимæ æнгом контакттæ аразгæйæ, тæрхондоны органтæ æппæтæгъдауæй- хъуамæ архайоД агро- сæудæджерадон комплексæн куыстуæттæ, колхозтæ, стæй хицæн адæймæгтæ цы знаггад ракæнынц, уый сын максималон æгъдауæй бафидын кæныныл. СЦКП ЦК Май æмæ Ноябры (1982) пленумты æмæ ССР Цæдисы Уæлдæр Со- веты дæсæм æрсидты æвдæм сессийы ахс- джиаг уынаффæтæ сæххæст кæнын бирæ бæрцæй бæрæг кæнынц адæмон хæдзара- ды барадон куысты æмвæзад, агросæудæ- джерадон комплексы юридикон службæ хуыздæр сорганизаци кæныны фæндæгтæ. Ныртæккæ нæ областы колхозтæ æмæ совхозты юридикон лæггæдтæ æххæст кæ- нынц æхсæнхæдзарадон юридикон къордтæ кæнæ юрисконсультацитæ. Нæ областы иу- æй-иу районты иу юристмæ хауы дæс хæ-. дзарадæй фылдæр. Юстицийы хайады сæй- рагдæр хæстæй сæ иу у областы хъæууон- хæдзарады управлениимæ иумæ раионон агросæудæджерадон баиугæндтæ аразыны уавæрты хъæууон юридикон службæйы оп- тималон структурæ сбæрæг кæнын. Агросæудæджерадон комплексмæ чи ха- уы, уыцы куыстуæттæ æмæ хæдзарадон органтимæ иумæ юстицийы органты хæс у, хæдзарады иу кæнæ иннæ къабазы цас юристтæ хъæуы, уый сбæрæг кæнын, чи кусы уыцы юрисконсультацитæ бацæттæ кæнын æмæ сын сæ квалификаци фæбæр- зонддæр кæныны фæдыл æмбæлон ма- дзæлттæ райсын, уыдонæн куысты норма- лон уавæртæ саразгæйæ. Бæрæг фæхуыздæр кæнын хъæуы нæ об- ласты хъæууон хæдзарады, стæй адæмон хæ- дзарады* уый ифтонггæнæг йъабæзты бара- дон куыстæн методикон разамынд дæттыны фæдыл юстицийы органты куыст. Юстици- йы органтæ æмæ уагдæттæ хъуамæ ногæй æркæсой хъæуты мидæг фæллойгæнджы- тæн барадон æххуыс раттыны фæдыл сæ куысты плантæм. Бæрæг куыд у, афтæмæй нæм иуæй-иу хъæуты æмбæлон мадзæлттæ ист нæ цæуынц фæллойгæнджытæн бара-. дон æххуыс фæтынгдæр кæныны фæдыл. Иуæй-иу нотариалон къанторатæ æмæ юридикон консультациты куысты нырма бирæ цухдзинæдтæ ис. Уыцы уагдæттимæ иумæ фæллойгæнджытæн барадон æххуыс кæнынц ЗАГС-ы органтæ, бынæттон Со- веттæ, стæй юстици, тæрхондон æмæ æн- дæр органтæ сæхæдæг дæр. Æнæмæнгхъæуæг у нотариалон къанто- рæты архайд æмæ æмбæстагон хъуыддæг- ты фæдыл акттæ регистраци кæныны куы- ст фæхуыздæры охыл хъæууон æмæ посе- локон Советты æххæсткомтæн реалон æх- хуыс фæтынгдæр кæнын. Организацион, разамынадон æмæ æндæр фарстытимæ иу- мæ Хæлцадон программæ æнтысгæйæ сæх- хæст кæныны хъуыддаджы бæрæг нысани- уæг ис барадон пропагандæ æмæ æмбæс- тæгты барадон хъомылады фарстытæ раст скъуыддзаг кæнынæн. Хæс ис уый мидæг, цæмæй агросæудæ- джерадон комплексы кæнæ адæмон хæдза- радимæ баст æндæр къабæзты чи кусы, уыдонæй алкæмæн дæр лæмбынæг бамба- рынчындæуа, Хæлцадон программæ сæх- ’хæст кæнынмæ здæхт чи у, уыцы норма- 79
тивон актты дырыс мидис æмæ ахсджиаг- дзинад. Хъус тынг æрдарын хъæуы зæххы æмæ хъæды хæдзарады зæкъондæттынад адæ- мæн бамбарын кæныны хъуыддагмæ, нæ алыварс уæвæг æрдз барадон æгъдауæй хъахъхъæныны фарстытæм. Уый тыххæй спайда кæнын хъæуы пропагандæйы æп- пæт фæрæзтæй дæр: мыхуыр, радио, зона- дон-популярон юридикон литературæ, цæстуынгæ агитаци æмæ æнд. Æввахс рæстæджыты хъуамæ къухы бафта районты агросæудæджерадон баиу- гæндты, нрмхуындæй та колхозтæ æмæ^ совхозты барадон пропагандæ бæрæг фæ- хуыздæр кæныны хъуыддаг фæллойгæн- джыты æндæр æмæ æндæр категоритæ, бæрнон бынæтты кусæг æмæ хъæууон кон- дады хæдзарадон разамындгæнджыты> ’хсæн. Ацы хъуыддаджы стыр нысаниуæг ис Хуссар Ирыстоны Облæххæсткомы юсти- цийы хайады барадон куыст фæхуыздæр’ кæныны фæдыл координацион методикон Советæн. Уымæн йæ комкоммæ хæс у, со- ветон закъондæттынад æмæ юридикон зо- нындзинæдтæ чи ’мбарын кæны, æппæт уы- цы паддзахадон организациты архайдтæ æнгом координацийы хъуыддаг сифтонг кæнын. Æнæмæнгхъæуæг у, агросæудæ- джерадон комплексы фæллойадон коллек- тивты экономикон æмæ социалон рæзты плантæм барадон-хъомыладон фарстытæ бахæссын. Паддзахадон æмæ фæллойадон дисцип- линæ сфидар кæныны ахсджиаг фактор у фæллойгæнджыты фыстæджытимæ æмбæ- лон куыст сифтонг кæнын. ’ Фæллойтæнджыты фæндæттæ, курдиæт- тæ æмæ хъæстытæм цахæм хъусдард уа, ууыл баст у, адæмы барадон хъомылад æмæ советон закъæттæ куыд æххæст цæ- уой, уый. Гъе, уымæ гæсгæ быхсæн нæй бюрократизм æмæ волокитæтæн, агросæу- дæджерадон комплексы кусджытæй æрба- цæугæ хъæзтытæм æнæмæты ахаст дары- нæн. СЦКП ЦК Майы (1982) Пленумы уы- наффæтæ сæххæст кæныны охыл юстици- ЛОЛАТЫ БАТРАДЗ. СЦКП Цæ1ат Ирыстоны Дыгуры райкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргъ- лæууæг йы хайад банысан кодта 1982—1983 аз- тæн мадзæлттæ райсын. Алы тæрхондон, алы ноториалон. къанторæ æмæ юридикон консультаци дæр хъуамæ ацы хъуыдда- джы райса конкретон мадзæлттæ, бынæт- тон уавæртæ бахынцгæйæ. Канд мадзæлт- тæ исыи нæ хъæуы, фæлæ ма хъæуы уы- дон куыд æххæст цæуынц, ууыл иудадзыг- дæр контроль кæнынц. Æрмæстдæр ахæм уа- вæрты нæ областы юстици æмæ тæрхон- дæтты органтæн сæ бон бауыдзæнис сæ разлæууæг хæстæ сæххæст кæнын Хæлца- дон программæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Ныртæккæ нæ областы юстици æмæ тæрхондоны, стæй æппæт барадхъахъхъæ- нæг органты фыццаградон хæс у Хæлцадон программæ сæххæст кæнынæн активон æгъдауæй ахъаз кæнын. Уый æнтысгæйæ уæд сæххæсъ кæндзыстæм, кæд æмæ пад- дзахадон управленийы æппæт цæгты дæр æвæрд æрцæуа æмбæлон фæтк, эффекти- вон æгъдауæй тох кæнæм хъæууонхæдза- радон продукцийы дзæгъæлы сæфтыты ныхмæ. Нæ областы тæрхондæттæ хæсджын сты, цæмæй оперативон æгъдауæй æвзарой, хæлцадон программæ; сæххæст кæнынимæ баст чи сты, уыцы закъæттæ ’халыны фæ- дыл æппæт хъуыддæгтæ дæр, цæмæй ах- хосджынтæн алыхатт дæр лæвæрд- цæуа карз æфхæрд. Барадхъахъхъæнæг органты æппæт куыстытæ хъуамæ активон хайад исой СЦКП Централон Комитеты Май æмæ Ноябры (1982) пленумты, Хæлцадон прог- раммæ сæххæст кæныны фæдыл СЦКП ЦК æмæ ССР Цæдисы Министрты Сове- ты уынаффæты мидис æмбарын кæныны охыл пропагандистон æмæ хъомыладон куысты. Барадхъахъхъæнæг органты архайд хъуамæ суа нæ областы æппæт партион æмæ паддзахадон органты архайды скон- дон хай. Уыцы архайд здæхт цæуы Хус- сар Ирыстоны автономон областы Хæлца- дон программæ æнтысгæйæ сæххæст кæ- нынмæ. Гарданты Михалы æхсæнадон архайд Гуырдзыстоны Æппæт Терчы областы адæмтимæ иумæ Цзегат Ирыстоны фæллойгæнджытæ дæр хъæбатырæй тох кодтой Деникины урс æф- сады ныхмæ/ Фæлæ иурæстæг хъарутæ.не сфаг сты æмæ Терчы Республикæ састы бынаты баззад. Дыгургомы архайдтой пар- тизантæ Уыдон, цæмæй урсыты ныхмæ сæ хæстхъомдзинад бахъахъхъæдтанккой, уый тыххæй 1919 азы февралы мæй æфцджы- тыл Гуырдзыстонмæ рахизыны фæнд скод- той. Ирыстоны партизанты разамонджыти- мæ фæндагыл уыд Гарданты Михал дæр. Балцы бæлвырддзинæдтæ зонæм Тæкъо- ты Симоны мысинæгтæй. Уый Æбайты Ша- мил æмæ Тæкъоты Дзандаримæ иумæ æр- цыди Дзынагъамæ. Хъуамæ схызтайккоц Хъæриугомы цъититыл, фæлæ сын нæ бан- тыст, уымæн æмæ сыстад тыхджын ты- мыгъ. Лæгæты æнхъæлмæ кастысты хуыз- дæр сахатмæ, Уæдмæ. сæм схæццæ Гард§Цт 60
