Текст
                    ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ
РÆСТÆГ
ÆМÆ
ЛИТЕРАТУРÆ
У а цт æ
РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН»
ЦХИНВАЛ 1985


ББК 83 3 8 с (Осет.) Д 43 Дзуццаты X. Рæстæг æмæ литературæ. Уацтæ. «Ирыстон», 1985. Ацы æмбырдгонды уацтæ фыст сты, алыхуызон рæстæджытæм чи хауы, алыхуызон жанрты чи кусы, ахæм фысджыты тыххæй, алы- хуызон чингуыты тыххæй. Фæлæ^сæ кæрæдзийыл бæтты иу сæйраг тс- мæ — реализм нæм куыд рæзти’ æмæ куыд ивта, куыд хызти ног гъæдмæ — социалистон реализммæ. Ай-гъай, автор дæс-фынддæс азы размæ кæнæ ноджы раздæр кæй ныффыста, уыцы уацтæ абон куы фыссид, уæд сæм бахæссид дзæв- гар ивдтытæ, иу кæнæ иннæ аивадон факттæ, фæзындтæ’ кæнæ иумæ- йаг фарстытæм æндæрхуызон уаид йæ ахаст, фæлæ уæд уыдон уаик- кой æндæр уацтæ, уымæ гæсгæ сæ уадзы, сæ ныффыссыны рæстæ- джы куыд уыдысты, афтæмæй. Ивгъуыды цытæ уыд, уыдонæй алцы дæр дæ бон у сраст кæнап абон, ома бамбарай йæ, кæддæр æй куыд æмбæрстай, афтæ нæ, фæлæ æндæрхуызон, бацæуай йæм, фенын æй кæнай æндæрхуызон, фæлæ уым, ивгъуыды, ницæмæн ис нæдæр хуыздæргæнæн, нæдæр æвзæр- дæргæнæн. Алцæмæн дæр ис йæхи «историон рæстæг» æмæ йæ хъуа- мæ хынцæм, хъуамæ дзы аргъуц кæнæм. Дз 4603000000_ 18_85 М 622 (06) 85 @ Издательство «Ирыстон». 1985 г.
I НЫХАС КЪОСТАИЫ ТЫХХÆй Ирыстон Къостайæ хуыздæр никæй радта æмæ Ирыс- тонæн Къостайæ фылдæр ничи радта. Цыдæриддæр Иры- стонмæ фенддаг æмæ "бæллиццагæй уыд — се ’цпæт дæр æрбамбырд сты иу адæймагмæ, æрцардысты йæм æмæ йæм сæхи равдыстой рæдауæй. Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ йæ уд, йе ’хсар æмæ дæ уæздан. Уый тыххæй хорз загъта Павленко Петр: «В его лич- ной судьбе, в жизни, им прожитой, в кругу тех интересов и идей, которыми ои жил и за которые боролся, заложен образ самого народа, самой Осетии»1. Ахæм гоймæгтæ стæм кæй сты, уый бæлвырд банысан кодта Шагинян Мариэттæ: «У человечества есть очень немного поэтов, которые становятся как бы нравственной совестью наро- да, в чьпх именах сливается и надсжда на будущее, и память о прошлом, и постоянное нр’авственное мерило нас- тоящего. Коста Хетагуров принадлежпт к этой немного- численной семье»2. Ахæм гоймæгтæй кæнгæ кæй у иу кæнæ иннæ, стыр кæнæ чысыл нацийы сæрыстыр æмæ амонд, ахæм гоймæгтæ уæлдай ахсджиаг æмæцытылда- ринаг кæй сты чысыл адæмтæн, уый хъæддыхæн бахахх кодта Абайты Вассо: «Любой народ, чтобы стать с досто- инством в ряду других народов, нуждается втом, чтобы иметь людей, которые моглп бы быть его национальным 1 П. Павленко. Герой народа. — Осетия в русской литературе. Орджоникидзе, Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад, 1963 аз, 326-æм фарс. 2М Шагинян. Коста-публицист. — Коста Хетагуров. Сб па- мяти великого осетинского поэта, под ред. А. А\. Фадеева. М , Госиз- дат, 1941, 59-æм фарс. 3
символом. До Коста у осетиннебыло такого человека- символа. Таким человеком стал Коста. Более счастливые народы могут назвать не одно, а несколько имен, символи- зирующих его духовный потенциал. Коста у осетин — один, и этим он особенно дорог народу»3. Махæн нæ бон у. æмæ æнæгуырысхойæ зæгъæм, зæгъгæ, мах куы фæдзу- рæм Ирыстон—нæ цæсты раз вæййы Къоста, мах куы фæдзурæм Къоста — нæ цæсты раз вæййы Ирыстон. Къоста аивадон æмæ æхсæнадон цардмæ куыддæр йæ къах бавæрдта, афтæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой хæлæрттæ дæр æмæ знæгтæ дæр. Уый диссаг уыд алцæмæй дæр: йæ архайдæй, йæ куыстæй, йæ дзырдæй... Диссаг уыд æмæ йыл дис кодтой: кæцæй æмæ цæмæй фæзынд? Цы йæ ра- хуыдта æмæ рахаста дунемæ? -Мах зонæм, зæгъгæ, алы стыр нывгæнæг дæр у адæ-. мы царды процессы объективон домæн, æнæмæнг истори- Ън хъæуындзинад, ома йæ размæ кæнынц йæ^заман, йæ наци, йæ, кълас сæ мидызмæлд, сæ мидрæзт æмæ сæ мид- хъаруйæ. Ахæм æнæмæнг историон хъæуындзинад уыд Къоста дæр. Ирон адæм XVIII æнусы кæрон æмæ XIX æнусы рай- дайæны баиу сты Уæрæсеимæ, 60-æм азты ивд æрцыд хъазайраг бар (ауагъдæуыд зæхкусæгон реформæ), ра- парахат сты капиталистон ахастытæ. Ирыстон раздæрау. нал сыгъд æмæ нал уырыди йæхимидæг, нал уыд ип- п&рд дунеон историйæ, ныллæууыд йæ цардивæн заман, ирон адæм наци кæнын байдыдтой. Национ мидхъару ныффыссын кодта Æгъуызаты Иуа- нейæн (1775—1830) «Алгъуызы кадæг», ныффыссын æй кодта гуырдзиагау, ирон адæм иннæ адæмты хуызæн æмæ æмрæнхъ сæхи «æз» æмбарын æмæ фидар кæнын кæй байдыдтой, уый фæстиуæгæн. Иуане зыдта, зæгъгæ, чи- ныг кæмæн нæй, уыцы адæм мæгуыр сты, æмæ сарæзта гуырдзиаг дамгъæтæй ирон графикæ, ивта дины чингуы- тæ ирон æвзагмæ. Ахæм рухстауæн куыст кодта Колыты Аксо (1823 — 1866) дæр. Уымæ национ* мидхъару разынд Иуанейæ тынгдæр æмæ сси фЬщцаг ирон æмдзæвгæты автор. Кæд библийы сюжеттæ æмæ зондамындтыл сты амад, уæддæр ЗВ. Дбаев. Что значит Коста для осетинского народа. — Из- вестия Юго-Осетинского НИИ АН ГССР, Х-æм рауагъд, Тбилис, ГССР ЗА рауагъдад, 1960, 80-æм фГ 4
сын ис ахъаззаг национ ахадындзинад: уыдон ирон адæ- мы æввахс кодтой адæймагады аивадон-поэтикон куль- турæмæ, нырыккон цивилизацимæ. ■ Национ мидхъаруйæн йæ радон æнтыст баст у Мам- сыраты Темырболаты (1843—1899) номимæ. Æрыгон афицер Туркмæ куы алыгъд, уæд реалистон æмдзæвгæ- тæй раргом кодта сæ бæстæй «скъуыд æмæ æфхæрд» адæмы трагеди, райгуырæн хæхты судзгæ уарзт. Темыр- болат у Кавказы хохæгты национ-сæрибаргæнæн змæл- ды æндыгъд æмæ зæрдæрисгæ хъæлæс. Национ мидхъаруйæн æвдисæн у Хъаныхъуаты Иналы (1851—1899) аивадон æмæ публицистон сфæлдыстад, фæлæ уырыссагау кæй у, уымæ гæсгæ уый дæр, Æгъуы- заты Иуанейы «Алгъуызы кадæг»-ау, комкоммæ не ’вдыс- та ирон адæмы историон хъæуындзинад, уымæн æмæ ирон литературæйæн (уæрæхдæр — ирон культурæйæн) саразæн нæ уыд нæдæр уырыссагау, нæдæр гуырдзиагау, нæдæр æндæр адæмы æвзагыл^—национ мидхъару нрд æмæ æххæстæй йæхи хъуамæ фенын кодтаид йæхи æвза- гыл — æрмæст иронау. Æмæ йын уыцы фадат фæци XIX æнусыдыккаг æмбис: Колыты Аксо æмæМамсыраты Те- мырболаты национ-поэтикон ориентаци адарддæр кæнгæ- йæ, Хетæгк&ты Къоста иронау сфæлдыста генион уац- мыстæ æмæ афтæмæй ирон æвзаг, нрон аивдзинад ра- кодта дунеон аренæмæ, æмткæй ирон адæмæн схæлар кодта æнæмæлæт. Национ мидхъару (ирон наци куы ’взæрди æмæ куы рæзти, уæд) цæмæй æддæмæ парахатæй рацыдаид, уый тыххæй фаг нæ уыдысты, Къостайы агъоммæ æмæ йе ’мрæстæг чи царди, уыцы нывгæнджыты курдиæттæ, кæд сæм æмткæй фау æрхæссæн нæй, уæддæр, — уый тых- хæйг хъуыд æнахуыр, æвæджиау, номхæссæн курдиат. Ирон адæм æй цæттæ кодтой, суанг фыццаг нæртон кадæг куы фæзынд, Сырдон йæ зынгхуыст хъæбулты цонджы стджытæ æмæ зæрдæйы тæгтæй фæндыр куы сарæзта, уæ- дæй фæстæмæ. Ирон адæмы ’хсæн куысты дихдзинад куы стыхджын, фольклорон синкретизм куы хæлди, аивадон сфæлдыстад коллективонæй индивидуалонмæ куы хыз- ти, уæд национ мидхъару алы рæттæй адæмы курдиат æрбамбырд кодта иу ранмæ, концентрацигондæй йæ, ма- хæн нырма кæронмæ зындгонд чи нæу, уыцы æрдзон, био- логон закъонтæм гæсгæ, сфыццаг кодта Хетæгкаты мыг- гаджы минæварæн æмæ йын æлгъыст æмæ арфæйау загъ- 5
та: «Амæй фæстæмæ æнæ дæу ма уæд Ирыстон æмæ æнæ Ирыстон макуы у дæхæдæг!» Алы адæмтæ дæр патриархалон-феодалон цардæвæр- дæй капиталистон цардæвæрдмæ хизгæйæ иукæнæ иннæ бæрцæй баззарынц прогрессивон ивддзинад, хæрзиуæгон процесс, — мах æй хонæм Æндидзынад кæнæ Ренессаис. Уый арæх ныййары, Энгельс Фридрихы загъдау, титан- тæ, титантæ сæ хъуыды, сæ монц æмæ сæ характеры ты- хæй, сæ бирæвæрсыг æмæ сæ ахуырдзинадæй. Уыцы ми- ниуджытæ хицон сты Къостайы гоймагæн дæр. Йæ кур- диат здæ^т у канд поэзимæ нæ, — уый æрттивы æмæ тæ- мæнтæ калы адæймаджы уды куысты бирæ фæрстæ æмæ къабæзтæй. «Если хотите, — фыста Фадеев Алыксандр, — Коста Хетагуров является своего рода Леонардо да Вин- чи осетинского народа. Какую силу любви к своему на- роду ну^кно иметь, чтобы в условиях старой Осетии быть одновременно и поэтом, и прозаиком, и драматургом,- и театральным деятелем, и. художником, и публицис- том, и обществзнным деятелем»1. Къостайæн йæ уарзты тых дæр, йæ курдиаты тых дæр, йæ гоймаджы æппæт стырдзинад дæр дунемæ рахуыдта Ирыстоны ног заман — ирон адæмы нацигæнæн æмæ национ культурæ аразæн заман, ома ирон Æндидзынад. Къостайы курдиат (ирон адæм дунейы историмæ, æн- дæр адæмты æндæвдадтæм сæ тæрттæ кæй байгом код- той, уым гæсгæ, — æиæуый ницахæм Æндидзынадæн ис уæвæн) нуæзта национ æмæ интернацион суадæттæй, уыдон ын схъомыл кодтой йæ эстетикон адæнкъарынад æмæ йæ дунеæмбарынад. Уырыссаг æмæ дунеон литера- турæйы уæлахизтæ, Пушкин, Лермонтов, Некрасов, Чер- нышевский, стæй Данте, Шекспир, Гете, Шиллер æмæ .æндæр стыр нывгæнджытæ Къостайæн æххуыс кодтой йæхи национ æмæ поэтикон «æз» арф æмæ алыфарсонæй равдисынæн, ног «поэтикон бæстæ» — «ирон бæстæ» — фыццаг хатт ныфсджынæй байгом кæнынæн æмæ йæ ин- нæ зындгонд, номдзыд^ «поэтикон бæстæты» æмрæнхъ уыцыиу февнæлдæй æрæвæрынæн —барджынæй, æнус- тæм. Къостайы курдиаты бирæвæрсыгæн, стæй дзы наци- он æмæ интернационæн органикон иудзинад кæй ис, уы- 1 А. Фадеев. Братство наррдов. — Осетия в русской литерату- ре. 346-æм ф. 6
мæн ма æвдисæн у уый дæр, æмæ йæ уацмыстæ кæй фыс- та дыууæ æвзагыл — иронау æмæ уырыссагау. Бæгуыдæр. мах ын иууыл тынгдæр табу кæнæм йæ ирон уацмыстæн, уыдон сты сæйраджыдæр йæ бакæнгæ ног поэтикон'«ирон бæстæ» (нацийы удыхъæд иууыл тынгдæр разынд наци- он æвзагыл), фæлæ сæ мах йæ уырыссаг уацмысты ных- мæ не ’вæрæм. Уыдон се ’ппæтдæр рацыдысты иу гойма- джы уд æмæ зондæй, сты иу æххæст, æнæфæхицæнгæнгæ сфæлдыстад, æмæ «дыууæвзагон» кæй у, уым цымыди- саг у уый, æмæ дзы иу æвзаг иннæйы нæ хъыгдары, нæ йæ æфхæры, фæлæ йын æххуыс кæны йæ поэтикон функци сæххæст кæнынæн. Уыдон — дыууæ æвзаджы дæр — поэ- ты зæрдæйы увдысты æмбар, æмсæр, æмæ сыл дæсныйæ фæлдыста новаторон æмæ оригиналон уацмыстæ. Мах сæм кæсæм æмæ сæ æвзарæм иумæ, кæрæдзийыл бастæй. Бирæтæ — раздæр æмæ ныр дæр — Къостайы хуыд- той æмæ хонынц канд ирон поэт нæ, фæлæ ма уырыссаг поэт дæр, æмæ уый раст у. Къоста æрмæст уырыссагау куы фыстаид, уæд лæ уыдаид ирон поэт. Ацы хабар нын ноджы дæр ма иу хатт бæлвырд кæны, зæгъгæ, национ мидхъару йæхи. национ æвзагыл куынæ равдиса, уæд нæ равзæрдзæн национ литературæ. Фæлæ иугæр Къоста ирон национ мидхъару равдыста иронаудæр æмæуырыс- сагау дæр, уæд нын й|æ ирон сфæддыстаД ирон литерату- рæйы историйы феномен куыд у, афтæ нын йæ уырыссаг сфæлдыстад та хъуамæ уæ уырыссаг литературæйы исто-- рийы феномен. Махæн нæ бон у зæгъын, зæгъгæ, Къос- тайæн йæ ирон сфæлдыстад ног куыд уыд ирон литера- турæйæн, афтæ — уадз къаддæр бæрцæй, фæлæ уæддæр — йæ уырыссаг сфæлдыстад дæр ног уыд уырыссаг лите- ратурæйæн. 1889 азы 16 августы Пятигорскы Лермонтовы цырты раз Къоста цы ’мдзæвгæ бакаст, ууыл дзургæйæ, Тихо- нов Никъала бацамыдта, зæгъгæ, Къостайы хъæлæс — «сидæг, æртхъирæнгæнæг, дард хъуысæг, зæрдæмæ хи- зæг» хъæлæс — æмзæл уыд Лермонтовы хъæлæсимæ æмæ уыцыиурæстæг уыд ног, æнæнхъæлцау хъæлæс, кæмттæй радымгæ сатæг уддзæфау1. Къоста йæ раздзæ- уæг поэтты æнæбонæй нæ фæзмыдта, фæлæ сæ йæ дуг æмæ йæхи «æз»-мæ гæсгæ дарддæр кодта. Иæ рæстæджы 1 Н. Т и х о н о в. Слово о Коста Хетагурове. — Осетия в русской литературе, 255—256-æм фæрстæ. 7
уырыссаг поэзийы цы поэттæ царди, уыдонæй иу дæр Къостайы хуызæн бæрзонд нæ дардта реализмы тырыса æмæ йын дзы иу дæр нæ бæззыд тохæмбалæн. Уырыссаг поэзи 20—30-æм азты кавказаг æрмæгыл романтизмы методæй цы романтикон хъайтары хаста дисæн, йæ лæджыхъæд æмæ йæ уæгъдибар кæмæн сдыд- та, уый фæстагмæ куыд баци, рæстæг ын цытæ бакодта, уымæн дзуапп дæттынц Къостайы поэмæтæ «Фатимæ» æмæ «Тæрхоны раз». Уыдон не сты романтикон, фæлæ реалистон уацмыстæ æмæ^дзы реалистон типизацийы’ амалæй æвдыст цæуынц романтйкон хъайтартæ Джам- булат æмæ Эски-абырæг. Уыдон дыууæ дæр цæрынц æмæ архайынц зæхкусæгон реформæйы агъоммæ æмæ йæ фæстæ, патриархалон-феодалон фæтк (ома «зæронд цард») капиталистон фæткæй (ома «ног цардæй») куы ивта, уæд. «Зæронд царды» цы тар миниуджытæ уыдт уыдон — æхсæнадон атомизм, эгоизм, иунæгдзинад æмæ а. д. — къаддæр æмæ лæмæгъдæр нæ, фæлæ фæфылдæр æмæ фæтыхджындæр сты, уымæн æмæ уыдон уыдысты ’буржуазон зондахасты сæйраг æнцой æмæ мыггагон гакк. Уымæ гæсгæ Джамбулат æмæ Эски-абырæджы хиуарзт, индивидуализм критикæ кæнгæйæ, Къоста уыцыиурæс- тæг фаудта «зæронд цард» дæр æмæ «ног цард» дæр, акцент тынгдæр «ног цардыл» æвæргæйæ. «Зæронд цард» Къоста хоны «хъæддæгты уæгъдибар» æмæ йæ минæвар, æлдары фырт Джамбулат фæсрефор- мæ йæ цагъартæй афтид куы аззад, уæд хъуамæ’сæ ных- мæ стох кæна, хъуамæ раздаха йæ бартæ æмæ йæ уарзт: йæ къухæй фæмард зноны цагъар Ибрагим æмæ уыйадыл йе ’фсин Фатимæ сæрра. Эски-абырæг кæд у Ибрагимы социалон æфсымæр (Наиб æмæ Джамбулаты хуызæн хъалтæм æххуырст æмæ цагъарæй арвыста йæ цардуал- дзæг), уæддæр «ног царды» маргæй афтæ схъæстæ, æмæ йæ уарзон чызг Зæлинæйы мойаджы сæ чындзæхсæвы бон куы амардта, уæдæй фæстæмæ тугдзых лæгмар фес- тад: сабийæ, зæрондæй, растæй, зылынæй кæйдæриддæр æййæфта, — æгъатырæй сæ мардта. Джамбулат куы’ ба- зыдта, зæгъгæ, Фатимæ сæрра, уæд тæппудæй тар æхсæ- вы хъæбысы бамбæхст, Эски-абырæг та бахауд хицæут- ты къухмæ æмæ йын ауындзæн аскъуыддзаг кодтой. Дыууæ хъайтары дæр кæнынц бæрзонд, рæсугъд ны- хæстæ (уæлдайдæр адæймаджы сæрибар æмæ уарзты тыххæй) æмæ аразынц æлгъаг, цъаммар хъуыддæгтæ. 8
Дыууæ дæр сæхи æрæвæрдтой адæмы ныхмæ æмæ адæ- мæн сты æнæуынон. Дыууæ дæр а’рхайынц хивæндæй, волюнтаристонæй æмæ сæ историон закъонбæрцад йæ фæндагæй аиуварс кодта. Эски-абырæг зæгъы йæхицæй (æмæ йемæ разы у поэт дæр): «Жизнь будет краше без меня», Джамбулатæй хуымæтæг фæллойгæнджыт.æ — Ибрагимы æмбæлттæ зæгъынц (æмæ уыдонимæ даер разы у поэт): «Холопов нет, работать лень, А голод, говорят, не тетка — И вот, как старая подметка, Вздымая. пыль, сгущая грязь, В народе топчется...» Уый у рæстæг æмæ поэты рæстаг тæрхон кавказаг романтикон хъайтарæн. Уый у хъайтарæн йæхицæн дæр æмæ цы ’хсæнадон уа- вæртæй равзæрд, чи йæ хаста æмæ йæ чи дардта, уыдо- нæн дæр сæ историон кæрон. Кæддæр Пушкин развæл- гъау цы рафæлгъуыдта, зæгъгæ, сомбон ралæудзæн кавказаг уæгъдибары мæлæт, уый арф æмæ раст равды- ста Къоста — стыр уырыссаг поэты романтизмы нæ, фæлæ- йæ реализмы фæдон æмæ.дарддæргæнæг. Бæгуыдæр, Къостайы поэмæты ис уырыссаг роман- тикон поэмæйы хицæн элементтæ. Афтæ ма йын йе ’мдзæв- гæты дæр уынæм уырыссаг поэттæй реминисценцитæ (иу- гай рæнхъытæ, фæлгонцтæ, рифмæтæ æмæ^æнд.). Уыдон уацмысы (æмткæй сфæлдыстады) контексты мидæг цæ- уынц трансформацигонд æмæ нейтрализацигонд, райсынц æвæлхатт уаг поэты гоймагон-индивидуалон æнкъарæн æмæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ социалон æмæ эстетикон тыр- нæнтæм гæсгæ, йæ метод æмæ йæ заманмæ гæсгæ. Зæ- гъæм, Къостайы иукъорд æмдзæвга^йы æваст æркæсгæйæ æнгæс сты Надсон Семены æмдзæвгæтимæ, сæ дыууæты дæр ис иухуызон дзырдтæ, фæлæ æмдзæвгæты контекс- ты æххæст кæнынц алыхуызон идейон-аивадон функци- тæ, уымæн æмæ дыууæ поэты гоймæгтæ-характертæ не сты кæрæдзийы хуызæн. Æгæрыстæмæй йын зæрдæсаст, пессимистон кæй хонынц, уыцы «надсонаг» æмдзæвгæты дæр Къостайы æнкъарæн у судзаг æмæ дудаг, активон* сагъæс æмæ архайд домаг, уынæм дзы, уырыссаг поэт- мæ дзы чи нæй, ахæм удыхъæд æмæ зæрдæуаг. Дыууæ- кæнæ фылдæр поэтты ’хсæн дзырдуатон-фæлгонцон кæ- нæ æндæр æнгæсдзинад — уый нырма ницæуыл дзурæг у. Алкæддæр хъуамæ нæхи фæрсæм: чи дзуры уыцы иу- хуызон дзырдтæ, кæд æмæ сæ куыд дзуры, цæмæн æмæ* цæй тыххæй? Къоста йæхæдæг схуыдта йæ поэмæ «Кæмæн ис хъæл-
.дзæг цард» Некрасовы фæзмæн. Фæлæ йын æцæгæй фæз- мæн схонæн нæй, уымæн æмæ уырыссаг поэты эпопеяйы амæлттæй аразы пародион эффект (Некрасовмæ авд зæхкусæджы зилынц Уæрæсейыл, æмæ цадæггай, хай- гай-фæлтæргай æвдыст цæуы адæмы цард, йæ хорз дæр æмæ йе ’взæр дæр, æхсæнады алыхуызон къордты типи- кон минæвæрттæ, æвæрццæгтæ дæр æмæ æппæрццæгтæ дæр; Къостамæ та авд чиновничы горæты булвары ба- дынц, ратардтой сæ сæ бынæттæй, се ’ппæт дæр сты гæр- тамхортæ, стигъджытæ, давджытæ, æмæ раздæр æфсæд- дон чи уыд, ахæм зæронд л’æг сын хурмæ калы сæ фыд- гæндтæ, æргом сын кæны сæ антиадæмон хъуыддæгтæ), пародион ахадындзинад ис, йæ персонажтæн характерис- тикæ дæтгæйæ, бирæ уырыссаг поэттæ æмæ прозаиктæй комко’ммæ кæнæ фендæрхуызонгондæй цы цитаттæ хæс- сы, уыдонæн дæр. Уыцы «кæмæйдæр райсæггæгтæ» сер’ье- зон пъланæй худæг-сатирæйон пъланмæ раивгæйæ, ми- дис æмæ формæйы ’хсæн контраст саразгæйæ æмæ аф- тæмæй мидисы (объекты) ницæйагдзинад раргом кæн- гæйæ, Къоста сфæлдыста йæхи сæрмагонд уацмыс, рад- та йæ дуджы хæдхæцæгады æнахъннон-фидиссаг сурæт. Уырыссаг поэтты «фæзмæнтæ» ис Къостайæн йæ ирон уацмысты дæр (æмдзæвгæтæ «Дыууæ халоны», «Мæгуы- ры зарæг», æмдзæвгæтæ-æмбисæндтæ «Халон æмæ ру- вас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Хъазтæ»). Уыдон уый- бæрц хæдхуыз национ, индивидуалон-поэтикон сты, æмæ •сын зынæй ис абарæн, кæй «фæзмынц», уыцы уацмыстимæ. Къостайы сфæлдыстад нын чысыл дзырдбастæй суанг егъау уацмысы онг уырнын кæны, зæгъгæ, Къоста нæу нæ- дæр Пушкин, нæдæр Лермонтов, нæдæр Некрасов, нæдæр Крылов, нæдæр Плещеев, нæдæр Надсон, нæдæр æндæр исчи, — Къоста кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр у Къоста. Афтæ зæгъын хъæуы, ныййарæг фольклоримæ йын цы ахастытæ ис, уыдонтыххæй дæр. Поэмæтæ «Фсати», «Уæл- мæрдты», «Л’æскъдзæрæн» æмæ æнд. фольклорон идеа- лизацигæнæг методæй сæхи фæиртæстой æмæ сын Къос- тайы реалистон метод радта ног хæрзхъæддзинад — æв- дисынц ирон царды ахсджиагдæр социалон æмæ хæрз- æгъдауон проблемæтæ, типикон уавæртæ æмæ типикон адæймæгтæ. Уыдон сæйраджыдæр бæлвырд кæнынц фбль- клор æмæ реалистон литературæйæн сæ хицондзинад нæ, >фæлæ сæ хицæндзинад. Фольклор æмæ реалистон литера- 10
турæйæ алкæмæн дæр историон къæлиндары ис йæхи кад- джын бынат. Къостамæ традицитæ æмæ новатордзинадæн ис диа- лектикон иудзинад, цыран сæйраг у новатордзинад. Зно- нæй йæм гуыры абон, сæ дыууæйæ та — фидæн. Цард æмæ йын аивад сты иугæндзон змæлгæ, ивгæ, рæзгæ. Ис- торизм ын у, йе ’сфæлдыстады алы чырæг æмæ ’алы къабазы дæр чи хъары, ахæм æппæтвæрсыг категори. Уый зыныуымæй, æмæ ивгъуыйы фыдæлтон рæстæг (мæсгуытæ, æхсаргæрдтæ, стæртæ æмæ а.д.), ссæнды йæ капиталистон рæстæг (пецтæ, айдæнтæ, скъолатæ æмæ а.д.), сæфы сæрбæрзонд хохаджы поэтикон дарæс æмæ йын йæ бынат ахсы европæйаг дарæс, адæймаджы хæрз- æгъдауы барæн сси куыст, ахуырдзинад, сабыр цард. Социалон-экономикон уавæртимæ ивынц адæмы харак- тер, сæ психологи. Уымæн уæлдай ирд æвдисæн сты поэ- мæтæ «Фатимæ», «Тæрхоны раз», «Сидзæргæс», «Хъуыба- ды», «Ч.й дæ?» æмæ æнд. Алкæцы дæр сæ у змæлд; цæуы иууагæй иннæмæ, иу уавæрæй иннæмæ. Фатимæ æмæ Иб- рагим цæуынц кæрæдзийы уарзтмæ, куыстæй аразгæ амондмæ, æддаг дунеимæ иумæ рæзы сæ мидæггаг дуне. Джамбулат цæуы йæ ивгъуыды хъал хиуарзт æмæ ницæ- уыл æввæрсгæ уарзондзинадæй йæ абоны чъизи фыдра- •кæнд æмæ æппæтыл æввæрсгæ худинагмæ. Эски-абырæг цæуы æрдз, куыст, адæм æмæ сылгоймаджы уарзтæй зоолопюн фыдæх æмæ тугмондагмæ. Эски-абырæг æмæ Хъуыбадыйæн сæ хъысмæты райдиан у æмхуызон, фæлæ Хъуыбады, Эски-абырæджы хъауджыдæр, цæуы æппæт зынтæн бафæразынмæ, йæ адæймагдзинад, йæ уды фидауц аемæ фарн кæронмæ бахъахъхъæнынмæ. Сидзæргæс цæуы зæрдæскъуынæн трагедийæ ноджы зæрдæскъуынæндæр трагедимæ: ацы ’хсæв уал йе ’ххормаг сабитæн хъæдурты ’фсон аджы фыхта дуртæ, фæсайдта сæ, хуыссæг сыл фæ- тых, фæлæ куы райхъал уой, уæд сын цы кæндзæн? Поэ- мæ «Чи дæ?»-йы хъайтар Иунæг цæуы æххуырсты æф- хæрд, æгъуыз æмæ дæлдзиныгæй йæ зæрдæйы хивæнд (ома йæ рæстаг æмæ ряесугъд удыхъæд, йæ адæймагон нысаниуæг) раргом æмæ разынын кæнынмæ. Æмæ канд поэмæты нæу афтæ. Къостайæн йæ алы æмдзæвгæйы дæр уынæм царды змæлд, хъуыды æмæ æн- къарæны змæлд. Адæмы иумæйаг хъысмæтыл дзура, «зæронд цард» æмæ «ног царды» ныхмæвæрдыл дзура, аивадыл дзура, уарзтыл дзура, цæуылфæндыдæр дзура — и
алкæддæр цæуы ныллæгæй бæрзондмæ кæнæ бæрзон- Дæй ныллæгмæ, сабырæй хъæрмæ кæцæ хъæрæй сабырмæ, мастæй цинмæ кæнæ цинæй мастмæ æмæ а. д., цæуы иу цæмæйдæр æндæр цæмæдæр, фылдæр хатт царды цыдмæ гæсгæ æмæ йæ эстетикон идеалмæ гæсгæ растдæр æмæ хуыздæр чи у, ахæм идеон-эмоцион фæстиуæгмæ. Змæлдæй се ’мдзаг сты йæ.прозæ æмæ йæ драматур- ги, йгæ публицистон æмæ -историон-этнографон уацтæ, йæ фыстæджытæ. Алы фæзынд æмæ алы цауæн дæр дзы -бæрæг у йæ бынат, йæ рæстæг, йæ аххосаг. • Историзмы æнкъарæн баст у фæндаджы æнкъарæннмæ. Къоста йæ цард æмæ йе сфæлдыстады фæндагыл бавзæр- ста къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ, стахтытæ æмæ æрхауд- тытæ, фæлæ иугæндзондæр цыд иу фæндагыл. Махæн бæрæг не сты йе ’ппæт уацмысты ныффыссяртт азтæ æмæ сыл уымæ гæсгæ хронологонæй нæ цæст рахæс- сæм, фæд-фæдыл цæугæйæ фæстæгтæм раззæгты хъау- дЖыдæр ногæй цы ’фтыд, уый конкретонæй фенынæн нын фадат нæй. Фæлæ уæддæр мах æнкъарæм æмæ фæлгъауæм, зæгъгæ, поэт цы цъус рацард (47 азы, уы- донæй сфæлдыстадон куыст кодта 20 азы бæрц), уым бирæ цыдæртæ ивта (йæхи сæрмагойд, гоймагон хъыс- мæт æмæ историон заман куыд ивтой, афтæ), уымæ гæсгæ йæм ис ныхмæвæрдтæ — йæ хъуыдыты дæр æмæ йæ эмоциты дæр, алыхуызон æхсæнадон идеятæ — царды иу кæнæ иннæ ахсджиаг фарсты тыххæй æмæ а. д. Æмæ кæд поэт æмткæй хуыздæр кодта — хуыздæр кодта йæ- хæдæг дæр (революцион тох, аивадон фæлтæрддзинад æмæ йæхи иудадзыг хъомыл кæныны фæстиуæгæн), хуыздæр кодтой йæ дунеæмбарынад дæр, йæ поэтикон дæсныйад дæр, уæддæр æй йæ фæндаг алкæд иууæлахи- зæй иннæ — уæлдæр, ахадгæдæр — уæлахизмæ нæ кодта. Фæлæ уымæй, мыййаг, йæ фæндаг нæ ныскъуыдтæ, нæ ныггалиутæ, нæ ныггæлиртæ, — йе ’ргом у .иуырдæм здæхт æмæ’ныл уадзы иу, æнæхъæн фæндаджы тæлмæн. Зындгонд у, Къоста Херсонмæ хаст куы ’рцыд, уæд (1899 азы) фыссын байдыдта поэмæтæ «Хетæг» æмæ «Кæуæг айнæг». Дыууæйæн дæр æрмæг райста ирон адæ- мон сфæлдыстадæй. Къостайы фæндыд, цæмæй уыдаик- кой историон уацмыстæ (фыццаг поэмæйæн равзæрста зæрдæаивæй тæтæр-монголы æрбабырсты рæстæг, дык- кагæн та, — уырыссаг хæдхæцæгад Кавказы байсынмæ йæ хъус куы ’рдардта, уæды рæстæг), фæлæ афтæ рауад, 12
æмæ сæ фольклорон аивадон æрдзыхъæдæй сæхи рато- нын сæ бон нæ баци (поэмæтæ «Фсати», «Уæлмæрдты» æмæ «Лæскъдзæрæн»-ы куыд у, афтæ), архайдтой дзы уæлзæххон, иррацион тыхтæ, нæ сæм куымдта историон рæстдзинад. Къоста сыл бирæ куыста («Кæуæг айнæг» сау фыстæй кæронмæ хæццæ дæр акодта), фæлæ сæ уæддæр нæ фæци. Уый йæ рынчыны аххос нæу (1902 азæй 1906 азмæ, суанг йæ мæлæты бонмæ йын уæззау низ схай кодта æгæрон хъизæмартæ, сындæггай йæ мардта), йæ рын- чыны аххосæй нæ баззадысты æрдæг фыстæй. Махæн нæ бон у, æмæ зæгъæм иннæрдæм, зæгъгæ, Къоста рын- чын кæнынмæ кæй хъавыд (Херсоны байдыдтой зынын йæ низы хицæн симптомтæ), уый у, ахæм поэмæтæ фыс- сынмæ кæй бавнæлдта, уымæн йæаххосаг кæнæ йæ ах- хосæгтæй иу. Къоста хатыдта, зæгъгæ, поэмæтæ уайынц «характе- рон», ома сты «æнæхарактерон» йе сфæлдыстадæн, йæ реализмæн, здахынц æй фæрсæрдæм йæ фæндагæй. Къостайæн та йæ бон нæ уыд (æгæрыстæмæй рынчынæй дæр!), æмæ йæхиуыл йæ къух систаид, йæ аивадон ме- тодыл иузæрдыг ма уыдаид, йæхæдæг кæй фаудта, йæ дуджы «цард æмæ поэзийы нысан æмæ нысаниуæг» чи нæ ’мбæрста, уыдон æмвæзмæ ’рхаудтаид. Æз уый зæ- гъын, æмæ йыл цахæмфæнды æвирхъау цæфтæ дæр не ’мбæлдаид (уыдонæй та цух никуы ’ййæфта), цахæм- фæнды фыдбылызтæ æмæ кризистæ дæр ыл нæ тыхста- иккой, уæддæр Къоста цыдис иу фæндагыл, иуырдæм, ивгæйæ нæ ивта, уыдис йæхи хуызæн. Уырыссаг революцион демократтæ амыдтой, зæгъгæ, политикон сæрибар кæмæн нæй, уыцы адæмæн литера- турæ у сæ иунæг трибунæ. Ирон адæм Къостайы заманы æвзæрстой социалон æмæ национ æфхæрд, сæ тыхтæ, сæ хæхтæ, сæ хъæздыгдзинæдтæ сын æнæауæрдонæй эксплуатаци кодтой æлдæрттæ, бынæттон æмæ æрцæуæг капиталисттæ, кулæктæ-цъулбертæ, хæдхæцæгон хицæут- тæ. Уыдон ирон адæмы æркодтой гæвзыкк æмæ тæри- гъæддаг, трагикон æмæ мæлæтдзаг уавæрмæ. 1885 азы Къоста Бетъырбухы Нывгæнæн академийæ куы ’рыздæхт æмæ йæ ныййарæг адæмы маст йæ риуæй хъæрзын æмæ хъарæгау куы сирвæзт, уæд йæ дзырдæй банкъуыст ирон адæмы зæрдæ, цыма сыл стыр хорз æмæ стыр хъуыддаг сæмбæлд, уыйау, уымæн æмæ, Ленины загъдау, «слово 13
тоже есть дело; это положение бесспорное для прило- жения к истории вообще или к тем эпохам истории, ког- да открытого политического выступления масс нет...»1 Зæгъæн ис, Къостайы алы æмдзæвгæ дæр уыд ирон адæ- мы царды ахъаззаг цау, æмæ 1899 азы «Ирон фæндыр» мыхуыры куы рацыд, уæд йæ ахадындзинад ахызт сыгъ- дæг литературон арæнтæй. Алыхуызон нымудзджытæ уæллаг хицæуттæн уырнын кодтой, зæгъгæ, «Ирон фæн- дыр»-ы уацмыстæ сты зианхæссæг æмæ тæссаг;дзурынц хæдхæцæгады колонион политикæйы ныхмæ, сидынц сæ- рибары тохмæ æмæ а. д. Цалдæр æмдзæвгæйы дзы цен- зурæ систа, цалдæр дзы фехæлдта (ахæм истытæ æмæ хæлдтытæй хъуаг нæ уыдысты йæ уырыссаг æмдзæвгæтæ дæр), фæлæ афтæмæй дæр уыд революцион фæзынд канд литературæйы нæ, фæлæ ма æхсæнадон-полнтикон царды дæр. «Дзыллæты æргом политикон растад» куы нæма уыд, ирон адæмæн се уæнгтæ рæхыстæй куы сбастой, упстæй сæ куы надтой, бæгънæг æмæ, стонгæй хæхты цъассыты куы джиудтой æмæ ниудтой, рухсы цъыртт сæм куы ни- кæцæй хъардта, уæд Къоста сидти Уастырджимæ, фий- йаумæ, исчимæ, ома хæстонмæ, фæтæгмæ, революцио- нермæ, цæмæй адæмы рамбырд кæна иумæ æмæ сæ бып- тон сæфын ма бауадза. Фæлæ уыцы рæстæджы ахæм адæймаг нæ уыд ирон адæмы ’хсæн, æмæ Къостайы сидт- мæ куы ничи фæзы-нд, уæд адæм уайтагъддæр бамбæрс- той, зæгъгæ, фæтæгмæ сын чи сиды, уый йæхæдæг у сæ фæтæг, сæ хуыздæрты хуыздæр, сæ зондджынты зонд- джындæр, сæ хъæбатырты хъæбатырдæр. Къостайы поэ- зи уыд ирон адæмы трибунæ, сæхи -æмæ сæ царды тых- хæй сын рæстдзинад кæцæй дзырдæуыд, сæ сагъæстæ æмæ сæ фæндийæгтæ сын кæцæй æргом чындæуыд, зонд" æмæ сын хæрзæгъдау кæцæй амындæуыд, революцнон тохмæ сæм кæцæй сидтæуыд, ахæм трибунæ. Къоста зыдта; зæгъгæ, Пушкин æмæ Лермонтовмæ поэт у пахуымпар, Некрасовмæ — гæдыгæнæг-фаухæс- сæг æмæ а. д. Фæлæ уыцы фæлгонц домдта, цæмæй йæм «ног цардмæ» гæсгæ бафтыдаид ног бæрджытæ. Æмæ Къоста загъта: «Æз пахуымпар нæ дæн», загъта ма но- джыдæр: «Æз поэт нæ дæн». Уый уымæн, æмæ йæм фаг нал каст поэты традицион фæлгонц, йæхн йын йæ ныхмæ 1 В. И Л е н и н. Полное собрание сочинений, т. 11, 59-æм ф 14
цæхгæр æрæвæрдта. Академик Луппол Иваны загъдау, «он высказал то, что должно было быть высказано уже в то время», «он чутко схватил и метко выразнл ковый облик поэта—поэта-бойца, поэта-вождя»1. Махæн нæ бон у зæгъын, зæгъгæ, «поэты ног фæлгонц» æвдисгæйæ. Къоста равдыста йæхи реалон фæлгонц. Поэт-хæстон, поэт-фæтæг, поэт-трибун, Къоста раза- мынд кодта Ирыстоны прогрессы æппæт къабæзтæн дæр. Уыдон та, уыцы къабæзтæ, кæрæдзиимæ афтæ æддæг- ’мидæг сты, æмæ сын фæхицæнгæнæн дæр нæй. Бирæ æмдзæвгæты поэт дзуры æмткæй ирон адæмы номæй кæнæ æмткæй ирон адæммæ, хоны сæ «мæ уар- зон, мæ иубæстон адæм» («Ракæс»), «мæ Иры фæсивæд» («Æнæ хай»), «нæ фæсивæд» («Æнæ фиййау»), «Иры лæппутæ» («Балцы зарæг») æмæ а. д., нысан кæны æл- дагон æфхæрд: «Мах бар нал ысты нæ сæртæ», «Байс- той нын нæ зæхх» («Азар»), «Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой, Рухскувæндæттæй хынджылæг кæнынц, Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой, Стырæй чысылæй нæ уистæй нæмынц» («Додой») фмæ а. д., фæ- дзæхсы, цæмæй Ирыстон æууæнкагæй, рæстæнхъæл ма- куы радта йæ бар æрцæуæг, тыхгæнæг хæддзумæ, йæ- хицæн дзы æлдар макуы скæна («Катай») æмæ а. д. Ацы хабарæн бамбарæн ис. Къоста уыдта ирон адæ- мы социалон-къласон хъулæттæ. Дуджы сæйраг кон- фликт — мæгуыртæ æмæ хъæздыджыты ’хсæн æнæбафи- даугæ ныхмæвæрд — цæуы йæ уацмысты кæрæй-кæ- ронмæ: иуæрдыгæй сты кънйæзтæ Наиб æмæ Джамбулат, иннæрдыгæй — цагъар, Ибрагим æмæ йе ’мбæлттæ («Фа- тимæ»), кънйазы чызг Зæлинæйы фыд æмæ æххуырст фиййау Эски-абырæг («Тæрхоны раз»), æлдар æмæ æх- хуырст фиййау («Хъуыбады»), уæйыг æмæ мæгуыр лæг («Лæскъдзæрæн»), сырдты паддзах .æмæ мæгуыр цуа- нонтæ («Фсати») æмæ а. д., иуæрдыгæй сты хъæздыджы- ты хъарм æмæ райдзаст уæттæ, сæ чындзхонты хъазт, сæ тæдзгæ цæхджын фыдтæ, сæ фæззыгон мулк, инпæ- рдыгæп — мæгуырты уазал лæгæттæ, сæ сывæллæтты кæуын, сæ цары хæлынбыттырты ахстæттæ, сæ бæгънæг æмæ се стонг («Мæгуыры зарæг»), Æнустæн зæрдæрн- сæн пыууагъта сидзæр сабцтæ æмæ сæ идæдз мады æнæ- 1 И. Л у п п о л. Коста Хетагуров и русская литература — Изве- стия Северо-Осетинского НИИ, т XXI, Ш-æхМ рауагъд, Орджоники- дзе. Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад, 1959 аз, 15-æм ф 1&
.адæймагон царды нывтæ («Сидзæргæс»), сау хæххон куыстæй рафтæг зæхкусæг, йе ’фсин æмæ се ’нахъом лæппуйы хъысмæты сагъæс («А-лол-лай») æмæ а. д. Уыдта Къоста ирон нацийы хъулæттæ, фæлæ йын йæ чысыл, хъæздыг хай — æлдæрттæ, горæттаг æмæ хъæу- уон буржуази, реакцион интеллигенци — хуыдта «ми- дæггаг знæгтæ», иппæрд сæ кодта ирон знæмæй, ома ирон нацийæ. Афтæмæй кæд «адæм»-æй (ома мæгуыр, фæллойгæнæг адæмæй) «наци» уæрæхдæр у, уæддæр сæ Къоста тынг нæ хицæн кодта, бындуронæй йын уыдысты синонимты хуызæн. Уымæ гæсгæ ирон адæмы тыххæй дзургæйæ, дзырдта ирон нацийы тыххæй, æмæ ирон на- цийы тыххæй дзургæйæ, дзырдта ирон адæмы тыххæй. Национ-сæрибаргæнæн змæлд цасдæр бæрцæй ба- хъардта’ Æгъуызаты Иуанемæ. Ирон адæмæн ивгъуыд заманты кæуылты уыдысты се ’хсар, сæ паддзахад,~уый йæ поэмæйы равдисгæйæ, Иуане амыдта, зæгъгæ, ирон адæм хъуамæ уой хæдбар (уырыссаг хæдхæцæгад æмæ гуырдзиаг æлдарад сын сæ бартæ ма исой), уа сын фыс- сынад æмæ мадæлон литературæ, рацæуой уд æмæ зон- ды рухсмæ. Уый сæххæст кæнынæн стыр ныфс æвæрдта чырыстон динæй. Уыцы хъуыддаджы йын хорз фæдон æмæ фарсхæцæг уыд Колыты Аксо. Уый архайдта, цæ- мæй ирон адæм дыууæ диныл ма хæцыдаиккой, се ’ппæт дæр чырыстон динмæ раздæхтаиккой, æмæ хъæбæрæй дзырдта Къуындыхаты инæлар Муссæйы ныхмæ, пы- сылмон ирæтты Туркмæ кæй сцом кодта, уый тыххæй. Аксойы фæнд куы рамбылдтаид, ома иу диныл куы ных- хæцыдаиккой, уæд ирон адæм уыдаиккой стырдæр æмæ тыхджындæр, æнæмæнг хуыздæр разындаиккой иннæ адæмты 'хсæн.,Ирон адæм,«къордтæ-дихтæ» кæй кодтой, сæ иу хай Туркмæ кæй алргъд æмæ уым сæфты къахыл кæй ныллæууыд, ууыл хъарæг кæнгæйæ, Мамсыраты Те- мырб,олат сидти йæ, райгуырæн бæстæм, цæмæй сæ акæна йæхимæ, «залымимæ» (ома хæдхæцæгадимæ) хæцынмæ. Кæд Къостайы рæстæджы ирон адæм комкоммæ æд- хæцæнгæрзтæ не стадысты хæдхæцæгады колонион по- литикæйы ныхмæ (зæгъæм, 30-æм азты Хъобан æмæ Че- селты кæмтты куыд уыд, афтæ), уæддæр национ-сæри- баргæнæн змæлд лæмæгъдæр нæ, — тыхджындæр фæци. Къостайæн æнæуынон уыдысты национ æфхæрды^ æп- пæт Хуызтæ дæр. Уый тох кодта, цæмæй ирон адæм ма хæссой «æрцæуæг хæддзуты» æфсондз, сæхи уа сæ 16
бæстæ æд æрдзон хæзнатæ, æд хъæууон хæдзарад, æд сæудæ/ркерад, хæдбардзинадæй иннæ адæмтимæ уой æмб’ар æмæ æмсæр, уа сын сæрмагонд уынаффæгæнæн, за’къондæттæн уагдон («осетинская палата депутатов»1), уа сын црон скъолатæ, ирон литературæ, ирон аивад æмæ а. д. фæлæ национ-сæрибаргæнæн змæлд Къоста- мæ хицæнæц нæй, алырдыгæй дзы хъарынц~социалон- къласон идеятæ, гармонионæй иу кæны интернацион-ре- волюцион змæлдимæ. Гъе, уымæ гæсгæ Къостайы ноэ- ■зийы социалон, национ æмæ интернацион хъуыдытæн æмæ эмоцитæн ис вазыгджын симбиоз, æмæ дзы иутæн æнæ сæ иннæтæ бамбарæн æмæ аргъгæнæн нæй. Къоста йе сфæлдыстады иугæндзон æвæрдта, адæмы царды цыдæриддæр ахсджиаг фарстытæ уыд, уыдон æмæ сæ лыг кодта адæмы пайдайæн. Адæмæй рацыдысты æмæ адæмы типикон характер æвдисынц йæ хъайтартæ. Сæ цард кæд хъизæмайраг у, уæддæр сæ миддуне у хъæздыг æмæ рæсугъд, бæрзонд æвæрынц æмæ сын ка- ды аккаг сты сæрибар, куыст, намыс, фæразондзинад, хæлардзинад, уарзт (райгуырæн бæстæ, æрдз, аивад æмæ дыууæ уды астæу уарзт). Уыцы миниуджытæй фи- дауынц Ибрагим, Хъуыбады, поэмаггæ «Сидзæргæс», «Чи дæ?» æмæ «Уæлмæрдты»-йы хъайтартæ, лæскъдзæ- рæг æмæ æнд. Уыцы миниуджытæ арфæйаг уыдысты канд «ног цардæн» нæ, фæлæ ма фидæнæн дæр. Æмткæй «ног цардæн» нæ, фæлæ йæ прогрессивон тенденцитæн, уымæн æмæ Къоста уыдта капитализмæн канд йе ’ппæрццаг нæ, фзелæ ма йе ’вæрццаг фæрстæ дæр. «Ног цард» объективонæй амыдта æмæ ардыдта фæстæмæ, «хъæддæгты уæгъдибармæ» нæ, фæлæ размæ,, «æцæг сæрибармæ». «Ног цард» бацамыдта Фатимæйæн, цæмæй кънйæзты дунейæ ацæуа адæмы дунемæ. Адæмы, номхуындæй, фæллойгæнæг адæмы, тох æмæ куысты ми- дæг равзæрынц æмæ бахсидынц иумæйагадæймагон хæрзæгъдауы принциптæ æмæ сæм æнæмæнг æрцæуынц уæлдæр кълæсты хуыздæр минæвæрттæ. Къостайы хъай- тартæ сты «ног царды» ног адæймæгтæ, фæлæ дзы ног адæймаджы ном иууыл тынгдæр кæмæ æмбæлы, уый у Фатимæ. 1 К. Хетагуров. Собрание сочинений в пяти томах, т. V. М. ССР Цæдисы ЗА рауагьдад, 1961. 133-æм ф. 2. Дзуццаты X. 17
Куыд цард æмае аивады алцыдæр, афтæ адæмон-на- цион характер дæр Къоста уыдта змæлгæйæ, ивгæйæ. рæзгæйæ. Æргом ын фаудта йе ’взæр бæрджытæ, «зæ- ронд цардæй» кæй рахаста æмæ йæ æнцонæй чи нæ уагъ^ та, уыцы «ахуыр», гуылымыз цайдагътæ æмæ фидиссаг тырнæнтæ. Ирон нацимæ цыдæриддæр хорзæй уыд, уый хъахъхъæнгæйæ æмæ йæм аудгæ-уарзгæ кæсгæйæ, Къос та уыцыиурæстæг архайдта, цæмæй ирон характер йæхи хъæздыг кодтаид æндæр нациты фæзминаг миниуджы- тæй, интернацион хæзнатæй. Къостамæ гæсгæ, хъуамæ раивтаид сылгоймагмæ ахаст—адæймаджы хорз æмæ æвзæр бæрæггæнæг. Ибрагим æмæ поэмæ «Чи дæ?»-йы хъайтар сæ уарзон сылгоймæгтæн тыхми нæ кæнынц, дзаумайы цæстæй сæм нас кæсынц, сæхицæй дæлдæр нæ, — уæлдæр сын æвæрынц сæ сæрыкад. Къоста йæхæдæг, сылгоймагимæ сæ уарзт æмзæрдион куы нæ рауад, сæ ахицæнимæ йын йæ зæр- дæйы æгæрон рис куы ныууагъта, уæд æй не ’фхæры кæ нæ не ’лгъиты, йæ маст дзы нæ исы, фæлæ йæ фæнды, цæмæй амондджын’уа, ма фæфæсмон кæна («Хæрзбон»). Ахæм уарзт Къостайы агъоммæ Ирыстон нæ зыдта. Адæмы кæддæриддæр хъæуынц, сæ цард кæмæ гæсгæ аразой, кæй фæдыл цæуой, ахæм адæймæгтæ. Уыдон цъусуыдысты ирон адæммæ. Хуымæтæджы нæ загъта Къоста: «Лæджы хуызæн лæг нæм—-ыстæм» («Ракæс»), хуымæтæджы нæ бафарста, Хъипиани Михалы амæлæ- тыл куы хъыг кодта, уæд: «Много ль их былЪ, способных народу, Так же всецело отдаться, любя, Так же бороться за нашу свободу, Светоч познания в сакли внося?», ба- фарста æмæ дзу^пп радта: «Нет, их немного» («На смерть М. 3. Кипиани»), хуымæтæджы нæу уый дæр, æмæ ахæм адæймæгтæй кæуыл ныффыста, уыдон кæй сты æндæр адæмтæй, номхуындæй, уырыс æмæ гуырдзы- йæ. Уыдонæй иутæ, Неверов Януарий, Кавказы ахуыр- гæнæн зылды бæрныдзыд, æмæ Хъипиани Михал, гуыр дзиаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг, комкоммæ ба- лæггад кодтой ирон адæмæн. Неверов сын амыдта, цæ- мæй æндæрхуызон æмбарой хæс æмæ намыс, æндæр- хуызон уарзой сæ хæхтæ, ома «хъæддæгты уæгъдиба- рæй»> сæхи схицæн кæной «æцæг сæрибары» сæрвæлтау («Памяти Я. М. Неверова»). Хъипиани дæр афтæ: мæст- джын уыд адæмы мæстæй, фæхатти сын цырагъдарæй, 18
æмæ йын йæ рухсæн æдзухдæр хъардзысты сæ уд («Ма- рды уæлхъус»). Уыдонæй иннæтæ, стыр нывгæнджытæ, Грибоедов, Лермонтов, Островский, Чайковский æмæ Плещеев, кæд комкрммæ, практиконæй ирон адæмы царды хайад нæ райстой, уæддæр сын хæстæг уыдысты иууыл уæлдæр хæстæгдзинадæй — уды хæстæгдзинадæй æмæ сын ирон адæм сæ фарн хъуамæ æрхион кæной. Лермонтов сын у бæллиццаг сæрибары фидиуæг, æмæ Къоста сæрибары мидис конкретизаци кæны, фæстагмæ кæй аппæрста, уы- цы строфайæ: «Не свободы былой — зла, насилья и слез, Разрушенья, расправы жестокой, — Нет! Свободы тру- да, поэтических грез И любви бескорыстной, высокой». Лермонтовимæ ацæудзысты аивад æмæ зонады аргъуан- тæм, йемæ сæхи цæттæ кæндзысты стыр, сыгъдæг æмæ кады хъуыддаджы сæрбГл тохмæ («Перед памятником»). Къоста сиды адæммæ, цæмæй уырыссаг аивадон »æмæ æхсæнадон хъуыдыйы хуыздæр минæвæртты зондыл ныххæцой æмæ сын сæ уды фидауц райсой/сиды сæм, цæмæй цæуой канд сæ фæдыл нæ, фæлæ семæ иумæ æмæ уыдонæй дарддæр. Уымæн æвдисæн у йæ ныстуан: «Иди за ним! И факел, им зажженный, Раздуй сильней, и всю- ду им свети» («Памяти А. Н. Островскогп»). «Тынгдæр сфæйлау» («раздуй сильней») —уыйдомы ногхæрзхъæд- дзинад. Уыдон, «лæджы хуызæн лæгтæ», сты фæлгонцтæ-дæн- цæгтæ. Уыдонæн æмбæлон аргъ куынæ кæной адæм, уы- донмæ гæсгæ куынæ цæрой æмæ куынæ архайой, уæд сын æцæг адæм, æцæг наци схонæн нæй. Уымæ гæсгæ зæгъы Къоста: «Тогда лишь в будущность народа я по- верю, Когда он гения оплачет своего» («Памяти П. И. Чайковского»). «Лæджы хуызæн лæгтæм» ахæм ахаст — уый дæр у ног ссард ирон адæмы характерæн. Ирон поэты сфæлдыстады дзæвгар фæзминаг хъай- тарты ’хсæн иууыл уæлдæр фæлгонц-дæнцæг у Къоста йæхæдæг. Мах ын уынæм йæ миддуне, нæ разы арф æмæ уæрæхæй райхæлы йæ «уды диалектнкæ», йæ хъæздыг амæ йæ фидауц. Уый иугæндзон царди æмæ улæфыди райгуырæн бæс- тæ æмæ ныййарæг адæмы уарзтæй. Уыдон сæрвæлтау, сæ амонд æмæ сæ сæрибары сæрвæлтау Къоста йæхи амондыл йæ къух иста. Адæмæн амонд кæм нæй, ахæм амонд ын у удхæссæг, æнæуынон. Уый амондыл никуы 19
фæцайдагъ æмæ йæ нæдæр хъæугæ кæны, йæ цард ын кæд зынаргъ у, уæд æрмæст уымæн, цæмæй йæ фæстаг шхы æртахæй дæр балæггад кæна йæ райгуырæн бæстæн, снывонд æй кæн^ йæ адæмы сæрибарæн. Уый иугæндзон стыр хæс æнкъарДта райгуырæн бæстæ æмæ ныййарæг адæмы раз. Иугæндзон æм афтæ каст, цыма дзыллæйæн цы хъуамæ сарæзтаид, уымæн нæ сарæзта йæ иу цахæмдæр хай дæр. Иæ хæс та афтæ дардыл æмбæрста, æмæ йын сæххæстгæнæн "уыд, æрмæст социалон революци куы ралæууыдаид æмæ адæмæн сæ- рибар куы ’рхастаид, уæд. Райгуырæн бæстæ æмæ ный- йарæг адæмы уарзт Къостайы хуызæн иу иронæн дæр никуы лæвæрдта тых, цæмæй быхстаид æнæнымæц Зыц- тæ æмæ хъизæмæрттæн, цæмæй цыфæнды уæззау уавæр- ты дæр куыстаид æмæ тох кодтаид титанау. Райгуырæн бæстæйы уарзт Къостамæ баст у æппæт адæймагады уарзтимæ, уымæн æмæ æнæ уый Ирыстон не суыдаид, Къостайы куыд фæндыд, афтæ, уымæн æмæ национ идеалтæ размæ нæ рацыдаиккой, интернацион иде- алтимæ,æмуд куынæ уыданккой, уæд. Æмæ нæм кæд æваст æркæсгæйæ афтæ фæзыны, цыма Къоста уыцы дыу- уæ уарзты ныхæй-ныхмæ æвæры: «Люблю я целый мир, люблю людей бесспорно, Люблю беспомощных, обижен- ных, сирот, Но больше всех люблю — чего скрывать по- зорно?—Тебя, родной аул и бедный наш народ» («Не верь, что я забыл родные наши горы...»•), цыма йæ рай- гуырæн бæстæ дунейæ, йæ адæмы иннæ адæмтæй фыл- дæр уарзы, уæд уымæн ис йæхи историон аххосаг æмæ бындур. Ирон наци нырма ныртæккæ куы равзæрд, хæд- хæцæгад æмæ уæвæг цардæвæрд ирон адæмæн сæ хæд- хуыз аёмæ сæ фцзиономи куы сæфтой, сæ бæстæ сын куы истой, физикон æмæ удон мæлæтмæ сæ куы тардтой, уæд тынг сфидар кæнын хъуыд райгуырæн бæстæйы æнкъа- рæн, национ хиæмбарынад, æмæ уыцы æнкъарæн æмæ хиæмбарынад поэты риуæй цыдысты æргомæй æмæ æр- дзонæй, иннæ хæттытау ныр дæр "ирон поэты дзыхæй дзырдта историон рæстдзинад. Уыцы рæстдзинад та амыдта, зæгъгæ, иугæр адæм æмæ наци куы фесæфой, куы нал уой, уæд дзурæн нæй нæдæр æппæтадæймага- дон^ æмæ интернационы тыххæй, нæдæр адæмон æмæ национы тыххæй, уымæн æмæ интернацион никуы вæй- йы æнæнацион, сæ иу дзы се ’ннæмæн у йæ архайæн æмæ йæхи æргомгæнæн бынат. Уымæ гæсгæ дыууæ уарзтæн — 20
райгуырæн бæстæ æмæ æгас дунейы уарзтæн — æцæгæи ныхмæвæрд нæй, фæлæ сын ис органикон иудзинад. Афтæ ма ницахæй ныхмæвæрд ис дыууæ уарзты ’хсæн,. Къоста æрмæст дуйейы кой кæм кæны, уым дæр: «Весь мир—мой храм, любовь—моя святыня, Вселенная — Ьтёчество моё...» («Я не пророк...»). Ахæм масштабон уарзтæй уарз&н ис, райгуырæн бæстæйы уарзт тыхджьш куы уа/дунейы зæхх хй зæХхау банкъарыны онг куы сырæза, уæд. Къостайæй æнæ Ирыстон нæй дуне æмæ йын æнæ дуне нæй Ирыстон. Зæгъæй ис, дыууæ уёрзтЫ уыцы иудзинад æнæзонгæ нæ уыд хæдхæцæгадæн. Къостайæн Ирыетоны цæрыны бар куы нæ лæвæрдта, куы-иу æй ахаста æндæр бæс- тæм, уæд, гъай-гъай, æмбæрста, зæгъгæ, Къостайæн тыхдæттæг у! Ирыстон, æмйе йæ уымæй Антейау куы атр’йа, йæ нацй куь! нал уьша, йæ улæфт æмæ йæ дзы- хæйдзырд ын куы нал хъуса, уæд, чи зоны, суа æгъæ- дзар, дзæгъæлхæт; æнæарт æмæ æнæфæнык космополит. Фæлæ йæ цас арæхдæр æмæ дарддæр хаста йæ рай- гуырæн бæстæй, уыйас æм цырындæр кодта патрио- тизм æмæ уыцыиурæстæг интернационализм дæр. Йæхи ирон адæмы ристау, Къоста йæ зæрдæмæ арф иста уырыссаг, украинаг, гуырдзиаг æмæ æндæр адæм- ты рйстæ, иугæндзон тыхсти канд Уæрæсейы импери- йы — «адæмты ахæс^оны» — цаутыл нйе; фæлæ ма æгас дунёйы цаутыл дæр. Англисаг^ империалисттæ Хуссар Афрйкæйы республикæтæй колонитæ куы арæзтой, бур-. тæ сын æнæмсæр хæсты сæттын куы нæ куымдтой, уæд Къоста æхсызгонæй схъæр кодта йæ цин æмæ йæ фæн- дон: «Пусть бритта — жадного удава Бур кскрошит за свой Трансвааль. — Непобедимым бурам слава! «Ура! — а бритта нам не жаль» («Вите»). Къоста кæм- дæрйддæр æмæ кæдДæрйддæр хæцыд ир æмæ дунейы фæллойгæнæг адæмы фарс, йр’ æмæ дунейы «æлдари- уæггæнæг каннибалты» ныхмæ. Крсмополитизм, национ нигилизм æмæ национ изо- ляц^рнизм, герметизм карзæй фаугæй^е, Къоста кад кодта национ æмæ интернацион сæрыстырдзинадæн (райГуырæн бæстæ æМæ æ^ас дунёйы уарзтæн). Наци- он æмæ интернацион — аДон æ^архайд, æмгуыст æмæ æмхъæздыгадæй Къоста сси ирон æмæ æппæтадæйма- гадон поэт, йæ гоймзг æмæ Йе сфæлдыстадæн ис на- цион æмæ интернацион ахэдындзинйд. 21
Къостайы интернационализм схъомыл бирæ адæмты ’хсæн. Æгæрыстæмæй, йæ сæрмагонд хæлæрттæ дæр уыдысты алыхуызон нацитæй:- уырыссæгтæ æмæ украи- нæгтæ, гуырдзиæгтæ æмæ сомихæгтæ, кæсгæттæ æмæ а. д. Уый сын стыр аргъ кодта сæ национ æвзæгтæ æмæ литературæтæн, сæ бæстæты хæдбардзинадæн, фæндыд æй æмæ архайдта, цæмæй кæрæдзи уарзгæйæ’ цæрой, кæрæдзийæн æххуыс кæной, сæ хæлардзинад сын ма хъыгдарой культурон? цардуагон, динон æмæ æндæр хицæндзинæдтæ. Кавказаг адæмтæй йын уæлдай фылдæр бастдзи- нæдтæ уыд гуырдзиаг адæмимæ. Уый зонгæ уыд фыс- сæг Хъазбеги Алыксандр, публицист, æхсæнадон ар- хайæг Хъипиани Михал, композитор Арахъишвили Дйитри æмæ æндæр номдзыд адæймæгтимæ. Уый дыу- уæ хатты æрцыд Тбилисмæ: фыццаг ха.тт — Херсонмæ йæ куы хастой, уæд (1898 кæнæ 1899 азы), хасты бы- нат аивыны тыххæй уæлдæр хицæуттимæ баныхас кæ- нынмæ; дыккаг хатт — Хуссар Ирыстоны сатихъайраг зæхкусджытæм æфсæддон экзекуци куы ’рбадт, уæд (1902 азы), се суæгъд кæныны тыххæй уæлдæр хицæут- тæм хъаст бадæттынмæ. Гæнæн ис, æмæ дзы уыдаид уымæй размæ дæр. Гуырдзыстоны сæйраг горæт йæ зæр- дæмæ тынг кæй цыд, уый бæрæг у уымæй, æмæ йæ хъайтар — фæндырдзæгъдæг Хъуыбады æлдары азарæй кæй "алыгъд Тбилисмæ (ссардта дзы зæрдæйы хъарм, рæвдыд, æнцой) æмæ йæ буцæй кæй хоны «цытджын Калак». Къоста кæддæриддæр цымыдис кодта рагон æмæ нырыккон гуырдзиаг культурæмæ. ЗындГонд у, зæгъгæ, 1887 азы уый скодта Гуырдзыстоны рухстауæг сылгой- маг Сыгъдæг Нинæйы ныв. Цалынмæ йæ Гуырдзыстон- мæ нæ аластой, уæдмæ йæ цалдæр къуырийы æвдыстой Дзæуджыхъæуы цæрджытæн. Прессæ фыста, зæгъгæ, Къостайы ныв афтæ æнахуыр аив уыд, æмæ йæм адæм не ’фсæстысты кæсынæй1. Зындгонд у уый дæр, æмæ 1893 азы Хъазбеги (Мцъе- рали Сандро) рынчындоны æнæркаст, гæвзыккæй йæ бонтæ куы тыдта, уæд Къоста фæсидт кавказаг æхсæ- надмæ, цæмæй истæмæй фæрог кæной гуырдзиаг бел- 1 Каэс: М. Т у г а н о в. Литературное наследие. Орджоникидзе, рауагъдад «Ир», 1977, 165, 181-æм ф. 22
