Текст
                    Дзуццаты Хадзы-Мурат
БÆРНДЗИНАД
У А Ц Т Æ
РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН»
ЦХИНВАЛ 1976


А В Т О Р Æ Й Ацы æ.мбырдгонды уацтæн сæ ныф- фыссыны рæстæг у дæс азæй фыл- дæр, сæйраджыдæр хауы 60-æм аз- тæм. Æз сæм ивындзинæдтæ нæ ба- хастон, æрмæст сæ ранæй-рæтты фæцыбыртæ кодтон. Уадз алы уац дæр дзы æвдиса, йæ ныффыссыны рæстæджы мæм хицæн автортæ, хи- цæн уацмыстæ æмæ литературæйы иумæйаг фарстыты тыххæй чи уыд, уыцы æмбарынад æм.т фæлтæрддзи- над. Уацтæн дæр ис сæхи «истори» æмæ йæ ныр куы ивон, æндæрхуы- зон æй куы кæнон, уæд уый раст нæ уыдзæп.
/ БÆРЗОНД, ÆГЪУЫСТАГ 7ЕМÆТÆ
РЕВОЛЮЦИЙЫ ЗАМАН — НÆ УДЫ ХЪÆЗДЫГДЗИНАД Революцийы заман, 1917 æмæ 1921 азты тохты заман ирон адæмы историйы даргъ, уæззау, тугхъулон фæндаг- ыл зыны бæрзонд æмæ номхæссæн хохау." Бирæ æнусты дæргъы, суанг монголты ныббырстæй фæстæмæ, Кавка- зы хæхты астæу дунейæ иппæрд уæвгæйæ, йæхимидæг цъæх арт уадзгæйæ, ирон уды хъару революцион «Авро- рæ»-йы гæрæхтæм йæ бындзарæй нынкъуыст æмæ пара- хатæй сыргом кодта йæхи. Æрцыд рæстæг, феодалон дуджы нæ бæгъатыр гуыппырсартæ Хазби, Чермен, Тай- мураз цы сæрибарыл сагъæс кодтой, Мамсыраты Темыр- болат æмæ Хетæгкаты Къоста цы национ иудзинад æмæ хæдбардзинадмæ тырныдтой, уый сæххæст кæнынæн. Сæ фыдæлты зæххыл сын ^уыдзæн лæджы бынат, нæртон кад, нæргæ цард — аф’тæ бамбæрстой революцийы заман ирон адæм, сæ риуæмбæрц рацыдысты æнусон социалон æмæ национ æфхæрды ныхмæ. Ирон адæмы ’хсæнæй ра- цыд бирæ æцæг адæмон фæтæгтæ, рæстдзинады сæрхъы- зойтæ: Цæголты Геуæоги, Санахъоты Сеоо. Бутаты Хъазбег, Дзадтиаты Алыксандр, Тæкъоты Симон, Коза- ты Разден, Мамсыраты Саханджери... Æмбæстагон лæ- джыхъæд, ныфсхастдзинад æмæ намысыл кæм æрхауы ныхас, уым кæддæриддæр нæ цæсты раз, æвæджиау цæ- виттонтау, сыстынц сæ рухс фæлгонцтæ. Уыдон афтæ арф æмæ алыфарсонæй баст уыдысты сæ адæмимæ, æмæ сын ирдæй æвдыстой се ’ппæт миниуджытæ дæр, се ’ппæт домæнтæ дæр, сæхи удау зыдтой æмæ уарзтой ирон фи- дауцджын æгъдæуттæ, ирон национ культурæ æмæ йæ хъаймаг хотых — ирон æвзаг. Уыдон уыдысты Ренессан- сы аккаг удгоймæгтæ, тъымы-тъыматæм зарæггаг æмæ кадæггаг. Ирон литературæ — нæ адæмы уды культурæйы ахъаззагдæр инструмент — кæддæриддæр йæхи нывонд кодта нæ адæмы хъысмæты иууыл ахсджиагдæр историон 5
цаутæн, фæфæлдæхтытæн, проблемæтæн. Æмæ револю- цийы ралæудæй ирон литературæйæн йæ сæйраг мæт, йæ зæрдæсудзгæ сагъæс сси революцийы заман — хъайтарон æмæ трагикон заман. Революци иу кæнæ иннæ хуызы бахъардта алы ирон фыссæджы сфæлдыстадмæ дæр. Революцийы дугыл сæ- хирдыгонау сæ ныхас загътой Брытъиаты Елбыздыхъо, Коцойты Арсен, азтæй сæ æрыгондæр чи уыд, уыдон. Нигер æмæ æндæртæ. 1917 азæй фæстæмæ, иунæг ирон фыссæджы сфæлдыстадæн дæр, æгæрстæмæй комкоммæ йыл чи нæ фыста (Къубалты Алыксандр, Æрнигон Илас æмæ æндæртæ), уыдонæн дæр бамбарæн нæй æнæ рево- люци. Ирон литературæмæ æрбацыд ног типы фысджытæ. Уыдон сфæлтæрдтой, слæгтæ сты революцийы цæкæры, хайад истой мæлæтдзаг тохты æмæ удуæлдай ныббырс- тыты. Уыдон, зынгзæрдæ коммунисттæ, курдиатджын фысджытæ, тынг хорз æмбæрстой ног дуджы ног кому- лæфт, ног адæймаджы ног зæрдæйы уаг. Уыдон литера- турæмæ æрбацыдысты, Ленины загъдау, «æфтиаг æмæ карьерæйы тыххæй» нæ, фæлæ сæ адæмæн лæггад кæны- ны тыххæй, сæ адæмы хæхты къуындæг цъассытæй дуне-; йы уæрæх аренæмæ ракæныны тыххæй. Барахъты Гино — Уæлладжыры партион чыртæ аразæг, партизанты ра- ’ замонæг; Беджызаты Чермен — Ручъы парторганизаци- йы сæрдар, æгас революцион змæлды активон хайадисæг; Хъуылаты Созырыхъо — фæскомцæдисон чыртæ аразæг, Бургъустаны сырхæфсæддон эскадроны политикон къух- дариуæггæнæг; Малиты Геуæрги æмæ Багъæраты Созыр —«Кермен»-ы партийы разамонджытæ... Уыдон хæцыдыс- ты æмæ фыстой, уыдон фыццаджы-фыццаг уыдысты ре- волюционертæ, партион æмæ æхсæнадон кусджытæ, стæй та фысджытæ. 20-æм азты се ’мбуар æрбалæууыдысты, революци æмæ мидхæсты хъуырдухæн йæхи цæстæй чи федта, йæ сабибонтæ революцийы пиллонæй кæмæн са- рыдысты, уыцы фысджытæ: Хъамбердиаты Мысост, Фæрнион Къоста, Плиты Харитон, Дзесты Куыдзæг æмæ æндæртæ. Ирыстоны ног типы фысджытæн сæ сæргъ лæууыд революцийы уадфидиуæг Гæдиаты Цомахъ. * * * Революцийы заманы ирон поэзийыл бæрæгæй зыны Хетæгкаты Къостайы æндæвдад. Уыцы æндæвдад алкæд 6
нæ уыдис сфæлдыстадон, фæлæ уæддæр гуырысхойаг нæу йæ ахадындзинад. Къостайы ном — ирон национ ты- рыса — фæйлыдта Ирыстоны сæрмæ, йæ иубæстон адæ- мы кодта революцийы гуылфмæ. Егъау уыдис Гæдиаты Цомахъы æндæвдад дæр. Дæс азы размæ, фыццаг уырыс- саг революцийы рæстæджы цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уыдон нæрыдысты нæ хæхты, цыма сæ 1917 азы ныффыс- та, афтæ: Райхъал ут уе ’ппæт дæр, стырæй-чысылæй, Размæ кæй нæ уагътой царды гуырæнмæ, Чи марди стонгæй, чи цыд бæгънæгæй, Чи уыди талынджы рагæй æрæгмæ! Къоста æмæ Цомахъы традици дар^ддæр кæнгæйæ, ирон поэтты фыстыты фæрсæй-фæрстæм æмдзу кодтой дыууæ миниуæджы. Иуæй, æнауæрдонæй дзырдтой адæ- мы удхайраг æмæ додойаг цардыл, иннæмæй, хъæбæр хъæлæсæй сидтысты цард раивыны сæрыл хъæбатыр тохмæ. Уымæй цæугæ у се ’мдзæвгæты жанрон специфи- кæ. Иуæй, æмдзæвгæтæ — гæвзыкк, мæгуыр царды зæр- дæскъуынæн нывтæ, иннæмæй, æмдзæвгæтæ — сидтытае, марштæ. Уыдон, уыцы дыууæ миниуæджы, æртæ азы дæргъы сæ кæрæдзи раив-баив кодтой, Ирыстоны рево- люцийы уылæнтæ куыд раив-баив кодтой, афтæ. Куы-иу сырхытæ, большевиктæ фæуæлахиз сты, куы та — урсы- тæ, меньшевиктæ, контрреволюцион бандæтæ. Поэттæ сæ хъарджыты, се ’нкъард сагъæсты æмæ сæ сидты интонациты, фыдæхы монцы арæх уыдысты кæрæ- дзийы хуызæн. Æмæ уый диссаг нæу: иумиаг уавæртæ, иумиаг зæрдæйы уаг дзурын кодтой иухуызон дзыхæй. Революцийы хъуыдис поэттæ-трибунтæ. Ораторы до- мæг-сидæг хъæлæс комкоммæ арæзт уыд адæммæ, ком- коммæ сын амыдта сæ фæндаг, сæ царды нысан, æргом кодта æмæ ;хурмæ калдта знæгты фыдмитæ, се ’мбыд миддуне. Дыууæ тыхджын æнкъарæны — уарзт æмæ фы- дæх — æмхъаруйæ цæхæртæ калдтой. Уарзтæй æвзæрдис бæрзонд романтикон патетикæ, фыдæхæй та — сарказм, æгъатыр сатирæ. Поэтикон аргумеиттæ ист цыдысты канд нырыккон дугæй нæ, фæлæ ма ивгъуыд замантæй дæр. Хуымæтæджы нæу, Ирыстоны легендарон хъайтар Тьь латтаты Чермены номæй кæй хуындис ирон революцион парти, Иры коммунистты газет. Багъæраты Созыр зæгъы Черменæй, зæгъгæ, уарзта фæндон цард, æлдарадæн нæ 7
быхста æмæ йæ хъуамæ фæзмой фæсивæд. Фæдисы бон Чермены ном у разæнгарды хос. Фæдес, фæдес! Нæ фæсевæд ци фæцæй? Догъони хай æнæ уагæй нæ фæцæй. Фæдесмæ тагъд æрæмбурд уотæ къумтæй, Дæргъаэвс, Хъобан, Дигоргомæй, -Къæмунтæй. Кæнуй не знаг æ фæндæнттæ нæ номæй, Ес ин дæндаг нæ фид хуæрунмæ хомæй. Райсæн, райсæн билтæ нæмунмæ пурса, Ес нин нифсæн «Кермен», æ ном — туруса. Поэт-зæхкусæг æнгом баст уыдис адæмон фæлгонцон уынынадмæ. Йæ дзырд— кæмдæр гуымиргомау, фæлæ — рæстдзæвин. Меньшевикты минæвары уæздан, фæлæ сайæн ныхæстæн Созыр ратта бæлвырд характеристикæ: Æ гъæлæсæй, дзоргæ-дзоргæ, сойнæ тагъдæй, Æвæццæгæн, берæ фиутæ феууилдта. Революцийы поэттæ сидтысты канд мулкджынты цар- ды бындур ныззилынмæ нæ, фæлæ æмткæй царды уаг’ раивынмæ — æхсæнадон-политикон æмæ цардуагон-мо- ралон ахастыты дæр. Талынгæй рухсмæ рацæуын — уый у сæ бирæ æмдзæвгæты пафос. Худинаджы гакк æвæрд- той тугисын, ирæд, къæрных кæнын æмæ æндæр ахæм фауинаг æгъдæуттыл. Тох цыдис адæймаджы социалон æмæ уды царды æппæт къабæзты дæр. Тох цыдис фидæ- ны сæрвæлтау, ног фæлтæрты амондджын царды сæр- вæлтау. Малиты Геуæрги 1919 азы йе ’мдзæвгæ «Фе- дог»-ы загъта йæ бæллиц: хъуамæ Ирыстоны фæсивæд искæмæй фæстейæ ма баззайой. Рохсмæ, фаосевæд, тундзетæ, Рохсмæ цæуетæ æнгом, Нифс, лазгдзийнадæ уарзетæ, Скæнтæ муттагмæ стур ном. Арвмæ мæсуг амайетæ, Хормæ кæнетæ фæндаг. Гъæйт, зæрдиуагæй уайетæ, Догъи ма уотæ фæстаг! Тохмæ æмæ рухсмæ сидæг æмдзæвгæтæ нæ уыдысты хуымæтæг, сур риторикæ. Уыдон гуырдысты поэттæн сæ судзгæ зæрдæйы бынæй, сæ арф уырнынадæй, уымæп æмæ революцийы хъу.ыдыты федтой сæхи æмæ сæ адæмы 8
амонд, нæ социалон æмæ нæ национ цард алыфарсонæй нывыл саразыны амал. Керменистты номæй Малиты Ге- уæрги Ленинмæ цы тел арвыста, уым фыста: «Зонут æй^ мах, фæллойгæнæг Ирыстоны хъæбултæ, тынг бæллæм 3-аг революцийы лозунгтæ царды æцæгæй рауадзынмае» (газет «Правда», 1917 азы 18 ноябрь). Ирон поэттæ æвдыстой дуджы иумæйаг, типикон ми- дис, дзыллæйы иумæйаг зонд æмæ æнкъарæн. Æмткæй райсгæйæ, революцийы азты литературæйæн характерон у типикондзинад, къаддæр дзы ис индивидуалон здæхты- тæ, хисæрмагонд миниуджытæ. Барахъты Гино, йе ’мдзæвгæтæ æмæ йæ публицисти- кæйы талынгдзинæдтæн сæ ных цæвгæйæ, газет «Кер- мен»-ы редакторæй кусгæйæ (1920—1921), ирон поэтты æрбахуыдта революцион гимн «Интернационал» ратæл- мац кæнынмæ, уымæн æмæ уыцы гимн иууыл хуыздæр æргом кодта революцион дзыллæты æппæтиумиаг зæр- дæйы уаг. Ироиау «Интернационал» ныззæлын кодтой Гæдиаты Цомахъ, Беджызаты Чермен, Багъæраты Со- зыр, Барахъты Гино, Гулуты Æндыри, Бутаты Хъазбег, Хъоцыты Бидзина. Ирон поэттæ сæхæдæг дæр бирæ æм- дзæвгæтаэ ныффыстой «Интернационал»-ы ритм æмæ мо- тивмæ гæсгæ. Растæг аДæмы зарджытæ хъуыдысты, хæ- цæнгарз æмæ хæлцау. Уымæ гæсгæ зæронд, зонгæ мотив- тыл фыстой, ног дуджы домæнтæн дзуапп чи лæвæрдта, ахæм ног ныхæстæ, зæронд, зонгæ формæйы-иу нывæрд- той ног мидис, йу кæнæ иннæ уацмысæн дзуапп лæвæрд- той уыцы уацмысæн йæхи формæйæ, йæхи аивадон амалтæй. Дзырдæн, Нигер ныффыста æмдзæвгæ «Додой фæкæнат дыккаг хатт, нæ хæхтæ» — Къостайы номдзыд «Додой»-мæ гæсгæ, Барахъты Гино ныффыста «Чермен» — Секъайы зынгæ зарæгмæ гæсгæ, Бутаты Хъазбег ныф- фыста «Мæгуыры хъарæг» — Къостайы «Салдат»-мæ- гæсгæ. Удæнцой ма фенат, махæн нæ зондджынтæ, Ч’И ныл нæ да’ры йæ арм,.. Рондзæй фæкалат нæ иобон, нæ бонджынтæ, Мæгуыртæн стигъут сæ царм. 18 строфæйы (газет «Кермен», 1920 азы 22 апрель) Хъаз- бег нымайы Ирыстоны дудгæбæттæ. Хæхтæн сæ нарджытæй хъусæм мах хъарджытæ, Сидзæртæ ниуынц сыдæй... 9<
Хъазбег мæстджынæй уайдзæф кæны фæсивæдæн, иумæйаг царды нысан кæй не ’мбарынц, адæмы сæрвæл- тау иумæ рæстаг тохмæ кæй нæ цæуынц æмæ урс æфса- ды хæстон цинтыл сæхи кæй марынц, уый тыххæй. Дидитæ бауарзæм, цинтæ та бадомæм, Байсазфа уа>стæн нæ мард! Йæ «пъагонджын æмгæрттæм» додой кодта Барахъты Гино. Уыдон «æрттивгæ пъагонтæй» сайдтой дзыллæты, къуылымпы сын кодтой сæ тох, сæ удхæссæг сæ федтой. Поэт сæм æртхъирæн кæны: «Æрцæуы ныл афон... Кæл- дзыстут бæрзондæй». Хъазбег æмæ Гино се ’мдзæвгæтæ ныффыстой 1919 азы, Цæгат Ирыстоны ирон афицер фæ- сивæдæй бирæтæ урсыты фарс куы хæцыдысты, уæд. 1920 азы, Цæгат Ирыстоны большевиктæ куы байстой хицауад, уæд Хъазбеджы æмдзæвгæйæн дзуапп ратта Нигер: Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Кæд ма знæгтæ сусæг-æргом архайдтой, алы фыдми- тæ кодтой фæллойгæнæг адæмæн, уæддæр сæ дуг фæцис. Нигер сæ, цыма, иста Хъазбеджы маст: «Банцайут, цъам- мæрттæ!.. Аппарут пъагæттæ, акалут дидитæ... Уе ’ккой ма дуртæ хæссут!» Уайдзæф нал, агитаци нал, фæлæ ныхкъуырд, фыдцæф. Ма тæрс, хур, кусæг лæг, ма тæрс, фæллойгæнæг, Не ’ппæтæн рагæй дæ сæр. Булкъопты фыдæнæн, тæпджинты фыдæпæн Хорзæй, дзæбæхæй мын цæр! Революцийы заманы поэзийы хæрх сты æрдзы уд- джынгонд фæзындтæ, уыдон хуызы. æвдыст цыдысты по- эттæн сæхи æмæ адæмы æнкъарæнтæ, тохы раив-баивтæ. Хур æмæ мигътæ, зымæг æмæ уалдзæг, талынг æмæ рухс — адон уыдысты революцийы архайæг тыхты поэтикон нысæнттæ. Ахæм æмдзæвгæтæ дзæвгар ис Беджызаты Черменмæ, Нигермæ, Хетæгкаты Дауытмæ æмæ æндæр- тæм. Ирон поэзийæн уарзон уыдысты символтæ, фæл- гонцтæ: революци — уад, ног цард — уалдзæг æмæ æн- дæр ахæмтæ. 1 Га^диаты Цомахъ не сфæлхатт кодта йæ раздæры æм- дзæвгæты сидтон, хъандзал интонацитæ — уыдон æнæ- уый дæр цардысты æмæ куыстой. Октябры революцийыл 10
ды æмдзæвгæтæ ныффыста, уым зыны ног манерæ — эпикон манерæ. Æмдзæвгæ «Арв нæры» (1918) сæрæй- кæронмæ у æрдзы фæлгонцтæй арæзт. Арвы нæрд — ре- волюци — цæуы уæрæхæй, парахатæй, уæзбын-цадæг, хиуылхæцгæ, хиуылзæрдæдаргæ хъаруйæ, Дзырдтæ «арв нæры» строфæтæй лæууынц хицæнæй, цыма строфæ- ты цыд у революцийы цауты цыд æмæ се ’хсæн барджы- пæй райхъуысы арвы нæрд. Арвы нæрд у революцийы цаутæи сæ тыхджын лейтмотив. Арв наэры... Дымгæ фæхæссы тар ми1 ь дзыгуырты, Мигътæ ныхъхъæрзынц арвы нæрынæй. Уацилда райхъал... Арвы быдырты Райдыдта хъазыч фат æмæ ’рдынæй. Арв нæры.. Хæхтæ ныр’ризьшц. Къæдзæх ызгъæлы, Айнæгмæ айнæг сусæгæй сиды. Ксшы улæфтмæ бæлас ызмæлы. Фурды фæйлауæн мæстæй æхсиды. Црмахъы эпикондзинад бæрæг у, йе ’мдзæвгæты цы сюжетон æмæ уацаукæныны элементтæ ис, уыдонæй. Æм- дзæвгæ «Сидзæр» йе ’ргом скодта Хуссар Ирыстоны 1920 азы трагедимæ. Хуссайраг ирон лæппу — «зæрондгъуыз», «гомриу» — Цæгат Иры иу фæздæгæйдзаг къуымы æрæн- цадис арты цур. Ус æй фæрсы йæ хабæрттæй æмæ йын лæппу радзырдта йе ’намонд сæры хъысмæт. Фæрсыс мæ, кæцон дæн?.. Фæсæфцæг нæ бæстæ Мæ зæрдыл сæ дарын нæ’хæхтæ, нæ цард. Тыхгæнæг æрбабырста, фесæфта хъæутæ Гæрах ысси бæстæ... Мæ фыд дзы фæмард. Лигъдæттыл низ сыстад, амард лæппуйы мад, стонг- æй амард иæ хо дæр. Æмдзæвгæйы реалистон эпикондзи- над ахуырсы тызмæг лиризмæй. Лæппуйы тæригъæдæй Ус басхуыста сугтæ уæлаайдæр тызмæгæн Фæздæгæйдзаг хæдзармæ уазал бырсы Цомахъы тынг æндæвта Хуссар Ирыстоны сайраг уа- вæр. 1920 азы 6 майы газет «Кермен»-ы фыста: «Абоны бон дæр сæ заууат быууатæй нæ фæхицæн сты, абоны бон дæр ма сыл алы сау мæлдзыг схилы æмæ сыл йæ бырынкъ райдайы тилын: «ацы адæмæн сæ хицау æз дæн», зæгъгæ». Ам Цомахъæн йæ цæстыл ауад йæ фыд 11
Секъайы аллегорион фæлгонц. Бæласæн, ома Ирысто- пæн, иууыл йе ’ккой бадынц каркæй, цъиуæй, цæргæсæй, йæ бындзæфхад ын къахынц хуыйæ, бæхæй, хæргæфсæй. Мæлдзыг дæр дыл ысхилы, Уый дæр йæ тых æвзары, Йæ сау бырынкъ ыстилы, Дæу фыдæбонæй мары. Эпикон-тызмæг интонацийæ Цомахъ йæ сæр æркъул кодта йæ зынгхуыст æмбæлтты раз. Æмдзæвгæ-реквием хуыйны «Æнусы кад». Бархи æмдзæвгæ — верлибры рæнхъытæ цæуынц периодтæ-периодтæй, алы периоды дæр — хицæн мысинаг æмæ йæ кæрон: «Æнцад... Æнусы кад!» Æзнаг та ’рбацыдис... Æрцахетой йæ.. Фæцæй йæ кодтой горæтмæ æмæ йæ’амардтой, Стæй йæ б&сыгътой... Осытъд... Ныр дæр ма судзы Махæн нæ зæрдæйы... Æнцад... Æнусы кад! Алы период дæр — хъайтарон тохы ныв, трагикон сгуыхтдзинады эпизод. Дзырдтæ поэты дзыхæй хауынц сындæггай, масты уæззау дуртау, æмæ балхынцъ вæй- йынц æмбæстагон æлгъыстæй. Æфсымæртæ! Æлгъыст фæуæд, Æмбалы туг нæ чи ферох кæна, Иæхи нывондæн чи ’рхаста Нæ мæгуыр адæмы сæрыл... йæхи... Æнцад... Æнусы кад!.. Цомахъы реалистон эпикон-лирикон маиерæмæ хæс- тæг лæууы Беджызаты Чермены æмдзæвгæ «Иу ном» (1920), мæнмæ гæсгæ, йæ иууыл хуыздæр æмдзæвгæ. Уы- нæм дзы сюжеты, деталты психологон рæстдзинад. Ацы зæронд былтæ бирæ фæкуывтой, — Алы дзуары бон сау дзых уыд гом. Зæронд лæг — рагон ирон традициты, æгъдæутты, дины минæвар. «Сау дзых» — сау у азты хур æмæ дым- гæтæй. Фыдæлтон былтæ. Цы сæм хъуамæ бахъара ног- æй, цæмæй хъуамæ раивой сæ куывды ныхас! Фæлæ йæ раивтой — иугæндзон .хуыцауæн кувæг дзых сдзырдта «ног ныфсы Ном». Æмæ куыд сдзырдта? — «Цинæй æр- 12
хæцгæйæ». Æмæ канд зæронд лæг нæ. Уыцы Ном сдзырд- та сидзæргæс, сдзырдта йæ кусæг. «Ног ныфсы Ном» — уый хуыцау нæу, нæдæр Чырысти. Æнцад-æнцой цар- дыл, адджын-тутт фынтыл не ’фтауы. Уый архайы, свæй: йы (кæд афтæ зæгъæн ис, уæд) материалон тых: «Къух- тæ æрбалхъивынц дзæбуджы хъæд». Уый сиды тохмæ æмæ куыстмæ. Уый у дуне ивæг, дуне æндæргæна^г. Уыцы Ном ирон хъæууон дзыллæ фехъуыстой æмга- рæй, революционер лæппуйæ. Газеты сын бакаст Ленины тыххæй. Кæуыл куыд фæзынди Ленины ном (зæрондыл, сидзæргæсыл, кусæгыл), уый равдисгæйæ, Чермен рахи- зы газеткæсæгæн йæхимæ. Мидбылты бахуды уадид фæсырхæй, Цæстытæ газетæй азгъорынц даря... Æмдзæвгæйы строфæтæ фесты, иумæйаг ритмикон змæлд банцад æмæ газеткæсæг зæгъы йæ бæллиц: «Тæхуды, тæхуды, иокуы куы фенин дæу, Ленин!» Прозæйы хуызæн рæнхъытæ, кæд дзы рифмæтæ ис, уæддæр (фенин — Ленин). Ахæм амал хорз æвдисы æм- дзæвгæйы хъуыды. Бæллицы ньгхæстæ рахицæн сты стро- фæтæй, ритм фехæлд æмæ разындысты уæлдай ирдæй, уæлдай бæрæгæй. Ирон поэзийы Лбнины тыххæй фыццаг æмдзæвгæ — мидис æмæ формæйы æмиудзинад. Революци йæ тæмæны куы уыдис, уæд ирон литерату- рæ фылдæр дзырдта сидтон-ораторон интонацитæй, тохы мондаджы риторикæйæ. Революци куыд дарддæр кодта, афтæ йæ нæ литературæ иртæста лæмбынæгдæр æмæ лыстæггайдæр, уæрæхдæр ,æмæ арфдæр. Тæвдтуг, бæр- зонд сидтытæй хызтис бæлвырд аивадон æвдисынад- мæ. 1920 азы Хуссар Ирыстоны цаутæ (адæм лыгъдыс- сты Цæгатмæ, меньшевиктæ амардтой æртындæс ком- мунары, фæсхохæй æрцыдысты Сырх Æфсад æмæ æр- хастой сæрибар) романтикон-лирикон хуызы бацыдыс- ты Фæрнионы поэмæ «Сæрибары тох»-мæ («Фидиуæг», 1929, № 4). Нæй дзы архайды сюжет, хицæн архайджы- тæ. Сæйраг дзы у адæмы тухи -æмæ тох, авторы эмо- цион ахаст æрцæупæ хабæрттæм. Цауты кæрæдзийыл бæтты иу æндыгъд, драматикон æнкъарæн: 13
Леуахи дуртæ фæлдахы, Ниуы, æмбухы, кæуы. Ссырддзаст ис дзæбидыр дагъы, Цæссыг йæ рустыл цæуы. Фæрнионы поэмæйы романтикон уагыл фыст у Пли- ты Харитоны поэмæ «Сæлимæт» («Фидиуæг», 1931, № 6—7). Поэмæйы фыццаг хай (Фæрнионм,æ куыд у, афтæ, æмæ Фæрнионы æмдзæвгæамадæй) ныв кæны 20-æм азы иумæйаг уавæр. Поэт р’атта Ресы хохы ро- мантикон-динамикон пейзаж. О, Рес! Дæ бынты фынккалгæ Уайы хъуырдухæнтæй дон. Ресы пейзаж ратпæйæ æмæ Ресмæ фæсидгæйæ, поэт уайтагъддæр йæ поэмæ сæвæрдта романтикон-лирикон уылæныл. Кинокадртау, чысыл сæргæндтæ чиныгкæсæ джы куы иу ранмæ ахæссынц, куы иннæ ранм^æ. Хъæу- ты ничиуал баззад, адæм лидзынц сæ уæзгуытæй æд фос, æд муртæ, Хъæутæй фæлыгъдысты куыйтæ, Лæгæттæй ниугæ рæйынц. Рагон хъуынасæр мæсгуытæ Къуылдымтæй джихæй кæсынц. Адæмы трагедийы хицæн нывтæ (арты судзынц хъæутæ, Пацъа-дон ласы адæмы, гвардион иу уанелаг сылгоймагæн ракъуырдта йæ сæр) равдисгæйæ, поэт ногæй раздæхы Ресы бынмæ. Æмæ уым байдайы поэ- мæйы дыккаг хай, поэмæйы архайд. Иумиаг нывтæй поэт æрцæуы конкретон — поэмæйы сюжетаразæг — сæйраг цаумæ. Уымæй размæ цыдæриддæр афыста, уый у Сæлимæты хъысмæтæн фон. Романтикон у æхоæвы мæйрухс пейзаж, романтикон у Дзæрæхы мады хъарæг, Сæлимæты портрет (адæмон традицион амалтæй у конд), романтикон лиризмæй зæрдæйыл æмбæлы Оæлимæты ц’агъд, йе ’фсымæр Дзæ- рæх æмæ йæ уарзон Махарбегыл йæ сагъæс (Къубалты Алыксандры Косеры зарæгау). Бонвæрон, стъалыты ивæг, Чи зоны, федтай сæ ды. Ракæс-ма, ма фæкæн зивæг, — Туджы кæм ысты æвдылд? Абырджыты бал тыхæй рахастой Сæлимæты, лæгъс- тæ с’ын кæны, ныууадзут мæ, зæгъгæ, фяелæ йыл Тасол- тан фæхъæр кодта: 14
«Банцай дæ куыдæй, къуыдаираг! Бузныг, — сæрмæхаст кæй дæ!» Ирон сылгоймаджы намыс, кълассонзынгæй чи сзыпг, уый йæхи хъахъхъæнын базыдта: барæгæн йæ сау хъа- ма фелвæста æмæ йын æй йæ фæсонты ныссагъта. Ин- нæ абырджытæ сурынц Сæлимæты. Фыдгæнджыты къухмæ бахауыны бæсты йæхи доны нывзылдта. Плийы фырт йæ поэмæ фæстаг хатт куы редакци кодта (1959 азы), уæд ,æм бирæ цыдæртæ бафтыдта, уæлдайдæр раззаг хаймæ, хъайтарты биографитæ, цы- ма, фæбæлвырддæр кодта, дзырдæн, Дзæрæх сси «Ка- лакæй Хуссар Ирмæ партийыæрвыст лæг», хицæн стро- фæтæ фæхæрзхуыздæр сты, фæлæ уыцы бафтауæитæй, мæнмæ гæсгæ, поэмæ фæуæззаудæр æмæ фæдаргъдæр. Чи зоны, уыцы бафтауæнтæй поэт хъавыд йæ поэмæ фæреалистондæр кæнынмæ (райдайæны Ресмæ ком- коммæ дæр нал дзуры æмæ уымæй йæ лирикон тых фæкъаддæр), фæлæ дзы уæддæр мах уынæм романти- кон поэмæ, Сæлим>æты хъæбатырдзинад æмæ намысы поэмæ. Революцийы философон-гуманистон мидис ирон ли- тературæйы иууыл хуыздæр иртасынц дыууæ драмон уацмысы — Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амран» (1922) æмæ Гæдиаты Цомахъы «Амондмæ цæуджытæ» (1925). Грагеди «Амран»-ы нæй конкретон революцион цау- тæ, нæй дзы революцийæн йæ кой дæр, фæлæ æппæт йе сконд, йæ идейон-аивадон тугбуарæй у революцион. Егъау романтикон символон фæлгæнцтæй æргом кæны революцийы нысан, революцийы яевæджиау ахадындзи- над. Трагеди у «хъæбатырты æррадзинадæн» кады за- рæг. Хуымæтæг хæххон фыййау Бесæ банызта Амраны суадонæй æмæ сæрра, ома схицæн æрвылбонон лыстæг, ницæйаг мæтæй æмæ йе уæнгты бацыд Амраны са- гъæс — адæмы сæрибар цардмæ ракæныны сагъæс. Бе- сæ ферох кодта йæ бинонты æмæ сыстад тохмæ. Хъуа- мæ ссæрибар уа Амран, къæдзæхыл баст мауал уа æмæ йын уари мауал хæра йæ игæр. Амраны цæссыгтæ æмæ рондзы суадонæй чи баназа, уый у стыр амондджын, уымæн æмæ Амран у адæймагады царды иууыл бæрзонд- 15
дæр лæгуарзон идеал, æмæ уыцы иу рæстæг у стыр æна- монд, уымæн æмæ Амраны тох лæгæй домы бирæ фыдæбон, зындзинæдтæ, нывæндтæ. Уый у «стыр хорз æмæ стыр фыд». Конфликт цæуы бæрзонд æмæ ныллæджы астæу, арв (ома стыр идеал) æмæ зæххы (ома мещанон-эгоис- тон уæвынады) астæу, новаторон архайд æмæ тради- цион æндзыгдзинады астæу. Хъæубæсты устытæ сæ къæссаты схæссынц нард галы фиутæ, буц сты сæхи- цæй. Бесæйы ус Чабæхан сын зæгъы: «Мах гуыбыны цæстæй никуы акастыстæм цардмæ!» Иæ лæгыл ын æр- райы ном кæй сæвæрдтой, уымæй та сын афтæ: «Æрра кæй хоныс, æз уый комы тæфæй, йæ уындæй æфсæсг дæн>>. Цъыфхор, хъуынахор гуыбынтæн аяæм бæрзонд •æмбарынад æцæгæлон у æмæ йыл хæйрæг Дуртула ди- сæй мæлы: «Адон кæлæнгæнджытæ цыдæр сты, уый йеттæмæ комы тæфæй цæрæн ис?» Дуртула Бæстыхи- дауы ардыдæй Чабæханы йæ лæгыл куы фæгуырысхо кодта, сылгоймаджы эгоизм куы стыхджын æмæ Бесæ- йы йæ тохы фæндагæй фæиртасынмæ куы хъавыд, уæд контраст сæвзæры дыууæ рæхысы ’хсæн: Амраны, ома æгас адæмы ирвæзынгæнæн рæхыс æмæ Чабæханы хæ- дзары къонайы сæрмæ ауыгъд рæхысы ’хсæн. «Мæ рæ- хыс —арв, дæ рæхыс — зæхх, — зæгъы Бесæ. — Чабæхан! Нал ис мæ зæрдæйы дæ уарзондзи’над». Уый уымæн, æмæ Чабæхан къуылымпы кæны Бесæйы хъуыддаг. Уый уы- мæн, æмæ Бесæ бавзæрста стырдæр уарзондзинады ад, стырдæр амонды -ад æмæ йыл й,æ зæрдæ никуыуал сив- дзæн. Бесæйы фæлгонцæй Елбыздыхъо дзуапп дæтты адæймаджы царды ахсджиагдæр фарстытæн. Цы у уарзондзинад? Уый нæу æрмæст сылгоймаджы уарзын, дæ хæдзары ифтонгад уарзын. Уый сæйраджыдæр у æгас дунейы адæмты сæрибар æмæ бархийад уарзын. Цы у амонд? Уый нæу. æрмæст галы фиутæй йедзаг къæсса, дæ бинонтæн хорз æхсæвæр. Уый у Амран, ома революци. Бесæйы загъдау, «уæ царды фидауц Амран у æм,æ уемæ нæй». Цы у царды нысан? Уый у æнусмæ размæ тырнын, дæ къухы ныртæккæ цы ис, уымæй но- джы хуыздæрмæ æмæ рæсугъддæрмæ цæуын. Бесæ йæ- хицæн уайдзæф кæны: «Æлгъысты зæрдæ, сæфинаг буар! Сыджыт уæ бахæра! Æцæг хуры бæсты уæ ды- дзы хур батавта æмæ æрфæлмæн стут». 10
Диссаг у Елбыздыхъойы хъуыдыкæнынады мас: штаб, йæ авнæлд ивгъуыдмæ æмæ фидæнмæ. Уый æмт- кæй йæ драматургийы миниуæг у. Цыфæнды конкретон цаутыл дæр нæ фысса (абыр-æгдзинад, сылгоймаджы бар, историон растад), йæ уацмыстæ се уæнгты хæс- сынц цахæмдæр æппæтадæмон этикон, моралон, фило- софон проблемæтæ. Уым,æ гæсгæ се ’ргом здæхт у, фыст цы конкретон ситуацитыл сты, канд уыдонмæ нæ, фæ- лæ ма æппæт цардмæ дæр, æппæт рæстæджытæм дæр. Уый мидæг ис се ’видигæ эстетикон хъару æмæ се ’ну- сон цæрæнбоны сусæгдзинад. Трагеди «Амран», адæйм’аджы ницæйаг æууæлтæ карзæй æфхæргæйæ, тынг æууæнды адæймаджы зонд æмæ тыхыл. Адæм нырма фосау цæрынц æмæ се зн-æг- ты фæнды, цæмæй афтæмæй баззайой. Бæстыхицау æм,æ Дуртула арх’айынц ууыл, цæмæй адæм Амраны суадонæй ма баназой, цæмæй адæм талынджы уой, æнæуаг уой, арвнæрынгæнæгæн сау цагъартæ уой. Адæм нæма базыдтой сæ фыдбылыз, æмгуырæй нæма ралæууыдысты се ’фхæрджыты ныхмæ æмæ кæд уый аххосæй Бесæ амард, уæддæр Бесæйы хъуыддаг дард- дæр чи кæна, уыдон фæзындысты (Цопан, Саго), абон уа, сом уа адæм зæххы къорийыл алыран дæр баназ- дзысты Амраны суадонæй æмæ Амраны куы суæгъд кæной, уæд «фесæфдзæн сæ фыдбылыз, сæ низ. Адæм суыдзысты хуыцæуттæ». Гъе уый у Елбыздыхъойы трагедийы идея, гъе уый у революци æмæ адæймагады æгъуыстаг нысан. Алы стыр национ уацмысау, трагеди «Амран» у ин- тернационалон. Æппæт адæймагады хъысмæтыл са- гъæс схызт æнахуыр романтикон-поэтикон бæрзæндмæ. Ныфс иу ран зæгъы: «Нæ зоны стъалы, æмбисæхоæв тагъдгомау мигъвæд кæнгæ, иннæтæм цæмæн тырны, уый. Æнусмæ сын баззад кæрæдзимæ тырнын æмæ уы- цы ’гъдау æххæст кæны». Стъалы стъалымæ тырны, рæстаг адæм рæстаг адæммæ тырнынц. «Хуры тынтæ — сæ фæндаг, хур сæ дуар, афтæм-æй бахызтысты Ам- раны фæдыл уæларвмæ». Уыдон басæтдзысты дун-дуне, фæндæгтæ айгæрддзысты космосмæ, кæмдæриддæр хи- цауиуæг кæндзæн фарн æмæ лæгуарзон, амонд æмæ рæстдзинад. Бынтон æндæр уагыл фыст у Цомахъы трагеди «Амондмæ цæуджытæ». 1917—1918 азты революцион 2. Дзуццаты X. 17
иаутæ сты йе ’рмæг, йæ фысты манерæ — реалистон, конкретон. Фæлæ кæмдæр Елбыздыхъойы трагедиимæ иу у сæ философон конфликты бындур. Революцийы азты мæгуыр хæххон адæмы цардуаг, зæхмæ, сæрибар- мæ сæ бæллиц фæлгъаугæйæ, Цомахъ ныхæй-ныхмæ сæмбæлын кодта дыууæ зондахасты: иуæрдыгæй — Гæ- дойы зондахаст, иннæрдыгæй — Естъа, Гигол æмæ сæ фарсхæцджыты зондахаст. Ам дæр быцæу кæнынц бæр- зонд æмæ ныллæг, революцион æмæ антиреволюцион. Талынг дзыллæ Бесæйыл куыд не ’ууæндынц, афтæ Гæдо дæр не ’ууæнды революционертыл, адæмæн цы дзурынц, уыдон хоны «фæлыст ныхæстæ». Гæдойы нæ фæнды, цæмæй адæм сыстой се ’фхæрджыты ныхмæ, цæмæй йæ мæгуыр, фæлæ йе ’нцой цард фехæла. Гæдо тæрсы, революцийы зынджы «зæххы бæсты, сæрибары, хæзнайы бæсты мыййаг лæджы стджытæ куы рака- лæм», уымæй. Гæдомæ гæсгæ, «æхсарæй никуы æмæ ницы райсæн ис». йе ’ппæт аргументтæй бæлвырд кæ- ны ирон адæмы растады зиан: ...Нырма куыд уынын, афтæ змæст у бæстæ, Нырма нæма æрсабыри цард... чысыл стæм .. Уым дынджыр цæутæ гуыппытæ кæнынц кæрæдзи. Цы сын у? Мах та мæнæ армыдзаг, æндæр... Æнцад уал куы уаиккам... Бартæ алы адæмæн дæр тыхæй, æхсарæй исгæ стыу æввонгæй сын ничи ницы ратдзæн. Естъа адæмы сæр- вæлтау тохы тыххæй хаст æрцыд Сыбырмæ, ф.æлæ фæс- тæмæ куы ’рыздæхт, уæд Гæдойы философийыл нæ ных- хæцыд, ноджы стырдæр хъаруйæ йæхи баппæрстй тохы гуылфæнмæ. Гæдойы æнхъæлмæгæс, æнцад-æнцой фи- лософи нæ, фæлæ æнæнцой революцион монц у йæ царды сæр. «Мах тындзгæ чи кæны, уыдонæй стæм», —, ахæм у Естъа æмæ йе ’мбæлтты девиз. Естъайы хъысмæты мах уынæм Цомахъæн йæхи биографийы моменттæ. Естъайы фыдæх Гæдойы хуы- зæттæм рагæй фыхти Цомахъы риуы, суанг фыццаг ре- волюцийæ фæстæмæ. Уæд, 1905 азы, æмдзæвгæ «Фæ- дис»-ы поэт фыццаг цæф ныккодта йе ’нæуынон къуы- лымпыгæнджытæн: Ма дзур: «чысыл ыстæм!»—ма дзур тæрсгæйæ, Ма дзур: «нæ къухтæ цыбыр ысты!» — уый. Базыдтам цард дæр мах ризгæ-хъæрзгæйæ, Бамбæрстам не ’ппæт дæр, н’ амонд кæм и. 18
Дыууæ трагедийы дæр хъайтартæ амæлынц, дыууæ раны дæр сыл се знæгтæ фæрайынц: Бесæйы мардыл Бæстыхицау æмæ Дуртула цинæй гъи-гъо æмæ гъыл- гъыл-гъыл кæнынц; Естъайы мард куы ахастой, уæд урс афицеры ныхасæй балхынцъ архайд: «Æвзæр къуыдар! Зæхх уæ бахъуыди, нæ?! Уый та уын зæхх!» Фæлæ адæмы зæрдæйы æцæгæй уæлахиз кæнынц Бесæ æмæ Естъа, царды æцæгæй уæлахиз уыдзæн оæ тохы идеал. Дыууæ уацмысы дæр сты оптимистон трагедитæ. * * * Революцийы заманыл фыст прозаикон уацмыстытых- джын у документалондзинад. Алыхуызон хъайтарон æмæ трагикон факттæ цардæгасæй, куыддæриддæр уы- дысты, афтæмæй бацыдысты нæ прозаикты уацмыстæм. Уыцы факттæ иумæ æмбырдæй арэзынц рæстæджы фæлгонц. Беджызаты Чермены бонæг («Ссыгъди цард» æмæ «Басыгъд цард») даргъ-уæрæх æмæ лыстæггай раны- вæзта Хуссар Ирыстоны революцийы хабæрттæ. Чермен æрвонг зондæй, æндыгъд зæрдæйæ анализ кæны уавæ- ртæ, цы уыны, цы аразы, цы хъусы алы рæттæй, уыдон æууæрды йæ хъуыдыйы, сагъæс кæны, цы уыдзæн, куыд уыдзæн, хуыздæр цы бакаена, ууыл. Бонæг у рæстæ- джы уылæн, йе змæст, йе зиæт, йæ цадæг, йæ гуырысхо- тæ, йæ зынтæ... Бовæджы ис: хæстыты афыстытæ, реа- листон хæххон пейзаж, историон ассоциацитæ-экскурстæ, юморы сценæтæ, докладтæй скъуыддзæгтæ, газеттæй цитатæтæ, политикон фыстæджытæ, дзыллæйы портрет- тæ... Æппæт уыдонæн сæ иугæнæг у Ирыстоны хъыс- мæт æмæ автор йæхæдæг, йæ гоймаг. Уымæй кæнгæ у бонæджы реалистон лиризм — куы фæлмæн-сагъæссаг, куы хъуыдыгæнæг-иртасæг, куы уæл^монц-патетикон. Рæстæджы иумæйаг фæлгонц йæхирдыгонау æвди- сы Хъуылаты Созырыхъо. йæ мысинæгтæ «Тугæй æл- хæд» се ’рмæг, сæ ахастæй хæстæг лæууынц Чермены бонæгмæ. Хицæндзинад се ’хсæн уый ис, æм,æ Созыры- хъо йæ мысинæгты фылдæр у историк, фактты афыст æм чъындыдæр, бæгънæгдæр у, Черменмæ та — дзадж- джындæр, деталондæр. Созырыхъомæ къаддæр ис йæхи сæрмагонд тæлмæнтæ, йæхи индивидуалон яенкъа- рæнтæ, Черменмæ та алы факт дæр рацæуы йæхи зæр- 19
дæйæ, карздæр у факттæм йæ лирикон ахаст. Чермен- Мæ революцийы уылæн у æххæстдæр, уæрæхдæр, бæз- джындæр, Созырыхъомæ та — скъуыддзæгтæ-скъуыд- дзæгтæ. Хицæн нывтæ-нывтæй сыстад лыгъды заман Гаглой- ты Цуцуччы цæстыты раз («Хъуыдыты базыртыл»). Иæ хъуыдыйы цæстытæ цæуынц сæ хъæуæй дæлæмæ — Дзаумæ, Чъребамæ. Сæ хъæу æвидыцæй лæууы къуыл- дымы рындзыл, сæ мæсыг ракалд—«нал хъуыст йæ къусчытæй копрадзгъуыз бæлоны хъуыр-хъуыр». Йæ урс- зачъе фыдыфсымæр йæ кæр’цы фæдджимæ æууæрды мæ- нæуы æфсиртæ. Дзауæй йæм хъуысы æвирхъау, æнахуыр уаст — ивазны дæргъæн ’калм хæфсы æрцахста. Чъре- байы сын сæ гал Цъæхойы уыргтæ æмæ зæрдæ мень- шевикон абырджытæ физонæг кæнынц. Факттæ реалистонæй фысгæйæ, нæ фысджытæн судзы сæ зæрдæ — æмбæстагон, патриотон зæрдæ æмæ афтæмæй объективон историон факттæ райсынц æк- дыгъд субъективон-эмоцион хъдру. Рæстæджы иумæйаг хъысмæт бæрæг кодта хицæн адæймæгты хъысмæт. Рæстæг уыд адæмæй кæнгæ, адæм та — рæстæгæй кæнгæ. Хъуылаты СоЗырыхъо ныффыста æртындæс ком- мунары коллективон портрет. Алкæуыл дзы хицæнæй нæ дзуры, æрмæст дзы чысыл кæмдæр фылдæр загъта Джиоты Андрийы тыххæй. «Сæ цæстытæ æнахуыр дза- гъырæй лæууынц. Нал сæм хъары цæсЬ дæр. Сæ бакаст цыма дурæй амад у æмæ сæ ныхыл фыст ис мæлæт». Уыдонæй алчи дæр у се ’ппæты хуыаæн æмæ се ’ппæт та — алкæйы хуызæн. Иумæйаг зондахаст, коллективон æнкъарæн æмæ лæджыхъæдæн гимн фæци, æртындæс коммунары удыхъæд чи ’ргом к’æны, ахæм ныхæстæй* «Дæнг... дæнг... Æртындæсæй иумæ!» Хицæнтæй нæ, фæлæ иумæ! Ирон прозæ адæмы трагеди æм.æ хъæбатырдзинадæн сарæзта канд массон дурæйамад портреттæ нæ, фæлæ ма хицæн, индивидуалон скульптурæтæ дæр. Иумæйаг фоныл раззаг рæнхъмæ ралæууынц хицæн а’дæймæгты архайд, сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ. Хицæн адæймаг бæрæг-(бæлвырд конкретон-цаууон сюжеты йæхи сæрма- гонд характерæй раргом кæны адæмы иумæйаг типи- кон характер. Ахæм у Коцойты Арсены сылгоймаг хъайтар Сало- 20
ми. Инн,æ адæмау, Саломи йæ дыууæ чызджимæ ра- лыгъд хъæуæй. Æрбацæуынц меньшевиктæ. Саломи æмæ йæ чызджытæ тындзынц. Тындзын — уый у Сало- мийы зæрдæ æмæ радзырды фæдисон ритм. Меньше- викты къухмæ бахауыны тасæй, Саломи хæдзарæй йе- мæ цы муртæ рахаста, уыдон фæндагыл аппæрста. йæ иунæг бæллиц — фервæза йæ чызджытимæ. Фæндаг æй æркодта иу къардиумæ. Размæ цæуæн нæй — къардиу, фæстæмæ цæуæн нæй — меньшевикты æфсад. Дуне йыл æваст æрбауынлæг. «Сопи куыд уыди йæ хъæбысы, афтæмæй йæ фехста бынмæ. Зæрдæхалæн цъæхахст азæлыди хæхтыл ,æмæ уайтагъд фæхъус ис. Хисдæр чызг фæтарсти, скуыдта æмæ лидзынмæ фæци. Мад æй рацахста, акасти фæстæм,æ, рахиз ^ъу- хæй бартхъирæн кодта æмæ загъта: — Нæ уын батайдзысты ацы мæстытæ, ацы æфхæрдтæ! Мелани’ ныттыхсти йæ мадыл, хицæн кæнын нæ куымдта, æппарын нæ куымдта. Уæд ын мад тынгдæр ныхъхъæбыс кодта. Дыууæ дæр аныгъуылдысты æнæбын къардиуы». Ацы чысыл сценæйы уыцыиурæстæг ис стыр тæри- гъæд, меньшевикон варварты æбуалгъдзинад, рæстдзи- надыл æууæндын æмæ сæйраджы та Саломийы фидар удыхъæд — ирон сылгоймаджы намыс æгады бæсты равзæрста æвирхъау мæлæт. «Айдагъ тагъдад» нæ, фæлæ сындæг ритмыл цæуы Дзесты Куыдзæджы радзырд «Хур скæсæны ’рдæм нæ ныгуылы». Дзесы фырт реалистонæй ныв кæны лыгъды рæстæджы хъæуы ныв, æрдзы пейзаж, зæронд лæг Дзан- джы портрет. Дзанг нæ алыгъд иинæтимæ: «кæд адæм сты меньшевиктæ, уæд сæм бахатдзынæн æмæ кæд хъæуы иæ басудзиккой». Фæлæ Дзанг фыдæнхъæл фæци. Ни- чи йын байхъуыста йæ лæгъстæмæ, хынджылæгмæ йын айстой йæ ныхас æмæ уæд Дзанг стох кодта семæ. Амардта дзы иуы, йæхи дæр ын амардтой. Дзанджы фæлгонц романтикон-патетикои кæны авторы лирикон сидтытæй: «Уæ, мæгуыр зæронд Дзанг», «Нæй, ницы та цæуы ам дæр дæ фæндонæй, Дзанг», «О, бецау зæ- ропд Дзапг!» æмæ а. д. Дзанг мардæй дæр нæ басастис йе знæгтæн. Афицертæй иу бацыд, Дзанг кæм æрфæл- дæхт, уырдæм, æрæвнæлдта йын йæ дамбацамæ. «Рай- сынмæ йæ хъавыд, фæлæ зæронды æнгуылдзтæ афтæ 21
нындæгъдысты дамбацайыл, æмæ ракъæдз кæнын дæр нæ бакуымдтой». Æрыгон хъæууон лæппутæ революцийы заман цар- ды кълассон рæстдзинад куыд бамбæрстой æмæ знæгты ныхмæ тохыл куыд ныллæууыдысты, уый тыххæй нæм цы уацмыстæ ис, уыдонæй аивдæр сты Дзесты Куыдзæ- джы радзырд «Чъеури» ,æмæ Гæззаты Сосланы уацау «Бибо». «Чъеури»-йы хъайтар къуыдайраг лæппу Бимбол, Цæгат Ирыстоны бонджынтæм æххуырсты цæугæйæ, бавзæрста царды бирæ зынтæ, йæхи сбаста коммунист- тимæ, ныллæууыд революцийы фæндагыл æмæ дзы ра- цыд хорз лæг. Куыдзæг йæ радзырд сфæлыста æйтт- ма’рдзæ юморæй. Уый канд Бимболы æнæниз, уæрæх удыхъæдæй кæнгæ нæу, фæлæ ма Бимбол къуыдайраг шыгæнаг ныхасы здæхтыл кæй дзуры, уымæй дæр. Юмор ис Гæззаты Сосланы уацауы дæр, фæлæ ам сæйраг ахорæнтæ сты саудар, æрхæндæг. Чысыл лæппу Бибо йæхи цæстæй йæхи хæдзары федта урсгвардион- ты фыдмитæ, уыдон къухæй фесæфтысты йæ бинонтæ иууылдæр (йæ фыд Леуан, йе ’фсымæр Тузар, йæ мад Нанион, йæ кæсдæр æфеымæр Бæппи), фæлæ Бибо слымæн болыневиктимæ, сахуыр кодта æфсæддон хъуыддаг æмæ йе знæгтæй йæ маст райста. Уацауы цы тагъд-тагъд афыстытæ ис, уыдоныл куынæ дзурæм, уæд дзы арæх сты бæлвырд реалистон сценæтæ, йæ сюжет у цымыдисаг-динамикон. Аивадон æгъдауæй тыхджын фыст у, Бибойы урсытæ ахæстонæй хъæды рæбынмæ кæм ракодтой, уыцы бынат. Большевик Алиханы кæй нæ нымудзы, уый тыххæй йæ хъуамæ фæтæрсын кæной æмæ йæ сдзурын кæной. Хъæдрæбын тугæй у сырх. Ахсджиаг деталь — мард адæймаджы къух зыны сы- джыты къуыппæй. Бибо бамбæрста, ацы ран урсытæ кæй марынц, чи сæ хъыг дары, уыдон. Чи зоны, ам амардтой Бибойæн йæ фыд Леуан æмæ йе ’фсымæр Ту- зары дæр. Цалдæр хатты йæ фæкодтой тæрсæн æхстытæ, фæлæ Бибо ницы схъæр кодта. Мард лæджы цонг рай- ста символы мидис. «Цонг зындис сыджытæй, цыма йе знæгтæм æвзыста». Бибойæ сæ бон куы базыдтой урсы- тæ, уæд ма йæ фæстаг хатт сæ иу тынг ныдздзæхст код- та, ахауд Бибо, «йæ цæсгом зæххæй зынæг цонгмæ ахастй». Уыцы салд къухмæ хæстæг у Бибо йæ хъысмæ- тæй. 22
Уацауы кæрон, сахар урсытæй куы истой, уæд Али- хан фæмард, баныгæдтой йæ йе ’мбæлттæ. Ингæны ны- вæрзæн сау тырысайæ Бибойы цæстытæ рацыдысты, сахары урс хæдзары сæрмæ цы сырх тырыса фæйлауы, уымæ. йæ бирæ хъыгтæ, уæззау нывæндтæ сты сæри- бары сæраппонд. Сау тырысайæ цæуы сырх тырысамæ. Ирон прозæ комкоммæ адæймаджы з-æрдæмæ кæм ныккæсы, уым æнæмæнг сыстынц иумæйаг æмæ хисæр- магонд, уарзт æм,æ хæсы проблемæтæ. Гаглойты Цу- цуччы радзырд «Бæрнджын зæрдæ»-йы.партион орга- низаци Калакмæ арвыста Бибойы, цæмæй базона 1919 азы Октябры дыккаг азмæ æд хæцæнгæрзтæ растады хабар. Сусæгæй, æмбæхсгæ-æмбæхсгæ цæуы Калакмæ, хъуамæ ныййафа ’партийы Крайкомы æмбырд. Поездыл федта йæ уарзон чызг Нинæйы. Хæссинæгтæ йæм ис, баххуыс ын хъæуы иу станцæйæ иннæмæ ацæуынæн. Æнæуый дæр æвзонг зæрдæ йæхи тоны йæ уарзонимæ аныхас кæнынмæ, фæлæ Бибо йæ зæрдæйыл фæтых — уарзт уал багæдзæ кæндзæн, ныртæккæ та хæс хъуамæ сæххæст кæна, адæмы хъысмæт баст кæуыл у, уыцы хæс. Бибо цы бакодта, уый йын зын у, йæ зæрдæ йын æхсыиынц алы ныхмæвæрд сагъæстæ, фæлæ йын æндæр гæнæн нæй. Боныфæстагмæ, адæймаджы хисæрмагонд амонд æххæст никуы уыдэæн, æгас æхсæнады амонч æххæст куынæ уа, уæд. Уарзт адджын æмæ æхцон ,нæ уыдзæн* кæд æмæ уарзæттæ æмхуызон цæстытæй нæ кæсой цардмæ, дуне- мæ, рæстдзинадм,æ — уыцы хъуыды аивæй фæлгъауы Хъуылаты Созырыхъойы радзырд «Иудзонгон». Бон- джын Хаджумары хо Сæниаты бауарзта се ’ххуырст Габе. Уарзт æмæ цахæм уарзт! Суадоны цур куы фем- бæлдысты, уæд — «Цыма амонды мидæг фæхуылуг дæн, уыйау ницыуал æмбæрстон. Барызтис мæ хъæбы- сы Сæниат дæр, раст назы талайау... Зæрдæйы мыгга- гæй ницыуал ныууагъта мæ риуы, — иууылдæр сæ йе- мæ ахаста». Кæд Сæниатыл адæм дам-дум кæнынц, кæд æй Габейы уарзты тьтххæй æфхæрынц йæ бинонтæ, кæд Габейæн деникинонтимяе хæсты йæ цонг фæцæф æмæ йын æй дохтыртæ алыг кодтой, уæддæр Сæниат фида- рæй затъы йæ уарзонæп: «Нæ, мæи дæуы йеттæмæ ни- чи хъæуы». Ф^æлæ уарзты сæйраг фæлварæн æндæр у. Габе иу- дзонгонæй дæр хæцы знагимæ. Иуахæмы хæсты йае къу- 23
хæй мард фæци Сæниаты æфсымæр урс афицер Хъа- уырбег. Габейы нæ фæндь!д йæ амарын, йæ гæрзтæ йын æвæрын кодта, фæлæ йæм Хъауырбег нæ байхъуыста, æхста æмæ лæбурдта. Йæ амарынæй дарддæр ницы хуыздæр гæнæн уыдис Габейæн. Æмæууыл ахицæн Га- бе æмæ Оæниаты уарзт. Æмхуызон цæстытæй нæ кæсынц цардмæ. «Раст йе ’фсымæр Хаджумар цы цæстæй бакаст Габемæ, уыцы цæстытæй йæм бакаст Сæниат дæр...» Æцæг аивадон уацмысы идеяйы схемæ кæддæрид- дæр мæгуырдæр вæййы уацмысы цардон мидисæй, адæй- маджы зæрдæйы хъæздыгдзинадæй. Уымæ гæсгæ Габейы катай у Сæниат — «цыма зæрдæйы ауындзæн æрыскъуыд, йæ сæрыл цыма æгас къæдзæх рафæлдæхт^ уыйау ыл æнæхъæн дуне баталынг». Кæд (æфсоны æвæ- смоны ныхæстæ кæны, уæддæр хъæрзы æмæ хъæрз- дзæп йæ зæрдæйы хъæдгом. Адæймаджы вазыгджын зæрдæйы арфмæ нывнæлд- та Барахъты Гинойы чысыл, фæлæ стыр радзырд «Арæ- биаты Гуыргъохъ». Мæскуыйы цур урсытимæ карз то- хы цыппар цæфы фæцис, хуыссы рынчындоны æмæ йæм зилы медицинон хо. Гуыргъохъ бафыста йæ хæс æмæ ныр, мæлгæйæ, йæ царды кæрон, й.æ зæрдæ дзуры йæ уарзонимæ. Гуыргъохъæн йæ фыстæджы уайдзæф кæ- ны: «Батадтæн. Æхсæв дæ хуыссæг ма ахсæд, рафт- бафт кæн, удхарæй мæл! Уый та ныр, æвæццæгæн, ис~ куы" бады æмæ сестрицæтимæ ног царды уынаффæтæ кæны...» Гуыргъохъ æгас изæр фыстæджы койæ сæнттæ фæцагъта. Бонырдæм фенгæсдæр æмæ ракуырдта ме- дицинон хойæ, цæмæй йын йæ уарзбнмæ фыстæг ныф- фысса. Цахæмдæр уæззау ныхæстæй байдыдта йæ фыс- тæг, йæ зынтæ йын зæрдæрисгæ ранымадта: «Мæлын тыхстæй, зæрдæхæлдæй... Мæ цæфтау дæ мæтæй дæр рыст дæн: нæ дæм аивтон мæ зæрдæ...» Фæлæ йын мый- йаг тæригъæдмæ куы айса йæ ныхас, уымæй фæтæрс- гæйæ, Гуыргъохъ — уæддæр ирон лæг, хиуылхæцгæ» хъаруджын! — ныффыссын кодта .æндæр ныхæстæ: «Уарзои, иу сылгоймагæй бæрзонддæр у æндæр хъуыд- даг: фесæфæд фæллойгæнджыты къухæй æввонгхорты сæр!» Уыцы лозунгоп ныхæстæй Гуыргъохъ æмбæрзы йæ удыхъæды реалон хъæздыгдзинад: йæ лæгуарзон, йæ фæлмас, йæ сагъæс, йæ фæсмон... «Чи зоны, фыстæг ын куынæ бакастаин, уæд ма иучысыл ацардаид»,— зæгъы медицинон хо. Психологон æгъдауæй бæлвырд. 24
бирæнысаниуæгджын радзырд фæуд кæны бирæныса- ниуæгджын-^ кæмдæр æнкъард, кæмдæр рухс, кæмдæр^ тæригъæддаг, кæмдæр бæрзонд фæлгонцæй: «Аходæн- афон хур æрбакасти рудзынгæй æмæ фæлурс мæрдон пых, мжйау, æрттивын райдыдта». Ироп литературæйы революцийы ныв дзæвгар хъуаг уаид, æрмæст адæмы хъæбатырдзинад, знæгты хъæд- даг, æвирхъау митæ куы ’вдисид, уæд. Цæхгæр крити- кон моменты базмæлынц, скусынц алыхуызон ныллæг, г,;ещанон, æнаккаг типтæ, адæмы трагеди сын свæййы сæхи сбонджын кæныиы бæллиццаг фæрæз. Ахæм тип- тæй у Гаглойты Цуцуччы персонаж Дзамболат (ра- дзырд «Уæрмытæ»). Ныууæй кодта йæ ныййарæг ^адæмы иитерестæ, меньшевиктæм иыллæууыд лæггадгæнæ- гæй æмæ сын æпувыд куыдзау æххæст кæны сæ фæнди- æгтæ. Раздæр базарпæпæг уыдис, ныр адæм куы сæ- (Ьынц, уæд сын фæхæлæф кодта сæ исбоныл, алы раи сусæгæй къахы уæрмытæ æмæ дзы æфснайы йæ давæг- гаг фæллой: æрхуы, æвзист, сыгъзæрин. Йæхицæн раз- I æлгъау нывæзтытæ кæны: хæст куы банцайа, уæд ацæу- дзæн Калакмж æмæ уым бухъ цард кæндзæн. Фæлæ гæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты: æхсæвыгон г?й ьæхиуæттæ— гвардионтæ нæ базыдтой æмæ йæ рæды- дæй амардтой. Дзамболаты хуызæн типты Хъуылаты Созырыхъо схуыдта мæрдты бирæгътæ. «Цу сырды мыггаг ис, мæрдты бирæгъ æй хонынц нæ бæстæйы, — зæгъы Со- зырыхъо. — Сырдтæй уымæй æпæуагдæр нæй, йæ уьтм- дæй зæрдæ ныккæрзы. Уæлмæрдтæм æрцæуы æхсæв æмæ ног мæрдтæ къахы». Раст ахæм уыд Дзамболат, раст ахæм уыд, Созырыхъо йæхæдæг кæй æвдисы, уы- цы персонаж дæр. Рынчын сычгоймаг мæлы, йæ чысыл саби — йæ фарсмæ. Мæрдты бирæгъ сæм бацыд, джи- гул кæны хæдзары, цыдæриддæр дзы ары — хордзенты сæ ’вгæцы. Рынчын хъæрзы, дон куры. Мæрдты бирæгъ æм бауайы, æмæ йын- йæ сæры бынæй баз фелвасы — уый дæр бæзгæ дзаума у. Адæймаджы элементарЪи лæджыхъæдæй цух сты Коцойты Арсены персонажтæ Сæйтт æмæ Уæсмæн (ра- дзырд «Æхцайы чырын»). Бæстæ революцийы цæлхъы- тæй æмризæджы ризы, уыдон та уырытау бадынц сæ хуыккомты æмæ кæнынц мулчы мæт. Сахар урсыты къухы куы ис, уæд сæ хъæуæй рараст вæййынц, дзæ- 25
тъæл чи баззад, уыцы хæдзæрттæ къахынмæ. Талынг, цыбырзонд дыкъахыгтæ пианино фенхъæлдтой æхцайы чырын, сластой йæ сæхимæ æмæ йæ куы бакодтой, уæд дзы цахæмдæр телтæ æмæ къæбæлты йеттæмæ ницы разынд. Хъуамæ фæстæмæ рацыдаиккой мулкдзуанмæ, фæлæ сæм уæдмæ сыхъуыстис, зæгълæ, сахар комму- нисттæ æрцахстой. Кæд Цуцукк æмæ Созырыхъойы радзырдтæ гæл- хæрд, цъаммар, стигъæг типтæм æвзæрын кæнынц судз- гæ фыдæх, уæд Арсены радзырд та — фыссæгæн йæ курдиаты сæйраг ахастм,æ гæсгæ — у худæг, сатирикон. Адæймаг цахæм хъуамæ уа æмæ цахæм ма хъуамæ уа, уыцы фарст иугæндзон лæууыд ирон революцион литературæйы раз æмæ йын лæвæрдта уæзгæ дзуапп. Дзасохты Уасойы сылгоймаг хъайтар Натæ цъæхахст кæны, йæхи тоны, æртæ гвардионы йæ семæ тыхæй куьт фæкæнынц, уæд. Йæ цъæхахстмæ хъæдæй æрбазгъорс- та Гадзыбе, æртæ гвардионы дæр амардта æмæ Натæ- имæ бамбæхстысты, сæ фæстæ чи цыд, уыцы гвардион- ты æфсадæй. Иу ран хъæды сæхи æруагътой баулæ- фынмæ æмæ хъусынц цæйдæр къæрццытæ. Натæ ф.æтарст, фæлæбурдта Гадзыбейы ливормæ, мыййаг, зæгълæ, кæд гвардионтæ сты. Къæрццытæгæнæг разынд арс. «Натæ, цыма йæ бинонтэей искæй ауыдта, уыйау ныццин кодта æмæ мæм ливор фæстæмæ авæрдта». Адæймаг æмæ сырд — чи сæ тæссагдæр у; цы хи- циндзииад сæ ис? Гадзыбе ныссагъæс кодта: «Æвæдза, уый дæр диссаг нæу—адæймаг сырдтæй нæ тæрсы, фæлæ йæхи æмхуызонтæй!» Уыцы «диссаджы» фæдыл Натæ зæгъы йæ хъуыдытæ (уыдон сты авторы хъуыды- тæ дæр): «Цæмæн у диссаг? Цас дарддæр ацыдыстæм сырдтæй? Ома хæдзæрттæ агъуыидын æмæ артыл фу кæнын зонæм? Æмæ цы хъауджыдæр у: чифæнды дæр дæ бахсынæд: йæ царды нысан чи не ’мбары, кæй сар- дыдтой, ахæм адæймаг, кæнæ ардыд куыдз!» «Адæймаг æмæ куыдз иу не сты, кæй зæгъын æй хъæуы, æз дæр сæ иу нæ кæнын, — дарддæр æргом кæны йæ хъуыды Натæ. — Æниу маймули маймули у, фæлæ йæ куы са- хуыр кæнай, уæд дын адæймаджы лæггæдтæ кæндзæн. Искæуыл ацардаугæйæ та куыдзæй уæлдай нæу. Уымæ гæсгæ, цалынмæ адæм ардауыи комыпц, уалынмæ май- мулйтæм иттæг æввахс лæудзысты. Ацы хабар стыр *æнамонддзинад у...» .26
Фыссæг нын амоны, зæгъгæ, адæймаг хъуамæ иекæй фæнд механикон æххæстгæнæг ма уа. Адæймаг хъуа- мæ фос æмæ сырдтæй хицæн кæна йæ адæймагдзина- дæй — уый у гуманизмы иууыл - бæрзонддæр принцип, ома адæймаг хъуамæ уа йæхи сæрмагонд зонды хицау, хæдбар хъуыдылæнæг удгоймаг. Адæймаг хъуамæ æр- ра æмæ цæрддзу кæна, цыдæриддæр зæххыл рæстуд æмæ рæсугъдæй ис, ууыл. Æрмæст уыцы хъуыдыйыл амад куы уаид Дзасохы фырты радзырд «Натæ», уæддæр ын нæ зæрдæйы дуар гомæй дариккам. Фæл,æ Уасо ацыд дарддæр — арфдæр рæстдзинадмæ. Революцийы азты, революцийы сыгъ- дæг идеалтæй, сæ мады ’хсырау, куы бададтой, уæд Натæ æм,æ Гадзыбемæ ис рæсугъд, романтикон, иумæ- йаг хъуыддагыл æнувыд зæрдæйы уаг. Фæлæ револю- ци фжци æмæ цалдæр азы фæстæ автор йæ зонгæтыл фембæлд. «Мæ зонгæтæй иуимæ сæмбæлдтæн: ног ха- бæрттæй мæ афарста, стæй чысыл фæстæдæр йæхæдæг дзурынмæ фæци. Æфхæрдта иуы дæр, иннæйы дæр, æнæазым йæхицæй дарддæр ничи разынд. Æз æм æн- цад хъуыстон, уый тæвдæй-тæвддæр кодта. Уалынмæ дын мæ фæуагъта æмæ йæхи иу каркуæйгæнæгыл ныц- цавта». Автор федта Натæ \æыæ Гадзыбейы дæр. Бæх- тыл рацæуынц сахары уынджы. «Гадзыбейы дардмæ базыдтон, фæлæ сылгоймаджы, цалынмæ йæм æввахс бацыдтæн, уæдмæ йæ нæ равзæрстон. Кæсын — Натæ. Иу сывæллон йæ къухы, дыккагыл Ма та хъуыды кæны. Иттæг æхсызгон мын куыннæ уыдаид сæ фенд! Нæ- ма сæм бахæццæ дæн, кæцæйдæр сæ хордзепты бынæй хъыбылы цъæхснаг хъыллист фæцыд. ...Дисы куыднæ бацыдаин. Сагъдæй, сæ фæдыл кæсгæйæ, аззадтæн. Дзæвгар куы адард сты, æрмæст уæд суыдтон Гадзыбейы фæсарц иу уæоыччы сæр». Революцийы идеалтæ лæмæгъ адæймæгты царды рæстæджы цыдимæ кæмдæр сыхсийынц, кæмдæр феса- фынц сæ фыццаган, кæлæн конд, кæмдæр сафтид вæй- йынц æмæ сæ йæ уæлæ гамхудау ^æркæны мещанон цъы- мара. Уый тынг тæссаг хъуьщдаг у æмæ æцæг револю- ционерæй, æцæг адæймагæй баззайын кæй фæ,нды, уый дзы хъуамæ йæхи, сау рынау, хиза, уый хъуамæ иугæн- дзон нуаза Амраны суадонæй, революцийы суадонæй — уд бæрзондгæнæг, уд сыгъдæггæеæг, уд рæсугъдгæнæг суадонæй. 27
* # * Октябры революцийы азты, 20-æм æмæ 30-æм азты советон ирон литературæйæн бындуртæ чи ’вæрдта, чи йæ ныббиноныг кодта, уыцы фысджытæ революцийы тых- хæй цы уацмыстæ ныффыстой, æз дзы кæуыл дзырдтон, уыдон иууыл иумæ сты иу эпопеяйы хуызæн. Уым ис рево- люцийызаманы бирæфарсон, контрастон аивадон фæл- гонц. Уым ис маршы сидтытæ æмæ цардуагон афыст, лирикæ æмæ публицистон патетииæ, пейзаж æмæ юмор, тæвдтуг ромаптикæ æмæ æрвонг реализм. Уым ис а-н-ва- дон палитрæйы алыхуызои ахорæнтæ æмæ зæлтæ, фæ- лæ дзы оæйраг уæддæр у хъайтарон пафос æмæ ’нæрæ- мон трагеди. Уыцы коллективон эпопея уæрæхдæр, арфдæр кодта æмæ кæны, фæстæдæр чи ’рбацыд литературæмæ, æз- кæй кой не скодтон, уьщы фыоджыты сфæлдыстадæй. Революцийы темæйыл кусгæйæ, уыдонжй бирæтæ фенын кодтой, сæ агъоммæ литературæйы чи нæма уыд, рево- люцийы заманы ахæм ног фæрстæ, <ног хъысмæттæ, ног факттæ. Дзæвгар дæнцæгтæ ис æрхæссæн нæ фысджы- тæм сæ зæрæдтæй дæр æмæ се ’взæнгтæй дæр. Фæлæ уæлдæр афтæ зæгъæн нæй, зæгъгæ, иро’н ре- волюцион литературæйы традицитæ кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр дарддæргоод цæуынц, куыд æмбæлы, аф- тæ. Махмæ дзæвгар ис, Октябрæн номарæн æмдзæвгæ- тæ, революцийы азты зæрдæбын судзгæ риторикæ хус, æбæрн дзæнгæдайæ чи раивта, ахæмтæ. Поэзийы дæр æмæ прозæйы дæр механиком æгъдауæй арæх фæлхатæн цæуынц зындгонд фысджыты уацмыстæ, се сфæлдисгæ характертæ, ситуа^цитæ æмæ аивадон амалтæ. Револю- цион темæ ахсджиаг кæй у, уый хьгнцгæйæ, иуæй-иу фысджытæ фыссынц ницы-мацы уацмыстæ, аразынцмы- дадзæй конд æгъуыз, æдзард фигурæтæ. Актуалон те- мæсын свæййы актуалон коныонктурæйы фæрæз. Æгæр- ыстæмæй нæ курдиатджын фысджытæм дæр фæзыны ахæм уацмыстæ, цыран уæнгуагъд æмдзæвгæтæй, кæнæ иударом беллетристикæйæ иллюстраци цæуынц револю- цион цаутæ, номдзыд адæймæгты биографитæ. Октябры революци у иоватордзинады гениои цæвит- то^ æмæ йыл фыссын дæр хъæуы новаторон уацмыстæ. Октябрь у, нæ лæджыхъæд, -нæ лæгуарзон, нæ моралон сыгъдæгдзинад кæмæ гæсгæ аразæм, ахæм бæрзæнд. 23
Уыцы бæрзæнды аккаг уад уыдзыстæм, кæд æмæ нæхи нациол аивадой традицитæ адарддæр .кæнæм, æппæтду- нейы цыдæриддæр хорзæй ис, ууыл а/хуыр кæнгæйæ. Зондджын коммунист-ленинан, партийы æнувыд кусæг Калинин 1923 азы майы дзырдта хохæгтæн: «Горы уменьшают горшонт. Стиснутый в горах крестьянин ду- мает, что мир ’не так уж велик, что высокие хребты есть предел жизни, и поэтому у него возникает такое чувст- во: у нас, мол, самые лучшие кони и лихие наездники, самые красивые девушки и жены. Да, у вас хорошие ко- ни, и лихие наездники, лучшие жены. Но вы встаньте на горы, и вы увидите много прекрасного в мире». Иугæндзон кæсын хъæуы Ирыстонмæ »æмæ дунемæ. Индивидуалон фæлтæрддэинад æмæ алыхуызон адæмты фæлтæрддзинад кæрæдзийыл бæтлæйæ, нывгæнæг хъуа- мæ æвд»са йæхи «æз» æмæ йæ рæстæг. Цас ьш дунейы цардим.æ тыпгдæр, арфдæр, уæрæхдæр иудзинад уа, уы.йас бæрзонддæр æмæ тыхджьшдæр уыдзæн йæхи ин- дивидуалон «æз». Макуы рох кæнæм революци æмæ революцион аива- ды фæдзæхст: хъуамæ Ирыстон æмæ иран а^ивад дуиеон дугъы ма уой фæстаг, хъуамæ размæ цæуой иннæты æм- рæнхъ! 1967
ÆНУСТÆМ ЦАРДÆГАС ФÆЛГОНЦ Ирон прозæ Ленины тыххæй Фæндзай азæй фылдæры бæрц — «Аврорæ»-йы ис- торион гæрæхтæй суанг абонмæ — советон адæмæн сæ царды алы къабазы дæр, уыцы нымæцы литературæ æмæ аивады дæр, цыдæриддæр сгуыхтдзинæдтæ сæ къухты бафтыд, уыдон сæрысуангæй æнгом баст сты генион фæтæг Ленины номимæ, йе ’нæмæлгæ ахуыради- мæ. Советон литературæ рæзти 1æмæ рæзы ленинизмы идеяты рухсмæ, йæ ахсджиагдæр хæцæнгарз у ленинон партиондзинад æмæ адæмондзинад. Царды вазыгджын рæстдзинад æвдисгæйæ, арф æмæ бирæфарсон харак- тертæ ныв кæнгæйæ, яæ литературæйы удæгас тугда- дзинты хъары Ленины хъуыды, йæ дунеæмбарынад. Нæ литературæ у, Ленин куыд дзырдта, афтæ: лæггад кæны «фæллойгæнджыты милуантæ æмæ дæсгай милуантæн, нæ бæстæйæн йæ фидыц, йæ хъару, йæ фидæн кæмæй аразгæ сты, уыдонæн», Октябры революцийы фæстæ ирон раззагон фысджы- тæ уыдтой æмæ æмбæрстой, зæгъгæ, цард раивта бын- дуронæй, æрцыди ног адæймаг, ног хъайтар, ныры онг истори кæй нæма зыдта, фæлæ иугæндзон кæмæ бæллыд, ахæм. Нæ фысджытæп сæ фылдæр сæхæдæг уыдыстьг уыцы ног адæймæгтæй. Уыдон се уæхсчытыл хас-< той революцийы уæз, идейонæй æмæ моралонæй сæры- дысты мидхæсты цæхæры, фыдæлтон ирон зæххыл бино- ныг кодтой социалистон райдайæнтæ, коммунистон лæг- уарзон æгъдæуттæ. Уыдон советон царды сæрвæлтау тох кодтой хотыхæй дæр æмæ сисæй дæр. Уыдонæл сæ хæс уыд, цæмæй аивадон амалтæй равдыстаиккой ног адæй- мад^ы -миддуне, йæ тох æмæйæкуыст, йæ бирæфарсон, хъæздыг фæлгонц. Æмæ йæ æвдисгæ дæр ракодтой. Нæ прозæйы хуыздæр æмæ зынгаадæр хъайтартæ, нæ бæстæ- йы историйы ахъаззагдæр цаутæ — Октябры революци, 30
мидхæст, хъæууон хæдзарады коллективизацийы чи ар- хайы, уыдон иууылдæр сты Ленины хæстонтæ, Ленины зонд æмæ ахуырадйæ туджы кæмæн ис, царды йæхъæд- дыхæй чи уадзы, ахæмтæ. Афтæ сты ногдæр дугтæ<— Фыдыбæстæйон Стыр хæст æмæ абоны сабырадон цар- дыл чи фыссы, уыдон фæзминаг хъайтартæ дæр. Ка?д сæм алыран Ленины кой нæй, Ленины темæйыл дзы не ’рцæуы ныхас, уæддæр æй бæлвырдæй æнкъарæм, сæ куыст, сæ тох, сæ зæрдæ мингай тæгтæй баст .кæй у Ле- нинимæ, йæ революцион ноггаанæг ахуырадимæ, æнкъа- рæм, кæй сты Ленины фæдонтæ, Ленины ,хъуыддаг дард- дæргæнджытæ. Ныртæккæ фадат нæй уыдон хæрзуæ- лæнгай равзарынæн дæр, сæ ньпмæц æмæ сæ гуырахст тынг дардыл у. Мæн зæгъын фæнды, мæ бон цы у, уы- мæй, Ленины темæ комкоммæ цы уацмыстæм бацыди, æрмæст уыдон тыххæй. Гъе æмæ — мæ раздэзры ныхас дарддæр кæнын — 20- æм азты райдайæны нæ фысджытæ куы сагъæс кодтой, ног дуджы ног адæймаг цы хуызæн у æмæ йæ куыд æм- барьгн хъæуы, ууыл, уæд—фыстаиккой сæ фæзминаг хъайтарты фæлгонцтæ æви скъуыддзаг кодтаиккой сæ- хи æмæ æхсæнадон царды цавæрфæнды фарст дæр — кæддæриддæр сæ зæрдæйы цæстыты раз уыдис иууыл зæххондæр æмæ иууыл стырдæр адæймаг — Ленин. Уы- дон æмбæрстой, ирон адæм фыццад^кы-фыццагдæр хъуа- мæ ахуыр кæной Лениныл, оæхицæн лæджыхъæды егъаудæр барæнæн райсой Ленины æвæджиау миниу- джытæ. Уымæ гæсгæ хъуамæ адæмæн оæ зонд æмæ сæ зæрдæмæ фæхæццæ кæной Ленины фæлгонц. Фæлæ уы- дон æмбæрстой уый дæр, æмæ Ленины фæлгонц аива- дон амалтæй саразын кæй у тынг бæрнон æмæ уæззау хъуыддаг, кæй йын хъæуы нæртон курдиат, арф зонын- дзинад æмæ рæстдзæф дæсныйад. Гуырысхойаг нæу, æнæмæнг афтæ кæй уыд сæ хъуыды æмæ, Ленины темæ- мæ куы бавнæлдтой, уæд се ’ргом скодтой аивадон-ны- вæфтыд формæтæм нæ, фæлæ публицистикæйы жанр- мæ. Ленин куы амард, уæд Гæдиаты Цомахъ йæ хъыг раргом кодта ирон адæмон, зæрдæмæхъаргæ ныхæстæй: «Кусæг адæмы фидар мæсыг акалди, нал ис сæ раздзог, сæ зондамонæг, сæ фæтæг». Фæлæ йæ хъыг зæрдæсаст æмæ пессимизм не ’взæрын кодта. Уый бæлвырд уыр- ныдта, зæгъгæ, Ленины «царды хъуыддаг — мæгуыр ку- ЗГ
<сæг адæмы хъуыддаг — осæстæй нæ баззад, уый тыххæй -æмæ сæ къухы ис бар, сæ къухы — хицауад, сæ къухы — зæхх, сæ къухы — царды рохтæ»1. Цомахъ ирояау фыццаг хатг ныффыста фæтæджы царды хабæрттæ. Иæ биографион уац «Ленин — Улья- нов» мыхуыр æр-цыд «Р(æстдзинад»-ы 1925 азы райда- йæны, стæй та хицæн чиныгæй. Уым Цомахъ популярол- публицистон æвзагæй радзырдта Ленииы царды ахс- джиагдæр цаутыл, йæ революцион сгуыхтдзинадыл. Ты- былты Алыксандр фыста, зæгъгæ, «цыбыр ныхæстæй Цомахъ бирæ загъта Ленины тыххæй, нывау равдыста -революцийы хабæрттæ 1890 азæй фæстæмæ. Радзырдта, куыд сывзæрдис Коммунистон парти. Равдыста, Ленин райдайæнæй дæр йе стыр зондæй куыд бамбæрста ку- сæг адæмы хæстæ революцийы мидæг æмæ, Коммунис- тон партийы сæргъ лæугæйæ, йæ фæдыл кусæг адæмы куыд акодта раст фæндагыл ног, сæрибар цардмæ. Ле- нины зонд, Ленины уынаффæйы ф,æрцы кусæг адаам сæ кълассон знæгты басастой, хицауад сæхимæ райстой»2. Йæ фæстæ, 1926 азы, фæзынд Къосирати Сæрмæты ’чиныг «Нæ ахуыргæнæг Ленин» (иронау æмæ дыгуро- нау).Уьш дæр æвдыст цæуынц фæтæджы биографи æмæ адæмы царды йе стьцр нысамиуæг. Хуымæтæг, æнцон- •æмбарæн — уымæ тырныдтой се ’ппæт дæр, уьгмæн æмæ нæ дзыллæйы фылдæр хай уæд кæсын-фыссын дæр нæ- ма зыдта. Ацы хабар уæлдай тьшгдæр æндæвта Сæр- мæты, йæ чиныг скъоладзау сывæллæттæн кæй фььста, уый тыххæй. Гуырахстджьгн — 280 фарсы —рауад Барахъты Ги- нойы чиныг «Фæллойгæнæг адæм æмæ Ленил» (ССР Цаадисы адæмты Централон чиныгуадзæн, Мæскуы, 1928). Автор райста даргъ историон рæстæг — раджы заманæй суанг социалистон революцийы фæуæлахизмæ. ’Куыд цардысты адæм раздæр, куыд цыдысты иу социа- лон формацийæ иннæмæ, куыд фæзынд кълассон тох — уыдон æмæ ма бирæ æндæр фарстытæ æвзары автор, Уæрæсейы историйы цаутæ æмæ дæвштонтыл æнцой кæ- ны, афтæмæй. Уæлдай йæ хъус дары пролетарон змæлд- 1 Газет «Рæстдзинад», 1924 азы 2 февраль. 2 Тыбылты Алыксандр. Равзаргæ уацмыстæ, Цхинвал, 1964, 123 фарс. •32
мæ, Маркс æмæ Энгельсы ахуырадæн цы ахадындзйнад уыдис, уьшæ. Коммунистон партийы саразæг æмæ йæ раздзог Ленин хицæнæй æвдыст нæ цæуы, автор ын йæ архайд, йæ куыст, йæ зонд иугæндзан бæтты кусджытæ æмæ зæхкусджыты тохимæ. Гино раст кондепцийыл лæуд у: фæллойгæнæг адæмимæ æнгом, æнæхæлгæ бастдзи- над — уый у Ленины æппæтхъом удыхъæды сæйраг ми- ниуæг. Кæронæй автор сиды Ирыстоны дзыллæтæм, цæ- мæй Лейины фæдзæхстытæ сæххæст кæной социалон, экономикон, культурон æмæ æндæр фронтты дæр. Аив прозæйы æппæты фыццаг Ленины кой чи скод- та, уыцы уацмыстæй у Цомахъы уацау «Фыдæлты на- мыс». Колхоз саразьшыл куы уынаффæ кæнынц, уæд Дзæуджыхъæуæй æрцæугæ уазæг йæ ныхас «Ленины зонды фæндаг, йæ ныстуантæй» байдыдта. Коллективи- зацийы 1раздзогтæ сæ куыст, сæ архайд арæзтой Лени- ны фæдзæхстмæ гæсгæ. Цомахъы хъайтар Хæмæт — колхозы фыццаг сæрдар — «йæхи пролетарыл иымадта, æмæ йæм афтæ касти, цыма бирæ æнæзынгæ бæттæнтæй баст у Советон Цæдисы кусджытимæ дæр æмæ дунейы пролетартимæ дæр. Ноджыдæр иу миниуæг уыдис Хæ- мæтмæ. Истæуыл-иу куы хъуыды кодта, исты-иу сара- зынмæ куы хъавыди, уæд-иу йæхинымæры бафарста кæддæриддæр: «Цымæ Ленин та цы загътаид». Æмæ кæд ахуьиргонд нæ уыдис, .кæд Ленины фыстытæй бирæ нæ бакасти, уæддæр-иу кæмдæр, /йæ хъуыдыты арфы, хорз фæндон ссардта». Иæ хъайтарты хъысмæт арæх Ленины темæимæ бас- та Беджызаты Чермен. Уый дæр ыл райдианы публи- цистон уацтæ фыста. 1925 азы 21 январы газет «Хур- зæрин»-ы ныммыхуыр кодта уац «Афæдз æнæ Лени- нæй». Фæтæг æнæмæлæт кæй у, уымæн ссардта бæл- вырд дзьирдтæ: «Ныккæсутнма алы коммунисты, алы фæскомцæдисоны, алы раст кусæджы зæрдæмæ! Уæд фендзыстут, Ленин удæгас кæй у, уый». Октябрь, Коммунистон парти æмæ Ленин уыдысты Чермены иугæндзон уарзт, йе сфæлдыстадон уæлтæмæ- ны .æвидигæ суадон. Иæ зынгæ бонæг («Ссыгъди цард» æмæ «Басыгъд цард»), Хуссар Ирыстоны хъайтарон трагеди реалистонæй равдисгæйæ, йæ патетикон-эмоци- он бæрзæндмæ схизы, тæккæ тыхст заманы партимæ куы фæсиды, уæд. «Цы фæдæ, парти! 3. Дзуццаты X. 33