ты Михал дæр. Дыууæ боны фæстæ та фæ- хæрд кодтой фæндагамонæг Едзайы фырт- ты фæстæ. Бахсæвиуат кодтой цъитийы рæбын. Сæумæраджы араст сты сæ иттæг зын фæндагыл. Дыккаг бон изæрæй уы- дысты Чиорайы. Бахсæвиуат кодтой гуыр- дзиаг’ хъæу Регуаты. Сæхи схуыдтой ба- заргæнджытæ. Баххуырстой бæхтæ Онмæ. Уыцы рæстæг, Терчы республикæ састы бынаты куы баззад, уæд æхсæнадон æмæ политикон разамонджытæй бирæтæ мигра- цийы уыдысты Фæскавказы. Æнцой цард сын кæм уыдаид? Тухийы бахауд Михал дæр. -Хъуыдис æй цардамал." Æмæ ахуыр- гæнæгæй кусын райдыдта Калачы ирон райдиан ахуыргæнæндоны. Иæ куыст код- та зæрдиагæй. Уыимæ иумæ, ахуыр кæнын райдыдта Ир æмæ Гуырдзыстоны истори- он бастдзинæдтæ. Цымыдис кодта алы ахсджиаг фарстмæ. Дзаугомы уæвгæйæ, æрзылдис рагон æмæ астæуккагæнусон цыртдзæвæнтыл. Ныффыста, Хуссар æмæ, Цæгат Ирыстоны цы æмхуызон мыггæгтæ ис, уыдон. Мæнæ, гъе, иуæй-иу рæнхъытæ йæ фæн- даггон чиныгæй: «Чъребайы цæгатварс, Дзаумæ фæндагыл, ис Гуфтайы фидары хæлдцаг. Уым хуссайраг ирæттæ кæддæр дардтой уацайрæгты, цалынмæ-иу сæ фæс- тæмæ балхæдæуыдаид, уæдмæ...» (Дигора, Цæголты Георгийы музей, Гарданты Ми- халы æрмæджытæ фæндаггон чиныг №2). «Хуссар Иры Цæразонтыл кæцы мыггæгтæ нымад сты, уымæй фарстон Санахъойы фырты æмæ Гаглойты Григолы, фæлæ бæл- вырдæй ницы базыдтон». (Уый дæр уым). . Биологи, геологи, æрдз-зонынады æмæ æндæр фарстыты фæдыл цы æхсæнадон лекцитæм байхъуыста, уыдонæн сарæзта конспекттæ. Йæхимæ фыста зонæнтæ Хус- сар Ирыстоны æмæ Фæскавказы зæхгуыс- ты тыххæй, цымыдис кодта Дзау æмæ Чы- саны кæмтты мыггагон исбонтæм Гуыр- дзиаг къниæзты æлдариуæгад, сæ зæххы- тæ Ирæтты гæвзыкдзинад, Цагъайрад æмæ æххуырстад Хуссар Иры. 1912 азы Уаг- æвæрд хизанты — зæхкусджыты тыххæй æмæ сæ бартæ. Ирон горæттаг пролетариат Калачы, 1918 азы революцион тох Ирыс- тоны, — ацы æмæ æндæр ахæм фарстытæм иттæг цымыдис кодта Гарданты Михал. Уыимæ нæ уагъта йе ’хсæнадон-революци- он тох дæр. Цыдис политикон æмбырдтæм. Иу æмбырды фæстæ йæ чиныджы ныф- фыста: «...бакуйаг социалисттæ-револю- ционертæ æмæ коммунисттæн бацайдагъ карз тох. Уыцы тох хъыгдары, Бакомæ фæндаг чи кæны, уыцы революцион куыст- гæнæг бархион æфсады... Бакойы цæуы классон тох: пролетариат растад урсгвар- дионтæ æмæ буржуазон амалиуæггæнджы- ты ныхмæ...» Йæ къухфыст уац «Радон фæлитойдзинад», зæгъгæ, уым худинаджы гакк æвæры калакаг «хæххон конференци- йы» архайджытыл, зын æмæ бахъуыды са- сахат йæ адæмы урсытæн чи ауæй кодта, уыдоныл. «Чи нæ зоны, — фыста Гарданы фырт, — хæххон хицауады «уæздан» уæиг- ты. Иу æмæ дыууæ хатты нæ ауæй кодтой хохæгты. Конференцийы дуæрттæ гом сты алы политикон спекулянттæн, раззагдГæр æхсæнадон æмæ политикон архайджытæн та сты æхгæд. Ацы конференцимæ æрæм- бырд сты Цæлыккаты Ахмæты æмхъуыды- гæнджытæ. Æмæ æндæр никæй номæц у сæ бон дзурын. Уый у æрмæстдæр радон аферæ». Автор сидтис хохæгтæм социалон æмæ экономикон æбардзинады ныхмæ тохмæ. Дзырдта, зæгъгæ, баиу ут уырыссаг кусæг класе æмæ мæгуыр зæхкусджытимæ, уыдон сæрибары сæрыл тохы цæуынц разæй. Уац бацæттæгонд æрцыд мыхуырмæ, фæ- лæ йæ, хъыгагæн, нæма ссардтам уæдык- кон газеттæ æмæ журналты. Ахæм зонд- ахастимæ Гарданы фыртæн тас уыди мень- шевикон Гуырдзыстоны ахæстонмæ баха- уынæй. Уыцы рæстæг Метъехы ахæстоны, æцæгдæр, бадтысты Тæкъоты Симон æмæ иннæ тохгæнджытæ. Фæлæ ныфсхаст лæг нæ тарст, нæ уагъ- та йæ тох, нæ ивта йæ зондахаст. Калачы ныффыста йæ «Дыгурон кадæг». Уацмысы бæрæгæй зыны ленинон рæстдзинадыл æу- уæндын, революцион тохы пафос. Влади- мир Ильичы хоны «бæсты æмдых», «нæ адæмты фæтæг». Михал фæлвары йе ’хсæ- надон-политикон архайды легалон мадзæлт- тæй дæр спайда кæныныл. Гуырдзыстоны Демократон Республикæ кæй хуыдтой, уый хицауадмæ барвыста гæххæтт, цыран уый фарст æвæрдта ахæм хуызы: бархионтæ æмæ хъæздыг хъазахъ уырыссаг контрре- волюцимæ баластой хохæгты иу хайы дæр, афтæмæй сын хæлдтой сæ социалон-эко- номикон цардьг бындуртæ: Цæгат Кавказы чысыл адæмтæ, уыдонимæ дыгур дæр, æр- цæудзысты бынсæфтмæ, уымæ гæсгæ Гуыр- дзыстоны хицауад, Америкæ, Англис Франц æмæ Италимæ баныхас кæнгæйæ, бацар- хайæд ууыл, цæмæй урс æфсад ацæуа хæх- бæстæй, цæмæй, «бархи» æфсадмæ ты^æй цы хохæгты бакодтой, уыдон дæр æрцæуой уæгъдгонд. ■ Кæй зæгъ’ын æй хъæуы, Гуырдзыстоны меныневикон хицауад ницы сарæзта хохаг адæмты пайдайæн. Каед ууыл Михал йæ зæрдæ дардта иучысыл дæр, уæд ын уый уыдис рæдыд. Бæлвырд у уый, æмæ Ми- хал хæцыдис йæ адæмы хуыздæр сомбоны сæрыл. Михал кодта сусæгполитикон куыст. Ак- тивонæй архайдта Хуссар Ирыстоны наци- он Советы. Уыцы Советы сæрдарæй фæл- лойгæнджытæ 1918 азы сæвзæрстой æнæ- партион Плиты Иваны. Фæлæ уымæй раз- мæ ацы кандидатурæйыл «о» загътой, мень- шевикон Гуырдзыстоны йæ куыст сусæгæй чи кодта, уыцы болыповиктæ. Плийы быр- тæн фидар бастдзинад уыдис Терчы Рес-, публикæйы Адæмон Комиссарты Совети- мæ. Архайдтой, ууыл, цæмæй Хуссар Иры дæр фæуæлахиз уыдаиккой Советтæ. Фæ- лæ Хуссар Ирыстоны национ Совет 1919 азы майы дæрæн æрцыд меныневикты къу- хæй. Плийы фырт Советы къассæ — æхсæз мин сомы радта парти «Чермены» делега- цимæ, æххуыс кодта цæгат ираг революцио- нертæн хи бааууон кæныны æмæ куыст сса- рыны хъуыддаджы. Калачы ирон скъола- мæ Гарданы фырты дæр уый барвыста. Бирæ рæстæджы фæстæ, Плиты Дзарас- бийы фырт Иван фыста Дигорамæ Гардан- ты Михалы номыл: «Зынаргъ Михал! Дзæ- бæх, æнæниз кæй дæ, уый мын тынг æх- сызгон у. Мæ зæрдыл æрлæууыд нæ иумæй- аг куыст Хуссар Ирыстоны национ Сове- ты. Æрымысыдтæн ахæм хабар: иуахæмы, Æрыдоны уыдис уый кæнæ та Къардоны, æз дзырдтон Хуссар Иры лигъдæтты сæ- §. «фидиуæг», № б 81
рыл, зæгъгæ сын хъæуы афтæ æмæ афтæ æххуыс бакæнын. Æмæ æваст айхъуыстон хъæлæс: «Раст у!» Уый ды уыдтæ, Михал. Уый ды рахæцыдтæ мæ фарс». (Гарданты М. æмæ Плиты И. фыстæджытæ кæрæдзи- мæ. Мæхи архив Л. Б.). Гарданты Михал Цæгат Ирыстонмæ æрыздæхт 1920 азы январы. «Æз, Бутаты Хъазбег æмæ Гарданты Михал, — фыста йæ мысинæгты Тæкъоты Симон, — рацы- дыстæм Кутаисыл Рацъы уездмæ, цæмæй рахизæм Хъæриугомы æфцæгыл... Немæ уыдысты, Балхъар æмæ Кæсæгмæ чи цыд, уыцы æмбæлттæ; Назир Катханов, Хаджи Мизов æмæ Ахмет Мусакаев... Æрхæццæ стæм Чиорамæ. Бафæстиат дзы стæм дыу- уæ къуырийы бæрц, тымыгъ æмæ нæ мит фæлдзæгъдæнтæ размæ нæ уагътой, фæн- дагамонæг немæ ничи куымдта. Æппын- фæстаг, боныгъæд фæхорз, æмæ фыцца- джыдæр. рараст кодтам Бутаты Хъазбег æмæ Гарданты Михалы. Катханов, Мизов æмæ Мусакаевæн уыцы рæстæг цæуæн нæ уыд æмæ æз дæр семæ баззадтæн. Уый хъуыдис сыхаг коммуйисттимæ нæ фидæ- ны иумæйаг куыстæн. Цыппар боны фæстæ райстам гæххæтт Гарданты Михал æмæ Ахуыргæндтæ раджы сбæрæг, код- той, Нарты кадджыты ирон адæмы фыдæлтæ кæй æрбахастой Кавказ- мæ, уый. Ирæттæй йæ айстой адыгъе, абхаз. вейнахтæ, балхъар æмæ æнд: Алы адæмтæ дæр-иу æм цалдæр ног сюжеттæ бафтыдтой, цыдæр сюжет- тæ-иу дзы аппæрстой, аивтой-иу нæмттæ æмæ афтæмæй сæхи бакод- той Нарты кадджыты. Æмæ кæд, на- рты эпосы бындур ирон кæй у, ууыл ничиуал дызæрдыг кæны, уæддæр эпосы абхаз-адыгъейаг равзæрды фарсхæцджытæ быцæу кæнынц эпо- сы бирæ сюжетты тыххæй. Нырма бирæ бахъæудзæнис дырыс аналнз кæнын, цæмæй фидарæй лыггонд æр- цæуа, кæцы сюжет у сыгъдæг ирон æмæ дзы абхаз-адыгъейаг адæмты эпосæй кæцы райстæуыд, уыцы фа- рст. Цæвиттон, Уырызмæджы фæс- таг балцимæ баст сюжет /«сюжет А»/ /2/ Абайты Вассо нымайы эпосы бындурон сюжетыл æмæ йын дæтты историон интерпретаци -г- бæдты йæ нæ эрæйы размæ скифтæ æмæ Бос- пойраг. паддзахады æхсæн цы ахас- тытæ уыд, уыдоньтл. /1,237ф; 2,54^ Бутаты Хъазбегæй, зæгъгæ, цъитийыл ахыз- тыстæм дзæбæхæй». («Мидхæст Цæгат Ирыстоны», фарс 44). Иу ахсджиаг партион хæс ма сæххæст кодта Михал: Цæгат Ирыстоны сусæгкуыст- гæнджытæн Борыхъуаты Хъазыбегимæ Крайон Комитетæй æрхаста æхцайы фæ- рæзтæ. Большевиктимæ уый дæр зæрдиагæй архайдта нæ хъæутæ æмæ горæтты Сове- тон хицаудзинад æрæвæрыныл. Уый фæстæ дæр ма уый уыдис æхсæнадон куысты арт- дзæсты: мæгуыр зæхкусджытæн зæххуарæг, публицист, ахуыргæнæг. Рухсадыл æнувыд рагæй уыд Михал. 