летристы уавæр. Къоста амоны, Хъазбеги йæ адæмæн цы хæрзтæ ракодта, уыдон: кæд, зæгъы, хуыцауы хор- зæхæй фæиртæст, уæд, æвæццæгæн, уымæн, æмæ æгæр бирæ радта йæ адæмæн1. Зындгонд ма у ноджыдæр, зæгъгæ, Къоста фæса- рæйнаг анонимон брошюрæ «Церковные вопросы в Рос- сии», зæгъгæ, уырдыгæй рафыста хицæн Ьынæттæ, цы- ран дзырдæуы, экзархтæ æмæ архиерейтæ гуырдзиаг дзуæрттæ æмæ аргъуантæй цы бирæ зынаргъ хæзнатæ, аивадон цыртдзæвæнтæ фæдавтой, уыдон тыххæй, стæй ма дзуæрттæ æмæ аргъуанты гуырдзиаг æвзаджы бартæ кæй къуындæг кодтой, уый тыххæй дæр. Ацы цаутæ* Къоста фаудта æмæ сæм дардта хæрам зæрдæ2. Цалдæр раны йæ фыстæджыты ракодта гуырдзиаг фынджы зарæджы кой: куы цин кæны, зæгъгæ, куывды ныззардзæн мравалжамиер, куы та хъыг кæны, мра- валжамиер кæимæ азара, уый йын кæй нæ уыдзæн, уый тыххæй. Иæ чиныг «Ирон фæндыр»-ы къухфыстытæй та сæ иуыл ирон дамгъæтæй ныффыста гуырдзиаг дзырдтæ: «Цотъа синатле моушви» æмæ сæ тæлмац: «Чысыл рухс рауадз». Ацы хабар ууыл дзурæг у, æмæ Къоста кæнæ гуырдзиагау æмбæрста кæнæ та гуырдзи- аг æвзаг ахуыр кодта. Къоста æппæт нациты дæр бирæ кæй уарзта, уый т-ыххæй Дзæуджыхъæуы йæ ныгæнынмæ 1906 азы 10 апрелы æрæмбырд æваст бирæ адæм. Йæ мардæн ын æгъдау лæвæрдтой æпп&т динты кусджытæ дæр, йæ ин- гæны уæлхъус радзырДтой бирæ æвзæгты минæвæрттæ. Политикон ныхас дзы ракодта Цæгат Кавказы больше- викты разамонæг Буачидзе Ной. Къостайæн йæ цардау йæ мæлæт дæр уыд уарзт, æмбарад æмæ хæлардзинады хъомысджын сидт æмæ демонстраци. Къоста хъахъхъæдта æмæ дарддæр кодта револю- цион-демократон традицитæ, ома уырыссаг сæрибаргæ- нæн змæлды дыккаг этапы бынтæ, æмæ уыцыиурæстæг тынг æрбаввахс уырыссаг сæрибаргæнæн змæлды æр- 1 К. Хетагуров. Собрание сочинений в пяти томах, т. IV, 7, 8-æм ф. 2 Кæс: В. К о р з у н. Коста Хетагуров. Очерк жизни и творчес- тва. М., рауагъдад «Советский писатель», 1957, 103, 104-æм ф.; 8. А б а е в. Коста Хетагуров и его время. Тбилис, Гуырдзыстоны ФЦ рауагъдад «Заря Востока», 1961, 175-æм ф. 23
тыккаг этапмæ, пролетарон этапмæ. Уыцы хъуыддаджы йын ахъаз кодта канд кæй каст, уыцы марксистон лй- тературæ нæ, фæлæ сæйраджыдæр адæмы цард æмæ революцион змæлд йæхæдæг, цыран уый йæ куырыхон зонд æмæ къæрцхъус зæрдæйæ ахста историйы къах- айст, йæ тенденциты цæуæнтæ. Зæгъæн ис, зæгъгæ, Къоста уырыссаг сæрибаргæнæн змæлды æртыккаг эта- пæн канд йæ къæсæрмæ нæ бахæццæ, фæлæ йæм ба- хызти мидæма* дæр æмæ дзы æнæмæнг суыдаид бар- джын архайæг, не ’нусы тæккæ райдайæны мæлæтдзаг низы амæттаг куынæ фæуыдаид, уæд. Къоста лæмбынæг каст æмæ тырныдта фидæнмæ. Уым уыдта йæ идеал — социализм. Уым, фидæны, «...мы, как любящие братья, Воздвигнем на земле один всеоб- щий храм, Храм жизни трудовой, насилыо недоступный, Сознательной борьбы, без пыток и крови, Храм чистой совести и правды неподкупной, Храм просвещения, сво- боды и любви!...» («Мне нравится, мой друг, что ты глядишь пытливо...»). Уырдæм, фидæнмæ, адæм æр- цæудзысты, сæ тыхтæ куы баиу кæной æмæ æдгæрзтæ куы растой æфхæрджыты ныхмæ, ома революци куы саразой, уæд. Къостайы нæ фæнды, цæмæй фæкъæм- дзæстыг кæна, «хъæлдзæг бонæн тугамæхст сæуæхсид» карзæй чи цæттæ кæны, уыцы адæймæгты чырыстон «æнæныхмæлæууынады» амындæй. Уыцы адæймæгты архайдæй «æхсæв фæцæуы йæ кæронмæ» æмæ рæхджы «джебогътыл ферттивдзæн сæуæхсиды тын». Уыцы адæй- мæгтæ æнæмæнг уыдысты кусæг-зæхкусæгон æмæ сал- датаг массæ. Къоста уыд сæ фарс æмæ семæ. Уыцы адæймæгтæ хъуамæ ныппырх кодтаиккой зæронд дуне æмæ сарæзтаиккой «ног дуне» («Не упрекай меня, что я забросил лиру...»). Мах не ’ппæт дæр зонæм, зæгъгæ, революцион де- мократтæ сидтысты «фæрæт» райсынмæ. Фæлæ мах хъуамæ зонæм уый дæр, æмæ «фæрæт»-æн «джебогъти- мæ» кæй нæй адекватон рахонæн. Уый, мыййаг, хуымæ- тæг, формалон хицæндзинад нæу, — уымæн йæ фæстæ лæууы адæмы ссæрибар кæныны ног дуджы ног æмба- рынад. Къостайы хъайтартæ кæд æргомæй нæ цæуынц се знæгты ныхмæ, кæд сæм нæй революцион бархъомыс æмæ архайд, уæДдæр «фæдисы хъæр» куы айхъуыса, уæд æнæмæнг байу уыдзысты, «тугамæхст сæуæхсид* 24
чи цæттæ кæны, уыцы адæймæгтимæ. Царды уавæртæ1 сæ уыйонг скодтой, æмæ сæм сæ ныхмæ æвзæры канд протест нæ, фæлæ ма тохы ныфс æмæ фæндон дæр. Цасдæр бæрцæй ахæмтæ сты Фатимæ, лæскъдзæрæг, сырДгур мæгуыр цуанонтæ, ахæм у салдаттаг ирон лæп- пу: «Фенæм уал... Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, — Чи мæ цы айса — йæхи!...» («Салдат»). Æмткæй райсгæйæ, Къостамæ адæймаг у канд æх- сæнадон продукт нæ, фæлæ ма æхсæнадæн йæ ныхмæ- лæууæг дæр. Иугæр æхсæнады уавæртæ сты «æнæадæй- магон», уæд бакæнын хъæуы афтæ, цæмæй суой «адæй- магон». Уый та бакæндзысты активон адæймæгтæ, ре- волюцион тохмæ æдæрсгæ чи рацæуа æмæ цард социа- листон уагыл чи рацараза, уыдон. Ирон литературæйы Къоста ныббиноныг кодта кри- тикон реализм æмæ уыцыиурæстæг йе сфæлдыстадæй бацæттæ кодта социалистон реализм. Уый уайтагъд ра- хатыдта ног реализмы характер, раздæр сæ фæрстьг кæмæн хызтысты, сæ нысаниуæг кæмæн не ’мбæрстой, уыцщ типты галерея Горький Максимы уацмысты куы федта, уæд1. Къоста йæхæдæг тынг æнгæс у социали- стон реалисттимæ цард рацаразын æмæ активон адæй- маджы идеяйæ. Тынг æнгом ма у семæ уымæй дæр, æмæ уый канд фидæнмæ нæ каст, фæлæ ма фидæнæй каст йæ дугмæ дæр. Зæгъæн ис, йæ дуджы фæзындтæн аргъ кодта фи- дæны критерийæ. Уымæ гæсгæ йæ реализм фидар код- та аДæмы æппæт æвæрццаг миниуджытæ дæр, фидæн- мæ фæцæуынæн æмæ ахæссынæн чи бæззыдаид, уыдон, æмæ æнæауæрдонæй сæ ных цавта, фидæнæн æцæгæ- лон чи уыд, фидæн кæуыл нæ баввæрсыдаид, уыцы. ми- ниуджытæн. Къоста кад кодта, революцийы фæстæ чи ралæууы- даид, уыцы цардæн, зарыдис ыл, фæлæ йæ зарæг кæ- ронмæ нæ фæци. Хуымæтæджы йын нæ дзырдта æры- гон советон поэт Хъамбердиаты Мысост: «Неспетое то- бою, Быть может, я спою» («Певцу»): Фидæны тыххæй Къостайæн зæгъын цы нæ бантыст, уый хъуамæ загъ- таиккой æмæ йæ зæгъгае дæр кодтой фидæны поэттæ — Къостайы фæдонтæ. Къостайæн заринаг чи баззад, уый 1 Кæс: Б. М. Городецкий. Встречи с Коста Хетагуровым в Петцр^ургс. — Коста Хетагуров. Сборник памяти великого осетин- с»ого поэта, 194—195-æм ф. 25;
сзаргæйæ, уыдон фенын кодтой зæронд реализм æмæ ног реализмы генетикон бастдзинад. Ирон нациимæ иумæ æмæ йæ мидызмæлдæй рай- гуыргæйæ, Къоста йæхирдыгæй, йæ архайд æмæ йе сфæлдыстадæй ирон адæммæ арф æмæ уæрæх кодта национ хиæмбарынад. Æмæ канд ирон адæм’мæ нæ. 1912 азы дагъистайнаг поэт-революционер Габиев Саид фыста: «Для нас, горцев, Коста больше всего ценен как творец национальной песни, как автор «Ирон фæнды- ра» («Осетинской лиры»), ибо он первый из горцев ука- зал путь, по которому должны устремиться наши гор- ские языки и культура наших народов»1. Цæргæ куы кодта, уымæй йæ мæлæты фæстæ но- джы тыхджындæр æмæ рæстæджы цыдимæ тыхджы- нæй-тыхджындæр æндæвта адæмы зонд æмæ зæрдæйыл, агуырдта реалон фæндæгтæ уыдон «адæймагон» скæ- нынæн, уыдон æфхæрд æмæ тыхмийы рæхыстæй суæгъд кæнынæн æмæ сын се сфæлдыстадон хъарутæ рухсмæ рауадзынæн. Æнæгуырысхойæ зæгъæн ис, зæгъгæ, XX æнусы ирон адæмы историйы иу ахæм зынгæ цау дæр нæй, Къоста хайад кæм нæ райста. 1905—1906 æмæ 1917—1920 аз- ты революцион цæхæры Къоста цыдис адæмь; разæй æмæ сæ разæнгард кодта сæрибары тохмæ. Советон хи- цауад куы фæуæлахиз, социалистон арæзтад æмæ куль- турон революцийы рад куы ралæууыд, уæд Къоста адæ- мы хуыдта рухсмæ, ахуырмæ, фыдуынд æгъдæуттæ са- фынмæ æмæ фидауц æгъдæуттæ райсынмæ. Удæгасау нæрыд Къостайы хъæлæс, гитлерон фашисттæ нæм куы ’рбабырстой, уæд. Поэт советон æфсадимæ хæстон ци- нелы ацыд Кавказæй суанг Берлинмæ. Хæсты чи фе- сæфт, уыдон ном мысгæйæ, адæм иугæндзон мысыды- сты Къостайы ном дæр. Къоста зыдта, зæгъгæ, цæмæй адæймагад нормало- нæй цæрой æмæ прогрессмæ цæуой, уый тыххæй æгас зæххыл дæр хъуамæ уа сабырдзинад. Къостайы ныхæ- стæ: «И обновленный мир отдастся вечно миру, С през- реньем -бросим нож, запекшийся в крови...» («Не уп- рекай меня, что я забросил лиру...») комкоммæ, цыма, æвдисынц социалистон бæстæтæ æмæ дунейы раззагон дзыллæты бæллиц æмæ тырнынад, алкæмдæр хæцæн- 1 Кæс: В. Абаев. Коста Хетагуров и его время, 136-æм ф -26
гæрзтæ æрæвæрын, хæст мауал æруадзын æмæ сабыр- дзинад бахъахъхъæныныл удуæлдайæ куы тох кæнынц, уæд. Къостайы сфæлдыстады ис егъау хæрзæгъдауон хъæздыгдзинад. Адæймагыл канд æхсæнад ма хъуамæ æндава, фæлæ йæхæдæг дæр хъуамæ йæхи хуыздæр кæ- на. Къостайы удыхъæды цы арфæйаг миниуджытæ ис, уыдон бирæ бæрцæй сты, поэт иугæндзон йæхи кæй хуыздæр кодта, уый фæстиуæг. Къостайы ахаст райгуы- рæн бæстæ æмæ дунемæ, хи адæм æмæ æндæр адæмтæм, куыстмæ, уарзтмæ æмæ а. д. — адоныл ахуыр кæнгæйæ æмæ адон фæзмгæйæ, алкæмæн дæр йæ бон у, æмæ сы- вæллонæй суанг зæрондмæ йæхицæй хъомыл кæна адæй- маг. Къостамæ дзырд æмæ хъуыддаг никуы уыдысты кæ- рæдзийæ иппæрд. Куыд дзырдта, афтæ арæзта, куыд фыста, афтæ царди, кæнæ иннæрдæм: куыд арæзта, аф- тæ дзырдта, куыд царди, афтæ фыста. Уымæ гæсгæ мах нæ уынæм йæ цард æмæ йе сфæлдыстады ’хсæн хицæн- дзинад. Йæ сабийы азтæ (1859—1867)—баззад сидзæ- рæй (афæдз дæр ыл нæма цыд, афтæ амард йæ мад), æвзæрста алыхуызон зынтæ, фæлæ сæ йæ чысыл зонд æмæ уды тыхæй саста; йæ ахуыры азтæ (1867—1885) — фыццаг уал Нары хъæууон скъолайы, стæй Дзæуджы- хъæуы дæлгимназы, Стъараполы гимназы, Бетъырбухы Нывгæнæн академийы ирон лæппуйы раз бæрзонд хæх- тау лæууыдысты уырыссаг æвзаг, уырыссаг æмæ дуне- йон литературæ, аивад æмæ культурæ, Къоста сæм хыз- ти æхсарджын æмæ уæндонæй, æмæ йæ академийæ куы рацух кодтой, уæддæр лекцитæм цыд барвæндонæй хъусæгæй, йæхицæн маамæлайы къæбæр амал кодта наулæууæны уæзхæссæгæй кусгæйæ; йæ царды иннæ аз- тæ (1885—1906)—Бетъырбухæй Ирыстонмæ æрæздæх- гæйæ, царды фæрæзтæ кодта бонгай куыстæй, нывтæ арæзта хицæн адæймæгтæн, театртæн, аргъуантæн, æмæ йын уыдон чысыл цыдæртæ фыстой, фæлæ Къоста хи- цæутты раз лæгъзтæгæнæгау йæ сæр не ’ркъул кодта, уый нæ, фæлæ 1891 азы ирон чызгфæсивæды скъола куы сæхгæдтой, уæд сæ ныхмæ рацыд карзæй, скъола сæх- гæнын нæ бауагъта, фæлæ йын йæхи йе «змæнтæн ар- хайды» тыххæй ахастой Терчы зылдæй, куыста Хъæрæ- сейы талынг цъассыты æрзæткъахæны къанцылары, фы- дæбойнаг рæстæг æрвыста, фæлæ йæ тох нæ уагъта; 27
фæстæдæр газет «Северный Кавказ»-ы кусгæйæ, фондз азы бæрц (1893—1897) поэтикон æмæ публицистон ны- хасæй хурмæ калдта хæдхæцæгады антиадæмон полити- кæ, йæ сатраптыл ын худинаджы гакк æвæрдта; 1897 азы йæ синыстæгыл туберкулез фæзынд, фыццаг опера- цийы фæстæ бахъуыд дыккаг — æхсæз мæйы фæсад Бе- тъырбухы рынчындоны, тыхæй ма фервæзт, фæлæ, уæз- зау низимæ æхсæвæй-бонæй æрмхæсты уæвгæйæ, иу- гæндзон фыста, мыхуырмæ цæттæ кодта йæ ирон æм- дзæвгæтæ; хæдхæцæгады знаг, Къоста дыккаг хатт хаст æрцыд ’Херсонмæ, уым ын нæ уыд куыст, нæ йын уыд искуыдæм йæ къах авæрæн — пъæлицæ йæм иугæндзон йæ цæст дардта, алцæмæй дæр æййæфта хъуаг æмæ хъизæмар, фæлæ та уæддæр фыста — поэтикон уацмы- стæ æмæ нывтæ, хицæуттæ æмæ фыдвадæтты раз йæ сæр не ’ркъул кодта; Херсонæй куы ’рыздæхт Ирыстон- мæ, æвирхъау низæй куы фæрынчын, уæд уыцы азты дæр суанг йæ мæлæты бонтæм — уæлдæр куыд загътон, афтæмæй — йæхиуыл йæ зæрдæ не сивта. Æндæр дзырд- тæй, йæ цард æмæ йе сфæлдыстад уыдысты кæрæдзи- мæ гæсгæ, кæрæдзийы хуызæн. Къоста бæлвырд кодта, зæгъгæ, аивады иууыл уæл- дæр хæрзæгъдау у царды рæстдзинад. Уымæ гæсгæ йæм кæрæдзийæ æнæиртæсгæ сты цард æмæ поэзи, «смысл и цель жизни и поэзии»1. Нывгæнæг хъуамæ мацы æм- бæхса æмæ макуы сайа, царды судзагдæр фарстытæн сæ фæрсты ма хиза, уардихуыз ахорæнæй сæ ма сæр- да, кæннод чиныгкæсджытæн ссардзæн æрмæст се ’нæ- ууæнк, æмæ уымæ гæсгæ йæ аиъад йæ хæс нæ сæххæст кæндзæн — адæмæн нæ хæсдзæн хорз æмæ рæсугъд, ома нæ уыдзæн хæрзæгъдауон æмæ эстетикон, уымæн æмæ Къостамæ хæрзæгъдауон цынæ уа, уый нæу эстетикон дæр. Фæлæ, Къостамæ гæсгæ, царды рæстдзинад куынæ суа аивадон рæстдзинад, ома аивадон уацмыс куы нæ уа эстетиконæй æнæлаз, уæд уымæн хæрзæгъдауим^е ницы иудзинад ис. Æцæг хæрзæгъдауон уацмыстæ ми- дис æмæ формæйæ ст^1 æххæст, дзуапп дæттынц сæ дуджы раззагон идейон-аивадон домæнтæн. Уыдон ми- 1 К. Хетагуров. Собрание сочинений р пяти томах, т. V, 179-æм ф. 28
дæг æмдзардæй цæрынц «цард æмæ поэзийы нысан æмæ нысаниуæг». Аивадон сфæлдыстад æмæ аивадон куысты хæрз- æгъдау хъахъхъæнгæйæ, Къоста йе ’мрæстæгон поэтты уацмыстæ критикæ кодта канд цард æмæ поэзийы рæст- дзинады ’рдыгæй нæ, фæлæ хуымæтæг техникæйы ’рды- гæй дæр, æгæрыстæмæй орфографийы ’рдыгæй дæр. Æмæ йын уыдонæй алцыдæр уыд ахсджиаг, кæрæдзи- . йæ сæ никуы иппæрд кодта. Уацмысы алы компонент дæр — стыр æви чысыл— хъуамæ уа, куыд æмбæлы, аф- тæ. «Чепуха ужаснейшая! — мæстыйæ дзырдта Къоста æмбырдгонд «Гæлæбу»-йы æмдзæвгæты тыххæй. — Пе- чатать и распространять такую галиматыо — это~ зна- чит нзвращать с места в карьер смысл и цели изящной литературы и вкусы жаждущих ее иронов...»1 Литера- турæйы тыххæй йæ ныхæсты хъуыды у ахæм, зæгъгæ, адæммæ мæгуырау, ницæйаг, лæмæгъ уацмыстимæ куы цæуай, уæд уый хæрзæгъдау нæу. Æцæг хæрзæгъдауон сфæлдыстад гуыры курдиатæй. Уымæ гæсгæ зæгъы Къоста: «Невозможно творить, ес- ли нет у тебя Силы творческой, нет дарованья» («Дру- гу»). Курдиат нæхи раргом кæнынæн хъуамæ ифтонг уа алыфарсон зонындзинæдтæй, аивадон дæсныйадæй æмæ хъуамæ алкæддæр хæсса ногдзинад, йæ агъоммæ чи нæ- ма уыд, царды кæй федта æмæ цардæй кæй рапста, адæмæн пайда чи уа, ахæм ногдзинад. Курдиатæн хъуамæ уа бæлвыд здæхт — хъуамæ æв- диса адæмы цард æмæ лæггад кæна адæмы интерестæн, хъуамæ йын йæ вазыгджын хуымæтæгдзинад æмбарой чиныгкæсæг дзыллæтæ. Гъе уымæн афтæ æгъатырæй фаудта Къоста декадентон аивад, хуыдта йæ «отрав- ленный бокал на гульбище страстей» («Нё упрекай меня, что я забросил лиру...»), «надушенный, напыщен- но-гордый франт перед оборванной, грязной толпой» («Музе») æмæ а. д. Курдиатæн хъуамæ сæрмагонд интерес æмæ иумиаг интерес, «æз»æмæ адæм кæрæдзийæ ма хицæн кæной. Къостамæ камерон æмæ интимон æнкъарæнтæ сты со- циалон æмæ æмбæстагон æнкъарæнтимæ æддæг-мидæг. 1 К. Хетагуров Собрание сочинсний в пяти томах, т. V, 140-æ\г ф 29
Уымæй кæнгæ у, Къостайы поэзийæн йе ’ппæт чырæг- ты дæр чи хъары, уыцы лиризм: йе '.мбæстагон æм- дзæвгæтæ сты лирикон, йæ лирикон æмдзæвгæтæ та — æмбæстагон. Уыцы хъуыддагæй дæр Къоста тынг æн- гæс у социалистон реализмы поэзиимæ. Зындгонд сты Къостайы ныхæстæ: «Я никогда сво- им словом не торговал, нико.гда ни за одну свою строку ни от кого ,не получал денег... И пишу я не для того, чтобы пйсать и ггечатать, потому что и многие другие это делают. Нет! Ни лавры такого писания , мне не нужны, ни выгоды от него... Я пишу то, что я уже не в силах бываю сдержать в своем изболевшем сердце...»1 Ацы ныхæстæн (æрмæст дзы эпитет «изболевшем»-ы фарсмæ бирæ æндæр эпитеттæ куы рарæгъ кæнæм, уæд, уымæн æмæ зæрдæ вæййы алыхуызон) схонæн ис аи- вадон куысты хæрзæгъдауы бæрзонд æмæ иудадзыгон нормæ. Абон Къоста канд ног æмæ ног фæлтæрæн нæу ахуыргæнæг, — Къоста ахуыргæнæг у нырыккон ныв- гæнджытæн дæр: хайад сын исы еæ быцæуты, критикæ сæ кæны, амоны сын йе ’ппæт цард æмæ сфæлдыста- дæй: куыд хъæуы фыссын, кæд хъæуы фыссын, цæмæн æмæ кæмæн хъæуы фыссын. Къостайы царды разынд а’дæмы хъысмæт, историон заман, объективон рæстдзинад æмæ сæрысуангæй ба- цыд йе сфæлдыстадмæ. Уыдон — йæ цард æмæ йе сфæл- дыстад — сты ир æмæ’ дунейы сæрвæлтау хъайтарон сгуыхтдзинад. Гъе, уый тыххæй у, аивад кæмæ цымы- дис. кæны æмæ кæй æвдисы, ахæм объект, канд ирон нæ, фæлæ ма æидæр адæмты бирæ нывгæнджытæ дæр иугæыдзон сæ хъус кæмæ дарынц æмæ сын уæлтæмæн чи дæтты, ахæм фæлгонц. Йæ цæргæйæ йыл ирон адæм скодтой хъайтарон зарæг, йе ’мдугон зынгæ поэттæ Гурджибеты Бласкæ æмæ Гæдиаты Секъа йын йæ ном ссардтой кадгæнæг æмдзæвгæтæй. Къостайы темæцыл ирон фысджытæ, сæ курдиат æмæ сæ дæсныйадмæ гæс- гæ, сфæлдыстой æмдзæвгæтæ, поэмæтæ, радзырдтæ, уа- цаутæ, романтæ, пьесæтæ, киносценаритæ. Зæрдæмæ- хъаргæ уацмыстæ йыл ныффыстой уырыссаг, украинаг, белорусаг, гуырдзиаг, сомихаг, азербайджанаг, дагъис- 1 К. Хетагуров. Собрание сочинений в пяти томах, т V,< . 144-æм ф. 30
тайнаг æмæ æндæр поэттæ. Нырмæ уал ыл фыст чи ’рцыд, уыдон æрæмбырдгæнгæйæ уаиккой цалдæр то- мы бæрц. Къостайы фæлгонц бирæфарсон æмæ бирæхуызонæй бацыд театрмæ, киномæ, музыкæмæ, хуызфыссынадмæ, скульптурæмæ. Бирæ* рæтты — Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Стъараполы, Хъæрæсейы, Къахеты, бол- гайраг горæт Кырджалийы — слæууыд Къоста-цырт- дзæвæн. Ирон поэты уацмыстæ тæлмац сты советон адæмты ’дæсгай æвзæгтæм. Англисаг, францаг, немыцаг, сла* вяйнаг, араббаг, китайаг, япойнаг æмæ æндæр æвзæг- тыл фæндаг арынц милуангай адæймЗегты зæрдæтæм. Азтæ куыд цæуой, афтæ ирдæй-ирддæр, фылдæрæй- фылдæр, æвидигæйæ-æвидигæдæр кæндзысты Къостайы национ æмæ интернацион ахадындзинад, йæ гоймаг æмæ йе сфæлдыстады бæркад æмæ рæсугъддзинад. Къоста ис немæ. Къоста уыдзæн немæ. Къоста у абоны адæймаг. Къоста у фидæны адæй- маг. Мах Къостамæ цæуæм размæ æмæ^эазмæ! 1979 НЫХАС ЕЛБЫЗДЫХЪОЙЫ ТЫХХÆЙ Ирон литературæ XIX æнусты дыккаг æмбисы Хетæг- каты Къостайы генион «Ирон, фæндыр»-ы райгуырди- мæ сбæлвырд кодта йе ’нæмæлæт дæр, Уымæ гæсгæ Къоста поэзийы цы сарæзта, уый хъуамæарæзт æрцы- даид— кæд Къостайы æмвæзмæ не схызт’аид, уæддæр — иннæ хуызты дæр, прозæйы дæр æмæ драматургийьг дæр. Къостайы фæстæ уыцы кадджын мисси сæххæст кодтой прозæйы Гæдиаты Секъа æмæ Коцойты Арсен, драматургийы та — Брытъиаты Елбыздыхъо. Уыдон уы- дысты Къостайы фæдонтæ, йæ дарддæргæнджытæ, æмæ се сфæлдыстадæй Къостайы реализм, ирон критикон реализм ног историон уавæрты размæ акодта ног егъау къахдзæфтæ. 31
Уыдонæй, уыцы æртæ стыр нывгæпæгæй, сæ зама- нимæ, йæ хъаймаг, зилгæ æмæ абухгæ гуылфæнимæ иу- уыл тынгдæр баст уыд ЕлбыздЫхъо. Уый адæмы нард- мæ канд лæмбынæг нæ каст, канд лæмбынæг æй нæ ахуыр кодта, иудадзыг æй йæ арф зонд æмæ йæ цæхæр зæр- дæйæ нæ фæлгъуыдта æмæ не ’вдыста, фæлæ ма дзы комкоммæ хайад дæр иста. Иæ революцион куысты тых- хæй йæ 1906 азы паддзахы хицауад æрцахста, Назра- ны фидары йæ бакодта, афæдз дзы куы фæбадт, уæд æй Терчы зылдæй ахаста. Бирæ куы фæрахау-бахау кодта, Бетъырбухы университеты юридикон факультет касг куы фæци, уæд, 1917 азы, æрыздæхт Ирыстонмæ, ацы хатт йæ революцион архайд нывыл нæ рауад, фæлæ уæддæр революцийæ нæ фæиппæрд, æнувыдæй куыста партион æмæ советон органтимæ, арæзта алыхуызон бæрнон, ахсджиаг хъуыддæгтæ. Елбыздыхъойы фæндаг, революционер æмæ нывгæ- нæджы фæндаг, 1903 азы, сæхимæ, Куырттаты комы, ахуыргæнæгæй кусын куы байдыдта, йæ фыццаг пьесæ- тæ куы ныффыста, уæдæй йæ амæлæтмæ (1923 азмæ) уыд вазыгджын идейон, политикон æмæ эстетикон агуырд- тыты фæндаг. Фадеев Алыксандр дзы загъта, зæгъ- гæ, кæд Елбыздыхъо рæдыд куыд архайæг, афтæ, уæд- дæр нын йе сфæлдыстад у зынаргъ. Ам фæирд кæнын хъæуы иу момент. Архайæг æмæ нывгæпæг—иуæи дзы иннæмæй фæхицæнгæнæн нæй. Ай-гъай, алкæд æмуд, æмзæрдæ нæ уыдаиккой, кæрæдзийы пыхмæ цыдаик- кой, фæлæ дзы иу æххуыс кодта иннæмæн, иу дзы æн- дæвта иннæйыл, цæмæй сæ дыууæ дæр хуыздæр кодта- иккой, сæ дыууæ дæр аккаг дзуапп лæвæрдтаиккой цард æмæ адæмы сæйраг домæнтæи. Уымæ гæсгæ — кæд æм- хуызон бæрцæй нæ, уæддæр—махæн Елбыздыхъо зы- иаргъ у куыд канд нывгæнæг, афтæ нæ, фæлæ ма куыд архайæГ, афтæ дæр. Елбыздыхъойы агуырдтытæн сæ дарæг æмæ сæ уро- мæг уыд цард, йе змæлд, йæ рæзт æмæ йæ ивд. Реалист уæвгæйæ, Елбыздыхъо табу кодта цардæн, тырныдта, цæмæй алфæмблай æцæгдзинадæй ма уа къæмдзæстыг æмæ зæрдæхудт, ма йын иртæса йæ объективоп æмæ диалектикон закъонбæрцадтæй, æвдиса йæ типиконæй æмæ ипдивидуалонæй. К/ьоста йæ заманы федта æмæ рæгъмæ рахаста абы- рæджы тугмопдаг эгоизм æмæ индивидуализм (поэмæ 32
«гТæрхоны раз»), сылгоймаджы уды бархидзинад (поэ- мæ «Фатимæ»), фиййауы зæрдæйы рæстаг, сæрибаруарз хивæнд (поэмæ «Чи дæ?») æмæ а. д. Елбыздыхъо йын адарддæр кодта йæ темæтæ, радта сын ног дуг æмæ ног цардмæ гæсгæ ног идейон-аивадон хæрзхъæддзинад. Абырæг Хъырым («Худинаджы бæсты — мæлæт»), Хан- сиат æмæ Асиат, Фиййау («Дыууæ хойы») æмæ æндæр- тæ равзæрдысты ног дуг æмæ пог царды фæлтæрддзи- надæй. Къостайы заманимæ. абаргæйæ, нæ цæсты раз бынтон ног æмæ фыццагхаттонæй æрлæууынц Муссæ, Ахмæт, Хазби, Нана, Хъамболат, Хъылцыхъо, Бесæ, Цопан, Чабæхап æмæ æндæрты типтæ. Уыдон нып се ’ппæты дæр аивадонæй байгом кодта Елбыздыхъо, бай- гом сæ кодта æмæ сæ равдыста йе ’вæлхатт курдиат æмæ дæсныйадæй. Елбыздыхъо йæ алы уацмысы дæр æвæры æмæ ир- тасы не ’нусы райдайæны ирон адæмы царды ахсджи- агдæр, судзагдæр проблемæтæ. Фæллойгæнæг адæмы хсæн, сæ куыст æмæ сæ тохæй чи равзæрд æмæ чи схъо- мыл, уыцы хæрзæгъдау куыд хæлд капиталнстон, бур- жуазон зондахастæй, куыд сæфт цагъардар уæздæтты моралæй, уый тыххæй дзурынц йæ фыццаг пьесæтæ — «Уæрæседзау» æмæ «Худинаджы бæсты — мæлæт». Мус- сæйы лакейдзинад æмæ Хъырымы абырæгдзинад — дыу- уæ дæр адæймаджы кæнынц æнæадæймагон, дыууæ дæр сты ирон адæмы чъизигæнæг, худинаггæнæг. Трагеди «Хазби» дзуры, паддзахы колонион политикæ Ирысто- нæн цахæм фыдтæ, социалон æмæ национ æфхæрд ха- ста, уый тыххæй; драмæ «Дыууæ хойы»—ирон сылгой- маг йæ барты сæрыл удуæлдайæ куыд стох кодта, уый тыххæй; трагеди «Амран» — ирон адæм сæрибар цард- мæ куыд хъуамæ æрцæуой, уый тыххæй, æмæ а. д. Елбыздыхъойы типтæ-характертæ, æмткæй йæ уац- мыстæ хæссынц ирои национ дамгъæ, ис сыи нациоп- историон уидæгтæ, национ мæрæй цъирынц цæрæццаг, æвдадзы хос. Ирои хæххон æрдз, ирон хæдзæрттæ æмæ дзауматæ, ирон кусæигæрзтæ æмæ хæцæнгæрзтæ, æгъ- дæуттæ æмæ бæрæгбонтæ — адои каид æддаг дскора- цитæ пс сты, фæлæ йæ хъайтартæ кæм æмæ кæмæй рай- гуырдысты/сæ удыхъæд сын чи схъомыл кодта, сæ мид- дунейы мнниуджытæ кæмæй райстой, сæ уагахаст æмæ сæ архайд кæмæ гæсгæ æмæ кæмæй кæнгæ сты, уыцы национ дунс йе ’вæрццаг æмæ йе ’ппæрццаг тепдеици- 3. Дзуццаты X. 33
тæ æмæ бæрджытимæ. Адонæц.йын хицæн нæу мадæлрн фольклор дæр. Йæ уацмысты иуæй-иу сюжетон хæххы- тæ, мотивтæ цæуыпц уырдыгæй (Хазбийы ’фын, Амран æмæ Бесæйы хабæрттæ). Адонæй йын хицæн нæу ирон литературæ дæр (Фиййау йæ уды стонг аемæ дойны уа- дзы Къостайы æмдзæвгæтæй). Фæлæ, ирон адæмы цард æвдисгæйæ, Елбыздыхъо уымæй йæхи къуындæг æмæ куынæг нæ кодта. Уый зыдта, зæгъгæ, цас арфдæр нывналай национмæ, цас æй ирддæр æмæ хуыздæр фенын кæнай, уыйас национ тынг- дæр æмæ тагъддæр тындзы иитернационмæ, уыйас на- цион хицондæ.р æмæ арфæйагдæр у интернационæн. Уы- мæ гæсгæ йæ проблемæтæн, йæ типтæн ис бынæттон- ирон æмæ уыцыиурæстæг æппæтадæймагон ахадындзи- над. Маймулийæн «рухсаг» зæгъгæйæ æмæ ирон театры райгуырдыл цин кæнгæйæ, Елбыздыхъо, уымæн йæ прог- ра’ммон хæстæ ранымайгæйæ, дзуары лæджы дзыхæй схъæр кодта:"«Фарн фæцæуы дзуары бынмæ. Уырды- гæй дунемæ!!!» Уый уыд йæ фæдзæхст ирон театрæн, æмткæй ирон литературæ æмæ ирон аивадæн. Ирыстон у йæ уацмысты архайæн бынат, фæлæ Ирыстон æмæ ’ йæ типтæ-характертæ хъуамæ зыной æмæ цæуой иннæ адæмтæм дæр, хъуамæ æввахс æмæ æхцон уой уыдо- нæп дæр. Ирыстон æмæ дуне — Елбыздыхъо сæ никуы æвæрд- та ныхæй-ныхмæ. Ирыстоны æдде цæргæйæ, зонгæ код- та бирæ нацитимæ, сæ минæвæрттимæ, кæмдæриддæр (Бетъырбух, Бако æви æндæр горæтты) йæ зæрдæ хъæр- зыдта фæллойгæнæг адæмы æбар, мæгуыр цардæй, йæ- хи загъдау, «хъизæмайраг адæймагады» мæт æмæ са- гъæсæй. Уыцы мæт æмæ сагъæс иу кæнæ иннæ бæрцæй хъары йæ уацмыстæй алкæйы къабæзты дæр. Елбыздыхъойы уацмысты ис æндæр адæмты кой, ар- хайынц дзы æндæр адæмты минæвæрттæ, æмæ сæм кæ- сы, аргъ сын кæны, йæ ирон хъайтартау, «хъизæмайраг адæймагады» позицитæй. Муссæ Уæрæсейы цы хуызæн сси, цахæм куыстыл фæхæст æмæ цахæм æууæлтæ рай: ста, уыдон уырыссаг адæймагæй хуыздæр чи хъуамæ базыдтаид! Микъитт, «уарзаг, хъазаг уырыссаг» (афтæ йæ хоны Елбыздыхъо) барæй йæхи нозтгæнæг, æдылы- дзæф- хкодта, Муссæйæн йæ митæ æмæ йæ ныхæстæй бамбæрста йæ ницæйаг удыхъæд, фæлæ цæмæй Муссæ 34
йæхæдæг йæхиуыл кæронмæ комдзог рацыдаид, уый тых- хæй йып Микъитт йæ палто скодта æмæ, Муссæ йæтæк- кæ дзурыныл куыд уыд, æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ йæм бахъæр кодта: «Чсловек, возьми!» æмæ Муссæ рæвдз куы айста палто, уæд ын Микъитт загъта: «Гъа, ды аф- тæ дæхи стаугæ кодтай. Ахуыр дæ æмæ афтæ хорз уЫ- мæп исыс!» Муссæйы тип æмхуызон худæггаг æмæ мæс- таг, æмхуызон æнæрайсииаг у ирæттæн дæр æмæ уы- рыссаг Микъиттæн дæр. Хорз алкæм дæр хорз у, æвзæр та — æвзæр. Кæнæ Нана, йæ фырт Хазби тохмæ йæхи куы цæттæ кæиы, уæд.йæ хъарæг-монологы дзуры, зæгъгæ, уырыс- саг æфсæдтæ дæр сæ хъалæй, сæхи фæндæй не ’рцыдыс- ты ардæм: «Уæ, хуыцæутты хуыцау, зæрдæзонæг ды дæГ Уæд та кæд уырысы мадæлтæ дæр афтæ кæуынц, хъа- рæм дæм нæ дыууæты тæригъæд дæр!» Искæмæн соци- алон æмæ пацион æфхæрд чи хæсса, дыууæ адæмы кæ- рæдзийæи чи цæгъдын кæна, уый хорз никæд уыдзæп нæдæр ир, нæдæр уырыс, æмæ нæдæр æпдæр адæмæн. Елбыздыхъойы уацмысты сæйраджыдæр кæрæдзи- имæ быцæу кæныпц адæймагон ахастытæ, адæймагон монцтæ, хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ, фæндиæгтæ æмæ тырнæнтæ. Уыдопæн сæ фæстаг æрцæуы уыпаффæ-ар- хайдмæ. Муссæйы лакейон мораль æмæ хъæууонты хæр- зæгъдауы быцæуы фæстиуæг — Муссæйыл адæм сæхи атигъ кодтой æмæ хъуамæ аздæха фæстæмæ, Уæрæсемæ. Хъырым æмæ Ахмæты быцæуы фæстиуæг — кæрæдзийы къухæй ссарынц сæ мæлæт. Иуæрдыгæй, Хазби, Ислам æмæ æндæртæ, иннæрдыгæй, Биайы фырт, Хъæвдын æмæ æндæрты быцæуы фæстиуæг — хъазуат тохы фæмард вæййы Хазби, амæлы Биайы фырт дæр. Иуæрдыгæй, дыу- уæ хойы, Хъамболат, Хъылцыхъо, Пупæ æмæ æндæр- тæ, иннæрдыгæй, Тæтæрхъан, Агуыбечыр, Буцæ æмæ æндæрты быцæуы фæстиуæг — мард æрцæуынц усгур- тæ Саламджери æмæ Касалы фырт, йæхи былæй аппа- ры Хансиат, сæ цард баиу кæнынц Асиат æмæ Пупæ. Иуæрдыгæй, Ныфс, Бесæ æмæ æндæртæ, иннæрдыгæй, Бæстыхицау, Дуртула, Чабæхан æмæ æндæрты быцæуы фæстиуæг — Амраны уæгъд кæнгæйæ, амæлы Бесæ, фæлæ йын йæ хъуыддаг кæронмæ -акæндзысты Цопаи, Саго, æмткæй адæм. Уыцы быцæутæн ис социалон бын- дур, кæд дзы æргом социалов сæмбæлдтытæ, комком- хМæ социалон æмæ политикон сюжеттæ нæй, уæддæч 35
кæд «Амран» бадзырдон формæйæ у фыст æмæ йæ со- циалондзинад йæ уæлцъар нæй, уæддæр. Уыцы быцæу- тæ æвзæрынц социалон ныхмæвæрдтæй, æхсæнад змæ- лынгæнæг тыхтæй. Зæгъæн ис, адæймæгты зондахаст, сæ хæрзæгъдау анализ кæнгæйæ æмæ æвдисгæйæ, Ел- быздыхъо анализ кæны æмæ æвдисы æхсæнадон царды социалон-историон мидис. Лакей уа æви абырæг, пад- дзахы фарсхæцджытæ уой æви фыдæгъдауы сæрхъызой- тæ — се ’ппæтæн дæр сæ гакк у материалон интерес, адæмы фæллойæ, адæмы æфхæрджытæ æмæ адæмы ца- гъаргæнджыты психологи. Уыдон критикæ кæнгæйæ, Елбыздыхъо -критикæ кæны «æмбыд хоциалон цард- æвæрд». Уыцы быцæутæ æмæ сæ хайадисджытæ сты революцион заманы рæстдзинад (объективон рæстдзи- над), æнæ революцион заман сын бамбарæн нæй. ’ Æнæ революцион заман нæ уыдаиккой Елбыздыхъо- йы æвæрццаг хъайтартæ. Се ’ппæтмæ дæр иу кæнæ ин- нæ бæрцæй уынæм «хъæбатырты æррадзинад». Уыдон — хъуыдыгæнæг адæймæгтæ—æмбарынц алфæмблай цар- ды æнæрастдзинад, сæхæдæг Ын анализ кæнынц йæ фæ- зындтæ æмæ йæ ныхмæвæрдтæн, æмбарынц, зæгъгæ, афтæ цæрæн нæй, æмæ сын цард йæхæдæг амоны йæ раивынæн иунæг раст фæрæз — тох. Уыдон сты тохгæ- нæг адæймæгтæ. Тох кæнынц лакейдзинад æмæ абы- рæгдзинады ныхмæ, социалон æмæ национ æфхæрды ньгх- мæ, фыдæгъдауы ныхмæ, дунейы сау тыхты ныхмæ. Ай- гъай, сæ тох æмхуызон нæу. Ахмæты тохæй уæлдæр у Хазбийы тох, дыууæ хойы тохæй — Бесæйы тох (уый йæхимæ æрбамбьфд кодта се !ппæты тохтæ дæр æмæ се ’ппæт дæр хъуамæ лыггонд æрцæуой йæ фæрцы, йæ мидæг)., фæлæ уæддæр сты тохгæнджытæ—рæстдзина- ды сæрвæлтау, адæймаджы сæрвæлтау, адæймаджы ак- каг царды сæрвæлтау. Елбыздыхъо фыста йæ дуджы цард. Æрмæст иунæг хатт акаст фæстæмæ — историон ивгъуыдодæ, фæлæ дзы уыцы фæстæмæ акаст дæр домдта йæ дуг. Иннæ адæм- тау, ирон адæм дæр сыстадысты революцион тохмæ, сæ социалон æмæ национ сæрибары тохмæ. Уымæн, 1905 — 1907 азты револювдйæн, йæ гуырæнтæ, йæ райдайæнтæ Ирыстоны хауынц дæрддзæф ивгъуыдмæ, номхуындæй 1830'азмæ. Уæд паддзахы хæдхæцæгад карзæй æрæвнæлд- та ирон адæмы ссæндынмæ, стигъынмæ, эксплуатаци- мæ, Ирыстонæй колони скæнынмæ. Ирон-адæмы ’хсæн, 36
хицæн кæмтты, уыцы нымæцы Хъобаны дæр, равзæрд æмæ сытынг антиколонион, национ-сæрибаргæнæн змæлд, кæд уыцы азты махмæ капитализм æмæ ирон наци нæма уыд, уæддæр (национ-сæрибаргæнæн змæлд вæййы ка- питализмы агъоммæ, феодализмы дуджы дæр). Уыцы дуг æвдисгæйæ, Елбыздыхъо пайда кодта уæ- вæг историон æрмæгæй æмæ адæмон сфæлдыстадæй (ис- торион таурæгътæ, Алыккаты Хазбийы хъайтарон за- рæг). Елбыздыхъомæ ис хицæн аиахронизмтæ. Хазбиг историон таурæгъмæ гæсгæ, тох кодта Телпоцы иыхмæ, йс ’фгæдты йын Хъобанæй аздæхта, Хазби йæхæдæг фæмард, Абхадз та Хъобанмæ æрбабырста фæстæдæр æмæ сæ басаста. Елбыздыхъомæ Хазби тох кæны Аб- хадзы ныхмæ (Телпоцы кой йæм нæй). Уымæй уæлдай ма, æвæццæгæн, Хазбийы хъуыдытæ (ирон адæмы иудзи- нады тыххæй, иумæйаг национ интересты тыххæй) цæ- уынц модернизацигонд, ома характерон сты Хазбийы дугæн нæ, фæлæ Елбыздыхъойы дугæн. Фæлæ Елбыздыхъо педант-историк нæу. Уый рав- дььста дуджы сæйраг конфликт, адæм æмæ сæ раздзæ- уæг Хазбийы фæлгонц. Æмæ уыдон раст равдисгæйæ, историон æцæгдзинад хицæн типтæ-характерты мидæг фенын кæнгæйæ, Елбыздыхъойæн йæ иугай, уæлæнгай анахронизмтæ мах хатгæ дæр нæ кæнæм. Уыцы национ- сæрибаргæнæн змæлды сæйраг тых уыдысты адæм, ном- хуындæй зæхкусæгад, гæнæн уыд, æмæ дзы хайад иста- иккой æлдæрттæ дæр (кæд сын хæдхæиæгадимæ. исты экоиомикон æнæразыдзинæдтæ уыд, уæд), фæлæ уыдон адæмон змæлды сæр, доньг фьтнчытау, атадаиккой, уы- мæн æмæ сæ уыдис тас адæмæй, сæ хъалондартæй, сæ къуыидæг классон интерсстæ сæ схуыстой хæдхæцæга- димæ æмдзæдис уæвынмæ (æвæццæгæн, уьтдон нымæц- мæ хауьтнц Хъæвдын, Биайы фырт æмæ æндæр ахæм типтæ). Елбыздыхъомæ социалон æмæ национ сты æд- дæг-мидæг. Адæмы нæ фæнды, цæмæй уой цагъартæ-хъа- лондартæ паддзахы хæдхæцæгадæн æмæ сын цæмæй ньт- цъист кæна’ сæ иациоп сæрыкад, сæ нациоп хæдхуыздзи- над. Тпагеди «Хазби» у реалистон, историон уацмыс, æмæ дзы ивгъуыды рæстдзинад кæй ис, уымæ гæсгæ дзуапп лæвæрдта йæ ныффыссæп дуджьт домæнтæи дæр. Уæдьт дугмæ гом уæвгæйæ, уыцыиурæстæг, Елбыздыхъойы ин- нæ уацмыстау, гом уыд фидæнмæ дæр. 37
Гуырысхойаг нæу, Елбыздыхъо æмбæрста (кæд æх- хæст бæлвырд нæ, уæддæр), зæгъгæ, революцион змæл- гæ, рæзгæ, ивгæ заман æмæ ног адæймæгты типтæ рав- дисынæн зæронд, критикоп реализм кæмдæрты æмæ цæ- мæйдæрты сæдых ис. Елбыздыхъо дзырдта, зæгъгæ, тс- атр (æмткæй литературæ æмæ аивад) хъуамæ амопа «ног фæндаг, ног зонд æмæ ног хъуыддæгтæ». Елбыз- дыхъойы дуг æмæ сфæлдыстады коитекстæй бæрæг у сæ пысаниуæг: цард йæхæдæг домдта, пæмæй йæм да- рой ног ахаст, пог цæстæнгас, иртасой æмæ йæ æвди- сой ног сфæлдыстадон принципта^ æмæ амæлттæй. Ел* быздыхъойæн уый йæ’къухы нæма ’фтыд, æмткæй уæд- дæр нæма хызти критикон рсализмы арæптæй, уымæ гæсгæ йып йæ’ фыст, фæуд уацмыстæ, цыма, фыст æмæ фæуд нæма уыдысты кæронмæ («Хазби», «Дыууæ хо- йы»), 1909 азы кæмæ æрæвнæлдта, уыцы трагеди «Ам- ран» та æпæфыстæй ныууагъта. Фæлæ пыллæууыд Октябры рсволюци, фæуæлахиз советон хицауад. Елбыздыхъо ногæй æркаст йæхимæ, пæ уацмыстæм. Царды цыдимæ размæ цыдысты æмæ ацыдысты йæхæдæг дæр, йæ уацмыстæ дæр. Царды цы- димæ, адæмимæ иумæ’нуæзтой Амраны суадонæй — ре- волюцийы суадонæй. Æмæ погæй æрæвнæлдта трагеди «Амран»-мæ. Амрап — адæмы сæрибар æмæ амонды фæлгонц-сим- вол — йæ рæхыстæ атоидзæн æмæ рацæудзæн дунемæ. Рацæудзæн йæхи хъаруйæ нæ, фæлæ- адæмы æмвæнд, æмзæрда4 тохæй. Бесæ амæлы, Амран нæма суæгъд, се знæгтæ ма сыл раздæрау «гъи-гъо» æмæ «гъыл-гъыл»- тæ скодтой, фæлæ сæм раздæры пыфс æмæ æхсар пал ис. Амран суæгъд уыдзæн, æнæсуæгъдгæнгæ нын нæй, уымæн æмæ тохмæ стынц Бесæйы фæдонтæ, Амраны суадонæй чи банызта æмæ йын йе суæгъды фæрæз чи базыдта, уыдон. Бесæ у революциопсры тип. Елбыздыхъо йæхæдæг цы бавзæрста фынддæс азы дæргъы, 1905 азæй 1920 аз- мæ, гцахæм агуырдтытæ, ссарæггæгтæ æмæ къуыхцытæ йæм уыд, уыдопæй дзæвгар ис Бесæмæ. Йæхи сæрма- гоид фæлтæрддзинад ын кæддæриддæр лæвæрдта уыр- нинат, æндаваг, зæрдæагайаг тых йæ реализмæн. Бесæ у, Елбыздыхъомæ цыдæриддæр æвæрццаг хъайтартæ ис, уыдонæн сæ хъомысджын быпдар æмæ се ’рттиваг бæр- зæнд. 38
\ Царды цыд æркодта Амраны суæгъдмæ. Уцмæ æн- хъæлмæ каст æнæфыст трагеди «Амран», æнхъæлмæ йæм кастысты фыст, фæлæ уæддæр кæронмæ æнæфыст уац- |лыстæ «Дыууæ хойы» æмæ «Хазби». Елбыздыхъо сын скодта ног варианттæ. Дыууæ хойы æмæ сæ фарсхæцджыты типтæ-харак- тертæ бæрæг фæтыхджындæр кодта. Хансиат Касалы фырты нæЪшгæй нал амæлы, фæлæ йæхи аппары бы- лæй. Касалы фырт удæгасæй нал баззайы, фæлæ йæ амары Хъамболат. Хъылцыхъо фæрсаг цæсгом нал у, фæлæ сси сæйраг архайджытæй иу. Йæ фыдау, уый дæр активонæй тох кæны хоты амонды сæрвæлтау, се знæг- ты иыхмæ. Афтæ ма аивта Фиййау дæр: Асиатыл худæг зарджытæ нал кæны, фæлæ Къостайы «Чи дæ?»-йы рæн- хъытæй æвдисы йæ хъысмæт, комментари сæ кæны поэ- тиконæй, сагъæссаг æмæ хъæлдзæгæй. Уый слæууы Пу- пæ, Хъылцыхъо. æмæ Хадзымæты фарсмæ, Асиаты йе скъæфджытæй куы исынц, уæд. Кæронæй Хъылцыхъо кæл зæгъы: «Ацы джауырты чъизи туг сау мæры ахъард- та. Рæсугъд дидинæг, малусæг, сзайæд уырдыгæй, уæ уарзондзинадæн, уæ царды уалдзæгæн йæ рæсугъд ны- сан чи уа!», уыцы фæлгонц-символ ис «Амран»-ы дæр: «Диссаджы дидинæг, малусæг! Амраны суадоны сзад, уый у цины нысан, хорзы нысан, æнусон уалдзæджы нысан». Афтæ «Хазби»-йы дæр. Дзæвгар бынæттæ дзьт фæ- цыбыр кодта, кæм та сыл бафтыдта, социалон æмæ национ иудзинад дзы фæдырысдæр кодта. Нанайьт фæстаг хъарæг-монолог тыхст æмæ зæрдæсаст нал у, фæлæ сси тызмæг æмæ сидæг (канд ирон фæсивæд- мæ нæ, фæлæ æмткæй фидæны хæстонтæм): «Кæм дæ, цымæ, хъæбатыр масти.сæг?! Æз кæуын æмæ дæм сидын, æркæс саст адæмы æфхæрдмæ! Уæ, фидæны хæстонтæ! Ма-иу ферох кæнут ацы æфхæрд, ацы туджы пырхæн- тæ!». Нана дзуры ивгъуыдæй, кæмæ дзурьт, уыдон ын сæххæст кодтой йæ фæдзæхст. Хазбийы тох, хотæ æмæ сæ^фарсхæцджыты тох, Бесæ æмæ йæ фæдопты тох æр- кодта «царды уалдзæгмæ», цыран алцыдæр хъуамæ арæзт цæуа рæстдзинад, хæрзиуæг æмæ фидауцы за- къæттæм гæсгæ. Æмæ кæд æртæ уацмысы дæр сты траге- дитæ, уæддæр нын нæ зæрдæ ныфсджынæй разæнгард кæнынц. активон архайдмæ. Уыдон сты ног трагедитæ — «оптпмистон трагедитæ». Уыдон рухс кæнынц ног ду- 39
неæмбарынад æмæ дунеæнкъарынадæй. Уымæн та йæ, цырв у ног литературæйы бамбæрстгонд, революцион/ историзм. Афтæмæй, Елбыздыхъо 1920—1923 азты фыст фæци йæ фыст æмæ йе ’нæфыст уацмыстæ. Афтæмæй, Елбыз-} дыхъойы уыцы уацмысты мидæг критикон реализм æр- дзонæй, органиконæй байрæзт æмæ æрцыд социалистон реализммæ. Махæн нæ бон у зæгъын, зæгъгæ, «Хазби», «Дыууæ хойы», «Амран». сты — чи къаддæр, чи фылдæр бæрцæй — ирон литературæйы социалистон реализмы фыццаг ахъаззаг уацмыстæ. Царды цыдимæ, революцион адæмимæ иумæ Елбыз- дыхъо фаудта, йæ алфæмблай, йæхимæ æмæ йæ уацмыс- тæм цыдæриддæр мæнгæй, зылынæй, æнæадæмонæй уыд, уыдон. Уый йæхицæй æмæ йæ уацмыстæй æхсæста, æп- пæрст^ йæ рæдыдтæ, йæ лæмæгътæ, фæлæ йæхиуыл æмæ йæ уацмыстыл йæ къух никуы систа. Царды цыдимæ, æхсæнады историон рæзты логикæйы амындæй уый ре- дакци кодта йæхи, куыд архайæг æмæ куыд нывгæнæг, афтæ, редакци кодта йæхи æмæ йæ уацмыстæ. Уый сыгъ- дæгæй æрлæууыд ног дунейы раз æмæ дзы баззад сыгъ- дæгæй — советон адæймаг æмæ советон фысссæгæй. 19«) НЫХАС МАХАРБЕДЖЫ ТЫХХÆЙ Зындгонд у, зæгъгæ, иу кæнæ иннæ адæмы историйы куы ралæууы капитализмы заман, куыст куы ныддихтæ вæййы æмæ куы фесафы йæ сæрибар^ сфæлдыстадон уаг, уæд адæймаг æххæст, алыфарсон нндивидæй свæййы хицæн, къуындæг, чысыл индивид. Марксы загъдау, ка- питализм адæймагæй саразы «æнæадæймагон адæймаг». 'Фæлæ патриархалон-феодалон формаци куы хизы бур- жуазон формацимæ, ивгъуыды бындуртæ хæлын куы байдайынц æмæ капитализм та бæстон биноныггонд куы нæма ’рцæуы, уæд (ома ивæн, фæлдзæуæн, æхсæйнаг заманы) истори раразмæ кæны универсалон гоймæгтæ, Æмæ кæд æхсæнадон кондад ныддихтæ, ныкъкъабæз- 40
тæ вæййы, алы адæймаг- дæр йæ зæрдæргъæвд æмæ йæч арæхстмæ гæсгæ йæхицæн равзары бæлвырд куыст (æх- сæнадан кондады æрмæст иу цахæмдæр къабаз), кæд. аивадон курдиат уæрæх дзыллæтæм æмхуызон нал вæй- йы æмæ тыхджын концентрацигонд æрцæуы хицæн ин- дивидтæм, уæддæр фæлдзæуæн заманы алыхуызон кур- диæттæ арæх сæхи æрбамбырд æмæ раргом кæнынц иу индивидмæ. Афтæ уыд бирæ адæмтæм, афтæ уыд Ирыстоны дæр,. XIX æнусы дыккаг æмбисы йæ дунеон истори йæхи- мæ куы ’рбаласта, капиталцзм дзы йæ бартæ куы иста, ирон адæм наци кæнын куы байдыдтой, уæд. Адæм кол- лективонæй, синкретиконæй нал фæлдыстой сæ аивад (фольклор), фæлæ сын сæ аивадон гени æвдисын бай~ дыдтой хицæн индивидтæ, профессионалтæ, æмæ се ’хсæн уыд иу универсалон индивид — Хетæгкаты Къоста. Ирон адæмы синкретикон æмбарынады æнæуæрстæй, æмбастæй чи уыд, уыцы къабæзтæ дихгондæй æмæ иу- мæ разындысты Къостамæ, алы къабаз дæр æм дзы йæ хуыз скалдта ирдæй, парахатæй. Уыцы къабæзтæ сты, поэзи æмæ прозæ, драматурги æмæ нывкæнынад, ~режис- сурæ æмæ актеры арæхстдзинад, музыкæ, литературон æмæ театралон критикæ, истори æмæ этнографи, эконо- микæ æмæ барад, публицистикæ æмæ тæлмацы аивад. Уымæй дарддæр ма Кърста уы’д дæсны оратор æмæ декламатор, æмбисонды гамнаст, зараг æмæ кафаг. Мах æм уынæм европæйаг Ренессансы (Æндидзынады) алы ’гъдауæй размæдзыд, номхæссæн гоймаджы миниуджы- тæ. Хуымæтаджы йæ не схуыдта Фадеев Алыксандр* ирон адæмы хæдхуыз Леонардо да Винчи. Бирæфарсон гоймаг уыд Къостайы ахуыргæнинаг æмæ фæдон Тугъанты Махарбег дæр: фольклорист æмæ нывгæнæг, историк æмæ этнограф, публицист æмæ аи- вадиртасæг, литератор æмæ педагог. Бæгуыдæр, универ- салон гоймаг алы къабазы дæр æмхуызон бæрзонд нæу, иу цахæмдæр къабазы вæййы уæлдай тыхджындæр. Къоста иууыл зынгæдæр у, куыд поэт, афтæ, Махарбег та — куыд нывгæнæг, афтæ. Фæлæ махæн зынаргъ оты,. сæ гоймаг йæхи кæм ра’вдыста, уыцы сфæлдыстады æп- пæт фæрстæ дæр. Махæн цымыдисаг æмæ ахсджиаг сты канд Махарбеджы нывтæ нæ, фæлæ ма йæ уацтæ, йæ зонадон куыстытæ, йæ бирæ æпдæр фыстытзе дæр. Фæлдзæуæн заман, патриархалон-феодалон дугæи 4Г
.капитализммæ хизæн заман—Махарбеджы æвзонджы .азты заман, стæй уый фæстæ ноджы ахъаззагдæр фæл- .дзæуæн заман, капитализмæй социализммæ хизæи за- ман, XIX æнусты 70-æм азтæй суанг XX æнусы 50-æм аз- тæм — ахæм у Махарбеджы царды рæстæгон даерддзæг. Уым цахæм цаутæ æмæ хъуыддæгтæ уыд, цахæм адæй- мæгтæ дзы цард, цахæм ахъаззаг ивдтытæ дзы æрцыд, уыдон Махарбег федта йæхи цæстæй, бавзæрста сæ йæхи зæрдæйæ, уымæ гæсгæ йæ фыстытæ фылдæр æмæ сæй- раджыдæр сты сæрмагонд мысинæгты хуызæн, удæгас æвдисæйнæгты хуызæн, исторноп документты хуызæн. Уыдон стыр ахъаз сты ирон адæмы цард æмæ аивадон рæзты процесс бамбарынæн, егъау проблемæтæ — фоль- клор æмæ литературæ, адæмон армæйконд аивад æмæ профессион иывкæнынад, дин æмæ аивад, национ æмæ интернацион, реализм æмæ идеализацигæнæг методтæ æмæ æндæр проблемæтæ раиртасын æмæ аскъуыддзаг .кæпынæн, иумæйаггонд теоретикон хатдзæгтæ саразынæн. Ирыстоны æхсæпадон цард æмæ аивадон процесс рæз- тæйæ æмæ ивгæйæ кæй уыдта, фæлдзæуæн заманты йын йæ диалектикон змæлд кæй фæлгъуыдта, уый руаджы Махарбеджы фыстыты иугæндзон хатæм бæлвырд принцип: цы уыд, цы ис æмæ цы уыдзæн, кæнæ: куыд уыд, куыд у æмæ куыд уыдзæн, ома йæм уынæм алыхуы- зон дугтæ, цаутæ æмæ фæзындты аххосадон-фæстиуæ- гон бастдзинад, уынæм æм историзм. Махарбег ирон адæмы цард æмæ. аивады йе ’ргом цы фарстытæм скодта, уыдон бирæ сты æмæ æз се ’ппæ- ты кой нæ кæндзынæн, фæлæ дзы æрмæст зæгъдзынæн, прон аива-дмæ дзы чи хауы, конкретон-историон æмæ теоретикон анализмæ нæ чи здахы, ахæм цалдæр фарс- ты тыххæй. Махарбег раджы бамбæрста ирон фольклоры аха- дындзинад, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыста .æмæ æмбырд кодта 1894 азæй Бамбæрста йæ, уЪшæн .æмæ уæд, капитализмы ралæудимæ, фольклор рохуаты хай кодта, сæфын байдыдта, фæстаг стыр кадæггæнджы-' тæ йæ семæ ингæнмæ хастой. Бамбæрста йæ, уымæн .æмæ алкæддæр æмæ алкæмдæр фольклор æмбырд кæ- нынм^е бавналынц, йæ’дуг куы фæцæй фæуд кæны, йæ ,цард куы ивгъуыйы æмæ куы ивайы, уæд. Махарбеджы хъуыдымæ гæсгæ, æнæхъæнæй фыст не ’рцыд ирон фоль- клор, фыст не ’рцыд, мидис æмæ формæйæ иууыл хуыз- -42
дæр кæмæ уыд, уыцы кадæггæнджытæй, фæлæ дзы уæд- дæр абонмæ нæ къухы цы бафтыд, уый у æвæджиау хæзна. Уым, иннæ номдзыд фольклорæмбырдгæнджы- тау, арфæйаг у Махарбеджы хъиамæт дæр. Махарбег кæй ныффыста, уыдонæй иу — нæртон Ацæмæзы кадæг — Абайты Вассо схуыдта «ирон адæмон поэзийы цæппу- зыр». Ирон адæмы цард æмæ аивадимæ зонд æмæ зæрдæ- йæ, туг æмæ стæгæй æнгом баст уæвгæйæ, Махарбег раст аргъ кодта сæ иу кæнæ се ’ннæ фæзындæн, рæгъ- мæ сын хаста сæ объективон æцæгдзинад. Зæгъæм, кæд æй зонадонæй фаг не сбæлвырд кодта, кæд æм цас- дæр бæрцæй бацыд интуитивонæй, уæддæр 1925 азы раст бацамыдта, зæгъгæ, нарты эпос йæ равзæрдæй у «сыгъдæг ирон». Уый тыххæй Дюмезиль Жорж 1930 азы бафиппайдта, зæгъгæ^ тæссаг у, национ сæрыстырдзи- нады æнкъарæны аххосæй иу кæпæ иниæ проблемæ æвæргæ нæ, фæлæ рагацау скъуыддзаг куы кæнынц, уæд. Фæлæ фæстагмæ Дюмезиль йæхæдæг нарты эпос алы- фарсонæй куы -раиртæста, сæйраджыдæр æй социалон æмæ идеологоп æртæфункциондзинадмæ гæсгæ куы рав- зæрста, уæд æрдзопæй æрцыд Махарбеджы хатдзæгмæ: нарты эпосы апп сæвзæрд æмæ байрæзт ирæттæм, нар- ты хъайтарты райгуырæн бæстæ у ир æмæ сæ фыдæл- ты бæстæ^ нарты эпос бындуронæй у ирон æмæ йæ ирæй айстой иннæ кавказаг адæмтæ. Ахсджиаг сты Махарбеджы хъуыдытæ нарты кæро- ны тыххæй. Нартæ иугæндзон уæларвон тыхтимæ, хуы- цау æмæ зæдтимæ кæй тох кодтой, се сæфт уыцы тохы кæй æрцыд, уый, Абайты Вассомæ гæсгæ, поэтиконæй æвдисы зæрбнд примитивон, муртат иатурализмы тох ног, чырыстон культимæ. Махарбег нарты сæфт бæтты ирон адæмы историйы æндæр моменттимæ, иуæй, сæ хъайтарон-замап (гæнæн ис, æрхуыйы заман) кæй фæ- ци æмæ зæххы куыстмæ кæй бавнæлдтой, уыимæ, ин- нæмæй та — тæтæр-монголимæ, уæлдайдæр Тамерлаии- мæ кæй хæцыдысты æмæ кæй фæцагъд сты^уыимæ. Ацы хъуыдытæй иу дæр фауинæг нæу, фæлæ дзы, æвæццæ- гæн, растдæр у фæстаг. * Махарбег зæгъы, зæгъгæ, нарты мæлæт у ирон адæ- мы фыдæлты «аллегорион кæрон», аллегори та фадат дæтты, цæмæй йæ алыхуызон æмбарæм. Фæлæ мах нæ рох кæнæм: эпос идеализацисæнæг, мифологон, фантас- 43