Кæм дæ, æртæ азы дæргъы дæластæрдон уьшгæг уа- зал цæджы ’хсæн Октябры фæндагыл йæ риуы ’мбæр- цаай размæ йæхи чи тыдта? Ленины ахуырадæй йæхи чи хотыхджын кодта алы скъæтты, мусты, æмбæхст бынæт- ты, уæззау пъæззы куысты фæстæ хидкалгæ, фæлладæй? Йæ тæнæгæй гæрзтæ чи уагъта хæцæнгæрзты самалæн, Хуссар Ирыстоны Октябры фæуæлахизы хъуыддагæн, нæ гæвзыкк^зыллæйæхи кæй бæрны бакодта æгасæй, — кæм дæ, нæ парти?.. Хъуысы æмыр унæрæй дæлæ Чъре- байы, Цъунары, Ортъеуы уæлвæзт-æй къуыхтæ-карст фæ- сивæды буарæй: «Мæнæ!» Революцийы фæрцы ирон сылгоймаг йæ астæу куыд сраст кодта, йæ уды бартæн сæ хицау куыд сси, ууыл фысгæйæ, Чермен аивæй амоны уыцы хъуыддаджы Ле- нины стыр ахадындзинад (радзырд «Æртæ фæкасты»). Цыппар лæджы — Бадæг, Умар, Хæлар æмæ Битар — сылгоймаджы уавæрыл кæ»м быцау кæнынц, Налхъуы- тæйы «æртæ фæкасты» истори сьш Битар кæм дзуры, уыцы уаты мидхуыз фысгæйæ, Чермен уыны Ленины чингуытæ фынгыл цагъдамадæй. Къултæй иу «иннæты хъауджыдæр азат у дзауматæй, æрмæст ыл зьшы Ле- нины стыр фотографиои ныв хиармæй конд фа&лгæты мидæг. Кæйдæр хæлар къух басагъта фæлгæты бын зыхъхъыры удæгас сырх дидинæг». Адæм чысылæй, стырæй се ’ргом скодтой Лениныду- немæ — ахæм хъуыдыйыл ам!ад у радзырд «Уад асаста гæды бæлас». Иуæрдыгæй, талынг, ивгъуыд дуне — аргъуан æмæ зæронд ус, иннæрдыгæй, рухс, ,ног дуне — уад æмæ ногдзау сабитæ. Сæ раздзог сын æмбарьш кæ- ны дины тыххæй Ленины хъуыдытæ. Сабитæм диссаг кæсынц зæронд усы митæ. Дыууæ дунейы ’хсæн конт- раст æргом кæны бирæ бæлвырд деталтæй, символон- иумæйаггонд мидис чи райсы, ахæмтæй. Зæронд ус адæймаг у, уый нæ рахатдзьгнæ, — къуы- былойы хуызæн, цахæмдæр сау æндæрг. Сабитæ — бæ- рæгбонгъуыз, рæсугъд. Уыдон нæ ацæудзысты зæронд царды фæдыл, нæ уыдзысты зæронд усы хуызæн. Уы- дон — уадЫ хъæбултæ—сæхи снывонд кæндзысты ног цардарæзтæн. «Цомут Ленины фæзмæ, уым бырдзыс- тæм!» — зæгъынц сабитæ. «Фæтулы талынг уынгмæ ус-къуыбылой. Фæтæхьинц ихæй æ,мбæрзт уынгыл Ленины фæзмæ сабитæ...» Уацмысы ко,нтрасты мидис разыны хуымæ- 34
тæг мивдистæй. Фæтулы — бæлвырд архайд у зæронд дугæн. Фæтæхынц — бæлвырд архайд у ног дугæн. Цомахъ æмæ Чермен сæ уацмысты аив фæлгонцты системдамæ кæй хастой Ленины темæйы мотивтæ, уы- мæн стыр ’нысаниуæг уыдис. Æнæ уыды мотивтæ æх- хæст нæ уыдаид историон рæстдзинад, цаутæ, социалон конфликттæ æмæ адæмы царды рæстдзинад. Вæ ном- дзыд фысджыты уыцы традици характерон у —кæм фылдæр, ’кæм къаддæр — нæ прозæйы дзæвгар эпикон уацмыстæн. 40-æм азтæй фæстæмæ нæм Ленины темæйыл цы уац- мыстæ фæзынд, уыдон фыст сты алыхуызон формæтæ æмæ стилтæй, алыхуызон у сæ идейон-аивадон конд. Æн- гæс миниуджытæм гæсгæ сæ куы къордтæ кæнæм, уæд сæйраджыдæр сты дыууæгъуызон. Иутæ дзы хæстæг, лæууынц адæмон таурæгъмæ, ранæй-рæтты сæм хæццæ кæны публицистон æмæ романтикон-поэтикон элемент. Иннæтæ цæуынц, Цомахъ æмæ Черменмæ цы реалис- тон-конкретон æвдисынад ис, уыцы фæндагыл. Адæмон таурæгъы, растдæр зæгъгæйæ аргъауы амал- тæй фыст у Цоциты Резойы уацмыс «Цæргæсыл фем- бæлд». «Уыдис иу паддзахад»,— ахæм аргъауон рай- дайæны фæстæ автор радзуры Хæххон Цæргæсы ха- бæрттæ. Йæ ном ын нæ зæгъы, бæлвырд нæ амоны геогра- фион бынæттæ дæр. Сау тыхтæ куы стыхджын сты, «уæд Уари атахтис æцæгæлон дард бæстæм». Ног тохы заман куы,ралæууыд, уæд адæм ацыдысты Уарийы размæ, «ден- джызы был стыр горæтмæ». «Уалынмæ дын уартджын хæдтулгæ сæ разы февзæрд. Иæ сыгъзæрин дуар бай- гом æмæ дзы рахызт дунеты хур — Хæххон Цæргæс». Гъе ахæм абстрактон-романтикон хуызы æвдыст цæуы Ленин. Иæ алыварс адæм адæмы хуызæн сты, уый та Цæргæс у. «Уари йæ базыртыл бæрзонд схæцыд», — ахæм амалтæй йæ автор уаэлдæр æвæры адæмæй, хицæн æй <кæны тохгæнæг дзыллæтæй. Ленин стыр адæймаг кæй уыд, уый ирон адæммæ, уæлдайдæр революцийы фыццаг азты, æвзæрын кодта ахæм æнкъа^рæн, зæгъгæ, у мифон-легендарон хъайтар æмæ йæм кастысты кадæгон-фольклорон цæстæй. Ахæм уынынад ис нæ фысджытæй иукъордмæ дæр. Адæм сæ зарджыты Ленинæн цы эпитеттæ раттой, уыдон рахас- той прозæмæ. Уари, цæргæс, хур æмæ æндæртæ поэти- кон эпитеттæ нал сты, фæлæ архайæг цæсгæмттæ. Æмæ 35
афтæмæй æмбæхстæй, аууоны баззайы Ленины коикре- тон, реалон, зæххон фæлгонц. Ленины иумæйаг, абст- рактон стырдзинад — гъе уый сæм у сæйраг æмæ йæ æв- дисынц канд адæмон поэтикон уыньшадæй ,нæ, фæлæ ма публицистон мыхæстæй дæр. Резойы радзырды кæрон Цæргæс зæгъы зындгонд цитатæ: «Абонæй фæстæмæ Уæ- рæсе уыдзæнис социалистон!» Кæд «Цæргæсыл фембæлд»-ы аргъауон-кадæгон æмæ публицистон элементтæ буар-æмбуар сты, уаад радзырд «Мавзолей» та у æрмæст публицистон амалтæй конд. Автор, æфсæддон хæлæрттæ Чехов, Козлов, Шаенбеков, зæронд ус æмæ лæг—се ’ппæт дæр иумæйагæй дзурынц Ленинмæ сæ уарзтыл, йæ ахуырад æмæ йæ хъуыддæгты нысаниуæгыл. Ленин йæхæдæг та, авторы цæсты раз удæгасау куы сысты, уæд у ,монументы хуызæн, плака- тон-риторикон. «Иæ иу къух йæхицæй размæ адаргъ кæнгæйæ, йе ’ннæ къухæй та йæ сау кепкæйыл æлхъывд. хæцгæйæ, зæрдæйы уидæгтæм хъаргæйæ зæлланг хъæлæсæй дзу- ры: — Нырмæ куыд цыдыстут, афтæ цæут дунейы адæм- ты разæй æмæ сæ æркæнут коммунизммæ!» Фольклоро« фæлгонцтæй хъуыдыгæнæг адæммæ Ле- нин æрцыд сæ ирвæзынгæнæг легендароп хъайтарау — уыцы хъуыдыйæн йæ мидис æмæ формæйæ дæр дзуапп дæтты Гаглойты Владимиры таурæгъ «Алæмæты гæх- хæтт». Адæмон типикон таурæгъ куыд вæййы, афтæ цау- тæ тагъд-тагъд кæрæдзи ивынц, лыстæггай, лæмбынæг фыстмæ нæу се ’ргам. Автор райста, æппæт мæгуырты халдих чи у, ахæм иу мыггаг — Барсæгаты цард. Ра- джы, тынг раджы Барсæгатæй иу лæг Гæмси фервæзын кодта æлдары чысыл фырты, æлдар ын зæрдæ бавæрд- та, гæххæтт сыи кæй ратдзæн æмæ сæ зæххæй .кæй баф- саддзæн, уымæй. Ацыд æм Гæмси, фæлæ фæстæмæ не ^рбаздаахт — кæмдæр ын æлдары æфсады хисдæр йæ сæр акъуырдта. Сæ мыггаг æм æнхъæлмæ кастысты фы- дæй фырт-мæ, фæлтæрæй фæлтæрмæ. Æихъæлмæ гæсгæ сыл æнустæ аивгъуыдта — социалон æнæрастдзииады уавæрты алæмæты гæххæтт ничи ратдзæн лæвар. Фæ- лæ сæ бæллиц <нæ сæфт — кастысты æнхъæлмæ. Æмæ сæм »æрцыд æппынфæстаг. Фьгццаг империалистон хæс- ты салдат, Барсæгатæй иу лæппу, æрæздæхт сæ хъæу- мæ, æрхаста газет зæххы тыххæй Ленины декретимæ. 36
Ленин сын æрæрвыста, æнусæй-æнусмæ сæ былтæ кæ- мæ ’хсыдтой, уыцы алæмæты гæххæтт. «Уæдæй нырмæ Ленин æрцард алы хæдзары дæр. Ленины номимæ хæ- дзæрттæм бацыд фарн æмæ амонд». Фольклорон-публицистон уацмысты ’хсæн чысыл хи- барæй лæууынц Цоциты Резойы «Ирыстоны райсом», Джиоты Дауыты «Æнусон амонд» æмæ Букуылты Алык- сыйы «Хуры фырт — Æнусон». Æртæ уацмысы дæр уæлмонц-романтикон уагыл æргом кæнынц сæ авторты зæрдæйы цин, сæ ахаст Ленинмæ æмæ райгуырæн Ирыс- тонмæ. Поэзийы амалтæм хæстæг бацыдысты, архайды сюжет дзы кæй нæй, бæлвырд-бæрæг ритмыл урæд кæй сты, авторты мидæнкъарæнтæ кæй æвдисынц, уымæй. Сæ жанрон спецификæ сьш куы иртасæм, уæд сын схонæн ис прозæйæ фыст кады æмдзæвгæтæ кæнæ лирикон-па- тетикон монологтæ. Ленин æмæ Ирыстон — уый у сæ дзырды сæр. Резо ныв кæны нæ бæстæйы æнусон рæсугъд æрдз æмæ адæ- мы къухтæй саразгæ ног пейзаж, абон куыд у æмæ йæ куыд уыны йæ цæсты раз, афтæмæй. «Хур, царддæттæг хур, уафгæ цæуы Ленины сурæт йæ сыгъзæрин тынтæй, зæлдаг æндахау. Уафы йæ урс- сæр хæхтыл, цъититы дагътыл, айнæджы фæрстыл, цъæхгауыз уыгæрдæнтыл, уæлхох фæзтыл, дæлхох бы- дыртыл, Садоны æрзæткъахæнтыл, Къуайсайы хæзна рæгътыл, Терчы æрра уылæнтыл/ Леуахийы æвзист пыр- хæнтыл, нæ ног заводты къæбæлдзыг æгъуыз фæздæ- гыл...» Иу уæлмоиц уылæны рауагъта ивгъуыды зындгонд ис- торион факттæ æмæ абоны царды алыхуызон цаутæ «Æнусон амонд»-ы автор. Ленинæн Ирыстоны хъысмæ- ты цы ахадындзинад ис, цы уыд æмæ цы сси Ирыстон, ууыл дзуры Дауыт, дзуры йыл сæоыстырæй, парахат зæр- дæйæ. «Ирыстонмæ дæр фехъуыстис Ленины разагъта- йы æрсидт Бетъырбухæй. Арвы нæрдау цæхæртæ акалд- той йæ дзырдтæ. Хох сæ хохæн дзуры, фурд — фурдæн, лæг — лæгæн». Ноджы уæлмонцдæр, ноджы романтакондæр у Бу- куылты Алыксыйы монолог. Уый бынтон рагæй байдыд- та, незаманы Нартæй суанг абонмæ. Барахъты Гинойы чиныджы конкретон-историонæй цы дæрддзæг ис, ууыл, цыма, Алыксы скодта легендарон-аргъауон æрттивгæ дарæс. Ленинæн дзы йæ ном нæй,—хоныйæ Хурыфырт 37
Æноуон. Алыхуызон æмбарынадтæ æмæ символтæ дзы архайынц стыр дамгъæйæ фыстæй: Рæстдзинад, Уад, Хæдхæцæг æмæ æнд. Ирон адæ^м рагæй фæстæмæ сла- вянтимæ иумæ тох кодтой хаадхæцæгады ныхмæ, хастой иу æфсондз, цалынмæ сæм Хуры фырт не ’ртахт æмæ сæ не ссæрйбар кодта, уæдмæ. «Мæнæ, гъе, сæ бæстæ — хурджын, уазæгуарз Ирыс- тон. Рагон, фæлæ хæрз æрыгон Ирыстон! Дугты ты- мыгътæ сæ фæд кæуыл ныууагътой, фæлæ зæронд чи нæ кæны, цæрдхъомæй чи баззад, уыцы æвидигæ Ирыс- тон! Æмæ та ам дæр — æппæт дæ фæрцы, о Хурыфырт Æнусон!» Конкретон-реалистон уагыл чи цæуы, уыцы уацмыстæ бирæ цæмæйдæрты хицæн кæнынц, уæлдæр цы фыс- тыты кой ракодтон, уыданæй. Æмткæй сæ идейон-аива- дон конд, се ’вдисыны манерæ æндæр у. Фæлæ сæм уæд- дæр бирæ рæтты æмхиц у таурæгъон-фольклорон хъуы- дыкæнынад æмæ риторикон публицистикæ, æмхиц у Ленины фæлгонцæн йæхимæ дæр, гъе стæй Ленинмæ ав- тор æмæ йæ хъайтартæ цы ахаст дарынц, уымæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы уацмысы нæу афтæ. Бынтон хуымæтæг, реалистон амалтæй радзырдта Мамсыраты Дæбе, поездыл 1Йе ’мбæлццон зæронд кусæг лæг дыууæ хатты Ленинимæ куыд фембæлд, уый тых- хæй (радзырд «Дыууæ фембæлды»). Фыццаг хатт ыл фембæлд, Мæокуыйы социалистон зиу куы фæцис, уæд. Ленины цæсгомæй нæ зыдта, йе ’мбалимæ хъæд куы фæ- цæйхастой, уæд Ленин архайдта иу хуылыдз фæйнæ- гимæ, «сисынмæ йæ хъавыдис, фæлæ-,иу куы разæрды- гæй фæбырыд, куы фæстæрдыгæй». Нæ сæ уыдта, аф- тæмæй йæ куыст кодта. Фæинæджы, кæрон уæлæмæ куы систа, уæд дзы æнæлхъæлæджы ацы кусæджы фæца- гайдта. Барæй нæ уыд, фæлæ йыл кусæг уæддæр схъæр- тæ кодта. Уый фæстæ куы базыдта, зæгъгæ, æнæхъуаджы кæ- уыл схъæртæ кодта, уый Ленин уыдис, уæд дзы хъуамæ хатыр ракуырдтаид, фæлæ йæ Кремлмæ иæ бауагътой. Иуахæмы Ленин æмбырд скодта æфсæнвæндаджы кус- джытæн. Уым уыд ацы кусæг дæр. Президиумы Ленины цур 0адт фæцис. Ленин æй уайтагъд базыдта. « — Мæсты ма мæм кæныс? — Цæмæн? — бафарстон æй æз. 38
— Иу хатт дæ зиуы фæйнæджы кæронæй кæй ахсыс- тон, уый тыххæй. Барæй нæ уыдтæн. — Владимир Ильич, æз дæ уæдæй нырмæ агурын, хатыр, зæгъын, ракурон. — Хатыр та мæ цæмæн хъуамæ ракурай, аххосджын æз куы дæн. ’ —Мæ дзыхæй цыдæр æнæууылд ныхæстæ схауд. Владимир Ильич зæрдиагæй ныххудтис...» Ацы цардæгас диалог, Ленин фæйнæгимæ куыд ар- хайы, йæ портрет цы .хуызæн у («ныллæджытæарæзт лæг, йæ кепкæйы бырынкъ фæстæрдæм, йæ уæлæ фæс- мын костюм»)—уыдонæй æмæ æппæт йæ афыстæй нæ цæсты раз слæууы хуымæтæг, зæххон, зондджын адæй- маг. Æрхæсгæ деталтæ йæ ныллæг, мыййаг, нæ кæнынц, фæлæ йын бæлвырдæй æвдисынц йæ реалон адæймагон миниуджытæ. Зæрдæмæ йæ уæлдай хæстæгдæр кæны рог, фæлмæн юмор. Лæджы тыххæй дзуры лæгау. Йæ мидисмæ гæсгæ у йæ хуымæтæг, бæлвырд афысты конд. Мидхæсты азты Ленинæн ирон адæмимæ цы бастдзи- пæдтæ уыдис, уыдон бæркадджын æрмæг дæттынц фыс- джытæн. Æмæ сыл фæлваргæ дæр бакодтой сæ тыхтæ. Сæ уацмысты бындур æрæвæрынц историон факттæ, зæронд, фенæг адæмы кæнæ сæхи сæрмагонд мысинæг- тæ. «Ивгъуыд заманы мысинæгтæй», зæгъгæ, афтæсхуыд- та Дзадтиаты Тотырбег йæ радзырд «Зынаргъ лæвар». 1920 азы декабры цæуы йæ архайд. Уэед, дам, Ленинмæ балцæй æрыздæхт авторы æрвад Алыксандр. Уырнинаг, дзæбæх фыст сты Мæокуымæ йæ фæндаг, Мæскуыйы уынгтæ æмæ адæмы змæлд, Ленинмæ йæ бацыд. Уынæм дзы Ленины хуымæтæгдзинад, йæ фезмæлдтытæ æмæ йæ ныхасы æууæлтæ. Хуссар Ирыстоны ревкомы бахæс- мæ гæсгæ йын радзырдта нæ адæмы уæззау уавæртæ. Ленин лыгъд адæмæн быдыры зæхх раттын кодта æмæ сын хор æмæ хъуымац рауагъта. Иры минæва^р куы цы- дис фæстæмæ (уыцы судзгæ уазалы йыл цухъхъа йет- тæмæ ницы уыд), уæд ын Ленин^йæ палто балæвар код- та. Æмæ ныр йæ хъæубæсты ’хсæн куы ’рбадт, уæд... «ал- чи дæр архайдта, цæмæй палтойыл йæ къух уæддæр аныдзæвдаид. Палто нæ, фæлæ, цыма, удæгас Ленин йæхæдæг сæ астæу лæууыди æмæ ууыл тæккæ зæрдиаг- дæр цин кодтой, ахæм уыди сæ алкæй цæстæнгас дæр». Куыд баци палтойы хъысмæт? Сырх Æфсад æфцæгыл 39
Хуссармæ куы хызтысты, уæд æн Алыксандр йæ къухьг хаста. Зæй æнæнхъæлæджы раскъуыд, Алыксандр къæ- дзæхы тигъыл йæхи æрцауындзæг кодта, тымыгъ ын атыдта йæ палто «æмæ йæ зæимæ ахаста арф комы бын- мæ». Радзырд мæгуырау нæу, йæ историон бындур раст куы уаид, уæд. 1920 азьг нæ ревком æцæг арвыстой Ле- нинмæ минæвар, уыцы кадджын хæс ын Алыксандр æмæ йе ’мбæлттæ бабæрн кодтой. Автор цы хабарыл дзуры, уый æрцыд сæрды (фæззæджы нæ, фæлæ), Алыксан- дрæн цы хъуыддæгтæ бакæнын кодта, уыдоя та сарæзта Козаты Разден. Алыксандр искуы Ленинмæ уыд, уый тыххæй ницы историон бæлвырдгæнæнтæ ие. Бæгуыдæр, фыссæгæн йæ бон у, æмæ архайа йæ фан- тазийæ, æрымыса цардæн æмбæлгæ иывтæ æмæ фæл- гонцтæ. Фæлæ æцæг историон цаутæ æмæ æдæг истори- он адæймæгтыл кæм цæуы ныхас, уым хъуамæ фактты фæлгæттæй æддæмæ æгæр ма хиза, сæ рæстдзинад сын зыгъуыммæ ма кæна. Историон æгъдауæй æцæгдзинад æвдисы Дзугаты Георгийы радзырд «Æнайы лæвар». Зæронд Æна дзу- ры 20-æм азты æнамонд хабæрттæ, бирæ хæттыты сæ куыд фехъуыстам- æмæ куыд зонæм, афтæмæй. Фæлæ дзы уый нæу сæйраг. Саэйраг дзы у «хауджын, фæньж- гъуыз кæлмæрзæиы» истори. Лигъдæттæ Салыгæрдæиы куы ’рбынат кодтой, уазал æмæ стонгæй куы скъуыдыс- ты, уæд сæм æрбацыд «ныллæггомау, бæзджынтæ арæзт, стыр рихиджын лæг, йæ уæлæ цыбыр сæрак палто». Лæджы ном дзы нæй, фæлæ уайтагъддæр базонæм Ко- заты Раздены фæлгонц. Адæмыл хæдзари-хæдзар уæрс- та, Ленин сын цы лæвæрттæ æрæрвыста, уыдон. Æнайы дзы фæци иу нартхоры голлаг, цалдæр адлийы хъуы- мац æмæ зымæгон кæлмæрзæн. Иннæтæ дæр куыннæ, фæлæ кæлмæрзæн уæлдай тьшгдæр фæцыд йæ зæрдæ- мæ. Æмæ сæм дыккаг хатт куы ’рбацыд Разден, йæкæл- мæрзæнæй йын Æна куы раппæлыд («Рает цьша канд æз нæ, фæлæ æгасæй мæ цард йæ хъармæй стæфст, аф^- тæ дæн йæ райсынæй нырмæ»), уæд ын Разден буцæй загъта: «Дæ кæлмæрзæны хъуамæ хуры тæфст уа, ху- ры. Уымæн æмæ дын æй .æрæрвыста нæхи Ленин...» Хуымæтæг кæлмæрзæн Æнайы царды æ,мæ Дзуга- йы фырты радзырды у стыр æнкъарæны æвдисæн, Ле- нины лæгуарзондзинады æвдисæн. Æмæ канд уый нæ: 40
зæронд Æиа йæ кæлмæрзæн йæ лæппуйы чысыл чызгæнг кæй балæвар кодта, уымæй æргом кæны фæлтæрты баст- дзинад — Лен-шшæ уарзт, Лениныл æнувыддзинад цæ- уы фыдæлтæй кæсдæртæм, иугæндзон, æнæаскъуыйгæ- йæ. 1921 азы февралы Гуырдзыстоны советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд ыл Чъребайы адæм ,куыд цин код- той, ууыл дзуры Цоциты Резойы радзырд «Ленины ко- мулæфт». Æрдзы нывтæ, сæйраг хъайтартæ Цорæ æмæ Иваны портреттæ сты аив, цæстылуайгæ. Цорæ кæддæр Бетъырбухы «Хъæддаг дивизийы» службæ кодта, Смол- нимæ бацыд æмæ уым ныхас кодта Ленинимæ, чи у, уый нæ зыдта, афтæмæй. Ацы сценæ у Погодин Никъа- лайы пьесæ «Лæг хæцæнгарзимæ», зæгъгæ, уым салдат Шадрин æмæ Ленинæн цы фембæлд ис, уый хуызæн, æмæ дзы хатæм Ленины зæххои, цардæгас фæлгонц. Фыдыбæстæйон Стыр хæсты дугæй хицæн чысыл эпи- зодыл амад у Бекъойты Елиозы радзырд «Цырт». Не- мыцаг фашисттæ а-ньир горæтмæ æрбабырсой, афтæ зæ- ронд лæгтæ райстой Ленины цырт æмæ йæ бамбæхстой. Немыцæгтæ æфхæрынц адæмы, марынц сæ, фæлæ цырт кæм и, уый ничи схъæр кодта. Не ’фсад фæстæмæ куы байстой горæт, уæд та цырт дæр йæ бынаты слæууыд. «Фæтæг йæ къух дардта горæты кæронмæ, цьша хæс- тонтæм сидт хурныгуылæны ’рдæм, фашистты æнауæр- донæй дæрæн кæнынмæ». Радзьфд фыст у æнæуæлдай пафос æмæ ритррикæйæ, бæрæгæй дзы зыны хæсты аз- ты адæмы уарзт сæ фæтæгмæ. Мах куы фæдзурæм, зæгъгæ, Ленины темæ нæ поэ- зи фылдæр аамæ хуыздæр равдыста иæ прозæйæ, уæд уый раст у. Уымæн, æвæццæгæн, бирæ бæрцæй ахъаз кодтой поэзийы специфйкон амалтæ. Хуымæтæджы нæу, нæ прозæйы къорд уацмысы сæ идейон-аивадон конды кæй пайда кæнынц поэзийы ссарæггæгтæй, поэзийы фæлтæрддзинадæй. Æмæ сын, чи зоны, уый кæмдæрты сæ хæдхуыздзинадæн хъыг дæр кæны, уымæн æмæ про- зæйæн йæхи нывæфтыдон закъæттæ ис. Нæ поэзи уæл- дай тынгдæр бавдæвта, нæ прозæйы Ленины мæлæнбо- ныл цы уацмыстæ ис, уыдоныл. Æмдзæвгæты куыд у, афтæ ам дæр уыкæм хъызт, тызмæг пейзаж, саударæн бон, сюжетон архайд, адæмы хъыг æмæ кæронæй Лени- ны æнæмæлæты тыххæй риторикон ныхæстæ, кæннод но- гæй æрдз æмæ адæмы хъынцъымы пейзаж. Бæгуыдæр, 41
ацы поэтикон схемæ прозæйы уацмысты уæрæхдæр æмæ дардылдæр у, фæлæ уый мæ иумæйаг хъуыдыйы ных- мæ нæу. Цымыдисаг у, æмдзæвгæты куыд у, афтæ Бесаты Та- зе, Дзугаты Георги æмæ Плиты Илья сæ радзырдты сæ- хи иомæй кæй дзурынц, алчи дæр дзы йæ сабибонты Ленины мæлæнбоны цы федта, цы банкъардта, цы хъуы- ды кодта, ууыл. 1924 азы тъæнджымæйы хохы фыййæуттæм сыхъуыст сау хабар. Карз, уазал пейзаж æмæ адæмы зæрдæйы хъыг кæрæдзимæ гæсгæ æмдзу кæнынц. Радзырд «Æнæ- мæлæт»-ы автор йæ зæрдыл бадардта зæронд фыййау Майлыйы ныхæстæ. « — Стыр уæззау хабар... Хуымæтæджы нæ куыдтой авд б01ны æмæ авд æхсæвы нæ хæхтæ, хуымæтæджы сæ цæуынæй «æ банцадысты арф кæмтты нæ сыгъдæг дæт- тæ, хуымæтæджы нæ ниудта дымгæ, — уынгæг хъæлæ- сæй дзырдта Майлы йæхицæн æмæ йæ урс рихитыл æр- тылдысты ставд цæссыгтæ...» Майлыйы æмæ авторæн йæхи кæронбæттæн ньгхæс- ты дæр ис риторикон мæнг романтикон пафос, фæлæ æмткæй радзырд у психологон æгъдауæй уырнинаг. Йæ бирæ уæлдай ныхæсты фæстæ Майлы зæгъы йæ тæху- ды: «Ех, мыр фадат куы уаид, — ацæуиккам стырæп, чысылæй Мæскуымæ. >3æгъиккам зынаргъ адæймагæн йæ ингæны уæлхъус рухсаг». Саударæн радзырдты арæх дзырдæуы Ленины ны- выл. Таземæ кæсдæр фыййау Дзодзыр скодта фæтæджы ныв, зæронд Майлы йæм æдзынæг фæкаст, стæй йæ ба- вæрдта мусонджы тæрхæгыл. Дзугаты Георгийы радзырд «Ниудта уад»-ы дæр зæ- ронд дада къулæй райста Ленины ныв æмæ йæ къæлæт- джыныл æрæвæрдта. Лæгтæ кæуьшц. Стæй дада ныв ахаста скъоламæ. «Уырдыгæй йæм, иронвæндаггæнæгау, йæ базыртæ тылдта фыдохы сау тырыса». Ныв скъола- йы къулыл тырысайы бын æрфидар кодтой. Фыдохы пейзаж, номхуындæй уады æхсидт у ра- дзырд-мысинаджы сæйраг идейон-композицион бындур. Райдайæны: «Уады дæргъвæтин æхсидт: у-у-у!» Асгæ- уæй’дыууæ раны: «Мæ хъустыл та ауад уады ниуьш: у-у-у!» æмæ: «Хæдзары къуымты тынгдæр анæрыд уады ииуьш: у-у-у!» Кæронæй: «Хъуысы дард кæцæйдæр зæ- 42
йы нæрын, æввахс хъæдæй бæлæсты къæс-къæс, хъæу- гæронæй уады ниуын — у-у-у!» Барæг æрбахаста Дзауы скъоламæ фыдохы уац æ,мæ Плиты Ильяйæн ньирмадæр йæ цæстытыл уайы ахуыр- гæнджытæ æмæ скъоладзауты хъынцъым, хъæуы къан- цылары саударæн митинг. Зæронд лæг Хъарадзау загъ- та: «Мах, большевиктæ, кæуыны бæсты Ленины тыры- са сисдзыстæм бæрзонддæр!» Фæлæ цыфæнды хъæбæр, ныфсджын ныхас нæ кæнай, уæддаэр зæрдæ зæрдæ у жмæ — раст у психологон æгъдауæй — «Ленины нывмæ бакæсгæйæ, Хъарадзауæн йæ цæстысыг æрызгъордта йе ’нцъылдтæ русыл». Зæгъын хъæуы уый, æмæ саударæн радзырдты бирæ ис сентименталондзинад. Раст у, хъыджы рæстæджы адæм фæкæуынц, фæлæ фегæр вæййынц, æгæр та ницæ- мæй бæззы. Сентименталондзинад, мыййаг, риторикон- иумæйаг уæгъд иыхасæй къаддæр æнæаив нæу, уæлдай- дæр Ленины темæйыл куы фыссай, уæд. Ленины идеятæ ирон мæгуыр адæмы ’хсæн куыд па- рахат кодтой, куыд æмæ йæ цы хуызы истой сæ зæрдæ- мæ, Ленины ныфсæй куыд тох кодтой се ’фхæрджытимæ, уыдæттыл дзæбæх, уырнинагæй бирæ фæрстыл дзу- ры Дзадтиаты Тотырбеджы хицæн радзырдтæй конд уа- цау «Мæ урс дадалитæ». Æддар Дженалдыхъойы æх- хуырстытæ Машæ æмæ Назирæтæн цардмæ сæ цæсты- тæ байгом кодтой революцион хæстон Аппе æмæ йе ’мбæлттæ. «Тъæнджымæйы иу бон нæ газеттæ райстам саударæн фæлгæттимæ. Куы сæм æркастыстæм, уæд нæ зæрдæтæ^куыннæ скъуыдысты!.. Нæ хæдзары Ленины ныв нæ разы æрæвæрдтам æмæ кæуын байдыдтам». Зындгонд факт—Куырттаты комьт цæрджытæ 1924 азы фыдохы бонты Ленинæн ныссагътой дурæй цырт — сæхирдыгоиау æвдисыЦц дыууæ уацмысы — Цæгæраты Максимы радзырд «Адæмы зæрдæ» æмæ Дзесты Куы- дзæджы уацау «Зæрдæтæй амад цырт». Факт иу факт у, фæлæ уацмыстæн сæ афысты уаг æмæ авнæлд, сæ хъайтарты архайд æмае хъысмæт не сты иухуызон. Фæ- лæ уый афтæ нæ амоны, æмæ сæ идейон-аивадон конды æнгæсдзинадæй ницы ис. Ленины 1мæлæнбоныл чи фыссы, уыдонау, Максим- мæ дæр тьинг активон у пейзаж. Дымгæйы ниуд дзы хъуысы сæрæй кæронмæ. Автор цы цаутæ æмæ ситуаци- тæ ныв кæны, уыдон кæрæдзийыл бæтгæйæ, иу хайæ ин- 43
вæ хаймæ цæуы, лейтмотивау. Дымгæйы ниудæй гуырынц йæ ретроспективон ассоциацитæ. Радзырды хъайтар зæ- ронд Ауызби хъусы дымгæйы ниудмæ. «Виуы, къуыс- къуыс кæны уад. Дуæртты къæс-къæс цæуы». Æмæ йын дымгæйы ниуын æрымысын кæны йæ ивгъуыд цæрдты- тæ. «Афтæ ма ниудта, йæ фыд куы амард, уыцы æхсæв дæр». Ленины мард ын йæхи фыды марды хуызæн у, йæхи сæрмагондхъыг ын у. Дымгæйы ниудимæ баст у, къанцылары сæрмæ цы сау тырыса ис сагъд, уый дæр. «Ауызбимæ афтæ каст, цыма ныртæккæ дымгæ йемæ аскъæфдзæн тырыса, ахæс- дзæн æй кæмттыл, хæхтыл, хъæутыл æмæ, нырма уыцы сау хабар чи нæ фехъуыста, уыдонæн дæр æй радзур- дзысты тъæнджымæйы фыдуаг дымгæ æмæ фыдохы сау тырыса». Зæронд Ауызби йæ хъизæмæрттæй кæй фервæзт, уымæй бузныг у Ленинæй. Иæ национ-патриархалон пси- хологимæ гæсгæ Ленинæн уæныг снывонд кодта, хъуа- мæ йæ æрхуыдтаид сæхимæ, сбуц æй кодтаид нæ ирон æгъдаумæ гæсгæ. Фæлæ ныр йæ сау уац куы ’рыхъуыст, уæд йæ фырт Батырбегимæ хохæй æртылдтой къæйдур æмæ йын сывæрдтой цырт æгас комбæсты ,но,мæй. Ны- вондаг гал ын ныууагътой йæ райгуырæн бонмæ. Радзырд æмткæй реалистон-ко-нкретон фыст у, фæ- лæ йæ хъайтартæ Ленины номыл цы хъуыддæгтæ кæ- нынц, уыдон се ’ппæт уырнинаг не сты, алкæд сыл не ’ууæндæм. Радзырд фылдæр фидауы, Ленинмæ хъайтар- ты ахаст адæймагон кæм у, уыцы бынæттæй. «Суадоны сæрмæ фæллад бæлццонау Батырбеджы нымæты тых- тæй лæууыд цырт. Ауызбимæ афтæ каст, цыма ныртæк- кæ цырт йæ нымæт сисдзæн, комкоммæ йæм æрбацæу- дзæн, йæ къух ын райсдзæн...» Ленины тыххæй ирон прозæйы йæ гуырахстмæ гæс- гæ иууыл егъаудæр уацмыс у Дзесты Куыдзæджы уа- цау «Зæрдæтæй амад цырт». Архайд цæуы Куырттаты комы 1924 азы январæй 1928 азы маймæ. Фæлæ дзы канд уыцы дуг нæй. Уацауы бирæ ис ивгъуыдмæ экс- курстæ — ахуыргæнæг Зауыр тугисыны фæдыл цы тау- рæгътæ æмбырд кæны, уыдон, фыййау Джериханы цæс- ты раз 1-аг дунейон хæсты райдайæнæй фæстæмæхъæу- бæсты цы хабæрттæ æрцыд, уыдон æмæ æнд. Уыцы экскурстæ ахъаз кæнынц сæйраг темæ—адæмы царды Ленины ахадыодзинад арфдæр раргом кæнынæн. 44
Уацауы дзæвгар ис, Ленины тыххæй, уæлдайдæр йæ мæлæнбоны тыххæй ,нæ фысджыты уамыстæй хорз кæй зонæм, ахæм бынæттæ. Æрмæст сæ ам автор фыссы уæ- рæхдæр, лыстæггайдæр æмæ лæмбынæгдæр. Тъæнджымæйы хъызт, барæг — фыдохы уацхæссæг, йæ ехс — йæ галиу къухы, бæхæй æрхызт рахизæрдæм — ахæм традицион йывæй байдайы уацау. Иры бæсты мар- ды æгъдауæн цы хъæуы, уый кæнынц адæм, сæ психо- логи æмæ цардыуаг сын куыддæриддæр амоны, афтæ. «Ленинæн алы адæм алы (ран сæхирдыгон кад кæ- нынц», — зæгъы зæронд лæг Дрис. Æмæ Куырттаты ком Ленинæн скодтой хæрнæг, ауагътой йын бæхдугъ- тæ, схицæн ын кодтой йæ зæххы хай æмæ йын ныссагъ- той цырт. Цырты дур сын бацамыдта гоби Еналдыхъо, йæхицæн æй бафæсаууон кодта æдоæ йæ фæсивæд иумæ æрхæццæ кодтой хъæумæ. Ирон адæм Ленины куыд æмбæрстой, цы хуызæн сæм каст, уый бæрæг кæны уымæй, æмæ Ленин куы амард, уæд æдас нæ уыдысты, зæгъгæ, сæ бархи цард мыййаг фæстæмæ, йæ рагуагмæ куы аздæха. Кæд сьш комму- нисттæ амыдтой революци, парти æмæ адæмæн сæхи историон (мисси, уæддæр «адæмæн сæ фылдæр афтæ хъуыды кодтой, цыма сæрибар æмæ зæхх дæр Ленинæн йæхи къухæй райстой». (Ахæм тас ис Бесаты Тазейы -чысыл хъайтар Дзодзыры фарсты дæр: «Ленин куы амард, уæд ма нæ чи хъахъхъæндзæн хъæзныджытæй? .Нæ зæххытæ нын фæстæмæ нæ айсдзысты?»). Æмæ кæд уацауы автор (цырты дур цъаргай куы хауы æмæ йыл Ленины ном фыссæн куы нæй, уæд) дзуры, зæгъгæ, «ницы кæны, фыст ыл куынæ уа, уæд- дæр. Куырттаты комы уый чи нæ зоны, ахæм нæй. Стæй, дам, Ленин йæхæдæг дæр афтæ æфсармджын уыд. Нæ уарзта, исчи йæ стауа æмæ дзы æппæла, уы- дæттæ», — кæд афтæ дзуры, уæддæр Ленинæн адæм цы ’гъдау дæттынц, цы стыр цыты хъуыддæгтæ йын ара- зынц, уымæй бæрæг у, кæй дзы уынынц сæ ирвæзын- гæнæг хъайтар, æнахуыр-мифон удгоймаг. Зæронд лæг Дзакко йæ гаджидауы æрымысыд, рагæй-æрæгмæ куыд цардысты ир, хæхты цъассыты цы дудгæбæттæ уыдтой, империалистон хæст сын сæ хъæбулты куыд бахордта, уыдæттæ. «Адæмы ’хсæн фæзынд ахæм лæг, æмæ уыцы саутых, фыдбылызтæй тыхджындæр чи разынд, уый ’фæтых паддзахыл æмæ фервæзын кодта адæмы...» Ле- 45
нинмæ æмткæй ахæм ахаст дарынц Цæгæраты Макси- мы радзырды хъайтартæ дæр. Ленинæн фылдæр уыд- той йæ диссаджы уæларвон стырдзинад, къаддæр та — йæ æрдзон хуымæтæгдзинад, йæ зæххон миниуджытæ. Уацауы дыккаг хай, мæнмæ гæсгæ, йæ сæйраг хай, дзуры, Куьфттаты ком Лениныл зарæг куыд скодтой, ууыл. Уый дæр æцæг историон факт у. Дыккаг хайы уацауы рæзт сæрæй-кæронмæ баст у æрыгон фыййау Джериханы фæлгонцимæ. Ие ’мхæрæфырт сæм уазæгуаты æрбацыд, уыдис æм дурмидинтæ (дардмæ кæсæнтæ). Джерихан сæ йемæ айста хохмæ. Уырдыгæй сæ фæлгæсы алырдæм, уыны а^ввахсмæ алцыдæр. Уый хорз деталь у — дурмидинтæй йæ алфæмблаймæ куыд кæсы, афтæ акæсдзæн цардмæ ;№р, акæсдзæн ын йæ ивгъуыдмæ æмæ йæ абонмæ. Иæ зæрдæйы цæстыты раз сыстдзысты, империалистон хæ- стмæ хъæуы лæппуты куыд кодтой, сæ сау гæххæттытæ сын куыд истой, зæронд Дзаккойæн йæ дыууæ фырты куыд нал æрæздæхтысты, сæ кæсдæр ма революци æмæ Ленины фæрцы удæгас куыд баззад, куывд ын куыд скодтой æмæ æндæр .ахæмтæ. Хæстæй æрыздæхæг сал- дæттæ æрхастой фыццаг хатт хæхтæм Ленины ном 1917 азы кæрон. Уыдонæй йæ фехъуыста Джерихан дæр. Хохæй дурмидинтæй кæсгæйæ, Ленины цырты рæз- ты æрбацæйцæугæ федта иу галуæрдонджыны, йæ зæр- дыл ын æрлæууын кодта легендарон Акимы рагон зынд- гонд хабар æмæ йын йæхинымæр базарыд йæ зарæг. Бар-æнæбары йæ сæ ахæсты акодтой, дурæй цырт æмæ зарæджы ’хсæн цы хицæндзинад ис, ууыл хъуыдытæ. «Цырт... Ленинæн ахæм цырт æмбæлы? Бакæс-ма йæм, лæджы æмбæрц дæр нæу зæххæй уæлæмæ... Ленинæн Хъæриуы хохæй бæрзонддæр цырт æмбæлы... Уæвгæ, иырт цы у? Ном. Номæн та баззайæн ис бирæ цæмæй- дæрты». Æмæ йæхинымæр ранымадта, адæм Аким, Чермен, Антъон æмæ иннæтыл цы зарджытæ скодтой, уыдон. Зарæг — «гъе, уый æцæг цырт у, гъе!.. Нæдæр зæронд кæлы, нæ дæр æмбигæ, хур æй нæ судзы, зæй йæ нæ ласы...» Æмæ Джерихан сфæнд кодта Лениныл зарæг скæнын. Фос куы хизы, уæд иугæндзон мысы зарæджы мотив, хъæлæсы уаг, мысы йын ныхæстæ, алы^ныхасæн дæ,р агуры æмбайлаг (рифмæ). Базыдтой йын йæ фæнд хъæубæстæ, æххуыс ын кæнынц æмæ фæстагмæ иумæ сарæзтой, ныртæккæ Ирыстоны алы 46
къуымты дæр кæй зонынц, уыцы номдзыд куырттатаг Ленины зарæг. Ирон историон-хъайтарон зарджыты традицимæ гæсгæ у йæ идейон-аивадон конд. Хуымæтæджы нæу ахæм хабар: Джерихан йæхи æмæ йе ’мбæлтты скæнгæ зарæгмæ фæрсæрдыгæй куы хъусы, уæд Ленин йæ цæс- тытыл уайы ирон адæмон хæстон хъайтарты хуызæнæй. Цыма мæсгуытыл фæдисы артытæ ссыгъдысты, хъæубæ- сты дзыллæ кæмтты раивылдысты тохмæ. «Фæдисон- тæн се ’ппæты разæй йæ сырх æфсургъыл... Ленин. Урс басылыхъ æмæ сау нымæт базыртæ фестадысты, карды æрттивæнтæ хуынчъытæ кæнынц комы фæхстæ æмæ уадæмдзу тæхы барæг йе ’фсады разæ,й». Се знагыл куы фæуæлахиз сты, уæд — «Фæдисонтæ заргæ æрба- цæуынц. Сæ разæй — Ленин... Йæ мидбылты худы Ле- нин...» Гъе уыцы ныв нын ноджыдæр ма иу хатт æвдисы, цахæм уыд Ленины фæлгонц ирон хæххон адæммæ, ца- хæм уыд се скæнгæ Ленины зарæджы мидис æмæ поэ- тикæ- Уацауы эпилоджы автор цыбыртæй нымайы, Лени- ны фæрцы, йæ национ зондджын политикæйы фæрцы советон дуджы Куырттаты комы цахæм ахъаззаг ивд- дзинæдтæ æрцыд, уыдон. Сырæзт сæм фæндæгтæ, су- дзы сæм электроны рухс, ифтонг сты нырыккон культу- рон царды алы хæрзтæй дæр. /Комы адæмы иу хай быдыры зæххытæм куы лыгъдысты, уæд Джериханы фы- дæн йе ’рвадæлтæй иу лæг афтæ бакодта: —'Цæуылнæ лидзыс дæлæ æрдхæрæн саумæр зæхмæ? Ардæм, хохы цъасмæ, советон хицауад кæдмæ æрба- хæццæ уыдзæн? Æмæ йын уый дзуапп радта: — Кæд советон хицауад хорз хицауад разына, уæд мæм йæхæдæг æрбацæудзæн ардæм. Кæд æмæ нæ, уæд та мæ йе ’рбацыд дæр ницæмæн хъæуы... Ахæм гæзæмæ юмррæй дзаг, фæлæ раст, ныфсджьт диалогæй фæуд кæны уацау. Советон хицауад бацыд Куырттаты коммæ, бацыд Ирыстоны алы къуыммда дæр æмæ сæ систа рухс царды бæрзæндтæм. Гуырысхойаг нæу, нæ прозæйы Ленины фæлгонц амæй фæстæмæ кæй хъуамæ кæна арфдæр æмæ алы- фарсондæр. Ныронг уал нæм фыст чи ’рцыдис, уыцы уац- мысты анализ уынын кæны, фылдæр æмæ тынгдæр цахæм 47
фарстытæм хъуамæ æрдарой сæ хъус нæ фысджытæ, цæ- мæй сæ къухы æфта æцæг аивадон æнтыстытæ. Архайын хъæуы ууыл, цæмæй иувæрсыг ма уа Ле- нины фæлгонц. Фыссæг хъуамæ æвдиса, Ленин мингай адæймæгты хуызæн цæмæй уыд, уый дæр æмæ уыцы иурæстæг стыр адæймаг, иунæг йæхи хуызæн цæмæй уыд, уый дæр. Уæд рæстдзинад уыдзæн æххæст, диа- лектикон æгъдауæй алыфарсон. Советон литературæйы Ленины темæйы хуыздæр минæвæрттæй иу — Погодин Никъала, Ленины фæлгон- цыл театримæ куы куыста, уæд-иу райдайæны йæ хъай- тары миниуджытæ* арæх рауадысты плакатон-ритори- кон. Цæмæн, зæгъгæ, фæрсы æмæ дзуапп дæтты: «Да оттого, что они как раз настолько огромны, что дают одни общие представления о человеке, а сам человек за ними исчезает». Дарддæр (дзырд сценæйы тыххæй цæуы, фæлæ йæ хъуыды хауы æмткæй аивадмæ): «Нельзя сыграть на сцене нечто, состоящее из Еелико- лепных цитат и самых точных политических концеп- ций. Играют человека в любом аспекте его жизни, но человека, а не отчет о нем, не застывшее в нашем во- ображении воспоминание, не монумент. Я понимал, что при всем высоком трепете перед личностыо Ленина я должен обращаться с образом Ильича’, как ’с любым другим литературным образом. Иначе ничего не полу- чится: образ утратит свою жизненную непосредствен- ность...» Ленин не ’ппæтæн дæр у адæймаджы иууыл хуыздæр æмæ бæллиццагдæр идеал. Уый стыр адæймаг уыд, фæ- лæ йе стырдзинад уæларвон-мифон нæу, — зæххон стыр- дзинад у. Иæ удхæссæг уыдысты, йæхицæн, хуыцауау, табу кæнын чи домдта, йæ цытыл мæлгæ чи уыд, ахæм адæймæгтæ, æгъатырæй тох кодта иу адæймаджы куль- ты идеологи æмæ практикæйы ныхмæ. Уый уыд стыр реалист æ,мæ йын ныв кæнын хъæуы йе ’цæг, реалон фæлгонц. Уый тыххæй тынг хорз загъта йæхæдæг: «Че- ловеку нужен идеал, но человеческий, соответствую- щий природе, а не сверхъестественный». Ленины темæ æвидигæ у. Уый кæддæриддæр домы ахъаззаг æмбæстагон бæрндзинад æмæ бæрзонд аива- дон дæсныйад. 1969 48
2 ХИЦÆН АВТОРТÆ, ХИЦÆН ЧИНГУЫТÆ 4. Дзуццаты X. 49
ЗÆРДÆЙЫ ДÆГЪÆЛ — ЗÆРДÆЙЫ ДУАР ГОМГÆНÆГ 1950-æм азты дыккаг æмбис æмткæй советон поэзи- йæн уыдис бæркадджын. Раджы чи ныхъхъус, уыцы ацæргæ поэттæй бирæтæн ныллæууыд сæ дыккаг æв- зонгад. Æрæджы дæр ма активонæй чи фыста æмæ чи мыхуыр кодта, уыцы поэттæй та бирæтæ бынтон ног хуызы, ног идейон-аивадон хъаруйæ равдыстой сæ кур- диат, се сфæлдыстады дзæвгар цæуылдæрты сæ къух ауыгътой æмæ хызтысты бæрзонддæр, ныры домæнты аккаг къæпхæнтæм. Дыккаг къорды поэттæм хауы Дзугаты Георги дæр. 25 азы дæргъы поэт иугæндзон куыста поэзийы, æн- хъæлдтам, йе ’рмдзæф, йæ аивадон фæндаг кæронмæ сбæрæг, æнæ ивгæ баззайдзæн, фæлæ йæм, дзæвгар æн- дæр поэттау, фæзынд, раздæр æм чи н,æ уыд, ахæм ми- ниуджытæ, ахæм æууæлтæ. Зæгъæн нæй, зæгъгæ, æнæнхъæлæджы æрцыд уыцы хабар. Уæзгæ аххосæгт,æ йын уыд. Фыццаджыдæр уый, æмæ партийы ХХ-æм съезд аивадон сфæлдыстадæн байгом кодта æгæрон фæрæзтæ тыхджын байрæзынæн, йе ’ппæт гæнæнтæ алыфарсонæй раргом кæнынæн. Дыккаджы та уый, æмæ поэтæн йæхи фæлтæрддзинад дæр хъæздыг кодта, бонæй-бон лæмбынæгдæр /ачыдта дуджы аивадон тырнындзинæдтæ, ахуыр кодта æфсы- мæрон литературæтыл. Хуымæтæджы нæу, 50-æм азты Георги кæй æргуыбыр Исаковскийы æмдзæвгæтæ тæл- мац кæнынмæ æмæ сæ хицæн æмбырдгондæй кæй ба- лæвар кодта чиныгкæсæгæн. 50-æм азты дыккаг æмбисы кæй ныффыста, уыцы уацмысты (æмдзæвгæты æмбырдгонд «Зæрдæйы дæ- гъæл» æмæ поэмæ «Уарзт») поэтæн цардмæ æмæ поэзи- мæ йæ цæстæнгас фæарфдæр, фæбæлвырддæр, йæ фæл- гонцон уынынад фæиндивидуалондæр, йе ’ргом скодта конкретон-реалистон лиризммæ.
* * * Дзугайы фырт йæ фæндзæм чиныг схуыдта «Зæрдæ- йы дæгъæл». Иæ дуджы цæрæг адæймаджы зæрдæмæ арф ,æмæ лыстæг чи ныккæса, аивадон аккаг амалтæй йæ чи байгом кæна, уымæн ис поэты ном хæссыны бар. Поэтæн уæлдай уарзон фæцис уарзты темæ. Крити- кæ æмудæй загъта, зæгъгæ, аив, æйтт-мардзæ у æм- дзаевгæ «Ма кæ!» Поэт — лирикон хъайтар — фембæлд æнахуыр рæсугъд чызгыл æмæ йын лæгъзтæ кæны, цæ- мæй йæм «ма дзура рæвдаугæ», «ма йæм кæса цъæх- дзастæй», уымæн æмæ йын йæ царды уалдзæджы иу æндæр ахæм рæсугъд чызг йæ уарзтæй стыр адджын хъизæм(æрттæ бавзарын кодта. Хъама йын йæ зæрдæ- йы сагъдæй ныууагъта æмæ ныр ног маст, ног зæрдæ- дзæфаан æвгъау у. Лæгъстаэ йын кæны, цæмæй йын ба- тæригъæд кæна. Æмдзæвгæйы, иуæй, поэты ивгъуыд уарзт тыхджын у æмæ мах æлвасы йæхимæ, инн.æмæй та, æвдисы, цахæм рæсугъд æмæ номхæссæн у, поэт лæ- гъзтæ кæмæн кæны, уыцы чызг. Уыдон бæлвырд пси- хологон æнкъарæнтæ сты. Зонлæ, фольклорон абарсты- тæ дзы ис (цъæх денджызау, стъалытау, сырх зынгау, рæуфынау, æхсаргарды æрцъыккау), фæлæ сын сæ фольклордзинад цæхгæр нæ хатæм, уымæн æмæ æмдзæв- гæйы стих, интонаци, поэты иууон, цардон æнкъарынад, зæрдæйы монц сын раттой ног хуыз, ног ахаст. Ахæм уавæры фольклорон амалтæ (кæй зæгъын æй хъæуы, поэты хъуыды иууыл растдæр, иууыл хуыздæр куы ’вди- сой, хъуыды æмæ æнкъарынадæй се ’муæз куы уой, уæд) райсынц индивидуалон-поэтикон характер. Уырыссаг поэзийы минæвæрттæ Исаковский, Твардовский, Сурков, Прокофьев æмæ æндæрты фæлтæрддзинадыл ахуыр кæн- гæйæ, Дзугайы фырт бамбæрста, фольклорæй куыд хъæ- уы арæхстгай, бæрц æмæ ад хатгæйæ, пайда кæнын. Уарзты хъизæмар æмдзæвпæйы кæрон поэты æркод- та æлгъыстмæ: Уастæн, ма рацæуа рухсмæ, Уарзт ын уарзты адæн ма уа, Судзгæ зæрдæйы æнусмæ Сагъдæй чи ныууагъта хъама!1 Дзугаты Г. Зæрдæйы дæгъæл, Цхинвал, 1959, 10 фарс. Ацы чиныгыл дзургæйæ, дарддæр тексты нысан кæндзынæн æрмæст фарс. 52'
Фæлæ ацы æлгъыст æцæг æлгъыстау нæу. Цыма ар- фæйы бæсты у. Уымæн æмæ поэты зæрдæйы йæ иухат- ты уарзон баззад цавæрдæр номхæссæн, фыдрæсугъд, фыдромантикон идеалæй. Поэт нырма дæр джихтæ кæ- ны йæ мысгæйæ, дисы йæ ’фтауы йæ рæсугъддзинад æмæ йæ уарзондзинад. Æмдзæвгæйы, цыма, иу хъуагдзинад ис. Иæ райда- йæны лæгъстæ кæмæн кæны поэт, «ма кæ!» кæмæн зæ- гъы, уый къаддæр нæу поэты иухатты уарзонæй, тæрс- гæ дæр дзы уымæн фæкодта. Æмдзæвгæйы кæрон хъуыдис раздæхын уыцы чызгмæ. Райдайæны лæгъстæ- гæнæг тон ма дзы хъуамæ разындаид. Уæд æмдзæвгæ райстаид композицион хæрзконддзинад æм,æ фæуддзи- над. Уыцы хъуыддагæй ифтонгдæр у æмдзæвгæ «Дæ лæ- вар». Ам дæр сылгоймад’жы æнæнтау рæсугъддзинады хъару поэты зæрдæ сынкъуысын кодта æмæ æвиппай- ды æлгъыстæй байдайы æмдзæвгæ: Ме уæнг, миты къæрттау, адон, — Буц куы ’рбакастæ мæнмæ. Уастæн’ бастъæла йæ амонд, — Ды кæй зæды хай фæдæ! (21 фарс) Чызджы «сау хъоппæг цæстытæ», «дидинæггъуыз бьглтæ», «бонвæрон урс хъуыр», семæ фæхастой поэты тыхтæ (эпитеттæ фольклорæй цæуынц), фæлæ æмдзæв- гæйы кæрон фæвæййы арфæйæ, фыццаг строфæйы ны- хæстæ аивынц, афтæмæй: Мысын, мысын дæ æрвылбон, Гъе, фæлæ, зæгъ-ма, кæдмæ? Макуы басудза йæ амонд, — Ды кæй зæды хай фæдæ! (22 фарс) Дыууæ æмдзæвгæйы — «Ма кæ!» æмæ «Дæ лæ- вар» — æнгæстæ сты, иу уылæныл сæ скъæры сылгойма- джы рæсугъддзинад æмæ поэты æнкъарынад, фæлæ уæддæр сæ кæрæдзи фæрсæй-фæрстæм нæ хъыг да- рынц. Реалистон конкретондзинад, рог, рæубазыр стих, цахæмдæр сыгъдæг уæздандзинадæй зæрдæйыл æмбæ- лынц æмдзæвгæтæ «Мæйрухс æхсæв», «Мæ чысыл ма- 53
лусæг». Фольклоры фæлгонцтæ, фольклоры фразеоло- ги механикогаæй нæ исы поэт, фæлæ сæ рыссы йæ зæр- дæйы куыройы, сахуры сæ, æмдзæвгæ фыссынмæ йæ чи баразæнгард кодта, уыцы цардæгас æнкъарынадæй, уыцы æрдзон зæрдæйы хаттæй. Поэтæн æнтыстыл банымайын хъæуы, гæзæмæ ли- рикон фæлмæн юморæй чи абузы, ахæм æмдзæвгæтæ. Зæрдæбын интонацитæ, худæг фездæхæнтæ, æнæнхъæл- цау кæронбæттæн — адонæй иууыл хуыздæр фидауы æмдзæвгæ «Усгуры сагъæс». Лæппуйæн уайдзæф кæны йæ мад, ус æркæн, зæгъпæ. Фæлæ хъæуы чызджытæ се ’ппæт дæр рæсугъдтæ, сæ иуæй се ’ннæ рæсугъддæр æмæ дзы кæуыл сдзура, уым<æн ницы зоны. Нæй, чызджытæ, асасти мæ хъару, Нæй, мæ хуртæ, афтæмæй уын нал у. Адихи мæ сонт зæрдæ, фæхицæн: Цæй, кæдмæ уон афтæ иунæг, сидзæр, Цæй, кæдмæ уон афтæ тыхст, æрхæндæг? Исчи мæ уæ равзарæд йæхæдæг, Исчи мæ уæ акæнæд йæхицæн... (16 фарс) Хаттæй-хатт поэтмæ нæ вæййы царды фенгæ фаг де- талтæ, фаг зæрдæйы цæттæдзинад æмæ уæд йæ сисы бынæй рацæуы уæлæнгай, тæшегбын æмдзæвгæтæ, по- эты хуыздæр æмдзæвпæты копиты хуызæн рауайынц. Æмдз&впæ «Сагъæс»-ы поэт ирон поэзийы рагон те- мæ — дыууæ сау цæстыл æрратæ кæны, фæлæ дзы ни- цахæм æнкъарынад бацæвы зæрдæ. Æмдзæвгæ «Дæ лæвар»-ы поэты «уæнг, миты къæрттау, адон», ам та цæстытæн сæ иу фæкастæй атайы «хуссары митау, хус- сары». Ахæм у æмдзæвгæ «Сусæг уарзт» дæр. Иу хатт хорз цы зæгъай, уымæй вариацитæ ма хъуамæ аразай. Уырыссаг хъæздыг литературæйыл ахуыр Дзугайы фыртæн хаттæй-хатт рахизы хуымæтæг фжзмынадмæ. Уырыссаг поэзиимæ гæзæмæ зонгæ чи у, уый дæр ра- хатдзæн, æмдзæвгæ «Урс дарæсджын рæхснæг бæрз...» ист кæй у популярон уырыссаг адæмон зарæг «Что сто- ишь качаясь»-æй. Иронау бæрз йæхи кæрзм(æ ивазы, уырыссагау та цъуй — тулдзмæ. Æмдзæвлæ «Куьфдуа- ты» æгасæйдæр равзæрд Исаковскийы æмдзæвгæ «Де- вичья песня»-йæ, цыран чызг лæппуйæн дзуры, цæмæй йы^ йæ нывтæ ма лæвар кæна, йæ фæдыл дзжгъæлы ма зила, уымæн æмæ йæ уарзон æндæр у. Дзугайы фырт- м,æ дæр: 54
Ныууадз мæ, мæ бон, ма мæм цу, Куырдуаты бадын, куырдуаты. Мæнæн мæ уарзон — сахъ лæппу, — Фæндзæм аз кусы куырдадзы. (19 фарс) Æмдзæвгæ «Уарыд уалдзыгон къæвда...»— уый та комкоммæ у ЩипачевьГ æмдзæвгæ «По дороге в сов- хоз»-ы' къопи. Æ,рмæст Щипачевмæ чызг æмæ лæпчу къæвдайы бамбæхсынц цæлæзы бын, Дзугайы фырты хъайтартæ та — колгæйы бын. Кæд ,æм ирон национ ко- лорит, ирон хæдзары деталтæ бахаста,уæддæр æмдзæв- гæ «Нанамæ» равзæрд Есенины æмдзæвгæ «Письмо матери»-йы комкоммæ тæфагæй. Æвæццæгæн, исчи зæгъ- дзæн, зæгъпæ, искæй тæфаг дыл куы уа, фæлæ уац- мысæн дэфси нащшн колорит куы раттай, уæд уый оригиналон уыдзæн. Ахæм хъуыды, чи зоны, раздæры дуг- ты бæззыд, нацитæ ма кæрæдзийæ иппæрдæй куы цар- дысты, оæ астæу ауæдзтæ фæтæн æм-æ къуыпп куы уы- дысты, уæд. Ныр та ахæм дуг у, æмæ алы наци дæр зоны, æввахс æмæ йæм дард чи у, уыцы нациты уды хъæздыгдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ, кæцыфæнды æвзагыл дæр куьцфыссай, — хъуамæ дæ зæрдыл дарай æгас ду- нейы литературæйы фæлтæрддзинад ,æмæ йæ фæлхатт ма кæнай. Дзугайы фырт раст æмбары, зæгъгæ, æрдз удджыи куы юæнай, ома адæймаджы æууаёлтæ йын куы дæттай, уæд уый у лиризмы ахъаззаг фæрæз. Фæлæ арæх уд- джынкæнынад æгæр скарз, сцæхгæр, сгуырымыхъ вæй- йы, хъуыдынæнкъарынадæй йæхи баиртасы, удджынкæ- нынад рауайы æрмæст удджынкæнынады сæраппонд. Уымæн хорз дæнцæг у æмдзæвгæ «Къуыпа». Бал, дам, нал у йæхи бар, йæ къуыпа — йæ хъæбул тагъд рай- гуырдзæн æмæ схъомыл уыдзæн. Дзугайы фырт исты ахæм дзæбæх аивадон амал куы ссары, уæд æй хаттæй-хатт пал ныууадзы иу ран, цæсты йæ бафтауы, штампы тæф скæны. Æмдзæвгæ «Чызгуазæджы» равдыста уалдзæджы фæлгонц >æрыгон чызджы хуызы. Æмæ хорз у, лæджы хъусдард йæхимæ аздахы. Фæл<æ йæ хæдфæстæ сæрд та лæппу-лæгæй куы равдыста («Лæппу-лæг»), фæззæг — «мыдгъуыз- боцъо, хъæздыг арæзт» лæгæй («Фарны уазæг»), зы- мæг та—зачъеджын зæрондæй («Тызмæг уазæг»), уæд сæм дæ зæрдæ фехсайдзæн — æгæр аразгæ сты, æгæр 55
сæрызондæй фыст сты. Иу хатт спайдагонд амал дык- каг, æртыккаг æмæ уæлдайдæр цыппæрæм хатт нал фæкусы æмбæлонæй., Æвæццæгæн, хуыздæр уыдаид, цыппар æмдзæвгæйæ поэт куы ныффыстаид иу æм- дзæвгæ цыппар сæргондимæ, иу архайæг дзы куы уы- даид — нæлгоймаг (сылгоймаджы бынтондæр аппар) æмæ йæ афтæмæй куы равдыстаид, афæдзы алы афоны дæр. Гæнæн ис, сиæна йыл (ныр дæр афтæ у) зæрнод дарæс—цухъхъа æд бæрцытæ æмæ а. д. Раст у, иу хатт ссаргæ амалæй кусын æнцон у, фæ- лæ схемæмæ кæй асайы, уымæ гæсгæ дзы поэт хъуамæ йæхи хиза. Поэт хъуамæ, алы ног уацмысыл кусгæйæ дæр, æвзара ног æмæ зын фæндаг. Дзугайы фырт иу хатт поэмæ «Къостайы колхоз»-ы парторг Ауызбийæн куырдадзы цы портрет скодта, уый фæлхатт кæнынц æмдзæвгæтæ «Куырд» (1956 аз), «Уазæгуаты» (1957 аз). 50-æм азты Дзугайы фырт хæстыл цы æмдзæвгæтæ иыффыста, уыдоны, сæ размæйы хæстон æмдзæвгæты хъауджыдæр, æмткæй фæбæрзонддæр поэтикон культу- рæ, сты лирикон. Æрмæст ам дæр поэты разæнгардгæ- нæг тых у литературæ. Æмдзæвгæ «Хæцæны» байда- йыс кæсын æмæ дæ уæлхъус бар-æнæбары æрбалæууы Нигер. О, гыцци, мæнæ æцæгæлон зæххыл Сонтæй куы хуыссы мæ зынг. (49 фарс) Нигеры мæлæг æфсæддон та дзуры: О гыцци, о гыцци! нæ цæстыл хæцæгæй Мæнæ æдзардæй мæлын... Дзугайы фыртмæ: «Не ’мбæлы афтæ кæуын», Нигер- мæ: «Хъарæг мыл м’а кæнæд...» Дзугайы фыртмæ: «Та- бу дæ фарнæн», Нигермæ: «Дæфарн маем, цæй, ма хъу- сæд...» Дзугайы фырт фæдзæхсы йæ куырдуаты чыз- джы, Нигеры æфсæддон та йæ сабийы: Ракæндзынæ йын йæ мад, уæд йæ фыды кой — Дарæд нæ хъуыддаг зæрдыл. Аккаг куы скæна уый искуы цагъары цард — Ма фенæд хур бон бæстыл!.. Ще ’нвæ хæстон æмдзæвгæйы Нигеры уыцы деталæй дæр комкоммæ спайда кодта. «Æрцыди та уалдзæг», зæгъгæ, уым салдат йæ усмæ дзуры: 56
Фæлтау ма дæ авдæнæмбæрзæн хыз Хæрз чысыл дæлæрдæм фæзил. Нана кæд нæма ’рцыд, уæд уал æм æз Ныккæсон, куыд цæры Мæ цин. Кæддæра цы фарн ис йæ цæстыты, Куыд рæзы нæ сомы салдат? Куыд исдзæн фыдгулæй нæ мæстытæ, Куыд хиздзæн йæ бæстæйы кад?.. (58'фарс) «Æрцыди та уалдзæджы» амалæй фыст у æмдзæвгæ «Дард у мæ акъоп нæ Ирмæ...» Фыццаджы салдат дзу- ры йæ усмæ, дыккаджы та — йæ мадмæ. Литературæ та йын ратта æрмæг, ацы хатт Гафезы æмдзæвгæ «Мы- сы зæрдае»1. Сæ композицион ар^зт, сæ деталты логи- кæ иухуызон у. Гафез: «Мысы уарзон хæдзар», Дзуга- йы фырт: «Гъей, джиди, фест ныр нæхимæ». Гафез: «Кæд афонмæ мад кæрдзынтæ кæны», Дзугайы фырт: «Уæртæ мæ зынаргъ ныййарæг исы н>æуæг ахст цыхт къусæй». Гафез: «Æмæ сусæгæй й’ арынгмæ цæссыг уары, кæлы», Дзугайы фырт: «Уадултыл цæссыг æрту- лы, рухсмæ æрттивы фæрдыгау». Гафез (кæрон): Ма тæрс, тагъд дæм æрцæудзынæн, — Нæй дæ фыртæн мæлæн! Æмæ батæй ныссæрфдзынæн Æз дæ цæссыг дæуæн. Дзугайы фырт (кæрон): ’ Карз хæст кæронмæ фæфæуы, Зилы нæ сæрмæ уæлахиз. Гыцци, рæхджы дæм фæцæуын, — Курын, кæуын та-иу ма сис...2 (54 фарс) Дзугайы фырты салдатмæ хорздзинад уый ис, æмæ сур, афтид ныхæстæ н,æ кæны, фæлæ гом кæиы йæ зæр- дæйы дуæрттæ. Лирикæ хорз у, зæрдæйы дуæрттæ кæ- 1 Гафез. Уацмыстæ, Цхинвал, 1955, 11 фарс. 2 Кæй зæгъын æй хъæуы, царды иухуызон уавæртæ алыхуызон поэттæн ныббæттынц иухуызон æнкъарæнтæ, хъуыдытæ, фæл- гонцтæ, — æмæ уыцы хабар кæддæриддæр хынцинаг у, фæлæ Нигер æмæ Гафез се ’мдзæвгæтæ Дзугайы фыртæй бирæ раздæр кæй ныммыхуыр кодтой, махæн рагæй зонгæ кæй сты, уымæ гæсгæ ам литературон æндæвдады кой æнæбындур ма хъуамæ уаид. 5Г
нын хорз у. Æнæуый нæй поэзи. Фæлæ, йæ зæрдæ гом кæнгæйæ, поэты гуманизм хаттæй-хатт райсы иувæрсыг мелодрамон-сентименталон ахаст. Поэт йæ уарзонæй куры: Фæндыр мын куы цæгъдай, сындæг-иу æй айваз... Дæ зарæджы хъæлæс ныллæггомау самон... Куыд хорз у, куыд хорз у, зард цадæг куы хъуысы... (Æмдз. «Куыд хорз у», 48 фарс) «Сабырдзинадмæ» иæ уыцы стыр тырнынад поэт но- джы æргомдæр зæгъы æадæр ран: Дæ сагъæс мын ракæн хæрз ныллæг хъæлæсæй, Уæд мæм уый тыхджындæр хъуысы. (Æмдз. «Æрымыс», 70 фарс) Раст у, поэзийы декларативондзинад, сур фæхъæр- тæ ницы кæрдынц, зæрдæмæ нæ хъуысынц. Фæлæ æгæр «ныллæг», æгæр «сындæг»—уый алыхатт уæздандзи- над, лирикондзинад нæу. Поэт хъуамæ ма тæрса хъæ- рæй, фыдæхæй дзурынæй. Поэты зæрдæ хъуамæ алцы- дæр фæраза, алцыдæр урома. Мелодрамон-сентимента- лон гуманизм принципон фидардзинадæй цух у. Поэт йæ кæддæры уарзонæн (материалон æфтиаджы фæдыл чи цыд æмæ сайд кæуыл æрцыд, уымæн) дзуры: Ныр ма дын цы кæнон, бæргæ ма фæзыны Хæрз чысыл мæ зæрдæйы зынг. Фæлæ йæ куы зоныс, сырх дидин куы ’мпылы, Уæд ма йæм кæд фæтæхы бындз? . (17 фарс) Афтæмæй поэты «сындæг», «сабыр» гуманондзинад фæзылд æнæгуманокдзинадмж, гуырымыхъдзинадмæ. Зæрдæмж канд «сындæгдзинад», «сабырдзинад» кæй нæ хъуысы, уымæн ирд æвдиоæн — Дзугайы фыр- тæн йæхи æмдзæвгæ «Исахъы фæринк»: Зæгъ-ма, куыд æздæхтæ хæцæнтæй, Дæ ком куыннæ фæци æсгард! Æви дæ хицауау дæ фæрстæн Дыууадæс тугзæйы нæ уад! Æви дæ ферттывдæн йæ рухсмæ Нæ кодта сау æзнаг тæсмард’ Æви дæ хицауау æнусмæ Дæуæн дæр баззади дæ кад! Нæ, нæ, æдзæм кард дæ нæ хонын, 58
Ды дæ æгасты ’хсæн æгас. Кæс-ма, куыд æссудзы дæ комыл Кæйдæр цæхæр цæсты æнгас! (66 фарс) Лæджыхъæдджын, хъæбæр, оæрыстыр интонаци. Æмдзæвгæ-фæринк. Лæджыхъæд æмæ фæлмастдзинад поэты зæрдæйы хъуамæ фæрсæй-фæрстæм цæрой. «Исахъы фæринчы» фарсмæ нæ ахады æмдзæвгæ «Æртындæс коммунары». Зæронд, ихсыд амалтæй йæ ныффыста поэт. Номдзыд ирон лæппуты хъæбатырдзи- надæн фольклорон штампæй хуыздæр ницы ссардта: Æртындæс хæстонæн никуы ис фæмæлæн, Кард дæр сæ нæ кæрды, нæмыг сæ нæ хизы. (64 фарс) «Исахъы фæринчы» фарсмæ кæй æрæвæрай, ахæм æмдзæвгæ у «Къоста Тебердайы». Хъæрæсегомы ирон генион поэт цы «Æрдзон хид» сныв кодта, ууыл аса- гъæс кæнгæйæ, Дзугайы фырт равдыста ирон адæмы царды Къостайы нысаниуæг: «Æсныв кодта рæсугъд фидæнмæ хид». Поэт Хъæрæсегомы æрдз уыны фæл- гонцтæй. Цады ныххызт «гуымир уæйыгау, хох». Йæ уæхсджытыл æмкар нæзыты къох, — Цыма у стыр хъуынджын, кæсгон нымæт. Хур рауагъта сыгъзæрин тагæй рон, Бæрзонд хæхтыл — сырх басылыхъхъытæ. (74 фарс) Хъуынджын нымæт, басылыхъхъытæ, гуымир уæ- йыг — адон Къостайы дуджы ирон адæмы царды -æмæ фольклоры деталтæ сты æмæ нын, иуæй, уæды рæстæг нæ зæрдыл æрл^æууын кæнынц, иннæмæй та æвдисынц, куыд ис нырыккон поэзийы зæронд царды алыхуызон атрибуттæй пайдагаэнæн. Фæлгонщж-абарстон функцийы сæ бон у, æмæ хъаруджынæй лæггад кæной абоны поэтзд. Дзугайы фырт йæ фæндзæм чинылжы канд фæл- ! мæа лирикон-юморон æмдзæвгæтæ ныффыссынмæ нæ сарæхстис, фæлæ ма йæ курдиат ферттывта сатирæйы дæр. Чиныгкæсджытыл уайтагъддæр сæмбæлдысты йæ сатирикон æмбисæндтæ «Чъырттым» æмæ «Хъал дзы- былдар». Чъырттымы афысты базонæм рæузонд, зы- 59
нæввæрсон сылгоймаджы фæлгонц — усгурты æвзары уырзæй æмæ йæ гæрзтæ бæтты стыр кадджын хæдзар- вæндаджы минæвармæ. Ахæм сатирикон уацмысы æр- гом кæм худы йæ объектыл автор, уым, кæй зæгъын æй хъæуы, худæджы хос сты кæронбæттæн ныхæстæ (æмдз. «Æрымыс»-имæ сын абарæн нæй): Бампылд фаухæссæг чъырттымцъиу, Пакъуы адардта æвзист. Усгуртæ кæнынц былысчъил, Нал, дам, акалдзæн йæ фист. (83 фарс) Дæсныйад у, уæдæ циу, чъырттымæн æрмæст йæ иыхæстæй кæй ратта цардæгас характеристикæ, — уы- нæм ын йæ фезмæлд.дæр, йæ мимикæ дæр: Абон ратахти мæ цурмæ Ме ’мкар, иу цыдæр фыдфын. Ацу баком ын ’мæ ’нусмæ Уай чъырттым æмæ чъырттым. Булæмæргъ дæр мæм ныр дардæй Бонæн минæвар кæны. Буц у, бабын уа, йæ зардæй, — Мæн уый ницæмæн хъæуы. (82 фарс) «Хъал дзыбылдар» дæр афтæ. Аморалон, хæлд нæл- гоймаджы фæлгонц дзы ракаст. Характерон сты йе змæлд — «цъиуты астæу симы зул-мул», йæ ныхас: «Цъыбар-цъыбур, цъ’ыбур, Ды дæ мæ хур, мæ хур! Цъыварс, цъыварс, цъыварс, Ды дæ мæ уарзт, мæ уарзт!...» (84 фарс) Ахæм тип æвзæрын кæны æлгъ, æмæ раст бакодта поэт, худæг интонацийæ кæронæй кæй рахызт йæхи но- мæй карз, мæстыгæр ныхасмæ: Ацæгъд ахæмæн йæ пакъуы, Гъе, йын ацъæл кæн йæ базыр, — Гъе, уæд фехæлид йæ ахуыр. (86 фарс) Дзугайы фырты ллегендæтæй уыйбæрц ницы зæгъи- наг дæн. Æмткæй уыдоны дæр зыны «Зæрдæйы дæ- гъæл»-ы иумæйаг дæсныйад, алкæйы мидæг дæр дзы 60
æрцæуы æнахуыр, диссаджы хабар, реалон чи нæу, ахæм, æмæ уый тыххæй хуыйнынц легендæтæ дæр. Æнæуый сæ арæзт, сæ мидструктурæ у фæлгæтджын радзырды хуызæн. Автор кæмæйдæр (раджы кæнæ æрæджы) фехъуыста хабар æмæ йæ чиныгкæсджытæн ракодта. Кæнæ адæм дзурынц афтæ æмæ афтæ. Кæнæ зæронд лæг дзуры йæ фырты фыртæн. Æмæ а. д. Легендæты ’хсæн уæлдай цæрдхъомдæр рауад «Уы- рыссаг бæрз». Ацы легендæ хорз æвдисы нæ адæмты сыгъдæгзæрдæ хæлардзинад- Бæрз бæлас цæф хæсто- ны кæй бавæрдта æмæ кæй сдзæбæх кодта, уым ирдæй зыны уырыссаг зæрдæйы уарзт ирон лæппумæ. * * * Иæ реалистон уынынадæй, йæ лирикон кондæй чи- Быгкæ’сджыты зæрдæмæ тынг фæцыд поэмæ «Уарзт» (1956). Чи йыл фыста, уыдон бацархайдтой, цæмæй йын сбæлвырд кодтаиккой йе ’нтысты аххосаг. Асаты Реу’аз: «Кадæг цардæй ист кæй у, уый мидæг ис йæ тых... Автор бырсы царды гуылфæнтæм».1 Джиоты Да- уыт: «Кадæгæн йе ’взаг у рæсугъд, алы рæнхъы дæр арф хъуыды, ис дзы стыр эмоцион тых».2 Гафез: «Уарзт» ирон поэзимæ æрбахаста ног мидис... Иттæг зæрдæмæдзæугæ æмæ, адæймаг кæуыл баууæнда, ахæм сты уацмысы хъайтартæ Мурат æмæ Мæдинæты уарзт, сæ архайд, сæ митæ. Мураты фæлгонц у æвзонг фæси-' вæдæн бафæзмыны аккаг».3 Бестауты Георги канд иу- тмæйагæй йæ цин нæ равдыста, фæлæ ма лæмбынæгæй рагуыбыр поэмæйæн идейон-аивадон комментари рат- тынмæ дæр.4 Бестауы фырт поэмæйы хорз миниуджы- тæм хæссы: кадæджы арф психологизм, аив поэтикон ахорæнтæ æмæ нывæфтыд эмоцион æвзаг, ног советон ирон лæджы гуманистон зондахаст. ’ Иугæр Мæдинæт сайд куы баййæфта, йæхи бар куы- нал уыд горæттаг Хъанымæтæй, уæд ыл йæ фыццаг уарзон йæ зæрдæ не сивта, уайдзæф дæр ын нæ бакод- та, фæлæ йын сентименталон зæрдæтæ ’вæры: 1 «фидиуæг», 1958, № 6, 76 фарс. 2 «Мах дуг», 1961, № 4, 82 фарс. 3Дзугаты Г. Æвзæрст уацмыстæ, Цхинвал, 1961, 11 фарс. 4 «Фидиуæг», 1959, № 4, 78 фарс. 61
Рухс дуне нæм ныр йæ мидбыл Бахуддзæн, Де стыр рæдыд уарзты зынджы Басудздзæн1. Бестауы фыртæн ацы ныхæсты ис Мураты гуманизм. Фæлæ нын поэмæ гъе уый тыххæй æлхæны нæ зæр- дæ — куы зæгъæм, уæд раст нæ уыдзæн’. Царды вазыг- джындзинад куырмæй хатыргæнаг гуманизм нæу. Ита- лиаг неореалист Джузеппе де Сантисы фильм «Сæфт сæнттæ» (оригиналы хуыйны «Раттут лæг Дзаккео Ан- нæйæн»), зæгъпæ, уым чызгыл сайд æрцыд æмæ йæ кæд моряк тынг уарзта, уæддæр дзы куы хицæн кодта, уæд æм æфсæн æмбонды фалейæ радзырдта: «Ис ахæм цыдæртæ, мах цæрæнбонтæм кæй нæ рох нæнæм». Фæ- лæ уымæй фильмы аивадон, æндæвдадон хъару мисхал дæр нæ кайы. Бестауы фырт Мураты фæлгонцы уыны «национ ха- рактер, ирон лоэппуйы хæдæфсарм ахаст йæ уарзон чызгмæ». Фæлæ поэмæйы Мураты архайд иппæрд у йæ психологон бындурæй, цаууон сюжетæй бæрæг нæу йæ характер. Цæттæ уынаффæтæ йæм ис. Куыддæр бакас- ти Мæдийы гæххæтт, афтæ йæ агурæг ныййарц æмæ йæ ардхæрын æмбисонд фæцис:, Нæ, нæ, Мæди, амæлæтмæ Ды мæн дæ! Фæтæхын дæм, мæ дидинæг, Ме стъалы! Ахæм уарзтæн мæлæт дæр тых Не ссары! (17 фарс) Уым цæй психологон растдзинад ис! Кæд æцæг фæ- тарст Мæдийæн, уæд æй ахæм пародион ныхæсты сæр цæмæн бахъуыд, — æндæр æгъдауæй хъуамæ разында- ид йæ аæрдæйы уат. Муратмæ характерагæй ницы ис, Мурат у абстрактон хорздзинад хæссæг, дзургæ дæр иугæндзон æмбисæндтæ-афоризмтæй кæны. Мураты фæлгонцæй нын нæ балхæны нæ зæрдæ поэмæ. Бестауы фырт фыссы Хъ’анымæтæй: «Бакастæй онгджын, фидыцджын, зынаргъ дарæсæй фæлыст, дзырдарæхст... Фæлæ ма’ йын ныккæсæм йæ зæрдæмæ. 1 Дзугаты Г. Кадджытæ, Цхинвал, 1957, 19 фарс. Дарддæр тексты нысан кæндзынæн æрмæст фарс. 62
Уым, хъæстæ кæлмытау, хæлбурцъ кæнынц сау, дæл- гоммæ хъуыдытæ». Гъе, фæлæ поэмæйы Хъанымæты зæрдæ нæй æмæ йеем куыд ныккæсæм! Иæ дарæсы афыстæй базонæм, схъæластæу къленц лæппу кæй у. Иæ ныхæстæ сты иумæйаг-романтикон-æнæпредметон: Æз дæу арвыл авд хонмæ Абарын. Æз дæу тыххæй, зон, мæхи дæр Амарин. (7 фарс) Ард хæры Мæдийæн, зæлдаг æмæ бæмбæджы йæ кæй тухдзæн, ахуырм,æ йæ кæй арвитдзæн, горæты сæ галуан хæдзæртты кæй цæрдзысты. Стæй та йын йæ мадæй зæгъы, уый дæр, дам, буц æхсинау дардзынæн. Æндæр Хъанымæтæн ницы архайд æмæ ныхас ис. Уæ- дæ дзы йæ з(æрдæ чердыгæй зыны? Йæ ’ацы ныхæстæй æрмæст уый зæгъæн ис, æмæ Хъанымжт царды рæ- сугъддзинад, уарзты амонд уыны мулкæй, æнцад-æнцой цардæй. Поэм^æйы Хъанымæт — Мураты антипод — у абстрактон æвзæрдзинад хæссæг. Мæдинæт йæхи бар кæй нал у, уый йын куы схъæр кодта, уæд Лæппу йæ арм калмы цæфау Раскъæфта. Чызджы лæвар къухтæсæрфæн Баппæрста. , (13 фарс) Мæдинæты хуызæн чызджы чи фæрæдийын кодта, стыр сайæгой æмæ мещанин чи у, уый къухтæсæрфæн нæ баппæрстаид, нæ дæр йæ къух калмы цæфау рас- къæфтаид. Уый ма йын йæ раздæры ныхæстæй истытæ акодтаид зæрдæлхæнынæн æмæ стæй йæ фæд феоæф- таид. Бестауы фырт дзы фыссы, зæгъгæ, «йæ алы акъахдзæф, йæ алы сныхас сындзау ныхсы». Фыцца- джыдæр, поэмæйы Хъаным1æт иунæг къахдзæф дæр ни- чердæм акодта, архайлæ нæ кæны, æрмæстдæр иу ран чызгыл «йæ цæнгтæ хъавгæ ’рбатыхта», дыккаг ран — «бæласæй йын ногдзыд дидин ратыдта» (фæлæ уый тыххæй къахдзæф мæнын æнæмæнг нæ хъæуы, чи зоны, йæ хъусы цур уыдис), æртыккаг ран та — йæ арм рас- къæфта æмæ йын йæ къухтæсæрфæн баппæрста. Дык- каджы та, Хъанымæт цы ныхæстæ кæны, уыдон иууыл- дæр сты къуымых зондæй цæугæ, мещанон-романтикон 63
трафареттæ. Нæй, Хъанымæтæй дæр характерагæй ни- цы ис æмæ нын уымæй дæр не ’лхæны нæ зæрдæ поэ- мзд. Бестауы фырты хъуыдымæ гæсгæ, поэмæйы уарзты «æртæкъуымон» скъуыддзаггонд цæуы советон фыссæ- джы идейон позицитæй, ирон поэты моралон-этикон принципты бындурыл». Уый раст у, фæлæ, ахæм «æртæ- къуымон» сюжет аразгæйæ, поэмæ хъуамæ макæй хуы- зæн уа. «Уарзт» куы бакæсай, уæд уайтагъд дæ зæр- дыл æрлæудзæн гуырдзиаг фильм «Аууоп фæндагыл» (Лордкъипанидзе Константин æмæ Фейгин Эммануилы сценари, 1956 аз). Йæ сюжетон схемæ у «Уарзт»-ы схе- мæйы хуызæн: уым дæр чызгæн йæ уарзон у фыййау, хохы вæййы фосимæ, хъæумæ æрбацыд тбилисаг лæп- лу, райкомы цæмæйдæр кусы, чызджы фæсайдта, стæй куы базыдта, йæхи бар нал у, уæд уый дæр, Хъанымæтау, йæ арм раскъæфта. Фæстагмæ чызгмæ йæ зæронд уар- зон æрæздæхдзæн, Муратау. Мыййаг иу æмæ дыууæ нæ уыд ахæм сюжеттæ! Уæдæ «æртæкъуымон» куыд скъуыддзаг цæуы, уымæй дæр нын нæ балхæны нæ зæрдæ поэмæ. Бестауы фырты фæнды, цæмæй «Уарзт» уа бынтон æшæлаз уацмыс æмæ йæ фæндон цыма æцæгдзи- над у, афтæ ’вдисы йæхи. Уымæ лæсгæ йæм ис ахæм ныхæстæ: «...уацмыс сæрибар у схематизмæй. Автор ацы кадæджы ралæууыдис цауты арф психологон ана- лиз аразæг нывгæнæгæй». «Мæнæ рæсугъд архитекту- рон цыртмæ куыд кæсай, раст ахæм у кадæджы аива- дон нывæзт». «Кадæджы алы цау, алы деталь йæ бы- наты ис». (Ацы ныхæстимæ Бестауы фырт, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр тыиг разы нæу, æндæр вæ нысан кæнид поэмæйы цухдзинæдтæ: Мæдинæт йæхæдæг куынæ кодтаид йæ зарæг, уæд хуыздæр уыдаид; адæмон æв- заджы хуымæтæгдзинад хаттæй-хатт ахизы примити- визммæ; ритмикæйы яæлдтытæ, «строфæ, хуылыдз фæй- нæгæй астæрдау, слæлиртæ вæййы»). Ранæй-ран Бес- тэуы фыртæн йе стауæн ныхас поэмæйыл комдзог рацæуы. Афтæ кæй зæгъы, уацмысæн ис «интимон-ме- лодрамон мидис», уый йын æргом кæны йæ сахъатдзи- над. Трагикон уавæры жгæр цæссыгкалгæ гуманизм, æпæр цæхджын сентиментализм кæддæриддæр сты фа- уинаг. Мелодраматизм ис Мураты архайд æмæ ныхæс- ты, тыхджын лæг у, зæгъгæ, дзы нæ зæгъдзынæ. Мело- 64