1917 азы 10—20 июны уыдис Æппæтирыстоны ахуыргæнджыты фыццаг съезд, æмæ уымæн дæр йæ сараз- джытæй иу уыд Гарданы фырт (раззагдæр ахуыргæнджытæ Æлборты Б. А., Гæздан- ты Н. И., Дзагуырты Гр. Б. æмæ Æмбалты Цоцкоимæ. Михалæн йæ архивы разынд йæхи фыст уъшаффæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны скъолатæн иумæйаг уынаффæйад скæныны тыххæй. Абоны фæлтæртæ макуы хъуамæ ферох кæной Гарданты Михалы хуызæн лæгты, — ног царды сæрыл сæрысуангæй æнувыд æмæ хъæбатырæй чи тох кодта, уыдоны, 61 фф/. Вассойы хъуыды стыр дис- саг фæкасти Крупновмæ /9,141—164 фф./ æмæ Мелетинскимæ. Мелетин- ский фыста: «Попытки отождествить сказание о последнем эпизодическом походе /балц/ Урузмага с событями в Боспорском царстве /убийство/ Боспорского царя Перисада в107г. до н.э./...кажутся нам произвольны- ми» /10, 164 ф/. Вассо йæ хъуыды гипотезæйы хуызы зæгъы æмæ йæ бафидар кæны «Кæфты сæр Хуы- йæндон æлдар»-ы этимологийæ, ны- майы йæ Боспораг паддзахы номыл. Ацы этимологийыл сразы ис Ж. Дю- мезиль /11,220—221 фф./ Биазыр- ты А. X. дæр ацы сюжет скифаг- сарматаг эпосæй рацæугæйыл ныма- йы, фæлæ «Хуыйæндон»-æн дæтты а ыдæр этимологи: «Денджызгæроны паддзахы ном конд у дыууæ уида- гæй: «Ху + æндон» /13, 87—88 фф/. Фæлæ Вассойы этимологийы растæй цы нæ ссардта, цæмæн æй æппары. уый тыххæй кæй ницы зæгъы, уымæ гæсгæ зын сразы уæвæн ис йæ эти- мологийыл. Кæд Купнов æмæ Мелетинский ДЗИДЗДЗОЙТЫ ЮРИ «Нарты кадджыты иу сюжеты тыххæй» 1[§2
сюжетæн æрмæст йæ историон ин- мыхуыргонд цы варианттæ аерыц- терпретацийы ныхмæ сты, уæд аб- дысты, æрмæст уыдонæй куы пайда хазаг ахуыргонд А.А.Аншба та ацы кæной ахуыргæндтæ, уæд. Фæлæ сюжет абхазаг фольклорæй айсгæ- " æрæджы, 1982 азы 16 июлы æз ныф- йыл нымайы. Уый фыссы: «...в аб- фыстон ацы сюжеты вариант Едысы хазском фольклоре есть сюжет схо- цæрæг Мæхъиты Захарæй /цæуы дный с «сюжетом А», но без прикре- йыл 81 азы/ æмæ уым хъуыддаг пления к нартскому эпосу... Сюжёт æндæрхуызон у. Иннæ вариантты этот встречается в фольклоре вайна- Уырызмæджы къуприйы нывæрынц хов. Чеченский вариант называется æмæ йæ фурды /кæнæ Сау денджы- «Умная жена»... Если предположить зы/ баппарынц. Фурды уылæнтæ йæ заимствование /что трудно дока- бахæццæ кæнынц Кæфты сæр Хуы- зать/, то какое движение сюжета йæндон æлдары зæххытæм. /15. 53— наиболее вероятно: из нартского 56 фф; 3, 38 ф; 2, «сюжет А»; 14, эпоса осетин в абхазкую бытовую 85—87 фф/. сказку или наоборот? В разрешении Мах цы вариант ныффыстам, уым этого вопроса нам поможет мысль, та Уырызмæджы цæнгæтхæццæ высказанная самим В. И. Абаев- арæзт чырыны нывæрынц æмæ йæ ым...« мы имеем случаи перехода баппарынц Арфаданы. Нæ’хъуыды- сказочных сюжетов в нартовский мæ гæсгæ, гидроним «Арфадан» у эпос, но не бывает обратного». Итак, «Днепры» ном. Мах нæ хъуыды ба- только нартский эпос вбирает, впи- фидар кæндзыстæм дæлдæр. Æмæ тывает в себя другие жанры устного уæд Аншба. Мелетинский æмæ Кру- народного творчесва, обратного не пновы хъуыдытыл ревизи кæнын бывает. Исходя из этой Абаевской бахъæудзæн. Ныр та мыхуыр кæ- концепции, можно сделать логиче- нæм, мах цы вариант ныффыстам, ский вывод: абхазская сказка не уый1. могла использовать сюжет нартского эпоса осетин... Мы сами не можем «НАРТЫ УЫРЫЗМÆГ ТУЛОНЫ абсолютно утвёрждать это, а только МÆЛИККЫ ÆЛДАРЫ ЗÆХЛ\Æ доводим до логического конца аба- КУЫД БАБЫРСТА». евскую мысль» /12, 73—74 фф/. Куыд ч уынæм, афтæмæй Аншба ницы аха- Уырызмæг Тулоны æлдарьг зæхмæ дæн аргументтæ хæссы Вассойы ги- фæндаг нæ зыдта æмæ хъуыды бай- потезæйы ныхмæ. Æмæ кæд йæ хъуы- дыдта, цы ’гъдауæй йæм бахаудзæ- ды фйдарæй нæ зæгъы, уæддæр æй нис, ууыл. Иубон куы уыдис, уæд афтæ æмбарын хъæуы, зæгъгæ ирæт- нарт ныхасы бадынц æмæ сын Уы- тæ ацы-сюжет абхазæгтæй райстой. рызмæг раныхас кодта: «О ме ’рва- Иæ аргументтæй иу у ахæм: ацы дæлтæ, о мæ хъæубæстæ, рагæй сюжет ирон кæй у, уымæн ницы фæстæмæ иумæ фæцардыстæм, кæ- бæрджытæ ис вариантты мидæг: рæдзи хъыджы никуы бацыдыстæм. «Безусловно, прав Е. М. Мелетин- Еныр æз базæронд дæн, нал бæззын ский, считая произвольным отожде ницæмæн нал цуанæн, нал балцæн ствление «Сюжета А» с восстанием æмæ уын фæдзæхсын мæхи. Куырд- скифа-раба Савмака против боспор- алæгонмæ ссæут æмæ мын фидар ского царя Перисада. Задача эта чырын саразын кæнут цæнгæтхæц- невыполнима в силу того, что ника- цæ, æппындæр дон кæмæ нæ бахъ- * ких исторически достоверных ориен- ара, ахæм чырын. Иæ дæлфæдты тиров для такого сопостовления в хотыхтæ куыд цæуа, йæ уæлфæдты самом сюжете нет... Не упоминается йын хæрд æмæ нозт иу мæйваг куыд в сказании ни одна известная в ис- нывæрон. Стæй-иу мыл фидар сæх- тории личность, неттеографического . гæнут йæ дуар æмæ-иу мæ сынтыл названия, указывающего, что дейс- сæвæрут æмæ-иу мæ ахæссут Арфа- твие происходит именно в районе даны донмæ æмæ дзы егъаудæр уы- Боспорского царства...» /12, 75 ф, лæнтæ кæм цæуа, æуым-иу мæ бап- /æз æй бахахх кодтон — Дз. Ю. /. парут». Уæд æм фехъуыетой нарты Ацы фæстаг аргумент раст уаид, адæм æмæ йын афтæ зæгъынц: цæ- 1 Нæ информатор Мæхъиты Захар нын куыд загъта, афтæмæй йæм Нарты кад-' джьгтæ фыссынмæ никуы ничи æрбацыд. Дфтæмæй мах уыдыстæм фьщцаг. аа
мæн, дам,. афтæ зæгъыс, Уырызмæг, нырма, дам, афтæ зæрондкуынæ дæ. Æз, дам, уын зæгъын афтæ, æз, дам, ’ Мæ хъуыддаг хуыздæр зонын, сæгад, дам, уыдзынæн фылдæр ма куы фæ- цæрон, уэед. Фæлæ гуымири адæм куыннæ уыдысты, æндæра афтæ цæ- мæннæ загътой: «Ай иумæйваг нуæ- зт æмæ хæрд кæдæм хæссы»! Арвы- стой Куырдалæгонмæ. Куырдалæгон йæ дзæбугыл абадти æмæ, зыр-зыр- гæнгæ, ’ртахти уырдæм, Нартмæ. сарæзта цæнгæтхæццæ, фидар чы- рын. Уырызмæджы йын йæ хуылфы нывæрдтой, йæ хотыхтæ-йæ дæл- ф&дтæм, хæрд, нуæзт та-йæ уæл- фæдтæм иу мæйваг. Дуар ыл ных- гæдтой .фидар æмæ йæ сынтыл сы- вæрдтой æмæ йæ Арфаданы былмæ бахастой æмæ, дынджырдæр уылæн ’ кæм кодта, уырдæм æй баппæрстой. Чырыны дон аласта æмæ йæ фурдмæ аппæрста. Фурд æй аласта æмæ йæ, Тулоны зæх- хмæ цы дой цыди, уыцы дон- - мæ аппæрста. Тулоны зæххыл мæ- ликк-æлдарæн уыди куырæйттæ, и куырæйттæн уыди куыройгæстæ. Чырыны дон аласта æмæ йæ куыро- йы нучы сæр цæхгæрмæ нывæрдта æмæ ныллæууыдысты куырæйттæ. Куыройгæстæ куыройыл дис кæны- нц, ома, ныронг куы никуы ныллæу- уыдысты, уæд ныр цæмæн ныллæу- уыдысты. Рацыдысты æмæ куыройы алыварс зилынц, дон нал цыд, нучы сæрмæ ссыдысты æмæ чырын фед- той. Рахæц-бахæц ыл систой æмæ йæ, нæ рафæрзтой, Мæликк-æлдар- мæ ссыдысты афтæмæй æмæ йын рахабар кодтой: куырæйттæ нал зи- лынц, нучы сæрмæ, дам, чырыны хуызæц цыдæр ис æмæ, дам, æй нæ фæразæм. Мæликк æрцыди. цом-ма фенæм æи, зæгъгæ, цы уыдзæни. Чырын разылдтой æмæ дон ацыди куырæйттæм < æмæ та куырæйттæ зилынц. Чырыныл архайын байдыд- тойæмæ йын йæ дуар бакодтой цы- дæр -æгъдауæй. Чырыны хулфы хуыссы иу зæронд лæг æмæ йæм дзурынц: «Цы дæ ай, цавæр дæ? Тулоны зæхмæ цъиу куынæ тæхы, уæд,ды кæцæй æрхаудтæ?» Уырыз- мæг сый загътæ: «Æз дæн зæронд лæг, Нарты Уырызмæг. Цуанæн нал бæззын^ балцæн нал бæззын æмæ мæ хи доны баппарын кодтон. Ныр дæу- мæ æрхаудтæн ’ æмя? дæ цыфæнды. уый мын бакæн». Мæликк-æлдар хъуыды кæны: амарон æй, æмæ худи- ’наг куъу’уг; зæг^ьдзысты, зæронд лæ- джы амардта.,Мæликк-алдар афтæ зæгъы куыройгæстæн: «Акæнут æй æмæ йæ уæртæ арф ныккæнды нып- парут». Бады Уырызмæг ныккæнды, уæдæ цы. Æнхъæлмæ кæсы Уырыз- мæг уырдыгæй, æмæ иубон куы уыди, уæд дуæрттæ хойын байдыд- та. Куыройгæстæ ныццыдысты æмæ йын дзурынц: «Цы дæ хъæуы, ду- æрттæ цæуыл хойыс?» Уый сын загъта : «Хъæугæ мæ ницы кæны, : фæлæ мын-мæликк-æлдармæ иу ны- хас фæхæццæ кæнут». Куыройгæс- тæ загътой: «Зæгъ, цы зæгъинаг дæ, уый». «Мæликк-æлдармæ ссæут æмæ йын зæгъут афтæ: ахæстоны бадæггагæн аргъ скæн фæнды фос- æй, фæнды ’хцайæ ’мæ дын сæ ба-. фиддзынæн». Куыролгæс ссыдди мæ- ликмæ ’мæйын загъта: «Дæ ахæст дæм æрвиты: аргъ скæн ахæстоны бадæггагæн æмæ дын сæ бафиддзьь нæн фæнды фосæй, фæнды ’хцайæ». Мæликк зæгъы: «Ау, æмæ мын цы бафиддзæни, кæм æм и æхца, кæм , æм и фос?» Æрцыди æмæ йæм дзу- ры: «Цы, мын бафиддзынæ ахæстон- æй рауадзæггаг?» Уырызмæг ын загъта: «Фæнды ’хцайæ, фæнды фосæй». Мæликк ын афтæ: «Æмæ дæм цæй æхца и, ’цæй фос дæм и?» «Ды мын дыууæ лæджы ратт, Нарт мæ фæндаг чи зоны, ахæмтæ æмæ уым ’мæнæн ахæм адæм и æмæ сын цыфæнды зæгъон, уæддæр æй сара- здзысты». «Æз дын ратдзынæн сæ- дæ-сæдæ иусион галтæ, сæдæ-сæдæ дысион галтæ, сæдæ-сæдæ æртæси, он, цыппарсион æмæ фондзсионтæ». Саухил лæг æмæ бурхил лæг æм æрбакодта мæликк æмæ сæ Уырыз- мæг фæрсы: «сымахæй, фæндаг чи зоны Нартмæ?» Мах, дам, нæ дыууæ дæр зонæм. «Уæдæ ацæут æмæ нар- ты ныхасмæ куы бацæуат, уæд сын зæгъдзыстут: Уырызмæг уæм æрвиты Тулоны зæххæй. Мæликмæ ахæстоны бады æмæ æрвиты ахæст- аргъмæ. Æмæ сын зæгъдзыстут афтæ: сæдæ-сæдæ иусион галтæ, сæдæ-сæдæ дысион галтæ, сæдæ-сæ_ дæ æртæсион галтæ, сæдæ-сæдæ цыппарсион, фондзсион галтæ рар- витут.» Рæгъау, дам, куы скъæрат, уæд, дам, сау гал æмæ бур гал раз- æй скъæрут æмæ, дам, уыдон фæн- Й’