тикон-бадзырдон формæтæй æвдисы адæмы цард. Эпо’- сы аивадон хъуыдыкæнынадмæ гæсгæ, цард змæлы, ивы иррацион, ирреалон тыхтæй, номхуындæй, хуыцау æмæ зæдты бархъомысæй, хъысмæты бархъомысæй. Уымæ гæсгæ нартæм трагикон историон фыдбылыз хуыцау æмæ зæдты хуызы кæй æрцыд, уым диссагæй ницы исЛæр- тон æмдзæвгæйы Махарбег уыны æмæ хъусы быдырон дымгæтæ æмæ денджызон уылæнты змæлд æмæ уыпæр. Уыдон сæхи хæхтыл ныццавтой æмæ сыл ныппырх сты. Уыцы.метафорæ у нарты кæрон. Æнусон царды бæсты æнусон кад, фыдвæиды бæсты æвæд иартæ равзæрстой, хуыцау æмæ зæдтимæ куы схæцыдысты, уæд, ома алантæ æддагон тыхгæнджыты раз сæ сæр куы не ’ркъул кодтой, куы нæ сын басастысты æмæ куы скуынæг сты, уæд. Уымæй дарддæр ма зæгъæн ис, зæгъгæ, нартæ кæй фесæфтысты, уый уыд эстетикон дзуапп ирон адæмы царды но’г историон заманæн. Уæд стыхджын социалон дифференциани, адæм сæхи мидæг къордтæ-дихтæ бай- дыдтой, царды ныхмæвæрдтæ сæ арæзтой иунæджытæ; Иу ком дзы иннæ комы хъæр нал хъуыста, иудзинадæй сæм ницыуал баззад, æмткæй ирон адæм фæсвæд, иу- зарс ахаудтой дунеон историйæ, Нарты кæрон — æвир- хъау трагизм — бацамыдта ирон аивады дарддæры рæз- ты райдайæн: эпикон поэтикæ раивта лиро-эпикон поэ- тикæйæ. Бæгуыдæр, нарты эцос царди ирон адæмы ’хсæн, уыдис сын историон-аивадои мысинагау, сæ ивгъуыды а^гъуыстаг, æнæмæлгæ цыртдзæвæнау, цыдæртæ дзысæер- ти, цыдæртæ йæм æфтыд, æмткæй йæ уаг æмæ йæ ахаст нæ ивта, афтæмæй. Кадæггæнæгæн кад нæ уыд ирон аМоемы ’хсæн, нæртон эпос дзаг æмæ æххæстæй, аив æм<л д<>:сныйæ куы нæ зыдтаид æмæ куы нæ дзырдтаид-зари даид, уæд. Нарты кадджытæ уыдысты йæ репертуары сыгъзæрин фонд. Фæлæ фæснæртоп замаи фæлдыста йæхи жанртæ, йæхи уацмыстæ. Уыдонмæ ха^нц хъар- джытæ, историон-хъайтарон зарджытæ, Иуиæджы кад- джытæ, чындзхæссыны зарджытæ, цуанонты зарджытæ^ фиййæутты зарджытæ, уарзондзинады зарджытæ, бинон- ты цардуаджы зарджытæ æмæ а. д. Нарты кæрон ирон аивадæн у бæлвырд арæнау, фæлæ уын афтæ миййаг нæ амоны, æмæ йæ фаллаг фарс æмæ йæ ардыггаг фарс цæхгæр хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Гъай-гъан, хицæн кæнынц, фæлæ сын ис органикон нудзинад. На’рты кæ- рон йæ трагикон хуыз каид фæснæртон апвадæн нæ рад- 44
та, фæлæ ма йæ аппæрста-размæ дæр—эпос æмткæй сахуырст уыцы хуызæй. Мах куы бæрæг кæнæм, зæгъгæ, цахæм сты ирон фольклор æмæ профессион-индивиду- алон аивады хъаймаг бæрджытæ, уæд зæгъдзыстæм:'уыч у ирон адæмы историон цард, сæ дунеæнкъарынад æмæ сæ удыхъæдмæ гæсгæ, хъайтарон æмæ трагикон аивад. Эпос хуымæтæджы нæ бæтты фæндыры равзæрд тра- гедиимæ. Фæндыр — музыкæ, хъарæг, зарæг, æмткæй поэзи æмæ аивад — фыццаг ха^т сарæзта Сырдон йæ мард хъæбулты стджытæ æмæ нуæрттæй. Махарбег зæ- гъы, зæгъгæ, фæндыр кæм равзæрд, уыцы дæлзæххон хæдзармæ цы фæндаг-лабиринт цыд, уый у ирон ныв- кæнынады райдайæн. Уыцы лабиринтæй — Сырдонцксшд нывæй — цæуы ирон орнамент. Махарбег æй хоны «æгæ- рон орнамент», цæуынц дзы, дурыл, хъæдыл, хæрдгæбыд- тыл нæм цы нывтæ^ис, уыдон. ■ - Сырдон у аивадон курдиаты хицау. Адæммæ гæсгæ, нарты эпосы фыццаг кадджытæ скодта Сырдон. Æхсар æмæ Æхсæртæг Донбеттырты чызг Дзерасс&йы тугвæ- дыл куыд ацыдысты, цы хабæрттæ еыл æрцыд,*уыдон -фыццаг Сырдон базыдта: «Сбадти йæ хъисын фæндыри- мæ бæрзонд уæзæгыл æмæ даргъ кадджытæ аскъæрдта тыннывæндæгау», «Нарты фæсивæд йæ алыварс ныха- сы сбадтысты, æрривæд кодтой æмæ хъусынц æнувыдæй Сырдоны кадджытæм». Æхсæртæг Дзерассæимæ донæй куыд рахызтысты, дыууæ æфсымæры кæрæдзи куыд амардтой, Хæмыц æмæ Уырызмæг куыд райгуырдысты, сæ бæстæм куыд æрцыдысты, -уыдон дæр фыццаг Сыр- дон базыдта, базыдта сæ «æмæ та сæ йæ кадæгмæ баф- тыдта». Сырдон алкæмæй дæр раздæр базоны, нарты æхсæ- нады цытæ æрцæуы, уыдон. Базон, сусæгтæ рафæлгъау æмæ сыл кадæг скæн, афтæ йæ скæн, æмæ адæмы зæр- дæмæ куыд бахъара, — уый у аивадон курдиаты мини- уæг. Уымæй дарддæр ма Сырдон дæсны у хуызы цæ- уынмæ. Куы фесты сыгъзæрины къæртт, куы худ, куы чындздзон чызг, куы зæронд ус, куы цы, куы цы. Уый дæр, æвæццæгæн, у йæ аивадон курдиаты иу фарс — актеры æвзыгъддзинад, ома театралон аивад дæр фæр- саг хуызы баст цæуы Сырдоны номимæ. Цæстæй уынаг, хъусæй хъусаг, зондæй зонаг, зæрдаёиæ æнкъараг, Сыр- дон у фæндырдзæгъдæг-музыкант, кадæггæнæг, нывгæ- нæг, актер-хуызыцæуæг. 45
Сырдон у æрхæссæггаг, «сау лæг», кæвдæсард, «мæ- гуыркъух лæг», нартæ йæ сæхицæй дæр нæ хуыдтой, цалынмæ фæндыр æрымысыд æмæ сын йæ цагъдæй сæ зæрдæйы уидæгтæ не сæнкъуысын кодта, уæдмæ. Афтæ кæй у, уымæй, æвæццæгæн, эпос амоны, зæгъгæ, аивад- аразæр сты мæгуыр адæм. Сырдон у доны бардуаг Гæ- тæджы æнæзакъонон фырт. Уымæй та, æвæццæгæн, эпос амоны, зæгъгæ, аивадон курдиат дæтгæ у фæрсæрдыгæй, æбæрæг ирреалон тыхтæй, хуыцауæй æмæ зæдтæй. Аф- тæ йæ æмбæрста æмткæй адæмон сфæлдыстад. Мах дыгъуырццæг кæнæм: куыд ис гæнæн, æмæ аи- вадон курдиат æмæ фыд, æвзæр, хæрам æмдзæрип уой иу адæймагмæ? Рагæй у бæрæг, зæгъгæ, гений æмæфыд- гæндæн иумæ уæвæн пæй. Эпос æмæ адæм Сырдоны фыц- цаджыдæр æмæ сæпрадж^ыдæр зопынц нарты фыдбы- лызæй. Сослан æмæ æндæр хъайтарты мæлæт, Æхсæр- тæггатæ æмæ Борæты хæст—адон æмæ бирæ æпдæр бæллæхтæ æрцыдысты Сырдоны аххосæй. Æмткæй рай- гæйæ, йе ’взæр бирæ фылдæр у йæ хорзæй. Æвæццæ- гæн, Къоста йе ’мдзæвгæйы фыццаг рæнхъ-вариант: «Гъæй, джиди, зарын Сырдонау ’куы зоиин» уымæн пæ ныууагъта, æмæ Сырдонимæ абарст адæм æвиппайд нæ аистаиккой, чи зоны, худæг дæр ма сæм фæкастаид, æмæ йæ баивта нейтралон-иумæйаг абарстæй: «Рагон нæртоп лæгау зарын куы зопип»,~ кæд йæ хъуыдыйы Сырдон уыд, уæддæр. Адæм æй цахæмæй пстой æмæ сæм гуы- рысхо цæмæй не ’взæрын кодта, уый Къоста равдыста, йæ фауццаг персоиажыл куы дзуры, уæд: «Хæдзары — хъæды сырд, Хъæубæсты — Сырдо-н». Адæмон сфæлдыстад иууыл къаддæр тæрсы ныхмæ- вæрдтæй. Мах Сырдоны уынæм æмæ йын аргъ кæцæм, эпос æй куыд уыдта æмæ йып куыд аргъ кодта, афтæ, Дюмезилы загъдау, «йе ’ппæт гармонион ныхмæвæрд- дзинадимæ». Чи зоны, Сырдон нартæм—кæд ын йæ анвадон курдиат уыдтой æмæ хынцыдтой, уæддæр — кадылдаргæ кæй нæ уыд, уымæй зыны ирон адæмы ахаст æмткæй аивадон курдиатмæ. Къостайы фыд Леуаны нæ фæпдыд, цæмæй йæ фырт уыдаид нывгæнæг. Махарбе- джы чйæ ныййарджытæ арвыстой Бетъырбухы Хæххон институтмæ, фæлæ нæ бахауд, геометрийæ цыппар кæй райста, уый тыххæй, æмæ йæхи барвæндæй бацыд Ныв- гæнæн академимæ. Махарбег йæхæдæг фыссы, зæгъгæ, уыцы рæстæджы иывгæнæг суæвынмæ йæ гæрзтæ чи ра- 46
бастаид, уый канд йæхиуæттæ нæ, фæлæ ма иннæ адæм’. дæр схуыдтаиккой æррадонмæ барвитинаг. Махарбег зæгъы, зæгъгæ, эпосæн æцæгæлон у тау- рæгъон-прозæйон формæ. Мингай азты дæргъы йæ адæм хъисын кæнæ дыууадæстæнон фæндыры цагъдимæ ны- вæзтой æмдзæвгæтæй. Алыхуызон кадджытæн уыд алы- хуызон музыкалон мотивтæ. Сосланы мотивæй баивæк нæй Уырызмæджы мотив. Афтæ-иу цы кадæггæнæр ба- кодта, уый-иу адæм баурæдтой, нал-иу æм хъуыстой. Уый канд мотивмæ пæ хаудта, — æмткæй эпосы аива- дон конд, йæ поэтикæ уыд æмæ у нормативон. Бæгуы- дæр, индивидуалон райдайæн ис алы аивады дæр, фæ- лæ фольклоры у тынг пымæггонд. Уымæ гæсгæ йып йæ уацмысты авторты нæ зонæм. Уым æлдариуæг цы къа- нонтæ æмæ этикет кодтой, уыдонæй фæрсмæ ахизæн нæй, бархийæ сын раив-баивгæнæн нæй. Индивидуалои райдайæн дзы зыны, уацмыс кадæггæнæг куыд дзуры- зары, цахæм дæсныйадæй йæ æххæст кæны, уымæй. Йа* бон у, сюжетон хæххытæ аива, фæдаргъдæр кæнæ сæ фæкъаддæр кæна, зæронд архайджытæй аппара кæнæ сæдо ног архайджытæ бафтауа (уымæ гæсгæ нæм ис иу кадæгæн цалдæргай варианттæ), фæлæ дзы алцы’- дæр хъуамæ уа жанрон нормæтæ æмæ поэтикон тради- цитæм гæсгæ, фольклорон эстетикæйæн куыд æмбæлы æмæ куыд фæччы, афтæ. Кадæггæнæг у шахматисты хуызæн: номдзыд хъазджыты парти цæуыл фæуыдзæн, уый зоны развæлгъау, фæлæ йæ хъуамæ йæхæдæг но- гæй ахъаза. Дзырд дæр ыл нæй, фольклоры индивидуалон рай- дайæн алкæд уыцы иухуызон нæу. Иæ бон у æмæ фæл- дзæуæн заманы (адæмы цард æмæ* зондахасты ивдимæ иумæ) суа активон, цырын æмæ ирд. Махарбег дзуры, зæгъгæ, 1880—1890 азтæм адæмон поэзи йæ бынат дæт- тын байдыдта литературæйæн, æппæтадæмон аивад хызти индивидуалон аивадмæ. Фæлдзæуæн заманæи ха- рактерон сты дыууæ стыр фигурæйы: иуæрдыгæй — ка- дæггæнæг Зыгъуытаты Бибо, иннæрдыгæп — поэт Хе- тæгкаты Къоста. Махарбег Бибойы хоиы, ирои Гомерты рæхыс чи бал- хынцъ кодта, уыцы кæройнаг цæг, фæстаг адæмон ка- дæггæнæг. Бибо у йæ разцæгты хуызæн æмæ сæ хуы- зæн дæр нæу. Махарбег дзы куыд зæгъы, афтæмæй Би- бо у, аивад йæ професси кæмæн сси (куыст кæй ныд- 47
дихтæ, кæй ныкъкъабæзтæ ис, аивад специализациг^т! кæй цыд, уый фæстиуæгæн), йæхи хъысмæт æмæ р№$% «æз» чи банкъардта æмæ чи бамбæрста, ахæм кадæггуЛ" пæг. Уымæ гæсгæ йæм уæзгæ æмæ ахадгæ у лиризм: «ь.$ æнкъард, трагизмæй йедзаг кадджытæм» хъусгæй’'.^ адæм «сæ цæссыг калдтой», «хæкъуырццæй куыдтоа»*/ Уымæ гæсгæ йæ номыл баззадысты номдзыд кадджыт.’с «Æфхæрдты Хæсанæ» (ныффыста йæ Къубалты Ал^,! сандр), «Иунæджы кадæг» æмæ æмдзæвгæ «Бирæгъ æм^ зыгъарæг» (ныффыста сæ Байаты Гаппо). Ома йæ щ< мыл баззадысты, йæхи индивидуалон дамгъæ кæуы^ нывæрдта, йæхи «автордзинад» кæмæ бахаста, уыцы уацу мыстæ. Афтæ зæгъæн нæй йе ’ннæ жадджытæй, уæлдар- дæр нарты кадджытæй. Гъай-гъай, уыдон æм, йæ раз цæгтимæ абаргæйæ, уыдысты дзагдæр æмæ æххæстдæрг, фæлæ сын сæ эпикон тызмæг, хиуылхæцгæ уагмæ не ’внæлдта, нæ йæм ныхылдта. Бибо, цыма, фольклоры арæнтæй йæхи тыдта æддæмæ, сыгъдæг индивидуалон сфæлдыстадмæ, фæлæ уæддæр куыста æмæ архайдт^ фольклоры арæнты^ мидæг. Уый у йæ хæдхуыздзинат^ -æмткæй фæлдзæуæн заманы хæдхуыздзинад. " Бибойы курдиат (иуæй-иу жанрты) канд индивиду ^лон нæ уыд, — цасдæр бæрцæй йын схонæн ис универ- <:алон дæр. Иæ репертуар, — фыссы Махарбег, — афтæ хъæздыг æмæ æвидигæ уыд, æмæ йæм адæм къуырйгæйт^ ты хъуыстой. Уым уыдысты адæмон сфæлдыстады æп- пæт жанртæ дæр. Уым ма уыд чындзыты (куклæты) те- атр дæр. Чындзытæй сæ иутыл — нæлгоймаджы дарæс, -се ’ннæтыл— сылгоймаджы дарæс. Алы чындзмæ дæр Бибо дзырдта йæхи номæй, змæлын æмæ-иу кафын куы байдыдтой, уæд: «Гъæй, Хъамболат! Æркаф, дæ хорзæ- хæй, Аминæты рæсугъдимæ!» æмæ г’. д. Иуæй-иу ахуыргæндтæ бæлвырд кæнынц, зæгъгæ, адæммæ драмæйы фæзынд.баст у кæнгæ цæсгæмтты (маскæты) театримæ. Дины бæрæгбонты-иу сæ уæлæ скодтой алыхуызон цæрæгойтæ æмæ сырдты цæрмттæ, сæ цæсгæмттæ дæр-иу сарæзтой цæрæгойтæ æмæ сырд- ты цæсгæмтты хуызæн. Фæлæ фæстагмæ, кæнгæ цæс- гæмтты аивадон гæнæнтæй хуыздæр спайда кæнынмæ тырнгæйæ, кæнгæ цæсгом ист æмæ иртæст æрцыд адæй- магæй, ома сси хæдбар, сси чындз (куклæ). Афтæмæй кæнгæ цæсгæмтты театр ивд æрцыд чындзыты театрæй, ома чындзыты театр у адæмон театры фæстаг æмæ уæл-" 48
, ’Т’ къ&тпхæн’. Уымæ гæсгæ, С&рдоны кæн)гæ цæсгæмт- " ""(хуызй цæуыны) театрæй дар’ддæр ацæугæйæ, Бибо- ц.ь’ театр фæлдзæуæн заманы балæууыд профессион те- ^И)'ы дуары’ ра’з. ./фæлдз&уæн’ замаиы Бибойы аивад, ома æмткæй грШклоры аивад, иста ног хæрзхъæддзинад (йæхи арæн- ’мидæг) æмæ уымæй йæхи йæхæдæг мардта æмæ цард ,:$æрдта4 йæ ивæгæн—профессион-индивидуало.н аи- лД’збн У&цы процесс æмхуызон-хъаруйæ, иу афон не ;;цйд ирон а’и’вады æппæт къабæзты дæр: кайм раздæр, <цёй фæстаёдæр, кæм тыхджындæр, кæм лæмæгъдæр. Г1&$Йийы уайтагъд схы’зт классикон бæрзæндмæ — Къос- ~'1Йы'«Ирой фæндыр». Нывкæнынады дæр афтæ — Къос- ■айЫ’ хуы’зфыссынад, йае фæстæ — Махарбеджы сфæл-. д^стад. Теа’гры" кæнгæ цæсгæмттæ æмæ чындзытæ ра- йвтой æцæг драмон-театралон аивадæй — Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстад («Маймули — рухсаг, æгас цæуæд ирон театрЬ). Афтæ рауад — уадз æрæджйау — музыкæ æмæ хореографийы дæр. Фæлдзаеуæн заман у /иЁаДы т]5адйцитæ æмæ новатордзинады заман, сæ диа- гктикон ныхм’æвæрдæмæ йудзин’ады заман. Фаелæ каед’ фæлдзæуæн за’ман, уæлдайдæр *уы бай- дайы, уæд’, ахъаз кæны; цæмæи индивйдуалон аивад фæ- зы’йа æмæ раёза, хицæн унйвё^салбн’ гоймæгтæ раЦæуой гсторйон аренæмæ, уаёддæр дзы æмтйей, уæлдайдæр капйт’аДизм* куы ’рбйнойй"^ аемаё куы ’рфидар вæййы’, уæд, айвад’ у фыдаебойнаг #маё хъйзæмайраг. Фæлдзæ- уæН’ замаШ уыц’ы Дыууæ— прогрёссивон æмæ реакцн- рн1—фарсы’ Махарбер æвдйсы’ бирæ. дæнцæгтæй. Бибо- йй фæстæ’ чи баЗзад, уыцы кадæггæнджытæ адæмы цæс- ты ницыуал ахадыдтой: адæмон кадджытæй бирæ нал зыдтой, сæ репертуар уыд мæгуыр, кадавар, сæ дæсны- йад — цауд. Адæмон нывгæнджытæ-æрмгусджытæй дæр уыд Бибойы хуызæттæ: сæ нывæфтыд дзаумæттæ сын алкæм дисæн хастой! Сæ фæстæ чи баззад, уыдон про- дУкци асæй .фæкъаддæр, хæрзхъæддзинадæй — фæмæ- гуыраудæр. Сæ мидæг, — фыссы Махарбег,— амард ныв- гæнæджы натурæ.' Капитализм «куынæчг кодта адæмон аий сфæлдйстады уидæгтæ», ныккалдта сыл фабрик-за- водон уæлæнгай, аслам, ницæйаг товартæ. Марды дур- дзыртытæ чи арæзта, уыдонæй æрмæст иу — Едзиаты Сослæнбег — бавæрдта адæмон аивадьГ традицитæ, ба’- вæрдтя сæ æмæ сæм хаста йæхи сæрмагонд æрмдзæф. 4. Дзуццаты X. ла
Уый, цыма, йæхимидæг баиу кодта адæмон аивад æмæ индивидуалон аивад. Къостайы тыххæй дзургæйæ,* Ма- харбег цалдæр раны ныоан кæны, зæгъгæ, Бетъырбухæй Дзæуджыхъæумæ куы æрыздæхт, уæд ын йæ нывтæ’ къа- печчытæй кæй æлхæдтой, материалонæй иугæндзон хъуаг кæй æййæфта, уымæ гæсгæ арæх кодта нывтæ аргъуа- нæн. Маркс дзырдта, зæгъгæ, капиталистон кондад фы- даёхзæрдæ хæссы аивад æмæ поэзимæ. Æмæ кæд уыдон Ирыстоны XIX æнусы дыккаг æмбис æмæ XX æнусы рай- дианы, капитализмы дуджы, тыхджын сырæагтысты, уæд æрмæст уымæн, æмæ’ сæхæдæг дæр фыдæхзæрдæ хас- той капитализммæ, уыдысты разыдзинады нæ, фæлæ тохы фæстиуæг. Капитализм æмæ .паддзахы хæдхæцæ- гад адæмы уд хæлдтой, поэзи дзы мардтой, фæлæ Къос- та слæууыди сæ ныхмæ, поэзи канд мæлын нæ бауагъ- та,—радта йын, уæды оцг æм чи нæма уыд, ахæм тых æмæ фидауц. Афтæ бакодтой Къостайæн йæ зынгæ æм- дугонтæ æмæ фæдонтæ дæр. Къостайы сфæлдыстады Махарбег сæйраджыдæр йæ хъус дары йæ хуызфыссынадмæ, æмæ йын йæ нывты тыххæй цы зæгъы, уыдонæй бирæтæ хауынц йæ поэзи- мæ дæр, æххуыс нын кæнынц йæ поэзи бамбарыпæн дæр. Къоста у, — фыссы Махарбег, — Ирыстоны фыццаг профессион нывгæнæг-хуызфыссæг. Йæ хуызфыссынады, хæххон цæугæдоны æртæхтау, тæмæнтæ калынцарвæрды-^ ны æппæт- хуызтæ дæр. Къоста ирон нывкæныиады бын- дурæн æрæвæрдта реализм æмæ йыл йæ зæрдæ никуы сивта. Капитализм æй схуыста динмæ, динон хуызфыс- сынадмæ (аргъуанæн ныв кæнгæйæ,„амал кодта маамæ- ла{}ы къæбæр), фæлæ уым дæр уыд реалист, зæххон æмæ^адæймагон. Уæдæ ма æндæр цы вæййы хъæбатыр- дзинад! Дин нывгæнæгæй домы-формализм, зæдтæ æмæ дау- джытæ хъуамæ иппæрд уой зæххЬн комытæфæй, æвдыст цæуой бадзырдон-схоластикон формæтæй, хъуамæ сæм ма уа адæймагон миниуджытæ. Динон хуызфыссынад йæхæдæг хъуамæ уа æнæмонц æмæ снда адæймагмæ, цæмæй уый дæр уа æнæмонц, хуыцауыл куырмæй æу- уæнда æмæ мацæуыл хъуыды кæна",* мацæмæй тыхса, Дины дуне — уæларвон дуне — лæууы рёалон, цардæ- гас дунейы ныхмæ. Уымæ гæсгæ дины фантази у аива- дон фантазийы ныхмæ. 50
Динон темæтæ, сюжеттæ, фæлгоицтæ Къостамæ рай- сынц реалистон мидис æмæ формæ. Алагиры аргъуаны Чырыстийы 12 ахуыргæнинагæн (хуыцауы минæвæрт- тæн) цы нывтæ скодта, уыдоны «хуыцауы кондæй» ни- иы ис. Уыдон сты типикон ирæттæ, хитонты бæсты сыл скæнæн ис ирон дарæс. Сыгъдæг Ольгæ йæм у æнæниз^ сырхуадул, стырриу уырыссаг сылгоймаг. Сыгъдæг Ни- нæйы чи уыдта, уыдон æй æнхъæлдтой нывгонд пæ, фæ- лæ удæгас сылгоймаг. Хъынцымгæнæг зæд у Къостайы уарзон Попова Аниæ. "Йæ биноитæ—хъæздыг адæм, ’сомихаг-григорянаг аргъуаны -сæрхъызойтæ — нæ рад- той бар,- цæмæй Аннæ йæ амонд сиу кодтаид Къостаи- мæ. Сæ дыууæ дæр цы маст æвзæрстой, уый Къоста тых- джын равдыста зæды, ома ^Аннæйы фæлгонцæй. Афтæ сты йе ’ннæ динон нывтæ дæр. Къоста уæларвы цы ис (адаемы мæнг, иллюзорон æмбарынадмæ гæсгæ), уый æриста зæхмæ, алфæмблай цардмæ, динон фантази. æрæргъæвта "æцæг, реалон, аивадои фантазимæ, уæлар- воп пæрджытæ йæм систы зæххон цæрджытæ — Къос- тайы æмдугонтæ. Афтæ у йæ поэзийы дæр, Поэмæ «Адæй]№аг»-ы Чы- рысти у динон нæ, фæлæ поэтикон-реалистон фæлгонц. Поэмæйы хъарынц, Къостайы дуг кæмæй рысти, кæуыл сагъæс кодта, уыцы раззагон идеятæ, Чырыстимæ уы- нæм Къостайæн йæхи æмæ йае хуызæтты бæр’джытæ. Уый уырны, зæгъгæ, адæм бамбардзысты рæстдзинад,. нал сæм уыдзæн фыд æмæхæрам. Уый адæмы сæрвæл- тау цæттæ у æвирхъау зынтæ быхсынмæ, цæттæ у мæ’- лæтмæ. Уый тауы уарзт æмæ æфсымæрдзинад, сиды ног, сæрибар æмæ рухс цардмæ.Уый тырны активон æмбар- гæдзинад. æмæ гуманизммæ. Уый цыфæнды уавæртьг дæр нæ цуды йæ равзæрст- фæндагæй æмæ кæддæрид- дæр баззайы адæнмагæй. Уымæ ницы ис динои фанатиз- мæй. Динон, мсщанон, цыбырзонд, сæнтдзæф фанатизм ис, Къоста цæрæнбонты æнæуынон зæрдæ кæмæ дард- та, йæ удхæссæг кæмæй уыдта æмæ адæмыл кæй нæ ны- мадта, уыцы æлгъаг, чъизи, пыллæг -бардзмæ. Динон сюжет фысгæйа?, Къоста у дины ныхмæ. Ирон адæмы уæззау цардыл рисгæйæ, Къоста иу ран фæсидт Уастырджимæ: «Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæидаг!» Уастырджийы хуы- зы Къоста уы-ны уæларвон бардуаг нæ, фæлæ реалон тых, реалон адæймаг. Уастырджи йын у динон нæ, фæлæ 51
лоэтикон’ фæлгонц’, Йæ мидис ын æргом. кæнынц Къос- тайы иннæ æмдзæйгæтæ: «Гъæй, джиди! ИскуЫ дæ фий- йау куы разарид Иу.сау къæдзæхы сэерæй! Хорз фосы дзугау дæ иумæ куы равзарид Исчи йæ фарны хъæрæй!», «Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фиййау, нæ фæстæ, Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзьгрд!.. Гъе, мардзæ, исчи! — бынтон сæфт кæнæм!» Уастырджиг Къостамæ у «фиййау», «исчи», ома хæстон, революционер, фæтæг, адæмы сæргъ чи хъуамæ слæууа, сæрибары тохмæ ёæ чи хъуамæ акæ~ на, ахæм а^æймаг. Уæды Ирыстоны уавæрты ахæм’ адæймаг уыд Къоста йæхæдæг, уымæ гæсгæ тыхми нæ уыдзæн, куы зæгъæм/ зæгъгæ, Уастырджи у Къоста. Энгельс дзырдта, зæгъгæ,ч астæуккаг æнусты дзыл- лæты æнкъарæнтæ хъомылгонд уыдысты динон хæлцæй, æмæ цæмæй тыпг сызмæлыдаиккой, уый тыххæй сын сæ интерестыл æнæмæнг хъуыд скæнын’ диной дарæс. Ацы уагæвæрдæн цасдæр бæрцæй, бæрæг корректййтимæ, ра- хæссæн ис фæстæдæр замантæм- дæр. «Д’инон да^йес» — уый у фæлгонцон-эстетикон амал, Къоста дз"ы æвдыста йæ дуджы æцæгдзинад, æхсæнадон æмæ революцион’ монцтæ, тырнæнтæ, фæндийæгтæ. Æмткæй реалистон аивадæн- «динон’ дарæс», йæ бирæ æндæр формæтймæ иумæ æмæ се ’мрæнхъ, лæггад кодта адæмы цард раст æвдисынæн, адæмы- пайдайæн куыд -уа, адæм æй куыд •æмбарбй, адæм æй куыд исой æмæ сыл куыд æндава, афтæ æвдисынæн. Бетъырбухы Репинмæ, Мюнхены Ашбемæ ахуыркæн- гæйæ, Махарбег йæ зæрдæмæ арф айста реалистон аи- вады принциптæ. Чидæртæ йын дзырдтой: «Ныууадз дæ гуымир реализм, базæронд, рахиз’ ног фæйлауæнтæм!» Æмæ йæ, цыма", иухатт уадзынвæнд дæр скодта. 1912 азы Махарбег къласикон реализмьг ныхмæ, Рафа’эль, Тициан, Рубенс, Брюллов, Репин, Милле, Курбе æмæ æндæрты реализмы ныхмæ æвæрдта импрессиони^м, фыц- цаг, дам’, æвдисы фотографон рæстдзинад, дьгКкаг та — сыгъдæг æнкъарæнтæ æмæ тæлмæнты рæстдзинад. Ай- гъай, фотографизм фауинаг у, фæлæйын цы иудзинад ис реализмимæ? Реализм цард æвдисы типиконæй æмæ индивидуалонæй, æвдисы йæ цардæн йæхи формæтæй Дæр æмæ бадзырдон формæтæй дæр. Реализмæн æцæ- гæлон не сты сыгъдæг æнкъарæнтæ æмæ тæлмæнтæ, æр- мæст кæд гуырынц æмæ цæуынц царды змæлынгæнæг тыхтæ, æхсæнадон адæймаджы вазыгджын удыхъæд 52
арф базонынæй æмæ раст раиртасынæй, уæд. Реализм царды копи нæу, фæлæ фæлдцсы дыккаг реалондзинад — эстетикон реалондзинад. Чи зоны, Махарбер реализмма1 фау куы ’рхаста, уæд загъта йæ ахуыргæнинаг æмæ йе ’мбал Коджоян Акопæн: «Хъуамæ æрдзы цагъар ма уай, хъуамæ йæ зонай, æмбарай йæ. Нывгæнæг хъуамæ æр- дзæй уæлдæр лæууа». Махарбегэен йæ бон нæ уыд, æмæ ма бамбæрстаид, зæгъгæ, реалцзмæй цы загъта, уый реализм.мæ нæй. Ре- ализм у æцæгдзинады цагъар нæ, фæлæ æцæгдзинад иу- уыл цæрдхъомдæр æмæ бæркадджындæрæй чи ’вдисы, уыцы сфæлдыстадон метод/ Æмæ *йæм кæд фæхæццæ импрессионизмы тæваг, кæд кæмдæрты- ком радта мо- дæйон фæйлауæнтæн, уæддæр иудадзыг йс* ’ргом уыд реализммæ, йе ссарæггæгтæ æмæ йæ агуырдтытæм. Советон хицауад куы фæуæлахиз,^уæд адæмоп æи- дидзæг аивад æмæ профессион^ аивад Махарбсг хъахъ- хъæдта модернистон æмæ декадентон æндæвдадæй. Мах- мæ нæй, — фыссы Махарбег, — аивад аивады тыххæй, махмæ аивад у адæмы тыххæй. Уымæ гæсгæ пог аивад хъуамæ рæза адæмон сфæлдыстадæй, адæмои нывгæн- джыты хуыздæр уацмыстæй. Æмæ канд уыдоыæй нæ. Ног аивад хъуамæ рæза классикон аивадæй, сæйраджы- дæр реалистон аивадæй. Ирон хуызфыссынад йæ рав- зæрдимæ уайтагъд байдыдта рсализмæй, Къостайы уац- мыстæй. Уыдон дарддæр кæнгæйæ, царды размæцыд æмæ ивдæн дзуапп дæтгæйæ, махмæ фæзынд æмæ ныф- фидар социалистон реализм. Тауаситы Сослæнбеджы скульптурæ «ЧСрмен»-ы Ма- харбег федта ивгъуыды рæстдзйиад. Фæлæ уыцы рæст- дзинаХ фольклоры куыд æвдыст у, афтæ нæу советон скульптормæ—ног дуг æмæ йын ног аивад радтой ног мидис. Чермен æй кæд йæхæдæг иæ зыдта, уæддæр йæ архайдæй цæттæ кодта социалистон революци, æмæ Тауасийы фырты скульптурæйы ссыгъди революцийы; зынгæй. Цагъар растад йæ социалон æфхæрджыты ных- мæ æмæ сыл фæуæлахиз, сси æппæт æлдæртты æлдар, ауыгъд къæдзæхты хуызæн æрфгуыты бын стыр цæсты- тæй кæсы æнусты сæрты абонмæ æмæ фидæнмæ, ныфс- джын у уыдон ныфсæй, тыхджын у уыдон тыхæй. Уый хæссы æппæтдунеон идея — фæллойгæнæг адæмы сæри- бары идея. Уыцы идея æвдыст у хуымæтæг амæлттæй’ æмæ йæ æмбары алы адæймаг дæр. 55
Тауасийы фырты скульптурæйы Махарбег цы фед- та æмæ цы ранымадта, уыдон сты социалистон рсализмы бæрджытæ (æцæгдзинадмæ ног ахаст, .гоймаджы пог концепци, эстетикон идеал, адæмондзинад æмæ партион- дзинад, бамбæрстгонд, революцион псторизм æмæ а. д.). Цард ^æмæ адæймаджы коммун’истон рæстдзинад, хорз æмæ фидауцы закъæттæм гæсгæ рацаразып, эксплуа- таторон æхсæнад, капитализм æнæадæймагон кæй скод- та, уыдон адæймагон скæнын — уыцы зын’æмæ %æздан .хæс фыццаг хатт æрхаудта советон адæммæ æмæ сæ яивадон метод’—социалистон реализммæ. Уымæн — ног дунеæнкъарынад æмæ иог дупеуынынадæн — фыцца- джыдæр æмæ сæйр-аджыдæр арфæйаг у хъайтарон адæй- маг, тохгæнæг æмæ аразæг адæймаг. Махарбеджы хъай- тартæ сты тохы æнæбасæтгæ, куысты — æвæллайгæ, уы- дон иу кæнæ иннæ бæрцæй кæддæриддæр сты фæлгонц- тæ-дæнцæгтæ. Уыдонмæ хауынц нарты гуыуппырсартæ, уацайраг фæтæгтæ-растадонтæ, Чъехы фидар хъахъ- хъæнджытæ, æртындæс коммунары, ирон хæстонтæ — Советон Цæдисы Хъайтартæ, Ручъы колхозьг фиййæут- тæ æмæ бирæ æндæртæ, Махарбег цардон, историон æмæ психологон æгъдауæй раст æмæ тыхджын кæй сныв код- та, уыцы адæймæгтæ. Махарбег стыр аргъ кодта ирон аивады национ хæд- бындур æмæ хæдуагæн. Хохаг адæмтæ иууылдæр да- рыиц цухъхъа, фыццаг бакастæц, цыма, иухуызон у се ’ппæтмæ дэер, фæлæ дзы алкæмæ дæр хицæн кæны йæ яхуырстæй, йæ ху*ыдæй, йæ хæххытæй. Кафт «Сандрахъ» ирон адæммæ æрбафтыд æддейæ, фæлæ райста ирон -симды æууæлтæ, ирæттæ йæ сæхи хуызæн ’скодтор!. Аф- тæ кафт «Исламей» дæр — иумæ дзы, цыма, баиу сты ирон хонгæ кафт æмæ зилгæ кафт. Национ аивад æдзæ- рæг денджкзы астæу зыбыты иунæг сакъадах нæу, алкæдд^æр æвзæрста æндæр адæмты æпдæвдад.# Уыцы жндæвдад тынг стыхджын, капитализм адæмты ’хсæн гæрæнтæ куы ныссаста æмæ куы ныккалдта, уæд. Къоста йæ иуæй-иу нывтæ («Сывæлæттæ-дурсæтджы- тæ», «Хъынцъымгæнæг зæд»), цыма, райста ныгуылæй* иаг нывгæнджытæй. Кæд дзы -исты райсæггаг ис, — фыс- -сы Махарбёг, — уæд сæ иумæйаг композици, сæ иумæ- йаг схемæ. Къоста дзы равдыста йæ алфæмблай цард, тле ’мдугонты типтæ, сты оригиналон æмæ индивидуалон. Къостайæн йæ дуг æмæ йæхи гоймагмæ гæсгæ, рухсмæ 34
ацыдысты йæ дуг æмæ йæхи уавæрæй, сæ мæт æмæ сæ ^агъæсæй. Сывæллæтты фæлгонцтæ ныффыста Дзæу- '^жыхъæуы йæ фысымы чысыл фырттæй, зæды фæлгонц т,а — йæ уарзон чызгæй. Афтæ сты, хаттæй-хатт махмæ Æнæсæрв’адæй Крылов, Пушкин, Некрасов æмæ æндæр- тæй тæлмацтæ кæй хонынц, уыцы æмдзæвгæтæ дæр. Искæй эпигонау фæзмгæйæ, адæймаг свæййы искæй хуы- #-зæн; Адæймаг та хъуамæ алкæд æмæ алкæм уа йæхи хуызæн. Къоста цыфæндыдæр нæ арæзтаид, кæмæфæн- дыдæр гæсгæ йæ нæ арæзтаид, — иугæндзон æм ис хæд- бардзинад. Ацы дзырд — хæдбардзинад! — Махарбег фæлхатт кæиы цалдæр раны, Къостайыл куы фыссы, уæд. Национ айвад æддейæ цы • иса, уырдыгæй йæм цы цæуа, уый хъуамæ канд йæхи хуызæн ма кæна, фæлæ ма дзы хъуамæ рæза, схиза раззаг адæмты аивады бæр- зæндмæ æмæ барджынæй æрлаеууа се ’мрæнхъ. Къоста дæр, Махарбег дæр, стæй не ’ннæ стыр аивадон кур- днаттæ дæр сæ тæрттæ гомæй дардтой æддагон æндæв- дадмæ, ’ахуыр кодтой уырыссаг æмæ дунеон аивады прогрессивон фæлтæрддзинад,.хъæздыг дзы кодтой ирон национ аивад, лæвæрдтой йын ног тыхтæ, пырмæ дзы нымæхст æмæ нымæг чи уыд, фаг. чи нæма базмæлыд æмæ дунемæ-чи нæма растад, уыцы мидгæнæнтæ рар- гом кæнынæн. Афтæмæй ирон аивады национ миниуджы- тæ æмдзард баисты æппæтадæймагон мпниуджытимæ, уымæн æмæ æцæг национ кæддæриддæр у интернацион, æмæ иннæрдæм — æцæг интернацион у национ. Аивады уыцы диалектикон процесс уæлдай тынг рауæрæх æмæ уæлдай тынг хъуыдыйаг у ныртæккæ, национ культурæ- тæ ’кæрæдзимæ æнгом куы кæнынц æмæ дидннæг куы ’фтауынц, уæд: . Махарбег^—бирæфарсои гоймаг, ирон адæмы гсни- йьиминæвæрттæй иу — сфæлдыста æмæ йæ фæстæ ныу- уагъта йæхи сæрмагонд дуне — хуызтæ æмæ ахорæнтæ, æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ, уд æмæ зонды дуне. Хъай- тарон æмæ трагикон дуне. Рæсугъд æмæ бæрзонд дуне. Уымæн, уыцы дунейæн, ис национ æмæ æппæтадæймагон ахадындзинад:. 1ПЯ1 ^ 55
НЫХАС ЧЕРМЕИЫ ТЫХХÆЙ ) Беджызаты Чермен... I Чи зоны, йæ сурæт (йæ портфет) иск^мæн зовдйе нæу кæнæ йын зонгæ у, фæлæ уæлæнгай, гæзæмæ. Чи зоны, никуы сыстад йæ цæс.тыты раз удæгасау, йæ хæд- хуыз æмæ характерон миниуджытимæ. Чи зо.ны... Æмæ уымæн ис йæхи аххосæгтæ: дыууын азы бæрц, 1937 азæй 1956 азмæ, иппæрд, æмбæхст уыд адæмæй, стæй йæ та- лынгæй рухсмæ куы рахастам, уæд æй фаг хъаруйæ нæ феныи æмæ нæ бамбарын кодтам не ’м.бæстæгтæн, нæ йæ рауагътам æндæр æвзæгтæм тæлмацæй, нæ ирон интеллигенцийæ та бирæтæ рагæй-æрæгмæ сæ сæр нæ дарынц сæ мадæлон æвзагыл литературæ кæсьшмæ. Ууыл хъыг кæнын æмбæлы, уымæн æмæ уыцы сурæт аккаг у, цæмæй йæ зоной ирон адæм иууылдæр æмæ канд ирон адæм нæ, фæлæ ма иннæ адæмтæ дæр. Уыцы сурæт (портрет) сарæзта бæлвырд историон рæстæг, ахъаззаг революцион цардивæц æмæ удивæц за- ман, сарæзта йæ йæхи социалон, политикон æмæ эстети- кон закъæттæм .гæсгæ. Уый у типикон æмæ тыхджын индивидуалон, сæйраджыдæр йæ аивадон, хæдбындур æмæ æвæл-хатт курдиатæй. Курдиат та, мах æй зонæм, кæддæриддæр у стæм æмæ уыцыиурæстæг æлпæтадæмон исад. Уымæ гæсгæ уыцы сурæт махмæ æвзæрьш кæны цы- мыдис, йæхимæ нын здахы нæ цæстæнгас, нæ уд æмæ нæ зонд, здахы сæ йæ хæдуаг, йæ хъæздыг æмæ йæ фи- дауцмæ. Ахъаззаг революцион заманы хъуыди ’йæхи цы#гæн- джытæ. Иуæй-иутæ дзы йæ хъæрмæ, йæ фæдисмæ фæ- зындысты ивгъуыдæй, хæдхæцæгады пыхмæ карзæй чи тох кодта, паддзахы ахæстæттæ æмæ хастыты .фыдад чй бавзæрста, уыцы фæлтæрд фысджъгтæ (махмæ: Брытъи- аты Елбыздыхъо, Гæдиаты Цомахъ æмæ æндæртæ), иуæй-иутæ йæм цыдысты сындæггай, бæрæг ныхдоæдæрд- тæ сæтгæйæ (махмæ: Коцойты Арсен, Нигер æмææндæр- тæ), иуæй-иутæ йыл сæ зарæг самыдтой, иугæр царды рохтæ социализм йæ къухмæ исын куы байдыдта, уæд (махмæ: Хъамбердиаты Мысост, Фæрниаты Къоста æмæ æндæртæ). Фæлæ уыцы фысджыты ’хсæн ис ахæмтæ, мах иннæтимæ кæй нæ хæццæ кæнæм, литературæйы сæрма- гонд бынат кæмæн дæттæм. Уыдопæй æлкæмæн дæр йæ бон уыд, æмæ, Фадеев Алыксандрау, загътаид йæхи- 56
цæй: «Æз фыццаг сдæн революционер, стæй та — фыссæг, æмæ цалынмæ фыссæн сис райс7тон, уæдмæ уыдтæн хър- мыл, цæттæ бол.ьшевик. Æнæмæнг уымæн сси ме сфæл- дыстад дæр революццон». Уыдонæй алкæмæн дæр, Фур- манов Дмитрийау, йæ цырты дурыл снывгæнæн ис ми- дисæй арф æмæ ,б,акастæй рæсугъд символ — æхсаргард æмæ чиныг: æмхуызон лæджыхъæд æмæ курдиатæй тох кодтой Октябры идеяты сæрвæлтау æппæт фронтты дæр, уьп^ы ным^эцы литературон фронты дæр. Ахæм нывгæ- нæг — революцион нывгæнæг — махмæ ирон литерату- рæйы у Беджызаты Чермен. Æгæрыстæмæй йын хронологонæй куы ’ркæсæм йæ цар- ды сæйраг цаутæм, уæддæр нын агайы нæ зæрдæ. Кала- чы дины семинары^ма куы ахуыр кодта, уæд, 1917 азы агъо.ммæ, базонгæ марксистон литературæимæ, æмæ куыддæр Уæрæсейы Октябры революии фæуадахиз, аф- тæ йæхицæн скарста революцион организатор æмæ хæс- тоны хъысмæт. Гуры ирон æфсæддон полчы, стæй сæ- химæ, Урстуалты дæр, агитаци } агъта меньшевикон ре- жимы ныхмæ. 1918 ззы бацыд Коммунистон партийы рæнхъытæм. Уыд Ручъы партион организацийы сæрдару 1920 азы июны растады активон хайадисæг, Хуссар Ирыс- тоны ревкомы уæнг; Советон хицауад куы ’рфидар, уæд куыста Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы президиумы секрета- рæй, газет «Хурзæрин»-ы редакторæй æмæ а. д. Рагæй йæ сайдта æмæ ласта йæхимæ литературон сфæлдыстад, 1915 азæй фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ йын æм лæмбы- нæг бавналыны фадат фæци æрмæст 1928 азæй, уымæй дæр сæрысуангæй æмæ æххæстæй нæ, уымæп æмæ иу- дадзыгдæр дзæвгар рæстæг лæвæрдта алыхуызон æх- сæнадон, партион æмæ советон куыстытæн. Афтæмæй, революцион тох æмæ социалистон арæзтады гуылфæны æхсидгæйæ, Черм.ен фыццаг уал фидар æмæ биноныг кодта ног цард,-.стæй та — ног лит^ратурæ. Октябры рсволюцийы фæстæ цæхгæр фепдæр алфæм- блай дуне. Уæды онг адæймагады историйы чи нæ уыдг уыцы æнахуыр æцæгдзинад æмæ революцион адæм домд- той, цæмæй æвдыст æрцæуой сæхихуызæнæй, аккагаей, адекватонæй^уымæн æмæ уыцы хæс’сæ^хæст кæнынæн зæронд аивады фæрæзтæ æмæ амæлттæ уыдысты æдых æмæ æнæбон. Æн,дæр дзырдтæй,, домдтой ног литерату- рæ. Уый та гуырди, «революцийы музыкæмæ» чи хъуыс- та, растæг дзыллæтимæ æмхуызон хъуыды дæр æмæ Ы
æнкъаргæ дæр чи кодта, уыцы нывгæнджыты зæрдæбын ’ фæндонæй — хъуамæ радзурой æмæ раргом кæнОй сæ дуджы аецæг, æнæсайд, хъаймаг рæстдзинад. Чермен тырныдта, цæмæй йын алцæмæн’ дæр, æгæр- ыстæмæй алы чысыл деталæн дæр, уыдаид дырыс доку- менталон бындур, уымæн æмæ йæ уырныдта, зæгъгæ, царды æрмæг йæ^æдæг у цыфæнды æрымысгæ хабæрт- тæй дæр уæлдæр æмæ зынгæдæр, диссагдæр æмæ ахад- гæдæр. Хуымæтæджы йын нæ бауайдзæф кодта хъаз- гæмхасæн 1920 азы йе ’фсæддон хистæр: «Уæ, дæ хæ- дзармæ дæ рардæуа, уыцы иудадзыг куы фыссыс, уæд дын дзы цы мыд ныччынди? Æз дын зæгъон, меньшевик- ты дзы фæцæгъддзынæ дæ фыстæй». Кæнæ колхоз «Хур- зæрин»-ы" хъуыддæгтæ бæрæг кæнгæйæ, алцыдæр лы’с- тæггай куы фæфыста, фæстæмæ сахармæ куы здæхы, уæд бæхьгл бадгæйæ дæр йæ блокнотæй нс скъуыны йæ цæстæнгас. Хуымæтæджы нæу уый дæр, æмæ Ч’ермен йæ аивадои бонæджы («Ссыгъди цард» .æмæ «Басыгъд цард»-ы) иу скъуыддзагæй кæй загъта, зæгъгæ, комком- мæ ист у 1920 азы бонæгæй. Афтæ ма йе ’мдзæвгæтæй дæр бирæты бын æвæры мидхæсты азтæ æмæ бон’тæ. Бæгуыдæр, Чермен уæд фыста бонæг, фыста æмдзæв- гæтæ, фæлæ дзы бирæтæ фæстæдæр сæ гаччы кæй сбад- тысты (бонæджы æрмæгæй литературон уацмыс фæстæ- дæр кæй сырæзт, æмдзæвгæты’’æрмæгæй дæр поэтнкон уацмыстæ фæстæдæр кæй рантыст, номхуындæй, мы- хуыры куы фæзындысты, уæд), уый гуырысхойаг нæу. Ахæм ныффыссæн рæстæджытæ сын кæ’й радта, уый у •сæ аивадон компоненттæй иу — уымæй нын автор бæл- вырд кæны, зæгъгæ, цы ’вдисы, уый у реалон, докумен- та^он, фыст æрцыд цауты хæдфæстæ, куыддæриддæр æмæ цыхуызæндæриддæр уыд, афтæ. ’ Фæлæ Чермены тырнынад — рæстдзилад мисхал дæр - ма фæкайа! — миййаг, афтæ нæ амоны, зæгъгæ, алиы- дæр фыста натуралист-фотографау. Йæ блокноттæ, йæ фыссæн чингуытæ куы баззадаиккой, уæд махæн æнцон фенæн уыдаид: уым цы фыста, уыдонæй бирæ цыдæр- тæ нæ бацыд-йæ уацмыстæм, бирæ цыдæртæ дзы аивта, ома царды фæзындтæ æмæ адæймæгты удыхъæд æвдис- гæйæ, индивидуалоны мидæг кæддæриддæр агуырдта, фæлгъуыдта, рухсмæ хаста реалистон типикондзинад. Цæмæн у ацы хабар мæ дзуринаг? Чермен иугæн- дзон æмæ лæмбынæг касти цардаьæ, ахуыр æй кодта, 58
æнкъардта æмæ йæ æмбæрста, æмæ йæхæдæг цы ба- взæрста, йæхæдæг цы сæрмагонд фæлтæрддзинад рай- ста, уый йын агурын кодта — æмæ йæ аргæ дæр скод- та — ног цард æмæ .ног адæймаджы концепци, ног цард æмæ ног адæймаджы рæстдзинад парахатæй чи равдыс’- таид, уыцы метод —социалистон реализм. Исчи йын æй тыхæй нæ ныббаста, фæлæ йæм æрцыд йæхæдæг йæ зæрдабйы амындмæ гæсгæ, ома йæхи фæндагыл æрцыд æмткæй советои литературæйы магйстралмæ. Чермены хицæн дæнцæг æвдисæн у иумæйаг уагæвæрдæн, зæгъ- гæ, нбг метод равзæрд æдæгдзинадæн йæхи объектавон домæнтæй, ног метод у ног царды аивадоц. эквивалент. Дзырд дæр ыл нæй, Чсрмены сфæлдыстад; фыцца- джыдæр æмæ сæйраджыдæр, ~ байдыдта, кæй æвдыста, уыцы царды ногдзинадæй. Фæлæ канд уымæй нæ. Объек- ты ногдзинадима? иумæ ахсджиаг у æвдисыны ногдзинад, ома алфзгмблай дуне, цаутæ æмæ адæймæгтæм нывгæ- •нæджы ног ахаст. Уым нæ зæрдыл хъуамæдарæм куыд социалон дунеæмбарынад, афтæ социалон дунеæнкъа- рынад дæр. Ног литературæйæн, пог мстодæи йæ бон’ "нæу, æмæ цæра, улæфа, размæ цæуа æнæ ног социалон "эмоцитæй. Уыдон не^сты æрдзæй рахæсгæ, кæнæ бон- джыи, гъе та мæгуыр, уæздан, гъе та плебейон ныййар- джытæ асмæ хæдзарвæпдагæй рахæсгæ. Уыдон сты, адæ- мы царды дæм арф чи бахъардта, дæ зæрдæмæ тыпг кæй айстай æмæ- уым бæсТон чи æрбынат кодта, ахæм эмоцитæ. Махæн нæ бон у, æмæ дзурæм революцийы æн- къарæнты тыххæй, социализмы æНкъарæнты тыххæй. Йæ социалистон идедатæ æнæтуг æмæ æнæбуа^р кæмæн сты, сæрмагонд æнкъарæнтæй кæмæн нæ судзынц (ахæм фысджытæ нæм цъус, мцййаг, нæй), уыдон ницы бар да- рынц социалистон реализммæ æмæ уыдон тыххæй уый æппындæр азымаг æмæ бæрнхæссæг нæу. Уыдонæн фыл- дæр-фылдæр схонæн ис, 20-æм азты æвзагæй дзургæ- йæ, «сырх халтурæй>1 бар:æнæбары æрмдæснытæ». Чер- менмæ эмоцио æмæ рацио органиконæп сты æддæг-ми- дæг, æмæ нæ уымæ гæсгæ æнцад-æнцойæ, æвæлмас, æдыхстæй никуы ныууадзынц йæ уацмыстæ, æндавынц ныл æмае нæ кæнынц хуыздæр, бæрзонддæр, нæ бар æмæ нæ хъомыс нын аразынц коммунистон идеалмæ. Гъе, ’уымæ гæсгæ йын 1920 азы се ’фсæддон хистæр хъаз- гæмхасæн цы загъта («Æз дын^-зæгъон, меньшевикты дзы фæцæгъддзынæ дæ фыстæй».), уымæн райсæн ис 59
серьезонæй: ног цардæвдисæг ног литературæйæн йæ»(5он у, æмæ адæмы кæна знæгты ныхмæ тохмæ, иумæйаг хъа- зуат куыстмæ, кæна сæ ног дунёмæ. •Революцион тох æмæ социалистон куыстмæ раста- дысты иугай адæймæгтæ нæ, фæлæ æгас адæм, æмæ сæй- раджыдæр адæмы иумæйаг фæлгонцмæ йе ’ргом ,скод- та Чермен. Куыддæр мыхуыры’ фæзынд йæ аивадон банæг, афтæ чиныгкæсджытæ рахатыдтой: ирон литерату- рæмæ æрбацыд, хианализмæ рæвдз чи у, ирд.æмæ уæз- бын зондæй цаутæ æмæ факттæ чи иртасы æмæ сæ кæ- рæдзийыл чи бары, сыгъдæг æмæ уæлмонц зæрдæйæ сыл чи тыхсы æмæ чи.сагъæс кæны, ахæм адæймаг. Уый йæ- хи æнгом сбаста революциоа хохаг-зæхкусæгон массæ- имæ (дзыллæимæ), у сæ разамонджытæй ну, се стихион змæлд сын, ивылд донау, былтæй фæйнæрдæм акæлын нæ уадЗы, анархион цайдæгътæй сæ хизы, раст фæнда- гыл сæ ардауы, кæрæдзийыл сæ æндадзы революцион, пролетарон зондахаст æмæ дисциплинæйæ. Хицæн де- талтæ, штрихтæ æмæ ныхæстæй нæ цæстытыл ауайынц, массæйæ бирæ адæймæгтæ, уынæм æмæ дзы æнкъарæм Дзаттиаты 'Алыксандр, Санахъоты’ Мате, Гæдиаты Ни- къала æмæ æндæрты эскизон, силуэтон фæлгонцтæ. Фæ- лæ уæддæр уыдоБ дæр нæ хицæн кæнынц массæйæ, сты æрмæст йæ ахсджиат хæйттæ. Кæд дзы хицæн адæйма- джы фæлгонц ис, уæд уый Чермен йæхæдæг; Боцæг у цасдæрбæрцæй йæ мидмонологау. • Уый цы фыдæбæттæ сæтты, |<уыд æм хыл æмæ æртх.ъирæн кæнынц анархи- он мадзæлтты фарсластæ, цы бирæ гуырысхотæ йæм æвзæры, куыд анализ кæны уавæрæн, куыд ауды фрон- ты ’ифтонгадыл, куыд цин кæны адæмы уæлахизыл, куыд мæт кæны дисциплинæйы хæлдыл, куыд рйссы адæмы æнамонд сæфтыл — æппæт адон æмæ ма æндæр цыдæртæ кæсгæйæ, мах уынæм æмæ æнкъарæм æнувыд -революционер, зондджын коммунист æмæ- æхсарджын разамонæджы фæлгонц. Афтæмæй бонæджы сты канд массæ нæ, фæлæ ма хяцæн гоймаг дæр. Фæнды мæ,* раст мæ бамбарат: æз нæ дзурын авто- ры фæлгонцы ты^хæй (уый алы нывгæнæгæн йæ алы уацмысы дæр дс), æз дзурын архайæг цæсгомы тыххæй. Чермен дзы у сæ иу дæр æмæ се ’ннæ дæр. Фæстæдæр кæй ныффыста, уыцы уацмысты дæр («Колхæдзарад «Хурзæрин», «Ихдзагъд» æмæ æнд.) архайы йæхæдæг, фæлæ уым йæхл баауу.он кодта, зæгъæн цс, уынæм дзы .60
зермæст массæйк фæлгонЦ’: Афтæ у йæ радзырд’ «Уад- асаста- гæды’ бæлас»* æмæ йе ’н&фæуд’ роман «Æйдæр’ фæндаг нæй»-ы дæр. Йæ уацау «Бирæгътæ»-йы ныхæй- ныхмæ лæууынц хицæн гоймæгтæ — кулак Бадила’ æмæ мæгуыр’ хохаг Бибо, фæлæ уым дæр’ уæзгæ у маосæйы фæлгонц( (рагон ныхасы куьг быцæу кæнынц; уæд)\ Хи- цæн’ гоймæгтæ ис радзырд «Æртæ фæкасты», уацау «Мæсгуытæ дзурынц» æмæ æндæр уацмысты, фæлæ уæд- дæр æмæ уæддæр Чермен йе сфæлдыстады уæлдай дæс- ныдæр æмæ арæхстджындæрæй фенын кодта массæйы -фæлгонц. Ацы хæдхуыз миниуæгæй кæнгæ у .Чермены психо- логизмы уаг. Массæйы хицæн адæймæгты психологи кæд чъындыйæ æвдисы, уæддæр у раст æмæ уырнинаг. Æвдисы йæ куыд æппæрццаг, афтæ æвæрцдаг адæй- мæ^æм дæр: Зæгъæм, хосгæрдæн зиуы («Æндæр фæн- даг нæй») мах’ æнкъарæм куыд- бонджын Солтан, йæ хъузæттæ Бæдту, Тоти, афтæ мæгуыр хохæгтæ Зæрæби, Идар æмæ æнд. æндЫгъд мидуавæр. Афтæ у йæ иннæ уацмысты дæр. Уын ууыл дзурæг у, æмæ йæм’ массæ не сты1 уыцыиухуызон бардз, — массæ йæм стьг конкретон, хицæн, алыхуызон адæймæгтæй конд. Фæлæ уæддæр’ сæйраджыдæр æвдисы массæйы иумæйаг, æмбырдгонд фæлгонцы* психологи, — кæддæриддæр баст у ирон хъæ- уьг социалон, ’классон ныхмæвæрдтæ æмæ дифферен- циациимæ. Массæ куыд рæзы, куыд ивы, афтæ йæ пси- хологи’ дæр хизы’ индивидуалистонæйг коллективонмæ, хиисадонæй æппæтадæмонмæ. Чермен лыстæггай’ кæй нæ иртасы’ йæ хъайтарты миддуне,- уый, мыййаг, ууьтл’ дзурæг нæу, зæгъгæ, йæ курдиат лæмæгъ у, кæнæ адæймаджы психикæйы хъу- лæттæ рафæлдахын йæ бон нæу. Массæ æвдисгæйæ, Чермен йæ разы æвæрдта ахæм идейон-аивадон нысæнт- тæ, æмæ дзьг лæмбынæг психологон анализ пайда нæ,— -зианы хос уыдаид. Чермены йæ уацмысты равдисын æмæ зæгъын цы фæндыд, уый равдыста æмæ загъта а’Ккаг аивадон амæлттæй. Цы йæ ф&ндыд зæгъын, уый’ хорз æмбаргæйæ, Чер- мен хорз æмбæрста, куыд хъуамæ зæгъа, уый дæр. Сæй- раджыдæр мидхæст æмæ коллективизацийы азтьт адæмы фæлгонц аразгæйæ,- Черменæн къух лæвæрдта синтети- кон поэтикæ. Массæ æмæ йæ алыхуызон хицæн хæйттæн сæхи астæу æмæ стæй дунеимæ ис бирæ координаттæ, би- 61
рæ æмахастытæ æмæ æмбастдзинæдтæ. Уыдон равдисы- нæн Чермены реализм йæхимæ æрбаиу кодта алыхуызок райдайæнтæ — эпикон æмæ лирикой, публицистон æмæ зонадон, реалон æмæ бадзырдон, документалон æмæ но- джы бирæ æндæр райдайæнтæ. Чермен пайда кодта сы- хаг, æмауæдз аивадты æнтыстытæй дæр, уæлдайдæр ки- нематографы æнтыстытæй. Æз зæгъын «егъау.план» æмæ^ монтажæй. Уыдон æнæзонгæ нæ уыдысты литературæ- йæн, фæлæ иугæр кинематограф йæ тыхы куы бацыд, уæд сæ литературæ ногæй «байгом кодта» йæхицæн, куыд «цæттæ амæлттæ», афтæ. «Егъау пданыл» амад у радзырд «Æртæ фæкасты». Æртæ хатты уынæм Налхъуытæйы цæстытæ, æрмæст йæ цæстытæ4 (цыма нæм æгас экраны фæзуатæй кæсынц, уыйау). Фыццаг хатт — революцийы агъоммæ, зыны сæ* «æнæкæрон ныфссаст, æнусон маст æмæ уырыд, сæдæ аз- ты æфхæрддзинад». Дыккаг хатт — мидхæсты заман, ныр- ма сты раздæры хуызæн, фæлæ дзы ферттывта «ныфс æмæ фæндоны фæд». Æртыккаг хатт—1934 азы, кæ-* сынц «уæндонæй, хъæлдзæгæй». Æртæ хатты дæр Нал- хъуытæйы цæстыты тыххæй хабаргæнæг’ Битар цы дзу- ры, уый у кинойьт «фæскадрон хъæлæсы» хуызæн» Уыцы «егъау плантæ» иу дугæй иннæ дугмæ фæд-фæдыл, рад- гай, кæрæдзи ивгæ æмæ кæрæдзимæ ныхмæлæугæ кæй рацæуынц, уый та у монтажы амал. Афтæмæй ацы амæлтты фæрцы цыбыр æмгъуыдмæ, къаннæг рæстæгон дæрддзæгмæ махмæ Налхъуытæйы цæстытæй разынынц дуджы революцион ивындзинæдтæ: иррн сылгоймаджы- хъысмæт, ирон социалон æмæ национ царды гæччытæ, æмæ, æппынфæстаг, дыууæ æрыгон адæймаджы — Нал- хъуытæ æмæ Битары уд æмæ уарзт. ■ * Монтажы амалæй тынг зæрдæмæхъаргæ сты 1920 азы лыгъды тæригъæддаг, кæуинаггаг нывтæ. «Арв æмæ зæхх кæрæдзийыл сæху хойынц» — ацы дзырдтæ нывæй нывы ’хсæн лæууынц арæнæвæрæнау, хъарæджы гъе- гъейау (рефренау). 1-аг ныв: уæрдоны гуыффæйы мар- дæй ныффæлдæхт урсзачъе зæронд лæг, йæ сæр зæхмæ æрзæбул; 2-аг ныв: йæ цунæг хъæбул Чъребайы кæмæн бабын, йæ чындз æмæ йæ фырты фырт Уанелы лæсæны кæмæн ныххаудтой, уыцы зæронд ус дурдзавдæй бады фæсвæндаг; 3-аг ныв: ивылд Леуахийы астæу чысыл’ - сакъадахыл — лæппу æд фыстæ, доц сæ аласта... Иу ны- * вæй иннæ æвирхъаудæр, зæрдæскъуынгæдæр. 62
Монтаж æмæ «егъау планы» амæлттæ хæрх сты Чер- мены нннæ уацмысты .дæр. Иумæйаг" планæй «егъау планмæ» хизгæйæ, монтажон контрасттæ аразгæйæ, Чер- мен адæмæн се змæлдтытæ, сæ цæсгомы хæйтты ивæн- тæ æмæ æндæр ахамтæй æвдисы сусæг æмæ æргом то- хы драматизм, социалон-психологон рæстдзйнад, æв’ди- сы дуджы социалон коло^йт, адæймæгты характертæ„ сæ-цайдагътæ, сæ зондахаст æмæ а. д. Зæгъæн ис, зæгъ’- гæ, цæстытæ, æрфгуытæ, былтæ, къухты змæлд, дарæ- сы конд æмæ æндæр # ахæмтæй Чермен равдыста ирон цард æмæ ирон дзыллæйы алыхуызон ивддзинæдты ис- тори. * Синтетикон поэтикæ ахъаз уыд царды бирæфарсо1г пр’оцесстæ, массæ æмæ йæ архайд, йæ тох æмæ йæ куысг уæрæх æмæ дзагæй ранывæндынæн. Чермен ын æмткæй хорз зыдта эстетикон бæрц, фæлæ хаттæй-хатт æрфмæ æвдисыны хардзæй ком лæвæрдта уæрхмæ æвдисынæн, æмæ йæм уæд æмхиц кодта~"иллюстративондзинад. Ацы аиппæй фæхайджын сты йæ драмон уацмыстæ æмæ цас- дæр бæрцæй йæ уац&у «Бйрæгътæ» дæр. Алкæд, «син- тетизмæй» куыд æмбæлд, афтæ нæ пайда кодта. Чермен ын æмбæрста йæ ахъаззаг ахадындзинад æмæ уыцы фæндагыл, сгарæн æмæ агурæн фæндагыл хъуа- мæ дарддæр ацыдаид. Æрмæст массæйы æвдисын æм фаг нал каст. Хуымæтæджьгнæу, уацау «Бирæгътæ»-йы раздæры мæгуыр фиййау Бибо коллективизацийы азты кæй- сси æмбаргæ, æхсæнадон архайæг æмæ колхозон раздзог; кæнæ раздæры ссæст æмæ æбар сылгоймаг Нал- хъуытæ удæй æмæ буарæй кæй раивта, кæй сси хæдбар æмæ амондджын адæймаг." Адæмы фæлгонц раргом кæн адæймæгты индивидуалон хъысмæтæй, фенын кæн хицæн адæймæгты миддуне, адæмы царды уæрæх æмæ дзаг ныв- тимæ арф равдис хицæн адæйм^егты психологи — ахæм эпикон уацмыстæ хъуамæ уыдаиккой, Чермен йæ цар- ды фæстаг азты кæуыл куыста, уыцы романтæ «Æндæр- фæндаг нæй» (коллективизацийы заманыл æй нывæзта, йæ бацæуæн хайы йеттæмæ дзы ницы баззад) æмæ «Дæ- ластæрдоны бонæг» (йæ зынгæ бонæджы æрмæгыл, мид- хæсты заманыл æн амадта, иунæг сыф дæр дзы нæ баз- зад. Уыцы азты хуымæтæджы пæ ивта ирон æвзагмæ Островский Никъалайы роман «Куыд сæрыди æндон» (уый дæр йе ’ннæ зынаргъ къухфыстытимæ фесæфт), цы- ран гоймаг æвдыст цæуы ивгæ æмæ рæзгæйæ, йæ саби- 63