драматизм хæццæ кæны Мæдинæтмæ дæр, фæлæ уый чызг кæй у, уым ыл уæддæр фидауыдæр. Ныр бафæроæн ис: уæдæ ма нын цæмæй æлхæны нæ зæрдæ поэмæ? Байдайы дидактикон зондамонæнæй,' фæлæ йæ автор йæхи номæй кæй дзуры, чызджытæм кæй дзуры аудгæ, сабыр, æууæнкджын тонæй, уый йын дæтты лирикон ахаст. Адджын пъайау нæу, чызджытæ, Мой кæнын. Уарзондзинад дойнаг дуры Дон кæны. Ма йæм бæллут сонт, рæузондæй, — Судзаг у. Сайды фæуын амæлæтмæ Дудаг у. (5 фарс) Ацы рæнхъытæн сæ интонаци фесæфтай, афтæмæй сæ æндæр /æвзагмæ раивтай, уæд сур зондамонæн ны- хæсты йеттæмæ ницыуал уыдзысты. Поэт йæхæдæг у æвдисæн йæ хъайтартæн, йæхæдæг сын сæ миты хайад исы æмæ сæм чиныгкæсджытæн амоны: Бакæсут-ма хъæуы фæстæ Балдонмæ, Уæртæ дыууæ амондагур’ Уарзонмæ. (6 фарс) Сæ портреттæ сын афыста статиконæй (æвæццæ- гæн, фолыклорæй цæугæ у), ф^лæ сæм реалистон ми- ниуджытæ ис. Чызг у «дæргъдзæсгом, гæзæмæ хурмæ- сыгъд». Чызджы хъуыды атахт дард фæсхохмæ — фый- йау Муратбегмæ. Автор кæмæй байдыдта, уыцы тон æмæ чызджы ныхæстæ иу уылæныл урæд сты, кæрæдзи- имæ ивддэæгтæ кæнынц. Гъе, уыцы тон нæ расайдта сæрæй йæ фæдыл. Ой, фæзын-ма, уарзон зæрдæ Адихи. Нал æм зыны, ныр фæндзæм мæй Нал фыссы. (7 фарс) Поэты бæсты дзурын байдыдта æрдз, йæ конкретон, цæстылуайгæ реалон деталтæй. 5. Дзуццаты X. 65
Стæй уæд мæйыл ацауындзæг Мигъхъусцæг. Æмæ зæххыл алы хъуыддаг Басусæг. Райсом бæстыл цъус куы сныдзæвд Худгæ хур, — Бæласы бын ногдзыд кæрдæг Уыд мыдул. (9 фарс) Фыццаг оæргонды цыдæриддæр жрцыд, уыдон дык- каг сæргонды Мæдинæты зарæджы аллегорионæй фæл- хатæн цæуынц мыдыбындз æмæ дидинæджы фæлгонц- тæй. Сæ дыууæйы зæрдæбын, адджын диалогтæй уарз- ты амонд, уарзты цин ноджы арфдæр бахъары зæрдæ- мæ. Поэмæ параллелонæй цæуы æртыккаг оæргондмæ. Ам раздæр уал аллегорион хай ис. Уьгй мах бацæттæ кæны Хъанымæт æмæ Мæдинæты фæстаг фембæлды мидисмæ. Дидин азгъæлд æмæ раввæрд Балгага. Мыдыбындз æй нал рæвдауы, Абабау. (12 фарс) Æрдз — поэмæйы активон æххуысгæнæг — бал- хынцъ кодта сæргонд: Мæй та мшъы рагъы фæстæ Батылди. Сау зæххæй йæм иунæг гæппæл Нал зынди. Райсомæй та рарухс, раирд Боны цæст. Фæлæ нал уыд балдонгæрдæг Ног æссæст. (13 фарс) Мæй иумæйаг нæу, æввахс нæм у, конкретон у\ «Мæйы кой, — фыссы Бестауы фырт, — рефренау цæуы уацмысы сæрæй бынмæ æмæ йæм хæссы тыхджын эмо- ци. Автор мæйæн радта удæгас адæймаджы функцитæ. Уацзæтты æнусон æвдисæн аивæй кæсы кадæджы хъай- тарты архайдмæ æмæ семæ иумæ куы худгæ кæны, куы та сау хъуынтъыз мигътæй æмбæрзы йæхи. Афтæ- мæй мæй, мигътæ — æрдзы фæзынд, пейзаж сси кадæ- 66
джы органикон хай, кадæджы хъайтарты зæрдæйы уаг æвдисæг айдæн». Поэмæйы автор цардуагон характерон уавæртæ фе- ны реалонæй. Сусу-бусу еисынц сыхы Устытæ: Рауайдзæн, дам, ра, фæстагмæ Истытæ. Нæу, дам, зæгъынц, нæу, йæхи бар, Сау бада. Исчи ма йæ ракура ныр, Гъа-да-гъа! (15 фарс) Фæстаг сæргонды астæумагъз у Мæдинæты зæрдæ- ргом ныхас — Мураты къ’амимæ, фурдимæ, Гыцциимæ, чи нæма райгуырд, фæлæ зæрдæйы бын чи цæры, уы- цы ног адæймагимæ. Мæдинæт дарддæр нывæнды йæ сагъæстæ, йæ хъуыдытæ. Ирон рагон худинагæй тæрс- гæйæ, рахъавыд йæхи доны баппарынмæ: Уæртæ уыцы фыдуаг улæн, Бабыхс уал. Цом æмæ ныл, уарзон хойау, Атыхса. О, гыцци, дæ буц чызг царды Нал хъæуы. Бахурх æй хъуыд хæрз сабийæ Й’ авдæны. (17 фарс) Чызг нæ архайы, чызг н(æ хъуыды кæны, фæлæ æгъ- дау, карз ирон æгъдау. Фурдмае йæ æркодта — куыр- мæй, æнæрхъуыдыйæ. Фæлæ куыддæр саби сызмæлы, сагайы зæрдæсæр, ома цард архайын байдайы, афтæ зæронд æгъдауæн ницыуал бавæййы йæ бон. Мад уыдзынæн, мад, мæ боныл, О, гыцци! Уымæй хуыздæр а-дунейыл, Зæгъ, цы и! (18 фарс) Царды тых, маддзинады тых кæм уа, уым зæронд сафинаг æгъдау, зæронд догматикон-трафаретон фæл- гæттæ ницы кæрдынц. Уадз, рæдыдтæ дæр æрцæуа, уадз, маст дæр фен’æд лæг, фæлæ сæйраг у цард, йе 67
стыр кæлæнгæнæг хъару, йе/нусон мондаг æмæ дисса- джы æвзонгдзинад. Ныр .æм раздæхдзæн Хъанымæт, ракурдзæн æй Му- ратбег, — уымæн цы нысаниуæг ис! Гъе, уымæ гæсгæ, мелодрамон-плакатон Мурат нæу, поэмæйы зæрдæмæ- дзæулæ чи кæны, уыцы фæлгонц æмæ йæм фæзмина- гæй дæр ницы ис. Гафез-зæгъы, зæгълæ, сайд сылгой- мæгтæм йæ къух дæр ничи кодта, нæ оæ куырдтой æм<æ Мæдимæ Мурат кæй раздæхт, уый, дам, фæзминаг у абоны фæсивæдæн. Аивад рецепттæ дæттæг нæу: цард вазыгджын у, зæрдæ æнæбын цад у æмæ алы кон- кретон уавæры коикретон вæййы зæрдæйы уынаффæ. Уарзт æмæ лæджыхъæд кæддæриддæр уыдысты тых- джындæр* дам-думтæй, æгъдæуттæй, канонтæй (кæд сæ хъыг дарынц, масты хай оæ кæнынц, стыр бæллæх- тыл сæ бафтауынц, уæддæр). Куыд уынæм, афтæмæй, поэмæйы цаууон сюжеты схе- мæ уадиссаг ницы у. Поэмæ нæ зæрдæйыл æмбæлы поэ- ты уадз зондамонæн, фæлæ фæлмæн тонæй, уыимæ баст чи цæуы, уыцы æрдзы удджынгонд, активон архай- дæй (аллегорион параллелтæ), царды реалон деталтæй æмæ сæйраджы та Мæдинæты зæрдæйы сусæг æмæ æр- гом монологтæй. Уыдон иууыл иумæ, кæрæдзийыл æм- хæстæй, органиконæй æддæг-мидæг ауайгæйæ, аразынц, поэмæйы зæрдæмæдзæугæ чи кæны, уыцы сæйраг мини- уæг — рухс, сагъæссаг лиризм. Уымæ гæсгæ, чи зоны, Хъанымæт æмæ Мурат — мелодрамон æвзæрдзинад æмæ хорздзинад — бынтондæр куынæ архайдтаиккой, алцы дæр Мæдинæт, авторы бæсты дæр, кæнæ сæ дыууæ дæр иумæ куы дзырдтаиккой, уæд ноджы хуыздæр рауада- ид. «Уарзт» у Мæдинæты поэмæ. «Уарзт» у æнамонд, фæсмойнаг уарзондзинад æмæ гуманон цардбæллондзи- нады поэмæ. Бестауты Теорги поэмæйы стихæй зæгъы: «...раппæ- линаг у, автор цы темæйыл фыссы, уымæн иттæг æмбæ- лон стихарæзт кæй ссардта... Цыдæр рæсугъд, гæзæмæ æнкъард зæрдæйы уаг æвзæрын кæны кадæджы рог, хъуытазау, зæлланггæнæг ритмикæ». Иу «хъуытазау, зæлланггæнæг» мæм рæстмæ не хъуысы, æндæр æмткæй фийпаинаг раст у. Дыууæстопæйон пеон 1 æмæ иусто- пæйон дактиль искæй интонаци, искæй хъæлæс нæ мы- сын кæнынц, æрмæст, цыма 1-аг æмæ 3-аг рæнхъытæ алы- хатт æмхуызон уой, уьий сыл ,н.æ бады. Кæд 1-аг æмæ 3-а.г 68
рæнхъытæ æнæмæнг дыууæстопæйон пеонтæ сты, уæд рæнхъы фæстæ паузæтимæ куыд бакæсдзынæ мæнæ ацы строфæ: Атухы йæ урс дидин йæ Хъæбысы. Сусæг ныхас изæрмæ нæ Фæсысы. (11 фарс) Графикон нывмæ гæсгæ кæй бакæсæм стихтæ, уый тыххæй сæ мæнæ афтæ равæрын хъуыдис: Атухы йæ Урс дидин йæ хъæбысы. Сусæг ныхас Изæрмæ нæ фæсысы. Ахæм бынæттæ поэмæйы бирæ ис æмæ раст æвæрд куы ’рцыдаиккой, уæд уымæй поэмæ нæ базиан кодта- ид: кæд стихтæ æмиæстæ нæ уыдаиккой, уæддæр сæ рит- микон арæзт куыд у, афтæмæй баззадаид. Строфæйы 1-аг æмæ 2-аг, 3-аг æмæ 4-æм стихтæ æнæуыйдæр иугай стихты хуызæн сты. * * * Дзугаты Георги 50-æм азты дыккаг æмбис цы поэти- кон уацмыстæ сфæлдыста, уыдоны кæд ,ис хъуагдзинæд- тæ (схематизм, литературон шаблон, эмоцион æмæ тех- никон къуыхцытæ), уæддæр сæ ахадындзинад егъау у канд поэтæн йæхи биографийы нæ, фæлæ ма æмткæй ирон поэзийы рæзты дæр. Уыдон бæстон бæлвырд кæ- нынц, поэтмæ цахæм дæгъæл хъуамæ уа æмæ цахæм ду- æрттæ хъуамæ гом кæна адæмы раз. 1962 00
ЦÆРУКЪАТЫ АЛЫКСАНДРЫ ПОЭЗИЙЫ ТЫХХÆЙ ПОЭТИКОН ЛÆДЖЫКАР Поэтикон лæджыкар. Цы у уый? Цæрукъаты Алыксандр ирон поэзимæ йæ къах æр- бавæрдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ. Уай- тагъд фæбæрæг йæ курдиаты ахсджиаг миниуæг — йæ- хирдыгонау уыны Ирыстоны æрдз, арф æнкъары хъæу- уон куысты поэзи, æрыгон уæздан уарзг, хæдбындур фæлгонцтæ æмæ бæлвырд лирикон зæрдæйы уаг цæ- уынц буар-æмбуар. Уый йæм уыд оæйраг æмæ уыцы миниуæг нæ фесæфти хæсты азты æмæ фæсхæст. Ахæм зæрдæмæхъаргæ æмдзæвпæты фарсмæ Алыксандр фыс- та æндæр æмдзæвгæтæ дæр — риторикон, иумæйаг, аф- тид æмдзæвгæтæ, кæд сæ темæтæ æрдз, куыст æмæ уарзты темæтæй къаддæр нæ уыдысты, уæддæр. йæ курдиаты гæнæнтæ Алыксандр хъаруджынæй æвдисын байдыдта, Мæскуыйы Литературон институты куы ахуыр кодта, уæд. Мæ зæрдыл ма лæууы: 1957 азы институты поэтикон семинары Алыксандры ног æмдзæв- гæтæ куы ’взæрстам, уæд стыр уырыссаг поэт Лугов- ской Владимир загъта, зæгъгæ, Цæрукъайы фьцрт у цæттæ-ифтонг поэт, йæ тых йæ гаччы сбадтис. Раст, гъе, уыцы азты байдыдта Цæрукъайы фырты поэтикон лæджыкары заман. Уæдæй нырмæ Алыксандр рауагъта дыууæ уæзгæ чиныджы—«Арвæрдын» (1959) æмæ «Царды авдæп» (1965). йæ раздæры чингуыты хорзæй цы уыдис, уый мæрдырохæн нæ ратта, фæлæ йæ фæхъæздыгдæр æмæ фæарфдæр кодта, бафтыдта ма йыл бирæ ног хæрзтæ, ног миниуджытæ. Мæнæн номхуындæй фыссæн сис мæ къухмæ чи рай- сын кодта, уыцы чиныг «Царды авдæн»-ы ис æмдзæв- гæ «Къæвдабон». Хъæууон æрдзы конкретон нывтæ 70
объективонæй н,æ фиксаци кæны поэт, фæлæ æмдзæ- рин сты йæ уды уагимæ, йæ аæрдæйы сагъæсимæ. Ра- гæй цы зонæм, цы уынæм, уый, цыма, фыццаг хатт ба- зоиæм, фыццаг хатт æй фенæм. Алыксандр нын бан- къарын кæны æрдзы реалон фыццаг конд — уый егъау æнтыст у поэтæн. Æмдзæвгæйы кæрон ис хуымæтæг, фæлæ бирæдзурæг рæнхъытæ: «Сæрд кæны ныр хицæн, фæззæг та н.æма ’рцыд». Уый, æрдз æмæ поэт сæ лæ- джыкары куы бацæуынц, уыцы афон у. Поэтикон лæджыкар — уый уымæй нæу, æмæАлык- сандрмое формалон, техникон дæсныйад кæй ис. Уыцы дæсныйад Алыксандрмæ рагæй уыд, суанг ма йæ фыц- цаг æмдзæвгæты дæр. Ныр та йæм уæлдай тыхджын- дæр у уыцы дæсныйад, уымæн æм-æ, 30-40 азтимæ абар- гæйæ, æмткæй ирон æмдзæвгæйы культурæ тынг сырæзт. Хæрзæрæджы чи бавнæлдта æмдзæвгæтæ фыссынмæ, уый дæр хорз арæхсы ритм аразынмæ, рифмæ кæнынмæ, строфæтæ бийынмæ. Уый уымæй дæр нæу, æмæ Алык- сандр йæхи кæй хизы декларативон, хус, æгъуыз рито- рикæйæ, уымæи æмæ йыл æмткæй ирон поэзи зæрдейæ нал у, кæд ма арæх иуæй-иу æнæкурдиат поэты фысты- тæй хъæрахст фæкæны, уæддæр. Поэтикон лæджыкар — уый сæйраджыдæр уæд вæй- йы, æмæ поэт куы базоны йæхи уд æмæ йæ дуджы рæстдзинад, куы нын фенын кæны йæхи æмæ йæ ал- фæмблай царды æмиудзинад. «Æ<з царды сусæг бан- къардтон æххæстæй, йæ зилгæ фурды аныгъуылдтæн арф», — зæгъы Алыксандр æмæ уый æнæбындур декла- раци нæу. Поэтикон лæджыкар ныллæууы уæд, æмæ поэт куы схицæн вæййы алыхуызон цæстф’æливæг би- битæ æмæ мæнгуыднындзинæдтæй, нуарджын мæнæуау, йæхищæй куы азгъалы ницæйаг цъæрттæ, цъæмæлтæ æмæ ма дзы куы баззайы гом-æгæрцц апп. Æппынфæстаг, поэтикон лæджыкар ныллæууы уæд, æм,æ поэты æмдз^æвпæты куы разыны адæймаджы цард- æгас хъысмæт йе ’ппæт вазыгджын фæзилæнтимæ, раз- вæлгъау раст, æиæлаз, æнæаипп, тыхаразгæ чи нæу, ахæм хъысмæт. Цæрукъайы фырты хъысмæт у не ’мбæстагон ирон лæджы хъысмæт. Уымæн йæ зæрдæйы ’ргом здæхт у лвгъуыдмæ, абонмæ æмæ фидæнмæ. Мæ къабаз хуссары, фæсденджыз, риссы, Мæ зæрдæйы кæрдихтæ ихсыйынц кæмдæр. 71
Ирон лæг, зынджы къæрттау, фæхауд Туркмæ, Иранмæ, Сиримæ, Индимæ, Алжирмæ... Куы скъæфы уад бæласæй тынд сыфтæрты — Дæ мид-зæрдæйы уыдоныл кæуыс. Каедæм дæ ’рфæнды атæхын, дæ сæрты Куы айвæзы бæлццон мæргъты рæхыс? Поэты цæстыл уайы Особайы дуджы ирон сыл- гоймаг — «зыдта кæрдзын кæнын, цыхт ахсын», зыдта бæзджын цæсты хауты æхсæнæй худын, зыдта цæфхад садзын, хъама дауын æмæ хъримагæй æхсын. Поэт æмбары нæ ирон карз æгъдæутты æфсæрм> йæ уарзон чызджы ’ркæнид сæхимæ, фæлæ— «тæрсын нæ мыггаджы зæрæдтæй...» Кæддæр иæ ныфс нæ ба- хаста æгъдау фехалынмæ .æмæ уымæй йæ зæрдæйæн абон дæр æвзарын кæны хъизæмæрттæ; «Мæныл та ра- зилдзысты ныр оентъыснæг æмæ уарынхъус замантæ». Поэты зæрдæ иув>æрсыг, ординарон хатдзæгтæ не ’взæрын кæны махмÆ, фæлæ нын нæ размæ хæссы йæ вазыгджын хъуырдухæн. Уый домы рæстаг лæгуар- зондзинад, царды фидауц—гуманизм. Поэты фыд — æнувыд революционер, иу адæйма- джы культы амæттаг — уыцы иу рæстæг ис ивгъуыды дæр æм1æ абоны дæр. «Цымæ дын цы ран и зæххы хай уæлмæрдæн?» — фæрсы поэт йæ фыды. Куы дзыназа дымгæ, хъаймæты къæвдадон Дæ ингæны царæй куы тæдза, мыййаг, — Уый — маройгæнгæ дыл мæ цæссыг ныккалдтон, Кæд уымæй ысцъыф и дæ мæрдтæмвæндаг!.. Кæддæры ^æнæрастдзинад поэты бафтыдта мидса- гъæсыл, æнæнцой фарстытыл. Зæрдæ, зæрдæ, зæгъ-ма мын, цы фæци мæ фыд? Мæнмæ уымæн цæй бирæ зæгъинæгтæ уыд! Зæгъ, уый -чи айста махæй? Цæй тыххæй уæддæр? Æз цæмæн хастон хаудæй мæ риуыл мæ сæр?! Чиныджы зынгæдæр уацмыс — поэмæ «Ныхас ав- дæны сывæллонимæ» зæрдæ агайы йе ’гъатыр рæст- дзинадæй. Йæ фыды йын æнæаххосæй куы ’рцахстой, йæ <1юнт зæрдæйыл ын масты æнæссæугæ дамгъæ куы нывæрдтой, уæд «мæхионтæм, мæ сабион æмгæрттæм нæ бахъардта зын рæстæджы мæ хъыг». Мæстæй йæ 72
мардтой «знаджы фырты» номæй. Рæстдзинад фæуæ- лахиз — йæ фыды хорз ном сыгъдæгæй æрæздæхт йæ бæстæм, поэты хæрзсабийæ чи ныггуыбыр кодта, уы- цы «дур лæджы» статуйæ йе уæхскæй рахауд, фæлæ- царды хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы ’рцæуы, уый æвæдæй никуы баззайы. Уымæ гæсгæ—«æз нал бадын мæ гаччы», «нæ райхæлдзæнис ме ’рфгуыты æлхынцъ». Царды зын æмæ йæ ныхмæдзыдты диалектикæ бæстон чи бавзæрста, уымæн йæ бон нæу, æмæ йæ сабимæ зæрдæнцойæ кæса. «Лæууын ныр демæ ног бонты къæ- сæрыл... Æрбадти чырс дæ сагъæсæй мæ сæрыл». Йæ цин стыр у, фæлæ йæ мæт — нсщжы стырдæр. Поэтæн йæхи мастау у хæстæй æрæздæхæг æнæ- цонг фæндырдзæгъдæджы маст. Иæ бон нал у, райса йæ фæндыр, суадза сын сæ «лыстæг тæнты худын, сæ ризгæ дзынæзт». О, диссаджы къухтæ,. цæй мæгуыр ыстут!.. Кæцæйдæр дзыназут, кæцæйдæр кæут... Уæ нуæрттæ уын сау мæр æнæвгъау хæры... Зæрдæрисгæ у поэты æрвад, поэты æмном номдзыд артист Цæрукъаты Алыксандры амæлæтыл йæ хъарæг. Сабион мысинæгтæ æмæ конкретон деталтæ поэмæйы кæнынц тæлмæнджын, базырджын. Чермены фæлгонцы хъазуат тохы сценæйыл куы фæмард, уæд йæ мад фæ- тарст, зæгъгæ, йын йæ хъæбулы,æцæг амардтой, æмæ скуыдта. ...Дæ ныййарæг батад ныр судзгæ кæуынæй. Куы ма ссарис иу хатт амал... Фæлæ йæм дæ саутæ ’мбæрзт марды чырынæй Куы нал ыстыс, оххай, куы нал!.. Лæгуарзондзинады сæраппонд, йæ уд æмæ йæ ду- джы хъæдгæмттæ агайгæйæ, поэт уайдзæф кæны цар- ды æмæ æрдзы æвнрхъау фыдракæндтæн, зыгъуыммæ уынаффæтæн, адæймаджы ном худинаггæнджытæн æмæ хæстæндзарджытæн. Поэт кад кæны Шекспирæн. уымæн æмæ уый адæймагæй цагъар нæ арæзта, дæл- дзиныг æй нæ кодта, фæлæ йыл хæцыд хæрдмæ, тра- гедийæ йын цырын кодта йæ хæрзиуæгон монц. Поэты идеал — алы зæххон лæг дæр хъуамæ зæрдæйæ уа ти- тан æмæ гени, йæ удхæссæг сты пигмейтæ æмæ тиран- тæ. 73
Пигмей куы свæййы сайд дзыллæты бардар, Куы бахæры хуыцауы раз мæнг ард, Рæстуд зæххонтыл рухс дуне уæд батар, Рæстуд фæлтæрæн фехæлы сæ цард. Ныккæны алкæм, саха-дæттау, тугзæй... Дзæвгар заман хур не скæсы æппын. Лæджы хъуыдытæ балæзæрынц хусæй, Лæджы бæллицтæ бавæййынц хæрзбын. Истори уый йæ дæлбылмæ нывзилы, — Нæ бамбæхсдзæни гамхуды фыдгæнд!.. Нырма зæххыл цæйбæрц пигмейтæ хилы, Цæйбæрц сæм ис хæрамдзинад, фыдвæнд!.. Цæрукъайы фырты поэзи у интеллектуалон, ома хъуыдыгæнæг, тырны цард, культурæ æмæ ахуырдзи- нады æрфытæм. Уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ йе ’мдзæвгæтæм парахатæй кæй бацыдысты дунеон аива- ды бирæ минæвæрттæ, алы бæстæтæ æмæ алы дугты культурон цыртдзæвæнтæ, космосы «æрттиваг налмас- тæ». Фæлæ интеллектуалон хорз уæд вæййы, æмæ хъармгонд æмæ хъацæнджын куы уа зæрдæйы судзгæ æнкъарæнæй. Алыксандры иуæй-иу æмдзæвгæтæн («Уæ- ларвон миниатюрæтæ», «Авдрæнхъонгæ «авдыл», «Бо- робудур») æрмæст формалон æгьдауæй ис схонæн интел- лектуалон. Уазалгомау сты, нæ судзынц удæгас хъуыды æмæ æнкъарæнæй. Иу фау æрхæссæн ма ис Цæрукъайы фырты æм- дзæвгæтæм (уый не ’ппæтмæ дæр хауы). Поэт хаттæй- хатт æгæр бирæ дзуры. Поэзи та йе ’рдзон хъæдмэс гæсгæ бирæ дзурын нæ уарзы. Поэзийы хæс у цъус дзу- рын æмæ бирæ зæгъын. Уыцы аипп кæй ис Алыксан- дрмæ, уымæ гæсгæ арæх иу æмдзæвгæйы цы зæгъы, уымæй дарддæр ницы фæзæгъы къорд æндæр æмдзæв- гæйы дæр. Дзырдæн, æмдзæвгæ «Сæрдыгон бæлæстæ сæрдыгон æхсæв», зæгъгæ, уым цы хъуыды æмæ æн- къарæн ис, уый фæлурсдæрæй фæлхатæн кæны æм- дзæвгæ «Фондз æнгуылдзы, дам, цæдисон...» Поэт йæ лæджыкары куы ис, уæд æй лæмбынæг йæ хъус æрдарын хъæуы ацы хъуыддагмæ. Р.æстдзинад никуы вæййы æнæ бæрндзинад. Поэт бæрнджын у цар- ды раз æмæ дзырды раз. Дзырдмæ цы цæстæй кæсыс, ахæм цæстæй кæсыс цардмæ дæр. Чиныг «Царды авдæн» у поэтæн йæхи æмæ йæ ду- джы <хъысмæт. Уый кæрæй-кæронмæ у нырыккон поэ- мæ — лирикон-философон поэмæ. 1966 7'4
«МÆ ЗÆРДÆЙÆН АС НÆЙ» Йæ райгуырды фæндзай азы бонмæ Цæрукъаты Алыксандр рауагъта чиныг «Цыма лæууын æз кувæн- доны раз...» Уырдæм сæйраджыдæр бацыдысты, позт фæстаг азты кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ. Æмæ канд уыдон нæ. Чиныджы ма дзæвгар ис, 30-æм, 40-æм, 50-æм азты чи ’рцыд фыст, нырмæ æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ мыхуыргонд чи нæ уыд, ахæм æм- дзæвгæтæ дæр. Афтæмæй чиныджы æмдзæвгæтæ махæн иууылдæр сты ног æмæ цасдæр бæрцæй аразынц бæрæг- бæлвырд фæстиуæг æмткæй поэты сфæлдыстадон фæн- дагæн. Махæн ног чи у æшæ поэтæн йæхицæн ног чи нæу, уыцы æмдзæвгæтæ æрмæст бæрцæй нæ фылдæр кæ- нынц, Алыксандры чингуыты раздæр цы уацмыстæ кас- тыстæм, уыдон. Бæгуыдæр, сæ иумæйаг ахастæй нæ ип- пæрд кæнынц сæ раздæры мыхуыргонд æмкартæй, фæлæ сын сæ хуыздæртæм æфтауынц дзæвгар ног ми- ниуджытæ. Цæвиттон, 30-æм æмæ 40-æм азты фыст ног мыхуыр æмдзæвгæты арфдæр, индивидуалон-драмати- кондæр у уарзты æнкъарæн, хæсты салдаты зынтæ æмæ тухæнтæ дзы сты æргомдæр æмæ реалистондæр, тых- джындæр дзы зыны поэты^æцæг зæрдæйы уаг, йе ’цæг сагъæс («Уыцы сау цæстыты каст», «Нузалы», «Ох, мæ ныййарæг», «Æрфынæй ут», «<рыццаг кæркуасæн», «Дымгæ байгом кодта рудзынг», «Дыгургомы изæр», «Нæ зыны цæлхвæд» æмæ æнд.). Уыцы æмдзæвгæтæ цух сты иувæрсыг уынаффæтæй, афтид риторикæйæ, уæ- лæнгай цæстæигасæй. Æвæццæгæн, йæ рагфыстытæй ныр цалдæр азы фæстæ поэт мыхуырмæ саккаг кодта, йæ абоны идейон- эстетикон домæнтæн ын дзуапп чи дæтты, уыдоп. Уыцы æмдзæвгæтæ, кæд сæм сæхи сæрмагонд гæччытæ æмæ æууæлтæ ис, уæддæр поэты ногдæр æмдзæвгæты фарс- тæ сæхи къæмдзæстыгæй нæ хатынц, хæрзæрвад, туг- хæстæг сты семæ. Канд йæ раздæры фыстытæ нæ рахаста Алыксандр рухсмæ. Чиныджы дзæвгар ис, поэт ретроспективонæй кæм ацæуы йæ ивгъуыдмæ æмæ уырдыгæй йæ уæды са- гъæстæ, йæ уæды царды нывтæ абонмæ кæм рахæссы, ахæм ног фыст æмдаæвпæтæ. Уый поэты бындурон ми- ниуæг у, уымæн æмæ иæ зæрдæ здæхт у канд абонмæ 75
нæ, фæлæ ма ивгъуыдмæ æмæ фидæнмæ дæр. Уый, або- ны боны цæргæйæ, хъуыды æмæ сагъæс кæны йæ цар- дыл æмæ йæ хъысмæтыл, алы рæстæджыты уав/æртæ æмæ бастдзинæдтыл кæрæй-иæронмæ. Б’аналонæй мый- йаг нæ, фæлæ йын йæхи зæрдæйы уынынад æмæ фæл- тæрддзинад куыд зæгъы, афтæ. Поэт æнувыд у йæ зæрдæйыл, æрмæстдæр ууыл æу- уæнды æмæ уымæн дæтты дзырды бар, уымæн æмæ йæ зæрдæ гом-æгæрццæй тыгъд у дугмæ, цардмæ, йæ зæрдæ у цард æмæ рæстæджы ныхмæдзыдты хæцæн, хæрам æмæ рæстады хъуырдухæны аренæ. Уымæ гæсгæ домы уыдонæй: Уадз, цы зарæг сфæлгъуыдта мæ зæрдæ, Уый фæзарон, барвæндæй — æрмæст! Алыксандры поэтикон дуне алыхуызон, вазыгджын’ у, фæлæ кæрæдзийыл чи нæ хæцы, кæрæдзийыл æнгом чи нæ бады, ахæм хицæн гæппæлтæй конд нæу. Уыцьг алыхуызон дунё иугонд, æмбаст, æмхæст цæуы поэты гуманистон, рæстдзинадуарзаг, нырыккон ирон удыхъæ- дæй. Йæ хъуыдытæ æмæ йе ’нкъарæнтæ бирæ хатт афтæ цыдæрхуызон æнæзынгæ комытæф хæссынц, æмæ сын хиныхæстæй равдисæн Дæр нæй. Хъуамæ сæ чиныгкæсæг йæхæдæг бакæса æмæ банкъара. Афтæ фыссын йæ бон у, аив дзырды сусæгтæ æмæ æмдзæвгæйы цæуæнтæ хорз чи зоны æмæ, сæйраджы та, адæймаджы зæрдæйы рæстдзинад æнæвгъау хъæз- дыг æмæ æвидигæ кæй у, уый чи зоны, ахæм поэт. «Мæ зæрдæйæн ас нæй», — поэты ацы ныхæстæй скодтон ном мæ уацæн. Уый комкоммæ дзуры адæймагмæ: Дæ зонд, дæ зæрдæйы тыгъдадæн Æз никуы ссардзынæн кæрон! Поэт «кæрæттæ» нæ агуры, — уый йæ æркæнид иу- вæрсыг, ординарон, ницыахадæг хатдзæгтæм. Æрмæст йæ курдиат æмæ йæ бон цас у, уымæй лæмбынæг фæл- гъауы адæймаджы зонд æмæ зæрдæйы диалектикон, рæзгæ-ивгæ цард æмæ сын æргом кæны сæ рæстдзинад. Алыксандры иууыл тынгдæр æндавы йæхи æмæ искæй рисс, рæстаг лæджы æфхæрд æмæ æнамонд. Иæ 76
удхæссæг сты, адæймаджы ныллæг чи кæны, цагъары хъадамантæ йын чи ’вæры йе уæнгтæ æмæ йæ удыл, йæхæдæг адæймаг чи нæу æмæ адæймаджы ном чи ху- динаг кæны, ахæм дыкъахыг цæрæгойтæ. Уый у поэты æмбæстагон-партион фидар позици. Иæхæдæг æмæ адæм сæ царды бирæ цыдæртæ сæф- той, бирæ зынаргъ цæмæйдæртæй-иу æнæхай фесты æмæ уыдоны хъуырдухæн, мæт, Хъыг поэты зæрдæ æлвасы иугæндзон йæхимæ æмæ, ууыл фысгæйæ, Алык- сандр поэтикон лæгуарзон судзгæ æнкъарæнтæй хъæз- дыг кæны йæхи дæр æмæ не ’ппæты дæр. Æрдз æмæ цæрæгойтæ, царды æрцæугæ цаутæ æмæ алыхуызон хъысмæттæ — алкæм дæр дзы ис адæймаг, поэтæн йæхи бæрæг-бæлвырд зæрдæйы уаг. Каеддæр сæ хъæуы чи уыд æмæ дзы ныр чи нал ис, уыцы «уайса- дæг» бæрзы мах æнкъарæм поэты уарзоны фæлгонц. Зæронд цымбæласы уынд æмæ сагъæсы мах базонæм адæймаджы уæззау, зын хъысмæт. Ис ын æрмæст иу ныфс — йæ уидæгтæй кæддæр чи сзад, уыцы тала. Ди- динæг — рог, рæсугъд — бæллыди мыдыбындзмæ, фæлæ йæм фæзынди æлгъаджы хъугдæй — «скуыдта дидинæг, уæддæр æй йæ фæстæ уайтæккæ цæрдудæй нылласта хуыккоммæ хæр-хæрæй». Дидинæг æмæ «хæр-хæрæй» — цахæм контрастон æргомгæнæг тых дæтты рæсугъд бæл- лицты сæфтæн! Ахæм æмдзæвгæтæ Алыксанд^мæ бирæ ис. Уыдон сты аив параллелизмы фыццаг хайы хуызæн, ома æрдзы фæзындты хуызы мах уынæм адæймæгты хъысмæттæ. Уыцы — асæй гыццьтл — æмдзæвгæтæ сты æнæхъæн ра- дзырдтæ æмæ уацауты миниатюрæтæ. Алыксандр æрдзимæ, бирæ удæгас хъысмæттимæ ор- ганикон æгъдауæй баст кæй у, уый йын йæ лирикæйæн дæтты эпикон ахаст. Ие ’мдзæвгæты сюжеттæн ис канд лирикон-философон нæ, фæлæ эпикон-цаууон бындур дæр. Уыдон арæхдæр сты æндыгъд, драматикон, æгæр- стæмæй фыццаг бакастæй рог, сабыр, æнæтыхсгæ фыст нæм чи фæкæсы, уыцы æмдзæвгæтæ дæр. Уымæ гæсгæ хорз арæхсы цаутæ æмæ нывтæ фыссынмæ, диалогтæ аразынмæ. Адæймаджы цайдагътæ, змæлд æмæ архайд чысыл, фæлæ уæзгæ деталтæй сыстынц .нæ цæсты раз цардæгасæй. Поэт йæ рагон уарзоны кæм мысы, уым — «зæхх къахфындзтæй мидбынат адæргæй къахтай», «рызтысты дæ фыдхуыз, дæ фæлурс æнгуылдзтæ, кæ- 77
рæдзи æздыхтой бæрз уисы уæрдæхтау», «дæ иударон къаба — æмпъызтытæ, ихсыд, дæ саст сæрвасæн та æр- хуы телæй баст уыд». Ацы деталты ис æфсæрмгæнаг, уарзаг чызджы зæрдæйы тыхст, йæ хуыз, æмæ канд уый нæ, фæлæ ма цы рæстæджы æмæ цы уавæрты царди, уыдон дæр. Алцыдæр хъуамæ уа конкретон, номхуындæй загъд. Зæрдæаив ныхас поэзи нæу. ^Фатхъæд тала-сугæй арт- мæ фынк тæдзы» (суг нæ, фæлæ фатхъæд, стæй тала), «цъолобиты ’мбæрзтæй фалдæр сæгъ лæууы», «ихцъа- рыг æвæрынц бæхты хид фæрстæ». Афтæ цæстуынгæ — суанг чысыл хылычъыйы онг — ныв кæны Алыксандр мидхæсты заманы хъæдмæ алидзæг адæмы æрынцайæн бынат. Бæлвырд æмæ ирд у йæ дзырд, йæ афыст, йæ фæл- гонц. Ноджы бирæ нысаниуæгджын. «Ос-Бæгъатырæн йæ фидæрттæ тигъыл мæйдары уацары бадынц» — уы- мæй канд нæ цæстыл нæ ауайынц Нузалы фидæрттæ æхсæвыгон, фæлæ ма сæ хицау рагон хæстон фæтæджы цардмæ ассоциацийæ ацæуы нæ хъуыды — «уацары ба- дынц» (куывды кæнæ æндæр искуы нæ, фæлæ). Цæрукъайы фырт æрвонг реалист у, зæххон поэт. Цард дæр æмæ йæхæдæг дæр цы сты, уымæй сæ фæ- хуымæтæгдæр кæнæ фæхуыздæр кæна, уый йæ бон нæу. Уый конд у алыхуызон дард æмæ æввахс контрасттæй, ныхмæдзыдтæй. «Æз—мигътъыфыл... Ныххойы уад мæн къæдзæхы ныхыл...» Æмæ: «Æз — артдурæй, цъæх- риу мæсыг дæн сау хохы ныхыл!» Уый быцæу кæны сфæлдисæгимæ, иуты мады къухау кæй рæвдауы, иннæ- тæм сырдау кæй лæбуры, уый тыххæй. Дæ рард мæнæн рæдыдæй æви барæй — Æнахуыр цин, мæлæтдзаг тухи, маст. Дуджы вазыгджын судзæгтæ — поэты зæрдæйы су- дзæгтæ — хаттæй-хатт афтæ сцырын, сзынг кæны поэ- ты монц, йæ темперамент, æмæ цæхæр калынц фанати- кон хъаруйæ. Ахæмтæ сты йе ’мдзæвгæтæ «Мæхи æна- хуыр хуызы федтон æз мæ фыны», «Æнусон рисс», «Монолог», уæлдайдæр та «Мæ кувæндоны къæсæрыл». Кæд йе ’ннæ ’мдзæвгæты, æмткæй райсгæйæ, йæ хъуы- 78
ды, йе ’нкъарæн, йæ уынынад, йæ интонаци, йæ рæст- дзинад сты уæзбын, сагъæсгæнæг, уæд ам схызтысты иууыл бæрзонддæр трагикон тæмæнмæ. Поэт дзуры йе ’мдзæвгæтæм — йæ сагъæстæм: Мæ дарæг не сыстут, — Нæ уæ домдтон уæддæр Æз иуæй-иу æнæбафсис уæцъæфтау, Нæ уæ ’рвыстон хуыснæджы Пайдайы сайд фæндагыл. Нæ уæ стыгътон дыгай цæрмттæ, Нæ уæ кодтон уæй дæр. Сымахæй уыд мæ гуыбын афтид, Мæ зæрдæ — дзаг; Сымахæй ме рагъ — гом, Мæ зæрдæ та фæлыст уыд Кæд уалдзыгон бæласау. Поэт лæгъстæ кæны, цæмæй лæгмар æнæтæрхонæй ма бада æмæ æндæртæн ма лыг кæна сæ хъысмæт, цæ- мæй адæм макуы суой æгомыг фосау, цæмæй йæхæдæг баззайа адæймагæй, иæ зæрдæ йын ма ныххуынчъытæ кæна мулчы саси, искæй æххормаг æмæ искæй рисс зона, макуы йын радтæуа «куырм мысты, хъæды рæм- пæджы цард», куыд никуы кæса дунемæ «рæсугъд ахуырст кæсæнцæстытаей». Поэты фæнды æмæ домы, цæмæй адæймаг уа, неза- манæй суанг абонмæ адæймагады зондджындæр æмæ лæгуарзондæр минæвæрттæ йын йæ идеал куыд æмбæрс- той, афтæ. Йæ иу æмдзæвгæйы, генион Тициан, Рубенс, Джорджонейы нывтæ йыл куыд бандæвтой, уый фæл- гъаугæйæ, поэт загъта: «Зæххон уæвгæйæ, уыдтæн цыма уæларвон!» Уый æрмæст зæххон реалист нæу, фæлæ ма йæ социалон æмæ моралон нысанмæ гæсгæ у романтик дæр. Уый, алыхуызон æнæрастдзинад æвзаргæйæ, йе уонг нæ уадзы, йæ ныфс нæ сафы. Уый æртхъирæнау кæны: «О, сфæлдисæг, мæ тугбадт цæсты артæн нæ ах,уысдзæн хæрзæнцонæй йæ зынг!» Уымæ гæсгæ йæ хъуырдухæнджын трагизм нæу зæрдæмарæг, фæлæ зæрдæтыхджынгæнæг, бæрзондгæнæг, сыгъдæггæнæг. Поэт нæ ауæрды йæхицæй рæстдзинад дзурыныл — уарзты интимон хъуыддæгтæй суанг йе ’хсæнадон-поэ- тикон миссийы онг. Иæхицæй чи домы, йæхимæ æгъа- тыр чи у, æрчмæстдæр уымæн ис моралон бар, цæмæй æгъатырæй дэура, йæ алфæмблай цы ис æмæ чи ис, уы- доны тыххæй дæр. 79-
Иæ уыцы барæй Алыксандр пайда кæны йæ юморис- тон æмæ сатирикон æмдзæвгæты дæр. Æлгъаг, ницæйаг типтæ йын æнæуьшон кæйсты, уый йæ сæйраджыдæр ар- дауы сарказммæ, æмбæстагон фыдæхмæ. Кæддæр Дени- кинæн æххуыс чи кодта æмæ ныр советон дуджы йæ кæрц зыгъуыммæ чи рафæлдæхта, ахæм мæрдкъах æмæ саугалм («Къæтæр»). Ирон сылгоймаджы æфсæрм æмæ æгъдау чи фесæфта, ахæм модæйыл мард, рогцардæр- витæг мещанон чызджытæ («О, ме ’мвæлтæр æхси- нæг...»). Иæ адæмыл уæлæхох чи кæны, йæхæдæг афтид æмæ къуыдипп чи у, ахæм национ нигилист («Нæ мид- хæхты фæцардтæ...»). Аивады йæхи цæсгом кæмæн нæй, искæй фыстытæм гæсгæ æмдзæвгæтæ чи «ацъапп ласы» æмæ сæ гуыбыны хæлцы амал чи кæны, ахæм майму- ли-поэт («Д-ты Дз-æн»). Кæнæ — уый у Алыксандры ныфсджындæр æмдзæвгæтæй иу — йæ фыды йын кæд- дæр æнæазымæй чи амарын кодта æмæ йын дзы ныр та æппæлгæ чи кæны, уыцы пенсиисæг («Зæгъы мын уый ирон фынджы уæлхъус...»). Бирæ цæмæйдæрты у лæмбынæгæй равзарыны аккаг Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæты æмбырдгонд, фæлæ мын уый фадат нæй. Мæн æрмæст зæгъын фæнды уый, æмæ Алыксандр кæй у, нырыккон ирон поэзийы æцæг аивады барæнтæй æмæ домæнтæй дзурæн кæуыл ис, ахæм поэт. 1968 НÆМА ФÆЦИ КОНД ЙÆ СУРÆТ (Поэты 50 азмæ) Ие ’мдзæвгæты фыццаг чиныгæн Цæрукъаты Алык- сандр эпиграф скодта Нигеры ныхæстæй: Сонты бонты дæр æз хъалты нæ фæзмыдтон, Царды рохтæ-иу фæлывдмæ нæ фæзылдтон. Уымæй Цæрукъайы фырт бæлвырд кодта канд йæ зæрдæйы уаг æмæ йæ царды уавæры хицæндзинад нæ, фæлæ ма ирон кълассикон-адæмон поэзиимæ йæ хицон- дзинад дæр. Уый сæрысуангæй æнувыд у национ аивп- ды хуыздæр традицитыл, оæ хъæбысы байрæзт æмæ схъомыл, йæ поэтикон балцы сын иугæндзон йемæ хæс- 80
сы сæ рæвдыд, сæ уарзт, сæ ад, се ’видигæ хъару. Къос- та, Секъа, Къубалты Алыксандр, уæлдайдæр Нигер (поэт куыд рæзти, афтæ сæм æфтыдысты уырыссаг æмæ дунейы поэзийы номдзыд .минæвæрттæ дæр) — адон поэ- тикон фæлтæрддзинад бæрæгæй зыны Цæрукъайы фыр- ты сфæлдыстады ’йе ’ппæт афонты дæр. Уый афтæ кæй у, уымæн æвдисæн сты йе ’мдзæвгæйы формалон миииу- джытæй иукъорд æмæ сæйраджы та—йæ реалистон- конкретон уынынад, йе ’нкъарæн æмæ йæ хъуыдыйы æргом рæстдзинад. Фæлæ Алыксандр никуы уыд йæ кадджын фыдæлты эпигон, куырмæджы сæ никуы фæл- хатæн кодта. Поэт «хъалты нæ фæзмыдта». Поэтæн у’ыд йæхи сæрмагонд хъысмæт. Зын æмæ дæрзæгкъух уыд йæ цар- дон æмæ йæ поэтикон хъысмæт. Фæлæ поэт æмбæрста йе ’рдзон лæгуарзон курдиаты тых, йæ зæрдæйы æнæ- азым æмæ сыгъдæг конд, æмбæрста йæ хицондзинад ивгъуыд, абон æмæ сомммæ, а-дунейыл рæсугъддæр æмæ лæджыхъæдджынæй цыдæриддæр ис, æппæт уы- донимæ. Гъе, уымæ гæсгæ нæ фесæфта йæхи «æз», баз- зад индивидуумæй, удгоймагæй. Алы поэт дæр у йæ дуджы хъæбул. Алы поэтæн дæр йæ дуджимæ цахæм ахастытæ ис, уымæ г.æсгæ йын фæ- аргъ кæньшд.адæм. Алыксандр йæ дуджы æмæ йæхи уды рæстдзинад иупæндзон иухуызрн не ’нкъардта, кæд æй æнкъаргæ кодта, уæд та йæ не ’вдыста цахæмдæр аххосæгтæм гæсгæ. Иæ рагæмдзæвгæты (фыссы 1936 азæй фæстæмæ), стæй хæст æмæ фæсхæсты азты кæй ныммыхуыр кодта, уыцы уацмысты ис иувæрсыгдзинад, афтæ йæм каст, цыма «царды цалх æвзист фæндагыл тулы», цыма дуг æрмæстдæр цин æмæ хъæлдзæгдзинад дрмы. Уымæ гæсгæ поэты æмдзæвгæтæ арæх уыдысты æнæуд, мæнг-риторикон. «Зарæг у рæстдзинад», — фыс- та Алыксаадр, фæлæ æцæг рæстдзинад мæнг рæстдзина- дæй кæм æмæ цæмæй хицæн кæны царды дæр æмæ поэ- зийы дæр, уый лæмбынæг нæма иртæста. Уыды азты Алыксандр сфæлдыста къорд аив -æмдзæвгæйы, цыран æцæг поэтиконæй, лириконæй сулæфы хъæууон æрдз æмæ хъæууон куыстыты цардæгас дуне, уарзты фæл- мæн æмæ гæзæмæ æнкъард, зæрдæбын æнкъарæн. Лæ- мæгъ, рæстдзинад æмæ поэтикон судзгæ зынгæй хъуаг æмдзæвлæтæ ис Алыксандрæн йæ фæстаг азты сфæлды- стады дæр, ис æм алыхуызон æндæр къуыхцытæ æмæ 6. Дзуццаты X. 81
цухдзинæдтæ дæр, фæлæ иу хъуыддаг дызæрдыггаг нæу: Цæрукъайы фырт кæддæриддæр уыдис поэт. Амондджын вæййы поэт, рæстæгæй сусæг куы ницы фæкæны, æргом æмæ йын уæндонæй куы кæсы йæ цæс- тытæм, æмсæр æмæ йын æмбарæй уынаффæтæ куы фæ- хæссы, уæд. Цæрукъайы фыртæн ахæм рæстæг ныллæу- уыд 50-æм азты æмбис. Поэт, йæ хъуæгтæ иуварс æппар- гæйæ, йе ’цæг æнтыстытыл æнцой кæнгæйæ, цыдис йæхи æмæ йæ дуджы арф, алыфарсон рæстдзинад æмбарынмæ æмæ фæлгъауьшмæ. Уьгцы рæсвдзинад хуымæтæг нæу, фæлæ у диалектиконæй вазыгджын, хъуырдухæнджын, ныхмæдзыдтæ дзы тох кæнынц æнауæрдонæй. Иæ поэ- тикон лæджыкары афон Алыксандр схуыдта «дыккаг райгуырд». Поэт дунеты фены сæ фыццаг сконды, цыма сæм^фыццаг хатт кæсы, афтæ. «Æз царды сусæг бан- къардтон æххæстæй», — зæгъдзæн поэт æмæ æцæгдæр февналы цард æмæ йæ аæрдæйы æрфытæм, райсы уыр- дыгæй поэтикон зынаргъ хæзнатæ. Фæлæ нæу æвæлмон, хиуылæввæрсон, йæхицæй буц. Уый зæгъдзæн: # «Нæ равзæрстон, кæм ис йæ равзæрд хорзæн, кæм и йæ кæ- рон а-зæххыл фыдæн». Кæнæ: «Хæзна дзырдтæй æвæрæз дæн, мæгуыр». Уый æгъатыр у йæхимæ дæр æмæ рæс- тæгмæ дæр. Иу æфцæгм,æ схизы, уым цыма ногæй рай- гуыры («Цынæ уыдтон раздæр, ныр уыдон уынын»), иннæ ’фцæгмæ схизы, уым дæр—афтæ. Поэтикон æфц- джытæ æнæнымæц сты, цард ,æмæ адæймаджы зæрдæ- йы рæстдзинады æрфытæ æмæ бæрзæндтæн кæрон нæй («Мæ зæрдæйы хуымбыдыр, дæу мæ хъару бафснайын куы нæу!»). Афтæмæй поэты сфæлдыстад у иугæндзон диалектикон змæлд, ныхмæдзыдты хъуырдухæн. Йе сфæлдыстад —йæ зæрдæ æмæ йæ рæстæг. Кæсыс поэты лæджыкары чингуытæ — «Арвæрдын» (1959), «Царды авдæн» (1966), «Цыма лæууын æз ку- вæндоны раз» (1968)—æмæ дæ цæстыты раз слæууы йæ фæлгонц: хуымæтæг .æмæ вазыгджын, не ’нусы æм- бисы цæрæг ирон адæймаг, хъуыдцгæнæг æмæ сагъæс- гæнæг поэт. Уый йæ зæрдæ æмæ йæ зонды цæстытæй уыны æмæ æнкъары ивгъуыды цаутæ, ирон æмæ иннæ адæмты культурæ æмæ лæджыхъæды цыртдзæвæнтæ, алфæмблай æрдз æмæ адæймаджы царды гыццыл æмæ стыр фæзындтæ, хуызтæ, цинтæ етæ хъыгтæ. Иæ зæрдæ æмæ йæ зондæй хъусы фæндыры хъæлдзæг цагъд æмæ ныййар/æг мады хъарæг, мæрдты унæргъын æмæ удæ- 82
гæсты тугдадзинты хæццæ цавд. Уыны, æнкъары, хъу- сы æмæ цæуы фидæнмæ. Æмæ кæд алыхуызон сты йе ’мдзæвгæйы формæтæ (кълассикон фæлтæрд бæрцбарстытæй суанг нырыккон верлибрмæ), йæ жанртæ (къаннæг цыппаррæнхъонæй суанг лирикон-философон поэмæмæ), уæддæр сын сæ мидисмæ гæсгæ фылдæр бæрцæй характерон у уæзбын, цадæг, фæлгъаугæ-æнæтыхсгæ ритм, гæзæмæ æмбæхст æмæ дæлдзог интонаци. Алыхуызон æмдзæвгæйы фæл- гæтты поэт йæхи хаты сæрибарæй, дæсныйæ. Рагæй дæр æвзыгъд уыд сюжетон уацмысы диалогтæ аразынмæ, хъайтарты архайд æмæ уагахасты комментаригæнæг амалтæй’ æвдисынмæ, цардуагон бæлвьирд деталтæ уы- нынмæ. Хуымæтæджы нæу, йæ уыцы 1миниуæг рæдауæй кæй разынд йæ прозæйон уацмысты (æмбырдгонд «Æзынма дæ æцæг зонын», 1967). Поэты бирæхуызджын æмæ бирæмырджын дунейы уынæм юморон æмæ сатирикон ахорæнтæ, рухс æмæ æнкъард тæл’мæнтæ, цардуагон æмæ хъайтарон ситуа- цитæ, лирикон æмæ философон сагъæстæ... Фæлæ дзы сæйраг миниуæг цы у, уый куы бæрæг кæнæм, уæд зæгъ- дзыстæм: Алыксандры поэзи у драматикон-трагикон. Уый мысæггаг нæу, тыхаразгæ нæу. Уый цæуы поэтæн йæхи æмæ рæстæджы хъысмæтæй, сæ карз æмæ тызмæг рæстдзинадæй. Уый æвзæры по’эты зæрдæ æмæ дуджы реалон ныхмæдзыдты хъургъуындæгæй æмæ уымæ гæс- гæ у зæрдæмæхъаргæ, уырнинаг. Уымæн йæ идейон-аи- вадон æмæ хъомыладон нысан у: цард уын æмæ æнкъар. куыддæриддæр у, афтæмæй æмæ кæронмæ, мæлæты бон- мæ фæцæр адæймагæй! Фæцæр рæсугъдæй -æмæ сыгъдæ- гæй! Йæ фæстаг æмдзæвгæтæй сæ иуы Алыксандр фыссы: Нывгæнæг æрдз нæма фæци мæ сурæт Нырма зæххыл йæ дæсны къухæй конд. Дызæрдыггаг нæу, Алыксандр дарддæр куы кæна йæ поэтикон, лæгуарзон, реалистон сурæт, уæд ма но- джыдæр бирæ хæрзиуджытæй фæхъæздыгдæр кæндзæн ирон поэзийы хæзнадон. 1968 83
ФЫСТ ÆМÆ ÆНÆФЫСТ Нартыхты Михал æмбæрста литературæйы бæрзонд домæнтæ. Æмбæрста, литературæйы цардæгас æмæ æцæг, æнæсайд фæндагыл слæууынæн æмæ цæуынæн кæй хъæуы егъау курдиат, нæртон лæджыхъæд, æйтт- мардзæ дæсныйад. Уыцы æмбарынадæй кæ,нгæ уыд йе ’рвонг ахаст йæхимæ, йе сфæлдыстадон куыстмæ. Йæ уацмыстæй йæ сæр никуы разылд, никуы сæ ныббуц. Уый фыста: «Æз нæ уыдтæн... поэт. Уыдтæн æрмæст зæрдæ, бæллицты цад, æнкъарынад. Уыдтæн æнæныф- фысгæ æмдзæвгæ. Æмæ <цы бакæнон, не ’рцыд мæ зæр- дæйы æцæг æмдзæвгæ фыст». Ахæм хъуыды зæгъы чы- сыл æндæр хуызы :йæ уацауы- хъайтар, ,йæ сих Мысос- ты дзыхæй дæр: «Аивадон уацмыстæ афтæ ’нцон фысгæ не сты. Æ;з ницы дæн, фæлæ мын зæрдæ стыр ис æмæ зæрдæйы ’нкъарæнтæ та мæ хуызæн æнарæхст адæйма- джы чысыл фыссæн сисы бын афтæ ныккадавар уы- дзысты, æмæ сæ мæхæдæг дæр нал бамбардзынæн». Къæмдзæстыг, бонзонгæ уыд.поэзийы раз, Ирыстоны раз: Мæ Ир, куыд дæ уарзтон, — йæ зæгъын . Бæрц дзырдтæй никуы сси мæ бон. Фæлæ поэты карз, домаг ахаст йæхимæ афтæ нæ амоны, æмæ йæм мах дæр æрмæст ахæм ахаст дарæм, æрмæст æм ахæм цæстæй кæсæм. Махæн нæ хæс у, цæ- мæй йын, йе сфæлдыстадон бын -æвзаргæйæ, æвдисæм йе ’нтыстытæ æмæ йæ хъуагдзинæдтæ æмæ йын сæйра- джыдæр аргъ кæнæм йæ лæмæгътæ, йæ х~ъуагдзинæдтæм гæсгæ нæ, фæлæ йе ’нтыстытæ, йæ хуыздæр миниуджы- тæм гæсгæ. Ахæм у литературæйы æнусон фæтк. Михалы раг литературон фæлварæнтæ хауынц, Ду- мастурь1 астазон æмæ Дуисы астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодта, уæды заманмæ, номхуындæй 1940-1948 азтæм. Иумæйаг, æгъуыз æмдзæвгæтæ. Уыдис дзы фор- малон версификацийы æууæлтæ, фæлæ дзы нæ гынд ин- 84
дивидуалон поэтикон уынынад. Цахæм уыдаиккой, зæгъ- гæ, уымæн æвдисæн сты, 1948-1950 азты кæй «ныффыста æмæ мыхуырмæ кæй саккаг кодта, уыцы æмдзæвгæтæ. Уыдон æнæмæнг равзæрдысты йæ раг фæлварæнты инерцийæ. 1948 азы фыст «Ирыстоны хæхтæн» — поэт деклараци окæны йæ уарзт риторикон ныхæстæй. 1949 азы 1 январы газет «Коммунист»-ы йæ фыццаг мыхуыр æмдзæвгæ «Фондзазон æххæст цæуы (Ног азæн»): Ног аз, буц ног аз — нæ цуры, Мæнæ къæсæрыл лæууы. Худгæ, хъазгæйæ нæм дзуры: «Фондзазон æххæст цæуы». Уыцы аз æмæ ноджы ф’æстæдæр газет æмæ журналы цы ’мдзæвгæтæ мыхуыр кодта, уыдонæн ис æрмæст иу нысаниуæг — райдайæг поэт ссардта фæндаг мыхуыр- мæ, йæ ном ын кæсынц адæм æмæ йын уый йе ’рыгон зæрдæйæн дæтты рог, райгæ цин, æхсызгон хъыдзы йын кæны йæ цытæмхиц сæеттæ. Фæлæ, Михалы амондæн, ахæм рог зæрдæуаг бирæ нæ ахаста. Чысылгай байдыд- та хатын поэзийы ад æмæ кæмдæр 50-æм азты райда- йæны æмæ уæлдайдæр се ’мбисы иыллæууыд йе ’цæг поэтикон биографийы рæстæг. Ссæдз азы фæстæ, 1965 азы, Михал кæддæр зæронд чырыны уæнгтæбастæй кæй ныууагъта, уыцы æмдзæв- гæтыл «ногæй фембæлд («Ныхас’мæ фыццаг стихтимæ»). Уыдонæн загъта йæ рагбонты «сусæггаг дзырддаг», фæ- лæ сæ дардта æмбæхстæй. Уыдон ын, йæ рагбонты уарз- тау, адджьгн сты, кæд сын аивадон ахадындзинад нæй, уæддæр. Уыдон сты хисæрмагонд документтау, сæ ав- торы иунæг удæй дарддæр никæмæ бахъардзысты æмæ сын æндæр ничи рафæлгъаудзæн сæ ныффыссыны ах- хосаг — йæ сонты дуджы æнæ ферохгæнгæ тæлмæнтæ æмæ æнкъарæнтæ. Кзей зæгъьин æй хъæуы, тæлмæнтæ æмæ æнкъарæнтæ дзы сæхæдæг æргом, бæлвырд, поэ- тикон хъаруйæ æвдыст не сты, æндæра уæд æцæг æм- дзæвгæтæ уаиккой. Мæ рыст мæхи уыдис æрмæст, Мæ цин дæр искæмæ нæ хастат. Ныр дæр уæ нымд зæрдæйы уаг Æрмæст мæ иунæг удмæ хъары. Æгомыг сонт хъæбулы ’взаг Уæддæр ныййарæг мад æмбары. 85
Æмæ уыл, цауд зæнæгау, кæд Мæ зæрдæ уал азы нæ дардтон, Уæддæр уæ рæнхъыты ныгæд Æз абон рагбæллицтæ ссардтон. «Нымд зæрдæ», «æгомыг сонт хъæбул», «цауд зæ- нæг» — ахæм бæрæггæнæнтæ дæтты йæ фыццаг æм- дзæвгæтæн. Поэтизаци кæны æмдзæвгæтæн сæхи нæ, фæлæ, сæ рæнхъыты ныгæд чи ис æмæ поэт йæхæдæг кæй æмбары, уыцы рагбæллицтæ æмæ æвзонджы бонты уарзт. Фæнды йæ, цæмæй уæды сыгъдæгдзинад, æвзонг- дзинад, рæсугъддзинад макуы фесæфой, суанг амæлæт- мæ æмдзу кæной йемæ. Уадз зæрдæ алцæуыл тыхсæд, Кæсæд рыстдзинæдтæм бæрзондæй, Цыфыддæр хахуыртæ быхсæд, Уæлæуыл баззайæд æвзонгæй. Фæнды йæ, цæмæй йæ поэтикон лæджыкары цы за- рæг кæны, уым æрттива «рæсугъд фыццаг уарзты зынг». «Фыццаг уарзт» — уый канд чызджы уарзт нæу. Уы- цы фæлгонцæн йæ мидис куы рауæрæх кæнæм, уæд амо- ны, Михалы поэзийæн цахæм цардон бындур ис, цахæм уидæгтæй хæссы рæз æмæ цахæм мæрæй цъирынц йæ къабæзтæ цæрдхъомгæнæг поэтикон æвдадзы хос. Михал йæхæдæг ранымадта,. сабийæ ф.æстæмæ йын поэтикон æвдадзы хос чи лæвæрдта, уыцы предметтæ, фæзындтæ, куыстытæ, тæлмæнтæ (æмдзæвгæ «Буц уаин мæ зардæй уæд»). Уым сты: мады ало-лайы зæлтæ, пе- цы фарсмæ зымæгон бадæн æхсæвтæ, аргъæуттæ æмæ «фыдуынд, æлгъаг кæфхъуындар», йæ фыдимæ хуымкæ- «ынмæ цæуын æмæ гутоны фæдыл дзывылдары разгъор- базгъор, фыййауы бонтæ, гæдыимæ хъазт («ылхъывта- иу ын йæ астæу, æхсæв та-иу æй йæ дæллагхъуыр ныт- тыхта), Къостайы «Дзывылдар» æнæкæсгæйæ дзурын, кæрты хуысгæйæ стъалытæм кæсын æмæ сауæрфыджы уарзон сурæт... Уыдæттæ чи зоны, чи сæ бавзæрста, уый бамбардзæн Михалы поэзийы мидконд, йæ характерон компоненттæ. Бæлвырддæр дзургæйæ, Михалы поэзи- йæн йе ’вдадзы хос сты йæ хъæууон саби-бонтæ, йæ хъæууон æвзонджы дуг, хъæууон æрдз æмæ патриарха- лон бинонты ахастытæ, зæхкусæг адæмы дунеæмбары- над æм^е фæлгонцон уынынад, сæ психологи, сæ этикон æмæ эстетикон нормæтæ. 86
Хъæу—йæ раттæг, йæ хъомылгæнæг. Уымæй дæр иумæйаг хъæу >нæ, фæлæ конкретон, бæрæг-бæлвырд хъæу. Михал райгуырд æмæ ралæг, йæ царды разæм- бис, дыууын иу азы бæрц арвыста Къахеты. Уым ирон æмæ гуырдзиаг адæм цæрынц фæрсæй-фæрстæм, кæрæ- дзийыл æндавынц алы ’гъдауæй дæр. Уьш ирон «уæрæй- дæ» æмæ гуырдзиаг «чагуна» зæлынц æмхъаруйæ, хæ- лар æмæ æнæзæрдæхудт сыхæгтау. Михал уыд къахеттаг поэт æмæ йæ поэзи йе уæнгтæ айвæзта дыууæ фæндыры цагъдмæ: иу—ирон, иннæ — гуырдзиаг. Йæ мад ын цы ало-лайы зарджытæ кодта, сæ хъæ- уы зæрæдтæ йььн цы аргъæуттæ æмæ таурæгътæ дзырд- той, уыдон ын бацагайдтой йæ зæрдæ ирон дзырды аив- дзинадæй. Касти Къоста æмæ не ’нпæ кълассикты уац- мыстæ. Фæлæ канд уыдоныл нæ ахуыр кодта. Уый нæ хуыздæр национ традицитæ иста йе ’мрæстæгои поэтты къухæй дæр. Се ’ппæты кой нæ кæньпн, фæлæ-ма мæ зæрдыл лæууы, Михал куыд æхцонæй каст Цæрукъаты Алыксандры рæнхъытæ: Цæуылнæ ссардтон, цæ, фæндаг Дæуæн æз де ’назым рæстадмæ? Сыгъзæрин базырджчн кæсаг Мæ къухæй агæпп ласта цадмæ... Уыцы фæлгонцæй фæстæдæр спайда кодта йæ уаца- уы (йæ’ лирикон-драматикон ситуацийæ хæстæг лæууы Алыксандры æмдзæвгæмæ): «Нæй, исты мæ æрæмысын хъæуы, нымад бонтæ ма баззад нæ ахуыры кæронмæ, æмæ уæд Шурæ дæр, базырджын кæсагау, къухæй агæпп кæндзæн царды æгæрон денджызмæ». Михал йæ мадæлон æвзагау зыдта гуырдзиаг æвзаг. Ахуыр дæр гуырдзиагау кодта, фыццаг астæуккаг скъо- лайы; стæй 1953 азы каст фæци Хуссар Ирыстоны педа- гогон институты гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы факультет. 1961-1963 азты куыста «Сабчота Осети»-йы сæрмагонд уацхæссæгæй, 1963-1965 азты та — Думасту- ры астæуккаг скъолайы гуырдзиаг æвзаг æмæ литера- турæйы ахуыргæнæгæй. Гуырдзиаг хъæздыг культурæ æмæ литературæ цас ахадæн уыд йе сфæлдыстадæн, уый бæрæг у, номдзыд фысджытæ Гурамишвили Дауыт, Бараташвили Никъолоз, Ниношвили Егнатэ, Пшавела Важа æмæ æндæртыл сæрмагондæй цы уацмыстæ ныф- 87
фыста, уыдонæй. Æнæуи йæ поэзи æмæ йæ прозæйы дæр арæх у гуырдзиаг æмæ ирон адæмы хæлардзинады темæ, ирæттим-æ дзы фæрсæй-фæрстæм архайынц гуыр- дзиæгтæ. Ирон-гуырдзиаг литературон бастдзинæдты фæдыл æм ис хæрзхъæд уацтæ-афæлгæстытæ, арæхст- джынæй фыста гуырдзиаг хицæн зынгæ фысджыты ли- тературон портреттæ, фыста иронæй гуырдзиагмæ æмæ гуырдзиагæй иронмæ тæлмацты тыххæй. Иæ фæрцьг иронау дæсныйæ сдзырдтой Гурамишвили Дауыт, Чъав- чъавадзе Илья, Цъеретели Акъакъи, Тъабидзе Галак- тион, Киачели Лео, Белиашвили Акъакъи, Кутатели Алыксандр, Абашидзе Иракъли, Нонешвили Иосиф, Бе- рулава Хутъа æмæ æндæрты уацмыстæ. Уæлдай уæл- тæмæнджынæй раивта Пшавела Важайы æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ, хицæн чиныгæй рацыдысты 1961 азы ге- нион поэты 100 азы юбилеймæ. Михалыл тынг бандæвта гуырдзиаг æмдзæвгæйы культурæ. Канд фæлгонцон уынынадæй нæ, — арæх йе ’мдзæвгæрш ритмикон кондæн, йæ интонацион зæлына- дæн ис гуырдзиаг æмдзæвгæйы къахайст. Бахуыдта фысым уазджыты, Цины зард уаты зæлыди. Уым рæсугъд чызджы хъуссæг дæр Хъусыл ’нæрынцой змæлыди. Кæнæ: Ракæн уымæн уæздан ныхас, Уый дыл ног хъару бафтаудзæн, Æмæ цъити дæ алыварс Дидин, уалдзæгау, рафтаудзæн. Дыууæ строфæйы дæр сты хорей (къаддæр) æмæ дактилы (фылдæр) стопæтæй конд. Фыццаджы аивынц сæ бынæттæ, разæй куы дактил вæййы, куы — хорей, дыккаджы нæ ивынц сæ бынæттæ, разæй — иу стопæ хо- рей, йæ фæстæ — дыууæ стопæйы дактилтæ. Сæ алы- хуызон интонацион паузæтимæ, ирон æвзаджы æрдзон хъæд нæ хæлгæйæ, аразынц хæдхуыз, ритмикон змæлд. Бæгуыдæр, Михалыл æндæвта уырыссаг æмæ иннæ советон адæмты, стæй фæсарæйнаг литературæ дæр, æндæвта йыл иронау æмæ гуырдзиагау тæлмацæй. Æмæ æппæт уыдæттæн органикон бастдзинад арæзта поэтæн йæхц сæрмагонд фæлтæрддзинад, уæлдæр кæуыл дзырд- тон, уыцы цæрдхъомгæнæг аивадон æвдадзы хос, йæ ин- дивидуалон удыхъæд. 88
Мæ зæрыл ма лæууы, мæ хъуыды — хъæуимæ Ми- халы поэзийы тугхсæтæгдзинад—куы раргом кодтон 1959 азы кæрон фысджыты æмбырды, уæд мæм чидæр- тæ фæхъызыд, Нартыхы фырты, дам, «ицæуыл нымайы, дæлæмæ, дам, ын æппары йæ кад. Михал йæхæдæг ра- зы уыд мемæ. Хæрамы охыл ницы дзырдтон, æрмæст Михалы цæвиттонæй бæлвырд кодтон зындгонд тезис: поэзи у цард, иумæйагæй нæ, фæлæ поэты индивидуа- лон биографимæ куыд бацыд, афтæмæй. Михал йæ уацмыстæ мыхуыр кæньш куы байдыдта, уæд нæ поэзийы хæрх уыдысты иумæйаг литературон шаблон æмæ æнæпредметон риторикæ æмæ примитивон лозунгтæ. Йæхи дæр ын райдайæны уыцы уылæн хаста, фæлæ куы акаст йæ алфæмблаймæ, куы равзæрста æцæг литературон æмæ мæнг литературон тенденциты ’хсæн тохы нысæнттæ, уæд цæхгæр æрлæууыд æцæг ли- тературон тенденциты фарс. Иæ критикон уацты, æм- бырдты йæ раныхæсты æмæ йе ’мдзæвгæты дæр иугæн- дзон бæллыд поэзийы рæстдзинад æмæ дæсныйадмæ. Зæрдæйы æнцой, ныфс æмæ йын хæрзæбон сси ли- рикæ. Æгæрыстземæй-иу фынджы уæлхъус дæр домдта: «Лирикон куывдтытæ! Лирикон куывдтытæ!» Лири- кан — ома канд интимон, къуындæг, иувæрсыг хабæрт- тæ нæ, фæлæ зæрдæйæ чи цæуы æмæ зæрдæйыл чи ’мбæлы, уыцы æнкъарæнтæ. Фальш, стандарт, ихсыд, æнæтуг дзымандытæ йын уыдьтстдэг æнæуынон. «Поэти- кон уæлтæмæн, поэты иыхас,—фыста Михал, — чиныг- кæсæджы риуы хъуамæ ныууадза йæ фæд, йæ зæрдæйы тæгтæй йын иу цалдæр уæддæр хъуамæ базмæльш кæ- на, æмæ уый иумæйаг «ыхæстæй къухы зын æфтæн у». Лирикæ йын уыд иумæйагдзинады антипод, индивидуа- лон цардæгас поэзийы синоним. Дунейы алыхуызон чы- сыл æмæ стыр фæзындтæ æмæ проблемæтæ цæуынц поэты зæрдæмæ æмæ уырдыгæй та — гæххæтмæ, адæм- мæ. Лирикæйы гæнæнтæ даргъ-уæрæх сты, лирикæйы бон æгæрон бирæ у. Комкоммæ Михалæн йæхи сфæл- дыстад куы райсæм — йе ’мдзæвгæтæ, йæ поэмæтæ, йæ радзырдтæ æмæ уацаутæ, уæд фендзыстæм: кæд дзы ис архайдон сюжеттæ, эпикон æрмæг, алыхуызон цауты афыстытæ æмæ хицæн адæимæгты фæлгонцтæ, уæддæр дзы сæйраг бо,ныхъаадаразæг у лирикæ, поэт æмæ йæ хъайтарты хисæрмагонд «æз». Михалы сфæлдыстады иумæйаг контуртæ бацамон- 89
тæйæ, конкретондæр анализмæ рахизгæйæ, нæ цæсты раз бæлвырддæрæй, ирддæрæй сыстщзæн йæ идейон-аи- вадон дуне. Куыд банысан кодтон, афтæмæй 50-æм азты æмбис- мæ æмæ фæстæдæр кæй фыста, уыцы æмдзæвгæтæй иу- къорды уынæм иударон декларативон бьшæттæ. Ис дзы хицæн фæлгонцтæ, аив рæнхъытæ. Æмдзæвгæ «Æнусы æмбисыл» — советон адæймаг ссæдзæм сæдæазы æмбис- арæныл лæууы Гулливерау. Æмдзæвгæ «Фидыдады уд- дзæф» — саби хуыссы йæ авдæны, уддзæф ыл атыхсы, ныпъа йьгн кæны, сабыр ын ало-лай зары. Æмдзæв1æ «Базырсаст маргъ» — гуырдзиаг фыссæг Ниношвили- йæн йæ бæллиц базырсаст маргъы хуызæн уыд раздæр, ныр ,йæ цæф байгас, удвидар цæргæс у. Ахæм деталтæ æмæ фæлгонцтæй, цыма, цардæгас сты, фæлæ уæддæр æмткæй кæнынц риторикæйы ад. Алкæд æмæ алкæм не ’икъары аивадон бæрц. Æм- дзæвгæ «Хæларады цытæн» — Самгоры къанау куы гæр- стой, уæд дзы ирон лæппу ныссагъта .фæткъуыйы тала. Цалдæр азы фæстæ йæм куы ’рцыд, уæд ын йæ цуры федта æрдæгарæзт хæдзяр./Саби дæр, йæ фыды фæзм- гæйæ, бæласы бын дуртæ æмæ змисæй аразы хæдзар. Кæд фыды хæдзар афтæ тагъд нæ рæзтис, Уæд фыртæн та ныр агъуыст дæр фæци. Уыцы чысыл сюжетон ныв у æмдзæвгæйы уд, йæ алыварс ис дзæвгар æнæхъуаджы, «ицыдзурæг дзырд- тæ, йæ хатдзæгтæ, йе ’нкъарæн ын риторикон чи кæны, ахæмтæ. Æмдзæвгæ «Мады зæрдæ» — зæронд нана ^мысы йæ хъæбулы ацыд .хæстмæ. Ныр дæр м>а йьин æнхъæлмæ кæ- сы йе ’рыздæхынмæ.1 Æмæ уыцы даргъ æмдзæвгæйы ис æртæ строфæйы — æцæг æмдзæвгæйы аккаг. Мад пецы зынджытæм ньшдзаст, тыргъмæ митфæлдзæгъдæн хæс- сы. Сæ хъулон куыдз кæрты æваст срæйдта. Кæд мый- йаг йæ салдат фырт æрцыд, рауад æддæмæ, фæлæ дзы никæй федта. Æрмæст йæ сау маст ноджы дæр фæфылдæр,— Цы кæна, цæй, ныййарæджы зæрдæ?! Ахæм реалистон деталтæй конд сюжетон-психологон иыв бирæйы аргъ у. Уым зыны 1мады зæрдæ. ФæлæМи- .хал дарддæр дзуры: сæумæйæ сыстад, райста топп æмæ яо
хъуамæ цуаны ацæуа. Уый йæ мадæн хъыг уыд æмæ уæд сæ дыууæ дæр схæцыдысты бæрзонд риторикон ны- хæстыл хæст æмæ хæстæндзарджыты ныхмæ. Уыцы бы- нæттæ уæлдай комментаритæ сты. Æртæ строфæйы цы ис — мады тыхст, фæдис, æрхæндæг, — уыдон ницы ’мбу- лынц æртындæс афыстон æмæ риторикон строфæйæ. Поэтæн йæ цæсты раз мысинагау сыстынц йæ раг- бонтæ, йæ. мады сурæт. Æмдзæвгæ «Мæ хъуыдытæ на- найыл» — сабыр æхсæв «мæй фæсмигъæй, къæмдзæстыг чызгау, каст», хъæдæй хъуысти ололийы уасын, хъæу- гæрон чысыл уаты фæроагæй æддæмæ калди рухс. Мад йæ сабийы авдæны хъæдыл афынæй, фыны, цыма, йæ фырт цæуынхъом фæци, цъыф хæссы æфснайд уатмæ йæ бæгъæввад къæхтыл, мад ын цума кæны, дон ын хъуа- мæ æрбахæсса, агуывзæ æрхауд, ацъæл æмæ сььвæллон ныккуыдта. Прозæйæ радзургæйæ дæр хатыс, цахæм бæлвырд реалистон деталтæй фыссы поэт æмæ дзы куыд улæфы йæ зæрдæйы гæзæмæ æнкъард-уæзбьш æнкъа- рæн. Фæлæ та, кæронæрдæм иумæйаг «ыхасмæ кæм ра- хызт («Мæхимана, ыслæг дын дæн... Мæ рухсбæллиц — коммунæйы æрбабон...»), уым та йæхиуыл, йæ аив-адол миниуæгыл йæ къух систа. Ахæм уæлдай публицистон комментари хæццæ кæны «Мад æмæ фырты балладæ»-мæ дæр, фæлæ ам цæсты къаддæр æфты. Ам дæр мысинаг: хъæууон уалдзæг, «йæ ахстонмæ хаста хъæмпы хæлттæ цъиу», «чи гутæттæлас- та, чи хаста тæбынгтæ», «галтæ ифтыгъдæй» фæцæуынц- хуыммæ. Ас’ адæмы фæзмгæйæ, нанайы гыццыл лæппу дæр ^мæнгагъуыстæй рахаста цъæл æфсондз, рагон- дзы- выр, дыууæ тæсчъы. Тæсчъытæ-галтыл æрæвæрдта æф- сондз, дзывырыл сæ баивтыгъта, се ’хсæн бацыд, æцæг хуымонау. Уый хæсты агъоммæ уыд, ныр та уалдзæг æр- цыд, лæппу кусы тракторыл æмæ йын йæ мад хæссы кæрдзын. Æхсæвыгон у — хъуысы хæфсы «ррру-ррру», уддзæф бæлæстæ ’нкъусы æмæ зары трактор — хъæлæс- джын фæндыр. Æз барæй лыстæггай кæсын Михалы æмдзæвгæтæм, дæмæй хуыздæр разыной йæ лæмæгъ æмæ йæ тыхджын миниуджытæ, йæ поэтикон гуырæнтæ. Хъæууон æрдз, хъæууон куыстытæ, хъæууон мигæ- нæнтæ, хъæууон æгъдæуттæ—алцыдæр фыссы бæлвыр- дæй, цæстылуайгæ, ома реалистон детализаци йæм бæр- кадджьш у. Æ,мæ дзы алцыдæр баст у йæхи сæрмагонд 91
тæлмæнтимæ, йæхи æмæ йæ хъайтарты психологиимæ.. Ахæм лирикон зæрдæуагæн ахъаз кæны, йæ ивгъуыд бонтæ йæм мысинæгтау кæй æрцæуынц, уыцы хабар. Хуымæтæг, æрвылбонон, наивон цыдæртæ сырæзынц по- эзийы онг, срухс вæййынц поэзийы зынгæй. Поэт æрæмысыд: иу хатт сæ тыргъы сыгъди донласт сугтæй арт, хъуырауы æхсыст хъæдурдзæхдон. Дисæн ын баззад: Кæд хъуырау райстай артæй ды, уæддæр Иæ пæлхъ-пæлхъæй уый кæд æмæ кæд банцад. Хъуыды кæны: сæ фыдгуыбын дзæргъ тулдз æмбон- ды ’хсæнты бырыд цæхæрадæттæм, ныссæрфта-иу нас- тæ æмæ -картофтæ. Афтæ йæм кæсы, цыма æмбисондæн чи баззад (Къахеты, дам, иу дзæргъ фесæфта), уый сæ- дзæргъ уыд. Михалы хъæу æбæрæг, абстрактон нæу, фæлæ бæ- рæг-бæлвырд историон заманы хъæу у. Ивгæ хъæу у. Фыццаг хатт сæм машинæ куы ссыдис, уæд байраг тарс- ти, йæ гæндзæхтæ-иу цагъта. Чысылæй, сабитæй Нæ рæстæг ихын адгуыты æрвыстам, Цъæх арвы кæрон арын уыд нæ мæт, Челюскинонты дард балц мах фæзмыдтам... «Лæууы ма мæ зæрдыл» — афтæ хуыйны йæ харак- терондæр æмдзæвгæтæй иу. Архайды бæлвырд афыст (сæ балы бын йæ фыд аразы æфсондз, йæ мад уидзы иуæггай æхсныфтæ), диалог интонацион мидисджын фез- дæхæнтимæ (сæ сыхаг ьш йæ фыдæн дзуры: «Куынæ бахастай колхоэмæ дзывыр, ,ныр хъуамæ ’ввонгæй кусай, и, мæ зæххыл?!»). Колхозмæ бакодтой сæ фыс æ»мæ сæ хæрæг. Изæры, хизæнæй куы здæхтысты, уæд-иу хæрæг æмæ фыс æрбаздæхтысты сæ кæртмæ. Фæстагмæ сахуыр сты æхсæны уагыл æмæ иуахæмы лæппу сæ размæ куы ацыд, уæд æм фæрсмæ дæр нал фæкаст йæ хæрæг. Æз та ма йын, зæгъын, цымæ цы кодтон? Дзæвгар фæкастæн хæрæджы фæстæ Æмæ ыстæй зæрдæбынæй ныккуыдтон. Куы мæ федта мæ фыд кæугæ, уæд мын Дзырдта: — Нæ ацыд м’аххосæй дæ хæрæг, Иæ бон кæй не сси не схъæздыг кæнын, Уый базыдта æмæ фæлыгъд йæхæдæг. 92
Уæдæй бирæ рæстæг рацыд, хъæу бындуронæй раив- та: судзы сæм электроны рухс, машинæтæ дыууæрдæм кæнынц, хъуысы радиойы зард. Поэт хъуыды кæны йæ хæрæгыл æмæ, • Зæгъын, ныр ахæм хорз зарджыты цур Йæ цæсгом та куыд бахъæцид ныууасын? Иæ хæрæг чердыгæй уыдзæн, зæгъгæ, куы бафарс- та, уæд ын дзуапп радтой, фыййауы куыдзæн, дам, хох- мæ хæссы хæринаг. Ам зæгъын хъæуы Михалы сфæлдыстады иу ахсджи- аг миниуæджы тыххæй. Канд конкретон реализм æмæ зæрдæбын лиризмæй нæу тыхджын, — тынг ахадгæ йæм у юмор. Царды дæр ахæм уыд: йæ зæрдæйы фæлтæрæн- тæ кодтой алыхуызон æнкъарæнтæ (хъыг, маст, æнтъыс- нæг, фыдæх æмæ аёнд.), фæлæ къаддæр рæвдз иæ уыд худынмæ, хъазынмæ, хынджылæгмæ. Йæ цардбæллон натурæ кæддæриддæр, цыфæнды уавæрты дæр хæрзæм- хиц уыд алыхуызон юмор-мæ. Конкретон реализ^м, зæрдæбын лиризм æмæ юморис- тон равг Михалы æмдзæвгæты фылдæр хайы цæрынц буар-æмбуар, кусынц иумæ, æмхъаруйæ. Арæх сын кæ- рæдзийæ фæхицæнгæнæн 1нæй. Арæх йæ хъыг, йæ мæт, йе ’рхæндæг дæр вæййьшц юморæй ахуырст, юморджын (кæд афтæ зæгъæн ис, уæд). Иæ хæрæгыл хъынцъым мах æрхæндæгыл не ’фтауы, кæд сабк кæугæ кæны, уæд- дæр. Худæг æмæ рухс у. Кæнæ райсæм æмдзæвгæ «Нæ гуымыдза сæгъы хабар». Сæгь фосимæ не ’рцыд хæдзар- мæ. Лæппу йæм агурæг ацыд, нæ йæ ссардта. Фембæлд йæ уарз_он чызгыл. Йæ сæгъы кой йын ракодта æмæ йыл чызг ныххудт: «Дæ фыд дæныр нал бауадздзæн хæдзар- мæ». Фæлæ ма сæгъ кæй æндæвта! Æрттывтой иугай рухсытæ нæ хъæуæй, Мах хъæугæрон фæлæууыдыстæм бирæ Æмæ уæд загътон: — Фос дæр мæ нæ хъæуы, Уадз бахæрæд гуымыдза сæгъы бирæгъ: Куысты фæрцы фæллæйттæ сты æссаргæ, Æссардзыстæм æппæт хæрзтæ, дæуыстæн. Æниу, мæ хур, мах хъазгæ æмæ заргæ, Кæрæдзи уарзгæ дурыл дæр цæрдзыстæм! Иæ уарзондзинады æмдзæвгæты алкæм дæр ис мæт, хъынцъым æмæ сæ фылдæр хатт цардæгас кæны йæ мид- 93
былх^дт, йæ бынтыдзог юмор. Фининспектор ын бафи- дын кодта ивар, сывæллон ын кæй нæй, уый тыххæй. , Азымджын та йæ уарзон чызг у, — нæ дзы мой кæны. Æмæ йын фининспектор йæ митæй исты куы зонид, уæя Ивары мызд уый бакодтаид фидын Мæ бæсты дæр дæуæн. Йæ уарзон чызгимæ дзедæрæг тонынмæ куы цыд, уæд, йæ цонг фæцъæррæмыхст, чызг ьпкæй бабаста. Ис дзы хорз фæлгонц-мивдисæг: «Æмæ мæм лæварæн æрбап- пæрстай дæ мидбылты фæхудт». Ысуæндыдтæи дæм: «Хосгæнæг бæргæ дæ, Мæ цъæррæмыхст дæр байгас æмæ ссур. Фæлæ дæ уарзтæй у хъæдгом мæ зæрдæ Æмæ цы кæнон уымæн та, мæ хур?!» Ацы ныхæстæ серьезонæй, æнæюморæй куы загътаид^ уæд, чи зоны, æдзард, уазал зондæй аразгæ рæнхъыты йеттæмæ ницы уыдаиккой, уæлдайдæр ахæм поэтикон фæзилæнтæ æндæр поэттæм арæх кæй сты, уымæ гæсгæ. Йæ фыды мад дзы æппæлыд, мæ фырт, дам-, æнæсæ- рæн у, «æрмæст æм зæрдæ никуы фехсайдта къæрны- хæй». Фæлæ йе ’мхъæуккаг чызджы ^куы бауарзта, уæд ын сæ хæдзарæй радавта йæ хуызист: Ме стыр мад, цы бон мæ ис, къæрных дæн, Мацыуал зæгъ устытæн мæн тыххæй. Не ’мбæрстай йæ сусæг ми дæ фыртæн, ’Хсайæд æм дæ зæрдæ ныр къæрныхÆЙ. Серьезон ныхæстæ юмористон, гæзæмæ æнкъард-ху- дæг интонацийæ зæгъынмæ кæй арæхоы, уый йын тынг ахъаз кæны йе ’нкъарæнты æрдзон рæстдзинадæн. Æу- уæндæм ыл, нæ зæрдæмæ йæ исæм. Бирæ цæмæйдæрты йæ ирвæзын кодта юмор, ирвæзын æй кодта риторикæйæ, иумæйагдзинадæй, æгæр хуымæ- тæг наивондзинадæй (ома поэтикон чи нал вæййы, ахæм наивовдзинадæй). Бынтон наивон рауадаид æмдзæвгæ «Цомахъ Сыбыры» (ныр дæр йæ хуыздæр æмдзæвгæтæм нæ хауы, фæлæ уæддæр), куынæ дзы уаиккой мæиæ ахæм ныхмæвæрдтæ: Цомахъ Сыбыры уыд, фæлæ йæ Иры цаутæй нæ фарстой æмæ «дæ размæ, мæнау, тырысатæ нæ хастой. Куыстай, мæнау, бæргæ уæхскуæзæй, æрмæст дзы грамотæ нæ райстай». Кæнæ æмдзвæгæ «Сыбыры 94
хай» — паддзахы рæстæджы Сыбыры тасæй адæм æм~ ризæджы рызтысты, сæ карздæр æлгъыст уыд: «Сыбыры хай æрбау!» Ныр поэт цæуы Сыбырмæ, фæлæ йæ хотæ æмæ йæ мад нæ ныттонъшц сæ рустæ. Мæныл, Сыбыр, ис уый бæрц ныр дæ хæрзтæ, Дæ уддзæф дæр мын уый бæрц у æхсызгон, — Фæнды мæ тынг, зæгъон мæ хорз хæлæрттæн: «Æрбаут мын Сыбыры хай рæхджы бон!» Æмдзæвгæ хъарм у юмористон кæронæй, рагон зынд- гонд æлгъыст аивта йæ мидис. Михалы сфæлдыстадыл дзургæйæ, зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ йæ уацмысты фылдæр хайы дзырд цæуы фыццаг цæсгомæй, «æз» у сæ дзурæг. Уыцы «æз» бирæ рæтты у поэт йæхæдæг, мах дзы уынæм йæ биографи, йæ фæлтæрддзинад, йæхи æууæлтæ æмæ миниуджытæ, уы- нæм дзы комкоммæ поэтæн йæхи æмæ йæ хонгæ дæр кæ- нæм «поэт». Фæлæ уыцы «æз» бирæ рæтты та у æндæр адæймаг. Цæвиттон, æмдзæвгæ «Фидыдады уддзæф»-ы «æз» уыд хæсты, уым хъахъхъæдта йæ сабийы амонд æмæ сабырдзинад. Æмдзæвгæ «Мæ райгуырæн хъæумæ»- йы «æз» у агроном, бæллы йæ фыдæлты зæххыл хæдзар- дзинæй бакусынмæ. Михал йæхæдæг нæ дæр салдат уыд, нæдæр—агроном. Фæлæ поэтæн йæхи «æз» æмæ йæхъай- тарты «æз» кæрæдзимæ тынг хæстаег сты, мæнгæй йын нæ рахуыдтон йæ уацауы хъайтар Мысосты йæ сих. Кæд сæ царды, сæ хъысмæты дзæвгар хпцæндзинæдтæ ис, уæд- дæр уыдон поэты сихтæ сты, поэт йæхæдæг цы хъуыды кæны æмæ æнкъары, уый сын дзурын кæны фылдæр хатт æмæ сæйраджыдæр. Сæ астæу ис моралон-удон æнгом хæстæгдзинад. Уыцы æндæр адæймæгты хонын хъæуы «поэт» нæ, фæлæ — «лирикон хъайтар». Лирикон хъайтар ныццыд йæ хъазахаг æмбалмæ, иумæ уыдысвд хæсты, хорз æй суазæг кодта. Номдзыд поэт Кунанбаев Абайы дзырдтæ дзы цæуынц лейтмоти- вау: «Цы кæныс, цы, ыстыр цытæй, фæллæйттæй, æнувыд хæлар агур царды ’рмæст». Тохы бахсидгæ хæлардзинад дарддæр рæзы абон: хъазахаг Ачан Ирыстоны хæцыд не- мыцаг фашистты ныхмæ, ирон лæппу кусы Хъазахстаны хъамыл зæххыл. Хæлардзинады мотив баст цæуы сабыр- дзинады мотивимæ. Уыцы идеяйæ рухсгонд у æмткæй Михалы хъазах- стайнаг цикл. Хъамыл зæххытæм цæугæйæ, гуырдзиаг 9?
