Текст
                    Журнал выходит с мая 1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
РЕСПУБЛИКИ СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ
Главный редактор
Редколлегия:
Техн. редактор
Корректор
Ахсар Кодзати
Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв’. секр.)
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Кудзиева Раиса
Заира Карацева
Владикавказ 1999


____ '99 Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНЫ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор - Редколлеги: Техн. редактор Корректор - Хъодзаты Æхсар Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Куыдзиаты Раисæ Хъæрæцаты Зæирæ секр.) Дзæуджыхъæу 1999
Н О М Ы Р Ы И С: ХУЫГА ТЫ Сергей. Бæрзбынаг изæртæ. Радзырд 5 ЦЫРЫХАТЫ МИХАЛ: 80 АЗЫ ЦЫРЫХА ТЫ Михал. Мæлæтæй æз æвæрын цардмæ хид. Æмдзæвгæтæ 40 ХЪАЙТЫХЪТЫ Азæмæт. Уæлахиздзау. Æмдзæвгæтæ 59 ГАХА ТЫ Æхсар. Хæрзгæнæг. Æцæг хабар 62 БАЛАТЫ Альберт. Бындар. Новеллæ 73 БИАЗЫРТЫ Кромвел. Ирон сылгоймагмæ. Æмдзæвгæтæ .... 76 НОГ НÆМТТÆ БИЦЪОТЫ Æхсар. Зæппадз. Этюд 87 ДЖЫККАЙТЫ Олеся. Рæсугъд Азæ. Аргьау 88 КОКАЙТЫ Людмилæ. Дыккаг уæладзыджы цæрæг. Этюд. ... 89 НОГАТЫ Георги. Доныхъаз. Æмбисонд 89 ТЛАТТАТЫ Замирæ. Зæдты лæвар. Аргьау 90 ХЪУЛА ТЫ Лаурæ. Магуса. Чысыл ныв 90 ЕЛХЪАНАТЫ Сергей. Бускайы хабæрттæй 91 АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Фольклор æмæ этнографион æрмæг 93 УИДÆГТÆ АГЪНА ТЫ Æхсар. Нæ рагон фыдæлты нæмттæ 115 Ирон сабиты хъæзтытæ 130 «Мах дуджы» равдыст 140 НЕ ’ВЗАГ - НÆ ХЪЫСМÆТ ДЗИЦЦОЙТЫ Юри. Ирон этимологитæ 154 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ КЪОГЪОДЗИ Националист 157 СЫХÆГТЫ Усикъо. Дзотайы царциатæ 157 4
ХУЬГАТЫ Сергей БÆРЗБЫНАГ ИЗÆРТÆ Радзырд æссихор рауарыд, фæлæ бирæ нæ ахаста — уай- тагъд расыгъдæг арв. Æрмæст ма ныгуылæныр- дыгæй аззади урс-урсид мигъы фæлм, мæнæ дзы цыма исчи нæуæгæхсад къуымбилтæ атæнæг кодта хурмæ, уый хуызæн. Уый фæстæ урс-урсид уадздзæгтыл фæхицæн уыцы фæлм, стæй уадздзæгтæ сæхиуыл ахæцыдысты фæйнæрдæм æмæ сæ æнахуыр даргъ уисгæндтæ рауад. Цыма уыгæрдæн фестад арвы цъæх, æмæ дзы цалдæр хосдзауы дæргьæй-дæргъмæ урс-урсид уистæ ных- хастой. Хур уæле нал уыди — уартæ иуварсæй касти уыцы уистæм, бынæй сыл æнахуыр сырх-сырхид арт схæцыд, уæле урс-урсид адардтой, æмæ сæм цæстытæ нæ лæууыдысты. Æз сæм къухаууонæй кастæн. Уырысби æмæ Залдуз мæ цуры куыд æрбалæууыдысты, уый дæр нæ бафиппайдтон. Фæлæ мæм уæдмæ Уырысби хъæрæй сдзырдта, куыд фæдзуры, афтæ: — Салам! — Салам,— загътон æз дæр. Иу каст Уырысбимæ бакодтон, иу каст — Залдузмæ. Уырысбийы къухы уыди æхсынæнты чъири. Йæ астæуккаг нæмгуытæ ма, æвæццæгæн нырма афтид уыдысты — Уырысби йын йæ кæройнæгтыл æрзылд æмæ дзы урс-урсид тымбыл фæд акодта. Арвмæ кæсын, уый куы федтой, уæд уыдон дæр уырдæм аздæхтой сæ цæстæнгас. Уырысби йе ’хсынын фæуагъта æмæ, цыма сусæгæй исты акодта йæ дзыхы, афтæ зынд. Залдуз йæ къух йе ’рфгуыты сæрмæ авæрдта, æмæ ферттывтой хурмæ йе ’рфгуытæ. Лæгъз, тынг лæгьз æрфгуытæ æмæ бæзджын, уæлæмæ ныхырдæм фæлдæхт. Афтæ зынд, цыма йæ къухызæрдæ иуда- дзыг хуылыдзæй дары æмæ та йæ рæстæгæй-рæстæгмæ ауадзы йе ’рфгуытыл. 5
Лæууыдыстæм, Мадзинæты цыбыр уынджы кæрон цы къаннæг цъæх къуыбыр уыд, уый сæр. Уырысби, йæ дзыхы цы æхсынæнтæ уыд, уыдон ахсыдта, йæ былтæй сын сæ цъæрттæ райста æмæ мæ бафарста: — Уалæ мигътæм кæсыс, уыгæрдæны уисты хуызæн чи адаргъ, уыцы мигътæм? — куы мæ бафарста, уæд йæ къух дæр сдардта мигътæм, æхсынæны чъирийыл хæцыд, афтæмæй. — Гъо. — Цæмæн? — Рæсугъд сты æмæ уымæн. Куы ничи сæм кæса, уæд сфы- дынд уыдзысты. Уырысби цыдæр æнарæхст зылд æркодта йæ мидбынаты, йе ’ргом ме ’рдæм куыд фæуа, афтæ. — Уæдæ рæсугъд чызгмæ дæр куы ничи кæса, уæд уый дæр сфыдынд уыдзæн? — Уый дæр сфыдынд уыдзæн. — Ницы сфыдынд уыдзæн! Уæдæ афонмæ цæуылнæ сфы- дынд искæй рæсугъд чызг? — Æмæ куыд сфыдынд уа?! Адæм иууылдæр уыдонмæ куы кæсынц, рæсугъд чызджытæм. — Æмæ уымæн нæ фыдынд кæнынц? — Уæдæ. — Уæдæ хорз,— æнæнхъæлæджы сразы и мемæ Уырысби. Хур куыд дæлæмæ цыд, афтæ мигътæ æндæрхуызæттæ кодтой. Уыцы уисгæндтæ æрбаиутæ сты æмæ цыма, афтид арвы цъæхы цæуыл фæхæцыдаиккой, уый сын нæ уыд æмæ быргæ æркодтой, уыйау сæ арвы кæронмæ бирæ нал бахъуыд, хуры сæ фæстæ амбæхстой. Æмæ уæд мигъты фæсте æрдаргъ и урс-урсид хæрдгæ тын æмæ уартæ рагъы фæсчъылдыммæ анывæзта йæхи, цыма гауыз уыд æмæ йæ хуры раз айтыгъ- дæуыди. — Æз уал ацæуон, нæ, Биби? — дзуры Залдуз, æвæццæгæн æм хорз нæ кæсы уынджы лæууын. Ноджы æз дæр ам дæн — Мадзинæтты уазæг лæппу. — Мах дæр цæуæм. Æццæй, нæ цæуæм мах дæр, Габыл? — фæрсы мæ Уырысби. Ныр æхсынæнтæ æхсыны, фæлæ æнæуи дæр, цыма йæ дзыхы исты вæййы, афтæ фæзыны, куы фæдзу- ры, уæд. , Уæддæр фезмæлыд Залдуз, фæцæуы цыбыр æмæ уæззау къахдзæфтæй. Йæ фæдыл феггуырстыстæм мах дæр. — Æвæццæгæн арвмæ кæсын нæ уарзыс? — дзурып цæугæ- цæуын Залдузмæ. 6
— Уæлæмæ кæсын зын у,— дзуры Залдуз хъазгæмхасæн- ты йæ былты кæрæттæ бахудызмæл сты. Мæнмæ афтæ фæкаст цыдæр хъуыды ис йæ ныхасы, мæ цæсты кæронæй йæм бакастæн — исты ма куы зæгъид. Фæлæ ницуал загъта. Мæхæдæг ма йæ афæрсин истæмæй, зæгъгæ, куыд ахъуыды кодтон, афтæ Уырысби йæ цæуынæй фæлæууыд æмæ йæ æхсынæнты чъири ныддыввытт кодта. Æхсынæн атахт, уый йæ фæстæ каст. Æхсынæн уæлдæфы иуырдæм зилын бай- дыдта, уый куы федта, уæд йæхæдæг дæр йемæ райдыдта зилын æмæ цалынмæ æхсынæн уынджы дæллаг фарс лæнкауы, йæ фæстаг къулыл настæ хъазуатæй кæмæн схылдысты, уыцы хæдзары сæр абадт, уæдмæ бынтондæр акъæдз и иуырдæм. Æхсынæн куы æрхауд, уæддæр ма иу-цасдæр алæууыд афтæ къæдзæй, стæй сраст и, йæ дзыхæй сулæфыд æмæ мæ ба- фарста: — Æрдæбоны мигътыл æмдзæвгæ хъуыды кæндзынæ? — Нæ, нæ сыл хъуыды кæндзынæн. Уырысби æмдзæвгæ фыссын нæ дзуры, «æмдзæвгæ хъуыды кæнын» дзуры æмæ æз дæр йемæ афтæ райдыдтон дзурын. — Æз сыл æрхъуыды кæнон? — Æрхъуыды кæн. — Уæдæ хорз. Сæ бинонтæ бавæййæгтæ уыдысты: Мадзинæты лæг æмæ уыдоны лæг хæрзæмхæрæфырттæ уыдысты. Æмæ æнæуи дæр арæх цыдысты Уырысби æмæ Залдуз Мадзинæттæм. Фæлæ æз ам куы дæн, уæдæй фæстæмæ иу изæр дæр нал фесты æнæ æрбацæугæ. Ноджы цæргæ дæр æввахс код- той — сæ цæхæрадæттæ æмарæн... уыдысты. Æмæ худæг куыд нæ уыд — ардæм куы цыдысты, уæд æддæты цыдыс- ты, уынгты, фæстæмæ куы здæхтысты, уæд та фæстæты, цæхæрадæтты цыдысты. Дыууæ цæхæрадоны астæу æмбонд уыд æмæ иу йæ сæрты ахызтысты. Цæргæ дæр рагæй нæ кодтой ацы хъæуы Уырысбитæ — дыууæ азы цыдæр. Уый размæ æндæр кæмдæр цардысты æмæ, ам хæдзар уæййаг куы фæци, уæд уым ауæй кодтой сæ хæдзар æмæ ам бал- хæдтой. Кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд мын Уырысби мæ дысмæ бавнæлдта. — Æрхъуыды кодтон. — Цы ’рхъуыды кодтай? — Æмдзæвгæ. Уалæ æрдæбоны мигътыл. Радзурон дып æй? Уæдæ кæс: 7
Мигътæ адаргъ ысты уистау, Цыма сæ ныккарста Миста. Лдаргъ сты уым дæлæмæ, Мах сæм кастыстæм уæлæмæ. Уæд æнæуи æруадтæн Бæрзбынмæ, мæнæ, æхсгæ уад кæй фæхонынц, ахæм уадæй — абæрæг сæ кæнон. Ноджы Ма- дзинæйы хъæрзгæ хуыдтой. Сæрмæты та мысгæ æркодтон, ме: ’мхæрæфырт Бæтæхъойы саусæр лæппуйы. Афтæ йæ æрæмы- сыдтæн, æмæ-иу мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд-иу хъæрзын райдыдтон, цыма мæ исты рысти, уый хуызæн. Мадзинæйы дзæбæхæй æрæййæфтон æмæ Сæрмæтыл цинтæ кæныныл фæдæн. Йæхæдæг дæр мæ уæрагæй нал хызт. Иу рæстæджы Мадзинæ, йемæ цы тъæпæн бандон рахаста агъуыстæй, ууыл мæ фарсмæ æрбадт бæласы бын æмæ ивазгæ ныхасæй рай- дыдта: — Æрцу-иу нæм, æрцу, æмæ-иу нын æхсызгон уа. Гъеныр гъеуый сывæллоны йеддæмæ ницы у æмæ ма йæм бакæс, кæддæра нæ сырæзти дæ цинæй. Мæн исты зæгъын хъуыд, фæлæ цы загътаин, уый нæ зыд- тон æмæ Сæрмæтмæ кæсæг скодтон мæхи. — Гæр, уæдæ дыл дæ сывæллæттæ нæ кæуынц. Сабаты æрцу æмæ Хуыцаубоны аздæх,— стæй цæхгæр фæурæдта йæ ныхас æмæ мæм йе ’ргом фездæхта, йæ цæстытæ цыдæр ракæнон змæлд бакодтой сæхимидæг. — Фæлæуу-ма, фæлæуу. Дæ улæфты мæй та кæдмæ хауы? Æз фæтарстæн Мадзинæйы ныхасæй: цæмæн æй бахъуыди мæ улæфты мæй! Æз ыл уыцы æмдзæвгæты тыххæй куы ауæр- дын — нырма сыл цас кусын хъæуы! Афтæмæй сæ хъуамæ ног азы къæсæрыл бахæссон мыхуыры уадзынмæ. Афтæ ныхас стæм. — Цæмæн мæ фæрсыс мæ улæфты мæйæ? — Зæгъ уал æй, стæй базондзынæ, цæмæн дæ дзы фæрсын, уый. — Райсдзынæн æй мæнæ фæстæдæр. Уым мын цыдæр куси- наг и. — Æмæ дын цы кусинаг и? Гъеуыцы къуым дык у æмæ дын авгау цæхæртæ куы калы. — Ахæм кусинаг дын нæ зæгъын. — Уæдæ мын цы хуызæн кусинаг зæгъыс? — пал лæууыд Мадзинæ. — Цыдæр фыссинæгтæ мын и æмæ дын уыдонæй зæгъыи. 8
— Æмæ цымæ ныр уыцы фыссинæгтæн ам нæй фыссæн? — тынг зæрдиагæй бафарста Мадзинæ æмæ мæм комкоммæ кас- ти. Æз хъуыдытыл фæдæн, уый куы федта, уæд мæм йæ цæсгом æрбаввахс кодта.— Ардæм ма сæ æрхæсс, ардæм. Чи дæ хъыг- дары? Чындз æмæ лæппу сты, райсом ацæуынц сæ куыстмæ æмæ изæры æрцæуынц. Бон-изæрмæ уыйбæрц дæр куы фыс- сис. Изæры та-иу дæхи аирхæфсдзынæ махимæ. фестадтæн, Сæрмæты хæрдмæ сæппæрстон, рацахстон æй æмæ йæм дзурын хæрдмæ: — Æццæй, Сæрмæтыхъо?! Æрцæуон ардæм, фæнды дæ? — Фæнды! — загъта Сæрмæт æмæ йæ къæхтæ Батылдта. Уый амыдта: сæппар та мæ! Æмæ та йæ сæппæрстон æмæ алыг: цæуын райсом, курдиат бадæдтон, мæ гæххæттытæ рамбырд кæнон æмæ — ардæм. Æнæхъæн мæй ам, Бæрзбыны, ацы са- быр хæдзары! Цы изæр æрыздæхтæн, уыцы изæр Уырысбийы ам æрæййæфтон. Æвæццæгæн ын Мадзинæ аппæлыд, чи сæм æрцæудзæн горæтæй, цæмæ сæм æрцæудзæн, уыдæттæ. Дардæй мæм йæ къух радтынæввонгæй æрбахаста, стæй мын, лæг йæ хуыздæр зæгъинаг куыд æхсызгонæй фæзæгъы, афтæ загъта хъæрæй: — Æз дæр фæхъуыды кæнын æмдзæвгæтæ. Æз бамбæрстон — бынтон йæхи уагыл нæу лæппу, уæддæр мæ цымыдис бамбæхсын нæ баци мæ бон: — Куыд фæхъуыды кæныс, ома? — Дзæбæх,— загъта æнæмæт лæджы хъæлæсæй уый.— Дыууæ уал æрхъуыды кæнын. Стæй та уый фæстæ ногæй æрхъуыды кæнын дыууæ. — Дыууæ цæмæй зæгъыс? — Мæнæ, кæрæдзийы фарсмæ кæй иыффыссыпц, цыдæр куы хуыйнынц. — Рæнхъытæ? — Гъо-гъо! — Кæсгæ дæр фæкæныс æмдзæвгæтæ? — Фæкæнын. — Скъола фæдæ? — Нæгъ. Хъуамæ йæ фæуыдаин, фæлæ йæ нæ фæдæн. Æхсæз къласы æмæ дзы æрдæг фæдæн. Дзургæ-дзурын цæуылдæр æрæнкъард æмæ йæ ницæмæйуал бафарстон. Уæд Залдуз йемæ нæ уыд, уыцы изæр. Залдуз дыккаг изæр æрбацыд йемæ. Æрæджиаугомау æрбацыдысты, изæрмилты 9
æмæ йыл мæ цæст дзæбæх не ’рхæцыд. Ноджы ма æз уазæг уыдтæн æмæ мыл æгæр æртымбыл сты. Фæлæ Уырысбийы æнæ бафиппайгæ нæ уыд: æнахуыр тымбыл цæсгом. Æмдым- был. Йæ цæстытæ — æддиау, æмæ-иу сыл уæлтъыфæлттæ сæхи куы æруагътой, уæд цыма сæ мидæг дзæбæх нæ цы- дысты, афтæ зынди. Æнæуи дæр — тымбылгомау, кæд æгæр фæхæрзхуыз. Йе ’фцæг дæр — цыбыр. Уæд бафиппайдтон, уыцы изæр — лæууын дæр æнцон уыд йемæ æмæ дзурын дæр, лæг дзы нæ фæлмæцыд. Æмæ мæхи фарстон: æрдзæй сахъат чи рацæуы, уый зæрдæйæ сыгъдæгдæр цæмæи вæййы? Æвæццæгæн ын йæ мæгуыр уымæй баххæст кæнынмæ фæхъавы æрдз? Уæдæ йын æй цæмæй баххæст кæна хуыздæр! Иæ ном ын æххæстæй ничи дзырдта — уыцы изæр æй ба- зыдтон. Мадзинæ æмæ йæ Бæтæхъо Уырыс хуыдтой. Залдуз æмæ Данæ, Бæтæхъойы бинойнаг — Биби. Сæрмæт та — Би, хæрз цыбырæй. Кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд Мадзинæ та цæхæрадонæй æрбацыд. Залдузы ацагуырдта цæстæнгасæй, куы йыл фæхæст, уæд æм бадзырдта: — Цу-ма, мæ цæст ахæрай, уæртæ мын мæ хъæдуртæ авзар.— Стæй, йæ раздарæны цы хъуыдыдытæ уыд, уыдон пецы фæстæ тæрхæгыл æркалдта. Уый нын фæтк фæци, фæсахсæвæр хъуыдыдытæ кæиæ картофтæ фыцын æмæ-иу сæ развæлгъау æрцæттæ кодта Мадзинæ. Мах-иу пецы фарсмæ бадтыстæм æмæ-иу ныхæстæ кодтам. Афтæ алы изæр дæр. Ноджы мах иу хъазтыл фæцалх стæм, æз æмæ Уырысби. Рæнхъытæй хъазыныл, рифмæджыи рæнхъытæй. Уырысби йæ рифмæтæй хъазт хуыдта. Бирæ уарзта уыцы дзырд — рифмæ. Бæтæхъоитæ-иу уæдмæ нал бадтысты. Мадзинæ-иу йæ митыл архайдта æмæ-иу мах æртæйæ баззадыстæм. Хъазт цыренгæнæг Уырысби уыд, стæй йын, куыд фæзæгъынц, бындур дæр йæхæдæг æрæвæрдта. Иу изæр — уый куы ’рцыдтæн, уый хæдуæлвæд уыд — нæ арт куы ахуыссыд æмæ нæ хъуыдыдытæ æрдæгфыхæй куы хордтам, уæд дын æнæнхъæлæджы куы скъæрцц кæиид: Ахуыссыд бынтондæр н’арт,— Сугсæттæн у пецмæ дард. Уыцы изæрæй фæстæмæ райдыдта уыцы хъазт — ома риф- мæджын рæнхъытæй. Æнахуыр хъазт уыди, æфсис кæмæй нæ зыдтам, ахæм. Æмæ-иу нæ Мадзинæ куы уагътаид, уæд-иу бонмæ дæр нæ фæуыдаиккам. Ныр агъуысты иннæ кæрон Мадзинæ æфсæйиаг пецы дзултæ 10
фыхта æмæ нæм хъарм дзулы тæф æрбабырста, йæхимæ нæ аздæхта, нæ хъазт ферхæц-ферхæц райдыдта. Ноджы мах пецы арт нæма уыди, æмæ афтæмæй куыд нæ хъуамæ æрбабырстаид дзулы тæф дæр. — Дæлæ ма мын сугтæ æрбадав, о Уырыс, мæ арт фæхуыс- сы æмæ мæ дзул хомæй баззайдзæн,— æрбадзырдта Мадзинæ. Уырысби æвæндонæй сыстад æмæ, куыд фæцæуы, афтæ схæцсхæцгæнгæ араст и сугсæттæнмæ. Залдуз тæрхæгыл бадт, мах пецы фæстæ цы тæрхæг уыд, ууыл, тæбæгъ йæ уæрджытыл æвæрд æмæ йын цъæх хъæдуры кæрддзæмтæ æхсæста йæ мидæг. — Фæкæсон дæм, Залдуз? — æцæг æрфæндыд мæн дæр хъæдур æхсæдын. — Æмæ мын куы фесты. — Кæд дын фесты, уæд сæ ахс æмæ сæ мæнæ уæларт авæр,— æрбадзырдта йæм Мадзинæ, цыма рагæй дæр, æз Залдузмæ кæд сдзурдзынæн æмæ мын Залдуз, хъæдуртæ æвзæрст кæй фесты, уый кæд зæгъдзæн, уымæ æнхъæлмæ каст. Залдуз фестад, тæбæгъ далæ кæрты дæллаг кæрон дондзæуæ- ны бын авæрдта æмæ йæм дон рауагъта. Стæй ныггуыбыр код- та тæбæгъмæ. Куыддæр ныггуыбыр кодта, афтæ йæ дзыкку фæсонтæй фæбырыд, уæхсчы сæрты рахауд æмæ дæлæмæ æрдаргъ, цыма тæбæгъмæ нывналынмæ хъавыд уый дæр. Зал- дуз æй рацахста æмæ йæ фæстæмæ йæ фæсонтæм сæппæрста. Фæлæ йын æгæр æппæрст фæци, æвæццæгæн — дзыкку фаллаг уæхсчы сæрты ахауд æмæ та æрдаргъ и дæлæмæ. Чызг æм нал февнæлдта æмæ уæд къухтимæ æмызмæлд кæнын райдыдта дзыкку дæр. Æз æм кастæн. Æмæ чи нæ бакастаид уыцы æмби- сонды хъæууон нывмæ! Уæдмæ Уырысби æрбаздæхт сугсæттæнæй, пецы раз æркалд- та хъæбысыдзаг сугтæ. Мадзинæ хъæрæй загъта, æвæццæгæн, ома сæ алкæмæ дæр фехъуыса мæ ныхас: — Ныр уын, цымæ, хæндыгæй хъæбæр цыхт куы фелвасин, уæд мын мæ хъарм дзултæй нæ ахæриккат цыхтимæ? — Ахæриккам, ахæриккам! — фæстæмæ йæм æнæвдæлон дзырд акодта Уырысби. Æрбахæццæ и æмæ уайтагъд йæ бына- ты абадт. Стæй нын чысыл фæстæдæр Залдуз нæ разы авæрдта Ма- дзинæты гыццыл фынг, йæ уæлæ хъарм дзул — хæрдмæ фæцыд гуыдыны хуызæн — æмæ хæндыджы цыхт — йæ хæндыджы ад мидæмæ бырста улæфæнтыл. Мах хордтам. Æз æмæ Уырысби, иæ бынæтты бадтыстæм, афтæмæй. Залдуз та цæджындзыл йæ //
фæсонтæ бауагъта, йæ иу къухы дзулы карст уыди, йе ’ннæ къухы — цыхты къæртт. Иу изæр та нæ тъæпæн пецы фарсмæ куыд бадтыстæм æмæ пецы дзулфыцæнæй фых картæфты тæф æддæмæ хъарын куы райдыдта, уæд Мадзинæ йæ гуымбылмæ ныккаст æмæ батыхст. — Хуыцау мæ федта — мæ гуымбыл нæ ахсы! Уырысби цыма абондæргъы йæ дæлæвзаг æвæрдæй дардта уыцы цалдæр дзырды, уыйау ма фæцырд уа: Кæд зынæхсæнæй у у ’ахсæн. Куыд фестадтæн, уый не ’рхъуыды кодтон, фæстæмæ куыд абадтæн — уый дæр. Уæдæ хæйрæг фесты ацы Уырысби, ам куы ’рбады, ацы ныллæг пецы фарсмæ уæд?! Æви æнæуи дæр хæйрæг у?! Ау, Уырысби нал вæййы, æхсынæнтæ бирæ чи уар- зы æмæ уынгты æхсынгæ чи æрбацæйцæуы Залдузы фæрсты. Залдузæй гыццыл фæсте чи аззайы, уый нал вæййы, уыцы Уырысби! Кæсгæйæ йæм баззадтæн, æрæджиау ма сфæрæзтон: — Ай диссæгтæ куы фæдæ! Уый афтæ фенхъæлдта, æвæццæгæн, æмæ æз дæр рæнхъ загътон, йæ къухтæй йæ цæстытæ амбæрзта — ахæм æгъдау æм рахатыдтон: хъуыды кæныны сæр æй бахъуыд, уæд хъуамæ йæ къухтæй йæ цæстытæ амбæрзтаид æмæ æнæзмæлгæйæ абад- таид. Афтæ цъус абадт, хæрз цъус, стæй ма срæцугъа: Бæрæг уыдзæн мæ фæдæй, Уæ-да-дæй ’мæ дæ-дæ-дæй! Уый та дын — уый! Кæд дзы тæрсын нæ байдыдтон цæмæйдæр. Комкоммæ йæм нал кастæн — мæ зæрдæ нал хаста. Фæлæ йæм æнæ кæсгæ дæр нæ лæууыдтæн æмæ тыхстæн мæхи- мидæг. Уæдæ йæм кæцæй æрцыдысты уыцы рæнхъытæ, уыцы уæззау, уыцы æнкъард рæнхъытæ! Уымæй дæр — дыууæ. Æмæ мын кæд мæ ныхас рæнхъ фенхъæлдта, уæд иу дæр фаг уыд, иу рæнхъ дæр. Фæлæ Уырысби дыгай рæнхъытæ хъуыды кæныныл ахуыр уыди. Æмæ цымæ йæхæдæг æмбæрста, æнкъард кæй уыдысты уыцы рæнхъытæ, уæззау кæй уыдысты, уый? Зæгъгæ сæ афтæ æнкъардæй нæ кодта. Кæд гуыргæ дæр йæ зæрдæйы нæ ракодтой?.. Кæд кæцæйдæр цæттæйæ абадтысты йе ’вза- гыл?.. Уæдæ йæхи зæрдæйы куы равзæрдаиккой, уæд йæ цæсго- мыл сæ фæд нæ баззадаид? Уæд афтæ æмдымбыл æмæ афтæ худæндзаст уаид йæ цæсгом? Бадтæн æмæ хъуыдытæ кодтон. Хъуыды кæнын æппындæр нæ фæрæзтон, афтæмæй. Фæсахсæвæр сæхимæ куы фæцæйцыдысты, æз сæ цæхæра- 12
донмæ куы ахизын кодтон æмæ, уым цæхæрадоны дуары сæрмæ пы къаннæг цырагъ уыд, уый куы ссыгътон, уæд мæм фездæхт Уырысби. — Райсом дæр хъаздзыстæм? — Цæмæй? — йæ ныхас ын нæ бамбæрстон æз. — Рифмæтæй. — Уæдæ цы кæндзыстæм! — Уæдæ хорз, — бацин кодта æмæ схæцсхæцгæнгæ фæраст и, цæхæрадоны цы нарæг фæндаг и, ууыл. Залдуз ма гыццыл афæстиат и мæ цуры, иу ныхас зæгъынмæ цас афæстиат вæййынц, уый бæрц, стæй уый дæр бауади Уырысбийы фæстæ. Æз йæ фæдыл кастæн, цалынмæ йæ æвзæрстон, уæдмæ, стæй рухс ахуыссын кодтон æмæ фæстæмæ мидæмæ æрбахызтæн. Æмæ мæм мидæгæй афтæ фæзынд, цыма мæ æмбонды онг йемæ бацæуын хъуыд, мæ цуры ма куы афæстиат и, уæд. Ацу йемæ ныхæстæгæнгæ æмæ уа! Æмбондмæ йæ бахæццæ кæн, æмбон- дыл куыд бахиздзæн, уымæ бакæс æмæ фæстæмæ раздæх. Нæ, фæлæ мæм афтæ цæмæн кæсы — фыццаг хатт æй куы федтон, уæдæй нырмæ мæм кæсы афтæ — цыма йын йæ ном æгæр стыр у, мæнæ лæгæн йæ хæдон куыд уа æгæр стыр, афтæ. Æгæр уæззау ын цыма у уыцы ном. Цыма йыл æндæр ном æвæрын хъуыди, къаддæр æмæ рæуæгдæр ном. Æмæ, дам, ном фæстæмæ фæкæсыны тыххæй у — нæу! Уый гæдыныхас у, иом фæстæмæ фæкæсыны тыххæй нæу æппындæр, ном æндæр цæйдæр тыххæй у; бынтон цæйдæр тыххæй. Ном ном кæныны тыххæй у, æмæ адæймагыл хъуамæ йæ ном æдде æппæрстæй ма баззайа йæ уæлæфтауы хуызæн — хъуамæ йæ удыхъæдыл ба- ныхæса. Хъуамæ йын æххуыс уа йæ ном. Хъуамæ йын фæыдаг- амонæг уа æмæ йе ’нцой лæууа хъуамæ. Æмæ фæстæмæ фæкæсыны тыххæй нæу. Бола Бола кæй сси, афтæ уæйыг уымæн рауад — чи зоиы, æмæ йыл йæ фыццаг ном куы баззадаид — Темырболат — уæд зынгæ дæр никуыцæй ракодтаид. Кæнæ — Къоста! Зæххыл цыдæриддæр ном ис — æрæмбырд сæ кæн, иу дæр ын дзы не сбæздзæн, лæгæн йæхи аккаг чи нæу, уыцы худтæй йын куыд никæцы сбæзза, афтæ. Æрмæст ын уыцы ном бæззы, йæхи ном, цыма йæ йæ мады гуыбынæй йемæ рахаста. Æмæ æрмæст фæстæмæ фæкæсыны тыххæй нæу ном. Æмæ-иу Залдузы номмæ гæсгæ бафтыдтæн уыцы хъуыды- тыл. Иу изæр Бæтæхъоитæ куыстæй иæма æрцыдысты, афтæ Уырысбийы Мадзинæ цæхæрадонмæ акодта, бæлæсты бын, дам, 13
згъæлæггаг дыргътæ рауидзæм стурты æрцыдмæ. Мах кæрть* æртæйæ баззадыстæм: Залдуз, Сæрмæт æмæ æз. Сæрмæт мæ уæрагыл бадт æмæ мын цыдæртæ дзырдта. Залдуз кæрт марзта — фыццаг-иу цайданæй зæххыл цыхцырæггæнгæ арацу-бацу кодта æмæ-иу, кæрæдзиуыл чи сыздыхт æмæ сæлхынцъытæ, ахæм фæдтæ аззади йæ фæстæ, стæй-иу сыл хъæдын хæмпус уисой рауагъта. Æз кастæн Залдузмæ нывмæ кæсæгау, нывты равдыстмæ куы бацæуай, æмæ уыйæппæт нывты ’хсæн иу ныв куыд равза- рай æмæ уымæ куыд кæсай, афтæ. Фæлæ мæ Сæрмæт дзæбæх кæсын нæ уагъта — йæ чысыл къухæй-иу мын мæ роцъомæ сæвнæлдта, стæй-иу рог цъæм-цъæм акодта, исты зæгъыны размæ куыд фæкæны, афтæ æмæ та-иу мæм сдзырдта уæлæмæ: — Аргъау мын ракæн. Бæрзбынмæ куы æрцыдтæн, уæдæй нырмæ мæ фыццаг хатт æрфæндыд, куы ’ргæпп кæнид мæ хъæбысæй æмæ цæхæрадонмæ Мадзинæмæ куы азгъорид. Фæлæ нæй, нæ гæпп кодта Сæрмæт. Æз дæр ын нæ кодтон аргъау. Бирæ фæкастæн Залдузмæ, стæй йæм бадзырдтон — æвæццæгæн, æнæ ’рхъуыдыйæ: — Ныр дæ ном æгæр уæззау нæу — Зал-дуз? Чызг раст алæууыд, уисой дæр раст авæрдта йæ разы. — Æгæр уæззау? — 0, æгæр уæззау. Цыбырдæр куы уаид дæ ном, рæуæгдæр, уæд хуыздæр нæ уаид? — бахудтæн æз, æндæр гæнæн мын нал уыди. Уый дæр бахудт. Хъазын æнхъæл мын уыд, æвæццæгæн. Йæ цæсгом истæмæ тæхудыгæнæджы змæлд бакодта. — Бæргæ, куы мæ уаид иу цыбыр ном, иу фæсарæйнаг ном. Уыдон рæуæгдæр сты, фæсарæйнаг нæмттæ. — Стæй йæ цæсгом фенкъарддæр.— Мах нæмттæ уæззау сты. Афтæ загъта, стæй къранты бынæй цайдаи райста æмæ та къæдз-мæдзы фæдтæгæнгæ арацу-бацу кодта, кæртæй ма æнæ марзтæй цы гæппæл баззад, ууыл. Кæд æцæг афтæ у, хъуыды кодтоп æз, кæд æцæг уæззау сты ирон нæмттæ? Кæд сæ æвæргæ дæр уымæн ничиуал кæны æмæ уæззау сты? Ссæдз ирон лæджы райс æмæ сæ кæд ирои ном иуыл разына, уæд хорз. Нæ сылыстæгыл та бынтон иал и ироп ном. Ныр, кæд ном æцæг исты бар дары удмæ, кæд л&ггæнæг у ном, уæд ирон ном кæуыл нæй, уый нæ феидæр- хуызон и? Уыцы адæймаг ма ирон уа, сыгъдæг ирои? Æмæ уæд афтæмæй куыд уыдзыстæм?! Диссаг нæу — дæхи иом аппарай, дæ фидар, дæ сыгъдæг ном æмæ искæй æрмыдул, ихсыд ном 14
сæвæрай дæ ноггуырдыл?! Мæнæ дæ болат фат куыд аппарай, стæй фæндагæй искæй згæ фат куыд сисай æмæ уыимæ куыд ацæуай хæстмæ. Æмæ йæ Залдуз зæрдаивæй загъта, афтæ, мæ ныхасмæ исты зæгъын хъуыд æмæ уый тыххæй — уæдæ уанцон нæу, уæд быы- тои диссаг куы фесты хойæ-æфсымæрæй! Фæлæ йæ цымæ бын- топ зæрдаивæй загъта? Чи зоны, искæмæй фехъуыста, мах нæмттæ уæззау кæй сты, уый æмæ йæ йæ зæрдыл бадардта. Исты ма куы зæгъид, бæргæ, уæд бæрæг уаид. Фæлæ ма исты зæгъа уыцы мадзурайæ. Уæд та йæ мæхæдæг афæрсии истæмæй? Ома æмæ ныр цымæ ирон нæмттæ се ’ппæт иухуызон уæззау сты? Ахæм истæмæй, гъе. Æмæ йæ афарстаин, æвæццæгæп, Уырысби мæ разы куы нæ алæууыдаид, уæд. — Хъазæм? — Хъазæм. Уырысби, йæ къухы цы бедра уыд, уый къулгæрон æрæвæрдта æмæ йæ бынаты сбадт. Æз дæр Сæрмæты зæхмæ æрæргъæвтои æмæ æз дæр сбадтæн мæ бынаты. Уæдмæ Ма- дзинæ дæр æрбауад цæхæрадонæй æмæ Залдузмæ бадзырдта: — Уый уал уадз, дæ сæрыл мæ æрхæссай æмæ мæнæ цæхæратæ ахс. Цæхæраджынтæ скæнæм, æндæра æхсæвæрыл цы бахæрдзыстæм. Уырысби йæ æрмттæ кæрæдзиуыл адау-адау кæны — нал лæууы, лæг исты æхсызгон хъуыддагмæ куыд иал фæлæууы, афтæ. — Цæй æмæ ацы хатт афтæ ахъазæм: фыццаг чи хъуыды кæна, уый кæронæй æвæрæд лæджы ном, иæ? Стæй иниæ чи хъуыды кæна — цытæ хуыйнынц? — Рæнхъытæ. — Гъо-гъо. Иннæ куы хъуыды кæна, уæд уыцы лæджы номæн æрхъуыды кæндзæн рифмæ. Хорз? — Хорз,— сразы дæн, фæлæ дзæбæх пæ бамбæрстон, куыд хъаздзыстæм, уый. — Уæдæ хорз. Ды райдай. — Рæнхъы фæстæ лæджы ном куыд уа, афтæ, нæ? — Æз ахъуыды кодтон. Иу дзæбæх ироп ном уал куы уаид — ам ирон ном хъæуы, уæдæ дзы цы хъæуы! Уырысби фестад æмæ фæстæмæ абадт. Йæ къухтæ дæр та адаудта кæрæдзиуыл. Зилыи нæмтты ’хсæн, фæлæ дзы ирон номыл нæ хæст кæиыи. Диссаг иæу, стыр диссаг, ирон лæг уай æмæ дыл ироп ном ма уа! Æндæр кæцондæр номимæ тонай дæ царды бонтæ! Стæй 15
дыл кæд уыцы ном сфидыдта, æрбадти дыл уыцы кæцондæр ном, дæ удимæ баиу и, уæд дæхæдæг дæр æндæр кæцондæр сдæ. Афтæ цæуы ме ’рдæбоны нымадмæ гæсгæ. Уæдæ уæд ирон адæмæн сæ фылдæр ирæттæ нал сты, сыгъдæг ирæттæ. Уыцы сагъæс мæм афтæ бахъардта, æмæ мæ зонд фæхæццæ уа, уымæ мæ бирæ нал хъуыди. Хорз уыд, æмæ мæм Уырысби сдзырдта — цыдæр фæдисы дзырд: — Мæхæдæг, мæхæдæг! — стæй æппындæр нæ ахъуыды кодта, йæ къухтæ дæр не схаста йæ цæстытæм, афтæмæй загъта: 'Рцахста сæ иæл бабыз Самты Мырзæ. Мæ хъуыды уыйырдæм фездæхт, Уырысбийырдæм: æвæццæгæн, раздæр æрхъуыды кодта уыцы рæнхъ, цæттæ йын уыд æмæ, хъазыныл куы ’рбадтыстæм, уæд дзы айрох, цæттæ йын кæй уыди, уый. Æмæ йæ ныр фæхъуыды кодта. Чи зоны, йæ бабыз расурбасургæнгæ дæр федта уыцы Самты Мырзæйы. Æз дæр уымæй райдыдтон, уыцы рæнхъæй, стæй йыл мæхи рæнхъ дæр бафтыдтон: 'Рцахста сæ пæл бабыз Самты Мырзæ. Л Мырзæ бабызæй скодта лывзæ. — Уа-уа-уа! — хъæрæй худти Уырысби, хæрдмæ схъиудта йæ бандоныл. Æз дæр-иу бахудтæн — уадз æмæ фылдæр фæхуда Уырысби. Æмæ-иу куы схудтæн, уæд-иу мæ цæсты тигъæй ауыд- тон, Залдуз-иу мæм куыд æрбакаст, уый. Кæд æмбæрста — зæрдæбынæй нæ худын æмæ, кæд йæ зæрдæмæ нæ цыди, кæй- иу бахудтæн, уый дæр. Мадзинæ агъуысты рæбинаг къуымы тымбылзылд арынгмæ багуыбыр æмæ хыссæ надта. Афтæ æнувыдæй архайдта æмæ афтæ зынди: йæ хыссæйы йеддæмæ йæ æндæр ницæй мæт и. Фæлде дын уалынмæ йæ сæрыл куы схæцид, махырдæм куы ракæсид æмæ куы радзурид: — Кæй Мырзæ уыди, кæй? Махæй йæм ничи ницы сдзырдта — цы йæм сдзырдтаиккам! Æмæ та уæд йæхæдæг загъта: — Гæр æмæ, макуы мацы фена,— бабызæй лывзæ чи кæны? Лывзæйæн мын зæгъ æмæ гогыз. Карк дæр бæззы, фæлæ карчы лывзæ дæр дард лæууы гогызы лывзæмæ. Уырысбийæн йæ тымбыл цæсгом худындзастæй баззад, афтæмæй цыдæр тарст каст кодта Мадзинæйырдæм. Æмæ та йæ уæдмæ афарста Мадзинæ: 16
_- Æмæ кæмæй загътай, Уырыс, чи кодта лывзæ бабызы фыдæй? Ничи кодта, лывзæ, цæи лывзæ кодта! Мах мæнæ хъазгæ кæпæм. — фæрнæй хъазут — чи уæ нæ уадзы! Фæлæ уæ иу афтæ зæгъы æрцахста йæ, уæ иннæ афтæ зæгъы — лывзæ дзы скод- та. Æмæ дзырд хæйрæджы нæ уырны. Уырысби нырма дæр уыцы тарст каст кодта Мадзииæмæ. Куыддæр йæ ныхасæй фæлæууыд Мадзинæ, афтæ мæм цæхгæр ныззылд: — Дæ рад у! — Мæ рад у, нæ? Кæс уæдæ,— йæхи ныхæстæ кæнын Уырыс- бийæн: Дон-дон æрцæйцыди Бесты Бесæгъуыр. Уырысби йæ къухтæй йæ цæстытæ бамбæрзта æмæ æз уыд- тон — йæ къухтæ зына-нæзына стъæлфыдысты цæстыты уæлæ, æмæ мæм афтæ каст: уый тых хъуыдыйæ афтæ у. Тых хъуыды ныккодта æмæ йæ дадзинты туг тыхцыд кæнын байдыдта. Уымæй стъæлфынц йæ къухтæ æмæ мæм фæсмон æрцыд — цæмæн мæ бахъуыд уыцы ном, æндæр ном ницыуал уыд зæххыл! Æнцондæр кæмæ уыдаид рифмæ æрхъуыды кæнын, ахæм ном! Гъеныр уæд та исты кодта фырхъуыдыйæ кæйдæр лæппу! Æмæ мæхинымæр февнæлдтон — алæма, кæддæра цы хуызæн рифмæтæ ис уыцы номæн: Бесæгъуыр — не сахуыр, Бесæгъуыр — йе сæ хуыр, Бесæ хыл, фесæфт хыл, фест зæххыл... — Æрхъуыды кодтон! — йæ хъæр фæцыд Уырысбийæн. Йæ къухтæ исгæ нæ ракодта йæ цæсгомæй, фæлæ сыл фæйиæрдæм ахæцыд, йæ дзых куыд райгом уа, афтæ.— Уæдæ кæс: — Чидæр ын иу къуыбар фехста йæ сæгъыл. Бесæгъуыр — йæ сæгъыл! Гыццыл ма бахъæуа — мæ хъæр ма фæцæуа: кæцæй йæм æрцыд уыцы рифмæ, цавæр сусæг тых ып æй бафтыдта йæ зондыл? Æмæ цы у уыцы сусæг тых? Кæцæй йæм касти? Стæй йæм кæцæй фæкæсы алы изæр, хъазыиыл куы æрбадæм, уæд?! Æмæ йæ хъазыпыл дæр кæд уыцы тых иæ бафтауы, уæд æй цы æрбадын кæны алы изæр мæ иыхмæ?! Уæдмæ Уырысби йæ къухтæ йæ цæстытæй райста æмæ сыл хæрдмæ схæцыд, цыма йæм исчи пурти æрбаппарынмæ хъавыд æмæ йæ дзæбæх куыд рацахстаид. — Нæ мын бæззы? — Куыд нæ дын бæззы! — хъæрæй дзырд мын фæци, ацу æмæ бауром дæхи! — Хорз дын у тынг хорз, фæлæ дæ цæмæй Млхдуг№ 2, 1999 17