Дагыл рас?куынæцæуой,уэед, дам^ сау галы сæр ралыг кæнут æмæ, дам, æй бур галы ’фцæджы бафтаут мæ, дам, еуæд раст цæудзысты фæн- дагыл». Нарт дисы бафтыдысты: иусион ’мæ дысион ссардзыстæм, а æртæ- сион дæр, фæлæ, дам, цыппарсионтæ кæм ссардзыстæм. Ницы хатынц ныхæстæн, цы лыг кæнынц, цы амо. нынц æмæ, дам, цом Сатанайы ба- фæрсæм. Уый йын уæддæр йæ ны- хасыл ахуырдæр у. Сатанамæ бацы. дысты. Сатанайæн загътой, Уырыз- мæг кæй рарвыста, уыцы ныхæстæ. Иусионтæ æмæ, дам, дысионтæ ссардзыстæм, фæлæ дам цыппароц- онтæ кæм ссардзыстæм. Сатана сын- афтæ зæгъы: ныронг, дам, кæд Уы- рызмæгы ныхæстыл нæ сахуыр стут, уæд циу уæ цард. Уый та, дам, кæм- дæр æнæхæрд бæстæ ссардтæ æмæ, дам, æрвиты æфсадмæ: иусидон галтæ хоны фистæг æфсад, дысион галтæ хоны бæхджын æфсад, æртæ. сион галтæ хоны хотыхджын æфс- ад1. Бур гал æмæ сау галтæтахоны йе ’рвыст лæгтæ, кæд, дам, фæндаг. ыл раст нæ цæуой, уæд-иу бурхил лæгæн йæ сæр ралыг кæнут æмæ йæ саухил лæджы ’фцæджы бафтаут. Æфсад æрымбырд кодтой.æмæ сæ разæй скодтой бурхил æмæ саухил лæджы. Уыдон дыууæрдæм разил- базил систой, Уырызмæг, дам, гал- тæм куы ’рвыста æмæ, дам, ам адæ_ мы йеддæмæ куы ницы ис. Уæд сау- хил лæджы сæр ралыг кодтой ’мæ йæ бурхил лæджы ’фцæджы баф- тыдтой æмæ сæ уый раст акодта. Уыцы рæстæджы Мæликк æмæ Уы- рызмæг бæрзонд мæсыджы сæрмæ схыстысты æмæ фæйнæрдæм кæсы- нц. Уалынджы фæндагыл рыг сыст. ади æмæ мигъ сбадти æмæ мæликк афтæ зæгъы: цыма уартæ уый цæй мигъ уыдзæни? Уырызмæг ын загъ- та: уыдон, дам, уартæ дæ рæгъау æрхæццæ сты æмæ, дам, сæ къæхты рыг æмæ комытæф дымгæ исы. Æмæ, дам, сæ размæ арвит дæ адæ- мы, æрмæст дам, уистæ ахæссæнт, лæдзæг, дам, ма ахæссæнт, æндæра, дам, знæт фос сты æмæ, дам, ницы бафтдзæни дæ къухы. Ацыдысты мæликкы адæм сæ размæ, æрмæст уистæ ахастой. Стæй сыл аздæхты- 2 Цыппарсион æмæ фондзсион галтæ хъуыды кодта. сты мæ саё -ныццагътой. Уырызмæ? уый куы базыдта, уæд зæгъы мæл- ликк-æлдарæн: хур та, дам, уæм чердыгæй скæсы. Æмæ уыцырдæм куы фæкасти, уæд æй цирхъæй ныцъцъыкк ласта æмæ йæ сæр атах- ти. Мæликк-æлдарæн цыдæриддæр хæзна уыди — бæхыл сæ сывæрдтой, йæ рæгъæуттæ йын ратардтой, Нар- тмæ сæ рыскъæрдтой æмæ сæ уым мæгуыртæн байуæрстой æмæ минас кодтой афæдзæй-афæдзмæ. Уырыз- мæг ахæм хинæйдзаг уыди, гъе». Бæрæг куыд у, афтæмæй Днепрыл ном «Днепр» иры фыдæлтæ сæвæрд- той æмæ йæ хуыдтой «Дан-апр» /I, 154, 162, 236 фф; 4, 367 ф/, ома, «арф дон» ныры ’взагыл. Зæгъгæ, рагон ирон гидроним абоны онг æрхæццæ, уæд дзы æрцыдаид мæнæ ахæм ивы_ ндзинæдтæ /ирон æвзаджы историон рæзты закъæттæм гæсгæ/: 1/метатезæ /апр-арп/ /1, 213 ф/, 2/«П» радта«Ф», куыд зæгъæм: пита-фыд, путра-фы- рт, пада-фад, арп-арф æмæ æнд. Уый æрцыд нæ эрæйы Н-1У æнусты. /6, 33—35 фф/, 3/. Дзырд æрцыд ин- версигонд æмæ «Данарф» раДта «Арфдан» /абар раг ирон «парспа- нак — фæйнæгварс/, бæттæг хъæлæс- он «а»-имæта: «Арф-адан» /абар хал-а-мæрзæн, фæс-а-хсæвæр, худ- а-истæй, уд-а-истæй æмæ æнд./ /7, 702 ф; 231—237 фф/. Ирон æвзаджы закъæттæй нæ гидроним нæ сæх- хæст кодта иу: XIV æнусы фæстæ фындзонтæ «м» æмæ «н:>-йы размæ цы «а» лæууыд, уый «о»-мæ ахызт дан-дон, кæм-ком, нама-ном æ. а. д. /1,203, 266, 256 фф/. Афтæ, æмæ нæ гидронимы абон хъуамæ уаид «Ар- фадан» нæ, фæлæ «Арфадон»! Вассо куыд фыссы, афтæмæй Нар- ты кадджыты цы топо — æмæ гидро- нимтæ æмбæлы, уыдонæн сæ фыл- дæр хай сты æрымысгæ, реалон то- по — æмæ гидронимтимæ сын иу- дзинад нæй /3, 107 ф/. Уыцы хъуыд- даджы мидæг «Песня об Ацамазе в записи М. Туганова, где дается ряд точных географических назва- ний района Осетии и прилегающих областей, является едва ли не един- ственным исключением». /3, 108 ф/. Афтæ, æмæ-иу реалон топо — æмæ гидронимтæ эпосмæ куы бахауды- сты, уæд-иу сын реалон топонимти- нысан кодтой, уый нæ информатор нал 85
мæ иудзинад нал уйд. Зæгъæм «Терк» эпосмæ бахауд/«Терк-Турк»/ æмæ йын гидроним Теркимæ иудзи- надæйницыуал ис. Ацытрадици, æв~ æццæгæн, цæуы скифты заманæй. Ацы хъуыдыйыл нæ æфтауы гидро- ним «Арфаданы» хъысмæт. Днепр Сау денджызмæ кæм бакæлы /Одес. сæмæ хæстæг/, уырдыгæй, Боспой- раг паддзахад кæм уыд, уыцы бы- наты ’хсæн ис Хъырымы æрдæгсакъ- адах. Æмæ цæмæй Днепрæй /Арфа. данæй/ Керчы донбакæлæнмæ баха- уай, уый тыххæй хъуа^мæ Хъырымы æрдæгсакъадахы алывæрсты цалдæр сæдæ километры бæрц æрзилай. Ахæм дард фæндагыл денджызы уылæнтæ чйрын ницы хуызы æрба- хастаиккой. Цыма скифаг кадæг- гæнджыт|æ герграфщон реали|ргимæ зонгæ нæ уыдысты? Куыд æруагъ- той ахæм рæдыд? Æвæццæгæн, ам ницы рæдыд ис, фæлæ «Арфадан» эпосмæ куы бахауди, уæд ын гео- графион æцæгдзинæдимæ иудзинад нал уыди. æмæ кæд этиодологон æгъ- дауæй «Днепр» нысан кодта, уæд- дæр географион «Днепр»- нал уыд! Махæн нæаргументтæ«Арфадан» — «Днепры» тыххæй фылдæр бауыр- нинаг уæд уаиккой, иннæ скифаг дæтты фæд дæр куы ссариккам нæ фольклоры, уæд. Æмæ дзы дыу- уæйæн- ис ноджыдæр ссарæн а-хæм фæрссаг æвдисæнты руаджы: 1/сшфаг «Пората»!— «Прут». Ирон эпосы ацы’ гидронйм ныр; æмбæлы «стыр цæугæдон»4* «денджыз»-ы ны- санйуæгты, фæлæ Вассойы хъуыды- ма гæсгæ, чизоны «собственноеимя «Прут» стало употребляться как нарицательное «болыпая река» /4, 486 ф./. Æлборты Барысби ма ар- дæм хæссы Цæгат Ирыстоны гидро- нимикæйы чысыл æхсæрдзæн «Пу- рт»-ы ном дæр /16, 94—95 фф./ Фæ- лæ ам æмбæлæм фонетикон къуы- лымпыдзинæдтыл: «п» «ф»-мæ нæ ахызт, «т» «д»-мæ нæ ахызт. Æмæ уымæ гæсгæ ацы гидроним иуварс ныууадзын бахъæудзæнис. 2/Алан- ты эпосы гидроним «Дон /Даыа»/ кæй уыдайд, ууыл дзуры кæсгон вариантты æмбæлæг гидроним «Та_ на». Ирон æвзаджы ма ис гидрбним •«Донай» дæр. Фæлæ ацы гидроним скифты заманæй рахæсгæ нæу. Æвæццæгæн æй ирæттæ -æрхастой Турчы хæсты Балканы фронты æф- сады рæнхъыты архайды фæстæ, XIX æнусы. Ноджыдæр ма иу фип- пайнаг. Гидроним «Арпадан» æм- бæлы Джусойты Нафийы романы /17, 5—6 фф/. Фæлæ нын Нафи йæ_ хæдæг куыд загъта, афтæмæй ацы *гидроним уый среконструкци кодта ирон æвзаджы историон закъæттæм гæсгæ, рагон «Дан-апр»-æй. Иу%дзырд ма «Тулон»-ы тыххæй: «Тулон»-ы ис афтæ среконстру- кцигæнæн йæрагонхуыз: 1аигуаЬа цы ран «-аЬа» у суффикс. Элемент 1аиги-йæн та ’мбарэен ис, Геро- доты рæстæджы Хъырымы цы знæм царди зæгъгæ, уый номимæ. Фæлæ ам нырма гипотезæйæ дарддæр ацæ" уæн нæй. НИГА Скъолайы агъоммæйы кары сабиты хъомыладон фарстытæ Рæзгæ сабийы миддуне цымы- дисон у. Уыцы кары сабийы фæ- фæнды алцы базонын, алцæмæ фев- налын. Хицæн предметтæ базонын- мæ цымыдис фæкæны, йæ хъомыл- гæнæгмæ æнæрынцойæ фæдæтты фарстытæ. Хатт йæ бирæ фарстытæй бафæллайын кæны ныййарæджы, хъомылгæнæджы. Уый у сабийы æвзонг зæрдæйы тырнынад, сабийы æнæрынцой зæр- дæйы миниуæг æмæ йæ хынцын хъæуы. Сабийæн раст дзуапп куы лæвæр- дæуа, уæд йæ фарстыл дарддæр нал хъуыды, кæндзæни. Фæлæ йын гæдыныхæстæ" куы фæкæнынц, уæд дызæрдыг кæны саби, нæ феууæнды 86