фæсивæд (семæ уыд Михал дæр 1957 азы сæрды) Да- 1ъестаны зæххыл бахауынц сæ хæлæрттæ, сæ уарзон адæ- мы хъæбысмæ. Раст хуымгæрдæн афон лекъæгтæм уаца- ры утæхсæн кодта Гурамишвили Дауыт. ^æд мыггæгты ’хсæн хъаугъатæ, хылтæ уыд, ныр — æмкуысткæнынад æмæ хæлардзинад. Хуымгæнды гæппæлыл ныр туджджынты хылы Иргъæвæг нæу мадæн йæ кæрдæн. Хæларад, рæстдзинад нæ зæххыл ивылы... Хуымгæрдæн у, Дауыт, хуымгæрдæн. Сыбыраг сылгоймаг — ирон лæппуйы къай — кæны ног ало-лай йæ фыртæн: Райгуырæн дæуæн, мæ хур, Сыбыр у, Ир та у дæ фыды уæзæг, зон æй. Советон адæймагæи йæ райгуырæп бæстæ сси æгас Цæдис — «Адар-иу кæмдæриддæр дæ гутон». Легендæ «Сыбыраг бæрз»-ы лирикон хъайтарæн уы- рыссаг зæронд хъæдгæс ранывæзта дыууæ хæлары — ирон Тæтæрхъан æмæ гуырдзиаг Никъойы æнамонд хъысмæт. Æлдар сын хъалон фидын кодта æмæ йын Тæ- тæрхъан йæ риуы кард ныссагъта. Арвыстой сæ Сыбыр- мæ, Тæтæрхъанæн йемæ — йæ ус Хъызмыдæ æмæ йæ фырт Æхсарби. Цы къæсы цардысты, уым сты ныр дæр сæ авдæн æмæ сæ кусæндзаумæттæ. Æхсæвыгон фæхъуы- сы дыууæ хæлары ныхас, ног дуджы æрвыл райсом дæр фæцæуынц хуым кæрдынмæ. Æмдзæвгæ «Мады зæрдæ»-йы цы хъуыды ис, уый æн- дæр æрмæг æмæ æпдæр аив деталтæй фæлгъауы æмдзæв- гæ «Дыууæ цæссыджы». Хъамыл зæххытæй лæппу йæ дзыппы æрхаста мæнæуы нæмгуытæ. Сæ коймæ зæронд, талыпг æна фæтарст, йæ уд ауад: Иæ фыртты цот кæмæй бастъæлд куырм мадæн, Гъе уыцы зды нæмгуытæ сæ æнхъæлдта. Фырадæргæй йæ русыл æрхауд цæссыджы иу æртах. Куы базыдта, мæнæуы нæмгуытæ сты, зæгъгæ, уæд фыр- цинæй йæ уæлвæд фæзынд цæссыджы дыккаг æртах æмæ иннæйы фарсмæ акодта нæуæг фæд. Ирон зæхкусæджы психологи бæлвырд æмæ арф зо- нын æмæ æнкъарынæй фидауы Михалы хуыздæр æм- 90
дзæвгæтæй иу — «Дада, Ленин, зæхх». Октябры фыццаг бонты, ног цард йæ гаччы куынæма сбадт, «нæуæг сæнау, ызмæст» куы уыд, уæд зæронд дада фæрынчын. Мæлын æй нæ фæнды, цалынмæ, зæхх мæгуыртæн кæй дæттынц, уый базона, уæдмæ. Ленины ирон зæхкусджытæ куыд æмбар.ынц, цахæм ахаст æм дарынц, уымæн поэт ссардта характерон-адæ- мон дзырдтæ, кæмдæрты сæм бафтыдта юмор, мидбыл- худт æмæ сæ уый кæны ноджы уырнинагдæр. Æдзухдæр зилы мæгуыртыл нæ фæтæг, Æнæ зæхх чи у, чи цыди æххуырсты, — 1"1æ номхыгъдмæ сæ бахаста йæхæдæг... Цахæм характерон, гуырахстджын дзырд у «ном- хыгъд»! Кæнæ зæронд лæджы дзыхы ахуыргæнæгæн йæ уырыссаг ном — «нæ учитель»! Иуæй, уырыссаг тæваг хæццæ кæнын байдыдта хæхтæм, иннæмæй, уырыссаг дзырд ирон зæхкусæг лæгæн кæны æнахуыр ад, у йы-н æбæрæг, ахуыргонд дунейы схъис. Тынг наивон, фæлæ зæрдæйæн æхцон деталтæ сты æмæ сыл æнæгуырысхойæ æууæндæм. Учитель горæтмæ ацыд хабар хæссынмæ. Дада йæм æнхъæлмæ кæсы, фæлæ никуы зыпы. Къæвдайы тæдзын- джыты цъыкк-цъыкк ын «йæ тыхсаст риу, хъæдындзыап- .пау, карста» (абарстытæ — змæст сæнау, хъæдындзы ап- пау — иууылдр сты зæхкусæгон, хъæууон). Æмдзæв- гæйы тæккæ драматикондæр моменты — дада иууыл тынгдæр кæм тыхсы, йæ адзал кæм æрхæстæг, уым — Михал цæхгæр аивта йæ рптм æмæ арæхстджынæй спай- да кодта адæмон-фольклорон æмдзæвгæйы диалогæй, да- дайæн йæ эстетикон æмбарынадæн иууыл æхцондæр чи у, уыцы амалæй. — Куыд талынг у, Мæ бон кæлы!.. — Фæбыхс, дада, Фæбон кæны. — Нæ учитель Кæм ма бада? — Фæгæдзæ кæн, Зындзæн, дада. Дада учителы æрбацыдмæ амард, нал ыл сбон. Фæлæ йæ цæуæтыл сбон, зæхх райстой, сæ хай сæ фæци Ленины хæрзиуджытæй. Æмæ фæтæджы райгуырæн боны арв 7. Дзуццаты X. 97
куы ныннæры, уæд лирикон хъайтар æрцæуы дадайы ин- гæнмæ æмæ йæм ныдздзуры: — «Ысбон, дада». Æмдзæвгæ уыцы иу рæстæг у сюжетон æмæ лирикон, трагикон æмæ юморон. Æваст бакæсгæйæ, уæлæнгай, хуымæтæг сюжетон ны- вы поэтæн йæ бон нывæрын у арф психологон рæстдзи- над. Комбæсты зæронддæр лæг амард, æгæрдæр фæцард,, устытæ йыл æфсæрмæй скуыдтой. Ингæны былмæ æрба- цыд йе ’мкар лæг, йæ сыджытæй йын систа йæ армы, Мардыл дзы ’рызæрста, загъта: «Хуыздæр Нал баззад махмæ дæттинаг уæлæуыл». Æмæ фæтасыд йæ уæраг куыддæр, Уайтагъд ма иу чидæр йе ’нцой фæлæууыд. Загътой, куыд æй судзы, зæгъгæ, фыдмаст, — Уарзон æмгарæн кæй æрцыд йæ адзал. Ыичи фæфиппайдта, уымæ æрмæст Сыджыт фыццаг хатт кæй фæкаст фыдуазал. Михалы æмдзæвгæты фылдæр хай амад у цаууон сюжеттыл. Исты эпизод, исты хабар, конкретон деталтæ, хъайгарты æууæлтæ, характерон диалогтæ — уыдон сты сæ бындур. Уым конкретон нывæй, конкретон цауæй æв- зæрынц поэты хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ, æмткæй æм- дзæвгæйы идейон-эмоцион атмосферæ. Фæлæ Михалмæ* ис æндæрхуызон æмдзæвгæтæ дæр. Æнæ цаууон-æддагон сюжетæй поэт æвдисы йæ лирикон æнкъарæн, йæ хъуы- дытæ иу кæнæ иннæ темæйы фæдыл, иу кæнæ иннæ хаба- ры тыххæй. Зæрдæйы комкоммæ, æргом монологтæ. Сæ интонаци алыхуызон у: кæм ныллæг-сабыр, кæм бæр- зонд-патетикон, кæм карз-фыдæх... Æмæ се ’ппæтмæ дæр — цымыдисаг у! — æмгæрон нæ цæуы юмор. Йæ уарзонимæ лæгæй-лæгмæ кæм дзуры, йе ’нкъарæн ын кæм æргом кæны, уым йæ ахаст у уæздан, фæлмас: Цы йæ ’мбæхсон, дæу афтæ бирæ уарзтон, Æмæ дын кодтон пъайæ дæр тæригъæд. Йæ романтикон æрыгон сæнттæ: Дæу не ’нхъæлдтон нæ иубæстон, нæ зæххон, — Æнхъæлдтон дæ бæрзонд арвæй æртæхæг. Щæ миднымæр сагъæс — кæддæр ыл йæ уарзон чызг миты къуыбæрттæ æхста æмæ йæм ныр æбæрæг ранмæ лæгъстæгæнæгау дзуры: 98
Цы мын фæдæ, мæ размæ та ма рахиз... Æрмæстдæр-ма мыл иу къуыбар куы рахсис... Йæ карз, домаг-фæрсæг уайдзæф чызгæн, кæйдæр дам-думтæм кæй хъусы æмæ дзы сæ уарзт кæй æнад кæ- ны, уый тыххæй: Куы цард æнусты иу бæлас, уæд, дам, ын Фыд-замантæ нæ атыдтой йæ сыфтæ, Уæд марг æвзаг куыд атыдта, зæгъ-ма мын, Нæ сонт уарзты рæхыстæ?! Зæгъын хъæуы уый, æмæ кæд йæ уарзты æмдзæвгæты бирæ ис цин, юмор, райгæ. бæллицтæ, уæддæр, æмткæй райсгæйæ, у æнкъард æмæ драматикон, æнтъыснæг æмæ æнамонд уарзт. Йæ мысинæгты арæх ацæуы ивгъуыд- мæ — йæ уарзонимæ йын цы æхсызгон фембæлдтытæ уыд, уыдонмæ, æмæ йын абон йæ зæрдæйыл бафтауынц хъынцъым, мæт, æрхæндæг. Ныр бирæ азты фæстæ арæх зилы се ’мбæлæн бынæттыл, агуры йын йæ фæдтæ, фæ- лæ... Чызгæн ^кæддæр йæ фæрдгуытæ цы иукъахвæндагыл ныппырх сты, уырдæм æрцыд йе ’икъард фæидонимæ: «Уды къæртты фæрдгуытæй ма искуы, чи зоны, ссарон». Уæд бæллиццаджы уалдзæг уыд, Гъеныр аивта рæстæг. Уæртæ хæрис ыскалцæг и, Уымæн й’адзал æрхæстæг. Поэт зæрдæргомгæнæн ныхас кæны Къостайæн, йæ цырты раз куы лæууы, уæд, кæпы йæ сабырæй, æфсæрм- гæнгæ, æнæхъыпп-сыппæй, уымæн æмæ генийы цыты ак- каг дзырдтæ нæ ары, уыйбæрц хъару нæ хаты йæхимæ. Уадз, нæ исты сдзургæ, фыруарзтæй дæ разы, Мæ ахсджиаг Къоста, цырагъау фæсудзон. Æнæ исты сдзургæ, цырагъау фæсудзон — уый хорз фæлгонц у Къостамæ йæ уарзт равдисынæн. Къоста дзы йæхæдæг нæй, фæлæ йæм автор цы зæрдæ дары, уымæй нæм зыны Къостайы стырдзинад дæр. Ми>сал райста Къостайæн йæхи абарст (лæджы цырагъимæ абарст), фæлæ йæ ахæм хуызы загъта, æмæ ныл уадзы иогдзина- ды тæлмæн. Къоста уыд, Михал иууыл тынгдæр кæмалн табу код- та, уыцы поэт æмæ адæймаг. Сæрмагондæй йыл иу æм- 99
дзæвгæ йеттæмæ нæ ныффыста, фæлæ йæ кой цæуы йе сфæлдыстады сæрæй-кæронмæ. Йæ саби-бонты æнæкæс- гæйæ зыдта «Дзывылдар» («Буц уаин мæ зардæй уæд»), хуымгæнджыты куы фæзмыдта, уæд йæ «тæсчъыты скъæргæйæ», сабыргай зарыд: «Мæ гутон, мæ галтæ мæнæн дæр цæттæ» («Мад æмæ фырты балладæ»), поэмæ «Фыццаг уарзондзинад»-ы хъайтар — æрыгон фыййауæн йæ зæрдæ дзуры Къостаимæ: «Цæугæ-цæуын Къостайы ’мдзæвгæ кастæн, — æрбайрох мæ сты уæд куыддæр мæ родтæ». Арæх исынц йæхæдæг дæр æмæ йæ хъайтартæ дæр Къостайæ цитаттæ: «Къостайы загъдау, сонт зæрдæ у хивæнд...» («Дардыл æрзылдтæи»), «Къос- тайы ныхас — «Байстой нын нæ зæхх» — дæ къæйдуртæй дæр хъуыст мæнмæ хъæрзынау» (поэмæ «Зонгæ къахвæн- дæгтæ») æмæ а. д. Къостайы зонын æмæ æнкъарын, Къостайы æгъуыстаг лæджыхъæд æмæ уды рæсугъддзи- над — уый у, Михалмæ гæсгæ, иууыл æнæмæнгхъæуæг идеал. Иæ иу æмдзæвгæйы(фыст у Гейне Генрихы æн- дæвдадмæ гæсгæ) зæгъы йæ уарзонæн: йæ карды рæ- хуыст дæр ын нæ фæриссид, авд хохы сæрты йæм атæхид, йæ удхæссæг дзы куы уынид, уæддæр йæ уарзтæй таид, фæлæ, зæгъгæ, ....фæскуыст нæ тыргъы «Ирон фæндыр» дæ къухмæ ды куы райсай, — Хъуыдыйы ’нгас куы нæ фенон дæ ныхыл, уæд тæрсы, куынæуал æй уарза, йæ зæрдæ дзы куы фæ- хауа, уымæй. Сюжетон æмæ æнæсюжетон æмдзæвгæты дæр æмхуы- зон фауинаг у иударон риторикæ. Æмдзæвгæ «Къуыдары къæдзæхтæ — мæ фыдæлты хæхтæ» æвдисы поэты уарзт йæ райгуырæн зæхмæ, фæлæ йæ рæнхъытæ фаг дзаг не сты хъуыды æмæ æнкъарæны комулæфтæй, мæнг у, цыма, сæ пафос. Уый хыгъд йæ дыккаг æмдзæвгæ «Ног та Къуыдары хæхтæм»-ы йæ уарзт у бæлвырддæр, ирд- дæр, уымæн æмæ йæ дзырдтæ сты аккаг, уырнинаг, эмо- цион. Поэт куырмæй дæр ссарид, йæ дада дзывыр кæм дардта, уыцы хуым æмæ йæ бæгъæввад дзыццайы фæд- тæ. Ныр мæ фыдæлты нуæрст артдзæст къахын, Хъуамæ ногæй ыскæнон ам арт. Уадз, кæм цыдысты стыр удтæ къахæй, Уыцы уаз сыджыт айсæд мæ мард! 100
Михалæн йæ фыдæлтæ Къуыдарæй алыгъдысты Къа- хетмæ. Æмæ йæ уарзт Къуыдары хæхтæй Къахеты зæх- мæ къаддæр нæу. Уыдон ын иу Ирыстоны хæйттæ сты. Æмдзæвгæ «Къахет — мæ Иры зæххы хай» у æнувыд хъæбулы уарзты монолог. Темпераментонæй нымайы йæ уарзты бæрæгг&нæнтæ, Къахеты зæххимæ сæ иудзинады дæнцæгтæ, К/ьахеты адæмы ирон лæджыхъæды гæччытæ. Судзгæ уарзтæй зæрдæдзæф, нæ хæдзармæ Æз куы нал цыдтæн райдзаст æхсæвты, Гъе уæддæр-иу фæллад ных дæ нæудзарммæ Æз куы ’рхастон, — мæ сау сагъæс сæфти. Ахæм дзæвгар зæрдæмæхъарæг поэтикон аргументты руаджы æрцæуы йæ хатдзæгмæ: Мæн дунемæ æрмæстдæр ды ракодтай, Æз дыккаг мад æппындæр нæ зонын. Уарзон мадæн иронæй кæм райгуьгрдтæн, ’ Уый мæ Иры сыджыты хай хонын. Йæ монологон-патетикон монцæн, æвæццæгæн, иууыл хуыздæр дæнцæг у «Уарзондзинады балладæ». Иннæты хъауджыдæр, хайджын у поэтикои-философон хъуыды- кæнынадæй. Поэт у ’ уæззау рынчын, тыхсы, дуне йыл нытталыиг. Йæ уавæр афысгæйæ, дзуры йæ хорз æмгар- мæ, йæ хæлар æмсисмæ æмæ йæ кæнгæ хомæ. Низ канд физикон нæу, — фылдæр æмæ сæйра^джыдæр у моралон- удон. Цы куры йе ’мгарæй? Ма йæ фæрса, йæ уарзон æй куыд ныууагъта æмæ æндæримæ кæй ацыд, уымæй. Фæл- тау ын зæгъæд, йæ тыхсты уысм æм кæй æрцæудзæн æмæ йæ фарсмæ кæй уыдзæн æдзух. Цы куры йе ’мсис поэтæй? Ма йын зæгъа, йæ уарзон чызг йæ ард куыд басаста æмæ йын йæхи æнæбын коммæ куыдфесхуыста. Фæлтау ын зæгъæд, фæлывдæн кæй ни- цы зыдта, бæрзонд хохмæ кæй хызти æмæ йæ кæй фæн- дыд арвæй стъалытæ æрхæссын йæ сау рæсугъдæн. Цы куры йæ кæнгæ хойæ? Азара йын, куыд фæцардис тулдз бæлас мин азы, куыд ракалд æмæ йын куыд баз- зад тау. Мады уырныдта дин æмæ йæ иунæг фыртæн амонд куырдта хуыцауæй. Иу æхснырст-иу куы ’ркодта, уæд-иу фæтарст — иу æхснырст хæрзиуæгæн нæу. Фæлæ сыстыр йæ фырт. Мад æриста авдæн уæлхæдзарæй. Ав- дæн æртын азы дæргЪы мысыд ало-лайы.зард. Æмæ дзы ныр мад йæ фырты фырты бабаста. 101
Поэт куры, домы адæмы æууæнк — уарзты æууæнк, поэзийы æууæнк, царды æууæнк. Куры, цæмæй йын ба- уырнын кæной: а-зæххыл ис æцæг уарзт, æцæг поэзи. Æмæ уæдæ поэзи уым кæд разына, Æрфæны фæдау уым зына дæ фæд, Уыдзæн мын уый уæд дохтыры хос нуазынау, Мæ низæн йе ’мбис ахаудзæнис уæд. Куры, цæмæй йын бауырпын кæной: а-зæххыл цард у æнæфæугæ, æнæмæлæт (авдæнтæ кусынц, гуырынц саби- тæ, хортæ. фæйлауынц). Æмæ кæд ис æцæг уарзт, æцæг поэзи, æцæг æнæмæлæт, кæд æууæнк сæфт нæу, Уæд æз, домбайау, растдзынæн, мæ хæлæрттæ, Зæххыл цæрынæн ардзынæн фæрæз. Тымбыл къухæй ныппырх кæндзынæн къæдзæхтæ, Мæ мæлæты ныххурх кæндзынæн æз! Æууæнк — уымæ бæллы поэт йе ’ппæт зæрдæйы хъа- руйæ. Æууæнкæй цардис йе ’взонджы бонты, йæ ивгъуы- ды, фæлæ æууæнк иууыл тынгдæр хъæуы абонæн æмæ фидæнæн. Моралон-удон кризисы куы ныххауы, цардыл куы фенæууæнк вæййы, уæд æй æрфæнды ацæуын йе ’взонгады дугмæ. Мæнæ æрлæууыд йæ царды æмбисыл, царды доны сæрты рахызт, бафæллад, доны фаллаг фарс баззад йе ’взонгад. Æмæ зæгъы: «Размæ кæдæм цыдтæн, цæй аздæхон мæ рагбонтæм». Цард вазыгджын у, уæззау у, адæймагæн бавзарын кæны бирæ физикон, моралон хъизæмартæ æмæ уæД’ адæймаг фæтыхсы, цалæм хатт æрлæууы йæ разы фарст: «Цы бакæна?» Поэт кæсы доны фаллаг фарсмæ, уым сты йæ хъæлдзæг саби-бонтæ, уым цыд фыййау, уым агуырдта йæ сæфт сæгъы æмæ фем- бæлд йæ уарзоныл... Фæлæ доны фаллаг фарс йе ’взон- гад цардæгас фестад æмæ йæм дзуры: «Нæу фæстæмæ æздæхынтæй, ды дæ фæндагæй ма фæтæрс!» Лæг хъуамæ царды æууæнк ма фесафа, хъуамæ йе онг ма ауадза æмæ, æппæт хъуырдухæнтæн быхсгæйæ, æнæууæнчы ных- мæ тох кæнгæйæ, цæуа размæ, фидæнмæ, йæ ивгъуыд та йын уа æххуысгæнæг. Буц рæсугъды фæлмæн пъатæм, Рог, аслам худтмæ мауал бæлл, Ма хъав царды лæгъзвæндагмæ, Фæлæ ’гадæй дæр ма амæл. Царды æппæт вазыгджыпдзинад бамбар æмæ дзы лæ- гау цæр — ахæм у æмдзæвгæ «Æвзонгадæй æвзонгад- 102
мæ»-йы мидис. Чи зоны, поэты ацы хъуыды æвдисæн уыд, йæ поэзи арфдæр æмæ тыхджындæр кæй фæуыдаид, уымæн, — æмдзæвгæ у йæ мæлæты размæ — 1966 азы фыст. Ууыл дзуры чысыл раздæр — 1965 азы фыст «Ны- хас мæ фыццаг стихтимæ» дæр. Гуырысхо, æнæууæнк, судзаггаг цæссыгтæ, царды æппæт зынтæй хъуамæ гуыра поэты аслам нæ, фæлæ арф æмæ уæзгæ сфæлдыстад. Уырны мæ: зарæг нæм кæддæр Зæрдæйы стыр хъыгтæй кæй сывзæрд. Михалы поэзимæ нæ критикæ æмткæй æвæрццаг цæс- тæй каст. Суанг йæ райдайæнæй фæстæмæ йын уыдта йæ тыхджын миниуджытæ æмæ сæ нæ сусæг кодта. Гаг- лойты Владимир фыста: «Зæрдæмæ хъарынц Нартыхы фырты æмдзæвгæтæ... Аивадон рæсугъд ахорæнтæ æмæ зæрдæйы арф æнкъарæнтæй автор равдыста Стыр Фы- дыбæстæйон хæстмæ йæ фырты арвитæг мады рыстдзи- над» (газет «Коммунист», 1953 азы 18 август). Гафез: «Нартыхты Михалы æмдзæвгæты хиад у уый, æмæ сæ кæй ис авторы индивидуалон цæстæнгас, кæй сты хъуы- дыджын æмæ арф æнкъарæнтимæ. Кæсæгæн йæ зæрдæ æнæсагайгæ нæ фæуыдзысты, мад æмæ чызгмæ уарзон- дзинадыл цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уыдон» (газет «Ком- ’мунист», 1955 азы 23 октябрь). Мæргъиты Къоста: ма- ды тыххæй æмдзæвгæтæ «фыст сты зæрдæйы арф æн- къарæнтæй... йæ къухы бафтыд ’мады фæлгонц нын- ныв кæнын, уымæн йæ зæрдæйы уаг раргом кæнын». Йæ уарзты æмдзæвпæтæн «сæ зынгæ фылдæдр хан æрæвæрын хъæуы нæ интимон лирикæйы хуыздæр уацмысты фарсмæ» (газет «Коммунист», 1956 азы 19 июнь).-Асаты Реуаз: «Уый нæ иуæй-иу æвзонг поэгтау нæ уарзы афтид фæхъæртæ, трафаретон афыстытæ, фæ- лæ... зоны йæ хъайтарты зæрдæтæм ныккæсын» (жур- лал «Фидиуæг», 1958, № 6, 79 фарс). Уыдон ын нысан кодтой йæ иуæй-иу хъæндзинæдтæ дæр. Гафез дзырдта, зæгъгæ, «æгæр уæлæнгай цæстæй кæсы æмдзæвгæйы формæмæ». Мæргъиты Къоста йын уайдзæф кодта, æвзаджы хæрзхъæддзинадыл фаг кæй нæ кусы, хатт йæ рифмæтæ фæлурс кæй рауайынц, уый тыххæй. Асаты Реуаз ын йæ цæстмæ бадардта, цы æнæ- хъуаджы даргъ, æнæэкономон бынæттæ йæм ис, уыдон. Сæйраджы дæр ьш дзырдтой йæ формалон дæсньыЪды тыххæй. Æмæ раст уыдысты. Бафтауын ма сæм хъæуы 103
уый дæр, æмæ йæ инверситæ алкæм дырыс, æнæкъуы- лымпы не сты, арæх дзырды раззаг хъæлæсан мыр æппа- ры, кæм не ’мбæлы, ахæм ран æмæ афтæмæй фыдуынд кæны рæнхъыты аивдзинад. Ие ’мдзæвгæты æппæт миниуджытæ æнæуæрст сты йæ поэмæтæн дæр. Сæ тематикæ æндæр æмæ æндæр- гъуызон у, се ’ргом скодтой æндæр æмæ æндæр заман- тæм. Хуссар Ирыстоны, (номхуындæй Къуыдаргомы рево- люцийы хабæрттыл фыст у поэмæ «Хæхты фарн». Поэ- мæйы ис лирикон хъайтар, мидхæсты дуджы 4-7 азы кæ- уыл цыд, ахæм лæппу. Фæлæ йын поэтæй фæхицæнгæ- нæп нæй, æмавтортæ сты, æмхъуыды, æмсагъæс. Поэмæ у лирикон хъайтары мысинаг, революцийы рæстæгмæ- кæсы йæ абоны кар æмæ фæлтæрддзинады бæрзæндæй. Пролоджы æргом кæны йæ уарзт Ирыстоны хæх- таем, урссæр зæрæдты — революцион тохты ветеранты сын се ’мсæр æвæры æмæ зæгъы йæ фæндон (йæ темæ): хъуамæ скæна зарæг сæрибары сæрыл хæсты «змæст æмæ тугхъулон азтыл». Архайд цæуы 1917 азæй 1921 азмæ, Хуссар Ирысто- ны советон хицауады фæуæлахизмæ. Зæроид дадайæн амард йæ ус, йæ фырты йьга акодтой Германы хæстмæ, дада цæры сæ хæдзары йæ чындз æмæ йæ фырты фыр- тимæ (лирикон хъайтаримæ). Иу æхсæв чындз йæ хи- цауы къæхтæ ныхсадта, а-;ныр схуыссой, афтæ сæ дуа- рыл æрбалæууыд æнæдаст лæг. Горæтæй æрбаздæхт. Уым фембæлд партион кусæг Мæхæмæтимæ æмæ йын радзырдта, зæгъгæ, уырыс паддзахы раппæрстой, Ле- нин лæууы кусæг-зæхкусæг адæмы сæргъ æмæ тагъд махмæ дæр æрхæццæ уыдзæн йæ фарн. Мæхæмæт уыд хъæздыг Бидыры хицон æмæ дада дызæрдыг кодта, зæгъгæ, Бидьпры разæй мæгуырты фарс кæм рахæцдзæн. Мæхæмæт сæм йæхæдæг ссыд æмæ уынаффæтæ кæны мæгуыртимæ, дзуры, цытæ цæуы зæххыл æмæ цы уы- дзæн, уьий тыххæй. Адæм бирæ хъæуты растадысты се ’фхæрджыты ныхмæ, фæлæ сæ тохæй «ицы «рауад — уы- дæттæ нын хъусын кæны- информациау. Дарддæр: хæс- тæй æрцыд лирикон хъайтары фыд, амоны сын: кусæг адæм алкæм дæр хæлæрттæ сты, адæм дихтæ кæнынц мыггæгтæм гæсгæнæ, фæлæ кълассон зондахастмæ гæс- гæ. Меньшевиктæ адæмы фæтардтой фæсæфцæгмæ, хъæд- тæм. Дада æмæ Мæхæмæт хъæдмæ схастой Кировы фыс- 104
тæг, Ленин, дам, ын ныфс бавæрдта, меньшевикты кæй: фæсурдзæн, уымæй. Æмæ æцæгдæр, æрцыдысты уырыс- саг æфсæдтæ, æрхастой семæ сæрибар. Хиныхæстæй цæмæн радзырдтон поэмæйы цаутæ? Уымæн æмæ уыцы цауты афысты æндæр уæлдай ницы ис. Историйæ ист зонгæ цаутае хал кæны, нымайы сæ фæд-фæдыл — хусæй, уазалæй. Поэмæйы бирæ сæртæ сты цауты айдагъ иллюстрацитæ. Æрмæст дзы ис хи- цæн чысыл деталтæ’ (уьцдон та Михалæн диссаг не сты). Поэмæ тыхджын у, Михал тыхджын цæмæй у, уы- мæй. Сюжет кæм баиу вæййы йæ лирикон зæрдæуагимæ, йæ реалистон детализациимæ, уым кæны уæлахиз. 1920 азы лыгъдыл нæ ирон зынгæнывгæнджытæй чи нæ фыс- та, ахæмтæ бирæ нæй. Цал æмæ цал уацмысы кастыс- тæм уæды цаутæ! Ахæм зонгæ хъуыддæгтыл тынг зын у фыссын. Æнæфæлхаттæй, дæхирдыгонау. Михалмæ дæр дзы алцы ног нæу, фæлæ йæ уæддæр равдыста йæ- хи фæлгонцтæй. Маст æмæ фьгдæхы патетикæ æддæг- мидæг ауайы цардуагон нывтимæ. Æ)мæ сын уым <ногæй уынæм сæ равзæрæн: Михалы хъæууон саби-бонтæ. Ли- рикон хъайтар йæ цин, йæ уарзт — йæ гæдыйы лæппы- нимæ хъазыд уæлхæдзар. Мæ мад уайтагъддæр февзæрди мæ цуры, Мæ къухæй мын мæ гæдыйы ыстыдта. «Ыстгæ, нæ сæртæ бафснайæм...» Цæуынц хъæуæй Æмæ, цыма æнахъом саби нал дæн, Гъе уыйау «ма ку» æз дзырдтон мæ мадæн. Кæйдæр гогызтæ адæмæн сæ хъæрмæ Нæ хъæуы кæрон баззадысты сагъдау Æмæ цыма сæ маст ыссыд сæ хъуырмæ,— Ныййегъе кодтой уыдон дæр мæ мадау. Кæнæ райсæм уæларвон фæлгонц — зæххон тас, зæх- хон хъыг æвдисæг: Æвæццæгæн, æхсæвы фидыц — мæйы Джугъелийы хъæстæ нæмыг фæхаста, Йæ дæсæм хай ма арвыл ис æмæ йыл Узæлы мигъ: — Цæй, бамбæхсон æй, — загъта. Уыцы фæлгонцмæ раздæхт автор, советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд: Цæлхыдзаг мæй дæр мигъы ’хсæнæй ракаст, Бæрæг уыди, йæ хъæдгом ныр кæй байгас. 105.
Лвдзы-нц æмæ лæппуйæн та йæ зæрдæ йæ гæдытймæ дзуры. Иуахæмы сæ æрбаййæфтой: «Иæ дзыхы скъæф- та гæды дæр йæ лæппын». Историйы критикондæр моменты Ирыстоны хъысмæт æмæ Ленин—гъе уыимæ баст сты поэмæйы хуыздæр хæйттæ. Лигъдæттæ хъæды тары Ленинмæ фыссынцсæ хъаст. Иу ус бацыд фыссæгмæ, зæгъ, дам, Ленинæн Теб- лены тыххæй — йæ лæг Никъалайы хæсты амард, йæ дыууæ фырты йын меныневиктæ фехстой æмæ рынчын мад дзæгъæл баззад. Ам та ногæй хъæууон наивон пси- хологи скуыста поэтиконæй. Теблены ньгхасы ис йæ зæр- дæйы рыст, йæ уарзт Ленинмæ, йæ хъару: «Лæппу, ма ныффысс афтæ мæн тыххæй, Уымæ не ’мбæлы ахæм фыстæг. Ленин бахаудзæн мæты уæ фыстæй, Зонут, алы хъуыддагæн ис уаг. Нæ, цæйнæфæлтау Ленин мæ рыстæй Рисса, ’хсæв дæр æгъуыссæг фæуа, Уадз, фæлтау мæ ныхсынæд ам сырдтæ, Æз ныммæлдзынæн ’нæуый дæр тагъд». Уырыссаг салдат сæм фыццаг хатт æрхаста Ленины къам. Алчи дæр æй йæхицæн куырдта, фæлæ йæ цæмæй се ’ппæт дæр уыной, йæ уьгндæй æнæхай мачи уа, уый тыххæй йæ дада авджы бакодта æмæ йæ хъæугæрон зынæн ран сывæрдта. Лирикон хъайтар йæ род хызта. Æрцьцд ыл къæвда. Талынджы тарсти дæлимонтæй, хæй- рæджытæй, æххуысæнхъæл-иу скасти Ленины къаммæ -æмæ-иу уæд йæ зæрдæ фæфидар. Сæхимæ куы ’рцыд, уæд стæвд, сæнттæ цагъта æмæ — хъæууон лæппуйы наивон психологи, йæ сабион уарзт Ленинмæ: Дзырдтон кæмдæр æз бинонтæн ысбонмæ, Зæгъын, ныр Леннн талынджы уым баззад, Æрбакæнут æй, у хуылыдз бынтондæр, Уæд та дзы бацыд ’хсæвæттæйы уазал. Поэмæйы эпилог раздæхы йæ пролоджы бæрзонд па- фосмæ, дарддæр фæлгъауы Ленины темæ, бæлвырд кæ- .ны адæмты царды Ленины стыр нысаниуæг: Ленин арвыл æрцауыгъта хур, Уымæн нал ис æнустæм ныгуылæн. Æйæ æвдисы Ленины æви»дигæ хъару, Ленины æну- ’сон æнæмæлæт, æвдисы нын æй йæ цырты фæлгонцæй. Ш
Уьшæй размæ «Ленин мæ горæты» æмдзæвгæйы сабыр лирикон уагæй фæтæг æнафоны хъызты дæр рæсугъд фидæамæ дары йæ а,рм. «Уары .мит, уый зæрдæйыл нæ уары, зæрдæ у Ильичы тынтæй хъарм». «Ленинимæ уар- зон Ир æрвиты фарны ’хсæвтæ, ’гъуыстаджы æнус». Поэмæйы уыцы темæ æндыгъддæр æмæ хъандзалдæр у. Талынг а-бæстæй раджы ’рцыд тард, Уый фæсырдта ам хæхтæй нæ фæтæг. Зæгъгæ, талынг æрыздæхт уæд та,— Æмæ хъахъхъæнæг слæууыд йæхæдæг! Хæсты азты знагмæ уацары чи бахауд, ссæдз азы фæстæ йæ райгуырæн хъæумæ чи ’рыздæхт, уыцы ирон салдаты хъысмæтыл фыст у поэм-æ «Зонгæ къахвæидæг- тæ». Ис дзы сюжетон цаутæ, эпикон æрмæг, фæлæ сæ йемæ, йæ хъæбысы, йæ уылæиы хæссы поэты лиризм. Æгасæйдæр у лирикон поэмæ. Салдат — лирикон хъайтар поэтимæ иумæ дзуры йæ райгуырæн бæстæм, сæ хъæуы сæрмæ талмæн кæны йæ .хабæрттæ. Хæстмæ ацыд, тох кодта хъæбатырæй, æвы- дæй ахызт бирæ фыдбылызты ’хсæнты æмæ иухатт æр- хъулайы бахауд. Уацары йæ акодтой фашисттæ. Хæсты фæстæ хъуамæ æрыздæхтаид сæхимæ, фæлæ йæм фе- хъуыст, зæгъгæ, уацайрæгты ахсынц æмæ сæ æдзæрæг рæттæм^ æрвитынц. Ссæдз азы фæрахау-бахау кодта æцæгæлон бæстæты æмæ ныр æрцыд йæ фыдæлты уæ- зæлмæ. Иæ райгуырæны раз æнæазым кæй у, раст æмæ намысджын лæг кæй у, уымæн иууыл хуыздæр бæлвырд- гæнæн — поэмæ йæхæдæг, хъайтары зæрдæргомгæнæн ныхас. Лирикон хъайтар Ирыстонмæ кæм дзуры, йæ уарзт ын кæм æргом кæны, уьим поэмæ у Михалы патетикон- уæлмонц æмдзæвгæты хуызæн. Фыдæлты зæхх, фæрнджын фæуай, фæрнджын, Кæддæриддæр æхсар чи дæтты махæн. Дæ уарзт ныххызт лæджы риумæ, уæд ын Нæй арц æмæ джебогъæй дæр ыскъахæн. Сæ хъæуы, сæ хæдзары рагбонты адджын мысинæг- тæ йын йæ зæрдæ æрбауьшгæг кодтой. Ныццыд хъæумæ æмæ хъазты чи балæууыд, уыцы фæсивæдæй никæй ба- зььдта. Йе ’рцыдмæ йæ мад амард, йæ ус æндæр амонд ссардта. Сæ хæдзар æдзæрæг фæци. 107
Поэмæйы ис хæстдзагъд фæлтæры сагъæс. Бирæтæ дзы иал æрыздæхтысты. Чи та... деттæ дæ цуры Батыр.. Алкæд уый уыд нæ хъæубæсты фидыц. Сурс йæ сæры хил ’нафоны ныр, Схаста хæстæй йæ роны афтид дыс. Æрдзы нывтæ, хъæуы уьпнд æмæ уыдонæй чи гуыры, уыцы мысинæгтае кæрæдзи раив-баив кæнынц. Ахæссынц. æй йæ саби-бонты хъæзтытæм. Æмхъæлдта, арв кæм иу кæны зæххимæ, уым фæцис бæстæ. Ам мæм кæртастæу сусхъæды цур Хъуыст æнæбæрæг аргъæуттæ зæххæй, Хордтон дзыппæй ыскъуынгæйæ дзул, Кæнæ джитъри æнæхсад, æдзæххæй. Ахæссынц æй йæ рагуарзтмæ, йæ райдайæны уарзон Санетмæ. Ардбахæрд уыд се ’хсæн, фæлæ сæ ахицæн кодта цардхал фыдæвзаг. Ам дæр хатæм йæ лирикон уарзты æмдзæвгæты мотивтæ. Фыдызæххимæ фембæлды цинæй («Диссаг — хосы ысхуыссьшы ад азмæ хохаг кæр- дæджы æхцон тæф») ахизы йæ мадыл хъыг кæнынмæ, йæ уæлмæрдмæ йьш куы ссæуы, уæд. Иннæ темæтау æл- къарæнджын у хъæууои ирон адæмы хæларзæрдæйы те- мæ. Куы ’рцыд, уæд ын сæ иумæйаг бæркæдтæй скодтой куывд, узæлынц ыл армæй æмæ удæй. Йæ мады дæр ын æхсæны хардзæй баиыгæдтой, йæ ингæныл ын дур сы- вæрдтой. Р1æ хæлар Батыримæ зилынц хъæуыл. Ие ’мдзæвгæ- ты куыд у, афтæ ам дæр уыны хъæуы социалан æмæ культурон ивддзинæдтæ. Скъоладзаутæ лæууынц «Вол- гæ»-йы алыварс æмæ сæ быцæуы сæр — йæ механизм. «Каст мæм иухатт сæ кары кæддæр диссаг’машинæ, шо- фыр — æрвон лæг». Санеты хæдзармæ кæсгæйæ, сног йæ иух^тты уарзт. Аив параллель цæуы кæрдо бæлас æмæ уарзты ’хоæн. Кæддæр Санетимæ се ’нкъарæнтæ кæрæдзийæн кæй бын- мæ æргом кодтой-, уыцы бæлас рагъыл иунæгæй лæууы. Адæмон-фольклорон зарæджы рæнхъытæ трансформа- цигондæй бацыдысты поэмæмæ: Уым цы чызджы ныууагътон кæугæ, Уый, бын бауон, рæвдауын куы хъуыди. 108
Адæмон сфæлдыстадæй Михал комкоммæ никуы най- дакодта (сюжеттæ дзы нæ иста, рифмæгæнæг æмдзæвгæ- тæй сæ вдæ фыста, йæ лекоикæ æмæ фæлгонцон амалтæ йын механиконæй йæ хаста йæ уацмыстæм). Афтæдзы пайда кодта, æмæ йæ, стæм хаттьг йеттæмæ, хатгæ дæр нæ кæнæм. Æдодзæвгæ «Сагъæссайы аарджытыл» куынæ дзурæм, уæд, йæхи загъдау, адæмон сфæлдыстад ивта индивидуумы æвзагмæ. Æ|нæ райгуырæн бæстæ нæй амонд. Кæд бирæ цы- дæртæ фесафы лæг, бирæ хъизæмæрттæ бавзары, йæ уд æрдуйау снарæг вæййы, уæддæр æй йæ райгуырæн бæс- тæ раздахы ца/рдмæ, ратты йын ныфс æмæ æхсар, æрдз жæ адæмы зæрдæйы хъарм, адæймаг кæй у, уый æм- барынад. Поэмæйы уыцы сæйраг идея балхынцъ вæййы аив, мидисджын æмæ шмволон нывæй. Хосгæрдæны ли- рикон хъайтарæн йæ рагуарзон Санет æрбахаста дон. Æфсæрмы кæнынц кæрæдзийæ, æмбарынц сæ кæрæдзи- йы зæрдæты рыст æмæ цин. Лирикон хъайтар къæрта- йæ нуазы ДО’Н, уæндонæй окаст Санеты цæстытæм æмæ дзы уыны сæ хæдзар, сæ кæлæддзаг æмбонд: Ууыл архайæм иумæ æдыхстæй. Судзы тохына æмæ бæрзонд Арвмæ фæздæг ивылы ыздыхсгæ. Санеты цæстыты уьшы йæ фидæн. Михалæн дыууæ поэмæйы баззад æнæфæудæй, скъуыд- дзæгтæй. Сæ иу — «Фыццаг уарзондзинад» (фыст дзы чи ’рцыд, уыцы хай) — æвдисы хъайтары саби-бонтæ. Иннæ хæттытау ам дæр сты лирикон, реалистон. Иæ родтæ куы хызта, уæд Ыстырсæр цæргæс каст уырдыгмæ арвæй, Хатт цудыдта, цыма уыдис фыдрасыг. Ыспайда кодта цъырцъыраг йæ бартæй, Дæргъывæзнæй æнæаскъуыйгæ уасыд. Æрымысыщ: ахæм сæрдыгон бон йæ фыды афæнда- раст кодта хæстмæ. Фæстæмæ йæ (мадимæ здæхгæйæ скуыдта æмæ йын хъæдæй гакк-гукк йæ зæрдæ фидар кодта, цьима йын дзырдта: «Ма ку, ма ку!» Афтæ куы- ройы цалх дæр—«Æрыздæхдзæн, æрыздæхдзæл» хъæр кодта. Уыцы хъуыдытыл куы фæци цæугæ-цæуын, Къос- тайы «Чи дæ?»-йы хъайтары фавзмгæйæ, дæдадæй куы ныцæлхъ ласта, уæд дзы йæ родтæ æрбайрох сты, 109
— Дæ родтæ, лæппу, бахъæуæд дæ мардæн;, Нæ хуымтæ кæд дæ сафинаг нæ фесты! — Æрбайхъуыст мæм нæ хуымгæсы хъæр дардæй, Мæн бафæндыди уæд чысыл бындз фестын. Гъе, ахæм хуымæтæг уырнинаг, гæзæмæ юморон уа- гыл рацыдис поэмæ. Дарддæр .дзы ахæм цау ис: лæппу лыгъд радта сæхимæ æм,æ хъæугæрон адæм æмбырдтæ кæнынц. Æрцыд фронтæй Симон. Æнæзæнæг лæг уыд, лирикон хъайтары хихъæбулау уарзта. Симоны мад куыдта—йæ фыртæн йæ галиу цонг нæ уыд йæ уæлæ. Чи зоны, 1куыд уыдаид поэмæ, цы хабæрттæ дзы æрцы- даид. Æниу... Фæстæдæр æй зæгъдзынæн. Дыккаг æнæфæуд поэмæ — «Хох æрцыди хохмæ» фыст у Пшавела Важайы тыххæй. Бирæ йæ уа.рзта Ми- хал, йæ цард æмæ йын йе офæлдыстад сахуыр кодта алыфарсонæй, сæрмагбндæй ацыд Чаргалмæ, Пшаве- ла кæм райгуьирд, кæм схъомыл, курдиат æмæ йын уæл- тæмæн чи радта, уыцы <хæхтæ æмæ адæмы фенынмæ, базонынмæ. Важа уыд уыцы хæхты зарæг, æмæ поэмæ- йы бацæуæн хайы, хæхтæм лирикон-патетиконæй дзур- гæйæ, Михал амоны стыр поэты сфæлдыстады гуырæн- тæ, йæ алæмæтон тых æмæ ахъаззаг ахадындзинад. Хаехты уарзт, фидыц æмæ лæджыхъавд ын цард лæвæрд- той йæ поэзийæн. Хæхтæй куырдта, цæмæй ныззарой. Фæлæ куынæ зарыдысты, уæд йæхæдæг ныфсджынæй самыдта йæхи æмæ хæхты зарæг. «Куыд бæрæг у, аф- тæмæй æрдзы фæзындтæ æнкъарыны курдиатæй стыр- дæр у уыцы фæзындтæ равдисын, сныв «æныны курди- ат», — фыста Михал Важайы номарæн уацы. Важамæ уыд стыр <æнкъарæн æмæ йе ’вдисæг стыр поэтикон дæс- ныйад. Гъе, уымæ гæсгæ, Важайы зардмæ хъусгæйæ, æрдз æмæ адæм æхцон дисы бахаудтой, <раджы кæддæр Орфей æмæ Ацæмæзы зардмæ куыд кодтой, афтæ, Поэмæйы фыццаг сæр — «Фыдæлты къахвæдтæ» — дзуры, Важамæ йæ фидæны хъайтартæ йæ саби-бонты куыд цыдысты фыдæлты таурæгътæ æмæ кадджытæй, цахæм эстетикон-аивадон хъомылад иста, ууыл. Дыккаг сæр — «Царды дыргъбæлас»—дзуры, Важа куыдахуыр кодта Телау, Тбилис æмæ Гуры, ахуыргæнæгæй куыд куыста æмæ стæй сæхимæ куыд сыздæхт, ууыл. Ис, дзы эпизм: цаутæ, цардуагон хъуыддæгтæ. Нс дзы лиризм: Важамæ æмæ йæ хъайтартæм сидæнтæ, ав- торæи йæхи æнкъарæнтæ æмæ аргъгæндтæ. Каерæдзи- 110
йыл баст сты. Хъайтартæ хъуыды кæнынц, æнкъарынц æмæ уыдонимæ хъуыды ,кæны, æнкъары автор дæр. Уы- мæ гæсгæ поэмæйæн йæ идейон эдæхт у ивгъуыдмæ нæу. фæлæ абонмæ, нырыккон адæймаджы уды домæнтæм. Эхх, Имеда, Дзагъликъатæ Цас ис а-хæхты тары! Кæнæ ивгъуыд æмæ абоны ’хсæн хицæндзинæдтæ: Нал у абон фæринчы дуг, — Чиныг бахъуыд йæ бæсты. Михал йе ’мдзæвгæтæ, йæ поэмæтæ æмæ йæ прозæ- йы дæр хæхтæм патетикон-табугæнæг зæрдæ кæй дары, уый хуымæтæджы нæу. Хæхтæ йын сты канд географи- он бæрзæвдтæ нæ, фæлæ — сæйраджыдæр! — моралон- удон бæрзæндтæ, уыдонмæ тырны, уыдон æмвæз слæу- уын у йæ поэтикон идеал æмæ сыл уымæн зары афтæ уæлтæмæнæй. «Хæхтæ, цы мæ бафсаддзæн уæ тигътыл хæтынæй, уæ сыгъдæг царддæттæг рог уæлдæф улæфынæй! Хæхтæ — рæсугъддзинад, домбайдзинад, быхсындзи- нады символ». Афтæ байдайы Михалы романтикон радзырд «Фæс- монгонд цуа/нон». Иæ бацæуæн ха;й (йæ поэмæты куыд у, афтæ)—лирикон-патетикон монолог — æвдисы лирикон хъайтары уарзт хæхтæм, æвдисы хæхты нысаниуæг ирон адæмы царды рагæй æрæгмæ, æвдисы хæхты алæмæтаг æрдз. Æмæ уыцы бацæуæныл ныхæст у радзырды сæй- раг хай — дæсны цуанон Андойы æнамонд уарзты тау- рæгъ. Лирикон хъайтар-дзурæг хъуамæ фехстаид тæрхъу- сы, фæлæ йæ Андо нæ бауагъта: «Ма бацу тæригъæды, мæ цуры (ма фехс». Цæмæн, зæгъгæ, йын фарст æнцой нал лæвæрдта æмæ йын уæд Андо ракодта йæ таурæгъ. Лирикон хъайтары фæстæ ныхасы бар райста Андо. Фыццаг империалистон хæсты агъоммæ номдзыд цуанон уыд Андо. Сæхи хъæуккаг Ацырухсыл æрратæ кодта. Чызг дæр æй уарзта. Иухатт Андо æрхаста цæф дзæбидыры сæныкк. Ацырухсы зæрдæмæ тынг фæцыд. Андо йын æй балæвар жодта. Цас æй рæвдыдта, цас ыл узæлыд! Куы сдзæбæх, уаед æй ауагъта хохмæ, йæ мад- мæ. Æмæ Андойæн барджынæй ныффæдзæхста, цæмæй цуанкæнын ныууадза: «Арс, бирæгъ кæнæ æндæр скъæ- 111
фаг сырдтæн ницы у, фæлæ мæм сæгуыттæ, дзæбидыр- тæ, сычъитæ æмæ иннæ сабыр цæрæгойтæ тæригъæд кæ- сынц. Дунейыл мæм иууыл рæсугъддæр уыдон цард кæ- сы æмæ рæсугъддзинад куынæгкæнын цас аив ми у!» Фæлæ Андо йæ кæнон нæ ныууагъта. Хъæубæстæ хоры куывд куы кодтой, уæд æрхаста дыууæ сæгуыты — иу мардæй, иннæ та удæгасæй. Адæм ыл æрæмбырд сты. Зæронд лæг Бетъа — рагон цуанон — æмбæрста сырдты æвзаг, кæрæдзийæн цы амонынц, кæрæдзийæн цы ба- вæййынц, уыдæттæ-иу уайтагъд базыдта. Æ1мæ ныр дæр бакаст Андойы сæгуыттæм: «Адон нæл сæгуыт æмæ сыл сæгуыт сты.., Адон, растдæр зæгъгæйæ, нырма уарзæт- тæ уыдаиккой, кæмдæр оæ зæрдæйы дзæбæхæн, æвæц- цæгæн, тезгъо кодтой, сæ цардыл радысты. Фæлæ ныр кæсут сæ хъыомæтмæ?! Нæл сæгуыт дæр нæ фервæз- дзæн». Адæм сæ тæригъæдæй ныккæрзыдтой. Ацырухс йæ уарзт йæ риуы ныххуыдуг кодта æмæ Андойы раз æрбалæууыд: «Цъаммар, хъæды сырд!.. Абонæй фæстæ- мæ мæнæй дард, æнаккаг!» Æмæ уæд Андо йæ сæр фе- сæфта Германы хæстмæ. Ацырухсы амардтой меньше- виктæ. Андо куы базæронд, уæд æрыздæхт йæ райгуы- рæн уæзæгмæ æмæ сæ хъæуы фос хизы. Зæххыл рæсугъддзинад æмæ уарзондзинадæй хуыз- дæр ницы ис æмæ сæ марын нæ хъæуы — ахæм у лири- кон хъайтар æмæ Андойы поэтикон хъуыды. Ууыл баст цæуы фыдыбæстæм уарзондзинад дæр — разæй лирикон хъайтары уарзт хæхтæм таурæгъы кæрон композицион- ндейон æгъдауæй бæлвырдгонд цæуы Андойы даргъ царды хатдзæгæй: «Фыдыуæзæджы уарзондзинад иууыл тыхджындæр кæй у, уый фæстæдæр базыдтон». Алцæмæй дæр фервæзæн ис, «фæлæ ууыл къух сисæн нæй». Михалы прозæ сæйраджыдæр фæлгъауы моралон- этикон проблемæтæ, номхуындæй уарзондзинады пробле- мæ. «Фæсмонгонд цуанон»-ы романтикæ йæм алкæмдæр æмхиц у, фæлæ æмткæй йæ прозæ цæуы конкретон-пси- хологон реализммæ. Æддагон цаутæ, хуызтæ, уавæртæм уыйбæрц йæ хъус нæ дары, — фылдæр æй æндавынц адæймаджы миддуне, уарзты гуырысхотæ, хъизæмартæ æмæ æнæнцой ивæнтæ. «Фæстаг фыстæг» — афтæ хуыйны йæ иу радзырд. Фыстæг у сæрæй кæроимæ, лæпну чызгмæ фыссы сæ дыууæйы уарзты хабæрттæ æмæ дзы аразы, цæуыл хъуа- мæ ныллæууой, уыцы хатдзæг. Михалы прозæйан уац- \\2
мыстæ иууылдæр сты фыстæджытæ, чи сæ дзуры, уыцы лирикон хъайтарты уарзты фыстæджытæ. «Фæстаг фыстæджы» лирикон хъайтар ахуыргæнæг у, чызг та — быдыры кусæг. Хъазтизæрты зарыдысты æмæ кафыдысты иумæ. Чызг смой кодта Елдарты Исахъ- æй. Лæппуйæн зын уыд семæ иу хъæуы цæрын æмæ ацыд æндæр радмæ кусынмæ. Æрхаста ус, райгуырд ын сывæллон. Фæлæ йæ ус Нинæ амард. Сывæллоны рар- выста йæ мадмæ. Иугæцдзон æм йæ зæрдæ кæй æхсайд- та, æшæ йæ саби цæрьш йæ бон кæй нæ уыд, уымæ гæс- гæ фæстæмæ æрцыд сæ хъæумæ. Ам та сног йæ раздæ- ры æнкъарæн, чызг дæр ын йæ уарзт раргом кодта, йæ лæгæй иæр ахицæн, фæлæ лирикон хъайтар иемæ нæ бацард >-.æйраг аххосаг — чызг, дам, ын йæ сывæллоны нæ уарзы, лæппуйы мады дæр, дам, нæ уарзы, Исахъæй дæру яам, уымæн рахицæн, æмæ йын сывæллон н«ыййа- рыныл нæ рагы кодта. Цахæм у лирикон хъайтар æмæ радзырды аивадоп логикæ? Лæппу æгæрон бирæ уар’зы чызджы. Йæ мид- былты йæм фæхудт кæнæ йæ кафынмæ рахуыдта, уæд йæхицæй амондджындæр никæй æнхъæлдта. Хъæуæй дæр уымæн ацыд, æмæ йæ уарзтæй тарстис, уæгъд æй нæ уагъта, хъизæмар ын æвзарьш кодта. Ус куы ’рхаста, уый фæстæ дæр нæ аивта, мисхалы бæрц дæр нæ бай- сыст йе ’нкъарæн. Æ(мæ йæм чызг йæхæдæг куы ’рба- цыд, йæ лæгæй дæр куы ахицæн, уæд ма йæ æндæр цы хъуыдис? Ам фергом Михалы прозæйы сæйраг ныхмæвæрд: иуырдыгæй ис æгъдау, фæтк, æфсæрм, этикæ, иннæрды- гæй та — зæрдæ, йе ’нкъарæнтæ æмæ йæ бæллицтæ. Адон кæрæдзиимæ тох кæнынц, куы иуырдæм ахæцынц, куы — шшæрдæм. Адонæй кæнгæ у Михалы уарзтыдра- матизм, йæ хъуырдухæн. Лирикон хъайтар йæ уарзты «хурхыл лæууы». Иæ аргументтæ: «Цыма искæй бауарзынæй Нинæйы рухс ном счъизи кодтаин, афтæ-иу мæм каст». «Куыд ис уый гæнæн, æмæ искæй усмæн уарза, æз дæр æй уарзон æмæ мæ азымæй искæй бинонты цард ныххæлæттаг уа». «Ис- кæй усы уарзын, уый мæ куы айхъуыстаид, уæд бынтон мæ 1Ном сæфти æмæ ма мæ профессийы лæг уавд цæмæн у». «Хъæубæстæ загътаиккой, йе ’мгар, йе ’мзæххонæн йæ усы байста, зæгъгæ». Уыдæттæ дæр æм фаг нæ фæ- кастысты æмæ æппынфæстаг æрымысыд, сывæллон, дам, 8 Дзуццаты X. 113
нæ уарзы (цæуылнæ уарзы, уый бæрæг нæу). Æмæ æп- пæт уыдæтты тыххæй (йæ кадæн сæфынæй кæй тæрсы æмæ чызг сабиты кæй нæ уарзы, уый тыххæй) уынаф- фæ кæны йæ уарзонæн: «Бацæр фæстæмæ Исахъимæ. Дæхимæ фидар удыхъæд разынын кæн, ферох мæ ,кæн». Афтæмæй уарзтыл фæтых æгъдау, этикæ. Иæ «Фæс- монгонд цуанон»-ы та н,ын бæлвырд кодта, зæгъгæ, уарзт марын фыдракæнд у. Чи зоны, аив ,нæу искæй усы уар- зы!Н, чи З01ны, æхсæнады этикон нормæтæ уазал зондæй æххæст кæнын пайда у, фæлæуæдуарзт тæригъæднæу? Фæстагмæ аххосаг сылгоймагæн йæхимæ кæй аппæрста (ома сабиты нæ уарзы), уый ницы уырнинаг аргумент у. Лæджы афтæ тынг чи уарзы, уый йы,н йæ сабиты ма уар- за, уый гæнæн нæй. Сылгоймаджы азымы даргæйæ, ли- рикон хъайтар йæ рæзтæ æхсæды, йæ архайдæй бæрæг у, йæ кад æмæ йæ номы мæт кæны, йæ царды дзæбæ- хыл ауды, хьшцгæ-меркамтилон зонды цагъар у. Иу ран зæгъы: «О, фæлæ зæрдæ, зæрдæ уыд аххос- джын! Уый мæкъухы нæ уыд, мæ бардзырдмæ нæ хъуыс- та». Лирикон хъайтар йæ зæрдæйы фæдыл нæ цæуы, уый бæсты зæндтæ амоны йæ уарзонæн, йæ «бардзыр- дæй» сбаста йæхи æмæ дзы хъуамæ сбæтта чызджы æн- къарæнтæ дæр. Уый сæ дыууæйæн даэр (æмæ чиныгкæ- сæгæн дæр) удхар æмæ сагъæсы хос у. «Фæстаг фыстæджы» лирикон хъайтары миниуджытæ характерон сты Михалы иннæ уацмысты архайджытæн дæр. Хатт нæм афтæ дæр фæкæсы, цыма се ’ппæт дæр сты уыцы иу адæймаг, кæд оæ професситæ, сæ царды æууæлтæ иугъуызои не ’ркуырдтой, уæддæр. Уацау «Æрмкъухтæ»-йы лирикон хъайтар Мухтъар, хæххон инженер, æрыго,н лæппу шахтерты поселочы йæ къах нæма æрæвæрдта, афтæ фæндагыл машинæйы ба- зонгæ Разиатимæ, йæ «удæнцой кæй тыххæй фехæлд, уыцы гуырвидыцимæ». Бауарзта йæ фыццаг фембæл- дæй, фыццаг бакастæй. Ие ’нкъарæнмæ гæсгæ йын ро- мантикон уагæй æвдисы йе ’ддаг хуыз, уæлдайдæр йæ цæстытæ. «Ахæм диссаджы цæстытæ, æвæдцæгæн, ни- куы уыдзæн». «О, уыцы цæстытæ, уыцы рæвдаугæ æн- гас...» Ам уынæм Михалы æндæр ныхмæвæрд: æддаг ба- каст, ^буары фидыц æмæ мидæггаг апп, зæрдæйы мидцс, кæрæдзимæ сæ ахаст. Уый фæдыл дзырдта йе ’мдзæвгæ- ты дæр. «Хæрзбон, мæ зынаргъ, æмæ у фæндараст» æм- 114
дзæвгæйы лоэт зæгъы, бакастджын, фæлæ рæузонд, схъæластæу лæппуйы чи равзæрста цардæмбалæн, уы- цы уарзон чызгæн: Мæ уды фидыц дæу, мæ бон, нæ фæни, Ды агуырдтай æддаг уындæй рæсугъдтæ. Радзырд «Фæстаг фыстæджы» чызг у тынг рæсугъд. Лирикон хъайтар йæхæдæг уадиссаг уындджын нæу. Радзырды чысыл штрихы хуызæн чи у, уый уацауы ах- сы ахсджиаг бынат. Разиатæн йæ бакаст æмæ йæ уды- хъæды ’хсæн ахъаззаг контраст ис. Ууыл амад цæуы йæ фæлголц. Ие ’ддаг бакастæй сцымвдис кодта Мухтъа- ры йæ зæрдæйы мидкондмæ. Æмæ базыдта: йæ фыд хæсты фесæфт, ’ардæм æй æркодта йе ’фсымæр Датто, айстой йæ хæххон цехы батарейтæ кæнæджы куыстмæ. Датто — базарады кусæг — арæх цыд хъæутæм, чызг- иу цасдæр иунæгæй баззад. Æвæлтæрдæй, æстдæсаздзы- дæй йыл сайд æрцыд. Мухтъар йæхæдæг дæр федта, це- хы йын иу лæппу уæлдæфон пъатæ куыд кодта æмæ йæм чыэг куыд худти, клубы та йын æндæр лæппу йæ цонгыл куыд фæхæцыд æмæ йæ тыхæй кæдæмдæр куыд ласта. Æмæ та зонд æмæ зæрдæ тохы бацыдысты. Иуæй, Разиаты уарзондзинадæй романт,икон рухс сæнтты фæ- фардæг вæййы, иннæмæй, йæ цардыл ын куы ахъуыды кæны, уæд саудалынг сагъæсты ныххауы. «Æппæтыл дæр хъæцин, æппæт дæр ын ныххатыр кæнин, фæлæ ахæм сылгоймаджимæ йæ цард сбæттын лæгаулæг, æвæццæгæн, никуы бахæсдзæн йæ сæрмæ». Æмæ йæ хæдфæстæ— гимн Разиатæн: «Цы мæ бадомид, изæры куыстæй фæлладæй хæдзармæ æрцæугæйæ, уыцы цæс- тытæ мæнмæ куы кæсиккой рудзынгæй, мæныл куы узæликкой. Бандо.ныл æрбадгæйæ, уыцы уæздан къух- тæ мæ уæхскыл куы авæрид, куы мæм æргуыбыр кæнид æмæ ныртæккæ быдæй чи фæиппæрд вæййы, уыцы æгом- мæгæс дзыккуйы æрдутæ бындзыггай ме уæхскыл куы ’ркæликкой». Чысыл дæлдæр йæхи амондджььн хоны, Разиаты кæй базыдта, а.м кæй кусы, уый тыххæй: «На- уæд афонмæ искæй хæдзары чындзы митæ кæнид, стæй мьш комгæ дæр бакодтаид? Æцæг æнамонддзинад уæд уыдаид». Михалы хъайтарты зæрдæ иувæрсыг, топпы фатау 115
раст нæу. Хъæбæр, скъуыддзаггæнæн уынаффæтæ ра- хæссынц сæхицæн æмæ искæмæн, афтæ дæм фæкæсдзæн, зæгъгæ, ныр алцыдæр бæрæг у, фæлæ тагъд ма кæн: зæрдæйы змæлдтытæ алыхуызон, вазыгджын сты, куы — чердæм аздæхынц, куы — чердæм. Æиæнхъæлæджы фæ- фæлдæхтытæ, æваст æмæ цæхгæр фæзилæнтæ — уый йьш у характерон. Адæймаджы базонын — уый йы’н у сæй- раг. Кæд дзы алы хатт алцыдæр психологонæй æмæ аивадонæй фаг мотивировкæгонд не ’рцæуы, уæддæр. Разиаты уарзтæй хъуырдухæн кæнгæйæ, Мухтъар йæ зæрдæйы ныхмæ слæууыд, чызгыл кæны фæлварæн- тæ, ныллæууыд ын зондамонæгæй. «Æз ме ’нкъарæнтыл хъадамантæ бакæндзынæн, мæ зæрдæйы бæллицтæ мæхи къухæй ныххурх кæндзынæн, æрмæст ахæм цард- бæллон чызг йæ монцы амæттаг ма фæуæд». Зонгæ-зо- нын, барæй монцæй бæрзонддæр æвæры æгъдау, этикæ. Æмæ клубæй иумæ куы рацыдысты, уæд ын амоны, зæгъгæ, уарди «алкæй къухты æнцонæй куы ’фта, уæд йæ рæсугъддзинадæн аргъ нал уыдзæн... Мæн уый фæнды, цæмæй дæ фæхудт, дæ уынд æрмæстдæр иу адæймаджы зæрдæ тава!..» Мухтъары фæнды, цæмæй Разиат рæсугъд уа канд уындæй нæ, фæлæ — сæйра- джыдæр — удыхъæдæй. Фæнды йæ, цæмæй Разиат бам- бара йæ фæндаджы тæссагдзинад æмæ йæхи ма сафа. Уыцы нысаны сæрвæлтау ын Мухтъар йæхæдæг хъуамæ равдиса цæвиттон — фæнды йæ, куы йын апъа кæнид, фæлæ йе ’нкъарæнтыл хъадамантæ бакодта. Разиат æцæгдæр ивын байдыдта. Уый дæр мид- хъуырдухæнты хай фæцис. Иу шахтерæн йе ’хсæрфарс пырхкъухæй дзæхст дæр ныккодта, æнæгъдау дзыхæй йæм куы сдзырдта, уæд. Изæрон скъоламæ бацыд ахуыр’кæнынмæ. Мухтъар не ’фсæст йæ «хъуыдыджын цъæх цæстытæм кæсынæй». «Разиат удæй дæр бæрæг сбæрзонд». Чызг бамбæрста йæ рæдыд, йæ худинаг, йæ царды æцæг мидис. Сыгъдæг кæнын байдыдта, ард ба- хордта Мухтъарæн, зæгъгæ, «дæу тыххæй судздзынæн, дæу тыххæй амæлдзынæн, иунæг дæ ном уыдзæн мæ зæрдæйы фыст». Æмæ йыл Мухтъар нал гуырысхо код- та. Ногæй — цыма алцыдæр бæрæг у. Фæлæ тагъд ма кæн. Ныр фынддæс мæйы фæлвары Разиаты æмæ йын фæлвæрд нæма фæци: «Ныры онг Разиаты рæстмæ нæ- ма бамбæрстон». Æмæ Мухтъары зондамынд, алы мен- 116
торон зондамындау, сæнад и чызгæн дæр æмæ махæн дæр. Цардæгас æнкъарæн расты йæ ныхмæ. Разиатимæ хæдзары куы бадынц, Разиат ын хъæлдзæг, райгæ ны- хас куы кæны, фынг ын куы ацæттæ кодта, хъазгæйæ йын йе ссадæйдзаг æнгуылдз йæ уадулыл куы асæрфта, йæ уарзондзинад æм райхæлгæ уардиау рæдауæй куы ивазы йæхи, уæд ыл Мухтъар та æнæууæнк кæны, хи- барæй чызгимæ бадынæй йæм концертмæ ацæуын хуыз- дæр кæсы, нæ хъусы Разиаты уарзты сидтмæ, нæ йæм байгом кæны йæ тæрттæ. Диваныл куы ’рбадтысты, уæд чызг йæхи æгасæй дæр радта Мухтъарæн, «гæдыхъæдау ризгæ мæ йæ тых, йæ бонæй æлхъывта йæхимæ, йæ уа- дултæ, йæ къуыбыр риутæ мын мæ буар, цырагъау, сыгътой... — Дæхимæ фæкæс! — сæнт хъæр ыл фæкодтон æмæ йæ мæхицæй атыдтон. Чызг диваныл дæлгоммæ фæлдæхтæй, уадзыгау, лæу- уыдис». Афтæмæй Мухтъары уарзт рахызт æфхæрдмæ. Зонд- амонæг, æгъдауы сæрхъызой бар-æнæбары разынд уарзты марæг. Уый фæстæ Разиат фæрынчын, æрцыд æм Мухтъар æмæ, цыма, æцæгæлон у, афтæ дары йæхи. Ма йæ хъыг дарон, зæгъгæ, ахъуыды кодта Мухтъар æмæ рафардæг ис. Ау, уарзон адæймаг уарзон адæйма- джы ахæм рæстæджы куыд хъуамæ хъыг дара? Иунæ- гæй йæ ныууадз йæ низимæ—^уый у уæдæ уарзты æв- дисæн? «Фæстаг хатт ын пъа дæр нæ акодтон, уый мæ- нæн ныббаринаг у? Æниу хъуыдис? Разиат рынчын уыд, мæ пъа йæ не ’ндæвта», — йæхи рæстытæ кæны Мухтъар. Иæ уарзоны рынчынæй ныууагъта æмæ иу мæйы æмгъуыдмæ геологтимæ ацыд хохмæ. Æмæ ца- лынмæ здæхт, уæдмæ Разиат базонгæ æрыгон дохтыри- мæ. Мухтъар сæ федта иумæ тезгъогæнгæ, фæлæ куы фембæлдысты, уæд дзы иу дæр раст ныхас нæ загъта. Мухтъар ын пъа кæнынмæ хъавыд, Разиат йæ сæр иуварс азылдта: «Нæ хъæуы, ныр æнафон у, уазал. Хæдзармæ цæуыны рæстæг у». «Сом мæ нæ равдæл- дзæн, бирæ куыстытæ мын ис, æндæр хатт». Æнæууæн- кæн — æнæууæнк, уазалæн — уазал. Разиат райста Мух- тъарæн йæхи позæ æмæ йæ цæвы йæхи амалтæй. Иугæр уарзтæй фæтк, æгъдау, хынцгæ меркантилизм хуыздæр у, уæд гъа — хæц ыл! Бæрæг нæу, Разиат дохтыры уар- зы æмæ йæ уарздзæн æви нæ. Æцæг, йæхæдæг фыссы, 117
зæгъгæ, иугæр йæ зæрдæмæ фæцыдтæн, уæд дзы мой- кæнынвæнд скодтон. Фæлæ мах зонæм: Разиаты ащл къахдзæф у мастисæн, фыддæрадæн ми. Уарзты æфхæрд нæ бабыхста æмæ ацыд æндæрмæ. Гъай-гъай, хорз нæ бакодта, йæ сонтæй йыл сайд кæй æрцыд, уымæй, фæлæ хорз нæу Мухтъары хынцгæ меркантилизм дæр. Сæ иу дæр — фауинаг æмæ се ’ннæ дæр, сæ иуæй дæр — æф- хæрд æмæ се ’ннæмæй дæр. Дыууæ æрыгон адæймаджы фембæлд æнæхъуаджы нæ уыдис. Сæ дыууæ дæр кæрæдзийæн бирæ цæмæйдæр- ты байгом кодтой сæ цæстытæ, цард æмæ уарзты ми- дис хуыздæр æмæ арфдæр бамбæрстой. Мухтъары зонд- амындтæ æмæ йæ уагахаст Разиаты сраст кодтой мо- ралон-удон æгъдауæй. «Æз кæд адæмы ’хсæн ацæуын æмæ мæ исчи адæймагыл банымайы, уæд уый иунæг дæ фæрцы у. Афтæ мæм кæсы, цыма дæ фæрцы æз дыккаг хатт райгуырдтæн». Мухтъар дæр; чи зоны, æрфæсмон кæна йæ хынцгæ меркантилизмыл æмæ дзы йæхи бахи- за дарддæр. Уый тыххæй уацауы комкоммæ ницы зап>- дæуы, фæлæ мах ахæм хъуыдыйыл æфтауы Мухтъары фæстаг гуырысхо: «Чи зоны, раст у Разиат... О, чи зоны...» Уацауы рецензент Булкъаты Михал (газет «Советон Ирыстон», 1962 азы 9 декабрь) раст фауы Мухтъары хъынцымдзинад, амоны, зæгъгæ, Разиатмæ каст «натур- щикы цæстæнгасæй» æмæ сæ уарзтæн «афтæ æнæрцæу- гæ нæ уыд». Æмткæй уацауæн æвæрццаг аргъ скæц- гæйæ, рецензент не ’мбаахсы йе ’нæразыдзинад: «Дыууæ æвзонг адæймаджы сыгъдæг уарзондзинады згъæлæн- тыл кæй сагъæс кæнæм, уый нын нæ зæрдæйыл æвæры цахæмдæр уазал мигъы фæлм». Уый афтæ у æцæгдæр, уацау чиныгкæсæгмæ æвзæрын кæны ахæм æнкъарæн. Фæлæ дзы амондджын кæрон куы уыдаид, уæд уымæй уацау ницы рамбылдтаид. Афтæ кæй фæуд кæны уацау, уымæй автор бæлвырд кæны цард æмæ уарзты вазыг- джындзинад. Мах дзы уынæм уарзты хъуырдухæн, дра- матизм, уынæм дзы хъуыдыгæнæг æмæ сагъæсгæнæг адæймæгты фæлгонцтæ æмæ дзы сæйраг у авторимæ сæ иумæйаг тырнынад сыгъдæг æмæ хъæздыг удыхъæдмæ. Хуымæтæджы нæ фæуд каены уацау ахæм фæлгонцæй: хæхтьг «сæрмае ноггуырд, æхсырф мæй йæ уд уæлдай кодта сау мигъы рæхыстæй йæхи атоныныл». Йæ хъай- тартæ конкретон уавæрты рæдиой æви нæ рæдиой, нæ 118
зæрдæмæ цæуой æви нæ цæуой, раст уой æви зыльш уой, уæддæр, уымæ æнæкæсгæйæ, автор бæллы талынгæй рухсмæ, æвзæрæй хорзмæ, чъизийæ сыгъдæгмæ æмæ йæ фæнды, ууыл К|уы хъуыды кæнид йæ чиныгкæсæг дæр. Уадз, йæхæдæг сын бамбарæд сæ раст дæр æмæ сæ зылын дæр, йæхицæн дзы рахæссæд аккаг уынаффæтæ, æрмæст æнцад-æнцой ма уæд, цæттæ схемæйыл æвæл- монæй ма цæуæд. Йæ хъайтарты уарзт гакъон-макъонтæ, æнамонд æмæ хъизæмайраг кæй у, уый у æгъдау æмæ зæрдæйы ’хсæн конфликты аххос. Схицæн дзы уой, фервæзой дзы, уый сæ бон нæу æмæ, чи зоны, уымæй бæрæг кæны автор æмæ йæ хъайтарты бæллиц: уыцы конфликт иуы фесæфид, цард куы уаид гармонион, рæс- таг, амондджын æмæ сыгъдæг. Михалы прозæйы сюжеттæ сты дыууæ адæймаджы уарзты историтæ. Сæ алыварс цы ис, цытæ цæуы, уыдон лæмбынæг нæ фыссы, нæ сæ ’вдисы лыстæггай. Уыдон 'Сын иууылдæр сты фон, уымæй дæр рох фон. Цыдæрид- дæр комкоммæ баст нæу дыууæ уды уарзтимæ, уымæн уæлæнгæйтты йеттæмæ ницы базонæм. Уацау «Æрм- къухтæ»-йы даргъ бацæуæн — лирикъон хъайтар Къа- хетæй йæ мадимæ куыд рараст, цы хъуыдытæ кæны, цытæ мысы, уыдон (кæд хорз фыст сты, уæддæр) иде- йон-композицион æгъдауæй ницы ахъаз кæнынц уаца- уæн. Шахтерты поселочы мад цы баци, куыд цæры, цы хуызæн у— бынтондæр æй рохуаты ныууагъта. Афтæ у йæ куыст дæр — зæгъгæ, куыст дзы нæй, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Иу-дыууæ абзацæй нын инфор- мациау фехъусын кæны, кæм куыста, цы куыста, уыдæттæ. Цы адæймæгты кой кæны, уыдонæн дæр дзы фылдæр хатт сæ нæмтты йеттæмæ сæхи нæ уынæм (æр- мæст фынджы уæлхъус зылынбæрзæй Даттойы колори- тон фæлгонцыл куынæ дзурæм, уæд). Йæ поэзийау, йæ ттрозæйы дæр эпикæ (цаутæ, архайд) лирикон хъайта- ры миддунейæн лæггадгæнæг у. Афтæ у уавæр уацау «Бæллицты базыртыл» дæр. Æцæг, ам скъоладзау лæппу æмæ чызджы ахуыры хъуыддæгтæ ирддæр, бæлвырддæр сты. Географийы урок (куыд цардæгас у, цас юмор дзы ис!), цъæл кеп- кæджын лæппу Исмелы портрет, бæрæгбонон споктакль, мæсгуыты коммæ экскурси, Симоны ныхас зæронд æмæ ног фæлтæры тьгххæй, скъолайæ рауадзыны куывд - .адон казд фон не сты, — оæрмагонд нысаниуæг дæр ма 119
сьш ис. Гъе, фæлæ уæддæр иу хахх цæуы уацауы — Мы- сост æмæ Шурæйы уарзт, сæ ахастытæ. Уыдон дæлбар сты уацауы æппæт цаутæ æмæ афыстытæ. Уæлдæр кодтон поэмæ «Фыццаг уа!рзондзинад»-ы кой. Æвæццæгæн, æнæфæудæй кæй баззад, уымæн йæ аххосæгтæй иу уыд уацау «Бæллицты базыртыл». Æи- цон рахатæн у, поэмæйы хæстæй иудзонгонæй чи ’рцыд,. уыцы Симон -кæй у уацауы чызг-хъайтар Шурæйы схъо- мылгæнæг фыд. Уацауы дæр Симон хуыйны йæ ’ном. Ле- нинграды цур ныууагъта йæ галиу цонг. Сæхимæ куы здæхт, уæд иу станцæйы федта авд-астаздзыд уырыссаг сидзæр чызджы æмæ йæ ракодта йемæ (тюэмæйы дæр æмæ уацауы дæр Симон æнæзæнæг у). Гъе, æмæ поэмæ- йы цытæ хъуамæ æрцыдаид, уыдон æрцыдысты уацауы лирикон хъайтар Мысост æмæ Симоны кæнгæ чызг Шу- рæйы ’хсæн. Æвæццæгæн, уыцы чызг уыд поэты реалон уарзт, йæ раг æмдзæвгæтæй бирæтæн цæрæнбон радта уыцы чызджы сурæт (акромдзæвгæ «Зынгсирвæзт»-ы уæлейæ бынмæ ставд дамгъæтæй кæсæм: «Сурæйы уар- зын»). Иу къласы ахуыр кæнгæйæ, дыууæ æрыгон уды ба- уарзтой кæрæдзи. Уыцы уарзты бирæ ’хион романтикæ пс. Ахуырæй-иу сæ куы суæгъд кодтой, сæрды улæфты рæстæджы, уæд-иу Мысост ссыд Æрсыты рагъмæ хос кæ- рдыны ’фсон — уырдыгæй касти Шурæты ныллæг хъæ- дын хæдзармæ. Рæсугъд бæллицтæй мæсгуытæ амадта. Бадзырдтой, цæмæй иумæ ацæуой уæлдæр ахуырмæ. Шурæ йын ардбахæрæгау загъта: «Демæ æз кæдæмдæ- риддæр ацæудзынæн, суанг ма ингæнмæ дæр. Демæ, æр- мæстдæр демæ». Цы сæ хъуамæ бахъыгдардтаид? Фæлæ та ам дæр фæзынд ныхдур. Мысосты хæлар Хъасбол дæр бауарзта Шурæйы, йе ’нкъарæн раргом кодта Мы- состæн æмæ дзы ракуырдта, цæмæй йын баххуыс кæна. Æмæ та сыстад ныхмæвæрд: уарзт æмæ хæс, зæрдæ æмæ ’гъдау. «Нæ, зæгъын ын хъæуы, Шурæ иунæг мæн кæй уарзы, Хъасболæн кæй никуы сразьт уыдзæн. Зæ- гъын ын хъæуы æргомæй... Фæлæ уæд... Уаед æмгардзи- над та? Уый мæн йæ адджындæр хæларæн куы равзæр- ста. Нæ, уый аив нæ уыдзæн». Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ Хъасболы фæндон сыцæг. Куыддæр экзаментæ рад- той, (афтæ Хъасболы бинонтæ бадзырдтой Шурæйы би- нонтимæ æмæ чындзæхсæвмæ цæттæ кæнын байдыдтой. Æфсæрм æмæ æмгары хæс Мысостæн йе уæнгтæ сбаста.. 120