афæрсон: ныр Бесæгъуырæн сæгъ куы иæ уыди, уæд ын уыц| чидæр цымæ къуыбар куыд фехстаид йæ сæгъыл? — æпдæ! цыдæр зæгъын хъуыди, цыма, фæлæ — цы, уый мæ хъуыды н| ахста. — Нæ йын уыди? Сæгъ ын нæ уыди? — цæмæйдæр фæтарс- ти Уырысби. — Кæм ын уыди? — Уæдæ мып дзæгъæлы хъуыды фæци? — тынг æнкъардæй загъта Уырысби, æмæ йын фæтæригъæд кодтон. — Дзæгъæлы йæ ницы æрхъуыды кодтай. Дунейы ахæм хъуыддаг иæма уыд, æмæ лæг дзæгъæлы æрхъуыды кæна исты. Лæг цыдæриддæр æрхъуыды кæна, уый хъæугæ кæны. Дунейы алы æрхъуыдыйæн дæр йæхи бынат и.— Зыдтон æй — Уырыс- бимæ уыцы ныхæстæ нæ бахъардзысты. Стæй, чи зоны, мæхимæ дæр дзæбæх нæ хъарыдысты, фæлæ сæ уæддæр дзырдтон.— А’ Бесæгъуырæн сæгъ кæй нæ уыди, уый дæр афтæ стыр бæллæх нæу. Ныронг ын нæ уыди сæгъ, ныр ын уыдзæн. — Куыд ын уыдзæн?! — йæ цæстыты уæлтъыфæлттæ хæрдмæ хъилæй аззадысты Уырысбийæн. — Куыд куы, мæнæ афтæ: Дон-дон æрцæйцыдысты Бесты Бесæгъуыр, Уади йæ фæдыл йæ сæгъ. Чидæр ын иу къуыбар фехста йæ сæгъыл, Фæлæ пæ фæцæф йæ сæгъ. Иу цæстыфæныкъуылдмæ Уырысбийы цæсгом, цы тымбыл уыд, уымæй ноджы фæтымбылдæр. Стæй йыл худæг апырх — фæйнæрдæм ыл алыгъд æнахуыр раст тынтæй æмæ мæм хуры хуызæн фæкасти йæ цæсгом, мæнæ сывæллæтты чингуыты куыд сныв кæнынц — худгæ хур йæ тынтæ фæйиæрдæм куы пыццара- зы, уый хуызæн. Иу-цасдæр куы фæхудт, уæд мæм æрбадзырдта: — Иу хатт ма йæ радзур. Æз та йæ радзырдтон. — Куыд æрцæйуад йæ фæдыл, иæ фæлæ. — Йæ сæгъ ома? — Йæ фæдыл ахуыр уыд, æвæццæгæн, æмæ æрцæйуад йæ фæдыл дон-дон. — Афтæ уыдаид, афтæ. — Ныр мæ рад у, нæ? Уæдæ хорз.— Уырысби йæ цæстытæ бацъынд кодта, фæлæ сæ ацы хатт йæ къухтæй нæ бамбæрзта. Æз уыдтон: йæхи мидæг цыдæртæ дзырдта — йæ былтæ змæлы- дысты æмæ мæм афтæ фæзынд, цыма кувгæ кæиы, стæй цыма 18
ам иæй, мæнæ Мадзинæты агъуысты, фæлæ кæмдæр дзуары ^ып и. Æмæ йæм æз дæр уырдæм кастæн, дзуары быпмæ. Уый лзырдта æмæ дзырдта цыдæртæ, æмæ йæ цæстытæ цыма но- д>кы феддæдæр сты. Иу афон йæ уæлтъыфæлттæ фæтъæбæртт кодтой, æз загътон — æрхъуыды кодта, ныртæккæ йæ зæгъдзæн. фæлэе уый ницы дзырдта. Комкоммæ мæм каст, стæй фæстæмæ бацъынд кодта йæ цæстытæ, гыццыл ма абадти æмæ уæд загъта цыдæр уæзбын хъæлæсæй: Обауыл бадти Быдтаты Данел. Æз мæ цæстытæ нал истон Уырысбийæ. Афтæ мæм зыпд: æидæр цыдæр æрхъуыды кодта æрдæбон, фæлæ йæ нал загъта. Æмæ цымæ цы уыди, цы æрхъуыды кодта, уый? Стæй йæ цæ- уылнæуал загъта, цымæ? Зæгъгæ кæй кодта, уый æнæуи абадти йе ’взагыл. Уый нæ уыди, дзуарыбын дзурæгау кæй дзырдта, уый, æндæр цыдæр уыд. Уæдæ, обауыл Быдтаты Данел бадт, уый афтæ бирæ æмæ афтæ æдæрсгæ дзурын цæмæн хъуыди? Бадти обауыл, æндæр ма дзы исты и! Æмæ мæм æнад фæкаст уыцы рæнхъ: «Обауыл бадти Быдтаты Данел». Мæхимидæг æй куы загътон, уæд мын хъæрæй дзырд дæр куы фæуид: Обауыл бадти БыдтатыДаиел. Уырысби мæм иу тарст каст фæкодта. — Æмæ уый æз куы æрхъуыды кодтон! — Зонын æй — ды йæ æрхъуыды кодтай. — Æмæ ды цæуылнæ хъуыды кæныс, дæ рад иæу?! — нал сабыр кодта Уырысби. — Фæлæуу, æрхъуыды кæндзынæн æз дæр. — Гъомæ æрхъуыды кæн! — Æрхъуыды кæндзынæн.— Мæхимидæг та загътон Уырыс- бийы рæнхъ. Стæй йыл афтыдтон хъæрæй: Йæ хæдои, йæ хæлаф уыдысты фаиел. Залдуз мæм æрбакаст — цыдæрхуызон æргом каст уыди, нырма мæм афтæ никуы æрбакаст. Стæй мæм ноджы цыма цыдæр сдзурын дæр уыд йæ зæрды, афтæ мæм фæкаст, фæлæ йыц уæдмæ йæхимæ фæдзырдта Мадзинæ. — Ахсадтай мын мæ цæхæратæ? — Ахсадтон,— Мадзинæмæ аздæхт Залдуз. — Гъо, ныхыдзуар фæхæссай, гъо! — стæй мæимæ ракаст Мадзинæ.— Ды та цæмæй зоныс Даиелы? 19
— Кæй Данелы? — бадис кодтон æз. — Уæдæ кæй Данелæй зæгъыс? — Никæй Данелæй зæгъын. Æз æнæуи зæгъын. — Уæдæ, йæ хæдон æмæ йæ хæлаф фанелæй сты, уый цæмæй зоныс? — Ницы зонын. Æмæ кæмæн сты йæ хæдон æмæ йæ хæлаф фанелæй? — Данелæн. — Кæй Данелæн? — Кæй, кæ — Быдтаты. — Уæуу-мæнæ! Мæ сæр мын разилын кодтат уæ Данелæй. Чи у, цы у?! — Мæнæй афтæ — зоныс æй. Уæлæ Дурджын обауыл фæба- ды сау халонау, йæ фырыты фæхизы уым æмæ йæм, зæгъын, кæд искуы схæццæ дæ. Æз бахудтæн — ацу æмæ ма бахуд! Æз рæпхъ хъуыды кодтон, рифмæджын æмбал Уырысбийы рæнхъæн... Æниу аххосджыы уый у, Уырысби у аххосджын. Уæдæ бирæ кæ- уыл фæхъуыды кодта, бирæ кæй фæдзырдта йæхимидæг, уыцы рæнхъ нæ загъта, фæлæ, дам, Данел обауыл бадт, Быд- таты Данел, дам. Цыма мæ тынг бахъуыд, кæм бадти, уый! — Æмæ æцæг дары фанел хæдон æмæ хæлаф? — Уæдæ нæ дары! — Æмæ тæнæг нæу фанел хъуымац хæдон æмæ хæлафæн? — Тæнæг у — бæзджын у, уый æндæр ницы дары æмæ цыф- æнды дæр фæуæд. Цæхæрадоны исты архайа — уыдон, искуы- дæм мæрддзыгой цæуа, уæддæр — уыдон, йæ фырытæ хиза — уæддæр. Туг ыл куы ныууара, сау туг, æндæр дарæс дын ыицæй тыххæй скæндзæн. — Мæнæ диссаг! — Гъомæ, æлхæнгæ та кæм бакæны алы- хатт фанел? Кæм æй ссары? — Ссары йæ. Кæд ыл искуы асламæй бамбæлд æмæ дзы иу æлхæд бирæ бакодта, уæддæр ын чи цы зоны! Æз æмбæрстон — Мадзинæ цыдæр зулдзых хæссы уыцы Данелмæ. Фæлæ, цымæ, цы? — Чи йыл æмбæла сæрдыгон — сæрддæргъы, уыдонæп æппæлдзæни, гъе! Мæнæ сæ Джеуæргуыбамæ хæссын. Сæ иуы йе ’рцæуæн бон аргæвддзынæн, се ’ннæйы йе ’рвитæн бон. Уæдæ стыр-бон уыдзæн æмæ лæг сурдзыхæй бада! Стæй уалдзæджы кæс, æмæ та сæ уæртæ фескъæры хи- зынмæ. Пуй, дæ Джеуæргуыба дыл мауал æрцæуæд, цы лæг дæ! 20
^— Уанцон нæу! — æцæг мæм диссаг кастысты Данелы хъуыддæгтæ. Мадзинæ ницуал загъта æмæ та æз афарстон: — Æмæ йæм рагæй сты уыцы фырытæ? — Ныр иу-фондз азы бæрц. — Гæр, æмæ сыхæгтæй дæр не ’фсæрмы кæны? — Кæм и уæдæ, кæд æфсæрмы кæны, уæд? — Æмæ ма йын исчи йæхицæн фæзæгъы «мидæмæ»? — Чи йын фæзæгъы, чи — нæ. — Æмæ ма цæуы йæхæдæг хуындмæ? — Нæ цæуы, уогъ! Мæ цæстыты разæй нал хызт уыцы Данел — ныггуыбыр и, афтæмæй йæ пака нымæтхуды бын бады обауыл æмæ йæ цæстытæ ныджджыгъгъытт кодта йæ дыууæ фырмæ. Нæ фæлæ сæрдæй-зымæгæй, хурæй-къæвдайæ уыцы фанел хæдон æмæ хæлаф куыд дары! Хæлаф гæлифе уыдзæи, ай-гъай! Уæдæ фанелæй даргъфадыг хæлаф куыд хъуамæ бахуыйа! Æмæ йыл хæрзаг даргъхъус цырыхъхъытæ ссæрфы. Уæдæ ма ыыр ирои дзабыртæ æмæ цъындатæ чи дары! Уый кæддæр дардтой афтæ. Ноджы уæд гæлифе — арæх, цырыхъхъ — стæм. Æмæ дардтой ирон дзабыртæ æмæ цъындатæ. Цъындаты хъустыл уæлиау схæц, сиваз сæ гæлифейы зæнгтыл, стæй сæ, дæлæмæ куыд нæ лæсой, афтæ, мидæджырдыгæй фæйнæ булавкæйы ныссадз. Ныр афтæ ничиуал дары. Фæлæ Данелæн йæ бон у æмæ дара — дыууæ фыры чи фæхæссы алы аз Джеуæргуы- бамæ æмæ дзы иу дæр чи нæ аргæвды, уымæи цы хъæуы дза- быртæ æмæ цъындатæ дарын! Стæй ардыгæй Дурджыи обаумæ цырыхъхъ, цæмæн хъæуы æнæуи дæр. ...Уыцы æхсæв æгъуыссæг фæдæн. Æрмæст уартæ бонырдæм авæрдтон мæ цæстытæ кæрæдзиуыл. Æвæццæгæн мæ фына- фонæй кæй ахызтæн, уымæн афтæ уыд. Нæ фыиг адаргъ и. Бæтæхъо уайтагъд бахъæлдзæг, иу сидт иннæйы фæдыл уагъ- та, цыма Нафы куывды бадтыстæм. Данæйы та Хуыцау цæхæраджынтæй æппæлыныл бафтыдта. Бæтæхъо-иу ракуыв- та, æмæ та-иу Данæ дæр раппæлыд. Мæнæ сыкъа чи аназа, уымæн ацаходæггаг куыд авæрай. Æппæлгæ дæр иууыл уыцы иу ныхæстæй: — Нанайы цæхæраджынтæ амбылдтой. Карчы мард иæ, фæлæ гогызы мард дæр ницы у сæ цуры. Æвналгæ дæр-иу сæм æркодта, махмæ дæр-иу бахатыд, æмæ та-иу сæм æрæвнæлдтам мах дæр. Диссаг та куыд иæ у! Инпæ адæмтæй бирæтæ æхсæвæрыл 21
сæхи цы фæсайой, æндæр хæргæ нæ кæнынц. Далæ, дам, стыр Китайы та ахæм ыыхас баззад: дæ аходæн дæхæдæг бахæр, дая сихорæн йе ’мбис искæмæн радт, де ’хсæвæр та æнæхъæнæй радт искæмæн. Мах та — иннæрдæм. Райсом кæнæ гыццыл, кæнæ ’ппын нæ, сихорыл — гыццыл, æхсæвæрыл — бирæ. Со- йаг æмæ сæм урсагæй цы уыд æфсинтæм, ууыл æхсæвæрмæ ауæрстой. Хæхты афтæ кодтой иууылдæр, стæй хъæуты нырма дæр афтæ кæнынц. Мæнæ — Мадзинæ! Райсомæй уæларынг балæууа æмæ уæливыхтæ ракæна — куыппæ стæй! Уæларынг иæ, фæлæ уæларт дæр никуы балæууы. Фæлæ хур дзæбæх акъ- ул, уæд æхсæвæры койыл свæййы. Иу дугъ цæхæрадонмæ сисы, иу — къæбицмæ. Исдуг уыдæттыл рахъуыды-бахъуыды кодтон, стæй уыцы изæрты фæдыл адзæгъæл дæн — цыма иырмæ хус бæстæйы цардтæн æмæ ныр алæмæты дыргъдонмæ бахаудтæн. Уыдонæй фæхуызджындæр и мæ цард, фæудджындæр и, уыцы изæртæй. Уыцы сыгъдæг æмæ æнæуæлдай ми рæсугъдæй æрбалæууыдыс- ты мæ разы — Хуыцау сæ куыддæриддæр рауагъта, афтæмæй. Уыцы уæрæх агъуысты сæрдыгон тъæпæн пецы фарсмæ бад, æндзарæны цæхæры уæлæ хъуыдыдытæ фыц æмæ сæ тæвдæй хæр. Кæнæ дзулфыцæн картæфты лыстæджытæй байдзаг кæи æмæ сæм цырд лæуу, цалынмæ тъæппытæ кæнын нæ райдайой цæкуытау, уæдмæ. Æмæ бад æмæ ныхæстæ кæн, æмæ рифмæ- джын рæнхъытæ хъуыды кæн æмæ худ. Уо, уыцы дзыхæйкургæ изæртæ! Æмæ-иу хъуыды кодтон мæхинымæр: иыр нывгæнæг ма у æмæ ныв ма скæи — ацы дис- саджы изæрты! Алкæй дæр сæ сныв кæн, алкæй. Равдис æй, куыд æрцыд æмæ куыд ацыд, афтæмæй. Цæмæйдæр иухуызæттæ рауаиккой, бæгуы, фæлæ цæмæйдæрты та æндæрхуызæттæ уаик- кой, бирæ цæмæйдæрты. Мах-иу пецы фæйнæ фарс бадтыстæм, æз æмæ Уырысби. Махæн бынæттæ уыди, иудадзыгон бынæттæ. Æпиу бынат Зал- дузæи дæр уыд — рахизæны цæджындзы фарсмæ. Уым-иу ал- æууыд, цæджындзыл-иу бауагъта йæ фæсоптæ æмæ-иу тыхст- хуызæй каст, цыма йæ ми кæй фæци, кæй йæ равдæлди, ууыл тыхсти. Фæлæ уырдæм арæх ие ’фтыди — Мадзинæ-иу æй куы цы мийыл бафтыдта, куы — цы, æмæ-иу агъуыстæн куы йæ иу къуымы уыд, куы — йе ’ннæ къуымы. , Æмæ-иу хицæн уымæй кодтаиккой нывтæ — Залдуз сæ кæм кæцы рап и, кæм сæ цы ми кæны. Стæй ма æиæуи дæр хицæп кодтиаккой истæмæйты. Уымæн æмæ сæ алчидæр хицæп изæр уыд, алкæмæн дæр сæ йæхи зæрдæ, æмæ йæхи уд уыди. Алкæй 22
дæр сæ æндæр рухс тæпп кодта, æндæр тафс сæ змæлыди алкæй мидæг дæр. Æниу уыцы рухс æмæ хъармæн быныбынтон рав- дисæн дæр нæй, стæй йæ быныбынтон æвдисын хъæугæ дæр пицæмæн кæны. Намæ цæугæ та кæм бакæндзысты, зæрдæйы цы диссæгтæ æрæмбырд и, уыдон се ’ппæт! Кæм и ахæм иыв зæххыл! Райсомæй куы сыстадыстæм, уæд мыл мæ уæнгтæ уæз код- той — дзæбæх æй æмбæрстон. Асиныл æрхызтæп æмæ бæласы быи бандоныл æрбадтæн. Сæрмæт мæм кæцæйдæр æрбадугъ кодта æмæ мæ уæрагыл абадт. Мæ армы тъæпæиæй йын йæ хъæбæрхъис сæрыхъуынтæ аууæрстои, стæй йæ мæ уæрагыл хæрдмæ æппарын байдыдтон, цыма бæхыл бадт æмæ бæх йæ быны цапуалæй уад. Лæппу кæл-кæлæй худти. Мæ уæпгтæ кæрæдзиуыл фæхæцыдысты уыцы худтæй. — Куыдтæ мын дæ, куыдтæ, Сæрмæтыхъо? — Дзæбæх. — Хорз бафынæй кодтай? — Гъо. — Æмæ æппын иу дзæбæх фын ницы федтай? — Сæрмæт сур цъæм-цъæм акодта. — Федтон. Æз зыдтон — Сæрмæт афтæ кодта: исты-иу æрæмысыд стæй- иу æй цыма фыны федта, афтæ радзырдта. Ноджы йæ фыптæп сæ сæйраг хъайтар алы хатт дæр уыд Уырысби. Цыма алы хатт дæр уый уыдта йæ фыны. Мæнмæ уый хорз касти, тыиг хорз, æмæ бацыбæл дæн — кæддæра та цы радзурид. — Цы федтай? — Цыма Би æрбацæйцыд махмæ. Йæ дæларм æрбацæйхас- та æхсынæнты чъири — стыр чъири, мæнæ айас, — Сæрмæт йæ гыццыл цæнгтæ аивæзта æмæ сæ тæлыгоид æрбавæрдта разæй кæрæдзимæ, стæй мæм скасти. — Ай ас, гъе. Тохтиаты размæ куы ’рбахæццæ, уæд ын Тохтиаты Сауи аскъæфта йе ’хсыиæн- ты чъири. — Мæнæ диссæгтæ! — ме ’рмттæ æркъуырдтон æз. — Гæр æмæ Тохтиаты Сауи нырма къæбыла куы у, уæд куыд сæххæст Уырысбимæ? — Дзæбæх. — Æмæ цымæ цæмæн бахъуыдаид æхсынæнты чъири Сауийы? Æхсынæитæ æхсыныи ма зона? Сæрмæт йæ гыццыл уæнтыл хæрдмæ фæхæцыд, ома уымæн аез дæр ницы зонын дæуæй уæлдай. — Стæй, стæй? 23
— Стæй Би дур систа зæххæй æмæ йæ Сауийыл фехста. Дур ыл куы фехста, уæд Сауи сæхимæ алыгъди æмæ куы алыгъди сæхимæ, уæд... Сæрмæт та ацъæм-цъæм кодта, скасти мæм. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй йæ дзурын нал фæндыд. Стæй цы дзырдтаид, уый дæр нал зыдта. — Уæд цы? — бафарстон та, кæддæра ма цы зæгъид. Сæрмæт арф ныуулæфыд. — Уæд йед фестади Сауи, цы уый дын зæгъон? Бæх. — Мæнæ диссæгтæ! — ме ’рмттæ æркъуырдтон æз. — Къæбы- ла бæх фестади, Тохтиаты къæбыла. Стыр бæх, сау бæх, иæ? Сауийæи йæхи хуызæн сау? — Гъо. — Стæй цы фæци бæх? — Стæй йыл Би сбадти. Би йыл куы сбадти... — Æвæццæгæн, фæгуырысхо, зæрдиагæй йæ кæй нæ фæрстытæ кæнын, ууыд. Йæхи аивæзта зæхмæ, фæлæ йæ æз иæ ауагътон. — Æмæ стæй нæ рахауди бæхæй Уырысби? — Ницы рахауди. — Хуыррытт дæр нæ ныккодта бæх? — Ныккодта. — Стæй уыцы бæх къæбыла нал фестад фæстæмæ? — Ницы фестад. — Æмæ ма ныр Тохтиатсон къæбыла кæм уыдзæн? Сæрмæт та йæхи аивæзтытæ кодта, æвæццæгæн, сфæлмæцыд мæ фæрстытæй, фæлæ та йыл æз æнгом æрбахæцыдтæн мæхимæ. — Гъомæ хорз. Ницæмæн хъæуы Тохтиаты къæбыла. Фæлæ ма дæ цæмæй афæрсон? Нымайын та цалы опг зоныс? Нырма мын никуы анымадтай. Æниу мын куыд никуы анымадта! — Дæсы онг,— уыцырдæм фездæхта йæ ныхас лæппу, æвæццæгæн ын æхсызгон уыд: æгайтма йæ бæх æмæ къæбы- лайæ нал фæрсын. Гыццыл ма ахъуыды кодта. — Дæсы онг нæ, четырейы онг. Æз бахудтæн. Мæ уæрагыл та йæ сæппæрстытæ кодтои. — Цалы онг, зæгъыс? — Дæсы фæстæ четыре нæ вæййы? — хæрдмæ мæм сзылдта йæ тымбыл цæстытæ. — Цы агуры дæсы фæстæ четыре? Стæй четыре уартæ уырыс- саг нымадæй куы у. — Уæдæ Будзула афтæ куы загъта. — Кæй Будзула? — Бибаты Будзула. — Дæуæй стырдæр у Бибаты Будзула? 24
— Гъо. Афтæ уыйас, — йæ арм фæтъæпæн кодта æмæ йæ Йæ сæрмæ иу-дыууæ æнгуылдзы уæлдæр авæрдта. Æз бамбæрстон: лæппутæй йæ чидæр рæдийын кодта — барæй, ахудыны тыххæй. Уæдæ-иу мын раздæр куы нымадта, уæд æм четырейы кой никуы уыди, æмæ та бахудтæн. Мадзинæ мæ худгæ æрбаййæфта. Йæ раздарæн йæ тæккæ дзаг уыди цæмæйдæр. Кæрты дæллаг кæрон сæ тæгæнамæ æркалдта, йæ раздарæн æрцагъта. — Сыстадыстут? — Мах сыстадыстæм, фæлæ ды уыцы цæхæрадон хаст фæдæ дæ раздарæны. — Æмæ цы мæнг зæгъыс. Раздарæн мын мæйваг нæ кæны. Кæм джитъри фæзæронд вæййы, кæм кæлмхæрд дыргъ æрхауы, кæм цы... Æмæ сæм нæ фæлæууын,— дзургæ-дзурын нæм æрба- цыд æмæ нæ фарсмæ æрбадт.— Ныр уый дæр хорз, фæлæ дæ иу хъуыддагæй афæрсинаг вæййын — уартæ дæм кæдæй нырмæ бахъав-бахъав кæнын: цымæ ацы чызгæн дæ бон ницы баххуыс кæнын бауаид? — Кæцы чызгæн? — аздæхтæн Мадзинæмæ, Сæрмæты ме ’ннæ уæрагмæ аргъæвтон. — Мæнæ, мæнæ Залдузæн. — Æмæ цы кæны Залдуз? — мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп куыд ссыд, уый дзæбæх бамбæрстон. — Кæнгæ та цы хъуамæ кæна, фæлæ гъеуым цыдæр скъоламæ хъавы æмæ йæм нæ уæнды, мæгуырæг. Куы нæ йæ айсой æмæ æгадæй куы раздæха. — Æмæ йæ куыд нæ хъуамæ айсой? — цы дзырдтон, уый дзæбæх нал æмбæрстон, æвæццæгæн. — Ай, куыд нæ, дам, æй хъуамæ айсой! Куыд нæ, куы, куы иæ дæм æхца уа, куы нæ дыл фæхæцæг уа, уæд дæ чи исы! — Æмæ йæ цымæ кæдæм фæнды? — мæ цæстытæ æрхæцы- дысты цæджындзыл, уартæ агъуысты ацы фарс цы цæджыидз и, изæры Залдуз кæуыл банцой кæны... — Мæнæ^ дам, дзы гыццылты ахуыргæнджытæ уадзыпц, хæрз гыццылты. Йæ ном дæр ын зыдтон, фæлæ мæ байрох. Зæрдæ мын нал и, зæрдæ,— дзуры Мадзинæ æмæ æз уынын: Залдуз лæууы цæджындзы æнцой, куыд фæлæууы, афтæ æмæ йæ разы кæрты дунейы партæтæ æмæ сыл бады дунейы сабитæ. — Сывæллæтты нæмттæ дæр мæ ферох вæййыиц, сыхы сывæллæттæй зæгъын. Нæхимæ та — гъæй, мæ уд акæиай! Ацы иунæг нæм и Татайы цъиуау æмæ йыл нæ удты гæртт-гæртт Цæуы. Уæд ай дуне — уæлгоммæ, рауадз сывæллæттæ ’мæ уа! 25
Æниу бæзгæ цæмæн фæкæны, иунæгæй чи схъомыл уа, уый. Суцца рахæссы йæ гыццылæй æмæ цъыззийы къуылых! Фæлæ, адæмыл дуджы зыд скодта, сывæллæттæм дæр сæ нал æвдæлы. Сæ бындур ма ныззила афтæмæй! Сæрмæт иунæг кæй уыди, уый мæ зæрдæмæ дæр нæ цыди æмæ æз дæр загътаин истытæ, фæлæ уыцы дзæбæх нывмæ кæсгæйæ баззадтæн — лæууы Залдуз цæджындзы ’нцой, йæ лæгъз æрфгуытæ уыцы лæгьзæй айтынг сты йæ бæрзонд ныхыл æмæ йæм уыйæппæт худæндзаст цæстытæ ныййрд сты. — Кæд искуыдæм афтид, кæд искуы йæ къæбæры фаг исид. Кæннæуæд ам куы баззайа, уæд...— Мадзинæ дарддæр нал за- гъта йæ ныхас. Уый бæсты йæ сæр йæ уæхсчытыл аракъул- бакъул кодта æмæ æрсабыр. Йæ ныхас дæр æнкъард уыди, фæлæ мæм быптон æнкъард, йæ сæр кæй аракъул-бакъул кодта йæ уæхсчытыл, уый фæкаст. Цыма мæ цыдæр æмбæхста, æнкъард цыдæр. Тæссаг мын цæмæй уыд, ахæм цыдæр. Уыцы бон хъеллауæн бахъуыдтæн: æддæмæ-иу рацыдтæн, цæхæрадонмæ-иу ахызтæн, бæлæсты бынты дæр-иу азылдтæн. Иухатт хъилхъæдуртæй мæ размæ рахызт Мадзинæ — йæ раз- дарæны хус хъæдуры кæрддзæмтæ ныццæхгæрмæты сты. — Ацы бон дæ гаччы нæ дæ, мæнæ лæппу. — Цы кæнын? — Цы кæныс, уымæй дæу бафæрсын хъæуы. Рисгæ дæ мацы кæна? — Ницы мæ риссы, цы мæ хъуамæ рисса!—Стæй афсон код- тон:—Уый мæнæ цæуылдæр хъуыды кæнын æмæ уæд афтæ вæййы. — Æмæ абоны йеддæмæ иикуы хъуыды кодтай цæуылдæр, фæлæ-иу тынг дзæбæх уыдтæ. Уæд та, цом æмæ иу-дыууæ арахъхъы ануаз, кæд де ’муд æрцæуис. Арахъхъ нуазыныл ие сразы дæн, æмæ уæд Мадзинæ хъæдур- ты аныгъуылд фæстæмæ, æз раздæхтæн. Сбадтæн ме стъолы фарсмæ æмæ мæхицæн загътон — изæрмæ нал сыстдзыыæи. Бадтæн æмæ мæ хъулæттæ гæххæтты сыфмæ кастæн. Стæй мæ зæрдыл æрбалæууыд, дыууæ цæхæрадоны астæу цы æмбонд и, уый — цом-ма, фенон æй, кæддæра цы хуызæн æмбоид у, кæддæра йыл куыд бахизынц Уырысби æмæ Залдуз. Уайтагъд уым балæууыдтæп. Æмбоид уыд зæропд фæйнæджытæй, астæрдæй кæй сæппæрстæуыд, ахæмтæ-йедтæй. Иуæй-иутæи ма дзы сæ ахорæнтæй дæр цыдæртæ аззад сæ уæлæ. Ацырдыгæй йыл хъил уыд, иу-цалдæр селф уыгарды кæуыл ныччынд, ахæм тымбыл хъæды лыггаг асины бæсты. 26
Чысыл æддæдæр лæууыдтæн æмæ æнкъардæй кастæн уыцы ыгæрдтæм. Ме ’рбацыдмæ Уырысби æмæ Залдуз кæрты астæу дæууыдысты. Уырысбийæн йæ цин йæ тымбыл цæсгомыл нал цыд- Хæстæг мæм æрбалæууыд. — Дысон иу æрхъуыды код- топ. Бакæсон дын æй? Уæдæ хъус: Лæг лæг у, хæрæг — хæрæг. Лæг лæгмæ кæпы хæлæг. Лæгмæ смæсты вæййы лæг, Лæджы схоны лæг хæрæг. Лæг нæ фесты уæд хæрæг. Лæг лæг у, хæрæг — хæрæг. Æмæ, дам, диссæгтæ нæй ацы дунейы! Уæдæ ай цы у мæнæ?! Лæууыдыстæм æртæйæ. Нартæ сæ сау рувасы уæлхъус куыд лæууыдысты, афтæ. Нартæ рувасмæ кастысты сæ разы нæумæ, мах та — Уырысбийы къухтæм тетрады сыфмæ. Уырысби йыл фæйнæрдæм ахæцыд, айтынг æй кодта, æмæ æз тарстæп: куы аскъуыйа уыцы чырынтæ гæххæтты сыф! Фæндыди мæ — куы йæ райсин, куы йæм æркæсин мæхи цæстытæй, куы йæ æрыс- гарин мæхи къухтæй. Кæддæра фыст у, кæддæра куыд фыст у. Чи зоны’, фыст æппындæр нæу, чи зоны, афтид у бынтондæр сыф — кæд ын æй афтæ æнæуи бафтыдæуыд йе ’взагыл? Уæдæ Уырысби куыд хъуамæ сбадтаид æмæ куыд хъуамæ ныффыс- таид? Нæ, мæ цæстытыл нæ уади — Уырысби уа æмæ сбада ’мæ фысса! Кæд ыл цæттæйæ бамбæлд искуы? Афтæ, дам, вæййы. Иу мæ зонгæ ахуыргонд мын дзырдта, æрдзы, дам, алцыдæр цæттæ у, æрмæст, дам, æй ссарын.хъæуы. Зæгъæм, «Хаиты цагъд» дæр, дам, зæлыди, хъуысти иу хохрæбынæй иинæмæ, цыди, цалынмæ йæ иу къæрцхъус не ’рцахста æмæ йæ фæнды- ры тæнтыл нæ бафтыдта, уæдмæ. «Сидзæргæс» дæр, дам, æрдзæй ист у, уый дæр, дам, уыди æрдзы, «Хъуыбады» дæр. Æрмæст, дам, сæ ссарын хъуыд. Гъе, æцæг се ссарыи алкæй бои иæу. Хъуамæ лæг æндæрхуызон уа, цæмæй дунейы ахæм диссæгтæ ссара, уый тыххæй, æндæрхуызоп удыхицау уа, æидæр фæпдæгтыл цæуа — адæм цы фæидæгтыл цæуынц, ууылты куы Цаеуа, уæд ницы ссардзæн. Уырысби дæр æндæр фæндæгтыл Цæуы æмæ бамбæлди уыцы диссагыл. «Лæг лæг у, хæрæг — хæраег. Лæг лæгмæ кæны хæлæг»,— сигæцыл ссадау тæмæнтæ пæ калы йæ алы дзырд дæр! — Æмæ йæ куыд æрхъуыды кодтай? — Дзæбæх,— кæсы йæ дыууæ къухы æхсæимæ Уырысби.— Хуыссæг мæ нæ ахста æмæ йæ æрхъуыды кодтон. 27
Фæрсын ма йæ хъуыд, фæлæ ма йæ цæмæй бафарстаи! куыд ма йæ бафарстаин, æмæ лæууыдтæн. 1 Залдуз мын æмбæрста мæ тыхст æмæ бадзырдта Уырыс! бимæ: 1 — Биби, æмæ дурджын обауы фæстæ куы уыдтæ, уый йы| цæуылнæ дзурыс? ! — Æмæ йын æй радзурдзынæн, кæд æй фæнды, уæд.— Тет4 рады сыфæй йæ цæстытæ нæ исы Уырысби æмæ афтæ зыньи уым кæсы, сыфы, цы дзуры, уыдон.— Дурджын обауы фале цы фæндаг и, ууыл фæцæйцыди дыууæ лæджы. — Фыны? — Нæгъ. Æнæуи. Сæ иу хæрæгыл бадти, иннæ фистæгæй цыди. Фистæгæй чи цыд, уымæ уыди даргъ лæдзæг æмæ та-иу æй, хæрæгыл чи бадт, уымæ ныттылдта. Стæй хæрæгыл чи бадт, уый аразæй. — Иннæ цы фæци, лæдзæг кæмæ уыд, уый? — Дурыл сбадти, фæндаджы был иу урс дур уыди ’мæ ууыл. Не ’мбæрстон — цы бар дардта уыцы хабар æмдзæвгæмæ. Кæд, дыууæ лæгæй иу хæрæгыл кæй бадти, иннæ фистæг кæй уыди, уый тыххæй. ’ — Гæххæттыл дæр æй дысон ныффыстай? — Нæгъ. Гæххæттыл æй, абон куы сыстадтæн, уæд ныф- фыстон. — Æмæ дæ куы ферох уа, уымæй нæ тарстæ? — Нæгъ,— цыдæр æнæмæтæй загъта Уырысби.— Куы-иу райхъал дæн, уæд-иу æй радзырдтон, стæй-иу куы бафынæй дæн, уæддæр-иу мæм хъуысти. — Æмæ ма йæ уæд фысгæ цæмæн кодтай? — афтæ йæ цæмæп бафарстон, уый нæ бамбæрстон. — Фенон æй, кæддæра куыд фидауынц — дыууæ иумæ, дыу- уæ иумæ,— загъта Уырысби æмæ куыддæр загъта, афтæ йæ цæигтæ æруагъта æмæ ахъуыды кодтон: цымæ нæ бафæлладысты йæ цæнгтæ? Уартæ сæ кæдæй нырмæ дары ауыгъдæй! Гъеныр æрмттæдæларм куы скæнид æмæ афтæмæй куы алæууид, уæд ссæуид йæ цæнгты фæллад. Фæлæ нæй, не сæрмттæдæларм кодта Уырысби. Стæй йæ æнæуи дæр никуы федтон æрмттæдæлармæй. Кæд йæ цæнгтæ цыбыр дзæф сты æмæ йын не ’ххæссынц æрмттæдæларм кæнынмæ? Залдуз арæх вæййы æрмттæдæларм. Уæртæ цæджындзы æнцой куы фæлæууы, уæд иууылдæр æрмттæдæларм вæййы. Фæлæууы æмæ йæ тымбыл риутæ уыцы тымбылæй абадынц цæнгты уæлæ. Уырысбийы къухтæ æрсабыр сты, фæлæ гæххæтт нæ сабыр 28
одта — стъæлфыд йæ къухы мидæг. Цымæ цы фæуыдзæн уыцы гæхХæтт? Куы йæ фенин, уый мæ тынг фæндыд. Уый хуым- æтæджы гæххæтт нал уыди мæнæн. Уырысби йе ’нарæхст къухæй къседз-мæдзы дамгъæтæ кæм ныффыста, уыцы тетрады сыф — уЫй уыди æвдисæндар, Уырысби æндæр дунемæ кæй фæцæйцыд æмæ кæй фæдзæгъæл, уыцы хъуыддаджы æвдисæндар. Уый йæ фæндаджы гæххæтт уыди Уырысбийæн. Æмæ йыл хæцгæ дæр уымæн афтæ кодта, æвæццæгæн. Уыцы изæр дыгæйттæ хъуыды кодтам. Уырысбийы загъдау, ома дыгай рæнхъытæ. Зæгъ дæ рæнхъытæ æмæ дæхицæп бад, цалынмæ уый хъуыды кæна, уæдмæ. Залдузы Мадзипæ гуым- был ахсыныл бафтыдта. Нæ тъæпæн пецы фæстæ тæрхæгыл бадт гуымбылахсæн къæртайы фарсмæ, йæ цæнгтæ рæмбыныкъ- æдзты онг къæртайы ауагъта æмæ ныссабыр, афтæмæй къæртайы фæрсты зæхмæ каст, цыма дзы, йæ цæнгтæ къæртайы кæй ауагъта, уый рох фæци. Уырысби йæ цæстытæ бамбæрзта, гæххæтт дæр йæ къухы æмæ афтæ зынд: кæугæ кæны — уый йæ къухмæрзæн схаста йæ цæстытæм. Дис кодтон: цæмæн бамбæрзы йæ цæстытæ? Кæд æм афтæмæй хуыздæр хæццæ кæны уыцы рухс, йæхæдæг дæр æм фæндаг хуыздæр ары, æвæццæгæн, афтæмæй. Уæдмæ йæ афтид къух æруагъта, иннæ къух, гæххæттыл кæмæй хæцыд, уый уæддæр уым баззад, уыцы къух цæстыл фæлдæхтæй, æмæ радзырдта: Арахъхъ бирæ чи нуазы, Уый амæлы иу азмæ. Уырысби арахъхъ нæ уарзта, йæ тæфмæ смудын дæр ыи нæ фæрæзта. Ныр йæ ных арахъмæ сарæзта, куыд æй бамбæрстои, афтæмæй дысон Бæтæхъо бирæ сидтытæ кæй кодта æмæ ныи хъазыны фадат кæй нал фæци, уымæн сыстад арахъхъы ныхмæ. Уæд æз иннæрдæм ахæцыдтæн — кæддæра куыд уаид... Арахъхъ нывыл чи пуазы, Уый фæцæры мин азы. Æмæ та бамбæрзта йæ цæстытæ Уырысби. Абадти афтæ иу- Цасдæр æмæ хъæрæй ныххудти. Бадти, йæ цæстытыл хæцыди æмæ хУДти. Маддзинæ æрбауади уынгæй. Ныр дæр та йæ раздарæны Уиди цыдæртæ. Æвæццæгæн, сыхæгтæй кæмæдæр истæмæ ауади. Уæд ма йын цафон уыди уымæн дæр! Фæлæ хъæууккаг адæм афоитæ-йедтæм кæсаг не сты. Уырысби йæ худынæй нал æицад, Уый куы федта, уæд æм цæугæ-цæуын бадзырдта: 29
— Уый дын цы хуызæн худт у, Уырыс, дæ бикъ бафтдзæц! æмæ æмбисонд кæны де знаг. 1 — Æмæ йæ бикъ кæмæн бафты, уыдон кæугæ куы фæкæ! иыиц,— бадзырдтон æз дæр Мадзинæмæ. I — Уал амонды мæ куы уаид, цалæн фырхудтæй дæр бафтьД — Гъомæ уый сывæллонæн бафты, уый йеддæмæ ма Уырыс! бийы карæнæн уанцои бикъы бафтыд нæу. | — Уырысбийы цахъхъæнæн дæр бафты æмæ ма поджы хистæрæй дæр. Фæлæ йæ ныхасæй бæрæг уыди — сайгæ кæны. Иуафон йæ къухтæ æрхаудтой Уырысбийæн, цыма ауыгъл уыдысты æмæ уæгъд фесты — сæ тъæпп фæцыд йæ уæрджы-1 тыл. Уæддæр йæ худын нæ урæдта, худгæ-худын радзырдта: Арахъхъ чи нуазы хæлæфæй, Зайы уый æнæ хæлафæй. Куыддæр Уырысби фæци йæ рæнхъытæ дзырд, афтæ та; Мадзинæ дæр сдзырдта, ацы хатт хъæрдæрæй: ] — Уæ мæрдтыстæн, Адзыготæ уый æппæт фæйнæджытæй цы кæиынц? Цыппар машинæйы сæм фæцæуы уалæ цармæ амадæй. Уырысбийæи хъыг уыди Мадзинæйы ныхас — йæ пыхас иæ, йе ’рбацыд дæр ын хъыг уыди,— афтæ йæ бамбæрстои. Æвæццæгæн нæ ома, гъеныр Адзыготы фæйиæджыты йеддæмæ пицæй мæт и! Уыдæттæ иæ æидавынц ома гъеиыр! Йæ уæхсчы сæрты йæм акæсынмæ хъавыд, фæлæ йæ бæрзæй цыбыр уыд æмæ иæ акаст йæ уæхсчы сæрты, уæддæр æм адзырдта: — Æвæццæгæн сæ цæхæрадоны астæрд калыиц. — Кæм калынц, кæ, зæгъыс, астæрд? — Сæ цæхæрадоныл, æндæр кæм! Цас цъыфтæ сыи дзы ис, уый зоныс? Мадзипæ лæугæ аззад, йе ’рфгуыты быиты æрбакаст Уырыс- бимæ. — Куыдзы туг де тары, кæд дæ хъазинаг иæ дæи! Фæлæ хъазгæ нæ кодта Уырысби. Стæй йæ Мадзииæ дæр æмбæрста — хъазгæ иæ кæиы. Уый æнæуи загъта афтæ, фæдсафæнтæ кодта, ома хъазгæ кæны, ома æцæг нæ дзуры. Фæлæ куыд æрхъуыды кодтаид афтæ Уырысби, цæмæн æрхъуыды код- таид афтæ, æмæ сæ цæхæрадоны цы цъыфтæ и, уыдон астæрынц^ Адзыготæ? Æмæ та-иу мæ цæсты кæронæй бакастæи Уырысбимæ.; Ныр æй истæмæй афæрс, фæлæ йын хъыг куы уа. Мадзинæ ма йæ куы афæрсид йæхæдæг. Фæлæ — нæй. Мадзинæ ацыд йæ митæ кæпыпмæ. Æмæ уæд иал баурæдтои мæхи: 30
—- Чи дын загъта, сæ цæхæрадоны цъыфтæ фæйнæгæй ас- гæрынц, уый? — Чи мын æй хъуамæ зæгъа! — цыдæр рæтъувæн иыхасæй мæм сдзырдта Уырысби. — Уæдæ йæ цæмæй зоныс? — Цæмæй, цæ, хæфсытæй сын йе дзаг сты, æмæ уымæй. Сæ уасынæй не ’нцайынц æмæ сæ фынæй кæнын пæ уадзынц.— Уыцы ран цæхгæр фæзылдта йæ ныхас: — Гъа, æрхъуыды кæи! Хъазын мæм нал цыд — бахъарыди мæм, лæгмæ йæ фæллад куыд бахъара, афтæ. Уыцы фæйнæджытæ æмæ мын цæхæрадо- иы цъыфтæ мæ хъуыды аздæхтой хъазтæй. Фæлæ мæ Уырысби пæ уагъта æнæ хъазгæ æмæ загътон æнæбары дыууæ æнкъард æмæ уазал рæнхъы: Лрахъхъ бапуазьш бæрцæй Махæп у фæдзæхст æрдзæй. Æмæ та бацырын и Уырысби. Худгæ дæр та-иу бакодта. Залдуз гуымбыл бацахста, цæджындзы æнцой лæууыди. Мадзинæ йæ митæ конд фæци, кæрты ма-иу куы фæзынди, куы — нал. Иу афон къæбицæй рауади, хæдзармæ фæцæйцыд. Асин- ты рæбын фæлæууыд. — Æгъгъæд ут, уæртæ лæппутæ! Райсом дæр ма ацы мæйæ у. Уырысби фестъæлфыд. Мадзинæмæ йæ цæстытæ фæцарæз- та, стæй уæлтъыфæлттæ тъæпп-тъæпп ралæууыдысты цæсты- тыл. Йæ сæр йæ уæхсчыты нытътъыста, цыма йæ бамбæхсынмæ хъавыди. Дзургæ дæр раздæрау хъæрæй пал кодта — æвæццæгæн, ома Мадзинæ мын ма хъуса мæ пыхас æмæ уал дзы кæд айрох уаиккам, æмæ ма кæд абадиккам, ахъазиккам ма кæд. Фæлæ нæй, пæ айрох стæм Мадзинæйæ. Уайтагъд та пæм æрбадзырдта: — Æгъгъæд удхарæй мар лæппуйы, уæртæ Уырыс! Ацæут, дуæрттæ уыл сæхгæндзысты. Уырысби тынг арф ныууæлæфыд æмæ уыцы улæфтæй алыг и — фестæм хъазт. Сæ фæдыл рацыдтæн. Цæхæрадопы дуармæ куы ахæццæ стæм, уæд мæм фездæхти Уырысби. — Сомизæр бирæ фæхъаздзыстæм, нæ? — Сомизæр — бирæ. — Уæдæ хорз,— фæраст и цæхæрадоны фæндагыл, йæ фæдыл Залдуз. Залдузы фæстæ — æз: æмбондмæ сæ бахæццæ кæион. Идшае изæрты-иу цæхæрадонмæ куы рахызтыстæм, уæд-иу уым, АУары сæрмæ цы цырагъ уыд, уый ссыгътоп æмæ-иу, рухсæй та- 31