бонтæй суанг йæ лæджыкармæ, æмæ, советон литера- турæйы къорд æндæр кла’ссикон уацмыстау, бæрæгкæны, зæгъгæ, революцийы сæйраг ’фæстиуæг у социалистон гоймаджы райгуырд’ æмæ райрæзт. Социалистон революци æмæ арæзтады «музыкæмæ» хъусгæйæ, Чермен æгæрон æхцондзинад иста дунейы фæллойгæнджыты гимн «Интернационал»-ы зæлынадæй.4 1920 азы йæ ратæлмац кодта ирон æвзагмæ æмæ йæ ра- уагъта Иры коммунистты газет «Кермен»-ы (1921 азы 25 мартъи), — уый уыд йæ фыццаг мыхуыргонд уацмьгс. «Интернационал»-ы зынгæ рæнхъытæ: «Тыхгæнæг, сау дуне ныссæттæм Бынтон йæ бындурмæ, гъе стæй Мах ног, нæхи дуне ыскæнæм» ■»- ацы рæнхъытæ систы Чёр- мены сфэёлдыста’дæн сæрæвæрæн, бирæнысаниуæгон эпй- Графау, кæрæй-кæронмæ йын бæрæг кæнын1Г йæ- сæй- раг конфликт, йæ апп æмæ йæ пафос. Фæлгонцонæй дзур- гæйæ, Чермены сфæлдыстад у карз историон быцæу, зæрбнд- æмæ ног дунейы быцæу. Уыцы быцæуы револю- ци халæг æмæ пырхгæнæг нæ, фæлæ сæйраджыдæр у аразæг æмæ фæлдисæг тых. 1920 азы фзеллойгæнæг адæм кæд састы бынаты баз- задысты, меньшевикон æфсад сын басыгътой сæ хъ’æу- тæ, туджы зæйтæ сыл рауагътой, уæддæр, боныфæстаг- мæ, быцæу ахицæн уыдзæн адæмы пайдайæн. «Басыгъд Хуссар Ирыстон, басыгъд- цард, — фысс^г Чермен, — .фæлæ уыдзæн ног Хуссар’ Ирыстон, уЬтдзæн Советон Ирыстон, райгуырдзæн сыгъд царды сыгьдонæй ног цард!...» Очерк «Колхæдзарад «Хурзæрин»-ы рæстæмбис цæ- рæг Симон мæгуыртæй дзурй, зæгъгæ, дзыхтæ сыл стыр ис, кусынмæ та сæ астæу нæ расы. Чермен йæхи цæс- тæй федта æмæ баууæндыд, зæгъгæ; колхозонтæ кусынц сæруæлдайæ, зæрдæрайгæйæ. Гуыры ног куыст æмæ йе- мæ гуырынц ног адæм. Очерк «Ихдзагъд»-ы Ерманы кувæндонмæ æрцæуæг хъæууонтæн дзуары лæг Асæх стихион фыдбылызтæ æмæ æндæр æнамонд цаутæ кæны бунтгæнджыты (револю- ционерты) æмæ Советон хицауады æфсон. Фæлæ мæгуыр адæм зонынц, зæгъгæ, сын хидтæ хицауад сарæзта, ивылд дæттæ сæ нал ласынц, ныр та сын их сæ хортæ куы фе- сæфта, уæддæр та сæ хицауад сыдæй нæ фæцæгъддзæн. Гуыры ног ахаст цардмæ æмæ йемæ гуыр’ынц ног адæм. Уацау «Бирæгътæ»-йы Бадила быцæу кæны Бибои- 64-
мæ. Бадилайы уырны, зæгъгæ, æнæхæлгæ у йæ цард- вæтк, хъуамæ йæм Бибойы хуызæттæ уой æххуырсты- тæ æмæ сын æнæвгъау сæ туг цъира. ФæлæБибо йæ цагъар нал у, Бибо ралæууыд Бадилайы ныхмæ. Адæм иыхасмæ куы æрæмбырд сты, уæд бонджынтæ къласон æфсымæрдзинадæй уæлдæр æвæрынц мыггагон тугхæс- тæгдзинад, уымæн æмæ сын уый фадат дæтты сæ экс- плуататорон-антиадæмон мондæгтæ æфсадынæн æмæ сæхи адæмы хуыздæр минæвæрттæй æвдисынæн. (Ирон патриархалон æгъдæуттæ æцæг рæстдзинады закъонау кæй сты адæмæн æмæ сæ уыдон руаджы бонджынтæ куыд эксплуатаци кæнынц, уый иттæг аивæй æвдисы æнæфæуд роман «Æндæр фæндаг нæй»-ы райдайæн.) Бибо раргом кодта Бадила æдоæ йæ хуызæтты «фйлосо- фийы» æцæг цæсгом, адæмы æууæнк æмæ зондахаст хæ- цынц Бибойы ’рдæм. Гуыры ног æмбарынад, гуырынц ног æхсæнадон ахастытæ æмæ семæног адæм. Зæронд æмæ ног дунейы быцæу кæдд,æриддæр кæны рæстдзи- надмæ — ног дунейы рæстдзинадмæ. Ног дунейы гуырын æмæ рæзын Чермены сфæлды- стады æнгом, æнæфæхицæнгæнгæ у Ленин, парти æмæ Октябры фæлгонцтимæ, адон дзы цæуынц æгъуыстаг лейтмотивау. 1920 азы Ленины тыххæй*Ъемдзæвгæйы ре- алистон æмæ психологонæй Чермен равдыста: зæронд лæг цингæнгæ сдзырдта «ног ныфсы ном», сидзæргæс æй й& зæрдæйы афснайдта, «кусæджы ’ндон цæсгом рухскалæг аци», революцион хæстонæн æхсарджынæй ссыгъдысты йæ цæстытæ. Ленин сын у канд ирвæзынгæ- нæг нæ, фæлæ ма адæймагон идеал дæр. Уымæ гæсгæ рахицæн æмдзæвгæйы ритмикон нывæзтæй революцион хæстоны ныхас: «Тæхуды, тæхуды, искуы куы фенин дæу, Ленин!» Амæн символон нысанйуæг ис. Адæм хъуа- мæ Ленинмæ гæсгæ рацаразой цард, рацаразой сæхи . дæр. Адæм Ленины хъуамæ феной сæ царды дæр æмæ сæхимæ дæр. Уымæй кæнгæ уыд Ленины æнæмæлæт. Æмæ куы амаГрд, уæд Чермен хуымæтæджы нæ ныффыс- та: «Ныккæсут-ма алы коммунисты, алы фæскомцæди- соны, алы раст кусæджы зæрдæмæ! Уæд фендзыстут, Ленин удæгас кæй у». Чермены фæстаг уацмыс-радзырд «Уад асаста гæды бæлас» ногæй æрæвæрдта ныхæй-ных- мæ зæронд æмæ ног дуне. Алцы дæр дзы конкретон-ре- алон у, фæлæ дзы сæйраг, фæлгонцтæ сырæзынц симво- лы онг. Революци чи ’рхаста, социализм чи сарæзта, 5. Дзуццаты X. 65
уыцы адæмы байзæттаг хъуамæ сæрхызт уой зæронд дунейы хъæстæ æмæ маргæй, йæ талынг æмæ фæстæзад зондахаст æмæ удвæткæй. «Цомут Ленины фæзмæ! Уым бырдзыстæм», — æмæ: «Фæтæхынц ихæй æмбæрзт уын- гыл Ленины фæзмæ сабитæ...» Æмткæй райсгæйæ, Чер- мены сфæлдыстады — бирæгæйттæй уа æви иугæйттæй — адæм зæронд дунейæ цæуынц ног дунемæ — Ленины дунемæ. Социалистон реализм, йæ заманмæ гæсгæ бынтон ног метод уæвгæйæ, адарддæр кодта, ивгъуыды литера- турæйы цыдæриддæр хорз традицитæ уыд, уыдон, ног социалон эмоцитæ æмæ идеятæм гæсгæ фæарфдæр кодта реалистон методы гæнæнтæ æмæ авналæнтæ, сфыццаг сын кодта уæлдæр æмæ бæркадджындæр хæрзхъæддзи- над. Черменæн кæддæриддæр æцæгæлон уыд ивгъуыды аивадон бынтæм нигилистон цæстæнгас, хъахъхъæдта Хетæгкаты Къоста æмæ не ’ннæ стыр нывгæнджыты сфæлдыстад вульгарон социологты æнæхсæст, æнæмбу- дæн критикæйæ. Чермен уыд ирон аив дзырды хуыздæр хæзнаты аккаг бындар æмæ фæдон. Йæ бонæг æмæ йæ очерктæй адарддæр кодта Хъаныхъуаты Иналы «Ирон хъæуы» æмæ «Хохæгтæ-лигъдæттæ»-йы жанрон æууæл- тæ, уымæй дæр уырыссагау нæ, фæлæ иронау. Ис сын уы- донимæ генетикон хицондзинад, фæлæ сæ идейон-аива- дон кондæй сты новаторон уацмыстæ. Куыд дард (сæм лæууыпц нæ нырыккон æгъуыз, ницæйаг очерктæ! Чер- мены фæрнæйдзаг традици рохуаты ныууадзгæйæ, нрон прозаиктæ-очеркисттæ сæхæдæг сæхимæ «мæгуыры лæ- дзæг» радтой. Уацау «Мæсгуытæ дзурынц», зæронд æмæ ног ду- джы цгрд æмæ культурæйы ’хсæн цы хицæндзинад ис, уый æвдисгæйæ, хъæддыхæй бæлвырд кæны адæмы нв- гъуыд материалон æмæ удон (духовон )культурæйы æнæ- фæугæ ахадындзинад. Зонадон институты минæвæрттæ, студенттæ не сты зæронд таурæгъгæнæг Баймæты хуы- зæн, фæлæ сё ’хсæн нс удон бастдзинад. Чермены реа- листон фыссынад æмæ Баймæты фольклорон аивад не сты кæрæдзийы хуызæн, фæлæ уыдон æхсæн дæр ис æн- гом бастдзинад, куыд традицитæ *æмæ новатордзинад, афтæ. Къоста поэмæ «Уæлмæрдты»-йы зæронд бæхфæл- дисæджы кадæгæн реалистон фæлгæтæг куыд сарæзта, аф- тæ Чермен та — Баймæты таурæгътæн. Къостайы реа- листон метод æмæ зæронд бæхфæлдисæджы фольклорон ев
метод, гъай-гъай, не сты æмхуызон, зæронд бæхфæлди- сæджы кадæг æм у уацмысы архайæг-персонажы индиви- дуалон ныхасау. Афтæ у Черменмæ дæр, æрмæст ам Чермен-нывгæнæджы метод у социалистон реализм, Бай- мæт-таурæгъгæнæджы метод та кæд æмткæй фолькло- ’ронæй баззад, уæддæр советон заманы уый дæр бавзæр- ста бæрæг ивддзииæдтæ. Цахæмтæ сты уыдон? Къостайы поэмæйы фæлгæ- тæг дзуры иунæг. мæгуыр лæппуйы тыххæй. Йæ иннæ иунæджытау — куыстуарзаг, æмбалуарзаг, фæлæ цар-- дæй никуы ницы федта. Амард, баныгæдтой йæ, фæлæ ма йыл устытæ уæддæр хъарджытæ кодтой. Йæ траге- ди рæстæджы даргъдзинады у æхгæд, ницы перспекти- вæ йын ис, æрмæст нæм æвзæрын кæны уæззау рис æмæ æрхæндæг тæригъæд. Чермены уацауы фæлгæтæг та дзуры цыппар æры- гон адæймаджы тыххæй. Æндавы сæ зонад, царды рæст- дзинад, агурынц æй. Агурынц ма сæ кæрæдзийы уарзт дæр: Тугъан æмæ Асиат, Андо æмæ Дзыллæ. Уыдон рæс- тæг гом у ивгъуыдмæ *дæр (Баймæт сын æй йæ таурæгъ- .тæй байг’ом кодта) æмæ фидæнмæ дæр. Уыдон базо- нынц сæ фыдæлты ивгъуыд царды рæстдзинад, ссарынц сæ уарзт дæр. Исторйон оптимизм — ног дуг æмæ ног методы хæрзиуæг — Черменæн фадат радта, цæмæй йæ фæлгæтæг ма уа Къостайы фæлгæтæджы хуызæн. Æгæр- ыстæмæй, 1920 азы æгас адæм знаджы кард æмæ арты амæттаг куы фесты, уæд бонæджы хъайтар хъуыды кæ- ны дарддæры тохы- тыххæй, фидарæй йæ уырны, зæгъ- гæ, революци нæ басæтдзæн, райгуырдзæн ног Хуссар Ирыстон. Историйы диалектикон цыд æмæ змæлд чи хаты æмæ чи æмбары, уыцы нывгæнджытæн уыд сæ бон, æмæ рис &мæ тых кæрæдзийыл кæм æмбæлынц, уым федтаиккой æмткæй трагеди нæ, фæлæ «оптимистон трагедп». Къостайы зæронд бæхфæлдисæджы ныхас у фоль- клорон кадæг (хъайтарты идеализацийы фæлгонцты ги- перболизм, социалон-аналитнкон æмæ психологон’ рай- дайæнты лæмæгъдзинад), Къоста йыл бакуыста лите- ратуронæй. Зæгъæн наей, з&гъгæ, Чермен дæр афгæ бакуыста Баймæты таурæгътæ. Уæд йæ фæлгæтæгимæ се стплæй, сæ фысты уагæй нæ хицæн кæниккой. Уыцы хъуыддагæй Баймæты таурæгътæм нæ зæрдыл æрлæууы Къостайы зæронд бæхфæлдисæг нæ, фæлæ. ирон стыр 67
кадæггæнæг Зыгъуытаты куырм Бибо. Баймæты тау- рæгътæй иуимæ — «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз»-имад—йæ фольклорон аивдзинады уникалон хъаруйæ, йæ хъандзал драматизм æмæ йатетикон ли- ризмæй йæ бон у, æмæ ерысы бацæуа æрмæст иунæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы кадæг. Фæлæ сæ мидисæй тынг хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Ирон æгъдау æмæ социалон дихдзинады уаргъ хæсгæйæ, Хæсанæйæн йæ цард у къуындæг, ацæуæн дзы никуыдæм ис «цъæх- нæу дзæнæтæй» дарддæр. Тар мигъау дзы ныббадт бæз- джын, зæрдæсæттæн трагизм. Баймæты таурæгъы та Батайæн йæ мыггагыл рын куы сыстад, иунæгæй куы баззад, уæд сæ мæрдтæн йæ фæллойæ стыр хæрнæг скодта, йæ зæххытæ Барсæгатæн ныууагъта æмæ йæхæ- дæг цæрдудæй мыггаджы зæппадзы дуар йæхиуыл бах- гæдта. Чи йæм не ссыд* фæлæ никæмæн рахызт. Бар- сæгаты мыггаджы хистæр Бæтæг базыдта, зæгъгæ, Ба- тай æмæ Барсæгаты чындз Цæрæхон уарзынц кæрæдзи. Æмæ йæм æй сæ хъæуы устытимæ куы сæрвыста, Цæ- рæхон йе ’мбæхст уарзты тыппыртæ йæ хъарæджы куы суагъта, уæд Батай йæхи нал баурæдта, «рахызти æмæ Цæрæхоны цур зæххыл ныффæлдæхти богъ-богъгæнгæ». Уый стыр худинаг у Барсæгаты мыггагæн, хъæрзынц æмæ унæргъынц тугмондагæй, фæлæ сын Бæтæг æрфэел- мæн кодта сæ зæрдæ, æмæ бакодтой, Иратаманы чи нæ- ма ’рцыд, ахæм хъуыддаг — сæ чындзы схастой Æлбега- ты Батайæн. Ахæм гуманизмæн, адæймаджы ирон æгъ- дауы хъадамантæй уæгъдгæнæг гуманизмæн, кæй зæгъын æй хъæуы, Зыгъуытаты Бибойы заманы — XIX æнусы фæсæмбис — йæ кой дæр нæ уыдаид. Ахæм гуманизмæй æмткæй цух’ у зæронд фольклор. Кæд дыууæ дæр — Би- бо æмæ Баймæт (ома Чермены фыды фыд, стыр кур- диатджын дзырддæсны Беджызаты Пепейы фырт Ле- уан) — сты’ профессионалтæ, кæд дыууæ дæр мидæгæй хæлдтой фольклор, ома йæ здæхтой литературон аивад- мæ, уæддæр гæнæн нæ уыд, æмæ дзы алкæуылдæр йæ дуг ма ’ндæвдаид. Баймæт-Леуан- нæ уыд Бибойы хуы- зæн, се ’хсæн даргъ дæрддзæг ис: Ирыстоны феодалон- патриархалон цардæвæрд раивта капитализмæй æмæ дзы ныллæууыд, фæуæлахиз социализм. Баймæт-Леуан царди 1942 азмæ. Бæгуыдæр, ног дуджы зонд æмæ уды цæхæр æм бахъардта, зæронд цардмæ акаст абоны бæр- зæндæй, бамбæрста сын сæ цæхгæр хицæндзинад, æмæ 68
абоны цардæн æмбæлон чи уыд, ахæм таурæгъ æрæмы- сыд кæнæ йæ равзæрста, кæддæр кæй фехъуыста, уыдо- •ны ?хсæн, æмæ йæ ногæй — ног дугмæ гæсгæ, фæлæ фоль- клорон эстетикон закъæттæй æддæмæ нæ рахизгæйæ — йæхйрдыгонау ранывæзта. Профессионал-таурæгъгæнæг- мæ дæр ног дуджы стыхджын историон хъуыдыкæны- над. Афтæмæй, ирон аивады ивгъуыдимæ йе ’нгом хицон- дзинад бæлвырд кæнгæйæ, Чермен уыцыиурæстæг бæл- вырд кодта йемæ йе ’ргом хицæндзинад дæр. Гъе уы- мæн ын хонæм йæ аивад ног аивад. Æмткæй райсгæйæ, Чермены историзм у кæронмæ бамбæрстгонд, революцион. Афтæ у йæ адæмондзинад дæр, байрæзт æм коммунистон партиондзинады онг. Ирон национ фæлгонцад, национ уынынад æмæ хъуы- дыкæнынад, ирон фольклор æмæ литературæйы хæд- хуыздзинад — адон сты Чермены сфæлдыстада^н йе ’нцой, йæ адæмон бындур. Фæлæ уый фаг нæу. Советон лите- ратурæйы адæмондзинад ног хæрзхъæддзинад иста канд уымæй нæ, æмæ коммунистон идеятæй кæй рухс кодта, фæлæ ма дзы интернационализм активон, интенсивон хайадисæг кæй сси, уымæй дæр. Интернационализмы фæ- рцы адæмондзинад кæны арфдæр æмæ парахатдæр. Иæ- хи национ хъузджы чи нынныгъуыла, уыцы литературæ ницы рамбулдзæн, æппæтадæймагадон бæрджытæй йæ- хи фæцух кæндзæн.'Уымæ гæсгæ Чермен ирон национ фæлтæрддзинадимæ цумæ иудадзыг хион кодта уырыс- саг, гуырдзйаг æмæ æндæр литературæты фæлтæрддзи- над дæр. Уый фæндыд æмæ архайдта, цæмæй ирон ли- тературæ уа раззаг литературæты æмвæз, æмæ уый тых- хæй æнгом бастдзинæдтæ аразын хъуыд советон адæм- ты лйтературæтимæ. Уымæн хорз фадат ралæууыд, нæ бæстæйы фысджытæ иу цæдисы уæнгтæ куы систы, уæд. Алы нациты минæвæрттæ хуыздæр зонын - байдыдтой кæрæдзи, тынгдæр æндавын байдыдтой кæрæдзийыл — куыд тæлмацты фæрцы, афтæ лæгæй-лæгмæ фембæлдты- ты фæрцы дæр. Ис’ иу къам, цыран Белорусы адæмон поэт Колас Якуёы фарсмæ бадынц Мамсыраты Дæбе æмæ Беджы- заты Чермен, йæ уæлæ ирон цухъхъа æмæ уæлдзарм худ. Ацы ныв фенгæйæ, æз æрымысын, кæддæр Колас куыд хъаст кодта, Мæскуыйы фысджыты пленумы куы уыд, уæд: мæ зонгæтæй дзы ис цалдæр — уырыссæгтæ 69
æмæ украинæгтæ, иннæ адæмты фысджытæй никæй зо- нын, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма уыдонæй дæн иппæрд. Афтæ «иппæрд» хатыдтой сæхи бирæ адæмты фысджы- тæ, нормалоныл æй нæ нымадтой &мæ йын кæрон скод- ,Той. Рацæудзæн цалдæр азы æрмæст, æмæ Колас зæгъ- дзæн, зæгъгæ, размæ даргъ къахдзæфтæ акодта нæ иу- мæйаг хæлардзинад, кæрæдзи хуыздæр базыдтам. Æмæ кæй базыдта, уыцы адджын хæл’æрттæй йын иу уыд Бе- джызаты Чермен. 1932 азы Цхинвалмæ æрбацыдысты Гуырдзыстонæй амæй-ай разагъддæр фысджытæ: Тъабидзе Галактион, Тъабидзе Тъициан, Яшвили Паоло, Леонидзе Гиуæрги æмæ æнд. Ацы фембæлд тынг фæахъаз фысымтæн дæр æмæ уазджытæн дæр. Тъабидзе Тъициан ныффыста зындгонд очерк «Иу къуыри Ирыстоны», бирæ дзы кæ- ны Чермены кой. Леонидзе Гиуæрги Калачы дины се- минары иумæ ахуыр кодта Черменимæ æмæ дзы буцæй дзырдта, зæгъгæ, хорз æмгар уыд, стыр курдиаты хи- цау. Жгъенти Бесо мьш иухатт æрымысыд: кæддæр фыс- джытæн Мæскуыйы уыд æмбырд, иу изæр хъазт сарæз- той, Чермен дзы ирон дарæсы ахæм кафт’ æркодта, æмæ йыл алы адæмты минæвæрттæ сæ цæст æрæвæрдтой. Чермен йæ цæст æвæрдта бирæ адæмты разагъд ныв- гæнджытыл æмæ йыл уыдон дæр сæ цæст æвæрдтой. Мæскуыйы паддзахадон журналйстикæйы институты куы ахуыр кодта, уæд базонгæ Чехословакийы литературæ- йы социалистон реализмы бындурæвæрджытæй иу Илем- ницкий Петеримæ. ’Фæстæдæр, 1936—1937 азты, Илем- ницкий ныффыста роман «Компас ис нæ мидæг» («Ком- пас в нас») æмæ дзы сæйраг архайджытæй иу у Чер- мен. Уым дзырдæуы, зæгъгæ, 30-æм азты æмбисы ав- ■ торæрцыд йæ ирон хæлар Черменмæ. Фæлæ уыцы рæс- тæджы Илемницкий махмæ æцæгæй не ’рцыд. Инсти- туты фæстæ ма Черменимæ фембæлдысты Мæскуыйы, 1934 азы Советон фысджыты æппæтцæдисон 1-аг съез- ды (Чермен дзы уыд делегат). Уый фæстæ, 1935 азы сæрды, газет «Гало новины»-йы фæзынд хъусинаг, зæгъ- гæ, Ирыстоны фысджыты цæдис хоны Илемницкийы сæхимæ Советон хицауад расидыны фынддæс азы бæ- рæгбонмæ. Фæлæ Илемницкийæн уæд фадат нæ фæци • Ирыстонмæ æрцæуынæн. Æвæццæгæн, Илемницкий мах- м’æ уыдаид 1927 азы.декабры, зымæгон каникултæ сын 70
куы уыд, уæд, кæнæ та 1928 азы сæрды, новороссийскаг газет «Красное Черноморье»-йы куы куыста, уæд. Романы хохаг тъæпæн хæдзары сæр бадынц Илем- ницкий, Чермен, йæ фыд æмæ йæ фыдыфыд. Чермен фыццаг ’æрæфтыдта ныхас амондыл, загъта, зæгъгæ, адæймаг сæрибар æмæ амондджын нæ уыдзæн, цалын- мæ æфтиаджы монцæй цæра, цыфæнды амæлттæй дæр схъæздыг уæвынмæ тырна, уæдмæ. ’Уыцы хъуыды бафи- дар кодта Чермены фыдыфыд йæ таурæгъæй: æрыгон ма куы уыд, уæд иу зыд, фыд-зæрдæ бонджын лæджы фосæй цалдæр амард мæгуыр лæджы аххосæй æмæ йæ карз бафхæрдта. Романы дыккаг хайы Чермен дæр ра- дзырдта мидхæсты азтæй иу эпизод. Амонд цы у æмæ цы нæу, амондджын чи у. æмæ чи нæу, куыд æмæ кæм ^æрцæуы адæймагмæ — æппæт адон раргом кæнгæйæ, рб- маны кæрон автор хъуамæ ацæуа уазæгуарз ирон хæ- дзарæй. Чермен ын балæвар кодта, мидхæсты азты кæй систа, ахæм къам: лæууы æдхæцæнгæрзтæ, йæ фарсыл та гæрзроныл ауыгъд у компас (хъыбыллæ). Æмæ ро: ман балхынцъ бирæнысаниуæгон дзырдтæй: «Неужели он^был ему так необходим? — подумал я. — Ведь что- бы стать^свободным, чтобы найти путь к счастью, нужен компас, заключенный в нас самих, — в голове, в серд- це... компас со стрелкой, которая одним концом пока- жет нам, что нужно ненаЪидеть, другим — к чему стре^ миться». Черменмæ кæддæриддæр уыд уыцы компас — царды дæр æмæ литературæйы дæр. Илемницкий йæ роман фыст куы фæци (1937 азы), уæд Чермен нал царди. Илемницкий зыдтаид. йæ хæла- ры трагикон хъысмæт (Мæскуыйы чехословакаг ми- нæварады куыста культурон атташейæ, мæлгæ дæр уым акодта — 1949 азы) æмæ йæ роман куыд уыд, афтæмæй йæ (æнæаивгæйæ) ног æмæ ног кæй мыхуыр кодта, уы- мæй фæрссагæй æмæ комкоммæ амыдта, зæгъгæ, йæ хæлар у æнæазым, иатриот æмæ интернационалист, æцæг коммунист æмæ æцæг нывгæнæг. Черэден йæ цыбыр цардæй (38 азæй) æрмæст 8 азы бæрц радта литературон куыстæн. Иæ сурæт (йæ порт- рет) ын,' йæхи куыд фæндыд æмæ йæ бон цас уыд, аф- тæ нывгонд нæ фæци. Æмæ мах хæс у, цæмæй йæ кæрон- мæ ныв кæнæм. Уый афтæ нæ амоны, зæгъгæ, йæхи цы фæндьгд бакæнын, уый мах йæ бæсты бакæнæм. Лите- ратурæйы «бæстыкæнынтæ» нæй. Мах ын йæ сурæт кæ- 71
ронмæ уæд ныв кæндзыстæм, кæд æмæ йæ зонæм, æм- бæлон аргъ ын кæнæм, сфæлдыстадонæй йын адард- дæр кæнæм йæ реализмы агуырдтытæ, йæ арфæйаг тра- дицитæ, тырнæм æмæ æххæссæм нырыккон раззагон ли- тературæйы идейон-аивадон бæрзæндтæм. 1979 НЫХАС СОЗЫРЫХЪОЙЫ ТЫХХÆЙ Зæгъæн йс, зæгъгæ, диссаг у Хъуылаты Созырыхъо- йы хъысмæт. Дыууынæм æнусы æмбай (райгуырд 1900 азы, январы мæйы), Созырыхъо чысыл сабийæ, æхсæз азы онг, улæфыд иу уæлдæф Хетæгкаты Къостаимæ, хъуыста фыццаг уырыссаг революцийы хъомысджын цæлхъытæ, æнæнцой æмæ йæ æхцонæй агайдтой Гæдиа- ты. Секъа æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы фæлгонцтæ, сыгъта йæ æмæ йыл æхсар æфтыдта Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæты æндыгъд, цæхæркалгæ пафос. Фæлæ йыл æппæтæй тынгдæр, æппæтæй æнæвгъаудæр бандæвта, æппæтæй бæрзонддæр, ’ахадгæдæр æмæ арфæйагдæр ын уыд дыууынæм æнусы сæйраг цау — Стыр Октябры социалистон революци. Фæстæдæр, æртыназдзыд лæппу- лæгæй, Созырыхъо ныффыста: «Бирæтæ сæ царды ра№- дайæн нымайынц Октябры мæйæ. 1917 азæй фæстæмæ. Æз дæр — афтæ». Æцæгдæр, Созырыхъо, йæхи загъдау, бирæтау, минтæ’æмæ мил^антау, райгуырд, ног Дуне йæ уæлахиз Ленины дзыхæй барджынæй куы расидт, адæм фыццаг хатт æцæг историон адæм, æцæг истори фæл- дисджытæ, истори аразджытæ куы систы, уæд. Октябро дзы скодта адæймаг, æмбæстаг æмæ* нывгæнæг. 4 Гуры гимназы ахуыргæнинаг, Созырыхъо 1918 азы бацыд большевикон зондахастыл лæуд æфсæддон прлк- мæ, меньшевиктæ сын сæ гæрзтæ куы хъуамæ байстаик- кой, уæд ралыгъд Цхинвалмæ, йе ’ргом радта сусæг, дæластæрдон куыстмæ. 1919 азæй Коммунистон парти- йы уæнг, Созырыхъо арæзта фæскомцæдисон чыртæ, мень- шевиктæ йæ дыууæ хатты æрцахстой, хъуамæ йæ аха- стаиккой Хуссар Ирыстонæй, фæлæ сæ бахъыгдардта 72
1920 азы растад. Уым активонæй архайгæйæ, Созырьь хъо лидзæг адæмимæ ахызт фа?сæфц,æгмæ, уыд Сырх Æфсады политикон разамонæг, тох кодта Бургъустаны урс лæгмарты ныхмæ. Советон хицауад куы ’рфидар, уæд каст фæцис Мæскуыйы Тимирязевы номыл Хъæу- уонхæдзарадон академи, куыста журнал «Фидиуæг»-ы редакторæй, Гуырдзыстоны К(б)П Центрон Комитеты хъæууон хæдзарады хайады инспекторæй, Фæскавказы пролетарон фысджыты ассоциацийы президиумы сæр- дары хæдивæгæй, Хуссар Ирыстоны адæмон рухсады комйссарæй. Лæмбынæг литературон куыстмæ 20-æм азгы æмбисæй фæстæмæ бавналгæйæ, Созырыхъо фыс- та, йæхæдæг цы федта, цы бавзæрста, ууыл, литерату- рæмæ хаста рæстæджы иумæйаг æмæ йæхи сæрмагонд индивидуалон фæлтæрддзинад. Созырыхъо у, ,револю- цийы тохты чи сæрыд, социалистон æхсæнады чи схъо- мыл æмæ чи байрæзт, ахæм ног типы фыссæг — фыссæг- хæстон, æхсæнадон æмæ паддзахадон архайæг, адæмы æрвылбонон царды удуæлдай хайадисæг. Адæмимæ йын ахæм иугæндзон, органикон иудзинад кæй уыд, уымæ гæсгæ Созырыхъойæн^ йæ бон уыд, æмæ йæхицæй загътаид, зæгъгæ, æз дæн адæм — социализ- мы дуджы цæрæг, тохгæнæг æмæ фæллойгæнæг адæм. Уый йын радта фадат ног цард æмæ ног адæмы фæл- гонц, ног адæймæгтæ æмæ ног хъайтарты фæлгонцтæ ног аивадон амæлттæй равдисынæн, схотыхджын æй кодта советон литературæйы хъаймаг метод — социа- листон реализмæй, ленинон адæмондзинад æмæ парти- ондзинадæй, кæронмæ бамбæрстгонд историзмæй. Уый йын радта фадат стауынæн æмæ фауынæн, хорз æмæ æвзæр, раст æмæ зылын ныфсджынæй æргом кæнынæн, ’ знон æмæ абонæн сæ хйцондзинад æмæ сæ хицæндзинад уынынæн, зноны сафинаг баззайæццæгтæ’н æмæ адæй- маджы ныллæггæнæг, худинаггæнæг фæзындтæ æмæ цайдагътæн сæ ных цæвынæн æмæ сæ ныхмæ карзæй хæцынæн — абон æмæ фидæны сæрвæлтау. Уый йыл сæ- вæрдта ахъаззаг бæрндзинад — адæмы иртасæг æмæ зо- нæг, адæмы адæймагон нысанмæ кæиæг æмæ хонæг, тæр- хонгæнæг æмæ ахуыргæнæджы бæрндзинад. Созырыхъойы уацмыстæ арæх дзурынц, нæ размæ сæ хæссынц адæмы минæвæрттæ сæхæдæг. Уыцы дзур- джытæ-таурæгъгæнджытæ сты алыхуызон адæймæгта,, алыхуызон кар, куыстадон æмæ æхсæнадон æууæлтæ, 73:
алыхуызон уд æмæ интеллекты хицæуттæ. Зæгъæм, ра- дзырдтæ «Фиййауы катай», «Хохаджы хъæстытæ» «Но- лшлус», «Идæдз ус Госæда» чи дзуры, уымæн ивддзаг- гæнæн нæй, радзырд «Музейы» чи дзуры, уыимæ сæ дыууæтæн та — радзырд «Æууæнк сыл нæй» чи дзуры, уыимæ. Фæлæ’дзы алы дзурæг-таурæгъгæнæгимæ дæр Созырыхъо у æнгом баст, туг æмæ удæй хæстæг, зæгъæн лс, сты æмуынæг, æмæнкъарæг, æмхъуыдыгæнæг. Æн- дæр дзырдтæй, Созырыхъо дунемæ кæсы адæмы цæс- тытæй,дзуры йыл адæмы æвзагæй, аргъ ыи кæны адæ- мы цæстæнгасæй. Адæмы хъæлæсимæ æмзæл, æмвæнд у йæ хъæлæс. Дзурджытæ-таурæгъгæнджытæ иууылдæр сты ны- рыккон адæймæгтæ, схонæн сын ис — уадЗ æндæр æмæ ,æндæр бæрцæй — ног адæймæгтæ. Æмæ кæд ивгъуыд цардыл дзурæг-таурæгъгæнæг (радзырд «Номылус»-ы йын автор аныв кодта йæ портрет, йæ ном хуыйны Ха- дзумар) у тынг зæронд лæг, йæ цахъæн, дам, хъæд æмæ дур дæр нал ~ ис, кæд^ йæ радзырдтæ мысын кæнынц фольклоры таурæгътæ æмæ Секъайы къласикон прозæ, уæддæр ивгъуыдмæ кæсы (авторимæ иумæ) абоны со- .циалон, идеологон æмæ хæрзæгъдауон бæрзæндæй, уы- ны йæ ног адæм æмæ ног адæймæгты позицийæ. Уымаэ гæсгæ йæ радзырдтæ, фольклор æмæ Секъаимæ абар- гæйæ, сты ног, новаторон. Ивгъуыд царды Созырыхъо фæлгъауы фыд æмлл хæрзиуæджы социалон, къласон уидæгтæ. Мæгуыр фий- йау Хъæдци хизы хъæздыг Куыдзæджы фос. Мæгуыр зæхкусæг Цамел мæлæтдзаг тохы бацæуы хъæздыг Бедтоимæ. Хъæздыг Таджиты Хъауырбег^ мæгуыр æрм- дæсны Убаты Музучы чызг Зæлийы тыхæй акæны но- мылусæн. Идæдз ус Госæда риу-æмриу æрлæууы йæ тиу, мулкуарз æмæ æнæфсис Гæуийы ныхмæ, хæдзары фæллой йæхирдæм ассивынмæ куы рахъавыд, уæд. Къла- «сон дихдзинад сын бæрæг кæны сæ митæ æмæ сæ .ар- хайд, сæ хъуыдытæ æмæ сæ удыхъæд. Сæ быцæу нæу .æмбар, æмсæр адæймæгты быцæу, фæлæ у æхсæнады антагонистон тыхты быцæу. Созырыхъо фыццаг планмæ хæссы, йæ хъайтарты ’йын ног адæмимæ хицон чи кæны, ног царды хæрзæгъ- .даумæ дзы комкоммæ чи кæлы æмæ йын ахсджиаг чи ^сты, уыцы миниуджытæ. Иууылдæр сты ку’ыстуарзаг — Хъæлцийæн кæйдæр фос хизгæйæ, Цамелæн йæ чысыл 74
хуымы гæбаз хуымгæнгæйæ кæнæ хосгæрдгæйæ,. Музу- кæн алыхуызон хъæдын дзаумæттæ аразгæйæ, бафæл- лад нæй. Сæхимæ исты хæс райстой кæнæ дын истæмæй зæрдæ бавæрдтой, — хъуамæ йæ æнæмæнг сæххæст кæ- ной. Æнæхъуаджы искæй бафхæрбй, искæмæй исты ратоной, кæнæ йæм сæртæг сдзурой, — уыдæттæй сæм ма ’нхъæлмæ кæс. Сæ уды бар æмæ сæ сæрыкад хъахъ- хъæнгæйæ, сæхи сæ тугвæллойæ даргæйæ, рæстаг тох æмæ рæстаг куысты сæм фыдæлтæй фæстæмæ чи рав- зæрд æмæ чи ныффидар, уыц’ы хæрзæгъдауыл сты æну- выд, цыфæнды зынты раз дæр сæм нæ фæцуддзæн. Уæлдай тынгдæр нын нæ зæрдæ æлхæнынц Созы- рыхъойы сылгоймаг хъай,тартæ. Уыдон сты тыхджын æмæ рæсугъд, цардбæллон æмæ дзырдфæразон. Æры- мысæм Асинет æмæ Хъæлцийы фембæлд, Цамелы лæ- джыхъæдджын ус Хадзиан æмæ Бедтойы дæлæсин ус Багианы фембæлд, Зæли æмæ Хъауырбеджы фембæлд, Госæда æмæ тæрхоны лæгты фембæлд — уынæм сын сæ хæрззонд æмæ сæ мидсыгъдæг, сæ цыргъ æвзаг æмæ сæ къæйных, сæ рæстæууæнк æмæ сæ ныфсхаст. Алкæ- мæ дæр дзы (йæ бынат, йæ нысан æмæ йæ удыхъæдмæ гæсгæ) уыцы миниуджытæ сты алыхуызон бæрцæй — кæм сын ис худæг-хъæлдзæг уаг (Асинет æмæ Хъæлци- йы диалог), кæм гуыурымыхъ-дæрзæг (Хадзиан æмæ Багианы диалог), кæм дæлгоммæ-иронион (Зæли æмæ Хъауырбеджы диалог), кæм та тызмæг-æгъатыр уаг (Госæда æмæ тæрхоны лæгты диалог). Сæ тых, сæ арæхст иууыл хуыздæр зыны, кусгæ куы фæкæнынц, уæд: гутоны фæстæ Хадзиан «фæсауæдз кæны. Иæ къухы дынджыр къæпи, къуыбæрттæ иу риуыгъд куы ’ркæны, уæд алырдæм апырх вæййынц», Зæли, «фæринк æхсар- гардау, хъæддых æмæ цырд», «хосгæрдæнафон-иу хала- мæрзæны бырынкъæй куы фæцагайдта хохыйас уылæн, уæд-иу йæ тъæпп уыгæрдæны рæбын фæцыдис»; Госæ- дайæн «йæ цæнгтæ æндонæй хъауджыдæр нæ уыдысты. Дыууæ лæджы цы мæкъуыл не сæппæрстаиккой салд миты бынæй, уый йæхæдæг иу рæмыгъдæн фелвæстаид». Созырыхъойы сылгоймаг хъайтартæм нæй гæды æф- сæрмытæ, мæнг уайсадынтæ, бахъуаджы сахат нæлгой- мæгтæн æргом зæгъынц сæ ныхæстæ æмæ бæлвырд кæ- нынц сæхи «æз». Фæлæ алы къахдзæфæн дæр сæ ных- мæ лæууынц социалон уавæртæ æмæ патриархалон æгъ дæуттæ. Уыдон арæх архайынц иумæ, лæггад кæныни 75
кæрæдзийæн. Хъæздыджыты интерестæ се ’нæгъдау æм- бæрзынц æмæ æмбæхсынц иумæйаг æгъдауæй, æмæ æгъдау, фыдæн фарсхæцгæйæ, фыдæн йæ рæзтæ æхсæд- гæйæ, царды йын цыт кæнгæйæ æмæ йæ- иууыл уæздан- дæр бынаты æвæргæйæ, йæ хурхыл хæцы „хæрзиуæгæн, свæййы æцæг адæмон хæ’рзæгъдауы знаг. Уыдон, социа- лон уавæртæ æмæ патриархалон æгъдæуттæ, бар-æнæ- бары сæхимæ æвзæрын кæнынц Созырыхъойы сылгой- мæгтьт фыдæх æмæ протест. Асинет æнхъæлмæ каст Хъæлцимæ, æмæ кæд радзырдæй нæ зонæм, Хъæлцийы ацыды фæстæ цытæ æвзæрста æмæ йæхи куыд дардта, уыдон, уæддæр æй, æвæццæгæн, æвæндонæй æндæр кæ- мæндæр ачындз кодтой. Зæли Хъауырбегмæ фæцæуыны бæсты кæд йæхимæ марæн кæрдтæ хаста, уæддæр но- мылус сси йе ’нæуынон адæймагæн. Иунæг Госадæ на^ фæтасыд мулк æмæ æгъдауы раз — йæ фараст хъæбу- лимæ йын цы ’мбæлди хæдзары фæллойæ, уый байста йæ тиу Гæуи, йæ файнуст Абиан æмæ сæ хъæубæсты тæрхоны лæгтæй. Социалон уавæртæ æмæ патриархалон æгъдæутты ныхмæ кæм растынц Созырыхъойы хъайтартæ, уым æма* сып уымæй бæрæг кæны сæ адæймагон нысаниуæг, с.е уæвынады ахадындзинад. Хъæлци сæйраджыдæр адæй- маг у, Куыдзæджы раз йæ хæс цæсгомджынæй кæй æх~ хæст кæны, уымæй нæ, фæлæ йæ цардæй разы кæй нæу, йæ уды бæллиццаг æнкъарæн — арф, романтикон уарз- ты тыххæй Куыдзæджы фос æфцæгыл кæй ныууагъта • æмæ йæ амондагур кæй ацыд, уымæй. Цамел Бедтойæн йе ’нæрастдзинад нæ ныббарста æмæ йæ барæхуыста хъамайæ, кæд дзы йæ сæр фесæфта, Сыбырмæ йæ ахас- той, уæддæр. Музук æмæ Зæли хъæддыхæй æрлæууы- дысты Хъауырбеджы ныхмæ, кæд сæ рæстдзинад састы бынаты баззад, уæддæр. Госæда хъаруджынæй стох кодта æвзæргæнджытимæ æмæ сыл уæлахиз дæр фæпи. Фæлæ, иунæг Госæдайы уæлахизмæ нæ кæсгæйæ, ив- гъуыд царды æмткæй æлдариуæг кæны фыд, йе ’нахъи- нон тыхы бын хъæрзынц æмæ мæлынц рæстдзннад, хæр- зиуæг æмæ фидауц. Уымæ гæсгæ Созырыхъо фауы, пат- риархалон зæхкусæгады æмæ æмткæй ирон адæмы зонд- ахасты пæлæхсар уидæгтæ чи ауагъта, уыцы низ — со- циалон пассивондзинад. Хъауырбег Зæлийыл куы са- гъуыд, куы нæ йын куымдта, хицæуттæ æмæ æфсады æх- хуысæй сын алы фыдмитæ куы кодта’— канд Музучы 76
хæдзарæн нæ, фæлæ ма хъæубæстæн дæр, уæд сын адæ- мæй фарслас ничи фæлæууыд, Музучы фыдыфсымæр Тотырадзы фондз фырты йеттæмæ. Адæмы ’рдыгæй азым иууылдæр æрхаудта Музук æмæ йæ чызгмæ, зулцæстæй сæм акастысты, бустæ сын кодтой, сыйах тыххæй мах дæр сæфæм, зæгъгæ. Азым сæхимæ райстой Музук æм.е йæ чызг дæр, сразы сты Хъауырбегæн, Зæли йæхи цæрд- удæй баныгæдта. Афтæмæй адæм объективонæй ком- промисс скодтой фыдимæ, рахæцыдысты йæ фарс. Уый у цагъайраджы къуындæг, æгуыдзæг. хиæмбаръшад. Социалон уавæртæ æмæ патриархалон æгъдæутты бархъомысæн коммæгæсæй цæр, цы сæ фæнды æмæ дæ ды домынц, уый кæн, фыды ныхмæ хæрзиуæджы акти- вондзинад ма ’вæр, — уый нæу адæм æмæ адæймаджы аккаг. Пассивондзинад æфхæргæйæ æтæ активондзинад стаугæйæ, Созырыхъо ивгъуыд цардæй, фольклорæн райста Берозты Тотырадз æмæ Кодзырты Таймуразы хъайтарон дæнцæгтæ. Дыууæйæн дæр се знæгтæ — би- рæ, • фæлæ сæ тыхы раз сæ зонгуытыл не ’рхаудтой, ныццæгъдынц сæ æмæ амæлынц сæхæдæг дæр. Уыдон æмбарынц сæйраджыдæр сæ национ нæ, фæлæ сæ со- циалон хицæндзинад (хуымæтæджы нæ зæгъын’ц се знæгтæн: «Мæгуыр æмæ хъæздыгæн сæ фæндаг иу кæд уыдис?!», «Æгъгъæд уын нæма у уæхи бæстæ ’фхæрын, ныр та уæ æрфæндыд нæ хуымтæ ыссæндын?!»). Сæ со- циалон хицæндзинад сын бацамыдта, зæгъгæ, пассивон уæвæн нæй, æрмæст активон архайд æмæ хъайтарои сгуыхтдзинадæй ис цæрæн. Тотырадз æмæ Таймураз, гъай-гъай, нæ фæиппæрд сты сæ раттæг рæстæг æмæ фольклорæй, фæлæ сын Созырыхъо радта дыккаг цард, фольклоры хуызæн чи нæу, ахæм ног идейои-аивадон цард. Социалистон реализм, объективондзинады припци- пыл иузæрдыг уæвгæйæ, истори нæ кæны нæдæр хуыз- дæр, нæдæр æвзæрдæр, нæ быхсы ницахæм модерниза- ци æмæ идеализаци. Ивгъуыд царды рæстдзинадæй ни- цы кайгæйæ, Созырыхъойы .цымыдис — уæлдæр ма йæ загътон — сæйраджыдæр сæхимæ здахынц, уым абоны царды хуызæн цы ис, абоны цардæн дзы цы гуырæнтæ ’ æмæ разæууæлтæ ис, уыдон. Иæ хъайтартæ — Хъæлци, Цамел, Хадзиан, Зæли, Госæда — уыдаиккой (кæд ма цардаиккой, уæд), революцийы хъæрмæ фыццагдæр чи фæзындаид, уыцы адæймæгтæй. Тотырадз æмæ Тайму- 77
раз хиуæттау æрцыдысты абоны цардмæ, æмæ автор Тотырадзæй цы зæгъы, уый хауы Хаймуразмæ дæр: «Ныр хох æмæ быдыры фæндырдзæгъдæг чызджытæ Тотырадзæн йæ зарæг сæ фæндырты æрцæгъдынц». Ив- гъуыды хъайтартимæ абоны хъайтарты генетикон бастдзинад Созырыхъо нысан кæны, ног дугыл кæй ныф- фыста, уыцы уацмысты дæр. Æртындæс коммунары мæ- ^ лæтмæ куы фæцæуынц, уæд сæ зæрдыл æрлæууыд Ила- ты Дзыбыртт (динамонджытæм хæрам кæй уыД, уымæ гæсгæ сын сæ хъæуы сауджыны чидæр куы амардта, уæд ын æй йе ’фсон фæкодтой æмæ йæ æрцауыгътой): «...заргæйæ бацыд ауындзæнмæ. Зарæг дæр ыл уый тых- хæй скодтой нæ хохы адæм». Кæнæ хъæуты колхозтæ куы аразынц, уæд фæскомцæдисон Хъасбол хъæздыг Батрадзæн зæгъы: «Æвæццæгæн ма афтæ ’нхъæлыс, дæ хъугомы хуымтæ дæумæ баззайдзысты. Ныр та сыл мах афæлварæм кусын. Чермены зарæгау ма уа, гæмæхтæ ныр та сымахæн рахицæн кæндзыстæм». Ивгъуыды хъайтартæ сæ хæрзæгъдауæй, сæ куыст *æмæ сæ тохæй сæх’ирдыгонау бацæттæ кодтой революци, бахастой сæ хай социализмы арæзтадмæ, кæд революци æмæ социа- лизмæп сæ кой дæр никуы фехъуыстой, уæддæр. Созырыхъойы идеал у^ ног рæстæджы идеал, ног адæм æмæ ног адæймаджы идеал. Ивгъуыд царды со- циалон уавæртæ æмæ патриархалон æгъдæуттæ сты æнæадæймагон, — фехал сæ, раив сæ, скæн сæ адæйма- гон, сараз сæ рæстдзинад, хæрзиуæг æмæ фидауцы за- къæттæм гæсгæ, социализм æмæ коммунизмы закъæт- тæм гæсгæ. Афтæ домы ног рæстæджы социалон акТи- вондзинад, иог рæстæджы гуманизм. Уыцы идеалмæ кæны æрмæст иу фæндаг—историйы змæлд æмæ рæз- ты фæндаг, революци æмæ социализмы сæрыл тохы фæндаг. Адæм Коммунистон партийы разамындæй куы сыс* тадысты историон сфæлдыСтадмæ, зæропд дуне куы хæлдтой æмæ ног дуне куы арæзтой, уæд сæ тырысайыл ныффысстой къласон иудзинад æмæ коллективизм. Ис- ториои-документалон уацмыс «Тугæй æлхæд»-ы Созы- рыхъо, 1920 азы реалон цаутæ æмæ факттæ æвдисгæ- йæ, - алыхуызон документалон æрмæгæй. пайда кæнгæ- йæ, историк-аналитикау сæ арæхстгай æвзаргæйæ, меиьшевикты æфсады æвирхъау фыдмитæ нæ размæхæс- гæйæ, йæхи мысинæгтæ кæй уыдысты, уый руаджы сæ 78
йæ зæрдæйы дудаг маст æмæ судзаг уарзтæй сахургæ- йæ, ныв кæны æмткæй рæстæг æмæ адæмы фæлгонц. Растады штаб, йæ къухдариуæггæнджытæ-коммунист- тæ цъус нæ бакуыстой, цæмæй хъулон-мулон, сæйраджы- дæр, зæхкусæгон дзыллæ (массæ) æрбамбырд уой иу- мæ æмæ æмгуырæй стох кæной знаджы ныхмæ, фæлæ ма уæддæр се ’хсæн æнхъæвзта стихиондзинад, сæ дзæв- гар хай не ’мбæрстой сæ хæс се ’мбæлтты раз, сæ иу- мæйаг хъуыддаджы раз. Уый у, Созырыхъомæ гæсгæ, растады бабыны сæйраг аххосæгтæй иу. Меньшевикон хицауад Хуссар Ирыстонæн бынсæфт куы сфæнд кодта, уæд «бирæтæ, æввахс хъæуты цæрджытæ, — фыссы Со- зырыхъо, — сæ хæдзæрттæм фæцыдысты, цыма сæ дзул лæвæрд фæцис, уыйау. Сæ сылтæм ахсайдта сæ зæрда-...* Нæ базыдта штаб дисциплинæ æрæвæрын». Адæм фæс- æфцæгмæ куы лыгъдысты, уæд «ма æфсадæй цы муртæ аззад, — фыссы -дарддæр Созырыхъо, — уыдонæй бирæ- тæ’сæ бинонтимæ схæццæ сты, хæсты быдыр ныууагъ- той æмæ сæ алчи йæ гæрзтимæ йæ уæрдоны фæстæ æр- лæууыд. Алчи йæ бинонты æфснайыныл фæцис», — æмæ къæхты бынæй ныккæрзыдта:" «Дисциплинæ, цы хорз дæ ахæм рæстæджы!» Созырыхъо кад кæны дисциплинæ æмæ коллективон зондахастæн. Æртындæс коммунары суанг фæстаг сахат- мæ нæ ныууагътой хæсты быдыр, тæппуд лыгъд нæ фæ- кодтой, æмæ сæ куы ’рцахстой меньшевиктæ, уæд хъуы- ды кæнынц, архайынц, сæхи дарынц, иу адæймагау. Ис сын иу иумæйаг портрет: «Тынг сæ бафхæрдтой: Сæ цæсгæмттæй, сæ сæртæй сырх-сырхид туг лæдæрсы, хъуыры цъарыл, рустыл ныхъхъæбæр. Сæ цæстытæ æна- хуыр дзагъырæй лæууынц... Сæ бакаст цыма дурæй амад у...» Сауджын сын сæ ингæны уæлхъус кæройна- наджы дзыхмæ æвзист къопп куы бахаста, уæд ын йæ цонг рарнуыг/га, къопп атылд: «Иууылдæр базмæлы- дысты, иууылдæр разы сты се ’мбалы мийыл, иæ сæ хъæуы сауджын». Æмæ кæронæй: «Фехъуыст афицеры мæлæтдзаг хъæр... Дæнг... дæнг... Æртындæсæй иумæ...» Хицæнтæй нæ—иумæ! Уый у гимн коллективизмæн. Гимн æй уымæн хонын, æмæ сæ мæлæт нæу зæрдæ- сæттæн, зæрдæмарæн, уымæн æмæ сæ цард радтой адæ- мы амонды сæрвæлтау. Сæ мæлæт (æмткæй 1920 азы æнæхъæн адæмы трагедийау) махыл æфтауы хъыг æмæ хъынцъым, фæлæ н.ын уыцыиурæстæг хъандзал кæны 79
;нæ тых, сиды нæм активон архайдмæ, сæ хъуыддагæч нæхи.снывонд кæнынмæ. Сæ мæлæт у сæ царды куль- минаци, фæлæ йæ кæрон нæу. Афтæ сты ивгъуыды хъай- тартæ Тотырадз æмæ Таймураз дæр. Кæд сын фолькло- ры сæ мæлæтимæ æхгæд у фидæн, сæ бинонтæ æмæ сæ ^ыггагæй дарддæр нæ хизы сæ зондарæн, уæд Созы- рыхъомæ амæлынц фæллойгæнæг адæм æмæ райгуы- рæн бæстæйы иумæйаг кадæн, сæ цард сиу рæстæджы даргъ-уæрæх перспективæимæ. Трагедийæн ахæм ми- дис дæтты советон адæм æмæ советон литературæйы ахс- джиаг миниуæг— историон оптимизм. Созырыхъо дзыллæйы (массæйы). фæлгонцæй къад- дæр нæ, — фылдæр йæ хъус дары хицæн адæймæгты фæлгонцтæм. Куыд зыны истори адæймагыл æмæ адæй- маджы мидæг, — гъе уый у йæ иугæндзон мæт æмæ са- гъæс. Радзырд «Иудзонгон»-ы мæгуыр зæхкусæг лæппу Га- бе, хъæздыг Хадзумармæ æххуырсты кусгæйæ, рæстæг æмæ адæмы змæлдмæ къæрцхъусæй кæсгæйæ, бамбæр- ста, зæгъгæ, йæ бынат ис революцион адæмимæ. Бацыд Цæгат Ирыстоны черменонты къордмæ, урс æфсады ныхмæ хæсты уæззау цæф фæци, йæ галиу цон’г ын го- рæты рынчындоны алыг кодтой. Фæлæ иудзонгонæи дæр йæ тох нæ ныууагъта. Габе кæд’ Марксы чингуытæ нæ каст, уæддæр черменонты коллективы ’хсæн, къорды хистæр коммунист Мæхæмæты фæрцы сси æмбаргæ, ре- волюцион хæстон. Габе йæхи сæрмагонд хæсау æнкъары иумæйаг хæс. Фæлæ ма уыимæ тынг æнкъары — кæд афтæ зæгъæн ис, уæд — сылгоймаджы уарзты хæс дæр. Хъæздыг Хадзу- мары хо Сæниатимæ кæрæдзи афтæ бауарзтой, æмæ Га- бе иудзонгонæй куы баззад, уæддæр ыл чызг йæ зæрдæ не сивта. Габе æнхъæл у (æмæ йемæ мах дæр уырны), зæгъгæ, Сæниат алцæмæй дæр ис Габейы ’рдыгæй. Фæ- лæ Габе лæгæй-лæгмæ куы сæмбæлд Сæниаты æфсы- мæр, урс афицер Хъауырбегимæ, йæ гæрзтæ иын куы ’вæрын кодта æмæ сæ куы нæ ’рæвæрдта, йæ нæмыг Га- бейæ куы фæивгъуыдта æмæ йæхæдæг Габейы нæмы- г^й куы фæмард, уæд Сæниат, йе ’фсымæр Хадзумарау, туджджыны цæстæй, знадл^ы зæрдæйæ ракаст Габемæ. Сæниат уарзта Габейы уынд, йæ физикон хъару, йæ хъæбатырдзинад, фæлæ удæй пæ бахæстæг йемæ. Тохы быдыр у адæймаджы зæрдæ. Габейы зæрдæ байдзаг рс- 80
> волюцийæ, Сæниаты зæрдæ дзы лæууыд фæсфæд. Габе’- йæн æнæ революци нæй уарзт, Сæниатæн та инйæ- рдæм — революциимæ йын нæй уарзт. Ахæм рæстæджы дыууæ адæймаджы амондджын уой, уый гæнæн нæй. ’ Маяковский цæйау дзырдта: «В поцелуе рук ли, губ ли, В дрожи тела близких мне Красный цвет моих респуб- / лик Тоже должен пламенеть». Сæниат — хъæздыг Ха- дзумары бинонты ’хсæн иууыл хуыздæр адæймаг — ре- волюцийы «сырх хуыз» кæй нæ райста, революцийы рæстдзинад кæй нæ бамбæрста, йæ къласон-социалон хъадамантæй йæхи кæй нæ ратыдта, уый Габейы уæззау хъизæмары ныппæрста. Мæхæмæт ын куы дзуры, зæгъ- гæ, ма мæт кæн, уæд «Габе мæсты худт бакодта, тым- былкъухæй хъæдын цæджындз ныццавта адæргæй. Хæ- дзар ныррызтис йæ цæфæй. Фæсмоны хъуыдыйæ йæм~ ницы уыд æппындæр, йæ катай уыд æрмæст Сæниат». Уыцы хъизæмарæй Габе фæрсмæ кæнæ фæстæмæ нæ фæцуддзæн, ноджы арфдæр æмæ биноныгдæр бамбар- дзæн революцийы гуманистон рæстдзинад, фæлæ уæд- дæр катай кæндзæн, Габейæн йæхиау Сæниат историма? кæй не ’рбаиу, уый тыххæй. Историмæ адæймаджы æрбаиу — уый кæддæриддæр у зын æмæ вазыгджын хъуыддаг. Цæмæй адæймаг суæгъд уа хиисадон инстинкттæ, Згоистон тырнæнтæ æмæ цайдагътæй, цæмæй йæхицæй аппара «зæронд уаргъ», æндæр дзырдтæй, цæмæй дзы «революци» æрцæ- уа æмæ фæуæлахиз уа, уый тыххæй сæйраг ахадындзи- над уыд цардæн йæхицæн, йæ рæзт æмæ йæ ивдæн. - Созырыхъомæ «зæронд уаргъыл» фидар ли хæцы, уыдон ног цардмæ кæсынц æнæууæнкæй, фæнды сæ æмæ архайынц, цæмæй дзы уой иуварс, мачердыгæй сыл баныдзæва, сæ рагон адыл сæ ныууадза. Цыппу кол- хозмæ кæй нæ цæуы, уый тыххæй фæхъуырæй-хъуырмæ йæ фырт, фæскомцæдисон Исламимæ, чысыл ма бахъæ- уа фæрæтæй йæ амара (радзырд «Æфсæн уæйыг»). Аф тæ æидыгъд, сгуыппæввонг ахаст ма ис Темсæн йæ фыр\ Хъасболимæ, Хихайæн йæ фырт Габеимæ (драмæ «Хъæу фенкъуыст»), Ауызбийæн йæ "фырт Цопанимæ (радзырд «Сыгъзæрин æрзæт»). Фæлæ сæ фырттæ горæтмæ ахуырмæ кæнæ æфсадмæ куы ацæуынц, уырдыгæй куы сыздæхынц æмæ ног цард ’аразынмæ цырынæй куы бав- налынц, уæд фыдæлтæ бар-æнæбары бабуц вæййынц сæ фырттæй, хæларæй сæм раттынц еæ къухтæ. Кæнæ 6. Дзуццаты X. 81
радзырд «Æфсæн уæйыг»-ы ныхасыбадæг зæрæдтæ рай- дайæны цахæм уынаффæтæ хæссьщц ног фæсивæдæн! Былысчъилтæ æмæ сыл пыррыччытæ кæнынц, æфхæрынц сæ зæронд патриархалон æгъдæутты номæй, фыдæлты намыс, дам, фесæфт, сæ рагон цард сæм кæсы алц^емæй дæр хорз, раст, æнаидп. Фæлæ Ислам трактор куы ’рб?- тардта хъæумæ, адæм йæ фæдыл куы ныххал сты сты- рæй-чысылæй, уæд ныхасы бадæг зæрæдты зæрдæ бар- æнæбары акъул, анцад ног царды фидиуæг — тракторы ’рдæм, урсбоцъо Бибо йæ сæр нынкъуыста: «Цомут-ма, фенæм æй æввахсмæ, кæд ныл дæндагæй нæ. фæхæцид». Афтæ хицæн адæймæгтæ æмæ æмткæй адæм бамбарынц историйы рæстдзинад, рахæцынц йæ фарс, æрбалæууынц йе ’мбуар. , Цæмæй адæймаг историмæ æрбаиу уа, уый тыххæй сæ тых æмæ сæ зонд нæ ауæрстой, адæммæ æмбаргæ- дзинад чи хаста, знæгтимæ дæр æмæ фæстæзад зонд- ахастимæ дæр чи хæцыд, дзыллæты змæлд чи органи- заци кодта, уыдон. Сæ минæвæрттæй сын цалдæры уы- нæм, Созырыхъо мидхæсты цаутæ куы ’вдисы, уæд (Дзад- тиаты Алыксандр, Гæдиаты Никъала, Созырыхъо йæ- хæдæг, ахуыргæнæг Джиоты Андыри, черменон къорды хистæр Мæхæмæт), нæ цæсты раз дзы алчи дæр сысты иу кæнæ цалдæр цæхгæр æууæлæй. Сæ рæнхъы цард- æгасæй лæууы радзырд «Сыгъзæрин æрзæ*г»-ы хъайтар Сæлбиты Уано, æмдзард æм сты лæджыхъæд æмæ фæл- мас, партион принципондзинад æмæ адæммæ аудгæ ахаст. Иæ зонд æмæ йæ зæрдæ æххæссынц алцæуыл дæр, шофыры скъуыдтæ дзабыртæй суанг æппæтадæ- мон интересты онг. Уымæн, адæймаджы амонд лыггæн- гæйæ, чысыл æмæ стыр фарстытæ нæй, се ’гас дæр ып сты ахсджиаг. Иæ алы ми æмæ йае алы ныхас дæр улæ- фынц партион æмæ адæмон рæстдзинадæй. Мæрддзæст, æвзаг^æссæг Мути йьщ йæ сыхаг Ауызбийæ алывыдтæ куы фаедзырдта, уæд æй Уано мæстыйæ рарвыста с^- химæ. Уанойы антипод у драмæ «Хъæу фенкъуыст»-ы пер- сонаж Иуан. Æрбацыд горæтæй, æмæ ^цæгдзинад рав- зарын æмæ бамб,арыны бæсты, объектцвон хатдзæгтæ скæныны бæсты байхъуыста, кулак Зауырбег намыс- джын адæймæгтыл цы хахуыртæ фæкодта, уыдонмæ, æмæ сын сæ хъысмæт карды бынмæ æрхаста. Фæско^- цæдисон Хъасбол æй схуыдта партион нæ, фæлæ цæу- 82
къа. Ахæм цæукъайы фаелгонц саразгæйæ, Создрыхъо тæрхон рахаста, фæстæдæр, 1937 азр, йæхæдæг æмæ йæ хуызæн бирæ разагъта адæймæгтæ æнæазымæй кæй амæттаг фесты, уыцы æбуалгъ фæзындæн. Партион, советон разамонæг у æмткæй царды æмæ уыцыиурæстæг адæмы зæрдæйы инженер, социалон æмæ экономикон фарстытæ йæм иппæрд не сты — æмæ макуы дæр хъуамæ уой! — идейон-политикон, хæрзæгъдауоц- хъомыладон фарстытæй. «Царды бындур раивтам, — зæгъы Сæлбиты Уано. — Ныр та хъуамæ адæмы зæрдæ- мæ баххæссæм, уым ис ныр нæ хуымгæнд». Бæгуыдæр, царды бындур ивгæйæ, ивта дзыллæты психологи, иуæн дзы æнæ иннæ уæвæн нæй, фæлæ иарды ивдæй кæд- дæриддæр. фæстейæ зайы зæрдæйы ивд. Адæймаджы психологи у, иууыл сындæгдæр чи ивы, ахæм механизм. Ленин дзырдта, зæгъгæ, «от того, что началась рево- люция, люди не стали святыми»1. Ленины хъуыдымæ- гæсгæ, коммунизм цæуы «к воспитанию, обучению и подготовке всесторонне развитых и всесторонне подго- товленных людей, которые умеют все делать, К этому коммунизм идет, должен идти и придет, но только через долгий ряд’лет»2. Адæмы психолбги хъуамæ царды ивд æййафа, хъуамæ дзы кæмдæр разæй дæр фæуа, хъуамæ адæймагон уой цард æцæ адæм дæр, кæннод сæ амонд дзаг æмæ æххæст нæ уыдзæн. Адæмы зæрдæ хуым кæн- гæйæ, "разамонæг алкæмæй дæр тынгдæр æмæ биноныг- дæр хъуамæ хуым кæна йæхи зæрдæ, хъуамæ йæхæдæг уа цæвиттойнаг — царды дæр, æмæ литсратурæйы дæр. Созырыхъо йæ ныййарæг ирон адæмы цард нæ уыд- та хибарæй, изоляцигондæй. Уый лæмбынæг каст, ирон адæм кæй æхсæн, кæй æмрæнхъ æмæ кæимæ æмбæлдыс- ты, уыцы адæмты цардмæ дæр, нæхи ирон цардау æй æдыхсгæ æмæ æдæрсгæ æрбайста йе сфæлдыстады ор- битæмæ, ис æм — æмæ йын уымæй 20—30-æм азты ирон литературæйы æмбал нæй — уырыссаг, гуырдзиаг, дзут- таг, тæтæйраг хъайтартæ. Ирон мад Сабейæн йæ зынгхуыст хъæбулы хуызæи у гуырдзиаг лæппу Хъорадели Дауыт, дербахуыдта йæ йе ’мбалимæ, фæцин ул кодта. Дауыт, меньшевдкты фыдмитæ уынгæйæ, алыгъд Цæгат Ирыстонмæ, рахæ- 1 В. И. Ленин. Полное собрание сочинений, т. ^7, стр. 60. 2 Там жег т. 41, стр. 33.