Д^уаййД&дтЙгУЛ — ныййар&гыл, хъомылгæнæгыл. Уæд ноджы тынг- дæр фæцымыдис кæны, сæвзæры йæм хæрам цæстæнгас, раст дзуапп ын чи нæ фæдæтты, уымæ дæр. Скъолайы агъоммæ сабиты хара- ктерон миниуæг у хивæнддзинад, цы . фæзæгъынц, цы æрдомой, уый- хъуамæ сæххæст уа æнæ- мæнг. Ацы домæнтæ баст сты сывæллоны кары миниуджытыл. Сабийæн йе ’ппæт домæнтæ æххæст куы фæцæуынц, уæд йæ бон нал цæуы, куы фестыр вæййы, уæддæр йæхиуыл хæцын. Бахъуаджы рæ- стæджы йæм йæ намыс равдисыны лæгдзинад нæ разыны. Иæ лæджы кармæ куы ахизы, йе ’цæг кары куы бацæуы (чызг æви лæппу), уæддæр æй фæфæнды йæ домæнтæ, йæ зæр- дæйы монцтæ æнцонæй куы ’ххæст æниккой, уый. Уæдæ, афоныл сывæллоны рох- тыл хæцынæн ис иууыл стырдæр педагогон-хъомыладон нысаниуæг. Зæгъæм, скъолайы агъоммæ саби исты домы æмæ йын бар-æнæбары дæр йæ домæн куы феххæст кæны ныййарæг, хъомылгæнæг, уæд уый у рæдыд. Раст куы нæ уа, уæд ын хъуамæ зæгъа цæхгæр, нæй уый гæнæн зæгъгæ. Ацы фарст йæ рæс- тæджы хæдзары уавæрты дæр æмæ сывæллæтты рæвдауæндоны дæр раст æвæрд куы ’рцæуы, уæд саби æнцонæй феххæст кæны хъомылгæ- джыты амындтæ. Фæлæ, хъыгагæн, тынг хивæнд ахаст кæмæн вæййы, ахæм сабитæ хистæрты коммæ нæ фæкæсынц. Цыфæнды сын дзурой, хи цы бафæнды, уый фæкæнынц. Цы ма уыцы æгæнондзинад сывæллонæн йемæ райгуыры? Кæй зæгъын æй хъæуы, саби хивæнддзинад æрдзæй нæ рахæссы. Уæдæ кæй аххос вæй- йы? Иуæй-иу сабитæ цæмæннæ фе- хъусынц хъомылгæнæгмæ, ныййар- джытæм, цæмæн вæййынц тынг хи- вæнд? ’ Уыцы фыдуаг ахаст сабитæм сæв- зæры ныййарджыты, хъомылгæн- джыты аххосæй. Дызæрдыггаг нæу, ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ сывæллоны куы нæ уарзой, уæд æй раст схъомыл кæнын сæ бон нæ бауыдзæн. Хуымæтæджы нæ загъта Ф. Э. Дзержинский: «Любовь—тво- рец всего доброго, возвышенного, сильного и светлого». Фæлæ зæгъын Зсъæ^ы, уый дæр æмæ æр^æсФ уарзондзинад æнкъарын фаг нæу сабиты раст схъомыл кæныны хъуыддаджы. Æгæрон уæрзондзина- дæй ныййарджытæ, хъомылгæн- джытæ хъуамæ раст пайда кæной сывæллæттæ хъомыл кæнгæйæ* Ныййарджытæ сывæллонæн куы фæбарынц йæ фыдуаг митæ, фыр- уарзт æй кæй фæкæнынц, уый тых- хæй, уæд саби ницæмæуал фæдары мад æмæ фыды амындтæ, йæхи цы бафæнды, уый фæцаразы.' Уæдæ афтæ, хъомылгæнджыты уарзондзинад сентименталон ма хъуамæ уа, фæлæ сабийæ æнæмæнг хъæуы домын, цæмæй йын йæ разы цы фарст æрæвæрдæуы уый æххæст кæна. Сывæллонæн хæдзары уавæр- ты дæр æмæ сывæллæты рæвдауæн- доны дæр хъуамæ объективонæй кастæуа йæ уагахастмæ. Скъолайы агъоммæйы кары са- битæй иу къордмæ вæййы æмбæлт- тимæ хыл каёныны миниуæг (ахаст). Ахæм сывæллоны архайдæй хатт ныййарджытæ вæййынц буц: «Бæ- дæйнаг, бæдæйнаг, джигиттæй рæ- • зы, йæхи бахъахъхъæныны. тых æм уыдзæни, куы бæхъомыл уа, уæД хъæбатыр уыдзæни». Вæййы ма афтæ дæр, æмæ саби йæ хъазæнтæй никæмæн фæдæтты, æрмæстдæр- сæ йæхæдæг фæхъазы. Уыцы ахаст дæр хорзыл фæныма- йынц хатт ныййарджытæ: бæдæй- наг, йæ хъазæнтыл’ аудын зоны, зæгъ гæ. Вæййы ма ахæм миниуæг са- бимæ: мадзурайæ, никæмæн фæзоны барын, чысыл ницæуыл дæр мæсты кæнын райдайы, алцы дæр уымæн куы уаид, уый йæ фæфæнды. Ахæм сабийæ та фæзагъдæуы, зæгъгæ, йын фидар зæрдæйы ахаст’ ис. Уый дæр у рæдыд хъуыды. * Уæлдæр ранымайгæ фарстытæ сывæллоны зæрдæйы сæвзæрын кæнынц эгоистон ахаст. Уый ныхмæ у педагогикæ. Хатт сывæллонæн вæййы куыд- фæндыйы ахаст, куыд хæдзары уа- вæрты афтæ сывæллæтты рæвда- уæндоны дæр. Уый дæр ууыл дзурæг у, æмæ хистæртæн ницы авторитет ис сывæллоны цæсты. Ахæм цаутæ куы вæййы, уæд ныййарджытæ фæархайынц ууыл, цæмæй сывæл- лонæн тынгдæр бауырнын кæной сæ уарзондзинад; «Мах дæ куыд тынг 87
уарзæм, ды дæр нæ хъуамæ афтæ уарзай. Кæд гыццийы уарзыс, уæд æм хъуамæ хъусай, кæннод дæ æз дæр нал уарздзынæн. Хорз саби йæ бабайы нæ хъыг кæны,' хъусы йæм». Уæлдæр цы загътам, уый та хъуамæ ам дæр зæгъæм: æрмæст сентименталон уарзондзинадæй хъомылгæнæгæн авторитет аразæн нæй. Ацы фарсты тыххæй зæгъдзы- стæм цæвиттон А. С. Макаренкойы лекцийæ: «Авторитет любви... — са- мый распространенный вид ложно- го авторитета. Многие родители убеждены, чтобы дети слушались, нужно,чтобы они любили родите- лей, а чтобы заслужить эту любовь, необхоимо на каждом шагу пока- зывать детям свою родительскую любовь ... Такая семья настолько погружается в море сентименталь- ности и нежных чувств, что уже ничего другого не замечает. Мимо внимания родителей проходят мно- гие мелочи семейного воспитания... Это очень опасный вид авторитета. Он выращивает неискренних и лживых эгоистов. И очень часто первыми жертвами такого эгоизма становятся самй родители»1. Арæх вæййы афтæ, æмæ иугай сывæллæттæ кæмæн вæййы, уыцы ныййарджытæ æгæр буц фæхъомыл кæнынц сæ иунæг - хъæбулты. Ныййарджытæ æппæт сæ ис, сæ бон нывонд кæнынц уыдонæн æмæ сæ, хъыгагæн, хатт ферох вæййы сывæллоны аккаг дисциплинæйыл æмæ уагахастыл хъомыл кæныны æгъдæуттæ. Сывæллоны æппæт домæнтæ æмæ хивæнддзинæдтæ куы феххæст кæнынц ныййарджы- тæ, уæд саби нал фæнымайы уыдо- нæн сæ амындтæ, сæвзæры йæм ахæм’ ахаст, цыма йæ хистæртæ хъæуынц æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йæм кæсой дзæбæх, хорз ын хæрын кæной, æлхæной йын алыгъуызон хъазæнтæ, æппæлой дзы... Банысангонд уавæры куы схъомыл вæййы саби, уæд, сывæл- лæтты æхсæнады уæвгæйæ, хъомыл- гæнджытæй, йæ алфæмблайы уæв- джытæй фæдомы, цæмæй алцы дæр уымæ уа, фæлæ йæхæдæг ницы хæс фæисы йæхимæ. К/ьулбадæгæй кæй фæхъомыл кæнынц ныййар- джытæ, ахæм сывæллæттæ рацæ- 1 Макаренко А. С. Лекции о воспитании уынц хиуылæвæрсонтæ, эгоисттæ, сæхи алкæмæй дæр хуыздæр фæ- хонынц. Уыдон, сывæллæтты хъо- мылгæнæн хæдзæртты цы уагæвæрд вæййы, уый нæ феххæст кæнынц æмæ рæвдауæндæтты хъомыл- гæнджыты бахъæуы бирæ фыдæбон, уыцы сывæллæттимæ кусгæйæ... Вæййы хатт афтæ дæр, æмæ сывæллоны йæ ныййарджытæ фæ- хицæн кæнынц йе ’мцахъæн саби тæй, нæ йæ фæуадзынц, уыдон би рæйæ кæм фæхъазынц, уырдæм, фæ- дзурынц: «Уæд та фæкалдис, йæ сæр ныццавта, исчи йæ фæнадта.»... Афтæмæй сывæллон пасйвонæй фехъусы, цалынмæ æнахъом вæййы, уæдмæ йын хистæртæ цы хиирхæ- фсæнтæ фæамонынц, уыдонмæ. Фондз-æхсæзаздзыд сывæллонæн арæх куы æххæст кæнын кæной, цы хъæзтытæ йын амонынц ныййар- джытæ, уыдон иунæгæй, йе ’мцахъ- хъæнтæй иппæрдæй, уæд уый стыр зиан у сывæллоны размæцыдæн-. Гъе,уымæ гæсгæ, хæдзары уавæрты хъомыл кæнгæйæ дæр сывæллон хъуамæ арæх æндæр сывæллæтимæ æмбæла. Саби йе ’мцахъæнтæй ип- пæрд куы вæййы, уæд йæ цард, йæ архайд цух вæййы активондзина- дæй:зын ын вæййы фезмæлын, нæ* фæзоны йскæуыл, куыд æмбæлы, афтæ цин кæнын, уый бæрц ницæмæ фæтырны.Ахæм нымд уавæрты сыв- æллоны рæзынад къухцы кæны. Ацы ахсджиаг хиад æнæмæнг хъуа- мæ хынцой сывæллоны хъомыл- . гæнджытæ. Æгæр-æгæр домын æмæ схуыст ахаст дæр сабийыл æвзæрæрдæм фæзыны. Зæгъæм, сывæллоны фæн- ды хъæрæй дзурын, хъазын, ра- дугъ-бадугъ кæнын æмæ æнд. Ацы фæндон ын куынæ бауадзай æххæст кæнын, æдзух ын карз æмæ гуымир хъæлæсыуагæй куы дзырдæуа: «Сабыр æрлæу, нæй дын бар гы- бар-гыбур кæнынæн! Сабыр куынæ лæууай, уæд дыл сæмбæлдзæни ныртæккæ». Ахæм ахастæй сывæл лон хъыг кæны. Сабийы фæфæнды хъазыны рæ- стæджы йæ чысыл зæрдæйы эмо- цион æнкъарæнтæ равдисын, æмæ йын уыцы дзæбæх зæрдæйы ахаст куы ныццауæзтæ уа, уайдзæфтæ æмæ схуыст хъæлæсыуагæй, уæд саби фыдæх кæны хъомылгæнæгмæ. детей М. Учпедгиз, 1946 г. стр. 248—249.