лынгмæ куыд фæцæйцыдысты, уымæ кастæн. Ныр мæхæдæг даД семæ куы фæцæуæг дæн, уæд мын цырагъ æпæ сыгьдæй базза! афтæмæй бахæццæ стæм æмбондмæ. Уырысби хæрдмæ хизыньи фæци. Стæй йæ нал ауыдтон, æрмæст ма æмбонды фале йæ къæхтж тъæпп фæцыд, æвæццæгæн, æмбонды сæрæй ныггæпп кодта. Фæля Залдуз куы райдыдта æмбондыл хизын, уæд фæныхст мæ хъуья дыйы — цырагь не ссыгътон! Исдуг афæнд кодтон — фездæхо! æм, ссудзон æй. Нæй! уæдмæ Залдуз уæлæмæ хизыиыл фæцш æмæ йæм хæстæгдæр балæууыдтæн, мæ къух æм бадардтон. Уыи мыи мæ къухыл фæхæцыд æмæ йæ къæхтæй уыгард уыгардь! фæстæ сгаргæ уæлдæрæй уæлдæр хызт. Уæллаг къæпхæнма схæццæ, йæ иу къахæй йыл æрлæууыд, иннæ къах æм сцæйиста! Уыцы уысм уæллаг къах фæбырыд. Чызг фæхъæр кодта. Æз æл| мæхи баивæзтон æмæ комкомæ мæныл æрхауд — мæ уæрагыл абадт. Æвæццæгæн ын куы фæтарстæн, уæд мæ къах къæпхæимаа систои. Мæ цæигтæ йæ уæлæ тыхтæй аззадысты. ! — Ахаудтæ, Залдуз! Ма ахау, Залдуз! — хъуыст æмбонды, фаллаг фарсæй Уырысбийы тыхст хъæр. | Залдуз ныссабыр, æвæццæгæн, фæтарст æмæ дзурын иæ1 фæрæзта. Æмæ та уæд фæцыд Уырысбийы хъæр: — Исты ныццавтай, Залдуз? Мацы ныццæв, Залдуз! Æгæр ыл хæцыдтæн мæ хъæбысы, уый æмбæрстои. Суадзон æй, зæхмæ йæ аргъæвои куыд загьтон, афтæ мæ улæфт мæ хъуы- ры фæцæйбадт — кæд æмæ йæ цонг уыди ме ’фцæгыл тыхт! Æмæ та фæсабыр дæн — куыд ын айхæлдтаин ме ’фцæгæй йæ цонг æмæ йæ куыд аргъæвтаин зæхмæ, гыццыл сывæллоны куыд аргъ- æвынц, афтæ. Стæй мæм уыцы уысм æрбайхъуыст йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп — цыма нырма ныртæккæ сгуыпп-гуыпп кодта, цыма мæн тыххæй сгуыпп-гуыпп кодта, æмæ мæ уæнгтæ айдзаг сты уыцы фидар, уыцы иугæндзон гуыпп-гуыппæй. Мæхи зæрдæ, цыма лæугæ ныккодта, уымæй уæлдай йын йе змæлын иал æмбæрстои. Стæй æвиппайды ауыдтон йе ’рфгуытæ Залдузæн — уыцы лæгъзæй февзæрдысты мæ цæстыты раз, æмæ цæхæртæ акалдтой мæ цæстытæ. Æмæ мыл дис бафтыди: æвиппайды мæм афтæ хæстæг куыд февзæрдысты уыцы æрфгуытæ?! Æмæ ссыгътæп, поджы хуыздæр куы федтаин уыцы æрфгуытæ, уый мопдагæй, фæлæ кæсып мæ боп нал уыд. Улæфын дæр мæ бон нал уыд, æппындæр пицуал уыд мæ боп. Æрмæст ма уый æмбæрстоп — мæ цæпгтæ. тыхтон æмæ тыхтон ноджыдæр Залдузы уæнтыл. Раст уыцы, рæстæджы мæ хъусты анæрыд Уырысбийы хъæр: , — Цы ми кæнут?! 1 Стæй ацыди уыцы хъæр, йæхи къултыл хойгæ, пæргæ ’мæ 32
ьШазгæ, никуыдæм хæццæ кодта, нал ын фæстæмæ здæхын -ептыст æмæ уд цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Уыцы цæстыф- -епыкъуылд ауыдтон йæхи Уырысбийæн — æмбонды сæр хъен д^ууыди, цыма уый нæ уыди, Уырысби, фæлæ цыма хъæды лыг- Гаг схъен чындæуыд уым æмбонды сæр. Æвæццæгæн ацырдæм æрбацæйхызт æмбондыл Залдузы хъæрмæ æмæ йæ рухс уым æрæййæфта, æмбонды сæр. Уо, уыцы рухс, уыцы! Цæмæн ма йæ хъуыди судзын?! Фæлæ Мадзинæйы къухтæ дæр ницæмæ фæлæу- дзысты. Æвæццæгæн, ома рухсмæ æрбаздæха мæнæй уый. Цыма талынджы куы баздæхтаин, уæд дзæгъæл фæуыдаин! Уыдон ацыдысты, æз уым баззадтæн лæугæ. Рухс сыгъди. Мадзинæ йæ быны лæууыди. Хъæу ныссабыр. — Габыл, цæмæ ма лæууыс? — ныр мæм цалдæр хатты æрба- дзырдта Мадзинæ, фæлæ-иу мæ иувæрсты атахти йæ ныхас. Æмæ мыл уæд фæхъæр кодта: — Дæумæ нæ дзурын, нæ, уæртæ лæппу?! Хъæрмæ фесхъиудтон. — Ацу, æз дæр дæ феййафын.— Тыпг мæ фæидыди — Ма- дзинæимæ куы нæ ацæуин мидæмæ. Цæмæй дзы тарстæн, уый дзæбæх не ’мбæрстон, фæлæ дзы цæмæйдæр тарстæы. Нæ мæ иыууадздзæн,— куыд ахъуыды кодтон, афтæ мæ хъустыл æрцыд кæйдæр къæхты хъæр æмæ мын фæткуыл æхсызгон уыди! Но- джы къæхтыхъæр уыд махырдæм арæзт — уыцызыст, уыцы стъæлфтæй æввахсæй-æввахсдæр кодта. Бæрæгуыд: разгъорыны фадат куы уаид, кæй къæхтыхъæр у, уымæи, уæд нæ ныллæу- уид æнæ разгъоргæ, фæлæ нæй, разгъора, уый фадат. Мадзинæ дæр ныссабыр, æвæццæгæи, уымæ дæр хъуысти уыцы къæхтыхъæр. Æмæ йæм куыд нæ хъуыстаид, æндæр куы иикуы- уал ницы уыди! Цымæ æмбондæн фале та цы хуызæи схизæн и? — кæцæйдæр æрцыд мæ хъуыдымæ. — Цымæ уыцырдыгæй дæр, уæлæнгай уыгæрдтæ кæй ныччынди, ахæм хъæды лыггаг хъил и æмбондыл? Æмæ мæ æрфæндыд — æмбонды сæрты куы иыккæ- сии. Æмæ ныккастаин, ардыггаг уыгæрдтыл слæууыдаин æмæ пыккастаин, фæлæ — уыцы къæхтыхъæр! Сызмæлын мæ нал уагъ- та. Стæй ауыдтон Залдузы — æрдæбои Уырысби кæм лæууыд ^мбондыл, уыцы ран алæууыд. Æз æм хæрдмæ кастæн. Йæ дзык- КУ йæ риуыл æрдаргъ и. Дзæбæх æй æвзæрстон: æвæццæгæн, ^мбонды сæрмæ куы сцæйхызт, уæд рахауди йæ уæхсчы сæрты. ~- Биби цыдæр фæци! — фехъуыст мæм кæцæйдæр. Кæцæй, уый нæ бамбæрстон. ■— Чи фæци, чи, цыдæр? — фехъуыст мæм ноджы йæ ХæДуæлвæд. |;)х лу| № 2, 1999 33
— Биби! — Гæр, æмæ демæ нæ ацыд? — Мемæ ацыд, стæй алыгъд. — Мæнæ мæ Хуыцау федта — куыд алыгъд, кæдæм алыгъд?! — Талынг уыд æмæ йæ нæ базыдтон, кæцырдæм алыгъд! уый,— Залдуз фæстæмæ хизыныл фæци æмбондæй. Æмæ æз дæр ныххызтæн йæ фæдыл. Æмæ мæм уырдæм, æмбонды фал-1 лаг фарсмæ фехъуыст Мадзинæйы схуыст ныхас: — Гæррæтт судзин нæ уыд æмæ цъынайы нæ алæст. Гъæ- уым искуы уыдзæн! \ Уайтагъд агурынмæ фестæм. Фæлæ талынг цæхæрадонь! дзæбæх акъахдзæф кæнæн нæ уыд. Ноджы дзы кæм хъæду- рыхъилтæ акъултæ сты, кæм нартхор арвмæ фæцыд, кæм бæлæстæ ныллæг æруагътой сæ къалиутæ. Ацу æмæ афтæмæй исты ссар! Уæддæр агуырдтам. Залдуз-иу мæм куы æрбав- вахсдæр, куы та-иу фæстæмæ адарддæр — йæ улæфт мæм хъуыст æмæ йæ уымæй зыдтон, æндæр æй уынгæ нæ кодтон. Иу ран иу къуыпгондыл куыд суадтæн, афтæ мæ хъустыл æрцыд æнахуыр хъуыргъуындæг, цыма чидæр хуыдуг кодта, æмæ лæугæйæ аззадтæн. Залдуз мæм йæхи æрбаппæрста: — Уый у! Бæлæсты бын, кæддæр бæлæстæм дон кæуылты уагътой, уыцы донмарæны дæлгоммæ хуыссыди Уырысби — куыдта æмæ удисæджы схъиуд кодта хæрдмæ. Æз йæ фарсмæ дзуццæджы æрбадтæн, йæ фæсонтæм ын бавнæлдтон æмæ йæм бадзырдтон мынæг хъæлæсæй: — Уырысби! Уый чысыл æдзæмæй аззад, уый фæстæ фестъæлфыд, йæ къæхтыл куыд алæууыд, уый нæ ауыдтон, стæй лæгæн æнæнхъæлæджы йæ размæ бирæгъ куыд фæуа æмæ ууыл куыд ныхъхъæр кæна, афтæ сонт хъæр ныккодта, ныззылд æмæ йæ кой дæр нал фæзынд. Æрмæст ма уыцы хъæры азæлд аззади мæ алыварс. Æмæ иу хъуыды февзæрд мæ сæры — кæд, мый- йаг, Уырысби нæ уыд, кæд æндæр исчи уыд? Уæдæ Уырысби уай æмæ афтæ сонт стад фæкæнай зæххæй æмæ афтæ фæтары уай! Залдуз лæууыд мæ фарсмæ. Дзæбæх æй нæ уыдтон, фæлæ ризгæ кæй кодта, уый æмбæрстон. . — Ацу,— бадзырдтон æм.— Ныр мидæгæй уыдзæни. — Куыннæ — мидæгæй! Æнæуи дæр мæстыйæ æддæмæ ли- дзы,— загъта Залдуз, йæ дæндæгты къæрцц фæцыди. — Æмæ мæстыгæр у? 34
_- Уæдæ нæу! Иу пæртт скæны. Йæ цин дæр — афтæ, йæ маст дæр. — Ныр кæдæм алыгъдаид? — Нæхи цæхæрадоны нал уыдзæн, æвæццæгæн, уартæ Ги- быцо™ цæхæрадоны искуы бамбæхст. — Гъомæ кæугæ та цæуыл кæны? Залдуз иу-дзæвгар ницуал загъта, стæй арф ныуулæфыд. — Нæ зонын. — Цом, уæдæ Гибыцоты цæхæрадонмæ. — Нæгъ! — фестъæлфыд Залдуз.— Ды мауал рацу. Æрдæбон дæр мемæ куынæ уыдаис, мæхæдæг æм куы сдзырдтаин, ды йæм куы нæ сдзырдтаис æрдæбон дæр,— загъта æмæ араст и. Æрæджиау æз дæр бацыдтæн йæ фæдыл кауы онг. Залдуз ни- куыцæй зынд, æвæццæгæн, кауыл бахызт. Исдуг афæнд кодтон, бахизон æз дæр æмæ йæ фæдыл ацæуон. Фæлæ нæ бахызтæн. Æпахуыр æгуыппæг талынг уыд, цыма мæ алыварс бирæ ногамад хосы мæкъуылтæ уыд æмæ бадгæ кодтой сæхи мидæг, уыйау йæ сабыр сыр-сыр цыд талынгæн. Цасдæр фæлæууыдтæн, стæй ра- зылдтæн æмæ раздæхтæн. Æмбондыл æрбахызтæн, кæсын æмæ уартæ рухсы бын — Мадзинæ! Куыд нæ мæ фæндыди Мадзинæйы цурмæ цæуын! Афæнд кодтон — фæстæмæ бахизон æмбондыл. Фæлæ мын уый гæнæн дæр нал уыди: афтæ мын нæ загьтаид, уыцы æмбондыл дæ дæ хæйрæджытæ бафтыдтой, цы йыл рахиз- бахиз кæныс дыууæрдæм?! Нæ мын загътаид. О, нæ зыдтон Ма- дзинæйы дзыхы ахаст?! Æмæ лæууыдтæн æмбонды цур. Фалæмæ- иу бирæ фæкастæн æмбонды сæрты Уырысбиты хæдзарырдæм æмæ-иу талынгимæ бынтондæр куы сиу дæн, цæстытæ мыл и æмæ уынгæ кæнын, уый бæрæг-иу куы нал уыд, уæд та-иу фæстæмæ ракастæн, рухсмæ æмæ та-иу фегом и уыцы талынг дуне. Фæлæ рухсмæ бирæ кæсæн нæ уыди, йæ быны лæууыди Мадзинæ, цыма йын хъаггæнæгæй куыста, уый хуызæн æмæ дзы тыхстæн, тарстæн дзы. Тынг мæ фæндыди — мидæмæ куы ацæу- ид, иунæгæй куы баззаин ацы стыр талынг æмæ уæртæ уыцы гыццыл рухсимæ. Æмæ-иу бирæ фæкастæн æмбонды сæрты та- Аыпгмæ, кæд цалынмæ фæстæмæ рухсмæ ракæсон, уæдмæ ацæу- ИД> фæлæ та-иу куы ракастæн, уæд — уартæ лæууы! Иухатт бирæ фæкастæн талынгмæ, тынг бирæ, иннæ хæттытæй бирæ фылдæр, м^хицæн загътон: гъеныр дæр нæма ацыдаид уæдæ?! Куы ра- кастæн фæстæмæ, уæд æцæг рухсы бын уыди афтид æмæ тынг бациц кодтон — гьеныр лæудзынæн æмæ лæудзынæн, цалынмæ Уый базонон, ссардта Уырысбийы Залдуз, уæдмæ. Уæртæ сæ ТЬ1ргъмæ куы схизой æмæ рухс куы ссудзой, уæд ма мын æй цы 35
зонын хъæудзæн?! Раст уыць тæккæ уысм хъæрæй куы сдзурЛ Мадзинæ! щ — Цы ныссуйтæ стут, уæ мæрдтыстæн, ацы ’хсæв! I Æз фесхъиудтон — йæ ныхасæй йын фесхъиудтон, æви й| æнæнхъæлæджы кæй ауыдтон мæ тæккæ раз, уымæй — нæ й! рахатыдтон. 1 — Уырысби цæуылдæр фæтæргай,— æнæбары бахъуыед хъуыр кодтон æз. 1 — Цæуылдæр фæтæргай! — сдзырдта уыцы схуыст хъæ| лæсæй Мадзинæ æмæ фæсабыр. Æз бамбæрстон — йе схуыст ме ’рдæм арæзт уыд ныхасæн. Ноджы мын мæхи ныхæстæ кæй загъта, стæй афтæ цæхгæр кæй фæлæууыд æмæ афтæ æдзæмæи кæй аззади уыцы талынджы, уыдæттæй цыдæр тас абадти маа зæрдæйы бын. Цас фылдæр лæууыд уыцы æдзæмæй Мадзинæ^ уыйас уыцы тас тыхджынæи тыхджындæр кодта, мæ цæнгтæ та лæмæгъæй лæмæгъдæр кодтой. Иу рæстæджы йæ мидбынаты æрзилæгау кодта, стæй мæ бафарста: — Ныр цы фæци? — Ам цыдæр æрбаци. — Мацы знаггад æруадзæд. Суцца у, мæстыгæр. Уæд ын йæ тæригъæд бахæрæд, уый уыцы хуызæнæй цы Хуыцау радта, уый. Алæ-ма, уæд та йæ мах дæр ацагурæм. Æз цыма ницы фехъуыстон, афтæ лæууыдтæн. Æмæ та мæм уæд æрбадзырдта. — Зæгъын, ацагуриккам æй мах дæр. Искуы куы ныххуысса уазал зæххыл æмæ куы бафынæй уа. Тынг мæ æрфæндыд — кауы сæрты багæпп кæн, азгъор талынг цæхæрадоны, Залдузы ссар æмæ Уырысбийы агур æмæ агур, цалынмæ йæ ссарай, у^дмæ, цас æй æрæгмæ дæр ссарай, уыйас ноджы хуыздæр. — Фæлæуу-ма, фæлæуу, æмæ ныр чызджы иунæгæй куыд ауагътай ацы талынджы? Цæсты къух куы фæтъыссай, уæд æй куы нæ фендзæни лæг, уæд афтæ фæчындæуы?! Æнæ дзургæ мын нал уыд æмæ бахъуыр-хъуыр кодтои: — Нæ мæ ауагъта, фæцæйцыдтæн æмæ. — Чи? — æнæнхъæлæджы хъæрæй мæ афарста Мадзииæ. — Йæхæдæг, æидæр чи! — Залдузы ном зæгъоп, уый мæ пæ фæндыди. — Чи — йæхæдæг? Уырысби? — Цæй Уырысби! Уырысби ма ам цы ми кодта? Йæ хо. Мадзинæ ницуал загъта. Лæууыди æмæ лæууыди. Стæй та ’ 36
"ъ мидбынаты æрзилæгау кодта, æмæ араст и уартæ рухсырдæм. /^з Д^Р араст дæн йæ фæдыл — уæдæ ма куыд лæууыдаин! дфтæмæй мæ куыд нæ фæндыд Мадзинæимæ цæуын! Ныр мæ фæрсынтæ куы райдайа, уæд ын кæцæй æрхæсдзынæн дзуап- пытæ! Уæддæр цыдтæн талынджы гурæй-гурмæ йæ фæдыл. Цырагъы бынмæ куы бахæццæ стæм, уæд æрлæууыд Мадзинæ. /Ерлæууыдтæн æз дæр. — Иу хъуыддаг дын зæгъынмæ хъавыдтæн æмæ мыл мæрды- рох бафтыд,— цыдæр цауд хъæлæсæй райдыдта Мадзинæ, стæй йæ къух йæ раздарæны бынæй сласта, цырагъырдæм æй æртхъирæнгæнæджы тылд бакодта — йæ хо нæу, нæ, Залдуз. Йæ хо куы уаид, уæд бæргæ, фæлæ йæ хо нæу, нæ. Цыма не ’хсæн исчи фæмидæг и Мадзинæимæ æмæ мæ фæстæмæ асхуыста, уыйау фæцудыдтон , цалдæр къахдзæфы акодтон фæстæмæ æмæ кауыл банцадтæн, гыццыл цæхæрадо- ны алыварс цы кау уыд, ууыл. Мæ уд йæхимæ æрцыди, кау афтæ хæстæг кæй разынди, уымæй, æмæ уырдыгæй, кауы æнцой лæугæйæ, бадзырдтон Мадзинæмæ: — Куыд нæ у йæ хо?! — Нæу æмæ афтæ. Чысыл ма алæууыдтæн æмæ та бадзырдтон: — Уæдæ кæй хо у? Мадзинæ мæм гуыбыр-гуыбыр хæстæгдæр балæууыд. — Цы хуызæн фæрстытæ мæ кæныс, цы? Æз æм ницы сдзырдтон. Уый чысыл алæууыд æмæ та мæм æрбагуыбыр и. — Йе ’фсымæры ус æй йемæ æрхаста Базыронæн. Кæмдæр ма чындзыцыд уыди ’мæ уырдыгæй. Стæй сын цот куы рацыд ам, уæд сæм адон ныххатыдысты, а нæхиуæттæ æмæ сып æй радтой. Сæхицæн ницы рацыд, Уырысы йеддæмæ, уæд сыи сæ тæригъæд бахæрæд се ’намондгæнæг. Æмæ дыы уартæ кæд æмæ кæд зæгъынмæ хъавыдтæн: йæ хо нæу. Æмæ мын цыдæр фыд- былызтæ ме ’взаг ныббастой. Æндæр дæ куыд иæ афæдзæхсгæ фæдæн — цъыззийы къуылых у а Уырыс, гыццыл иицæуыл дæр "гæргæйттæ кæны æмæ дзы дæхи хиз. Мадзинæйы ныхæстæ мын мæ риуы къултæ ныххостой — æмбæрста йæ, æмбæрста Мадзинæ, Уырысби цæуыл фæтæргай, уый. Мидæмæ куыд бахызтыстæм, уый нæ бахъуыды кодтон, куыд фаехицæн стæм, уый дæр нæ бадардтон мæ зæрдыл, Хъуыды кæнын: ()^Атæн ме стъолы уæлхъус æмæ æдзæмæй кастæн мæ гæххæттытæм. Бадын нæ фæрæзтон, уæддæр бадтæн, стæй сыс- Гадтæп, рудзынджы раз æрлæууыдтæн, фæлæ лæууыи дæр иæ 37
фæрæзтон æмæ зилын райдыдтон ме стъолы алыварс. ФыццаЛ ацы изæры хабæрттыл хъуыды кодтон, стæй адзæгъæл дæн инная хабæрттæм æмæ — диссаг! Мæ разы сыстадысты уыйæппæт! изæртæ, ам Бæрзбыны кæй арвыстон, уыдон æмæ цыма изæртэя нæ уыдысты, чи æрцыд æмæ чи ацыд, ахæм изæртæ, фæлæ цыма! нывтæ уыдысты æмæ мæ разы ауыгъдæй лæууыдысты, нывты рав-1 дысты куыд фæлæууынц нывтæ ауыгъдæй, афтæ. Æмæ сьш зылдтæн æз — сæ иуæй цыдтæн сæ иннæмæ. Æмæ мыл цин бах-1 æцыд — хъæлдзæг цин нæ, æнкъард цин. Цыдтæн сæ иуæй се ’ннæмæ. Лæууыдтæн сæ разы. Фæстæмæ здæхтæн æмæ сæм кæсынæй не ’фсæстæн, нывгæнæг йæ царды хуыздæр бонты цы| иывтæ скæны, уыдонмæ куыд нæ фефсæды кæсынæй, афтæ сæм] кастæн. Дунейыл æппындæр ттицуал уыд уыцы нывты йеддæмæ.) Æмæ сыл хъуамæ зылдаин æмæ зылдаин, хъуамæ сæм цалдæргай цыдтытæ бакодтаин алкæмæ дæр, уартæ æппæты фыццаг изæрæй райдай æмæ мæнæ ацы изæрыл фæу. Хъуамæ сæ цалдæр лæуды æркодтаии алкæй раз дæр. Фæлæ сæ иуафон æвзæр уынын рай-' дыдтон æмæ мæ зæрдæ къултыл йæхи бахоста: цы ’рцыди?! Уый бонырухс æрхъуызыд æрвгæрæттæй æмæ уый аххос уыд, уымæн сæ æвзæр уынын байдыдтон. Уыдонмæ бонырухсмæ кæсæн нæ уыд, уыцы изæртæм, нæ зындысты бонырухсмæ. Æмæ ма иу цæ- уылдæр тыхстæн мæхимидæп ардыггаг изæртæм нæ бафтыдтæн, мæ удмæ сæ хæстæгдæр æмæ æввахсдæр чи уыди, Залдуз кæронæй кæм нал лæууыди райдианы изæртау, йæ лæгъз æрфгуытæ æмæ мæм йæ бæрзонд ных хуыздæр кæм зындысты, уыдонмæ. Бам- бæрстон, тыхст-иу цæмæн уыди, уый дæр. Уырысбийы хъæрæй йæ бамбæрстон. Ныр уый бынтон æндæр Уырысби уыди. Пецы фарсмæ-иу худгæ чи бадт, рифмæтæй хъазын бирæ чи уарзта, сомæхсæвмæ йæхи бирæ хъазынмæ чи цæттæ кодта, уыцы Уырыс- бийæн йæ кой дæр нал уыд. Уый ныр лæууыди æмбоиды сæр хъæды лыггагау растæй æмæ уырдыгæй хъæр кодта йæ хъæлæсы дзаг: — Цы ми кæнут?! Охх, Уырысби, Уырысби!.. Мæ гæххæттытæ амбырд кодтон, мæ гæххæттæвæрæны сæ афснайдтон, фæлæ ма æддæмæ рахизынæн раджы уыд æмæ та ме стъолы алыварс зилын райдыдтон. Афтæмæй мæ стъолы алыварс цæуын дæр нал фæндыди — уыцы изæртæ нал уыдтон æмæ цæуыл зылдаин! Æрлæууынмæ-иу хъавыдтæн, фæлæ-иу ие ’рлæууыдтæн,— цы ми кодтаии, куы æрлæууыдаин, уæд! Куыддæр мæм уынджы змæлд æрбайхъуыст, афтæ мæ гæххæттæвæрæн райстон æмæ асинтыл æрхызтæн. Кæртыдуармæ 38
хæццæ дæн, æмæ Мадзинæ мæ размæ фæци æд лæдзæг — ,еоæццæгæн, се стурты хъоммæ аздæхта. Исдуг мæм джихæй баз- чад, стæй мын мæ гæххæттæвæрæнмæ ацамыдта йæ лæдзæгæй: — Уыдон та дын кæцырдыгон митæ сты, мæнæ лæппу?! — Иу хъуыддаг мæ байрох и, ардæм куы цыдтæн, уæд. Ардæм тапьД кодтон æмæ мæ байрох и. Куыддæр дзы фервæзон, афтæ фæстæмæ ам æрбалæудзынæн,— ме ’взагыл цы бадт, уый дзырд- Тон æнæрлæугæйæ. Мадзинæ мæм комкоммæ каст. Йе ’рфгуытыл-иу сындæггай схæцыд æмæ-иу сæ сындæггай æруагъта дæлæмæ дæр. — Гъе, уæд уæ уыцы тасаг æмæ хауагæй цы Хуыцау сфæлдыста, уымæ мацæмæй бакуывдæуа! — Куыддæриддæр алыг уа уыцы хъуыддаг, афтæ фæстæмæ ам æрбалæудзынæн,— загътон та уыцы æнæрхæцгæйæ. Мадзинæ йæ лæдзæджы фындзæй зæхх æркъуырдта. — Иу цонджы хуызæн ма акæнай дæ хъуыддæгтæ иууылдæр! Æз цыдæрхуызон фæсастæн уыцы ныхасæй, уæддæр та рай- дыдтон: — Куыддæр дзы фервæзон... Фæлæ мæ Мадзинæ дзурын нал бауагъ’га. — Æгъгъæд дын, зæгъын, уый дын фервæзон æмæ нæ фер- вæзон! Æмæ дын уæртæ æртæ кæрдзыцы ракодтаин, уæд та дæм де ’мбæлттæй исчи æрбауади, уæд дæм цæмæ скæсдзæн! — иу карк, иу графин арахъхъ. Хæдзарæй цæуыс, дæ мадыхойы хæдзарæй! Нæй, нæ састæн æз дæр: — Мæнæ фæстæмæ куы æрцæуон æмæ куы здæхон... — Æнæ æрцæугæ фæуай! Уыцы ныхас йеддæмæ мæ нал хъуыди:*бамбæрстон æй — зыдта Мадзинæ, цæуыныл цæмæн фæдæн, уый. Уынджы ма цалдæр хæдзары рæзты бахызти мемæ, стæй аерлæууыдыстæм. — Аздæх ныр,— загътон æз. Йæ раздарæнмæ кæсыныл ыи фæдæн: йæ раздарæн кæдæй-уæдæй уыди афтид. Æмæ мæхи фæхъæлдзæгхуыз кодтон.— Æз дын ног раздарæн æрхæс- Дзынæн. Кæсма-иу. Мадзинæ ма мыл иу хатт йæ цæст æрхаста. Йæ сæр йæ иу У^хскыл æркъул кодта, йе ’ннæ уæхскылæй æркъул кодта, æмæ мæ бон дзурын нал баци. Уым æй лæугæ ныууагътон, уынджы астæу. 39
ЦЫРЫХАТЫ МИХАЛ: 80 АЗЫ МÆНЫЛ ДÆР ИСКУЫ САУ СЫДЖЫТ НЫККÆЛДЗÆН, ДÆУЫЛ ДÆР «ДОДОЙ» УÆЛМÆРДТЫ КÆУДЗÆН, УÆДДÆР ÆНУСТЫ ДУГЪЫ УАД НÆ ХÆЛДЗÆН,- НÆ ФÆСТÆ ДАРДДÆР НОГ ФÆЛТÆР ЦÆУДЗÆН! 40
Ацы аз 23 февралы Цырыхаты Тасолтаны фырт Михалыл сæххæст уыдаид 80 азы, хъуамæ йын зæрдæбын арфæтæ ра- кодтаиккам, йæ цæрæнбонты тыххæй йын гаджидæуттæ уагъ- таиккам. Фæлæ хъысмæт уыцы фадат нæ радта — Михал йæ юбилеймæ нæ фæцард, фарон 30 июлы ахицæн йæ цардæй. Михал 14 азы дæргъы уыд журнал «Мах дуджы» сæйраг редактор, 10 азы та фæкуыста Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдарæй. Рауагъта бирæ чингуытæ — поэзи æмæ прозæйæ. Хицауад æй сбуц кодта дзæвгар хæрзиуджытæй. Михалы уацмыстæ кæсгæйæ, æнæ бафиппайгæ нæ фæуы- дзынæ: иудадзыг у фæндагыл лæуд, уынæм æй змæлгæ æмæ цæугæйæ, æнæрынцойæ кæдæмдæр æмæ цæмæдæр тындзгæйæ. Уыйу йæ бындурон æууæл æмæ миниуæг, йæ зæрдæйы бæллиц æмæ монц, йæ царды нысан æмæ мидис Йæ фæндагурæстæджы фæндаг æмæ рæстæгимæ ерыс, быцæу — рæстæгæй фæсте ма баззайа, рæстæгимæ æмдзу кæна. Фæпдаг, фæндаг — кæм хæрд, кæм та уырдыг, — Тыннывæстау, хæрдгæбыд тагау нæу... Цæуы йыл æмæ йын нæй кæрон: æрбарухс, сбон ыл вæййы æндæр æфцæг, æндæр хохы фæстæ, æмæ та йæ уым сæхимæ сайынц æндæр рындзтæ. Йæ фæндаг — æфцæгæй-æфцæгмæ, хохæй-хохмæ, рындзæй-рындзмæ. Йæ фæндаг —рухсмæ, хурмæ, хæрзæбон æмæ фидауцмæ. Зын æмæ уæззау фæндаг у Хуымæтæджы нæ баихсийынц, нæ ныскъуыдтæ вæййынц йæ дзабыртæ (дуртæ æмæ уырты хафтæй, карстæй), бахуыйы сæ, барæхсы сæ æмæ та ногæй кæны йæ балцы кой. Кæмдæр зæрдæвæндон, æдыхстæй æрулæ- фа, йæ фæллад суадза, уымæй дæр арæх æдас нæу — мыййаг, 1{ог æфцæг, ног хохмæ цæугæйæ куы бафæстиат уа, афоныл ^м куы нæ фæхæццæ уа. Цæй, ам æрæвæрæм нæ уæргътæ, — уЕмæ куыд аскъуынæм пæ фæд? Куыд сисæм пе ’фсургътæп сæ сæргътæ, Кæд нæм æндæр хох сиды, уæд? 41
Михалмæ фæндаджы фæлгонц у æрвылбонон царды «прск зæйон» хъуыддæгты «поэтикон», романтикон фæлгонц. Уыйщ куыст, тох, архайд, арæзтад. Уый— «ссивынуыгæрдæпты хощ бæрзонд сæрвæтты хизын фос, уæхскуæзæй зад хуымтæ кæрдым æмæ бæттын куыристæ, стæй сæ амайын уыгæстæ, æпдидзым пог галуаны систæ» æмæ а. д. Михал фæндаджы «поэтикоп»щ романтикон фæлгонцæй цыма афтæ зæгъинаг у, зæгъгæ, цардщ «прозæйон» хъуыддæгтæ сты ныллæг, æнахадгæ нæ, фæлЛ бæрзонд, зарæг æмæ кадæджы аккаг хъуыддæгтæ. 1 Кæддæр кæйдæр ингæны ^æлхъус, «Додой» -ы дзыназынмзА хъусгæйæ, Михал загъта: \ Мæпыл дæр искуы сау сыджыт пыккæлдзæп, 3 Дæуыл дæр «Додой» уæлмæрдты кæудзæп, \ Уæддæр æпусты дугъы уад пæ хæлдзæп, — | Нæ фæстæ дарддæр ног фæлтæр цæудзæи Михалыуырныдта, куы амæла, уæддæр цæргæйæ кæй баз- зайдзæн, уый. Аидагъ йæ уацмыстыл ын куы дзурæм, уæд дзы цæргæйæ баззайдзысты, цард æмæ дзы адæймаджы рæстдзи- над кæм разынд, йæ индивидуалон гакк дзы йæхи равдыста, уыдон. 42
I •е- I 43
Къостайы райгуырæн хъæу Нары. 44
00 I I4 ! N 8$ I I 45
Космонавтты горæт Звездныйы. 46
I I ! 1 5 Й I I 1 47
! I 48
5Г .<ь ^о 3 * ^ 5 ^ о са 00 ? р к. § I § ^ •0 к § *ч2 ^ ^ Мак 5 к 03 с^ ! 5 ? 8. 3 * 5 к ?з ^ й § ■5 § л 5- ^ §.аз 1 00 >25 м'\Луг№ 2, 1999 49
8 I | 50
ЦЫРЫХАТЫ Михал МÆЛÆТÆЙ ÆЗ ÆВÆРЫН ЦАРДМÆХИД МÆ БÆСТÆ Мæ ныфсы иунæг тала дæ мæнæн,— Уынгæджы бон кæуыл фæхæцон, Ахæм тала дæ. Ды мын дæ иунæг рухс боны тæмæн,— Мæйдар æхсæв кæмæ фæбæллын, Ахæм тæмæн дæ. Ды дæ мæ иунæг цардвæндаг æрмæст,— Æнæфæкæлгæ кæуыл фæцæуон, Ахæм фæндаг дæ. Ды иу рындз дæ — кæуыл бандæгъд мæ цæст, Кæм сæмбæлдзынæн хуры тынтыл, Ахæм рындз мын дæ. Мæн бафæндид, цæмæй дын æз ысуон Чысыл уддзæф дæ хурыскасты, Цæмæй дын уон дымгæ Æмæ дын уалдзæгау хæссон Дæ рудзынгмæ фæлмæн æртæхтæ, Мæ фыны дæ уынон. Мæн бафæндид, цæмæй, цæмæй æрцæрон Æнусмæде ’нæнцой хъуыдыты, 0, афтæмæфæнды! Нæ мын зæгьдзынæ: «Ферох кæ ды мæн»,— Уæд мын мæ зæрдæ стондзынæ мæ риуæй, Уæд — царæфтыд фæдæн... 51
Æви мын загьтай?..— Загътай мын, миййаг, Дæхинымæр? — Цы кæнгæ мын у уæд?— Уæддæр мæ риуы дæ. Уæддæр мæ риуы де ’видийгæ зарæг Зæйау цæуы, уæддæр мæ ныфс, Мæ царды фæндаг дæ. Уæддæр мын дæ дзæм-дзæмы дон, уæддæр Мæ цъæх уалдзæг, мæ худгæ сæрд дæ ды — Мæ удылхæцæг дæ! МÆ ЦАРД У артдзæстау мæнæн мæ цард — Куы ’рцæйхуыссы, куы та ыссудзы, Куы цъити йе ’ндæвдæй рæмудзы, Чи дзы бандидзы йæ уарт, Чи йæм хус сугтæ æппары, Чи та йæм фæтындзы тары, Æфцæгыл куы схъæрзы мит, Хæхты уадтымыгъ куы сниуы, Æмæ тæрныхæй куы схъиуы Зæхмæ салд фæрдгуытæй хид... Иуы схъарм кæны, фæтавы, Иннæ йын йæ зынгтæ давы, Аннæта йыл уадзы дон... Цард, мæ цард... Кæй у? — Æмгары, Уазæг, хицоны, хæлары?— Нæу йæ рахатын мæ бон. Ноджы нæу мæ бон йæ уарын, Нæу, фæлæуæддæр æмбарын: Ис дзы алкæмæн дæр хай,— Мад, æфсымæрæн, хъæбулæн, Тугдзыххалонæн, фыдгулæн, Рухсæй, талынгæй зæгъай... Ис дзы хай сæууон æртæхæн, Хъал дымгæйæн — дугеон бæхæн, Хай дзы уæлмæрдтæн дæр ис, Искуы уым цæстысыг уардзæн, Исчи та дзы цинæй зардзæн: «Гайтма ахуыссыд, фæцис...» 52
Уый уыдзæни искуы, зонын,— Худгæ райсом, йе фыдбоны,— Æз нæ кæнын уымæ тагъд. Артдзæст у цæхæр, æндавы, Зымæг æй зынггай кæм давы, Уым æм зæрватыкк æртахт... УАРЗЫН... Фæзæгъын: «Уарзын...» 0, фæлæ цы уарзын? Куы вæййы уæлдæф арвы нæрдæй дзаг, Уæд уымæй хæхты сулæфын мæ фаг. Фæзæгьын: «Уарзын...» 0, фæлæ цы уарзын? Сæумæрайсом гæрæм зымты къуыззитт, Цъæх кæрдæгыл цыргъ цæвджыты æхситт. Фæзæгьын: «Уарзын...» 0, фæлæ цы уарзын? Куы мын ысвæййы арвы цъæх нымæт, Уæд уымæй искуы бамбæрзын мæ мæт... Фæзæгьын: «Уарзын...» 0, фæлæ цы уарзын?— Фæсизæр комы суадæтты сæр-сæр Æмæ цæргæсы базырты уынæр. Фæзæгъын: «Уарзын...» 0, фæлæ цы уарзын? Куы ныууары нæтыгъд быдырты мит Æмæ мын уый куы бацъиры мæхид... Фæзæгьын: «Уарзын...» 0, фæлæ цы уарзын? Фыййæутты уæтæр, урс уæрыччы уаст Æмæхæдзары ноггуырды цъæхахст... Фæзæгъын: «Уарзын...» Базон-ма, цы уарзын? Мæзæххы сæрмæ даргь æнусты зылд Æмæ сæ уæлæ дзаг уæрдæтты тылд!.. 53
УÆЛМÆРДЫ... Æз та дæм фенынмæ æрцыдтæн, Мæмад... Фæлæ нæ зыныс ды... Дæ цырты алыварс фæзылдтæн, Фæлæуæдцæр нæзыныс ды... Ысбæзджын мигъ, Ныпъпъæраталынг, Мæмад... Кæдмæлæууон, кæдмæ? Æви мын бафынæй дæ арынг?.. Зæгъ-ма, кæдмæлæууон, кæдмæ?.. Фыццагхатту... Æрмæст фыццаг хатт Мæнмæ нæ ракастæ, мæ мад... Æви мыл хур фæстæмæ рахатт, Æви мæ нал зоныс, мæ мад?.. Æз дæн, æна... Цæмæн ныхъхъус дæ? Дæ къæбиц-ма мын бакæн, цæй. Æз та дæ бафсадон мæ бустæй,— Æрмæст дæкъæбицбакæн, цæй... Фæтæнæг мигъ, Æхсæвтайы,— Рæхджы ысбон уыдзæн, ысбон... Цы диссаг у, мæ хъустыл уайы: «Хæстæг мæм ма ’рбацу, мæ бон...» КÆУÆГ БÆХ Цæмæйдæр та зæрдæ кæрзы, Цы катайы бахауд, хæлæрттæ?! Йæ къуымты йын дымгæ мæрзы Ызноны цæлбадты фæлхæрттæ... Нæфæскъулæй нал и зынæг... Кæйдæр бæх уым баззади бастæй. Нæ йæ фæци дысон уынæг, Ныр банцад йæ мыр-мыр, йæуастæй.
Йæ барцыл фынк бахус и, хид Йæтæвд буарыл комдæфау байсыст... Уый афонмæ искуы тæхид, Фæлæ йæм ехсы къæрцц нæ райхъуыст Йæбарæджы къухтæй, уæууæй,— Йæ барæг æндæр куывды бады,— Уый абон йæ бæхы мæт нæй, Нæу уымæ йæ саулох нымады. Æрталынг... Бæхджихæй лæууы, Йæмыр-мыр нæхъуысы, нæуасы... Æнкъардæй цæуылдæр кæуы, Æнкъардæй йæ цæссыгтæ нуазы... Арт уагъта дымгæ, хус дымгæ — æгæнон, Æмæ дзы уæлдæф пиллонкалгæ сыгъд, Нæ уагьта зæхмæ мигъы къæм æмгæрон, Йæтæвдæй фæхстыл таугæрдæг æмпылд. Ыстæй æрбайхъуыст арвы хуыфын дардæй, Æмæ йæм хæхтæ бакодтой æмрызт; Æрвæрттывд хъазыд урс фистонджын кардæй Æмæ-иу ризгæ цъититы нынныхст. Фæлæ цæмæн хъуыд арвы нæрд æуардæй, Кæд зæххыл сагъуыд судзгæ дымгæ — сынт, Кæд марди кæрдæг бур сæджы æдзардæй, Æмæ йæм удхос — доны ’ртах нæ зынд? МÆ СÆФТ ÆМГАРМÆ Кæд ма æгас дæ, уæд Зæрватыччы хъуырыл Исты хабар бабæтт Æмæ йæ нæ хæхтæм рарвит,— Æнхъæлмæйæм кæсдзынæн... 55
Кæд маст æмæ зынты Дæ рыст зæрдæ хъæрзы, Уæд зилгæ уады тагьд Фæдисхъæргæнæг рарвит,— Æнхъæлмæйæм кæсдзынæн... Кæд фехъуыстай мæнæй Дæрзæг ныхас, фыдгой, Уæд сæ нæмгуытæй рарвит Мæ зæрдæсæрмæ ды,— Æнхъæлмæсæм кæсдзынæн... Кæд райдыдтай тындзын Рыг фæндæгтыл хъæмæ, Дæ разæй рарвит уæд Дæ къахдзæфты уынæр,— Æнхъæлмæйæм кæсдзынæн... Кæдфæнды мæм æрцу,— Æхсæв уа, кæнæ бон,— Мæ рудзынг мын ныххой,— Æнхъæлмæдæм кæсын, Æнхъæлмæдæм кæсдзынæн... БÆЛЛИЦ... Уый раджы уыд... Æрмæст дæ былты змæлдæй Цы зæгьдзынæ, уый рагацау зыдтон. Дæ мидкатай, дæ мид-зарæджы зæлты Æгас зæхх æмæ арвы цъæх уыдтон. Уыдтон, Фæлæ уæд де ’назым фæлгонцæй Тæппуд тæрхъусау тархъæдмæ лыгьдтæн. Ды та, мæ хур, дæ сусæг уарзты монцæй Зындоны арты судзæгау сыгьдтæ... Æзта, æзта?.. Æз ме ’дзæлгъæд фæндагыл Цыдтæн æмæ ныдздзæгъæл дæн кæмдæр. Æрмæст-иу хатгай дымгæйы æвзагыл Мæ хъус æрцахста: «Демæ айс мæн дæр...»