цыд Советон хицауады фарс (радзырд «Музейы»). Гуыр- дзиаг инженер Зурабæн бафидауæн нæй уæздан æл- дæртты байзæттаг Апалонимæ, сæ рагон кад — цагъар- дарты кад —кæй мысы æмæ кæй хъахъхъæны, уый тых- хæй (радзырд «Æууæнк сыл нæй»). Мæгуыр дзуттаг Ошуахъ, дзæвгар хъизæмартæ бавзаргæйæ, йе ’мдин фæлитойтæ æмæ хъæздыг хæрзгæнджытæй йæ бон ба- зонгæйæ, фæстагмæ фервæзы «зæронд уаргъæй» (ра- дзырд «Дзуттаг Ошуахъ»). Уырыссаг лæппу Мальцев, æфсады службæкæнгæйæ, хæрам зæрдæ дары, сæхимæ, Кубаны, колхозон арæзтад чи къуылымпы кæны, уыдон- мæ, æхсæнадон исад ын сси йæхи исады хуызæн (ра- дзырд «Æмбал Мальцев»). Тæтæйраг лæппу Осман, Тбйлйсы алыхуызон нациты минæвæрттимæ кусгæйæ, нал уромы йæ маст йæ гæвзыкк цардмæ, заводы хицæут- тæм, æмæ цадæггай йæхи ивазы революцион змæлдмæ -(æнæфæуд роман «1905-æм-аз»). Дауыт, Зураб, Ошуахъ, Мальцев, Осман — се ’ппæт дæр сты зæххон, типикон æмæ индивидуалон фæлгонцтæ, царды ивдимæ ивы сæ зондахаст, сæ психологи, сæхи уæгъд кæнынц динон æмæ национ мæнгæнхъæлцтæй, алчи дæр дзы свæййы кæнæ у ног адæймаг. Созырыхъо сын хынцы сæ национ цардуаг, æгъдау æмæ удыхъæды хицæндзинæдтæ, фæлæ сæйраджыдæр йæ хъус дары, кæрæдзийыл сæ чи баста, революцион тох æмæ социалистон куысты сæм чи рав- зæрд æмæ чи фидар кодта, уыцы иумæйаг бæрджытæм. Уыдон Созырыхъойы ирон хъайтартимæ цæрынц иу цар- дæй, цæуынц иу фæндагыл, иу нысанмæ. Иу фæидагыл иу нысанмæ цæугæйæ, алы адæм дæр хъуамæ архайой, цæмæй иннæ адæмтæм хорзæй цы ис, ууыл ахуыр кæной, райсой йæ, цæмæй — сæхимæ дæр æмæ искæмæ дæр — æвзæрæй цы ис, ууыл худинаджы гакк æвæрой, æппарой йæ сæхицæй дæр æмæ искæмæй дæр, уымæн æмæ ног дуджы алы адæм дæр бæрнджын сты канд сæхи раз нæ, фæлæ ма иннæ адæмты раз дæр. Радзырд «Иудзонгон»-ы хъайтар Габе дзуры Мæхæ- мæтæн: «Акæс-ма уырысмæ, .федтон, уыдон куыд цæ- рынц. Се ’хсæн ацардтæн æххуырстæй. Уыдонæн куы ис æргомæй уарзыны бар, æргомæй бинойнаг равзарыны бар, иумæ рацæуын æмæ ныхас кæныны бар, уæд махыл цы бæллæх сæмбæлд!.. Афтæ фехъуыстон, зæгъгæ, мах нæ талынгдзинады тыххæй афтæ стæм. Кæрæдзийæ къулбадæг рамбæхс-бамбæхс кæнэем, цæйдæр æнæуаг 84
æфсæрмытæ æрымысыдыстаем нæхицæн». Радзырд «Æф сæн уæйыг»-ы хъайтар Ислам, сæ хъæубæстæ исджын- ты зондмæ кæй хъусынц, уый_тыххæй сæ хоны «басу- дзинаг». Радзырд «Муссæйы скъола»-йы. дзурæг-тау- рæгъгæнæг хъаст кæны сæ комы адæмæй, зындзырд кæй сты, хъуыддагмæ сæм куы бацæуай, уæд дын рæстмæ дзуапп кæй нæ ратдзысты, уый тыххæй. Созырыхъо йæ- хæдæг йæ автобиографийы фыста: . «Нæ уарзын мæ хъæубæсты, æгæр зыгъуыммæ адæм сты, кæрæдзи хæ- рынц æмæ колхæдз аразынвæнд дæр нæ кæнынц ныр- ма. Нæма сæм бахъардта ног царды фæдис, цыма мы- дадзæй сæрст сты сæ хъустæ». Созырыхъойы ныхас «нæ уарзын» æмбарын хъæуы «уарзын», уымæн æмæ адæмы чи уарзы, уый фæнды æмæ архайы, цæмæй адæм уыной сæ хорз æмæ се ’взæр, сæ тыхтæ æмæ сæ хъуæгтæ, цæмæй сæ царды алы къа- базы дæр суой раззаг, иннæ адæмтæй фæстейæ мацæ- мæй зайой, цæмæй сæм фауинаг мацы уа, цæмæй алцæ- мæйдæр уой ног царды аккаг. Афтæ «нæ уарзгæйæ» æмæ «уарзгæйæ», Созырыхъо канд тæрхонгæнæг нæу, фæлæ ма у зылынджын дæр, адæмыл тæрхон кæнгæйæ, тæр- хон кæны йæхиуыл дæр. Афтæ «нæ уарзгæйæ» æмæ «уарзгæйæ», махæй алчи дæр æххæст кæндзæн йæ пат- риотон æмæ æппæтадæймагон хæс. йæ национ æмæ ин- тернацион хæс. Уæд махæй алкæмæн дæр йæ бон уы- дзæн зæгъын, зæгъгæ, æз дæн адæм. - Зындгонд у, зæгъгæ, социалистон реализм табу нæ кæны иу цахæмдæр стилæн, уым алы курдиатджын ныв- гæнæгæн дæр ис йæхи сæрманод стиль. Фæлæ уый аф- тæ нæ амоны, æмæ стиль иу кæнæ иннæ нывгæнæгмæ æндзыг, æнæзмæлгæ вæййы йе ’ппæт уацмысты дæр. Стилæн йæ бон у, æмæ йæхи мидæг рæза, ива, хъæз- дыг кæна ног амæлттæй. Созырыхъо ивгъуыд цардыл кæй ныффыста, уыцы радзырдтæ, се ’рмæг, сæ персо- нажтæ æмæ сæ дзурджытæ-таурæгъгæнджытæм гæсгæ, фольклорон дзырддæсныйадимæ сын æнгом бастдзи- над кæй ис, уымæ гæсгæ, хъацыд сты романтикон хуыз- тæ æмæ ахорæнтæй, уæлдайдæр фæлгонцон абарстытæй, мæнæ ахæмтæй: «йæ дзыхы раст цыма уадыпдзтæ уыд, уыйау йæ зæлланг хъæлæсæй кæмттæ зæлыдысты», «тæрс бæлас йæ къабузтæ дардыл айвæзта, нæхимæ нымæтхудау», «нарæгастæу, нæзы талайау, кондджын», «йæ мидбыл фæхуды, цыма хъама хурхмæ ферттивы. 85
уыйау» аемæ а. д. Созырыхъо ^ог цардыл.кæй ныффыста, уым йе стиль у хиуылхæЦгæдаф, чъындыдæр, хуымæ- тæгдæр. Авторы ныхасы дæр, дзурджытæ-таурæгъгæн- джыты ныхасы дæр æмæ персонажты пыхасы дæр уы- наёк, ног цард кæй радта, уыцы ног дзырдуатон .æмæ <фразеологон фæзындтæ, уаблдайдæр политикон-нубли- цистон терминтæ æмæ дзырдбастытæ. Æнæмæнг, ив- гъуыд цардыл фыст æМæ ног цардыл фыст уацмысты аив æвзаджы ’хсæн ис хицæндзииад, фæлæ иу рап дæр æмæ иниæ ран дæр Созырыхъо у реалист, й’у ран дæр æмæ иннæ ран дæр йе стиль адекватоп у царды рæст- дзинадимæ, кæй ныв кæны, уыцы адæймæгты рæстдзи- надимæ, уУмæ гæсгæ сыл иу рап дæр æма: инпæ рап дæр æууæндæм, нæ зæрдæмæ сæ исæм, авторимæ пæм нæй æнæразыдзинад. Мæнмæ гæсгæ, СозырыхъойьГстил- мæ — уадз фæрсаг хуызы — хауы драмæ «Хъæу феп- къуыст»-ы дыууæ хъайтары диалог. Сæ иу дзы куы за- гъта: «Хынджылæг ма кæнут, уæлæ хур едмæ сфар- дæг ис!», уæд ын иннæ дзуапп радта: «Едмæ» цы хопыс. Арвы бикъмæ зæгъ, æмæ дæ бамбарæм». Стиль «фæл- гонцон» уа æви «æнæфæлгонцон», уæддæр хъуамæ уа бæлвырд, конкретон, царды рæстдзинад æм кæддæрид- дæр хъуамæ кæна аивадон рæстдзинадмæ. Созырыхъомæ эпитет уа æви абарст, иейзаж уа æви портрет, — цавæрфаенды аивадон амал дæр æм лæггад кæны адæймагæн йе ’ддаг царД аемæ йæ мидæггаг цард раргом кæнынæн, авторы фæнд æмæ уацмысы ндея рав- дисынæн. Мадæлон фольклор, нæхи æмæ æндæ’р адæм- ты къласикон литературæйы фæлтæрддзинадæй ницы иста цæттæйæ, механиконæй, алцыдæр æм хъуамæ уы- даид йæхимæ гæсгæ, йæхи хуызæн. Дзырдæн, Гюго Викторы амынд, зæгъгæ, адæмæй бирæтæ вæййы искæ- цы фос кæнæ сырды æнгæс, ууыл разы кодта (1920 азы Созырыхъойы хъайтар Знауырмæ, мæгуыр, тыхст адæ- мы чи стыгъта, уыцы æлгъаг уæвæгой фæкаст мæрдты ♦бирæгъы хуызæн; Зурабмæ та Аполон, сусæгасй иог хи- цауадыл йæхи ныцЦæвынмæ кæй иæ багæдзæ кæндзæп, уый тыххæй фæкаст фæсфæд æрныгъуылæг стайы хуы- зæн), фæлæ йыл разы дæр нæ кодта, уымæн æмæ æддаг уынд алкæд адæймаджы мидконд бæрæггæнæг нæу: тæ- тæйраг Осман ирон лæппу Иналмæ фыццаг фæкаст «ка- -печчы аргъ уды хицау», фæлæ йæ æввахс куы базыдта, у&д дзы федта хорз адæймаг; афтæ рауад хабар Маль- «6
цевимæ дæр. Гуы|шс*ойас нæу Созырыхъойы ных&с: «Адæймаг базонын, йæ сусæг хъуыдытæ, йе ’нкъарæн- тæ, суанг й& аппы онг, етьф зын хъуыддй!4 у», æМæ уы- цы зын хъуыддаг алы реалист дæр лыг кæны йæхирды- гонау, аккаг ын ч’й у, йе ’вДисæн объект Дæр, йæхэедæг дæр æмæ чиныгкæсæг дæр зæрдæхудт, къæмдзæстыг кæ- мæй нæ уой, ахæк аивадон амæлттæй. Уыдон Зеххæст кæнынц алыхуызон функцитæ, фæлæ сæйраджыдæр æвдисынц адæйМаджы уды змæлд &мæ уаг. Созырыхъомæ ис адæмы иумиаггонД фæлгонцы психологи («Тугæй æлхæд», «Æртындæсæй иумæ», «Æф- сæн уæйыг»), хицæн адæймæгты фæлгонцты психологи ’ (ивгъуыд цардыл фыст радзырдтæ, «Музейы», «Иудзон- гон», «Сыгъзæрин æрзæт» æмæ æйд.). Психологизм æм кæмдæриддæр.у социалон. Иæ’мйдмонологты, цыма, иу кæнæ иннæ хъайтары хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ сæ- химæ æрбайсынц æддаг дунейы цаутæ æмæ хабæрттæ, нæ разы раивылынц иу уылæнау æмæ дзы разынынц типикон уавæрты архайæг типикон адæймæгт*. Созырыхъойы стилмæ, æмткæй йæ аивдзинадмæ кæддæриддæр йе ’ргом здæхта ирон прозæ, йæхицæн дзы агуырдта ахъазгæнæг хъару. Уæлдай у’арзон ын дзы фæци, ивгъуыд цардыл кæй ныффыста, уыцы радзырд- ты стилы романтикон фæлтæ’р. Уый дарддæр кæнгæйæ, иукъорд уацмысы, реалйстон уынынад æмæ хъуыдыкæ- нынадæй не схицæн уæвгæйæ, сты дзæбæх æнтыст ны- рыккон ирон прозæйæн. Фæлæ уыдон фарсмæ, семæ иумæ мыхуыр цæуы дзæвгар уацмыстæ, цыран Созыры- хъойы стилы романтикон фæлтæр сси хæдиысанау, алы- хуызон фæлгонцон нывæфтыдтæ, бибитæ, къæлæсытæ иппæрд сты цард æмæ адæймаджы реалон мæрæй, ома сын нæй сæхи сæрмагонд стиль. Уый уæлдай тынгдæр банкъарæм æмæ йыл фæриссæм, автор ивгъуыд цардыл куы фæфыссы, Созырыхъойæн канд йе стиль нæ, фæлæ ма йын йæ конфликттæ, йæ ситуацитæ, йæ типтæ дабр гæзæмæ фендæрхуызонгондæй эпигонау куы фæфæзмы æмæ куы фæфæлхатт кæны, уæд. Уыцы уацмыстæн схо- нæн ис мæнг кæнæ тутт, кæнæ афтид п’роЗæ. Созырыхъомæ сæйраг жанр у радзырд. Уым уый арæх сгæрста, адæмы рæгъмæ хаста ног темæтæ, фæл- гонцтæ æмæ проблемæтæ; къаннæг фæзуаты, царды ца- хæмДæр локалон хай райсгæйæ, æвдисы егъау дуне; архайд дзы цæуы кбнцентрацигонд, сюжет змæлы эпи- 87
кон комулæфтæй, цаутæ æмæ деталтæ арæх хæссынц символон, бирæнысаниуæгон мидис/ Уым мах уынæм революци æмæ социализм аразæг адæмы стыр сгуыхт- дзинады аивадон азфыст. Созырыхъо иудадзыг йаа хъус дардта литературон процессмæ, лæмбынæг ын каст йæ ивгъуыдмæ, йæ абон - æмæ йæ фидæнмæ. 1930 азы Ирыстоны фысджыты иу- мæйаг съезды уыд сæйраг докладгæнæг. Иæ доклады дæр, стæй йæ уацты -дæр ис, æмткæй нæ бæстæйы про- летарон фысджыты ассоциациты разамонджытæм арæх кæуыл æмбæлæм, ахæм вульгарон-социологон уагæ- вæрдтæ. Махæн дзы зынаргъ у, ног литературæйы бын- дурон домæнтæй чи гуырд, раст фæндагыл æй чи ар- дыдта, уыцы пафос. Созырыхъо агуырдта ном, йæхæдæг æмæ йæ коллегæтæ Беджызаты Чермен, Хъамбердиаты Мысост æмæ æнд. сæ уацмыстæ цы методмæ гæсгæ фыс- той, уьгмæн. Уыцы метод реализм кæй у, ууыл нæ гуы- рысхо кодта, фæлæ рæдыди, бирæ æндæр советон фыс- джытæ æмæ крйтиктау æй философон диалектикон-ма- териалистон метод кæй хуыдта, уымæй. Æнæуый йын раст амыдта йæ сæйраг принциптæ. «Мах хъæуы, — фы- ста Созырыхъо, — бамбарын сæрæй бынмæ ныртæккæ- йы дуг, куыд рæзы ныртæккæйы цард, чи сты йе змæ- лынгæнджытæ, чи йын ис хъыгдарджытæ, стæй^ сомбрн куыд рацæудзæн хъуыддаг». Æмæ ма ноджыдæр: «Хæрз цыбырæй йын исафтæ зæгъæн: реализмы ’гъдауæй бам- барæм сæрæй бынмæ ныртæккæйы дуг; бамбарæм, куыд рæзы ныртæккæйы цард; раиртасæм, чи сты йе змæлын- гæнæг тыхтæ, цы йын ис хъыгдарæгæй. Уый фæста? хъуа- мæ фенæм, сомбоны фæндæгтæ чердæм сты здæхт, сбæ- рæг сын кæнæм сæ революцион ахаст». Уыцы принцип- тæн аккаг уыд ном-эпитет «социалистон» æмæ йæ сса- рдтой 1932 азы, ссардтой йæ коллективон зонд æмæ хъаруйæ. Афтæмæй социалистон реализм «уæлейæ æр- фысгæ», «уæлейæ ныббæтгæ» нæу, фæлæ райгуырд ног .цард æмæ ног литературæйы æрдзон, органикон рæзтæй. Ирон литературæйы фарстытæ Созырыхъомæ кæддæ- риддæр баст сты ирон культурæ æмæ ирон æвзаджы фарстытимæ, се ’ппæт та — æмткæй ирон адæмы хъыс- мæтимæ. «Бирæты, — фыссы Созырыхъо, — нæ уырны ирон литературæиы рæзындзинад, цæмæн нæ хъæуы бы- нæттон æвзагыл дзурын, фыссын, уæддæр, зæгъгæ, чы- сыл мыггæгтæн сæ фæстаг сæ’фтмæ цæуы, райсдзысты 88
стыр мыггæгты æвзаг, уыдон культурæ, сæхи æвзаг та батайдзæн (ассимиляци). Уыцы хъуыддагимæ хъæуы карз тох». Афтæ чи хъуыды кæны, уыдон Созырыхъо хоны «нæ лакъæйсæрст «ахуыртæ», нæ уæрæседзау «ин- тёллигенттæ». Уыдон не ’мбарынц, зæгъгаеГсæ мадæлон æвзаг кæй æвзагæй раивтой кæнæ хъуамæ раивой, уы- цы стыр адæм кæнæ адæмтæ сæ хæсыл нымайынц, цæ- мæй æххуыс кæной чысыл адæмтæн, цæмæй чысыл адæм-^ тæ ма фесæфой, бавæрой се’ ’взаг æмæ сæ культурæГ уымæн æмæ æнæуый дуне цæуы æгъуыз, мæгуыр æмæ тæригъæддагмæ. Национ нигилизм — нæдæр стыр, нæ- дæр чысыл адæмæн — райсинаг нæу. Стыр адæмæй уай æви чысыл адæмæй — хъуамæ дын уа национ тради- цитæ, хъуамæ сæ хъæздыг æмæ рæзын кæнай. Уымæ гæсгæ национ культурæ æмæ национ æвзагыл уæлæхох, æнæввæрсон чи кæны, уый хъуамæ уа сæрыстыр нæ, фæ- лæ сæрныллæг — стыр адæмты раз дæр æмæ чысыл адæмты раз дæр. Октябры революци, Советон „хицауад нæ бæстæйы алы адæмæн дæр радтой æнæмæлæт. Æмæ кæд хицæн адæймагæн мæлæтæй фервæзæн нæй, кæд дзы, алы хи- цæн адæймагау, Хъуылаты Созырыхъо дæр нæ фервæзт,, уæддæр йе ’ппæт цард æмæ курдиат адæмæн нæртонæй кæй схæлар кодта, адæмæй, адæмимæ æмæ йæхæдæг адæм кæй уыд, уымæ гæсгæ йын адæмæй фæхицæнгæ- нæн нæй. Адæмы æнæмæлæт у йе ’нæмæлæт. 1980 89?
II СТЫР ФÆЛГОНЦЫ БÆРЗÆНДТÆМ Ирон поэзи Ленины тыххæй Октябры революцийы фæстæ ног æцæгдзинад хъэёд- дыхæй æрдомдта ног литературæ, раздæры аивадон бынтыл чи ’нцой кодтаид, къласикон традицитæ чи дарддæр кодтаид æмæ æмткæй йæ эстетикон æрд’зы- хъæдæй йæхихуызæн чи уыдаид, ахæм литературæ. Уы- ды ног æцæгдзинады сæйраджыдæр лæмбынæг хъус- дард с&химæ здæхтой, ахъаззагдæр цымыдис æвзæрын кодто’й революци æмæ социализм аразджытæ, ома ног адæймæгтæ. Уыдон уыдысты сæйраг хъайтартæ царды дæр æмæ литературæйы дæр. Уыдон бæрæг кодтой ног æхсæнады цæсгом, рæстæджы мидис æмæ хуыз, бæрæг кодтой ног сфæлдыстадон метод — социалистон реа- лизм. Уыдонæн — æвæрццаг æмæ фæзминаг хъайтар- тæн — сæ сæргъ лæууыд Ленин æмæ йе стыр, грандио- зон фæлгонц. Советон литературон Ленинианæ суанг йæ фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ ’органиконæй баст цæуы алы хицæн адæм æмæ æппæт адæмтæ æмæ æппæт адæймага- ды хъысмæгимæ æмæ ма алы хицæн адæймаджы хъыс- мæтимæ дæр. Уымæ гæсгæ Ленин алы адæмы литера- турæйы дæр у национ сёмæ интернацион хъайтар. Дуне ивæг æмæ ноггæнæг процессыл хъуыды кæнгæйæ, уы- рыссаг поэт . Луговской Владимир хуымæтæджы не ’вæрдта фæрсæй-фæрстæм дзырдтæ: «Октябрь, Народ и Ленин» æмæ хуымæтæджы нæ деклараци кодта: «Весь я в них. Они внутри меня. Мы неразрывны». Уы- цы æнæаскъуыйгæ бастдзинад советон адæмтæн æмæ -90
сæ лй^гературæтæн — егъау уой æви чысыл, уымæ нæ кæсгаёйæ — байгок кбдта уæ^æх фæндаг æхсæнадон аёмæ с’фаелдыстадон иудзинадмæ, æндæр дзырдтæй, æн- гом æмæ фидар кодта аёмæ кæны советон адæмты иу- дзинад, социалистон аивады иудзинад. Ирон литературон Ленинианае— советон литерату- рон Ленинианæйы цæрдхъом хай — поэзи, прозæ æмæ публицистикæйы жанрты адæмы рæгъмæ цы уацмыстае рахаста, уыдоныл бирæ дзурæн ис, фæлæ дзы мæ фа- датмæ гæсгæ цыбыртæй зæгъинаг дæн æрмæст поэти- кон уацмысты тыххæй, уымæйдæр сæ - разагътадæртьГ тыххæй, æмткæй ирон поэтикон Ленинианæ куыд рæзти æмæ Цы хуызæн у, уый тыххæй. Ирон поэттæ æвдыстой Ленинмæ адæмы ахаст æмæ уыцыиурæстæг сæхи ахаст дæр. Уымæ гæсгæ сæ уац- мыстæ сæйраджыдæр сты лирикон, зæрдæргомгæ’нæн ныхасы хуызæн. Ис дзы, гъай-гъай, эпикон архайд дæр (дзЗЬвгар уацмыстæн сæ бындур æмæ сæ нывæз^ у сю- жетон), фæлæ дзы уæддæр мах уынæм Ленины стыр- дзинад, уацмысты хъайтартæ æмæ йæ поэттæ сæхæ- дæг куыд æмбæрстой, куыд ын аргъ кодтой, цахæм зæрДæ йæм дардтой, афтæ. Бирæ æндæр адæмтау, ирон адæм дæр Ленины кой куы фехъуыстой, уæд сын басгуыхт, цæргæцæрæнбонты кæмæ бæллыдысты, сæ зонд æмæ сæ зæрдæйы цы иде- ал самадтой æмæ рæвдыдтой, ,уый конкретон историон фæлгонц, басгуыхт сын сæрйбар æмæ амонды символ. Уыцы хабар раст æмæ ирдæй рафæлгъуыдта Лени- ны тыххæй фыццаг ирон æмдзæвгæйы автор (ныффыста йæ 1920 азы) Беджызаты Чермен. Зæронд лæг «цинæй æрхæцгæйæ» сдзырдта «ног ныфсы ном», сидзæргæс æй йæ риуы арф афснайдта, кусæджы сразæнгард код- та хъазуат куыстмæ, æмбалмæ (ома революцион хæс- тонмæ) фæсидт, цæмæй Октябры бавæра. Ленины ном фехъусгæйæ, уыдонæй алкæй бæллиц дæр йæхи номæй гттък ггмбал: «Тæхуды, тæхуды, искуы куы фенин Дæу, Ленин!» Уыцы «тæхуды» мах исæм уæрæхæй: Ленины хъуамæ феной сæ царды дæр æмæ сæхимæ дæр, ома цард суа, Ленин.куыд амоны, афтæ, уой «ног ныфсьЬ> фарсхæцджытæ æмæ йæ аккаг адæймæгтае. Зæронд лæ^, сидзæргæс, кусæг æмæ æмбалæн Ленин у легендарон бæгъатыры хуызæн. ’ Уый " сын баххуыс кæндзæн сæ цард раивынæн, йæ фæрцы нал уыдзысты 91
мæгуыр æмæ сæхи бахиздзысты се знæгтæй. Адæмы ахæм æмбарынад, ома фольклорон æмбарынад, Чермен равдыста реалистонæй, йæ фæлгонцон структурæ у ин- дивидуалон-поэтикон. Фæлæ, адæмы ахæм æмбарынад равдисгæйæ, Чермен, цыма, развæлгъау рахатыдта, адæмон зарæггæнджытæ фæстæдæр кæуыл ацыдысты, ’уыцы фæндаг. Фольклорон зарджыты Ленин у «дисса- джы сахъ», «сахъ гуырд, нæртон цæхæрцæст», барст цæуы хуримæ æмæ а. д. Лении цард æмæ адæмы рацаразынмæ разæнгард- гæнæгæй, тох æмæ куысты адæмæн тыхдæттæгæй æвдыст кæй цæуы, уый у (суанг Чермены æмдзæвгæйæ райдай- гæйæ) ирол поэтикон Ленинианæйы хъаймагдæр ми- циуæг æмæ тырнынад. Багъæраты Созыр (æмдзæвгæ ,«РаЗдзæуæгæн», 1925 аз), ард хæры Ленинæн, зæгъгæ, «Алкæд дæр-иу ныззардзыстæм Рæстдзинадыл дæ но- ,мæй. Алкæд дæр-иу мах таудзыстæм Дæ тауинаг æрго- мæй». Плиты Грис (æмдз. «Сау хабар», 1935 аз), Ле- нины мард куы æрбайхъуыст. хохаг хъæумæ, адæм ыл куыд хъыг кæнынц, уый бæлвырд реалистон æмæ пси- .хологон деталтæй раныв кæнгæйæ, мах æркæсын кодта, поэт чысыл лæппуйæ цахæм ивындзинæдтæ бавзæрста, уыдонмæ: «О, нæ зыдтон æз сонтæй тыхст, мæт, Цард мæм касти хæрзрæсугъд аргъау, Фæлæ сау хабар куы райс.там, уæд Сонтад атахт, фæтæрсæг маргъау». Фæ- тæджы амæлæты мастæйчысыл лæппу фæлæгдæр, фер- вонгдæр, æмткæй адæмæн сæхи æмæ сæ дуджы раз фестырдæр сæ бæрндзинад, фæтыхджындæр сæ зонд’ æмæ сæ архайд. ь. Цард размæ куыд цыди, адæмæн дзы — спайда кæ- нæм Чермены ныхасæй — сæ «тæхуды» куыд тынгдæр ^æххæст кодта, Ленины куыд хуыздæр æмæ куыд фыл- дæр «уыдтой», афтæ ирон поэзи уæрæхдæр æмæ арф- дæр иртæста Ленины темæ. Ленин-революционер, Ле- нин-фæтæг, Ленин-политик, Ленин-хъуыдыгæнæг, Ленин- демократ, Ленин-адæймаг, — ацы темæтæн кæрæдзийæ иппæрдгæнæн нæй, уымæн æмæ уыдысты иу адæймаг- мæ, уыдысты йæм æмбастæй, иумæ, гармонионæй. Æмæ кæд 50-æм азты æмбисмæ нæ поэзи Ленины фылдæр æвдыста дзыллæты фæтæгæй, уæд фæстагмæ уыцы те- мæмæ æфтыдысты иннæ темæтæ дæр, уæлдайдæр Ле- ний-адæймаджы темæ æмæ афт^æмæй æхлæстдæрæй, 92
зæххондæр æмæ хъæздыгдæрæй разынд Ленины фæл- гонц. «Æз Ленины федтон», — зæгъдзæн Цæрукъаты Алык- сандр æмæ бацамоцдзæн йæ хицæндзинад Чермены хъайтарæй. Кæддæры «тæхуды» ссис реалондзинад. Ленины биографийы хицæн моменттæ, йæ царды конкретон хабæрттæ æмæ историон факттæ—адонæй искæцымæ се ’ргом скæнгæйæ, зæрдæбьшæй йыл нысса- гъæс кæнгæйæ, нæ поэттæ цæуынц егъау, иумиаггонд •æнкъарæнтæ æм’æ хъуыдытæм. Поэт Ленины йæ мавзолейы куы федта, уæд «цыма уыд фынæй», «йæ тугдадзин къухыл сындæггай тæл- фыд». Уыцы деталтæй поэты хъуыдытæ рацæуынц æмæ æртыхсынц канд нæ бæстæйыл нæ, фæлæ ма æгас дуне- йыл дæр. Ленины кæм æмæ куыд фены, уыдон раны- майгæйæ, поэты уырны, зæгъгæ, «Æгас зæххы къори ысуыдзæн зæрдæ, Ысуыдзæнис Ленины судзгæ зæрдæ!» Разливы Ленины чи зыдта, ахæм бæрз Джусойты Нафийæн радзырдта, зæгъгæ, цæмæй Ленины знæгтæн мачи схъæр кæна, уый . тыххæй «къæрцхъусæй-иу цъырцъырагмæ дæр хъуыста», хъыг кæны, зæгъгæ, ныр «цæуылнæ дæн Мæскуыйы æз йæ уæлхъус». Асаты Реуаз, Горкæты йæ цонг æфсæйнагæй баст кæмæн у, уыцы астсæдæаздзыд тулдз абарста Ленини- мæ, цæф куы уыд æмæ йын хос куы кодтой, уæд: «Гъе, афтæ ам Ленин дæр фидар лæууыд,—Мæ цæстытыл уайы йæ бинтæй баст цонг». Зындгонд историон факт — Ленинимæ ^Козаты Раз- дены фембæлд — Дзугаты Георги афыста, Разден æй йæхæдæг йæ мысинæгты куыд радзырдта, афтæ. Реа- лон-документалон фактæн йæ мидис æмæ йæ нысани- уæг раргом кæны романтикон-символон фæлгонц. Раз- ден Мæскуымæ поездыл цæуы æмæ уыцыиурæстæг цæр- гæсау фæтæхы, ома Раздены ныццыд Ленинмæ уыд хуы- мæтæг æмæ уыцыиурæстæг бæрзонд хъуыддаг. Ирон поэзимæ æрбацыд Ленины бæлвырд, цæстуын- гæ портрет: «Трибунæйæ дзуры мыдхуыззачъе лæг, Гæ- зæмæ фæзилы йæ сæр», кæнæ: «Цæхгæр фæзылд Ле- нин, йæ ’æнгуылдз — йæ тары, Разденыл æруагъта йæ арм». Гафезы поэмæ «Тулдзы къох»-ы хъайтар — зæронд коммунист Тæга уыд, Фины вокзалмæ Ленины размæ чи ацыд, уыдонимæ. Ленин дзырдта броневикæй: «Ие 93
’рдæхт — рог æмæ ’взыгъд, Галиу къухæй хæцыди йæ худыл. Рахис уæлдæфы уыд, Цыма знагæн хæцыди йæ хурхыл. Куы фæринчы цъыккау, Уый уæлейæ æртæхы фзерсæрдæм, Куы йæ тымбыл къухæй Уый нымайы бур- жуйты æссыртæ». Ленин æмæ йæ хъуыддæгты фарц, се ’нæмæлгæ хъа- р,у, се ’гъуыстаг рухс алыхуызон курдиат æмæ дæсны- йадæй равдыстой Ардасенты Хадзыбатыр, Плиты Ха- ритон, Епхиты Тæтæри, Мыртазты Барис, Мæргвдты Къоста, Плиты Илья, Цырыхаты Михал, Хъайтыхъты Геор, нæ поэзийы ногдæр фæлтæры минæвæрттæ Нар- тыхты Михал, Гæбулты Мелитъон, Козаты Исидор, Малиты Васо, Харебаты Леонид, Бахъаты Нугзар, Хъодалаты Герсан, Пухаты Алыксандр, Æлборты Ха- джумар æмæ æндæрты æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ. Ленины знонæй абон æмæ абонæй сом хуыздæр «фе- ныпьг> тыххæГг нугæндзон ахуыр кæнын хъæуы йæ цард æмæ йæ уацмыстæ, æввахсдæр æмæ арфдæр цæуын хъæуы нырыккон æцæгдзинадмæ, цыран уæлахиз кæ- нынц.йæ хъуыддæгтæ æмæ йæ хъуыдытæ. Уæд ирон поэтикон Ленинианæ кæндзæн алыварсондæр æмæ хæрзхъæддæр, йæхи "хæстæгдæр сисдзæн стыр фæлгон- цы бæрзæндтæм. 1480 ХÆСТЫ РÆСТДЗИНАД—ПОЭЗИЙЫ РÆСТДЗИНАД Ирон поэтты æмдзæвгæтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй Советон лртературæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты аз- ты йе ’ппæт фæлтæрддзинадæй сбæлвырд кодта, зæгъ- гæ, раст нæу рагда, фыдæлтон ныхас: сармадзацтÆ куы нæрынц, уæд æмыр, æгомыг вæййынц музæтæ. Куыд- дæр 1фашистон лæгмартæ мæнгардæй æрбабырстой нæ бæстæм, уæдæй суанг Уæлахизы бонмæ советон фыс- джыты хъæлæс ныллæгдæр, сабырдæр нæ фæци, фæлæ 94
фæтыхджындæр æмæ фæбæрзонддæр. Карз æмæ цæхæр- калгæ заманы советон аивадон хъуыдыкæнынад, социа- листон реализмы литературæ размæ акодта ахъаззаг къахдзæф, новаторонæй адарддæр æмæ фæхъаездыгдэрр кодта раздæры азты хуыздæр традицитæ. Хæсты тымыгъы ирд æмæ алыфарсонæй разынд советон литературæйы сæйраг æмæ бæркадджындæр традицц — адæмы цардимæ йæ тугхæстæг, æнаскъуый- гæ бастдзинад. Дзырд дæр ыл нæй, хæсты темæ удхи- цоп ссп, хæсты комкоммæ хайад чи иста, хæст йæхи цæстæй чи уыдта. æмæ нæ чи бавзæрста, уыцы нывгэен- джытæн. Уымæн* æвдисæн у ирон поэттæ-фронтовиктæ Плиты Грис, Гафез, Калоты Хазби, Хъайтыхъты Геор, Дарчиты Дауыт, Асаты Реуаз, Цæгæраты Максим, Дзу- гаты Георгий, Кочысаты Мухарбег, Цырыхаты Михал, Баситы Дзамболат, Мæргъиты Къоста æмæ æндæрты сфæлдыстад. Хæсты темæ барджынæй бацыд, хæцгæ чи нæ кодта, фæлæ йæ адæмы тызмæг хъысмæт йæхи хъыс- мæты -хуызæн кæмæн уыд, уыцы поэтты сфæлдыстадмæ дæр. Уыдонмæ хауынц Нигер, Боциты Барон, Епхиты Тæтæри, Гулуты Андрей, Мамсыраты Даебе, Цæрукъаты Алыксандр, Плиты Илья, Саулохты Мухтар æмæ æн- дæртæ. Адæмы цардимæ æнгом бастдзинад домдта, цæмæй поэзи арф æмæ реалистонæй равдыстаид хæцæг адæмы зæрдæ, хæсты вазыгджын рæстдзинад. «Хæсты рæст- дзинад, — амыдта Тихонов Никъала, — уый у ахæм ра- дзырд, чи хъуамæ нынкъуысын кæна удтæ æмæ зæрдæ- тæ, чи хъуамæ раргом кæна советон*адæймаджы æппæт моралон хъæздыгдзинæдтæ, йæ бæгъатыр уды æппæт арфдзинад». Цæмæй искæй зæрдæ нынкъуысын кæнай, уый тых- хæй хъуамæ дæхи зæрдæ нынкъуыса. Хæст тынг нын- къуыста нæ поэтты зæрдæтбе. Уый сæ æрæвæрдта ахæм уавæрты, æмæ сын гæнæн нæ уыд, ма кастаиккой цард æмæ мæлæты цæсгоммæ комкоммæ, æрвонг æмæ реа- листонæи. «Ирон поэттæ, — фыста Гафез, — хæсты бы- дыры уæвгæйæ, бавзæрстой бирæ зындзинæдтæ, бав- зæрстой æмæ базыдтой царды ад... Фыдыбæстæйон хæст у фыссæгæн цард базоныны хуыздæр скъола». Ууыл дзуры Мыртазты Барис дæр: Куы фæдæн тохы абухгæ улæнты, Æз цардæн уæд, уæд базыдтон йæ ад. 95
Поэзимæ æнæтыхсгæ æм’æ зондджынæй æрбацыд салдаты алфæмблай дуне, æрбацыд материалонæй æмæ конкретонæй, цæстуынгæ æмæ реалонæй. Ацы зæххон бындурыл байрæзынц поэзийы иннæ ахсджиаг миниу- джытæ дæр — зæрдæмæхъаргæ лиризм æмæ хъуыдыйы философон арфдзинад. Радон тохы уавæр æмæ салдаты портрет афысгæйæ («Мæ цæсгом у фæлурс, мæ рустæ — хауд... Æниу кæд уыд мæ сæр та урсæмхæццæ»), Гафез сагъæс кæны хæс- ты тыххæй, йæхи тыххæй æмæ кæронæй æрцæуы, йæ алыфарс æмæ йæхиуыл цытæ цæуы, уыдон сæйраг ны- сан æмæ мидисы фæдыл иумæйаггонд-æмбырдгонд хъуыдымæ: «Хæцæм, мæ хур, уæндонæй, Цæмæй цæ- рæм, цæмæй зæххыл уа цард!» Хæст’ салдатæн нæу тæ- мæнкалгæ фейерверк, фенддаг спектакль, фæлæ уæззау, удхайраг куыст. Хæсты уыцы миниуæг бæлвырд кæн- гæйæ, поэт, миййаг, йæ цагъар, йæ коммæгæс нæу,— уый дзы бæрзонддæр у йæ лæджыхъæдæй, йæ гума- нистон æмбарынадæй. Салдат у хъуыдыгæнæг, вазыгджын адæймаг. Иу- вæрсыг, миййаг, нæу. Куырмæй нæ цæуы хæстмæ, фæ- лæ историон æгъдауæй æмбары йæ хæс, йæ бæрн йæхи раз æмæ адæмы раз. «Куыд æнхъæлыс, лæппу, салдат йæ кардæй дарддæр Нæ уыны, ницы зоны ’ндæр исты рæстмæ?»—быцæугæнæгау фæрсы Гафез æмæ- дзуапп дæтты: «Уый афтæ нæу, мæ хур, салдат æппæтдæр ’зо- ны...» Салдатмæ алы къахдзæфæн дæр æнхъæлмæ кæ- сы мæлæт, фæлæ йын йæ цард у йæ Райгуырæн бæстæ- йы иумæйаг царды иу хай. Йæ ивгъуыд, йае абон æмæ йæ фидæны тыххæй салдат цæттæ у йæ цард нывондæн раттынмæ. Цард æмæ мæлæт — уый у хæсты поэзийы идейон- аивадон плацдарм. Цард кæнæ мæлæт — ахæм у, адæм æмæ поэты раз чи лæууы, уыцы дилеммæ, æмæ йын алыггæнæн ис æрмæст иухуызон: цард хъуамæ мæлæ- тыл фæуæлахиз уа. Æгъатыр хæсты бæгъатыр у салдат, уымæн æмæ, Плиты Грисы загъдау, «уый нæ фæтæрсы мæлæтæй, цардæн чи фæкæны аргъ». Æмæ поэты салдат-разæс- гарæг, æхсæвы «цардæй мæлæты ’хсæн ц ’ауæдз и», Ууыл куы фæцæйхъуызы, уæд куры хъæдæй, цæмæй йæ бамбæхса аууоны — ракетæ йæ ма ныррухс кæна, куры халонæй, цæмæй ма суаса — знаг ма-райх-ъал уа, куры 96
сæ канд йæхи цард бахъахъхъæныны тыххæй нæ, фæ- лæ сæйраджыдæр йæ хæстон хæс сæхæст кæныны тых- хæй, цæмæй тагъддæр фæуа хæст æмæ зынаргъ удтæ мауал сæфой, туг мауал кæла æмæ къонатæ мауал хæ- лой. Иумиаггонд-символон ахаст кæмæн ис, уыцы æм- дзæвгæты Грис йæхи фæиппæрд кæны конкретон дета- лизацийæ, æмæ йын уый фадат дæтты æмткæй хæсты тыххæй йæ хъуыды, йæ философон æмбарынад ирддæр равдпсынæн. Монолог «Салдат»-ы дыууæ егъау æфса- ды — советон æфсад æмæ фашистон æфсад — æвдыст цæуынц дыууæ абстракцигонд-персонификацигонд фæл- гонцæй — Цард æмæ Мæлæты фæлгонцæй. Уыцы ’фæл- гонцты уынæм дыууæ’ æнæбафидаугæ социалон систе- мæйы цардæгас гæччытæ. Цардæн йæ хоты’х у рæстдзи- над. Цард у, дунейыл цыдæриддæр прогрессивон æмæ гуманистонæй ис, уый символ. Уымæ гæсгæ Цардæн нæй басæттæн, бæгъатыр тохы Мæлæтыл фæтыхис. Адæймаг хæсты æнæнымæц тæгтæй баст у дунеимæ æмæ йын уыцы хабар ифтонг кæны ]йе ’нкъарæнты хъæздыгдзинад. Хæст ын нæ бакъуырма, нæ ныхъхъус кодта йе ’пкъарæнтæ, фæлæ сæ фæтыхджындæр, фæ- цырындæр кодта. Иумæйаг æмæ хисæрмагонд æнкъа- рæнтæ афтæ æддæг-мидæг сты, æмæ сын кæрæдзийæ фæхицæнгæнæн дæр нæй. Егъау тых ис уарзты интимон, сыгъдæг æмæ уæздан æнкъарæнтæн. Конкретон, хæдбындур деталтыл æнцой кæнгæйæ, нæ поэттæ æргом кæнынц уарзон сылгойма- джы тыххæй сæ фæндтæ, сæ бæллицтæ. Салдат уыны йæ уарзон чызджы фыны, хурыскасты тынты, райсомы æртæхы. Миййаг ыл знаджы нæмыг куы сæмбæла, уæд дзы куры, цæмæй йæм фæзына, йæ цæфтæ йын бабæт- та — «сæ бæттæн сын сæ рис йæхимæ исдзæп». Ниге- ’ры «Хæсты быдырæй», зæгъгæ, æмдзæвгæйы ацы фæл- мæн лиризмы фарсмæ æндыгъд æмæ драматикон сты Калоты Хазбийы рæнхъытæ — «тымыгъ даргъ уынгты хæты... Æхсæв салд рудзгуытæй хъусы», æмæ поэты нæ хъуыдытæ ахæссынц йæ саурæсугъдмæ. Хæст сæ фæхи- цæн кодта кæрæдзийæ, фæлæ сæ зæрдæтæ сты æнæфæ- хицæнгæнгæ:«Дард дæ, дард, мæнмæ, хæрз дард, фæ- лæ мæм уæддæр хæстæг дæ». Плиты Грисæн тохæй тохы ’хсæн йæ цæстытыл ауайы йæ уарзон æмæ уæд, цы- ма, банцайы æнкъард хъарæг, арвæй йæм æркæсы цы- 7. Дзуццаты X. 97
рагъдарæг. Ахæм уагыл фыст æмдзæвгæтæ ис Цæгæра- ты Максим, Мæртъиты Къоста, Дзугаты Георгий æмæ æндæр поэттæм. Дзæвгар æмдзæвгæты ардæуы гсалдаты мады ном. Асаты Реуаз æрымысыд йæ мады, йæ фенын æй æр- фæндыд. Фыны йæм æрцыд акъопмæ, ныттыхсти йыл. Æваст фæцыд тохы хъæр. Салдат райхъал æмæ йæ хъæбысы уыны йæ хæцæнгарз. Иæ мад, йæ хицæтты мысгæйæ, салдат æнкъардта егъаудæр бæрндзинад, хæ- цыд æнауæрдоиæйдæр, цæмæй тагъддæр пырхгонд æр- цæуа знаг, мад фервæза йæ хъизæмайраг мæт æмæ тасæй. Мады тыххæй æмдзæвгæтæ сæ.сæйраг хъуыды æмæ сæ композицийæ сты кæрæдзийы æнгæс,. фæлæ кæрæ- дзийæ хицæн кæнынц сæ индивидуалон уынынадæй, хæдхуыз предметон детализацийæ. Гафезмæ (æмдзæв- гæ «Мысы зæрдæ») • мад кæрдзынтæ кæны æмæ ар- ыигмæ сусæгæй кæлынц йæ цæссыгтæ, рацæуы фæнцаг- гæронмæ æмæ бæлццæтты фæрсы йæ фыртæй. Джусой- ты Нафимæ (æмдзæвгæ «Мæ ущ^зон райгуырæн хæдз’ар») "" хъæу митхъæтгæнтБГбын фæци, пецьГраз,"пых- цылхъуыц ’галы цармау^ цъыхырытæ, мад бады æн- "къардæп æмæ йæ цæссыгтæ- пæ "рустьтл ^лæдæрсынц. Асаты Реуазмæ (æмдзæвгæ «Мысын») йæ фыртмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, мад æмырæй æфснайы хæдзар æмæ æваст фестъæлфы, тæфласы уаст куы фехъусы, уæд. Дзугаты Георгимæ («Дард у мæ акъоп нæ Ирмæ») • - мад нæуæг ахст цыхт исы къусæй, къуымты фæцæуы цъусгай, уадултыл цæссыг æртулы. Поэт ын кæронæй зæгъы: «Гыцци, рæхджы дæм фæцæуын, - - курын, кæ- уын та-иу ма сис». Ахæм ныфсæвæрæн финал (ома æр- цæудзыстæм хæстæй, æнæмæнг фембæлдзыстæм) æмт- кæй характерон у мады тыххæй бирæ æндæр æмдзæв- гæтæн дæр. Трягикон-уыраугæ ахаст ис Нигеры æмдзæвгæ «Мæ- лæг æфсæддоны фæдзæхст»-æн. Ам салдат йæхи æрцы- дæй ньтфс не ’вæры йæ мадæн, уымæн æмæ йæ адзал æрхæццæ, фæлæ дзы куры, цæмæй йыл ма кæуа, йæхи баурома, зæрдæтæ йын æвæры, зæгъгæ, рæхджы знаг сæргой фæуыдзæн æмæ та нæ бæстьтл ногæй ра- кæсдзæн хур. Мадимæ ныхас - аивæй, æнæтыхсгæ- йæ '-рахизьт Ирьтстонимæ ныхасмæ: «Хъарæг мьтл ма кæнæд, зарæг мьтл азарæд, курын, мæ райгуырæн зæхх». 98
Афтæмæй ирон салдат йæ уарзон сылгоймаг æмæ йæ мады фæлгонцы иугæндзон уыны Ирыстоны фæл- гонц. Ирон салдæттæ. йæм се ’ппæт нал æрыздæхтыс- ты, бирæтæ дзы хæсты быдырты баззадысты, Нигеры мæлæг салдатау, фæлæ дзы алчи дæр царди æмæ улæ- фыд йæ райгуырæн зæххы æнувыд уарзтæй, алчи дæр дзы кад скодта^ Ирыстонæн æмæ æппæт Советон.Цæ- дисæн. Хæсты фæмардуæвæг æрыгон поэт Ксгчысаты Мухарбег ныууагъта æнкъард æмæ сæрыстыр фæ- дзæхст: миййаг ын куы аскъуына знаджы нæмыг йæ рæзгæ цард æмæ йæ зарæг, уæд-иу ын зæгъæд йæ ма- дæн, зæгъгæ, дæ фырт фæмард хъæбатырæй, Ирысто- ны уарзта æгæрон, раст йæхи мадау. Мухарбеджы бæрзонд ныхæстæ мах сур деклар’ацийау нæ исæм, уы- мæн æмæ, сæ бафыста йæ тугæй, йе ’мдзæвгæтæ æмæ йæ царды ’хсæн мисхалы бæрц дæр нæй хицæндзинад. Ирон салдат кæмфæнды дæр нæ хæцыдаид, æдзух йæ цæстытыл уад йæ райгуырæн Ирыстон. Хæстьг азты йын уæлдай зынаргъдæр систы йæ национ хъайтарон истори, йæ адæмы культурæ æмæ æвзаг. Национ хиæм- барынад æмæ сæрыстырдзинад ирон салдатæн бар нæ дæтты, цæмæй йæхиуыл къæм абадын дæр бауадза. Ирыстон ын у йæ намысы хуызæн æмæ йæ сыгъдæгæй дары алы адæмты хъæбулты ’хсæн. Карз ныббырсты размæ Плиты Грис ард хæры Ирыстоны раз: «Æгад нæ фæкæндзынæн хæсты рæсугъд ирон дзыллæйы ном». Тæккæ зындæр сахат Гафезы дæр йæ хъуыды ахæссы Ирыстонмæ: «Æмæ мын уый цахæ’мдæр ног тых ратты, Аитейау мын уæд нал вæййы мæлæт». Фæлæ ирон по- эттæ никуы аразынц национ сæрыстырдзинадæй «зæх- хы бикъ æмæ комы дæгъæл». Национ хиæмбарынад къуындæг æмæ мæгуыр у, интернацион зондахаст æмæ æнкъарæнимæ тугхæстæг куы нæ уа, уæд. ’Ирон поэт- тæн æгъуыстаг у иумæйаг социалистон Райгуырæн бæс- т^сйы уарзт, советон адæм сын сты иу æнгом, хæлар бинонты хуызæп. «Дæ цинелæй дæ базондзынæн, ме ’мбал, æз дын æй арты цур æмпъызтон», - зæгъы Джу- сойты Нафи йæ уырыссаг хæларæн. «Макуы дæ бай- йафæд сонт нæмыг, макуы! Царды ыстыр уæз æнæни- зæй ахæсс!» - кувæгау кæны йæ гуырдзиаг æмбалæн Мыртазты^ Барис. Алы адæмты хъæбулты æрдхорддзи- надæн кад кæныиц Плиты Ильяйы «Дыууæ ’мбалы», Цæрукъаты Алыксандры «Æфсымæртæ», Гафезы «Бал- 99
ладæ дыууæ ’мгарыл» æмæ бирæ æндæр æмдзæвгæтæ. Плиты Грисмæ нæ бæстæйы алы нациты минæвæрт- тæ бадынц иумæ, иу акъоппы, иу мады зæнæгау. - Нæй сæ лæгдзинадæй иуы дæр фауæн: Рæвдз æмæ ’хсарджын хæсты, Иу сæ нæ бауадздзæн иннæйы ’рхауын, Иумæ та — уарзон бæсты. Советон поэтты дзыхæй, хъæлæсæй дзуры хæсты карз æцæгдзинад. Фашистон лæгмартæ цы сырдон _фыд- ’митæ фæкодтой нæ зæххыл, уыдонмæ гæзæмæ дæр куы ’ркæсай, уæд нырризынц уæнгтæ, ныккæрзы зæрдæ. Сæхи «уæлдæр расæйыл» чи нымадта, уыцы «уæладæй- мæгтæ»-иу сæ къах кæдæм бавæрдтой, уым æгæрыстæ- мæй дуртæ дэер хæлдысты æнæаххос адæмы æнахъинон х^изæмар æмæ утæхсæнæй. Уымæ гæсгæ советон сал- даты зæрдæйы цырынæй сыгъди ’мастисæн æмæ фыдæ- хы пиллон. Эренбург Илья фыста, зæгъгæ, хæст æнæ фыдæхæй у цахæмдæр æнæфсарм хъуыддаг, æнæ уарз- гæйæ искæимæ куыд цæрай, афтæ. Цард æмæ адæйма- джы æгæрон уарзтæй уарзгæйæ, нæ поэзи бæрзонд сис- та фыдæхы зарæг. Баситы Дзамболаты æмдзæвгæ «Судзгæ маст»-ы тар æхсæвы рабадынц мæрдтæ, сыс- тынц сау фæнык хæдзæрттæ æмæ додой кæнынц удхор- тæм. Гуманизмы фарстмæ абстрактон цæстæй кæсæн нæй. Гуманизм кæддæриддæр йæ разы æвæры æмæ скъуыд- дзаг кæны конкретон, кълвсон хæстæ. Стыр Фыдыбæс- тæйон хæст советон адæмæн уыд арфæйаг, уымæн æмæ дзы хъахъхъæдтой фæллойгæнæг дзыллæты сæрибар æмæ амонд, адæймагады .иууыл рæсугъддæр æмæ бæл- ли’ццагдæр идеалтæ. Фæлæ советон адæм хæстæй сæ- хицæн «хуыцау» æмæ «хæрзгæнæг» никуы арæзтой. Адæймаг марынæн, тугкалынæн нæ равзæрд, адæймаг райгуырд аразынæн, хæрзиуæгон хæзнатæ фæлдисынæн. Хуымæтæджы нæу, хæсты карзы дæр салдат йæ сæнтты кæй мысы сабырадон куыст, бæркадхæссæг фæллой. Гафезы салдат бæллы, зæгъгæ, тæхуды, цæвæджимæ сæ рагъыл куы ралæууид æмæ зад кæрдæг сæх-сæх куы кæнид. Плиты Грисы салдат æнкъары, куыд зын у фæс- чъылдым йæ уарзонæн, куыд æй фæнды йемæ адджы- нæй цæрын æмæ уарзын, «фæлæ хæст амал кæм дæт- ты», кæм æй уадзы сабыр нормалон цардмæ! Хæст со- 100
ветон адæмæн уыд стыр гуманон акт, фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ мах хæсты антигуманон .ахаст не ’мба- рæм. «Хæст цæмæй лæгæн фæуа æлгъыстаг, уый тых- хæй хæцынмæ цæуæм мах», — фыста Плиты Грис. Со- ветон адæм æмæ йæ литературæ, хæсты хъæбатыр æмæ æгъатырæй тох кæнгæйæ, тох кодтой хæсты ныхмæ, са- бырдзинады сæрвайлтау. Хæст афтæ тынг нынкъуысын кодта нæ адæм æмæ нæ поэтты зæрдæтæ, æмæ»кæд хæсты фæудæй дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр ма абон дæр нæ поэзийы акту- алон у хæсты тематикæ. Иуæй, арфдæр æмæ алыфар- сондæрæй æвдыст цæуынц хæсты азты советон адæмы æгъуыстаг сгуыхтдзинад, сæ удыхъæды хæрзиуджытæ, сæ хъæбатырдзинады социалон, психологон, моралон разæууæлтæ æмæ гуырæнтæ. Хæсты фæлтæрддзинадæй сæхи хотыхджын кæнынц .советон адæмы ног æмæ ног фæлтæртæ. Иннæмæй, хæсты тематикæ æнгом баст у сабырдзинад бахъахъхъæнын эемæ ног дунеон хæст ма- уал æруадзыны’ тематикæимæ. Ивгъуыд хæст нын амо- ны, куыд ахсджиаг у хæстæндзарджыты ныхмæ тох, сабырдзинады сæрыл. тох, цæмæй планетæйы сæрмæ уа ирд, æнæмигъ арв æмæ адæмтæ, æдæрсгæ, хæлар æмæ æмудæй цæргæйæ, цæуой историон прогрессы бæр- зæндтæм, цæмæй империализмы идеологиимæ æнауæр- дон тохы уæлахиз кæной коммунистон идеятæ æмæ идеалтæ, цæмæй сармадзантæ тъымы-тъыматæм уой æмыр, æгомыг æмæ парахат, рæдауæй дзурой музæтæ. 1975 ПОЭЗИ ÆМÆ РÆСТДЗИНАД Мах арæх фæдзурæм: литературæ у хъомылады хо- тых, литературæ хъæуы пропагандæ кæнын адæмы ’хсæн. Фæдзурæм, фæлæ хъуамæ нæ зæрдыл дарæм: ли- тературæ дæр æмæ пропагандæ дæр вæййынц ахадæн, кæд æмæ судзынц, пиллон уадзынц рæстдзинадæй. Хъо- мыл кæнын хъæуы æрмæстдæ^ рæстдзинадæй, про- пагандæ кæнын хъæуы æрмæстдæр рæстдзинад. Лите- 101
ратурæ æмæ рæстдзинад фыдæлтæй фæстæмæ сты си- нонимтæ, уымæн æмæ рæстдзинад кæм нæй, уый литературæ нæу. А-фæстаг рæстæджы ирон поэзийыл нæ цæст куы рахæссæм (æз дзурын, 1965—1966 азты цы поэтикон уацмыстæ фæзынд, уыдоныл), уæд зын рахатæн нæу:. поэзи иугæндзон нæ дзуры рæстдзинад, иугæндзон æй’ нæ дзурын кæны рæстдзинад. Цæмæн, зæгъгæ, куы ба- фæрсæм, уæд уымæн алыхуызон аххосæгтæ ис. Кæм нæ фаг кæны курдиат, кæм — ныфсхастдзинад, кæм — поэ- тикон уæлтæмæны фæтъæбæртт, кæм цы, кæм цы. Цы у рæстдзинад æмæ йæ куыд æмбарын хъæуы, уый фæдыл бирæ быцæу кæнынц аивады кусджытæ. Иутæ зæгъынц, зæгъгæ, ис æрмæстдæр факттьг рæст- дзинад. Ахæм хъуыды раст нæу, уымæн æмæ аивад æрмæст факттæ куы ’вдиса, уæд бар-æнæбары цæуы на- турализммæ, афыстон-фотографон эмпиризммæ. Ирон поэзи алыхатт нæ арæхсы царды исты факт æмæ дуджы. рæстдзинад иумæ æмбастæй равдисынмæ æмæ уымæ гæсгæ йæ сæйрагдæр бæллæхтæй иу.у ил- люстративондзинад. Алчи дæр зоны ирон æгъдæутты нæртон ахадындзи- над. Нæ адæмы этнографи хъæздыг у рæс^гъд, лæг уарзон, лæджыхъæдджын миниуджытæй! Иæ поэтикон ахастæй иу æмæ дыууæ фæсарæйнаг а^уыргондæн нæ балхæдта сæ зæрдæ. Нæ этнографи у нæ адæмы царды ахъаззаг хай æмæ, бæгуыдæр, поэзийæн бар нæй йæ иувæрсты ^æнæрхъуыдыйæ ахизынæн. Фæлæ этнографи æрмæст этнографийы охыл куы цæуа поэзимæ, уæд уый æвзæр хабар у æмæ йæ ныхмæ хъæуы карзæй дзурын. «Æгъдау» — схуыдта йе ’мдзæвгæ Хъайтыхъты Ге- ор. Зæрæдтæ ныхасы бадынц. Мад æрцæуы. Зæрæдтæ йын сыстадысты. Каерæдзийæн арфæтæ кæнынц. Ахæм факт æцæг у, мысгæ йæ не ’ркодта поэт, цар- ды йæ федта æмæ куыддæриддæр у, афтæ йын систа йæ ныв. Ирон æгъдæуттæ иллюстраци кæнынц Мыртазты Барисы æмдзæвгæтæ «Цы ис рæсугъддæр мах ирон æгъдауæй!», «Æвæдза, нуазæн у нæ Ирмæ кадджын», «Нæ туджджын иу хатт уазæг уыд нæ сыхы», «Цæй, ба- хатыр кæн», «Дæтты нæ хисдæр хорз кæсдæртæн ба- зыг», «Нуазæн» æмæ æндæртæ. Чындзыты суадонмæ кæ- нын, нуазæны кад, дæ хæдзары дæ туджджыны дæр 102