Зæрдыл дарын хъæуы ноджы ахæм хъуыддаг: саби хатт фыдæнæн ми- тæ куы фæкæны, уæд ын уыдон ба- рын нæ хъæуы. Йæ рæстæгыл саби куы фæцахуыр вæййы æмбæлон уагахастыл, уæд никуы вæййы æгоммæгæс, алыхатт дæр æнцонæй фæхъусы хъомылгæнæджы амынд- тæм, ныхасмæ. Цыбырдзырдæй, нæ дæр æгæр «гино,гино» кæнын хъæуы, нæ дæр æгæр карзæй дзу- рын сабймæ. Вæййы ма афтæ дæр, æмæ ный- йарджытæ фæцархайынц, цæмæй саби уа æххæст алыгъуызон дарæ- сæй, хъазæнтæй, дзаджджын æмæ хорз хæринагæй. Хъыгагæн сæ фе- рох вæййы, канд материалон иф- тонгдзинад кæй нæу фаг сабийы миддунейы рæзтæн. Иууыл стырдæр нысаниуæг ис, скъолайы агъом мæйы кары сабитæн моралон-духо- вон хъомылад дæттынæн. Хъомылгæнджытæ хъуамæ иттæг зæрдиагæй хынцой скъолайы агъоммæйы кары сывæллæтты нуæртты æнæниздзинад. Уымæ гæс- гæ, зын вæййы сывæлонæн схуыст ныхас бабыхсын, мæстыгæр кæны. Арæхстджын ахаст куы нæ вæй- йы скъолайы агъоммæйы кары сы- вæллонмæ, уæд фырмæстæй, цы нæ æмбæлы, ахæм митæ фæкæны: йæ .дæндæгтæй йæ былтыл фæхæцы, хистæрыл исты дзаума ныццæвын- мæ фæхъавы, йæ уæлæдарæс скъыд- тæ кæны, тæргæйттæ кæны. Мæнæ цы загъта, уый тыхæй В. Г. Белин- ский: «Нравственность основывает- ся не на уме, а на чувстве челове- ка и тем более нравственность ре- бенка, который чем моложе, тем по своей природе непосредственнее.» Фондз-æхсæзаздзыд сывæллæттæ фембарынц, хи æвзæр дарын ху- динаг кæй у, уый. Хорз æгъдæутыл сывæллæтты хъомыл кæнын хъæуы афæдздзыдæй фæстæмæ. Иуæй-иу хъомылгæнджытæ ницæмæ фæда- рынц сабийы зæрдæйы тæлмæнтæ. Уый æвзæрæрдæм фæзыны йе ’нкъа- рæнтыл. Хæдзары бинонты ’хсæн дæр æмæ сывæллæтты рæвдауæн- доны дæр саби йæхи хъуамæ æн- къара, барджынæй, æфсæрмы хъуа- мæ кæна, хъуса, зона бинонтæй алкæмæн дæр аргъ кæнын. Ахæм хъомылад райсы саби канд зонд- амындты фæрцы нæ, фæлæ ма би- йонты царды аёгъдауæй, сывæл- лæтты рæвдауæндоны уагæвæр- дæй, саби цы коллективы вæййы, уыцы коллективы кæрæдзимæ æмахастытæй. Кæстæр кар сабитæм раджы сæвзæры хистæртæм крити- кон цæстæнгас. Уымæ гæсгæ, архай ын хъæуы ууыл, цæмæй сабийы Рæвдауын кæд хъæуы æмæ кæд фæхъыг кæной хъомылгæнджытæ. æнæкъæм зæрдæ æнæхъуаджы ма нæ хъæуы, уый хъуамæ зонай. Ахæм ахастыты тыххæй тынг хорз загъта йæ рæстæджы К. Д. Ушин- скйй: «В семье должна царствовать серьезность, допускающая шутку, но не превращающая всего дела в шутку, ласковость без притерности, доброта без слабости, порядок без педантизма, а главное—постоян- ная разумная деятельность.» Сы- вæллæты рæвдауæндæтты цы саби- тæ вæййынц, уыдон ныййарджытæ æмæ сабиты хъомылгæнæн хæдз- æртты кусджытæн хъуамæ уа иу- дзинад хъомылады фæткойтæ æх- хæсткæныны хъуыддаджы. Цыфæнды вазыгджын хъомыла- дон фарстытæ æмæ методикон амындтæй > пайдагæнгæйæ дæр нæй сабиты хъомыл кæныны хорз фæстиуджытæ райсæн, хъомыл- гæнæг йæхи сæрмагонд ахастæй, йæ архайд, йæ цардæй сабитæн цæвиттойнаг куынæ уа, уæд. Са- бийы рæстæг, уарзæгой ахастыл схъомыл кæныныл куы архайа хъомылгæнæг, фæлæ уый æмрæ- стæджы йæхæдæг гуырымыхъ куы уа, йæ алыфарсуæвджытæм ын хæлар ахаст куы нæ -уа, уæд са- бийыл тынгдæр фæзындзæни хъо- мылгæнæджы «цæвиттон». Сабиты ныййарджытæ æмæ скъолайы агъоммæй уагдæтты чи кусы, уыцы ахуыргæнджытæ-хъо- мылгæнджыты раз хъомылады хъуыддаджы цы хæстæ лæууы, уы- дон вазыгджын сты... Уый тыххæй тынг аив загъта зынгæ советон ах- уыргонд-педагог В. А. Сухомлин- ский:«Детство — важнейший период человеческой жизни, не подготовка к будущей жизни, а настоящая, яркая,' самобытная, неповторимая жизнь. И от того, как прошло дет- ство, кто вел ребенка за руку в детские годы, что вошло в его раз- ум и сердце из окружающего 89
Мйра, — от тбго в решающей стёпейй зависцт, каким человеком станет . сегодняшний малыш». Цæмæй скъолайы агъоммæйы кары сабиты хъомыл кæныны мето" дикæйæ раст пайдачындæуа, уый тыххæй- æнæмæнг хынцын хъæуы 5—6 аздзыд сабийы ,рæзгæ буары хиæдтæ. Цæмæй саби сомбоны æв- зонг адæймагкуы суа, уæд хæрз- конд æмæ æнæниз уа, уый тыххæй йын ’хъахъхъæнын хæуы йе уæн- гты фидардзинад. Махæй алчи дæр сæрыстырæй фæдзуры, зæгъгæ, сабитæ сты нæ фидæн. Алы ный- йарæджы дæр фæфæнды, цæмæй йæ сабиты фидæн уа рæсугъд. Рæсугъд фидæны сæйраг фарстытæй та иуу æнæниздзинад. Банысан хьæуы. уый, æмæ сывæллоны æнæниздзи- надæн фаг кæй нæу æрмæст дзад- джын хæлц. ,Уыйимæ иумæ, сывæл лонæн хъуамæ лæвæрд цæуа физи- кон- хъомылад. Хъыгагæн хатт фаг хъусдард нæ вæййы ацы ахсджиаг фарстмæ ныййарджыты ’рдыгæй. Сабитæн, кæд алкæмæн нæ, уæд- дæр иукъордæн, сæ гуырыконд^раст нæ вæййы. Иуæй-иутæ вæййынц тыйг нард, сæ зæнгты æмæ сæ цæн- гты фыдтæ дымстæй фæзынынц\ сæ рустæ вæййынц пуртийы хуызæн, Ахæм сабитæн сæ зæрдæйы куыст дæр нæ вæййы æмбæлон. Уый та у, саби фаг кæй нæ змæлы, уый аххос. Кæстæркар сабитæн се уæн- гты стджытæ фидар нæма вæй- йынц,æмæ уый тыххæй хъомылгæ- нæг хъуамæ архайа, цæмæй саби раст бада. Ацы фарстытæм æмбæ- лон хъусдард куынæ вæййы, уæд кæнæ йæ фæсонтæ ныггыбыр вæй- ’ йнц, кæннод та йæ астæуы стæг ныззылынтæ вæййы. Фидауцджын уæнгты конд канд рæсугъддзинады тыххæй нæу, фæлæ ма сывæллонæн йе ’нæниздзинады тыххæй дæр. Йе уæнгты сконд раст куы уа, уæд йе ’нæниздзинад дæр хуыздæр уы- дзæн. Сывæллоны уæнгтæ: астæу, уæхсчытæ, фæсонтæ зылынтæ куы вæййынц, уæд ацы хъуыддаг æвзæр- æрдæм фæзыны сывæллоны зæр- дæйы куыстыл, рæуджытыл, игæр- тæ æмæ тъæнгтыл. Скъолайы агъоммæйы кары са- биты ахуыр кæнын хъæуы стъолы фарсмæ бандоныл б’адын. Саби хъуамæ бандоныл бада арф, бан- дбйь! &йцойгæн&ныл æкгбм Д^а йæ чъылдым. Афтæ куы фæбады, уæд ын улæфын æнцон вæййы, нæ фæллайы йæ астæуы стæг. Кæд бандоныл арф бадгæйæ, йæ къæхтæ нæ хæццæ кæной зæхмæ, уæд ын йæ къæхты бын бавæрын хъæуычы- сыл ныллæг бандон, кæннод та бæзджын фæйнæджы лыггаг. Рухс æвзæр куы вæййы, уæд сывæллоны бахъæуы тынгдæр гуыбыр кæнын, йæ хæс æххæсгæнгæйæ. Къухфæл- тæрæнтæ фыссыны, ныв кæныны, хъазыны рæстæджы сабимæ рухс хъуамæ кæса галиуæрдыгæй. Кæстæрккр сабитæн амонын хъæ- уы раст цæуын æмæ лæууын. Цæугæ-цæуын саби хъуамæ йæ къæхтæ иса бæрзонд, йæ гуыр æмæ йæ сæрыл хæца раст. Хатт сывæл- лон йæ гуыры уæз фылдæр фæуа- дзы лæугæ-лæуын йæ иу агъд æмæ къахырдæм. Ахæм цайдагъдзинады фæстиуæг вæййы сабийы зылын гуыр, йæ иу уæхск вæййы ныллæг- дæр ,иннæ та — бæрзонддæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ сывæллон иугъуызон уавæры бирæ хъуамæ ма уа. Уый дæр йе уæнгты рæзтыл æвзæрæрдæм фæзыны. Змæлын, хъазын, радугъ- бадугъ кæнын сты сабийы æнæниз- дзинады фæрæзтæ. Арæх сабийæн йæ астæу стæг ныззылын вæййы, хуыссæн сынтæ- джы раст куынæ фæхуыссы, уæд, йæ къæхтæ куы скъæдз кæны йæ гуы- бынмæ. Хъомылгæнджытæ хъуамæ уый сæ зæрдыл дарой, æмæ сывæл- лонæн. йæ сынтæджы хуыссæнтæ ма уой æгæр фæлмæн,ма дæр баз уа бæрзонд æмæ бæзджын. Саби цы гобаныл хуысса, уый хъуамæ уа æмхуызон хъæбæргонд, ма ды- дæгътæ кæна. Сабийы сахуыр кæ- нын хъæуы йæ чъылдым æмæ йæ гуыбыныл хуыссын. Иæ хъæццул хъуамæ уа тæнæг. 5 —6 аздзыд сабитæ тæлфаг сты, се знæт змæлдтытæ æмбæлон уагыл нæ вæййынц: Змæлгæ-змæлын куыд архайын хъæуы, ууыл нæ фæхъуы- ды кæнынц. Уый тыххæй хъомыл- гæнджытæ сæ хъус хуамæ дарой æдзухдæр сабиты змæлдмæ. Сы- вæллæтæ хуыздæр æмæ арæхст- джынæй змæлын базондзысты, уый сын нывтæм гæсгæ амынд куы цæуа, уæд. Цæвиттон сын фенын кæнын 90