Нæдæм байхъуыстон... Мæнæ ныр зæрондæй Мæ афтид къуымты агурын цыдæр,— Æрхуыссыд та дзы ахсæв иу мæ бонтæй, Æрхуыссыд, æмæ нал зыныс ды дæр. Æвналы талынг сусæгæй мæ базмæ,— Кæсы æнхъæлмæ де схудтмæ мæ къæс... Цы ран дæ, цымæ?.. Гъей джиди, дæ размæ Дæ фæллад уд, дæ иунæг сæр фæхæсс!.. ÆХСЫНÆНЫ ЗИЛЛАККАУ Тар æхсæв къæдзæхтæй систа йæ саутæ, Аууæттæ лæнкмæ фæхилынц. Сауцæст æхсынæны бур цæстыхаутæ Райсомы хурырдæм зилынц. Сау рæсугъд, сау рæсугъд, афтæ æз дæр Зилын дæфæдыл... Сдзæгьæл мæсæр... Цъити фæлмæмбæрзтæй урсхъулон дары, Арвы цъæх мигьты лæзæры. Далæта быдыры фемæхсти уарын,— Дымгæ йæ хæхтæм фæтæры. Фæлæ æхсынæны зиллакк уæддæр Арвырдæм хурагур систа йæ сæр. Цыма фæцæудзæни уырдæм чындзы... Уыйау дæ фæдыл мæ зæрдæ тындзы! Хуры дыдзы тын ма айнæгыл хъазы, Коммæ фæстаг рухс æппары, Хохрæбын уадымс цæуылдæр дзыназы, Лæнчы та къададон зары... Уартæ æхсынæны зиллакк æрмæст Дары ныгуылæнмæ — хурмæ йæ цæст. Сау рæсугъд, сау рæсугъд, афтæ æз дæр Зилын дæфæдыл... Сдзæгъæл мæсæр... 57
Тар æхсæв ралæууыд... Бæстæ фæсаутæ Æврæгьтæ арвыл лæсынц... Сауцæст æхсынæны бур цæстыхаутæ Зæхмææнкъардæй кæсынц... Сау рæсугъд, афтæ æнæ дæу æз дæр Арæх æруадзын мæ риуыл мæ сæр... НÆ ДОМЫН ÆЗ Нæ домын æз хæрдгæбыдтæ Нæ Иры буц чызджытæй, Фæлтау мын-иу æрбахæссæнт Нæсау зæххы сыджытæй... Нæ домын æз цыты куывдтæ Мæ райгуырæн хъæубæстæй, Фæлтау цæуæнт нæ тохы бон Фæринк кæрдтау æлвæстæй... Нæ домын, нæ, æз ме ’мгæрттæй: Ныззарут мыл нæ рæгьтæй! Фæлтау кæнæнт сæ сомытæ НæИрызæхх, нæхæхтæй... 58
ХЪАЙТЫХЪТЫ Азæмæт УÆЛАХИЗДЗАУ УАЗÆГ Нæ къæсæрæй бауасыд уасæг — Цæудзæн та нæм чидæр зынггур. Фæлæ нæм æрбахоста уазæг, Нæ хæдзар йæ фендæй ныххур. Уый туркаг ирон лæг ыссардта Йæ фыдæлты уидæгтæ ам. Йæ къухтæ Хуыцаумæ ысдардта, Хъысмæтмæ, дам, нал дæн хæрам. Цыдысты нæм арфæтæм адæм, Йæ сæрбосæй феуæгъд нæ цин. Нæртон куывды зæдимæ бадæм, Нæ къæбицæн Реком æфсин. Кæрæдзийы сидтытæ ивынц, Бæгæныйыл дзагдар рæдау. Нæртон хъазты фæсивæд симынц, Æрбацыд сæм фынгæй æгьдау. Бабайыл дæр базыртæ базад, Лæппуйау ын минас хæлар, Фыдæлтæй дзæгъæлы нæ баззад — У уазæг Хуыцауы лæвар. 1982 аз, сентябрь, санатори «Осетия». 59
СЫХÆГТÆ Габо, дам, Бабомæ кодта хæлæг,— Уый, дам, у амондджын, ис ын зæнæг... Тулдзау, дам, айтыгъта къабæзтæ дард, Уымæн, дам, дидинæг калы йæ цард. Габо йæ хъысмæтыл арæх куыдта, Бонæй, æхсæвæй Хуыцауæй куырдта: — Радт мын, дæхорзæхæй, удылхæцæг! Царды рæхысыл мын бабæтт мæ цæг! Бабо та Габомæ кодта хæлæг: Уый, дам, у амондцжын, нæй йын зæнæп. «Гъей-джиди, уый цардæй иу аз фæцæр!.. Сау, дам, фæстæмæ уæд фестид мæ сæр. Ничи, дам, сисдзæни уымæ лæдзæг, Нæй, дам, йæ хурхыл дæр уымæн хæцæг. Габо дæр, Бабо дæр иумæ куыдтой,— Амæндтæуарæгæй амонд куырдтой. 1990 аз, апрель ТУЛДЗ БÆЛАС Бæллиццаг тулдз бæлас нæ уыд: Бæрзонд цъæх айнæджы хæдсæрыл Гуыбыр зæронд лæгау лæууыд Æдзух фыдбылызы къæсæрыл. Тыдта йын алы бон дæр уад Чъымбыстæ, бирæгъау, йæцармæй. Кæмæн нæй хорз сыхаг, æрвад, Нæ дауы хур дæр уый йæ армæй. 1971 аз, октябрь, Бадыком УЫД АХÆМ МÆ ХÆС Куыд ма уон дæ цæсты Бæгуы лæгау сих? Цъæх фæткъуыйау хæсты 60
Ныххоста мæн их. Мæ иу цонг резинæ, Къуыдырхъæд мæ къах. Мæуадулыл минæ Ыскодтасырххахх... Мæ риуы ныр дæр ма Ис бомбæйы схъис. Мæ иу хъус ныкъкъуырма, Иннæ— æмбис. Хъуынджын уыд мæ нымæт, Уæлахиздзау — æз. Уыд ахæм мæ хъысмæт, Уыд ахæм мæ хæс. САДОН Уæ мæ дидинæгдзаст Садон, Макуы ракæлæд дæ къул! Ды — мæ фæллæйтты æхцадон, Ды — мæ хорзæхты дзæкъул. У дæ зæхх бæмбæг мæ къахæн, У дæ дур мæ сæрæн баз. Ды æргъæу хæдон мæ рагьæн, Ды мæ бæркæдты бæлас. Уæ мæ дурдидинæг Садон, Æз дæ мыдыбындз, мыдгур. Насæн ма сæвзæрæд какон, Къах ныл ма ’ркъуырæд фыдгул! 1990 аз, декабрь
ГАХАТЫ Æхсарш ХÆРЗГÆНÆГ Æцæг хабар -^ нæнцой рæстæг та бавнæлдта ацы хорз азмæ дæр /<;н æмæ йæ бонгай рæцыгъта зæрæхсиды æфцæгæй Л Х^А рохуаты æнæбын уæрммæ. < Фос æрбаздæхтысты хизæнтæй. Хурæн йæ фæстаг тынтæ арæдывтой æмæ асхъиудта хохы сæрæй. Аивгъуыдта фæстаг) автобус дæр. Уæддæр Афæхъо зынæг нæй. ! Сæ зæрдæ æхсайы сæ бæлццонмæ мад æмæ фыртæн. Косер| къуымты ам-тъæпп, уым-тъæпп æнæсæрфат зылдтытæ кæны, Ирбег та уынгмæ ракæсæн рудзынгыл баныхæст. Дысон изæрæй Афæхъо йæ цæст арвыл ахаста æмæ афтæ зæгъы: — Не ’фсин, райсом уаргæ кæндзæн. — Ды цæрай, нæ лæг, æмæ радио нæ уардзæн, зæгъгæ, куы радзырдта. Стæй куы уара, уæддæр цы? — Радио гæдыныхæстæ дæр арæх акæны, æз та арвы ахаст хорз хатын — нæ фыдæлты амындæй. Уый уал дын иу. Иннæмæй та быдыры кусынмæ нæ бæздзæн æмæ мын горæтмæ ацæуыны; фадат фæуыдзæн. \ — Ирбеджы тыххæй? Æмæ искæуыл дæ зæрдæ дарыс, цæрай] нын? — цымыдисæй йæм йæ гуыр баивæзта Косер. — Бæлвырд никæуыл, фæлæ цы нæ вæййы. Кæд та сызгъæ- рин Уастырджи баххуыс кæнид. — 0, тæхуды, тæхуды, æнæнхъæлæджы рæствæндаг куы фæуис!... Нæ фæлæ дын дæ ордынтæ æмæ майдантæ радавон. — Æмæ сæ цы кæныс? — Райсом сæ дæ риуыл бакæндзынæ æмæ... — Не ’фсин,— фæтызмæг Афæхъо,— цал хатты дып загъ- тон, æз къозбаутæ æмæ цæстмæхъустæй нæ дæн, зæгъгæ! Ор- дынтимæ дæр Афæхъо æмæ æнæ ордынтæй дæр Афæхъо! 62
— 0, фæлæ... Сæумæдæвдæгæй, боы куыддæр фезмæлыд, афтæ Косер бал- æууыд арынджы уæлхъус. Афæхъо бадис кодта: — Уый цафон хыссæ у, не ’фсин? Дысоны хæринæгтæй иырма æгас сыхы дæр бахынцæн куы ис! — Мæнæ дын æртæдзыхонтæ акæнон æмæ Лæгтыдзуары аом ссар. — Уый дын дзы ирон нæртон Сатана!.. ...Ирбег фæзилæны ауыдт:-, хицауад кæуыл фæцæуыиц, ахæм сау «Волгæ». Стæхы. Дзыхълæуд фæкодта сæ разы. Ирбег йæ бынаты хæрдмæ фæхаудта, йе ’хсызгон хъæр анæрыд: — Дзыцца, баба æрцыди! Афæхъо уæдмæ шофыры цонг раиваз-раиваз кæпы, хоны йæ мидæмæ, фæлæ дзæгъæлы. Машинæ размæ атахт. Афæхъо ма йæ къух бæрзонд фелвæста æмæ йæ фæстæ ныхъхъæр код- та: — Салæмттæ Хазбийæн! Сыхæгтæ дæр уынгмæ ракалдысты. Цымыдисæй иу каст Лфæхъомæ кодтой, иннæ каст та — тигъыл цы машипæ фæау- уон, уый фæдыл. — Уæ изæртæ хорз, мæ зынаргъ сыхæгтæ! — чысыл фæцудгæйæ, хъæлдзæгæй салам радта Афæхъо. — Æгас нæм цу, æгас! — йæ къух ын райста сыхы хистæр Дзатте.— Кæмдæр дыл бындз кæй фæхæцыд, уый бæрæг у, фæлæ дæм хицауады машинæ куыдæй æрхауд, дæ хорзæхæй? — Хицауады машинæйы хицау абон æз мæхæдæг уыдтæи. — Уанцон нæу! — Уырнгæ дæ нæ кæны? Уæдæ ма уæртæ Темысы ардæм рахонут,— къухæй ацамыдта Афæхъо.— Æмæ уын уый раз мæ хабæрттæ сæрæй бынмæ ракæион. Дзатте дæр æмæ иннæтæ дæр уыциу каст фæкодтой Аф- æхъойы хæдзары фарсмæ агуыридурæй амад бæрзоид агъуыстмæ. Канд сыхы нæ, фæлæ æгас хъæуы дæр бæрæг дары ацы хæдзар, хъулты æхсæн тохсийы хуызæн. Æмæ куыииæ! Темыс ахæм бынаты кусы: цæргæцæрæнбоиты колхозы къæби- Цы хицау у! Афтæмæй дзы царм æмæ стæджы æхсæи фыды æртау нæй. Зæгæлы бырынкъ архмæ куы ныххæццæ вæййы æмæ куыд фæтасы, Темысæн дæр афтæ фæгуыбыр сты йæ уæхсчытæ. Æиæуи та никæй ницæмæй хъыгдары. Йæхи дары сабыр æмæ Уагздан. Ныр кæрты йæ ус Мисурæтимæ лæууыдысты сæ кулдуары Раз æмæ сыхбæстæм кастысты. 63
— Темыс, ардæм ма рацу — йæ къух æм фæтылдта ДзатД Темыс фæраст, фæлæ йын Мисурæт йæ цонг ацахста. Тв мыс æм æнæбары зивæггæнгæ разылд. Мисурæт æм йæ æш гуылдз æртхъирæны тылд бакодта. Темыс исдуг æнцад алæ! уыд, стæй йæхи ратыдта æмæ ныфсджын къахдзæфтæ акодт! сыхæгтырдæм. I — Дæ мæрдтæм фæндагыл фæраст у! Сар мын дæ сæр кæни ардæм дæ нæ хъæудзæн! — бартхъирæн æм кодта ус æмæ кæрт'1 смидæг. I — Дæ хорзæхæй, Темыс, цы дын кодтон? Цæй тыххæй мæ| ракастæ знаджы цæстæй, уый мын зæгъ мæнæ ацы адæмы раз,-| бафарста йæ Афæхъо æмæ йыл, хъæбысгæнæгау, йæ цонг æрба! тыхта. I — Уыцы майдан, уыцы майдан! — йæ сæр ныттылдта Те| мыс.— Уый бæсты мын уæртæ мæ фыды хъама мæ артæнта куы скарстаид. I — Уыцы майданы хабар ма мæ хъустыл æрцыд, Темыс.Н æдзынæг æм ныккаст Дзатте.— Фæлæ майдан цы аххосджын у? Уый тыххæй ма суанг хъæугуывд дæр куы скодтай. — Гъе, гъе, уыцы куывд мын æрхаста ацы фыдбылызтæ,-^ йæ гуыбыр уæхсчытæ базмæлын кодта Темыс.— А-нæхион чй у, уый цæхгæр ныллæууыд: уыцы куывды, дам, нæ лæппуйæн скъолайы цы сызгъæрин майдан радтой, уый, дам, ын мæнае Афæхъойы лæппу Ирбег байста. — Уанцон нæу! — фæкодта та Дзатте. — Уæдæ нæ цæхæрадæтты дæр арæнæн уыцы хызбыд тел уый тыххæй айтыгътай, Темыс? — бауырдыг æм Афæхъо.— Æмæ ма ныр хуымгæнгæйæ трактор та кæм разилдзæи? Æви æрмæст мæхи зæххы гæбазы кой кæнон, сыхæгты та æнæхуым- гондæй ныууадзон? — Омæ æз бæргæ ницы йед кодтон, фæлæ уып уартæ иё ’фсин æнæзонгæ у? Абонæй фæстæмæ, дам, адон — сымахæй загъта, Афæхъо,— махæн сты не знæгтæ. Афтæ æмæ, дам, афтаЗ куынæ бакæнай, уæд, дам, мæ лæппуйы мемæ айсдзынæн æмæ..^ Дзаттейы тызмæг æнгасыл бæрæг уыд, цыдæр карз ныхæстад йын зæгъынмæ кæй хъавы, фæлæ йын, æвæццæгæн, фæтæригъæд кодта — æрфæлмæн. Æрфæлмæн æмæ ма уыцы фæлмæнæи сагъæсгæнæгау загъта: I — Ацы хабæрттæ нæ разагъды сыхæй куы айхъуысой, уæд ныл нæ хорз хъæубæстæ уынгæй-уынгмæ худинаджы зарджытя скæндзысты. 1 — Уыдонæй æдыхст ут,— зæрдæтæ сыи авæрдта æппæтзо! 64
11аГ цымыдис Зæлда.— Уыдон сæ хæдфæдыл адæм цъиутау куы уасыдысты. Ныр ма рох дæр фесты, рох, абоныстæы. Чичийы ^зыхмæ дын исты бахауа — уый дæлæ ме ’мбал ме ’мкусæг постхæссæг Райханæй зæгъын. Уый дын гыццыл ницæуыл дæр ахэем къухтæ, ахæм къæхтæ, ахæм базыртæ базайын кæндзæн æмæ диссаг. Æмæ... — Де ’фсæртæ та ма феуæгъд уæнт, Цыцы,— мидбылхудгæ йæ басхойæгау кодта æгас сыхы сæрæндæр æмæ къæбæрыл рæдаудæр чи у, уыцы Аминæт. — Цыцы нæ, фæлæ Зæлда,— бахудæгау кодта Зæлда дæр.— Уый дæлæ Райхан æгæр хынцфарст кæй у, уый тыххæй йæ схуыдтой Чичи, æндæр æз та цы зылынджын фæдæн? — Цы-цыгæнæг, ды та уымæй фыддæр дæ, æмæ дæ уый тыххæй хонæм Цыцы. — Æмæ цы? Иу ахæм дæр дзы хъæуы, абоныстæн. Уæдæ хабæрттæ кæмæй хъусиккат? Сымах ныхæстæ кæнут, фæлæ ацы майданы хъуыддæгтæ мæхæдæг дæр бæлвырд нæ зонын. — Ау, уæдæ ма сæ хуыздæр чи хъуамæ зона? — бадис код- та Аминæт. — Æз,— йæ къух уæлæмæ сдардта Ирбеджы æмбал Алап. — Дæ хъуыддаг раст, Алан,— баздæхт æм Дзатте.— Рахиз ма размæ æмæ нын зæгъ рæстдзинад. Алан райдыдта: — Мах æртæйæ дæр: Ирбег, Хæмæт æмæ æз ахуыр кодтам иу къласы. Хæмæт хорз æмбал у, фæлæ ахуыр та... Йед... Сызгъ- æрин майдан уымæн радтой. Адæм æй куывды уæгъд нал уагъ- той. Цинтæ, хъæбыстæй æмæ æппæлæн ныхæстæй куы сйед... куы сфæлмæцыд, уæд уæрдонмæ сгæпп кодта æмæ хъæр систа: «Уыцы майдан мæн нæу, нæу, нæу!» Уæд адæм... Йед... Фæуа- дзыгау сты. Æрæджиау æй чидæр афарста, уæдæ, дам, кæй у? «Кæй дзыппы йæ нывæрдтон, уый»,— загъта Хæмæт. Уый фæстæ уæрдонæй æргæпп кодта, бауад Ирбегмæ æмæ йыи йæ дзыппæй иу къаннæг къопп фелвæста. Йæ къухы йæ бæрзонд хæрдмæ систа: «Мæнæ, мæнæ, уынут!». Æидæр æз иицы зо- пын. Хæмæт хорз лæппу у,— балхынцъ кодта йæ ныхас Алаы. — Ардæм ма рауай, Ирбег, мæ къона,— фæдзырдта йæм Дзатте.— Цы уыд дарддæр, уый нын раргом кæн. Ирбег исдуг йæхинымæры тыхст. Йæ роцъо æрæнцад йæ риуыл, бынмæ каст, стæй æвæндонæй райдыдта: — Уыцы æхсæв мæ дзаумæттæ куы ластои, уæд та уыцы майдан мæ дзыппы разынд. Цæй, райсом ыи æй фæстæмæ рат- А^ынæи, зæгъгæ, схуыссыдтæп. Дыккаг боп æй сæумæйæ ба- ^ Махдуг№ 2, 1999 65
хастон. Мисурæт мын æй мæ къухтæй аскъæфта æмæ мæ...ч Ирбег фæхъус. 1 — Дзургæ, дзургæ, мæ къона, ам æфсæрмыйагæй ницы ис| Махæн рæстдзинад зонын нæ хæс у. — Æмæ мæ ратардта. Ацы къæсæрæй, дам, дæ чъизи мукъ^ куыд никуыуал æрбавдисай, афтæ. ! — Гъе, уæууæй, гъе,— басагъæс кодта Дзатте,— худина* æмæ мæлæт. Уыцы ницæйаг лыстытæ арт бандзарынмæ нае бæззынц, Темыс, уыдон бырæттæм калгæ вæййынц. Ды та? — Æз та мæ лæджы бартæ мæхимæ райсдзынæн! — йае тымбыл къухæй йæ риу ныххойгæйæ, ныфсджынæй загъта Те- мыс.— Уыцы æнæхайыры æмбонд тæккæ райсом хæлд уыдзæн. Дарддæр цы уа, уый дæр уындзыстут уæхи цæстытæй. Уыцы ныхæстæм адæм æхсызгон хор-хор скодтой. Афæхъс та Темысæн йæ къух райста æмæ йын æй тынг нылвæста, стæй сыхæгтыл йæ цæст ахаста. — Уæдæ мæм ныр байхъусут. Цæвиттон, горæты мæ æхсыз- гон хъуыддаг уыд. Кæд уæ фæнды, уæд уын мæ балцы сæр зæгъгæ дæр кæндзынæн. — Нæ, нæ, джигул дæм, мыййаг, куынæ кæнæм,— схор-хор та кодтой адæм. — Гъемæ хорз... Схæццæ дæн горæтмæ. Лæууын уæрæх уын- джы. Ныр кæцырдæм цæуон, кæй цæмæй фæрсон? Уалынмæ дын кæсын, Хуыцау уын хорз ракæна, æмæ мæ разы иу хæдтулгæ фæурæдта. Мидбылхудгæ дзы рахызт иæ танкæты батальоны командир Николай. Уæд майор уыд. Ныр инæлары пъагæттæ æрттивынц йæ уæхсчытæй. Кæд ма йæ хъуыды кæнут: иу авд азы размæ ам, нæхимæ дæр уыд... — Куыннæ, куыннæ, дынджыр тохъыл ын куы ахауын код- тай,— æрымысыд Дзатте. Иннæтæй дæр чи йæ сæр разыйæ тылдта, чи та гъо-гъо, зæгъгæ, фæкодта. — Гъемæ, ково я вижу, ково я вижу! — фелвæста мæ йæ хъæбысы æмæ мæ зилдух кæнын райдыдта уæлдæфы. Ныхæстæ< дардыл цæуынц, фæлæ йын мæ хабар куы бамбарын кодтон, уæд мын мæ уæхск æрхоста æмæ мын афтæ зæгъы: — Æппындæр ма тыхсгæ ма кæн, Афако. Савич кæд стыр бынаты кусы, уæддæр дуарæхгæд нæу. Фæстæдæр æм тили- фонæй бадзурдзыстæм. Ныр та уал, табуафси, мæ уæрдонмæ... — Æмæ демæ иронау ныхæстæ кодта уыцы инæлар? — йæ фарст нал баурæдта Зæлда. — Кæцæй!... Уый уырыссаг у. Фæлæ ацы тугуарæп хæст мæн канд хæцын нæ сахуыр кодта, фæлæ ма мын бацамыдта уырыс- 66
саг æвзаг дæр, кæд кæсын æмæ фыссын нæ зонын, уæддæр... О, æМæ уын уый дзырдтон, Хуыцау уын хорз ракæна, авæрдта мæ Николай машинæйы. Иу цалдæр ранмæ æхсгæ уад бакодта, стæй мæ аласта йæ куыстмæ. Стæй дын мæ Советты хæдзары куы балаеууын кæнид. А-гъа-гъа! — ныттылдта Афæхъо йæ сæр.— Лхæм галуан! Ахæм хицау! Куыддæр Николай дуар байгом кодта, афтæ уыцы хицау йæ бынатæй фестад æмæ худгæ цæсго- мимæ рауад нæ размæ. Николаимæ кæрæдзи ныхъхъæбыс код- той. Мæнæн дæр мæ къух зæрдиагæй райста, мæ номæй мæм сдзырдта. Стæй мæ æрбадын кодта. Инæлар æмæ Савич ных- æстыл фесты, æз та мæ мидхъуыдыты аныгъуылдтæн. Савич... Цымæ кæцон мыггаг у? Æвæццæгæн, гуыргæ ам ракодта, ам схъомыл. Йæ мад дæр ирон уыдзæн, æндæр афтæ сыгъдæг нæ дзурид иронау. Йæ хуызмæ гæсгæ дæр ирон у. Уый хорз, фæлæ мын мæ ном цæмæй базыдта? Æмæ та мæм мæнæ ногæй дзуры мæ номæй: — Афæхъо! — И! — зæгъгæ, фæкодтон. Савич йе ’ргом мæнмæ раздæхта æмæ мæ фæрсы: — Цы хабæрттæ ис Хъæдгæроны? Уый дын, гъе! Хъæдгæройнаг кæй дæн, уый дæр базыдта. Кæд ын æй Николай загъта... — Фыдæбæттæ кæнæм... — Æрыдоны районы механизаторты раздзог кæй дæ, уый тыххæй дын арфæ кæнын. Дæу хуызæтты фæрцы байгас уы- дзысты бæстæйы хæсты рæстæджы хъæдгæмттæ. — Бузныг,— ныфсæрмытæ дæн æз. Мæхинымæр та дисы цæхæры физонæгау цъыс-цъыс кодтон. Ацы фæлмæи æмæ ахадгæ лæг, æвæццæгæн, канд механизатор кæй дæн, уый нæ, фæлæ ма мæ сæрыл цал æрдуйы ис, уый дæр зоны... — Кæй зæгъын æй хъæуы, Афæхъо, ды Хъæдгæронæй ардæм мæ къух райсыны тыххæй не ссыдаис. Дæ балц цæй фæдыл у, уый мын бамбарын кæн, дæ хорзæхæй. Æз ын цыбырæй бамбарын кодтон хабар. Афтæ мæм фæкаст, Цыма мæ йæ фæлмæн ныхæстæй, йæ хæларзæрдæйæ йæхимæ аелвæста. Уый исдуг ахъуыды кодта, йæ цонг стъолæй роцъомæ быцæу авæргæйæ, стæй, ард хæрæгау, загъта: — Æз ме стырдæр хæсыл нымайын фæллойгæнæг адæмæп гзенæн æмæ амалæй исты æххуыс бакæныи... Ныр мын бахатыр кæцут, фæлæ уынгмæ уæлдæфмæ акæсæм,— систа тилифоны хæтæл æмæ дзы загъта æрмæстдæр иунæг дзырд: «Фæцæуæм». Галуаны дуарæй куыддæр рахызтыстæм, афтæ иæ разы 67
фæлæууыд, мæнæ мæ ардæм цы машинæ æрласта, уый. Савш мæн буцдæрæн разæй сбадын кодта, йæхæдæг æмæ ипæлар т| фæсте æрбынатон сты, æмæ араст стæм. Стæй йæ шофыр Таш муразмæ æхца ралæвæрдта Савич æмæ йын загъта: «Нæхима базарыуылты»... Схызтыстæм æртыккаг уæладзыгмæ. Савич йа дзыппæй дæгъæлтæ систа æмæ гом кæны дуар. ] «Уæле мæ йæ куысты нæ бауагъта, фæлæ мыи ам мæ дза-* быртæ æнæ раласгæ нал и, бæстæ иннæрдæм куы рафæлдæха уæддæр,— уыд мæ хъуыды.— Йæ куыстуаты пъолыл ахæм га^ уызтæ кæмæн ис, уымæн йæ цæрæн бынат уагæр куыд фæлыст уыдзæн!» — Ахизут, ахизут мидæмæ, уæ хорзæхæй,— мæ цонгыл мын размæ бахæцыд Савич.— Æцæг та дæ дзабыртæ ласынвæнд ма скæн, Афæхъо! Æз æваст джихауæй аззадтæн. Кæсыи мидæмæ æмæ уынын бæгънæг къул, гауызæн дзы йæ кой дæр иæй агъуысты. Къæсæры бахизæны, паркет кæй хонынц, уыцы пъолыл — ссады гол- лагæй къæхтæсæрфæн... — Фæлæуу-ма, фæлæуу, Афæхъо,— йæ къух батилæгау кодта Дзатте.— Гæды ныхæстæ куы иикуы фæкæныс, уæд дыл абон цы ’рбамбæлд? — Æцæгæй, æцæгæй,— фæцырд сылгоймæгтæй иу.— Кæй хъуамæ бауырна, ахæм стыр хицауы хæдзар быптои гаффутт уа, йæ уаты къултæ бæгънæг уой? — Æцæгдзинад уыи кæй дзурыи, уый тыххæй Хуыцау æмæ Зæххæй ард хæрын,— бацыд йæ удæй Афæхъо.— Мæ иыхас уыд, дуарæй бахизæны ныхмæ цы къул ис, ууыл. А-иннæ дыу- уæ хæрзæфснайд уаты къултæ та кæрæй-кæронмæ æмбæрзт сты тæмæнкалгæ тæрхæгджын скъаппытæй авгæй дуæрттимæ. Уыцы скъаппытæ та — цъупмæ над алыхуызои чипгуытæй. Æллæх, æллæх! Уый бæрц чингуытæ иу ран никуы федтон! О. Æрбадын нæ кодта Савич, фæткъуытæ тæбæгъы æвæрд цы стъолыл уыд, уый фарсмæ, йæхæдæг ссудзын кодта газæй кусгæ пец æмæ йыл алгъæц авæрдта, хъайла кæны. Æртæйæ дæр куы сбадтыстæм фынджы уæлхъус, уæд Таймураз æртæ къапнæг агуывзæйы нозт рауагъта. — Дæ хорзæхæй, Афæхъо, ды ракув,— бахатыд мæм Савич. — Нæ, нæ, дæхиуыл æмбæлы. Ды дæ хæдзары хицау,— не сразы дæи æз. — Уæдæ мын бахатыр кæнут. Махæи, партийы уæнгтæи, кæд Хуыцау æмæ дзуæрттæм кувыны бар иæй, уæддæр Ирыс- тоны рагфыдæлтæй абоимæ цы хорз æгъдæуттæ баззад, уыдон 68
пе ’ппæтæн дæр хъахъхъæнинаг сты цæсты гагуыйау. Гъемæ нæ стыр Хуыцауы хорзæх уæд! — Оммен! — иумæ сдзырдтам Николаимæ. — Хуыцау, адæмæн ахæм арфæ ракæн, æмæ ацы цыбыр цар- ды кæрæдзимæ хотæ æмæ æфсымæрты цæстæй куыд кæсой. — Оммен, Хуыцау! — азæлыд ныр та сыхæгты иумæйаг хъэелæс. Савич йæхæдæг нуазгæ нæ бакодта. Йæ ад дæр, дам, ын нæ зоиын. Чысыл цыдæртæ ахордта, стæй йæ сахатмæ æркаст æмæ сыстад: — Мæнæн бахатыр кæнут, уæ хорзæхæй. Цæуын мæ хъæуы куыстмæ. Адæм мæм куы æнхъæлмæ кæсой, уæд уый раст пæу. Сымах абадут. Таймураз, уазджытæ — дæ бар. Уæдмæ кæд Маринæ дæр зынид. Афæхъойы аласдзынæ. Афæхъо, ды та мын-иу, дæ хорзæхæй, зæрдиаг салæмттæ ратт мæ зыиаргъ хъæдгæройнæгтæн,— æмæ ууыл йæ фæдыл дуар ахгæдта. Савич куы ацыд, уæд дзы Николай æмæ Таймураз ахæм æппæлдтытæ фæкодтой, ахæм æмæ диссæгтæй цы кæныс. Ни- колай йæ дзыппæй цавæрдæр къам систа æмæмæ фæрсы, ацы лæджы, дам, нæ зоныс? Мæрдвæлурс æмæ сагъæссаг цæсгом куы ауыдтон, уæд мæ къух куыдфæндыйы уыгъд акодтои, чи- фæнды дæр уæд, зæгъгæ. Фæлæ йæ куы фембæрстон, уыцы къам Николай йæ дзыппы дзæгъæлы кæй нæ дары, уый, уæд æй хатыр курæгау афарстон, чи у, уымæй. — Хæсты райдайæны базонгæ дæн ацы адæймагимæ,— рай- дыдта инæлар.— Уæд ам, Дзæуджыхъæуы, службæ кодтои. Уый фæстæ та архайдтон Мæздæджы бынмæ хæстыты. Мæнæ дæм ацы къамæй чи кæсы, уыцы лæг та дзы уыд бæрноп партиои- политикон кусæг. Ахæм хуымæтæг æмæ зæрдæхæлар, ахæм хъомысджын æмæ стыр курдиатджын разамонæгыл иикуы фембæлдтæн. Йæ хус къæбæр — паек — йæхæдæг æпæхъæпæй никуы бахордта. Лæвæрдта йæ сывæллæттæн, рынчынтæи, зæрæдтæн. Афтæмæй-иу фырлæмæгъæй зæрдæхъæрмттæ код- та раст. Уыцы рæстæджы ист у ацы къам дæр... — Æмæ чи уыд уыцы æмбисондæн хæссинаг лæг? Æгас ма у? — Уый уыд, мæнæ кæй хæдзары бадæм, уыцы Савич. Мæ дисæн ма кæрон уыд, мæ дисæн. Уæдæ... Цæй мæнæн бахатыр кæнут. Чысыл сыкъадзæф дæн æмæ мæ фæллад суа- Дзон, науæд райсом быдыры... Хорз, æмæ къæвда бирæ иæ ахас- та... Темыс, дæ ныхасæи хицау кæй разындзыиæ, ууыл пæ бау- Уæидын кодтай, уый лæгдзинад у æмæ дып адæмы зæрдæмæ Лæр фæцæудзæи. Уыцы æмбонд Савич куы феиид, уæд... Ой, 69
Савичы цæрæнбон нын бирæ æрбауа! — Афæхъо афтæ заргæ’ бараст сæ кæртмæ. Мидæгæй куыддæр йæхи бандоныл æруагъта, афтæ йæ уæл-: хъус алæууыдысты Косер æмæ Ирбег. — Ды цæрай, нæ лæг, уынджы мæ зыр-зыр цыд, мыййаг, зæгъын, исты ахæм куы срæдийай. Фæлæ табу Хуыцауæн. Дæ чемыл бæрæг у, хæрзгæнæг дыл кæй амбæлд, уый. — Ахæм рæствæндаг фæдæн, æмæ йын зæгъæн дæр нæй., Уый уал дын иу. Хæрзгæнæг дæр мæнæ хæрзгæнæг куы уаид... Иннæмæй та, Ирбег, ды иннæбон ацæудзынæ сахармæ. Мæнæ ацы фыстмæ гæсгæ ссардзынæ Савичы. Дарддæр цы уа, уый. йæхæдæг йæхи амондзæн. Демæ ахæсдзынæ дæ гæххæттытæ, дæ чингуытæ, ивæн дзаумæттæ. Ды та йын, не ’фсин, йæ дзыпп адзæбæх кæндзынæ. Ирбег цалынмæ фæлварæнтæ радта, уæдмæ уым уыдзæн. Афтæ загъта Савич. — Баба,— йæ фарсмæ æрзоныг Ирбег.— Æмæ Алан та? — Ысс! — йæ амонæн æнгуылдз йæ дзыхыл цæхгæрмæ ав- æрдта Косер.— Ацы хабар хъуамæ æмбæхст æрцæуа, байгом кæнæн кæмæн нæй, ахæм авд дуары мидæгæй. — Æмæ Аланимæ иумæ куы цæттæ кæнæм нæхи инсти- тутмæ,— саст хъæлæсæй загъта Ирбег. — Уыцы хъуыддагыл райсом аныхас кæндзыстæм. Ныр та мын, не ’фсин, уат бакæн æмæ мæ фæллад суадзон,— Афæхъо уæззаугай сыстад. — 0, стыр Хуыцау, баххуыс кæн, мæ уд дæ къæхты бынты фæхъхъау фæуа! — йæхиуыл дзуæрттæ ’фтаугæ фæраст уат кæнынмæ Косер. Дыккаг бон Афæхъо йæ фырты йæ хъæбысы æрбакодта æмæ ’ йын рæвдаугæйæ афтæ зæгъы: — Бæдæйнаг фæу, мæ хъæбул! Макуы макæуыл рацу га- дзрахатæй. Акæн, акæн Аланы дæр демæ. Чи фæхæрам уа, Са- вич ахæм лæджы каст нæ кæны. — Бузныг, баба! — Ныхъхъæбыс кодта Ирбег йæ фыды* æмæ, хæрзхаст уæрыккау, хъылдымтæгæнгæ, ратахт уатæй... Фæлгæты фыст уыд: «Председатель Верховного Совета». — Æгас цæут нæртон уæйгуытæ! — Хазби райста лæппуты къухтæ, стæй сæ йæ дæлæрмтты æрбалвасгæйæ бакодта стъолы размæ æмæ сæ йæ фарсмæ æрбадын кодта. ’ — Ирбег уæкæцы у? — бафарста сæ рæвдаугæ хъæлæсæй. — Æз,— фестад Ирбег.— Мæнæ уый та Алан у. — Æмæ дæу дæр институтмæ бацæуын фæнды, Алан? — Фæнды, фæлæ...— фæкъуыхцы Алан. 70
— Иттæг хорз! Ныр мын, кæцы факультетмæ цæут, уый куы зæгъиккат, æви фæйнæхуызы... — Нæ, нæ! Физматмæ цæуæм дыууæйæ дæр. Савич фестад, систа тилифоны хæтæл: — Алло!.. Дæ бон хорз уæд... Знон дын цы лæппуйы кой кодтон, уый дæм фервитын... Хорз, хорз, фæлæ йе ’мбал дæр йемæ ис... 0, æз дæр афтæ хъуыды кæнын... Бузныг. Дзæбæх у... Ирбег æмæ Алан, сæ ног цалцæггонд уат æфснайгæйæ, код- той Хазбийы кой. — Афæхъойы ныхæстæм гæсгæ æз æнхъæлдтон, æмæ Савич мыггаг у,— загьта Алан.— Фæлæ йæ дуарыл Хазби Саввич фыст куы ис. — Æз никуы фехъуыстон, фæлæ, æвæццæгæн, йæ фыды ном Саввæ уыди. Æмæ уый куыдфæнды фæуæд, фæлæ Хазби йæхæдæг цæй диссаджы хуымæтæг æмæ хæларзæрдæ адæймаг у, ахæм стыр хицау уæвгæйæ! Сихортыл лæппутæ горæтмæ рацыдысты æмæ проспекты хæрхæмбæлд фесты Хæмæтыл. Кæрæдзиуыл зæрдиагæй фæцин кодтой. — Мах абон нæ гæххæттытæ радтам институтмæ,— загъта Ирбег.— Ды та цы бадæ? — Мæн дæр сымахимæ, бæргæ, фæндыд,— райдыдта Хæмæт,— фæлæ мæ куывды фæстæ мама ам смидæг кодта. Ды, дам, хъуамæ ахуыр кæнай Мæскуыйы университеты. Хæмæтæн йæ зæрдæ суынгæг, цæхгæр фæзылд æмæ, дугъы уайæгау, атындзыдта. Ирбег æмæ Алан кæрæдзимæ фæрсæджы каст бакодтой, стæй йæ фæдыл ныхъхъæр кодтой: — Ды хорз лæппу дæ, Хæмæт! Хæмæт ма сæм йæ къух бауыгъта, фæлæ фæстæмæ иал фæкаст. Фæлварæнтæ фесты. Ирбег æмæ Алан систы педагогои ии- ституты студенттæ. Кæрон ма кæм уыд сæ цинæи! Бынтон диссаг та лæппутæн сæ ныййарджытæ фесты. Æу- уæидгæ дæр ма дын кодтой ацы бæллиццаг хъуыддагыл! Косер уайтагъд уæларынг балæууыд. Афæхъо та стад дзидзатæ аджы чыккалдта. Куы сæ февдæлд, уæд фæрсынтæ систой Ирбеджы. Уый сын бæлвырдæй фæдзырдта алцыдæр. — Баба, ды афтæ æнхъæлдтай, Савич мыггаг у, зæгъгæ, нæ? — Бæгуыдæр афтæ, уæдæ куыд? — Уый йæ фыды ном хуынд афтæ — Саввæ. Йæхи ном та Хазби. Йæ мыггаг у Чъерджиатæй. 71
— Мæ хæдзар бахорз! — йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныцъ^ цъыкк кодта Косер. ( — Оуу, мæнæ диссæгтæ! — Афæхъо йæ мидбыыаты цоппац кæнын систа.— Дæ хæрзгæнæджы ма базон! Ма йæ бафæрс чй у, кæмæй у! Фæлæ къодах истæмæйты къодах вæййы... — Ды цæрай, нæ лæг, уыцы Хазби махæн у нæ хæрзгæнæг æмæ йын исты зæрдæлхæнæн куы скæнис. Ис иæм уæртæ цыдæр; капеччытæ, хойрæгты муртæ. Горæт та уæддæр горæт у, алць1 дæр дзы æлхæнын хъæуы... — Æй, не ’фсин, не ’фсин, æз цы Хазбийы федтон, уый зæрдæлхæнæнтæ-йеддæ чи райса, ахæм нæу... Уымæ хъæуы бац- æуын лæгæй-лæгмæ, йæ къух ын райсын зæрдæхæларæй æмæ зæгъын æргомæй: — Демæ мæ фæнды æфсымæры цардæй цæрыи. Уый дын æхсызгонæй зæгъдзæн: — Табуафси! 72
БАЛАТЫ Альберт БЫНДАР Новеллæ æппу, уæлæмæ фест æмæ уыцы чызджы бабæрæг кæн. Худинаг у адæмæй! — бауырдыг сæумæрай- сом йæ фырт Мырзабегмæ Тотырон. — Æз никуыдæм цæуын! Чидæриддæр æй бæрæг кæнæд, фæлæ æз — нæ! — бахъуыр-хъуыр кодта Мырзабег. — Дæ туг баназ! Уый дын мæ хуыздæр арфæ. Æдзæсгом! Сыкъайы бын агурыс лæппу? Ныр цалдæр боны дæхицæй къупри куы сарæзтай! Ничи йæм кæсы: лæппу йæ æрхъуыдис! — Цæй-ма, дзыцца, бынтон æй куы стынг кодтай. Афтæ æнæуи загътон, æндæр æм æдзæугæ дæн æви? — йæхи рæстытæ кæнынмæ фæци Мырзабег. Фестад æмæ йæ дзаумæттæ кæнынмæ февнæлдта. Бирæ уарзта Тотырон йæ фæлмæн чындз Заремæйы. Æфсæрмдзæстыг, хиуылхæцгæ, æгъдауджын æмæ хæдзардзии уыдис. Йæ къух ын тынг фæрогдæр кодта. Иу ныхасæй, йæ цæстæй дзы ракаст Тотыроы йæ къухылтухгæ чындзæй. О, фæлæ сын лæппу кæй нæ уыд, уый йын кæмдæр чысыл йæ зæрдæ агайдта, кæд дзургæ ницы кодта, уæддæр. Хъæбулы хъæбул, дам, зæнджы магьз у. Æрхъæцмæ дæр пæ хъæцыд Тотырон йе ’ртæ зæрватыччы хуызæн дзыкъына- тыл, сæ фынæйыл дæр сын нæ лæууыд, сæ фынæйыл! Фæлæ уæддæр тынг фæндыдис Тотыроны, Заремæйæн лæппу куы рай- гуырид, уый. Фæлæ та йæ дзæбæх чындз ацы хатт дæр Тотыроны зæрдæ пæ барухс кодта. Йæ сæры зилдух кодтой алыхуызон хъуы- дытæ. Дызæрдыг кодта Мырзабегыл дæр, кæд Мадымайрæмы дзуарыл йæ кувинæгтæ иæ сæмбæлын кодта, зæгъгæ. Не ’ууæи- дыдис йæ лæппу дзуæрттæ æмæ хуыцæуттыл. Цалдæр азы та йæ Хетæджы стыр бæрæгбон Хетæджы къохмæ фервыста То- 73
тырон. Уый-иу бавдæлд æмæ-иу кæмдæр доны был й^ ’мбæлттимæ хорз фæминас кодта. Уыцы хабар Тотыроны хъусЗ тыл куы ’рцыд, уæд йæ иунæг хъæбулмæ рæстмæ дзыхæй дæг! нал дзырдта. Тагъд арæвдз кодта ныр Тотырон Мырзабеджы. Сахатыр-! дæджы фæстæ фæтæн ног астæрд фæндагыл Мырзабеджы ног «Жигули» фатау тахт. Арæндоны рудзгуытæй алы кары сылгоймæгтæ зæрватыччы цъиу- тау сæ къубæлттæ æддæмæ ивæзтой, алчи сæ хъæлдзæг ныхас кодта йæхионимæ. Заремæ дæр, мæгуырæг, æнæсцухæй æнхъæлмæ каст Мырзабеджы фæзындмæ. Æмæ ныр цæсты фæныкъуылдмæ фыццæгæм уæладзыджы рудзынджы раз фегуырд Мырзабегмæ йæ къухæй цыдæртæ ацамыдта æмæ æрбацыдæр. Цалдæр минуты фæстæ Заремæ худæндзастæй лæууыд ру- дзынджы раз æд сывæллон — йæ цæсгом сырх, йæ фындз дын- джыр, йæ цæстытæ æрдæггом. Заремæ цингæнгæйæ дзуры йæ цардæмбалмæ: — Бынтондæр дæ цæрмæстыгъд бакодта, Мырза. — Лæппу куы фæуыдаид æмæ фæстæмæзæвæтджынты æнгæс дæр куы уыдаид,— бустæхуызæй загъта Мырзабег. — Цы, дам, цы? — Нæ зонын, сыгъдæг чызджытæй, дам, сæ ауагътат,— бынтон нынкъарди Мырзабег.— Адæмы фидистæй мæ бон нал У- — Æмæ та кæмæн ис чызг? — Заремæ йæхи фемраст кодта. — Дæуæн, æндæр кæмæн... Мæнæн дæуæй... — Чи дын загъта? — Чи куы зæгъай, уæд адæм. Хъæуы æндæр кой куы нæ кæнынц, чызг та, дам, сын райгуырд æмæ... — Æдыхст уæнт, уæдæ: лæппу у, лæппу! — Цы??? Куыд загътай?! Ма мæ сай... Æви? — Уый та цы хоныс? Цы дæ сайын, уый дæхицæп баззайæд,— радзырдта йæм Заремæ æмæ сывæллоны абæгънæг кодта.— Гъа, уæдæ йæ дæхи дыууæ цæстæй фен, кæд дæ нæ уырны, уæд,— сывæллоны бæрзонд систа æмæ йæ æвдисы Мырзабегмæ, йæ «цъиу» æм хорз куыд зына, афтæ. Мырзабегæн фырцинæй йæ зæрдæ йæхи риуы къултыл схос- та, йæхицæн бынат нал ардта, йæ дзыхы иыхас нал бадт, цы акæна, уымæ нал арæхст. — Æрра дæ, æви? Суазал уыдзæн! — сбустæ кодта Заремæ- йыл медицинон хо æмæ йын æй айста йæхимæ. Сывæллои цъæхснаг хъæлæсæй ныккуыдта. 74
— Хъусыс æм, дæхи хуызæн хъæргæнаг у! Æппындæр дæ фæсте ницыуал ныууагъта, алцæмæй дæр дæхи халдих бас- гуыхт. Мырзабег æнæдзургæйæ лæууыд, стæй тыххæйты сфæрæзта дзурын: — Омæ уæдæ, чызг та дын райгуырд, зæгъгæ, цæмæи сыхъуыст? — Уæдæ мæм афтæ æрæгмæ дæр уымæн цыдтæ, уымæи? — уайдзæфгæнгæ йæм радзырдта Заремæ.— Хæрзаг та дæ пырх нозтыл калдтай... — Зæххардыстæн, мама куы нæ уыдаид, уæд дæм æз абон дæр не ссыдаин,— басаст ын Мырзабег.— Фæлæ — фырт! Уый... Уый йед у... — Уæдæ тæхгæ æмæ йæм дæхæдæг хæрзæггурæггаг фæу,— загъта Заремæ, æмæ фырцинæй йæ былтæ æхсынæгау акодта, йæ даргъ цæстыхаутыл цины цæссыгтæ æркалд. Мырзабегæн дæр арв æмæ зæхх абоны хуызæп рæсугъд иикуыма уыдысты. Афтæ йæм каст, цыма æнæхъæи дуие дæр уый цинæй райы. 75
БИАЗЫРТЫ Кромвел ИРОН СЫЛГОЙМАГМÆ АГУЫНДÆ Рæсугъд у цады айдæн уддзæфы рæвдыдæй. Рæсугъд у демæ. Рæсугъд у арвы айдæн зæрватыччы лæгъзытæй. Рæсугъд у демæ. Рæсугъд у уаты айдæн хуры гудзиццæй дæуимæ. Рæсугъд у дуне демæ. ЦАРЦИАТЫ АЦЫРУХС Ацырухс адæмæн авдæнæй сæ цин у: Фæрдыг — йæ уынц, хур - йæ цæст, рæзт — йæ цыт,
кад - йæ цыд, фарн — йæ цард, авд - йæ цот. Царцион адæмæн авдæнæй сæ цин у. НÆ ЗÆХХЫЛ... Газалты Зæлинæйæн Дыдын, гæлæбу, туасæн: кæрдæг, дидинæг, къудзитæ, къалиутæ, бæлæстæ, сыфтæр, уддзæф, хæхтæ, ихтæ, рæгътæ, къуыбыртæ, быдыртæ, дон - æрдзы дунетыл æрзылдтæн, æмæ рухс мæ уындыл æрбæстон и æнусмæ. Иунæг дæ уындæй рухс мæ удæй сабузы зæрин. Джиоты Земæйæн Арвæй мæйы тынæй асиныл 77
дæ уæзæгмæ уæздан-уæзданæй уазæг — йæхи æруагъта уалдзæг. Лæууы урс къадзау Леуахийы был дæ хæдзар. Лæппу урс митыл уарзоны номæн рухс нывтæй миты бауагъта уд. Авторы ном хур йæ кæсæнтæй раиртасын фæлвæрдта. Григолты Земæйæн Хур сæумæйæ комы суадонма? ныккасти, æмæ йæ саг йæ комулæфтæй тæфсын кæны хурæн. Исдуг суадонимæ сусу-бусуйæ цыдис. 1 Кæрты мæ зæронд мад, йæ кæрчытæ æмæ йæ гæдыимæ 78
зæрдæфæлмæнæй загъдгæнгæ, згъæлæггаг фæткъуытæ æвзæрста. Дыргъдоны фæззыгон хуры дзæцмæ дзæгъындзæг йæ къæр-къæрæй не ’нцад. Фæззыгон дзæгъындзæг рахизырдыгæй фæсуарыны хабæрттæ сыфтæримæ згъæлста. Мæнгагъуысты аууоны мæнæн мæ зæронд мад нæ сыхы тауыстæ худæг æмхасæнтимæ дзуры. Габоты Аенæйæн Бæргæ, хорз къах, хорз къух, хорз базыр адæймæгтæ — зæхх æмæ арвæй,— куы уаиккой арæх. Уæд æрвылбон кæрæдзи уынд уаид адæмæн æхсызгон. Æз, арв æмæ зæхх ыстæм иу артæй. Иу артæй байуаргæ æмуд рæсугъд æрдхæрдтæ. Саучызгæн 79
Уæздан Беслыхъон, аз азы фæдыл згъордта, згъоры, згъордзæни æмæ дзы зæронд кæндзысты дзаумæттæ, мигæнæнтæ, адæймаджы армæй конд æндæр бирæ цыдæртæ — уыдонимæ ихсийы, фæнда-нæ-фæнда, сæ аразæг. Нæ зæронд кæны æгьдау. Ды дæ æгъдауджын. Уæздан Беслыхъон, зæронды зивæг æмæ гæвзыкк æнусмæ никуы схæцы змæлаг, тæлфаг, архайæг зæрдæйыл, монхæссæг адæймагыл. Ды дæ монхæссæг. Уæздан Беслыхъон, дæ райгуырæн Захъа йæ географион æвæрдмæ гæсгæ авдæныхъæд æййафы Ирыстоны зæххæн, уымæ гæсгæ ды дæ нæ фарны рагъæй рацæугæ ирон сылгоймаг æмæ дæ фæллойæ, удыгъæдæй Ирыстоны фарныл æфтауыс фарн. Уæздан Беслыхъон, фæрнджын у, дæ фæндиаг уæнт дæ къабæзтæ, дæ адæм, дæ Фыдыбæстæ. Æнусмæ лæггад кæнын бауæд дæ бон Ирыстонæн. Бæдоаты Алмæйæн Леуахи, гуылфгæнгæ, былгæроны дойнагдурæн иугæндзон йæ авд цæсгом — йæ авд уды ирдгæимæ иугуырæй агуры. Сайнæг æхсæвы стъалы арвгæроныл фæсиры. 80
Уадидæгæн се ’ргъæмттæ аззадысты зæфц: мæлдзыг мæлдзыгыл зæрдиагæй амбæлди æмæ кæрæдзийыл зæрдæбынæй узæлынц. Лæууыдтæн, кувæгау, мæ зонгуытыл сæ разы. МÆЙДАР Дысон мæй хæфсыты кулы, Нарциссау, йæхи ирдисты амæддаг фæци. Ныр хæфсытæ, æнæцырагъ, аргъæвтой сæ концерт. САХКЪÆВДА Æгæр- æгæр кæны йæ уаг,— йе ’взагыл Козиан Ирæйæн гæр-
гæрæи йæхи мæ рудзынджы авгыд уарзæгау, æргæвды... Мердыгонау, афонмæ ныххуылыдз и фæндагыл, æнæ зонтъæй, йæ рог къабайы мæ уазæг. УАЛДЗÆГ ЛЕУАХИЙЫ БЫЛ Дурты гуппæрттæ, мæлдзгуытау, уырдтау тæлфынц; дурты гуппæрттæ, мæлдзгуытау, уырдтау улæфынц; дурты гуппæрттæ, мæлдзгуытау, уырдтау змæлынц; дурты гуппæрттæ, мæлдзгуытау, уырдтау нæ,— дурты гуппæрттæ, Леуахийы лæппутау, уынынц: 82
хурнайæны хуры чызг йæхи ныннадта, йæ рон ма Леуахийы ’вдулы. Галуанты Людæйæн Сабибонтæй йæ былты байæн амынд,— ныр, йæ армы алгъы бын,— парапет фарны удхосæй улæфы æмæ ’вдисы Леуахи йæ номыл æвзистрагъ теуаты парад. Æртхуроны бæгæныхсидæгау, сылгоймаг зæронд хидыл лæууы. Ды мæ зæрдæмæ цæуыс, цæуыс, цæуыс. Æз дæ зæрдæмæ, сæнттæцæгъдæг, цæуын. Æз дæ зæрдæмæ сындзытыл цæуын, цæуын. 83
* * * Джимиты Фатимæйæъ Къодахыл къодахæй бадын,— нæу рæгъмæхæссинаг мæ ох. Охæй фæллад, иуафон, дæумæ фæкъодахæддæ мæ уд. ИУБОН ЗАГЪТА УЫЦЫ УС МÆНÆН... Уыцы лæг, уыди мæ царды уасы ирдист дæ сурæт. Ныр ацу. Ацу. Скæсæд хур дæ фæрнæй æндæрыл. Ацу. Дæ цытæй æндæрæн Уастырджиуæг кæн. Ацу. Ацы царды мæн нал уырны цыкура. Ацу. Удхæрттыл мæ уд нал фæразы аудын.