бавæр — ахæм æмæ бирæ æндæр æгъдæуттæ афыста æмæ дзы аразы хатдзæг, зæгъгæ, хорз сты æмæ сыл фидар хæцын хъæуы. Хъодалаты Герсаны æмдзæвгæйы зæронд лæг Хъæв- дын мæсты у. Цæуыл? Кæмдæр минас кодта. Хæйрæджы цæст дæр дзы уыдис... Æрмæст мæм ничи радта нуазæн. Уый дæр рæстдзинад у, фæлæ цымæ поэты сисы ак- каг у, поэт дзы исты ахсджиагæй йæхирдыгонау зæ- гъинаг у? Иллюстрацигонд цæуынц канд æгъдæуттæ нæ, фæ- лæ ма хæххон æмбисæндтæ, таурæгътæ, легендæтæ дæр. Райс сæ, этнографтæ сæ куыд ныффыстой, кæнæ сæ зæронд адæм куыд радзырдтой, афтæмæй æмæ сæ сриф- мæ кæн. Хæххон таурæгътæ иллюстраци кæнынц Аса- ты Реуазы легендæтæ «Он», «Терк», «Къуайсайы тау- рæгъ» æмæ æндæртæ. Æвæццæгæн, поэтæн ахæм фæндаг у иууыл æнцон- дæр æмæ æнæпоэтикондæр. Адæмы царды ивгъуыд за- манты цаутæ нæ ныррухс вæййынц нырыккон цæстæн- гасæй, поэтæн йæхи зæрдæйы цырагъæй. Рæстæг ахæм категори у, æмæ йæ иу уысм дæр ма хъуамæ рох кæна поэт. Ивгъуыдмæ поэт хъуамæ кæса йæ рæстæг æмæ йæхи сæрмагонд уды бæрзæндæй. Ивгъуыдыл куыд фыссын хъæуы, куыд æй фæлгъа- уын хъæуы, уымæн хорз цæвиттон у Плиты Грисы бал- ладæ «Авд цухъхъайы». Æцæг, æввахс ивгъуыд у — Стыр Фыдыбæстæйон хæсты заман, фæлæ уæддæр ив- гъуыд дуг у. Авд зынгхуысты, авд афтид ингæны, авд боны (къуыри), авд’ цухъх’байы. Авд трагедийы цæрынц мады зæрдæйы. Мад æмæ авд лæппуйы диалог.-Мад сæ фæрсы æмæ йын уыдон дзурынц сæ мæлæтдзаг тохы фæстаг эпизодтæ. Мад йæхæдæг, цыма, сабыр у: Мад ын ныр йæ цухъхъа дауы Æмæ хусцæстæй лæууы. Иæ зæрдæ æцæгæй куыд у, уый та ’вдисы æрдз: Айнæг сау фæрчытæй хауы, Арв цыхцырджытæй кæуы. 10П
Контраст цæуы мады ’æддаг æнцой бакаст æмæ йæ зæрдæйы æвидигæ хъынцъымы ’хсæн, рог хорейон стих æмæ уæззау трагикон мидисы ’хсæн. Уый у ивгъуыд — мадмæ хæсты дугæй хъуысынц йæ лæппуты хъæлæстæ. Уый у абон — риссы мады зæрдæ, риссынц авд ирон чызджы, поэт æмæ махæй, чиныгкæсджытæй, алчи дæр. Балладæйæн уыцыиурæстæг йе ’ргом здæхт у ив- гъуыдмæ, абонмæ æмæ фидæнмæ. Балладæ йæ идейон- эмоцион пафосæй сиды лæгуарзондзинадмæ, сабырдзи- надмæ. Мæнмæ гæсгæ, поэмæйы жанры бæркадджын фæн- дагыл цæуынц Хъодалаты Герсан («Æнусон зарæг») æмæ Харебаты Леонид («Ныхас мæ фыдимæ»). Поэмæ лиризацигонд цæуы. Лирикон «æз» æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ, йæ сабийы бонтæм. Мысы, цы уыди, уыдæттæ. Дзуры, цы уыны, уыдæттæ. Поэмæйы ис хицæн хифенгæ деталтæ, дзæбæх лирикон гæппæл- тæ. Арв хъæды — «цъæх сыфтæртæ йыл сæмбæрзтой «сыхырна», — хæнт урс æндæхтæ арвæй коммæ — хал- ласт». Поэт’ æрымысыд, кæддæр æнæ зондæй цъиуты ахстæттæ куыд хæлдта, æмæ йæм æрцыд лæгуарзон фæсмон. Цъиуы лæппынтæ Кæд фенхъæлдтой, æз сын хæринаг дарын, Сæ бур дзыхтæ мæм райдыдтой хæлиутæ... Æз та... Мæ цæст дæр не ’рко’дтон æрдæгцъынд, Сæ къубæлттæ сын аскъуыдтон, фæрдгуытау. Кæддæр кæм ахуыр кодта, уыцы скъоламæ куы ба* цыдис, уæд: О, ме скъола, мæ сыгъзæриндæр бонтæ Дæ къухтæй фесты иугай тынд, сыфтæртау, Гербарйтæн сæ бамбæхстай кæмдæрты Æмæ сын нал ис, нал, мæ бон, ыссарæн... Фæлæ хъыг уый у, æмæ поэмæйы сæрæй кæронмæ ахæм гæппæлтæ бирæ нæй. Поэмæйы дзæвгар ис реми- нисценцитæ. Герсан мæсыгæй дзуры: «Лæгдзæргæстæ йæм нал тæхынц... Æнкъард у... Ныр ын сæхи ысхицау кодтой цъиутæ... Æдзæрæг къуымты уазал дымгæ зи- лы...» Æмæ нæ зæрдыл æрлæууы Гафезы хæсты агъом- мæйц æмдзæвгæ «Мæсыг». Фыдæлты цыртдзæвæн поэ- ты цæстыты раз ног хуызы нæ раудæгас. Æз ууыл нал дзурын, æмæ поэмæйы нырыккон хъæ- 104
уы рæстдзинад кæй нæй. Поэтæн фынг æрæвæрдтойг «фынджы дзаджджын. фæрныг цардыл нæ дзуры>\ фæлæ фысымæн «йæ цæсты уазæг у зæдæмгад, ысфæ- рæз кæндзæн маргъæхсыр дæр уымæн». Уый ирон хъæууон этикæйы миниуæг у, фæлæ кæм ис нырыккон хъæууон царды вазыгджын ныхмæвæрдты драматизм? Поэты зæрдæ æгæр æнцад-æнцой у. «Дæтты мæм æфсин, орденау, нуазæн», — цæмæн æм æй дæтты æмæ йæм æй куы дæтты, уæд поэт цæуыл сагъæс кæны? Ам гæнæн уыдис, æмæ ныззæлланг кодтаид адæмы раз поэты бæрндзинады темæ. Поэт йæхи фотографы бына- ты кæй нывæрдта, уымæн æвдисæн сты йæ фæлгонц- тæй бирæтæ. Кæсæгтæ — «уе ’рвадæл ракеттæ» тæхынц арвы, «уæд ма сымах цы ныфсæй цæрут комы?» Цæ- мæн хъæуы ахæм фарст? Цахæм хъуыды дзы зæгъы? Поэт кæны Коцойты Арсен, Дриаты Антъон, Чертхъо- ты Уасил, Хацырты Уæлгъа æмæ Хуыбиаты Уасойы кой. Ам цардысты, ам куыстой — уыцы факт констата- ци кæны æмæ ууыл поэт йæ хæс æххæстыл банымадта. Поэты æнцад-æнцой зæрдæйы уаг бæрæг кæны поэ- мæйы стихæй дæр. Урс стих у, уыцы иухуызонæй цæ- уы ивæзгæ, æнæтыхсгæйæ. Нæй дзы алыхуызон инто- нацитæ, р.итмикон фæзилæнтæ, мæгуыр у музыкалон инструментовкæйæ. Герсаны поэмæйы хъуагдзинæдтæ хицон сты Лео- ниды поэмæйæн дæр. Ис дзы фырдзырд, афыстон бы- нæттæ, реминисценцитæ. Ис дзы мæнг, сæрбæрзонд ны- хæстæ: Ыслæг дæн, о, — фæллайын циу — нæ зонын, . Мæ хиды ’ртах æдзух хæссы бæркад. Фæлæ йæ фыды ингæны уæлхъус йæ сагъæстæ рай- сынц хъарм лирикон ахаст: Æнхъæлын, цыма, ды бæлцуат фæцыдтæ, Æмæ дæ уындæй уыц тыххæй дæн цух. Мæнг, сæрбæрзонд кæй рахуыдтон, уыцы ныхæстæ дзы не сты сæйраг. Сæйраг дзы у поэты бæрндзинад, йæ фыдау хъæубæстæн зынаргъ лæг кæй нæу, уый йын зын у. Уымæ гæсгæ йæхиуыл нæ ауæрды: Ныббуц вæййын дæуæй, фæлæ мæхæдæг Кæнын æнкъард, æз та кæмæй фæдæн? 105
Дæн хиуарзон, æмгары рисæн — фидар... Ахæм домаг цæстæй куы кæса лæг йæхимæ, уæд уый у размæцыды стимул. Иугæндзон домын, егъау бæрндзинад æнкъарын — уый у поэты æмбæстагон лæджыхъæд. Мæнæн мæ зæр- дæмæ цæуы, Бестауты Гиуæрги афтæ кæй зæгъы, зæгъ- гæ, «зонын, нæй мæ фыстыты бæркад», ома поэт тыхсы, разы нæу, цы сарæзта,уымæй, æмæ йæ фæнды хуыз- дæр кусын, фылдæр саразын. «Стыр — мæ цин, мае хъыг», — зæгъы поэт, уымæн æмæ йæ зæрдæ гом у дуне- йы цинтæ æмæ хъыгтæн. Цъиу уазалы сийы, поэт ын йе ’нкъард, зæрдæхалæн ниуын айста йемæ фæндагга- джы мастæн; куры индиаг кафаг чызгæй, цæмæй йын йæ зæрдæ байтындза йæ къæхты бын. Поэтмæ фау æрхæссæн ис иу хъуыддагæй. - Иунæг уысм нæ карз, рæстаг æнус Рацыдис йæхиуыл сайдæй, — федтон, — Ахуыссы цырагъхъуыдыйы рухс, Цагъд базыртау акæлынц мæ фæндтæ. - Ферттывта рæстдзинады фæринк — Дуг рæстæй æфхæрд лæджы рæвдауы, — Уæд мæ удæй æз цæгъдын зæрин, Уæд мæ бæллиц дидинæг æфтауы... Ам зæгъын хъæуы поэты æмбæстагон позицийы тык- хæй. Поэты зæрдæ гом у дунейы цинтæ æмæ хъыгтæн, фæлæ сæ поэт пассивонæй ма хъуамæ иса. Æнус йæхи- уыл сайдæй рацыд, уæд ын зæгъ: раст нæ дæ! Уый у лоэты мисси, æрымысут-ма Грисы ныхас: «Тæрхонгæ- нæг дæн æз». Поэт æрмæст айдæнау не ’вдисы йе ’нус, — поэт ын йæ гуылфæнмæ æппары йæхи æмæ дзы акти- вонæй архайы. Дæ зæрдæ бакæн дунейæн — уый поэзи- :йы нысан у, фæлæ ма ис уæлнысан дæр — хъуамæ цард æмæ дуне араза зæрдæйы, рæсугъддзинады, рæстдзи- нады закъæттæм гæсгæ. Поэты канд алцьГ не^ндавы,— поэт дзуапп дæтты алцæй тыххæй дæр. Абон нæ поэзи цы у, уый куы абарæм 30—40-æм аз- ты иоэзиимæ, уæд алчи дæр бафиппайдзæн, ныртæк- кæ нæ поэтты стихы культурæ бæрзонддæр кæй у. Поэт- тæ фыссынц алыхуызон стихы бæрцбарæнтæй, хорз арæх’сынц рифмæ ,кæнынмæ, ритмикон хæрзконддзинад- мæ. Сур, тутт риторикæ н’æм арæх кæй уыдис, уыцы Л06
хабар 50-æм азты æмбис бирæтæм равзæрын кодта протест — поэзи йе ’ргом скодта фæлгонцтæм, абарсты- тæм, метафорæтæм, конкретон детализацимæ. Уый н& поэзийæн егъау æнтыст уыдис, дзæвгар æй æрхæстæг кодта нырыккон реалистон уынынадмæ. Канд нæхи ирон поэзийы хуыздæр æнтыстытæ нæ, фæлæ дунейы зынгæдæр поэтты æнтыстытæй пайда кæнынмæ басчъил кодтам нæ дыстæ, уæлдайдæр не ’рыгон поэттæ. Уыдоцæй алкæмæ дæр ссарæн ис хæрз- хъæд, хъуыдыйæ арф, формæйæ аив æмдзæвгæтæ. Фæ- лæ æмткæй иу аипмæ мæ зæрдæ æхсайы æмæ йыл хъуамæ зæгъон. Чеджемты Æхсары æмдзæвгæ «Æз, зарæджы уæз- зау узæлдау, цадæг...» Поэт быдырты зилы. «Мæ къах- вæдтæ мæ фæстæ ’нкъардæй, сидзæртау, кæсынц. Мæ бæллицтæ та, худгæ, мæ развæндагæй зараг цъиутау стæхынц». Хорз абарстытæ. Фæлæ дзы ратагъд рито- рикон-уæлæнгай хатдзæг: «Уæдæ цы уаид, цы, æнæ бæллицтæй цард?» Æлборты Хаджумары æмдзæвгæ «Æз цæрын...» Нæй йын аивæн дуртау æмæ бæлæстау. Дзырд иумæйагæй цæуы, æмæ диалектиконæй цы нæ ивы, ахæм цы ис? Ие ’ннæ æмдзæвгæ «Хохы райгуырдтæн» — уарзы цæргæс- ты уаст. Хаджумар æмæ йе ’мцахъæнтæй цалдæр поэты сæ- хи хъарынц ассоциативон фæлгонцтыл. Фæлæ арæх ас- социацитæ сае мидис нæ раргом кæнынц, лæмбынæг сæм куы ’ркæсай, уæд дзы, цыма, æргомкæнинаг дæр ницы вæййы. Райсæм Ходы Камалы æмдзæвгæ «Рудзгуытæ»: «Æз раст лæгæй цæрын. Фæлæ уæддæр æфсæрмы кæ- нын рудзгуытæм кæсгæйæ. Цæмæн? Нæ йæ зонын мæ- хæдæг. Кæд уымæн, æмæ рудзгуытæ адæймагмæ кæ- сынц æнæныкъулгæ цæстытау. Мæнæн хъыг вæййы, рудзгуытæ изæр куы фехгæнынц æнгом, æмæ куы ахуыссынц гягуытæ радгай, цыма исчи тыхæй æрхæцы цæсты уæлтъыфæлтыл, цæсты ризгæ хаутыл». Ам гæ- нæн уыд,- æмæ поэт йæ темæ райхæлдтаид, загътаид, рухс чи мары, уыдон тыххæй, æндæр исты ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй, фæлæ уайтагъд балхынцъ кодта йе ’мдзæвгæ: «Рудзгуытæ — цæстытæ, цырæгътæ су- дзынц сæ мидæг гагуытау». Æмæ фæрсæм: цы зæгъи- наг дзы у поэт? 107
Поэттæ фыссынц хуымæтæг цæуылдæртыл — бы- дырыл, дуртæ æмæ бæлæстыл, зæронд пианинойыл, рудзгуытыл; фæлæ уыцы гыццыл цыдæртæ не сырæ- зынц егъау цæйдæрты онг, ома факты рæстдзинад баз- зайы факты рæстдзинадæй. Хемингуэй цы айсберг уарз^- та, уымæн зыны æрмæстдæр йæ уæллаг хай, бынæй дзы цы *хай ис, уый нæ поэттæ нæ фенынц æмæ йæ нæ рав- дисынц. Литературæ у фæлгонцон хъуыдыкæнынад. Нæ по- эттæм (канд æрыгæттæм нæ!) арæх ис фæлгонцтæ, фæлæ сæм, айсбергау, арф æмæ стыр хъуыдытæ нæй. Фæлгонц рауайы фæлгонцы тыххæй. Афтæмæй дæсныйад æмбæрст цæуы иувæрсыгæй. ома формалонæй. Кæсут, — цыма нын зæгъынц нæ поэттæ, — фыссын зонæм, ис нæм абарстытæ, метафо- рæтæ, рифмæгæнæг стих дæр æмæ верлибр дæр! Ахæм иувæрсыг, формалон дæсныйадæй фæзæрдæцъæх нæ поэзи æмæ йæ ныхмæ карзæй загъта Винокуров Евге- ний: Мое мастерство, ты особого рода, Нет, ты не метафора, ты не острота. Подайте мне смысл, — для чего мне слова? Мое мастерство — избежать мастерства. Мах æгъатыр не стæм нæхимæ. Мах активон поэти- кон цард нæ кæнæм. Дæ уды æмæ дæ дуджы рæстдзи- над кæм нæй, уыцы рæнхъытæ, уыцы строфæтæ, уыцы уацмыстæ хахх кæнын куы хъæуы, уæд сæ мах та мьА- хуырмæ радтæм. Мыртазты Барис йе ’мдзæвгæ «Ме ’нтыст», зæгъгæ, уым радзырдта: ныффыста æмдзæвгæ, йæ тæвдыл æм хорз фæкаст, стæй йæ ногæй куы ба- каст, уæд ын федта йæ ницæйагдзинад æмæ йæ ныххахх кодта. — Цæмæн хъуыдис дæ дзæгъæл куыст! — Дæ уайдзæф мæм куы фехъуыст. — Кæй нæ федтай мæ лæмæгъ фыст, Гъе. уый мæнæн уыд ме ’нтыст! Хуыцау зæгъæд, æмæ ахæм æнтыстытæ арæхдæр цы УЗ Барисæн дæр æмæ нæ поэттæй алкæмæн дæр! Уац: мысы цы нæ хъæуы, уый хахх кæнынмæ арæхс — уый æвæджиау курдиат у, уæлдайдæр ныртæккæ, нæ поэзи 108
æнæхъуаджы фæлурс ныхас æмæ фырдзырдæй хуыдуг куы кæны, уæд. Мах, фаззон æфсымæртау, æгæр кæрæдзийы ’ хуы- зæн стæм, хаттæй-хатт нæ кæрæдзийы, цыма, цæрмыс- тыгъд бакæнæм. Арæх вæййы афтæ: чидæр ссардта ног цыдæр, ныффыста уацмыс, йæ хæдфæстæ кæсыс, æмæ ныххал сты йæ халдих уацмыстæ. Поэзи нæу, иууылдæр иухуызон кæм лæууынц, ахæм парад. Цардæгас у Мая- ковскийы амынд: фылдæр поэттæ—хорз æмæ алыхуы- зон! Махæй хъуамæ алчидæр æргом кæна йæхи æмæ йæхимæ гæсгæ дуджы рæстдзинад. Цас нæм фылдæр уа алыхуызон, ’индивидуалон поэттæ, уыйас нæ поэзи уы- дзæн хъæздыгдæр. Ахадæн никуы вæййынц иумæйаг æмæ типикон, кæдæмæ нæ уой хæдхуызон, сæрмагонд, индивидуалон. Иугæр поэт нæ тæрсы йæ уацмыстæ адæмы рæгъмæ рахæссынæй,# ома мыхуыр кæнынæй, уæд хъуамæ ма тæрса, чи йын цы зæгъдзæн, чи йæ куыд скритикæ кæн- дзæн, уымæй дæр. Мах хъуамæ, иугæндзон ра^стдзина- дæн табу кæнгæйæ, æргом æмæ карзæй дзурæм нæ кæ- рæдзийы сфæлдыстадыл, не ’нтыстытыл æмæ нæ хъуаг- дзинæдтыл. Уымæй рамбулдзæн алы курдиатджын поэт дæр, уымæй рамбулдзæн æмткæй нæ поэзи. 1966 ИДЕЙОН-АИВАДОН ХÆРЗХЬÆДДЗИНАД — СÆЙРАГ КОЙ, СÆЙРАГ МÆТ Хуссайраг ирон поэзийы 1975 азы фæстиуджыты тыххæй Поэтикон аз. Цы у, куыд æй æмбарæм? Азы дæр- гъы нæ поэттæй бирæтæ нæ рауадзынц чингуытæ, иуæй- иутæ дзы нæ рауадзынц хицæн циклтæ, хицæн æмдзæв- гæтæ дæр. Уый афтæ нæ амоны, æмæ ницы фыссыпц. Фыссынц, фæлæ саб фыстытæй мыхуырмæ рахæссынц чи йæ прозæйон уацмыстæ, чи йæ драмон уацмыстæ, чи та тæлмацтæ, критикон кæнæ æндæр ахæм уацмыстæ 109
Стæй ма —æмæ уый хынцинаг у кæддæриддæр, — мах дзурæм æмткæй ирон поэзийыл нæ, фæлæ йæ иу хайыл — хуссайраг хайыл, Цæгат Ирыстоны фысджытимæ не сфæлдыстадон организацитæ хицæнтæ кæй сты, уымæ гæсгæ. Афтæмæй, бæгуыдæр, ирон поэзийы рæзты æх- хæст ныв, æнæхъæн процессæн равдисæн нæй. Фæлæ уæддæр поэтикон азы фæстиуджытыл дзурæн ис æмæ сыл хъуамæ дзурæм. Нæ поэттæ сæ чингуытæм бахæссынц, астæуккаг нымадæй фæстаг. 4-5 азы дæр- гъы кæй ныффыссынц, уыцы уацмыстæ. Периодикæйы дæр арæх рауадзынц, сæ мыхуыры азæй раздæр кæй ныффыссынц, ахæм æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ. Афтæ- мæй фактон æгъдауæй мах дзурæм æрмæст иу азы про- дукцийыл нæ, фæлæ къорд азы продукцийыл. Æмæ дзы кæд ис æрмæст хуссайраг поэзи, кæд дзы нæ уой йæ ар- хайджыты æппæт нæмттæ, уæддæр, иæ къухы уæвæг æр- мæг æвзаргæйæ æмæ ууыл æнцой кæнгæйæ, нæ бон у, æмæ банысан кæнæм канд ~хицæн поэтты æнтыстытæ æмæ къуыхцытæ нæ, фæлæ ма æмткæй ирон поэзийæн абон иу кæнæ иннæ хуызы, иу кæнæ иннæ бæрцæй ха- рактерон чи у, ахæм иумæйаг тенденцитæ, идейон-тема- тикон тырнæнтæ æмæ аивадон агуырдтытæ, æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæ. Ахæм уагыл æркæсинаг дæн æз дæр ивгъуыд, 1975-æм поэтикон азмæ. Мах не ’ппæт дæр зонæм: адæймаг йæ хъуыддæгтæй у адæймаг, поэты хъуыддæгтæ та сты йæ уацмыстæ. Уы- дон цас поэтикон вæййынц идейон-аивадон æгъдауæй, гъе, уымæ гæсгæ йыи бæрæг кæнынц адæм йе ’мбæста» гон, йе ’хсæнадон æмæ йæ партион ахадындзинад. Поэзи у æхсæнадон тохы аренæ. Ам дзырдæн аргъ ис æрмæстдæр уæд, кæд æмæ æвзæра, гуыра, цæуа поэ- ты зæрдæйæ, кæд æмæ фыст цæуа зæрдæйы тугæй. Ома дзырд йæ фæндаг ракæны зæрдæйы иувæрсты нæ, фæлæ комкоммæ дæр зæрдæйы астæуты. Афтæ куынæ уа, уæд поэты дзырд нæ фæхæццæ уыдзæн чиныгкæсæгмæ, уæд поэты дзырд никуы сæххæст кæндзæн йæ идейон-аива- дон мисси. Поэзийæн уæд вæййы иумæйаг, æппæтадæ- мон æмæ типикон ахадындзинад, кæд æмæ судзы поэты гоймаджы индивидуалон, æвæлхатт, кæддæриддæр ног æмæ. æнæнхъæлгæ зынгæй, кæд æмæ йæхирдыгонау арф- уынйг, æнкъараг æмæ хъуыдыгæнаг уа поэты «æз». Поэзи у тæссаг æмæ мæнгард жанр. Ам иууыл тыйг 110
дæр раргом вæййы дзырды тых, ома мидис æмæ фор- мæйы рæсугъддзинад. Уымæ гæсгæ ам иууыл тынгдæр лæууын хъæуы дзырды, ома мидис æмæ формæйы инер- цийы ныхмæ. Кæннод рæсугъддзинады бæсты исдзыс- тæм фыдуынддзинад, ногдзинады бæсты — традицион зонгæдзинад. Поэзийы уæлтæмæны объект у адæймаг, адæймаджы бастдзинад æмæ иудзинад дунеимæ, дунейы хъысмæт кæмæй кæнгæ у, уыцы судзаг æмæ дудаг проблемæти- мæ. Социалистон реализмы поэзийы адæймаг абстрак- тон, æнæсоциалон æмбарынад нæу, — адæймаджы мид- дуне æргом кæнгæйæ, нæ поэзи бæлвырд æмæ бинбныг кæны ног, советон дунеæнкъарынад, активонæй архайы, цæмæй удтæ æмæ зæрдæтæ тырной æмæ тындзой ком- мунистон рæстдзинадмæ. Нырыккон дуджы вазыгджындæр проблемæтæм йе ’ргом даргæйæ æмæ уыдон рафæлгъауыныл йæ тыхтæ фæлваргæйæ, ирон поэзийæн, нырмæйау, ахсджиаг у, «мæ хъæу æмæ дуце» схоиæн кæмæп ис, уыцы тем.т. Ирыстон æмæ Советон Цæдис, национ æмæ интерна- цион, нæхи адæм æмæ æппæт адæймагад—адон диа- лектикон æмахастытæ сты цардæгас суадон поэтикон хъуьГды æмæ эмоцийæн. . Ирыстонæн нæй гæнæн, æмæ уа хицæн, изоляцигонд бирæнацион, бирæвзагон Цæдисæй, æппæт дунейæ. Се ’хсæн бастдзинад домы, цæмæй чысыл ма уа чысыл, фæ- лæ уа стыр, цæмæй национ схиза интернацион бæрзæнд- мæ. .^Уымæ гæсгæ зæгъы Ирыстонæн йæ фæндон Мæр- гъиты Къоста: «Цæмæй ды царды арф гуылфæнты æп- пæт дунейы уай нымады». Уыцы фæндон Ирыстоны хъæ- бултыл æвæры егъау хæс. Æлборты Хаджумары загъ- ’дау. «Сау къæдзæхæй дын æфтаудзыстæм дуртæ, не Стыр мæсыгыл сæ ’вæрдзыстæм хъавгæ», цæмæй «ис- кæдбон дуне сæ куывдмæ куы ’рца^уой, — ма уæм къæм- дзæстыг сæ фæсдуар æгадæй». Не стыр Райгуырæн бæстæ алы советон адæймагæп дæр райдайы йæ ныййарйг чысыл къуымæй. Пухаты Алыксандр куы бафæрсы: «Цæмæй райдайы Райгуыдеач! бæстæ?» (æмдзæвгæ фыст у Матусовский Михалы æм- ном зарæгмæ гæсгæ), уæд гуыр’ысхойаг нæу йæ дзуапп: «Мæ Ирыстон, дæ зæххæй!» Ирыстонæй алы рæттæм цы фæндæгтæ цæуы, уыдон фæрцы мах нæхи зонын кæнæм 111
чÆндæр адæмтæн, æндæр адæмтæ та сæхи зонын кæнынц махæн. Уыцы бастдзинады бындурыл рæзы æмæндæв- дад, æмхъæздыгкæнынад куыд материалон æгъдауæй, афтæ удæй дæр. Уый тыххæй Козаты Исидор зæгъы: «Нæ фæндæгтау мах адæмтимæ — баст, у дзыллæтимæ иу уæззау уаргъ не ’ргъом. Нæ хæдзæрттæн у фæндæг- тæм сæ каст, нæ цыртытæн дæр фæндæгты ’рдæм — се ’ргом». Национ изоляци фаугæйæ, нæ поэттæ фауынц национ нигилизм дæр. Уыдон дыууæ дæр хæраймаг сты куыд национæн, афтæ интернационæн дæр. Национ хиæмбары- над æмæ сæрыстырдзинадæй иппæрд чи у, уыцы æгъуыз, ницæйаг адæймæгтæй Æлборты Хаджумар зæгъы, зæгъгæ, «бæстыл сын нæй Ирыстон никуы, æмæ сæм ма дæр хат иронау», «æппæт мадæлтæн дæр — хъæбул- тæ, нæ сæ ныййардта ’рмæст ирон мад», искæй цæстмæ мысынц тугтæ сæхиуыл, сæ бæстыл. Поэт куры нæ рат- тæгæй, зæгъгæ, «кæд адонау нæ зонæм нæ сæр, уа не ’взаг нын рыны хос, уæд-иу нæ сфæлдисæд дыдынтæй, цæмэей цъыф ма калæм нæ номыл». Национ æмæ интернацион æмахастытæ æмткæй расг фæлгъаугæйæ, нæ поэтты иуæй-иу æмдзæвгæтæ æвзæ- рын кæнынц дызæрдыгдзинад, ранæй-рæтты сæ хъуыды- тæ æмæ се ’нкъарæнтæ вæййынц иувæрсыг, иувæрсыг- дзинад та никуы хынцы иу кæнæ иннæ фæзынды диа- лектикон вазыгджындзинад. Козаты Исидор ныхæй-пых- мæ æвæры йæхи æмæ йе ’мбæлццоны/ поезды цæуынц Европæмæ (æмдз. «Ирыстонæй æмæ Ирыстонмæ цæугæ- л йæ»). Ие ’мбæлццон у нацлон нигилист. Поэт куыд дард- дæр кæны Ирыстонæй, Гуырдзыстонæй, стæй Мæскуы- йæ, афтæ сæм фæстæмæ æнкъардæй-æнкъарддæрæй кæ- сы, йе ’мбæлццон та кæны хъæлдзæгæй-хъæлдзæгдæр. Фæстæмæ куы раздæхынц фæсарæнæй, уæд та поэт æмæ йе ’мбæлццоны зæрдæйыуаг баивынц сæ кæрæдзи бы- нæттæ. Дунейы цур Ирыстон ницы кæмæн у, æрмæст Европæ кæмæ кæсы диссаг, уыцы æмбæлццоны поэт кæй фауы, уый раст у. Фæлæ пбэтæн йæхимæ Европæ бын- тон цымыдисаг кæй нæ кæсы, уый æххæст раст нæу. Ев- ропæ иу Европæ нæу: уым ис фæллойгæнæг ада^м, ком- мунистон æмæ кусæгон партитæ, ис дзы бæрзонд техни- кæ, ’зонад æмæ культурæ, æппынфæстаг, уым сты не ’мцæдисонтæ — социалистон бæстæтæ. Ахæм иувæрсыг 112
цæстæнгас у Козайы фыртæн йæхи деклараЦйты йых- мæ: йу ран ДЗуры, зæгъгæ, «Ирæй хонæг дæн дунемэё», уымæн æмёе йог æмгар куы сеары, у&д Ирæн йæ ныфс фылдæр у; æнДæр ран та дзуры, зæгъгæ, «æз мæхæдæг дун-дуйе дæй иунæгæи, мæн æндавы алчи æмæ алцы дæр», мæ зæрдæ, дам, у дунейы сагъæсдон. Æвæццæгæн, хъуамæ Европæмæ дæр хонæг уыдаид, уым дæр ног æм- гар Ссардтаид, хъуамæ дзы банкъардтаид исты æмæ искæйты базонЫны цин. Йрыстоны æхсар æмæ хъæбатырдзинад равдисынмæ тырн^æйæ, Бахъаты Нугзар цæхгæр бæлвырд кæны, заегъгæ, «Ир Черментæ хуыйнынц иууыл, — уымæн у æн- - цой мæ уд!» К&Д афтæ у, уæд Дакко, Биайы фырт æмæ æндæрты та цы нацийæ рахонæм? Ирау ын бынтон иу- хуызон, æнæхъулæттæ сты уырыс дæр: «Ам алы лæппу дæр Данко у нæ бæстæн, ам алы уырыссаг Гагарин куы хуыйны, ам алы цъæхфæтæн — цæргæсы ыстæхæн, ам алы мæсыг дæр Легендæ куы хуыйны. Ам алы хæдзар дæр уырыссаг гæнах у, ам алы бæлас дæр — уырыссаг æфсæддон». Пухаты Алыксандр фыссы: «Æз цæрæнбонтæм бæлц- цон дæн, сты мæ хæтæнтæ уæрæх. Макуы мæ бафæрс: «Кæцон дæ?» Иууылдæр мæн у нæ зæхх!» Зæхх иууыл- дæр дæу уæд, фæлæ кæцæй æмæ кæмæй рацыдтæ, уы- мæй дын æнæфæрсгæ нæй. Кæнæ æндæр ран, зæхх йæ хъæбултæн карактеристикæ куы дæтты, уæд, иуæй> зæ- гъы, зæгъгæ, «нæ мын ис цоты ’рдыгæй иу аргъ», ин- нæмæй та — «сæ иуы дæр нæ кæнын хъулон, мæ зæрдæ- йæн кæнынц мыдад». Аипп нæу бафæрсын: кæд ын йæ хъæбултæй алчи дæр мыдад кæны, уæд цæмæн тыхсы , зæхх, цæмæн дзы ис фыдвæтк, мæнгард, фыдæх? Æв- зæр æмæ хорзйæ хъуамæ ирддæрæй разындаид зæхл æмеё поэты ахаст. Æбæрæг, æнæдифференциацигонд иувæрсыгдзинад нæ, фæлæ поэтмæ кæддæриддæр хъуа- мæ алкæй æмæ алцæй тыххæй дæр уа бæлвырд, дырыс æмæ æнæлаз цæстæнгас. Патриот-интернациопалист хæс- джын у, æмæ реалонæй уыиа йæхи æмæ иннæ адæмты ныхмæвæрддзинæдтæ, уына сын сæ классон æмæ идео- логоы хицæндзинæдтæ, активонæй хæца хорзы фарс, æнауæрдонæй тох кæна æвзæры ныхмæ. Зæххы къорийыл кæмфæнды дæр рæстаг адæмыл исты фыдбылыз куы ’рцæуы, уæд нын сæ рис вæййы 8. Дзуцца’гы X. 113
нæхи сæрмагонд рисау. Афтæ уыд, Вьетнамы хæст куы цыд, уæд. Афтæ у, ныртæккæ Чили зындоны цæхæры куы судзы, уæд. Хъыгагæн, уыцы рис арæх нæ бахъары дзырдтæм, дзырдтæ дзы нæ риссынц æмæ нæ ризынц, æмæ, дзырдтæ бакæсгæйæ, мах дæр не сризæм, нæ нык- кæрзæм. Чилийыл скодта уæззау • боптæ, сау хунтæйы фьщмитæн бæрц æмæ арæн нæй, фæлæ Чили ссæрибар уыдзæн — ацы иумæйаг хъуыды иумæйаг дзырдтæй æв- дисынц Пухаты Алыксандр, Бахъаты Нугзар, Цхуыр- баты Иван æмæ æндæрты æмдзæвгæтæ. Фæлæ нæм Чи- лийы тыххæй ис дзæбæх æмдзæвгæтæ дæр. «Риссы сæр. Катай! Сар!» —ахæм скъуыдтæгонд, къуырдгонд дзырд- тæй арæ’зт у Æлборты Хаджумары æмдзæвгæ. Уыдои. цыма сты хъынцъым, маст, фыдохы хицæи сулæфтытæ, æргом кæнынц æфхæрд зæххы трагеди æмæ поэты зæр- дæуаг. Хъæрзт æмæ. дзы фæдис сты буар-æмбуар:' 0, фæсурут ын йæ рын, йæ сон! Ах, Досон!.. Досон!.. Æндæр æмдзæвгæйы Неруда Пабло дзуры йæ адæ- мы знæгтæм, зæгъгæ, «сымах мын амардтат мæ хæдзар... Уый уыд урс-урсид донацц». Фæлгонц конкретон у, фæ- лæ байрæзы иумæйаггонд хъуыдымæ. Донаццы лæпиын- тæ ныппырх сты фæйнæрдæм, уасынц алырдыгæй. Паб- •лойы хæдзары трагеди у æппæт чилийаг рæстаг адæмы трагеди. Хæдзæрттæ-донаццыты уаст йæ кæнон бакæн- дзæн: «Мæ хæдзармарджытæ, сымах хъусут, куыд уа- сынц, уый? Нырма хъусут, — рæхджы бакъуырма уы- дзыстут сæ хъæрæй!» Ахæм æмдзæвгæты интернационализм разыны рито- рикон-декларативонæй нæ, фæлæ — кæд афтæ зæгъæн ис, уæд — практиконæй, реалон поэтикон архайдæй. > Ироп поэзи æнувыдæй йæ хъус дары Фыдыбæстæйон Стыр хæсты темæмæ. Хæсты азты советон адæмы хъай- тарон сгуыхтдзинад, сæ удыхъæды сыгъдæгдзинад; сæ хæрзæгъдауы бæрзонд дæнцæг канд истори нæу, — уы- мæн йе ’ргом здæхт у абонмæ æмæ фидæнмæ, ног фæл- тæры ардауы царды активои хайадистмæ, æппæт дуне- йыл сабырдзинад бахъахъхъæнын æмæ ныффидар кæ- нынмæ. Дзырд дæр ыл нæй, хæсты тыххæй нæм цы уацмыс- 114
тæ цæуы фыст, уыдон хъуамæ дарддæр æмæ хъæздыг- дæр кæной, хæсты тыххæй нæм амæйразмæ чи уыд, уы- цы уацмысты хуыздæр традицитæ. Махмæарæх нæ поэт- тæ сæ ног фыстытæй ногæй ницы бафтауынц канд æмт- кæй ирон хæстон поэзимæ нæ, фæлæ ма сæхи хæстон уацмыстæм дæр. Кæм сæ æндæр дзырдтæй фæлхатт кæ- нынц, кæм та иумæйаг, зонгæ, раст хъуыдытæ ранывæн- дынц—æнцопæй, æнæзæрдæрисгæ, æвæлмопæй. Мæргъиты Къоста констатаци кæны, зæгъгæ, йæ фæлтæрæн æвзонгад нæ уыди: «Нæхи дæр нæма дастам, афтæ мах бахаудтам хæсты фыдарфмæ». Дардыл ны- майы сæ уавæртæ, сæ тухитæ, сæ хабæрттæ. Фæлæ ’поэ- ты фæлтæры тыххæй цы зыдтам, уымæй уæлдай ницы- уал загъта. Поэт хъусы мард хæстонты хъæлæстæ æмæ йын дзурынц, зæгъгæ, ут цырддзаст, мауал æруадзут хæст. Раст ныхæстæ сты, фæлæ сын æгæр официалоп- ординарон* ахаст ис. Мæрдтæ-æмæ удæгæсты æхсæи баст- дзииад чрагикондæр абмæ эмоциондæр у. Цхуырбаты Иван йе ’рвад æмæ йе ’мном хъайтарæп афыста йæ тох æмæ йæ мæлæты эпизод Днепры цур, æмæ дзы зæгъы иумæйаг хъуыды: хъайтар нал æрыз- дæхт Ирмæ, фæлæ «амæлæи хъайтарæн нæй». Хæсты тыххæй бирæ фыссы Асаты Реуаз, фæлæ йыи йæ раздæры хæстон æмдзæвгæты бæрцæй цы фылдæр кæпынц, æндæр сæм хæрзхъæддзинадæй ницы æфта- уынц. Иу ран æм ис дзæбæх деталь — сармадзаны лу- лæйы дзыхы бæлон скодта ахстон, — фæлæ деталæн нæ раргом йæ символикон, поэтикон мидис. Индивидуалон, æнкъарæн æмæ хъуыдымæ не сырæзт Хъодалаты Герсаны æмдзæвгæ «Риссаг хъæр», кæд фæс- хæст салдаты куыст æмæ мæлæт лæмбынæгæй афыста, уæддæр. «Зæронд салдаты монолог», зæгъгæ, æмдзæв- гæйы ис хорз фæлгоиц: «Зæрдæ фестад сырх зынг, зæр- дæ ссыгъди фæдисгæнæг артау. Зæгъгæ, уый гæнæп уыд,— фехстаин æй фыдгулыл, гранатау». Салдат сурс, бакуырм. Æмæ цы? Ординарон хатдзæг: «Баззад ма мын хъæцыи æмæ хæстæн мæ тæригъæд хъарын». Мæн- мæ гæсгæ, Герсанмæ иуæй-иу хатт йæхирдыгонау зæ- гъинаг уадиссаг ницы вæййы, æмæ уæд лæгдыхæй цы- рын кæны йæ монц, йæ темперамент, райсы цахæмдæр драматикон-трагикон позæ, фæлæ уый æмдзæвгæтæн зиан йеттæмæ пайда нæу. Поэзийæн тыхаразгæ митæй 115
сæфы йе ’рд’зон хъæд, йæ уырнинаг æмæ зæрдæмæхъар- гæ хъару. Чи зоны, æз раст нæ дæн, фæлæ мæм, мæгуырау нæ кæсы Плиты Ильяйы иу фæлгонц: салдат размæ бырс- гæйæ фæцæф æмæ «мидбылты худгæйæ систа йæ уд, мидбылты худгæйæ баззад». Хæстæй бирæ рæстæг куы рацыд, хæсты нæ адæмы уæлахизæн йæ ахъаззаг исто- рион æмæ гуманон ахадындзинад бæстонæй куы бап- .къардтам æмæ бамбæрстам, абон æй не ’ппæт дæр нæ- хиуыл куы ’взарæм æмæ йын йæ фæрнæйдзаг фæстиу- джытæ нæхи цæстæй куы уынæм, уæд салдат яудгæйæ кæй амард æмæ кæй баззад, уый амоны, зæгъгæ, сал- дат бафыста йæ хæс адæмы раз, йæ мæлæт дзæгъæлы нæ фæци, фæлæ радта амонд йæ фæстæдзог фæлтæртæн. Уый, кæй. зæгъын æй хъæуы, афтæ нæ амоны, æмæ хæсты рис, хæсты трагеди хъуамæ ферох уа нæ адæмæй. Нæ, рохгæнæн ницæмæн ис. Æмæ мах дæр ницы рох кæнæм. Мах фæнды, цæмæй хæст фæлхатгонд ма ’рцæ- уа. Уыимæ мах фæнды, цæмæй поэзийы фæлхатгонд мацы цæуа, уымæн æмæ исты кæнæ искæй фæлхат кæ- нын у поэзнйы тугсургæнæг, удхусгæнæг. Пухаты Алык- сандр, йæ хъæумæ дзургæйæ, æрымысыд, хæсты чи ба- зынгхуыст, уыдон: «Æнхъæлмæ сæм кæсыс ныр дæр, — мæ хъæу, куыд фидар у дæ зæрдæ!» Уæлахизы бон, фа- р>астæм майы, фырт йæ мадмæ ныффыста, зæгъгæ, æр- цæудзынæн дæм, фæлæ Прагæ сæрибар кæнгæйæ фа> мард. «Уæдæй нырмæ мады нæ уырны, кæй бабын йæ цæугæ мæсыг. Иæ фынты йæ худгæ фæуыны æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы». Афтæ у «Мады балладæ»-йы дæр: «Мад æнхъæлы, цыма йын нырма дæр цардæгас у, нæу сæ фембæлд дард». Ахæм æмдзæвгæтæ ахæм иударон хъуыдыимæ (мадæн йæ хъæбул хæсты амард, фæлæ йæм. нырма дæр кæсы æнхъæлмæ) афтæ бирæ бакас- . тыстæм, афтæ æмхуызон сты, афтæ ивддзæгтæ кæнынц кæрæдзиимæ, æмæ нал æууæндæм канд æмдзæвгæтыл нæ, фæлæ ма, дæсгай азты дæргъы сæ зынгхуыст хъæ- бултæм æнхъæлмæ чи кæсы, уыцы мадæлтыл дæр. Гъе, афтæ фæлхатгæнæг,- шаблон, иумæйаг, аслам аивадон амæлтты фæстнуæгæн æгад æмæ æнæад кæнынц, ком- прометацигонд цæуынц уаз æнкъарæнтæ, уды бæрзонд æм^æстагон æмæ моралон-этикон хæзнатæ. Поэт чысыл исты дæр — уадз стыр диссагæй дзы 116
мацы уæд! — куы фены йæхирдыгонау, уæддæр нын ба- рухс кæны нæ зæрдæ. Бирæ æнæхъуаджы, сур, ницы- дзурæг ныхас дзы куынæ уаид, уæд мæгуырау нæу Пу- хайы фырты æмдзæвгæ «Къамиссары мæлæт». Хæстæй æрыздæхт иудзонг’онæй. Куыста, фæлæ йыл йæ цæфтæ æмæ азтæ сæ уæз æруагътой. Æруатон æмæ амард. «Ыссис та раздæрау æфсæддон... Куы мардис уыи, фæ- дзæхста уæд, цæмæй æрцыдаид йæ хæстон нæмыгдзæф дарæсы ныгæд». Фæлгонц хуымæтæг, фæлæ мидисджьш у, раст æвдисы хъæбатыр къамиссары удыхъæд, хæстон намыс æмæ лæджыхъæды рæсугъддзинад. * Алкæд удæгас æнкъарæн, йæхи сæрмагонд уынынад æмæ хъуыдыкæнынадæй нæ райгуырынц, Козаты Иси- дор хæсты тыххæй кæй фыссы, уыцы æмдзæвгæтæ. Поэт йæхицæн схай кодта, хæсты чи байсæрыд, йе ’ппæт ту- хитæ дæр ын чи бавзæрста, ахæм адæймаджы хъысмæт. Иуран фыссы: «Хъызт зымæг. Сыджытдзар ныккæнды мæ полчъы хæстонтæ — æмбырд». Иннæ ран: «Миййаг мæ сис куы раивон æз кардæй, нæуæгæй та куы айхъуы- са фæдис, — фæлтæрд дæн уæд, фæстиион дæн æз хæс- тæй, мæ хотыхтæ—мæ тохвæндаджы уаргъ». Ноджы æндæр ран: «Куынæ уаид мæ фыдызæхх удæст, сæуæр- тæхау, мæ туг æмæ мæ хидæй, кæнæ, зæгъæм, нæ мыл иыууагъта хæст йæ надвæдтæ, фыдызæххæн уæд чи дæн?» Ноджыдæр æндæр ран, йæхи тулдз бæласимæ куы бары, уæд: «Æз дæр — æхсæст, мæ иу дысы нæй ’къух, мæ къабæзтыл нæмыджы фæдтæ — ривæд. Мæ- лæт хылдис мæ тугвæдтыл æдзух, куыдзы хъуыды йæ не ’ркодтон æз никæд». Æмæ канд хæсты тыххæй æм- дзæвгæты нæу афтæ. Поэт канд хæсты хайадисæг нæу, фæлæ ма у стыр заводы кусæг дæр. Мысы йæ хъæуы цард, фæнды йæ, раздæрау ын йæ куыстытæ куы кæнид (фос куы хизид, хуымтæ куы кæрдид, гутон куы да- рид), фæлæ горæты дæр тынг хъæуы йæ сæр. Ахæм ама- лæй пайдагæнгæйæ, поэты æмдзæвгæтæ рауайынц тых~ аразгæ, уазалгомау, æнæзæрдæагайгæ, кæд сæ хицæн дзæбæх фæлгонцтæ вæййы, уæддæр, зæгъæм, хъæу æмæ горæты тыххæй æмдзæвгæ кæмæй балхынцъ, уыйау: «Не ’ргом — размæ, не ’ргъом иу у царды, иу у абон не стыр зиуы сидт. Æз мæ тæрхы удагайæг зарды уымæн ахсыи цæвджыты æхсидт». Кæй зæгъын æй хъæуы, поэтæн йæ бон у (ис поэзийы 117
ахæм æгъдау), æм’æ бацæуа искæй хуызы, раргом ыи кæна йæ мидсагъæстæ, йæ хъысмæты хæдхуыздзипад. Уым дæр вæййы «æз», фæлæ уый поэты «æз» нæу. Поэ- ты «æз» æмæ хъайтары «æз» хъуамæ кæрæдзийæ хииæн кæной. Козайы фыртæн та, йе ’мдзæвгаеты цы алыхуы- \зон «æз»-тæ, адæймæгты хуызтæ æмæ цæсгæмттæ пс. уыдон сты йæхи æмæ сын искæй схонæп иæй. Уый æв- дисы йæхи хæстон хъуыддæгтæ, йæхи зæхкусæгон æмæ кусæгон ца’рд. Кæцæй цæуы ацы хъуагдзинад? Æпæмæнгдæр, поэт — поэзи сæйраджыдæр поэзи цæмæй у, уый — йæхи гой маг, йæхи зæрдæ, йæ адæймагон цæсгом алкæд кæй иæ фæлгъауы æмæ ныи æй йæхирдыгопау, хæдбыпдуропæй кæй не ’вдисы, уымæй. Хъайтары «æз» йæхи «æз»-имæ куынæ хæццæ кæиа поэт, хъайтарæп æмсагъæсгæнæг куы уа, хъайтаримæ йæм иумæ йæхи ахсджиаг зæгъииаг куы сæвзæра, уæд æмдзæвгæйæи^иæ бои у, æмæ райса тæлмæнджыи хъа- ру. Уымæн æвдисæн — Козайы фыртæн йæхи æмдзæв* гæтæ «Ма дзурут, фæмарди хæсты» æмæ «Уæддæр пæ хæдзар ма уа куырм». Дыууæ æмдзæвгæйæ дæр дзу- рынц мард хæстонтæ. Хъайтары «æз» ’ракæны йæ тох æмæ йæ мæлæты хабæрттæ. «Æмæ нал æрцыдтæн хæс- тæй. Цал иæмыджы мæ ныууазал, цал цæрæццагæи æм- бæхстæй ахастон мæрдтæм сæ адзал». Дыккаг æмдза?в- гæйы дыУуæ зынгхуыст æфсымæры курынц сæ хъæу- бæстæй, цæмæй сын сæ кæрты хæмпæл-иу æркæрдой. «Уæддæр нæ хæдзар ма уа куырм, — йæ рудзгуытæ йыи уадзут гомæй. Цæмæй йыл ма зына æрхуым, уый дзура цардимæ нæ помæй». Æмдзæвгæты ис æпкъарæп, хъуы- ды, кæд дзы фыццаг хатт раргомгонд рæстдзипад нæй, æндæр поэтикон уацмыстæй нын цæмæйдæрты зопгæ сты, уæддæр. Зындгоид у: советоп литературæ йæ райгуырдæй фæстæмæ йæхицæн сæйраг хъайтарæн равзæрста куыст, адæймаджы хъомылгæиæг, уæздангæнæг, ног цард æмæ ног коммунистон ахастытæ аразæг æмæ фæлдисæг. Ироп поэзи куыст æвдисынæн цы традицитæ скодта (хъæууон ку^сты тыххæй Нигер, Хъамбердиаты Мысост, Багъæ- раты Созьтр, индустрион куысты тыххæй Епхиты Тæтæ- ри, Плиты Грис æмæ æндæрты æмдзæвгæтæ), уыдоп до- мыыц, цæмæй сæ ног уавæрты, пог заманты рæзып кæ- 118
н’æм, уæрæхдæр æмæ сæ арфдæр кæнæм. Фæлæ уый нæ къухы зынæй æфты, нæ арæм ног фæлгонцтæ, ног аи- вадон амæлттæ куыст æ’мæ кусæг адæймаджы миддуне, Социалон æмæ психологон уаг раргом кæнынæн. Суанг нæм 20-æм азтæй рацыд æмæ трафаретон сси фæлгонц — «хиды ’ртах». Иугæр куыстыл фыссыс, уæд дзы æнæ- мæнг хъуамæ уа уыцы атрибут. Пухаты Алыксандр уа- фæг сылгоймаджы риториконæй фæрсы: «Уый хиды ’ртæхтæ ис дæ русыл, æви дзæнхъа фæрдгуытæ сты?» Амоны нын куырдмæ: «Кæсут-ма йæм, йæ куынц ныд- дымы, йæ цъæх хæдонæй хъары хид». Æрмæст дзы иу бæлвырд деталь-фæлгонц ис: «Иæ дзæбуджы бынæй, дзыназгæ, ыстъæлфæнтæ фæхауынц дард», æндæр дзы нæ уынæм иæдæр куысты предметон дуне, нæдæр адæй- маджы уд.* Дызæрдыггаг, æнæхъуыдыгонд стьг æмдзæв . гæты абарстытæ. Сисамайæг дзуры: «Дуры уæлæ дур æвæрын, цыма фелвасын æрду... Къултæ нæ, фæлæ æн^ ^ъæлын — цардæн амайын бындур». Цымæ æрдуйæ куыд амайы царды бындур? Уафæджы къухтæ «маши- нæтау кусынц». Цьтмæ удæгас адæймаг машинæйы хуы- зæн цæмаен хъуамæ уа? Куырдæн æфсæйнаджы зæлланг у «булæмæргъы зардау раст», йæ «дзæбуджы цæфтæй уары мит». Цыма булæм’æргъы зард æмæ æфсæйнаджы зæллангæн цахæм фæлгонцон иудзинад ис кæнæ æф- сæйнаджы стъæлфæнтæ æмæ миты пирæнгæмттæн? Куыст æвдисыны иумæйаг стереотип характерон у Хъодалаты Герсаны æмдзæвгæтæ «Куыст» æмæ «Сис- амайæг»-æн, стæй ма æндæр поэтты æмдзæвгæтæн дæр. Уыдон деклараци æмæ иллюстраци кæнынц и’ударон хъуыдытæ, конкретон кусджытæн дæттынц поэтикон нæ, фæлæ службæйон характеристикæтæ, биографион кæнæ æхсæнадон бæрæггæххæттытæ. Æмæ уый канд куысты тыххæй æмдзæвгæты нæу афтæ, фæлæ ма æндæр адæй- мæгты тыххæй (историон архайджытæ, зындгонд фыс- джытæ, не ’мрæстæгонты тыххæй) æмдзæвгæты дæр. Куыст æрдуйæ хъазын нæу, куыст зын у, фæлæ æх- цондæттæг. Æмæ кæд Мæргъиты Къостамæ дæр, иннæ поэттау, дзæвгар ис иумæйаг, уæлæнгай афыстытæ, уæд- дæр нын ранæй-рæтты банкъарын кæны куысты поэти- кон миниуæг: «Æз кæрдын. Цъæх хосы тæф мын ацы рнгмарæн æнтæфы тых дæтты, æмæ йæ уарзын, ног- 119
дыгъд сæнау, æз нуазын, ногдыгъд сæнау, уæнгты хъа- ры боны рухсы, ’хсæвы тары’». Абон куыст, æрдз, æмткæй адæймаджы цард æмæ алфæмблай дуне куыд æмбарæм, уымæ бирæ ногдзинæд- тæ бахаста збнадон-техникон революци. Уыцы ногдзи- над — кæд фаг бæрцæй нæ, уæддæр, — зыны ирон поэ- зийы дæр. Кæд ма æрæджы дæр, адæймаг æрдзæц рахицæн уæв- гæйæ, йæхи цæхгæр æвæрдта æрдзы ныхма-*, йе ’ппæт хъарутæ скодта æрдз æвæстиатæй æмæ бындуоонæй ра- царазынмæ, уæд ныр рахатыдта ахæм ахасты тæссаг фæстиуджытæ æмæ ногæй бæлвырд кæнын байдыдтз æрдзимæ йæ тугхæстæгдзинад. Æрдзимæ тохы роман- тизаци раивта æрдзимæ иудзйнады пафосæй, бæрæг фæхъæздыгдæр ног миниуджытæй гуманизмы мидис. Æрдзмæ аудгæ ахаст кæй нæма ис, ууыл мæтгæнгæ- йæ, Мæргъиты Къоста бæласы сдзурын кодта йæхи но- мæй. Бæласыл уарзæттæ кардæй скъахтой сæ нæмттæ, æмæ бæлас адæммæ хæссы йæ хъаст æ’мæ йæ уайдзæф: «Æз бæлас дæн. наз бæлас дæн, фæлæ ис мæнæн дæр уд. Æз куы аргъ кæнын уæ уарзтæн, уæд мæнæн цы ми кæнут?!» Æрдз рагæй фæстæмæ у поэтикон аллегорицы фæ- рæз, ома æрдзы хуызы æвдыст цæуы адæймаджы цард, йæ хъысмæт, йæ миддуне. Фæлæ бирæ æмдзæцгæты канд аллегори нæу, — уынæм ма йын йæхи цард, йæхи хъысмæг дæр’. Поэт тæригъæд кæны зæронд æнгузбæ- ласæн, йæ адзал æрцыд, фæлæ йæ ма\лын нæ фæвды: «Уый йæ гом уидæгтæй зæххыл тынг иыидæгъд, цыма у тала. Чи зоны та уалдзæг-цъæхыл дидинæг æфтауа, кала!» Афтæ ма тæригъæд кæны иунæг, ’æвæстаг тул- дзæн дæр: «Цæй, куыд уыдзæн ацы къуылдымыл йæ фæстаг?», тæригъæд ын кæны, уымæн æмæ «адæмау, зæгъ, зонынц уыдон дæр, бæлæстæ, рарынчын, ныззæ- ронд бирæ азты фæстæ», уымæи æмæ афдз дæр адæмы хуызæн у. Ам æрдз аллегори дæр у æмæ ^ллегори дæр иæу. Æрдзы хъæздыгдзинад æмæ рæсугъддзинад куынæг- гæцæг уавæртæ хъуамæ иуварс æрцæуой адæймаджы цардæй. «Æз федтон бæлæстæ, цæф хæстонтау, тохы зын быдыры хаудтой», — зæгъы Мæргъийы фырт æмæ фæрсы, зæгъгæ, хæст кæй цæгъдьт, ахæм бæлæстæ ма 120
уыдзæи æви нæ? Уцй фæнды, цæмæй «сыгъдæг уд бæ- лæстæн» хъуса сæ фæлмæн хъæлæстæ. Бæлæсты тцх- хæй æмдзæвгæ байрæзы хæсты антигуманондзинады ныхмæ иумæйаггонд, активон протестмæ. Канд æрдз æмæ адæймаджы хæстæгдзинад нæ, фæ- лæ æрдзæн йæхи алыхуызон хæйттæ æмæ фæзындты хæстæгдзинад дæр æнкъарын байдыдтам тынгдæр, æх- хæстдæр, бæлвырддæр. Мæргъийы фырт, хæдтæхæгыл тæхгæйæ, уыны арвы пейзаж: уым айтынг урс хæхты рæхыс, сæ дæлвæдджи ис урссæр хæдзар, йæ фарсмæ — даргъ хæрис, фалдæр та — тар хъæд. Уый у зæхх æмæ- арвы хæстæгдзинад. Æрдзы алыхуызон фæзындтæ кæра:дзимæ æввахс кæнгæйæ, Гафезмæ мигъ бæрзонд хохыл бандæгъд, цы- ма денджызы был нау æрлæууыд, уыйау. Мигъæй фæ- хицæн иу уаццаг, фæнды йæ иунæгæй, æнæмæтæй хъа- зын, фæлæ йæ уад фелвæста æмæ æрбайсæфт. «Æрмæст кæмæй рацыд, цы мадæй, уый фахсимæ лæууы уыр- дыг. Нæ дзы ис тас цахæмдæр уадæй, æрмæст кæны хъæбулыл хъыг». Ацы фæлгонцæй нæм сæвзæры алыхуы- зон хъуыдытæ райгуырæн зæххимæ бастдзинад, иунæг- дзинады тас æмæ ма æндæр цæйдæрты тыххæй дæр. Суадон райгуырд къæдзæхы цъассы. Нæ зоны, цы йæм кæсы разæй, фæлæ тындзы кæдæмдæр. Суадоны традицион фæлгонц традиционæй баззадаид, йæ кæрон нæм поэты æвзонгдзинадимæ, хæхтæйдзæуæг адæмьк хъысмæтимæ ассоциаци куынæ сæвзæрын кодтаид, уæд: «Æмæ уайыс тæлтæг уадæй, сонтæй, нæй дын иуран æрлæууæн, æрхуыст. Дæу куы фенын, мæ ивгъуыды бонтæй расты хохаг, тæлтæг уды хуыз». Ис дзы æрдз. йæхæдæг æмæ æрдзы хуызы—адæймаджы цард. Æрдзы царды фæзындтæ нæ поэттæ абарынц адæй- маджы царды иууыл адджындæр, хуыздæр тæлмæнти- мæ. Хъодалаты Герсанæн ныгъуылийы ахстон у, — «дык- каджы гыццийы арм. Дзыгъуыр æйчытæ — цыма зын- джытæ — æндавынц». Хуымæтæг, фæлæ зæрдæмæхъар- гæ разыны æрдз æмæ адæймаджы интимон хæстæгдзи- над. Æрдзы мæт йæхи мæтау исгæйæ, Æлборты Хаджу- мар фыссы: «Мæ риуы цыдæр ыстæлфы, ысхæлбурцъ кæ- ны. Ныр æй æз зонын, уый циу: кæддæры дыгоппон. мæ 121!