Ис1ы сараза йæхи æмæ чызджы амондæн, уый йæ бон набу. Шурæимæ бадзырдтой, зæгъгæ, сæ документтæ куы райсой, уæд иумæ сусэегæй алидздзысты хъæуæй. Мы- сост зоны, уавæр мæгуырау у, цырд фæлæууын хъæуы, фæлæ уый бæсты ацыд горæтмæ, йæ кæсдæр æфсымæры æфсæддон скъоламæ бахауын кæныны тыххæй. Чидæр адам кодта, Мысост, дам, афардæг ахуыркæнынмæ. Уæд Шурæ, йæ мады хъыг ма райсыны тыххæй, смой кодта Хъасболæй. Мысост йæхи мидæг хъизæмар кæны: «Мæ адджындæр хæларæн йæ усы байсон?? О, цы саерхъæн хъуыдытæ мæм февзæры!..» Афтæмæй та ногæй уарзт амардтой. Амардтой йæ Мысост æмæ Шурæ сæхæдæг, æгъдау æмæ æфсæрм фе- халынæй кæй тарстысты, пассивон кæй уыдысты, сæ уд- тæ хъысмæты бар кæй бакодтой, уый тыххæй. Дарддæр æгъдау æмæ уарзты ’хсæн ахастытæ аив- той. Мысост каст фæци институт, кусы ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Йæ фысым Сарди йæ базонгæ кодта йе ’мкусæг агроном Азæимæ, бафидыдтой, хъуамæ счын- дзæхсаев кæной. Фæлæ Мысост лекци кæсынмæ æрцыд сæ хъæумæ, Базыдта Шурæйы хабæрттæ: йæ лæг æфсæддон скъола- мæ ацыд, уым ног ус æрхаста. Шурæ сфыдуынд, хæдза- ры цагъар сси. Мысост æфсæрм æмæ меркантилизмыл йæ къух сис- та уарзты сæрвæлтау. Азæйы нал ракуырдта, æрцыд Шурæмæ æмæ иумæ хъуамæ бацæрой. Ам, цыма, амондджын кæрон йс, цыма зæрдæ æгъда- уыл фæуæлахиз, фæлæ уарзт уæддæр æнамонд у — Шу- рæйæн, Мысостæн æмæ Азæйæн дæр. Кæд Мысост дзу- ры, зæгъгæ, «ды мæпæн нырмæ дæр иу хатты Шурæ дæ, мæ эæрдæ нырма дæр, раздæрау, рæмудзы дæу тых- хæй», — кæд афтæ дзуры æмæ раст у, уæд къаддæр раст нæу Шурæйы ныхас дæр, зæгъгæ, «Хъасбол, лæзæрд æр- чъиау, бырондонмæ кæй аппæрста», уымæ цæмæн æр- хаудтай. А-царды æвæдæй ницы сæфы, ивгъуыды маст æмæ гуылмызтæ, зæрдæйы хъæдгæмттæ æнцонæй никуы сихсийынц, никуы байгас вæййынц. Æз кæддæр бафаудтон Михалы уацау, уарзты «æр- тæкъуымон» дзы кæй ис, уый тыххæй (газет «Советон Ирыстон», 1958 азы 23 ноябрь). Æгæр зонгæ, æгæр тра- дицион-иударон мæм фæкаст: дыууæ лæппуйы уарзынц чызджы, иу — бирæ, иннæ — цъус. Чызджы ракуры, 121
хъаддæр æй чи уарзы, уыцы лæппу, сайдæй йыл рацæ- уы, ныууадзы йæ, æмæ йæм уæд, æцæгæй йæ чи уарзы, уыцы лæппу ратты йæ къух. Æвæццæгæн, æз æгæр карз уыдтæн, æгæр иувæрсыгæй бацыдтæн уацаумæ. Уымæн æмæ Михалы прозæйы сюжеттæ куы райсæм сыгъдæгæй, бæгънæгæй (ома сæ айдагъ стæгдартæ), уæд æцæгдæр ног, оригиналон не сты. Фæлæ Михалы прозæ сæйраджы- дæр сюжетты стæгдартæй аразгæ нæу. Уый цæрдхъом у йæ хъайтарты конкретон ахастытæй, ныхмæвæрд æн- къарæнтæ æмæ хъуыдытæй, психологон диалектикæйæ. Ахæм у Нартыхты Михалы сфæлдыстады идейон-аи- вадон дуне. Ахæм у йæ фыст æмдзæвгæ. Фыст чи не ’рцыд, йæ зæрдæйы æцæг æмдзæвгæ кæй хуыдта, уый йемæ ахаста æмæ йæ мах никуы бакæсдзыстæм. 1970 122
3 НЫРЫККОНДЗИНА Д- ПОЭЗИЙЫ УЦ ÆМÆ ДЗÆЦЦ 123
КУЫД ХЪУАМÆ АРГЪ КÆНÆМ, ЦАХÆМ КРИТЕРИЙÆ? Уац «Фæндæгтæ æви алвæндæгтæ?»-йы (журнал «Фидиуæг», 1965, № 10) Скифирон зæгъы, зæгъгæ, мах- мæ нæй «объективон, квалификацион ^æмæ принципон» критикæ. Уымæ гæсгæ «чиныгкæсæг хаттæй-хатт нæ фæ- зоны, утæппæт автортæй æмæ уыдоны уацмыстæй чи цы раны ис...» Автор кæны æрмæст Хъодалаты Герсаны ре- цензиты кой, раст сын фиппайы сæ хъуагдзинад: рецен- зент лæмбынæг не ’взары æрыгон поэтты уацмысты идейон-аивадон конд, фæлæ сæ æппæлы иумæйаг «уæл- монц ныхæстæй». Æз æнхъæлдтон, зæгъын, Скифирон йе ’мкар, йе ’мсис лæппуйы згъуыд æрвонг зондæй сраст кæндзæн æмæ æрыгон поэтты «уацмыстæй чи цы ран ис», уый нын бацамондзæн, «объективон, квалификацион æмæ прин- ципон» критикæн куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ мæ Ски- фирон фыдæнхъæл фæкодта. Герсан кæд æппæлгæ кæны (бынтон иувæрсыгæй нæ), уæд Скифирон та кæны æр- мæст æфхæргæ (бынтон иувæрсыгæй). Æлборты Хаджу- мар, Хъодалаты Герсан, Плиты Феликс — чи сæ «цы ра- ны ис»? Скифирон зæгъы, зæгъгæ, сæ уацмысты æвзаг нæ бæззы, се ’мдзаевгæйы формæтæ нæ бæззынц, дуджы ми- дис не ’вдисынц. Чи сæ «цы раны ис»? Иу дæр дзы поэ- зийы «раны» нæй æмæ йæ уац фæци лозунгæй: «Тох са- майын хъæуы, ныллæгидейон æмæ ныллæгаивадон æм- вæзадыл фыст цы уацмыстæ ис, уыдон ныхмæ. Тох — джиппæйфыст цъыбар-цъыбуры ныхмæ, æгъуыз æм- дзæвгæты ныхмæ—æцæг поэзийы сæрвæлтау». Скифирон йæ уацæн дæтты теоретикон ахаст. Иæ хъуыдытæй бирæтæ раст сты, фæлæ цы конкретон æр- мæг æвзары, уыимæ сæ кæй нæ бæтты, уымæ гæсгæ цы- ма уæлдæфы ауыгъдæй баззадысты, афтæ кæсы чиныг- кæсæгмæ. Хаттæй-хатт кæрæдзийы ныхмæ афтæ цæхгæр слæууынц, æмæ зын бамбарæн вæййы: уæддæр цы хоны 125
автор хорз кæнæ æвзæр, раст кæнæ зылын. Скифирон хъызы «æцæг поэзийы сæрвæлтау». Фæлæ цы у уыцы «æцæг поэзи» — нæдæр æй теоретиконæй равдыста, нæ- дæр искæй уацмыстæй. Æз афтæ нæ зæгъьгн, æмæ критикæ ма хъуамæ архайа кæнæ æрмæст сау ахорæнæй кæнæ æрмæст урс ахорæ- нæй. Ис ахæм уацмыстæ, æмæ кæрæй-кæронмæ сты урс ахорæны аккаг. Ис ахæмтæ дæр, æмæ кæрæй-кæронмæ сты сау ахорæны аккаг. Критикæ хъуамæ конкретон æрмæгмæ гæсгæ пайда кæна алы ахорæнтæй дæр, хъуамæ ма уа былдауæн, цæстмæхъус, вульгарон кæнæ либералон. Ахæм та уæд. уыдзæн, кæд æмæ йæ фидар æнцой уа сæйраг скъуыд- дзаггæнæг критери (царды дæр æмæ аивады дæр) — рæстдзинад. * * # Фыццаг уал райсæм Æлборты Хаджумары æмбырд- гонд «Фæдисон». Фыццаг уал дзы бакæсæм Ирыстоны тыххæй æмдзæвгæтæ. О, мæ рагон, ме ’рыгон адæм, Æз дæ райсом, дæ изæрыл сагъæсæй Цинæй масты ’хсæн судзгæ лæууын. Ирыстоны ивгъуыд, йæ абон, йæ фидæн — уымæй цæ- ры поэт. Ирыстон — Зæххы иу хай — баст у бирæ тæг- тæй иннæ адæмтимæ. Уымæ гæсгæ — «у мын дуне æрд- хорд æмæ ’фсымæр». Ирыстоны уарзт поэты балцы цæуын кæны (æцæгæй æмæ йæ сæнтты) дунейы тыгъдад- тæм. Ацы зæххы къори циу, уымæй къаддæр у, Бирæ дзы ’дæрсгæ цæуын дæр нæ уæнды, Бирæ дзы кусы, фæлæ æгаддæр у! Поэтикон ах^м уæрæх авнæлд нын балхæны нæ зæр- дæ. Поэт хаты бæрндзинад Ирыстон æмæ дунейы раз. Ахæм бæрндзинадæй цæугæ у поэзи, поэты æмбæстагон лæджыхъæд. Цæрæд Ирыстон, цæрæд дуне — иуы тых- хæц дзы иннæ ныллæгдаер, цауддæр ма уæд царды дæр æмæ поэзийы дæр. Скифирон кæны «новаторты» кой (дзырд дыкъæдз- гуыты æвæрьг, афтæмæй), чи сты, уый нын нæ зæгъы, 126
фæлæ иугæр йæ уацы æрмæст Хаджумары райста йæ теоретикон хъуыдытæ сбæлвырд кæнынæн, уæд, дызæр- дыггаг нæу, «новатортæй» цы зæгъы, уыдон иууылдæр кæй хауынц Хаджумармæ дæр. Цы ми кæны, Скифирон- мæ гæсгæ, Хаджумар? «Къостайы традицитæй дардмæ... лидзы, цæмæй, боныфæстагмæ, йе ’гуыдзæг ма рабæрæг уа», уый тыххæй. Цы дæнцæгтæ ’рхастон, уыдон та цы зæгъынц? Хаджумар никуыдæм лидзы Къостайы тради- цийæ, æмткæй ирон поэзийы традицийæ. Уый нæ, фæл^ ма йыл æгæр баст дæр у. «Алцы ногæй райдайын нæ хъæуы», — амоны Скифи- рон æмæ раст у* Хаджумар ногæй ницы байдыдта: йæ бон куыд у æмæ йæ раздзæуджытæ куыд фæдзæхстой, уымæ гæсгæ ныффыста Ирыстоны тыххæй æмдзæвгæтæ. «Хисдæр фæлтæр кæм æрлæууыдис кæнæ кæдæм ба- хæццæис, — амоны дарддæр Скифирон,.— уырдыгæй цæ- уын хъæуы размæ. Афтæмæй бахынцæн ис, хисдæр фа^л- тæра&н цы бантыстис, æмæ масæ кæсдæртæн сæхи хъуыд- да»джы хъауджыдæр хисдæрты бæсты бакæнын цы хъæуы, уый». " Скифирон хъуамæ зонид уый, æмæ æрыгон поэт куы ’рцæуы литературæмæ, уæд хисдæр фæлтæр æмхуызон дзыхъхъы лæуд не сты, фæлæ кусынц, размæ цæуынц, рæстæгмæ гæсгæ æмæ сæхи удмæ гæсгæ хъæздыг кæ- нынц литературæ ног уацмыстæй. Æрыгон поэт дæр ку* сы се ’хсæн, «йæхи хъуыддæгтæ» йын нæй, фæлæ йын хисдæртимæ ис иу хъуыддаг, æмхуызон бæрн кæй тых- хæй хæссынц, уыцы хъуыддаг — литературæ. Хисдæртæ æмæ кæсдæртæ кусынц иумæ, сты æмрæстæгонтæ, ома рæстæг сæ иутæй цы домы, се ’ннæтæй дæр уый домы. Кæ- рæдзийыл ахуыр кæнынц (Горький дзырдта, зæгъгæ, кæсдæртыл кæйахуыр кæны, уый йын худинаг нæу) æмæ тырнынц дуджы аккаг аивадон хæрзиуджытæ сфæлди- сынмæ. Хисдæр дзы кæсдæры бæсты, кæсдæр хисдæры бæсты ницы аразы. Литературæйы никуы уыд æмæ ни- куы ис «бæсты кæнынтæ». Литературæ у тынг индиви- дуалон хъуыддаг. Казакевич Эммануил дзырдта, зæгъгæ, фыссæг у «один как перст... Он — один и несть ему чело- века, который может помочь ему». Ирои поэзийы традици у Ирыстон æмæ дуне, ирон поэзи æмæ дунеон поэзи. Скифирон сæ кæрæдзийæ ас- къуыдта. Ирон поэзийы ныры уонг чи нæ уыд, уыцы аи- вадон амалтæ хоны «аецæгæлон», «æцæгæлон джиппы- 127
уагъд». Цымæ Къоста йæ кълассикон æмдзæвгæамадтæ, алыхуызон жанртæ ирон фольклорæй райста æви уы- рыссаг æмæ дунейы поэзийæ? Алы поэт дæр (æз дзурын æцæг поэттæй, — графо- мянтæ, æнæкурдиат, кад æмæ пайдайы тыххæй чи фыс- сы, уыдонæй нæ, фæлæ) у йæ национ æмæ дунеон аива- ды бындар. Аивад алы адæммæ дæр аивад у æмæ æм- ткæй аивадæн æцæлæлон чи наеу, уыцы амалтæ аивады дусджытæй (кæмфæндыдæр цæрæд, кæдфЬндыдæр цæ- рæд) никæмæн сты æцæгæлон. Æндæр фарст у, чи сæ куыд пайда кæны йæ индивидуалон удыхъæдмæ гæсгæ, кæмæн дзы чи куыд ахъаздæр у йæ хъуыдытæ æмæ йе ’нкъарæнт.æ иууыл рæсугъддæрæй раргом кæнъшæн. Фæ- лæ алы поэт дæр хæсджын у, æмæ зона æгас аивады фæлтæрддзинад, ахуыр ыл кæна. Уымæй йæ индивидуа- лон удыхъæд нæ фесæфдзæн, не сыгъуыз уыдзæн, фæлæ ноджы фæирддæр, фæхæрзхуыздæр уыдзæн. Поэзи хъæздыг уæд кæны, кæд æмæ йæ зæрдыл дары йæ агъоммæ æмæ йæ рæстæджы поэтты æнтысту- тæ. Поэтты ’хсæн ис æнусон хицондзинад æмæ хицæн- дзинад. Хицон кæмæн нæ уа, уый хицæн дæр нæ уыдзæн. Æлборы фырт тырны уымæ, цæмæй зона поэзийы ив- гъуыд дæр æмæ абон дæр, уæлдай уарзон ын дзы у Лор- кæ Гарсиайы поэзи. Æмæ йын уый фадат ратдзæн (амæй фæстæмæ дæр уыцы фæндагыл куы цæуа, уæд) йæхи сæрмагонд удыхъæд равдисьшæн. Ирыстоны тыхх-аей æмдзæвгæты Хаджумар нырма деклараци кæны йæ уарзт, йе ’нувыддзинад. Ныронг кæй зыдтам, кæй фехъуыстам, ахæм бæллицтæ æмæ фæнди- æгтæ. Æрмæст дзы ранæй-ран бæрæгæй зыны æндæр (поэтæн йæхи) темперамент, йæхи фæлгонцон уыныиад: Ам, мæ сæрмæ, Ирыстоны цар Æмбæрзы Мæ фыдæлты ’нусон хæдзар. Поэт (æппындæр л/æгдыхæй нæ мысы (Скифирон дзы куыд зæгъы, афтæ) абарстытæ, эпитеттæ, метафорæтæ, гæнæн ис, æмæ зæгъæм: иупæндзон сæ исы ирон адæ- мон фразеологийæ, нæ поэзийы зындгонд поэтикæйæ, исы сæ механиконæй нæ, фæлæ йæ индивидуалон уды- хъæдмæ гæслæ. Уый та — йæ индивидуалон удыхъæд — ахæм у, æмæ йе ’ргом здахы уæрæх-романтикон, пæзæ- мæ абстрактон уыныиадм’æ, уæлмонц-темпераментон 128
æнкъарынадмæ. «Худынц нæ цæсгæмттæй мæйтæ ’мæ хур- тæ», «æнахуыр,, кæлæнгæнæг мелоди», «æвæджиаг за- рæг», «нымд хъæлæс», «уаз мыртæ», «æхсызгон уынæр», «сатæг-сау мигътæ», «батадис царвау», «хуры рухс тыи- тæ», «æвæджиаг бон», «стыр ныфс», «судзгæ уарзг», «дард фæндаг», «рæсугъд сæнттæ», «риуы урс-урсид хъæпæнтæ», «кæлæнгæнæгау лал исы йæ цæст», «æвзист æртæхтæ», «пылыстæг къæхтæ», зæхх къæвдайы æртæх- тæ «æлутонау, адджынæн нуазы» æмæ а. д. Æз лæмбы- нæг бакастæн Хаджумары чиныг, æмæ дзы иу ахæм абарст, иу ахæм эпитет дæр нæ федтон, ирон поэтикæйы къæбицæй ист чи нæу. Ацы аивадон амалтæ куы райсæм хицæнæй (æз сæ куыд ранымадтон, афтæмæй), уæд сæ нæдæр хорз зæгъ- дзынæ, нæдæр æвзæр. Иу кæнæ иннæ амалæн дæ раст аргъ кæнын куы бафæнда, уæд æй абар, поэты йе ’мдзæвг’аейы цы зæгъын фæндыд, уыимæ. Скифирон та аивадон амалтæн аргъ кæны автономонæй, ома авто- ры индивидуалон хъуыды æмæ æнкъарынадæй сæ фæ- иппæрд кæны, афтæмæй, цыма аивадон амалтæ объек- тивон товартæ сты, базары кæй уæй кæнынц, ахæмтæ. Хицæнтæй никуы вæййынц нæдæр идейон хæрзхъæд- дзинад, нæдæр аивадон хæрзхъæддзинад, ис æрмæст- дæр идейон-аивадон хæрзхъæддзинад (иумæ, æмбас- тæй). , Æртындæс коммунары тыххæй æмдзæвпæ байдайы афтæ: Уад кæуы... Ацы ингæны чи ис ныгæд? Уад кæуы, Цæссыг митхæццæ кæлы, Уадæй банцайæн нæй, Уадæн нал ис хæдзар, — Рæхыс йе ’фцæджы ’рцауыгъта. Фæлгонцы уидæгтæ цæуынц ирон рагон цардæй, ирон этнографийæ. Рæхыс уады æфцаегыл кæй æрца- уыгъта поэт, уымæй стыр масты фоелгонц уайтагъддæр йæ нысаныл сæмбæлд. Æмæ уый фæстæ иицæмæн хъуыд зæгъын, зæгъгæ, уад кæуы ирон мадау. Уый фæстæ нал хъуыдысты, æмдзæвпæйы ма цы 14 рæнхъы ис, уыдон. Уады фæлгонц — егъау, бæлвырд, трагикои фæлгонц — алцыдæр загъта. Хаджумары ахъаззагдæр хъуагдзинад уый у, æмæ арæх йæ фæлгонцты хъаруйыл нæ баууæнды, æмæ сын 9. Дзуццаты X. Ш
байдайы комментаритæ дæттын, раууил-баууил сæ кæ- ны, цыма сæ чиныгиæсæгæн æууылдæй куынæ ратта, уæд сæ йæхæдæг нæ баууилдзæн (Скифирон та афтæ зæгъы, зæгъгæ, Хаджумар «æппæлой» «къуыдипп» у æмæ цыма сæрыстыр у, адæм æй кæй не ’мбарынц, уы- мæй). Поэт арæх йе ’нкъарынад .æвдисгæ нæ кæны, ф|æлæ йæ фыссы, ома дзуры, зæгъглæ, мæнæ ахæм æмæ ахæм у, .æмбарын нын æй кæны, скъоладзауæн ахуыргæнæг урок куыд æмбарын иæна, афтае. Дзæлгъæды куыст! Æмдзæвпæ «Ныхас хуримæ» ныддаргъ ахæм æмбарын- гæнæн хус, уазал ныхæсты хыгъдæй. Поэты зæгъын цы фæнды, уый та загъд æрцыдис бæрцæй цалдæр рэен- хъы. Поэт куы райгуырд, уæд: Хур мæм ракастис арвæй æмæ Мæ цæстыты бакалд йæ рухс. Хурыл тыхсы поэт, уарзы йæ, æнæ хур йæ бон нæу. Хур, дæуыл искуы фæззыгон мигъ Хъæццулбадт куы скæны Æмæ дæ ныййарæг арв Р1æ цæссыгтæ куы байдайы калын, Уæд мæ зæрдæ 1Йæхи къултыл ныххойы * Æмæ та рæгътыл, хъæргæнгæ, згъорын: Хур, о, хур, кæм дæ! Иннæ 44 рæнхъы æмбарын .кæнынц, цы у хур лæгæн, цы пайда у \æмæ а. д. Бæгуыдæр, æнæф|æлгонцтæй, æнæ зæрдæйы удæгас тæпп-тæппæй. Ахæм у æмдзæвгæ «Суадæтты зарæг» дæр. Æхсæв йæ буар «куы æрæвæрй зæххыл, æгомыг, уæйыг лæгау», куы ныссабыр вæййы бæстæ, уæд «цыма зæххы æрфæ- нæй схъары, ивылы кæцæйдæр æвæджиаг зарæджы уылæн» (абарст — «æгомыг, уæйыг лæгау», эпитет — «æвæджиаг» фольклорон сты æмæ бæззынц æмдзæвгæ- йы æнахуыр, -æхцон мидисæн). Уый суадæтты зарæг у, «цæуы, æхсыры къадатæй» (нопæй — адæмон фæлгонц!) Æмæ йæ нуазынц бæлæстæ, Кæрдæджытæ йæ адджынæн нуазынц, Цъирынц æй сæ уидæгтæй Æмæ йæ сæ къабæзты, уадындзтау, Заргæ хæссынц. Уый фæстæ ма цы 20 рæнхъы ис, уыдоны поэт дард- дæр нымайы, суадæтты зарæг м’а кæм æмæ куыд разы- 130
ны, уыдæттæ (стоны къæйтæ, ризы нартхоры ’фсирты æмæ а. д.). Ахæм нымад ивазы æмдзæвгæ дæргъæр- дæм — йæ арф æмæ йæ уæрх, ома фæлгонцы мидис æмæ масштаб уымæй нæ ивы, нæ дзы кæны .хъæздыг- дæр. Чи зоны, поэтæн иууыл æфхæринаг сты йæ хъуы- ды æмæ йе ’нкъарынады логикæ — фыццаг йæхицæн, стæй махæн дæр — бæрæг-бæлвырд кæм нæ вæййы, уыцы æмдзæвгæтæ. «Денджызмæ», зæгъгæ, æмдзæвгæ афыстон кæй у, уый йеттæмæ ма дзы ис фæлгонцон ныхмæвæрдтæ даер. Иуæй,"-поэт денджызæй куры, цæ- мæй йын йæ сагъæс, йе знæт айса (ома денджыз поэты хуызæн иæу), иннæмюей та зæгъы, з^æгъгæ, денджызы алы ’ртахы дæр ис йæ сагъæс, йæ хъынцъым (ома ден- джыз поэты хуызæн у). Æмдзæвлæйы хъуыды — поэт æмæ йæ фыдæлтæ, поэт æмæ йæ адæмы иудзинад, кæ- рæдзийыл сæ бастдзинад — æвдыст цæуы иу бынатæй (хур, стъалыты хуызы сты адæм, поэт йæхæдæг та мæ- йы хуызы): Бацыд мæ риуы мæ адæмы сагъæс. Хур куы ныууадза арвы хæтæн Æмæ куы ахуыссой стъалытæ, О, цы кæндзæн уæд мæй?! Иунæг зайдзæн æнусон мæйдары Æмæ, Глостерау, саугуырцæй Хитдзæн й’ адзалмæ с’ агурæг... Денджызаг æмдзæвгæтæй иууыл хуыздæр у «Ден- джызаг изæр». Денджыз знæт æмæ змæстæй — æвир- хъау масты символау — сысты нæ цæсты раз. Денджыз, æрра бæхау, Слæууыд йæ фæстæгтыл. Фæлгонц егъау æмæ уырнинаг у, фæлæ та йæ поэт ныкъабæзтæ кодта: бæхитæ абарсты фæстæ уылæнтæ хурыл æрбатыхстысты мигъау. Хуыздæр нæ уыдаид, денджыз-бæх арвмæ куы лæбурдтаид (йæ логикон рæзт афтæ домы), хураен йæ цæсгом куы тыдтаид, уæд! Цъи- гх-цъиах кæнынц чайиæтæ (автор оæ хоны донхъаз- тæ — лебеди, р’астдæр у, æвæццæгæн, кæсагластæ кæ- нæ донаццытæ). Æнамонд хотау, Сæ раттаг денджызыл Ныххауынц дæлгоммæ. 131
Ногæй — дзæбæх ф(æлгонц, «авцаёгæлон» нæ, фæлæ ирон. Уад-мады фæлгонцимæ иу у сæ ратæдзæн: ирон этнографи æмæ поэты зæрдæ. Мæнæн ма мæ бон у, æмæ хорз зæгъон æндæр æм- дзæвгæтæй дæр: «Æз хатын, мæ хæлар», «Уарзты поэ- мæ», уæлдайдæр «Идеал» æмæ «Æвæджиаг изæр». Хуымæтæг факттæ — чызг йæхи найы æмæ чызджытæ хъазынц тыччыйæ—-райсынц уæрæх мидис, асайынц нæ зæххон царды æнусон амонд, æхцон алæмæт æмæ рæсугъддзинады хъуыдытæм. Уæлдæр цы фольклорон амалтæ ранымадтон, уыдонæй цалдæр ацы Æмдзæвгæ- тæй ист у, фæлæ мах фольклорыл хъуыды дæр нæ кæ- нæм, уымæн æмæ уыцы амалтæ кусынц (сæ бынаты, æрдзон уагæй) поэты индивидуалон дунеæнкъарынад- мæ гæслæ. Скифирон зæгъы, зæгъгæ, уæгъдибар стих ироы поэ- зийы нæй. Адæмон-хъайтарон зарджытæ, дам, зарынæн сты, кæсынæн нæ. (Скифирон æмткæй адæмон зарджы- ты кой кæны æмæ уым цъус нæй рифмæгонд, бæрæг бæрцбарстыл арæзт зарджытæ, райсут «Æхсæрыл сыф- тæр нал хæцы...») Фæлæ поэтикон уацмыс — заргæ йæ кæной, нæ йæ кæной, уæддæр — фыццаджы-фыццаг кæсынæн хъуамæ уа. Мах кæсæм нæ адæмон зарджытæ, нарты кадджытæ (уыдон дæр фæндыртимæ зары- дысты), хъарджытæ æмæ сæ исæм эстетикон æхцондзи- над, куыд поэтикон уацмыстæ, афтæ. Ам дæр та Ски- фирон поэтикон амалтæ иппæрд кæны поэтикон миди- сæй. Хъуыддаг, æвæццæгæн, стих цахæм у, ууыл баст нæу. Урс æмæ уæгъдибар (растдæр у: бархи юæнæ сæ- рибар) стихæй дунейы поэзийы фыстой æмæ фыссынц бирæ стыр поэттæ. Урс стих дæр бархи у цасдæр бæр- цæй: рифмæ нæ кæны, æндыгъд ритмикон æлвæст нæу, кæд дзы æмбæрц уæнгтæ ис, уæддæр. Æмæ кæд уыцы стих хæстæг у ирон фольклоры æнæмæлгæ уацмыстæн, уæд ирон поэттæ цæуылнæ хъуамæ пайда кæной бархи стихæй? Скифирон йæхæдæг дæр <хаты йæ ныхасы кæлæддзаг уавæр æмæ чысыл дæлдæр зæгъы, зæгъгæ, бархи сти- хы хъæуы «фылдæр дæсныйад, фылдæр курдиат æмæ фцлдæр фыдæбон». Æмæ дарддæр: «Сæрибар формæйæ фыст æмдзæвлæтæ... кълассикон стихарæзтæй фæстейæ ма хъуамæ зайой, фæлæ уымæн дæр ног фæндæгтæ амоной...» Афтæмæй, иуæй, кълассикон бæрцбарстытæ Ш
сты ирон поэзийы иунæг æнæмæнгхъæуæг бæрцбарсты- тæ, иннæмæй та — кълассикон стихæн хъуамæ фæндæг- тæ амона бархи стих (цыма фæндæгтæ формæ амоны, поэты индивидуалон мидис нæ, фæлæ). Фæлæ уæддæр Скифироны сæйраг тезисы тыххæй æнæэæгъгæ нæй. «Цæмæй хицæн кæнынц уыдон (стихы бархи формæтæ. — Дз. X.), «зæронд» кæй хонынц, уы- цы стихарæзтæй? — фæрсы Скифирон æмæ дзуапп дæт- ты: — Ныллæг поэтикон культурæйæ, стилистикон ра- цæв-бацæвтæй, æндæр ницæмæй. Ныллæг поэтикон культурæйæн, æвæццæгæн, «сæрибар» æмдзæвгæты бам- бæхсæн æнцондæрæй ис...» Æмæ йæ хъуыды бафидар кæпынæн Скифирон дæнцæгæн æрхаста Хаджумары лæ- мæгъдæр æмдзæвгæ «Мæ хъæу»-ы фыццаг строфæ. Æз Хаджумары æмдзæвгæтæй кæуыл дзырдтон, уы- донæн сæ фылдæр бархи стихæй сты фыст æмæ мæгуы- рау не сты поэтикон хъæдæй. Скифиронмæ гæсгæ та, Хаджумар бархи стихæй, курдиат æмæ йæм дæсныйад кæй нæй, уый æмбæхсы адæмæй. Кълассикон стихарæз- тæй кæм байдайы фыссын, уым, дам, йе ’гуыдзæг фер- гом вæййы. Цымæ æцæг афтæ у? Фæуадысты бонтæ, Цы уыдтæн, уый нал дæн, Кæй зæрдыл ма ’рлæудзæн Мæ сабион зарæг!- Лæзæры нæ тыргъы , Афтидæй мæ авдæн, Хуыссы уым мæ бæсты Ныр иунæг хæлуарæг. Кълассикон цыппарстопæйон амфибрахий, астæуæй цезурæимæ. Ис дзы рифмæтæ (нал дæн — авдæн, за- рæг — хæлуарæг). Ис дзы — сæйраг уый у — поэтикон æнкъарынад, авдæны сагъæссаг фæлгонц. Каенæ «Мæ хъæу»-ы дæр дыккаг строфæ æвзæр нæу: ■ Фыртау дын чи зæгъдзæн дæ сагъæс, Дæ уарзт, дæ маст æмæ дæ цин? Дæ хъуыдыты æгæрон таурæгъ Кæд рохы амæттаг фæци! Бархи стихæй фыст æмдзæвгæты Ирыстоны раз цы бæрндзинад ис, ам дæр уый у æвдыст — къаддæр хъа- руйæ нæ. Æнæуый фыццаг æмæ фæстаг строфæтæ цауддæр, афыстон кæй сты, раст кæй нæ рифмæ кæны букъ — Сарабукъ (цавд фæстаг дзырдыл тыхæй æвæр- 133
гæ у), уыцы хъуагдзинад ис йæ бархи стихты дæр (цы хуызæн æмæ цæй аххосæй у, уый тыххæй загътон). Бархи æмæ кълаосикон стихы йеттæмæ ма Хаджу- мар фыссы, уыцы дыууæгъуызон стихæн се ’хоæн чи лæууы, ахæм стихæй дæр, ома, хъæбæрæй зæгъгæйæ, нæдæр бархи у, нæдæр кълассикон. Æмдзæвгæ «Æз хатын, мæ яæлар» рифмæ кæны, арæзт у амфибрахийы стопæтæй, фæлæ уæнгтæ иуæй-иу рæнхъыты куы цъус- дæр сты, куы — фылдæр. Уый фæрцы æмдзæвгæ хъæз- дыг кæны интонацион паузæтæй, кълассикон бæрцбарст райсы ног хуыз. Стихты формæтæй иу дæр — йæхи гъæдæй — поэти- кон æнтыст нæ ифтонг кæны. Алы формæйы дæр поэты ахадындзинад бæрæг кæнынц йæ удыхъæдмæ гæсгæ, йæ уынынад æмæ йæ хъуыдыкæнынадмæ гæсгæ. Мах алы формæйы дæр хъæуы поэт. Поэт чи нæ(у, уый цахæмфæн- ды формæйæ дæр фыссæд—нæ зæрдæ нын не ссардзæн. Йæ ныллæг поэтикон культурæ бамбæхсын йæ бон ни- кæцы формæйы бауыдзæн. Уый тыххæй хорз зæгъы Маршак Самуил — кълассикон стихы æнæлаз кълассик: «Белые стихи, очевидно, писатьгораздотруднее, чем риф- мованные... Белый стих требует не меньшей, а, может быть, большей организованности, чем стихи рифмован- ные. Свободный стих, верлибр не должен вести к поте- ре формы, к упрощению, к хаосу. У меня есть такие строчки: Свободный строй стиха я признаю, Но будьте и при нем предельно кратки И двигайтесь в рассыпанном строю, Но в самом строгом боевом порядке. - Вот что необходимо лонять: никакие нововведения в поэзии, никакие ее завоевания в области формы, ника- кое совершенствование общепоэтической техники не облегчают работу поэта, не уменьшают его душевных затрат, не делают поэтический труд общедоступным. Писать стихи все так же трудно, как это было во времена Пушкина». * * * Æртæ æрыгон поэты бирæ цæмæйдæрты сты ,æмхуы- зон. Йæ фыдæлты традицимæ гæсгæ, Ирыстоны сагъæ- сæй байдыдта Хъодалаты Герсан дæр. «Мæ иубæстрн 134
адæм» — Къостайы сидæнæй байгом йе ’мбырдгонд «Бæлццон». Поэты фæнды, цæмжй дзы йæ фæстæ зæгъой, зæгъгæ, «цыртæнхъæл нæ уыдис æвæджиаг балцы,— фæцардис иронæй». Поэты фæнды æмæ архайы ууыл, цæмæй лæг уа, ирои лæту уымæн æмæ лæг йæхæдæг куы- нæ бæзза, уæд йæ аивад дæр нæ бæздзæн. Лæгмæ гæсгæ у йæ аивад дæр. Хуымæтæджы ше аргъ кодтой сæхицæн нæ кълас- сиктæ, сæ фæстæ цахæм егъау эстетикон-аивадон бын- тæ ныууагътой, уыдонмæ гæсгæ нæ, фæлæ цахæм мора- лон-этикон æмæ æмбæстагон хæрзтæ ныууагътой, уы- донмæ пæсгæ. Хорз уаид, æмæ принципон, сыгъдæг, рæстзæрдæ чи нæу, уыцы адæймæгтæ-иу иоэзимæ куы нæ цæуиккой. Поэзи тынг индивидуалон хъуыддаг у (ногæй та йæ зæгъын) æмæ дæ хуылфы цы уа, уый хъуамæ рав- дисай адæмæн. Чи зопы йæ >æмбæхсай декларацитæй, иумæйаг ныхæстæй, мæнг лæджыхъæдæй, фæлæ дын абон кæд нæ, уæддæр райсом рабæр^г уыдзæн. Поэзи- йы æмбæхсæн нищæмæн ис. Уый поэзийы амонд у. Поэтæ æргом кæнынц сæхи. Герсаны фæнды, цæмæй ирон уа, цæмæй æцæг адæй- маг уа. Æмæ йæ фа^ндаджы райдайæн куры йæ бæстæй, цæмæй йын радта фæндаггаг (хæлц нæ, — моралон-эти- кон хæрзиуджытæ), куры рæстæгæй: Æз лæппын цæргæс дæн, зул цæстæй мæм ма кæс, Сахуыр мæ кæн демæ арвы бын тæхын. Æмæ канд кургæ нæ кæны, мæгуыргурау. Йæхæдæг дæр архайы активонæй. Замаиæн кæны «йæ фæдыл удаистæй дугъ», йæхицæй домы: «Раскъуын хурæн йæ рухс тын, февзид мигътæм дæ цирхъæй». Р1æ бæллицы тырнæнтæ сты бæрзонд, лæгуарзон: Зæххыл цæрæццагæй цы ис — Цæуæнт мæ зæрдæйы фæндагыл Мæн дунейы фарн хурыл ныббаста, — Хъуамæ худгæ ’мæ судзгæ цæрон! Хи адæймагон æмæ поэтикон хæрзхъæддзинады те- мæ кæрæй-кæронм<æ цæуы Герсаны æмдзæвгæты («Зæр- дæ», «Нæ, хуыссæг» æмæ æнд.). Уый у Герсаны поэзи- йы иууыл хуыздæр миниуæг. Хаттæй-хатт Герсан — цыма йæ нысанмæ фæхæццæ, уыйау — позæ дæр рай- 136
сы, æгæр йæхиуыл феууæнды æмæ йæ зæрдæ æнæнцоГг нал вæййы, фæлæ бæстон-биноныг, æппæт æууæлтæм гæсгæ йæ гаччы чи сбадт, дунейыл кæнинаг кæмæн ни- цыуал ис, ахæм. Гъей-гъей! Мæ ныфс бæлгæ хъæлæсæй нал дзуры, Мæ кард — цæхæр. Тæхгæ заманæн абаддзынæн йе ’фсургъыл — Лæг дæн æз дæр. , Кæнæ: Нæ дæн къуырма кæсаг æз дæр, — Нæ дуджы ’ндон кьæхты хъæр хъусын. Фæлæ уыдон æрыгон курдиатæн сты, доны сæрыл фынчытæ куыд абады, афтæ. Сæйраг дзы цы у, уый сæйраг у - домыидзинад, б.æрндзинад. Æгъгъæд у искæй фæсарц бадын, Ныр кæн дæхи уæрдоны зарæг, Дæ цахъхъæи — бинонтæн сæ дарæг. Поэт йæхи «уæрдоны зарæгмæ» цæуы, традицитæ йæ- зæрдыл даргæйæ, традицитæн аргъ кæнгæйæ. Поэтмæ иууыл хæрх у хуры фæлгопц æмæ йын йе ’мдзæвгæты æнцоыæй базопæм ирон поэзийы хурджын поэт Хъамбер- диаты Мысосты цæрдхъом æндæвдад. «Хурмæ асинтæ» амадта, ,хурмæ цыд «амондгур», фæндыди йæ, цæмæй хуры нæ сæрмæ баурома æмæ йæм алчи дæр иваза йæ гуыр. Мысостæн йæхимæ та хуры хъомыс æрцыд Мая- ковскийæ. Кæнæ ма æрымысут Калоты Хазбийы рæн- хъытæ: Мæнæн у хуры ’рдæм мæ фæндаг Æртæхджын быдырты уæрæхыл. Герсаны фæнды, цæмæй канд йæхæдæг нæ, фæлæ ма. ХХ-.æм æнус дæр уа хуры хуызæн. Ма батых кæн уарзты зынгæн, — Курын дæ. Царды суадон сабузын кæн Дурыл дæр. Макæ, ма ’руадз туджы къæвда, — Курын дæ. Фарнау акæн де стыр фæндаг Хуры ’рдæм. 136
1 | Мысосты хурдомæг тырнындзинад <æм#е Дзугаты Георгийы поэмæ «Уарзт»-ы стих Герсаны зæрдæйы райстой хæдгъуыз, ног ахаст. Поэзи дын «фæндаггæг- тæ» куы радта, уæд ын сæ хъуамæ дæхихуызæнæй ба- фидай (куыд дын сæ радта, афтæмæй нæ, кæннод эпи- гон уыдзынæ). Адæймагон рæсугъддзинадмæ балцы цæугæйæ, поэт йæ фыдæлты «фæндаггæгтæ» хæссы йемæ. р[æ бон нæу, йæ Ирыстоны ивгъуыд ферох кæна, уымæн ,æмæ ив- гъуыды ахæм цыдæртæ ис, Ирыстоны абонæн ахсджи- аг чи у, Ирыстоны абонæн йæ цин æмæ йæ хъыг сæ мон- дæгтæ кæмæй исынц. Мæн ферхæцын кодта Герсаны рæнхъ: «Æз дыууæ нæ зæгъдзынæн дæ ракуывдыл» - уый, ома Ирыстоны ракуывдыл. Поэт царды кæддæрид- дæр цыдæр фауы, цыдæр стауы. Уымæ гæспæ алцæмæн æнæрхъуыдыйæ исæн иæй. Ирон лæгæн йæ дзыхы нæ фидауынц, искæй сæрыс- тырдзинад дæлдæр чи кæны, ахæм ныхæстæ: Турчы бæстыл куыдз йæ фист куыиæ калы, Уæд кæдæм, кæдæм лыгъди Темырболат? Темырболат Туркмяе йæ хорз цардæй нæ алыгъд. Х1Х-æм æнусы æмбисы Туркмæ чи алыгъд, уыдон тых- хæй куы дзурæм, уæд хæццæ кæнын нæ хъæуы райгуы- рæн бæстæм уарзт æм.æ лыгъды социалон-политикон аххооэегтæ. Алкæмæи дæр йæ бæстæ адджын у. Ирон лæгæн йæ дзыхы хуыздæр бадынц мæнæ ахæм ныхæстæ: Æз куы хæрын кæрдзын, — Уый мын не скæны ад, Зæгъын, искуы кæудзæн Сидзæр, саударæг мад. «Алкæм зæххыл» зæгъы поэт. Ирыстон у нæ ный- йарæг млд, нæ иумæйаг мад та æгас зæхх. Д-иссаг у Скифироны ныхас: «Æвæццæгæн, лæгæн иууыл зынаргъдæр цы у, ууыл стæм хатт фæдзуры, уый дæр, йæ бон æнæдзургæйæ куы нал вæййы, уæд». Дуне- йы поэзи незаманæй фæстæмæ дзуры, зынаргъ ын цы у„ ууыл фыдыбæстæм уарзтыл, сылгоймагмæ уарзтыл, лæгуарзон æнкъарæнтыл, дзуры ма, зынаргъ ын цы нæу, ууыл дæр. Æмæ афтæ куынæ уаид, уæд, цымæ, поэзи цы бауаид? 13Г
Скифирон зæгъы, зæгълæ, нæ поэттæ Къостайæ фыл- дæр нæ уарзынц Ирыстоны æмæ, Къоста дзырд «Ирыстон» цал хатты загъта, уыдон ранымадта. Къос- тэ, дам, «Мæ Ир, мæ Ир» йæ былы алгъыл нæ дардта. Раст у: йæ былы алгъыл æй нæ дардта, æцæг поэттæ был’алгъæй нæ кусынц, фæлæ эæрдæйæ. -Æцæг поэзи, дам, «Ирыстон, Ирыстон! Алантæ, алантæ!» хъæр кæ- ныны нæй. Раст у: хъæр кæныны нæй, æцæг поэттæ хъæркæнынæй поэттæ не сты. Фæлæ, цымæ, гъæйтт-мар- дзæ хъуыды æмæ æнкъарæнæй йедз’аг уацмысты «Ирыс- тон, Ирыстон» дæсгай хæттыты дæр куы уа, уæд Ски- фирон цы зæгъид? Махмæ бирæ æмдзæвгæтæ ис Ирыс- тоны тыххæй æмæ сæ ’взарæм, иннæ æмдзæвпæтæ куыд æвзарæм, афтæ — идейон-аивадон хæрзхъæдмæ гæсгæ. Æцæг поэт кæм нæ хъæуа,уым канд «Ирыстон» уæлдай хатт нæ зæгъдзæй, фæлæ м’а æндæр дзырдтæ дæр. Кæм хъæуа, уым та йæ зæгъдзæн, æнæ искæй бафæрсгæйæ. Къоста, дам, «Ирыстоны» бæсты арæх фыссы: «Нæ райгуырæн бæстæ», «Нæ фæсивæд», «Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин». Цымæ Скифирон куыд æнхъæлы: Ирыстоны тыххæй æвзæр æмдзæвгæтæ чи фыссы, уыл дон дзырд «Ирысто’н» ранымайгæ дзырдтæй куы ба- ивой, уæд къæссавæлдæхт фæуыдзысты? Æви та ам дæр Скифирон формалистон цæстæнгасæй кæсы поэзи- мæ, поэтикон мидис бæрæг кæны, дзырд «Ирыстон» поэт цал хатты зæгъа, уымæ гæсгæ, кæм, куыд æмæ йæ цæй тыххæй зæгъа, уымæ гæсгæ нæ, фæлæ? Ничи зæгъдзæн, зæгъпæ, Блок кæнæ Есенин стыр поэттæ не сты, ирон поэттæн дæр, дунейы иннæ стыр поэттау, сæ фыдæлтæ не сты. Банымайæд ма Скифи- рон, уыдон та цалгай хæттыты загътой дзырд «Русь» кæнæ «Россия» æмæ ма сæм исты фау æрхæсоæд. Адæ- мы зæрдæ ссарын, дам, ис, æрмæстдæр адæмы цардыл фысгæйæ, — эæгъы Скифирон. Æмæ цымæ райгуырæн бæстæм уарзондзинад «адæмы цардæй» нæу, адæмы æнусон .æвидигæ æнкъарæн нæу? Поэзийы удæгас рæзт субъективон фæлгæтты нытъыссынмæ на^ комы. «Моя лирика, — фыста Есенин, — жива одной большой лю- бовью, любовью к родине. Чувство родины — основное в моем творчестве». Æмæ уымæй Есенины дунеон аха- дындзинад къаддæр нæ кæны, уымÆн æмæ райгуырæн бæстæК! уарзондзинад органикон у алы цæрæццаг адæ- мæн дæр. 1 ОО 1<ЛТ
«Ирондзинад, — зæгъы Скифирон, — зыны Къоста- йæн йæ темæты нæ, фæлæ йæ алы дзырд, йæ алы рæн- хъы». Ау, Къоста йæ темæтæ ирон цардæй, ирон зæр- дæйы сагъæстæй нæ иста? Æз ам нæ дзурдзынæн, национ æмæ интернационæн иы ахаст ис, æцæг национæн кæй ис интернацион ми- дис, ууыл. Н,æ поэзийы — рагон уа æви æрыгон — по- эзийы аккаг сты, дуг æмæ поэты «æз» чи ’вдисы, ахæм уацмыстæ æмæ сын аргъ дæр уымæ пæсгæ кæнæм. Дугыл дзурай, Ирыстоныл дзурай, æвзагыл дзу- рай — цæуылфæнды дæр дзурай, дæ ныхас бæркадджын нæ уыдзæн, поэты индивидуалон «æз» куы аппарай, уæд. Скифирон зæгъы, зæгълæ, Герсан «бахаудис арха- "измты, зæронд дуджы цард æвдисæг дзырдты ахæсты», «архаизаци æмæ стилизаци æвзагæн зиан хæссынц (цы- мæ архаизмтæ æвзагæй не сты? — Дз. X.), хъыг да- рынц ног мидис æмæ ног формæйы. Уый афтæ куынæ уаид, уæд Герсан йæ «Ногазон куывд»-ы саулох бæхтæ æмæ уадтымыгъ æфсургъты кæйттæ нæ кæнид, дуне ра- кетæтæй куы байдзаг ис, уыцы дуджы». Афтæ ма ’нхъæлут, æмæ Скифирон ацы хатт иннæ- '’рдæм фæзилынмæ фæгæдзæ кодта. Нæ. «Ног чи нал у, — чысыл дæлдæр фыссы Скифирон (ног, æвæццæ- гæн, саулох бæхтæ æмæ уадтымыгъ æфсургътæ нал сты), — уыцы дзырдтæй дæр хъæуы пайда кæнын... Терк-Турчы æмæ уадтымыгъ æфсургъы кой кæлпæйæ, хъæуы бæрц зонын». Æмæ та ногæй фæрсæм: бæрц зо- нын цæмæ гæсгæ хъæуы, уацмысы мидисмæ лæсгæ æви уацмысы мидисæй иппæрд чи у, уыцы абстрактон фор- мæмæ гæсгæ? Æвæццæгæн, абстрактон формæмæ гæс- гæ, æндæра Гамзатов Расул æмæ Кулиев Хъайсын бæх- ты кой дæр кæнынц, нымæтты кой дæр, уæлдзарм худ- ты кой дæр — иу дзырдæй, сæ адæмьг цард сын фыдæл- тæй фæстæмæ чи бафснайдта, уыцы дзырдты кой, æмæ нырыккон не сты, нæ дуджы поэттæ не сты, зæгъгæ, уый сæ ничима загъта. Герсан ныффыста лæмæгъ æмдзæвгæ «Ногазон тсуывд» æмæ йын уый тыххæй зæгъын хъæуы. Æмдзæв- гæйы нæй нырыккон æнкъарынад, Герсанæн йæхи уды- хъæд, цард æвдисы æнахуыр фæрныгæй («Фендзынæ тмаргъы ’хсыр фынгыл, хæйрæджы цæст»). Иумæйаг лакировкæгонд у. Нуазгæ дæр хуымæтæг нуæзт нæ кæ- яынц (сæн, арахъхъ, бæгæны), фæлæ— æлутон. 139
Скифирон зоны цахæмдæр «ныртæккæйы дуджы æв- заг» (цымæ Къостайы рæстæджы ирон адæмы æмæ ирон литературæйы æвзаг æндæрхуызон уыдис, царды цыдмæ гæсгæ нæм цы иугай ног дзырдтæ фæзынд — фылдæр æрбайсæггаг дзырдтæ, уыдоныл куынæ дзу- рæм, уæд?) æмæ цы у, уый нын зæгъгæ нæ кæны, фæ- лæ «зæронд дуджы æвзагмæ» кæм февзиды, уым ын йæ ныхмæ авæры — «ракетæтæ». Æвæццæгæн, Скифирон æнхъæлы, зæгъгæ, Герсанмæ ног аз бæхыл н»æ, фæлæ ракетæйыл куы ’рцыдаид, уæд йе ’мдзæвгæ нырыккон уыдаид. Æмæ нæм ахæм æмдзæвгæ дæр ис—Æлборты Хаджумары «Ног боны фынгыл». Уым (Скифирон цæ- мæ бæллы, уый) — Ног аз, Ды нæм космикон науыл æрцыдтæ Æмæ дыл цин кæнæм. Цинæй дыл не ’фсæдæм. Мах нуазæнтæ нуазæм дæ цытæн. Уæлæнгай, афыстон æмдзæвгæ. Фæлæ Хаджумармæ дæр æм,æ Герсанмæ дæр ис ахæм æмдзæвгæтæ, зынд- гонд поэтикон амалтæй кæм пайда кæнынц, æмæ сты нырыккон, зæрдæмæхъаргæ. Æвзаг, æмткæй райсгæйæ, у нацийы хъуыдыкæны- нады фæрæз, хотых. Мах аивадон уацмыстыл куы дзу- рæм, уæд та нæ зæрдыл дарæм аивадон хъуыдыкæны- над. Æвзаг, куыд национ традици, афтæ нæ, фæлæ — идейон-аивадон хæрзхъæддзинад, куыд аивадон тра~ дици, афтæ. Дзырдтæ объективонæй цæрынц, ничи сæм ницы бар дары, фæлæ аивадон уацмысы, уæлдайдæр. поэзийы, дзырдтæ цæрынц æндæр цардæй: алы дзыр- дæн дæр аргъ кæнæм, иннæ дзырдты астæу кæм лæууы, куыд лæууы æмæ цæй тыххæй лæууы, уымæ гæсгæ, ома цахæм идейон-эмоциои уæз хæссы, уымæ гæсгæ. 4 Скифирон фыссы Хаджумарæй, зæгъгæ, «Æхсæв рухс»-ы бæсты зæгъын хъуыдис «Рухс æхсæв». «Кæд •Хаджумар уырыссагау ахъуыды кодта: «Ночь светла...» (Æмæ цымæ уырыссагау «Светлая ночь» нæй?) Уыцы хъуыддаг, дам, у, — зæгъы дарддæр Скифирон, — «уы- рыссаг æвзаджы синтаксисон конструкцитæ ирон фыс- сынадмæ куырмæджы хæссыны аххосæй». Æвæццæгæн, ам дæр æгæр иувæрсыг у Скифирон. Хаджумары æм- дзæвгæйæн йæ зæрдæйы уаг рухс, сагъæссаг, рæсугъд, романтикон у æмæ йын уымæ гæсгæ раст ныффыста йæ 140
бацæуæн рæнхъ. «Æхсæв» — аразæм паузæ, хъуыдис дзы тире, чи зоны йæ Хаджумар нæ нывæрдта, чи зо- ны — корректор, фæлæ уый дæр азымаг нæу, дунейы стыр поэттæй бирæтæ се ’мдзæвгæты бынтондæр <æрхæ- цæн ныоæнттæ не ’вæрынц, афтæмæй сæ мыхуыр кæ- яынц. Паузæйы фæстæ поэт зæгъы, æхоæв цахæм у, уый: «рухс» æмæ ахæм инверсийы фæрцы эпитет тынгдæр кусы, тынгдæр æндавы. Хуымæтæг «рухс æхсæв» нæу, фæлæ æнахуыр æхсæв: «Æхсæв — рухс». (Ахæм ама- лæй ма байдайы æмдзæвгæ «Æвæджиаг изæр» дæр: «Хур — хæрзиуæгтау».) Поэт акцент «æхсæвыл» не ’вæ- ры, фæлæ æхсæв «рухс» кæй у, ууыл: рухс у чызджы фæлгонц, рухс сты йæ къæхтæ — «пылыстæг», «дыууæ цырагъау судзынц», рухс у йæ риу — «урс-урсид хъæ- пæнтæ», рухс сты æртæхтæ — «æвзист», рухс у поэты æнкъарынад, рухс у æмдзæвгæйы мидис. «Одни и те же слова, — фыста Маршак, — могут звучать шаблонно и, напротив, могут поражать свеже- стью и новизной». Ома дзырдты ахадындзинад у поэ- ты хъуыды æмæ æнкъарынадæй кæнгæ. Хаджумарæй, дам, Герсан «хиуылхæцгæдæр у», «æгæр хивæнд митæ», дам, кяе кæны, «авджын хæтæл уæр- дæхау никуы фездухы». Æз ирон æвзагæй куы уаин, уæд Скифиронмæ фæхæрам уаин: арæби, удæгас, туг- ^буар, тасгæ-уасгæ куы дæн, уæд мæ «авджын хæтæл» куыд хоныс?! Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Хаджумар дæр, Терсан дæр æвзаг «авджын хæтæлау» не здухынц, фæ- лæ тырнынц — куыд сæ бон у, сæ курдиат оæ куыд амо- ны, афтæ — ирон æвзагыл сæ поэтикон удыхъæд рав- дисынмæ. Герсан ирон кæй у, уый зыны, хуымæтæг, фæлæ ва- •зыгджын, хъæууон цардыуаг куыд æнкъары, уымæй. Адæмы зæрдæйы поэтикон уырнындзинæдтæ удæгасæй кæ цæстытыл ауайынц. Мæйыл ис сау хъулон куыдз баст, йæ бæттæн раскъуындзæн æмæ бахæрдзæн къуыртт, стæй та — тæргайгæнаг лæппуйы. Арты цур цъиуы лæппынты кой ма скæн, кæннод сæ мæлдзгуытæ бахæрдзысты. Хъуджы бынтæ уисойæ иыммæрз, кæннод дыл калм фæхæцдзæн. Æмæ а. д. Поэтикон сты, адæй- магады рагбонты мифологон уырнындзинæдтау. Фæлæ сæ поэт æрмæст сæхи охыл нæ ныффыста. Поэтикон сты уыцы уырнындзинæдтæ, фæлæ — мæнг, сайд. Поэт байрæзт, слæги æмæ йын айдагъ уыцы уырнындзинæд- 141
тæй цæрæн нал ис — хъæуы реалистон зонд, цард æмæ- поэзийы раз уæззау бæрндзинад. Поэт æнкъард кæны, цы уыд æмæ цы нал ис, ууыл, ф<æлæ уыцы иу рæстæг цард кæй сног вæййы, уый йын æхсызгон у. Ацыд æмæ æрцыд — уый философон кате- горитæй нæ фæлгъауы, фæлæ конкретон лирикон æн~ къарæнтæй. Гыцци, сбон та... Фæлæ уынджы Ды нæ зыныс райсом раджы... Хъуг нæма сахуыр дæ чындзыл Æмæ йын æхсыр нæ уадзы. Райс дæ сасир, гыцци, фердæх, Пец ыстæвди... Арт ысхъауын... Æви дæ бынтондæр ферох, Мæн дæ къухæйдзаг кæй хъæуы. Герса’н дæр, Хаджумарау, нæ баууæндыд йæ поэти- кон деталты хъаруйыл æ.\иæ ма сæм афтыдта коммен- таригæнæг кæрон («Оххай, бацыдтæ мæ хъыджы. Ды- сон та дæ фыны федтон»). Нал хъуыдис. Поэт йæ фыды кæм мысы, уым дæр цард нæ амард, фыд йæ фырты хуызы цæры. Фырт ын «йæ ихсыд ком» цæвæг 1æзгæ кæнын нæ уадзы (хъæздыг эпитет у «их- сыд ком» — цас дзы бакуыста йæ фыд æмæ, чи зоны, йæ фыды фыд дæр.) Ахæм у æмдзæвгæ «Авдæн» дæр. Йæ фæлгонц хæс- тæг у Хаджумары «Авдæн»-ы фæлгонцмæ (хицæн кæ- нынц поэтты зæрдæйы уагмæ пæсгæ): Дæ хъæдыл, сидзæрау, æрфынæй Гыццийы «ало-лайы» зарæг Æмæ йæ милгъуыз. зæлдаг тынæй Ыстыхта бургуыбын хæлуарæг. Уынгæ дæр æй кæныс æмæ йæ удæгас буарау æн- къаргæ дæр кæныс. Цы кæныс, ме схæссæг, мæ авдæн? Гыцци дын нал у ныр бындарæг, Фæлæ фæрнæйдзаг чындзы кадæн Дæ хъæдыл райхъал уыдзæн зарæг. Ски’фирон зæгъы, зæгъпæ, Герсанæн Хаджумары аивадон амæлттæ сты «хæрз æщæгæлон». Уый афтæ кæй нæу, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ хаттæй-хатт 142
оæ поэтикон уынынад æмæ æнкъарынад тынг æрбангом вæййынц кæрæдзимæ. Æхсæв бамыр. Иæ цæстытæ ма баззадысты дзагъырæй Зæхх æмæ арвыл. Ассоциативон метафорæ у: цæстытæ — стъалытæ. Каенæ æндæр æмдзæвгæйы (уый дæр æхоæвыгон): Арвы сыгъзæрин сывæллæттæ Денджызы найынц сæхи. Æхсæвы цард — кæрдæг йæ дойны сæтты, уæрцц йæ æйчытыл бады (йæ буары хъармæй сын ,æхсæвæр дæт- ты), æфсиртæ йыи «ало-лайы» зарæг кæнынц, уддзæф æрбасирдта Æмæ уæрцц фæирд кодта йæ цæстытæ. Æхсæв райхъал Уæрццы былдахъмæ. Æнцон рахатæн у, куыд хæстæг у ацы æмдзæвгæ Хаджумары «Идеал» æмæ «Æвæджиаг изæр»-мæ — йæ ахастæй, йæ зæрдæйы уагæй. Уый нæ, фæлæ ма се стих дæр. æмхуызон у — бархи стих. * * * Æртыккаг æрыгон поэт — Плиты Феликс, йе ’мбырд- гонд «Æрдзы зарæг». Зæгъын хъæуы уый, æмæ не ’ры- гон поэттæ се ’мбырдгæндтæн кæй радтой аккаг нæмт- тæ. Ома оригиналон сты, уый тыххæй нæ, фæлæ раст æвдисынц æмбырдгæндты сæйраг поэтикон мидис. «Æрдзы зарæг»... Æз 50-æм азты дыккаг æмбис фыццаг хатт куы бакастæн Феликсы æмдзæвгæтæ, уæд мыл ныууагътой æхцон тæлмæн, æрдз куыд уынынц æмæ куыд æнкъарынц, уымæй. Феликс дæр, йе ’ннæ æмкар лæппутау, сыгъд æмæ æдз.æрæг ран нæ байдыд- та фыссын. М|æ бон у, æмæ бацамонон, йæ раздзæу- джытимæ йын æнгæс рæнхъытæ кæм ис, уыдон (æнæ- уый æмдзæвгæтæ хæдбар, индивидуалон сты, традици æцæг чи дарддæр кæны, уыцы æмдзæвгæтау). Ныууигъы хъæд хуылыдз каркау йæхи. 143
Зæрдыл æрлæууы Калоты Хазбийы фæлгонц: Хъæд дæр сусæны бæхау Ие стыр сæр ныттилы. Цæрукъаты Алыксандры фæлгонц — «Ставд-зæнг хъæллæгъты худгæ хъæбултæ» — йæ къух радары Фе- ликсы фæлгонцмæ: Цъæх нартхоры хъæбысы Рæзы бурсæр сывæллон. Æмæ иууыл тынгдæр та Феликс хæстæг лæууы Есе- нины традицимæ. Ирыстоны хуссайраг æрдз, хæхтæй быдырты ’хсæн чи ис, уыцы æрдз йæ алыхуызон афонты, йæ алыхуы- зон ахорæнтæ æмæ зæлтимæ — уыиæм æй Феликсы цæс- тытæй, хъусæм æй Феликсы хъустæй æмæ нын цыма фыццаг хатт байгом. Дуне конд у иууылдæр, фæлæ йæм поэт куы акæсы, уæд та йæ ногæй бакæны — йæхицæн дæр æмæ махæн дæр. Хуымæтæг æмæ уарзон дуне. Барухс мæкъулæджы зæрдæ, Къæдзæхы фастæй ысхызт. Рамарзта æнгузы цъæрттæ Æнгузы мæрайæ мыст. Белы къахтвæдыл та хъавгæ Уайы, гутондарау, карк. Фауы йын йæ куыст ыставдæй: Къахæй апырх кæны фврк. Уый — уалдзыгон ныв. Сæрдыгон изæры та йæм хьæууон æрдз æндæрхуызон у: Сбырыд бæласы дзыппæй Æхсæвы лымæн уыг. Тоны мусы æрфыг Мыстхор рувас йæ ныхтæй. Хъуысы нартхоры хуымæй Нарст æфсирты хъæрзын: Скодта зулмæ гуыбын Дæлтъур зыгъарæг уымæй. Кæнæ: Фæзты хосы мæкъуылтæ Се уæхсчытæ æруагътой. 144
Нас цæуылдæр ысмæсты: Хи æрцауыгъта балыл... Хур та сыгади цæсты: Къамбец афæлдæхт малы. Арв та къæвдайы рæстæджы куыд разыны? Къæв- да хоры хос кæй у, уый нæ зæгъы (цас зæгъинаг у!). Арв у мусы хуызæн. Уæлæ уæларвы дæлгоммæ къуырф мусы Бафтыдта чидæр цъæх мæкъуылтæй най. Фæскъæвда куы баталынг, уæд — «мусы сырх мæ- нæутæ баззад». Кæнæ зымæджы ныв: Цардуарз хъал доны хъæлæсы Дымгæ миткъæрмæг нæмы Æмæ йæ йæ тых цы хæссы, Уый йæхæдæг хъæр кæны. Хæдзарæн йæ сæрыл уартæ Тинтычъи кæлмæрзæн — тыхт. Зæхмæ ’рдаргъ сты ,йæ хаутæ, Сабийæн фæфæуынц тынд. Фæстаг строфæйы фыццаг дыууæ рæнхъы Скифи- рон фауы, уымæн æмæ, дам, тинтычъи кæлмæрзæнтæ раджы дардтой. Цымæ сæ ныр нал дарынц? Æмæ сæ куынæ дарой, уæддæр Феликс тынг бæлвырд рахатыдта хæдзары сæрыл мит æмæ ирон кæлмæрзæны фæлгон- цон хицондзинад æмæ нырыккон чиныгкæсæджы зæрдæ- йæн дæр хицон у. Скифирон ма ахæм æгъдауæй фауы Феликсы бæлвырд фæлгонцтæ; «Й’ алы дидин бындзæн у мыдгæхц», «Сау цъиу фестад Ацæмæз, цады «сæрра» ис хæфс» (ома уалдзæджы цинæй кæй уасы, уый тых- хæй, — æмдзæвгæйы контексты бæрæг у) æмæ а. д. Ахæм фæндагыл ныллæугæйæ, бафауæн ис Феликсы (æмæ канд Феликсы н.æ!) бирæ дзæбæх фæлгонцтæ, мæнæ ахæмтæ: «Цъæх гагуы — мус йæ бур (æрфыджы бынæй фæлгæсы дардмæ: ыстурты цæстмæ» (мус æмæ стуртæ дæр «нырыккон æвзаг» нæ уыдзысты), тæрс бæласæн «хъамайау йæ уидæгтæ — тъæпæн, къæдзæхы фæстыты сæ ныссагъта» (хъама дæр нырыккон æвзаг нæ уыдзæн) æмæ 1æнд. Ахæм фæпдагыл ныллæугæйæ, мах поэзийы баиртасдзыстæм йе спецификон миниуæ- гæй — фæлгонцон уынынадæй. Скифирон фауы, Феликс «нырыккон æвзагæй» кæм пайда кæны, уыцы æмдзæвгæтæ дæр. Æрхаста ахæм 10. Дзуццаты X. 145
фæлгонц: «Ахсы зæххы тымбыл й’ аппараты чысылг цæст». Æмдзæвгæйы контексты фæлгонц бæлвырд æмæ æмбæрстгонд у: «Арв, нывисæгау, ’рьимбæхст сау æм- бæрзæны бын» — изæр у, æрвгæрон — ирд, уæлейæ — мигъæхгæд (сау æмбæрзæн) æмæ хуры цæст цыма. зæх- мæ нывисæн аппараты цæстау кæсы. Цы ис ам æвзæ- рæй? Æндæр хабар у, Феликсы хатт йæ эстетикон адæнкъа- рынад кæй аздахы, кæдæм не ’мбæлы, уырдæм. Æмæ уый тыххæй куы загътаид Скифирон, уæд дзы бузныг уыдаиккам. (Уыцы хъуагдзинад мыййаг «зæронд» кæнæ «ног» æвзаджы аххос нæу.) Алы дзырдæн дæр ис эстетикон-эмоцион истори. Фе- ликс зæххæй фыссы: «Систон дын дæ хуылфыдзаума æз, сарæзтон гигант заводтæ уымæй». Фæлгонц б(æлвырд у, раст æвдисы.лæджы архайд, фæлæ дзырд «хуылфыдзау- ма», нæ зæрдæйы уымæн цахæм эмоцион истори ис, уы- мæ гæсгæ нæ фидауы ацы ран. Афтæ у: комбайн «омы ставд ,мæнæу, ризы». Ногæй — бæлвырд фæлгонц, уынæм æй, æнкъарæм æй, фæлæ дзы «омын»-имæ мах бæттæм æдæхцон æмбарынад. Мæнæу та — æхцондзинад у. Аф- тæ у: «Нард лæджы цæстау ма суадон митбынæй кæны тыхкаст...» Ногæй та — бæлвырд фæлгонц, фæлæ йæ амо- цион историмæ гæсгæ иппæрд кæны æмдзæвгæйы лумæ- йаг аивдзинадæй. Фæлгонцы бæлвырддзинад æмæ эстетикон мидис хъуамæ æмдзу кæной. «Зояыс ды: æнусты дæргъы цард, рог цæф сырдау, мæн йæ фæдыл сайы». Лæджы тырнын- дзинад раст æвдыст у—цуанон сырды фæдыл куыд цæ- уы, йе ’рцахсын æЦхъæл, афтæ лæг дæр царды фæдыл зилы. Фæлæ цард æмæ сырд —сæ иу дзы се ’ннæйы мидис- мæ гæсгæ куыд у? Феликс йе сдзæбæхгæнæг дохтырæй зæгъы: «Ех, уый ныр авд ныхъхъуырды акæн æмæ йæ авд æппæрсты скæн». Фæлгонц фольклорон-гиперболон у æм|æ хуымæтæг адæймагон уарзт равдисынæн не сбæз- зыд. Дзырдтæй дзырдтæ чи кæны, уыцы æнкъарæнтæ хъуамæ уой нырыккон, поэтæн йæхи хуызæн æмæ сæ уæд мах нæ зæрдæм|æ айсдзыстæм. Афтæ мæм кæсы, цыма æмдзæвгæ «Стæгдар»-ы дæр фæстаг дзырд йæ раны нæй. Поэт лæджы сæры къуыдыр уынгжйæ, хъуыдытæ кæны: цахæм лæджы сæр у — хорз лæджы æви æвзæры, æмæ йын уымæ гæсгæ цахæм аргъ. скæна. 146
Гъе, дыл калин цæссыгтæ, Гъе, дыл бакæнин ту. Фыдæхы охыл мардыл ту кæнын бæрзонд зæрдæйы миниуæг нæу. Фыдæх равдисынæн æндæр дзырд ссарын хъуыд. Мæн ма зæгъын фæнды Феликсы æмдзæвгæты æн- дæр хъуагдзинæдты тыххæйдæр. Уыдон сты, поэтмæ фаг профессион дæсныйад кæй нæма ис, уый аххосæй. Рифмæты (тыххæй. «Нартхоры хуымæй» — фæстаг дзырдыл цавд хауы дыккаг уæнгыл (...мæй), йе ’мриф- мæгæнæг дзырд «уымæй»-йы та цавд хауы фыццаг уæн- гыл (уым...). Афтæмæй рифмæтæ не сты. Феликсмæ дак- тилон рифмæты (æмæ канд Феликсмæ нæ!) арæх цавдон уæнгты хъæлæсонтæ æмхуызон нæ вæййынц: цардæгас — цæстæнгас, уды бон — хъодыгонд, хурæскаст — (цы) дзырдтæй тарст æмæ æнд. Иугæр рифмæ кæныс, уæд рифмæ кæн, куыд æмбæлы, афтæ. Феликс дæр, Хаджумар æмæ Герсанау, хаттæй-хатт йæ зæрдæ нæ дары йæ фæлгонцты хъаруйыл æмæ йе ’мдзæвгæ балхынцъ -кæны хус, иицæйаг строфæйæ. Фæткъуыйы тала куыд байрæзт, куыд сфидар, уый дзæ- бæх афысгæйæ, цæмæн хъуыд ахæм кæрон: «Фæззæджы адджын фæткъуытæ ратдзæн, царды раз йæ хæс кæны æххæст». Æрдзы фæзындтæ, предметтæ йæхирдыгонау удджын кæй кæны, Есенины фæлгонцон уынынадыл кæй ахуыр кæны,уый у йæ хорз миниуæг. Æрмæст ма йе ’мдзæвгæ- тæм зæрдæйы ’æнкъарынадæй фылдæр куы фæкæсид, уæд бæрæг фæтыхджындæр уаиккой. Æрдзы зарæгæн уæрæх æмæ дардыл сты йæ авна- лæнтæ, йæ пæнæнтæ. Æрдзмæ цас арæхдæр здæхой, æн- гом æм уой адæм, уыйас сæ удыхъæд рæсугъддæр уьь дзæн. Феликс нæ æркæсын кодта галмæ — туг федта, «стигъы зæххы царм сæфтæгæй», «йе ’рдиаг дуры дæр мары æрхæндæгæй». Æмдзæвгæ символау у: адæм хъуа- мæ æрфæлмæн уой, куы «феной фæстаг уды уонг æго- мыг стуры тугыл кæугæ». Ахæм ахъаззаг хатдзæгтæм йæ бон у, æмæ кæна æрдзы зарæг. Мæ уацы æз иумæйаг поэтикон фарстыты фæдыл цы зæгъын, уыдон зындгонд хъуыдытæ сты, ’ногæй сæ ницы 147
ис. Фæлæ сæ уæддæр зæгъын хъуыдис, уымæн æмæ сæ Скифирон быцæуаг скодта. Скифирон кæд дзургæ кæны, зæгъгæ, поэттæ хъуамæ формæйæ раздæр агурой мидис (æниу формæ æм>æ мидисæн диалектикон æмбастдзинад ис æмæ дзы иу раздæр не ’рцæуы, иннæ та — фæстæ- дæр), уæддæр йæ уацæй бæрæг у, поэттæн кæй аргъ кæ- ны æрмæст сæ формæмæ гæсгæ. Æвзаг, аивадон амалтæ иппæрд цæуынц уацмысы идейон-эстетикон нысанæй, ав- торы индивидуалон характер æмæ мидисæй. Уый лите- ратурон зонады формалистон метод у æмæ аивадон уац- мысæн раст аргъ скæнын йæ бон никуы бауыдзæн. Мæ уац сæйраджыдæр æз ныффыстон æртæ æрыгон поэты тыххæй, Скифирон сæ куыд зæгъы, афтæ кæй не сты, уый сбæлвырд кæнынæн. Фæндыд мæ уыдон тых- хæй — мæ хъару мæ куыд амоны, афтæ — рæстдзинад зæгъын. Æрыгон гюэттыл фыссын зын у. Нырма нæм се ’ппæт æргом нæ раздæхтой, сæхи алыфарсонæй нæ фенын код- той. Чи йæ зоны, чи дзы чердæм фехсойдзæн, цы хуызæ- нæй нæм разындзæн дарддæр. Фæлæ чердæмфæндыдæр куы цæуой, уæддæр сæм ныртæккæ хорзæй цы ис, ууыл хъуамæ сæ къух ма ауигъой, — хъуамæ йæ арфдæр æмæ бæрзонддæр кæной. Поэзи лæгæй домы йе ’ппæт цард, йе ’ппæт рæстæг Иугæр дæм курдиат ис æмæ йын хатыс йæ комытæф, уæд æй тæвд кæн, цырын æй кæн, йæ уд ын аскъуын дæхи удимæ. Æртæ æрыгон поэтмæ ахæм зæрдæйы уаг хъуамæ æнæ- мæнг уа. Сæ кар дæр оæм æгъатыр у. Уыдон ахызтысты Хъамбердиаты Мысост, Калоты Хазби, Лермоитовы ка- рæй, фæхæццæ кæнынц Есенины кармæ. Ууыл сæхæдæг дæр кæй сагъæс кæнынц, уый æхсызгон у. Æлборы фырт тыхсы, фæдисонау, >æнæнцой у йæ зæрдæ. Хъодалайы фырт -ныккæрзы: «Эх, ныр мæлгъæвзагæй азар». Плийы фырт фыссы: адæм, æрдз мын мæ зæрдæйы хуымзæххы цы тауинæг байтыдтой, уымæн «кæм ис йæ тыллæг», цæ- мæн дæн «къæмдзæстыг»? Уыдон хъуамæ хъæппæрисонæй ахуыр кæной ирон æмæ дунейы поэзи, ахуырæн та суанг амæлæтмæ фæуæн нæй. Зондджын æмæ æмбаргæ цæстытæй (сæхи цæсты- тæй) кæсæд цардмæ, дунемæ, цæмæй йын æнкъарой йæ удæгас тугбуар. 1965 148
ИУВÆРСЫГ ÆВИ АЛЫФАРСОН? Цы у поэзи? Кæм ис поэзи? Ацы фарстыл, иу кæнæ иннæ поэтыл дзургæйæ, иу кæнæ иннæ поэтикон уацмы- сæн аргъ кæнгæйæ, арæх фыссынц нæ литературæйы кусджытæ. Арæх, фæлæ... Æрхæссæм дæнцæгтæ. Бесаты Тазе: «Поэзи зæлланг кæны, дунейы цыдæриддæр рæ- сугъддзинадæй ис, уым. Уый ссардзыстут æрдзы рæсугъд нывты, фыййауы уадындзы зæлты, ирон ф/æндыры цагъ- ды, хæстоны æхсарджын риуы, чындздзон чызджы мид- былты худты, булæмæргъы зарæджы, дугъон бæхы сæп- пы, суадæтты сыр-сыры, бæлæсты сыфтæрты сыбар-сыбу- ры, цардыл тохы размæсидæджы хъæлæсы, мыдыбындзы- ты чыргъæды æмæ бирæ æндæр æмæ æпдæр рæтты. Чи сæ фæуыдзæн нымад!» Дзугаты Геогри заёгъы, зæгъгæ, Мыртазты Барисы «чиныг «Бонрæфты» кæсгæйæ, адæй- магмæ афтæ фæзыны, цыма хъарм сæрдыгон бон фæлæ- гæрды дидинвæлыст угæрдæны. Хъуысы йæм алыхуы- зон мæргъты цъыбар-цъыбур, сæ уæздан сæртæ йæм ти- лынц æртæххъус дидинджытæ, сæ чысыл хъуытæзтæ цæгъдынц цæссыгрæсуг суадæттæ æмæ уый æмрæстæ- джы кæмдæр арвы тыгъдады фæтæхы хъæбатыр хæххон цæргæс. Ахæм угæрдæны райс дæ аæрдæйы схъæлфындз цæвæг æмæ, гъæйдæ-гъа, мауал æфсæд, гъепп-оппы за- рæг кæнлæйæ, фæтæн уистæ скъæрынæй». Дыууæ авторы дæр раст фыссынц, фæлæ цымæ уы- дон цытæ ранымадтой, уымы йеттæмæ никуы ис поэзи? Иувæрсыг не сты сæ бæрæггæнæнтæ? Цымæ æрмæстдæр царды хурварс у поэзи? Раст у: поэзи фыдæлтæй фæстæмæ тырны, цæмæй цард уа рæсугвд, гуманон æмæ мауал уой фыдми, чъи- зи, хъизæмар. Фæлæ поэзи канд «чындздзон чызджы мидбылты худты», «суадæтты сыр-сыры», «дидинвæлыст угæрдæны» нæй. Поэзи ма ис судзгæ хъарæджы дæр, æн- 149