Ацу. Скæсæд хур иннæрдыгæй дæ фæрцы. Ацу, туджы ма фæмæц; ацу, тары ма фæцуд. Уыцы лæг, ныр ацу. * * * 1 «Хæрзæхсæв» загътай ды мæнæн. «Хæрзæхсæв» куы уаид а ’хсæв хорз, уæд мах нæ акодтаид хицæн. 2 Хæрзæхсæв у, хæрзæхсæв. Сæуæхсиды саг дæ фынты сызгъæрин талайы бынмæ хизæд. 3 Хæрзæхсæв у, хæрзæхсæв. Фæрныг фынау мæ арфæ 85
хурæй схорз кæнæд дæ фидæн. ФÆСХУРНЫГУЫЛД Стъалыйау æфсургъыл суанг стъалытæм стахтæн. Ме ссыдмæ мæ сæнттæ уæларвон мусы ралæууыдысты симгæ. Кафыд уым мæнæн,— иунæг се ’хсæн,— Дунеон Сылгоймаг семæ. 86
НОГ НÆМТТÆ Ахуыргæнæг Бицъоты Таймуразы фæндæй Дзæуджыхъæуы æвдæм скъолайы уадзын райдыдтой къухфыст журнал «Уадындз». Уый у æхсызгон хабар. Ирон сабитæ цæмæй сæ мадæлон æвзаг, адæмон сфæлдыстад æмæ истори бауарзой, стæй цæмæйлитературон куыстыл фæцалхуой, уымæй ахсджиагдæр хъуыддаг нæй ныртæккæ, уымæн æмæ нæ пацийæн фесæфыпæй пбопæй тæссагдæр никуы уыди. «Уадындз»-ы фыццаг номыр рацыди фарон сентябры. Дæлдæр мыхуыр кæнæм уыцы номырæй ист æрмæг — сабиты фыццаг литературон фæлварæнтæ. Бæргæ, иннæ скъолатæ дæр ацы скъолайы куы бафæзмик- кой æмæ литературон къордтæ куы саразиккой... Бицъоты Æхсар 6-æм кълас ЗÆППАДЗ Мæ фыдæлтæ сты Цъамадæй рацæугæ. Ныртæккæ ма дзы цæры æртæ хæдзары, раздæр та дзы цард æртындæс æмæ фондзыссæдз хæдзары. Цъамад уыд Уæлладжыры комы пымаддæр хъæутæй иу. Йæ цæрджытæ сабыргай фæлыгьдысты быдыры хъæутæм. Иутæ та дзы æрбынат кодтой Зынцъары, Æрыдоны был. Мæ фыдыфыдыфыд Сабан дæр ма райгуырди Цъамады 1897 азы. Уый фæстæ царди Зынцъары. Цъамады чи цард, уыцы мыггæгтæн сæ фылдæрæн уыди мæсгуытæ, зæппæдзтæ. Хъæуы бын райдзаст ран ис Бицъоты мыггаджы зæппадз. Лæууы иунæгæй, у бæрзонд. Йæ дуар дæр бæрзонд. Æз æм мæ бабайы уæхскæй бакастæн. Кæд æдде бакæсгæйæ аив у, уæд мидæгæй афтæ нал у. Фыдгæнджытæ йæ сызмæстой, иæдæр рои, нæдæр дзы хъама баззади, суанг ма сæрыкъуыдыртæй дæр былæй аппæрстой. 87
Цъамады ма уыди нæ мыггаджы мæсыг дæр Цъæйы. Йа бындзæфхад абон дæр ис. ’4 Мæнæ нæ зæппадзы хуызист. Систон æй 28 июны 1998 азь! Джыккайты Олеся, 5-æм кълас РÆСУГЪД АЗÆ Цардысты ус æмæ лæг. Уыди сын фондз фырты æмæ иу чызг Азæ. Бирæ уарзтой мад æмæ фыд сæ чызг Азæйы. Фондз азы йыл сæххæст, афтæ сæм æрбацыди кæлæнгæнæг. Фондз æфсымæры цавддуртæ фестын кодта. Азæйы та йемæ акодта.,' Мад æмæ фыдæн та загъта, уæ чызг та уæм зындзæни дæс азы фæстæ, зæгъгæ. Рацыди дæс азы. Азæ æрбацыд йæ хæдзармæ. Йæ рæсугъдæй дуне фæрайдзаст. Мад æмæ фыд фæногдæр сты. Азæ бацыд йе ’фсымæртæм: йæ рæсугъддзинад бахъардта’ дуртæм. Дуртæ базмæлыдысты, йе ’фсымæртæ райхъал сты, цы уыдысты, уымæй авд хатты хуыздæр фестадысты. Кокайты Людмилæ, 5-æм кълас 88
ДЫККАГ УÆЛАДЗЫДЖЫ ЦÆРÆГ Æз æмæ дада ацыдыстæм цæхæрадонмæ. Уым нын ис дыргьбæлæстæ дæр. Мæ хъустыл цыдæр змæлд æрцыди. Скастæн бæлæсты сæрмæ. Диссæгтæ! Къалиуæй къалиумæ гæппытæгæнгæ ау бæласæй иинæмæ бахизы æхсæрæг. Йæ пух морæ къæдзил иæ фæдыл фæцæйласы. Бирæ йæм фæкастæн. Æхсæрæг разил- базил кæны бæлæсты сæрты. Мах хъуыды дæр нæ кæны. Ца- лыпмæ уым уыдыстæм, уæдмæ зилы, йæ хъуыддæгтæ кæпы, мах дæр хæмпæлгæрдæг тонæм. Афтæ мæм фæкасти, цыма уый уыди дыккаг уæладзыджы, сыгъдæг цъæх уаты, мах та бынæй, цъыф, уымæл зæххыл. Бахæлæг æм кодтон. Рацыдыстæм нæхимæ. Æхсæрæг æцæг Бынатыхицауæй базза- ди нæ цæхæрадоны. Ногаты Георщ 5-æм кълас ДОНЫХЪАЗ Раджы, тыиг раджы мæргътæ иууылдæр уыдысты урс. Иухатт пыллæджыты æрбацæйтахтысты сыит æмæ гæркъæраг — дыууæ къæбæдайы. Сынт фæстæмæ фæкасти гæркъæрагмæ. Уыцы рæстæг йæхи скъуырдта бæласыл, æрхауд быимæ æмæ смидæг тæнæг догъыты боцкъайы. Гæркъæраг дæр йæ фæдыл смидæг уыцы боцкъайы. Гæркъæраг ма бæргæ фæгæпп кодта, атахти хæстæгдæр донмæ, йæхи дзы ахсадта. Йæ гуыбыны ах- уырст ссыди, фæлæ йæ базыртæ, йæ къæдзил сауæй баззадыс- ты. Сыит æгæр афæстиат догъыты æмæ сæпт сауæй баззади. Гæркъæраг рамæсты сынтмæ æмæ йын зæгъы: — Дæу тыххæй ссаутæ стæм! Райдыдтой хыл кæнын. Сæ иу дæр нæ саст. Изæрæй сæм пал уыд æппындæр хъару. Райсомæй дыууæ цъиуы бафидыд- той. Æхсæвыгон райстой ахорæптæ æмæ иннæ мæргъты дæр схъулæттæ кодтой. Æрмæст нæ бавнæлдтой доиыхъазмæ: уадз æмæ, дам, иу маргъ уæддæр баззайа йæхи æрдзои хуызы — урсæй. Уæдæй фæстæмæ мæргътæ сты алыхуызоп, доныхъаз та — Урс. Тлаттаты Замирæ, 5-æм кълас 89
ЗÆДТЫ ЛÆВАР Царди-уыди иу лæппу Ацæмæз. Хæрз чысылæй баззад]| сидзæрæй. Царди лæгæты. Фæндыд æй ныв кæнын, фæлаз йæм пицы æрмæг уыд. Иу æхсæв Ацæмæз бафынæй. Уыцу рæстæг лæгæтмæ уæларвæй æрцыд иуцæстон зæронд лæг| Уый лæппуйы раз æрæвæрдта, нывтæ кæнынæи цы хъуыд! уыдон. * Ацæмæз райхъал æмæ, куы ауыдта йæ разы ахорæнтæ, уæ^ цинæй марди. \ Сныв кодта цъиу. Уый æрæгас æмæ атахти. Лæппу бамбæрс-] та, ахорæнтæм цыдæр уæларвон тых кæй ис, уый. Уæдæй фæстæмæ мæгуыртæн æххуыс кодта. Цы хъуаг уыдысты, уый- иу сныв кодта. Æлдар фехъуыста ацы хабар. Æрфæндыд æй, цæмæй Ацæмæз æрмæст уымæн кодтаид нывтæ. Ацæмæз не сразы æлдары фæндыл, æмæ йæ æлдар бакодта ахæстоны. Скодта хъызт зымæг. Æлдар хъуыды кæны, уæдæ афонмæ уыцы; лæппу æххормаг æмæ уазалæй амарди. Бакаст ахæстоимæ.) Ацæмæз бады пецы фарсмæ æмæ хæры гуылтæ. Æлдар бам-< бæрста хъуыддаг æмæ загъта йæ фæсдзæуинтæн, цæмæй йын байсой йæ ахорæнтæ. Цалыимæ уыдои дуæрттæ кодтой, уæдмæ Ацæмæз асины ныв акодта, сбырыд ыл. Фæсдзæу- интæ дæр асиныл сцæйбырыдысты, фæлæ асин æрбайсæфт. Уый та хæдтæхæг аныв кодта, абадти дзы, стахт уæларвмæ. Дарддæр йæ фæд æрбайсæфти. Хъулаты Лаурæ, 5-æм кълас МАГУСА Мад цыдæртæ архайы пецы фарсмæ, йæ дыууæ чызджы та иниæ уаты чиныджы кæсынц. Мад сæм дзуры: — Рауайут, мæнæ тæбæгътæ ныхсут. Зæлинæ бацыд æмæ йæ мадæн æххуыс кæны. Изæ та йае бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодта. Æрмæст загъта: — Æз ам иæ дæн. Быдырты кафгæ кæнын. Зæлинæ хæринаггæнæн бафснайдта, фæстæмæ раздæхт уатмæ æмæ Изæмæ дзуры: 90
— Æз дæ бæсты дæр къафеттæ бахордтон. — Мæ бæсты та цæмæн? — фæмæсты Изæ. — Мамæ афтæ, цалынмæ, дам, Изæ быдырæй здæха, уæдмæ къафеттæ стайдзысты. Фæлтау сæ ды ахæр. Æз дæр æм байхъуыстон. БУСКАЙЫ ХАБÆРТТÆЙ 1. Уæд дын иу изæр Буска бацыди клубмæ. Ацы хатт дзы хорз кино æвдыстой. Балæвæрдта билеты аргъæн 10 капеччы. Би- леттæуæйгæнæг æм дзуры: — Буска, билет ссæдз капеччы у. Ноджыдæр ма иу уыйбæрц хъæуы. — Уый дыууæ цæстæй чи кæсы, уыдонæн у ссæдз капеччы. Мæнæн та иу цæст йеддæмæ нæй. Дæс капеччы аргъæй дзы фылдæр нæ фендзынæн. 2. Бускайы сыхагæн дæр иу цæст уыд. Иу райсом Буска бацыд йæ сыхагмæ: — Мæ хорз сыхаг Бола, хъуыддаджы фæдыл цæуын Ел- хотмæ. Дæ Хуыцауы хатырæй, ацараз мæ. Æнæ аивæй мæ ма ауадз. Æгас хъæуæн дæр худинаг уыдзæн. — Кæд дæ балц мæнæй аразгæ у, уæд рæвдздæр зæгъ дæ курдиат. — Зоныс мæ, иу цæст йеддæмæ мын нæй. Цалынмæ фæстæмæ цæуон, уæдмæ уал мын дæ цæст авæр. — Æмæ æз та ам бон-изæрмæ куырмæй бадон? — Абон баулæф мæ хардзæй. Æз дæр дæ Æндæр хатт аца- раздзынæн. 3. Бускайы сых сæ хъом радæй фæхизынц. Æрхæццæ хъомгæс ацæуыны рад Бускамæ. Райсомæй рацыди фосы размæ. Йæ сыхаг ус йæ хъуг æрбахæццæ кодта хъæуы кæронмæ æмæ дзуры хъомгæсмæ: — Буска, мæ хур, мæ хъуг ног æлхæд у æмæ-иу æм дæ цæст Дар. Изæры хъом æрбацыдысты. Сыхаджы хъуг нæй. Сылгоймаг дзуры Бускамæ. 91
— Буска, мæ хъуг ам нæй. Æмæ дын фæдзæхсгæ дæр м| куы бакодтон дæ цæст-иу æм фæдар... I — Омæ, хорз ус, мæ иунæг цæст дæ хъугмæ куы дардтаив} уæд иниæ фос та цы фæуыдаиккой? Ныффыста сæ 7-æм скъолайы5-æмкъласы ахуыргæшшагВлхц апаты Сергей йæ папапы пыхæстæй. 92
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАЛ ФОЛЬКЛОР ÆМÆ ЭТНОГРАФИОН ÆРМÆГ Лмæйразмæйы мыхуыргонд æрмæджыты тыххæй куыд за- гътон, афтæ 1950—1966 азты Ирыстоны географион æмæ то- понимикон нæмттæ æмбырд кæнгæйæ, мæ къухы цы æфтыд, уыдонимæ фыстон нæ адæмы этнографион æмæ фольклорон æрмæг дæр, суанг ма хъæлдзæг ныхæстæ, стæй хицæн дзырд тæ ’мæ хъуыдыйæдтæ дæр, иу кæнæ иннæ бынаты, кæнæ пыхасы здæхтыл. Абон дæр та уын уæ размæ хæссын, Мæздæджы, Кировы æмæ Алагиры районты цы æрмæг бафтыд мæ къухы ныффыс- сын, уымæй цасдæр. МÆ ФÆНДОН: ацы æрмæджы гонорар дæттын Респуб- ликæйы сывæллæттырынчындоны фондмæ. Цагъаты Анастасия НÆ ЦÆРÆН БЫНÆТТЫ (ХЪÆУТЫ, ГОРÆТТЫ) ТЫХХÆЙ ХАБÆРТТÆ Алагир. Ныр горæт Алагир кæй хопут, уый раздæр уыди дыууæ хайы — Салыгæрдæи æмæ Хърупс. Уыцы дыууæ сыхæн се ’хсæн уыди, ныр Къостайы уынг кæй хоныпц, уый. Æппæты фыццаг ам æрцарди, Салыгæрдæн кæй хоиынц, уыцы сых. Æрлыгъдысты йæм Уæлладжырæй, тыигдæр Мызурæй. Ам -’ерцардысты уæд Агънатæ, Æмбалтæ, Баскатæ, Габолатæ, Го- ^ымтæ, Датитæ, Дзасохтæ, Зæнджиатæ, Лазартæ, Фардзинтæ, Цихитæ. Уæды рæстæджы ам царди уырысæй æрвыст адæм — Зеленскитæ ^мæ Ждановтæ. Кæд æм лидзын райдыдтой, уый нæ зоныи. Дардлæр. Райдайæн «Мах лулжы» 1995 азы № 11 — 12, 1996 азы № 7; 1997 азы \'" 3; 1998 азы №№ 1, 2, 7 —10, 12; 1999 азы № 1. 93
Хърупсмæ лидзын райдыдтой Октябры революцийы фæстаг! 1925-1927 азты. 1 1929 азы арæзт æрцыд поселок УЗК, ыыр уый дæр горæтæи у. 1947 азы та арæзт æрцыди Цементы завод. | Алагиры техбюройы сæргълæууæг Зæнджиаты Геор\ фырт Гæмæты ныхæстæй йæ Алагиры 1965 азы 14 июпы пькт фыста Цагъаты Аиастасия. \ Бирæгьзæнг. Бирæгъзæнджы ис цалдæр сыхы. а) Фæрвы сых| уыцы сых æвæрд у Æрыдоны доны был. Уым фæрв хъæд зайыз б) Цъæх цады сых; уыцы сых æвæрд у хъæдрæбын. в) Хуыаси æрхы сых. Уыцы сых æвæрд у хъæуæн йæ дæллаг кæрон, сосае| фæндаджы былыл. Æдæппæт хъæуы ис 340 хæдзары. Хъæу дыууæ хайы кæны — Бирæгъзæнг æмæ Ног Бирæгъзæнг. Но^ Бирæгъзæнджы адæм цæрынц ам 1957 азæй нырмæ (майы мæйы æрбалыгъдысты). Иууылдæр туалтæ сты. Уыдон сты сосæ фæндагæн йæ дæллаг фарс. ■ Ныр Бирæгъзæнг æвæрд кæм и, уым фыццаг кæсæг цардыо; ты. Бирæгъзæнгæй раздæр ам быдыры бæстæмæ ничи ралыгъ^ ди. Раздæр æрцардысты Гæнахы (стыр бæрзонд уартæ комь^! мидæгдæр). Стæй Гæнахæй дæлæмæ æрлыгъдысты. Ныр уыць| ран та хонæм Зæронд хъæу. 1905 азы та ардæм ралыгъдыстæм^ Ацы ран та хуынди Агуымыхъæу, ныр хъæу кæуыл æвæрд у,- уыцы зæхх. | Ацы хъæу Гæнахыл (ныр Зæронд хъæу) куы цардысты| уæддæр Бирæгъзæнг хуындысты ’мæ йæ ном йæ уæлæ рахаста ардæм дæр. | Бирæгъзæпджы йæ 85-аздзыд, æпахуыргопд Гапты Ел\ мырзæйы фырт Толлайы пыхæстæй 1965 азы 9 июны пыф\ фыста Цагъаты Анастасия. Зилахар. Хъæу Зилахар уыди уæртæ Црауы комы. 1936 аз , дзы уыд 40 хæдзары. Ныр ма дзы иу хæдзар ис. Уыдон дæр| æрмæст сæрды рæстæджы фæцæрынц уым. Уырдæм æрлыгъдыстæм Хуссар Ирæй, Къозы хъæуæйЗ Зилахары цардысты Æлбортæ, Бæцатæ, Елойтæ, Зассетæ^ Зæнджиатæ, Лæцойтæ, Мецъытæ, Нанитæ, Таймазтæ^ Къалатæ, Тасойтæ, Тедетæ, Хуыгатæ. Стæй уырдыгæй æрлыгъдыстæм Цраумæ. \ 69-аздзыд Къалаты Еседжы фырт Апдрейы пыхæстазА йæ 1965 азы 8 июлы Црауы хъæуы пыффыста Цагъаты АпаС^ - тасия. 94
Дзуарыхъæу. Хохы цардыстæм Дзуарыхъæуы. Уый дзуар- джын бæстæ хуыдтой. Ардæм куы ралыгъдыстæм, уæд нæ хъæуы пом немæ рахастам. Æппæты разæй Куырттаты комæй Дзуарыхъæуæп рад- той зæхх быдыры. Цыдæр дины кусæг хохы Дзуарыхъæуы рæзты цыд æмæ сæ фарста, цы уæ хъæуы, зæгъгæ. Уыдон ып загътой: ницы нæ хъæуы, дæлæ нын комы дымæджы иу гыц- цыл зæхх радтут, æндæр. Уый паддзахмæ куы ацыд, уæд сыи гæххæтт ссыд. Уæлæ хъæды æрдузæй сын иу гыццылтæ рад- той. Уым уæтæртæ дардтам, хуымзæхх та Хъæдгæронæй æххуырстам. 1882 азы гуырд Цопапаты Тотрадзы фырт Лрсæмæджы ныхæстæй йæ 1965 азы 21 июны Дзуарыхъæуы пыффыста Цагъ- аты Анастасия. Црау. Мах уыдыстæм Хъахъхъæдур, Æрыдон, Куйан æмæ Ллагиры временнæйтæ. Не ’ппæтæн дæр ам, ныр Црау кæм и, уым зæхх уыди (къазнайы) зæххæй. Æмæ уæд Дзгойты дыууæ æфсымæры — Тасо æмæ Абаци — временнæйты тæрхонæй Кавказы наместникмæ хъаст балæвæрдтой, цæмæй сын цæрынæн зæхх радтой Хадзымайы кæсæнæй пыр УЗК æвæрд кæуыл ис, уый онг уыцы æрдуз. Чи зоиы, цас ыл фæцархайдтаиккой, фæлæ уыцы дыууæ æфсымæры фæидæй Хадзымайы кæсæны дыууадæс хъæдгæсы уæлæмæ цæуыи пал уагътой. Уалынмæ временнæйтæн зæхх радтой, иыр мæнæ Црауы хъæу кæм и, уым, Црауы донæй Æрыдоны хъæддзау фæндаджы онг. Гуырдзы æмæ уырыс та уæд Ала- гиры цардысты. Искуы-иу иронæй æндæр дзы ирон нæ уыд уæд уым. Цæрæн бынат временнæйтæн радтой 1912 азы уæлæ уæлдæр. 1914 азы та ардæм æрлыгъдыстæм. Æппæты фыццаг æм æрлыгъ- дысты Уæлладжыры æмæ Куырттаты кæмттæй. Уый фæстæ йæм алкæцæйты лидзын байдыдтой. ДжераптыАбанийы фырт Гæстæпы пыхæстæй йæ Црауы пыффыста ЦагъатыАпастасия 1965 азы 10 июпы. Гæстæпрай- гуырди 1891 азы. Фыццагдæр Црауыхæдзар чискодта, уыдопæп иу у Гæстæп. 95
ФОЛЬКЛОР Кодзырты Таймураз Таймураз цуанон уыд. Дыууадæс азы цуаны нал ацыд. Уæ^а æм фыццаг фынафон бадзырдæуыди: «Таймураз, сыст уæлæма Цуаны дæ цæуын хъæуы! Уæлæ Хæрхы сæр Сындзы къохы да сырды хай дæумæ æнхъæлмæ кæсы!» Сыстад æмæ йæ мадæн зæгъы: — Дзыцца, хæрынмæ æнцон чи уа, хæссынмæ — рог, ахæм[ хæринæгтæ мын ракæн! $ Уый йæм дзуры: % — Æнхъæлдæн æмæ мæ зæрондæй æнæ дарæгæй ныууагъ-% тай. Ацал-ауал азы цуаны куы нал ацыдтæ, уæд ныр кæдæл^ цæуыс? > — Нæй, нæй! Уыдæттæй мын ныллæууæн нæй. Цæуын мæ хъæуы. ^ Ракодта йын хæринаг. Йæ хъримаг райста æмæ ацыди Сындзы къохмæ. Уырдыгæй рагæпп ласта æстдæссиои сат;1 Багæрах æй ласта. Фæцæф æй кодта, фæлæ сырд алыгъди| Уæд йæ хъримаг зæххыл ныццавта: дæ бындар фæуай, ацал- ауал азы цуаны фæцыдтæн, æмæ мæ куы никуы фæсайдтай,* уæд^ай куыд у! ’ Йæ тугвæдыл цæуы. Дыгургоммæ бацыди. Донæй ахызтст ’мæ уым сырд акъæртт кодта. Уым дондзаутæ доимæ цæ-§ уынц. Уыдон фæфæдис кодтой, дæлæ, дам, ам ис, кæде агуырдтат, уый. Хъарадзауты хъал фæсивæд рацыдысты йщ размæ ’мæ йæм дзурынц: } — Æмбæлæггаг! | — Æмбæлæггаг ратдзынæн, æрмæст æгъдауæй. Æнæгъда-| уæй нæ. ^ — Хуыйы хъыбыл, уæдæ ма ма ратт! •*! — Уæдæ райдайæм! Уæд схæцыдысты. Йæ бæхæн йæ идон йе ’фцæджы бап-| пæрста ’мæ йæ фæдисы рарвыста Таймураз. Таймуразы уым амардтой. Бæх куы ’рцыди, уæд фæфæдис! сты æмæ йыи йæ мард æрхастой. 1> 1886 азы гуырд, чысыл ахуыргопд зæхкусæг ДзогкатЫ: Бибойы фырт Темысойы пыхæстæй пæ Веселоиы хъæуы 196& азы 9 септябры пыффыста Цагъаты Лпастасия. 96
БОТАСЫ ХАБАР (Æндæр вариант) Ботас уыди Хабæты Тъеры фырт. Уымæн йе ’фсымæр уæ- лыгæс уыд гыццылæй, æмæ йын æй мæхъхъæл амардтой. Ботас загъта, ацы сывæллон чи байсæфта, уый мын æнæ базонгæ нæй, зæгьгæ. Уый тыххæй Ботас йæхи абырæг скодта ’мæ мæхъхъæлы ’взæргæнджытимæ йæхи сбаста. Афтæмæй сæмбæлд, йе ’фсымæ- ры йын чи амардта, уыцы мæхъхъæлоныл. Ботас сын зæгъы, иуах- æмы, цæй-ма, давæг адæм стут, æмæ уæ чи цы тæригъæд бакодта, уый радзурæд. Уæд ын, йе ’фсымæры чи амардта, уый загъта: — Æз амардтон чысыл æнахъом лæппуйы. Уый уæрыччытæ хызта. Æз ын сæ истон æмæ сæ, мæгуыр, уый нæ лæвæрдта. Уæд æй æз амардтон. Уыцы тæригъæд ис мæнмæ. Уæд Ботас скуыдта ’мæ йын афтæ зæгъы, дæ зæрдæ, дам, куыд бакуымдта уыцы чысыл сабимæ хæцæнгарз ныддарын. Уый йын афтæ: — Мæхæдæг дæр уый тæригъæдæй мæхицæй разы нæ дæн. Афтæ фæныхæстæ кодтой, стæй Ботас загъта, ницæуыл фæхæст стæм æмæ мæхъхъæлмæ цæуæм уазæгуаты, зæгъгæ. Æхсæвы уазæгуаты бацыдысты, йе ’фсымæры йын чи амардта, уымæ. Æхсæвы сын сæ бинонты Ботас хъамайæ аргæвста. Йæхæдæг уырдыгæй ралыгъди. Бацыд сæхимæ. Уæд мæхъхъæл пъырыстыфмæ фæхабар кодтой, æмæ уый йæ фæдыл зилын райдыдта. Пъырыстыф хъæуыхицау Хæдзар- æгаты Къæлæуæн бафæдзæхста, Ботасы ахсын хъæуы, зæгъгæ. Ботас æй куы фехъуыста, уæд Къæлæуæн загъта: — Цы кæныс, Къæлæу, æз ме ’фсымæры туг рйстон, æндæр давгæ куы нæ кæнын, уæд мæ цæмæн хъыгдарыс? Куы нал æй уагъта, уæд иуахæмы Ботас Къæхтысæры уæл- был Къæлæуы размæ бабадти. Чидæр фæхабар кодта Къæлæумæ. Къæлæу Хъобанæй цыппар лæджы йемæ акодта, бахæццæ мæ кæнут, Ботас мæ размæ бады æмæ мæ амардзæни, зæгъгæ. Къæхтысæры уæлбылмæ куы ссыдысты, уæд Ботас дзуры: — Раст адæм, иуварс уæхи айсут, æз Хæдзарæгаты Къæлæуæн йæ бон базонын кæнон! Уыдон загътой: — Къæлæу мах уазæг йæхи бакодта, æмæ цыдæриддæр кæнай, уæддæр дын æй нæ ратдзыстæм. Афтæмæй йæ марын нæ бауагътой Ботасæн. Уæддæр Къæлæу зылди Ботасы æрцахсыныл. Ботас бæхыл 7 Махдуг№ 2, 1999 97
бадтис, афтæмæй Бæдтиатæй иу хæдзармæ бацыдис. Пъырысн тыф дæр Дæргъæвсы фæцис, æмæ йæ Къæлæу банымыгъта: уымæн. Уым хæдзарыл æрзылдысты. Ботас йæхæдæг аирвæзти, фæлæ йын йæ бæхы æрцахстой. Ботасæн та уыди Куырттаты комы Дзодзыккатæй рæгъаугæс æрдхорд. Пъырыстыф бæх куы ’рцахста, уæд æй Къæлæумæ радта. Къæлæу та бавдæлдис æмæ бæх Дзодзыккайы-фыртмæ радта, стæй йын загъта: — Ай дын дæс туманы. Уыцы лæг йæ бæх агурдзæн. Ды бавдæл æмæ йæ амар. Ботас йе ’рдхордмæ куы бафтыдис, уæд ын уый радзырдта, йæ бæх хизынмæ уымæ кæй ис, уый. Ботас йæ бæх иста, æмæ йын уый афтæ: — Куыд дын æй радтон, Къæлæу бæх куы агура, уæд ын цы зæгъдзынæн? — Уæд ын зæгъ — адавди йæ. — Æмæ мæ фиддæн агурдзæн æмæ йын цы ратдзынæн? — Уæд дæ фиддæн агурдзæн дæс туманы ’мæ дын мæнæ дæс туманы. Райста Ботасæй дæр йе ’рдхорд дæс туманы. Лæг бафынæй. Йе ’рдхорд ын йæ риуыл топп ныццавта ’мае йæ амардта. Уæлæ, дам, фыййау, уарынæй тæрсгæйæ, зæйуаты фæхызта. Хæдзарæгаты Къæлæу та, Ботасæй тæрсгæйæ, йæ уаты фæмызта. Рæмонаты Хъауырбеджы фырт Дзибоккайы пыхæстæй йæ Ираны хъæуы 1966 азы 14 сентябры ныффыста Цагъаты Анастасия. МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ РУВАС Мæгуыр лæг хъæугæрон царди. Къæбæргæнæг ын нæ уыди ’мæ мæгуырæй царди. Рувас æм бацыд æмæ йын загъта, иумæ бацæрæм, зæгъгæ. Мæгуыр лæгмæ уыди авд карчы. Куы бацардысты иумæ, уæд Рувас загъта, нæ кæрчытæ бахæрæм, зæгъгæ. — Æмæ уыдон куы бахæрæм, уæд ма цы кæндзыстæм? — Уый дæ хъуыддаг нæу, бахæрæм уал сæ. Бахордтой авд карчы. Ныр сæм ницыуал ис. Уæд Рувас куыд ардта, афтæ хаста. Иу бон лæгæн афтæ, усæн дын амал скæнон? Æмæ лæг загъта: мæнæн чи бакомдзæн? Ацыди Рувас æмæ 98
аелдармæ ссыдис. Æлдарæн æртæ хорз чызджы уыди, ’мæ йын загъта: — Дæ чызджы дын хорз курæг ис æмæ ма фæрæди. Уæд ирæдыл систы, ’мæ æлдар загъта: — Кæд алы сырды мыггагæй дæр фондзыссæдзы ссардзæ- пи, уæд ын чызг. Кæд нæ уыдзæни, уæд мæнмæ чызг дæттинаг нæй. Рувас загъта ссардзынæн, зæгъгæ. Йæхæдæг Рувас хъæдты зилын байдыдта æмæ кæуыл æмбæлди сырдæй, уыдонæн дзырд- та: — Агуыры æфсæдтæ æрцæуынц, сæфæм! Кæй бон у, уый æлдары галуанмæ лидзæд æмæ уым æмбæхсæд! Афтæмæй æлдары галуантæ сæ тæккæ дзаг баисты алыхуы- зон сырдæй. Ирæд æртымбыл кодта Рувас. Ныр ныццыди ’мæ мæгуыр лæгæн загъта: — Цæуын хъæуы дæ каистæм. Йæхæдæг быдыртыл зилын байдыдта. Алыхуызон дидин- джытæ æмбырд кодта ’мæ сæ мæгуыр лæджы бызгъуырты тъыс- та. Афтæмæй мæгуыр лæг æрттывдтытæ калгæ араст. Рувас ын бафæдзæхста: æлдары галуанмæ куы схæццæ уай, уæд къаххи- дыл ауайдзынæ ’мæ доны дæхи цæппар, дæ бызгъуыртæ дын куыд аласа, афтæ. Ацыдысты. Лæг доны куы ныххауди, уæд Рувас æлдармæ ссыди ’мæ йын загъта, де сиахс доны ныххаудис, йæ дзауматæ йын дон аласта, æмæ дæлæ доны был бæгънæгæй бады, зæгъгæ. Æлдар ын дзауматæ радта ’мæ сæ рахаста. Лæджы ссыдмæ дзыллæтæ æрæмбырд сты. Уый æлдары хорз дзауматæ куы скодта, уæд йæхимæ æркæс-æркæс кæны. Адæм ыл дис кодтой æмæ сын Рувас афтæ: уымæн йæхи дзауматæ æрттывтытæ калдтой, адон йæ зæрдæмæ нæ цæуынц, æфсæрмы дзы кæны ’мæ уымæн æркæс-æркæс кæны йæхимæ. Ныр чындз хæссын хъæуы. Æлдары уæрдоны рахæссынц чындз. Рувас разæй сæпп-сæпп кæнын байдыдта ’мæ иу авд уæйыгмæ ныххæццæ æмæ сын зæгъы: — Æмбæхсгæут! Уæлæ Агуыры æфсæдтæ адæмы цæгъдгæ æрцæуынц æмæ уæ марынц! Уæйгуытæ хъæмпы рæгъты сæхи бамбæхстой. Рувас сыл арт бандзæрста ’мæ басыгъдысты. Иу ма дзы æрдæгсыгъдтытæй раирвæзт æмæ авд хохы æддæмæ алыгъд. Уæд уæйгуыты галуанты хорз чындзæхсæв скодтой. Лæг æмæ ус цæрын байдыдтой. Рувас-иу куы ’рбацыд, уæд-иу ын стджытæ радтой. 99
Куы нал фæрæзта Рувас, уæд цæуын байдыдта, цæуын бай- дыдта æмæ авд хохы æдде уæйыгмæ бацыд æмæ йын загъта: — Рацу, дæ хæдзармæ! Уым ницæйæгтæ цæры ’мæ сæ расур, Ам цы бадыс?! Уæйыг ыл не ’ууæндыд æмæ нæ куымдта. Уæд ын Рувас афтæ: — Уæдæ рæхыс æз мæ къубалыл бабæтдзынæн, ды та йæ дэе къахыл бабæтт æмæ афтæмæй цом. Æркодта уæйыджы. Се ’рцыдмæ мæгуыр лæг æхсаргард- дауы. Уæйыг уый куы федта, уæд фæтарст æмæ ралыгъд, æмæ Рувасы ныххурх кодта. Афтæмæй мæгуыр лæг авд уæйыджы галуанты цæргæ баз-' зад. Æл бегаты Бехъаны фырт Лззейы ныхæстæй йæ 1966 азы 21 сентябры Заманхъулы ныффыста Цагъаты Лнастасия. АГЪОГЪАЙЫ АРГЪАУ Иу хохы рæбын царди авд æфсымæры. Уыдонæн уыди иу’ хо. Авд æфсымæрæн дæр уыди устытæ. Сæ иунæг хо та бадти уæладзыджы. Уырдæм ын хастой радæй авд чындзы хæринаг. Авд чындзы иу бон бауынаффæ кодтой, хъæбынтæ йын скæнæм æмæ йын хъæбыны хуылфы æнгуырстуан бакæнæм. Бакодтой йын æнгуырстуан хъæбыны. Уыцы бон ын хæринаг æппæты кæстæр чындз схаста. Уый ахордта хъæбын. Йæ хъуыры ныб- бадти æмæ амарди. Загътой авдæй: уæлмæрдмæ йæ ахæссæм æмæ йæ баныгæнæм. Баныгæдтой йæ. Авд æфсымæры куы ’рцы- дысты, уæд чындзытæ загътой, хæринаг ын схастам. Бахордта. Гъер цы фæци, уымæн мах ницыуал зонæм. Къулбадæг ус ацыд æмæ йæ æркъахта. Йæ хæдзармæ йæ æрхаста æмæ йæ къулы ’нцой слæууын кодта. Уæд уæлхæдзар лæппутæ хъулæй хъазыдысты, æмæ ’лдары лæппуйы хъул бынмæ ныххауд. Æмæ дзуры: мæ хъул мын сдæттут. Æмæ йын ус загъта: нæ дын æй сдæтдзынæн, æрхиз дæхæдæг. Æрхызти йæм лæппу ’мæ йæ фæрсы: — Ай дын цавæр у? — Ай у мæ чызг. Ссыди сæхимæ æлдары лæппу ’мæ загъта: къулбадæг усмæ иу чызг федтон æмæ мын æй ракурут. Æрцыдысты ’мæ йын æй ракуырдтой. Куы йæ хастой, уæд къулбадæг ус загъта, æнæ мæхи хуыссæнмæ нæ бахиздзæн æмæ мыи мæхи йемæ ауадзут. 100
Афтæмæй къулбадæг ус йемæ ацыди. Ахастой чындзы. Æмæ йæ куы бахастой, уæд æй къулбадæг ус йæхæдæг хуыссæны æрæвæрдта. Уæд лæппу бацыд йæ уатмæ. Лæппу æрхуыссыд, æмæ йæм куы ницы дзуры, уæд æй ныггуыпп ласта, цы мæрддаг дæ, дзургæ дæр куы нæ кæныс, зæгъгæ. Æмæ æнгуырстуан дзæгъ-дзæгъгæнгæ ратахти хъуырæй. Уæд чызг сулæфыд æмæ дзуры, мæнæ цы бирæ фæхуыссыдтæн, зæгъгæ. Къулбадæг ус ын йæ дзырд куы фехъуыс- та, уæд батахти уатмæ, мæ чызг цы кодта, зæгьгæ. Уæд лæппуйæн чызджы хабæрттæ ракодта къулбадæг ус. Стæй къулбадæг ус ацыд. Йæ авд æфсымæрмæ йын ныццы- ди ’мæ сын сæ хойы хабæрттæ ракодта. Æфсымæртæ ныццы- дысты æлдаратæм сæ хойы фенынмæ. Фæцинтæ йыл кодтой, стæй æнгуырстуан семæ рахастой. Къулбадæг усы та скодтой сæхицæн мад. Ссыдысты сæхимæ. Сæ устыты бафарстой, ацы æнгуырстуан уæ нæ хойæн чи радта, зæгъгæ. Уыдон нæ састыс- ты. Уæд авд усы бæхты къæдзилтыл бабастой. Фæралас-балас сæ кодтой, стæй сæ доны баппæрстой. Фæстæмæ авд лæппуйы устытæ æрхастой æмæ ма абон дæр дзæбæхæй цæрынц. 60-аздзыд æнахуыргонд Мытылаты Дзибойы чызг Сера- фины ныхæстæй йæ 1966 азы 21 сентябры Заманхъулы ныф- фыста Цагъаты Анастасия. ХУЫ ÆМÆ БИРÆГЪ Иу дзæргъ чи уыди, уымæн æртæ хъыбылы уыди. Фæдадтой дзæргъы уæдæ цы уыдаид. Дзæргъ смæллæг. Æмæ хъыбылтæ загътой, нæ мад смæллæг æмæ йæ æддæмæ куы ауадзиккам. Загътой йын: ацу ’мæ уидæгтæ фæкъах, дæхи бабæрæгбонхуыз кæн. Бацин кодта дзæргъ. Рацыди. Ныццыди хъæдмæ. Фæнда- джы былыл уидæгтæ фæкъахта. Йæхи бафсæста. Куы бафсæст, уæд загъта, цон, уæлæ ма уырдæм суайон. Ссыд быдырмæ. Уым къахы, къахы æмæ хизы. Уæд æм бирæгъ хъæдæй кæсы æмæ йæхицæн дзуры, ныр ам сыдæй куы мæлын, сыфтæрæй æндæр дзы куы ницы ис. Цон, æмæ дæлæ быдыры уый цы у, уый фе- нон. Ныццыди ’мæ хуымæ дзуры: — Хуы, цы кусыс? — Мæнæ хизын. — Æнæ бахæргæ дын нæй. 101
— Æмæ мæ цы хæрыс! Мæ сæр — хъæбæр, мæ чъылдым — æвзæр, смаггæнаг, уæд мæ цы хæрыс? — Æнæ бахæргæ дын нæй, сыдæй мæлын. — Уæдæ уæдæмæ афтæ нæ. — Уæдæ куыд? — Æртæ хъыбылы мын ис. Изæры нæм æрцу ’мæ дын уыдонæй иу радтон. — Æмæ цы хуыйнынц дæ хъыбылтæ, куыд дæм бадзур- дзынæн? — Мæ хъыбылтæ хуыйнынц — Фидар, Найфон æмæ Хъæрмыг. Ауагъта хуыйы. Изæры ныццыди хъæумæ. Агуры хуыйы хæдзар, æмæ йæ ничи зоны. Уæд ын иу мæгуыр лæг афтæ зæгъы: — Бирæгъ, цы агурыс? — Хуыйы хæдзар бæргæ агурын æмæ йæ ничи зоны. — Æз дын æй бацамондзынæн. — Гъы, дæ хорзæхæй. — Уæлæ хъæуы уæлæмæ ссу. Бирæ фаджыстæ ’мæ хъæмпытæ кæм уа, уый дын хуыйы хæдзар. Ацыди бирæгъ. Ссардта хæдзар. Дуæрттыл архайы ’мæ уыдон — æхгæд. Уæд ныхъхъæр кодта: — Гъе, Фидар, дæ мад мын хъыбыл загъта ’мæ дуар бакæ- нут! — Нæ дуæрттæ фидар æхгæд! Иу рæстæджы фæстæ та хъæр кæны: — Гъе, Найфон, дæ мад мын хъыбыл загъта ’мæ дуар бакæ- нут! — Æнафон дуар нæ фæкæнæм. Уæд та хъæр кæны: — Гъе, Хъæрмыг, дæ мад мын хъыбыл загъта, ’мæ дуар бак- æнут! — Мах, мæнæ нæ мад нæ астæу, афтæмæй хъармы хуыссæм. Уæд бирæгъ йæ сайд бамбæрста ’мæ мæстæй мæлгæ рацыд. Æлдараты дуæрттыл исты æнхъæл фæцæйцыд. Уыдон куыйтæ йæм рауадысты ’мæ йæ ныттыдтой. Йæ сæры хъæбæр ма баз- зад. Уый та райсом сывæллæттæ лæдзæгыл бакодтой æмæ йæ къулты атылдтой. Уыдонæй цы нæ федтам, æндæр низ нæм ма ’рцæуæд. 88-аздзыд Тотиты Аслæпбеджы фырт Иорамы пыхæстæй йæ Къостайыхъæуы 1966 азы 1 цоябры ныффыста ЦагъатЫ Анастасия. 102
ÆРТÆ ÆФСЫМÆРЫ АРГЪАУ Æртæ æфсымæры уыдис. Æртæ æфсымæрæй хистæр куыс- та, иннæтæ — нæ. Хистæр æппынæдзух куыста æмæ йæм би- нонтæй фæкæсæг нæ уыд. Æфсымæртæй æртæйæн дæр уыди устытæ. Хистæр нæдæр уазæгимæ бадти, нæдæр æнцой кодта. Кæстæр-иу æрбадти уазæгимæ. Уымæн йæ хуыссæн — хуыздæр, йæ хæринаг — адджындæр. Адæм æй фылдæр уарзтой. Астæуккаг-иу гыццыл аххуыс кодта хистæрæн. Уымæн дæр йæ хæринаг — хуыздæр, йæ хуыссæнуат — хуыздæр. Уæд хис- тæры йæ ус нал уагъта, байуарæм, зæгъгæ. Адон мах куы дарæм æмæ ды мæгуырмæ куы ’рцыдтæ, ды куы сæфыс, зæгъгæ. Бай- уæрстой. Тынгдæр кусын байдыдта, тынгдæр фыдæбон бай- дыдта ’мæ мæгуырæй-мæгуырдæр кодта хистæр. Уæд та йын ус загъта: — Ацу ’мæ дæсны бафæрс искуы. Ацыди, ’мæ иу уынгæг комы, иу къæдзæхыл иу фæндагыл арасти æмæ йæм хохы бынæй ратылди сæры къуыдыр: — Ды фæндаг раст, хорз лæг! Лæг фæтарстис, ай циу, цы ме ’намонд æрцыдис. Ай стæг куы у, уæд цы хабар уа, циу! Сæры къуыдыр æм дзуры: — Тæрсгæ ма кæ, мæ фæдыл цу. Араст и лæг. Сæры къуыдыр йæ разæй тулы. Хохы бынмæ бахæццæ сты. Хохы бынæй дуар фегом, æмæ сæры къуыдыр куыддæр бахаудта, афтæ лæг фестад. Уым бинонтæ. Иу уаты хъазт, зард, стыр хъæлдзæг, стыр рæсугъддзинад. Æмхуызон дзаума бинонтыл. Бадис кодта йæхицæн мæгуыр лæг: уæдæ цы уой, адон! Хуымгæнд сын куы нæ и, хъуыддаг сын куы нæ и, уæд ай циу! Мæгуыр лæг бады æргъæвстæй. Æрталынг и. Сцæттæ и æхсæвæр. Ахæм æхсæвæр æмæ йæм бавналын мæгуыр лæг уæндгæ дæр нæ кодта. Алцы хæринаг, алцы нуазинаг. Бакод- той уæттæ æмхуызон. Лæг сæм бахизын æвгъау кодта, ахæм хуыссæнтæ байтыдтой алы адæймагæн дæр хицæнæй. Мæгуыр лæгæн дæр бауат кодтой, сæхицæн куыд бауат кодтой, афтæ. Акодтой йæ чызджытæ уатмæ. Уый сын загъта: ахизут, мæ хуртæ, æз мæхæдæг схуысдзынæн. Рахизын сæ кодта чызджы- ты. Ныр ын йæ уаты къуымы иу ран бызгъуыртæ бавæрдтой. Уаты нæ, фæлæ бызгъуыртыл схуыссыди лæг æд дзаумæттæ, ома, фесафдзынæн сын сæ хуыссæнтæ æмæ бынтон фегад уы- дзынæн, зæгъгæ. Райсом сыстад æмæ загъта: 103