•размæ, фæндаджы хъæбæрмæ, йæ тыбыртæ цæгъдгæ чи Æрхауд». Поэт горæты хъæр æмæ хъæлæбайæ сфæлмæцы, æмæ уæд йæ фыны раргом вæййы йæ бæллиц: хъæды астæу кæркусæджы сыфыл бады гæлæбу, ныйирд ис йæ ал- •фæмблай дидинджыты æрттывдæй, уæлдæф кæны ты- бар-тыбур. Кæнæ йæ кусæн’ кабииеты куы йæййы, уæд «æддейæ, тыргъæй, хъусы алыхуызон адæймæгты къах- уынæр. Поэт дзы æнхъæлмæ кæмæ кæсы, уый у æрдзы хъæбул, хъæууон зæхкусæг: «Иæ цæсгам--хурсыгъд, уынын дзы быдыры хуызтæ сæрдыгон. Иæ дзаумæттыл.— æфсиртæ æмæ хуры тынты рыг, æгасæй кæны хурдæф йæ буар». Æлборы фырты ацы æмдзæвгæты хатæм хъæу æмæ горæты ’хсæн контраст. Хатæм, уымæи æмæ йæ нæ карз кæны,~хъæу æмæ горæты цæхгæр не ’вæры кæ- рæдзийы пыхмæ. Фæлæ ахæм коитрастæн йæ боп у, æмæ асайа, æркæиа фауинаг хатдзæгтæм.4 Козаты Исидор æппæрццаг цæстæй кæсы, йæхи фыр- уæздан, фыркультурои чи кæпы, ахæм адæймагмæ. Æмæ ,уый хорз у. Фæлæ, полемиконæй се ’хсæп хицæидзинад бæлвырд кæигæйæ, поэт йæхæдæг дæр нæу фаг æвæрц- цаг. Нырыккон сервисгонд фынгыл уый нæ хъæуынц уидгуытæ æмæ фыдисæнтæ, æркуырдта хъæдкъус,- фæ- .лæ уый дæр иуварс айста, кæрдзыны згъæлæнтæ къу- хæй цырд рауыгъта. Поэт йæ оппоиенты ныхмæ æвæ- ры йæ хъæууондзинад: карсты бæгъæввадæй цыд, хуы- мы агуырдта хуычъытæ æмæ а. д. Контраст æмдзæвгæ- Æы фæстаг строфæйы кæронмæ раргом кодта йæ мидис. «Уый нæ уыди хъæубæстæн æххуырсты, сау зæххимæ се ’хсæи ис асфальт. Худæд мыл, куынæ хæрон мæ уырз- тæй, хойраг дзыхы уæд нæ кæны ад». Ахæм æнæаив бы- наты поэт йæхи æвæры ахсджиаг нысаны сæрвæлтау — æрдзмæ æмæ æрдзондзинадмæ хæстæг уæвыны сæрвæл- тау, фæлæ æрдзмæ хæстæг уæвын афтæ пæ амоны, æмæ зæхх æмæ асфальт, хъæу æмæ горæт кæрæдзийæн сты -æнæбафидаугæ антиподтæ. Уый а’фтæ дæр нæ амоны, зæгъгæ, фæстæмæ хъуамæ æрдзмæ аздæхæм, быитоп «æрдзон» суæм, хæринаг æрмæст уырзæй исæм. Нæ, æрдз æмæ пырыккон цивилизаци, нырыккон культурæ кæрæдзийæн цыфыддæр знæгтæ не сты, фæлæ се ’хсæн эдс диалектикон бастдзинад, се ’хсæн хъуамæ уа гармо- Д22
ни, иу дзы иннæйы кæна хъæздыгдæр æмæ фидауцджын- дæр. Æрдз æмæ адæймаджы ’хсæн иудзинад кæй ис, уый зæрдыл даргæйæ, рох кæнып пæ хъæуы, се ’хсæн ахъаз- заг хицæндзинад кæй ис, уый дæр. Козаты Исидор па- раллель скодта адæм æмæ дыргъдоиы ’хсæн. Адæммæ нырма дзæвгар æвзæр миниуджытæ ис. Бæлæстæй дæр бирæтæн сæ дыргъ у маст, хæрынæп æнæбæззоп. «Фæ- лæ дыргъы иыккæндзынæ дзыуарсæ, — уый аивдзæи йæ хъылма дæр, йæ конд». Уымæ гæсгæ поэт зæгъы йæ бæл- лиц: «0, æммыст ма... лæджы дæр кæн’ дзыуарсæ, уæд дуне уаид дидипджыты хуым». Поэты фæнды, цæмæй ’адæм иууылдæр хорз уой (æмæ ахæм фæидоны ныхмæ ничи у), фæлæ бæлæстæн цы методæй хуыздæр кæ- иынц æмæ ивынц сæ мыггаг, уый адæймаджы æрдзы- хъæдæн æцæгæлон у, ’æмæ уымæ тæхуды куы кæнай, уæд бар-æнæбары дæ фæндон уыдзæи антигуманон. Æрдзмæ æмбаргæ, аудгæ, зæрдиаг ахаст куынæ да- рай, уæд уымæй мæгуыр кæпыс дæ миддуне. Пухаты Алыксандр экскаваторæй зæгъы, зæгъгæ, «дур пæ фзе- баддзæн йæ хъуыры, мæрæн не ’мбары йæ рыст». Цæ- мæн? Экскаватор йæхæдæг нæу сæйраг, — сæйраг у экс- каваторыл кусæг адæймаг. Æмдзæвгæйы ис адæйма- джы стъау хъару, йе ’гъатырдзинад, фæлæ дзы нæй адæймагдзинад. Кæнæ ма йын райсут йе ’ннæ ’мдзæв- гæ «Зæ’ронд дыргъдон». Бæлæстæ мæлынц, мæргътæ сæм нал тæхынц, сæ быны аууоны ничиуал балæудзæн. «Зæронд дыргъдон... Фыдæлты сагъд бæлæстæн сæ дуг фæцис... Æндæрджытау лæууынц. Хызтысты ма сыл са- битæ, фæлæ сæм ныр уыдон дæр былысчъилæй кæсынц!» Ау, цымæ афтæ хъуамæ кæсæм зæронд бæлæстæм (ал- легорионæй: зæронд адæммæ)? Æви Пухайы фыртæп зæронд цыдæриддæр у, уый мæт æмæ сагъæсы аккаг нæу? Æндæр æмдзæвгæйы фыдæлтон дзывырæй зæгъы: ^Æппалрстæи_ хæмпæлты лæзæры, хъуыдыгæнæг æй иал ис ныр». Цæуылнæ йæ ис хъуыдыгæнæг? Уыцы дзывыр куынæ куыстаид,* уæд абон мах уаиккам? Ивгъуыд æмæ абоимæ, зæронд æмæ ногмæ ахæм цæстæнгас сæрысуаи- гæй у антигуманон, æиæрайсинаг. Рæстæг адæмы историйы æмæ хицæн адæймаджы царды рæстæджы змæлд æмæ цыд ивгъуыдæй абонмæ, абонæй фидæнмæ, рæстæджы халæг æмæ аразæг тыхты 123
диалектикæ, рæстæджы æнусон æмæ нырыккон филосо- фи — адон бамбарынмæ æмæ равдисынмæ тырны ироп поэзи, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ минæвæртты аивадон курдиат, интеллектуалон æмæ эмоциои культурæ йын йæ къух куыд ифтонг кæны, афтæ. Нæ поэттæ архайынц, цæмæй раиртасой рæстæджы æппæтиумæйаг категори- тæ: цард æмæ мæлæт, рæстад æмæ хæрам, цин æмæ хъыг, æвзонг æмæ зæронд, гоймаг æмæ æхсæнад, уарзт æмæ а. д. Уый афтæ кæй у, ууыл дзурынц чингуыты нæмттæ- дæр: Мæргъиты Къостайы «Агурыи ме ’взои- гад», Козаты Исидоры «Цардивæн», Миидиашвили Сер- гойы «Быцæу мæлæтимæ». Иугæр поэт йе ’взонгад агуры, уæд гæнæн нæй, æмæ йæ цæст ма рахæсса, йе ’взонджы дугæй суанг абонмæ йæ адæмимæ цы фæндагыл рацыд, уымæ, ма йæм уа йæхи æмæ йæ рæстæджы сагъæс. Згъоргæ, тæхгæ рæс- тæг æмæ поэты ’хсæн фæзыиы ныхмæвæрддзинад, рæс- тæджы объективон змæлд æмæ поэты субъективон фæн- дон хъæрмуд нал вæййынц кæрæдзиимæ. Мæргъийы фырт дзуры бонтæм: «Нæ цард нын мургай-мургай да- вут, сабырдæр цыт, сабырдæр уайут. Цæмæй нæ ’рæг- мæдæр уæд уемæ фæхæссат дзæнæты дунемæ». Кæддæр Маяковский цырд æмæ тагъд кодта .бонты, цæмæй та-' гъддæр рацарæзт æрцыдаид цард, тагъддæр æрæввахс уыдаид рæстаг, социалистон фидæн, поэты социалон- гуманистон идеал. Мæргъийы фыртмæ рæстæг ам ип- пæрд у социалон мидисæй. Бонтæ сабырдæр цæуой. Цæ- мæн? Цæмæи фылдæр цæрæм, æрæгмæдæр амæлæм. Цæй сæраппонд? Бæрæг нæу. Фæида дæ, нæ дæ фæнда, уæддæр æрцæудзынæ ахæм хъуыдымæ, цыма адæйма- джы нысан у хуымæтæг биологон меркантилизм æмæ эгоизм. Къоста фæрсы: '«Каей боп у ныр уæ фæдыл згъо- рын?» Рæстæг æмæ вдæймаг кæрæдзи куынæ /ййафой, æмдзу куыиæ кæной (раззагон адæймæгтæп æмбæлы сæ разæй фæуын дæр), адæймаг рæстæгæй фæстейæ куы зайа, уæд уый трагеди у. Ахæм уавæры адæймаджы хæс у, цæмæй трагедийыл фæуæлахиз уа, ’рæстстджы уром- гæ ма кæна (рæстæгæн уромæи иæй), фæлæ йе ’нпæт хъарутæ дæр скæпа рæстæджы аййафыпмæ æмæ йæ ра- зæй фæуынмæ. Ахæм у советон адæймаджы гуманистон, æмбæстагон позици. Рæстæгмæ æрвонгдæр ахаст дары Мæргъийы фырт, 124
йе змæлды объективон уаг ын куы хынЦы, уæд. Азты цыдимæ бирæ цыдæртæ ацæуы адæймаджы цардæй* фæ- лæ баззайынц хæрзæгъдауы хæзнатæ: «Æрм&ст нæ судз- гæ уарзтæн сæ бон ныр ницы цæуы». Æцæг> ам дæр ис йæ дызæрдыг, азты цыд хъæуы æви нæ хъаеуы, уый тых’- хæй. Азты цыд у объективон закъонбæрц æмæ искæй фæндæй нæ аивдзæн, фæлæ алы адæймаджы хæс дæр у, цæмæй объективон закъонбæрцмæ гæсгæ бæлвырд кæ- на йæ бь!нат царды мидæг, адæмы ’хсæн, фæлгъауа йæ- хи æмæ йæ рæстæджы рæстдзинад, ахъаз кæна цард æмæ адæймаджы удыхъæд хуыздæр кæнынæн. Рæстæг адæймагæн схай кæны бирæ зынтæ, хабрам ыи йæ разы æвæры ныхдуртæ, фæлæ, уыдон сæтгæйæ æмæ бырсгæйæ, адæймаг хъуамæ араза фæрнæйдзаг хъуыддæгтæ, биноныг кæна рæстад æмæ хорздзинад. Ахæм хъуыдыйыл лæуд у Мæргъийы фырт: «Ныййард- той мах хæрз иунæджытæй, зон, æмæ мæлгæ дæр аф- тæмæй кæндзыстæм. Зæххыл цы кад ныууадздзыстæм, цы ном, мæрдты дæр уыдонæй цæрдзыстæм!» Уадз» фылдæр хатт декларативонæй, фæлæ уæддæр æмткæй раст æмбары К’Ьоста цин æмæ хъыгмæ адæй- маджы ахаст. Цæссыгтæ вæййынц алыхуызон — цин æмæ масты цæссыгтæ. «Мæн уый фæнды, цæмæй дæ рустыл ма хъуызой хъыг цæссыгтæ, æмæ куы уой, уæд та сын фæразай ды. Нæ сын комай æртасын». Фæлæ иуæй-иу хатт деклц,ративондзинад æгæр скарз вæййы æмæ уæд поэт лæгдыхæй слæууы маст, хъыг &мæ æндæр ахæм æнкъарæнты ныхмæ. Азтæ ныл цас фылдæр цæуы, уый- ас мæлæт кæны хæстæгдæр æмæ йыл фылдæр у нæ ка- тай, нæ мæт. Ацы реалон, æрвонг сагъæс кæронмæ нæ ауагъта поэт, фæлæ йæ цæхгæр фæлыг кодта лозунгæй: «Циу уæдæ катай ныр, циу уæдæ мæт, фидардæр къах- дзæф, мæ лымæн! Цард нæм æгас цæуæд, дæлзæх мæ- лæт. Мах нырма не ’вдæлы уымæ!» Зæронд æмæ мæ- лæт реалон фæзындтæ сты æмæ сæ искуыдæм алидзæн нæй, искуы сын аппарæн нæй, нæдæр сыл лозунгæй фæтых уыдзынæ, декларативон ныхæстæй сæ нæ ныд- дæлдзиныг кæндзынæ. Мæлæт тæссаг у, зæгъы Миндиашвили Серго, фæлæ куы ’рæввахс уа, уæд нæ хъæуы хъарæг, мæт, ниуын. Уæдæ цы хъæуы? Поэт дæтты уынаффæ: «Раст, райс цæвæг, фæрæт, пог ауадз арф дæ уидаг, кус! Зон, дæ- * ’ 125
уыйас нал фæцæрдзæн иу дæр». Куыст царды хæрзты хуыздæр у, куыст царддæттæг æмæ цæрæнбонтæ даргъ- гæнæг у, фæлæ, æгæрыстæмæй, куыстæй дæр баивæн нæй мæлæты мæтæп. Æндæр æмдзæвгæйы Серго дзу- ры мæлæтмæ, зæгъгæ, «мæ разæй ды фæуыдзынæ, кæм- нод мæрдтæм нæ зонын æз фæндаг!» Бæрæг у поэты тырнынад мæлæтæн йæхи амарынмæ, фæлæ æнæбын- дур, æнæобъективон кæй у, уымæ гæсгæ йæ нæ исæм, нæ йыл æууæндæм. Мæлæт йæ разæй куы фæуа, уæд хъуамæ поэт æнустæм цæргæйæ баззайа. Æвæццæгæн, цард æмæ мæлæты философи- арфдæр æмæ вазыгджыи- дæр у. Æиæхъуаджы зæгъы Пухаты Алыксандр: «Кæд уарзыс цард, уæд-иу мæлæтыл æппындæр макуы кæн ЪъуыдыЬ Мæлæтыл æппындæр ма хъуыды кæн, декла- ративонæй йæ дæхицæй аиуварс кæн, кæнæ йæ дæ ра- зæй иигæнмæ барвит — уый оптимизм ,нæу, фæлæ у мæнгдзинад, хисайæн æмæ искæйсайæн. Уый нæдæр тых у, пæдæр пыфс, пæдæр цардбæллондзинад. Мах цæ- рæм æмæ мæлæм — ахæм ныхмæвæрдты иудзинад у нæ уæвыпады бындур æмæ мидис. Нæй цард æнæ мæлæт æмæ мæлæт — æнæ цард. Мах — оптимисттæ — кæсæм. цард æмæ мæлæтмæ комкоммæ, æргома^й, уынæм æмæ сын æмбарæм се ’цæг мидис, æмæ алы адæймагæн дæр аргъ кæнæм, царды раз дæр~æмæ мæлæты раз дæр йæ- хи куыд дары, уымæ гæсгæ, цахæм хисæрмагонд æмæ æхсæпадон лæджыхъæд æм ис, йæ митæ æмæ йæ архай- дæй, йæ цæстæпгас æмæ йе ’гъдауæи советон адæйма- джы худинаггæнæг у æви йын кадгæнæг у, уымæ гæс- гæ. Мæлæты ныхмæ декларативон быцæуæй дзæвгар уырнииагдæр у Миндиашвили Сергойы æндæр декла- раци: уадз мæгуырау уавæры уæд, уадз йæ тох зып уæд, — «мæ фæдыл маст, хъæстæ калмау, лæсæд, уæд- дæр ын æз пæма ратдзынæи ком». Рæстæджы цыд конкретонæй æвдисы Серго йæхи æмæ йæ чысыл сабийы ’хсæн хицæндзинад æмæ æнгæс- дзинадæй. Хур йæхи найы’ æмæ саби райы, хъазы, цин кæны. Поэт æм кæсы æмæ æрымысыд йæхи саби-дуг. Хур йæхи надта. Поэт азгъордта зокъомæ, фæкалд, зæхх æй йæхимæ нылвæста, фæлæ хур разынд тыхджын- дæр, поэт сыстад. Ацы хуымæтæг деталæн ис символи кон ахадындзинад — хуры тых фыдæй рацыд йæ хъæ 126
булмæ. Рæстæджыты ’хсæн бастдзинад рахизы æнæ- тыхкæнгæ, органикон арфæмæ: «Хур йæхи надта... Хур- йæхи пайы... Уадз æмæ ноджыдæр хур йæхи найæд! Æмæ дæ зæрдæ дæр искæд фæскъæвда афтæ, дæ саби- мæ кæсгæйæ, райæд!» Серго зæрдæмæхъаргæ фыссы коИкретон мæлæты тыххæй дæр. Йе ’мслужбæгæнæг салдат дугъы фæра- зæй, фæуæлахиз, фæлæ æваст æрхаудта, -амард’. Кæд. йæ фæлгонцтæ традицион сты (лæппу лыгъди схъæл сæ- гуытау, йæ мæлæнбон йæ сæрмæ сау халон æрбадт), уæд- дæр дзы ис маст, хиуылхæцгæ æмæ лæджыхъæдджын фыдох. Хур ын йæ мар’дмæ мигъты скъуыдæй ракаст æмæ—«уысмы бæрц алæууыд æДзæмæй, ыстæй ныгъе- гъе кодта ’васт, æнамопд саудар мадау раст, æмæ та аныгъуылд фæстæмæ». Цин æмæ маст, цард æмæ мæлæты фарстмæ æгæр- субьектпво.ч, волюнтаристон ахаст ка*,й дары, уый æна> мæнг цæстмæ бадаринаг у Пухаты Алыксандрæн. «Иу- гъæдоиæй цард нæ уарзын», — зæгъы поэт æмæ уый раст у, фæлæ йæхицæн развæлгъау, электрон-нымайæн машинæйау, цин æмæ сагъæсы (масты дæр нæ!) бæл- вырд хæйттæ кæй спрограммæ кодта, уый дызæрдыг- гаг у: «Цины фарсмæ уадз мæ риуы хатгай сагъæс дæр- цæрæд!» Цымæ сагъæс (царды вазыгджын фарстытыл уынаффæ æмæ хъуыды кæнын) адæймагæн фауинаг у? Стæй хатгай æви арæх, иугæндзон уа, уый адæймагæн æрмæст йæхйцæй аразгæ у? Бæргæ-’иу ахæм цæттæ про- граммæтæм гæсгæ куы цæуид цард! Æниу ахæм прог- раммæтæм гæсгæ куы цæуид, уæд ма уый цæй цард уа- ид, куыд ма йыи æнкъариккам йæ сусæг кæлæнтæ, йе ’нæихъæлгæ’ ивæнтæ æмæ а. д.? Пухайы фырты развæл- гъау уырны, зæгъгæ, азты уæзæй фæтасдзæн мæ астæу, фæзæронд уыдзынæн, фæлæ «æрлæудзæн сæрды фæстæ сæрд, æмæ мæм ме ’взонгад фæстæмæ дыккаг хатт раз- дæхдзæнис уæд!» Уый дæр у тыхæйаразгæ, спрограм- мæгоид оптимизм. Рæстæджы цыдмæ хæдхуыз ахаст ис Козаты Исидо- рæн. Кæд Мæргъиты Къостамæ уынæм мæт — сабыр- дæр куы цæуиккой бонтæ, æрæгмæдæр нæ куы ахæссик- кой мæрдты бæстæм, уæд Исидор та, йемæ полемикæ- гæнæгау, бæлвырд кæны, зæгъгæ, йæ бонтæ цæуыиц æмæ æвзар суадзынц алкæм, свæййынц электрон рухс,. 127
«асфальтвæндаг, домнæ, атомон нау, ракетæ, хидтйе æмæ а. д. Бонты цыд дзæгъæлы нæу, бонтæй рæзынц алЫ- хуызон материалон æмæ уды хъæздыгдзинæдтæ. Æмæ уымæ гæсгæ, Къостайæ хъауджыдæр, Исидор у æнæмæт. «Цæуынц мæ бонтæ, цадæггай ихсийынц? Мæ удæй уый ыстъæлфæнтæ ысхъиуы! Фæхалас дæн, æвиалы рæстæг сæрмæ? — Гыркъотæ згъæлы тулдзбæласæй мæрмæ!» Ома цæуæд бонтæ, рæстæг, — æз сæ ницæмзе дарын, ни- ды хъомыл мын сты, мæ цардæн ницы тас у. Афтæмæй, адæмы цардæн бонты пайда , раст бацамонгæйæ, æм- дзæвгæ уæддæр махыл ныууадзы иувæрсыгдзинады тæлмæн. Рæстæг æмæ, адæймаджы ’хсæн бастдзинадма* реа- лондæр цæстæй куы акæсы поэт, уæд вæййы уь!рнинаг- дæр, зæрдæмæхъаргæдæр. Ие ’фсин мæлæтдзаг рынчын у, даргъ æхсæв йæ уæлсынтæг бады, фæрсы йæ: «Цæй- ма, цы мын зæгъыс, исты ысдзур?» Поэт кæртмæ куы рахызт, уæд æм ацы ныхас райхъуыст бæласы цурæй — уарзон лæппу йæ уарзон чызджы фæрсы, абоН æм& кæддæр поэт йе ’фсины куыд фарста, афтæ. «Цард ныл, Æнхъæлдтон, йæ дидинтæ калдзæн. Дзуапп уыд æнæ- сдзургæ: амондмæ цом! Абон дæр — уыцы фарет. Тагъд ’фæцис уалдзæг... Дзуапп дæр — цæстæнгасæй: хатыр, хæрзбон...» Ам хатæм рæстæджы æцæг хъомыс, адæйма- джы хъысмæты ивддзинæдтæ, фæлтæрты ’хсæн хицæн- дзинад æмæ æнгæсдзинад, развæлгъау цæттæ програм- мæ, иувæрсыг уынаффæ дзы нæй, фæлæ дзы ис зæрдæ- йы рæстдзинад. Афтæ у кæддæриддæр, поэт йæхæдæг цы банкъары, цы бавзары, йæхи арф сагъæсæй цы гуы- ры, уый нын куы февдисы, уæд. Иæ уды сæрмагонд тæлмæнтæй самадта Бахъаты Нугзар, йæ фыды мæлæты тыххæй кæй ныффыста, уы- цы æмдзæвгæтæ. Кæд дзы дзæвгар ис æнæэкономон, афыстон бынæттæ, уæддæр нæм хъарынц зæрдæйы удæ- гас рис, конкретон æмæ аив фæлгонцтæ. «Ацы дуæрттæ зæрæхсиды фæстæ чидæр æхгæдта, æмæ-иу уыйадыл лкодта ’хсæвдзау ’нæкæрон хæхтыл кæдæмдæр зæрæхсид. Байгом-иу сæ кодта сæуæхсиды скастмæ ацы дуæрттæ иу æнæрынцой, æвæлмæцгæ кусæг лæг, æмæ-иу уый- адыл атылд сæуæхсид цъæхдарæн фæтæнтыл, тигъ- Т1?1л, цъититыл». Кæнæ: «А-уалдзæг мыл уарыд мит, зымæгау, — ихæн кодтон... Уазал уыд мæнæн». Йæ фы- 128
ды зианы æнкъарынад æвдисгæйæ, иоэтыл æууæн- дæм, фæлæ æваст фергъуыйау вæййæм, циклы фæс- таг цыппаррæнхъон æмдзæвгæ куы баказсæм, уæд. Поэт дзуры йæ фыдмæ: «Дæ мардæй кæй мæлдзынæн искуы, гъе уымæн дыл кæнын ирон хъарæг æз». Уый размæ цы загъта, уыдон Нугзар йæ ацы ныхасæй аиу- варс кодта. Уый маст кæны, йæ ахсджиаг адæймаг кæй амард, ууыл нæ, фæлæ йæхæдæг кæй мæлдзæн, уый тыххæй. Мæлæты æвирхъау-азар Æлборты Хаджумар æвди- сы цæстуынгæ, гиперболон фæлгонцтæй. Иубон ыл нык- кæлдзысты сахары хæдзæрттæ, сæ дуртæ йæ буарыл æмбæлдзысты, фæлæ йын нал рисдзысты, фыццаг хатт æнæмæтæй цæудзæн, цин æмæ маст кæм æвзæрста, уы- цы, уынгты, йæ фæдыл адæм цæудзысты, кæддæр алан- тæ сæ пырх æмæ сыгъд сахартæй куыд цыдысты, аф- тæ. Адæймаджы мæлæт у егъау зæххæнкъуыст æмæ æнæхъæн сахарты фесæфты хуызæн. Уымæй нын поэт æмбарын кæны адæймаджы зынаргъдзинад. Фæлæ адæй- маг йæхæдæг йæ мæлæтæй хъуамæ æнахуыр трагеди ма скæна. Уымæ гæсгæ рацæуы поэт йæ фæлгонцты ныхмæ: лæудзысты хæдзæрттæ, иунæг дур дæр дзы хъуамæ ма рахауа, «уымæн æмæ уыцы бон сахарæй æз ацæудзынæн иунæгæй, мæ иунæг фæндагыл». Адæймаг ацæудзæн, фæлæ дуне баззайдзæн, хъуамæ баззайа æвыдæй, æнæфыдбылызæй, амондджынæй. Ахæм аива- дон контраст æргом кæны зондджын, лæджыхъæдджыи ахаст цард æмæ мæлæты философимæ. Поэтæн рæстæг канд йæ физикон уæвынады цахæм- дæр дæрддзæг нæу, — рæстæг ын у йæ уды царды даргъ- уæрæх хæтæн. Уымæ гæсгæ поэты дзыхæй сдзурынц ив- гъуыды хъæлæстæ. Миййаг сæ йæхи «æз»-æй нæ баивы, фæлæ йæхи «æз»-имæ вæййынц фылдæр хатт æмсагъæс, æмвæндон. Ахæмтæ сты «Ирыстоны хъæлæс астæуккаг æнустæй», «Цомахъ», «Токаты Алихан», «Темырболат Стамбулы. Зымæг». Алцыдæр мæм дзы æвæуццаг нæ кæсы, фæлæ Æлборы фырт дард рæстæг æмæ ныры рæстæджы хицондзинад æвдисынмæ кæй арæхсы, ив- гъуыды цæрæг адæймæгты хуызы бацæуын йæ бон кæй У, уый гуырысхойаг нæу. Уæлдай хуыздæр дзы у Те- мырболаты тыххæй æмдзæвгæ. Уым ис нæ фыццаг поэ- ты сагъæс æмæ рис, ис дзы æцæгæлон бæстыл йæ иу 9. Дзуццаты X. 129
нæджы трагеди. Уый у ивгъуыды хъæлæс æмæ уыцыиу- рæстæг абоны хъæлæс дæр. Рæстæджы цыдимæ адæймаг куыд аивы, уымæн Æл- боры фырт ссардта хорз фæлгонц. Хæддæр поэт æн- хъæлдта, зæгъгæ, дуне, цард—алцыдæр у рог, рæсугъд, хъæлдзæг. Ныр — «фæцæуын цадæггай, зæхмæ йæсгæ. Мæ ныхы ыссывдтыл мæ рагбонты сæнттæ-*1скъуырынц сæ къах æмæ кæлынц». Рæстæг æмæ дунейы ныхмæвæрдтæ? цард æмæ мæ- лæты тох уынгæйæ æмæ æвдисгæйæ, поэтæн сæйраджы- дæр арфæйаг у царды æиусон, æвидигæ тых æмæ зæр- дæскъæф фидауц. Адæймагæн йæ царды æгъуыстаг символаучу Сæнайы хох. «Æрттивы къласикон Сæна, йæ кады бæрзæндæй нæ тасы», «йæ рахис къух бæрзонд ыстахт æмæ нын дзуры: цæр!» Ацы иумæйаг символ йæ конкретон мидис раргом кæны æндæр æмдзæвгæты фæл- гонцтæй. Сугтæ æрластой горæтмæ, уынджы хъæбæрмæ сæ ракалдтой, сæ уидæгтæ баззадысты хъæды, фæрæт- ты хъæлæба фехъуыстой æмæ зæххы афардæг сты, æн- хъæлмæ кæсынц, фæрæтты куыст кæд банцайдзæн, уы- мæ. «Æмæ та ног дæлзæхæй сæ цагъд бæсты уæзгуы- тыл хъуызгæ ысдардзысты сæ сæртæ уæлæглæ — рухс- мæ». Цардыл цыфæнды уæззау фыдтæ не ’рцæуа, уæд- дæр йæ «уидæгтæн» фесафæн, скуыиæггæнæн нæй. Кæ- нæ эрвы цæфæй бæлас æрхауд, йæ уидагæй нæ фæхи- цæн, æмæ фæстæркуард схæцыд йæ сæрыл, тырны т’а хурмæ. «Ныццæвæд æй дыккаг хатт арв, цæйнæфæлтау быра гуыбыны цъарыл, хила». Ногæй — маст уромын æмæ маст басæттын, адæймаджы сæрыкад бавæрын æмæ бахъахъхъæнын, царды æнæмæлгæ хъару. Кæпæ * ноджыдæр: поэтмæ тыхст æмæ стонг зымæджы уыд хо- ры нæмыг. Цъиутæ, сабитæ, мыстытæ—иууылдæр уы- дысты æххормаг æмæ æнхъæлмæ кастысты хоры нæ- мыгмæ. Хоры нæмыг йæхæдæг та «кастис авд хохы фа- лейæ уалдзæджы æрцыдмæ». /Емæ та ам дæр — хæсты замаиы зынтæ, бæгънæг æмæ æххормаг саби-дуг, фæлæ уæддæр царды фарн, æнусоидзинад. Рæстæджы цыдимæ баст у, поэттæ сæхæдæг сæ куыст æмæ сæ хæс куыд æмбарынц, сæхицæн цахæм аргъ кæ- нынц, уыцы фарст. Поэзийæн, æмткæй аивадæн ис йæхи спецификæ æмл йын нæй адæймаджы æндæр куыстытимæ хæццæгæнæн 130
Мæргъиты Къоста раст зæгъы поэтæн: «ДæуæЦ зын куы- сты феххуысгæнæг нæй... Нæй ахæм лæг. Æмæ нæдæр хъæуы, дæ уаргъы ’мбис дын чи айсдзæн йæхимæ». По- эт йæ хæс æххæст кæны иунæгæй — йæ курдиат æмæ йл: дæсныйады æмбæрц, фæлæ поэт дæр у адæймаг æм.е йын адæймагон миниуджытæй иу дæр æцæгæлон нæу, уымæ гæсгæ мах исæм Къостайы ныхас, зæгъгæ, поэтæн зын куы уа, уæд хъуамæ ма сæтта йæ ныфс, хъæддыхæй цæуа йæ нысанмæ. Мах ын исæм йæ сагъæс, цы сарæз- та, уый йæм фаг кæй нæ кæсы, йæхицæй разы æмæ буи кæй нæу, уый тыххæй, кæд йæ фæндыр «куыд арæхст, афтæ цагъта», уæддæр. Поэттæ тырнынц сæ куыстæй сæхи раз æмæ рæстæ- джы раз сæ хæс бафидынмæ. Æмæ уый хорз у. Фæлæ арæх æгæр кадбæлл, цытуарз кæй сты, легендарон Пар- насыл бынат ссарын сæ кой, сæ мæт кæй свæййы, уы- мæй зæрдæцъæх кæнæм. Миндиашвили Серго цалдæр раны зæгъы йæ фæндон: «Поэтау кадимæ фæцæрон>\ «Фест æвдадзы хос, мæ дзырд, ’макæд ма су кадавар!», «Уадз мæ дзыхы дзырд æвдадзæн басгуыхæд уæ ном> уæ кадæн», «Зар мæ Райгуырæн бæстæйыл ды, мæ фæп- дыр, зар! Æмæ адæмы зæрдæйы рухс бынат ыссар!» Æмдзæвгæ «Идеал»-ы (фыст у Бараташвили Никъоло- зы «Мерани»-мæ гæсгæ) Сергойæн йæ уæнгтыл зивæг бады пъæззыйау, йæ хъуыды уартхæфсау лæсы, бафæл- лад_ йæ туг, сынтытæ зилдух байдыдтой йæ алыфарс. Æмæ уæд Серго фæсидт йæ хъуыдымæ, цæмæй размæ, дугъон бæхау, тæха. Уыдон ныссастой зивæджы рæхыс- тæ æмæ тæхынц Парнасы хохмæ. Цы у йæ идеал? Змæлд. Зивæг, фæллад, зынтæ, низтæ сæтгæйæ, размæ цæуын. Уый æмткæй адæймаджы царды тыххæй куьГ загътаид, уæд. Фæлæ ам поэтыл цæуы ныхас. Уадз сынтытæ йыл цæгъдæнт сæ лирæтæ (цæмæп сын ис ли- рæтæ?), уæддæр фæцæудзæн Парнас æмæ Хуры чызг Земфирæтмæ (цæмæн у Земфирæт? Ахæм у æцæг йæ ном?). Поэт йæ нысан —йæ-кады бæрзæндмæ фæхæц- цæ уыдзæн: «Иæхицæн ном ыскæндзыстæм дзæбæх куы- стæй,' Парнъсмæ фæндаг адардзæнис цъæх. Рæхджы нзс размæ рахиздзæн Земфирæт дæр, æмæ мын уæд «æр- улæф», зæгъгæ, зæгъ». . - Поэттæ арæх сæхи банхъæлынц хуымæтæг, зæххон адæймæгтæ нæ, фæлæ уæларвæй æрхауæггæгтæ, иннæ 131
адæмы хъауджыдæр сæрмагонд мисси æмæ хъысмæт кæмæн ис, ахæм «уæладæймæгтæ». Хуымæтæджы иæ зæгъы Серго, зæгъгае, «бирæтæ йæ къам дæр никæд фендзысты Земфирæтæн!» Адæмæй мещантæ цъус нæй, æмæ уыдоны куы ’фхæрай, уæд уый раппæлинаг у, фæ- лæ æмткæй адæмы ныхмæ дæхи куы ’вæрай, уæд уый ахъуыдыйаг у. Козаты Исидор адæмæй зæгъы, зæгъгæ, «стъалыйау сыл ды фæдуадзгæ рахау, — фендзысты дæ иугæйттæ æрмæст», æмæ, адæмы хъауджыдæр, бæрæг^ кæны йæ сæрмагонддзинад: «Уый нæ зонынц, судзын æз цырагъау, уаз пиллонæй, гъе кæнæ æмбæхст», «Уый нæ зонынц, æз мыздыл нæ кусын, ахæм уавæр у мæнæн æнуд», «Уый нæ зонынц, арæх æз ыскæуын, нал вæййы зындзинæдтæн мæ бон. Мæн Ирыстон бандонæн нæ хъæуы, — бандонæй нæ кæнын уымæн ном». Фæстаг фæлгонц тынг аив уыдаид (Ирыстон йæ фырттæн хъуа- мæ карьерæйы фæрæз ма уа), дзырд æрмæст поэты «уæладæймагон» миссийыл куынæ цæуид, уæд. Поэтты уырны, зæгъгæ, цалынмæ сæ «уæладæймагон» мисси сæххæст уа, уæдмæ сын амæлæн нæй. Пухаты Алыксандр: «Æз цалынмæ нæ бафидон мæ хæс, уæд- мæ нæ дæн мæрдтæм цæуыныл разы!» (Цыма дзы мæ- лæт разыдзинад курдзæн!) Козаты Исидор: «Æз амæл- дзынæн, — чи баззад уæлæуыл? — куы уын фæуон фæл- тæрты кадæг дзырд; куы самайон æнусбонтæм нæ хъæ- уы, фæллой æмæ лæджы намысæй цырт». «Æнусбон- тæм» — къаддæр, цыбырдæр рæстæгыл разы не стьт. Рæзвæлгъау æнæгуырысхойæ зонынц: кæд физикон æгъ- дауæй нал уой сæхæдæг, уæддæр се сфæлдыстад уыдзæн æнусон, æнæмæлæт. Цхуырбаты Иван (удхæссæгимæ куы быцæу кæны, уæд): «Фæлæ, зон æй, н’ амардзынпг ды мæ зарджытæ, мæ бон... Уыдон демæ н’ ахæсдзынæ — уыдон мидæг ис мæ зонд». Уый канд кадмæ тырнын нæу, — уый у кады низ, хæдæввæрсондзинад, стырады мани (уырыссагау: мания величия). Бахъаты Нугзар æнæдызæрдыгæй бæлвырд кæны, зæгъгæ, абон дæр йе ’мдзæвгæтæ ахсджиаг, æрдхæрæн сты Ирыстонæн: «Иры минмырон суадæттæ комы ме стихтæ дзурынц», кæнæ: «Цæргæсбадæн цъупмйе куы сфæд кæныс рагъæй, уæд Тер,чы æмдзæгъды уый ме ’мдзæвгæ зæлы». Афтæ кæй æнхъæлы, уымæ гæсгæ йæм йæ мæлæт кæсы цахæмдæр æвирхъау, æнæфенгæ, æнæбауромгæ трагеди: «Зон, 132
нытътъиздзысты къæдзæхтæ, æрдз гыццийау ыскæу- дзæн. Æз куы нал цæрон а-зæххыл, уæд Ирыстон куыд кæндзæн!» Хъыг мæм ма фæуæд Нугзар, фæлæ Ирысто- ны бирæ стыр фысджытæ уыд, æмæ уыдон афтæ никуы ’нхъæлдтой, зæгъгæ, куы амæлой, уæд Ирыстон фесæф- дзæн. Уыдон æндæвта Ирыстоны хъысмæт, лæггад ын кодтой, удуæлдайæ куыстой, æмæ архайдтой, цæмæй Ирыстон цæра, размæ цæуа, нымад уа адæмты ’хсæн, йæ абонæй йæ сом уа хуыздæр, уыдон уыд сæхи кады мæт нæ, фæлæ æмткæй Ирыстоны кады мæт, уыдон сæ цард æгасæйдæр нывондæн æрхастой Ирыстоны æпæ- мæлæты сæрвæлтау. Курдиат у аивадон хæзнатæ фæлдисыны æрдзон, объективон бындур æмæ мадзал. Фæлæ курдиат йæ хæс уæд æххæст кæны æнтысга^йæ, кæд йæхицæй бирæ до- ма, йæхимæ æнауæрдон, æгъатыр уа, кæд критикон æгъ- дауæй йæхицæн йæ бон аргъ кæнын уа, разы макуы уа, цы сарæзта, уымæй, тырна йæхи хуыздæр’ æмæ арфдæр раргом кæнынмæ. Кулиев Хъайсыны кæддæр куы ба- фарстой, зæгъгæ, æцæг поэтæн цахæм ахаст Яъуамæ уа йæ чингуытæм, уæд дзуапп радта: «Хъуамæ сæ уа къæмдзæстыг, æфсæрмы сæ кæна». Курдиаты органикон миниуæг у æфсæрмыйы æнкъарæн, бафндзинады æнкъа- рæн. Мæнмæ гæсгæ, æбæрндзинадæй æвзæры, æмдзæвгæ- ты бæрц нæм бирæ кæй у æмæ сæ хæрзхъæддзинад та цъус кæй у, уыцы уавæр. Пухаты Алыксандр музæйæ куры: «Ратт мын базырджын хъуыдытæ, чи уа арф æмæ рæсугъд. Хъуамæ фыссæнтæй æппындæр ма фæхицæн уа мæ къух». Фæлæ базырджын, арф æмæ рæсугъд хъуы- дытæ поэтмæ — æгæрыстæмæй тынг курдиатджын куы уа, уæддæр — алкæд нæ цæуынц, æмæ цæуой, уый гæ- нæн дæр нæй. Уымæ гæсгæ, æдзух фысгæйæ, поэзийæн стыр хорзы бацæуа, уый зын бауырнæн у. Мæргъиты Къоста, зæххыл цы бирæ æнæуд, æдзард æмдзæвгæтæ цæуы фыст, уыдоныл дзургæйæ, фæрсы: «Мæ хæлæрт- тæ! Цымæ хъæуы фыссын мах ахæмтæ æрдзæтæ нæ, милуантæй?» Гъай-гъай, нæ хъæуы! Æвæццæгæн фор- мулæ «Иу бон дæр рæнхт^ æнæ ныффысгæ ма фæу!» бæззы профессион тренировкæйæн, кусыныл цайдагъ- дзийад ма фесафынæн, фæлæ нæ бæззы аивадон уац- мыстæ фæлдисынæн. Æнæмæнг кæрæдзийæ хицæн кæ- 133
нын хъæуы версификаци æмæ поэзи. Сæ иу дзы у се ’ннæйы знаг. Фыссын никуы хъæуы фыссыны тыххæй, дæхицæн ном æмæ фæллой скæныны тыххæй. Поэт хъуа- мæ фысса æрмæст уæд, кæд æмæ йæм сæвзæрд -дунейы раз æнахуыр д’ис, раиртæста æмæ раргом кодта ног хъуыдытæ, йæ зæрдæ йын нынкъуыстой ног æпкъарæн- тæ, кæд æмæ йæм ис ахсджиаг, æвæлхатт, оригиналон зæгъинаг йæхи æмæ йæ рæстæджы тыххæй. Ахæм фæтк куынæ уа поэты куысты сæрæвæрæн, уæд йæ фыстытæн сæ бæрцы фарсмæ хæрз^кадавар уыдзæи сæ хæрзхъæд- дзинад. Поэты бæрндзинад рæстæджы раз, адæмы раз сæй- раджыдæр у бæрндзинад дзырды раз, идейон-аивадон хæрзхъæддзинады раз. Мах дзурæм — «поэтикон куль- турæ». Цæмæй кæнгæ у, куыд æй æмбарæм? Уырдæм хауынц интеллектуалон æмæ эмоцион культурæ, æм- дзæвгæйы фррмалон, техникон культурæ. Сæ астæу ис фидар, органикон бастдзинад æмæ сыл хицæнтæй, кæ- рæдзийæ иппæрдæй дзурæн нæй. Æмдзæвгæйы æппæт компоненттæ дæр аразынц иу цардæгас системæ æмæ се ’ппæт дæр кусынц, лæггад кæнынц’ поэты идейон-аи- вадон нысан æмæ хæс сæххæст кæнынæн. Поэтикон культурæ нæм æмткæй нырма аккаг æм- вæзадыл кæй нæ лæууы, ууыл дзурæг у декларативон- дзинад. Уæлдæр ыл дзырдтон, нысан æй кодтон нæ поэт- тæн сæ фылдæрмæ. Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ поэзи- йæн декларативон æмдзæвгæтæ алкæд æцæгæлон сты, иугæндзон сæ хъуамæ йæхи хйза. Алы поэтæн дæр йæ бон у, æмæ декларацийы хуызы зæгъа йæ хъуыды иу кæнæ иннæ фæзынд, иу кæнæ иннæ проблемæйы тых- хæй — уæлдай нæу, хисæрмагонд цардæй уа æви æхсæ- надон цардæй. Фæлæ иу загъд кæй кодта, уыцы декла- раци йе ’мдзæвгæты конкретонæй, практиконæй куы нæ среализаци кæна, æмдзæвгæйæ æмдзæвгæмæ йæ фæл- хатт куы кæна, йæ цæстæнгас,- йæ хъуыдытæ, йæ зæр- дæуаг, йæ уарзт, йæ поэтикон мисси æмæ æндæр ахæм- тæ æрмæст иумæйаг, аф’гид, уадз бæрзонд æмæ пафо- сон-темпераментон ныхæстæй махæн куы уырнын кæна, уæд уый тæссаг у поэтæн йæхицæц дæр æмæ æмткæй поэзийæн дæр, Цæмæн? Ацы фарстæн, мæнмæ гæсгæ, раст дзуапп дæтты Межелайтис Эдуардас æмæ йын æр- хæсдзынæн йæ ныхæстæ: «Я ратую за цафос, но за па- 134
фос жизненный и художественно обоснованный. В свос время я, как и многие мои сверстники, отдал дань дек- ларативному версификаторству. Я искренне верил в то, что возглашал тогда, но едва ли мог обратить кого-ни- будь в свою веру. Декларативное стихотворение напо- минает навязчивое признание в любви, а его автор,— незадачливого влюбленного, павшего на колени и в со- тый раз твердящего своей Дульсинее: «Я люблю тебя... Я люблю тебя... Я люблю тебя...» Сначала девушке это нравится. Но наступает момент, когда ей лриедается од- нообразная любовная исповедь и она начинает серди- ться: «Ну, и что с того,' что ты меня любишь! Хватит! Докажи свою любовь!» Тут и конец декларациям. Лю- бовь требует реальн’ых доказательств...» Уæлдæр дзырдтон афыстондзинады тыххæй. Мах хъуамæ иртасæм афыст æмæ афыстондзинады ’хсæн хи- цæндзинад. Афыст у аивадон амал. Арæх дзы пайда кæны прозæ, æцæгæлон нæу поэзийæн дæр. Бынат, цау, дзаума, фæзынд, адæймаджы сурæт, архайд æмæ æн- дæртæ афысты фæрцы ауайынц нæ цæстытыл, фенæм сын сæ миниуджытæ. Фæлæ уыдон ранымайгæйæ æмæ фенын кæнгæйæ, махæн куы нæ байгом вæййы ног, ныр- онг æнæзонгæ хъуыды æмæ æнкъарæн, йæхимæ нæ куы нæ аздахы авторы фæндон æмæ^нысан, куы нæ нын ба- цагайынц нæ зæрдæ æмæ йæ сæхицæн æмсагъæсгæнæг куы нæ скæнынц, уæд афыст рахизы афыстондзинадмæ. Афыстондзинад хæстæг у натурализм, фактографи æмæ иллюстративондзинадмæ. Цæуыл фыссаи, уымæн йæ мидапп æмæ мидпоэзи куы нæ раргом кæнай, куынæ йæм. разына дæ ахаст æмæ уый фæдыл дæ сагъæс, дæ индивидуалон æмбарынад, уæд уацмыс æдзард æмæ æдзæм у. Райсæм Пухаты Алыксандры æмдзæвгæ «Æх- * сæрдзæны зарæг»: диссагæн баззад мæ зард, нæй мын æнцой æхсæв æмæ бон, денджызмæ кæнын фæдис, дæп æнæрцæф æмæ хъал... Æмæ цы? Цæйг охыл, цахæм хъуыды зæгъыны сæраппонд нымайы æхсæрдзæн йæ миниуджытæ? Ницæй тыххæй, æрмæст афыссыны сæ- раппонд. Кæнæ райсæм æндæр æмдзæвгæ, æнæхъæнæй йæ æрхæссæм; «Мæйрухс æхсæв -^ æгæнон, фæсырдтай мын м’æ фын. Ныр денджызы былгæрон хъуыдыгæнгæ лæууын. Æз ахæм ран æнхъæлын æнæхъæн сæрд дæр цъус. Цъæх денджызы сæр-сæрыл фæцахуыр ис мæ 135
хъус!» Бæрæг нæу, цæмæн ын фæсырдта æхсæв йæ фынг цæуыл хъуыды кæны денджызы был. Кæд ын æнæхъæп сæрд дæр уым йæ фæллад уадзынæн цъус кæй у, ууыл, уæд уый цæй фыссыны аккаг у? Ахæм афыстон æмдзæв- гæтæ цъус не сты æмæ се ’ппæтыл дзурыны фадат нæй. Алыксандрмæ ис хицæн æмдзæвгæтæ, цыран афыст бал- хынцъ вæййы конкретон фæлгонцæй æмæ уый руаджы афыст базмæлы, сдзуры, цардæгасæй сулæфы, мæпæ арв мигътæй куы ’рбахгæны, дуне æндзыгæй куы фæ- лæууы æмæ стæй æваст арвæртхывдæй куыд ныррухс вæййы, арвнæрдæй куыд фестъæлфы, афтæ. Афыст у, уæдæ цы у: «Уары æмæ уары... Тар æхсæв ныддаргъ. Зымæг та æвæры хæхты ’ккой йæ уаргъ. Æрдз фæцис æрдхæрæн, диссаджы уæлдæф...» Æндæр дзы куы ницы уыдаид, уæд цæй аккаг у! Фæлæ ранымайгæ рæнхъы- тæн цæрдхъом тых радта кæройнаг фæлгонц: «Хъарм дзулау куы кæны ног уард мит хæрздæф». Рифмæтæп (уæлдæф —хæрздæф). иу уидаг ис æмæ сын уый цæс- ты ’фтауы сæ ахадындзинад, фæлæ æмдзæвгæйы ис хъуыды, дæрддзæфгомау ассоциаци — бирæ митæруард адæмы æмбарынады баст у бирæ хорæрзадимæ. Кæнæ райсæм æндæр æмдзæвгæ. Цæуы афыст: «Дысон мыл æгъуыссæгæй ысбон, фæлæ фынгыл бадынæн фæрæз- тон. Назбæлас цæхæркалгæ уыдтон, дардвæндагыл зæ- ронд азы ’рвыстон. Кодтой фынгыл нуазæнтæ сæр-сачр, ацæугæ хъуыддæгтæ зæрдæ мысыд». Æмæ æваст—кон- кретон фæлгонц — арвæрттывды рухсæй ныррухс æнæ- хъæн æмдзæвгæ: «Бонæрдæм æркъул кодтон Мæ сæр ног азы хъæбысы!..» Афыст æнæ арвæрттывд, æнæ арвнæрд ницы у. Афыст кæддæриддæр хъуамæ уа экономон, кæннод поэтмæ зæ- гъинаг.цы уа, уый алыфарс (йæ разæй уа, йæ астæу, йæ фæстæ — уæлдай нæу) æгæр куы стыгуыр уа, уæд æй хуыдуг кæны, æнæхъуаджы дзырдтæ йæ хъыг дарынц, цæмæй йæхи ирдæй æмæ æнæкъуылымпыйæ равдиса. Ахæм æмдзæвгæтæ ис Мæргъиты Къостамæ: «Райгуы- рæн къуым», «Суадон», «Æвзонгад», «Зæронд æнгуз бæлас» æмæ æнд. Æнæэкономон афысты аххосæй хъуы- ды кæны хилæгау, змæлы уæнгуагъдæй, нымæггонд цæ- уы æнкъарæн. Æнæэкономон афыст поэты бар-æнæба- ры сайы афыстондзинадмæ. Хъуыды æмæ æнкъарæн тайынц, руайынц афыстондзинады мидæг. 136
Афыст уæлдай тæссаг у, поэт зæронд, куыстгонд те- мæтыл куы фыссы, уæд. Уым уæлдай ахсджиаг у, цæ- мæй зæронд темæтæ срухс уой поэты хъуыды æмæ æн- къарæны ног рухсæй, сдзурой æмæ сулæфой, нырмæ> махæй æмбæхст чи уыд, кæй нæ зыдтам, ахæм ног мыр- тæ æмæ ног комулæфтæй. Ленины фёндмæ ирон адæм куыд бæллыдыстьг, Ле- нин йæ цырты хуызы Ирыстонмæ куыд æрцыд, уый тых- хæй нæм уыд бирæ æмдзæвгæтæ (Беджызаты Черменæй суанг Нартыхты Михалы онг). Æлборты Хаджумар- дæр æргуыбыр уыцы темæмæ (æмдз. «Ленин Уанелы») æмæ дзы кæд хицæн дзæбæх рæнхъытæ ис, уæддæр æм- ткæй рауад афыстон,-ногæй дзы ницы федтам æмæ бан- къардтам. Айдарты Знауыр æмæ æртындæс коммунары тыххæй ныффыста Харебаты Леонид. Афыста, ранымадта Зна- уыры мæлæты хабæрттæ, йæ мад, йæ хо æмæ йæ уар- зоны ахаст хъайтармæ, абоны царды бæрджытæ. Уы- дон хъацыдгонд цæу’ынц ирон хъарæджы сентимента- ’ лон равгæй Дйæ сидæнтæ: «Рабад, сыст», «Ацу, фен» æмæ æнд.), уымæй нын нæ зæрдæ агайы, фæлæ дзы уæддæр нæ хатæм хъуыды æмæ æнкъарæны ногдзинад. Афтæ у æртындæс коммунары тыххæй Ирыстоны мады монолог дæр. Ис дзы хорз строфæ: «Мæлæт уыдта: уæ царды таг ыскъуыйы, фæлæ уæ ничи равдыста йæ рис. Æртындæс хатты уыцы бон Мæскуыйы æртындæс цæ- фы Ленин дæр фæцис». Чи зоны, æнæхъæн æмдзæвгæ- йы ацы иунæг строфæ у æцæг арвæрттывд, фæлæ иуæн- дæс афыстон строфæйы ныррухс кæнын йæ бон нæу, æгæр бирæ кæй сты, уый тыххæй. Иугæр афыстондзинад хъуыды æмæ æнкъарæнæй ип’- пæрд у, уæд æмдзæвгæйæн цы зиан хæссы, уымæй но- * джы стырдæр зиан хæссы поэмæйæн, уымæн æмæ поэ- мæ йæ жанрмæ гæсгæ цард исы бирæфарсонæй, гуыр- ахстджынæй, æвæры æмæ ир.тасы ахъаззаг проблемæ- тæ: адæймаг æмæ æхсæнад, гоймаджы сæрибардзинад æмæ йæ социалон уагахасты раз, дунейыл цыдæриддæр цæуьт, уыдон раз йæ бæрндзинад, адæймаджы царды нысан æмæ мидис, хæрззонд æмæ фыд-зонд, рæстад æмæ хæрамы ’хсæн тох, æмæ а. д. Иæ структурон амæлттæн — эпикон уой æви лирикон, æви сæ дыууæтæ дæр иумæ æмбастæй — се ’ргом здæхт у уымæ, цæмæй поэмæ адæ 137"
мы рæгъмæ рахæсса адæймаг æмæ æцæгдзинады нЫрык- кон концепци, цæмæй йын уа арф социалон-философ бындур, тыхджын уа йæ интеллектуалон æмæ эмоцион æндæвдад-уæлархайд, цæмæй ахъаз кæна не ’мрæстæ- гонты хæрзæгъдау фидауцджындæр кæнынæн, сæ уды активондзинад бæрзонддæр кæнынæн. Хъыгагæн, ахæм миниуджытæ нæ поэмæты нæ уынæм, уымæн æмæ сæй- раджыдæр иллюстраци кæнынц рагон æмæ æрыгон цау- тæ. Козаты Исидоры поэмæ «Фыдæй фыртмæ» конд у хъайтарты хицæн монологтæй, æхсæнм&хсæнты дзуры автор йæхæдæг дæр. Фыццаг уал дзуры- зæронд лæг: куыд цардысты паддзахы заманы, иухатт куыд ссард- той æрзæт-дур, советон хицауады рæстæджы куыд рай- дыдта Къуайсайы арæзтад. Раздæр æвзæр уыд, ныр — хорз, — ацы иумæйаг контраст æвдыст цæуы иумæйа- гæй. Зæронд лæджы фæстæ дзуры автор йæхæдæг, уый дæр иумæйагæй, цы æмæ куыд у Къуайса, уый тыххæй.. .Дыккаг монолог дзуры Сослан, зæронд* лæджы фырт, уый дæр иумæйагæй: арæзтады райдайæны æвзæрстой зынтæ, фæлæ сæм ныр ис ног техникæ. Сослан æмæ ав- тор иумæ ныххызтысты шахтмæ. Уым бригадирæй кусы Сосланы æфсымæр Цыппу. Ис сæм сæхи кусæгон по- эт — Дзибус. Иумæйаг декларативон ныхæстæй конд у йе ’мдзæвгæ-зарæг. Уый фæстæ цæуы Сослан æмæ ссæн фабрикæйы кусæг Дзерассæйы хъазгæмхасæн диалог, чызг Дзибусы кæй уарзы, уый тыххæй. Кæронæй — æх- •сæвы афыст, адæм театды кæсынц «Отелло»-йы спекта- клмæ. Темæ рагон у, бирæ йыл фыстой нæ поэттæ дæр æмæ нæ прозаиктæ дæр, æмæ иын уыдон.цы радзырдтой, уы- мæй уæлдай ницы ис Козайы фырты поэмæйы дæр. Мо- нолоджы формæ хъуамæ фадат радтаид хъайтартæн сæ миддуне, сæ удыхъæд, сæ психологи раргом кæнынæн, фæлæ уыдон иумæйаг, зонгæ ныхæстæй ахицæн кодтой сæ хæс. Уæлдай сæм ницы ’фтауы йæхицæй автор дæр. Нæй дзы иунæг проблемæ дæр. Автор æвдисы æцæгдзи- нады уæлцъар, йæ дæлæздухæнтæм ын нæ ныххызт. Уымæ гæсгæ дзы нæ рахæссæм ницахæм хъуыды, ни тхахæм æнкъарæн. Уый у хуымæтæджы газетон репор- тажы хуызæн, сæрæй-кæронмæ — афыстон-иллюстрати- вон.' Дыккаг поэмæ — хæсты тыххæй — «Йæ хорзæхтæ — .138
нæ тохты адрес». Автор бедархайдта, цæмæй равдиса фыд-хæстоны иумæйаггонд-символон фæлгонц. Фыссы йын, хорзæхтæ кæм райста, уыцы карз тохты йæ хайад- • ист, æмæ сæ кой кæны, йæ тохы бын&тты адæм мысы- нæн кæй сæвæрдтой, уыцы цыртытæн. Фæлæ æгæр зон- гæ, æгæр иумæйаг у. Нæ дзы уынæм хæстмæ поэтæн йæ- хи ног ахаст. Афтæ у æртыккаг поэмæ «Цардивæн» дæр. Уым та иллюстрацигонд цæуынц Октябры революци æмæ мид- - хæсты азты Хъорнисгомы тохты цаутæ. Ис дзы бирæ . адæймæглы нæмттæ, фæлæ дзы иу цомы фæстæ дæр нæ лæууы удæгас, конкретон, йæхихуызæн адæймаг. Поэ- мæ ницы ’фтауы ноГæй, ацы темæйыл нæм цы бирæ уацмыстæ ис, уыдонмæ. Кæд хæсты тыххæй поэмæ иу- мæйагæй æвдисы иумæйаг хъуыды, зæгъгæ, хæсты чи фæмард, уыдоннын бахызтой нæ бæстæ, нæ сæрибар цард æмæ сын хъуамæ амайæм цыртытæ, кад сын кæ- наем,.уæд ахæм иумæйаг хъуыды иумæйагæй æвдисы революци æмæ мидхæсты тыххæй поэмæ дæр: нæ фы- дæлтæ хастой цагъары æфсондз, æййæфтой зæххъуаг, æфхæрд, сыстадысты сæ тугцъирты ныхмæ æмæ сæ хъæ- батыр тохæй æрхастой бархи, æмбар цард. Ахæм иумæйаг, алкæмæн дæр зонгæ хд>уыдытæй да- рддæр йæ бон зæгъын ницы у афыстондзинадæн. Цхуыр- баты Иваны поэмæ «Мады зæрдæ»-йы сюжет хуымæтæг у: Темболат схъомыл сидзæрæй, цуаны цæуы, иухатт бæласыл -федта парашюты хыз, лæг ыл ауыгъдæй, æр- иста йæ, сæхимæ йæ кæны, уазæг йæ къах риссын æф- сон скодта, Темболат æй йе ’ккой хæссы, уазæг ын ных- хæцыд йæ хурхыл, тох сын бацайдагъ, уазæджы топ- пæхстæй амард Темболат, Темболаты топпæхстæй та — уазæг. Мад агуры йæ фырты æмæ йæ мардæй ссард- та. Поэмæйы хайад исы автор. Дзуры, зæгъгæ, Тембо- лат йе ’мбал уыд, иумæ рæзтысты, ничи йыл тых кодта йæ карæнтæй æмæ а. д. Нæдæр афыстытæй, нæдæр ав- торы ныхасæй æргом нæ цæуы Темболат æмæ йæ мады трагеди, хъайтарты миддуне, сæ еоциалон-психологон - рæстдзинад. Поэмæ бакæсгæйæ, мах райсæм иумæйаг хъуыды: мадæн хæст нæ.фæци, мадыл стыр зиан æрцыд, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ нæ асаст, колхозы кусы, раздæ- рау. Æмæ кæронæй — ноджыдæр — иумæйаг ныхæстæ 139
æмткæй мады тыххæй: «Мад у цард, нæ арфæ, цард та у æвæугæ». Уæлдæр дзырдтон иувæрсыгдзинады тыххæй. Цы у йæ аххосæгты сæйрагдæр? Нæ поэттæ алкæд нæ хын- цынц цард æмæ поэзийы алыфарсон, диалектикон ва- зыгджындзинад, адæймаджы миддунейы ныхмæвæрд, рæзгæ-ивгæ хъæздыгдзинад æмæ рæстдзинад, фаг иф- тонг не сты интеллектуалон æмæ эмоцион культурæйæ. Иувæрсыгдзинад фадат нæ дæтты, цæмæй нын поэ- тимæ уа æнгом контакт, æууæндæм ыл æмæ дзы нæхи- цæн æмсагъæсгæнæг скæнæм. Циу амоид? — фæрсы Мæргъиты Къоста æмæ дзуапп дæтты, зæгъгæ, амонд йæхи къахæй нæ цæуы адæймагмæ: «Нæ, амонд тох у, уый ис зиуы, куысты, нæ алы сгуыхты æмæ н’ алы ’нты- сты. Иæхи къахæй нæм никуы цыд, нæ цæуы, уый хиды • ’ртахы агурын фæхъæуы». Раст зæгъы поэт: амонды фыццагдæр æмæ сæйрагдæр бындур сты тох æмæ куыст. Фæлæ канд уымæй кæнгæ нæу. Амонды ахсджиагдæр компоненттæм хауынц уарзондзинад, хæлардзинад, бай- зæттаг, æгæрыстæмæй, æрдз адæймагæн цахæм бакаст æмæ уæнгтыконд ратта, уый дæр. Пухаты Алыксандр йе ’мдзæвгæтæ касти хæхтæн, — нæ йын æмдзæгъд код- той, мигътæ йæм нæ хъуыстой, æхсæрдзæнтæ йыл худ- тысты кæл-кæлæй. Касти сæ хъæдæн, — бæлæстæ йыл чыр-чыр кодтой, сæ сæртæ æнæразыйæ тылдтой. Фæлæ сæ куы касти хуымтæн, уæд ыл æфсиртæ цин кодтой, арфæхæ йын кодтой. Раст у: хуымтæ нæ дарæг сты, фæлæ хæхтæ æмæ хъæдтæм адæймаджы ахаст афтæ уæлæнгай нæу. Поэзи канд æфсиртæ не ’мбарынц, — хæхтæ æмæ хъæдтæм къаддæр æмбаргæдзинад нæй. Æмæ йыл кæд кæл-кæл, чыр-чыр кодтой, уæд азымаг не сты, — азымаг у поэт йæхæдæг, йæ иувæрсыгдзинад. Бæгуыдæр, æрмæст ахæм иувæрсыгдзинæдтæй кæн- гæ нæу нæ поэтты сфæлдыстад, йæ иумæйаг контекст. Мæргъиты Къоста фыссы уарзондзинад, хæлардзинад æмæ æндæрты тыххæй. Пухаты Алыксандр фыссы хæх- тæ, хъæдтæ æмæ аердзы æндæр фæзындты тыххæй. Мæн уый зæгъын фæнды, æмæ нæ поэттæ хъуамæ архайой, цæмæй сын уа сæхи бæлвырд ахаст цардмæ æмæ дзырд- мæ,>фæлæ уыцы ахаст хъуамæ æмуд уа цард æмæ адæймаджы зæрдæйы объективон рæстдзинадимæ, йæ иу цахæмдæ]э фарсимæ нæ, — йæ алы фæрстимæ дæр, 140