дыгъд трагедийы дæр, рæхойæг сатирæйы дæр. Поэзи у адæймаг йе ’ппæт цинтæ æмæ хъыгтимæ, йæ зæрдæйы алыфарсон вазыгджын рæстдзинадимæ. Поэзи ис, адæй- маг æмæ рæстæг цæмæй цæрынц, уыдонæй алцæм дæр. Стыр курдиатджын нывгæнджытæй дзурынц, зæгъгæ, уыдон алцы дæр æввахс исынц сæ зæрдæмæ, къæрцхъус сты, барометры фатæгау, царды уæлдæфы ивындзинæд- тæм, иннæтæй тынгдæр æмбарынц хъизæмар, арфдæр æнкъарынц рис æмæ уымæ гæсгæ свæййынц рæстæджы, æхсæнады намыс. Уæлæнгай, сур, мæнг оптимистон, хъæлдзæг-хъал поэзи н.æ уыд, нæу æмæ никуыдæр* уы- дзæн адæмы аккаг. Поэзийы нысан æмæ мидис иувæрсыгæй куы фæл- . гъауæм, уæд ын бар-æнæбары кæнæм зиан. Бестауты Ги- уæрги, низ æй куы ’вдæрзы, тæвды удхар куы кæны, уæд цæхгæр алыг кодта: Æз мæ цины ’нæ дæу дæр — поэт, Мæн æрмæст мæ тыхсты хъуыди музæ! Æнæмæт, æнæрхъуыды, æнæсагъæс чи ’у, уый нæу лæджы ном, поэты ном хæссыны аккаг. йе ’хсæнадон-аивадон хæс деклараци кæны Минди- ашвили Серго: Ард æз бахордтон дзырдтæн сыджытæй, Куыд æнустæм сæ цагъар уыдзынæн, — Æмæ систон мæ къухмæ поэты сис... Æмæ ме ’ргъом ыскодтон дунеты рис. Æз загътон: «деклараци кæны», уымæн æмæ арæх конкретон уацмыстæ уыцы «дунеты рисæй» нæ дудынц. Фæлæ уæддæр нæ поэттæй бирæтæ поэзийы мисси раст кæй æмбарынц æмæ йæ сæххæст кæнынмæ кæй бæл- лынц, æрмæст гъе уымæн дæр ис нысаниуæг. Æрæджы Хъайтыхъты Геор ныффыста легендæ «Поэт». Цы у поэт æмæ цахæм ахадындзинад ис поэтæн, уый дзы равдисынм.æ хъавыд сюжетæй. Поэт цæуы фæн- дагыл. Кæсы æмæ йæм æрбацæуы иу лæгмар. Уый йæ дыры бамбæхста фæрæт æмæ дзы хъуамæ поэты фæуын кæна. Цæмæн æй мары, уый аххос нæ зæгъы автор æмæ йæм уый тыххæй фау нæ хæссын, — легендæйы, дам, ал- 150
цæмæн реалистон мотивировкæ æнæмæнг хъæугæ нæу. Поэт ьш цыдæртæ дзуры, фæрсы йæ йæ царды хабæрттæй æмæ лæгмар къæосавæлдæхт фæци, уайтагъд йæхи атыд- та йæ цъа!М1ма|р удыхъæдæй <æмæ сыгъдæг лæгæй агæпп ласта. Поэт æй куыднæ федта, афтæ лæгмар йæ фæрæт ныззыгъгъуытт кодта коммæ æмæ — «пыди нæ поэтимæ размæ, — кæд ын йæхи хуызæнæй тарст!» — балхынцъ кодта йæ легендæ Геор. Поэт лæгмарæн цытæ дзырдта, уыдон Геор хоны «диссаджы ньихæстæ». Фæлæ оэцæгæй та сты ординарон, зондамонæн, æвдæлон ныхæстæ. — Лæуу фидар сау хохау тыхсты дæр, Дæ куыстмæ сахъ лæгау æвнал! Æз дын æмгар куы дæн, æфсымæр, Дæн æз дæ хорз фыд, дæн æмбал! Примитивон, æгæр хуымæтæггонд поэт зæрдæйы ар- фæй нæ ныккæрзын кæндзæн никæй. Аив дзырдæн уыр- ттаг тых дæтты карз, æгъатыр рæстдзинад. Хетæджы фырт Къостайы поэтикон хъару æвдисгæйæ, уырыссаг поэт Максимов Марк æмдзæвгæ «У Уæлладжыр Иры кæмтты фидауц», зæгъгæ, уым бæлвырд равдыста, Хъай- тыхъы фырты легенд-æйы цы поэт ис, уыдон- хуызæттæм адæмы ахаст: Ам къозбау, былалгъæй загъд ныхæстæй ’ ■ Ирæттæ сæ удхæссæг уынынц. (Гаджиты Георы тæлмац) Тох цæуы — бирæ хатт æнæзынгæйæ, æмбæхстæй — æцæг поэзи æмæ мæнг поэзийы ’хсæн, царды рæстдзинад æмæ цард уæлæнгай æмбарьшы ’хсæи. Афтæ уыд æмæ афтæ у ныр дæр. Нæ поэзийыл гæзæмæты дæр куы ахæссай дæ цæст, уæд æнцонæй рахатдзынæ: дзæвгар хъуагдзипæдтæ дзы, яс, дзæвгар цæмæйдæрты у бафхæринаг, фæлæ уæддæр æмткæй дзыхъхъы лæуд нæу, рæзты процесс не скъуыйы, курдиатджын, намысджын поэтты тых æмæ хъаруйы æмбæрц цæуы размæ. Æнæмæнг, иæ поэзийы активмæ æрбацыд, нырыккон раззагон ирон адæймаджы уды- хъæд кæм ис, дуджы судзæгтæм хæстæг чи у, ахæм уац- мыстæ. Зæххыл лæджы бынат, лæджы аккаг цардыл сагъæ- сæй райгуырд Джусойты Нафийы æмдзæвгæ «Лæджы /фæндаггаг». Поэт тыхсы йæхиуыл, дунейыл, алкæй хъыс- мæтыл. Йæ мад ын радта йæ зæрдæ, царды фæндаггаг. 151
Цу, хъæбул, цу! Дæ фæндаггаг байуар де ’мбæлттыл. Мæлдзыгæй, дзылыйæ — се "ппæтыл байуар дæ иу зæрдæ. Куыд цин кæна дуне — кæрдæгæй лæджы уочг! — дæ фембæлдыл... Йæ мад ын ныффæдзæхста, цæмæй иугæндзон — цы- фæнды зын ын нæ уа, уæддæр — цæуа хæхтæн сæ цъуп- пытæм, уымæн æмæ хæхты бæрзонддæр у лæджы аккаг, хæхты бæрзонддæр у лæджы æгъдау æмæ намысы сим- вол. Поэт тыхсы, катай кæны, нырма уыцы бæрзæндмæ кæй «нæ фæхæццæ,, адæмæн цас æмбæлы, уыйас сын кæй нæма балæггад кодта, ууы,л: Æрхæндæг дæн, адæм! Фæлтау мæ куы басудзид у ’азар. Хæхтæ уæлейау нырма, бонтæ тызмæг æмæ уазал. Цъуппытæ дард нырма, æхсæвтæ ивынц сындæггай, — Зæрдæ мæ рпуы, къалиуыл рох гранатау, бынтон æнæкайд... Зæрдæйы гуманистон фæдис (адæймаг хъуамæ Адæй- маг уа!) арæхæй-арæхдæр У.ъуысы нае поэзийы æмæ уый у й,æ ахъаззагдæр хæрзтæи иу. Гуманизм домы æргом- дзырд, фыдæх рæстдзинады знæгтæм, тæрхонгæнæджы пафос. Гафез быцæу >кæны æнусты æвдисæн Сæнайы хохимæ. Нæ хъæуы мæн дæ уаг, дæ бон, Нæ дæр дæ даргъ цæрæибон сисин! Нæ фæнды мæн, Æмырæй уон Рæсугъд кæнæ Фыддуджы ’вдисæн! Гуманизм у æмбæстагон лæджыхъæд, тохгæнæг пар- тиондзинад. Уый нывгæнæджы кæны æхсæнады, дуджы цауты гуылфæнмæ, амоны чын бæлвырд позици: æвзæ- рæн йæ ных цæв, хорзæн йæ фарс хæц! Поэтæн йæ уд- хæс^сæг сты æхсæнадон фæлитойтæ, мыстулджытæ, йæхи эгоистон цыбæлты охыл алы цъаммар митæм дæр цæттæ чи у, ахæм ницæйаг адæймагтæндтæ. 152
Ды алцыдæр дæ лыскъзæрдæйæн курыс, Дæу бахъуыд сæр — фыдыбæстæйыл зар, Дæу бахъуыд сæр — Ирыстоныл фæдзурыс, Дæу бахъуыд сæр — куыдзы бын дæр ыстулыс, Бон цалдæр хатты аивыс дæ цъар. «Урсдзæсгом, саузæрдæ лæггалм», нæ дуджы «æхси- ны лæг» бирæ контрастты хицау у, фæлæ.уыцы кон- трастты кæрæдзийыл бæтты йæ уды сæйраг миниуæг. Ды дæр ирон дæ. Иу донæй нуазæм. Нæ хæхты иумæ арвыстам нæ цард. Мæ разæй райсыс хисдæрæй нуазæн Æмæ фæхæрыс Иры номæй ард. Æрмæст æй зонын, хиуарзаг, мæигард дæ, — Дæ дзырд, дæ архайд алкæддæр — цæстмæ. Сæр бахъуыд, зæгъгæ, ’рывæрнс уæд кардмæ Дæ уды нæ, дæ рапгуырæн бæстæ. «Сойбыл зарæг» чи кæны, уыцы поэтты ныхмæ дзур- гæйæ, Бестауты Гиуæрги йæ чиныг «Æхсæв æмæ бон»-ы бæлвырд кæны царды контрастон вазыгджьш мидис. «Цардвæндаг дæрзæгтæ конд у, какон», — зæгъы поэт æмæ йæ хуыздæр æмдзæвгæты йæ уд хъары ууыл, цæ- мæй дзы раста рæстдзинад. Æмбæстагон намыс поэты æнцой нæ уадзы, йæ алыварс æрдз, адæм æмæ йæхи зæрдæйы цард куы фæлгъауы, уæд. Æмбæхстгомау сарказмæй поэт дзуры, уæздан, рæсугъд, цардæй æл- гъæд, мæнг фæтк йæ уд-йæ дзæцц кæмæн у, уыцы адæй- магыл. Уымæн, рæстдзинад чи дзуры, уыдон æнæуынон сты. Кæд царды хъуагдзипæдтæ ис, уæддæр уым йæхи азымджын не ’нхъæлы. Лæджы зæ^хон рæстдзинад уый баивта кæнгæ, формалон ном æмæ цытæй. Ды нæ бакæсдзынæ — зонын — Ацы’нкъард фыст, фæлæ, цæй, — Ды уæздан дæ ’мæ нæ домын Ахæм сау куыст дæр дæуæй. Реалон, риссаг сагъæсæй поэты иыхас у цардæгас, æууæндыс ыл æмæ йæ дæ зæрдæмæ исыс. Æмдзæвгæ «Сахат»-ы Бестауы фырт цъус, фæлæ дзæбæх фæлгонц- тæй равдыста адæймаджы царды рæстæджы ааууат тых. Мæ разы та цъыбар-цъыбур кæны Индустрийы алæмæттаг цъиу мæнæ. Нæ, уый æцæг нæ узæлы мæныл, Фæливы мæ цæстмæмийы кæлæнæй. 153
Иæ зарæгæй мæлæтмæ сайы мæн Уый, «Одиссейы» базырджын чызджытау. Тъымы-тъыма — йæ комулæфт, фæлмæн, — Кæлынц мæ риуыл минуттæ сыджытау. 1964 азы Цæгат Ирыстоны «Поэзийы бон»-ы æмбырд- тонды Дзаболаты Хазби фыста: «Дæуæн дæ бон нæу, æрдз дын цы радта, уымæй егъаудæр курдиат райсын, фæлæ дæ бон у раст уæвьш, дуджы æцæгдзинад нæ фæ- галиу кæнын. Ма рацу дæ зæрдæйы ныхмæ!» Хазби ар- хайы, цæмæй йæ поэтикон практикæйы зæрдæхудт ма уа йæхицæй дæр æмæ дугæй дæр. «Гим.н хæдзяры æфсин- тæн», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы Хазби кад кæны, цар- ды зындзинæдтæ бирæ чи бавзæрста, фæлæ уæддæр йæ лæгуарзон удыхъæд чи нæ сафы, ахæм хуымæтæг ирон æфсинæн. Гимн фыст у цæстуынгæ, бæлвырд фæлгонц- тæй. Цардуаджы ,нæ, фæлæ царды уæвынады цин сысты нæ цæсты раз. Æмдзæвгæйы иу хай у «жанрон натюр- морты» хуызæн. Хыссæ хаст фысау арынджы рафæлдæхт, Норст бæгæны цæрæнбоны арфæтæн Зивæггæнгæ йæ хуыссæнæй ’сыстад, Фынгыл дзагæй уæрæххъуыр графин Йæ цъæх фæрстæй рахид, Нуры хъазгæ — æртхъирæнау дуды, Нарст уæливых бæзджынбылæй худы, Бур тæбæгъы æнæхъæнфых уасджытæ Ракъуыпп кодтой сæ нарст фæрстæ уазджытæм... Гимйы царды уæвынады рæсугъддзинад баст цæуы дунейы райдайæн — сылгоймаджы бæркадджын зæрдæ- йы фидауцимæ, йе ’видигæ хъомысимæ. Хазби æмбары дунейы зынаргъдзинад, лæг ын зонгæ уа æви æнæзонгæ, уæддæр ьш у йæ зæрдæйы иу цахæм- дæр хай, æнкъары йемæ йæ иудзинад, йæ тугхæстæг. Æр-' выл райсо.м дæр, куыстмæ цæугæйæ, сæ кæрты уыдта «хъуыдыдзæсгом къæсхуыр лæджы», йæ сæрæй-иу ын акуывта. Иу райсом æй нал федта, дыккаг райсом дæр, æртыккаг райсом дæр. Æмæ цыдæр сагъæс ныффидар ис мæ риуы, Цыма зынаргъдæр уысм фæхицæн и мæ цардæй. - Æз та йын афтæмæй нæ базыдтон йæ ном дæр... Цоэзийы гуманизацимæ се ’ргом здахынц алыхуызон кар æмæ фæлтæрддзинады поэттæ, уымæ гæсгæ сæм арæ- Ш
хæй-арæхдæр кæнынц æцæг адæймагон хъуыдытæ, æн- къарæнтæ. Æвæццæгæн, азтæ æнæхъуаджы нæ цæуынц, кæмдæр поэтты фæпоэтдæр кæнынц. Хъайтыхъты Георы æмдзæвгæ «Мæ куырдиат» иумæйагæй даргъ у — дæс строфæйы мидис ис фыццаг дыууæ строфæйы. Поэт ку- ры, зæгъгæ, куы мæлон, Уæд-иу мæ кастæй алчи дæр æмбарæд,— Мæлæтæн æз æнцон хæсгæ нæ дæн! — Фæлæ-иу исчи хосты бæсты ссарæд Ирон фæндыр нæ сыхбæсты мæнæн! Æууæндыс поэтыл, йæ зæрдæйы фæндоныл. Æууæн- дыс, Хъайтыхъы фырт æндæр æмдзæвгæйы кадимæ кæм ныхас кæны, ууыл дæр. Поэт йæ рæстдзинад куы’вдиса, уæд уый гуманон лæджыхъæд у. Кад — «хъулон-мулон цъиу», кæддæр поэт тахтис -йæ фæдыл, ахста йæ, хъуы- зыдис æм. Ныр поэт æрцыд раст хъуыдымæ,: «Мæнæн ныр тагъд уайын фæзын! — Кæд дæ хъæуын, уæд мæм дæхæдæг Дæ рады хохбæстæм фæзын!» Кад агурын нæ хъæуы, кады фæдыл радугъ-бадугъ нæ хъæуы, — хъæуы поэзийы уæхскуæзæй кусын, намыс- джынæй, æнæхъинцъæй, æнæхъæлæбайæ. Пастернак Ба- рисы загъдау, '«цель творчества — самоотдача, а не шу- миха, не успех». } Бæгуыдæр, нæ поэзи нырма фаг дзуапп нæ дæтты ду- джы æмæ адæмы домæнтæн. Абоны ахсджиаг проблемæ- тæ нырма æххæстæй йæ дæлбар нæ бакодта. Уый кæм- дæр поэттæ сæхæдæг дæр æмбарынц æмæ, мæвмæ гæс- гæ, ноэзийы нысапыл бирæ æмдзæвгæтæ-декларацитæ дæр уымæн фыссынц. Поэтико,н хъудыкæнынады диапа- зон нырма къуындæг у. А,м сæйраг нысаниуæг ис поэты гоймагæн, поэты ин- дивидуалон удыхъæд цас уæрæх æмæ бæрзонд у, уымæн. Бирæтæ архайынц ууыл, цæмæй рауæрæх кæной сæ по- этикон авнæлд, фæлæ арæх ацæуынц сæхицæй, схицæн вæййынц сæ индивидуалон удыхъæдæй æмæ ахæм ав- нæлдæй, кæй зæгъын йæ хъæуы, хъæздыгдæр нæ кæны нывгæнæг. Ис поэтикон дунейы арæнтæ, ома поэты зæр- дæйы реалон, цардæгæс арæнтæ, æмæ сæ барвæндæй куы халай, уæд дзы ницы фæпайда кæндзынæ. Хуызджын, метафорон, ассоциативон уынынад. Хуы- 155
мæтæджы цыдæртæ сырæзынц уæвынады рæсугъддзи- надмæ, æхцон алæмæтмæ. Хуызфысгæ нывкæнынад. Ахæм дзырдтæй равдисæн исÆлбортыХаджумары ин- дивидуалон поэтикон удыхъæдæн. Ахæмтæ сты йе ’мдзæв- гæтæ «Сырхахуырст изæр», «Æнафоны сахар», «Бæлæстæ тымыгъы». Уьгм мах уынæм: галтæн «сæ сыкъаты цъуп- пытыл зæрæхсид судзы», саби йæ уисæй рæмпъузы арвы хæдон, «быдыр галы цæстыты, артау, судзы». Уым уы- нæм: «Боны хъæлæба сусхъæдтæ ’мбæхстæй сæфæдджи- ты дарынц. Цыма цъиутæ мыртæккæ сыфтæрты ’хсæнæй ныппæр-пæр кæнынмæ хъавынц». Уым уынæм тымыгъы бæлæсты удхар: «Сыфтæртæ — уддзыдтæ, <сыфтæртæ — рухсдзыдтæ, сыфтæртæ, цъиутау, тæхынц. Тымыгъы ба- зыртыл ризынц, мæльинц». Æмдзæвгæты ис атмосферæ, мах сæм бацæуæм æмæ сын нæ зæрдæйы рахæссæм сæ хъар.м, сæ уазал, сæ комулæфт. Фæлæ Æлборы фырт арæх иæ поэтикон арæнтæ уæ- рæх кæныны сæраппонд фыссы æндæр æмдзæ^гæтæ дæр, зондæй конд конструкцйтæ, дъус дзы вæййы ахорæнтæ, зæрдæйы тыхст æмæ иьин æцæг поэзийы ад иæ кæнынц. Ахæмтæ сты «Райгуырц», «Мæ чысыл, ме ’нахъом саби» æмæ æндæртæ. Мах арæх фæдзæхсæм иу кæнæ иннæ поэты, цæмæй дардылдæр æвнала, уæрæхдæр кæна йæ тематикæ. Фæ- лæ арæх нæ фæамонæм, уыцы хабар кæй хъуамæ ’рцæ- уæ поэтæн йæхи зæрдæйы хардзæй. Уый дзы куынæ уа, уэвд механикон æгъуыздзинадмæ цæуы поэзи. Хостыхъоты Зинæ чиныгкæсæджы зæрдæ балхæдта конкретон, реалистон лиризмæй, уарзты хъуырдухæн æрдз æмæ моралы, этикæйы рæсугъддзинадимæ органи- конæй кæм бæтты, уыцы æмдзæвгæтæй. Уым ис йæ поэ- тикон дуне. Уыцы дунемæ хауы йе ’мдзæвгæ «Рудзын- джы бын дидинæг сыди». Сцæттæ кодта æхсæвæр йæ цардæмбалæн, фæлæ фæскуыст пе ’рбацыд, не ’рбацыд æхсæвы дæр. Уасæджы хъæлæсæй бонрухс калди, Мигъ ысбадти къанауы сæрмæ. Ногуард митыл рог къахдзæфтæ уадзгæ Ды фæзындтæ уалынджы мæнмæ. Авæрдтон дын аходæн дæ разы, Цæстыты къæмдзæстыг фæд зынди... Бæласæн йæ дадали ысурси, Рудзынджы бын дидинæг сыди. 156
Æмдзæвгæйы ис сылгоймаджы нымд, йæ тыхст, йæ мæт, йæ суоæг хъизæмар. Уый зæгъæн нæй, Зинæ «Фидиуæджы» фæстаг рæс- тæджы цы дыууæ стыр циклы ныммыхуыр кодта, уыдо- нæй. Алыхуызон темæты уæрæхдзинады нал зыны Зинæ- йæн йæхи цæсгом, йæхи поэтикон мидис. Цас рæстдзи- над ис, дзырдæн, æмдзæвгæ «Æрмдæсны»-йы: Никуы никæмæн ыскодта Уый йæ хидвæллой æвгъау, Никæд дæр куысты мызд домдта, — Иры ахæм ис æгъдау! Поэт хъуамæ ива, фæлæ ивгæйæ хъуамæ йæ зæрдæ йæхиуыл макуы сива. Уый поэзийы æгъдау у. Нæ поэттæ сæ удыхъæды .æрдзон арæнтæй кæм ахи- зынц, уым ныззæй кæнынд фаззон, кæрæдзи цæрмæс- тыгъд чи бакодта, ахæм иугъуызон æмдзæвгæтæ, Мах- мæ тынг бирæ ис ремюнисценцитæ, æгæрыстæмæй хорз æмдзæвгæты дæр. Багаты Лади: Мæ Ир, дæ армæй царды тавс æз исын, Мæ царды ныфс — дæ цин æмæ дæ худт. Фæлæ йæ зон: тыхджындæр дын кæм риссы, Кæддæриддæр гъе уым вæййы мæ уд! Бахъаты Нугзар: Уыцы зæххыл цалы зарæг сысты, Уыцы зæххыл — уадындзхъæлæс фурд. Удхæссæг дзы искæй уд куы исы, Уæд йæ разы балæууы мæ уд. Бестауты Гиуæрги: Иу хуыз ирон хуыз у Дунейы мин хуызтæй, Арвырон уаид фæлурсдæр... Козаты Исидор: Зæххыл куынæ цæриккой Ир, Уæд дуне уаид къахыр. Мæ бон у æрхæссын ахæм дæнцæгтæ æваст бирæ. Цас нæм ис æнæхъæн æмдзæвгæтæ, (æнæхъæн темæтæ — реминисценцитæ! Мад æнхъæлмæ кæсы йæ хæстон фырт- мæ, фæлæ не здæхы. Денджыз æмæ Иры фыдæлтæ — аланты хъысмæт. Ивгъувд сабибонтæ æмæ сæ адджын мысинæгтæ. Æз нæ дзурдзынæн, бынтондæр поэтикон ду- не кæмæн нæй, уыцы æрмдæснытæ-версификаторты тых- 157
хæй. Уыдон фыссынц лæгъз, рифмæтæ кæнынц, ирон æв- заджы грамматикон æгъдæуттæ нæ халынц. Æмæ цы дæттынц чиныгкæоæгæн? Ныхъхъуырын ын кæнынц аф- тиддзинад. Ахæм фыстытæй фæзæгъынц уырыс: искæ- мæй йæ нæ радавта, фæлæ йæхи дæр нæу. Нырма махмæ бирæтæ поэзийы р(æстдзинад æмба- рынц примитивонæй, уый, дам у, цауты, фæзындты уæл- цъарыл алчи дæр кæй уыны, ординарон-иумæйаг чи у, уыцы рæстдзинад. Ахæм теори, зивæпгæнаг зонды хицау чи у, уыцы фысджытæн æвæджиау фадат дæтты æнцад- æнцойæ цæрынæн. Поэзийы рæстдзинад кæддæриддæр у ног, оригиналон, поэты индивидуалон зæрдæйы ссарæг- гаг. Маяковскийы загъдау, «Поэзия — вся! — езда в нез- наемое!» Поэзийы рæстдзинады тыххæй тынг хорз загъта Луначарский: «...Пло(х кудожник, который своими лроиз- ведениями иллюстрирует уже’ выработанные положения нашей программы. Художник ценен именно тем, что он поднимает новину, что он со всей интуицией проникает в область, в которую обычно трудно проникнуть статис- тике и логике». Иллюстративондзинад — нæ поэзийы карздæр знаг — хæрх у не ’мдзæвгæты, фиксаци кæнæм факттæ, ныма- йæм алы цаутæ, хал сæ кæн<æм кæрæдзийыл, нæхи зын- гæй нæ судзæм, афтæмæй. Фæлæ уæлдай тынгдæр уыцы аипп хауы поэзийы егъау жанрмæ, поэмæтæм. Фæстаг рæстæджы не ’ргом тынг аздæхтам алыхуы- зон адæмон легендæтæм, аргъæуттæ æмæ кадджытæ æмдзæвгæтæй нывæндынмæ. Сæдæ хатты зонгæ ситуа- цитæ, сюжетон æлхыпцъытæ, фæлгонцон фразеологизм- тæ — адонæй кæнгæ сты адæмон кадæджы уагыл фыст дзæвгар поэмæтæ. Афтæ мæм кæсы, цыма уыдон фарсмæ æмæ уыдоны хъауджыдæр фылдæр æнтысы романтикон поэм-æйæн. Пушкины «Цигантæ»-м гæсгæ Мал^ты Уасо ныффыста поэмæ «Пэя». Архайд нæ рæстæджы цæуы — зæронд лæгтæ кæнынц атомон хæсты кой. Æцæг, æнæзонгæ бы- ыаты цæрынц цигаитæ, авторы хъуыды цы сюжетон æмæ лирикон фæндæгтыл цæуы, уый дзы алкæм бæрæг-бæл- вырдæй нæ хатæм. Уый поэмæйы сахъат у. Чи зоны, рæ- дийын, ф>æлæ мæнмæ афтæ кæсы, дьша Уасойы фæндыд цигацты царды хуызы йæ ирон адæмы хъысмæтыл аса- гъæс кæнын. Уымæн æвдисæн сты, цигантæн ирæттимæ цы параллелтæ аразы, уыцы бынæттæ. 158
Æз та уынын: æнусты тары Куыд зилы мах фыдæл зæххыл Цигантау й’ аласа бæхыл. Æрмæст къæбæргур нæ! Уый дары Йæ къухы арц æмæ мæлæт. Кæмдæр Мысыры пирамидæйы цур ирон фыдæл бам- бæрста, «нæ зæххыл æрмæстдæр аразæджы ном кæй у æнæмæлгæ, æнусон»- Поэмæйы æппæт (мæнмæ гæсгæ, æнæхъуаджы, дызæрдыггаг) æбæлвырддзинæдты ’хсæн æз афтæ хатын, цыма Уасо цигайнаг адæмимæ иумæ хæ- цы Романесы ныхмæ. Уый ралыгъд йæ таборæй. Цæмæн? Мæ сафæг — ме ’фсымæры ус. Нæ тыхсин, азымджын куы уаин. Фæдзырдта таборæн мæнæй, Цыма йæ дард кæдæмдæр сайын Æз мемæ н’ адæмы уындæй. Æндæр табормæ куы ’рцыд, уæд бауарзта зæронд Биантæйы чызг Пэяйы æмæ та уый дæр хоны цахæмдæр «бæллиццаг дунемæ», уым, дам, фестынц аргъæуттæ æцæг æмæ, дам, уым лæг фыссы дзæбуг æмæ æхсырфæй кадæг. Цавæр бæстæ у, уымæн алыхуызон бамбарæн ис, фæлæ цигантæ не сразы сты Романесы фæндоныл, загъ- той йын: Дæ мæгуыр адæмы уындæй, Дæ мæгуыр адæмы зынтæй Фæлыгътæ, уæд дæуæн фæндагсгар Уыдзæн дæ иунæг сæры азар. Романес ацыд, Пзя баззад йæ таборимæ. Æвæццæ- гæн, поэмæйы пафос, йæ идея разынд Биантæйы ныха- сы, зæгъгæ, æз дæр кæддæр бæллыдтæн уыцы рухс бæс- тæм, фæлæ Лæг хъуамæ адæмы ном дара Иæ зын, йæ амондæй уæлдæр. Адæмы збнды рæстдзинад фæстагмæ бамбæрста Ро- манес дæр æмæ фæсмонæй дзуры: Уæууæй, дзæгъæл дымгæйау ниугæ, Æнæ уæзæг, æнæ мыггаг, Æнæ æвзаг, æнæ фæндаг Мæ сау бонтæ нымайын иугай. Лыгътæн мæ адæмы зынтæй, Лыгътæн мæ адæмы уындæй Æмæ мæнæн æдзух фæндагсар Уыдзæн мæ иунæг сæры азар. 159"
Каед поэмæйы идея раст рафæлгъуыдтон, уæд уый ахсджиаг зæгъинаг у æмæ уымæй Уасо дзуапп дæтты нæ дуджы ирон адæймаджы æмбæстагон-национ домæнтæн. Фæлæ уæддæр поэмæйы æгæр æбæлвырд бынæттæ кæй ис, уый йæ хорздзинад нæу. Социалистон реализм иæу романтикон амæлтты ныхмæ, фæлæ алкæм дæр зо- нын хъæуы эстетикон бæрц. Аивад—фæнды реалистон уæд, фæнды романтикон уæд — никуы вæййы царды къо- пи, царды комкоммæ фотографон фæлхатæн, фæлæ сæр- маговд «эстетикон реалондзинад» (Герцен). Æмæ уыцы реалондзинады хъуамæ алцыдæр лæггад кæна рæстдзп- надæн, хъуамæ йын уа бæлвырд бындур, бæлвырд иде- йон-аивадон нысан. Цард æвдисыны мадзал — реалистон уа æви романтикон — автоматикоиæй никæмæн ифтонг кæны æнтыстдзинад. Аивады алы формæтæ дæр хорз сты, кæд æмæ кусой, змæлой, цæхæр калой поэты хæд- бындур, бæрзонд, (ньирыккон хъуыды -æмæ æнкъарæнæй. Фольклорон æмæ романтикон поэмæты фарсмæ фæс- таг рæстæджы йæхи барджынæй æвдисы лирикон поэмæ. Поэмæ лиризацигонд кæй цæуы, уый ахъаз кæндзæн дуг æмæ поэты «æз» парахатæй раргом кæнынæн. Хъодала- ты Герсан поэмæ «Гыцци»-йы (йе ’мдзæвгæты куыд у, афтæ) реалистон деталтæ, лирикон уысмытæ, публицис- тон монц, жанрон иывтæй ракодта хуымæтæг, хъæууон мады уæззау хъысмæты таурæгъ. Æмткæй райсгæйæ, ирон поэмæ абон нырма æгæр æнæныфхаст, æгæр æргъæвст у. Иæ аххосы тыххæй дзырдтон: нæ поэтты зæрдæ æм.æ зонды диапазон бирæ рæтты нырма къуындæг у. Поэмæ та домы дуджы кри- тикон, уæлдæр моментты уæрæх æмæ арф синтез,*исто- рион-национ æмæ философон-политикон концепци. ИстЫ цау райс æмæ йæ афысс — уый арæх вæййы хуымæтæг радзырды хуызæн. Поэмæ — жанрты жанр—пайда кæ- ны йæхирдыгонау прозæйы, драмæйы, публицистикæйы, лирикæйы фæлтæрддзинадæй. Æмæ æппæт уыдонæй — прозæйы психологон амалтæй, драмæйы динамикон хъа- руйæ, публицистикæйы æргом лæджыхъæдæй, лирикæйы стъæлфæнтæй — иууон, симфонион организм аразы поэ- ты гоймаг. Нырыккон эпос ахæм кæй у, ууыл дзурынц Твардовский, Луговской, Марцинкявичюс æмæ æндæр поэмæфысджыты уацмыстæ. Махмæ бирæ кæй цæуы мыхуыр уæлæнгай, афтид, лæгъз уацмыстæ, уый хъыгаг у. Фæл.æ, зæгъгæ, уыдон 160
кыууромой æцæг поэзийы рæзт, уый зын зæгъæн у. Бо- ныфæстагмæ, рæстæг рохуаты «ыууадздзæн графоманты фыстытæ. Раст у: уыцы ницæйаг литературæ хъыгдары æцæг поэзийы. Мæнмæ гæсгæ, коньюнктурон фыстытæ сæйраджыдæр тæссаг сты уымæй, æмæ халынц чиныг- кæсджыты эстетикон адæнкъарынад. Ам хъуамæ поэт æмæ чиныгкæсæджы ’хсæн хæстон хъахъхъæнæгау слæу- уид критикæ æмæ амонид: цы у хорз æмæ цы у æвзæр, цы у æцæг литературæ æмæ цы у мæнг литературæ. Фæ- лæ нæ критикæ нырма ацы хæс фаг бæрцæй не ’ххæст кæны. Уый нæ, фæлæ критикæ арæх йæхæдæг дæр не ’мбары хорз æмæ ’взæры астæу хицæндзинад, традици æмæ новатордзинады астæу, формæ æмæ мидисы астæу диалектикон æмахастытæ. Критиктæ фыссынц: мæнæ ацы уацмыс нæ зæрдæмæ цæуы, мæнæ уый та — нæ. Фæлæ цæуылнæ, цæй тыххæй, ууыл сæхи нæ тыхсын кæнынц. Иу поэты тыххæй цы зæ- гъынц, уый иннæ поэты тыххæй дæр куы зæгъай, уæд ницы аивдзæн. Поэзийы иумæйаг процесс куынæ зонай, уæд дзы иу кæнæ иннæ поэтæн индивидуалон характе- ристикæ пæ ратдзынæ. Критикæйы хæс та алы поэтæн дæр йзехи хæдбындур миниуджытæ раиртасын у. Критикæ арæх цæуы формалистон, æнæрхъуыды фæн- дагыл, ома поэзийы уьшы æрмæстдæр версификаци. Фæлгонцон уынынад æмæ хъуыдыкæнынад æй, цыма, бынтондæр ие ’ндавынц. Иу крит’ик («Мах дуг», 1966, № 9) æрхаста Дзаболаты Хазбийы рæнхъытæ: Кæйдæр сыгъдæг ми æрбахæссы Хъæрмуст тын риуы талынгмæ, — æмæ сын комментари дæтты: «Уæвгæ афтæ зæгъæн ис — «сыгъдæг ми»? «Хъæрмуст тын» — циу уый та? «Хъæр- муст» ма донæй зæгъ, фæлæ тынæй кæд фехъуыстæуыд? Дагдддæр, кæд риуы талынджы кой цæуы, уæд тын хъуа- мæ «хъæрмуст» ма уа, фæлæ «рухс» уа, аивадон логикæ куыд амоны, афтæмæй». Критик «аивадон логикæ» кæй хоны, уый аивадон мæ, фæлæ ихсыд штампы логикæ у. Поэты эпите1тæ æмдзæвгæйы контексты сты аив æмæ йын бæлвырдæй æвдисынц йæ хъуыды. Поэт хъуамæ макуы ор,иентаци кæна чиныгкæсæджы ныллæг адæнкъарьшадмæ, чиныгкæсааг та — поэты ныл- лæг адæнкъарынадмæ. Чиныгкæсджытæй бирæтæн ныл- 11 Дзуццаты X. 161
лæг адæнкъарьшад кæй ис, уым тынг азымджын сты фысджытæ. Æвæццæгæн сын дæсгай азты дæргъы цы аивадон хæлц лæвæрдтой, уый хæрзхъæдджын нæ уыд. Æ,мæ уыцы азы,м бамбарыны бæсты махæй иуæй-иутæ чиныткæсæджы ныллæг адæнкъарынадæй, уартау, хъахъ- хъæнынц сæ уацмысты идейон-аивадон лæмæгъдзи- над. Рог, æнцонæмбарæн — уый никуы уыдис аивады егъау хæрз-иуæг бæрæггæнæг. Æрдзы мвдæг æнцон æппьшдæр ницы у. Курдиатджын поэты хъæуы курдиатджын чи- ныгкæсæг. Курдиатджын поэт адæмы рæгъмæ хæссы цыдæр ногдзинад, хъæздыг сьш кæны се ’нкъарæнтæ, сæ зонд, се ’хоар, аразы сæ нывгæнджытæ. Поэты æмæ чи- ныгкæсæджы уыцы фембæлд вазыгджын фарст у. Чиныг- кæсæджы дзыхмæ литературон уацмыстæ сæхæдæг нæ гæппытæ кæнынц. «Мастерство выражения, — фыссы Луначарский, — не совпадает с так называемой легко- стью. Строго говоря, ни один мастер не может быть пре- дельно легким, т. е. давать такие лроизведения, которые принимаются публикой без всякого труда. Наоборот... автор, который пишет ишигу, воопринимаемую читателем без всякого труда, есть лредставитель легкого чтива, отнюдь не мастер». Ахæм фыссæг не сæххæст кæндзæн йæ хæс, ома уæлæмæ не схæцдзæн йæ чиныгкæсæгыл, кæмдæр æй нæ фæтыхджындæр, нæ фæзондджындæр кæндзæн. «Дело, однако, в том, — фыссы дарддæр Луна- чарский, — что мир, который мы должны осознать и переделать,сам по себе сложен и труден». Уыцы дуне бамбарынæн хъæуынц кацд нывгæнæджы тыхтæ нæ, фæ- лæ ма чиныгкæсæджы тыхтæ дæр. Иувæрсыг нæу, — алыфарсон у дуджы æцæгдзинад, не ’мрæстæгоны миддуне. Уымæ гæсгæ хъуамæ уа поэзи дæр, хъуамæ дзы цæрой æмæ улæфой палитрæйы алы хуызтæ дæр. 1967
ÆМБÆСТАГОН ÆМÆ ПОЭТИКОН БÆРНДЗИНАД Рæстæг махæй алкæмæвдæр иу у. Дыууынæм карз, æгъатыр æнусы æмбис. Стыр социалон ивдтыты рæстæг, ахъаззаг тагъдадты рæстæг. Рæстæгæй аразгæсты адæм, адæмæй аразгæ у рæстæг. Нæй -хицæнæй адæймаг, нæй хицæнæй рæстæг. ’ Рагæй фæстæмæ бæлвырд у: кæд поэт æмæ рæстæг æдцæг-мидæг ауайынц, каад ^сæ «æрæдзийы зæрдæмæ ныуулæфынц сæ цардæгас мидис, уæд рухсмæ рацæуы лæджыхъæдджын, тыхджын поэзи. Рæстæг æмæ поэт сты æмавтортæ. Æ(мæ канд æмавтортæ нæ, фæлæ ма сæ кæ- рæдзийæн тæрхонгæнджытæ дæр. Поэт йæ курдиат, йае зонд æмæ йæ зæрдæйы хъарумæ гæсгæ зæгъы йæ хъуы- ды рæстæджы тыххæй, рæстæг та йæхирдыгæй рахæссы йæ уынаффæ поэты тыххæй. Гъе, æмæ уыцы тæрхоны рæстæг йæхи æмсæр ном радты, йæ цин æмæ йын йæ хъыг ^аргом æмæ ныфсджы- нæй чи дзура, йæ раст æмæ йьгн йæ зылын тасы кæнæ æфтиаджы охыл чи не ’мбæхса, ,йæ намысы раз мисхалы бæрц дæр йæхи чи нæ афæлива, йæ хъармы дæр æмæ йын йæ^уазалы дæр йæ зæрдæ гомæй чи дара, уыцы поэттæн. Рæстдзинад дзур рæстæгæй æмæ дæхицæй — ахæм у æгъдау, ахæм у поэзийы домæн. Рæстæг иу у. Уымæ гæсгæ арæх æндæр æмæ æндæр поэтты сфæлдыстады сыстынц æмхуызон проблемæтæ. Фæлæ уыдон, уыцы проблемæтæ, цыфæнды æмхуызон ма уой, уæддæр сæ алы поэт дæр хъуамæ лыг кæна йæ- хирдыгонау, йæхи «æз»-мæ гæсгæ. Аивадæн фæлхатæн у йæ мæлæт. Фæлхатæн кæны штампмæ, æмхуызон æгъуыз- дзинадмæ. Аивад æмæ фæлхатæн сты цыфыддæр знæгтæ. Рæстæгаан уарзон сты индивидуалон, хæдбындур, хавд- хуыз поэттæ. Поэт цæмæфæндыдæр нæ февнала, хъуамæ йыл ныууадза йæ уды гакк, хъуамæ йыл зына йæ ори- гиналон æрмдзæф. Рæставг æмæ поэты æмдзæдисы сæй- раг, скъуыддзаггæнæг тых у поэты индивидуалондзинад, 163
йæ курдиаты бæрц æмæ здæхт, йе ’мбæстагон-партион позици. Алкæмæн йæхи индивидуалондзинадмæ поэтты фæн- дæгтæ сты вазыгджьш, иу барæнæй сын барæн нæй. Уы- цы фæндæгтыл бирæ цыдæртæ фесафынц, бирæ цыдæр- тæ сыл ногæй бафты. Цæуынц сыл куы сæхи уды, куы искæй уды хардзæй. Уымæ гæсгæ, иу кæнæ иннæ поэтыл дзургæйæ, уынын хъæуы уымæн йæ эволюци, йæ сæфты- тæ дæр æмæ йе ссарæггæгтæ дæр, знон цлхæм уыд æмæ абон цы хуызæн у, уыдон иууылдæр. Искæмæй йæм цы ис, цы къуыхцытæ йæм ис, уыдон бæлвырд бацамонгæйæ, мах историзмы цæстæй сæйраджыдæр раиртасын хъæуы поэтæн йæхи индивидуалон дуне æмæ йьгн уымæ гæсгæ хъуамæ аргъ дæр скæнæм. Зæгъæн нæй, зæгъгæ, ивгъуыд 1967 азы1 махмæ цы чингуытæ æмæ хицæн циклтæ рацыд, уыдон кæмдæр нæ поэзийы фæуæлвæндаг кодтой, цахæмдæр ног, нырмæ æнæзонгæ ахаст ын радтой. Чингуытæм чи бацыд, раз- дæр журналтæ æмæ газетты мыхуыр чи уыд, комкоммæ ивгъуыд азы продукцим-æ чи нæ хауы, уыцы æмдзæвгæ- тæ æмæ ивгъуыд азы фыццаг хатт мыхуыр чи ’рцыд, уы- цы поэтикон уацмыстæ æмткæй адарддæр кодтой — кæм хуыздæр, кæм æвзæрдæр — оæ агъоммæ азты сæ автор- ты поэтикон миниуджытæ. Кэамдæр сæ фæарфдæр, фæ- тыхджындæр кодтой, кæмдæр равдыстой сæхи ног хуыз- ты дæр, кæмдæр та фæцауддæр сты, фæлхатæн кæнынц сæхи кæнæ æндæр искæй ссарæггæгтæ. Нæ поэттæй йæхи æмæ йæ рæстæджы тыххæй иууыл уæзгæдæр ныхас чи загъта, ууыл куы сагъæс кæнæм, уæд фыццаджы-фыщцаг йæ кой скæнын хъæуы Джусой- ты Нафийы «Æнæном чиныг»-æн. Уый баст у поэты раз- дæры чингуытимæ («Æз райгуырдтæн хохы», «Зын ка- ры»), дарддæр сын кæны сæ миниуджытæ, фæлæ сæ г<анд дарддæр нæ кæны. Уыдон, уыцы миниуджытæ, Нафийы ног чиныджы фæарфдæр сты, разындысты дзы 1фддæрæй æмæ хъаруджындæрæй. Чиныджы тыхджын у, Зæхх планетæ кæй у, космо- сы иу хай кæй у, уыцы æнкъарæн. Адæймаг дун-дунейы тыгъдадмæ куы рацыд, зонад атомон тыхæй адæмы зæр- 1 Ацы уац у, автор 1967 азы Хуссар Ирыстоны поэзийы фæстиу- джыты тыххæй областы фысджытæ æмæ чиныгкæсджыты æм- бырды кæй скодта,уыцы доклад фæцыбыргондæй. 164
дæйы ныфс æмæ тас куы бауагъта, зæххы хъысмæт æп- пæт адæмтæн иумæ скъуыддзаггæнгæ куы сси, уæд ра- уæрæх сты адæймаджы зонд æмæ зæрдæйы æрвгæрæттæ, байрæзт йæ бæрн суанг зæххæй хурмæ. Абаны дуджы уыцы миниуæг >не ’нусы бонцъæхты тьвнг бæлвырд рахатыдта Хе^æгкаты Къостайы генион зæрдæ æмæ йын æй йæ къæсæрыл йыффыста эпиграфау: «Æгас дуне—мæ аргъуан, уарзондзинад — мæ сомыгæ- нæн, у дун-дуне фыдыбæстæ мæнæн». Къостайы деклараци абон кæны реалон, цæстуынгæ, зæрдæнкъаргæ поэтикон тугбуар, уькмæн æмæ, Нафийы загъдау, «атомы баст тыхау, дунейы сагъæс раст лæджы риуы смал!» Аивта лæджы ахаст зæхмæ, адæмы æмба- ры«ад кæй аивта., уый тыххæй. Ай цы ’р^ыдис, æмгæрттæ? Ныггыццыл нæ зæхх... Уый, æвæццæгæн, мах — Дæ фырттæ, дæ буцхаст хъæбултæ — Ыслæгтæ стæм ныр... Нафи тæригъæд кæны хæхтæн, уыдон дæр, цыма, ныггыццылтæ сты. Цæргæ-цæрæнбонты бынæй уæлæмæ кæмæ кастыстæм, уыдонмæ ныр уæлæйæ бынмæ кæсæм. Уый ног пейзаж у — поэты мæтæйдзаг æмæ лæгуарзон зæрдæйы цæстытæй фенгæ. .' Кæсын уæм уæлейæ уырдыгмæ: I ам мæ цурты цæргæс дæр нæ тæхы, ам фæленчытæ кæнынц æрмæст хуры тынтæ æмæ лæг. Бынæй, мæгуыр, мигъты æфсæдтæ, ’ тыхджын дзæбидыртау, кæрæдзи гуымсытæ кæнынц, стæй уын фæлладæй уæ урс сæртæ нуæрдынц... Мæ хæхтæ, мæ сæрыстыр хæхтæ!.. Ысдарут-ма хаттæй-хатт мигътæй уæ сæртæ, фæллад къамбец цадæй йæ лæгъз ных, йæ бырынкъ, йæ рагон, мæтæйдзаг, зондджын цæстытæ куыд ысдары, афтæ... Поэтæн зæххы тымбылæг у йæ зæрдæйы хуызæн. Ныр хицæн маст нал ис, мыр — «куы ’рцæуа зæххы кæ- рон хыл, уæд дыл иргъæвæггаг ныдзæвдзæн». Иæ хæ-| дзар æмæ йæ* дуне — адо« кæрæдзийыл афтæ баст сты,| 165
æмæ дзы иуæй иннæмæ нæй лидзæн, иуйей дзы иннæйы нæй æмбæхсæн. Йæ хæдзарæй иугæндзрн цæуы дунемæ, дунейæ та — йæ хæдзармæ. Канд фиаиконæй нæ, фæ- лæ — сæйраг уый у — зæрдæйæ, удæй. .' Цасфæнды цу, — нау дæр-ма — стъалыдзау ~- космосæй зæхмæ ыздæхы, Зæрныджытæ с’ахстæттæм планетæйы сæрты фæтæхынц. «Плаиетæйы сæрты» — зæххы сæрты мыйшаг нæ. Ду- джы гъе уыцы ,ног, поэтикон егъау æнкъарынад æмæ уынынад æппынæдзух у .контрастон, æнæньщæц ныхмæ- дзыдтæи конд. «Æнусты хæст. Нæй а-зæххрл гармони», зæгъы поэт. Дуг уæззау, трагикон æмæ /вааыгджын у. Æмæ махмæ диосаг нæ кæсьшц, Нафийу поэзийы цы бирæ «ыхмæдзыдтæ ис, уыдан. НыхмæдзЫд рæстæг æмæ ныхмæдзыд зæрдæ. / Поэты ныхмæдзыд сагъæстæ зилдух >кæнынц рæс- тæг æмæ адæймаджы алыварс. Цы хуызæн у ацы рæс- тæджы адæймаг? «Æз—«æппæт дæн! Æз — ницы æп- пындæр!» — уый æрмæст сур деклааацц нæу, фæлæ бæлвырдгонд цæуы нæ абоны æцæгдаинады æвдисæн- дартæй, поэтикон аргументтæй. / Адæймаг арвау бæрзонд у, хурæй бæрзонддæр у., Æппæтхъом адæймаг арвæй зæххы ’хсæн байтыгъта йæ риу, зæххæн ныфс æвæры, арв ын йæ амонд кæй нæ басудздзæн, уымæй. Æппæтхъом лæг тæрсы дунейæн («УæуУай, ныр ис- куы... Дунейæн тæрсын. Уæд ма æргъæвотæй, саугуыр- мæй куыд цæрдзæн?») æмæ Ирыстонæн/йæ культурæ- йæн, йе ’взапæн. - / Рæстæджы ныхмæдзыдтæ поэт канд’ уынгæ æмæ æн- къаргæ нæ кæны, фæлæ сын йæ идеалты бæрзæндæй хæссы йæ тæрхон. Уый домы, цæмæй дзул, р.æстдзинад æмæ лæгæн ма уа сихтæ æмæ ивæнтæ. Уый зоны, дуг куы фæлвара æвæджиау тыхстытæй, уæд йæ хос — æх- сар, æмæ йæ нымд æвзагыл уый тыххæй зары, кæд ын йæ цæрæнбонтæм бафтауид. Кæд дæ фæнды, æм<æ де ’взаг ма фесæфа, уæд ыл хъуамæ дзурай, фыссай, куоай. Кæд дæ фæнды, æмæ зæххыл ладжыхъæд уа, уæд хъуамæ даЕ<хæдæг уай адæймаг. Æдæзонд, куырм лæджыхъæд нæ, фæлæ йæ райдайæн æтæ йæ кæрон, 166
нæ бындур æмæ йæ нысан лæгуарзондзинад кæмæн у, ахæм лæджыхъæд. Адæй^аг хъуамæ дунеты фыдпæ иууыл искæй аххос ма кæна,-иокæй æккой зæ ма ’вæра, уый æбæрн, удæй мæгуыр, æхсины лæг кæны афтæ, фæлæ хъуамæ хата йæхи сæрМагонд азым алы фæзынд, алы цауы раз дæр. Уый тыххæй хъуамæ уа лæгуарзонæй æгъатыр йæхимæ æтæ йæ ал&варс чи ис, уыдонмæ, уый тыххæй карзæй хъуамæ дзура й-æхицæн дæр æшæ искæмæн дæр рæст- дзинад. Гъе, уымæн афтæ арæх полемиконæй йе ’ргом скæ- ны дзырдтæм \æм>æ дзырдтæй кусджытæ — поэттæм. Дзырды аргъ адæймаджы царды нæмдæриддæр бæрæг кæнынц, рæстдзинад дзы цас ис, уымæй. Æцæг дзырд- тæ худынц демагбг дзырдтыл, «удæгасæй мард дзырд- тыл кæуынц». Дзырдтæ сæхæдæг рог кæнæ уæззау ни- куы вæййынц, дзырдтæн оæ рог дæр æмæ сæ уæззау дæр — сæ рæстдзинад. Поэты ис иу мæт — «рæстдзина- ды раз адæмы тæрхо^ы куыд нæ худой мæ дзырдтыл :хинæй, рогæй». \ Рæстдзинад домыны\ ахæм максимализм æмбæрст- гонд у. Поэты æнæнцой\хъуыды йæ балцыты хæты ив- гъуыдæй абоны ’хсæнты фидæнмæ. Абон йе ’мрæстæ- гонтæй бирæ домаг уымæн у, -æмæ йæ фæнды, цæмæй нæ фыдæлтæй хуыздæр уой. Фыдæлтæ не ’ххуысгæиæг сты, нæ тыхсты дæр æмæ вæ цкны дæр уыдон æнцой балæууæм, уыдонмæ фæсидаем фарсхæцынмæ, фæлæ айдагъ фыдæлты хардзæй цæрын худинаг у. Поэт ку- ры йæ кæсдæрæй, цæмæй йæ ма дарддæр кæна, ома йæ ма фæлхатæн кæна, фæлæ йæхæдæг йæхи хъаруйæ ис- ты ногæй сараза. Традици æмæ новатордзипады ди- алектикон бастдзинадмæ кæсын х,ъæуы æряонг зондæй. Фæдис! Траднцитæ ныххæлдтой! Фыдæлты растын кæнынц’ мæрдтæй, — Сæхи сын акæнынц бындар — Цыма сыл тынг цæуы сæ бар! Уæууа, цæмæн хъæуынц быцæутæ? Фыдæлты бафæзмæм фæлтау,ч у Æмæ, нæртон лæджы фырттау, ( Нæ сæрæп ма кувæм хуыцæуттæн. \ Ныр царды ралæууыд иæ рад Æмæ сæм ма ’рхæссæм æгад Уыцы домынадæй цæугæ у, поэтмæ хмæвЕæрсондзи- над кæп нæй, бынтондæр разы кæй нæу, ’цы сарæзта, 167
уымæй. Куы акæсы йæ царды ивгъуыдмæ, уæд дзм—^» «æнæнтыст ми — бирæ, зæрдæлæууæн та — цъуо* Хæх- ты цъуппытæм цæуы, хæхты бæрзæид ын у лæджыхъæд æмæ моралон рæсугъддзинады бæрзæнд, ф>æлæ нырма уæлиау сты, дард, йæ зæрдæ, къалиуыл рох гранатау,— нырма æнæкайд æмæ уый тыххæй у æрхæндæг. Уыцы домынад — иæхимæ дæр æмæ йе ’мсистæм дæр — поэты хъæуы абоны кады тыххæй. Мæ фау, мæ уайдзæфы ныхæстæй Мæн иунæг хорздзинад фæнды: Цæмæй дæ фыдæлтæй, мæ кæстæр, Мæнау æппæлынхъом уай ды! Нафийы поэзийæн ис, иуæй, уæрæх авнæлд æмæ бæрзонд тыгъдад, иннæмæй та — хуымæтæг, зæххон ахаст. Уыдон, фыццаг бакастæй, цыма кæрæдзимæ дард лæууынц, фæлæ æцæгæй та кæрæдзиимæ баст сты, кæ- рæдзийы хъæздыг кæнынц, иу дзы дæдты иннæмæн по- этикоп иумæйаггонд хъару, иннæ та — конкретон, зæх- хон предметондзинад. Æцæг, хаттæй-хатт кæрæдзийæ зьша-нæзына фæип- пæрд вæййынц .æмæ уæд æмдзæвгæтæм фæхæццæ вæййы фырдзырд, риторикæ, фæлхатæн цæуынц ;декларативо- нæй поэты сæйраг хъуыдытæ. Уыцы азым тынгдæр хауы^ йæ лирикон-публицистон æмдзæвгæтæм. Кæмдæр зонд," хъуыды гомпæгæрццæй .разынынц, ома сын нæ фæфаг кæны лирикон хъарм, интимондзинад, поэты удгойма- гон цардæгас комытæф. Каемдæр дзы фехъуысы тыхараз- гæ интонацитæ, тыхкæнгæ пафос. Раст у, нырыккон поэзи кæны рационалистон, зонд- джындæр, философондæр. Поэзи хъуыдыгæнæг куынæ уа, уæд пицæй аккаг у. Фæлæ дзы хъæуы æнæмæнг син- тсз — зонд-хъуыды æмæ æнкъарæн-эмоцийы синтез. Каей зæгъын æй хъæуы, поэзийы лирикон-публицис- тон жанр фауинаг нæу. Уыцы жанры нæ лоэзи радта дзæвгар бæрзонд цæвиттонтæ. Æрымысæм Къостайы «Додой» æмæ «Ракæс», Секъайы «Тæхуды» æмæ «Хъа- рæг», Цомахъы «Адæм» æмæ «Фæдис». Цахæм судзгæ монц, эмоцион-хъандзал хъаруйæ нын цæвынц нæ зæр- дæ! Сæ мидæг се сфæлдисджыты æмбæстагон-удгойма- гон тугбуар æгасæй дæр хъæрзы, сиды, æхсиды, цæхæр æппары. Уыцы жанр тынг зын жанр у. Уыцы жанры нæ поэттæ абоны онг дæр сты иууыл æнæнтыстдæр. Фæлæ жанр йæхæдæг фауинаг нæу, æмæ дзы æцæг поэтикон 168 I/
уацмыстæ фыссæн кæй ис, уымæн æвдисæн сты Нафийьг чиныджы къорд æмдзæвгæйы («Нырыккон сагъæс», «По- лемикæ» æмæ æнд.). Публицистондзинад хъары æмæ хъардзæн поэзийы уæнгты (алцыдæр у поэты курдиатæй кæнгæ!), фæлæ поэзийæн йæ хъаймаг хотых у æмæ уыдзæн кæддæрид- дæр фæлгонц — дард æмæ æвв^хс, бæрзонд æмæ ныл- лæг ассоциациты ахстон. Фæлгонц у поэзийы æнустæм æвидигæ ,хъаез,дыгдзи1над. Уый комментари кæнын нæ уар- зы, уый йæхæдæг дзуры йæхи тыххæй алцыппæт дæр. Фылдæр æууæнк æфтауын хъæуы фæлгонцыл, къад- дæр — публицистондзинадыл. Чиныгкæсæг — кæд æм- баргæ чиныгкæсæг у, уæд — йæхæдæг араздзæн хъæугæ- хатдзæгтæ. Æвæццæгæн, Нафийы бирæ æргом публицис- гон фыстытæй бирæ фылдæр дзуры мæнæ ацы иунæг с грофæ — фæлгонц: ’ Хæхтыл талынг, мæркдзыгойау, бады. \ Кæмттæм сабыр уæлæрвтæй цæуы. Талынг? — Уый кæд мæ саударæг мад у?.. Сабыр? — Уый кæд мæ уарзон кæуы?.. Гъе, ахæм фæлгонцон уынынад ныртæккæйы ирон: поэзийæн хъуамæ суа уæлдай мæтаг æмæ сагъæссаг. Уы- цы фæндагыл æм æнхъæлмæ кæсынц цæстæвæрæн уæла- хизтæ. \ Поэтæн йæ хæдзар, Ирыстои æмæ стыр дуне æмдзæ- рйн кæй сты йæ з&рдæйы, уый йык мыййаг нæ дæлдзи- нь\г кæны йæ национ хиæшэарынад, йæ национ зонд- зх^ст. Дунеимæ ба^тдзинадУш уæЬæх кæны йæ национ аем^арынад, дæтты\ йын ног\ миниуджытæ. Дыууынæм æнусы æмбисы поэт\пайда кæны йæ^ национ æмæ дуне- он пдэзийы фæлтæр\цдзинадæи. Уым^ей йе сфæлдыстад нæ кæнъ1 эклектико’д, фæлæ\ тынгд&р æмæ ирддæрæй æргом \æны йæ национ хъоЦыс, йæ ^ацион удыхъæды алыфарсбц гæнæитæ. Стихы шормæтайй йын æцæгæлон никæцы у -V суанг кълассикон стихбарстытаай нырыккон верлибры онг. Йæ уды, йæ зонды уæрхмæ гæсгæ йæ фæл- гонцон къæбнцы органиконæй иумæ цæрынц ирон фра- зеологизмтæ æмæ нырыккон техникон, зонадон, аивадон нæмттæ, æмбарынадтæ. Поэт йæ уарзонмæ баст у — «уæлхох Иры мусы къæ- бæлмæ ысхъиуаг уæныджы фыдæнæн куыд ныббæттынц, афтæ», «уæлæ спутникау — зæхмæ». Æмгæрттæ йæ фынгыл «ракетæтау, уадзынц фæд-фæдыл æйтты рæгъы- 160
тæ гуыбынджын сыкъатæй». «Ракетæйау, цъиу ахсто- нæй ыстахт». «Фæллад космонавттау, дысон нæ сæрмæ хуыссыдысты ауыгъдæй мигътæ». «Цы ныддæргъ мæ фарсмæ кæйдæр чызг, афтид скафандрау?» Ацы æмæ ма æидæр ахæм абарстытæ æрвьц{бонон, зонгæ фæзындтæн, зæрдæйы уавæрæн дæдтынц ног ахаст, ног мидис. Уы- дон гуырьцщ нæ дуджы цæрæг ирон поэты хъуыдыкæны- над -æмæ уынынадæй. Ирон у, фæлæ нырыккон ирон.^* Рæстæг иу у. Фæлæ йæм иухуызон цæстæй нæ кæсæм, дунемæ иухуызон зæрдæ нæ дарæм. Дзугаты Георги, йæ эстетикон кредо бæлвырд кæнгæйæ, дзуры, зæгъгæ, йæ зарджыты рæнхъытæ фæфыссы хуры сæмбæлдмæ.. Раст зæрватыччы лæппынтау, Зилгæ февзæрынц мæ сæрмæ. Хъæлдзæг уалдзыгон рæуфынтау, Семæ атæхы мæ зæрдæ. Ирд сæурайсомы цъæх малы Сисынц ленчытæ уæлуæзты. Иу зæл иннæйы фæсайы, 1 « Уайынц циндзастæй мæ рæзты. Ирыстоны «ог дуг ьш «рухс хъысмæт ныффыста», хæхты зарæг — «куы цæргæсау арвы ’мвæз ыстæхы», куы хъæлæсджын уадындз æмæ булæмæргьы мыртау згъæлы, куы дидинæджы хъусы ирд æртæхтæй басæтты йæ дой- ны æмæ йæм сонт саби байрæзы æмбойны. Поэт тæхуды кæны, уыцы зарæгæн хъырнын куы зонид—цины, рухсы зарæгæн. Поэт зонгæ-зонын цардæн æвзары йæ хурварс, йæ цин, йæ рухс. Зонгæ-зоньш — уый уымæн зæгъын, æмæ поэтæн канд ахæм нæу йæ дунеæнкъарынад, фæлæ йæ фæнд дæр ахæм у. Хъысмæт ын, мыййаг, бæмбæг æмæ зæлдагæй фæндæгтæ не Охай кодта. Йæхæдæг йæхи «уадæфхæрд цæргæс» хоны. Мæ фæндаг сонты бонтæй ардæм Цыди тæрккъæвдаты, тымыгъты. Хъысмæт мæ не сбуц кодта цардæй, Мæ удæй нал ласта йæ ныхтæ. ’Фæлæ поэт уыцы тымыгътæ æмæ хъысмæты ныхты тсой дæр уый тыххæй ракодта, зæгъгæ, «уæддæр зæлланг- хъуырæй ныззарын». Цардьг ныхмæдзыдты реалон хъуььрдухæн нæ, фæлæ йын йæ цин æмæ йæ рухс сты йæ зарæджы сæр, уыдон æм кæсынц поэзийы аккаг. Цин :æмæ рухс кæм нæ ваеййы йæ комкоммæ темæ (цард уæд- Л70
дæр цард у æмæ йынйæ ныхмæдзыдтæй бынтон дæхи нæ бамбæхсдзынæ!), йæ уды гармони йын чи хъыгдары, чи йæ халы, уьгцы лшнфликтон ныхмæдзыдтыл æй дзу- рын куы бахъæуы, уæд ын уым дæр ис рог, сабыр, æн- цад, мажорой ахаст. Афтæ кæй æнкъары æмæ йæ афтæкæй фæнды, уы- мæй аразгæ у æмткæй йæ поэзийы характер. Фæзындтæ, цаутæ йæ цæсты раз куыд сыстынц, фæрсæрдыгæй кæс- гæйæ йæм цахæм æнкъарæнтæ æмæ фæндиæгтæ сæвзæ- рын кæнынц, уый ныффыссы комкоммæ, æнæхин, æнæ- кæлæнæй. Уый фылдæр бæрцæй у æнкъарæны поэзи, фæлгæсæн поэзи. Уымæн йе ’нцой сты цард æмæ æрдзы уæвгæ детал- тæ, цæстуынгæ предметтæ, лирикон æнкъарæнтæ. Фæлæ дзы индивидуалон райдайæн нымæггонд у, поэт сæйра- джыдæр царды хурварс кæй æвзары, рæстæджы ныхмæ- дзыдтимæ йæхи биографийы ныхмæдзыдтæ иумæ кæй нæ бæтты; йæ реалон уавæр барæй кæй аууон кæны, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ йæ лирикон-поэтикон æнкъарæн фылдæр хатт вæййы иумæйаг, типшшн. Уый лæууы кæм- дæр фольклорон типижондзинад æмæ профессион поэзи- йы цæхгæр индивидуалондзинады ’хсæн. Сылгоймагæн хæстаей нал раздæхт йæ сæры хицау — «Æз мæ идæдзы сау хъысмæт удхор сау хæстæн хъар- дзынæн». Поэт йæ мады мæлæтЫл сагъæс кæны, йæ цæс- тыл уайы, кæсы йæм афтæ, цыма’ удæгас у, цырагъы рухс æм дары — «Нæ, нæ, мадæн нæй мæлæн, цард уæд бавзалы зынгау, нал ыскалдзæни тæмæн, бæстыл нал ыс- хæцдзæн тау». Пæт а^х-шаДда кæны тæхудььйы^Дæл- лщда^æн^иад^ьГн^ зæр15)Н1&.4щ2ГзарЫу, «урс- базыр, рогзШГгæц^хъæдтæм фехсы», куы «уарынц, фæлмæн зæгъау», куы та — «сарат, фæринк кардау, си- сынц дзæнгæлтæ» æмæ кæронæй— поэты фæндон: «Гъей, джиди, ахæм зард ма скæн æнусон!» Мантер «суадзы урс бæлæттæ уынджы» (ома рухсытæ ссудзы), фертти- вынц хæдзæртты «се ’взист базырты тæмæнтæ» æмæ та кæронæй: «Гъей, тæхуды фæуа^ афтæ чи ссудзы йæ зæр- дæ... Кус дырагъдарæй дзыллæтæн!» Æвзонг зынгхуыст Плиты Агуыбейы номарæн аймдзæвгæ дæр балхынцъ вæййы типикон рухсаджы ныхæстæй: «Дæ ном ныр йæ риуыл мыдадзрухсау судзæд, ф|æлтæрæй-фæлтæрмæ йын ма уæд адзал». Тнпикон формулæтæ, иумгёйаг хатдзæгтæ къаддæр 171
кæнæ бынтондæр кæм нæ вæййынц, уыцы æмдзæвгæтæ сты хуыздæр. Кæд уым дæр хицæн фæлгонцтæ, абарсты- тæ ног нæ вæййынц, фембæлдыстæм сыл поэтæн йæхимæ кæнæ æндæр искæмæ, уæддæр уыдон сæ конкретон-фæл- гонцон афыстæй фыддæр дзурынц зондæн дæр æмæ зæр- дæйæн дæр. Æмдзæвгæ «Нымæт» — йæ хъысмæт, йæ тохы цæуæн- тæ. Бæлвырд цæстæй фенгæ деталтæ нын нæ цæсты раз авæрымц йæ фæлгонц. Хъама, æхсаргард — сæ цъыччытæй Калдис дæ хилтыл сырх зынджытæ. Хоста дæ ихуарды тыгъдызæй, Уадис дæ фæрстæн цыхцырджытæ. ■, Поэтмæ афтæ кæсы, цыма йæ аууонæй растдзысты Иры гуыппырсар бæгъатыртæ. Лирикон-конкретон ныв — хæдзар ныссабыр, æхсæв, дзуллаг ссадыл мыст ныууагъта йæ пыхцыл фæд. Мад йæ рынчын фырты улæфт хъахъхъæны. Мыдадз цырагъ цæссыггай уайы. «Раст афтæ мад æнæ сыбырттæй ба- ды, — йæ авдæныл æдзæм æхсæвты тайы». Рог æмæ рæсугъдæй цы ис царды, уый фæдыл сагъæс нæм æвзæрын кæны денджыз æмæ хъазы урс сисы фы- дуаг быцæу тох. Сис нæ тæрсы денджызæй. «Фæнды йæ баппарæд йæ дзыхы, уæддæр та февзæрдзæн йæ сæр- мæ...» Рог, хурджын, рухс ныв у æмдзæвгæ «Чызг æмæ уылæн». Хæххон фæззæджы нывтæ æвдисы æмдзæвгæ «Æрæгвæззæг». Цъæх наз бæлæсты рæгъ Æрраст фæсал фæхсты. Сырхцупал цъуй — сæ сæргъ, Сырх тырыса хæссы... Типикон сты Дзугаты Георгийы уарзты æмдзæвгæтæ дæр. Сæ мидконд рухс, гæзæмæ æнкъард сагъæс. Адæ- мон лирикæйы лексикæ æмæ интонацион уагыл сты фыст («Кæйдæр зæды хай, дæ бон ныккалай...», «Ех, куыд мæ фæнды милбыл изæрты...», «Кæм дын уыдысты дæ сау æрфгуытæ?», «Ех, куыд тынг уарзтон!»). Йæ ин- дивидуалон удыхъæд кæм фæтъæбæртт кæны, уым уарз- ты æнкъарынад æндæрхуызон у. Уым поэты зæрдæ ти- пикон-иумæйаг агъуд йæхицæй сисы æмæ йын фехъусæм йæ тугдадзинты цæф. «Æхсæв бонырдæм фæтасыд», фæ- !72
лæ поэт нырма расыг у чызджы кæлæнтæй æмæ куры бонрухсæй, цæмæй сæ сæрмæ ма ратьщдза. Æхсæв, аззай-ма хæрз чысыл, Райсом ацæудзынæ раздæр. Мæн нæ ауадзид мæ фысым ’ Иу мæй, гъе, кæннод та аз дæр... Йæ индивидуалон æнкъарæн бæрæгдæрæй кæм ра- зыны, уым дæр поэты аивадон амалтæ, йе ’взаджыхъæд нæ ивынц. Уыдон иухуызон сты, цæуынц æм адæмон сфæлдыстадæй; литературæйы нырмæ чи уыд æмæ чи ныффидар, нормæ чи сси, зонгæ чи у æгас адæмæн, уы- цы дзырдуатон æмæ фæлгонцон-фразеологон æфтауцдо- нæй, ома типикон æнкъарæнтæн æвзары сæхи хуызæн ти- пикон аивадон амалтæ. Уымæ алы дзырдбаст, алы фæл- гонц дæр хъуамæ уой, ирон адæм куыд дзурынц, афтæ. Зæгъын хъæуы, æм’æ Дзугайы фыртæн йæ уарзты раздæры æмдзæвгæты ранæй-рæтты индивидуалон æн- къарæн уыдис тыхджындæр, драматикондæр. Æрымы- сæм «Ма кæ», «Дæ лæвар», поэмæ «Уарзт». Афтæ зæгъæн ис йæ сатирикон æмдзæвгæтæй дæр. Хъал дзыбылдар æмæ чъырттым сæ архайд, сæ ми, сæ характерон æууæлтæй равдыстой бæрæг-бæлвырд фауи- наг адæймæгты фæлгонцтæ. Цъиуты астæу дзыбылдары зул-мул симд, йæ зарæг: «Цъыбар-цъыбур, цъыбур, ды дæ мæ хур, мæ хур» — адон канд худæджы хос не сты, фæлæ — сæйраджыдæр — хурмæ хæссынц рог, æнæсæр- фад, хæлд адæймаджы удыхъæд. Æддаг бакаст хъуамæ æргом кæна миддуне — ацы раст домæн йæ нысаиыл не ’мбæлы, поэт къленц чызджы куы ныв кæны, уæд. Чызг йæ хъуымбыл дзыкку нылвыдта, йæ цæсты хаутæ сзылд- та, йе ’рфгуытæ — тæбынтæ, йæ былтæ — сæрст, дары цыбыр ибкæ, зæгæлзæвæтджын дзабыртæ — уыцы æддаг бакаст (æмдзæвгæ та сæрæй бынмæ ууыл арæзт у) æп- пындæр иæ бæрæг кæны чызджы удыхъæды æвзæр кæнæ хорз. Æмткæй чиныг «Зардамон», мæнмæ гæсгæ, бæрцæй дарддæр кæны чиныг «Зæрдæйы дæгъæл»-ы идейон-те- матикон миниуджытæ, фæлæ йæ хъæдæй нæ хъæздыгдæр кæны. Уæрхæрдæм байрæзт, фæлæ арфдæр нæ фæци. Поэты конкретон уынынад æмæ лирикон æнкъарæн æнæуæрст у йæ егъау уацмыстæн дæр. Ис дзы дзæбæх фæлгонцтæ, лирикон бынæттæ, хъарм сæ кæнынц зæрдæ- 173
бьш интонацитæ. Аив сты сæдæаздзыд дадайы азты афыст («Дада сиды»), Ирыстоны сагсур фырттæ æмæ æрдзы фæзындты ’хсæн параллелтæ («Мæ Иры бæс- тæ»): Судзгæ рæхыс рахауд арвæй — Ферттывта, фæкъæдзтæ: Уый Чермены тесмел кардæй Акалди цæхæртæ. Уæлæ рагъыл мигъы бæмбæг Дондзастæй æрынцад: ] Уый Хазбийы топпы фæздæг Хъобангомы сыстад. Гъе, фæлæ æмткæй куы аргъ чьшдæуа поэты егъау уацмыстæн, уæд æнæзæгъгæ нæй ууыл, æмæ дзы æгæр тыхджын кæй у афыстон-иллюстративон элемент. Уыцы азым уæлдай тынгдæр хауы поэмæ «Бургъустан»-мæ. Конкретон уынынад æмæ лирикон æнкъарæнæй фыст егъау формæты поэты къухты стæм хатт æфты æн- тыст. Балладæтæ æмæ поэмæты ’хсæн иууыл хуыздæр- у «Саджы богъ». Иуырдыгæй, æрдзы алæмæтон, рæсугъд гармони, иннæрдыгæй, гармони халæг — саджы амарæг цуанон. Лæг ракодта саджы сæр, систа йæ бæрзонд æмæ саджы сæр ныббогъ кодта. Лæг ын нæ бафæрæз-- та — амард. Саджы богъ — æрдзы богъ, поэты зæрдæйы богъ. Диссаджы рæсугъд æрдзы сæрты дыууæ хатты ра- ленк кбдта сау сынт, зæххыл йæ аууон — ингæны сау дзуары хуызæн. Ам нæй поэты комментари, æнæуый дæр бæрæг у йæ ахаст цаумæ. Саджы сæр ауыгъд у йæ уаты къулыл, йæ сытыл — йе ’ргæвдæн хъама æмæ йæ фех- сæг хъримаг. Саг йæ цæстытæ ныхгæдта, Кæд йæ туджджынты йæ уæлæ Ныр уынгæ уæддæр нæ кæнид... Алкæмæн йæ бар йæхи у, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы,, цьша поэт æмхуызон куы ’вдисид царды хурварс æмæ йæ сауварс, уыдон æнусон тох, урссæр хæхты цины зарæг æмæ æрдзы — саджы зæрдæхалæн богъ, уæд йæхи ин- дивидуалон райдайæн фæтыхджындæр уаид — мидисæй дæр æмæ формæйæ дæр, йæ рæстдзинад уаид уæрæхдæр æмæ арфдæр. Дæ рæстæг æмæ дæ зæрдæйы ныхмæдзыд- тæм,; сагау, хъуамæ дæ цæстытæ ма ныхгæнай, фæлæ сæм кæсай æргомæй, æгъатырæй, хъуамæ уынай дæ туд- джынты дæр æмæ дæ хæрзæджыты дæр. Царды дæр 174
æмæ аивады дæр аксиомæ у — адæймаджы хъомылгæ- нæг у æххæст, алыфарсон рæстдзинад, йæ иу хай нæ, фæ- лæ. Æвæццæгæн, поэтикон ног æнтыстыл зынтæй ис ба- нымайæн Асаты Реуазы чиныг «Мæ Ир»-æн. Нæ поэт- тæн сæ фылдæр куыд кæнынц, афтæ Реуаз дæр алы по- этикон къахдзæфæн йæхи ногæй нæ агури. Уый дæр, цы- ма, йæ раздæры фыстытæм идейон-ливадонæй ногæй ницы ’фтауы, цыма йæ ног фыстыты, бирæ хатт кæй фехъуыс- там æмæ нæ хъустæ кæуыл сахуыр сты, ахæм бынæттæ бирæ ис. Уый нæ, фæлæ йæ курдиаты сæйраг гакк йæ ног фыстыты фæкадавар, фæлæмæгъдæр. Æз зæгъын поэты абарстон уынынадæй — уымæй фидауынц йæ хуыздæр æмдзæвгæтæ. Ног чиныджы дзы рахатыдтон бæрца^й цалдæр. Сæргуыбыр донгъæрис уырдыгмæ Æркалдта фаст дзыккуты хилтæ. Уый ног фæлгонц нæу, фæлæ йæ уæддæр нысан кæ- нын. Æнæхъуаджы даргъ æмдзæвгæ «Æгъуыстаг», зæгъ- гæ, уым зыйгхуыст салдатæн кад кæнынц пионертæ. Дæ алыварс, æнæном салдæтты æртытау, Сырх галстуктæ хурмæ ыскалынц цæхæртæ. Ахæм фæлгонцон уынынады бæсты поэт авнæлдта хуымæтæг констатацион афыст æмæ риторикæмæ. Поль- шæйаг æмдзæвгæты фыссы, цы федта æмæ цы фехъуыс- та, уыдæттæ. Тематиконæй фæуæрæхдæр йæ поэзийы ны- ьæц, фæлæ поэтиконæй нæ, эмоционæй нæ. Уынын хорз у, фæлæ айдагъ уынынад ницы у, уæлдайдæр абарстон- фæлгонцон куынæ уа, уæд. Сæйраг у, цы уыныс, уымæ цы цæстæй кæсыс, цы ’нкъарыс æмæ цы хъуыды кæныс. Нæ поэзи хъуыдыйæ тынг нæ раппæлдзæн, фæлæ дзы æнкъарæн дæр куы нал вæййы, уæд бынтон тæригъæд- даг у. Реуазы чиныджы ис цалдæр æмдзæвгæйы, афыст æнкъарæнджын кæм у, ахæмтæ. «Уазæгуаты Ленин- мæ» — Горкæйы фæтæджы хæдзары деталтæ хæссынц æнкъард зæрдæйы уаг, сæ хицау сæ кæй нал уыны, уый тыххæй, кæд кæройнаг ныхас, зæгъгæ, куы раскъуыдтаис дæ календары 21-æм январы сыф, уæд удæгас уыдаис, — кæд уыцы ныхас æгæр уæлæнгай, æнæуырнинаг у, уæд- дæр. Лирикон хъынцъымæй цардæгас сты æмдзæвгæтæ 175.