— Цæугæ кæнын. Æмæ йын сæры къуыдырæй лæг загъта: — Ахсæв ма лæуу. Амæй изæрмæ фæныхæстæ кæндзыстæм, Бинонтæн сæ зард дæр фенкъарддæр и, сæ хæринаг дæр февзæрдæр и, сæ алы уынаффæ дæр фæдæлдæр и. Ныхсын æй кæнын кодтой. Бон-изæрмæ йæ ныхæстыл фæдардтой. Æмæ та æхсæвæр сцæттæ. Фæмæгуырдæр и хæринаг фыццаг æхсæвæй. Бинонтæ дæр, сæ хуыссæнтæ дæр фæмæгуыраудæр сты. Æмхуы- зон сæ алы хъуыддаг дæр фæдæлдæр и! Акодтой та йæ чыз- джытæ уатмæ. Æмæ та уæддæр хуыссæнты не схуыссыди. Бызгъуырты куы схуыссыд, уæд æхсæв-бонмæ хъуыды кодта, æвæццæгæн, мæ хæдзармæ кæй нæ ацыдтæн, уый тыххæй фенкъ- ард сты, сæ хуыссæнтæ дæр^ фæмæгуырау сты. Райсомæй та сыстадис. Йæхи ныхсадта æмæ та зæгъы: — Цæугæ кæнын. Æмæ та йын загъта: — Ацы бон ма лæуу, райсом ацæудзынæ. Бинонтæ афтæ фенкъард сты, афтæ ’мæ сæ иуы дзыхæй сыбыртт нал цыди. Ахæм хæринæгтæ скодтой æмæ сæ куыдз нæ бахордтаид. Ахæм хуыссæнтæ бакодтой, ахæм бызгъуыртæ æмхуызонæй æмæ сæ куыдз не схуыссыдаид. Акодтой та йæ уатмæ. Схуыссыди уыцы бызгъуырты. Райсом сыстад æмæ йын загъта: — Гъер дæ ауадздзынæн, гъе. Æз дæн сæры къуыдыр, æмæ дæн фарн дæттæг æмæ амонд дæттæг. Федтай, фыццаг æхсæв нæм куы ’рцыдтæ, уæд райгуырдис уæ кæстæр æфсымæр, æмæ,; мæ бинонтæ цы царды уыдысты, уый дæр уыцы амонд фæци, ’мæ уыцы фарн. Уый фæстæ та федтай дыккаг æхсæв. Уæд райгуырдис уæ астæуккаг æфсымæр. Æмæ уæд мæ бинонтæ цы амонды уыдысты, уый дæр уыцы фарн, уыцы амонд фæци. Гъер æртыккаг æхсæв федтай мæ бинонты. Мæ бинонтæ цы царды уыдысты, ды дæр уыцы æхсæв райгуырдтæ æмæ дæу дæр ахæм^. амонд фæци. Ацу ныр уæхимæ. Дæсны дæр ма фæрс, ’мæ иу; дæр. Ныццу, æмæ де ’фсымæртимæ бацæр, кæд ма уыдон фарнæю фæцæрис. Æмæ ма цы цæрай, уый уыдон фæрцы. Лæг чи у, уый ныццыди, ’мæ йæ устытæ нал уадзынц семæ цæрын. Фæлæ кæстæр æфсымæр загъта: сымах æркæнгæ стут, фæлæ уый мæ мады зæнæг у, æмæ йæ куыд нæ хъуыгдарат, афтæ. Æфсымæры бауагътой, æмæ ма уыдон фæрцы ацардис. 73-аздзыд Дзукъаты Максийы фырт Георгийы пыхæстæй йæ 1966 азы 4 ноябры Тарскæйы хъæуы пыффыста ЦагъатЫ^ Лнастасия. 104
ФЫСЫ ФЫРТ МÆХÆМÆТ Иу лæг æмæ усæн цот нæ уыди. Уыди сæм иунæг фыс. Уыцы фыс лæвæрдта афæдз дыууадæс уæрыччы. Фæстагмæ уымæй схъæздыг сты, цæрынхъом систы. Куы фæдæрдджын сты, уæд лæг бацдзæрста арт йæ мул- кыл, цы сæ кæнын, адон мæн цæмæн хъæуынц, зæгъгæ. Уæд Хуыцау халоны рарвыста: цу æмæ базон, уыцы лæг цæуыл смæсты, йæ мулкыл арт цæмæн бандзæрста. Халон ратахт æмæ кæмдæр хæдмæлыл сæмбæлд. Уый хæрыныл афæстиат æмæ дзы Хуыцау дæр æмæ лæг дæр ферох сты. Ууыл ын Хуыцау загъта: «Абонæй фæстæмæ дæ ном хæдмæлхор фод, адæмæн æнад маргъ фæу!» Стæй уæд Хуыцау рарвыста зæрватыччы. Уый уайтагъд ба- дзырдта лæгмæ, ’мæ йæ фæрсы: — Цæмæн судзыс дæ мулк? — Кæд мын Хуыцау мулк лæвæрдта, уæд мын сæ æвæсмонæй цæуылнæ радта?! Зæрватыкк уайтагъд схæццæ ’мæ радзырдта Хуыцауæн. Хуыцау загъта: «Ацу æмæ йын зæгъ, мауал судз дæ мулк, мæйы бонмæ дын цот уыдзæн». Уыцы æгъдауыл йæ мулк судзын ныууагъта æмæ сæ бахъ- ахъхъæдта. Мæй куы рацыдис, уæд æм æхсæвы бадзырдæуыд: «Лæппу дын райгуырд ’мæ йыл сæвæр ном — Фысы фырт Мæхæмæт. Лæг уыйадыл рацыд æмæ йæ фысы бын раййæфта сызгъæрин цокораджын лæппу. Фыс амарди уыйадыл. Лæппуйы бахаста мидæмæ. Ус æмæ лæг куыд нæ бацин код- таиккой! Лæппу хъомыл кæнын байдыдта. Афтæ тагъд хъомыл кодта ’мæ фондз азмæ дæсаздзыды йас аци. Лæппуйæн иу рæстæджы хъуыддаг кæнын афон æрцыди. Сфæнд ын кодтой бинонтæ æрхæссын. Уæд та сæм æхсæвы бадзырдæуыдис: — Лæппуйæн йе ’мбæлттæ сты фæндагыл, йæхæдæг рац- æуæд! Фыд загъта: — Лæппу, де ’мбæлттæ фæндагыл сты æмæ сæм дæхæдæг ацу. Лæппу араст и. Цас фæцыдаид, чи зоны, фæлæ иу стыр фурды былмæ бахæццæ. Фурды былыл лæууы иу лæг. Фурд ныххуыпп ласы, ’мæ кæсæгтæ хусыл аззайынц. Йæхæдæг хъæр кæны: — Дойныйæ мæлын! Лæппу йыл бадис кодта. Уæд æм лæг дзуры: 105
— Ды ууыл ма дис кæ, фæлæ дæ бахъæудзæн мæ сæр æмæ мæ демæ акæн! — Æз æмбæлттæ куы агурын. Рацу. Æмæ йæ йемæ акодта. Дарддæр ацыдысты. Уым дыууадæс куыройы фыды цы ссад ссадтой, уыдон иу нукмæ калдысты ’мæ сæ иу лæг хордта. Афтæмæй та уый дæр хъæр кодта, сыдæй мæлын, зæгъгæ. Лæппу та ууыл дæр бадис кодта: æз иу тæпп бахæрын нæ фæразын, уый дыууадæс куыройы ссад хæры, уæддæр не ’фсæды. Уæд æм уыцы лæг дзуры: — Дис мыл ма кæ, фæлæ дæ бахъæудзынæн æмæ мæ демæ акæн! Лæппу загъта, æз дæр æмбæлттæ куы агурын, зæгъгæ. Æмæ йæ семæ акодтой. Ныр æртæ баисты. Дарддæр ацыдысты. Иу лæгæн йæ къæхтыл куыройы фыдтæ баст. Тæрхъус ауа- дзы. Дзæбæх дардмæ куы ацæуы, уæд æй асуры æмæ та йæ æрцахсы. Лæппу та кæсы æмæ та йыл куыд нæ бадис кодтаид: мæнæн мæ бон хъæуы фос æрцахсын дæр нæу, уымæн та йæ къæхтыл куыройы фыдтæ баст, афтæмæй та хъæды сырдтæ ахсы! Куы йыл бадис кодта лæппу, уæд та йæм уый дæр дзуры, æмбалæн дын бабæздзынæн æмæ мæ демæ акæн, зæгъгæ. Акод- той йæ семæ. Фæцæуынц, æмæ иу лæг æнцад джихæй лæууы æмæ хъусы дæлзæхмæ. Лæппу йæ фæрсы: — Цæмæ хъусыс уыцы æдзынæг? — Авд хохы æдде дзæбидыртæ хæцынц сыкъайæ. Диссаг у сæ сыкъаты хъæр æмæ уыдонмæ хъусын. Ууыл дæр та лæппу бадис кодта, мах кæрæдзи ныхас тыххæй куы хъусæм, уæд ды та авд хохы æддейæ уыдон хъæр куыд хъусыс, зæгъгæ. Уый йæм дзуры: — Мæ сæр дæ бахъæудзæнис, акæн мæ демæ. Акодтой йæ семæ. Цæуынц. Иу ран иу лæг обауыл лæууы. Ныхъхъавы. Фехсы ’мæ бахуды. Лæппу йæ фæрсы: — Цæуыл худыс? — Уæртæ Фæсхохмæ цуан кæнын. Куы фехсын, уæд сырд ахауы ’мæ ууыл бахудын. Лæппу та ууыл дæр бадис кодта: æз ам хæстæгмæ дæр нæ амарын сырд, ай та Фæсхохмæ цуан кæны! Лæг та йæм дзуры, дис мыл ма кæ, фæлæ дын æмбалæн бабæздзынæн æмæ мæ демæ акæн! Акодтой та уый дæр семæ. Уыцы фондз æмбалы Фысы фырт Мæхæмæты акодтой семæ. Хурныгуылæнырдыгæй фарс цардис иу æлдар. Уымæн уыди рæсугъд чызг. Курæг-иу æм куы бацыдис, уæд-иу дзы 106
æлдар æрдомдта бæлвырд хъуыддæгтæ. Чи-иу сæ нæ баххæст кодта, уымæн-иу йæ сæр алыг кодта ’мæ-иу æй кауы михыл æркодта. Æхсæз лæджы дæр уыцы æлдары хъæуы иу мæгуыр лæгмæ æрфысым кодтой. Уыцы фондз лæджы бамбарын кодтой фы- сымæн афтæ: мах стæм де уазджытæ, ацы лæппу та у би- нонтæ агурæг æмæ йын æлдары чызджы курæм. Лæг чи у, уый лæппумæ куы бакастис, уыцы дзæбæх лæппумæ, уæд йæ зæрдæ барыстис, æлдары хабар зыдта, ’мæ уымæн. Фысым сын загъта: «Ацы лæппу дзæбæх лæппуйы хуызæн у, æмæ ма сфæнд кæнут! Æлдар фыд лæг у. Йæ хъуыддаг ын чи нæ баххæст кæны, ууыл ауæрдгæ нæ кæны». Уазджытæ загътой фысымæн, ацы лæппуйы акæн æлдармæ æмæ йын æй фенын кæн. Цыдæриддæр агура, уый мах ссардзыстæм. Фысым лæппуйы акодта йемæ, æмæ æлдармæ бацыдыс- ты. Фысым æлдарæн рахабар кодта, ай у ме уазæг æмæ йæ хæстæг фæнды демæ, дæ чызджы дын куры. Æлдар фы- сымæн афтæ зæгъы: «Ацы лæппуйы цæмæн æрбакодтай, æвгъау куы у амæн йæ сæр ракæнынæн! Уыцы хатыр ма йын кæнын, æмæ йæ фæстæмæ акæн». Уæд фысым загъта: «Ды йын радзур, дæ хæсы цы æвæрд и, уый. Хъуыддаг йæхи бар уæд». Уæд æлдар радзырдта лæппуйæн афтæ: «Æз мæ чызджы дæттын ахæм адæймагæн, дæ чындзхæсджытæ ма уæнт фон- дзыссæдзæй уæлæмæ. Афтæмæй мæ къухы цы адæм и, уыдонмæ фæдзурдзынæн. Уыдонæй алчи дæр æрхæсдзæн агуйан арахъхъ, æртæ чъирийы, кусарт. Мæхæдæг ар- гæвддзынæн авд галы, авд цæджджинаджы скæндзынæн бæгæны, авд ахæмы та — арахъхъ. Уыдон кæд иу æхсæв æмæ бонмæ бахæрой дæ чындзхæсджытæ, уæд чызг — дæу. Кæннод дæ сæр — къуырд. Дыккагæй уый, æмæ ме ’фсæйнаг галуаны алы фарс акалдзыстæм æвзалы, алы фисыныл дæр дыууадæс куынцгомы дымдзæн. Галуан куы ссырхзынг уа, уæд дын дæ чындзхæсджыты уырдæм бакæндзынæн. Кæд уым æхсæв æмæ бон бафæразой, уæд чызг — дæу. Æртыккагæй афтæ: уыдзæни мæнмæ дæр дугъон, сымахмæ дæр. Арвит- дзыстæм сæ дугъы Фæсхохмæ. Раздæр дзы чи æрхæццæ уа, уый рамбулдзæн». Уыцы æртæ хъуыддаджы куы бамбæрстой, уæд лæппу æмæ фысым сыстадысты ’мæ рацыдысты се ’мбæлттæм. Уыдонæн радзырдтой æлдары ныхæстæ. Уыцы фондз лæджы фæстæмæ фысымы барвыстой æлдармæ ’мæ загътой: «Уыцы хъуыддæгтæ 107
уыдзысты конд. Дæхи райсоммæ цæттæ дар, мах нæ чындзы хæсдзыстæм». Фысым куы бацыди ’мæ йæ уазджыты хабар куы ракодта æлдарæн, уæд æлдар йæ аддæмæ арвыста, цæмæй райсом æрхæсса алчи дæр йæ хардз. Дыккаг бон фынгтæ æрæвæрдтой алы уынджы гæрзæй- гæрзмæ. Æлдар æрбарвыста фысыммæ: «Дæ уазджыты ныр ракæн, цæттæ дæн!» Уазджытæ бацыдысты — æдæппæт æхсæз лæджы сиахсимæ! Æлдар загъта фысым æмæ сиахсæн, æз уын афтæ куы загътон. Фондзыссæдз лæджы, уæд цæй чысылæй æрбацыдыстут, зæгъгæ. «Фаг стæм»,— загътой фысым æмæ сиахс. Фурд иу хуыпп чи кодта, æмæ дыууадæс куыройы ссад иумæ чи хордта, уыдон се ’мбæлттæн хæрыны фаг фынг фæуагътой, иннæтыл уынггай зилгæ ацыдысты æмæ сæ бахордтой хæрдæй, нозтæй. Ууыл æлдары фыццаг загъд ахицæн. Уæд æлдар радта дзырд йæ адæмæн, æфсæн галуан сырх- зынг куыд скæной, афтæ. Уазджыты бакодтой æфсæн галу- анмæ. Галуаны дуармæ та арт сыгъди ’мæ сæ ууылты бахизын хъуыди. Нуазаг лæг чи уыди, уый æппæты разæй бацыди. Мидæмæ сæ бахизын кæуылты хъуыд, ууыл омын байдыдта. Æвзалы ахуыссыд, æмæ лæгтæ бацыдысты. Уыдон агъуысты астæу слæууыдысты. Уый-иу, агъуыст кæм асырх, уым-иу ба- омдта, ’мæ сæ афтæмæй æхсæв æмæ бон аирвæзын кодта. Ныр æртыккаг хъуыддагмæ рахызтысты. Æлдар загъта: «Мæнæй дæр дугъон, сымахæй дæр. Арвитæм сæ фæсхохмæ. Ардæм раздæр чи ’рхæццæ уа, уый рамбулдзæн. Æлдармæ уыдис сылгоймаг дугъон. Сылгоймаг йемæ ахаста нозт, хæринæгтæ. Дугъмæ араст сты уыцы сылгоймаг æмæ, йæ къæхтыл куыройы фыдтæ баст кæмæн уыд, уый. Бацыдысты фæсхохмæ. Æрбадтысты. Ус ын афтæ зæгъы: «Фæрныг ус хæссы, фæлæ мах нæ къæхтæ цæуыл хойæм! Ус лæгæн ана- зын кодта, ’мæ лæг афынæй. Ус фезмæлыдис æмæ згъорын байдыдта. Ныр авд хохы æдде дзæбидырты сыкъайы хъæрмæ чи хъуыста, уый ныхъхъуыста æмæ дзуры: «Нæ хъуыддаг рæвдз нæу! Фæндагыл лæджы къæхты хъæр нæ хъуысы, сылгой- маджы къæхты хъæр йеддæмæ. Уыцы ныхас, авд хохы æддемæ цуан чи кодта, уый куы фехъуыста, уæд уæлхæдзармæ схыз- тис. Акасти æмæ уыны, лæг хуыссы, нуазыны дзаума — йæ нывæрзæн. Лæг ныхъхъавыди. Фехста æмæ лæгаен йæ ныв- æрзæны нозты гарз фæпырх и. Лæг райхъал. Йæ алфам- 108
блаймæ акастис, æмæ ус уым куы нал уыдис, уæд ын йæ хин бамбæрста. Уырдыгæй фезмæлыди. Нозты гарзы саст йæ къухы райста, æмæ ус куыддæр хъæугæронмæ æрбахæццæ, афтæ йæ уым æрбаййæфта. Нозты гарзы саст усы къæбутыл ныццавта. Ус фæсур æмæ ахауди. Лæг йæхæдæг æлдары кæрты балæууыди. Æлдарæн ма цы гæнæн уыди. Йæ чызгмæ цы хай цыди, уый æхсæз лæджы фыццаг скодта. Уыдон араст сты сæ чын- дзимæ лæппуйы хæдзармæ. Сæ фысымæн хæрзбон загътой. Уыцы æмбæлттæй, чи кæм лæууыди, уырдæм-иу куы ’рхæццæ и, уæд-иу загъта, иу хатт ма дыл æмбæлдзынæн, афтæмæй-иу фæдæлзæхх. Фæстагмæ ма семæ баззад, фурды был кæимæ сæмбæлдис, уый. Æмæ йын лæппу загъта: «Ды уæддæр рацу мемæ, иунæгæй куыд бацæуæм нæ хæдзармæ!» Уый йын афтæ: «Ныртæккæ дæ мах бацыд ницæмæн хъæуы. Ацæут уæхимæ. Скæнут чындзæхсæв. Афæдзы бонмæ дын лæппу гуырдзæнис æмæ дæм уæд мах дæр зындзыстæм». Лæппу йæ хæдзармæ бацыди. Мад æмæ йыл фыд фæцин кодтой. Чындзæхсæв скодтой. Афæдзы бонмæ сæ цард арвыс- той рæсугъдæй, дзæбæхæй. Уымæн йæ афæдз куы ’рхæццæ ис, уæдмæ чындз банхъæлцау. Чындзы скъæтмæ акодтой. Ныр уыцы фондз лæджы, уыцы ’хсæв, уыцы кæрты фегуырдысты. Ба- дзырдтой хæдзары хицаумæ: «Лæппу дын райгуырдис æмæ йæ ном — Мæхæмæты фырт Ацæмæз. Райсом адæмæн уыцы ном бамбарын кæн». Чындзæн та уыцы ’хсæв райгуырди лæппу æмæ залиаг кал- мы лæппын. Залиаг калмы лæппын уыцы фондз лæджы семæ рахастой. Лæппу уым баззади. Ныр уыцы æлдар афæдзæй-афæдзмæ цуаны цы бæстæм цыди, залиаг калмы лæппын уыцы бæсты рауагътой. Калм схъомыл. Æлдар та уырдæм бафтыди цуаны. Калм ыл сæмбæлдис æмæ йæ бахордта. Æлдар уыцы чызджы сæраппондæй амардта æртæ фон- дзыссæдз лæджы иу хъуаг, æмæ йын Хуыцау ахæм тæрхон скод- та, уæдæ дæуæн дæ адзал дæхи тугæй æрцæуæд. Æмæ афтæ рауади: калм сæнтысти йæ чызджы хуылфы. Ацæмæз куы рахъомыл и, уæд æм æхсæвы балæвæрдæуыд нымæтын ехс æмæ йын загъдæуыд: «Ацу æлдары кæртмæ. Уым алы кауы михыл дæр цы стæгдар и, уый дæр цæв æмæ дзур: цы уыдыстут, уый фестут фæстæмæ». Ацыди Ацæмæз. Куыд ын бафæдзæхстæуыд, афтæ бакодта. Алчи райгас æмæ йæ фæрныг хæдзармæ араст. 109
Фысы фырт Мæхæмæт, йæ ус æмæ сæ цот абон дæр , дзæбæхæй цæрынц. 68-аздзыд Гутнаты Хъасболаты фырт Микъалайы (Но- гийы) ныхæстæй йæ Хæтæлдоны 1965 азы 18 июны ныффыста Цагъаты Анастасия. ГÆДЫ ЛÆГ Раджыма-раджы æртæ æфсымæры царди. Æмæ сæм уыди æвзист фынг. Уæрзтой йæ æмæ йыл нæ фидыдтой. Иу дæр ын йæ тъæпæн агуырдта, иннæ дæр ын йæ тъæпæн агуырдта. Иу раст лæг сыл æрбафтыди сæ быцæугæнгæйæ. Фæрсы сæ, цæуыл быцæу кæнут, зæгъгæ. Мæнæ, дам, нæм иу фынг ис æмæ йыл нæ фидауæм. Иу дæр нæ йæ тъæпæн агуры, иннæ дæр. «Уый мæ бар уадзут, æз уæ бафидауын кæндзынæн. Æцæг ныхæстæ æмæ мæ гæды ныхæстæй дæр фылдæр чи бафсада, уымæн фынгæн йæ тъæпæн дæр æмæ йæ къæхтæ дæр. Иннæмæн йе рагъæй гæрз суадздзынæн, афтæмæй йæ арвитдзынæн». Сразы сты. Уæд ын ныхæстæ фæкодта хистæр. Йæ зæрдæмæ нæ фæцы- дысты, ’мæ йын йе рагъæй гæрз суагъта. Дыккагæн дæр афтæ. Æртыккаг райдыдта уæд ныхæстæ: «Махмæ уыди фондзыссæдз фысы æмæ сæ Хъæриуы дардтам. Уым æхсыр дыгътам, ’мæ йæ нæ мад Лæцы фæрсыгъта. Хъæриуæй Лæцмæ нуктæ сарæзтам æмæ ууылты æхсыр цыди. Нучы бирæгъы лæппын ауади æмæ сасиры хуынчъы агæпп ласта ’мæ цыхты смидæг. Уыцы цыхтæй хосдзаутæн уæливыхтæ скодтой. Уæливыхтæ куы хордтой, уæд бирæгъы лæппын алиуырдта ’мæ уæртæ фæлидзы! Цæвæг ыл фехстон, æмæ йæ хъæлæсы ныссагъди. Фæстейы йыл ха- ламæрзæн фехстон. Уый йæ сыдзы нынныхсти. Мæ разæй кæрдгæ, фæсте — ссивгæ æмæ фондзыссæдз мæкъуылы аца- мадтон. Цæмæй сæ æрбамбырд кодтаин, уый нæ уыди ’мæ за- гътон, цон Дыдаитæм дыууæ схъæлдымæг уасæджы ис æмæ сæ гъе уыдонæй æрбамбырд кæнон. Уæд Атынæгæй Кæхцгæнæны астæу бæстæ ныйих, ныддæвдæг, æмæ мæ фос дойныйæ мар- дысты. Цон, æмæ сæ Тыкуйы цъыфмæ фескъæрон дон нуа- зынмæ. Æмæ — гъе-и-и! — æмæ сын цæмæй бадарон, уый куы нæ и! Афтæмæй мæ сæры фарс æркъуырдтон. Къус дзы акод- тон æмæ фондзыссæдз фысы донæй афсæстон. Уырдыгæй араст дæн æмæ дыууæ бæласыл сæмбæлдтæн, æмæ сæ иуыл — 110
дыргътæ. Ай-ма ратонон, ай-ма ратононæй Хуыцаумæ схæццæ дæн. Иннæ бæласыл — мæга. Уый ныггæрах ластон æмæ дзы дыууадæс æмыр тæсчъы фиу ратылди. Мæ иу æрчъи дзы ай- сæрстон, иннæйы фаг нал сси, æмæ мын Елхотмæ тæргай алыгъ- ди. Уым Кодзыртæн æххуырсты най тардта Æрчъи. Цон æмæ, зæгъын, мæ мызд райсон. Пут æмæ æрдæг еуу райстон. Терчы рауадтæн. Уым мын фæкъул æмæ акалди. Æз карчы цъиутæ æрбамбырд кодтон. Уыдон мын мæ еуу рауыгътой æмæ нæхимæ сфардæг дæн». Уæд ын раст лæг загъта: «Хуыцауы хатыр бакæн, фынгæн йæ тъæпæн дæр дæу фæуæд, йæ къæхтæ дæр æмæ мау- ал дзур!» 72-аздзыд, æиахуыргонд Цопанаты Дзаммырзы чызгНа- дяйы ныхæстæй йæ 1965 азы 21 июны Дзуарыхъæуы ныффыс- та Цагъаты Анастасия. КÆМÆН ÆМБÆЛД ЧЫЗГ? Хурыскæсæны уыд иу æлдар. Иннæ та уыди Хурныгуылæ- ны. Уыдон скодтой æрдхæрдтæ. Хурыскæсæны æлдарæн уыди æртæ лæппуйы. Иннæмæн та уыд иунæг чызг. Лæппутæ схъомыл сты. Дыууæ æлдары кæрæдзимæ цыдысты. Иу ахæмы лæппуты зæрды æрæфтыди, нæ фыды аррдхорды бабæрæг кæнæм, зæгъгæ. Ныццыдысты йæм æртæ лæппуйы иухуызон арæзтæй. Куы ныххæццæ сты, уæд сæ хорз бауазæг кодтой. Хистæры æрфæндыди: бинонтæн мæ куы уаид ацы дзæбæх чызг. Кæстæры дæр афтæ æрфæндыди. Æртыккаджы дæр афтæ. Ныр кæрæдзийæн нæ хъæр кæнынц. Фесты уазæгуаты сæ фыды æрдхордмæ. Цас æм фесты, Иунæг Хуыцау зоны æмæ æрбацыдысты сæхимæ. Фыдмæ нæ уæндынц, фæлæ сæ мад фæрсы: «Гъы, куыд уыди уæ фыды æрдхорд?» Загътой: «Тынг хорз уыди, тынг ныл фæцин код- той». Æмæ хистæр афтæ, фæнды мæ, бинонтæн мæ куы уаид мæ фыды æрдхорды чызг. Ныр сæ сæ мад хабæрттæй фæрсы æмæ æртæйы фæндон дæр бамбæрста. Куы æризæр æмæ æлдар йæ уаты куы ’рхуыссыди, уæд усы фæрсы: «Гъы, цы зæгъынц дæ фырттæ ме ’рдхордæй, куыд сæм фæкасти?» «Хорз сæ сбуц кодта. Фæлæ се ’ппæты дæр афтæ фæнды»,— бамбарын кодта мад. Фыдæн хъыг кæй уыди, уый бамбæрста Хурыскæсæны æлдар æмæ йын загьта: «Ма йыл хъыг ///
кæн. Ма сæм мæсты кæн. Фæлæ райсом куы сыстæм, уæд ма-иу мæ цурмæ рарвит æртæйы дæр». Райсом дыууæ ’лдары куы сыстадысты, уæд сæхи цæхсад- той. Аходæн скодтой æмæ сæ дуæрттæм рацыдысты. Хурны- гуылæны æлдар загъта, дæ фыртты-ма рарвит ардæм, зæгъгæ. Фыд бацыд æмæ сын загъта, дæлæ уæм дуармæ дзуры ме ’рдхорд, зæгъгæ. Бацыдысты йæм æртæйæ дæр æмæ æрлæу- уыдысты йæ размæ. Æмæ сын загъта афтæ: «Лæппутæ, кæй уæ растауон, кæй уæ бафауон, иу мад иу фыды фырттæ стут!» Систа æртæ мины ’мæ сын фæйнæ мин сомы радта. Æмæ сын загъта: «Гъер уæ чи цы хуыздæр сараза, уымæ кæсдзынæн». Ацыдысты æртæ дæр иумæ. Дард кæдæмдæр иу горæтмæ бафтыдысты. Уым зилын байдыдтой æмæ иу ран ссардтой сызгъæрин къус. Æлхæдтой йæ, æмæ сын йæ хицау загъта, кæнын æй мин сомы, зæгъгæ. «Æмæ йæм цы миниуæг ис, уыцы зынаргъ цæмæн у?» «Кæцыдæр рынчын йæ уд иса, уый уыцы къусæй дон куы баназа, уæд адзæбæх уыдзæн». Уыцы къус хистæр балхæдта. Стæй та зилын байдыдтой æмæ ссардтой гауыз. Æлхæдтой та йæ ’мæ фæрсынц, цас æй кæныс, зæгъгæ. «Мин сомы» «Æмæ йæм цы миниуæг ис?» Æрбад ыл æмæ кæдæмдæриддæр зæгъай, уырдæм дæ ахæсдзæн цæсты ныкъуылдмæ». Балхæдта йæ астæуккаг лæппу. Стæй та зилын байдыдтой æмæ ссардтой арвайдæн. Фæрсынц та, цас æй кæныс, зæгъгæ. «Мин сомы». «Æмæ йæм цы миниуæг ис?» «Ацы кæсæн дуры гуыбынмæ дæр уыны». Балхæдта йæ кæстæр. Гауызыл абадтысты ’мæ сæхимæ ссы- дысты. Дыууæ ’лдары схуыссыдысты, фæлæ ма мад бадти. Мадæн радзырдтой, цы базар бакодтой, уый. Райсомæй куы сбон, уæд дыууæ ’лдары фæрсынц: «Лæппутæ сыстадысты?» «Сыстадысты». «Æмæ цы бакодтой?» «Уæртæ цыдæр хæзнатæ балхæдтой». Уæд сын чызджы фыд афтæ, рахæссут-ма, цытæ балхæдтат, мах сæ фенæм, зæгъгæ. Рахастой сæ æмæ сын сæ сæ цуры æрæвæрдтой. Чызджы фыд, кæсæнæй нæхимæ акæсон, зæгъгæ, загъта. Сæхимæ кæсы, æмæ йæ чызг йæ тæккæ удисгæйæ уыди. Мад йæ нывæрзæн бады æмæ æрдиаг кæны. Уæд, цæмæйдæриддæр, гауызыл абадтысты дыууæ ’лдары, æртæ лæппуйы. Сæ къус семæ айстой. Ныххæццæ сты. Уыцы къусæй йын дон авæрдтой æмæ, чызг цы уыд, авд ахæмы дзæбæхдæрæй агæпп ласта. 112
Ныр дзы чызг кæцыйæн æмбæлди? Æнæ сæ иуæй дæр чызг нæ фервæзтаид, æмæ сын уæд хойæ баззади. Цопанаты Тотрадзы фырт Арсæмæджы ныхæстæй йæ 1965 азы 21 июны Дзуарыхъæуы ныффыста Цагъаты Апаста- сия. ЧИ ЦЫ ФЕДТА? Раджы цуанонтæ иу фондзыссæдзæй æрæмбырд сты, цом æмæ кæрæдзи базонæм, зæгъгæ. Æрæмбырд сты иу хъæуы. Уырдыгæй ацыдысты райсомæй цуаны. Ацыдысты уыцы сæдæ лæджы ’мæ иу сырды къах дæр не ссардтой. Æрцыдысты ’мæ сын сæ фысым кусарт акодта. Цалынмæ бадтысты, уæдмæ ныхас кæнынц æмæ зæгъынц, йарæппын, уæдæ Сау хохмæ куы бацыдыстæм æмæ Сау хохы дæр куы ницы ссардтам! Уæд куыд? Цæй æмæ кæрæдзийæн радзурæм, цуаны диссагдæр чи цы федта, уый. Уæд сæ иу дзуры, æз ахæм цау федтон: «Цуаны уыдтæн Сау хохы æмæ иунæг тæрхъусыл сæмбæлдтæн раст хъæды кæрон. Тæрхъус мæ фæрсты алыгъд, афтæмæй хъæды кæронмæ æрцыдтæн, æмæ цыдæр хъуынджын æндæрг уынын. Фехстон æй, æмæ фæцæф и. Йæ тугвæдыл цæу- ын байдыдтон, æмæ-иу лæгæтмæ бацыдис. Уым ын лыстæн арæзт. Хъæдын цырагъ дзы сыгъди. Йæ сыл дыууæ лæппынимæ къонайыл бадти. Дыууæ лæппыны дæр уыдысты хъуынджын, фыды хуызæн. Ныр кæй фехстон, уымæн дзала йæ быны конд. Уым хуыс- сы æмæ хъæрзы. Дуар конд уыди æмæ нæ уæндыдтæн мидæмæ бацæуын. Цуанон лæг кæм лæууы, æмæ та йæ фехстон йæ хуыссæнмæ. Амардтон æй. Бахызтæн мидæмæ. Сылгоймаг ра- зынд ирон сылгоймаг. Хатыртæ дзы ракуырдтон, æмæ йæ фæрсын: «Уæртæ чи хуыссыд, уый дын чи уыд?» «Уый уыди нæ лæг». «Хатыр дæ курын, кæй йæ амардтон, уый тыххæй! Мæхицæн дзы тарстæн, уый йеддæмæ йæ нæ амардтаин. Ба- фарстон та йæ: «Адон та дын цы сты?» «Уыдон мæ лæппутæ сты. Кæй амардтай, уымæй мын райгуырдысты». «Ардæм дæ цы Хуыцау æрхаста?» «Цы Хуыцау мæ æрхаста! Сабатизæры куы ацыдтæн, уæд изæр уыд, æмæ, æххæст род дæр ма мемæ атæрон, зæгъгæ, ацыдтæн быдырмæ. Ме ’мбал устытæ ацыдыс- ты хъæумæ. Æз родмæ куыд ацыдтæн, афтæ ацы хъуынджын лæг кæцæйдæр фегуырд æмæ мæ йе ’ккой акодта æмæ мæ раст ^ Махдуг№ 2, 1999 113
ацы лæгæтмæ æрбахаста». «Цы бæсты цардтæ, уый мын зæгъын дæ бон у?» «Бæстæн дæр ницыуал зонын, афтæ сдзæгъæл дæн». «Æз цуанон дæн. Æз дæ сæмбæлын кæндзынæн, кæдæм дае фæнды, уырдæм». Сыл загъта: «Нал фæцæудзынæн æз ардыгæй. Иунæг Хуы- цау мын ацы дыууæ сывæллоны рацæуын кодта, æмæ æз адон дзæгъæл нæ ныууадздзынæн. Адон хъæумæ бакæнынмæ нæ бæззынц». Уыцы хабар радзырдта цуанон йе ’мбæлттæн. 75-аздзыд, æнахуыргонд зæхкусæг Токаты Сосейы фырт Бысаны ныхæстæй йæ 1966 азы 19 сентябры Комсомольскы хъæуы ныффыста Цагъаты Лнастасия. 114
УИДÆГТÆ АГЪНАТЫ Æхсар НÆ РАГОН ФЫДÆЛТЫ НÆМТТÆ АРИА Ныртæккæ бынтон бæлвырд нæма у, ариаг адæм (кæнæ адæмтæ) кæм сæвзæрдысты ’мæ кæм цардысты, уый. Бирæ алы- хуызон гипотезæтæ ис уый тыххæй. Академик Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ ариаг адæмтæ незаманты цардысты Сау æмæ Азовы денджызы цæгатварс, хурыскæсæны, хæццæ кодтой су- анг Сыбырмæ. Васо æмæ йе ’мхуызон хъуыдыгæнджытæ зæгъынц: ариаг адæмтæ цы адæмтимæ ’мбæлдысты, уыдонæй уыдысты угро-финнаг æвзæгтыл дзурджытæ. Угро-финнаг æвзæгты баззад бирæ алыхуызон дзырдтæ ариаг адæмтæй. Сæ егъаудæр у Волгæйы рагон ном. Птоломей йæ ныффыста ахæм фонетикон хуызы — Ра. Ра абарæн ис рагон индийаг (ведийаг) дзырд Расаимæ, авестæйагРангъаимæ, афтæ, дам, хуынди цыдæр «мификон цæугæдон». Ома Ригведæ ’мæ Авестæ куы фыстой, уæд индиаг æмæ ирайнаг адæмтæ Волгæйæ дард цардысты æмæ хорз нал хъуыды кодтой сæ цæрæнуаты цæугæдон, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой: мификон цæугæдон. Нæ эрæйы размæ æртыккаг мин азы дыккаг æмбисы индоев- ропæйаг адæмтæ кæрæдзийæ хицæнтæ кæнын байдыдтой. Дык- каг мин азы фыццаг æмбисы фæдих сты дыууæ къабузыл: рагон ирайнаг æмæ рагон индиаг. Рагон индиаг адæмтæ ныууагътой Европæйы сæ уæзæг æмæ алыгъдысты ныры Индостанмæ. Иннæ ариаг адæмты хай баззад цæргæйæ сæ райгуырæн бæстæйы. Нæ эрæйы размæ дыккаг мин азы кæрон æмæ фыццаг мин азы райдайæны ирайнаг адæмтæ рахицæн сты дыууæ къордыл: 1) киммериаг — скифаг (ацы къордмæ хауынц рагон согъдаг, рагон бактриаг æмæ æндæр знæмтæ); 2) мидиаг æмæ персайнаг адæмты фыдæлтæ (адон ахызтысты Кавказы хæхты сæрты æмæ æрæнцадысты ныры Ираны быдырты). 115
Афтæмæй сæвзæрдысты дыууæ стыр ирайнаг ареалы: 1) Цæгатаг (Хуссар-Хурыскæсæн Европæйы æмæ Астæуккаг Азийы); 2) Хуссайраг (Хъаспийы денджызы æмæ Персы дон- бакæлæны æхсæн). Ног эрæйы агъоммæ фыццаг мин азы фыццаг æмбисыл скифтæй иу стыр хай — сакты фыдæлтæ — сыстадысты ариаг адæмты уæзæгæй æмæ ацыдысты дард Хурыскæсæнмæ, суанг Китайы арæнтæм. Уыцы рæстæджы, кæнæ та раздæр, Астæук- каг Азийы æрбынат кодтой бактриаг, согъдаг æмæ æндæр ари- аг знæмтæ. Скифаг знæмтæй раздæр Астæуккаг Азимæ чи алыгъд, уыдонæй иу хай фæстæмæ æрбаздæхт Хуссар Уæрæсейы бы- дыртæм. Уыцы скифтæ тых кæнын байдыдтой, ам чи баззад, уыцы хæстæджытыл — киммериæгтыл — æмæ сæ атардтой Хæстæг Хурыскæсæнмæ. Астæуккаг Азийы æмæ йæм хæстæг цы быдыртæ уыд, уымы- ты цæрджытæ сарæзтой диссаджы гимнтæ. Уыцы гимнтæ хо- нынц Авестæ. Авестæ ныффысджытæ сæхи хуыдтой ариаг. Ра- гон бердзенаг историк Геродот фыста, зæгъгæ, мидиаг адæм сæхи хуыдтой ари1. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй индиаг æмæ ирай- наг знæмтæ незаманты хуындысты иу номæй — ариæгтæ. Персаг æмæ скифаг адæмыхæттытæ сæхи ариаг адæмтыл кæй нымадтой, уымæн ис бирæ историон æвдисæнтæ. Æркæсдзыстæм дзы цалдæрмæ. Рагон персаг паддзах Дарий I (царди ног эрæйы агъоммæ 522 — 486 азты) йæхи тыххæй мæнæ ахæм фыстæг ныууагъ- та къæдзæхыл: адам дариавахуш, хшаиасса хшаиасиианам, виштаспхиа пусра хахаманишиа парса парсахиа пусра арина арииачисра. Тæлмац æй кæнæм дзырдæй-дзырдмæ: «Æз, Да- риавахуш, стыр паддзæхты паддзах, Ишитаспы фырт, Ахе- менидтæй, персаг, персаджы фырт, ариаг, ариæгтæй равзæргæ». Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ рагон персаг ном Дарайава- хуш бердзенаг фысджытæ фæцыбыр кодтой, æмæ уыдон æвзагæй историйы баззад Дарий, зæгъгæ. Скифтæм уыд иу знæм, хуынди Ализон, ома ариазан, ныртæккæ йæ зæгъиккам — ариаг гуырд — ариаг адæм2. Сæрмæттæй дæр иу знæм йæхи хуыдта Ара, Ари, зæгъгæ, уыди адæмы ном Астæуккаг Азийы дæр. Этноним ари рагон адæмтæм тынг кадджын уыди. Ацы эт- ноним арæх æмбæлы скифаг, персаг æмæ æндæр индоирайнаг 116
адæмты нæмтты. Зæгъæм, рагон персаг паддзах Дарийæн йæ фыдæлтæй иу хуынди Арийрамна. Ариант Ариапайса, Ариа- фарна, Александр (ариа-хшатра), Ариаратгъа. Уыдон та сты скифаг паддзæхты нæмттæ. Географион ном Ариана фыццаджыдæр ныффыста бердзе- наг географ Эратосфен — царди зæронд нымадæй 276—194 азты. Уый афтæ схуыдта, Индийæ Месопотамийы ’хсæн цы зæххытæ уыди, уыдон. Абайты Васо куыд раиртæста, афтæмæй рагон адæмы ном ариа амыдта арв, дзырды бындур, дам, уыди ар, уымæ гæсгæ, дам, сæхи хуыдтой æрвон адæм. Ном ариа бынтон бæлвырд нæма сси, уымæ гæсгæ йæ ах- уыргæндтæ æмбарын кæнынц алыхуызон. Зæгъæм, дыууæ томæй арæзт «Энциклопедический словарь»-ы 1 томы (М., 1963) 65 фарсыл фыст ис: арии обозначало «полноправных» людей. Ари-йæ равзæрд паддзахады ном Иран, æвзæгты къорды ном, адæмы ном Ир, ирон, Ирыстон. СКИФ , Советон ахуыргонд М. И. Артамонов йæ чиныг «Кимме- рийцы и скифы»-йы (Ленинград, 1974 аз) куыд фыссы, афтæмæй фыццаджыдæр адæмы ном скиф фæзынд ассирийаг фыстыты Чырыстийы р>айгуырды размæ 7-æм æнусы 70 азты, Ишкузай, зæгъгæ, ахæм фонетикон хуызы. Вавилоны адæм дæр зыдтой скифты æмæ сæ уыдон дæр хуыдтой ишкузай. Уыцы фыстытæ куыд дзурынц, афтæмæй скифтæ сæ хæстон разамонæг Ишпа- каимæ бырстой Ассирийы паддзахадмæ. Мах эрæйы размæ 673 азы хæст йæ тæккæ тæмæнмæ куы бахæццæ, уæд скифты æлдар Ишпакай мард фæци. Йæ фырт Бартатуа (бердзентæ йæ хуыд- той Партатуа, Геродот та — Протони) хæст баурæдта æмæ ассириаг разамонджытимæ бафидыдта. Скифтæ æмæ ассириаг адæмты ’хсæн цæмæй лымæндзинад фидардæр уыдаид, уый фæдыл сæ паддзах Асаргадон йæ чызджы моймæ арвыста Бар- татуамæ. Уый фæстæ ассириаг фыстыты Бартатуайы хуыдтой Ишкузайты паддзах. Историктæ сбæлвырд кодтой: скифты ’фсæдтæ Хæстæг Ху- рыскæсæны фесты 28 азы æмæ фæстæмæ раздæхтысты 625 азы Дербенты æфцæгыл сæ цæрæн быдыртæм — Азовы æмæ Сау денджызы цæгатвæрстæм. Уыцы заманты фæзынди этноним скиф бердзенаг фыстыты дæр. Незаманты скифты кой дардмæ айхъуысын кодта Геродот. 117
Геродот уыди стыр ахуыргонд. Адæмты цард феныны тыххæй æнæзивæгæй балцы цыди дард бæстæтæм. Ныффыста фараст чиныджы алы адæмты тыххæй, схуыдта сæ «Истори». Уыцы чингуытæй цыппæрæм фыст у сæрмагондæй скифты тыххæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Геродоты чиныг æнцон кæсæн кæй у, автор цы федта æмæ цы фехъуыста йæхæдæг, уыдон фыссы афтæ: «Мæхæдæг федтон», « мæхæдæг фехъуыстон», «уыцы радзырдыл æууæндæн ис, уыцы хабарыл та нæ». Геродот фыста, йæ рæстæджы цы географион æмæ этнони- мон нæмттæ уыд, ахæмтæ... Ныртæккæ уыдон æнцон æмбарæн нал сты, уымæн æмæ уыцы рæстæджы знæмтæ æмæ бынæттон нæмттæ кæнæ сæфгæ фæкодтой, кæнæ та æндæр нæмттæй ивд æрцыдысты. Геродоты рæстæджы скифты ном дардыл айхъуысти сæ хæстон арæхст æмæ сæ культурæйы фæрцы, ныры ахуыргонд адæм «Сырдты æрмдзæф», зæгьгæ, кæй схуыдтой, уымæй. Бирæ бæлццæттæ диссагæн дзырдтой, Афинты, бердзенты сæйраг са- хары скифты цард æмæ æгъдæутты тыххæй. Уæд Геродот сфæнд кодта йæхи цæстæй уыцы æмбисондæн хæссинаг скифты фе- нын. Фæндзæм æнусы 60—50 азты (ног эрæйы размæ) уыцы са- хары æрбынат кодта Геродот. Æмæ фыццаг бонты цымыдисæй касти, скифаг барджытæ Ольвийы уынгты бæхтыл куыд хъазы- дысты, уымæ. Æрмæст Геродот нæ, фæлæ ма иннæ рагон бер- дзенаг æмæ ромаг фысджытæ дæр куыд хъусын кæнынц, афтæмæй скифты хъæздгуытæ æмæ уæздæттæ чындзытæ хас- той бердзенаг æмæ ромаг адæмтæй. Стæй сæ цоты æрвыстой уыцы бæстæты скъолатæм. Афтæмæй скифтæм рахъомыл зындгонд философтæ, поэттæ æмæ оратортæ. Се ’ппæт абон нæма рабæрæг сты, фæлæ бердзенты рагон стыр философтæ æмæ поэттæ сæрыстырæй се ’мбæлттыл нымайынц скифаг лæгтæ Анахарсис, Абарис, Токсарис, Скил æмæ иннæты. Кæй зæгъын æй хъæуы, Ольвийы дæр уыдаид скифаг ах- уыргæндтæ, Геродот уыдонимæ ныхас кодтаид. Скифаг лæг Тимн сын сæ хабæрттæ бæлвырдæй кæй кодта, уый тыххæй фыссы Геродот йæ мысинæгты. Скифты равзæрды тыххæй ныф- фыста диссаджы рæсугъд кадæг. Бирæ адæмыхæттыты нымайы Геродот скифтыл, фæлæ сæ сæ социалон уавæртæм гæсгæ дих кæны æртæ хайыл: скифтæ- хуымгæнджытæ, скифтæ-зæхкусджытæ, паддзахиуæггæнэег скифтæ. Абайты Васо уыцы терминтыл фæдызæрдыг, ома раст тæлмаЦ 118