хъæуы ахæм ныв: саби лидзгæ-ли- дзын фæкалд, зæххыл хаудæй ныд- дыдæгътæ. Уыцы ныв куы феной сабитæ, уæд сæм арфдæр бандав- дзæн хъомылгæнæджы фæдзæхст, зæгъгæ, арæхстджынæй хъæуы -змæлын. Скъолайы агъоммæйы ка- ры сабитæ сæ цæстæй цы фенынц, уый хуыздæр бамбарынц æмæ ба- бахъуыды кæнынц. Уымæ гæсгæ хъомылгæнæг дзургæйæ цы фæамо- ны, уый хъуамæ Цæстунгæ æрмæ- гæй дæр уынын кæна. Хъомылгæнджыты къухдариуæ- гæй нывтæй пайда кæнын хъæздыг кæны сабиты ныхасыгъæд. Скъо- лайы агъоммæйы кары сабитæн цы чингуытæ фыст ис, уыдон хуыз- джын нывтæ уынгæйæ, сывæллæтæн сæ хъуыдыкæнынад хъæздыгдæр кæны, базонынц дзаумæтты миниу- джытæ. Цы нæма фæзонынц, уый дæр нывты фæрцы хуыздæр бамба- рынц. Чингуыты иллюстрациты фæрцы сабитæ базонгæ вæййынц æрдзы хицæн нывтимæ (пейзаж- тимæ), афæдзы рæстæджы миниу- джытимæ, хæдзарон æмæ хъæддаг цæрæгойтимæ. Чингуыты иллю- страциты стыр нысаниуæджы тых- хæй стыр уырыссаг пролетарон фыссæг А. М. Горький афтæ зæ- гъы: «Когда я перевертывал ста- ницу огромного тома, красный язы- чок светильника трепетно коле- бался, грозя погаснуть...дым ел глаза, но все эти неудобства исче- зали в наслождении, с которым я рассматривал иллюстрации и читал объяснения к ним. Эти иллюстра- ции раздвигали передо мной землю все шире и шире...» I Тексттæ æмæ иллюстрациты фæрцы базонгæ вæййынц сабитæ нæ Цæдисы адæмты цардимæ эле- ментаронæй, хицæн нациты цард- уагимæ, хиæдтимæ. Цы цыбыр уац- мыстæ сын фæкастæуа, уыдон ми- дис арфдæр бамбарынц, се сфæл- дыстадон хъуыдыкæнынад райтынг вæййы. Сабитæн цы чингуытæ мы- хуыр цæуы, уыдон иллюстрацитæ æнæмæнг хъуамæ уой хуызджын. Æнæ чиныгæй цы нывтæ февдыс- тæуы сабитæн, уыдон дæр хъуамæ хуызджын уой. Ацы фарст вазыг- джын у. Иллюстрацион æрмæгæй пайда кæныны фарстытæ баст сТЫ бæлвырд метюдикон .амындтимæ. ’Советон Цæдисы æвзонг фæлтæ- ры эстетикон хъомылады фарст у æппæт хъомылады куысты ахсджи- аг хай. Сывæллæтты рæвдауæн- дæтты кусджытæ, ныййарджытæ сæ зæрдыл хъуамæ дарой сабитæн эстетикон хъомылад радтын кæй у тьшг ахсджиаг. Эстетикон хъомы- лад аивады хицæн æмæ хицæн фæрæзты фæрць^ сабиты зæрдæты æвзæрын кæны рæсугъд æмæ æх- сызгон эмоцитæ, царды æцæгдз- над æмбарынад. Эстетикон хъомы- лады руаджы сабиты цайдагъ кæ- нын хъæуы сфæлдыстадон архайд- ыл, хъуыдыкæнынадыл. Ацы стыр куысты æххæстгæнæг у хъомылгæ- нæг, ныййарæг, уымæн æмæ эсте- тикон хъомылад у æмткæй комму- нистон хъомылады сæйраг хæйттæй сæ иу. Сабиты эстетикон хъомыладæн стыр ахъаз кæны сывæллæтты ли- тературæ. Сабитæн амонын хъæуы хæ- дзарон æмæ хъæддаг цæрæгойты аргъæуттæ, фонтастикон аргъæут» тæ. Магион фарстытыл дзырд кæм фæцæуы, ахæм аргъæуттæ сын нæ хъæуы дзурын. ’ Сабиты эстетикон хъомылады рæзты стыр нысаниуæг, ис нывкæ- нын æмæ музыкайæн. Уыдон сын сæ зæрдæты сæвзæрын кæнынц æхцондзинад, арф æнкъарæнтæ. Сывæллæтты рæвдауæн хæдзæртты сабитæ хъуамæ ахуыр кæной, сывæллæтты хъæзтытимæ æнгом баст чи уа, ахæм зарджытæ. Сабиты цайдагъ кæнын хъæуы æрмгуыстыл, сæ кары хийæдтæ хынцгæйæ сын хæс кæнын хъæуы пластелинæй, гæххæттæй хицæн фигурæтæ аразын. Ахæм куыстытæ æххæст кæнгæйæ, сабитæн рæзынц се эстетикон æнкъарæнтæ. Скъолайы агъоммæйы кары са- битимæ кусыны, хъомыл кæныны фарстытæ сты вазыгджын. Уыцы стыр бæрндзинад ис сывæллæтты рæвдауæн цæхæрадæтты, артдзæс- тыты ахуыргæнджытыл, хъомыл- гæнджытыл, стæй ма *сæ ныййар- джытыл дæр.
Сфæлдыстадоп куысты кадвæндагыл Сергей Михалковы райгуырды 70 азы бонмæ. Тынг ахадæн æмæ æппæтфарсон у уырыс- саг советон литературæйы абоны хуыздæр минæвæрттæй сæ иуы — Сергей Михалковы свæлдыстад. Ие сты.р куырдиат æмæ æвæл- лайгæ хъаруйæ уый æнусы æмбисæй фыл- дæр цæстуарзонæй лæггад кæны советон дзыллæйæн. Иæ литературон архайд къан- нæг æмдзæвгæтæй райдайгæйæ, Михалков йæ арæхстдзинад равдыста æппæт жанрты дæр, йæ къухы бафтыд егъау æнтыстытæ. Михалков Сергей Владимиры фырт рай- гуырдис 1913 азы 12-æм марты Мæскуыйы. Иæ сабибонтæ, йæ ’взонджы дуг арвыста Цæгат Кавказы, Пятигорскы горæты. Уым райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын дæр. Иæ фыццаг поэтикон уацмыстæ мыхуыры фæ- зындысты 1928 азы пятигорскаг газет «Те рек» æмæ журнал «На подъеме»-йы фæрс- тыл. 1930 азы æрыгон поэты ныййарджытæ цæрынмæ ацыдысты Мæскуымæ. Уым ,уый æнгомдæр балæууыд сфæлдыстадон куыст- мæ- 1935—1937 азты Михалков ахуыр код- та Максим Горькийы номыл литературон институты. Журнал «Пионеры» мыхуыр æрцыд йæ фыццаг æмдзæвгæ (1935) сывæл- лæтты тыххæй '«Æртæ æмбæстаджы», зæгъ- гæ, ахæм сæргондимæ. Иæ хæдфæстæ та мыхуыры фæзындысты æмдзæвгæтæ: «Свет- ланæ», «Фома», поэмæ «Фыдæфсымæр Сте- па» æмæ æнд. Йæ «Сывæллæтты тыххæй фыст æмдзæвгæтæн» стыр аргъ скодта зынд" гонд уырыссаг советон фыссæг. А. Фадеев. Уыцы чиныг бирæ хæттыты мыхуыр æрцыд, куыд Советон Цæдисы, афтæ къорд фæса- рæйнаг бæстæты дæр. Михалков йе ’мдзæв- гæты арæхстджынæй æвдисы суинаг фæл- тæры зæрдæйыуаг æмæ психологи, архайы цæмæй сывæллæттæ сæ алварс уæвæг дуне хуыздæр бамбарой. Автор сæм æвзæрын кæ- ны ног бæллицтæ æмæ фæндийæгтæ. Егъау хъомыладон нысаниуæг ис поэмæ «Фыдæф- сымæр Степа»-йæн. Уым автор сарæзта ног советон дуджы хъомыл адæймаг Степайы типикон фæлгонц йæ удыхъæды æппæт ба- фæзминаг миниуджытимæ. Степа у адæйма- гыл æнувыд, кæддæриддæр, цыфæнды уа- вæры дæр ын у æххуысмæ цæттæ, бæрзонд æвæры йе стыр æмбæстагон хæс фæллой æмæ тохы. Фæстæдæр ма Михалков ацы темæйыл ныффыста ноджыдæр дыууæ чы- сыл поэмæйы: «Фыдæфсымæр Степа — ми- ’лиционер» æмæ «Фыдæфсымæр Степа æмæ Егор». Æртæ уацмысы дæр сты кæрæдзи- йыл æпгом баст, сæ кæрæдзи æххæст кæ- нынц мидисæй, сты поэтикон трилогийы хуызæн. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыд- та, уæд Сергей Михалков райдианы куыста Хуссар фронты газет «Во славу Родины’»- йы, стæй та Сырх Æфсады Хæстон — Уæл- л,æфон Тыхты централон газеты редакцийы. Газетты фæрстыл арæх мыхуыр кодта юм- ористон æмæ сатирикон æмдзæвгæтæ, оч- срктæ, хæстон литературон сыфты тексттæ. Йæ цыргъ æмæ рæстдзæвин сисæй хæсты азты цы бирæ ’сатирикон æмдзæвгæтæ — памфлеттæ ныффыста, уым поэт худинаджЬ1 гакк æвæры немыцаг> фашистон тыхæйис- джытыл, сиды Сырх Æфсады хæстонтæм советон адæммæ знаджы тагъддæр ныддæ- рæн кæнынмæ. Йæ публицистон æмдзæвгæ- тæй бирæты æвдисы советон хæстонты хъæ- батырдзинад сæ фидар удыхъæд æмæ æнæ- фæтасгæ бархъомыс. Хæсты фæстæ азты поэт йе ’ргом тынг- дæр аздæхта баснитæ фыссынмæ. Уыцы бас- нитæ йын стыр ном скодтой. Уыдоны уый æнтысгæйæ дарддæр кæны Д. Бедный æмæ В. Маяковскийы традицитæ, банкъардта сын сæ уацмысты хæрзиуæгон æндæвдад. Бас- нийы жанр Михалков фæхъæздыгдæр код- та нырыккон царды ахсджиагдæр темæтæй, ног мидисæй. Сергей Михалков сывæллæттæн ныффыс- та къорд курдиатджын драмон уацмысы, уыцы нымæцы пъесæтæ: «Том Кенти» (1938), «Сæрмагонд хæслæвæрд» (1945), «Сырх галстук» (1946), «Мæн фæнды нæ- 92