«Æз дæу Польшæйы агуырдтон», «Дыууæ ’хсæры» æмæ «Æгъуыстаг». Иннæтæн сæ фылдæр («Æз федтон Лени- ны», «Зæхх», «Терк», «Он», «Къуайсайы таурæгъ») риф- мæгæнæг æмдзæвгæтæй иллюстраци кæнынц историон цаутæ æмæ адæмон легендæтæ. Афыстон принцип æмхиц у нымайынмæ. Нымайынтæ алыхуызæттæ вæййынц. Поэт арæх фæд-фæдыл рауадзы иуæй инпæ æнахуырдæр фæлгонцтæ, рухс калынц æн- къарæн æмæ хъуыдыйы тæмæнæй. Фæлæ æгæрыстæмæй ахæм ран дæр гæнæн ис, æмæ нымайын бабын кæна æн- къарæн æмæ хъуыды. Æз та ам хуымæтæг, ординарон нымады кой кæнын. Уымæн йæ бон у, æмæ дзаумæттæп .æрмæстдæр се ’ддаг æууæлтæ рахал кæна. Мæнæ афтæ: Æз дæн уæ ног, уæ фарны аз, Æз уын дыргъбæлæсты къуыбыр дæн, Æз уын цъæх уалдзæджы быдыр дæн, Æз уын — бæркадфæлыст цъæх наз, Æз уын дæн булæмæргъы зард. Æз уын дæн майы буц сырх дидин, Æз уын æзнон дæн, сом, уæ фидæн, Æз уын — тъымы-тъыматы цард. Æмæ а. д. æнæхъæн иуæндæс строфæйы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм бæрæгбонон æмдзæвгæтæ махæй алкæмæ дæр ис æмæ æз уыдонмæ гæсгæ нæ аргъ кæнын иу кæнæ иннæ поэты сфæлдыстадæн. Фæлæ Реуазæн ацы амал (кæд ын амал схонæн ис, уæд) æмткæй характерон у æмæ йæ иувæрсты ахизын аив нæ уыдзæн. Аивады уый иууыл æнцоидæр фæндаг у, афтæм^æй фыссæн ис æнæ- кæрон бирæ, элементарон поэтикон техникæ зон, уый йедтæмæ. Ам ма мæ зæгъьш фæнды уый, .æмæ иугæр поэтæн •фыссын æнцон куы уа, уынджы атезгъойæ хъауджыдæр ъш куынæуал уа, уæд хъуамæ йæхи фæурома, алæма, ай цы ми кæнын, æнцон ,мын 1кæй у, кæд уый ме ’взæр- дзинад у, кæд штампы инердийæ кусын? Кæд мыййаг оригиналон уæвыны бæсты ординарон дæн? Кæд мыййаг иумæйаг хардзæй фыссын, мæхи хардзæй н-æ, фæлæ?^ Ахæм рæстæджы поэт хъуамæ йæ фыстæн æрлæууа йæ хурхыл. Поэт хъуамæ йæхи хъуаг ныууадза, цæмæй поэзийы цæрдхъом буар ма баруайа. Уыцы хабары ссадвæдыл Реуазмæ ис æмдзæвгæ — чысыл, фæлæ дзæ- бæх æмдзæ,вгæ. Уым афыст хæссы бæлвырд хъуыды. Бæласæн хурмæ йæ уидæгтæ, йæ цæнгтæ хус кодтой яемæ кæд поэт йæхæдæг дойныиæ марди, уæддæр 176
Дæуæн æз æрдавтон мæ чысыл хъуывгъаны Æлутон... Мæхи та мын хурх кодта дойны... Дæмбынæг хъусдарды аккаг у афæдзы поэтикон продукцийы ’хсæн Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Сæууон .æртæх», иронау йæ фыццаг чи- ныг кæй у, уый тыххæй. Бацыдысты йæм, дæс азы дæр- гъы цы фæфыста, уыдон хуыздæртæ. Поэтессæйы дуне у интимон æнкъарæнты дуне. Уы- нæм ын йæхи, йæ удæг’ас зæрдæ. Уарзт дзы у драмати- кон, ныхмæдзыд, æргом. Уым ис сылгоймаджы сæрыс- тырдзинад æмæ фæлмÆн лирикон зæрдæйы уаг. Æз кæуын. Мæ цæссыг, донау, уайы... Ма банхъæл, нæ хицæныл кæуын, Уый мæ уарзт мæ рьтст зæрдæйы тайы, Тайы ’мæ цæстысыгæй кæлы. Зинæйæн йе ’нцой у конкретон, цæстуынгæ фæлгонц. Уый ахуырст у йæ зæрдæйы цинтæ æмæ мæстыты ахо- рæиæй. Поэтессæйы атайын фæнды лæппуйы æмбисон- ды цæстыты — «Уадз æмæ йæ райгуырæн хæхты ма уы- на цырæсугъддæр чызджыты». .^Уаряты укт,ц æгъятт^тр у йæхимæ дæр æмæ искæм.æ дæр. Чи йæ уарзта æмæ кæй уарзта, уыдонæй куы фæхицæн, уæд тайы, цырагъау, бо>нты таджы ахуысдзæн йæ |рухс, фæлæ — «Зонут, мемæ судздзыстут сымах дæр, арвæй ху^дзæн уе ’ртхутæгыл мæй». Уарзт ын нæу хиирхæфсæн, фæлæ, царды адæй- маджы амондджын æмæ æнамонд чи ^кæны, ахæм ахъаз- заг æнкъарæн. Мæн дæуæй цы фæндаг хоны, уый рыг Сахордзæн мæ - сæры хилтæ урс. Цал хатты уыд поэзийы урс сæры хилты фæлгонц! Зинæмæ йе штампы уддзæф фесæфы, ног хуызæй нæм разыны. Афтæ йæм каст, цыма йын йæ уарзон арвæй кæлмæрзæн раскъуыдта. Фæлæ фæхицæн сты оæ фæн- дæгтæ. Афтæ мæм кæсы, цыма ныр арвыл Уыцы скъуыд зымæгон бонтæн дуар у Æмæ ’рмæстдæр уыцы иунæг ранæй Миттъыфыл мæ сау дзыккутыл уары. Афтæ у — ногæй ма йæ зæгъон: фæлгонц куынæ уа зæрдæйы сурæт, уæд æрмæст хъазæн биби у. Цæстытæ 12. Дзуццаты X. 177
уынынц зæрдæмæ гæсгæ. Цæстытæ сты зæрдæйы цæс- тытæ, зонды цæстытæ. Поэтессæ уарзты иууыл уæлдæр æвæры моралон сыгъдæгдзинад, адæймагуарзондзинад. Уыцы æнкъа- рæн æм комкоммæ ныхæстæй загвд никуы цæуы, фæ- лæ йæ хатæм йæ зæрдæйы сагъæсæй. Сылгоймæгтæ æмæ нуæзтыл зилгæйæ, йæ царды бон- тæ чи тоны, уыцы нæлгоймаг йæ рог цуаны ног сырдыл фембæлд. Дымгæ хæдзармæ скъæфы сыфтæртæ, лæг сæм р’асыгæй февналы. Уыдонау дæ цард кæй цæуы сæфтмæ, Хус сыфтæрты уый зæгъын фæнды. Æз загътон, поэтессæ æгъатыр у, фæлæ уыцы æгъа- тырдзинад хæдхуызон у: æнкъард, сагьæсс’аг, уарзæ- гой, уымæн ,'æмæ æфхæрд кæмæй зоны, уыдон й,æ зæр- дæйы сты, йемæ судзынц, нæ сæ ро;х кæны. Уыдон æрбацыдысты йæ цардмж æмæ дзы никуыуал ацæу- дзысты. Уый мæтгæнгæ фæрсы, чи дзы ацыд, уыцы адæймаджы: чи йын скæны ’хсæвæр, чи йын ссудзы цы- рагъ? Уый сылгоймаджы тæригъæдгæнæг, бараг, уар- зæгой, эгоизмæй иппæрд зæрдæйы миниуæг у. Зон, æфхæрд сылгоймæгты цæссыгтæй Иу æртах æрæппæрстон æз дæр. Поэтессæйы æнкъарæны хуыз иувæрсыг нæу. Уымæн йæ бон у, æмæ уа къæйных. Бæллыс? Уæдæ ысразы у мæ фæндыл: Иннæбонмæ фæлæгъстæ кæн мæнæн. Органикон ын у æмбæстагон фыдæх æхоæнады фа- уинаг æгъдæуттæм, адæймæгтæм. Хистæй цæлы фынг чи скæны, уыдонмæ: О, фæлтау мын ма скæнут-иу хист дæр, 0, фæлтау мын ма ссарут мæ ном. Калмзæрдæ, мæнг патриот æдзæсгæмттæм: Дæхи сæрвæлтау де ’мгæрттæн æвæрдта Дæ сау пъеро сæ царды ’мбисы стъæлф. Поэтессæ архайы йæ арæнтæ уæрæх кæныныл. Уый хорз у, фæлæ йæ конкретон уынынад æмæ лирикон æн- 178 : ’
къарæн^æй хъуамж ма схйцæн уа. Кæннод тас у, æмæ иумæйаг риторикæ, уæлæнгай нымайпæ афысты къухмæ бахауа. Уыцы тасыл дзурынц цикл «Даё фарн»-ы къорд æмдзæвгæйы, поэмæ «Хъысмæт». Рецепттæ дæттын аив гаæу, аивад рецепттæ нæ бых- сы. Фæлæ фæндон зæгъыны бар ис. Мыййаг поэтессæ куы ива, уæд хъуамæ йæ фæлгонцон лиризм, ныртæккæ нын нæ зæрдæ кæмæй ’лхæны, уыцы ахсджиаг миниуæг ма фесафа. Ивгъуыд азы чингуытæ чи нæ рауагъта, фæлæ жур- нал «Фæдиуæджы» хицæн циклтæ чи ныммыхуыр код- та, уыдон тыххæй зæгъæн ис хицæн фиппаиеæгтæ. Сæ бæрц бирæ вæу, сæ хъæдæй дæр мæнæ-мæнда нæ фæ- бæрзонддæр кодтой сæ авторты индивидуалон поэтикон дуне. Лирикон сатирæйы уагыл ныффыста Харебаты Лео- нид йе ’мдэæвпæтæ «Денджызы былыл», «Фысджытæм уæнгæй мæ бацæуæн боц», «Къафетты балладæ». Козаты Исидор йæ фыст æркæны афористон-æл- вæст кæронбæттæнмæ, йе ’мдзæвгæтæн ын хъару чи дæтты, уыцы иумæйаггонд хъуыдымæ. Æрмæст зæгъын хъæуы уый, æм.æ дзы афыстон хай ранæй-рæтты æлæр ныддаргъ вæййы, «æгæрыстæмæй йе ’мдзæвгæ «Ды мын зæгъыс», зæгъгæ,уым дæр. Уыцы æмдзæвгæйы кæройнаг фæлгонц æцæг æнтыст у авторæн: Зæххыл куынæ цæриккой Ир, Уæд дуне уаид къахыр. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Исидорæн йæ хат- дзæгон-кæронбæттæн рæнхъытæ алыхатт нæ хæссынц бæлвырд æмæ раст хъуыды. Дзырдæн, поэт сæ хæдза- ры къæсæр-хохæй рахызт, Ирыл фæзылд, федта йæ, ба- зыдта йæ. Иæ арф æвæрæнтæ йын систон, Зæххыл мын ницы ис æмбæхстæй. Æрмæст дæ къæсæр-хох, Ирыстон, Бæрзонддæр разындис дæ хæхтæй. Æз æмбарын, поэт афтæ йæ Иры уарзты охыл кæй зæгъы, уыцы хабар. Фæлæ фæлгонц бирæ нысаниуæг- джын у æмæ нын Иры къæсæр хох куы уа, уæд нæ уый хорзмæ не ’ркæндаæн. Ир хъуамæ алыгъдауæй дæр ра- цæуой дунемæ æмæ сæхи сæвæрой дуджы ’мвæз. Ирыс- 179
тонæн æмæ ирон поэтæн а-зæххыл агуринаг, базонинаг бирæ цыдæртæ ис. Афористон хъуыдыкæнынадм.æ здæхт у Пухаты Алыксандр дæр. Фæлæ йæхъуыдытæ арæх рауайынц иу- мæйаг, кæд æмдзæвгæты абарстытæ вæййы, поэтикон формалон техникæйæ рæвдз сты, уæддæр. Индивидуа- лон цæстæнгас дзы лæмæгъ у. Иумæйагдзинад та кæм- дæр иувæрсыг у. Хæст æнæфенгæ байрæздзæн саби, Никæд бавзардзæн царды фыд-зын. Ахæм рæнхъытæ æбæрн иыфсæвæрæнтæ сты. Афтæ дæм кæсы, цыма поэт йе ’мдзæвгæтæ механикон зон- дæй фыссы, иртæст сты зæрдæйы хъармæй. Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыд, Колас Якубы музейы афыст кæмæй балхынцъ, уыцы фæлгонц. Колас, цыма, йæхæдæг удæ- гас у Æмæ мæм тулдз ыстъолы тигъæй Дыууæ фæллад цæсты кæсынц. ■ Мах тынг æмхиц стæм декларацитæм. Бæрæг рæстæ- джы деклараци хъæуы, уый февдисы иу кæнæ иннæ ног здæхты, ног цæстæнгасы равзæрд. Фæлæ фæстаг азты де- кларацитæй æгæр цъæхдæндагкæнæм. Æз афтæ дæн, æз уфтæ дæн, мæнæн мæ хъару, мæ тыхæн æмбал мæй, ,мæ. лæджыхъæд æмбисонд у — гъе, ахæм декларацитæ уæл- дæфы ауыгъдæй лæууынц, фæлæ арæх реализацигонд нæ цæуынц поэтиконæй, практиконæй. Уый нæ, фæлæ- ма бирæ поэттæн сæ декларацитæ иуырдæм æнцайынц, се ’цæг поэтикон удыхъæд та — шшæрдæм. Æвæццæгæн, æмбæстагон æмæ поэтикон хъару деклараци кæнын къаддæр хъæуы, фылдæр та—уыцы æмбæстагон æмæ поэтикон хъару аивадон практикæйæ æвдисын. Поэтæн йæ фæлгонцтæ, йæ зæрдæйы уаг, йæ хъуыдытæ алцæмæй дæр хуыздæр зæгъдзысты, се сфæлдисаг цы у æмæ йæм цы хъару ис, уый тыххæй. Æз дæн иударон, хуымæтæг, Фæлæ макуы банхъæл афтæ: Нæу æгас дуне мæ мæтаг, Ис мæ лæгдзинадæн рафтæн, — зæгъы Хъодалаты Герсан. Æмæ раст зæгъы: нæ дуджы дунейы хъысмæт ал#æмæндæр хъуыдыйаг хъуамæ уа. 180
Фæлæ деклараци иу у, поэтикон æцæгдзинад та — æн- дæр. Мæнмæ гæсгæ, Герсанæн, куыд поэтæн, йæ тых ис, алфæмблай æрдз, зæххон хуымæтæг æмæ æнустæм ад- джын уарзондзинад конкретон, æнкъарæнджын фæл- гонцтæй кæм æвдисы, уым. Мигътæ мæйы ахæстоны дарынц: Авд хойæн сæ худгæ былтæ — баст. Уæнгты мидæг, уазал донау, хъары Хърихъуппыты хъэрæгхæццæ уаст. Æрдзимæ йе ’нгом бастдзинад æм æвзæрын кæны маст, тæригъæд, райгæ цин. Уыныс æй æмæ йын -æмба- рью йæ лæгуарзон, цъиуы лæппыны ахстонæй рахаугæ куы афыста, уæд («Ма кæ, цъиулæппын, а/хстонæй ма ’рхау...»), фæззæджы нывтæ цардæгасæй куы ранывæз- та, уæд. Снарди цæхæра-цъæхбецыкк, зькмæджы йæ ад- джын цæссыг калдзæн пецы. Нас нырривæд хæмпæлты — «уый нæ гыццыл рæуæд адынджыр и бастæй» («Фæз- зыгон миниатюрæтæ»). Кæнæ йæ мады кæм мысы, йæ хъæбулы авдæны хъæдыл йæ къай — усдзырагъ кæм су- дзы, уыцы ран («Сагъæс»). Кæнæ йæ чысыл экспромт: Бæлæстæ сæ чындздзон бонтæ мысынц. Се ’фсæртыл куыройы дур æруад: Дам-дум кодтой уарзæттыл æмæ сын Раскъуыдта сæ цъæх æвзæгтæ уад. Философон лирикæйы претенциозон фæлм кæмдæр- ты бады Æлборты Хаджумары æмдзæвгæтыл. Æз дзы се ’хсæн æвзарын дыууæ æмдзæвгæйы, фæлгонцы поэти- кон буар дзы кæм хатын, ахæмтæ. Поэт йæ зæрдæйы хъизæмар æмæ къæвдайы уарын сиу кодта. Æхсæв-бон- мæ къæвда йæ гæндзæхтæ цагъта. Æ(мæ йæм райсом куы ракаст, уæд: Дисæй бандзыг дæн, ныббаст дæн... Къæвда кæуынæй ныхъуси, Сихсыд, бафæллади, бастад, Маст, æрхæндæгæй ысурси. Гъе, ахæм æнæнхъæлæджы фæлгонцон фæзил-æнтæй фидауы Хаджумары поэзи. Кæнæ райсæм мæнæ ацы æмдзæвгæ — поэты сагъæстæн сæ ^мидис сты стъалытæ: Талынджы бадтæн иунæгæй, Зæрдæ хъыпп сабыр уыд мидæгæй. Æз мæ сагъæстæ рахастон, 181
Тары сæ байдыдтон тауынтæ. О, куыд тагъд æрзадысты! — Арвыл ыссыгъдысты стъалытæ. Æмхуызон æмвæзадыл нæ лæууынц Миндиашвили Сергойы салдатаг бонæджы æмдзæвгæтæ. Фæлæ дзы иу хабар гуы’ры-схойаг нæу: йе стих кæны сыгъдæгдæр, уы- нынад бæлвырддæр, реалистон-конкретовдæр. Плиты Феликсы æмдзæвгæты рахатыдтон, ног ын чи у, ахæм миниуджытæ. Æмдзæвгæтæ «Амонд» — æн- къард сагъæс, адæймаджы цард алыхуызон йæй у, би- р,æ æнæрастдзинæдтæ дзы кæй ис, ууыл. Мæстцркын, æмбаргæ сагъæс æмæ ма ноджы сатири- кон арæхст ног сты Феликсæн. Уæлдæр ахуыргæнæн-, донмæ фæлварæнтæ чи лæвæрдта, уый хауæнтæ нæ зыд- та æмæ куы фæтыхст, уæд дзы æрхъуыды кодта иу — дæттынон. Бахаудис, уæдæ цы кодтаид! Нæ поэтты æрыгон фæлтæры сур декларацитæм куы нæ кæоæм, куы сæ æрбайрох кæнæм (æнæуый дæр сæ бынат — рохуат), уæд зæрдæйæн æхсызгон у иу хабар: сты бонзонгæ, сæ сины сæртыл не ’рхæцыдысты оæ с’а- разгæ хъуыддæгтæй, тырнынц, цæмæй уой æцæг адæй- мæгтæ, æцæг æмбæстæгтæ. Æмбæстаг æмæ поэт — уыдонæн кæрæдзийæ фæхи- цæнгæнæн нæй. Алы æмбæстаг поэт нæу. Фæлæ алы поэт дæр хъуамæ æмбæстаг уа. Мах арæх æгæр ныллæг, æгæр мещанон стæм. Исчи исты ныффыста, уæд зæгъ: æз цæмæй мæгуыраудæр дæн æмæ йæ уæлвæд ды дæр йæ хынцмæ исты <ныффысс. Уый хæлæг у, цæсты æфта- уаг хæлæг. Уымæй цæугæ у, критикæйæн кæй нæ бых- сæм, цытуарзаг æмæ хиуарзаг кæй стæм, уый дæр. Поэт та хъуамæ поэты хуызæн уа, хъуамæ хæдбар æмæ сæ- рыстыр уа, хъуамæ йæ уды хъæдмæ гæогæ фæлдиса йæхи ног, поэтиксхн дуне. Поэт хъуамæ йæхи хъомыл кæна æрвылбон дæр, æвзæрæй йæм цы ис, уый æппара, хорзæй йæм цы ис, уымæ ногæй-иогмæ æфтауа. Хъомыл кæнынæн, агурынæн кæрон нæй суанг амæлæтмæ. Нæ хъæуы ивддзаг кæнын намысджын дæоныйад хуымæтæг æрмдæсныйадимæ, монц æмæ курдиат мæнг, кæнгæ пафосæй чи ивы, ахæм хиæфтиаг æмæ эгоизми- мæ. Пастернак цæйау загъта: «Куыд хъуамæ уа уый хорз йоэт, кæд æмæ æвзæр лæг у, уæд». Дзырдтон ыл, фæлæ-ма хъуамæ могæй зæгъон фæл- хатæны тылхæй. Искæмæ куы хæлæг кæнай, уæд искæй 182
фæрæзтæй ма архай, ма у искæй хуызæн. Мæгуырау у, поэт йæхи куы фæлхатæн кæны, уæд уый дæр. Æгæрыс- тæмæй, нæ бæстæйы стыр поэттæй дæр бирæтæ, иухатт сæхирдыгонау цы загътой æмæ адæмы сæхимæ цæмæй æркæсын кодтой, уый æргом кæнынц æндæр æмæ æндæр темæты быедурыл, æндæр æмæ æндæр вариацитæй. Кæ- сыс сæ æмæ дæ хъæздыг нал кæиынц, фæлæ бæлвырд кæнынц, зæгъгæ, мах, кувдæй иæ базыдтат, ахæмæй баззадыстæм. Нæ поэзи фауинаг цæмæй у, уыцы афыстон-иллюс- тративон уынынад характерон у «æ поэтикон критикæ- йæн дæр. Ивгъуыд аз нын, иннæ азты куыд уыдис, аф- тæ, критикæиæ зæрдæ ницæмæй барухс кодта. Иæ бæрц цъус у, йæ хъæд та — ноджььцъусдæр. Харебаты Лео- нид æмæ Хостыхърты Зинæ -ныффыстой, поэзийы боны номыл нæм цы чысыл æмбырдгонд рацыдис, ууыл. Иу кæнæ иннæ лоэт цæуыл фьюоы, уый констатаци кæнынц. «Чысыл информациои уац» — раст æй хоны йæхæдæг Леонид. Æлборты Хаджумар ныффыста Бестауты Ги- уæргийы чиныг «Æксæв æмæ бо«»-ы тыххæй. Дзуры йын йæ поэзийы хæдхуыз миниуджытыл, фæлæ уыдон тых- хæй дзырдтой уьшæй размæ .æндæр уацтæ. Æлборы фырт 1Йæхирдыгонау нæ бакаст поэты æмдзæвгæтæ. Критикæ у зонад, анализ. Критикæ хъуамæ уына поэ- зийы иумиаг процессы иу кæнæ иннæ поэты бынат, стæй поэтæн йæхи сфæлдыстады дæр ’йæ алы ног уацмысы бынат дæр. Нæ бæззы афыстон принцип аивады, крити- кæйы бынтон дæлдзиныгкæнинаг у. Репин дзырдта, зæгъгæ, цæмæй портрет саразай, уый тыххæй кæсын хъæуы цæстытæм нæ, фæлæ цæстытæн сæ хуылфмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы аз поэзийæн сгуыхтдзи- нады аз нæу. Фæлæ алы аз дæр поэзийы домæнтæ хъуа- мæ тыхджындæр кæниккой, хъуамæ нæ поэттæ знонæй абон карздæр уаиккой сæхимæ æмæ хуымæтæджы цæс- -тæй дæр равзарæн кæмæн ис, уыцы лæмæгъ уацмыстæ адæмы рæгъмæ ма хæссой, сæхæдæг сæ куынæг кæной. Арт у курдиаты æрдхорд. Арты куы ссудзьшц поэты уæ- лæнгай фыстытæ, уæд уыдоны рухомæ хуыздæр уыны йе *цæг æнтыстытæ. Поэт артимæ лымæн куы нæ вæййы, уæд арты хæс йæхимæ райсы критикæ. Куыд уынæм, афтæмæй махмæ нæдæр поэтты хидомынад, нæдæр кри- тикæйы уавæр фаг дзуапп нæма дæттынц абоны идейон- ^ивадон критеритæн. 183
Æппæт амæлттæй дæр архайын хъæуы ууыл, цæмæй рæза æмæ фидар кæна поэтты æхсæнадон лæджыхъæд, æмбæстагон-партион æмæ патриотон бæрндзинад дзыр- ды раз, литературæйы раз, сæхи раз æмæ рæстæджы раа. 1968
4 НОМДЗЫД, ФÆЗМИНАГ РА ЗДЗÆ УДЖЫ ТÆ
ЛЕРМОНТОВ Лермонтовмæ ис дунейы поэзийы æмбисонды хорз фæлгонцтæй иу: «стъалы стъалыимæ дзуры». Уæрæсейы хавдхæцæгады заманы, XIX æнусы фыццаг æрдæджы, Лермонтов поэзийы æнусон арвыл ссыгъта алæмæтон стъалы æмæ абон — кæддæр куыд уыдис, уымæй ноджы ирддæрæй — дзуры ХХ-æм æнусы стъалытимæ. Лермон- тов дзуры нæ дугимæ, дзуры, удæгас удæгæстимæ куыд дзура, афтæ. Каеддæр австриаг император Францæн куы загътой, зæгъгæ, Бетховен гени у, уæд дзуапп радта: «Мæн ге- нитæ нæ хъæуы, мæн хъæуы коммæгæс, къухылтухгæ адæймæгтæ!» Раст загъта, цыдæриддæр зæххыл пад- дзахтæ-деспоттæ ис, уыдонæн се ’ппæты номæй, се ’ппæты тыххæй. Уæрæсейы национ буцдзинад, уырыссаг литературæйы гигант Пушкинæй йæ удхæссæг уыдта паддзахы хæд- "хæцæгад, уымæн æмæ Пушкин йе’ сфæлдыстадон хъа- руйæ, <йæ дзырды егъау хъомысæй æнкъуысьш кодта паддзахы æнуд, адæмы туг æмæ хидæй арæзт галуаны бындуртæ, уымæн æмæ Пушкин уыд гени. Пушкины генийæн æмæ паддзахы гæлхæрд зæрдæйæн фæрсæй- фæрстæм цæрæн .нæ уыдис, иу бæстæ сын уынгæг уы- дис æмæ 1837 азы Дантесы коммæгæс къухæй мард æрцыд æгоммæгæс, сæрыстыр, иæртон Пушкин. Уæ- рæсейыл баталынг йæ >поэзийы лур, æцæгæй дзы бацыд тас, зæгъгæ, йæ поэзи Пушкины амардæй сидзæрæй баззад. Æмæ адæм сæркъулæй, æмырæй фæстаг фæндараст куы кодтой сæ генийы, раст уыцы рæстæджы тохмæ- сидæг нæргæ дзæнгæрæгау ныййазæлыд иу æнахуыр æмдзæвгæ. Уый иæ фæтарст Пушкины марды уæлхъус традицион иумæйаг сабырдзинад фехалынæй. Уый за- гъта — иунæг уый! — рæстщзинад Пушкины тыххæй æмæ йæ рæстæджы тыххæй. Уый кад кодта Пушкинæн 187
æмæ худинаджы гакк æвæрдта Пушкины марджытыл. Уьгй сын скалдта йе ’ппæт зæрдæйы фыдæх æмæ сын загъта сæ нæмттæ: цъаммæрттæ, зыд æмæ кæрæф бардз, сау тугæй æхсад паддзахы бандоныл бадæг лæгмартæ. Уый, уыцы диссаджы æмдзæвгæ, фехъусын кодта æгас Уæрæсейæн, кæй æрцыд Пушкины аккаг фæдон, уырыс- саг поэзи Пушкинимæ кæй нæ амард, фæлæ кæй нæр- дзæн дарддæр тыхджын æмæ лæджыхъæдджынæй, кæй цæвдзæн йæ ных хæдхæцæгадæн æмæ дзыллæты кæй хондзæн фидæнмæ, уарзтмæ æмæ рæстдзинадмæ. Хуы- мæтæджы нæу, паддзахмæ дзы цы экземпляр барвыс- той, ууыл кæй уыдис фыст: «Сиды революцимæ!» Уыцы æмдзæвгæ уыд æрыгон, дыууындыууæаздзыд, уæды онг æнæзонгæ поэт, гусайраг афицер Лермоптовы фыст — «Пушкины мæлæты тыххæй». Лермонтов йæ ацы æмдзæвгæйæ равдыста, канд Пушкины .хуызæн цæмæй у, уый иæ, фæлæ ма Пушкины хуызæн цæмæй нæу, уый дæр. Пушкины фæстæ Лермон- тов бакодта поэзийы ног ритмтæ, поэзийы ног музыкæ, йе ’мдзæвгæ у субъективондæр æмæ уыцыиу рæстæг ак- тивондæр, хъацæнджын у трибун-ораторы ныхасы ми- ниуджытæй. Лермонтов йæ ацы æмдзæвгæйæ зæгъы йæ иоэзийы программæ: æгъатыр æнæуынондзинад хæдхæ- цæгадмæ, адæмы удхарæй чи мары, уыцы системæмæ æмæ йæ æвидигæ æууæндындзинад адæмыл, рæстаг тæр- хоныл. Пушкпны фæстæ Лермонтов стæвд кодта, сыхсидыи кодта уырыссаг поэзийы туг, ,йæ фыдæх æмæ йæ уарзт æвдыста хъæддыхæй, æндыгъдæй. О, как мне хочетея смутить веселость их И дерзко бросить им в глаза железный стих, Облитый горечью и злостыо!.. «Железный стих» («æфсæн æмдзæвгæ») — ахæм у Пуш- кины хъуыддаг дарддæргæнæг, йæ генион, стыр фæдоны æмдзæвг-æ. Лермонтов уыд декабристты дыккаг æрсидтæй. Æгæр æрæджиау райгуырд, æндæр 1825 азы революциан-дво- ряион афицертимæ, Уæрæсейы хуыздæр фырттимæрацы- даид Сенаты фæзмæ æмæ дзы кæнæ хъуамæ сæрибары хъуь^ддагæн йæ сæр лывондæн æрхастаид, кæнæ йæ хъуам,æ æнустæм фæхастаиккой Сыбырмæ. Лермонтов йæ туг, йе стæгæй уыдис декабрист, фæлæ куы слæги, куы 188
рацыдис æхсæнадон царды аренæмæ, уæд дзы сæрибар æмæ амонды сæрыл тохæн, революцион растадæн нал уы- дис фадæттæ. Уæрæсейы хæдхæцæгад адæмы æрцъист кодта 1Йæ уæззау дзæмбыты >бын, сæ ныфс, сæ зæрдæ сын амардта. Уæрæсе уыд, раст йæхимидæг чи ’мбыд, ахæм æгæрон цъыфдзасты хуызæн. Ныхъус, нындзыг. Поэт нæ уыдта, йæ алыфарс рæсугъд амонды сæрыл хæцынмæ, цард раивььнмæ йæ бæттæнтæ чи тыдта, ахæм фæсивæды æмæ йæ фæлтæрыл — сæфт, иицæйаг фæлтæрыл сагъæс кодта иугæндзон, йе офæлдыстады райдианаай йæ кæрон- мæ. К добру и злу постыдно равнодушны, В начале поприща мы вянем без борьбы, Перед опасностью позорно малодушны И перед властию — презренные рабы. Йæ ацы æмдзæвгæйы цы хъуыды ис, уый персонифи- кацигондæй,ома удæгас ацæймæгты фæлгонцтæй Лер- монтов равдыста йæ егъау уацмысты. Йæ трагеди «Мас- карад»-ы хъайтар Арбенин у хъæздыг натурæйы хицау, арф æмæ аналитикон зонды хицау, фæлæ æвзæр æхсæ- нады кæй цæры, æхца, хæлæг, цинтæм бæллын, мондæг- тæ суадзын йæ мидис кæмæн у, уыцы æхсæнады кæй цæ- ры, уый йын йæ зæрдæ сихсййын кодта, сфæлахс ын æй кодта. «Иæ дуджьь ;хъайтар» Печорин — стыр хъару æмæ /монцы хицау, «æгæрон тыхтæ» æмбæхсы йæ риуы, тынг æй фæнды .архайъш исты нысаны сæраппонд, фæ- лæ уымæн дæр йæ алфæмблай царкаевæрд йæ къух нæ аразы, чысыл ницæйаг хъуыддæгтыл ацæуы йæ рæстæг, æбæркад, æвæд, æгъуыз цардæй тоны йæ бонтæ. Ахæм у Демон дæр, романтикон, сæрыстыр, тызмæг Демон. Растад зæххы ныхмæ, растад арвы ныхмæ. Зæхх ын иы у? Где нет ни истинного счастья, Ни долговечной красоты, Где преступленья лишь да казни, Где страсти мелкой только жить; Где не умеют без боязни Ни ненавидеть, ни любить. Лермонтовы поэздаы æфхæрæн пафос æгъатыр у, цæ- хæркалгæ. Цахæм мæстджьш, судзаг, фыдæх ныхæстæй хæрзбон кæны йæ райгуырæн Уæрæсейæн: Прощай, немытая Россия, Страна рабов, страна господ, И вы, мундиры голубые, И ты, послушный им народ. 189
Ацы æмдзæвгæты цы карз, æгъатыр, мæстджын ны- хæстæ ис, ахæмтæ уырыссаг поэзи Лермонтовы агъом- ’ мæ нæ зыдта. «Официалон патриотизмы» минæвæрттæ, < Пушкины чи амардта, уыдон цъыфкалæн кодтой Лер- монтовыл дæр, хахуыр, дам, кæны йæ фæлтæрыл, нæ, дам, уарзы йæ райгуырæн бæстæ. Мах хорз æмбарæм, цахæм сыгъдæггæнæг, революцион-патриотон хъаруйæ равзæрдис Лермонтовы æфхæрæн поэзи. Дæ райгуырæн бæстæ хæдхæцæгады бьш хаудæй куы уынай, цагъары психологи дзы куы уынай, рухсмæ тыриындзииад дзы куынæ уынай, адæмæн дзы сæрибар æмæ хæрзамонд куы нæ уынай, уæд ыл хъуамæ æппæлæн одæтæ м,а фыссай, "фæлæ йын йæ цæсгомыл цæвай «маст æмæ фыдæхæй сæрст æфсæн æмдзæвгæ», кæд йæхиуыл æрхудид, растид æмæ размæ аккуырсид. Гъе, уый у адæмы уарзын, гъе, уый у ахæм заман иууыл бæрзонддæр патриотизм. Лермонтов æгъатыр у алцæмæ дæр, алкæмæ дæр. Йæ урс пæлæзджын науау, царды денджызы фæйлаугæ, змæлгæ уылæнты иугæндзон æнцойад чи агуры, уыцы æнæнцой, уæлмонц поэтæн хъуамæ æ.мбаст уой -йæ дзырд æмæ йæ хъуыддаг, хъуамæ йæм уа лæджьихъæд æмæ ныфсхастдзинад, кæд тынг тæссаг сты, уæддæр, уы- мæн æмæ æнæ уыдон поэзийæн уæвæн нæй. Хъама йæ кæрддзæмы ма хъуамæ уа тъыст, згæ йæ ’ма бахæра. Афтæ поэт дæр, — хъуамæ йе ’мдзæвгæ-нæра, «как коло- кол на башне вечевой во дни торжеств и бед народных». Лемонтов сиды, йæ ахадындзинад чи фесæфта, уыцы поэтмæ: Проснешься ль ты опять, осмеянный пророк! Иль никогда, на голос мщенья, Из золотых ножон не вырвешь свой клинок, Покрытый ржавчиной презренья?.. Уæлмонц, хъаруджын, тæвдтуг у Лермонтов йæ уарз- ты æмдзæвгæты дæр. Кæранмæ рæстаг, намысджын, æр- гом, исты бамбæхса, истæмæй афæлива йæ уарзон сыл- гоймаджы, цы у, уый дзы ма зæгъа æмæ йæм цы цæс- тæй кæсы, цы аæрдæ йæм дары, уый дзы басусæг кæна. уый гæнæн нæй Лермонтовæн, уый Лермонтовыл никуы сфидаудзæн. Лермонтовы кæронмæ сыгъдæг уд, кæрон- мæ айнæфæливгæ, æнæмбæхст, намысджын уд .номхæс- сæн у! Æмбал ын нæй рæстдзинад дзурынмæ йæхи тых- хæй дæр æмæ искæй тыххæй дæр. Цард цæрьшæн кæм нæ бæззыд, цард революцион тох 190
æмæ куыстæн уавæртæ кæм нæ арæзта, курдиатджын натурæйæн архайыны фадат кæм нæ лæвæрдта, алфæм- блай афтид æмæ талынг кæм уыд, уым Лермонтов, ай- айдæр, уыдис иунæг, æнæмбал. Цал раны йын бакæс- дзынæ йе ’мдзæвгæты уый тыххæй! Фыссы иу ран: Как страшно жизни сей оковы Нам в одиночестве влачить... — Дыккаг ран: Гляжу назад — прошедшее ужасно; Гляжу вперед — там нет души родной! Æртыккаг ран: Никто моим словам не внемлет... я один! Цыппæрæм ран: Гляжу на будущность с боязнью, Гляжу на прошлое с тоской, И, как преступник перед казнью, Ищу кругом души родной... Фæндзæм ран: И скучно и грустно! — и некому руку подать... Иунæг кæй уыд, йæхи иунæг кæй æлкъардта, уый дæр уыд йæ карз протест царды ныхмæ, хæдхæдæгады им- перийы ныхмæ, иуæй-иутæ куыд æнхъæлынц, афтæ уæнг- уагъд, зæрдæсаст пессимизм нæ, фæлæ. Иæ поэзийы иу- нæджы проблемæ кæцæй цæуы, уый реалон аххосæгтæ бааууон кæнынмæ хъавгæйæ, реакцион критикæ, офици- алон Уæрæсе Лер;монтовыл мысыдысты алывыдтæ, хуыд- той йæ хиуарзæгой эгоист, адæмыл æлгъ чи кæны, ахæм «мизантроп». Æцæгæй та, куыд уынæм, афтæмæй, Лер- монтов царды æмæ адæмы æфхæрдта, æппарццæг цæс- тæй сæм каст цард æмæ адæмæн сæхи пайдайæн, цæмæй хорз, идеалон суой, уый сæраппонд. Лермонтовы хуызæн масштабтæ кæмæн ис, уыцы поэттæ уæлæнгай, æгуы- дзæг, ныллæг, къуындæг удыхъæды хицау иикуы вæй- йынц. Пбэтæн йæ удыхъæд айдæнау равдисьшц йæ уац- мыстæ. Лермонтов — æгъуыстаг поэт æмæ æгъуыстаг адæй- маг, Пушкины фæстæ уырыссаг поэзийы дыккаг гени, иунæгæй карз тох самадта хæдхæцæгадимæ, адæмæн сæ- рибар æмæ амонд чи нæ лæвæрдта, уыцы æлгъаг цард- 19?
.æвæрдимæ. Куыддæр Пушкины мæлæты тыххæй æмдзæв- гæ паддзах Никъаламæ бахуын кодтой æмæ йæ бакаст, афтæ Лермонтовмæ йæ гæрзтæ рабаста — йæ маст дзы хъуамæ райстаид. Фамусовы Мæскуы кæддæр Чацкийы æрра куыд рахуыдта, рæстдзинад сын æргом кæй загъта, уый тыххæй, афтæ хъуамæ Никъала-паддзах дæр Лер- монтовыл æррайы ном сæвæрдтаид æмæ йын тыхмийæ хъуамæ хос кæньгн байдыдтаид (паддзахы æфхæрæн ма- дзæлтты уыцы методæн зынгæ бынат уыд лæвæрд!). Фæ- лæ дохтыр, æвæццæгæн, цæсгомджьш лæг разынд — æр- ра йæ не схуыдта, кæннод та, чи зоны, ахæм æфхæрд фаг нæ фæкаст паддзахæн йæхимæ. Бавдæлд æмæ Лер- монтовы арвыста Кавказмæ, «хъарм Сыбырмæ», уæд æй афтæ хуыдтой. Лермонтов мах^мæ, Кавказмæ, куы ’рцыд, уæд дзы уыд знæт ’бонтæ, тымыгъты ниудтытæ. Мигътæ-иу æр- тыхстысты хæхтыл, оæ фарсмæ та хæххон хъæутæ пад- дзахы æфсæдты къухæй тшллон уагътой. Канд арв ,нæ нæрыд Кавказы кæмтты, — нæрыдысты хотыхтæ. Пад- дзахы хæдхæцæгад кард æмæ арты фæрцы уагъта йæ колонион политикæ, хæлдта хæххон адæмты патриарха- лон-мыггагон цардæвæрд. Паддзах æнхъæлдта, зæгъгæ, Лермонтовы Кавказмæ куы арвитон, уæд æй уым æнæ- барон хохæгты фыдуаг нæмыг фæкуырис кæндзæн æмæ афтæмæй тæссаг поэтæй фервæздзæн. Фæлæ кавказæгтæ куыд хъуамæ систаиккой топпы кæсæнæй Лермонтовы, нæ хæхты фенгæйæ афтæ чи бакодта: «Кавказы æрвирд хæхтæ, айсут мын, айсут, мæ еалам! Сымах мæн мæ са- бийæ буцæй рæвдыдтат, сымах-иу мæ хастат уæ тызмæг рæгътыл, сыма,х-иу мæ мигъты тыхтат, фæцахуыр мæ кодтат арвмæ кæсыныл...» Каэнæ æндæр æмдзæвгæйы — иоджы ирддæрæй æрго-м кæны йæ уарзæгой зæрдæ Кав- казæн: Тебе Кавказ, — суровый царь земли,— Я посвящаю снова стих небрежный: Как сына ты его благослови И осени вершиной белоснежной! От ранних лет кипит в моей крови Твой жар и бурь твоих порыв мятежный; На севере в стране тебе чужой Я сердцем твой, — всегда и всюду твой!.. Лермонтов Кавказмæ не ’рцыд куыд паддзахы афи- тдер, афтæ, не ’рцыд йæ адæмимæ тох кæнынмæ, йæ адае- мы марынмæ. Лермонтов Кавказмæ æрцыд хæларау, 192
æфсымæрау, æрдхордау, Лермонтов æрцыд куыд поэт, афтæ. Кавказ ын уыд сфæлдыстады уæлтæмæн, Кавказ ын лæвæрдта темæтæ, сюжеттæ, ахорæнтæ, зæлтæ, рит- мтæ. Æртæ «атты дзы уыд — гыццыл ма куы уыд, уæд, сабийæ, æмæ йæ дыууæ хатты та хасты рарвыстой. Чысы- лæй фæстæмæ æнувыд уыд Кавказыл, скодта йыл, Кав- казæн иæхийау, тыхджын æмæ уæздан, лæджыхъæдджын æмæ зо-ндджын зарæг. Иæ уацмысты цæрынц Кавказы хъæбулты ристæ æмæ «ыфсытæ, се сгуыхтдзи-нæдтæ. Хæхтæ æмæ Лермонтовы поэзи кæрæдзийы фарсмæлæу- уьшц æмбар, æмбæрзондæй. Кавказ уыд йе стыр уарзт æмæ сси йæ ингæн дæр. Кавказыл тади йæ зæрдæ æмæ йыл акалд йæ туг дæр. Нæ, хохаджы нæмыг не сæмбæлд йæ риуыл, уый йыннæ аскъуыдта йæдиссаджы уд. Пуш- кины чи амардта, уыцы æлгъыстаг >къух Мартыновы къухæй амардта Лермонтовы дæр, — хæдхæцæг импери- йы къух! Поэт йæ туджы мæцгæйæ зæххыл куы ахаудта, уæд йæ сæрмæ, Кавказы хæхты сæрмæ арв сæнтæрттивгæ хъаматæй ныскъуыдтæ, ,арв æнахуыр тыхæ,й нын.нæрыд æмæ ныккалдта тæрккъæвда. Уый уыд æрдз æмæ исто- рийы протест, сæ ахсджиаг хъæбул хæрзæрыгонæй æдзард кæй фæцис, йæ бирæ сфæлдыстадон хъару цæх- гæр кæй банцад, уый тыххæй. Уый уыд уыцы иу рæстæг Лермонтовы стырдзинады демонстраци. Уый уыд адæмы хъыг æмæ хъынцъымы тæркуард, уый/уыд адæмы æнæв- гъау сæрыстырдзинады тæркуард, уый уыд — дисы, стыр дисы тæркуард! Кавказы цæрæг адæмтæ Пушкин æмæ Лермонто- вы хонынц сæ литературæты раздзæуджытæ. Иунæг стыр’ поэт дæр иæ уыдис Кавказы литературæты, Пуш- кин æмæ Лермонтовы æндæвдад чи нæ бавзæрста æмæ йæ абоиы онг дæр чи нæ ’взары. Ирон литературæ уыцы ахъазгæнæг æндæвдад æвза- рын байдыдта йæ райдайæны, йæ бындур æвæрынмæ куы æрæвнæлдта, уæд. Кавказмæ Лермонтовы ахаст, Кавказы, сæрмагоБдæй Ирыстоны, Лермонтовы поэзийы ахадындзинад домбай хъаруйæ равдыста Хетæгкаты ге- нион поэт Къоста. 1889 азы 16 августы Лермонтовæн Пятигорскы цьгрт куы гом кодтой, уæд дзы Къоста ба- каст йе ’мдзæвгæ «Лермонтовы цырты раз». Рай мын цинæй, мæ удлæууæн райгуырæн зæхх, Æмæ де ’нусон удхæрттæ ма мыс,— 13. Дзуццаты X. 19:
’Гагьд дæ сусæг бæллиц сыстдзæн бæстыл уæрæх,— Мæнæ де ’нхъæлцау бархийы намыс! Зон, сæрибар уыдзæн, — мæнæ йе стыр цырагъ, Мæнæ йе ’нусон судзгæ хур уымæн — Сомбон рухсмæ куы цæуæм зынвæндагыл мах, Уый уæд — не ’нувыд хъузон, нæ лымæн!.. Къоста æнустæм ныффæдзæхста махæн, цæмæй Лер- монтовы макуы ферох кæнæм, цæмæй йæ зонæм æмæ йын йæ номимæ рæсугъд кæнæм нæ бæстæ, нæ цард, нæ зæрдæ, нæ поэзи. Дар дæ зæрдыл йæ фидар хъуыдыджын æнгас,— Уый мыггагмæ дæ риуы цæрдзæни, Ам, дæ кæмтты, йæ фæндыр уыдзæни æгас Æмæ алкæд йæ цæгъдын нæрдзæни... Бауарз афтæ ды уый, куыд йæхæдæг дæуæн Уарзта тард поэт д’ айнæг къæдзæхтæ, ’Взонгæй чи уыд нывондаг фыдхахуыр дзырдтæн, Уымæн бафид йæ бирæ дзæбæхтæ. (Плиты Грисы тæлмац) Лермонтовы куыд уарзын хьæуы, уымæн ирд дæн- цæг у Къостайæн йæхи цард — адæмы сæрибарæн æга- сæйдæр нывондæн кæй æрхаста, уыцы цард, Къостайæн йæхи поэзи, ирон аивадон гени ног, æнæфенгæ, къласси- кон бæрзæндмæ чи систа, уыцы поэзи. Лермонто’вæй ме- ханиконæй исты чи мса, механиконæй йæ чи фæзма, уый нæ уыдзæн нæ дæр Лермонтовы аккаг фæдон, нæ дæр Къостайы аккаг фæдон, уый нæ уыдзæн сæ традици дарддæргæнæг. Къоста Лермонтовы традицийæ пайда кодта йæхи- рдыгонау, новаторонæй. Лермонтовы романтикон-реали- стон поэмæйы цæрдхъом æндæвдадыл дзурæг сты Къо- стайы поэмæтæ уырыссаг æвзагыл, Къубалты Алыксан- дры поэмæтæ, Нигеры «Мулдар», Малиты Геуæргийы сфæлдыстад, Хъамбердиаты Мысосты «Ард», Плиты Грисы «Æртæ фембæлды», «Иунæг»... Ирон литерату- рæйы, хæхты бæрзонддæр цъуппытау чи зыны, уыцы ра- загъды поэмæтæ. Лермонтов ирон лирикæйыл куыд фæзынд, ууыл куы дзурæм, уæд æрымысын хъæуы Хъуылаты Созырыдъойы раг æмдзæвгæтæ. Лермонтовы ахæсты мотивтæм гæсгæ йæм фæзындаид æмдзæвгæ «Ахæсты катай»: Нæ дуне куьтд мæнг у, Куыд тухæн у цард, Рæстудæн куыннæ и Нæ зæххыл бынат. №
Каенæ зынгæ æмдзæвгæ «Баст цæргæс»: Куыд зын у цæргæсæн, Хъæбатыр цæргæсæн, Куы вæййынц йæ базыртæ баст: Æдзух æй фæфæнды Йæ рагон хæтæнты Бæрзонд мигътæ сурын æваст. Лермонтов ироп адæмимæ дзуры канд йæхи мадæлон уырыссаг æвзагыл нæ, фæлæ ма ироцау дæр. 1902 азы Гурджибеты Бласкæ дыгурон диалектмæ тæлмацæй ра- уагъта Лермонтовы æмдзæвгæ «Тама.рæ», 1915 азы та рацыд иронау Лермонтовы аргъау «Ашик-Кериб». Уы- дон уыдысты фыццаг тæлмацтæ Лермонтовæй ирон æв- загмæ. Лермонтовы æнæмæлгæ лирикон шедевртæ, лиро-эпи- кон-романтикон поэмæтæ, психологон-поэтикон прозæ æмæ зынгау судзаг, æхсаргардау дзæнгæлтæгæнæг дра- матурги — уыдон тæлмац кæнынмæ ирон фысджытæ зæрдиагæй бавнæлдтой фæсреволюци. 20-æм азты Бара- хъты Гино раивта къорд æмдзæвгæйы Лермонтовæй. Уьщы дуджы ма, дард Харбины цæргæйæ, уæздап поэти- кон курдиаты хицау Æрнигон Илас ра-ивта стыр поэты зынгæ æмдзæвгæ «Романс» («Æрымыс-иу мæн»). Иу- дыууæ лирикон æмдзæвгæйы дзы (20-æм азты агъоммæ) раивта Нигер дæр, Æрыдоны семинары ма куы ахуыр кодта, уæд. Иронау сты: «Нæ дуджы хъайтар» (мыхуыры рацыд фоидз хатты), «Демон», «Мцыри», «Лидзæг», «Хадзы- Абырæг», «Каллы», «Къупецаг Калашниковы зарæг» æмæ æндæртæ. Тæлмацтыл куыстой Мамсыраты Дæбе, Гафез, Хъайтыхъты Геор, Ардасеыты Хадзыбатыр, Джер- мугъ (Гæззаты Лади), Гулуты Андрей, Цæрукъаты Алыксандр, Джусойты Нафи. Лермонтов 16-аздзыдæй кæй ныффыста, уыцы трагеди «Испайнæгтæ» æнтысгæ- йæ æвæрд цыдис ирон театры сценæйыл Плиты Грисы тæлмацæй. Бæгуыдæр, Лермонтовы поэзийæ тæлмацты ис хæрз- тæг дзырдæн, Æрнигон Иласы «Æ,рымыс-иу мæн», Хози- ты Яковы «Хæхты урс бæрзæндтæ...» æмæ эевд. Фæлæ сыл æмткæй куы дзурæм, уæд бирæ хуыздæр хъуаг сты. Æз ын дæнцæгтæн йе ’мдзæвгæтæ уырыссагау фырхъа- лæй нæ хæссьш мыййаг, — аккаг тæлмацтæ сын нæй иронау. Раст зæгъы уый тыххæй Плиты Грис: «Лермон- 195
товы уацмыстæй ирон æвзагмæ тæлмацгонд чи ’рцыд, уыдон оригиналтимæ абар, уæд кæрæдзимæ æгæр дард лæууынц. Зын кæсæн сты иронау, суанг дзы фæстаг рæс- тæджыты кæй раивтой .нæ поэттæ, уыдон дæр сты, куыд æмбæлы, уымæй дзæвгар лæмæгъдæр... Æххæст цы нæма у, уый баххæст кæнын хъæуы: нырма нæм нæй генион поэт Лермонтовы уацмысты чиныг хæрзхъæд тæлма- цæй...» Афтæ мачи банхъæлæд, æмæ Лермонтов мæгуы- рау тæлмац кæй у, уый ирон æвзаджы кæнæ ирон поэзи- йы гæнæнты аххос у. Нæ. «Ирон литературон -æвзаг,— зæгъы дарддæр Плийы фырт, — уыйбæрц схъæзныг ис, тæлмац кæныны дæоныйад та нæм афтæ сырæзыдис, æмæ ныр йæ бан у уырыссаг æмæ дунейон кълассикон аив литературæйы кæцыфæнды уацмыс дæр хæрзхъæд ивд ракæнын». О, Лермонтов, стъалы стъалыимæ куыд дзура, афтæ дзуры махимæ, нæ дупшæ, ХХ-^æм æнусы æмбис чи цæ- ры, уыцы адæмтæн се ’ппæтимæ дæр. Раджы амард, фæ- лæ 27-аздзыд поэт кæддæриддæр ис немæ — жрыгон, нырыккон, ахсджиаг. Æрмæст уый тыххæй нæ, æмæ йе ’ндæвдад тыхджын кæй у нæ адæмты поэзитыл, уый тых- хæй дæр иæ, æмæ, Белинскийы загъдау, йæ ном адæмон ном кæй ссис. Лермонтов йе сфæлдыстадæй комкоммæ хайад исы махæн нæ куысты, нæ тохы ног, сыгъдæг, на- мысджын, рæсугъд адæймаг схъомыл кæныны оæрап- понд, рæстаг, æнæхин, æнæчъйзи, гуманон æхсæнад са- разыны сæраппонд. Махæн æнæуынои цы у, уый æнæуы- нон уыд Лермонтовæн, мах бирæ ды уарзæм, уый уарзта Лермонтов, мах цæмæ тырнæм — сæрибар æмæ амонд- мæ, уымæ цæрæнбонты тырныдта Лермонтов. Лермонто- вы æмдзæвгæтæ стыр адæймæгтæ аразынц, чи сæ кæсы, уыдонæй. * Лермонтов нырыккон у йæ яембæстагон — рæстуар- зон хъаруйæ, йæ философон æппæрццаг пафосæй, йæ хъуыдыкæнынады арфæй, йæ траГикон-романтикон уы- нынадæй. Æнуоæй фылдæр рацыд, йе ’нæнцой уд Де- моны арвмæ куы стæхыц кодта æмæ йæ уырдыгæй Кав- казы хæхтæм куы ракæсын кодта, уæдæй: Под ним Казбек, как грань алмаза, Снегами вечными сиял, И, глубоко внизу чернея, Как трещина, жилище змея, Вился излучистый Дарьял... Г96
Афтæ фенæн ис Кавказæн нæ дуджы, абон, йæ сæр- ты «Ту»-хæдтæхæгыл куы ратæхай, уæд. Кæнæ: В небесах торжественно и чудно! Спит земля в сиянье голубом... Афтæ зыны, цыма ацы рæнхъытæ космикон науты космонавттæй исчи ныффыста. Цыма нын уыдон ра- дзырдтой, зæххы алыварс чи æртыхсы, уыцы уæлдæфон æрвирд тæмæны нæ ныййарæг мад — нæ зæхх куыд фенддаг у, уый тыххæй. 1840 азы æмдзæвгæ «Валерик»-ы Лермонтов, цæцæ- нимæ уырыссаг æфсады тугкалæн тохыл фысгæйæ, æрæ- вæрдта, адæймаджы намысмæ иулæндзон чи сиды, адæймаджы зондæй иугæндзон дзуапп чи домы, махæй алкæй дæр архайынмæ чи ардауы, ахæм фарст. Уый у æнусты дæргъы адæймагады царды, уæлдайдæр та мах æнусы, иууыл стырдæр, ахъаззагдæр фарст- И с грустью тайной и сердечной Я думал: «Жалкий человек.. Чего он хочет!.. Небо ясно, Под небом места много всем. Но беспрестанно и напрасно Один враждует он — зачем?» Цæмæн? — фæрсы Лермонтов. Лев Толстой дзырдта, зæгъгæ, уыцы фарстæн дзуапп нæ ратдзæн Х1Х-æм <æнус æмæ йын, чи зоны, дзуапп нæ радта ХХ-æм æнус дæр. Ноджы ма йæ зæгъын, австриаг императоры ныхæс- тæ раст сты. Паддзахы æмæ сæхицæн культгæнæг, сæ- хицæн бухъ цард аразæг хицæутты нæ хъæуынц генитæ æмæ курдиатджын адæймæгтæ. Фæлæ генитæ æмæ кур- диатджын адæймæгтæ хъæуынц фæллойгæнæг, рæст- уарзаг адæмы, хъæуынц сæ кæддæриддæр, уымæн æмæ уыдон сты адæмы зæрдæ, адæмы зонд, адæмы фарн, æрдз æмæ царды æцæг рæсугъддзинад. Æнусон тох цæ- уы лæджыхъæд æмæ æгуыдзæгдзинады астæу, намыс æмæ æдзæсгомдзинады астæу, рæстдзинад æмæ мæн- гарддзинады астæу, лæгуарзондзинад æмæ мещанон эгоизмы астæу, тох цæуы, уæззау тох, поэзи <æмæ цыдæ- риддæр дунейыл æвзæрдзинад ис, уый астæу, æмæ уы- цы тохы хъуамæ фæуæлахиз уа поэзи. Лермонтовы нырыккондзинад у тæккæ прогрессивон- 197
дæр, раззагондæр нырыккопдзииад. Æмæ кæддæрау абон йæхи куы сисид, æвзонг ныфсхаст уариау, йæ бæ- хы саргъмæ, уæд ын йæ идоныл сæдæгай-мингай поэт- тæй алчи дæр буцæй ныххæцид æмæ йæхи амондджын хонид. Уыдонæй алчи дæр зæгъид кæсгон поэт Кешоков Алимау: Поручик Лермонтов! У вас Хочу быть в званье рядового. Ф-æл;æ абон Лермонтовæн поручикы ном чысыл у. Абон Лермонтов у Советон Цæлисы æмæ Дунейы поэзи- йы маршал! 1964
С Е К Ъ А Æз барæй бирæ цитаттæ рафысдзынæн Секъайы уац- мыстæй. Иуæй-иу критик искæцы фыссæгæй феппæлы, хуыцауы цъуппыл æй сæвæры, фæлæ дзы цитаттæ куы ’рхæссы, уæд ыл æвзæр рæнхъытæ, строфæтæ комдзог рацæуынц. Критик дзуры, мæнæ уыцы уацмыс иттæг хорз у, аив фыст у, зæгъгæ, цитаттæ та йæ ныхмæ сыс- тынц: «Нæ бæззæм, нæ бæззæм! Нæ нæ уынут, цы стæм!» Ахæм критик тырны, æгуыдзæг фыссæгæй, æцæгдзинадæй цы нæу, уый зæгъынмæ. «Фыссæг йæхæдæг ницы ахады, цæй æмæ дзы сæппæлон, кæдафтæмæй скадджын уаид, адæмыл ахъæр уаид йæ ном», зæгъгæ, фæзæгъы æнæхъо- ла критик. Æз ахæм митæй ирвæзт дæн: Секъа стыр ныв- гæнæг у æмæ йæ ме ’ххуысы сæр ницæмæн хъæуы. Мæ- нæн æхсызгон уыдзæн Секъайæ цитаттæ фыссын — аив фæлгонцтæ, рæсугъд рæнхъытæ сæхæдæг алкæмæй дæр хуыздæр зæгъдзысты сæхи тыххæй. Хъуды ком’мæ, Ар- вы коммæ, Дзимыры хæхтæм куы кæсай, уæд æй куын- нæ æмбардзынæ: рæсутъд сты æви нæ? Анатоль Франс йæхицæн æнтыстдзинадыл пымадта, стыр французаг фыс- сæг Раблейы тыххæй цы очерк ныффыста, уым тынг бирæ цитаттæ кæй ис, уый! Иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыста чииыгкæсæг, зæгъгæ, Секъа сæйраджыдæр уыд прозаик. О, Секъа стыр прозаик уыд, фæлæ къаддæр нæ уыд поэт. Секъа- йы поэзи у бирæкъабазджын, вазыгджын, хъæздыг. Ис æм æмбæстагон æмдзæвгæтæ, лирикон æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ, зондамонæнтæ æмæ миниатюрæтæ. Бæгуы- дæр, куыд алы кълассик, афтæ Секъа дæр фыста иуæй- иу лæмæгъ æмдзæвгæтæ, фæлæ уыдонмæ гæсгæ нæ фæ- аргъ кæнынц кълассикæн. Хорз æм цы ис, йæ поэзийы мæсыг цавæр фисын дуртæй амад у, уыдонмæ лæмбынат æркæсынц æмæ йын равдисынц йæ объективон мидис. Зæрдæмæхизæг æнкъарæнтæ, иæстылуайгæ фæлгонцтæ, алыхуызон интонацитæ Секъайы поэзийы парахатæй сты. Байхъусæм дзы цалдæрмæ: 199
Куы ныттар вæпйынц Сау хохы ’рхытæ, Уæд нал фæзынынц хохы цыргъытæ. Дымгæйæн дзурынц фугæ бæлæстæ, Сæркъул кæнгæйæ, хъасты ныхæстæ. («Фыдыбæстæ») Иууыл де ’ккойы куы бадынц Каркæй, цъиуæй, цæргæсæй, Дæ бындзæфхад дын къахынц Хуыйæ, бæхæй, хæргæфсæй. Мæлдзыг дæр дыл æсхилы, Уый дæр йæ тых æвзары, Иæ сау бырынкъ æстилы, Дæу фыдæбонæй мары. («Мæ бæлас») Уырны мæ, хæстæг у Ныр ахæм рæстæг: Къæвдайы фæстæ-иу Кæны хорз фæззæг... («Къæвда») Æртæ æмдзæвгæйы — фыдыбæстæйы сагъæстæ. Фы- дыбæстæ канд хæхтæ, дæттæ, бæлæстæ, дымгæтæ, мигъ- тæ æмæ æндæр ахæмтæй кæнгæ нæу. Фыдыбæстæ у, сæйраджыдæр, фæллойгæнæг адæмæй кæнгæ. Уыдои сты æфхæрд, æбар æмæ Секъа дзуры сæ сæрыл. Сур, дзæнгæдайы ныхæстæй пæ, фæлæ поэтикон фæлгонц- джын æвзагæй. Бæлæстæ, сæ сæртæ къул кæнгæйæ, хъа- сты иыхæстæ кæпынц. Фæлæ Секъайы уырны, кæй скæи- дзæн хорз фæзæг. Уæ хъус ма фæдарут: къæвдайы фæстæ хурбон ска-ш- дзæн, зæгъгæ, афтæ нæ зæгъы Секъа. Кæд адæм иу- уылдæр дзургæ «фæскъæвда — хурбон», зæгъгæ, кæ- нынц, уæддæр уый зæхкусæг лæгæн æбæрæг, иумæйаг ныхас у. Зæхкусæг лæг йæ зæххы гæппæлæй йæхицæн фаг хор куы нæ райса, йæ фос зад кæрдæгыл куы нæ снард уой, уæд ын хурбон уадиссаг ницы фæахъаз уы- дзæн. Зæхкусæг лæгæн йæ азы афонты хуыздæр, йæ бæллиц у фæззæг: йæ мæгуыр хæдзары къуымты фæ- зыны бæркад. Мæнгæй нæ фыссы Хетæгкаты Къоста дæр: Хор бирæ, фос бирæ Хуыцауы фæрцы... Нæ хохбæсты бæркад, Цы диссаг дæ, цы! («Фæззæг») Зæхкусæг лæгæн дзырд «фæззæг» дзырд «хурбон»- æй конкретондæр, практикондæр, материалондæр у, йæ 200
ахадындзинад фылдæр у. Цæмæй афтæ зæгъай, уый тых- хæй æцæг поэт хъуамæ уай. Каенæ мæнæ ацы рæнхъытæ бынтон хорз æмдзæвгæ- «Хæхты маст», зæгъгæ, уымæй: Хæдтулгæ уæрдоны сцæйцыдтæн нæ уарзон бæстæм. Хæдтулгæ уæрдонæй æз кастæн: Зындысты мæм дардæй нæ рæгътæ, нæ хæхтæ, 'Зындысты нæ цъититæ, урссæр къæдзæхтæ,— Æсурс æсты митæй — сæ мастæй. Ахæм фæлгонц абон дæр тыхджын у æмæ йæ Секъа куы ныффыста, уæд цы уыдаид! Хæхтæ сурс сты мастæй. Цы ма уа хуыздæр! Секъа æфхæры, йæ хæхты чи ныууадзы æмæ йæхи уды дзæбæхæн дард бæстæм цæрынмæ чи фæцæуы, уы- дон. Æмдзæвгæ «Хъарæг», зæгъгæ, уым сыл Секъа> ехсы цæфау, бацъыкк кодта йæ фыдæх: Уадзут!.. Уарзон бæстæй лидзæнт Дзулæй бафсæдынмæ дард, Уым хъæздыг рæтты фæхизæнт, Урс дзул, цаийæ нæ ивæм Мах нæ хохы дæтты зард! Секъа æнахуыр уарзт кодта йæ райгуырæн хæхтæ. Æвадат, гæвзыкк цардæй дзы цардысты адæм, фæлæ «хохы дæтты зард», хæхты адæм, ха^хты поэзи Секъа- йæн уыдысты алцæмæй дæр зынаргъдæр. Иумæйаг ны- хæстæй, афтид фæхъæртæй сæм не ’вдыста йæ уарзон- дзинад. Стыр поэты дунеуынынад æмæ дунеæмбарынад никуы уыдысты æцæгæлон Секъайæн. Урссæр, сауцæсгомджын хæхтæ, Къултæ, хъæдтæ æмæ дæттæ Зæрдыл, сау чызгау, лæууынц. «Урссæр» уыд загъдгонд, фæлæ ма кæд чи загътаг «сауцæсгомджын хæхтæ»! Фæстаг дзырды фæрцы дзырд «урссæр» дæр конкретоп-поэтикон свæййы. Хæх- ты фæлгонц Секъа, йæхирдыгонау, бæстон равдыста йе ’мдзæвгæты, æнæлаз скульпторау æмæ нывгæнæгау. Æркæс-ма цъæх арвмæ, нæ уалдзыгон арвмæ, Йæ цæстытæ ризынц, æрттивынц, кæсынц. Æркæс-ма нæ фидар къæдзæхтæм: дæ разы, Уæйгуытау, тыхджынæй, ныфсджынæй лæууынц. («Æнкъард хъуыды») 201
Грамматикон критик, шаблонтыл цайдагъгондчиныг- кæсæг йæ уæхсджытыл хæрдмæ фæхæцдзæн æмæ зЗегъ- дзæн: «Цы у ай? Скæс-ма арвмæ, — уый æмбарын, фæ- лæ кæд чи фехъуыста «Æркæс-ма арвмæ», цыма дæ къæхты бын ис. Стæй арвæн цæй цæстытæ ис æмæ куыд ризынц?» Секъа, алы стыр поэтау, йæ чиныгкæсæгæй домы, цæмæй йын хъуыды кæна йе ’мдзæвгæтыл æмæ сын арф бамбара сæ фæлгонцты мидис. «Æркæс-ма цъæх арвмæ», зæгъгæ, афтæ куы зæгъы Секъа, уæд .уайтагъд чиныгкæсæгæн амоны, кæмдæр хæхты иууыл бæрзонддæр цъуппыл кæй лæууы (кæнæ бады),'кæсы дæлæмæ æмæ сагъæсты цæуы. Хуымæтæджы нæ хуыйны æмдзæвгæ «Æнкъард хъуыды». Секъа кæсы æмæ йæ разы уыны хохаг рæсуг цæдтæ (арвы цæстытæ), ризынц рог уалдзыгон дымгæмæ, æрттивынц хурмæ. Алы ’рдыгæй, уæйгуытау, лæууынц хæхтæ. Махмæ исчи ахæм фæл- гонцты æнгæс цыдæртæ куы афыссы, уæд нæ къухтæ ныццæгъдæм: мæнæ, дам, цы поэт ис! Уый ма зонай, ахæм фæлгонцтæй суанг ма ивгъуыд æнусы кæрон Се- къа пайда кодта стыр дæсныйæ. Секъайы поэзийы арæх æмбæлæм дымгæйы фæл- гонцыл. Гæнæн ис, æмæ зæгъæм, зæгъгæ, дымгæ дзы дымы суанг йæ райдайæнæй йæ кæронмæ, иугæндзон хæхты куыд ваеййы, афтæ. Сабыр, сонт дымгæтæ уайынц, Къултыл дугъæттау фæуайынц, Сусæг аргъæуттæ кæнынц. («Хъарæг») Сонтдæр, сонтдæр дымгæ зилы,, Хъазы нæууыл бои — æхсæв; Халтæ, сыфтæртæ фæтилы, Нæй, нæ сын дæтты улæфт. Цинæй заргæ, фæзты, къулты, Кафгæ, ленчытæ кæны; Адæмы раз зулмæ-зулмæ Дарддæр алидзы, тæхы. («Уалдзыгон зарæг») Дзæгъæлдзу дымгæ, Рæбынты ниугæ, Фæндаггтæ мæрзы. («Сæна») Цырд æмæ рог дымгæ. Куы хъаст кæны, куы цин кæны, куы цы, куы цы. 202
Тæхуды, нæ кæрдæджджын къултæй Нæ фиййæутты зарæг куы цæуид: Нæ лæгты, нæ хуыздæрты зæрдыл Нæ сау цард, нæ зын цард куы лæууид. Сæ ныфсджын хъæлæс сын куы хæссид Нæ хæхтыл, нæ фæзтыл нæ дымгæ, Сæ цинтимæ цинтæ куы кæнид, Рæвдаугæ куы зарид сæ хъыгмæ. («Тæхуды») Секъайы арф хъуыды æмæ поэтикон хъару разынд дзырд «рæвдаугæ», зæгъгæ, уым. Фыццаг бакастæй ба- дис кæндзынæ: ау, адæмы хъыгмæ дымгæ рæвдаугæ цæ- мæн хъуамæ зара? Кæугæ, ниугæ, тъизгæ, дзыназгæ, гъе-гъе, додой, хъарæг цæуылнæ кæны? Кæд цинмæ цин кæны, уæд хъыгмæ та хъуамæ хъыг кæна. Фæлæ Секъа уыцы бирæ дзырдтæй искæй куы ныффыстаид, уæд йæ поэтикон рæнхъ мæгуырдæр уыдаид. Ирон зæхкусæг лæгыл ч'<ан куы ’рцæуы, уæд ыл йе ’мхъæуккæгтæ маст дæр, кæу1æ дæр куыннæ фæкæнынц, фæлæ ахæм рæстæ- джы сæ сæйраг сагъæс вæййы — зианджыны барæвда- уын, басабыр кæнын, баххуыс ын кæнын, цæмæй йæ дудгæ масты бар ма уа æмæ йæхи æгæр ма бафхæра. Гъе, уымæн зæгъы афтæ Секъа: «Рæвдаугæ куы зарид сæ хъыгмæ». Секъа агуырдта, йæ хъуыды йын арфдæр æмæ иу- уыл рæсугъддæр чи равдыстаид, ахæм дзырдтæ. Уымæн ын фадат лæвæрдта канд уый нæ,, æмæ йæм ахъаззаг курдиат æйæ эстетикон æмбарынад кæй уыд. Секъа алыфарсонæй зыдта йæ мадæлон æвзаг æмæ йыл йæ амæ- лæты бонмæ хæрзаудæн кодта. Ирон æвзаг «иннæ ’взæгтæй мæгуыраудæр» нæу, амоны Секъа, æмæ йæ æв*æрын хъæуы. Секъайæн хъыг уыд, иуæй-иу ирæттæ сæхи ’взагыл кæй нæ дзырдтой, уый. «Гъай-гъай,— фыссы Секъа, — уырыссаг лæг демæ куы дзура, уæд ын йæхи æвзагæй дзуапп дæттын хъæуы. Ф’æлæ ирон лæг ирон лæджимæ куы дзура, уæд та уырыссагау, гъе гуыр- дзиагау цæмæн хъæуы дзурын. Дзырдты кунæгдзина- ды хыз уый у, æмæ дæ мадæлон æвзагыл куы нæ дзу- рай». Гъе, уымæ гæсгæ карзæй уайдзæфы хай фæкодта Секъа йæ дуджы ирон фæсивæды: Худинаг уæм куыд нæ кæсы Æнцад бадын фыддæрадæн. Иу уæ лæгау куыд нæ тæрсы Фесæфынæй Иры ’взагæн! 203
Секъа сидти ирон интеллигенцимæ, цæмæй Æсрæсугъд кæнæм нæ хорз фыды ’взаг, Куыд нæ фесæфа нæ мыггаджы кой. («Фæдис») Ирон поэттæй бирæ чидæртæ фыстой Сæнайы (Хъаз- беджы) хохыл, Теркыл, фæлæ дзы нырма Секъайы ни- чи аййæфта. Ноджы ма йæ зæгъон, диссаг у йæ поэти.- кон уынынад! Ды мигътимæ сусæгæй дзурыс, Ды дымгæтæм хъусыс æнцад, Сæрибар тымыгътæн дæ цуры Дæ къултыл æрзилы сæ рад. Ды боныгон адæмæн арфæ Сæ куыстæн, сæ цардæн кæныс; Æхсæв та, æнусон цырагъау, Кавказы æврæгътыл лæууыс. - («Чырыстийы цъупмæ») Алы рæнхъ дæр у бæрæг-бæлвырд, ирд æмæ поэти- кон. Бынтон раст æмæ цæстылуайгæ сты æмдзæвгæйы иннæ рæнхъытæ дæр. Нæ Ирмæ дæр ракæс, дæ фырттæм, Дæ арфæмæ ’нхъæлмæ кæсынц, Дæ разы дæ къултыл, дæ фæзтыл — Дæ диссаг хъæбысы цæрынц. Кæд ма чи загъта мæнæ афтæ Теркæй: Терчы дон, пырхкалгæ, Кæдæмдæр лæбуры. Фæйлауæн, фæйлаугæ, Фæйлауæны суры. Дур дурыл æппары, Бæрæг у йæ фæд. Къæдзæхтыл фæкалы Урс фынкæй йæ сæт. Нарæгæй фæдæлæ, Банцади йæ хъæр. Цæф сырдау, уæлæмæ Нал исы йæ сæр. («Арвыком») Ахæм æмдзæвгæ комментари кæнын зын у æмæ, æвæццæгæн, хъæугæ дæр тынг \нæ кæны, уьшæн æмæ æмдзæвгæйы хъару æмæ рæсугъддзинад хиныхæстæй куынæ равдисай, уымæй тас у. Секъа йæ хæхты поэтикон истори йæхи дуджы куыд 204
уыд, камд уый «æ фыссы, фæлæ ма раджы, бынтон ра- джы, зæххыл ма цард куынæ уыд, уæд куыд сырæзтыс- ты хæхтæ, уый дæр. Зæхх куы фыхти, йæ арты тæф Уæд къæдзæхты хæрдмæ хаста, Кас фыцæгау, урс тæппæлттæй Ныры хæхты хæрдмæ ласта. («Млет») Чи зоны, искæмæ диссаг фæкæса, Секъа—дины ку- сæг — дунейы цардмæ дардта материалистон цæстæнгас. Хуыцæуттæ, зæдтæ йæ цас уырныдтой, уымæн ницы зо- нын, фæлæ йæ фыстытæм гæсгæ цард уыдта, куыддæ- риддæр у æцæгæй, афтæ. Чи амæла æмæ хистытæ кæ- мæн кæной, ахæм лæгæн Секъа зæгъы: Арахъхъ æмæ фыды мур Дæуæн цы ’ххуыс фæкæна, Уый дын фена мæ фыдгул, Уымæй хуыздæр ма фена... («Хист») Нæ, Секъайы мæрдты бæсты хабæрттæ æппындæр не ’ндавынц. Секъа зоны, цард ис æр.мæст уæлæуыл, а-зæ,х- хыл, æмæ зæххон амондæй мæгуыртæн хай кæй нæй, ууыл у йæ сагъæс æмæ йæ тыхсты сæр. Мæгуырæн йæ фæндаг уæлæуыл — æхгæд, Мæрдты цы уыдзæн, уымæн бæрæг нæй. («Мæгуыры фæндаг») Ирон литературæйы революцийы агъоммæ мæгуыр- дзинад иууыл тыхджындæр кæй дзырдты разынд, зæгъ- гæ, куы райдайæм æвзарын, уæд дзы Секъайы мæнæ ацы строфæ -никæмæн ницы ауадздзæн: Æххормаг — йæ зæнæг, Хæрз бæгънæг — йæ ус; Фырмæстæй йæхæдæг Ие стджытыл ныххус. («Мæгуыры зарæг») Фæстаг дыууæ рæнхъы кад скæндзысты цыфæнды стыр поэтæн дæр. Секъайы поэзийы ис иу æмдзæвгæ, сæрмагондæй кæ- уыл хъæуы зæгъын, чиныгкæсæджы зæрдæ йæхим<æ чи нылвасы æмæ йæ бирæ рæстæджы йæ ахæстæй чи нæ уадзы, ахæм. Хуыйны æмдзæвгæ — «Цъиу йæ лæппы- ныл хъарæг кæны». Секъаь^æн тынг зын уыд, йæ фырт 205
Цомахъы йын Сыбырмæ кæй ахастой, уый. Секъа æр- гом кæны зæронд фыды тыхджын ,æмæ уæздан уарзон- дзинад йæ фыртмæ, йее зæрдæйы иууыл интимондæр æнкъарæнтае. Загътон дын, ма тæх, нырма лæппын дæ, Хорз нæма зоныс уарын-афонтæ, Быдыртæм акæс, ихдзагъд хъæмпытæ, Кæнынц уым сагъæс цъиуты лæппынтæ. Ныр мæ сау зæрдæ цæгаты мигъмæ Æхсæвæй-бонæй кæугæ дзыназы; Ныр дæм сау цæргæс кæд кæсы тигъмæ, Иæ къæдз цыргъ ныхтæй кæд дæуæй хъазы... Кæд дæ сау тæнхъуын цыбыр коцора Цæргæс бындзыггай йæ ныхтæй исы; Кæд дæ сонт буар, додой мæ къона, Цæгаты бæсты ихæнæй ризы!.. Кæд дæ урс буар искуы ихы бын, Æндондзæх дурау, уарынæй тайы; Кæд дæ сонт зæрдæ, уæ мæ хуры тын, Фысы уæрыккау, ме ’рдæм æхсайы!.. Лæджы зæрдæ кæй риуы ис, лæджы маст æмæ рис чи æмбары, хъæбулы уарзт чи зоны, уымæн ацы æмдзæ- вгæйы иув>æрсты ахизын йæ бон никуы бауыдзæн. Арæх, æнæхъуаджы арæх фехъусæн ис, зæгъгæ, Се- къамæ -хæццæ кодта ирон литературæйы ’рдыгæй — Къостайы тæваг, уырыссаг литературæйы ’рдыгæй— Крыловы тæваг, гуырдзиаг литературæйы ’рдыгæй — Ру- ставели æмæ Хъазбегийы тæваг æмæ ма ноджы, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæмон сфæлдыстады тæваг дæр. Æз ’афтæ нæ зæгъын, æмæ Секъайыл никæй тæваг фæзынд. Фæлæ мын иу хъуыддаг ныхысæрыйас гуырыс- хойаг нæу: Секъа искæй механиконæй кæм фæзмы, искæй фæдыл эпигонау цæуынмæ кæм хъавы, уыцы æмдзæвгæ- тæ йын сты, мæ уацы райдайæны лæмæгъ кæй рахуыд- тон, раст гъе уыдонæй. Цæвиттон, Секъа стыр Къостайы фæзмгæйæ цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны къад- дæр ис оригиналон поэтикон фæлгонцтæ, хъуыдытæ, æнкъарæнтæ, искуы иугай рæнхъытæ æмæ строфæты йеттæмæ. Иудзырдæй, Секъа йæхи хуызæн нал вæййы, йæх^ реалистон фидар æрмдзæф æрбайсæфы æмæ æгъуыз, фæлурс рæнхъытæ ахал вæййынц кæрæдзийы фæдыл. Секъа йæхæдæг хорз æмбæрста уыцы хабар: 206
Цы поэт искæмæ хъуса, Уымæа йæ аргъ у хъæмпыхал; Искæй фæндонæй куы куса, Уæд нæу иууыл йæхибар. («Поэт») Секъа искæмæ кæм нæ хъусы, исиæй фæндонæй кæм нæ кусы, йæхибар цы æмдзæвгæты у, уыдон сты йе ’цæг поэтикон бын, йе стыр æнтыстдзинад. Æвæццæлæн, Секъайæн бирæ «зондамонджытæ» уыд, афтæ йын чи дзырдта, зæгълæ, диссаджы æмæвæрдтæ (ома æмдзæвгæтæ) фыссыс, фæлæ сын сæ аразыннæ зо- ныс. Ах-æм адæймæгтæн Секъа дзуапп лæвæрдта: «Искæ- йы науы бадын нæ бакомдзынæн... Искæй фæсарц бадьгны бæсты уадз æмæ фистæгæй цон ...» Æмткæй куы аргъ кæ- нæм Секъайы сфÆлдыстадæп, уæд фидарæй н,æ бон у зæгъын: Секъа никæй фæсарц сбадтис. Секъа сбадти йæ- хи сæрмагонд бæхыл, стæй саргъыл дæр искæйы хуы- зæн, искæйы фæзмгæйæ нæ бадт, фæлæ йыл бадти йæхи бадтæй, йæхи куыд фæндыд, йæхæдæг куыд арæхсти, йæхицæн хуыздæр куыд цыдис, афтæ. Стыр поэт дæр уымæн у, æмæ сæйраджы никæй фæзмыдта. Цыппар нæ, фæлæ сæдæ тæваджы фæрцы дæр никæмæн ис фыссæг суæвæн. ^ Секъаиæ дзырдтой, æмæвæрдтæ аразын, дам, нæ зо- ны. Секъа фыста, ирон адæмон лирикæ цæргæ-цæрæн- бонты йæхи кæуыл схаста, уыцы, (æмдзæвгæйæ- Ахæм адæмон æмдзæвпæйы алы рæнхъы дæр (æрмæст а>1ы хатт нæ!)вæййы æмбæрц уæнгтæ, цавд сыл æмхуызон никуы хауы, кæм — раздæр, кæм — фæстæдæр, кæм — фылдæр вæййынц, кæм — къаддæр. Æмдзæвгæ органи- заци кæнынц æмæ строфæ кæрæдзийыл бæттынц риф- мæтæ: Дæумæ дзурын, мæ бæлас, Мæ цард æмæ мæ дарæг! Фехъус, мæ хур, мæ ныхас, Радзурон дын мæ зарæг. («Мæ бæлас») Алы рæнхъы дæр ис фæйнæ авд уæнджы. Цавд æр- мæст рифмæгæнæг дзырдтыл хауы æмхуызон æмæ уый фæрцы кæрæдзийыл хæцы æмдзæвпæ. Ахæм стихыл амад сты æмдзæвгæтæ «Чермен», «Уарзон», «Дæдадæйы зарджытæ», Секъайы номдзыд æмбисæндтæ æмæ æнд. Фæлæ Секъа канд ахæм стихæй нæ фыста. М»æ уацы 20?