не ’рцыдысты нырыккон бердзенаг æвзагмæ, зæгъгæ, æмæ рай- дыдта ногæй æвзарын Геродоты фыстытæ рагон бердзенагау. Геродотмæ фыст и термин аротерес, амоны зæхкусæг, хуымгæнæг. Ахæм амындимæ разы сты ахуыргæндтæ иууылдæр, фæлæ уыцы термины фарсмæ Геродот ныффыста гъеоргъой (кæсæн ма йын ис æндæр хуызы дæр). Абайты Васомæ гæсгæ термин фыст уыди скифтæн сæхи ’взагыл, фæлæ дзы ис рæдыд. Васо куыд раиртæста, афтæмæй уыцы термин скифаг æвзаджы хъуыстаид гауварга, арæзт, дам, уыди дыууæ дзырдæй: гау æмæ варга-йæ, гау (сæ диалекты уыдаид гоу дæр) амоны фос, иро- нау æй ныртæккæ дзурæм гал. Ацы дзырдæй рацыди термин хъæу, дыгуронау гъæу, ома скифтæ хъæуы дардтой фос. Дзыр- ды дыккаг хай варга иннæ ирайнаг æвзæгты дзырдтой варз, йæ мидис уыди дарын, гауварга амыдта фос дарын, ома скифтæ — фосдарджытæ. Уыцы дзырд гауварга, зæгъгæ, фыссынмæ хъавыд Геродот дæр, фæлæ йæ мадæлон дзырд гъеоргъойы æнгас кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ афтæ ныффыста, уымæн æмæ йын йæ мидис не ’мбæрста. Афтæмæй 2500 азы бæрц уыцы фыст кастысты рæдыдæй. Советон ахуыргонд А. А. Нейхард йæ чиныджы «Скифский рассказ Геродота в отечественной историографии»- йы (Л., 1982) фыссы, зæгъгæ, Абайты Васо байгом кодта ног фæзынд скифты историйы. Васойæн бантысти Геродоты хъуыды раргом кæнын: ома, скифтæ сæ социалон уавæртæм гæсгæ дих кодтой æртæ хайыл: 1) скифтæ-хуымгæнджытæ; 2) скифтæ-фосдарджытæ; 3) пад- дзахиуæггæнæг скифтæ. Скифтæ алы æвзæгтыл дзурæг адæм уыдысты. Ахуыргæндтæ фидарæй загътой, сæ иу хай ирайнаг æвзагыл кæй дзырдта æмæ уыдонæй абоны ир æмæ дыгур кæй баззадысты, уый тыххæй. Ныр та æркæсæм: цы амоны, кæцæй равзæрд этноним скиф, уымæ. Геродот йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй бердзентæ скйф- ты хуыдтой скутас. Дзырды кæрон цы ас и, уый бердзенты æвзаджы номон суффикс у. Бердзенаг диалектты скут дзырд- той скит, стæй скиф, афтæмæй этноним уыцы фонетикон хуы- зы баззад рагон фыстыты. Скифтæ сæхæдæг сæхи хуыдтой сколота. Советон ахуыргонд Б. Н. Граков куыд зæгъы, афтæмæй скифтæй иу адæмыхатт хуынди сколота. Æвæццæгæн, сколота сæхи хуыдтой, скифаг адæмæн сæргълæууæг чи кодта, уыдон, æмæ уыцы ном фехъуыстой бердзентæ3. 119
Бирæ алыхуызон теоритæ æмæ ма гипотезæтæ ис этноним скиф-сколотайы равзæрды тыххæй. Æркæсдзыстæм æрмæстдæр Абайты Васойы, америкаг иранист Ричард Фрайы æмæ Б. Н. Граковы хатдзæгтæм ацы термины тыххæй. Абайты Васо этно- ним скифы тыххæй ныффыста дыууæ сæрмагонд уацы, иу — 1949 азы. Ныммыхуыр æй кодта дыууæ хатты, иннæ та — 1965 азы. Фæстаг уацы ноджы фылдæр æрмæг æрхаста термин ски- фы равзæрд æмæ историйы тыххæй. Этноним скут-скутуа — скит Васо хæстæг кæны гермайнаг æвзæгтæм, амыдта фатæйæхсæг. Рагон гермайнаг адæмтæ цардысты скифты фарсмæ æмæ, скифтæ дæсны æхсджытæ кæй уыдысты, уый тыххæй, дам, сæ схуыдтой скит, стæй скиф. Гермайнаг адæмтæй, дам, ацы ном айстой скифты иннæ сыхæгтæ — фракийæгтæ, æмæ уыцы дзырд айхъуысын кодтой иннæ адæмтыл. Сколота, зæгъгæ, уыцы дзырды бындур, дам, у скол, уыд ын æндæр фо- нетикон хуыз дæр — скул. Скифаг диалектты, дам, уыцы ном дзырдтой скут, кæнæ скит, стæй бердзенаг æвзаджы рахызт скиф-мæ. Ном сколота-йы кæрон цыта ис, уый бирæон нымæц æвдисæг у. Ричард Фрайы ныхæстæм гæсгæ этнонимскиф у рагон ирай- наг дзырд скута-йæ равзæргæ, амыдта, фатæйæхсæг, лучник, йæ бындуры, дам, ис индоевропæйаг скеуд, амыдта: калын, æхсын (фæттæ). Куыд уынæм, афтæмæй дыууæ ахуыргонды дæр æмхуызон хатдзæгмæ цæуынц дзырд скифы равзæрды æмæ мидисы тыххæй, ома йæ бындур индоевропæйаг у, зæгъгæ. Æрмæстдæр æй Абай- ты Васо æвзары гермайнаг æвзæгты къордæй, Ричард Фрай та ирайнаг æвзагæй. Профессор Б. Н. Граков фыссы: «Скифы звучат как Ишку- за и Ашкуза у ассирийских летописцев и оракулов. Его нахо- дим в ольвийской надписи III в. до н. э. в честь Протогена, как название одного из туземных племен, живших под Ольвией. Общее название для всех скифов было сколоты, а эллины всех называли — скифами. Скифами сперва называли только царс- ких, а потом всех, когда в 584 г. до н. э. вернулись из похода в Переднюю Азию. Ольвийцы распространили на всех имя ски- фов, а сами себя называли — сколота»4. Цæгат Кавказы, уæлдайдæр Фæскавказы, скифтæ кæй цар- дысты, уый сбæлвырд кæныныл бирæ азты зæрдиагæй фæфыд- æбон кодта ирон хъуыстгонд археолог, профессор Тъехты Баг- рат. Археологон æрмæгмæ гæсгæ скифтæ егъау къордтæй цар- дысты Кавказы быдырты æмæ хæхты. Нæ эрæйы размæ VIII 120
æнусы кæронæй райдайгæйæ Цæгат Кавказы быдырты бирæ рæтты фæзындысты скифты цæрæн бынæттæ, сæ уæлмæрдтæ обæутты æмæ хуымæтæджы уæрм-ингæнты хуызы. Скифты материалон культурæ тынг апырх æгас Кавказы, уæлдайдæр та йæ центрон хайы. Археологтæ С. А. Есаян æмæ М. Н. Погребова Фæскавказы ссардтой 74 бынаты, скифаг культурæйы дзауматæ кæм уыдыс- ты, ахæмтæ. Уыдонæй 5 бынаты ис ныры Хуссар Ирыстоны. Баззадысты мах эрæйы размæ VIII æнусæй. Уыцы цаутæ дзу- рынц ууыл, æмæ рагон ирон адæмы фыдæлтæ — скифтæ Фæскавказы VIII æнусæй (зæронд нымадæй) фæстæмæ кæй цæрынц, уый5. САКА Мах эрæйы размæ фыццаг мин азы фыццаг æмбисы скифты знæмты къорд — сакты фыдæлтæ рахицæн сты скифтæй æмæ Сау денджызы цæгат былтæй араст сты хурыскæсæнырдæм, иутæ дзы бахæццæ сты Китайы арæнтæм. Стæй апырх сты Ас- тæуккаг Азийы, Казахстаны быдырты, Сыбыры дæлвæзты, Ки- тайы, Индийы, Пакистаны æмæ Афганистаны бæстæты. Уыцы скифты иннæ адæмтæ хуыдтой сака. Геродот æмæ иннæ рагон фысджыты ныхæстæм гæсгæ персæгтæ скифты хуыдтой сака. Персаг паддзах Дарий æппæлы- ны хуызы, мах эрæйы размæ 521—518 азты Бигъистуны хæхты къæдзæхтыл ныффыссын кодта, йæ дæлбар цы адæмтæ уыд, уыдоны номхыгъд. Сактæ дзы нымад цæуынц цыппар къордæй. Фыст куыд æрцыдысты, афтæмæй сæм æркæсæм: 1) Сака тиг- рахауда — «сактæ цъупхудджынтæ»; 2) Сака хаомаварга (ха- ома чи фыцы, уыцы сактæ: хаома, зæгъгæ, рагон ирайнаг адæм хуыдтой Зороастры дины ритуалон нозт, уыцы дзырд ис Авес- тæйы дæр); 3) Сака тйаий парасугдам — «Согды фале чи цæры, уыцы сактæ»; 4) Сака тйаий парадрайæ — «денджызы» фале цы сактæ ис, уыдон». Уыцы фыстыты кæрон къæдзæхыл уыди лæджы ныв, йæ сæрыл бæрзонд цъупп худ. Йæ бынмæ та фыст: йам скухна гъйа сака «ам скухна, сактæй чи уыд, уый». Нывы уыди, Да- риймæ уацары чи бахаудта, ахæм æлдар, сактæй6. Рагон индиаг æвзаг санскриты ис фыст адæмы ном сака. Китайаг хроникæты дæр ис сака мæнæ ахæм хуызты фыст: сик (сыкэ, си(сы), сай. Китайæгтæ йæ фыстой сæхи фонетикон æу- уæлтæм гæсгæ. 121
Ног эрæйы размæ II æнусы сактæ сæхицæн сарæзтой стыр паддзахад ныры Цæгат Индийы, Пакистаны æмæ Афганиста- ны, хуынди Сакастан. Ныр дæр ма Афганистан æмæ Пакиста- ны хуссар быдыртæ хонынц Сейстан, ома Сакастаны ном ахæм хуызы баззад7. Этноним сака у рагон индоирайнаг дзырд, дзырдтаиккой йæ сакха — саха — сака дæр, йæ мидис уыдис «къалиу» (ветвь, сук), стæй ска (рог). Ацы дзырд ис нырыккон персайнаг æмæ таджикаг æвзæгты дæр, дзурынц æй шох, амоны бæласы къалиу. Ирон æвзаджы дзырд сака историон фонетикæйы ’гъдаумæ гæсгæ дзурæм саг. Цы амоны, уый алчидæр æмбары. Ацы ра- гон дзырдæй арæзт сты æндæр дзырдтæ дæр: сагсур, сагой, сагартæн, сагæхтæ, саггом æмæ æнд. Абайты Васо куыд зæгъы, афтæмæй скифты знæмы сака, зæгъгæ, схуыдтаиккой уымæн, æмæ куывтой сагмæ, уыдис ын тотемон нысаниуæг. Сæхи, дам, уыцы сырдыл барстой, архайд- той, цæмæй уый хуызæн уыдаиккой æнæниз, рæсугъд æмæ хæрзконд. Уыцы сырдмæ гæсгæ сæ хæстон худтæ арæзтой сыкъ- атæм гæсгæ цъупп. Персæгтæ сæ уымæн схуыдтой сака тигра- хауда, ома саг цыргъхудджын. Фæлæ ахуыргæндтæй ис æндæрхуызон хъуыдыгæнджытæ дæр. Зæгъæм, англисаг профессор Г. Бэйли терминсака æмбарын кæны афтæ: лæг, мой (мужчина, муж). Дзырды бындуры, дам, ис сак, рагон индиаг æвзаджы афтæ хуыдтой нæлгоймаджы, ома уыди эпитет лæгæн ахæм мидисимæ: тыхджын, арæхстджын. Америкаг иранист Ричард Фрай дæр архайдта этноним сака равзарыныл, фæлæ, дам, нырма хорз иртæст нæма ’рцыд ацы этноним8. Зæгъын ма хъæуы иу скифаг æгъдауы тыххæй. Ирайнаг æвзагыл цы скифтæ дзырдтой, уыдон тотемон сырд сагæн уыди стыр кад, уый ма æвдисы æгъдау дæр. Саджы сыкъатæ æппаргæ нæ кодтой, фæлæ сæ дардтой бæрзонд рæтты ауыгъдæй даргъ хъилтыл, дардмæ куыд зындаиккой, афтæ. Уыцы ’гъдау баззад ныр дæр ма, сактæ цы бæстæты цардысты, уымыты. Узбекиста- ны адæмты историйы фыссынц уыцы ’гъдауы тыххæй афтæ: «Широкое распространение на Востоке получило сакральное значение приношение рогов диких козлов и баранов. Рога ди- ких козлов и баранов являются в Иране, Афганистане и Сред- ней Азии обычным приношением на мазары шейхов, особо по- читаемых ишанов. Изображения горных козлов, сделанных крас- ной или желтой краской на стенах домов горного Таджикис- тана, как символ благополучия»9. 122
Уыцы ныхæстæм ма бафтауын хъæуы, мæхæдæг цы федтон, ахæм æгъдау. Хæххон таджиктæ æмæ афгантæн сæ гауызтыл, нымæттыл æмæ иннæ дзаумæттыл саг æмæ сыкъаты хуыз æнæуæвгæ нæ вæййы. Саджы сæр æд сыкъатæ кадджын уыдысты ирон адæммæ æрæджы дæр ма. Ирон адæмы орнаментты бын- дуры дæр сты сыкъатæ, æмæ дзауматыл кодтой сыкъаты хуы- зæн нывæфтыдтæ. Цы бар дарынц уыцы сактæ ирон адæммæ, кæнæ не ’взагмæ? Нудæсæм æнусы индиаг сæудæджертæ базарты уæй кодтой цавæрдæр рагон фыстытæ, Китаймæ Туркестанæй кæй æрбалас- той, ахæмтæ. Раст зæгъын хъæуы, кæсын сæ ничи зыдта, уымæн æмæ фыст уыдысты рагон индиаг дамгьæтæ, брахми, зæгьгæ, ахæмтæй. Ахуыргонд адæм бирæ фæцархайдтой уыцы фыстытæ равзарыныл. Куы сæ сбæлвырд кодтой, уæд загътой: рагон Ин- дийы иу дин — Буддæйы тыххæй — фыстытæ тæлмацгонд æрцы- дысты сакты ’взагмæ. Уыцы фыстытæ кæцæй ластой индиаг сæу- дæджертæ, уыцы бæстæ хуынди Хотан (Китайы), æмæ сын уый тыххæй се ’взаг схуыдтой «хотантæ-сактæ». Уыцы рагон фыс- тытæ хорз раиртæста советон ахуыргонд А Г. Герценберг æмæ ныффыста арф зонадон куысг. «Хотано-сакскийязык». (М., 1965.) Сакты ’взаг ирон æвзагмæ куыд хæстæг лæууы, уый равди- сыны тыххæй æрхæсдзыстæм уыцы чиныгæй иу хъуыдыйад: «Биргга рруваса нуваинда». Тæлмац æй кæнæм дзырдæй- дзырдмæ: бирæгътæ, рувæстæ ниуынц. Фонетикон æгъдауæй дзырд биргга-йы цы дыууæ гг-йы ис, уыдон кæсын хъæуы гъ, зæгъгæ, зæгъынц Л. Г. Герценберг æмæ Абайты Васо, ома биргга хъуысдзæни — биргъа. Л. Г. Герценберг куыд сбæлвырд кодта, афтæмæй дзырд «биргъа» Авестæйы уыди «выгърка». Ам уый зæгъын хъæуы, æмæ ирон æмæ сакты ’взаджы æрцыди æмхуы- зон фонетикон ивддзинад: дзырдты райдайæны рагон ариаг в рахызти б-мæ. Стæй сакты æвзаджы ирон æвзаджы хуызæн, æмхъæлæсонтæ гър сæ бынæттæ аивтой ргъ-мæ, рауади мета- тезæ. Афтæмæй авестæйагвыгърка сакты ’взаджы ссис биргъа, ирон æвзаджы та — бирæгъ. Цы дзырдыл дзурæм, уый равзæрды тыххæй Абайты Васо афтæ фыссы: «Скæсæн-ирайнаг ныхасыздæхтытæй иуы, ома сакты æвзаджы, бирæгъ хуындис биргга (дзырдтой йæ биргъа). Гæнæн ис уæдæ, æмæ бирæгъ уа ирайнаг (сакаг) дзырд, табу- гонд уæрхæг-ы бæсты»10. Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ Абайты Васо йе ’ндæр зонадон куыстыты разы уыди Всеволод Миллеримæ, дзырд бирæгъ ирон адæм райстой тюркаг æвзæгтæй, зæгъгæ. 123
Раст зæгъын хъæуы, тюркаг æвзæгты ис хъæддаг сырды ном биргъа æмæ ирон дзырды бирæгъ-мæ æнгæс. Зæгъæм, уйгураг адæм æй дзурынц бюрю кæнæ бюри, узбектæ бюри, хъыргъ- ызтæ — бюрю, хъазахтæ, башкиртæ, хъазайнаг тæтæр — берю æмæ афтæ дарддæр. Ацы тюркаг адæмтæ незаманты сактимæ цардысты фæрсæй-фæрстæм, стæй сактæ сæмхæццæ сты уыцы адæмтимæ. Дзырд бирæгъ сактæ æмæ ирон адæмты фыдæлтæ тюркаг адæмтæй нæ райстаиккой, уымæн æмæ иннæ тюркаг адæмтæ бирæгъы афтæ нæ хонынц. Зæгъæм, туркæгтæ бирæгъы хонынц курт, балхъар æмæ хъæрæсе та — джанлы. Стæй ма зæгъын хъæуы: раздæр цы тюркаг æвзæгтæ банымадтам, уыдон ма бирæгъ хонынц «сыгъдæг». Зæгъæм, хъыргъызтæ æмæ хъазахтæ — карышкыр, узбектæ та — хъашхъыр. Цыбырдзырдæй, Сы- быры, Казахстаны æмæ Астæуккаг Азийы цы тюркаг æвзæгтыл дзурæг адæмтæ уыд, уыдон бирæгъ хуыдтой дыууæ номæй: сакты æвзагæй райсгæ æмæ сæхи мадæлон дзырдæй. Уырыссаг дзырд бирюк йæ фонетикон æууæлтæм гæсгæ ’вди- сы скифты (сакты) дзырд — бирга. Афтæ уымæн хъуыды гæнæн ис, æмæ уыцы сырды ном ахæм фонетикон хуызы бацыди сыхæгтæм, угро-финнаг æвзæгтыл дзурæг адæмтæм. Зæгъæм, мордва йæ дзурынц виргас, эрзя — виргес, мари — пирагу. Сакты ’взагæй цы хъуыдыйад æвзарæм, уым иннæ дзырдтæ дæр æнцонæмбарæн сты иронау. Рруваса ныр дæр дзурæм рувас сакты ’взаджы мивдисæгниваинда чысыл йæ хуыз аивта, ныртæккæ йæ дзурæм ниуын. Сакты ’взагæй ма æрхæссæн и мæиæ ахæм æнцонæмбарæн дзырдтæ дæр: мата, иронау — мад, дандан — дæндаг, хшау — хицау, стура — дыгуронау стур, иронау стыр, кие — дыгуронау ке, йе — дыгуронау йе, иронау — йæ. Кæронбæттæны мæ зæгъын фæнды: сакты æвзагæй цы чы- сыл æрмæг æрхастам, уый дæр хорз æвдисæн у, ирон æвзагмæ куыд хæстæг лæууыди, уымæн. Зæгъæн ис: сактæ æмæ ирон адæмы фыдæлтæ бынтон æнгæсæн уыдысты се ’взæгтæм гæсгæ, дзырдтой, кæрæдзимæ хæстæг чи лæууыд, ахæм диалекттыл. Сакты æвзаджы тыххæй бæлвырддæр базонæн ис Л. Г. Гер- ценбергы чиныгæй: «Хотано-сакский язык» (М., 1965.). САВРОМАТ — СÆРМÆТ Савроматты кой æппæты фыццаг ракодта Геродот йæ «Исто- ри»-йы 4-æм чиныджы. Уый фыссы, зæгьгæ, персаг паддзах Да- рий скифты бæстæмæ куы бырста, уæд, дам, скифты æлдæрттæ 124
агуырдтой, знаджы ныхмæ сæ фарс чи хæцдзæн, ахæм адæмты. Скифты алыварс цы адæмтæ цард, уыдонæй бирæтæ не сразы сты, фæлæ савроматтæ сæхи нæ аиуварс кодтой. Уыцы заманты савроматтæ цардысты скифты фарсмæ, цæугæдæттæ Донец æмæ Идылы (Волгæйы) æхсæн цы быдыртæ ис, уым. Геродот куыд фыссы, афтæмæй савроматтæ се ’лдар Скопасисы уынаффæмæ гæсгæ æрæхгæдтой бацæуæнтæ — Азо- вы денджызы æмæ Танаисы (Доны) былгæрæтты æмæ хорз бах- хуыс кодтой скифтæн уыцы уæззау хæсты. Савроматты сылгоймæгтæ хæсты стыр хъæбатыр кæй уыдыс- ты, уый тыххæй диссаджы рæсугъд таурæгътæ фыстой рагон бердзенаг æмæ ромаг фысджытæ. Бердзенаг æвзагыл сæрмæттаг хæстон сылгоймæгты хуыдтой амазонкæтæ, ома æнæ дзидзитæ. Ахæм номимæ айхъуысти сæ кой æнæхъæн дунейыл. Геродот куыд фыссы, афтæмæй савроматтæ дзырдтой ски- фаг, гæзæмæ зыгъуыммæгонд, æвзагыл. Академик В. В. Латышевмæ гæсгæ, савроматтæ дзырдтой скифаг æвзаджы диалектыл. Уый хъуыдытимæ разы сты æндæр ахуыргæндтæ С. П. Толстов, К. Ф. Смирнов, Б. Н. Граков, М. И. Артамонов, В. В. Струве, Б. А. Рыбаков, Абайты Васо... Æндæр хуызы хъуыды кæны америкаг иранист Ричард Фрай. Уый фыссы «Савроматтæ скифаг адæмтæй нæ уыдысты, фæлæ скифаг æвзаг райстой»11. Геродот йæ чиныджы æрхаста таурæгъ савроматты равзæр- ды тыххæй. Тыхджын хæстон сылгоймæгтæ амазонкæтæ хæцыдысты бердзентимæ Термодонты доны был (Каппадокийы бæстæйы). Бердзентæ сыл тых кæнын куы байдыдтой, уæд хæстон сыл- гоймæгтæ наутыл сбадтысты æмæ араст сты Меотиды (Азовы) денджызы былтæм, скифтæ кæм цардысты, уырдæм. Цасдæр рæстæг куы рацыд, уæд сахар Кремны цур денджызы былыл æрбынат кодтой. Уырдæм сæм цæуын байдыдтой скифаг лæппутæ æмæ семæ лымæн кæнын байдыдтой. Куыдфæстагмæ скифаг лæппутæ курын райдыдтой уыцы амазонкæты. Ама- зонкæтæ иууылдæр куы смой кодтой, уæд бауынаффæ кодтой скифты бæстæйæ æндæр ранмæ алидзыныл. Дарддæр афтæ дзу- ры Геродот: амазонкæтæ æмæ скифаг лæппутæ ахызтысты бы- рантыл Танаисы сæрты æмæ æртæ боны цыдысты Танаисæй æмæ Меотидæйæ цæгатырдæм, стæй æртæ боны дæргъы та ху- рыскæсæнырдæм. Афтæмæй, дам, æрбынат кодтой, ныр кæм цæрынц, уым. Ахæм хуызы, дам, равзæрдысты савроматтæ. Савроматты сылгоймæгтæн уыдис стыр кад, цуан кодтой лæгты 125
хуызæн, сæ дзаумæттæ æмæ хæцæнгæрзтæ систы нæлгоймæгты дзаумæттæ æмæ хæцæнгæрзтæ, бæхыл бадынмæ, дам, нæлгоймæгтæй арæхстджындæр уыдысты. Савроматтæ, дам, дзурынц скифаг æвзагыл, фæлæ, дам, æй фехæлдтой, уымæн æмæ амазонкæтæ хорз нæ базыдтой скифаг æвзаг12. Ныр та нæ æркæсын хъæуы, этноним савромат кæцæй равзæрд æмæ цы амоны, уымæ. Украинæйы Советон Социалистон республикæйы Историйы (I том, Киев, 1981, 189 ф.) ис мæнæ ахæм фыст: «От иранского слова «савромат», что значит «опоясанный мечом». Ж. Дюмезилмæ гæсгæ та савромат арæзт у дыууæ дзырдæй — сау æмæ ромайæ, номы кæрон та ис суффикс т. Дзырд сау нырыккон ирон æвзаджы дæр ис йæ рагон мидисимæ — рома та, дам, у санскритаг æвзаджы дзырд, амыдта, дам, кæрц, хъуын персаг дзырдрума-йы хуызæн, ома, адæмы ном савромат амыдта бердзенаг дзырд меланхлены хуызæн «те, которые носят чер- ные шерстяные шубы»13. Ацы этнонимæн ма ис æндæр хуызы æмбарынгæнæнтæ дæр. Уыдоныл нал дзурдзыстæм. Æркæсæм-ма, цы зæгъы Абайты Васо та термин «савромат»-ы тыххæй, уымæ. Уый дыууæ хатты æвз’ары ацы ном: «Осетинский язык и фольклор», I, М., Л., 1949, 37 фарс, «Историко-этимологичес- кий словарь осетинского языка», 43 фарс. Дыууæ хатты дæр уыцы этноним æмбарын кæны иухуызон. Арæзт, дам, у ахæм хæйттæй: сау — арм -а-та. Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ бердзенаг фыстыты «сау» фыстой «сав» ома, уыцы æвзаджы нæ уыди æнæуæнгон — у, «ром» хъуамæ фыст уыдаид рæм, стæй æмхъæлæсонтæ р æмæ м сæ бынæттæ баивтой ирон æвзаджы историон фонетикон æууæлтæм гæсгæ. Дзырды иннæ хæйттæ нырыккон ирон æвза- джы баззадысты сæ рагон хуызы, уымæ гæсгæ «савроматтæ» ныртæккæ дзурæм «сауæрматæ». Мæскуыйы университеты профессор Б. Н. Граков йæ чиныг «Скифы»-йы (МГУ, 1971) 130 фарсыл фыссы, зæгъгæ, 3-аг æнусы (ныры нымады размæ) Ольвийы сахармæ хæстæг царди иу скифаг адæмыхатт, хуыдтой сæ савдарата. Профессор ацы ном йæхæдæг æмбарын кæны афтæ: «саудзаумадарджытæ». Б. Н. Граков дарддæр фыссы: 1 æнусы цæрæг (ног нымадæй) фыссæг Дион Христостом уыди балцы Ольвийы горæты æмае дзы йæхæдæг федта, ольвийаг цæрджытæ, дам, дардтой пæлæзЫ хуызæн даргъ сау уæлæфтаутæ, сæ алыварс туземаг (ома ски- фаг) адæм цы дзаума дардтой, ахæмтæ. Бердзентæ уыцы сау 126
пэелæздарæг адæмы сæхи ’взагæй хуыдтой меланхлентæ, уырыс- сагау уыдзæн «черноризцы». Хорз уаид, нæ этнографтæ куы раиртасиккой: цавæр дзау- ма дардтой нæ рагон фыдæлтæ? Ацы фарсты фæдыл нæхи хъуы- дытæ дæр зæгъæм. Савроматтæ (сæрмæттæ), сактæ, массагеттæ, алантæ æмæ иннæтæ фосдарæг адæм кæй уыдысты, уый бæлвырд у. Фос- дарджытæ сæхицæн уæлæдарæс къуымбилæй кæй арæзтой, уый дæр зындгонд у. Фосмæ зилджытæн: уæлыгæстæн, фыййæуттæн, хъомгæстæн, бæхгæстæн æмæ иннæ цæугæцардгæнджытæн хъуыди æнцондарæн, рог, хъарм, къæвда кæм нæ хъары, ахæм уæлæфтæуттæ. Уыцы дарæс æнæмæнг арæзтаиккой хъуынæй. Æрæджы дæр ма ирон адæммæ стыр кадджын уыди уæйлаг нымæт. Ирон адæм æй сау хъуынæй кодтой, афтæ йæ кодтаик- кой скифтæ æмæ савроматтæ дæр, чъизи йыл кæй нæ зыны, уый тыххæйг Жорж Дюмезиль куыд фыссы, афтæмæй уыцы дзаумæтты ном ис савромат, зæгъгæ, уыцы этнонимы мидæг14. ЧИ УЫДЫСТЫ СÆРМÆТТÆ? Æнцон дзуапп раттæн нæу ацы фарстæн дæр, фæлæ уæддæр æркæсын хъæуы, ахуыргæндтæ цы зæгъынц, уымæ. Ричард Фрай куыд сбæрæг кодта, афтæмæй Донæй Днепры ’хсæн цы быдыртæ ис, уыдон сæрмæттæ бацахстой 160 азты (ног эрæйы размæ). Уыцы быдырты раздæр цардысты сæ «хæстæджытæ», скифтæ æм& савроматтæ сарæзтой стыр æмæ тыхджын паддзахад. Сæ раздзог Митридат Эвпатор, дам, 63- æм азы куы амард, уæд сæ паддзахад дыууæ дихы фæци. Хуыд- той, дам, сæ европæйаг æмæ азиаг сæрмæттæ. Сæрмæтты тыххæй ныффыста историк Полибий 160 азы (ног эрæйы размæ). Полибий зæгъы, зæгъгæ, дам, сæрмæттæ сарæзтой стыр æмæ тыхдж^ын паддзахад, йæ кой дардыл айхъуыст. Уымæ гæсгæ сæ паддзах Гатал Европæйы паддза- хадты ’хсæн уыди нымад æмæ кадджын. Понтийаг паддзах Фарнак I Пергамы, Вифинийы æмæ Каппадокийы ’хсæн хæст банцайыны тыххæй бардзырд куы фидар кодтой, уæд фидауæг æмæ бардзырд фидаргæнæг уыд сæрмæтты паддзах Гатал. Рагон ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ Геродот, Гиппократ, Сицилийаг Иосиф Флавий, Плиний, Курций Руф, Юлий Солии æмæ иннæтæ куыд фыстой, афтæмæй савроматтæ уыдысты иу адæм. Савроматты номæй сæ амыдтой грекъ, сæрмæттæ, зæгъгæ, та — ромæгтæ. 127
Фыццаг æнусы цæрæг антикон фыссæг Мела фыста: «Сæрмæттæ сахарты нæ цæрынц, стæй сын иу ран бынат нæй. Цæрынц стыр къордтæй, сæ дзаумæттæ æмæ сæ мулк ласынц уæрдæтты. Аразынц рæстæгмæ цæрæнбынæттæ, сæ фосæн хорз хизæнуæттæ кæм вæййы, уым. Уыцы адæм тынг хъæбатыр сты, хæстмæ цæуынц æнæзивæгæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй бæхтыл бадгæйæ. Сæрмæттæ сæ сылгоймæгтæн кодтой стыр кад». Савроматтæ æмæ сæрмæттæ иу адæм нæ уыдысты,— фыста уырыссаг ахуыргонд М. И. Ростовцев йæ чиныджы «Скифия и Боспор» (Петроград, 1925 аз). В. Е. Максименко 1983 азы Рос- товы рауагъта чиныг «Савроматы и сарматы на Нижнем Дону». Ацы чиныгæн йæ сæргондæй дæр бæрæг у, автор сæрмæттæ æмæ савроматты хицæн адæмтыл кæй нымайы, уый. Советон стыр ахуыргонд С. П. Толстов 1948 азы Мæскуыйы рауагъта чиныг: «Древний Хорезм». Уым 222 фарсыл, этно- нимтæ савромат æмæ сæрмæт æвзаргæйæ, æрцыд ахæм хатдзæгмæ: савромат æмæ сæрмæт сты иу ном; савромат æлвæст æрцыд æмæ дзы рауад сæрмæт. С. П. Толстовы иртасæнтимæ сразы æндæр зындгонд историк К. Ф. Смирнов æмæ йæ хъуы- дытæ ныммыхуыр кодта йæ уацы: «Ольвийский декрет в честь Протогена и сарматы». Мыхуыргонд æрцыд æмбырдгонд — «Античные государства и варварский мир»-ы (Орджоникидзе, 1981, 3-26 ф.). Савроматты (сæрмæтты) æмæ аланты проблемæйыл бирæ фæкуыста историк Гаглойты Юри. Хорз æвзары уыцы про- блемæ йæ куыстыты. Савроматтæ æмæ сæрмæтты тыххæй зæгъы, зæгъгæ, уыдон уыдысты скифаг адæмтæй иу знæм, дзырдтой скифаг æвзаджы диалекттыл16. ЛИТЕРАТУРÆ 1. Г е р о д о т. История, 7-æм чиныг, 62 ф. 2. Г е р о д о т. История, 4-æм чиныг, 17, 52 фæрстæ. 3. Б. Н. Г р а к о в. Скифы. МГУ, 1971, 22 ф. 4. В. И. А б а е в. ОЯФ, 1, 243—244 ф.; Ричард Фрай. Наследие Ирана. М., 1972, 69 ф.; Б. Н. Г р а к о в. Легенда о скифском царе Арианте.— Сб. История, археология и этнография Средней Азии, М., Наука, 1968, 101—103 ф. 5. Тъехты Баграт. Мæ хæхтæ — мæ бæстæ. Фидиуæг, 1987, № 6, 84—91 ф.; С. А. И с а я н, М. Н. П о г р е б о в а. Скифские памятники Закавказья. М., 1985, 34—35 ф. 6. М. О р а п с к и й. Введение в ираыскую филологию. М., 1960, 63—64 ф« 7. В. И. А б а е в. Избраппые труды. Том I, Ордж. 1990, 84 ф. 128
8. Р. Ф р а й. Наследие Ирана. 69 ф. 9. История народов Узбекистана. I том. Ташкепт, 1950, 23 ф. 10. В. И. А б а е в. ИЭСОЯ, I, 263 ф. 11. Р. Ф р а й. Наследие Ирана. М., 1972, 317 ф. 12. Геродот. История. 4-æм чиныг, 110—117 ф. 13. Сб. Осетипская филология, 2-й выпуск, Ордж., 1981, 131 ф. 14. К. Ф. С м и р н о в. Савроматы. М., 1964; В. Е. М а к с и м е п к о. Савроматы и сарматы на Нижнем Дону, Ростов-иа-Доиу, 1983. 15. Р. Ф р а й. Наследие Ирана, 214, 225 ф. 16. Ю. С. Г а г л о е в. Аланы и скифо-сарматские племепа Севериого Причерноморья. Известия Юго-Осетипского НИИ АН Грузипской ССР, вы- пуск 11. 1962, 107-171 ф. 9 Махдуг№ 2, 1999 129
ИРОН САБИТЫ ХЪÆЗТЫТÆ Аæппутæ-иу ныссагътой хъæдын цæджындз, йæ цъуппыл ын æркодтой зæронд цалх, йæ сæмæн-иу ын цæджындзмæ ба- бастой, цалх зилгæ куыд кæна, афтæ. Цалхмæ-иу бабастой цалдæр фидар бæттæны, сæ уæгъд кæрæттыл цæгтæ фидар- гонд — бадынæн Мамазила кæнын-иу кæй фæндыди, уыдон- иу цæгты ныббырыдысты, къæхтæй-иу сæхи зæххæй асхуыс- той æмæ-иу цалх зилын байдыдта. Чи сæ-иу арæзта, уыдон-иу ерысы бацыдысты — кæй цъил хуыздæр рауайа? Ацы цъил-херы арæзт цыд куадзæны, уыди йын сæрмагонд мидис АЙКТУЛÆНТÆ Куадзæнтæм сывæллæттæ бацæттæ кæнынц хъæбæр фых æйчытæ. Ссарынц уырдыг ран æмæ хæлттæ сæппарынц: чи æвæрдзæн йæ ахуырст æйчытæ уырдыджы кæрон, чи тулдзæн уæлейæ бынмæ æмæ къуырдзæн бынæй æвæрд æйчытæ. Бæрæг хаххыл æрæвæрынц иутæ æйчытæ. Иннæ уæлейæ рауадзы йæхи айк. Рæнхъ чи лæууы, уыдоныл куы æртулы, уæд дзы кæй асæтта, уыдон сты, йæ айк фидардæр кæмæн разына, уый. Афтæмæй фидар айчы хицау-иу хъæбысы дзаг сæмбырд кодта æйчытæ. АЙК КЪУЫРЦГÆНÆНТÆ Куадзæн бонмæ æйчытæ ахуырстой хъæдындзы сыфты, фых- той хус æнгузы цъæрттæ æмæ уыцы тар донæй кодтой æйчы- тыл уырынгтæ хæххытæ, стъæлфытæ. Фæстæдæр фæзындысты Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта Тмснаты Дзсрассæ. 130
сырх, цъæх ахорæнтæ. Фæлæ сæ æйчытæ фыхтой цæхджыи доны, цæмæй уой хъæбæрдæр. Иу саби айк æнгом йæ къухы бакæны, хæрз чысыл куыд зына йæ фындз, кæнæ йæ чъылдым. Иннæ хъазæг уæлейæ дæлæмæ цæвы айк. Кæй айк басæтты, уый йæ дæтты, фидардæр кæй айк разынд, уымæн. ÆЛДАР Сывæллæттæ йеске се ’хсæнæй искæнунцæ æлдар. Æлдар гьæуама амона, кæмæн ци кæнгæй. Фал раздæр биццеутæй дзурд райсуй, ке имæ игъосдзæнцæ, уобæл, æ дзурдбæл ин арази ке уодзæнæнцæ: — Уæ биццеутæ? — Уой, уой! — Цал айтæ? — Дæс, дæс! — Дæс фуси мин? — Ратдзинан — Æз ке зæгъон? — Бакæндзинан! Æлдар сувæллæнттæн зæгъуй, зæгъгæ, мæ хæссетæ уæ рагъбæл, уой ба (биццеутæй йеске. — Т. Дз.) гæлдзетæ, инней ба нæметæ. Йеугур сувæллæнтти зæрдæмæ æ амундтитæ нæ бацæунцæ, ма уæдта дууæ къуари фæуунцæ: йеуетæ æлдари хæццæ, ин- нетæ ба сæ нихмæ, ’ма уотемæй тохунцæ, гъазунцæ. тохси Лæгъз ран зæххыл æрхахх кæнынц дыууæ зиллаччы кæрæдзийы мидæг. Къаддæр зиллаччы рæнхъ æрæвæрынц хъултæ, алы хъазæджы номыл дæр иу. Хъуамæ уыцы хъултæ стырдæр хъулæй (тохсийæ) зиллаччы æддæмæ ракъуырай. Хъазт цыд афтæ: хъул-иу суылдтой æмæ, йæ хъул «сах» кæмæн абадт, уый уыд фыццаг. Уый æрлæууы æддаг (стыр зиллаччы хаххыл) йæ галиу къахæй. Рахиз къах акæны фæстæмæ æмæ бауилы тохси, цæмæй рæнхъ æвæрд хъултæй иу зиллаккæй æддæмæ рахауа. Цы хъул рахауы, уый у, чи йæ раппæрста, уый. Зиллач- чы бæстастæуæй цы хъул рахауд, фæлæ æддаг хаххæй чи нæ 131