химæ», «Æппæлой тæрхъус» æмæ æнд. Уы- мæй дарддæр ма хъомылтæн ныфсытæ дыу- уæ сатирикон комедийы: «Хъæдысырдтæ» (1958) æмæ «Мыдзбыртæ æмæ Кæфхъуын- дар» (1959). Йæ сывæллæттæн фыст пъесæ" тæ бирæ азты дæргъы æвдыст цыдысты Мæскуыйы, стæй бирæ æндæр горæтты æв- зонг сценæмæкæсæджы театрты æмæ сын уыдис егъау æнтыст. Советон экраныл Ми_ х^пковы сценаримæ гæсгæ æвдыст æрцыд зындганд киноныв «Фронтон чызгæмгæрт- тæ (1949). Михалков сывæллæттæн цы поэтиконуац- мыстæ ныффыста, уыдон æхсæн уæлдайпо- пулярондæр сты поэмæтæ: «Фыдæфсымæр Стёпа»,. «В. И. Ленины музей», «Мæ фырти’ мæ ныхас», «Мад», «Миша Корольков», æмдзæвгæтæ: «Ленины райгуырæн бæстæ- йы», «Картæ», «Æртæ æмбалы», «Фома», «Хъæбатыр», «Хъæлдзæг цæг», «Мæ хæлар», «Миллионер», «Æртын æхсæз æмæ фондз», «Æврæгътæ», «Хилдасæны», æмæ æнд. Уы- донæн ис егъау хъомыладон нысаниуæг. - Сергей Михалков иттæг аив ратæлмац кодта дзудтаг поэт Л. Квитко æмæ поль- шæйаг поэт Ю. Тувимы хуыздæр æмдзæв- гæтæй иукъорд, сомихаг, литвæйаг æмæ ба- шкираг адæмон аргъæуттæ. Стьтр ’ æмæ бæркадджын сфæлдыстадон архайдимæ иумæ Михалков бирæ азты дæр- гъы кæны активон æхсæнадон куыст дæр. 1948 азæй фæстæмæ у ССР Цæдисы фыс- джыты Цæдисы Правленийы уæнг. 1965— 1970 азты куыста Мæскуыйы фысджыты организацийы фыццаг секретарь æмæ УСФСР-йы фысджыты Цæдисы Правлени- йы секретарæй. 1957 азы æвзæрст æрцыд ССРЦ фысджыты Цæдисы Правленийы се- кретарæй дæр. Советон литературæйы рæзты Михалко- вæн стыр æнтыстытæ кæй ис, Стыр ФыдЫ- бæстæйон хæсты æнуывд æмæ æвæллайгæ куыст кæй кодта, уый тыххæй йын 1973 азьт лæвæрд æрцыд Социалистон куысты, Хъай" тары ном. Уымæй дарддæр ма уый хо’рзæх- джын æрцыд Ленины æртæ орденæйД1939, 1963, 1973), «Октябры революцийы»* «Сырх Тырысайы», «ФæллЪйады Сырх Тырысайы», «Сырх Стъалыйы» ордентæй æмæ бирæ майдантæй. Æртæ хатты йын лæвæрд æр- цыд ССР Цæдисы^ Паддзахадон преми, 1970 азы йын саккагчындæуыд Ленины преми кæстæркар сывæллæттæн фыст æмдзæвгæ- ты тыххæй. Уымæй дарддæр ма йын лæ- вард æрцыд К. С. Станиславскийы номыл УСФСР-йы Паддзахадон цремй,' крнопуб- лицистикæйы йын егъау æнтыстытæ кæй уыд, уый тыххæй. Михалков у УСФСР-йы аивæдты сгуыхт архайæг (1967) æмæ.ССР Цæдисы педаго- гон зонæдты Академийы æцæг уæнг (1971). 1950 азæй у СЦКП-йы уæнг. Уыдис нæпар- тийы ХХШ, XXIV, XXV æмæ XXVI съезд- ты делегат, ССР Цæдисы Уæлдæр Советы 8—10 æрсидтыты депутат. Поэт Регистантимæ иумæ Сергей Ми- халков ыыффыста Советон Цæдисы Паддза- хадон Гимны текст (1943 аз, ног редакци- йæ мыхуыр æрцыд 1977 азы.) Михалковы уацмыстæ дæсгай хæттыты хицæн чингуытæй мыхуыр æрцыдысты, куыд Советон Цæдисы, афтæ бирæ фæсарæйнаг бæстæты адæмты æвзæгтыл — сæ иумæйаг тираж у 140 милуан экземплярæй фылдæр. Иæ уацмыстæи иукъорд ивд æрцыд ирон æвзагмæ дæр (пьесæ «Мæн фæнды нæхи- мæ», поэмæтæ «13. И. Ленины музейы», «Фыдæфсымæр Стёпа» æмæ æнд). Михалков у Советон Цæдисы иууыл пб*- пулярондæр автортæй сæ" иу.
ПИРАНТЫ МИККА ХÆССЫН ДЗЫЛЛÆТЫ ХЪЫСМÆТ МЕ ’ККОЙ Литературон пароди Ныхстуаты цыма бахаудтæн. Мæныл Æнцойы бон нæма скодта ныры онг... ..Мæ карæнтыл та тулы хур хæрдмæ, Мæ карæнтæ та иууылдæр—бынатон. Кæд мæ равдæлдзæн, кæд,. цымæ, мæн та Мæхи удмæ, мæхи удмæ, Цæрынмæ? Дзуццаты Эм «Метройы», Цæрынц мæ карæнтæ сæхи удтæн дзæбæх, Сæ сабитæн, Сæ устытæн, • , ’ Сæхицæн.. . - ч»>« <- Иæ амондыл. сæ алчи бакодта бæхбадт Æмæ йæ цырд зæвæтæй размæ скъæры. Мæнæн та дуг, Фыдæнæнау — æргъом, Дзыллæты сагъæс бакодта мæ бæрны, Æмæ мын нал ис ’рынцой æмæ ’рхуыст — Нæтгæ хæссын дунеты хъысмæт ме ’ккой. Цæмæн калын сымах уæлдай мæ хид? Цы ’рсырдтон æз сымах уæлдай, Зæгъут-ма! Фæлтау мын айсут ме ’ккойæ мæ уаргъ — Мæхæдæг æй куы феппарон — Уæд сæфут!.. «РАМБЫЛДТА» Мæ намыс туманыл ныууæй кодтон æмæ дзы мæхицæн иу суари- йæ ном сæлхæдтон. МАД ИÆ ФЫРТÆН: — Æдзух фынæй æмæ фынæй, ау, æмæ ма уæд улæфгæ та кæд кæныс, гормон? ХÆС Иу лæг æрвылбон дæр дуканийы æлхæдта фондз дзулы, ! Иухатт ыл йæ зонгæ амбæлд æмæ йæ бафарста- 94
— Дæ хорзæхæй, æрвылбон фæндзгай дзултæ цæмæн æлхæныс? — Цæмæн куы зæгъай? уæд иу дзул мæхицæн балхæнын, дыууæ дзы хæс радтын, дыууæйæ та дзы мæ хæс бафидын. — Нæ дæ ’мбарын. Дзæбæхдæр „ ма мын æй бамбарын кæн. — Ау, куыд нæ йæ æмбарыс. Фондз дзулæй иу мæхæдæг бахæрын, дыууæ — мæ зæнæгæн-радтын, дыууæ та мæ мад æмæ мæ фыдæн. ФÆХУЫЗДÆР: — Æнхъæлдæн æмæ мæ нал уарзыс? — фæрсы ус йæ лæджы. — Цæмæн дæм афтæ кæсы, мæ зæды хай? — Цæмæн куы зæгъай, уæд-иу раздæр уæливыхæн йæ фылдæр хай мæнæн ныууагътай, йæ чысылдæр хай та-иу дæхæдæг бахордтай. — Уый уымæн афтæ у, мæ зæды хай, æмæ ныр уæливыхтæ кæнын базыдтай. ЛÆВАР — Ох, мæ зынаргъ, æз дæ афтæ бирæ уарзын, афтæ дыл тыхсын æмæ æхсæв дæр мæ цæстыл цъынд не ’рхæцы, — йæ лæджы хъуыртæ райваз-байвазгæнгæйæ, дзырдта ус йæ лæгæн. — Гъе, æмæ дын дæ райгуырæн бонмæ ахæм лæвар æрцæттæ кодтон, ахæм... — Цæй-ма, тагъддæр мæм æй рахæсс, фыр цыбæлæй мæ гæккуы- ри схауы. — Уæдæ иучысыл фæгæдзæ кæн, мæ дуне, мæ уæлæ уал æй акæ- нон.-. КУЫРДИАТ Магуса дохтырæн: — Дæ хорзæхæй дохтыр, уыцы гæххæтты дзырд «симулянт» лати-* нагау ныффысс. ФЫСЫМ ЙÆ УАЗÆГÆН: — Айбæрц хатыр дæ курын, æмæ мын кæд искуы исты хорздзи- надæй дæ зæрды саразын ис, уæд мæм афтæ арæх ма цу... — Уæд цæмæн? — Æнæ дæу хъæлдзæгдæр вæййын. — Ацы галстукыл фондз сомы бафыстай, зæгъыс? — Тæккæдæр, фондз... — Хи-хи, уыцы æхцатæй дыууæйы фæлыст цъындатæ балхæдтаис. — Уый раст у, фæлæ цъындатæ хъуырыл куыд бабæтдзынæ. Лæг фæрсы йæ сыхаджы усы: — Цыма мæ ус абон изæрæй искуыдæм цæуинаг у? — О. Æнхъæлдæн, киномæ... — Æмæ æз йемæ ацæудзынæн, уымæй дын ницы загъта? Мад йæ сабийы дохтырмæ бакодта. Дохтыр басгæрста рынчын % сабийы æмæ йын йæ мадæн афтæ: — Тæссагæй дзы ницы ис. Дæ сабийæн авд уидыджы микстурæ ратт æмæ йьщ æвдадзы хосау фæуыдзысты. 95
— Дохтыр, уый гæнæн нæй. -— Цæмæннæ уæд?.. — Хъыгагæн, хæдзары мæм æхсæз уидыджы йеддæмæ нæй. — Фæдисæй кæдæм лидзыс, лæппу? — Хылгæнджыты иргъæвын... — Æмæ чи фæхыл уагæры? — Æз æмæ ме ’мбал... ФЕГÆР Æмбырд йæ тæккæ тæмæныл уыд. Æмбырдыуæвджытæй фæстаг бандоныл чи бадт, уыдонæй сæ иу, Гæмси, зæгъгæ, афынæй. Æмбырды цæуыл дзырдтой, уыдонæй ницы фехъуыста. Иурæстæджы йæ хуыррытт суанг трибунæмæ байхъуыст. Уырдыгæй йыл чидæр фæхъæр ласта æмæ Гæмси сæнт схъиуд фæ- кодта. Афтæ йæм фæкаст, цыма йæм трибунæмæ раныхаскæнынмæ сидынц. Растад æмæ æрдæгфынæйæ трибунæмæ схызти. Схызт, æмæ> рагæй фæстæмæ хъæрæй зæгъын кæй нæ уæндыд, уыцы æмбæхст.зæ- гъинæгты дзæкъулы ком феуæгъд. Æйда-мардзæ,. дзæхст-дзæхст рай- дыдта директоры... О, фæлæ æрдæгфынæйæ æгæр дард афардæг-.. æмæ цалынмæ бынтон райхъал æмæ фæстæмæ здæхт, уæдмæ йын йæ бынат æндæр чидæр æрцахста. 9т 07 97