щы бирæ хорз æмдзæвгæтыл дзурын, уыдонæй дзæвгар 1ис, кълассикон силлабо-тоникон стихæй фыст чи у, ахæмтæ. Тæхуды, Ирыстоны сæрмæ Куы фенин æз хурæн йæ тынтæ, Гъе, искуы ирон лæджы царды Куы фенин æцæгæй мæ фынтæ. («Тæхуды») Æнæ ритмикон схемæйæ дæр дызæрдыггаг нæу, кълассикон . амфибрахийæ фыст кæй у, уый. Амфибрахи- .йæ фыст сты Секъайы æмдзæвгæтæ «Хæхты маст», «Æн- къард хъуыды», «Чырыстийы цъупмæ» æмæ æнд. «Дуне махæн у нæ бæстæ, Дуне уарзæм»— уый зæгъынц, — «Махцæрæм, хæрæм, нæ фæстæ Урссæр цъититæй, нæ хæхтæй Мацы баззайæд», — зæгъынц. («Хъарæг») Ризгæ, ризгæ зæрдæ хъазы, Ризгæ риу гуыпп-гуыпп кæны, Худæг уалдзæг æй нæ уадзы, Худæг уалдзæг æм кæсы. («Уалдзыгон зарæг») Ам дæр æнæ схемæйæ хъуоæм нæ рагон зонгæ — кълассикон хорейы зæлланг. Æмæ афтæ дарддæр. Секъайæн йæ рифмæтæ фауынц, фæлæ уыдонмæдæр бæстон куы ’ркæсæм, уæд сæм фауиналæй уыйбæрц ни- цы ис, стæй айдагъ мивдисджытæй арæзт дæр не сты. ’Секъа пайда кодта, нырыккон ирон поэзийы цы риф- мæтæ ис, уыдонæй се ’ппæтæй дæр, уæлдайдæр та адæ- тмон дактилон рифмæйæ. Куы фæтæрсон не ’лдæрттæй, Мæ хъару ’мæ мæхæдæг, Уæд фæхъæуон ме ’мгæрттæй, Хæрам мын уæд дæ фæ’дæг! («Чермен») Нæ бонгуыст — хæлæйфаг, Алырдæм хæлиутæ, Нал арæм хæлайфаг, Хæрзæгом -*- нæ риутæ. («Ныры дуджы цард») '208
Кæд дæ фæнды, уæд ныззарæм Сау хохы рындзæй цæргæсау; Нæ рагон тыхмæ цы ’вналæм, — Ныры дуджы стæм зæрдæсау. («Ме ’мбæстонæн дзуапп») Цæмæй не сты хъæздыг æмæ зæлланггæнаг ацы риф- иæтæ\ Секъа йæ царды фылдæр хай Цæгаты, Иры кæвдæ- сы арвыста, фæлæ йе сфæлдыстад — йæ поэзи дæр æмæ йæ прозæ дæр — сæйраджыдæр алыхуызон тæг- тæй баст у Хуссар Иримæ, Хъуды комимæ, Ганисимæ. йæ прозæйы бирæ кæй ис гуырдзиаг æлдæртты койтæ, уый чиныгкæсджытæн æмбарын кæны Секъа: «Хуссар Ир Гуырдзыстоны æлдæртты цагъар уыдысты. Хохы адæм сын хъалон фыстой... Æрмæст уыдоны ’хсæн Арагуийы комы адæм оæрибарæй баззадысты, уый тыххæй æмæ се ’лдары тынг раджы амардтой, æмæ сæхицæн æлдар кæнын нал суагътой». Секъа алыфарсонæй ра’вдыста Арагуийы былтыл цæрæг ирон адæмы тох, куыст æмæ æгъдæуттæ. «Кавказы хохы з,æнæг, — фыста Секъа Цомахъмæ, — хъæбатыр сты, æхсары бын нæ тасынц, топпы цæфæй нæ хъæрзынц». Ахæмтæ сты Секъайы уарзон, фæзминаг хъайтартæ иууылдæр. Секъа цыдæриддæр прозаикон уацмыстæ ныффыс- та, уыдон.сæ кæрæдзийæ ахицæн кæнын зын у, иууыл иумæ сты иу стыр æмæ вазыгджУн .уацмысы хуызæн, цыран æвдыст цæуы Ирыстоны кæмттæй сæ иу — Хъу- ды комы æмæ йæ алыварс цæрæг мыггæгты цард. Уац- мысты, ис, лейтмотивау, сæ райдайæнæй сæ кæроимæ кæуыл æмбæлæм æмæ тынг арæх фæлхатæн чи цæуы, ахæм иуæй-иу фæлгонцтæ, фразæтæ. Ахæм у рæстæджы фæлгонц. Секъа æвдисы йæ адæмы цард, Гуырдзыстон Уырысимæ куы баиу, уый агъоммæ æмæ уый фæстæ аз- ты. Уацмыстæй алчи дæр хицæнæй дзуры æндæр (æмæ æндæр хабæрттыл, æндæр æ,мæ æндæр конфликттыл, æндæр æмæ æндæр адæймæгтыл æмæ сæ цыма алкæй сæрты дæр. тæхы æнусон, даргъ æмæ цардивæг тых — рæстæг. Рæстæг тæхы (æмæ адæмы уавæртæ æндæрхуы- зон кæнынц. «Фæлтæртæ ивтой, азтæ цыдысты... — фыс- сы Секъа таурæгъ «Арагуийы Ерыстау æлдар»-ы. — Адæм уыцы саутар, саумылазон мигъты бын цардысты, рухсм.æ фæндаг ничердæм ардтой. Кæд-иу искуы иу лæг фæзындис ’æмæ-иу исты сдзырдта сæрибар дуджы тых- 14. Дзуццаты X. 200
хæй, уæд-иу æй æлдæрттæ æрбамардтой, æрбайсæфтой, афтæм»æй бæстæ талынгæй-талынгдæр кодта». Ахæм афыстæй райдайы «Мад æмæ фырт»-ы таурæгъ дæр. Уым дæр рæстæг у тар æмæ мигъасæст. Бынтон æндæр- хуызон у рæстæджы фæлгонц «Азау»-ы кæрон: «Афон- тæ цыдысты, рæстæг ивта. Уырыс Кавказы бæстæ рай- стой.^ Адæм æрсабыр сты. Фæндæгтæ суæгъд сты. Адæм- тæ кæрæдзимæ цæуын байдыдтой». Рæстæгæн ахæм фæлгонц кæй аразы Секъа, уымæй цыма афтæ зæгъы: æз æвдисын адæмы цард йæ рæзты фæндагыл, йæ сæй- раг типикон миниуджытæ, адæмы стыр лæджыхъæд æмæ хъайтардзинад. Чысыл, цæсты ницыахадæг ха- бæрттыл куы фыстаид Секъа, уæд сыл ницæй тыххæй сфидыдтаид рæстæджы бæрзонд фæлгонц. Ис ма, æппæт уацмыстæн иумйейаг чи у, арæх кæй ^бакæсæм æмæ Секъайы уацмысты конфликт чи æвди- сы, ахæм иу ирон æмбисонд: «Мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы». Секъайы таурæгътæй иу дæр ахæм нæй, йæ хъайтартыл траги- кон бæллæх кæм не ’рцæуы. Гъе æмæ ацы æмбисонд фæлхатæн кæй цæуы, уый тæккæдæр уыцы уавæр бæл- вырдпæнæг у. Къæрцхъус, цырддзаст, тыхджын æнкъараг æмæ хъуыдыгæнаг нывгæнæг, Секъа хорз æмбæрста/уацмы- сы уæлдай цы ис æмæ цы нæй, йæ бæрц цахæм хъуамæ уа, уый. Йæ хъайтарты архайд, змæлд, ныхас кæрæй- кæронмæ у бæлвырдгоид, æнæдызæрдыггаг, психологон æгъдауæй уырнинаг. Арагуийы Ерыстау æлдармæ адæм марынмæ æр- цыдысты. Мæгуыр ус Хъызмыдæйæн йæ сабийы йæ цæсты раз чи амардта, хъæуы сывæллæтты бæхты къæхты бын чи банай кодта, уыцы тугдзых, æнæхатыр лæгмæ-ма бакæсут, йæхи куыд дары? Секъайæ æндæр исчи’’æгуыдзæг фыссæг куы уыдаид, уæд æлдар хъæртæ кодтаид, æртхъирæн кодтаид адæммæ, йæ хъама фел- вæстаид ивмæ афтæ дарддæр. Секъа ахæм эффектон, театралон митæн сайынмæ нæ комы. Секъа фыссы: «Адæмы æдгæрзтæ кæй уыдта, уый тыххæй йæ хуыз рафæ- лив-бафæлив кодта, йæ къухты æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой. Уыцы сахат цъиу куы фестадаид, дардмæ куы атахтаид æмæ æдзæрæг ран куы цардаид, уымæ дæр бæллыд. Гъе, уæд та ’адæмæн цагъар куы фестадаид, уый дæр æй фæндыд...» Бандои ын æрæвæрдтой æмæ 210
æрбадт, «фæлæ ахæм мæгуыр цæстæй ракаст адæммæ, ахæм сагъæссаг бæрджытæ фæзынд йæ цæсгомыл, æмæ йæм адæмæй бирæты зæрдæ фæфæлмæн...» Адæм фæр- сынц æлдары, цæмæн бакодта æбуалгъ фыдмитæ, фæ- лæ йæ дзыхæй хъыпп-сыпп дæр не схаудта, «æрмæст-иу йæ рæсыд стыр сырх цæстытæ доны разылдта æмæ-иу мæсыджы ’рдæм иæ усмæ фæкаст». Ацы эпизоды Секъайы сис мисхалы бæрц дæр нæ фæцудыдта психологон рæстдзинадæй æмæ йын уый дæтты стыр аивадон хъару. Секъайы хъайтартæ кæрæдзиимæ æнæхъуаджы дзæн- гæда никуы цæгъдынц. Сæ алы дзырд, сæ алы сныхас пæр цæуылдæр дзуры, бæстон фæлвæрд æмæ хъуыды- гонд у. Мæнæ бæласы алы сыфтæр дæр кæмдæр зæххы талынг хуылфимæ уидæгтæй баст куыд у, афтæ Секъа- йы хъайтартæн дæр сæ дзырдтæ баст сты сæ зæрдæйы уагимæ, психологон рæстдзинадимæ. Хъуды комы бе- гарагæнæг хицау Зарбег федта мæгуыр лæг Кудзаны рæсугъд чызг Зæлдайы, йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ Ку- дзанимæ се ’хсæн ахæм диалог рауади: «—Мæнæ дæ чызджы тын уьшынмæ р^хызтæн... Диссаджы хорз тын уафы. Кудзан цæра, ахæм рæсугъд чызг дын кæм уыди? — Уыцы иу чызг мын ис æмæ æрмæст фаджысы æф- -сирау даргъ цæуы, æндæр цæй рæсугъд у?» — дзуапп радта Кудзан. Кудзаны ныхасмæ чипьтгкæсæджы зæрдæ у’айтагъд фæкъæпп кæны: цæмæн афтæ загъта? Фаджысы æфси- ры йеттæмæ .йæ чызджы цæуыл абарстаид, уый йын нæ уыд? Чи зоны, æцæг фыдуынд у кæнæ та йæ уарзгæ нæ кæны? Нæ, Кудзаны чызг рæсугъд у, уарзлæ дæр æи бирæ кæны æмæ дзы æвзæр дæр уымæн загъта. Тæрсы, мæ- гуырæг, йæ иунæг чызгыл ын Зарбег куы бафта æмæ йын ,æй куы фенамонд кæна. Фæнды йæ, цæмæй йæ Зарбег ферох кæна, йæ хъус æм ма дара. Æнæуый дæр Зæлда сыхæгты лæппу Хъазиим,æ фидыдау у æмæ фы- дæлты æгъдау куы фехалой, уæд ыл уый тыххæй дæр фæхуддзысты. Гъе, афтæ, æрмæст иу абарсты фæрцы мах ныккæ- сгем Кудзаны аæрдæмæ. Канд йæ хъайтартæ нæ, фæлæ йæхæдæг дæр Секъа бирæ дзурын нæ уарзы. Лæмбынæг фыст портреттæ 211
Секъамæ нæй, иу-дыууæйы йеттæмæ. Дзырдæн, Сафиа- ты портрет: «Иæ цæстытæ дзедыры нæмыгау сау æн- дæрг хастой. Йæ сау æрфгуытæ лæгъз фæтæн ныхыл кæрæдзимæ сæ ных сарæзтой. Йæ сау дзыккутæ, сынты базырау, рæтæны стæвдæн, зæвæттæ æмбæрзтой. Иæ фи- дауцджын тæнæг былтæй æнгом дæндæгтæ миты хъæ- пæнау урс æрттывд кодтой. Иæ нарæг астæу, сæвджын, фæтæн риу лæджы зæрдæ сæхимæ окъæфтой...» Ахæм статикон, æнæзмæлпæ, фотойæ сисгæ къамы хуызæн портрет Секъайæн характерон иæу. Секъа фылдæр йæ хъайтары портретæй фæнысан кæны æрмæст иу деталь, иу штрих, уымæй дæр исты ивддзинад, критикон бæл- лæхтæ куы рамбæлы хъайтарыл, уæд.- Айссæйæн йæ портр^т нæ афыста Секъа, æрмæст ын йæ уарзон Ахмæ- ты диамбег æмæ асаулитæ куы амардтой, уæд дзы зæ- гъы: «Айссæйы сырх уадултыл мæрдон фæлурс хуыз бафтыди...» Лæджы царды цы ивддзинад æрцыд, уый равдисынæн бахъæуы Секъайы портреты сæр. Азауыл бахъоды кодтой хъæубæстæ, дуры бын æххормагæй, дойныйæ цæры. «Азауæн йæ фидауцджын сау цæстытæ ма арф кæцæйдæр, цæсты къæлæттæй, сау æндæрг хас- той, йæ фидауцджын тæнæг былтæ ныххус сты, дзæ- гъæлы змæлд кодтой, йæ уадултæ цъити хъæпæнау ныфф»æлурс сты...» Портреты иу штрихы фæрцы ма, цыма, Секъа арæх февдисы хъайтартæм йæхи ахаст дæр. Цæвиттон, Ахмæт кæй æфстау æхцайæ фесæфт, уыцы лæгæй нын Секъа зæгъы: «Иу рæсыдгуыбын со- михаг æрбацыдис»- Чи зоны, уыцы лæпæн цæсгом кæй нæ уыд, уый тыххæй йын йæ гуыбыны йедтæм^ææндæр ницæй кой скодта Секъа- Цымæ цæмæн афтæ чъынды у Секъа психологи льгс- тæггай æвдисынмæ, портреттæ лæмбынæг ныв кæнын- мæ, пейзажтæ дардыл нывæндынмæ? Ахæм чъындыдзинад у йе стилы миниуæг. Секъа цыма тагъд кæны, цыма йын бирæ дзурынæн рæстæг нæй. Бегарагæнæг хицау Бибо æмæ зæронд лæг Дауита («Айссæ») хыл кæнынц æмæ кæрæдзийæн цытæ дзу- рынц, уыдон лыстæггай нæ афыссы Секъа, сæ диалог сын цæхгæр фæлыг кæны: «Цыбырæй йæ зæгъæм: Би- бо стыр зæрдæ лæг уыди хицæутты ныфсæй. Æвиппай- ды ехсæй зæронд лæгыл æрлæууыди...» Æрдзы тыхты змæлд, хъайтарты архайд —ал1ды дæр ^æрцæуы æвип- пайды, цырд, цæсты фæныкъуылдмæ. «Раст æмбисæх- 2*2
сæв арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Цæгат фарсы тымыгъ риуыгъдтытæ систа, сау мигъьт тымбылтæ хохæй- хохмæ æппæрста...» («Садуллæ æмæ Манидзæ»). «Зæл- да æфсæрмæй йæ цæсгом фæсырх кодта, уырдыг феста- дис...» («Зæлда»). «Ахмæтыл ехсытæй æрлæууыдысты, уалынмæ Ахмæты гæрах ацыди æмæ асаулитæй иу ас- хъиудта, хъама фелвæста æмæ дыккаг фæтымбыл...» («Айссæ»). «Манидзæ йæхи аскъæфта æмæ та уырдьтг слæууыд...» («Садуллæ æмæ Маиидзæ»). «Йæ цæсгом ацъæхи, цæстытæ батарытæ стьт æмæ фæндаггæрон стыр дурыл йæ сæрæн æртæ цæфы ныккодта, йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ йæ уд систа...» («Саударæг ус»). Хъамайы æрцъыкк, арвы ферттывд, бæхы фæтъæ- бæртт — афтæ рог, тагъд æмæ хъæддых у Секъайы стиль, йæ тæвдтуг æмæ æндонстæг хъайтартыл рæсугъд чи фидауьт, ахæм. Тогъуызаты Таймуразæн йæ фыд куы амард æмæ Сачъынаты Боба йæ дзырд куы фæсайдта, йæ чызджы Таймуразæн куынæуал лæвæрдта, уæд Азауæн йæ мад дзуры, зæгъгæ, Таймуразты хæдзар смæгуыр, пицыуал дзьт ис’. *«Царв æмæ мын мьтдыл куы не ’ввæрсыс, уæд Тогъуызатæм цы хæрдзынæ?» Азау кæугæ дзуапп рад- та: «Адæм иудадзыг гуыбыны тьтххæй нæ цæрынц». О, Секъайы хъайтартæ гуыбыны тыххæй нæ цæрынц æмæ нын уьтмæ гæсгæ зынаргъ сты абон дæр. Кæрдзы- нæй дарддæр ма ис рæстдзинад, лæджыхъæд, намьтс, уарзондзинад. Секъа йæ фауинаг хъайтартæн æрдзы нывтæ хæлæг кæны. Кæм фæсиды æрдзы æххуысмæ Секъа? Йæ фæз- минаг хъайтартæ сæ ахсджиаг уынаффæтæ куьт кæнынц, кæрæдзийæп сæ уарзондзинад куьт ’ргом кæныпц, уæд. Таурæгъ «Зæлда»-йы æрмæст иу ран ис æрдзы афыст. Зæлда, За^беджы æнæгъдау уарзтæй зæрдæхауд, фый- йæу’гтæм кæрдзьтн фæцæйхæссы æмæ фембæлы йæ уар- зон Хъазийыл. «Ног хъуынтæ уадзæг лæппу æмæ сауæр- фыг чызгæн сæ дзьтхтæ кæрæдзийыл андæгъдысты. Хæ- рæг фæсвæпдаг аздæхтой æмæ астæумæ кæрдæлжы хызти, футтытæ кодта. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ Зæлдайы сау бецыкк иуырдæм фæйлыдта. Сæ тæк- кæ сæрмæ мигъы тьтмбыл пыллæууыд æмæ дыууæ уар- зоны хурьт æнтæфæй хъахъхъæдта...» Зæлдайы царды уыцы фембæлдæй амондджындæр æмæ рухсдæр сахат нæ уыд. Адæймаджы зæрдæ райгонд куы вæййы, амонд- 213
æфсæст, æрдз уæд равдисы йæ бирæ рæсугъддзинæдтæ. Секъайы фæзминаг хъайтартæ райгуырдысты кусы- нæн, уарзынæн, рæсугъддзинадæн, фæлæ сын цард сæ базыртæ фæйнæрдæм айвазын нæ уадзы, æнахъинон маст æмæ фыд æртыхсынц сæ кæуииаг сæртыл. Махæн ахсджиаг у се ’нæсæттондзинад: æгадæй цæрыны бæсты равзарынц мæлæт. Уыдон тыххæй бирæ зæгъæн ис, фæ- лæ сыл æз нæ дзурын, æз Секъайы сфæлдыстадæн алы- фарсон анализ нæ кæнын, Мæн фæндыд Секъайы иуæй- иу аивадон миниуджыты тыххæй зæгъын æмæ афтæмæй раргом кæнын, Секъа стыр нывгæнæг кæй у, уый. Секъайы уацмыстæй арæх фыссынц, зæгъгæ, ахъаз сты цард базонынæн æмæ ивгьуыд дуг сахуыр кæнынæн. Стæй канд Секъайæ нæ дзурынц афтæ. Литературæзо- нæг Ардасенты Хадзыбатыр «Ирон литературæйы рæзты очерк»-ы (Орджоникидзе, 1959) Мамсыраты Темырбо- лат æмæ Хъаныхъуаты Иналы уацмыстæй зæгъы, зæгъ- гæ, сын «ныр дæр ма ис историон-зонынадон ахадын- дзинад». Æз разы рæн, аивадон уацмыстæн æнæмæнг хъуамæ" уа историон-зонынадон ахадындзинад. Фæлæ адæм иу кæнæ иннæ заманы куыд цардысты, уый исто- рийæ æмæ архивты документтæй дæр базондзынæ. Каед уацмысæн æрмæст историон-зонынадон ахадындзинады йеттæмæ ницы ис, уæд уый литературон-аивадон уацмыс нæу. Литературæйы эстетикон, эмоцион ахадындзинад арæх æрбайрох вæййы нæ литературæзонджытæй æмæ нын раст нæ равдисынц нæ фысджыты æцæг сфæлдыста- дон цæсгом. Секъа æрмæст айдагъ, сур, уазал зондæй никуы фыс- та йæ уацмыстæ. Йæхи загъдау, цæстысыгхæццæ масты чернилæйы тылдта йæ сис æмæ уымæ гæсгæ йæ уацмыс- тæ чиныгкæсæджы æнцад-æнцой нæ уадзынц, сæ эстети- кон-хъомыладон ахадындзинад иæ сафыпц. «Стыр хъуы- дытæ зæрдæйæ цæуынц», — ахæм у Секъайы фæдзæхст нæ фысджытæн. Секъайы фæзмын зын у, æмæ хъæугæ дæр нæ кæны. Фæдонтæ фæзмгæ нæ кæнынц сæ хистæры, фæлæ йын сæхирдыгонау адарддæр кæнынц йæ традицитæ. Искæй фæсарц ма сбад. Фæлæ ссар дæхи бæх æмæ йыл сахуыр у дæ курдиаты æмбæрц бадын æмæ цæуын. Раст бафиппайдта Секъайы тыххæй йæ фырт Цо- махъ:'«3æххы куыст ын канд царды фæрæз нæ уыд, фæ- лæ йын ссис ахæм гуырæн, йе сфæлдыстадон æрмæг, 214
фæлгонцтæ, барæнтæ кæцæй иста». Секъа цæргæ-цæрæн- бонты æнгом баст уыд йæ ныййарæг зæххимæ, йæ адæ- мы æрвылбонон цардимæ. Гутоныл кæнæ цæвæджы хъæ- дыл куыд хæцыд, афтæ хæцыд йæ фыссæн сисыл дæр-. Секъа у йæ фыдæлты фæлтæрддзинад æмæ историйы, йæ адæмы удыхъæд æмæ зонды, ирон хъæздыг æвзаджы æмæ алыхуызон æппæлинаг æгъдæутты æнусон хæзна- дон. 1959 Рæстæг æгъатыр æмæ æмбаргæ у. Искæцы фыссæгмæ цыдæриддæр уæлæнгай, лыстæг, ницыахадæг æууæлтæ вæййы, литературæзонджытæ йын алыхуызон ныхмæ- лæуддзинæдтæ æмæ периодтыл цæй руаджы ныкъкъа- бæзтæ кæнынц йе сфæлдыстад, уыдон, цъæмæлтау, аз гъæлыпц æмæ нæ цæсты раз сысты фыссæджы типикоп фигурæ — æнæхъæнæй, ирдæй, цыма иу, æххæст, айнæг дурæй амад у. Гæдиаты Секъайы тыххæй бирæ нæ фыстой, фæлæ йыл цы фыстой, уым ын иугæндзон раст аргъ нæ кодтой. Цæвиттон, хуыдтой йæ «хæдахуыр» кæнæ «æнæахуыр- гонд», дзырдтой, зæгъгæ, «нæ зыдта оригиналон аив ли- тературæйы æгъдæуттæ», цыдис, дам, «сфæлдыстадон уæрæх фæндагыл^нæ, фæлæ фæрсаг къахвæндагыл», цы- ма йæ уацмыстæ «комкоммæ иста ирои дзургæ сфæлдыс- тадæй». Æмæ цынæ дзырдтой! Ирон литературæйы, дам, иннæ стыр фысджъ1тау, не сси хъайтар, уыдис, дам, æр- .мæстдæр патриархалон зæхкусæг. Афтæ чи фыста, уыдоиæй рох уыд аивадон сфæлдыс- тады сæйраг, бындурон, скъуыддзаггæнæг, объективон фактор — курдиат. Секъа уыдис ахъаззаг æрдзон курдп- аты хицау. Кадджын æмæ номджын суа, йæхицæн ис- фæллой скæна, уый охыл нæ рапста йæ къухмæ фыссæн сис. Йæ курдиат ын бар нæ лæвæрдта, æмæ ма фыстаид. Йæ курдиат ын бар нæ лæвæрдта, æнæахуыргоид уыда- ид, уымæн дæр. Мах иæ зонæм, цахæм чиигуытæ каст Секъа, сæ номхыгъд нын нæ ныууагъта, фæлæ йе сфæл- дыстадон бынтæй бæрæг у, хорз кæй зыдта канд ирон истори, ирон аив хæзнатæ пæ, фæлæ ма лæмбынæг кæй айста йæ зæрдæмæ иннæ адæмты литературон фæлтæрд- дзинад дæр. Цы ’взагыл æм хæццæ кодта уыцы фæлтæрд- 215
дзинад, уый уадиссаг ахсджиаг нæу, æвæццæгæн, фыцца- джы-фыццаг гуырдзиаг æвзагыл, уымæн æмæ, йæ фырт Цомахъ куыд зæгъы, афтæмæй, Секъа уырыссаг æвза- гæй гуырдзиаг æвзаг хуыздæр зыдта. ь/ Секъа иу ран фыста: «Иу хатт стыр зондджын лæ- джы фарстой: «Цы у ахуырдзинад?» Уый загъта: «Ахуырдзинад у адæмы базонын». Секъамæ уыд иууыл стырдæр ахуырдзинад— адæмы зæрдæ, адæмы сагъæстæ, адæмы бæллицтæ зыдта йæ фондз æнгуылдзау. Уый каад адæмзолæг нæу, фæлæ ма у адæмхонæг дæр. Ирон адæмы царды ахæм дудаг фарст нæ уыд, Се- къайы чи нæ ’ндæвта, Секъа кæуыл нæ фыста. Контрас- тон дуне йе сфæлдыстадмæ æрбацыд парахатæй. Цынæ- хуызон контрасттæ дзы ис! Адæмы уæззау уавæртæ æмæ уæлмонц бæллиц рæсугъд фидæнмæ, мæгуыр æмæ хъæз- дыг, стонг æмæ æфсæст, цухъайы хæррæгътæ æмæ тин- ты кæрц, уазал æмæ хъарм, уалдзæг æмæ зымæг... Кон- трастон сты йæ ахорæнтæ, йæ зæлтæ, йæ уацмысты ар- хайджытæ. Ирыстоны диссаджы рæсугъд æрдзмæ никуы фæхъæ- бæр Секъайы зæрдæ. Æргом зæгъæн ис: ирон литерату- рæйы Секъайы хуызæн ничи сныв кодта кæ хæхты фæл- гонц. Хæхтæй йæ сæр чи фесæфта, кæмдæр хъæздыг рæт- тьгчи хызти, уыдонмæ Секъа фыдæх хаста. Сæ ныхыл сын цавта йæ рæнхъытæ: «Урс дзул, цаййæ нæ ивæм мах нæ хохы дæтты зард!» Секъайæн уæнгæлы ад кодтой, æпæхæлафæй хъал чн уыд, ахæм патриоттæ дæр. Секъа уыдта йæ хæхты зынвадат, удхайраг цард æтæ йæм расг нæ каст «æпæгал кæвдæстæй æппæлып». Фæллойгæнæг адæмы хъысмæт — йæ мæт, йæ хъынцъым. Йæ адæмы уæззау цард æй уыйбæрц йæ хъуырмæ скодта, æмæ Се- къа йæхæдæг дæр агуырдта искуы, быдыры бæсты, зæх- хытæ, иу рæстæджы хъуамæ Хъуды комæй Сиракмæ ли- дзгæ дæр акодтаиккой. Афтæмæй, иуæй, хæхтыл заргæ кодта, сæ уарзондзинадæй сыгъдис, иннæмæй та, хæхты цард фаудта, хъаст дзы кодта йе ’мдзæвгæты дæр, йæ прозæйы дæр, йæ публицистикæйы дæр. Хæхты рæсугъд æрдз æмæ адæмы мæгуыр царды ’хсæн контрастæй уæл- да-й тынгдæр хъуысы, уæды дуджы цардæвæрд адæмы аккг!гкæй нæ уыд æмæ фесафинаг кæй уыд, уыцы æнкъа- рæн. Рухс цард нæ хæхты (искуы -нæ!) куы федтаид, уы- 216
мæ 0æллыд поэт: «Тæхуды,.нæ кæрдæджджын къултæй нæ фыййæутты зарæг куы цæуид». Адæймагæй æмæ аивадæй Секъа иугæндзон домдта рæстдзинад, лæджыхъæд, ныфсхаст. йæ хъайтартæи сын сæ уды авналæнтæ цы уынгæг кæны, цы сæ хъыг да- ры, уыдон сæттынц, сæ ныхмæ тох кæнынц. Æмæ кæд фылдæр хатт сæ амæттаг фæвæййынц, кæд трагикон уд- гоймæгтæ сты, уæддæр бæлвырд кæнынц адæймаджы рæсугъддзинад, кæд афтæ зæгъæн ис, уæд, ада^ймаджы адæймагдзинад. Нæдæр сын социалон тыхы бын, нæдæр сын патриархалон æгъдæутты бын ис коммæгæс цагъар- тау ныууромæн. Се ’ппæт дæр тырнынц амондмæ, æм- бар цардмæ. Иууыл уæлдæр æвæрынц уарзондзинад, уды бархидзинад, рæстдзинад. «Адæм иудадзыг гуыбы- ны тыххæй нæ цæрынц»,—Азауы ацы ныхасмæ хæстæг лæууы Хъуды Цыппуйы ныхас дæр. Йе ’мбæлттæ æртæ боны æххормагæй куы бадынц æмæ Самилмæ хъаст кæ- нынмæ цæуынвæнд куы скæнынц, уæд сæ Цыппу нæ уадзы: «Гуыбыны хъаст—загъта — худинаг у». Адæймаджы моралон-этикон удыхъæд Секъайы тынг æндæвта. Адæймаг цахæм хъуамæ уа, уый канд йæ хъай- тарты хуызы нæ равдыста, фæлæ ма йыл бирæ сагъæс кодта йæ лирикæйы, йæ зондамонæн куплетты, йе ’мби- сæндты, йæ адæмон аргъæутты дæр. Секъайы сфæлдыс- тады ис æнæхъæн моралон кодекс, алы фæзминаг адæй- магмæ дæр æнæмæнг чи хъуамæ уа, ахæм. Дины кусæг, Секъа йæ цæргæ-цæрæнбонты тох кодта дины мæнгуыр- нындЗинæдты ныхмæ. Аргъуан ын уыд трибунæ, цыра- нæй дзырдта хист, ирæд, тугисын æмæ æндæр зианхæс- сæг æгъдæутты ныхмæ. Секъайы хъуыдымæ гæсгæ, лæг хъуамæ фидар уа чъырын сисау, хъуамæ йын уа фæл- мæн зæрдæ, хъуамæ рухс кæна цырагъау. Секъайы хъайтартæ сты хуымæтæг, рæнхъон, куыст- уарзаг адæм. Хыл, хъаугъа, тугкалд никуы агурынц. Иу дæр дзы ахæм нæй, искæмæ топп фыццаг чи райста кæ- нæ кард чи сласта. Зæронд Дауитайыл ехсæй æрлæууыд хъал Бибо æмæ йын Дауита кард йæ нард гуыбыны фис- тоны онг ныссагъта. Афтæ Ахмæт дæр, афтæ иннæтæ дæр... Уыдон кусын фæнды, цæрын сæ фæнды сæхи тут- вæллойæ. Хъалтæ нæ, «хуыцауы сконд» лæгтæ нæ, — хуымæтæг фæллойгæнæг адæм сты царды æмæ литера- турæйы хъайтартæ,— Секъайы ацы традици рохгæнгæ никæмæн у. 217
Хæст æмæ загъд-замана чи къахы, уыдон сты царды ^нæгтæ. «Цард кусæг лæджы уæхскыл бады», — фип- пайы Секъа. Хъуды комы адæм сæ-тæрхоны карзæй фæр- сынц Ерыстау æлдар Нугзары: «Цæмæн нын кæрæдзи ныццæгъдын кодтай нæ сыхаг Хиуы комы адæмимæ, цы дæ хъыг дардтой?» Адæмтæ кæрæдзимæ хъуамæ хæрам- зæрдæ ма дарой, хъуамæ сæ кæрæдзи туджы сæ къухтæ ма ’вдулой. Секъайы уацмысты бирæ адæмты кой ис (уырыс, гуырдзы, мæхъæл, дагъистаны адæмтæ) æмæ дзы иу адæмæй дæр æнæввæрсон, æвзæр ныхас нæ загъ- та. Адæмтæ хæлар цæмæй уой, сæ кæрæдзи цæмæй æм- барой, уыцы сагъæсæй рухсгонд у таурæгъ «Хо æмæ æф- сымæр». Лекъ-иу ирон хъæутæ ныссæрфтой, ахастой-иу ’сын сæ муртæ, сабитæ, рæсугъд сылгоймæгты-иу сем г-. акодтой. Ирон лæппу æмæ чызг Хъазара æмæ Тамарæ бахаудтой иу дагъистайнаг наибмæ, сæхи фыдау сæ рæв- дыдта. Семæ æрцыд сæ райгуырæн хъæумæ дæр, слы- мæн сæ фыд Ахмæтимæ. Уæдæй фæстæмæ лекъ абырæг нал цыдысты ирон хъæутæм, ластой сæм базаркæнинæг- тæ æмæ адджынæй сæ цард æрвыстой. Секъа йæ царды куыд уыдис, йæ царды цы хъуыды кодта æмæ йæ уацмысты цы фыста, уыдоны астæу хæ- рамдзинады арт нæ сыгъди. Йæ фырт Цомахъ уырыссаг ус куы ’ркодта, уæд æм йæ иу фыстæджы Сыбырмæ фыс- та: «Бузныг дзы дæн: хорз кæмæйдæриддæр ис — уыры- сæй, ирæй, гуырдзыйæ». Адæмты хæлардзинад, сабыр цард, хæрзиуæгон куы- сты сæрхъызой, Секъа йæ мæлæт дæр уыцы тæхудиаг идеалы сæрвæлтау ссардта. Хъуды комы дыууæ сыхаг мыггаджы фæхыл сты зæххы гæппæлтыл, бафидауын кæ- нынмæ сæм фадæйцыд, бæхтæ фæтарстысты машинæйæ, Секъа рагæпп кодта бæхуæрдонæй æмæ дуры цæндмæ ахаста йæ сæр. Алы фыссæджы сфæлдыстадмæ дæр кæсын хъæуы историон цæстæй. Кæд арæзт цыдис? Йæ размæ цы уыд, уымæй цæмæй хицæн кæны, æмæ йæ фæстæ цы ис, уый дзы цы райста йæхицæн? Мах арæх Секъайы æмдзæвгæтæн фæуынæм се ’ддаг бакаст, сæ цъар, ома сæ формалон миниуджытæ: стих- арæзт, строфæты æвæрд, рифмæтæ æмæ’а. д. Фæлæ поэ- зи æцæг поэзи цæмæй у, уымæ нæ хъус нæ фæдарæм. Секъамæ хæхтæ «сурс сты митæй — сæ мастæй», дымгæ хæхтæн—«рæвдаугæ куы зарид сæ хъыгмæ», «урссæр, 218
сауцæсгомджын хæхтæ», Сæна — «æхсæв та, æнусон цы- рагъау* Кавказы æврæгътыл лæууыс», Терк — «нарæгæй фæдæлæ, банцади йæ хъæр, цæф сырдау, уæлæмæ нал исы йæ сæр», зæхкусæг — «фырмæстæй йæхæдæг йе ст- джытыл ныххус». Кæнæ æмдзæвгæ «Млет»: Зæхх куы фыхти, йæ арты’ тæф Уæд къæдзæхты хæрдмæ хаста, Касфыцæгау, урс тæппæлттæй Ныры хæхты хæрдмæ ласта. ’ Ахæм ныфсджын, æнæнхъæлцау фæлгонцтæ ирон поэ- зи нæ зыдта — уыдон ын гæрстой ног, æнæзонгæ фæн- дæгтæ. йæ бон бирæ у Секъайæн. Йæ бон у, дисы дæ баф- тауа æргом, æмбæстагон хъаруйæ («Хъарæг») æмæ арф, зæрдæбьш лиризмæй («Цъиу йæ лæппьшыл хъарæг кæ- ны»), хъайтарон сюжетæй («Чермен») æмæ хъуыды- джын пейзажæй («Æнкъард хъуыды»), афористон зонд- амонæнæй æмæ худæг-мæстджын æмбисондæй («Цы- рыхъ æмæ къалос»). Секъайы размæ махмæ уыд фольклорон прозæ — тау- рæгътæ, аргъæуттæ, хъæлдзæг ныхæстæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ. Секъайæ байдыдта ирон аив прозæ, Секъа йын у быидурæвæрæг. Бæгуыдæр, бирæ цæмæйдæрты у фольклоры .æнгæс, хæрх дзы сты фæлхатæнтæ, иумæ- йаг бынæттæ, сæйраджы йе ’ргом скодта сюжетмæ, сю- жетон-архайдон ситуациты фæрцы раргом вæййы хъай- тарты удыхъæд, сæ хорз дæр æмæ се ’взæр дæр. Фæлæ дзы æрмæст уый нæй. Секъайы прозæ бирæ цæмæйдæрты нæу фольклоры хуызæн. Хъайтары психологон зæрдæйыуаг æвдисьшæн Секъа пайда кодта буары змæлдæй, бакасты ивддзинæдтæй. Æрымысут-ма, адæм Ерыстау æлдары кæм марынц, уы- цы сценæ. «Иæ къухты æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой». Адæм дзы йæ тæригъæдты тыххæй дзуапп куы домынц, уæд сын æлдар дзуапп нæ радта, «æрмæст-иу йæ рæсыд стыр сырх цæстытæ доны разылдта æмæ-иу мæсыджы ’рдæм йæ усмæ фæкаст». Кæнæ ма æрымысут, Пиран мæгуыр Ахмæтæй æхца кæм исы, уыцы сценæ. Уыцы зынгæ «хъуына чингуытæ» куыд хорз æргом кæнынц сæ хицауы психологи, йæ хъуьша зæрдæ! Секъа фесхуыста реалистон стыр прозæмæ — типикон уавæрты æвдыст цæуынц типикон характертæ. 219
Аивадон деталь байдзаг вæййы ассоциативон миди- сæй. Чысыл Азау æмæ Таймуразыл сау калм схуыссыд. Хуымæтæджы, мыййаг, нæ. Сау калм у социалон нæраст- дзинад æмæ æнæлæгуарзон æгъдæутты символ. Гъе, ма райсут Секъайæн йæ пейзаж. Уацмысыл ни- куы у æмпъузæнау ныхæст. Кæддæриддæр æргом кæны хъайтары зæрдæйыуаг, йæ психологон уавæр. Секъайы хъайтартæ -мыггагон-патриархалон цард- æвæрды минæвæрттæ кæп сты, уымæ гæсгæ сын нырма зонгæ нæу æнкъарынады цæхгæр индивидуализаци, сæ хисæрмагонд æмбарынад нæма у тыхджын, вазыгджын, ныхмæвæрдджын, нæма сæм у æмхиц уды диалектикæ. Уыцы хабар бæрæг кæны, Секъа сыл цы стилæй фыссы, уый дæр. Чъынды, егъау ахорæнтæ æмæ парахат штрих- тæй конд стиль. Уыцы хабарæй цæугæ у уый дæр, æмæ Секъайы хъайтарты æвзаг лыстæг индивидуализацигонд нæу. Æцæг, йæ удыхъæды миниуæгмæ гæсгæ йе ’взаг бæрæг дары Таймуразæн: романтикон-лирикон ахаст ын ис. Иннæтæ, цыма, иугъуызон æвзагæй дзурынц, харак- терон сын сты æвзаджы иумæйаг фæлтæртæ. Зæронд, зондджын лæгтæ Мистала æмæ Тохтийы ныхас у бæр- зонд, аив, рæсугъд. Ацæргæ устыты ныхасæн та ис хæ- дзарон, цардыуагон ахаст. Секъа фыста рæстæг æмæ рæстæгмæ гæсгæ адæмы хъысмæттæ. Уый лæвæрдта алыхуызон хара’ктеристикæ- тæ дугæн, адæмæн (дзырдæн, дзырдта ирон адæмы хæс- тон æхсарыл, се ’ппæрццаг миниуæг, кæрæдзи кæй не ’мбæрстой, иудзинад сæм кæй нæ уыд, ууыл), дзырдта уарзондзинады тыхыл æмæ а. д. Уыцы характеристикæ- тæн ис публицистон ахаст. Уыдонæй нæ цæсты раз сыс- ты таурæгъты сæйраг фæлгонц—Секъайæн йæхи фæл- гонц. Йæ рæстæджы раззаг адæймаг, Секъа махæн зо- нын кæны нæ истори, эстетиконæй нын <нæ зæрдæ агайы йæ хъайтарты хъысмæттæй. Публицистон-эмоцион комулæфт хъары Секъаиы сфæлдыстады сæрæй-кæронмæ. Активон, динамикон дзы у алцы дæр. Активон у Секъайы позици — хорзæн кад кæны, йæ фарс хæцы, æвзæрæн йæ ных цæвы, йæ фыдæ- хæй йæ судзы. Активоц æмæ бæлвырд у йæ эпитет: «рæ- сыдгуыбын сомихаг», Зарбеджы «заинаг гуыбын». Акти- ^он у архайд, пейзаж, хъайтарты змæлд. Цыбыр хъуы- дыуæттæ кæрæдзи æнйафынц а^мæ алкæддæр сæ кæ- рон—мивдисæг дзырд. Секъайы прозæ у мивдисты бæ- 220
рæгбон. Нымæц дæр -нæй мивдисты градацитæн: «Йæ зæрдæ мæстæй ссыгъд, атыппыр, адæнгæл, риу рацæй- тыдта, ныццух-мухтæ кодта...» Мивдисты фæлгонцон хъару номхæссæн у Секъамæ. Мах сахуыр æмæ схъомыл стæм Секъайы традици- йыл. Йæ фæстæ чи цард, уыцы прозаиктæй иу дæр ахæм нæй, йæ эстетикон фæндаг Секъайæ чи нæ ракодта. Би- рæтæ дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр ацыдысты, ирон прозæ реализмы фæндагыл акодтой размæ, ногдæр æмæ арфдæр æнтыстытæм. Традици æмæ фыссæджы хæдбындурдзинадыл Секъа йæхæдæг бирæ сагъæс кодта. Куыд фыссын хъæуы, уый йын чи амыдта, йæ иу ахæм æнæзонгæ хæлармæ Секъа фыста: «Искæй науы бадын нæ бакомдзынæн. Дон куы раивыла, зон, уæд йæ бынат ссардзæн. Искæй фæсарц бадыны бæсты уадз æмæ фистæгæй цæуон». Æнæ искæй æндæвдад фыссæг никуы вæййы, уæлдай- дæр, райдайæны фыссынмæ йæ дыстæ куы басчъил кæ- ны, уæд. Фæлæ искæй æндæвдадæй цæр, уæд уый худи- \наг у. Фыссæг хъуамæ «раивыла», ома йæ курдиат йæхи раргом кæна, йæхимæ адæмы æркæсын кæна йæ инди- видуалон фæлгонцон хъуыдыкæнынад æмæ дæсныйады æрмдзæфæй. Уæд æцæг уыдзæн йæ раздзæуджыты тра- дици дарддæргæнæг, ног æхсæнадон уавæрты домæнтæм гæсгæ бахæсдзæн *аккаг хайбавæрд литературæмæ. Алы •фыссæгæн дæр хъуамæ цæстуарзон фæдзæхстау уой Се- къайы ныхæстæ: «Дæ къухы цы уа, уымæй дæтт, цы нæ дзы уа, уымæй ма ’ппæл». Секъа дзырдта: «Хаттæй-хат’т æрдзыхъæд ратты адæ- мæн фæндагамонæг лæг. Тæхудиаг у. Уый бафиды йæ хæс». Ирон адæмæн Секъа амыдта фæндаг хуыздæр фи- дæнмæ, лæджыхъæдмæ, лæгуарзондзинадмæ. Стыр куыр- диатджын адæймаг йæ хæс иу хатт нæ бафиды иу ду- гæн, иу фæлтæрæн. Секъа йæ хæс фыста, фиды æмæ фиддзæн æнусты раз. Секъайы цардæн, Секъайы сфæлдыстадæн нæй фæ- хицæнгæнæн Хъуды комæй, æгас Ирыстонæй. Секъа кæсы ивгъуыдæй абонмæ, абонæй— фидæнмæ. Ирысто- ны хæхтæ сты Секъайы хуызæи, Секъа та — Ирыстоны хæхты хуызæн. 221
Хæхты ’хсæн лæууы. Хæдзæрттæ къоппытау — къултыл æндæгъдæй. Алфæмблай — даргъ-уæрæх, нæи йын арæн. Йæ худ йæ сæрыл æртыхст, мигътæ æмæ æврæгътæй, Æмбæхсынц æнусты зонд, сусæг æпкъарæн. Йæ уадултæ — хурсыгъд æмæ сауайнæг дуртæ, Уалдзæгау — цъæхтæ, фæззæгау — буртæ. Дардмæтырнæг суадæттау, уайынц йæ цæстытæ, Фæдзурой сæ мæстытæ, фæкæной сæ хъæстытæ. Ауыгъд цъититæ — йæ боцъбтæ, йæ зачъетæ, Цыма фыдæлтыккон æмæ нырыккон зарджытæ. Йæ цухъхъа — мигъбадæн цæгæттæ, хурамæзт хуссæрт^æ, Сæ хуымты гæппæлтау, йæ уæлæ— æмпъузæнтæ. Иæ къухтæ — дзывыртæ, дæрзæджытæ, хъæбæртæ, Кæрдæджы ад, зынджы хъарм — ницы сæ > рох, Фæлдахынц зæхх \ æмæ адæмæн сæ зæрдæ. Афтæ лæууы, хæхты æфсымæр, хох. 1965
МАЯКОВСКИЙ Маяковский у цард. Цард,йæ иууыл прогрессивон- дæр, революциондæр, лæгуарзондæр тенденциимæ. Æндзыг, æгъуыз, æфсæст-бухъ, антигуманон цард кæд- дæриддæр уыд йæ удхæссæг. Каеддæр дуджы науæй йе- ’взонг хъаруйæ кæй æппæрста, фæлæ æцæгæй бирæ кæй уарзта, уыцы адæмон поэт Пушкинимæ фæлмæн-юмо- рон ныхас кæнгæйæ, комкоммæ загъта: «Æз дæ цард- æгасæй уарзын, мумийæ нæ, фæлæ». Академион-хресто- матион ахорæнтæй кæй байсæрдынц, бронзæйæ егъау цыртытæ кæмæн самайынц, уыдонмæ нæ тæхуды кæны поэт. Йæ ахадыидзинадмæ гæсгæ йын удæгасæй дæр, чи зоны, Пушкины фарсмæ æмбæлди цырт, фæлæ йын æй куы сарæзтаиккой, уæд æй фехæлдтаид йæхæдæг. Маяковскийæн царды уарзт нæ уыд, æрыгон лæппу- йæн чызджы уарзт куыд у, афтæ: цард ын йæ цæстытыл фæлм не ’вæрдта, -цард æм нæ зынд идеалон, æнæаипп, æвæрццаг зæдау. Цард рацаразинаг у æмæ хъуамæ- революцион-ленинол æгъдауæй рацарæзт æрцæуа. Маяковский поэзимæ æрцыд, фыццаг революцийы фæстæ фæллойгæнæг дзыллæтæ ногæй сæхи куы рæвдз кодтой капиталистон цардæвæрды бындур ныззилынмæ, хотыхджын æмæ фæстаг, скъуыддзаггæнæг ныббырстмæ куы стадысты, уæд. Маяковскийæн æрдз схæлар кодта бæрзонд ас, нæр- тон уæйыджы конд, æвæджиау курдиат. Революци та йын йæ курдиатæн радта раст фæндаг, æнахуыр ног ми- дис æмæ ног формæ. *" 1917 азы 7-æм ноябры «Аврорæ»-йы гæрæхтæй исто- рийы ног заман куы байдыдта, уæд Маяковский ратас- батас, гуырысхотæ ;нæ кодта. Ацыд Смольнимæ, ком- мунистон партийы ЦК æмæ растады штаб кæм уыд, уырдæм. «Мæхи революци» — адæймаг йæ ныййарæг ма- 223:
лæй, йæ судзгæ уарзонæй куыд зæгъа, афтæ дзы загъта Маяковский. Революци сæрысуангæй æнувыд уыд Маяковскийыл, Маяковский та — революцийыл. Сæ кæрæдзийыл сæ зæрдæ мисхалы бæрц дæр никуы сивтой. Уыцы хабар бæлвырд кæны Маяковскийы поэзийы ахаст, йæ мидспе- цификæ. Иу ахæм иумæйаг æхсæнадон-политикон темæ дзы нæй, сæрмагонд лирикон-интимон ын чи нæ уыдаид, æмæ дзы иу ахæм сæрмагонд лирикон-иптимон темæ нæй, иумæйаг æхсæнадон-политикон ын чи нæ уыдаид. Цæ- уыл фæнды дæр нæ фыстаид Маяковский, йæ фыст-иу никуы рауад хуымæтæг политикон раныхасау. Йæ алы уацмысы дæр уыйбæрц темперамент, зæрдæ, æндыгъдад, латетикæ, хæдхуыздзинад ис, æмæ йын куыдфæндыйæ бакæсæн нæй. Маяковский революцимæ уымæн тырныдта, уымæп ын снывонд кодта йæ цард, æмæ революци амонд хæссы милуаитæн. Аразгæ дæр æй милуантæ кæнынц. Иугай хъайтартæ нæ, иугай равзаргæ удгоймæгтæ^нæ, фæлæ милуангай дзыллæтæ сты революцийы, æмткæй историйы удæмæ дзæцц. Гъе, уымæгæсгæсбаста йæхи Маяковский милуантимæ. Уый уыд милуантæй иу, милуанты туг æмæ стæгæй. Куы-иу дзырдта «æз», уæд æй æмбарын хъуыд «мах». «150 милуаны дзурынц мæ былтæй», — сæрыс- тырæй хъусын кодта поэт. Каед хицæн зынгæ адæймæг- тæн кад кодта, уæддæр уый тыххæй, æмæ милуантæй кæй уыдысты. Революцийы фæтæг Лениныл æнусон поэтикон зарæг уымæн скодта, æмæ нæ уыд цахæмдæр уæларвон, хуыцауы сконд. Зæххыл чи ацыдис, уыдонæй Ленинæй зæххондæр, Ленинæй адæймагондæр нæма ;федта поэт. Ленин куы амард, уæд ыл дунейы фæллой- гæнæг адæм уымæн нæ хъарæг кодтой, йæ марды фæ- .дыл æнæаскъуыйгæ уылæнтæй уымæн нæ ивылдысты, «æмæ дзы се уонджы тас уыд, кæнæ йын кувгæ кодтой хуыцауау кæнæ паддзахау. Уый æцæг афтæ куы уыдаид, уæд поэт фырмæстæй калдтаид цæхæр æмæ адæмы раз ныллæууыдаид цæхгæр, сæ фæндаг сын йæ риуæй æрæх- гæдтаид. Ленин милуантæй уымæй хицæн кæны, æмæ иннæты хъауджыдæр фылдæр уарзта милуанты, хуыз- дæр сæ зыдта æмæ сын сæ цард срæсугъд кæныныл’ архайдта алкæмæй дæр фылдæр. Гъе ацы иугæндзон хъукды ис, Маяковский Ленин æмæ партийы иудзина- дыл цы рæнхъытæ ныффыста, уым дяер. :224
Ларти æмæ Ленин — фаззæттæ-æфсымæртæ. Чи сæ у зынаргъдæр историйæн-мадæн? Мах дзурæм — Ленин, нæ хъуыдыйы ис парти, Мах дзурæм парти, нæ хъуыдыйы ис Ленин. Курскы зæххыл фыццаг хатт æрзæт чи скъахта, уы- ды кусджыты сгуыхтдзинад фысгæйæ, Маяковский зæ- гъы, зæгъгæ, чи зоны, сæ хисдæр индзылерæн цырт дæр сæвæрой, кусджытæ—30 мин нæлгоймаг æмæ сылгой- магæн та? - Лектор дзы алкæмæй кæм раппæлдзæн, скульптор дзы алкæй хуыз кæм скæндзæн, паддзахадон рауагъдад дзы алкæуыл кæм ныммыхуыр кæндзæн мо- нографи. Маяковский сын йæ фыстæй æвæры цыртдзæ- вæн. Цыртдзæвæн а^вæры советон адæмæн, царды хæрз- иуджытæ чи аразы, уыдонæн се ’ппæтæн. Йæ диссаджы ^орз æмдзæвгæтæ, йæ монументалон поэмæтæ «150 000 000», «Владимир Ильич Ленин», «Хорз», æгасæй йе сфæлдыстад у бæрзонд, тæмæнкалгæ, æнæхæлгæ цырт советон аразæг æмæ тохгæнæг милуантæн. Ног царды сæрыл, милуанты амонды сæрыл Мая- "ковский йæ карз сатирæйæн æнцой никуы лæвæрдта. Революцийы агъоммæйæамæттаг кодтой æмткæй буржу- азон æхсæнад, революцийы фæстæ та уыцы æхсæнады цъаммар баззайæццæгтæ. Алы ницæйаг хъуыддæгтыл уынаффæ кæигæйæ, бон-изæрмæ йæ рæстæг æмбырдты чи сафы, уыдон тыххæй йе ’мдзæвгæ газет «Известия»- йы куы ныммыхуыр кодта æмæ дзы Ленин куы раппæ- лыд, уæдæй фæстæмæ Маяковский йæ уд тынгдæр рад- та сатирæмæ. Цахæм фыдæх æм æвзæрын кодтой алы- хуызон- карьеристтæ, дымыстæртæ, хулигантæ, адæмы фæллой паплойгæнджытæ, давджытæ, æдзæсгом цæст- фæлдахджытæ! Ленины аргъгæндæй Маяковский буц уыд, сæрыстырæй-иу æй æрымысыд. 1930 азы 8 январы политехникон музейы диспуты чидæртæ сатирæйы ных- мæкуы растадысты, нæ хъæуы, зæгъгæ, уæд сæм Мая- ковский феххæлд. «Ленин советон уавæрты сатирæ кæй хъуамæ уа, уымæ æндæрхуызон цæстæй каст»,—дзуапп сын лæвæрдта Маяковский. Иæ иу литературон балцы куы уыд, уæд æй чидæр бафарста: 15. Дзуццаты X. 225
— Зæгъ-ма, иугæндзон цæмæн фыссыс х^уагдзинæд- тыл, цъыфыл, æмæ цæуылнæ фыссыс рæсугъддзинады тыххæй, уардиты тыххæй? Маяковский йын дзуапп радта: — Мæнæн мæ бон нæу, æмæ цъыфы тыххæй, æппæрц- цаг хъуыддæгты тыххæй ма фыссон, уымæн æмæ царды нырма бирæ чъизи ис, зæронд дугæй нæм чи баззадис. Æз хафын уыцы чъизи. Ныххафдзыстæм æй, уардитæ дидинæг рафтаудзысты æмæ сыл уæд ныффысдзынæн... Маяковскийы цæхгæр дзуапп иувæрсыгэей æмбаргæйæ нæу. Маяковскийы хуызæн никуы ничи ма ныффыста революцийæ равзæргæ ног царды рæсугъддзинады тых- хæй. Фæлæ поэт уыдта царды зындзинад, йæ æнахъинон вазыгджындзинад æмæ йæ бон нæ уыд, реалистонæй йæ ма ’вдыстаид. Нæ дуджы тыххæй карз рæстдзинад дзырдта йæ «хъæлæсы дзагæй», æнæ дæлæ-уæлæйæ, æнæ дипломатон гæдымитæй, буæрттæ-дзауматы хуыдта æрмæстдæр сæхи номæй. Иæ царды иууыл ахсджиаг- дæр ныхас поэт ракодта Ленинæн: Æмбал Ленин, нæ фабрик кæм калы йæ фæздæг, митæмбæрзт, кæрдæгхæст кæм ысты нæ быдыр, нæ хох, — уым дæ зæрдæйæ æмæ дæ номæй, нæ фæтæг, улæфæм, цæрæм æмæ кæнæм тох. Ленин уыд Маяковскийæн ног дуджы адæймаджы фæзминаг, идеалон фæлгонц. Поэт йе ’ппæт цард дæр арæзта Ленины хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй революцийы арфдæр ленк кодтаид, цæмæй мещанондзинады сæтæл- * джытæ, пъæра, адæймаджы зæрдæйыл чи нындæдзы æмæ йæ æнаккаг чи кæны, уыдонæй йæ удхæссæг уына æмæ сæ æнауæрдон фыдæхдзинады зынгæй судза. Мещанондзинад—Маяковскийы æнусон знаг. Уыцы темæ поэт арæхдæр фæлгъуыдта уарзондзинады темæ- имæ æмбастæй. Революцийы агъоммæ декадентон-хæлд поэттæ сылгоймаджы физиологон мондæгтæ алы роман- тикон’ хуызты куы ныв кодтой, буары монцмæ куы сид- тысты, уæд Маяковский уæндонæй раргом кодта буржу- азон æхсæнады уарзты трагизм, æнамонддзинад. Поэ- 226
тæн ис бæрзонд физикон æмæ интеллектуалон органи- заци, æрыгон у, рæсугъд, курдиатджын, йе ’нкъарынад кæрон нæ зоны, ис æм æнæниз фæндондзинад æмæ уæз- дан, рæвдаугæ романтикæ. Поэмæ «Æврагъыл ис хæлаф», зæгъгæ, уым чызг чындзы цæуы æндæр кæмæдæр, поэмæ «Флейтæ-астæу- стæджы» поэты уарзон сылгоймаг аздæхы фæстæмæ йæ моймæ, поэмæ «Адæймаджы» та ацæуы Цæгæрсæрмæ. Æртæ дæр сты мещанондзинады амæттæгтæ — кæмæ ацыдысты, уыдонмæ ис æхца, мулк, уыдон сæ бакæн- дзысты алы дзауматæй йедзап галуантæм, сæ хъуыртыл сын æрцауыидздзысты налхъуыт-налмастæ. Маяковски- йы æнамонд уарзты трагеди у социалон трагеди, гума- низмы трагеди. «Врангелæй тæссагдæр у», — зæгъы Маяковский ме- щанондзинадæй. Йæхи сæрмагонд хабæртты тыххæй æмæ иумæйаг цардыуаджы тыххæй кæй ныффыста, уыцы поэмæйы (хуыйны «Уый тыххæй», 1923) Маяковский æвзары хъизæмæрттæ — йæ уарзон чызг у мещанкæ, уарзы æнцад-æнцой, æнæхъыгдард, æнæтыхсгæ, хъæр- муст цард. Вазыгджын фæлгонцон-метафорон логикæ фæуд кæны ууыл, æмæ поэты фæнды, цæмæй фесæфа буржуазон индивидуализм, мах фыдæбоны хай чи кæны, уыцы царды мораль æмæ æгас дунейыл æнхъæвза сыгъ- дæг, бæрзонд, адæймаджы аккаг уарзондзинад. Поэмæ «Уый тыххæй» цы пафосæй змæлын кæны зæрдæ, уый фæстæдæр, 1928 азы, ногæй федтам, Мая- ковский Парижы цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уым. Поэт базонгæ уырыссаг эмигранты чызг Яковлева Татьянæ- имæ. Æвæццæгæн, йæ зæрдæмæ фæцыд, асæй, дам, мæныйас дæ, зæгъы йын йе ’мдзæвгæйы, æмæ, дам, æрлæу мæ фарсмæ, æрфыг-æрфыг. Фæлæ æндæр зонда- хасты хицау Яковлевайæн йæ бон нæ бацы, цэемæй Маяковскийы куырдиат сæххæст кодтаид. Поэт йæ уар- зонæй домдта, цæмæй «йæ буар куы риза, уæд дзы мæ республикæты сырх хуыз хъуамæ пиллон уадза». Тать- янæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уавæртæ нæ райста æмæ нæ рацыд Мæскуымæ. Маяковскийы уырны, искуы адæм зæххы цъарыл алкæм дæр кæй уарздзысты æцæг зæрдæйы уарзтæй æмæ зæгъы Яковлевайæн, зæгъгæ, ис- куы уæддæр йæхи кæй бауыдзæн — кæнæ иунæгæй кæн- нод та Парижимæ иумæ. Маяковскийы хисæрмагонд цард трагикон ахаста 227
йæ райдайæнæй йæкæронмæ. Асеев — Маяковскийы æв- вахс хæлар — йæ поэмæ «Маяковский байдыдта», зæгъ- гæ, уым раст фыссы уый тыххæй: иу ахæм сылгоймаг ыл никуы сæмбæлд, йæ конд æмæ йæ ног удыхъæдæй Маяковскийæн цардæмбалæн чи сбæззыдаид. Иæ мæлæты фæстæ йын æрдæг сауфыстæй чи баззад, уыцы скъуыддзæгтæй иуы комкоммæ фыссы поэт: «Уар- зондзинады нау цардыуагыл сæмбæлд æмæ ныппырх». Мещанондзинад йæ быцъынæг тыдта, цæмæй Мая- ковскийы йæ хъæбысмæ, хæтаг сылау, æрбасайдтаид: æрбаныуæрстаид æй йæ сынтæджы хъæццулæй æмæ йæ йæ уарзон революцийæ баиртæстаид. Фæлæ Маяковски-. мæ никуы æрцыдис «худинаджы æмбаргæдзинад». Иу- æй-иу поэттау (æмæ канд поэттау нæ!) кадыл мæлгæ нæ уыд, йæхи сæрмагонд царды тыххæй йæ былтæ не ’хсыдта карьерæмæ. Поэзи йын никуы сси æфтиаджы фаэрæз. Йæхицæн æй цы хъуыдис? Ард хордта йæ намысæй, ног æхсад хæдоны йеттæмæ йæ æппындæр кæй ницы хъæ- уы, уый тыххæй. Маяковский уыд «ног ахастытæ æмæ ног уарзтыты дæсны аразæг». Кæддæр, революцийы размæ йемæ чи куыста, уыцы футуристон æмбæлттæ дзы цы зæгъынц, уый раст у. Маяковский, дам, нæ астæу цардис, фæлæ цыма мах уымæй 50 азы раздæр райгуырдыстæм æмæ цардыстæм, афтæ, дам, мæм зындис. Маяковский фидæ- ны адæймаг кæй уыд, йæ рæстæгæй тынг кæй аразæй, уымæ гæсгæ тагъд кодта рæстæджы, сидти йæм: «раз- мæ, рæстæг, — рæстæг, размæ!», цæмæй, зæгъгæ, тагъд- дæр æрхæццæ уæм æмбар, рæстаг æнусмæ. Коммунистон партийы Программæйы коммунизм аразæджы моралон кодексы принциптæ Маяковскимæ уыдысты парахатæй. «Æмдзæвгæйы яеххæстбарджын минæвар» — афтæ хуыдта йæхи Маяковский — фараст хатты ацыд фæса- рæнтæм, дыууæ хатты рахъавыд зæххы алыварс балцы фæцæуынмæ. Капиталистон царды æрттиваг хæрв, хъæ- рахстпæнаг æппæлой рекламæ Маяковскийы иу уысм- мæ дæр никуы бакуырм кодтой, сæхимæ йæ никуы аз- дæхтой. Маяковский капитализмы бæстæтæ байгом код- та куыд коммунист, куыд Советон Цæдисы (æмбæстаг- Касти сæм æмие хъуыды кодта, революцимæ куыд сыст- дзыстк сæ кусæг адæм, куыд сын аивдзæн сæ эксплуа- таторон сырдон ахаст. Парижы Коммунæйыл сагъæс кæнгæйæ, Маяковский, йæ дуджы империалисттæ хæст- 228
мæ куыд цæттæ кæнынц, уый уынгæйæ, зоны, уыцы хæсты фæстæ кæй ныллæудзæн «дыккаг Парижы Ком- мунæ — Лондоны дæр, Римы дæр, Берлины дæр». Фран- цы паддзæхты галуан Версалы уындæй поэт фырдисæй нæ ф>æуадзыг, йæ рæсугъд айдæнтае, йæ диссаджы сын- тæджытæ, йæ фонтантæ йын нæ разилын кодтой йæ сæр. Паддзахы ус Мария-Антуанеттæйы 1793 азы рево- люционертæ-санкюлоттæ ауындзынмæ куы кодтой, уæд сæ джебогътæй паддзахы стъолæй цы схъис схаудта, гъе уый дзы фæцыд иууыл фылдæр Маяковскийы зæр- дæмæ. Поэт милуангай адæмтæн касти йе ’мдзæвгæтæ, ны- хас кодта революцийы тыххæй, Советон Цæдисы тых- х>æй, Ленины тыххæй. Америкæйы йæ ралæудтытæй цы æхца æмбырд кодта, уымæн-иу йе ’рдæг радта комму- нистон газеттæ рауадзынæн. 1925 азы Парижы куы дзырдта Америкæйы тыххæй, уæд уымы газеттæ нысан кодтой: «О, тæккæдæр ахæм цæстытæй бакастаид Аме- рикæмæ уырыссаг кусæг». Маяковский доклад хъуамæ скодтаид йæ эстетикон æмбарынады тыххæй, уымæн æмæ Францы хицауад политикæйыл дзурыны бар нæ лæв(æрдта. Фæлæ афтæ рауад, æмæ Маяковский лите- ратурон до.клады бæсты скодта «социалон-экономикон» доклад. Литературæ 1æмæ политикæйы ’хсæн ’Маяков- скийæн нæ уыд ауæдз: литературæ йын уыд политикæ, политикæ та — литературæ. Æппæтæй уæлдæр æв>æрд- та Маяковский йæ райгуырæн бæстæ, йæ кълассон-про- летарон лæджыхъæд. Мах, советонтæ, нæхицæй стæм сæрыстыр, Мах буржуйтæм уæлæуæзты кæсæм. Тох карз у, тох æрвылбонон у æмæ адæймаг кæддæрид- дæр хъуамæ уа хæстон. Æнцад, æвæлмон уарзт, хæлиу- дзыхæй рæстæг æрвитын, æнæмæтæй улæфын — адо- нæн сæ кой дæр ма кæн. Адоныл чи зарыд, уыцы поэт- тæй иуы Маяковский тызмæгæй бафарста: «Уый кæм федтай ды, Молчанов, мах сæрмæ æнцад-æнцой арв?» Хуымæтæджы нæ райхъуысти идеологийы фæдыл пар- тийы ЦК пленумæй Маяковскийы сидт: «Æмбæлттæ! Рæвдздæр ут зæрдæтæ -æмæ удты баррикадæтæм!» Маяковский йæ кълассон æфсымæрдзинад, идеоло- 229
гон уарзт хаста алы нацитæм дæр. Советон республи- кæты уæвгæйæ, поэт экзотикæ, национ атрибуттæ нæ агуырдта, уыдон нæ уыдысты йæ сагъæсы сæр. Наци- ты иудзинадæн егъау ахъаз у иумæйаг иугæнæг æв- заг — уырыссаг æвзаг, Ленины æвзаг æмæ Маяковский сидти советон рæзгæ фæсивæдмæ, цæмæй йæ сахуыр кæной. Уыцыиу рæстæг сæ ардыдта ууыл, цæмæй спай- да кæной советон хицаудзинады ратгæ сæрибарæй,'алы наци дæр бацагура йæ уидаг æмæ йæ мивдисæг, ныб- быра филологийы æрфытæм. Кавказмæ-иу куы ’рцыд, Дзæуджыхъæумæ, Дайра- ны комыл-иу куы рараст Тбилисмæ, уæд-иу æм сæ бæх- тыл бадгæйæ цы ирæттæ кастис, уыдон дæр, иннæ сове- тон нацитау, æнæхай нæ фесты Маяковскийы поэтикон сгуыхтдзинадæй. Ирон поэзи йæхиуыл бавзæрста Мая- ковскийы сфæлдыстадон фæлтæрддзинад. Æндæвдад алыхуызон у, æндавгæ, æвæццæгæн, алы поэтыл дæр бакодта Маяковский, фæлæ комкоммæ кæуыл бандæв- та — йæ мидисæй дæр æмæ йæ формæйæ дæр, уы- донæй сты Хъамбердиаты Мысост æмæ Фæрниаты Къоста. Ирон æвзаг æмæ ирон стихæн се ’рдзон хъæд куыд амыдта, афтæ йæ хъæздыг кодтой Маяковскийы новаторон поэтикæйæ. Зæронд реакцион æгъдæутты ьшхмæ тохгæнæг æмæ ног æгъдæуттæм сидæг æмдзæв- гæты хъусæм Маяковскийы характерон маршон инто- нацитæ, хъаруджын хъæлæсы уаг. Тугцъирæй, Сауджынæй, Моллойæ — Рагæй дæр чи царди Махæн нæ фæллойæ — Нал тавы абон уæ хур! Фехæлд уæ царды бынд>р! Абон уæ царды цалх Азылд Фыдазмæ, Ивгъуыд заман уын — Цыртæн. Байхъусут, кусджытæ, Рацæут размæ. Иу! Дыууæ! Æртæ! Ахæм уагыл фыст сты Мысосты бирæ ’мдзæвгæтæ, ахæм уагыл арæзт у æппæт йе сфæлдыстадон пафос. 230
Маяковскийы уæздан, рæвдаугæ фæлмастдзинад æмæ йæ карз гуырымыхъдзинады æууæлтæ хæрх сты Фæрнионмæ. Ног цардмæ чи нæ тасыд, ног царды судзæгтыл чи нæ фыста, уыдонæн нæ барста Фæрнион. Маяковскийы нæртон формулæ — «Поэзия — вся! — ез- да, в незнаемое» — цæттæ, æууылд поэтикон амалтæй- чи ивта, уыдон тыххæй фыст у Фæрнионы зынгæ .æм- дзæвлæ «Фыццаг ныдздзæхст кæмæндæрты». Дыккæдз- гуыты бавæрдта Фæрнион дзырд «поэттæ» — æгас Ирыстоны поэттæй нæ зæгъы мыййаг, фæлæ дуджы до- мæнтæ чи не ’ххæст кæны, уыдонæй. Даргъ дæ, Ирыстон, Кæрон дын кæм и! Схлитæй Сечермæ Нæ хъуысы мæ хъæр. Къаддæр куы уаис, — Æрвыл бон нæмии Къах æмæ къухæй «Поэттæн» сæ сæр. Иу сæ нæ бæззы, Нæ зонынц фыссын. Рифмæтæ — Фаджыс, Сæ сагъæс — Бырон. Маяковскийы тæфаг фæзынд, йе стихы цæрдхъом- дзинадыл ын дызæрдыг чи кæны æмæ кълассикон фæя- тæрд стихыл фидар чи хæцы, æгæрыстæмæй уыцы поэ- тыл дæр. Дæнцæгæн райсут Нигеры æмдзæврæ «Нæ ^æрсын æз». Фæзынут, цæй, кæмæн у размæ Йæ цæстæнгас, йæ каст! Цæуын уæ разæй æз. Ныхасмæ Æз нал хæссын мæ хъаст... Æрцу, о нæуæг Ир! Уæрæх — мæнæн мæ риу, парахат риуы зæрдæ. Æрцу æмæ йæ цъир! Æрцу æмæ йæ цъир — Æз байтыгътон мæ тæрттæ! Маяковскийы цыргъ, фæлгонцон уынынад, йæ но- ваторон поэтикæйы хæзнатæ, йæ партион æнауæрдон- дзинад, ныфсхаст реализм — адонæй пайда кæнынц æмæ кæндзысты поэтты зæрдæргъæвд фæлтæртæ. Со- ветон Цæдисы иунæг национ литературæ дæр не ссар- 231
дæуыдзæн, Маяковокийæн тыхджын фæдонтæ кæм нæ уа. Æмæ канд Советон Цæдисы нæ. Маяковскийыл кæй ахуыр кодтой, ууыл дзурынц XX æнусы ахъаззагдæр поэттæ: туркаг Хикмет Назым, чилеаг Неруда Пабло, чехаг Незвал Витезслав, францаг Арагон Луи, болгай- , раг Вапцаров Никола, польшæйаг Броневский Бронис- лав æмæ бирæ æндæр поэттæ. Маяковскийы цæвиттон- мæ гæсгæ уыдон поэзийы раКодтой дворянон-буржу- азон салонтæй, ракодтой йæ уынгмæ, фæзмæ, милуан- гай дзыллæтæм, дуджы бæрзонддæр идеалтæн лæггад кæнынмæ, æппæтдунеон æфсымæрон, рæстаг цард са- разынмæ. «Дзырд у адæймагады тыхы хæстон фæтæг» — фæ- дзæхста Маяковский йæхицæн ,æмæ дунейы поэттæн. Уымæ гæсгæ поэт хъуамæ æнгом баст уа адæмимæ, æгас дунейы комулæфт хъуамæ хъара йæ зæрдæмæ. Æм« дзæвгæтæ рифмæ кæнын æнцон у, фæлæ поэты дзырд хъуамæ уа рæстдзинадмæ разæнгардгæнæг. 1927 азы Есенины уæнгуагъд, æрхæндæг, пессимистон хъуыды- тæй чи схъæстæ, уыцы фæсивæды ныхмæ активон тох кодта Маяковский æмæ домгæйæ фарста: «Ды мын зæгъ, де ’мдзæвгæтæй сарæзтай кæнæ саразынмæ хъа- выдтæ къласы хæцæнгарз, революцийы хæцæнгарз?» Маяковский йæхæдæг йæхимæ никуы бабыхста, зæрдæ- чи дезорганизаци кæны, иунæг ахæм рæнхъ дæр. Революцийы сæраппонд, фидæны рухс царды сæ- раппоид Маяковский цæттæ уыд алцæмæ дæр- йæ би- рæ хъыггаг знæгтимæ тохы йæм цæссыг æркалын, скæ- уын æгад каст. Афтæ йын кæй дзырдтой, адæм дæ не ’мбарынц, зæгъгæ, уый уыд æлгъаг хахуыр. Фæлæ йын æй уыйбæрц арæх дзырдтой, уыйбæрц ын æй йæ цæст- м»æ дардтой алкæм дæр, æмæ диссаг нæу, Америкæйæ куы здæхт, уæд æм рæстæгмæ океаны æгæрон, æдзæрæг тыгъдады астæу гуырысходзинад кæй февзæрын код- та. Маяковский фыста милуантæн æмæ йæ милуантæ- ма ’мбæрстаиккой, уый гæнæн нæ уыд. Маяковскийы йас иунæг поэт дæр никуы зылдис советон горæттыл, фæллойгæнджыты стыр æмбырдты фæлвæрдта йæ по- этикон ныхасы ахадындзинад. Каем кастис æмдзæвгæ- тæ, уырдæм-иу æрцыд æгæрон бирæ адæм, билеттæ-иу кæй нæ фæцис, уыдон дуæрттæ цъæл кодтой. Дыгай- æрт^ггай сахатты адæм хъуыстой йе ’мдзæвгæтæм. Ды- гай-æртыгай хæттыты-иу ын бакæсын кодтой иу кæнæ 232
иннææмдзæвгæ. Цалдæ’р раны. (дзырдæн, Ростовы æмæг Бакуйы) хъæлæс дæр æппæрстой, чи æмбары æмæ чи не ’мбары Маяковскийы, уый сбæрæг кæнынæн. 2 мин кæнæ 3 мин адæймагæй-иу Маяковскийы ныхмæ йæ къух сдардта 1—2 лæджы бæрц. Газетпæ куыд фыс- сынц, афтæм^æй йын æмдзæгъд кодтой, цалынмæ-иу .сæ къухтæ не стæппæлттæ сты, уæдмæ. Маяковский йæ чиныгкæсæджы уыдта цæстæй-цæстмæ, лæлæй-лæгмæ. Мæнгæй нæ фыста йæ автобиографийы: «’Æз зонын, цæуыл хъуыды иæнынц чиныгкæсæг дзыл- лæтæ». Иуæй-иу чиныгкæсджытæ æнæцæстуарзон, хæлæг литераторты æндæвдады бын бахаудтой æмæ къорд хатты дзырдтой Маяковскийæн, иæ, дам, дæ æмбарæм. Маяковский сын сабырæй амыдта: лæг исты куы не ’мбары, уæд уымæй хъуамæ хъал ма уа. Бацархай <æмæ йæ бамбар. Æмдзæвгæтæ хъуамæ уой æмбæрстгонд, фæлæ чиныгкæсæг дæр хъуамæ æмбарынхъом уа. Кæй аæгъын æй хъæуы, Маяковскийы рагфыстытæй иуæй-иутæ вазыгджын сты сæ метафорон уынынадæй, сæ динон фæлгонцтæй, фæлæ уыдонæн дæр бамбарæн ис. «Адæмы размæ кæнæг» поэт ууыл архайы ’æмæ йæ нысан дæр уый у, цæмæй чиныгкæсджыты йæхи æмба- рынады бæрзæндмæ хизын кæна, иса сæ йæхи эстети- кон æмвæзмæ. Хорз æмдзæвгæ уый у, — дзырдта Мая- ковский, — дæ къухмæ кæй райсай, кæй бакæсай (фондз хатты даер æй бакæс!) æмæ кæмæй зæгъай: кæд зын бамбарæн уыд, уæддæр æй куы бамбæрстон, уæц мын фæхъæздыгдæр кодта мæ зонд, мæ уынынад, рæст- дзинады тохы мын мæ бархъомыс ф.æтыхджындæр код- та. Маяковскийы уыцы ахъаззаг миниуæг мæнмæ ассо- циацийы хуызы æрцыд, Мæскуыйы уымæн йæ цыртмæ куы кастæн, уæд. Бакæс æм, — сауайнæг хох, Лæууы, мæ хуызæттæй сæдæ хатты стырдæр. Дуджы намыс, йæ хъару, йæ тох, Дугимæ чи кæны цин дæр, мæсты дæр. 233
Лæууы, æмæ дæ кæд фæнды, — Æсхиз йæ цъупмæ, альпинистау. Уым фендзынæ, кæй онг сырæзтæ ды, Поэзи дæ цахæм бæрзæндмæ систа! Нæ, Маяковскийы æмбæрстой уæрæх дзыллæтæ, уарзтой йæ. Æмæ Маяковский уæрæх дзыллæты тых- хæй йæхиуыл вæ ауæрста. Ие ’мдзæвгæйы культурæ бæр- зондæй-бæрзонддæр кодта, халтурæйæн ком никуы рад- та. Æцæг поэт, — дзырдта Маяковский, — æххормагæй амæлдзæн, цæйнæфæлтау йе ’мдзæвгæйы æвзæр кæнæ æиæсæрфат рифмæ ауадза. Иугæндзон куыста йе ’мдзæв- гæтыл — бадгæ-бадын, лæугæ-лæууын, цæугæ-цæуын. Уымæн æй хуыдтой алы профессийы адæмтæй чи—«вол- гæйаг уæзхæссæг», чи — «дзырды диссаджы æрмдæсны», чи — «заводы дзæбугхойæг». Афтæ хъуыды кодта Мая- - ковский дæр, йæхи ’нымадта советон заводыл, амонд чи аразы, ахæм заводыл. Маяковскийы поэзийæн ис куыст- уарзаг, «уæзæгæвæрд къухтæ». Ныр нæм, чи зоны, диссаг фæкæса, фæлæ йæ рæс- тæджы Маяковскнйæн алыхуызон цъаммæрттæ йæ раз- мæ æв>æрдтой уæззау цæлхдуртæ, хъыг æй дардтой, цы гæнæн уыд, уымæй, къуылымпы йын кодтой йæ фысты- тæ мыхуыры уадзыны хъуыддаг, вульгарон-примитивон критикæ æм^æ йын «бæрнон» кусджытæ нуæзтой йæ туг, цъыфкалæн ын кодтой йæ фыстытыл. Æнæзæрдæрисгæ бакæсæн иæй, 1930 азы 25 мартъийы йæ литературон куысты 20 азы сæраппонд изæры кæй загъта, уыцы ны- хæстæн: «Мæныл уыйбæрц куыдзы 1мæрдтæ ауыгътой, уыйбæрц фыдтæ мыл мысыдысты, æмæ хаттæй-хаг7, фæзæгъын, мæ сæр фесафон искуыдæм æмæ дзы дыууæ азы фæуон, кæд ацы æфхæрдмæ «ал хъусин». Уый тых- хæй ма загъта йæ фæстаг раныхасы 1930 азы 27 мар- тъийы йæ пьесæ «Аба«а»^йы фæдыл диспуты дæр: 20 азы дæргъы «æз мæ цæстæнгасыл тох кæнын мæхи сæр- магонд рæуджытæй, мæхи сæрмагонд <хъæлæсы хъару æмæ ныфсæй». Гъе, фæлæ, уыцы уавæрмæ æнæкæсгæйæ, уæддæр куыд æууæндыд милуантыл, куыд æй уырныдта йæ поэзийы æнæмæлæт! «Фидæны рæстдзинады фиди- уæг» йе уонг нæ ауагъта, цæргæ-цæрæнбонты цы ахуыр- 234
гонд сæрхъæнтимæ æмæ лыскъзæрдæ лилипуттимæ тох кодта, уыдон æхсæн Гулливерау лæууыд \æтæ бар- джынæй дзырдта йæ байзæддагмæ, сомбоны фæлтæр- тæм. Слушайте, товарищи потомки, агитатора, горлана-главаря. Заглуша поэзии потоки, я шагну через лирические томики, как живой с живыми говоря. 1930 азы 14 апрелы 10 сахатыл æмæ 15 минутыл Мæскуыйы йæ кусæн уаты 36-аздзыдæй Маяковский йæхи фехста. Кæд ыл йе знæгтæ фæрадысты, уæддæр цард нæ тæлы æмæ фондз азы фæстæ, 1935 азы, рæс- тæг аккаг аргъ скодта йæ поэтæн: «Маяковский уыд æмæ у нæ советон заманы иууыл хуыздæр, иууыл.кур- диатджындæр поэт». Рæстæг цæуы ’æмæ бонæй-бонмæ * уæрæхдæр кæны Маякрвскийы поэзийы ахадындзинад. Бынтон раст дзы зæгъы йæ фæдонтæй иу—азербайджанаг поэт Вургун Самед, дунейы прогрессивон поэттæм Ленины кадджын идеяты сæраппонд удуæлдай тохмæ куы сиды, уæд: Поэттæ, размæ! Хотыхтæ уæм хорз куы и, Кæнут уæ рæнхъытæ æнгом, æндон. Нæ раздзог у Владимир Маяковский, — Цæй уæм, уæдæ, тыхджын æмæ уæндон! 1963
СÆИРÆГТÆ Бæрзонд, æгъуыстаг темæтæ Ревлоюцийы заман — нæ уды хъæздыгдзинад . . 5 Æнустæм цардæгас фæлгонц 30 Хицæн автортæ, хицæн чингуытæ Зæрдæйы дæгъæл—зæрдæйы дуар гомгæйæг . . 51 Цæрукъаты Алыксандры поэзийы тыххæй . . 70 Фыст æмæ æнæфыст 84 Нырыккондзинад — поэзийы уд æмæ дзæцц Куыд хъуамæ аргъ кæнæм, цахæм критерийæ? . . 125 Иувæрсыг æви алыфарсон? 149 Æмбæстагон æмæ поэтикон бæрндзинад . . . 163 Номдзыд, фæзминаг раздзæуджытæ Лермонтов .187 Секъа 199 Маяковский 223 ,ч
Дзуццати Хаджи-Мурат Аранбекович * ОТВЕТСТВЕННОСТЬ Статьи на осетинском языке <**Э(3(350,° ^о-З’дАдæ о6а6ода°Ь <1д абьзьоьаоОосггооб Редактор М. В. Гучмазов Художественный редактор А. Д. Ванеев Технический редактор А. И. Наниева Корректор Л. П. Дзагоева
Сдано в набор 23/111—1976 г. Подписано к печати 5/УП—1976 г. Формат бумаги 84х1087з2. Учетно-издат. л. 11,86. Услов.-печат. л. 12,4. Заказ тип. № 794. ЭТ 00259. Тираж 1000 экз. Цена 65 коп. Издательство «Ирыстон», г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое промышленное объе- динение Госкомиздата ГССР, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.