рахызт, уый хъазæг къуыры, тохси кæм æрлæууыд, уыцы ранæй. Кæд æмæ хъавæг фæивгъуыдта, уæд ын дыккаг цæфы бар нал уыд. Ныр та уыд иннæ хъазæджы рад. Уый лæууыд йæ рахиз уæрагыл æддаг зиллаччы хаххыл æмæ йæ цонг баивазгæйæ ра- хизæрдыгæй галиуæрдæм йе ’нгуылдзтæй цавта хъул, омагчъепп. Зиллаччы хъултæ-иу куы ратардтой, уæд-иу хъазт райдыд- та ног. гаккырис Сывæллæттæ зиллаккæй сбадынц дзуццæджы. Алчи дæр сæ йæ алфамбылай æрхахх кæны. Сывæллæттæй иу йæ иу къахыл гæппытæ кæны бадджыты алыварс æмæ сæ ссоны. Йæ бынатæй чи фæхауа бадджытæй кæнæ йæ къах хаххæй кæмæн фæбыра, уымæн гæппытæгæнæг йæ бынат бацахсы, уый та слæууы гæппытæгæнæджы бынаты. СЕЛАЙÆ ХЪАЗТ Селайæ хъазт, æвæццæгæн, фæзынди тынг раджы. Йæ хъазынæн хъæуы æрмæстдæр иу тымбыл дур — гæрры: карчы рæвдуаны йас æмæ дыууæ тъæпæн дуры, сæ фæтæн 20x20 см. бæрц, сæ бæзн та 2 см бæрц. Хъазынц æй фæзбынæтты дыгæйттæй, 7-аздзыдæй 17-аздзыдтæм. Селайæ фылдæр хъазы- дысты æфцгуытыл фыййæуттæ, уæлыгæстæ. Цæмæй хъазын райдайой, уый тыххæй алчи дæр ссары йæхицæн села æмæ тым- был дур — гæрры. Аразынц фезмæлæн бынат (хатт, тымбылæг), фезмæлæнæй къахдзæфтæй абарынц размæ 10 м. бæрц, ацыран æрæвæрынц гæрры. Баныхас кæнынц, цалмæ хъавынц, уый, зæгъæм, 100 кæнæ 150 къахвæдмæ. Села иуæрдыгæй туйæ ахуылыдз кæнынц. Уыцы фарс хо- нынц «къæвда», селайы иннæ фарс та — «хур». Дыууæ хъаз- æджы рагацау равзарынц сæхицæн «фæрстæ». Сæ иу «хур» куы равзара, уæд иннæ та сæвзары «къæвда». Стæй сæ иу села æппары хæрдмæ. Зæхмæ куы æрхауа села, уæд, кæд «хур» абада, уæд, «хур» чи равзæрста, уый у фыццаг. Фезмæлæн бынатæй гæррымæ фехсынц сæ селатæ радыгай. Кæд исчи акъуыра гæрры, уæд, цал къахдзæфы атылд, уый абары æмæ акъуырæгæн уал къахдзæфы цæуынц нымады. Стæй та гæрры æхсы иннæ хъазæг. Кæд уый дæр акъуыра гæрры, уæд æй уый дæр нымайы. Кæд гæрры дыууæ лæппуйы дæр нæ акъуырой, уæд та дарддæр хъаз- ты фыццаг æхсты бар вæййы, гæррымæ кæй села æввахсдæр 132
æрхауа, уымæн. Хъазт рамбулы бадзырдгонд къахдзæфтæ (100 кæнæ 150) чи раздæр саразы, уый. Рамбулæгæн йæ бон у ин- нæйы æккой сбадын, цæмæй йæ ахæсса, кæнæ йын фос æрбаз- дахын кæна. Стæй та хъазт ногæй райдайы. ГÆЛÆМЫТÆЙ ХЪАЗТ Гæлæмытæй хъазыдысты фæсивæд (фыййæуттæ, уæлыгæстæ), искуы-иу сæрвæты куы ’ртымбыл сты, уæд, кæнæ та бæрæгбон- ты, куывдты, чындзæхсæвты рæстæджы. Хъазыдысты йæ 7-аз- дзыд лæппуйæ суанг 40-аздзыд лæгты онг, кæй зæгъын æй хъæуы, хицæнтæй сæ кармæ гæсгæ. Хъазыдысты йæ фæз бынаты. Цæмæй хъазын райдайой, уый тыххæй-иу фæсивæд дыууæ æмхуызон къордыл фæдих сты. Алы къордæн дæр уыд йæхи хистæр. Ацы дыууæ къорды æппарынц хæлттæ — цæмæй сбæрæг кæной, гæлæмытæй, кæнæ гæпгæнджытæй чи хъуамæ уа, уый. Гæлæмытæй цыппарæй слæууынц афтæ: фыццаг гæлæмы- лæппу йæ уæхск бабыцæу кæны бæласмæ, кæнæ цæджындзмæ, кæнæ къулмæ, дыккаг лæппу хæцы фыццаг лæппуйы астæуыл, æртыккаг лæппу хæцы дыккаджы астæуыл, цыппæрæм лæппу та хæцы æртыккаджы астæуыл — афтæмæй æрдæггуыбырæй лæууынц. Фæндзæм лæппу — сегасæй цæрдæгдæр — у хъахъхъæнæг. Уый йæ цыппар æмбалы алыварс иу стыр зил- лакк æрхахх кæны, гæлæмыты лæууæг лæппуты къæхтæй 25 сантиметры æддæдæрты. Ацы хаххæй гæлæмытырдæм гæпгæнджытæн æрбакъахдзæф кæныны бар нæй. Фæлæ кæд гæпгæнджытæй исчи хаххæй .байса йæ къах, уæд ын æй хъахъхъæнæг йæхи къахæй æрцæвы, æмæ уæд гæпгæнджытæ фембылд сты. Гæлæмыты хæс у, цæмæй фидар хæцой кæрæдзийы астæутыл. Гæпгæнджытæ радыгай кæрæдзийы фæдыл разгъорынц æмæ бæхбадт акæнынц, гæлæмы чи лæууы, уыдоны уæлæ. Гæпгæнджыты хæс у, цæмæй сæ алчи дæр лæппуты рæгътыл размæ абыра æмæ йæ цæнгты æххуысæй хаххæй агæпп кæна. О, фæлæ, гæлæмы чи лæууы, уыдон архайынц æппæт амæлттæй, цæмæй гæпгæнджыты се рагъæй раппарой. Ноджы ма гæлæмыты лæуджытæ дæр æмæ хъахъхъæнæг дæр цырд фæлæууынц, цæмæй, гæпгæнджытæй йæ къах исчи зæххыл куы авæра, уæд ыи æй къахæй æртъæпп кæиа. Ахæм рæстæджы гæпгæнджытæ фæхæрд сты æмæ хъазджыты къорд кæрæдзи бынæттæ баивынц. 133
Вæййы афтæ дæр, æмæ фыццаг гæпгæнæгæн йæ бон нæ ба- цис, æппæты разæй цы гæлæмы ис, уый уæхсчытæм багæпп кæнын æмæ абада дыккаджы кæнæ æртыккаджы уæхсчытыл, уæд иннæ гæпгæнджытæн нал баззайы, кæдæм агæпп кæной, ахæм бынат. Ахæм рæстæджы фыццаг гæпгæнæг хъуамæ æрхуысса гæлæмыты чъылдымыл æмæ йæ сæрты гæпп кæной иннæтæ. Кæд æмæ агæпп кæнын никæй бон у, уæд гæпгæнджытæ архайынц, цæмæй ма фембылд уой. Уый сæ бон у æмæ сæ хъахъхъæнæджы уæхскыл исчи абада. Фæлæ гæпгæнджытæ куы фембылды вæййынц, уæд свæййынц гæлæмытæ. Гæлæмытæ æмæ гæпгæнджытæ афтæ хъазынц сыгъдæг уæлдæфы. Ацы хъазты фæлтæрынц сæ къæхтæ, сæ уæрджыты нуæрттæ, сæ цæнгтæ, сæ чъылдым æмæ астæуы нуæрттæ дæр. Хуыздæр кæны зæрдæ æмæ рæуджыты куыст. Сывæллон ах- уыр кæны гæпп кæнын, цæстæнгасæй абарын, хуыздæр кæны йæ фезмæлд, фæлтæрынц, куыд йæ нуæрттæ, афтæ, йæ риуы æмæ хуылфы дзауматæ дæр. Раст кæны сæ астæуы стæг. УÆЛÆРМТТÆ ЦÆВЫНТЫ ХЪАЗТ (Ацы хъазтæй хъазынц дыууæйæ) Иу йæ къухтæ размæ ракæны, йæ армытъæпæнтæ уæлæмæ. Иннæ йын дæлгоммæ йæ къухтыл æрæвæры йæхи къухтæ. Фыц- цаг архайы йæ къухтæ дыккаджы къухты бынæй раскъæфыныл æмæ йын дзы йæ къухы уæлæрмттæ ныццæвыныл. Дыккаг хъуамæ йæ къухтæ аскъæфа, ма бауадза сæ ныццæвын æмæ уæд уый рад уыдзæн йæ къухтæ бынæй кæнын, ома уый рад уыдзæн цæвын. Афтæ хъазынц, кæдмæ сæ фæнды, уæдмæ. ЧИ КÆЙ СИСА? Дыууæйæ æрбадынц тъæпæн, сæ къæхтæ кæрæдзимæ ныб- быцæу кæнынц. Стæй кæрæдзийы цонджы хъултыл фидар æрхæцынц, æмæ сæ алчидæр архайы йæ ныхмæ бадæджы сисы- ныл. Йæ бынатæй иу чысыл дæр чи сыста, уый фембылд, састы бынаты баззад. , ÆХСÆР КÆНÆ ÆНГУЗÆЙ ХЪАЗТ Æнгуз кæнæ æхсæрафон сывæллæттæ (арæхдæр фыййæуттæ) скъахынц лыхъхъ. Дыууæ метры æддæдæр æрæвæрынц исты нысан (дур, лæдзæг кæнæ зæххыл æндæр истæмæй æрхахх 134
кæнынц). Хæлттæ æппарынц («хур» æмæ «къæвда»-йы амалæй) æмæ, кæй хал схауы, уый æрлæууы лыхъхъы уæлхъус. Иннæ хъазджытæ æнгузтæ (æхсæртæ) нысан бынатæй æппарынц лыхъмæ. Хъазæг йæ армытъæпæн байдзаг кæны æхсæртæй (æнгузтæй), развæлгъау сæ банымайы, иууылдæр ын къæйттæ куыд уой, афтæ, æмæ сæ баппары лыхъмæ. Кæд се ’ппæт дæр ныххауой лыхъхъы, уæд ын лыхъгæс фиды, цал æхсæры бап- пæрста, уыйас. Кæд се ’ппæт нæ ныххауой, фæлæ дзы чи ных- хауд, уыдон къæйттæ уой (банымайынц сæ иумæ), уæддæр ын фиды, цас дзы ныххауд, уыйбæрц. Кæд, лыхъхъы чи ныххауд, уыдон къæйттæ нæ уой, уæд сæ лыхъгæс йæхицæн сисы. Лыхъмæ чи нæ ныххауа, уыдон вæййынц лыхъмæ æппарæгæн йæхи. Гæнæн ис æмæ лыхъмæ баппарай мучъийы дзаг æхсæртæ. Кæд раст нæ банымайай де ’хсæртæ, æнæкъай дын разыной, уæд фæнды ныххауæд лыхъхъы, фæнды ма ныххауæд, уæддæр сæ лыхъгæс исы йæхицæн. Æхсæртæ (æнгузтæ) хъазæг лыхъмæ куы феппары, уæд хъæрæй дзуры: «Къæйттæ! Къæйттæ!» (ома, лыхъхъы чи ных- хауа, уыцы æхсæртæ кæнæ æнгузтæ къæйттæ рауайæнт), лыхъгæс та дзуры: «Æнæкъай! Æнæкъай!». Ацы хъазтæй сабитæ ахуыр кæнынц нысан бынатмæ раст æхсыныл, исты дзаума комкоммæ æипарыныл, бæлвырд кæны сæ цæстбарст сæ уæнгты змæлд, сæ арæхстдзинад. ÆНГУЫЛДЗ АХСЫНТЫ ХЪАЗТ Иу йæ къух размæ ракæны. Иннæтæ сæ амонæн æнгуылдзтæ уый армытъæпæнмæ саразынц. Йæ къух размæ чи ракæны, уый фæзæгъы: «Иу, дыууæ, æртæ». Куыддæр «æртæ» фæзæгъы, афтæ хъуамæ иууылдæр се ’нгуылдзтæ аскъæфой. Дæс хатты кæнæ, цалмæ баныхас кæной, уалмæ куы æрцахсой искæй æн- гуылдз, уæд уымæн радыгай йæ ных къуырццытæ кæнынц. Ацы хъазты сывæллæттæ сæхи ирхæфсынц, ахуыр кæнынц цырддзинадыл. МÆ ДЗЫХЪХЪЫ БИЦЪАТÆЙ ХЪАЗТ Сывæллæттæ æртæйæ дæсмæ иумæ хъазынц афтæ: сæ аст- æу скæнынц стыр дзыхъхъ, йæ диаметр иу метры æртыккаг хайы бæрц. Стыр дзыхъхъы алыварс, цал сывæллоны сты (нымайынц иу хъаджджынæй), уалæй фæйнæ дзыхъхъы скæныиц, сывæллон 135
йæ къахы зæвæтæй кæм лæууа, кæнæ йæ къахы риуæй, ахæм. Дзыхъхъæй йæ къах куыд нæ фæхицæн уа, афтæмæй йæ иннæ къахæй та стыр дзыхъмæ куыд басанчъех кæна, лæдзæджы фындзæй та дзыхъмæ куыд аххæссой, афтæ. Уый уымæн æмæ хъаздджытæй иумæ вæййы къори, фæхъавы, цæмæй йæ къори стыр дзыхъхъы цæппара, уымæ, уыдон та сæ лæдзджыты кæрæттæ стыр дзыхъхъы дарынц æмæ къорийы уырдæм нæ уадзынц, фæстæмæ къуырынæй йыл нæ ауæрдынц. Афтæмæй æнæсæрæн чи вæййы, уый слæхъхъуг кæнынц къорийы фæстæ разгъор-базгъорæй. Сæрæн чи вæййы, уый уайтагъд йæ къори цæппары стыр дзыхъхъы. Уыцы сахат стыр дзыхъхъы алыварс чи фæлæууы, уыдон хъуамæ раивой алчи йæ рахизырдыгæй чи лæууы, уыцы дзыхъмæ, æмæ уыцы сахат къори æппарæг хъуамæ йæхи бакæ- на уыцы дзыхъхъытæй иу. Уæд æнæ дзыхъхъæй чи аззайы, уый райдайы къори æппарын, йæ лæдзæг ратты, дзыхъхъ чи æрцах- ста, уыцы фыццаг къори æппарæгæн. Хъазгæ-хъазын стыр дзыхъхъы алыварс лæуджытæй æнæ «мæ дзыхъхъы бицъа», зæгъгæ, йæ дзыхъхъæй йæ къах чи фæцух кæна, уымæн ахсæн ис къори æппарæгæн, фæлæ «мæ дзыхъхъы бицъа» куы зæгъа, уæд ын иуварс ацæуæн дæр ис, æрбацæуæн дæр фæстæмæ йæ дзыхъхъы æрлæууынмæ. Афтæ фæхъазынц, кæдмæ сæ фæфæнды, уæдмæ. Хъазтæн йæ пайда уый у æмæ къори дзыхъмæ нæ уадзгæйæ сабитæ ах- уыр кæнынц цырддзаст уæвыныл, стæй цырдгæпп кæныныл иу дзыхъхъæй иннæ дзыхъмæ. МУДИКЪОСТÆ Кизгуттæ æримбурдунцæ. Йеуи искæнунцæ робас, йеуи — мадæ, йеуи — кизгæ, иннетæ ба фæуунцæ къостæ ма син хуæ- руйнаги нæмттæ фæууй. Мадæ кизгæн фæзæгъуй: — Æз цæун туканмæ, кенæ куройнæмæ. Дуар ма райгон кæнæ макæмæн,— ’ма рандæ уй. Кизгæмæ робас æрцæуй «май» басайуй: — Дæ мадæн куройни рази æ къах басастæй, кенæ: тукани берæ цидæртæ балхадта ’ма сæ нæ фæразуй ’мæ дæмæ дзоруй. • Кизгæ рандæ уй. Робас ба мудикъости рафæрсуй: — Ду циуавæр къос дæ? Йæ зæрдæмæ ка бацæуй, они радавуй (æ хæццæ сæ фæххо- нуй). Кизгæ мадæмæ нихъхъæртуй. Мадæ имæ фæххилæ кæнуй: 136
— Иести ку фæгъгъæуа, уæд дæ нæмгæ кæндзæнæн. Æрцæунцæ. Мадæ куы фæйинуй фæгъгъудæй къостæй, уæд кизгæмæ фæххилæ кæнуй, уæдта робасмæ фæццæунцæ. Робас къостæ банимæхсуй. — Нæ мудикъостæ дæумæ нæ ’нцæ? — Нæ ’нцæ. Мудикъостæ нирдзæф кæнунцæ. — Йетæ ба ци ’нцæ? — Миститæ мин мæ тæбæгътæ ракалдтонцæ,— зæгъуй ро- бас. — Мадта дæ къæразæ раигон кæнæ. Еу къох сесуй, уæдта иннæ. Мадæ ма кизгæ медæмæ бак- æсунцæ ’ма сæ фæйинунцæ. Къоста сæ къохтæ нилхъевунцæ йеумæ. Мадæ ма сæ кизгæ æфтаунцæ. Ке рафтаунцæ, йетæ сæхемæ фæххонунцæ, иннет ба — робаси. ТЫЧЧЫЙÆ ХЪАЗТ Тыччытæ сты чысыл, тымбыл, лæгъз дуртæ, сæ диаметр иу сантиметр. Тыччыйæ хъазынц чызджытæ. Хъазджытæ æппа- рынц хæлттæ æмæ кæй хал схауа, уый райдайы хъазт. 1. Тыгъд нымæтыл хъазджытæй иу йæ рахиз къухæй æрка- лы тыччытæ. Иу тыччы сисы, хæрдмæ йæ уæлдæфы сæппары, цалынмæ уый фæстæмæ хауа, уæдмæ, нымæтыл цы тыччытæ ис, уыдонæй иу фелвасы æмæ уырдыгмæ хауæг тыччы рацахсы. Стæй та йæ къухы цы дыууæ тыччыйы ис, уыдонæй иу сыхсы уæлæмæ, нымæтæй та æндæр тыччы фелвасы æмæ, чи ’рцæйхауы, уый дæр та ацахсы. Афтæмæй йæ иу къухы сæмбырд кæны фондз тыччыйы дæр. 2. Дыккаг калд ракæны тыччытæ нымæтыл. Иу дзы сæппа- ры хæрдмæ, бинæгтæй дыууæ фелвасы æмæ уыцы иу рæстæг ацахсы хæрдмæ кæй сæппæрста, уыцы тыччы дæр. Уый фæстæ фелвасы иннæ дыууæйы æмæ та йæ къухы æрæмбырд кæиы фондз тыччыйы дæр. 3. Æртыккаг калд акæны тыччытæ. Фыпцаг уал фелвасы иу тыччы, стæй та — æртæ иумæ. 4. Цыппæрæм хатт ракалы. Иу тыччы уæлæмæ сæппары, цып- пар иумæ фелвасы æмæ уæлейæ хауæг тыччы рацахсы. Уый фæстæ фондз дæр иумæ æмбырдæй хъавгæ, куыд нæ ныххæлиу уой, афтæ рог хæрдмæ сæппары æмæ сæ йæ уæлармæй ацахсы. Ногæй та сæ сæппары хæрдмæ æмæ сæ ахсы уæлейæ бынмæ йæ армæй. 137
5. Хъазæг та ногæй апырх кæны тыччытæ нымæтыл. Йæ галиу къухы хистæр æнгуылдз æмæ амонæн æнгуылдз къæлæтгонд акæны, æрæвæры сæ нымæтыл (цыма дуар у, афтæ). Хъазджытæй исчи бацамоны, хъазæг къæлæтгондыл фæстаг кæцы тыччы батæрдзæн, уый. (Ууыл, хъуамæ, ма бан- дзæвой иннæ тыччытæ къæлæтмæ цæугæйæ). Тыччытæй иу сисы, хæрдмæ йæ сыхсы, цалынмæ уый фæстæмæ хауы, уæдмæ хъазæг архайы «дуарыл» нымæтыл цы тыччытæ ис, уыдонæй иу фæмидæг кæныныл, уый размæ бæрæггонд тыччы ма бахъыгдаргæйæ, æмæ уæлейæ хауæг тыччы ацахсы. Фæстагмæ цы тыччы тæры, уый «дуарыл» батæрын хъæуы уыцы иу æппæрстæн, æндзæвдæн. Ахæм амалæй «дуарæй» бамидæг кæнын хъæуы цыппар тыччыйы дæр. Уый фæстæ тыччытæ мидæмæ тулы дыгæйттæй, стæй та иу хицæнæй, æртæ — иумæ. Стæй та цыппар иумæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ хъазджытæ райдианы баныхас кæнынц хъазты уагæвæрдыл: ома исты ивддзинæдтæ дзы уыдзæн, кæй онг хъазынц æмæ а. д. Алы хъазæг дæр архайы лæмбынæг хъазыныл, куыд нæ фæкъуыхцы уа, афтæ. Куыддæр фæкъуыхцы вæййы, афтæ хъазын райдайы иннæ. ЧЫНДЗЫТÆЙ ХЪАЗТ Гыццыл чызджытæ райсынц дыууæ къæцæлы: иу — даргъдæр, иннæ та — цыбырдæр. Дзуарæвæрд сæ æркæнынц æмæ сæ æндахæй бафидар кæнынц. Райсынц æгънæг, урс хæцъилы гæппæлы йæ æрбатухынц æмæ та æндахæй дзуарæфтыд сара- зь’шц, стæй йæ бафидар кæнынц дзуарбаст къæцæлтæй даргъ- дæрыл. Уыцы æгънæг вæййы цæсгом. Дарддæр райсынц хæцъилы гæппæлтæ æмæ сæ чындзæн саразыиц фæлыст. Хуыдтой разгæмттæ, къабатæ, гоппытæ, дзабыртæ. Арæзтой нæлгоймаг- чындзытæ дæр. Уыдонæн хуыдтой гыццыл бухайраг худтæ, цухъхъатæ, куырæттæ, арæзтой чысыл нымæттæ. Хæдзары искæцы къуымы гыццыл чызджытæ сæхицæн ар- æзтой хистæрты фæзмгæйæ цæрæнуæттæ. Уыди сæм чысыл уæрдæттæ, авдæнтæ, фынгтæ, тъахтинтæ, сынтæджытæ. Чыз- джытæ сæ хъазæн сынтæджытæн, авдæнтæн хуыдтой гобæттæ, хъæццултæ, базтæ. Аив кодтой сæ чындзы уæттæ. Сывæллæттæ арæзтой «чындзхаст», авдæны бастой сæ чындзыты, зарыдыс- ты сын, сæ хъазæнтимæ ныхас кодтой, сæ митæй, сæ архайдæй фæзмыдтой хистæрты. 138
ГÆДЫ ’МÆ МЫСТÆЙ ХЪАЗТ Сывæллæтты къорд ныххæцынц кæрæдзийы къухтыл, аива- зынц сæ æмæ зиллаккæй æрлæууынц. Уыдонæй иу вæййы мыст, иннæ та — гæды. Мыст сывæллæтты къухты бынты разгъор- базгъор кæны, куы зиллаччы мидæг фæвæййы, куы æддæмæ алидзы. Гæды йæ суры йæ фæд-фæд, хъавы йæ ахсынмæ. Куы йæ ’рцахсы, уæд та æндæр дыууæ, кæй рад уа, уыдои рацæуынц æмæ афтæмæй кæрæдзи ивгæ фæхъазынц. Кæд сæ зиллакк стыр уа, уæд вæййы цалдæр мысты æмæ уыдон ахсæг гæдытæ. Æгъдау у радыгай, фæлæ, кæй фæнды, уыдон дæр рацæуынц хъазынмæ. ЧЪОППÆЙ ХЪАЗТ Хъазджытæй алкæмæ дæр вæййы лæдзæг æмæ рæнхъ слæу- уынц. Алчи дæр дзы йæхицæн иу чысыл дзыхъхъ акъахы, йæ зæвæт кæм нывæра, ахæм. 8—10 сантиметры дæргъæн хъæды лыггаг. Рæнхъ лæуджытæ æхсынц хъæды лыггаг. Кæд æй акъуы- рой, уæд, губакк чи скодта, уый тындзы, лыггаг куыд уыд, афтæ авæрынмæ, æмæ, йæ лæдзæгмæ йæ бынатæй чи разгъордта, уый уæгъд бынат бацахсынмæ. Кæд бынат бацахса, уæд иннæ баз- зайы лыггаг æвæрæгæй. УЕСИ СÆРТИ ГÆПГÆНÆНТИ ГЪАЗТ Къуар кизги (гъазунцæ биццеутæ дæр, уæдта йеумæ дæр) æрлæуунцæ. Йеу йеске райсуй идаргъ бæндæп кенæ ба уес. Къуари астæу æ уеси хæццæ ислæууй ма й’зæихæбæл, сувæллæнттæй йеске къæхтæбæл куд фæууа, уотæ зелуй. Сувæллæнттæй алке дæр уес æ размæ ку бахъæртуй, уæд ибæл куд нæ бамбæла, уотæ хæрдмæ исгæпп кæнуй мæ уес æ къæхти буни рандæ уй. Кæд ибæл къахæй ниллæууа, уæд, ка зелуй уес, уой хæццæ сæ лæууæитæ йевунцæ. 139
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Ирон æфсарм... Ирон æфсармыл, дам, дæ дæлфадæйкуы æрлæууай, уæд дæ уæлфадæй скæсдзæн. Æрлæууыдыстæм ыл. Æгæр дæр ма. Æмæ скаст, сныхсти нæ. Æнæ бакæнæг, мæну зæгъæг кæмæй нал ис, ахæм æнæхæдза- ры хъысмæтау рауад нæ хъысмæт — нæхицæй дæр нал стæм, æндæртыл дæр нæма баныхæстыстæм бурæмæдзы ныхæстæй: ирон фæныкæй ма нæ уæзæгыл цыдæртæ аззад... Иу цыбыр дзырдæй, хъеллау, дзедзырой кæнæм цыппар фæндаджы бæстастæу. Фæлæ ма уæддæр æмæ уæддæр нæ былалгъæй сидæм, кувæм ирон фыдæлтыккон æфсарм, æгъдау, цардвæтк раздахынмæ. Бынтон дзæгъæлы цыма... Уымæн æмæ æппæт дæр — æгъдауæй зæгъай, æфсармæй, иугуыр фарнæй — æппæт дæр адæймагæй аразгæ сты. Царды сæ чи уадзы æмæ сыл æрвылбон фидар чи хæцы, æнæ уыдон йæ цард царды ад кæмæн нæ кæны, æнæ уыдон йæ лæджы ном, йæ ирон кад æмæ намыс бынтыбыны сæфтыл чи нымайы, ахæм адæймагæй. Æмæ уыцы нæртон адæймæгтæ та, уыцы ирон адæм та, уыцы ирон дзыллæ та нал ис, нал! Рæстæджытæ аивгъуыдтои, замантæ бындуронæй аивтой. Фыдæй фыддæр рæстæджытæ æмæ замантæ. Æмæ нын семæ историйы хъоргъмæ ассывтой нæ дзыллæйы номхæссæн лæгты — ирон тугдадзин фыдæй фыртмæ чи хæццæ кодта, уыдоны. Афтæмæй та æрмæст сæ уынд, сæ бакаст, сæ цæстæнгасы æууæлтæ дæр лæджы аргъ уыдысты — мæнæ абон уымæн уæхæдæг, айдагъ къамтæм кæсгæйæ дæр, æвдисæн... Лхæм лæгтæй сомы кодтаид сызгъæрин Уастырджи дæр, лæджыстæн, зæгъгæ, æндæр... Æндæр мах та, мах фæлтæр та... Мах фæлтæр та — фæскомцæдисы æмæ компартийы буц хъæбулты фæлтæр та — кæд цыфæнды зæронд кæнæм карæй, уæддæр не ’хсæнæйхистæртæ не ’нтысы — ирон намыс æгъдау- имæ хæссæг æмæ йæ фæсивæды зондахасты тауæг хистæртæ. 140
Цы нæм ис ирон æнгæсæй, уый та у бутафори, æнарæхст срæзмæгой митæ, нæ фæлывд советон тугæн æцæгæлон хъуыддæгтæ, Фæлæ Дунескæнæг æмæ адæмы Сфæлдисæг Хуыцауæн зын- архаидæй ницы ис. Æмæ цæугæдон йæ рагвæд куыд фæагуры æмæ йæ боныфæстагмæ куыд ссары, афтæ та кæд ирон адæм дæр сæ кæддæры фарны ауæдзыл бамбæликкой. Нæ рухс дзæнæты бадинаг сæрыстыр æмæ домбай фыдæл- ты фæндиаг. Гусалты Барис 141
Галаты лæппу Петр. Черпоярскæйы хъаллæйæ (станицæйæ). 142
Лцы лæппу-лæг чи у, уый бæлвырд пæу. 143
Датиты æвдакат Гадзыбе (Хъазыбег). Къам ист у 1907 азы, Тифлисы. У Хохы Карцайаг. 1937 азы йæ байсæфтой. 144
Æфсæдлон лæппу у Тугъан(а)тæй, Хæчъассæ. Йе ’мбал бæрæг пæу. Ю Махдуг№2, 1999 /45
Цереккаты æфсымæртæ. Дзипка (бады) æмæ Батырбег. 146
Черджиаты æфсымæртæ, урс уæлдзармхудты. Темырболат (бады), Иналыхъ (лæууы). Иннæтæ номæй-номмæ бæрæг пæма сты. Иууылдæр архайдтой 1900 азы ирон фæсивæды гастрольты Германы. 147
Уæлгъипскæйæгтæ. Разæй бады Дзантиаты А. Астæуæй бадæг чи у, уый бæрæг нæу. Бадджытæй æртыккаг у Мамыкъаты Мысыма. Аæугæ чп кæпы, уый дæр пæма зонæм. 148
/\зантиатæ. Никъалайы фырт Сергей, Калугæйы горæты банчы директор; Адылджери (лæууы) — æфсæддон топограф; Барис — дохтыр. 149
Сапаты Тасолтаны фырт Елхъап. Æфсæддоп дохтыр. Японимæ хæсты архайæг. Брутаг. 150
Турчы хæсты хъæбатырæй архайæг Æхсараты Сахъмырзæ. Зилгæйаг. 151
Гуыбиаты Гæкка (?), Уæллаг Санибайæ. 152
1 I I 153
НЕ ’ВЗАГ - НÆ ХЪЫСМÆТ ДЗИЦЦОЙТЫ Юри ИР0НЭТИМ0Л0ГИТÆ(1) Дунейы зынгæдæр иранисттæ В^ Миллер, Абайты Васо, Г. Бейли, Э. Бенвенист, Р. Бильмайер æмæ æндæрты зæрдиаг куысты фæрцы ирон æвзаджы лексикæйы истори у иттæг хорз иртæстгонд. Фæлæ нырма дзæвгар сты, йæ равзæрд бæрæг кæмæн нæу, кæнæ дызæрдыггаг кæмæн у, ахæм дзырдтæ. Уыдонæй æрдзурдзынæн дыууæйыл. В. Миллер æмæ Абайты Васо куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй рагон ирайнаг мырп ирон æвзаджы æдзухдæр дæттыф. Æрмæст иу фонетикон позицийы уæвгæйæ, рагон ирайнаг п ирон æвза- джы лæвæрдта п — уый фындзон фонемæ м-йы фæстæ позици (зæгъæм, дзырд «рæмпæг»). Иннæ ирон дзырдты фонемæ п куы уа (геминатæ пп нæ нымайгæйæ), уæд уыцы дзырд у æндæр æвзагæй æрбайсгæ. Ацы фонетикон закъон афтæ фидар у, æмæ, зæгъæм, ирон дзырд æнгæс ирайнаг дзырдтимæ абарын куы фæкомы, фæлæ дзы фонемæ п куы вæййы, уæд æрмæст ацы аххосагмæ гæсгæ дзырды ирайнаг этимологи рæдыдыл нымад æрцæуы. Афтæ у, зæгъæм, мивдисæг «пирын»-ы хъуыддаг (кæс: Абаев В. И. Ис- торико-этимологический словарь осетинского языка. Т. 2, с. 242). Æмæ уæдæ ирон æвзаджы нæй, п-йæ чи райдайы, иунæг ахæм оригиналон дзырд дæр. Абайты Васо ноджы бафиппайдта, зæгъгæ, сæ равзæрдæй идеофонтæ чи сты, ахæм ирон дзырдты мидæг цы п ис, уый æнæаивгæйæ æрхæццæ рагон ирайнаг æвзагæй. Зæгъæм, дыгу- рон пухцæ йæ равзæрдæй баст у рагон ирайнаг «пухти»-имæ «с ’идеофоническим сохранением п (Абаев В. И. ИЭС, с. 244). Уасойы хъуыды мæм иттæг раст кæсы, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, ирайнаг п ирон æвзаджы æнæаивгæйæ кæм баззайы, ахæм цæвиттонтæ фылдæр сты — уыдон сты мырфæзмæн, экспрес- 154
сивон æмæ буцгæнæн-рæвдауæн дзырдтæ. Дæлдæр цы дзырдты кои^сæнын, уыдонæй иу у тыхджындæргæнæг (пиллон), иннæ та — буцгæнæн-рæвдауæн. Ацы дзырдтæн сæ этимологитæ бæрæг нæма сты. Цы фонетикон миниуджыты кой ракодтон, уыдон нæ зæрдыл куы дарæм, уæд сын ис радтæн ирайнаг эти- мологитæ. ПИЛЛОН (дыгуронау ПЕЛОН//ПЕЛЛОН). Ацы дзырд амо- ны артæн йæ рæзгæ-тыхджындæргæнгæ хуыз æмæ уымæй дæр бæрæг у, экспрессивон дзырд кæй у, уый. Кæройнаг он у суф- фикс. Уидаг пилл равзæрд умлауты руаджы рагондæр формæ «парйа»-йæ, мæнæ дзырдиннæ рагон ирайнаг «анйа»-йæ куыд равзæрд, афтæ (кæс: Абаев В. И. ИЭС т. 1, с. 545). Æнгæс умлаутыл ма æмбæлæм дзырд «мидæг//медæг»-ы дæр — уый равзæрд рагон ирайнаг «мадйа»-йæ (Абаев В. И. ИЭС, т. 2, с. 114—115). Мырон къорд «рй» ирон æвзаджы дывæргонд «л» кæм радта, ахæм цæвиттон дæр хорз зындгонд у: этникон тер- миналлон равзæрд рагон ирайнаг «арйа»-йæ (Абаев В. И. ИЭС, т. 1, с. 47). Этимон «парйа» йæхæдæг арæзт у рагон ирайнаг суффикс «йа»-йы руаджы. Уæдæ историон æгъдауæй нæ дзырды уидаг у элемент «пар». Амæн нæй фæхицæнгæнæн славяйнаг «пол»- æй, æмбæлы цалдæр уырыссаг дзырды: полымя (йæ рагондæр хуыз уыди «цолмен»), пламя, полено, палить, пепел, ардæм ма хауынц литвайаг пеленаи «фæнык» æмæ æндæртæ (Фасмер М. Этимологический словарь русского языка. Т. 3, М., 1987, с. 273, 237). Рагон индоевропæйаг хъæлæсонтæ а, о æмæ е ирайнаг æвзæгты баиу сты иу хъæлæсон а-йы мидæг, рагон индоев- ропæйаг æмхъæлæсонтæ р æмæ л та — иу æмхъæлæсон р-йы мидæг. Ома славяйнаг (æмæ индоевропæйаг) уидаг «пол» ра- гон индоирайнаг æвзæгты æнæмæнгæй хъуамæ радтаид «пар». Ирон пиллон æмæ уырыссаг полымя канд сæ равзæрдæй нæ иу кæнынц, иу ма у сæ семантикæ дæр. Абар уырыссаг æмбисонд: из огня да в полымя. Ам«полымя» амоны арты тыхджын хуыз, ома цырын арт. Уырыссаг æмбисонд йæ ны- саниуæгмæ гæсгæ æввахс лæууы ахæм ирон æмбисондмæ: «тæдзынæгæй — цыхцырæгмæ», ома иу зын уавæрæй но- джы зындæр уавæрмæ бахауын. Æнгæс нысаниуæг ис дзырд «пламя»-йæн дæр. Абар миногон пламенный, ома «сильно и ярко пылающий», «очень пылкий, страстный, сильный» (Ожегов). Ам эпитеттæ «сильно» æмæ «очень» амонынц дзырдæн йæ хъæддых нысаниуæгмæ. 155
Куыд уынæм, афтæмæй ирон «пиллон»-æн нæй фæхицæнгæнæн йæ славяйнаг æмæ балтиаг «æрвадæлтæй». Фæлæ ирон дзырдæн индоирайнаг параллельтæ кæй нæй, уый аххосæй растдæр уаид афтæ хъуыды кæнын: дзырд «пиллон» хауы скифаг-европæйаг изоглоссæтæм. Кæронбæттæны æнæзæгъгæ нæй ноджыдæр иу хъуыддагæн. Ирон æвзаджы ис нæ дзырдæн йæ омоним дæр — пиллон (ды- гуронау пелуан // пелиуан): пиллон гуымирытæ, пиллон уæ- йыг. Абайты Васо раст раиртæста ацы дзырды равзæрд: уый у æрбайсгæ дзырд æмæ баст у персаг пахлаван, тюркаг пæхли- ван, пæлван «герой, силач»-имæ (Абаев В. И. ИЭС, т. 2, с. 240). Ардæм ма, æвæццæгæн, хауы, йæ равзæрд бæрæг кæмæн нæу, ахæм уырыссаг дзырд «пелун» — «насмешливое прозвище слишком толстых людей» (Фасмер М. Ук. соч., т. 3, с. 230). ПЫСУЛ(ТÆ). Дзырды сæйраг нысаниуæг у «уæлæдарæс». Кæройнаг «ул» æнæмæнгæй у æнæпродуктивон рæвдауæн- буцгæнæн суффикс. Ацы суффиксы фæд æндæр дзырдты (хъæбул, бæдул) ссардта Абайты Васо (Абаев В. И. Избран- ные труды. Т. 2. Владик., 1995, с. 364—365). Бæрæг у, дзырд пысул(тæ), æмтгæй райсгæйæ, буцгæнæн-рæвдауæн кæй у, уый. Уый та ууыл дзуры, æмæ дзы разæй цы п ис, уый ацы дзырдæн йæ ирайнаг равзæрды ныхмæ нæу. Уидаг «пыс» æнæмæнгæй баст у ахæм ирайнаг дзырдтимæ: таджикаг пушидан «покрывать», персаг пуш «одеяние, одеж- да», пушак «одежда, платье», пушидан «надевать, носить (одежду)» (Персидско-русский словарь. Т. 1, М., 1985, с. 314, 315), афгайнагпошак «одежда, платье», вахайнаг’пушок «одеж- да». Куыд уынæм, афтæмæй дзырд пысул у уæлæдарæсы ирон нæмттæн сæ оригиналондæр æмæ рагондæртæй иу. 156
ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ къогъодзи НАЦИОНАЛИСТ (Бæдоаты Ростиславы ныхæстæй) Дæбе æмæ Ростислав поезды цыдысты Мæскуымæ — дыу- уæбынатон купейы. Дæбемæ ирон арахъхъ уыди, Ростиславмæ та — уырыссаг. Нæ фæндагæн бакувæм, зæгъгæ, анызтытæ кодтой раздæр уырыссаг арахъхъ, стæй та иронæй. Дыккаг бои сæ сæртæ куыннæ рыстаиккой, æмæ Дæбе дзуры йæ кæстæрмæ: — А нæхи арахъхъ националист у, уырыссагимæ йын бафи- дауыны хъомыс нæй. Фæлæ хибарæй ахъаззаг у. Рауадз-ма дзы, Ростик,— нæ сæртæ нын адзæбæх кæна. СЫХÆГТЫ Усикъо ДЗОТАЙЫ ЦАРЦИАТÆ Дзотайæн йе ’мбал Хъанцау дæр йæхи хуызæн хуыскъаст- æу уыд, æмæ сæ иу циндзинад, иу мæрдадзы хъуыддаг æнæ сæмбæлгæ нæ ирвæзт: рухс зæгъын кæм хъуыд, уым рухсаг ма загътаиккой, оммен зæгъын кæм хъуыд, уым та «Оммен, Хуы- цау», уымæн уæвæн нæ уыд. Фæлæ иуахæмы Хуыцау ныддæлæ- уæлæ кодта, æмæ Хъанцау кæйдæр куывды цайцымæнтæй цалдæр куы фæдæле ласта Чермеыы цæссыгæй, уæд цæмæидæр фæстаг нуазæнæй ферхæцыд — йæ уæгъд хъуыры аирвæзт. Æмæ дæ фыдгул афтæ — нал сулæфыд. Иæ фæстаг балцы фæндагыл ын исчи фæндарасты ныхас куы зæгъид, зæгъгæ, йæ сыхаг Гæбисмæ куы ’рхатыдтой, уæд æнæбарыгомау бацыд Хъанцауы табæты размæ æмæ, йе ’ргом мæрддзыгойы адæммæ раздахгæйæ, загъта: — Зианыл хъыггæнæг хорз адæм! Гъеныр амæй цы загъдæуа? — амоны табæтмæ.— Ницы. Сисут æмæ йæ ахæс- сут! — ауыгъта йæ къух. 157
Дзота æнæуи дæр магусайæ цæлуарзаг уыд, фæлæ куы фæкарджын, уæд бынтондæр йæхи ауагъта. Иудадзыгдæр йæхи хуыссæнмæ ласта æмæ йæ туг бынтондæр ныммард. Афæдз, дыууæ азы йæм рынчыны кастæй кастысты бинонтæ, фæлæ дзы фæстагмæ сфæлмæцыдысты. Гæнæн куы нал уыд, уæд сау- джынмæ бацыдысты æмæ дзы ракуырдтой, куыд æй фена, афтæ. Æрбацыд сауджын æмæ загъта: — Уырдыгхъæдæй ныгæнинаг у! Фæдзырдтой сыхбæстæм æмæ йæ уæлмæрдтæм фæхæссынц. Дзота раздæр ницы дзырдта, фæлæ уæлмæрдты цыртытæ куы ауыдта, уæд адæмы фæрсы: — Кæдæм мæ хæссут, кæ? — Ныгæнынмæ? — Удæгасæй? — Ныхъхъус у! Цæй удæгас ма дæ ды: сауджынæй йæ хуыздæр зоныс? Уæдæ Дзотайæн йæ хæдзар дæр цас рæвдзытæй уыдаид. Æмæ йæ уæлмæрдтæм хæссынмæ куы хъавыдысты, уæд æй найынц, йæ уæлæ йын сыгъдæг дарæс скæнæм, зæгъгæ. Æмæ сæ иу иннæйы фæрсы, чи йæ надта, уыдонæй: — Æмæ сæм цымæ аназинаг ницы уа? — Цы сæм уыдзæн? — йæ къух ауыгъта иннæ. — Æцæг æви? Æмæ уæд цы радæргъ? — найæг йæ къухтæ асæрфта æмæ марды йæхи бар фæуагъта. ÆЗДÆНДЫ КЪУЫЛЫХ ДЗЫНГА Цалдæр æрыгон фыссæгæй иу нозтуарзаг хицауы дæлбар куыстой. Куы-иу фæсыкъадзæф, уæд-иу æй раст се ’ккойы хæссæгау кодтой радыгай. Иуахæмы Хуыгаты Сергейы рад дæр æрхаудта. Æмæ хи- цауы зæрдæмæ нæ фæцыд, Сергей йæ куыд хæссæгау кодта йе ’ккойы, уый: — Иннæтæ мæ уыцы дзæбæх лæгъз фæндагыл фемпъухынц, фæлæ мæ ды дзыхъхъытæ æмæ къуыппытыл цы хойыс? Ацы 158
тæккæ сахатыл мæ тæккæ бын курдиат ныффысс æмæ ахъуыт- ты у дæ куыстæй! — Омæ æз йед... Æз къуылых дæн, йарæбийы хъуыддагæн... Æмлæгъз цæуын мæ бон нæу, æнæцудгæйæ! Расыг хицауæн уый худæджы хос фæцис: — Мæн къуылых дзынга нæ фæразы! РАЗÆФТУАН «НЫ» Джусойты Нафи ахуыргæнæгау дзуры Ходы Камалæн: — Разæфтуан «ны»-йы нысаниуæг афтæ амоны, æмæ ар- хайд уæлейæ дæлæмæ кæй цæуы. Зæгъæм: ныггæпп кæнын, нызгъорын, ныццæуын, ныддасын... Уæд ын Камал афтæ: — Æмæ зарæг куы ныццæлхъ ласæм, уæддæр æй исты цъаймæ искæдæм ныццæлхъ ласæм?!.. ДЫУУÆ ФЫССÆДЖЫ Дыууæ фыссæджы сæ радзырдтæ «Мах дуг»-мæ бахастой. Прозæйы хайады редактор Гусалты Барис сæ бакаст: сæ дыу- уæ дæр лæмæгъ уыдысты, фæлæ дзы уæддæр иу журналы рауа- дзыны фæнд скодта. Кæй радзырд аздæхта, уый йæ фæрсы: — Уымæн мæнонæй хуыздæр фыст у? — Нæу. — Уæдæ йæ уымæн мыхуыргæнипаг куы дæ, мæнæн та... — Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ды, кæд æрыгон дæ, уæддæр искуы хуыздæр ыыффыссай, уый мæ нæ уырны. Уый та ахæм зæронд лæг у, æмæ, цыма, æппындæр никуал ницы ныф- фысдзæн... 159
Учредителш СП РСО-А и коллектив редакции Сдановнабор 24.02.99. Подписанов печать 15.02.99. Формат издания 60х84У16 Бум. тип. № 1. Гарнитура шрифта Муг1. Печать офсетная. Усл. п. л. 9,3. УчетНо- изд. л. 7,85. Заказ № 3120. Тираж 1150 экз. Адрес редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журнал набран, сверстан и отпечатан на Республиканском издательско-полигра- фическом предприятии им. В. А.' Гассиева, Комитета РСО-Алания по печати и информации, 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. ©Махдуг№2,1999