ома хъуамæ иувæрсыг ма уа. Поэт цæуылфæндыдæр нæ фысса, хъуамæ йын уына йе ’ппæт бастдзинæдтæ дæр, йе ’ппæт миниуджытæ дæр, æмæ йæ алы æмдзæв- гæйы дæр бæрæг дара, йе сфæлдыстадæн иумæйаг чи хъуамæ уа, уыцы философон-эстетикон дунеæмбарынад. Афтæ куы уа, уæд поэты бон у саразын — уадз уæрæх, парахат ма уæд, фæлæ уæддæр — йæхи поэтикон дуне. Иувæрсыгдзинад æргомæй разыны, хъуыды æмæ эмо- ци кæрæдзийæ иппæрд куы вæййынц, уæд. Козаты Иси- дор тырны афористондзинадмæ, хъуыды æлвæст, хъæд- дых æмæ ирдæй зæгъынмæ. Йе ’мдзæвгæтæн иу стæм- тæй дарддæр ис афористон кæрæттæ. Уыдон арæх ра^ цæуынц уазал зондæй, нæ хæссынц зæрдæйы хъарм, тыхст, равг, ома сын нæ фаг кæны эмоциондзинад. Афористон кæрон чи цæттæ кæны, уыцы хай вæййы ны- майгæ-афыстон — даргъ, ивæзгæ, пассивон. Уымæ гæс- гæ хатт чиныгкæсæгмæ афтæ дæр фæкæсы, цыма дзы уыцы хай ранæй-рæтты бынтондæр куы нæ уа, уæд æм- дзæвгæ уадиссаг ницы фæкайдзæн. Махмæ бирæ ис айдагъ зондæй арæзт, айдагъ зон- дæй амад æмдзæвгæтæ. Зæрдæ дзы активон кæй нæу, дæрддзæф сæм кæй лæууы, кæй йæ не ’ндавынц, уымæ .гæсгæ не сты зæрдæагайгæ, зæрдæмæхъаргæ. Æмдзæв- гæтæ хъуамæ айдагъ зондæй амад ма ’цæуой, фæлæ хъуамæ гуырой зонд æмæ зæрдæйы уарзон æмдзæди- сæй, уымæй дæр, æнæгуыргæ сын гæнæн куы нал уа, æрмæст уæд. Эмоци хъуамæ цæуа хъуыдыйы уавæрмæ, хъуыды та — эмоцийы уавæрмæ. Æндæр - дзырдтæй: эмоци хъуамæ уа хъуыдыджын, хъуыды та — эмоци- джын. Æвæццæгæн, эмоцийыл баст у æцæг поэзийы ахсджиагдæр миниуæг: æмдзæвгæтæ нын дзурынц, дзырдтæ цы дзурынц, уымæй фылдæр. Æмдзæвгæты хъуамæ уа ахæм цыдæр, æмæ хиныхæстæй зæгъæн кæ- мæн нæй, нæ хурхыуадындзтæ нын чи ’рбалхъивы, дисы нæ чи бафтауы, цыма фыцдаг хатт ракæсæм нæ цæс- тытæй, цыма фыццаг хатт уынæм нæхи æмæ дуне, уы- йау,.æмæ нын афтæмæй — уадз уайтагъд æнæразынгæйæ, æнæбафиппайгæйæ — нæ хъуыдыкæнынад æмæ не ’нкъа- рынад чи кæна бæрзонддæр, уæздандæр,- хъæздыгдæр. Уæлдæр дзырдтон дыккагхаттондзинады тыххæй. Ома нæ поэтты æмдзæвгæтæй нынбирæтæ рагæй зонгæ кæй сты, кæддæрты æмæ кæмдæрты ма сыл кæй фем- бæлдыстæм, ногæй нын кæй ницы дæттынц, уый тых- 141
хæй. Бирæ æмдзæвгæтæй нæ зæгъдзынæ, зæгъгæ, ист сты искæцы уацмысæй, фæлæ сын уæддæр авторæн йæ’- хи удвæллой схонæн дæр нæй, уымæн æмæ сæ фæл- гонцтæ, сæ хъуыдытæ, се ’нкъарæнтæ ^зæвгар рæстæ- джы дæргъы фæлхатт кæй цæуынц, уый тыххæй систы иумæйаг поэттæн æмæ чиныгкæсджытæн дæр. Ахæм æмдзæвгæтæ номхуындæй никæй сты, иу конкретон но- мимæ баст не сты æмæ сын уымæ гæсгæ поэтикон рйенхъ- мæ ахæссæн нæй. Æмдзæвгæ куы бакæсай æмæ дзы куы зæгъай: «Уыдис ма, кæцæйдæр æй зонын, фехъуыстон ма йæ», уæд ын уый у карз æмæ раст æфхæрд. Æлбор- ты Хаджумар æрцыд сæ хъæумæ, æппæтдæр дзы аивта, фæлæ йæ сабидуг баззад, куыд уыд, афтæмæй. -Æрбаз- гъо’рдта йæм чысыл сабийы хуызы, поэт ыл цинтæ !кæ- ны, фæрсы йæ фæлмæн æмæ рæвдаугæ. Æмæ дзы кæд ис дзæбæх* фæлгонц: «бæгъæмвад, цъыфамæхст йæ зæнгтæ, йæ сæрыхъуынтæ, хъæрццыгъайы ахстонау, фæйнæрдæм пыхцылтæ», кæд дзы ис адæймагон ’равг, уæддæр у дыккагхаттон, нæ ныл уадзы фыццаг баконды тæлмæн. Кæнэс ноджыдæр: мит æруардзæн æмæ фест- дзæн гæххæтт, талынджы милтæ йыл сæ бæллицтæ ныф- фысдзысты мыст æмæ тæрхъусы къæхтæй. Чысыл кæд йæхирдыгопау фыст у, уæддæр та — дыккагхаттондзи- над. Дзæвгар нæм ис, комкоммæ йæ «гуырæн», йæ рав- зæрæн кæмæн бацамонай, ахæм æмдзæвгæтæ дæр. Зæ- гъæм, Бахъаты Нугзарæн ацыд йæ рæзты зæронд лæг, йæ лæдзæгæй къуырцц-къуырццгæнгæ. Уæдæй нырмæ поэт сагъæсы бахауд: «Æнусон зæронд лæг йæ балцы куыд никуыуал рацыд, куыд никуыуал рацыд!» Ист у Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ «Сагъæс æиæзонгæ æм- бæлæгыл», зæгъгæ, уымæй. Фысгæ дæр æй, Хазбийау, верлибрæй ныккодта. Æрмæст ын йæ конкретондзинад æмæ эмоцион хъаруйæ фæкайдта. Оригиналæй копи у лæмæгъдæр. Дыккагхаттон сты, мæнмæ гæсгæ, цыдæриддæр нæм уарзондзинады æмдзæвгæтæ ис, уыдон — кæд се ’ппæт нæ, уæддæр сæ фылдæр. Диссаг у: уарзондзинадæй ин- дивидуалондæр æнкъарæн нæй æмæ уым æнæиндиви- дуалон стьь нæ поэттæ. Æвæццæгæн, æнусон темæ кæй у, милуангай æмдзæвгæтæ йыл кæй ныффыстой нæ размæ, уьтмæ гæсгæ уым дзырды (хъуыды æмæ эмоцийы) инерци тыхджын у æмæ йæ ныууромынæн хъæуы 142
ахъаззаг хъару. Æвæццæгæн, тынгдæр архайын хъæуы, цæмæй уарзондзинадæн уынæм йæ нырыккон хуыз æмæ тæлфт, абоны æцæгдзинад æмæ дунейы хъысмæтимæ йæ бастдзинад, не ’мрæстæгонты хæрзæгъдауы агуырдты- тæ æмæ ссарæггæгтимæ йæ органикон æмархайд. Уар- зондзинад адæймаджы уды хицæн, хæдбар, автономок къабаз нæу, фæлæ æмдзæрин у адæймаджы царды æп- пæт къабæзтимæ дæр. Æнусон, зæронд темæтæ ног кæ- нынц цард æмæ поэзийы рæзтимæ. Зæгъæн ис, зæгъгæ^ нæй зæронд темæтæ, фæлæ сын ис зæронд кæнæ ног зæлынад, зæронд кæнæ ног хæрзхъæддзинад. Нæ литературæйæн царддæттæг сты æртæ суадоны: ирон адæмы культурон традицитæ, иннæ адæмты ли- тературæты æндæвдад æмæ абоны æцæгдзинад. Уый æппындæр афтæ нæ амоны, æмæ эпигонтау фæлхатт кæ- нæм нæ национ къласикæйы традицитæ, механиконæй исæм иннæ литературæты ’æнтыстытæ æмæ æнцад-æн- цойæ. иллюстраци кæнæм абоны æцæгдзинад. Уыдон хъуамæ цæрой нывгæнæджы зæрд’æйы, аразой дзы æр- дзон симбиоз, æмæ афтæмæй æвдыст цæуа нывгæнæ- джы «æз» æмæ йæ рæстæджы аивадон рæстдзинад, æв- дыст цæуа, нырыонг æвдыст куыд никуыма уыд, афтæ. Литературæ никуы у дыккагхаттон, литературæ кæддæ- риддæр у фыццагхаттон. Уæлдæр дзырдтон, зæгъгæ, поэзи у мæнгард æмæ тæссаг жанр. Поэзийы уыцы миниуæг хауы йе струк- турæйы алы хæпттæм дæр, уæлдай нæу, сæйраг уа æви фæрсаг, зынгæ уа æви æнæзынгæ, егъау уа» æви чысыл, уымæн ’æмæ уыцы хæйттæй алчи дæр у ахсджиаг, æнæ- мæнгхъæуæг,, иуы хыгъдæй дзы иннæмæн рохуаты уа- дзæн нæй, иу дæр дзы уæлдайаг нæу, иу дзы иннæйы кæны йæхи хуызæн. Темæтау, зæронд фæлгонцтæн дæр сæ бон у, æмæ уой зæронд кæнæ ног. Уып поэты гоймагæй кæнгæ у. Йæхчрдьтонау сæ куы нæ фена æмæ куы нæ банкъара, уæд баззайынц æдзæм, æдзардæй. Нæ поэттæм арæх æмбæлы фæлгонц: хъæу, поэзи кæнæ æндæр исты у зæрдæ,-йæ тугдадзинтæ. та — уынгтæ, фæндæгтæ, дæттæ, поэттæ æмæ а. д. Пухаты Алыксандрмæ цæугæдæттæ- тугдадзинтæ алырдæмты цæуынц чи — тагъд, чи сындæг, чи — фынккалгæ, чи — заргæ, иутæ дзы бафтынц ден- джызмæ, иннæтæ байсысыиц хурмæ. Хорз у уый æви æвзæр, поэт сыл цы хъуыды кæны, цахæм ахаст æмæ 143
:йæм цахæм æнкъарæн ис, уый тыххæй ницы базонæм. -Зæронд фæлгонц баззад зæронд фæлгонцæй. Не скуыста, уымæн æмæ йын поэт кусинаг нæ радта. Миндиашвили Сергомæ поэзи у зæрдæ, поэттæ та — йæ тæгтæ æмæ уыцы тæгтæй йæ зарæг «зæллангæй æнæлаз, зæлда- гæй» чи фæкæны, уый вæййы æнусон, æнæмæлæт: Поэт йацархайдта зæронд фæлгонцы фæрцы хъуыды зæ- гъынмæ. Фæлæ хъуыды йæхæдæг дæр зæронд кæм у, уым зæрондæй. баззад фæлгонц дæр. Уымæй дарддæр ма нæу фæд-фæдылон, йæхимидæг фæхæццæ. Иугæр поэттæ тæгтæ сты, уæд ма дадзин туджы уадындз куыд у, — дыууæ дзырды дæр (таг æмæ дадзин) сты сино- лимтæ. Стæй ма нæ уæнгты дадзинтæй иутæ иухуызон зарынц æмæ иннæтæ та — æндæрхуызон, æви се ’ппæ- ты зарæг дæр æмхуызон у? Стæй ма — ноджыдæр—за- рæгæй æрмæст зæлланггæнаг у хорз? Сабыр зæл кæнæ æндæр*уагыл куы цæуа, уæд мæгуырау у? Нæ поэттæм ма арæх æмбæлы фæлгонцтæ: æхсæв, мигъ æмæ æндæртæ æруагътой сæхи, æрæмбæрзтой зæхх кæяæ æндæр исты сау уæйлаг нымæтау-; кæрдæг, хуым æмæ æндæртæ фæйлауынц денджызау æмæ а. д. Уыдон ног хуызы кæй нæ разынынц, фыццаг хатт куы равзæр- дысты, уæд к^ыд уыдаиккой, афтæ, поэты æнæмæнгхъæ- уæг хъуыды æмæ æнкъарæн сæ кæй не сдзурын кæны, уый фæстиуæгæн ницы ахадынц, сæ ног авторты адæмы дæсты цы ’фтауынц, уый йеттæмæ. Арæх нæм у дзырд æмæ фæлгонцы æбæлвырддзи- над. Поэттæ иу предмет иннæйыл абарынц, фæлæ дзы иуæн иннæимæ нæ вæййы æнгæсдзинад æмæ уымæ- гæсгæ нæ аразынц фæлгонц. Миндиашвили Серго: «Къæвдайы ’ртæхтæ, ’рттиваг хъæндилтау, ахсыс æмæ сæ иугай нымайыс». А, æртæхтæ æрттивæгты хуызæн уæд, фæлæ сæ ахсгæ æмæ нымайгæ куыд кæны? Бахъаты Нугзар: «Коммунæмæ Ленин цы поезд ыскъæры, гъе, уымæн зæххы къори — станц». Поезд æндæр плане- тæйæ, миййаг, зæхмæ нæ цæуы, — куыд ын у зæххы къори станцæ? «Æнуссалд шпалтæ, Чингисханы ’фсæд- тау, хъæрзыдтой, хъæрзыдтой». Цæмæй æмæ цæмæн сты шпалтæ Чингисханы æфсæдты хуызæн? Шпалтау рæгъ-рæгъы хуыссыдысты æмæ сыл исчи кæнæ исты лазгæрста? «Афтæмæй мын удæнцой хæссы фарны куыст, рæстуацхæссæг бæлццонау». Куыд у куыст бæлццоны хуызæн, искуыцæй цæуы адæймагмæ æви адæймагæн 144
йæ къухтæ, йæ зонд æмæ йæ зæрдæйæ аразгæ у? Мæр- гъиты Къоста: тулдз бæлас йæ уидæгтæ ауагъта мæры, «’взисты къæрттау». Уидæгтæ — даргъ, дæрзæг, сау, — куыд сты æвзисты хуызæн,- уымæй дæр æвзисты къæрт- ты хуызæн. Арæх абстрактон æмбарынад абарынц конкретон цæимæдæр, æмæ конкретон куы нæ раргом кæны абст- рактоны миниуджытæ, уæд фехæлы фæлгонц. Мах дзу- рæм: «бæлас кæсы рагъæй», æмæ æмбарæм: бæлас кæ- сы адæймагау, цæрæгойау, æмæ фæлгонц у уырнинаг, уымæн æмæ йæ хайджын кæнæм адæймаджы абстрак- тон миниуæгæй: адæймаг кæсы, бæлас дæр .кæсы. Фæлæ адæймаг цæмæй кæсы (ома йæ цæстытæ), уыдон бæ- ласæн куы сфыццаг кæнæм, уæд йæ фæлгонц рауайдзæн цæстуынгæ нæ, фæлæ — цæстæнæуынгæ. Пухаты Алык- сандр: «Æнусон тулдз фæйнæрдæм цъæх цæстытæй кæ- сы». Цы сты йæ цæстытæ? Цъæх сыфтæртæ æви ’æн- дæр истытæ? Стæй йын дыууæ цæсты ис æви æнæнымæц бирæ цæстытæ? Августы мæйы фæвæййы «цъуй зынг цæстытæй арвмæ кæсынмæ». Æвæццæгæн, цъуйæн та йæ цæстытæ йæ сырх гагатæ хоны поэт. Мæргъиты Къоста: дымгæ; бæласы хоста, «сау халонау уымæн уый йæ хъусты уасыд». Цы сты тулдзы хъустæ? Æви уымæн дæр йæ сыфтæртæ.сты хъусты хуызæн? Арæх фæлгонц халынц дывæр абарстытæ, предме- тæн не ’ргом кæнынц йе ’ддаг æмæ мидæггаг хуыз, йæ мидисы хъæздыгдзинад, фæлæ дзы иу абарст слæууы иннæйы ныхмæ, иу дзы иннæмæн свæййы антипод. Мæр- гъиты Къоста: «Сæ дæрзæг агъудтæй æхсæртæ, æхсæр- тæ ,.нæ, — фæрдгуытæ, куыд калдтой рухс хурмæ цæ- хæртæ, рæсугъд чызджыты хъуыртау». Æхсæртæ фæрд- гуыты хуызæн сты æмæ ма уыцыиурæстæг цæмæ гæсгæ хъуамæ уой чызджыты хъуырты хуызæн? Пухаты Алык- сандр:- «Зæххы арф йæ ных фæцæвы экскаватор, куыд уыры», æмæ: «Афтæ ма уæйыг-æвдсæрон аргъæутты фæкалы зынг». Цахæм æнгæсдзинад ис уыры æмæ уæ- йыгæн? Дыууæ абарсты канд кæрæдзийы ныхмæ не сты, (Ьæлæ ма не ’вдисынц экскаваторы миниуджытæ дæр. Чи зоны, экскаватор уæйыджы хуызæн фылдæр у, фæ- лæ конкретон — æвдсæрон, зынгкалæг — уæйыгимæ йын ницы иудзинад ис. «Тыхдымгæ бæлæсты æлвыны, цæгъ- ды, Ацæмæзау, йæ уадындз». /Бæлæсты фыдудæй чи мары, уыцы тыхдымгæ уыцыиурæстæг куыд хъуамæ за- 10. Дзуццаты X. 145
ра Ацæмæзау? Æви поэт не ’нкъары тыхдымгæ æмæ Ацæмæзы уадындзы ’хсæн цæхгæр хицæндзинад? Алыхуызон æмбарынадты ’хсæн контраст — абстрак- тон æмæ конкретоны ’хсæн, стыр æмæ чысылы ’хсæн, рæсугъд æмæ фыдуынды ’хсæн, бæрзонц æмæ ныллæджы ’хсæн — йæхимæ домы арæхстгай, лæмбынæг хъусдард æмæ ахаст, цæмæй æмдзæвгæйы уа аивадон логикæ, уа дзы æххæст, æнæхъæн, уырнинаг фæлгонц. Минди- ашвили" Серго: «Стæх, уæдæ, æфхæрд зæрдæ, бæрзонд- дæр! Дугтæ. дæм фырхæлæгæй куыд мæлой. Уадз æмæ цæхæртæ кал бæрзондæй, зарæг дæ куыд абуза къуымæ- лау!» Рифмæтæ бæрзонддæр — бæрзондæй цас æдзæл- лаг сты, ууыл куы нæ дзурæм, уæд уды тырнынад, зарæг бæрзонд куыд хъуамæ уой, кæд æмæ абузой æр- мæст ныллæг æмбарынад — къуымæлау? Бахъаты Нуг- зар: «Рагæй мæм чъылдымздæхт у маст, фæлæ сусæг хъуырдухæны сурс дæн». Каед æм маст æввахс нæ цае- уы, уæд ма хъуырдухæн чердæм кæны? Æви маст æмæ хъуырдухæн хæстæг æмбарынадтæ не сты? «У рæсугъд мæнæн мæ уарзон, фæлæ мæн хъæуы рæсугъддæр», æмæ: «У рæсугъд мæ Иры бæстае, фæлæ мæн хъæуы рæсугъддæр». Поэт хъуамæ хатид: ахæм контрастæй йæ къух исы йæ уарзон æмæ йæ Иры бæстыд, омр йæ хъæ- уьшц æндæртæ, уыдонæй рæсугъддæртæ. /Ьвæццæгæн, поэт зæгъынмæ хъавыд, зæгъгæ, рæсугъд сты мæ уар- зон æмæ мæ Иры бæстæ, фæлæ мæ фæнды, цæмæй уой ноджы рæсугъддæр. Фæлæ уый зæгъын хъуыд бæл- вырд, æвауццаг ныхæстæй. Нугзар Мамсыраты Темыр- болаты тыххæй æмдзæвгæйы райдайæны зæгъы: «Мый- йаг кæд æцæгæлон адæм дæ ингæныл байтыдтой сындз». Æмæ дарддæр: Иры уæлмæрдты йын скодтой хай, аф- тид ингæн, йæ номыл ын ныссагътой наз. Æмæ кæро- нæй: «Дæ раттæг фыдызæ^х дыл риссы, уый де ’рцыд- мæ ’нхъæлмæ кæсы». Хуымæтæг логикæмæ гæсгæ, кæд Темырболатæн æцæгæлон зæххыл ныгæд у йæ мард, ам дæр ын ис афтид ингæн, уæд ма йæм Ирыстон куыд кæсы æнхъæлмæ? Чи зоны, авторы фæндыд символи- конæй зæгъын поэты фыстыты тыххæй, фæлæ уымæн дæр фаг бындур нæй: уыдон нæм, се сфæлдисæджы хъауджыдæр, æрцыдысты, кæд æххæстæй нæ къухты не сты, уæддæр. Козаты Исидор: мæлын зын у, «фæлæ æз мæлæтмæ дæр бæллын, кæд æрмæст рæсугъддæр уа мæ цардæй!» Мæлæт куыд æмæ цы хуызы æрцæудзæн, 146
уый махæй кæнгæ нæу, фæлæ адæймаг рæсугъдæй куы цæрэ, уæд ныфеджынæй зæгъæн ис, зæгъгæ, йæ цардæн фыдуынд кæрон нæ уыдзæн. Мах стæм ассоциативон фæлгонцты фарс. Фæлгонц цас фылдæр æмæ ногдæр ассоциацитæ æвзæрын кæна, уыйас йæ ахадындзинад у бæрзонддæр. Ассоциативон фæлгонцтæн алкæд хуымæтæг логикæмæ гæсгæ «нор- малон æгъдау» нæй, — уыдон кусынц æмæ цæрынц аи- вады бæрзонддæр логикæ — поэтикон логикæмæ гæсгæ. Фæлæ æнæ логикæ никуы вæййынц æмæ уой, уый гæ- нæн нæй. Дзырд æмæ фæлгонцы æбæлвырддзинад у хъуыды æмæ æнкъарæны æбæлвырддзинад. Интеллек- туалон æмæ эмоцион хаос, иуæрдыгæй, æмæ æмдзæв- гæйы формалон дæсныйады хаос, иннæрдыгæй, — фыц- цагæй æвзæры дыккаг, фыццагæн дыккаг у йæ айдæн, йæ сурæт. Фылдаер хатт сын фæхицæнгæнæн нæй. Ацы хабармæ уæлдай сæ хъус хъуамæ æрдарой- Бахъаты Нугзар æмæ Миндиашвили Серго. Арæх предмет цæуыл абарæм, уый хъуамæ предме- тæн канд йæ бакаст, йæ архайд, йе змлæд, ома йе ’ддаг миниуджытæ ма ’вдиса, — уыцыиурæстæг, уый хъуа- мæ æвдиса предметæн йæ мидис, йæ мидæггаг миниу- джытæ. Æндæр дзырдтæй: абаргæ предметтæн хъуамæ уа æддаг æнгæсдзинад æмæ эмоцион-эстетикон хæстæг- дзинад. Æлборты Хаджумар: «Хур — хæлуарæг, бæлæс- ты къалиутыл йæхицæн ахстон бийы». Чи зоны, æдде бакæсгæйæ абарст раст у, фæлæ хæлуарæджы хуызæн хур йæ цахæм мидæггаг миниуджытæй у? Цымæ хур нæ фæхъыг уыдзæн? Бахъаты Нугзар: «Рындзыл, урс- урсид ссЯдау, мит фæлдзæгъдæнæй куы уары, — уый Чингисханы æфсадæн дымгæ йе ’ртхутæг луары». Æд- даг змæлд æмæ бакастæй митæн гæнæн ис, æмæ уа ссады хуызæн дæр æмæ æртхутæджы хуызæн дæр. Фæлæ мидхæстæгдзинадæй та? Ссад ма ,фидауы ми- тыл, фæлæ мит дæр æмæ ссад дæр куыд хъуамæ æр- лæууой иу эмоцион-эстетикон рæнхъыл адæймаджьг æртхутæгимæ, уымæй дæр Чингисханы æфсады æртху- тæгимæ? Абарст нæм æвзæрын кæны æнæхцон æнкъа- рæн. Козаты Исидор: «Уæраджы онг нынныхсти аæххьг дыргъдон, цыма йыл бачынд хъадамантæ раст». Дыргъ- донæн йе ’ддаг хуыз, чи зоны, афтæ у æцæг, фæлæ дыргъдон йæ фæрнæйдзаг, бархи бæркад ’гхæссы æх- сызгонæй (уый йæ царды мидис у) æмæ йын ницы иу- 147
дзинад ис, хъадамантæ кæуыл бачынд, ахæстоны >чи бады, ахæм адæймагимæ. Пухаты Алыксандр: «Комы дон ыскалдис хидæй, цъити дурæнкъуыст фæцис!» Уал- дзæджы æрдз .райхъал, раудæгас, цъити стæфст, тайы æмæ, æдде бакæсгæйæ, æцæг у, йæ уыргтæ кæмæн рис- ■сынц, дурæнкъуыст чи фæци, ахæм адæймаджы хуызæн. Фæ’лæ цъити æмæ дурæнкъуыст эмоцион-эстетикон æгъ- дауæй куыд дард лæууынц кæрæдзимæ! Цахæм æнæ- мбæлгæ ассоциаци у! Уæдæ ма æндæр цы вæййы фæл- гонцы мæнгарддзинад. Де ’вдисыны объектæн уы- ныс йе ’ддаг хуыз æмæ йын не ’ргом кæныс йæ харак- теро’н, сæйраг миниуджытæ, йæ арф æмæ ахсджиаг мидис. Поэтикон культурæ хæсджын кæны алы поэты дæр: кæд æй фæнды, ’æмæ йыл поэзи мæнгардæй, хинæй ма зила, æнæпоэтикон раны йæ ма ’вæра, уæд йæ куысты, йæ фыдæбоны райдайæн æмæ кæрон хъуамæ уа дзыр- ды æнусон æмæ нырь1ккон æгъдау — æнæмæнгхъæуын-. дзинад, Æнæмæнг цы нæ хъæуы, уымæн поэзийы нæй бынат. Чи зоны, йсчитæ зæгъой, зæгъгæ, 1975-æм поэтикон языл дзургæйæ, æз нæ загътон алы поэты æппæт æм- дзæвгæты тыххæй, кæнæ хицæн поэтты æмдзæвгæты тыххæй, кæнæ поэзийы æппæт фарстыты тыххæй. Уый расг у. Фæлæ афæлгæстон уацы алцæй æмæ алкæй тых- хæй дзурæн нæй, стæй æнæмæнгхъæуæг дæр нæу. Æз дæуыл æрдзырдтон—хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр, уыдон алкæмæндæр (бынтон кæй кой не скодтон, уы- цы поэттæн дæр) сты иумæйаг æмæ сыл хъуамæ хъуы- ды; кæнæм не ’ппæт дæр. Æз, мæ бон цы у, уымæй, ар- хайдтон, цæмæй уыдаин объективон. Каед мæм исты субъективонæй ис, уæд уый у мæ фæндон: нæ поэзи уа æцæг поэзийы хуызæн, нæ цард æмæ нæ дуджы аккаг, æмткæй фæбæрзонддæр уа йæ идейон-а.ивадон хæрз- хъæддзинад. 1976 148
ИВГÆ ДУНЕИЫ ИВГÆ ПОЭЗИ Поэзийыл хибарæй дзурæн нæй. Поэзийыл дзурæн ис цард æмæ рæстæгимæ æмбастæй, уымæн æмæ поэзи кæддæриддæр гуыры царД æмæ рæстæгæй. % Нæ абоны цард æмæ рæстæгæн характерон сты ахъаз- заг социалон змæлдтытæ, алыхуызон идеологиты æнæ- ауæрдон быцæутæ æмæ хæстытæ, зоыадон-техникон рево- люцийы амæй-аи диссагдæр уæлахизтæ. Мах хъуамæ адæймаджы æрдзыхъæд афтæ рацаразæм, æмæ дзы хъуамæ æлдариуæг каеной æнусон, æнæмæлгæ \монц- тæ— адæймаг хъуамæ райгондæй куса, араза æмæ фæл- диса, адæймагады мыггаг адарддæр кæна æмæ йæ ба- вæра, зæхх æмæ æрдз мæлæтдзаг фыдбылызæй бахиза,. адæймаг йæхи базона æмæ царды мидæг фидарæй сбæл- вырд кæна йæ бынат, йæ нысаниуæг. Мах хъуамæ ныб- - биноныг кæнæм нырыккон хъуыдыкæнынад, ома хъуа- мæ хъуыды кæнæм абоны раззаг, прогрессивон идеятьг æмвæз, хъуыды кæнæм планетаронæй, интернационæй, аккаг аргъ кæнæм алы адæмты — стыр уой æви чы- сыл, уæлдай нæу — культурæты хæдбындурæн, национ’ æвзæгтæн, аивадон хæзнатæн, хъуыды кæнæм перспек- тивонæй, абон’ уынæм фидæны тенденцитæ, уынæм цард æмæ рæстæгæн сæ иугæндзон ивынад. Мах ивæм дуне* дуне ивы мах. Нæ абоны цард æмæ рæстæг домынц, цæмæй тыйг сырæза адæймагдзинады критери. Буржуазон-реакцион æхсæнад, аивад æмæ литературæ тауынц дегуманизаци- йы марг, стауынц тыхми, æфхæрд æмæ фыдгæнд, адæй- маджьг кæнынц æнæадæймагон. Мах тох кæнæм адæй- маг æмæ адæймагдзинады сæрвæлтау, æппæт амæлттæй архайæм, цæмæй сæ бахъахъхъæнæм, цæмæй адæймаг æнæмæнг ^уа адæймагон, тох кæнæм, адæймагмæ цыдæ- риддæр æнæадæймагонæй ис, уый ныхмæ. Ныры хуызæ» цæхгæр æмæ карзæй никуы ма лæууыд гуманизмы фарст: Ныры хуызæн бæрнон æмæ алывæрсыгæй никуьг ма цыд скъуыддзаг гуманизмы коммунистон æмæ æп- пагтадæймагон мидисы фарст. Мæнæн мæ бон зæгъын нæу, зæгъгæ, нырыккон ирон поэзи ’фагæй дзуапп дæтты нæ абоны цард æмæ рæстæ- гæн. Фæлæ дзы ис, абон советон адæм цæмæй цæрынц, тынг сæ цы ’пдавы, сæ гуманистон идеал бæрæгæй кæм зыны æмæ кæм улæфы, ахæм æцæг аивадонуацмыстæ.. 149
Æз се ’ппаеты кой нæ кæндзынæн, сæ авторты нæмттæ сын фæд-фæдыл халæй нæ ранымайдзынæн, уымæн ,æмæ банысан кæнинаг дæн нæ поэзийы, мæ хъуыдымæ хæсгæ, сæйраджыдæр хъус æрдарын кæмæ хъæуы, æр- мæст уыцы иумæйаг бæрджытæ. ^Хъус æрдаринаг дзы цы ис, уымæ хауынц йæ ал- æмблайы дунейы тыххæй æмдзæвгæтæ. Æрдз хъо- мысджын сæудæджерадон-техникон’ тыхтæй сæтгæйæ, йæ хæрзиуджытæ йын æнæауæрдонæй исгæйæ, адæй- магад æрæджиау бамбæрста, зæгъгæ, æрдзыл ахæм зи- æнттæ сæмбæлд, æмæ йын тас у сихсийынæй, уымæ гæсгæ дзы бацыд æрдз бахъахъхъæныны мæт. Адæм иезамаяæй фæстæмæ сæхи кæмæй хъахъхъæдтой, уый сын ныр сæхицæн хъахъхъæнинаг фæци. Уыцы уавæ- рæн Джыккайты Шамил есардта аккаг поэтикон жанр — «Авдæны зарæг назы талайæн». Назы талайы Хуызы -æмткæй æрдзмæ кæеы, цыма сывæллонмæ, афтæ, дзуры йæм, ирон фольклор æмæ къласикон поэзийы авдæны зарджыты фæлмæн, аудгæ хъæлæсуагæй: «Айрæз... Ма сæмбæл фыдлæгыл». Поэт йæ уарзон ахаст æрдзмæ улзвæры фыдлæджы хæрам ахасты ныхмæ. Æрдзмæ ахаст у адæймагмæ ахаст. Мæргъиты Къос- та базары куы федта, уæрцц куыд уæй кæны чидæр æмæ йæ цæстыл куы ауад, чидæр ын йæ хурхыл кард куыд авæрдзæн, уæд æй йæхæдæг балхæдта æмæ иæ ауагъта: «Уадз хъусон уымæн зад хуымæй æдзухдæр Иæ «уæрцц-быллыхъ», йæ базырты пæр-пæр!» Кæнæ райсæм Гуыцмæзты Алешы æмдзæвгæ «Куыдзы мæ- лæт». Иæ хицау-ус ын къæбæримæ радта марг, мæлы æмæ йæ къæбылаты нал уадзы йæхимæ: «Нæ йæ зыдта, фæлæ æнкъардта — мад уыд!*— Хъæстæ у ныр, йæ рыст ^буары марг и. Ысхуыста сæ йæ бырынкъæй рæвдаугæ. Æмæ куыдта. Æмæ кæугæйæ марди». Хицæн, конкре- тон цаутæ æвдисгæйæ, æртæ поэты дæр æфхæрынц жнæадæймагдзинад, сидынц адæймагдзинадмæ. Адæймагдзинад нын нæ зæрдæ бацæвы, поэттæ ив- гъуыды тыххæй, историон-культурон цыртдзæвæнты тыххæй куы фæдзурынц, уæд. Чеселтгомы Хъолайы мæ- сыг хъæубæстæ кæй фехæлдтой, хæдзæрттæ дзы кæй фæ- цамадтой, уый Хъодзаты Æхсарæн хъыг у, æмæ йæ кæд Хъолайæн хорз фæнды (гуыра сæм Бегайы хуызæн ^ъæбатыртæ, фыдбылызæй хызт уой), уæддæр сын æр- гом зæгъы рæстдзинад: «О Хъола! Ныр уæ хæдзæртты 150
бындуртæ Æмбисæхсæв куы райдайой ныхас Лæджы ’взагæй — нæ уындзыстут хæрзфынтæ, Уæ дзидзидай- тæ авдæнты кæудзысты...» Кæнæ йе ’рвад Хъассым 60 азы фæстæ фæсарæнæй йæ райгуырæн Ирыстонмæ куы ’рыздæхт, уæд æй поэт аласта Куырттаты коммæ: «Касти нæ хæцæн мæсгуытæм, рох зæппадзтæм. йæ цæссыг лæдæрсти, афтæмæй сыл-иу йæ арм авæрдта, цыма сын сæ хъарм йæ буары æцæгæлон зæхмæ ала- синаг уыди». Йвгъуыды цыртдзæвæнтæ, алфæмблайы зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ — адон цæрынц / миййаг сæхи тыххæй нæ, фæлæ адæмы тыххæй, адон сты канд райгуырæн бæстæ нæ, фæлæ ма уды бæстæ. дæр. Ирон адæмæн сæ райгуырæн бæстæ сæйраджыдæр сты сæ хæхтæ. Уым адæмы зынвадат æмæ тыхст цард тыхджын æвдисгæйæ, ирон поэзийы къласиктæ Мамсы- раты Темырболат, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Гæдиаты Цомахъ, Нигер, Æрнигон Илас, Багъæраты Созыр æмæ æндæртæ уыцыиурæстæг тыхджын æвдыс- той хæхтæм сæ уарзт, алыхуызон ахорæнтæй сын ныв кодтой се ’вæлхатт, æнахуыр адджын фæлпонц. Уыдо- нæн сæ фæсонæрхæджы дæр никуы базмæлыд ахæм хъуыды, зæгъгæ, адæм сæ хæхтæ ныууадзой æмæ æн- дæр искуы æрцæрой, æндæр искуы амондыл фæхæст уой. Уыдон бæллыдысты, цæмæй адæм сæ уарзон хæх- ты ссарой адæймаджы аккаг цард. Уымæ гæсгæ хæхтæй æндæр рæттæм, быдыртæм лидзын нæ уыд арфæйаг хъуыддаг нæдæр Октябры революцийы агъоммæ, нæ- дæр йæ фæстæ. Абон нæ парти æмæ нæ хицауад арха- йынц ууыл, цæмæй хæхтæ ма федзæрæг уой, цæмæй сæм сырæза фæндæгтæ, бацæуа сæм рухс, хайджын уой нырыккон цивилизаци æмæ культурæйы хæрзтæй, цæ- ^мæй хæхтæ адæмæн рæдауæй хæлар кæной се ’видигæ материалон æмæ эстетикон хъæздыгдзинæдтæ. Уыцы лолитикæ дзуапп дæтты адæймагдзинад, хæрзиуæг æмæ фидауцы закъæттæн. Райгуырæн уæзæджы дур, зæгъгæ, уый хъысмæтыл сагъæс кæнгæйæ, Æлборты Хадзы-Умар æрцæуы арф, иумæйаггонд хатдзæгмæ: иунæгæй куы баззайы, куы ни- кæй уал уыны, уæд — «Дур амæлы Æмæ свæййы йæ- хицæн Ингæны дур». Цæмæй афтæ ма уа, уый чи ’мба- ры æмæ уый æрцæуын чи нæ уадзы, уыцы ^адæймæгтæй поэзи у буц æмæ сæрыстыр, бæрзонд сын æвæры сæ ар- хайд æмæ сæ уагахаст. Хъодзаты Æхсар радзырдта зæ- 151
рæмæгаг зæронд усы хабар: хохы фахс æрлæбырд, хæ- дзар афæстытæ, фæлæ дзы ус уæцдæр æндзары арт. Чидæртæ йын куы фæдзæхсынц, зæгъгæ, дæ къæс ныу- уадз, сахары райсдзынæ цæттæ уат æд хинайæн, æд газ, уæд сын дзуапп радты, зæгъгæ, «кæндзæн æндæр бынат æндæр ад», нæ сæм байхъуыста æмæ йæ уыйадыл «зинтысайд» рахуыдтой. Æмдзæвгæйæн юмористон равг ис, фæлæ цæры серьезон хъуыдыйæ, ома поэт зæронд цард, патриархалон цардуаг идеализаци нæ кæны, сен- тименталон-æппæтбаронæй йæ фарс нæ.хæцы æмæ йæ ног цардæй хуыздæр нæ хоны, фæлæ иугæр адæймаг афтæ æнувыд у йæ уæзæгыл, йæхи дзы атонын нæ фæ- разы, уæд æм сахайраг царды уавæртæй цы ’мбæлы, уый йын хъуамæ йæ уæзæгыл уа, сахармæ йæм ма ныц- цæуа,— йæхæдæг æм хъуамæ æрбацæуа хæхтæм. Патриархалон цардуаг æмæ патриархалон зæрæдтæ йæ зæрдæ кæмæн афæлмæн æмæ атæнæг кæнынц, ирон национ хæрзæгъдауы хуызæг кæмæ кæсынц, ахæм поэт- тæ нæм ис. Сæ уацмысты сын цал зæронд лæг кæнæ усы фенæм, сæ хæларзæрдæ æмбисонд кæмæн у, алкæ- мæндæр лæггад чи кæны, алкæй дæр чи рæвдауы,. зна- джы раз дæр хуын чи авæры. Ахæм хорз, цыма, у уæл- цардон æмæ уæлрæстæгон, зæххон ныхмæвæрдтæй ир- тæст. Ахæм хорз у йассивон æмæ уымæ гæсгæ райсинаг нæу. Фыд тынг активон у æмæ фыдæй хъуамæ хорз тынгдæр уа активон. Фыд бирæхуызæттæ у æмæ йын йæ алы хуызтæ дæр хъуамæ æфхæрæм, тох кæнæм сæ ныхмæ — искæмæ дæр æмæ ’нæхкмæ дæр, куысты дæр æмæ хæдзары дæр, уынджы дæр æмæ фынгыл дæр, кæннод æхсæнадон хъуыды хорз æмæ фыд кæрæдзийæ нал хицæн кæндзæн, фыд уыдзæн хорз, хорз та — фыд. Джыккайты Шамилмæ дыууæ æфсымæрæй хис- дæр у даваг, æдзæсгом, кæсдæр — кусаг, намысджын. Æмæ цы? «Ысбонджын хисдæр давынæй. Ыскодта мул- кæй ном». Кæсдæр куыста æхсæвæй-бонæй, кæмæн-йу сарæзта истæмæй йæ къух, уыдон дæр ын йæхицæн - нæ, — це ’фсымæрæн кодтой арфæтæ. Æрмæст мæгуы- рæй куы амард, уæд ын «рухсаг» йæхицæн загътой: «Куывтой, уæдæ куыд вæййы, Кæйдæр хæрнæг куывд вæййы!» Ддæймагмæ цы ’мбæлы, уымæй йын макуы хъуамæ кæнай мадæр уæлдæр, мадæр дæлдæр аргъ. Цуанон маргъ хъыргъыйы йæ- хицау схуыдта хъан, скодта йын 152
куывд, адæм ын алыхуызон лæвæрттæ фæхастой, йæ хъуырыл ын сауыгътой - æнæнымæц бибитæ-хорзæхтæ, суæззау сты йæ базыртæ, зæрдæ фиу сæвæрдта. «Зæх- хæй, кæс, ыстахт!.. Æниу Рыпп фæцыд йæ уæлвæд: Зæрдæ атъæпп æмæ цъиу Цъыфдзасты ыстæлфыд». Æхсæнадон хъуыдыйьь негативон, ан^ипуманон фæрстæ æмæ фæзындтæ фаугæйæ, Шамил уыдоныл дзу- ры юмористонæй, хъазæгау, мидбылхудæгау, ома не сты адæймаджы аккаг æмæ сæ хъуамæ адæймаг йæ сæрмæ макуы ’рхæсса. " . * Фыдхæссæг, ома фыдлæг, æнæазымæй кæй амардта, уыцы æрыгон усгур лæппуимæ æмвæндæй Плиты Фе- ликс фæрсы: «Цæй, хорз, фыццаг хатт æз нæ мæлын. Æрмæст... нæу иу хъуыддаг бæрæг: Нæй ам мæ марæг> ио уæлæуыл... Цæмæн? Бындз уыдтæн æви лæг?!» Фыд- лæг, ома бирæгъ, кæй сайы æмæ кæй æлвыны, уыцы сабыр, æнæхин адæймагимæ дæр æмвæндæй Феликс фæрсы: куыд цæра фысæй? Сбирæгъ уа \æмæ ма уæд адæймаг уыдзæн? Бæргæ, бирæгъ, йæхæдæг куы сфы’с уаид, фæлæ кæм — фысы цдрм æркæны йæ уæлæ. «Цæй, ныр^мæхицæн зæгъин: Гъе, фыслæг, сыджы?- мæ — цырддæр! Фæлæ фæсмойнаг фæуин: Бирæгъ фæ- хæры сыджыт дæр». Поэт нæм æргомæй æнæ сидгæйæ сиды,. цæмæй æнæрастдзинады раз пассивон ма уæм, цæмæй нæм уа социалон æмæ адæймагон активондзи- над. - * - Хохаг хъæуыл фысгæйæ, Гуыцмæзты Алеш хуымæ- тæг деталтæ ’æмæ цæстфлппаинæгты фæрцы (кæд ал*- кæм йæ рæнхъытæ хæрзарæзт не сты, уæддæр) махæя æмбарын кæны, хъæуы цæрджьгтæ .кæй сцъус сты, канд уьгй нæ, фæлæ ма дз’ы адæймаг йæхи иунæг кæй хаты, уый* дæр. Алы хæдзар дæр дзы йæхи йæ зымæгон кæр- цы нынныуæрста, афтæ зыны, цыма дзы æнустæм адæм цæрдзысты иугай:* «Æнкъард, æрхæндæг ^комы хуыз^ Æфтауы тасы ризæг куыйтыл. Каерæдзийæн æвæрьпйс ныфс — Рæйынц сæ кæрæдзимæ былтæй», — ацы рæн- хъытæн ,сæ фæстæ зынынц хиисадон, хиæфтиагон тен- денцитæя эгоизм æмæ индивидуализм. Иæ бон нæу, разы сæ уа^райса сæ, семæ бафидауа. - ■ % Ныллæг æмæ бæрзонд—ацы контраст бирæвæрсы- тæй, царды æндæр æмæ æндæр къабæзты æвдадзы хос у нæ поэзийæн. Хъодзаты Æхсар скульптор Едзйон Сос- лæнбеджы куыст бары ницæйаг уæвæгойты куыстимæ. 155
Куыст абстрактон æмбарынад нæу. Цæмæ у здæхт-г- æрмæст хи схъæздыг кæнынмæ æви адæмæн пайда æр- хæссынмæ? Ныллæг у æви бæрзонд? «Æндзæрста чидæр хи гуылы бын арт», æндзæрста арт Едзион дæр, куыста æмæ хæцыд дуртимæ, æмæ ныр куы нал ис, уæд — «Хæцы йæ бæсты Хурхоры бæрзондыл Хæцаг калмимæ «Уастырджи» — цæрдуд», ома йæ куыст, йæ уацмыстæй йæ мæлæты фæстæ дæр лæггад кæны адæмæн. Адæм хъуамæ ерыс кæной, чи сæ фылдæр дзаумæттæ, мулк æрбассивдзæн, ууыл нæ, фæлæ сæ чи фылдæр адæймаг- дзинад, хæрзиуæг, фидауц ссардзæн æмæ райсдзæн, ууыл. Ныллæгæн хъуамæ йæ аргъ ныллæг уа, бæрзондæн та — бæрзонд. Ходы Камал къæрцхъусæй ацахста ар- мукъайы уынæры кæсагуæйгæнæджы хъæлæс: «Кæй ма хъæуы кæсæгтæ?! Сæрджынты килр — сомырдæг! Æнæ- сæртæ та — сом!» Юмористон-худæг экспромт хæцы бæрзонд, æххæст адæймаджы фарс, йæ асламгæнджыты йын цæсты æфтауы, кæны сæ фидиссаг. Бæрзонд темæтæ арæх.свæййынц æгъуыз æмæ æнæ- ад, поэттæ сæ уыцыиухуызонæй куы фæлхатт æмæ куы эксплуатаци кæнынц, уæд. Ахæм у мады темæ. Цас нæм уыд æмдзæвгæтæ, мад йæ зынгхуыст хъæбулмæ кæнæ йæ сæрыхицаумæ æрыздæхынмæ куыд æнхъæл- мæ кæсы, уый тыххæй! Цæрукъаты Алыксандр æй йæ- хирдыгонау фæзылдта æмæ сног, раздæхта йын йæ адæймагдзинад. Мад, йæ лæг æмæ йæ фыртмæ æнхъæл- мæ кæсгæйæ, амард: «Хæстæг æрлæуут сау къæй-цырт- мæ: Сылгоймаг — саударæн кызы, Цыма йæ лæг æмæ йæ фыртмæ Æнхъæлмæ абон дæр кæсы!» Æнхъæлмæ сæм кæсы мардæй дæр — уымæй зæронд темæ кæны арфдæр æмæ тыхджындæр. Кæнæ цахæм æнæнхъæлгæ фарсæй æрлæууы нæ цæстыты раз ирон сйлгоймаджы темæ, Джьжк^айты Шамил æй интернацион хæстæгдзи- бэды ~'р~дæм~~куы фæзылдта, уæд: «Ды скодтай махæн адæмты æрвад: Уыдтæ Уырысы Невскийæн йæ нана, Гуырдзыйы зæд Тамарæн та — йæ мад». Национ æмæ интернационы ’хсæн æмбастдзинад йæ- тси уæлдай ирддæр æргом кæны, ирон поэттæ æндæр адæмтæ æмæ æндæр бæстæты тыххæй куы фæфыссынц, уæд., Уыцы æмдзæвгæтæ не сты æрмæст «туристон» уацмыстæ æмæ сын кæд афтæ схонæн ис, уæддæр сæ хæрзхъæддзинад раздæры хуызæн нал у. Цæмæн цæ- 154
уæм æндæр бæстæтæм, уым цы агурæм æмæ уырдыгæй цы хæссæм? Айдагъ, географион хицæндзинæдтæ, экзо- тикон диссæгтæ? Нæ, — цæхгæр зайгъы Цæрукъаты Алыксандр. Цы схæссид дард балцæй? Пальмæты тæф, змисбыдырты хус æндæвд, урс ихты æрттывд, абухгæ вулканты тæвд, алы адæмты мидбылхудт, алы æвзæгты зæлтæ, ома сын базонид æмæ сын йæ риуы нывæрид сæ удыхъæд, сæ зонд æмæ сæ зæрдæ. Цæмæн? «Не ’муд зæрдæты къæрттытæй Скæнин иу æхсар-зæрдæ», «Æмæ мин цардæй фæцæрин». Иу адæймаг æмæ иу адæмы цардæй нæ, фæлæ бирæ адæмты цардæй цæрынмæ тырнгæйæ, ирон национ поэ- зийæн арфдæр æмæ уæрæхдæр кæны йæ æппæтадæйма- гон мидис. Иæ балцытæ цæуынц канд тыгъдады нæ, фæлæ ма рæстæджы дæр, канд иу бæстæй иннæмæ нæ, фæлæ ма иу рæстæгæй иннæмæ дæр, абонæй ивгъуыд- мæ. Алы бæстæты хъæлæстæ, алы рæстæджыты хъæ- лæстæ баиу вæййынц иумæ, æмавтортау дзурынц адæй- маджы тыххæй, йæ ных цæвынц, раджы дæр æмæ ныр дæр фыдæй цы уыд æмæ цы ис, уымæн, кад кæнынц, раджы дæр æмæ ныр дæр хорзæй цы уыд æмæ цы ис, уымæн. Ахæмтæ сты Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæтæ Латви ,æмæ Сомихстоны тыххæй, Овидий, Данте æмæ æндæр — рагон æмæ нырыккон — стыр адæймæгты тых- хæй: Ахæм æмдзæвгæтæ ис не ’ннæ поэттæм дæр. Уы- дон бæлвырд кæнынц алы адæмтæ æмæ бæстæты иу- дзинад, алы рæстæджыты хæстæгдзинад (кæд тынг хæдбындур æмæ тынг хæдхуыз сты, уæддæр), бæлвырд кæнынц æппæтадæймагон гуманизмы иудзинад комму- нистон гуманизмимæ. Уыцы æмдзæвгæтæ миййаг сæхи куырмæй не суазæг кæнынц æндæр адæмтæ кæнæ рæстæджыты фæлгонца- дæн, фæлæ, нæхи национ æмæ æндæр национ фæлгон- цады фæлтæрддзинадæй сфæлдыстадонæй пайда кæн- гæйæ^ сты индивидуалон, хæдбар, сæхи хуызæн. Æнæ уый поэзийæн поэзисхонæн нæ уаид, уым искæй фосæй хи фос екæнæн нæй. Уый тыххæй зæгъы Цæрукъаты Алык- сандр: «Мæ уаз дзырдтæ, уæ ныхилæг гуымыдза Сы- мах цъыссымы бакæны зынæй. Æмæ уæ фыд æндæри- мæ куы сфыца, Уæддæр уæ басæн баиугæнæн нæй!» Цæуылфæндыдæр æмæ кæуылфæндыдæр нæ фыссай, хъуамæ дзы кæддæриддæр уа дæхи сæрмагонд «æз». Поэты хæдзаргæнæгимæ абаргæйæ, Алыксандр быно- 155
зæй сулæфы йæ бæллиц: «Тæхуды — иу мусонг! М&хи номыл — æрмæст. Мæхи къухæй — мæхи конд!» «Мæхи номыл», «мæхи конд» — уый аЪюны, зæгъгæ, поэзийы хъуамæ уа алыхуызон стилтæ. Нæ метод иу .у — социалистон реализм, æмæ уыцы иу метод йæхи æргоад кæны алыхуызон индивидуалон стилтæй. Æнæ- мæнг алыхуызон! Дзурынц: «Стиль у адæймаг»,' æмæ иу адæймаг иннæйы хуызæн куыд* нæу, афтæ иу поэт дæр хъуамæ иннæ поэты хуызæн ма уа, кæд сæ иу æх- сæнад радта æмæ сын идейон-эстетикон иудзинад ис, уæддæр. Иу дзы иннæйы хуызæн нæу æмæ ’уыцыиурæс- тæг уыдонæй’ алчи дæр хъуамæ уа æцæг аивдзинады æмвæз. Алыхуызон, ома æнæмæнг хорз! Уый, бæгуыдæр, афтæ нæ амоны, æмæ иу стиль ин- нæмæй у изоляцигонд,- кæрæдзийæн сты алцæмæй дæр æцæгæлон, ницы хæстæгдзинад ис се ’хсæн. Алыхуызон стилтæ æндавынц кæрæдзийыл, хъæздыг кæнынц сæ кæрæдзи. Æмæ к.анд уый нæ. Иуæй-иутæ дзы се ’нгæс миниуджытæм гæсгæ .бакъорд вæййынц иумæ, поэзийы фурды аразынц хицæн стилон гуылфæнтæ. Се ’хсаен сын иртасæм: комкоммæйон реалисТон гуылфæн; ромйнти- кон ахуырст гуылфæн, бадзырдон-ассоциативон туыл- фæн æмæ а. д. Уыдонæй социалистон реализмы пбэзи- йы, уыцы нымæцы ирон .советон поэзийы дæр, иууыл тынгдæр райрæзт комкоммæйон ’ реалистон гуылфæн. Махмæ йын сæрæвæрæн сты Къостайы традицитæ. Уы- цы гуыЛфæнмæ хауынц Нигер, Æрнигон, БагъæратЫ Созыр, Малиты Гиуæрги, Плиты Грис æмæ æндйерты индивидуалон стилтæ, ома практиконæй ирон поэттæн сæ фылдæр хайы стилтæ. Фæлæ нæм уыимæ æмæ; йæ фарсмæ сты иннæ стилон гуылфæнтæ дæр. Уыдон ныр- ма зонадонæй нæ раиртæстам, нæма сын сбæрæг код- там сæ хицæндзинæдтæ æмæ сыл уымæ гæсгæ æдæрсгæ дзурæн дæр-нæй, фæлæ сæ уæддæр æмткæй хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, поэзийы иумæйаг.процесс æмæ уавæрыл куы фæныхас кæнæм, уæд. :. - Мах арæх, поэзийыл ныхас кæнгæйæ, кæд алыхуы- зон индивидуалон стилтæ æмæ стилон гуылфæнта^н сæ миниуджытæ нæ мид-зæрдæйы интуитивонæй хатæм, уæддæр бар-æнæбары хъуыддаг афтæ рауайы, цыма, иуæй,' алыхуызон поэттæн ис иу стиль, сты алцæмæй дæр æмхуызон, иннæмæй, алыхуызон хъуамæ уа иу стиль, хъуамæ алцæмæй дæр уой иу стилы сæрхъы- 156
зойтæ. Афтæмæй, иуæй, алыхуызондзинад æмхуызон кæй кæнæм, æмæ, иннæмæй, алыхуызондзинадæн иу- вæрсыгæй (æрмæст иу цахæмдæр стилмæ гæсгæ) аргь кæй кæнæм, уый нын фадат нае дæтты нæ поэзийы объективон ныв раст равдисынæн. Журнал «Фидиуæг»-ы поэзийы фæдыл дискуссийы хайадисæг Æлборты Хадзы-Умар абон ирон поэзийы рæзт кæй уацмыстимæ бæтты, уыдонæн сæ фылдæр сты, комкоммæйон реалистон стиль кæмæн ис, уыцы поэттæ. Дзуры, уыдон сæ раздзæуджытæй (суанг Къостайæ фæстæмæ) цæмæй хицæн кæнынц, ногæй поэзимæ цы хæссынц, уый тыххæй. Дзуры йыл, сæйраджыдæр поэ- тикон фæлгонцæй куыд пайда кæнынц, поэтикон фæл- гонцæн цахæм ахаст ис,. уымæ гæсгæ («поэтикон фæл- гонц», ома куыд адæймаджы фæлгонц, афтæ нæ, фæлæ куыд аивадон амал, стилы фæзынд, афтæ). Æлборы фырт бары нæ абоны поэзийы уавæр,дæс- фынддæс, азы размæ куыд уыд, уыимæ. Сæ хицæндзи- над сын нысан кæны куыд æмткæй, афтæ хицæн поэтты уацмыстæ æвзаргæйæ дæр. Цалдæр раны кæсæм: «... нæ поэзи абон тырны цард мидæгæй æвдисынмæ, кæны диалектикондæр, аналитикондæр, ~ома рæзы поэтикон хъуыдыйы уæрæх философон баиугонд хатдзæгтæм». «... уымæн йæ хуыздæр миниуджытæй иу у поэтикон фæлгонцы масштабондзинад, рæзынц йæ фæлгæттæ куыд фæйнæрдæм, афтæ æрфæнмæ дæр»; «... фæлгонц райсы арф историон-психологон масштабондзинад»; «Ранымад- гонд поэттæ кæд сæ курдиаты миниуджытæ, сæ фысты манерæйæ алыхуызæттæ сты, уæддæр сæ фылдæрæн ха- рактерон у алфæмблайы дунейы йе ’ппæт ныхмæдзыд- тимæ уынын, поэтикон фæлгонцы полифониондзинадмæ тырнынад». Дарддæр Æлборы фырт нæ абоны поэзи бары нæ къласикæимæ. Поэзийы хуымæтæгдзинад,, дам, азты цыдимæ, иу поэтикон фæлтæрæй иннæмæ кæны вазыг- джындæр. «Æркæсæм-ма, — фыссы Æлборы фырт, — Къостайы «Ирон фæндыр»-мæ: стæм дзы сты цæстуын- гæ поэтикон фæлгонцтæ, хæрх — эмоцион фæлгонцтæ. Ам эмоцион уæзхæссæг сты дзырдтæ сæхæдæг, дзырд- тæ ахæм ахастыты бацæуынц, æмæ нын арф поэтикон æнкъарæнтæй ныццæвынц нæ зæрдæ. Уый æмткæй ха- рактерон у æнудæсæм æнусы къласикон поэзийæн. Уый- хыгъд дыууынæм æнусы поэзийы сæйраг миниуæг сси 157
вазыгджын, уæрæх поэтикон фæлгонц-метафорæ. Ахæм фæлгонц не ’нкъарæнты иу кæцыдæр орган фесхойынæн нæу, уый æндавы комплексон æгъдауæй не ’ппæт æн- къарæнтыл, скусын, ссудзын сæ кæны». Ацы абарстытæ, уæлдайдæр Къостаимæ абарст, куы бакæсай, уæд — фæнда дæ, нæ дæ (фæнда, уæддæр — хъуамæ зæгъай: поэтикон фæлгонцад’ афтæ аивта, ахæм хъомысджын сси, йæ фæрцы ирон поэзи афтæ размæ ацыд, æмæ нæ къласикон поэзимæ уæлæуæзты, йæ уæхс- чы сæрты акаст. Нырыккон поэзи у метафорон, Къоста та — нæу, æмæ уымæ гæсгæ нырыккон поэзи схойы «комплексон æгъдауæй не ’ппæ^æнкъарæнтæ» дæр, Къос- та та — æрмæст «иу кæцыдæр орган», нырыккон поэзийьг уынæм «арф историон-психологон масштабондзинад», «поэтикон фæлгонцы полифониондзинад», Къостамæ та ахæмæй ницы ис. Мах не стæм поэзийы алыхуызон дугтæ кæрæдзийыл абарыны иыхмæ (абаргæйæ базонæм мæнг дæр æмæ æцæг дæр), не стæм поэзийы прогрессы ныхмæ. Кри- тикон реализм аивта социалистон реализмæй, аивтой æхсæнад æмæ адæймаджы æмахастытæ, царды ныхмæ- вæрдтæ, йе змæлынгæнæг Тыхтæ æмæ йæ алыхуызон фæрстæ æвдисыны принциптæ, аивта аналитикондзи- над, историзм æмæ адæмондзинады æмбарынад. Афтæ ма аивта (æнæ ивгæ æмæ йын æнæ рæзгæ нæй) аива- дон, фæлгонцон структурæ дæр, йæ алы компоненттæй дæр бирæ цæмæйдæрты хицæн кæны къласикон поэзи- йæ. Уыцы хицæндзинæдтæ дарддæр æмæ хъæздыгдæр кæнынц къласикон поэзийы традицитæ, æфтауынц сыл — сæ рæстæг æмæ се сфæлдисджыты курдиат æмæ арæхст- мæ гæсгæ — ног хæзнатæ. Фæлæ уыцы хицæндзинæдтæ махæн бар нæ дæттынц, æмæ дзурæм, зæгъгæ, сæ иу дзы æндавы «комплексонæй», се ’ннæ та — «æнæкомп- лексонæй», сæ иу дзы у «масштабон» (кæнæ («полп- фонион») æмæ се ’ннæ та — «æнæмасштабон» (кæнæ «æнæполифонион»), æндæр дзырдтæй, сæ иуы аивдзи- над дзы у хуыздæр æмæфылдæр, се ’ннæйы аивдзинад та — æвзæрдæр æмæ къаддæр. Каед ирон поэзийы бирæ цыдæртæ аивта, кæд «мета- форон» нæ, — «уæлметафорон» дæр сси, уæддæр Къос- тайы фæстагæттæй иу дæр йе сфæлдыстадон æмæ йæ аивадон-æндæвдадон хъадуйæ Къостайы онг не сы- рæзт, никæмæн дзы ис Къостайы хуызæн ахадындзи- 158
над. Къостайы фæстæ ирон поэзийы æнтыстытæ — кæд ын йæ прогресс бæрæг кæнынц, уæддæр — бирæ дæл- дæр лæууынц Къостайы æнтыстытæй, уымæн æмæ поэ- зийы иумæйаг прогресс, уыцы нымæцы йæ абоны прог- реес дæр, нæ радта Къостайы хуызæн стыр курдиат, стыр поэт. Æмæ йын уый миййаг йæ цæстмæ нæ дарæм: Къостайы хуызæн адæймæгтæ истори дæсгай æмæ сæ- дæгай азты дæргъы бацæттæ кæны, чи зоны, искуы иу хатт. Уымæ гæсгæ, нырыккон поэзийы’æнтыстытыл дзур- гæйæ æмæ уыдон къласикæимæ баргæйæ, хъуамæ зо- нæм бæрц, зонæм дзы сæ иуæн дæр æмæ се ’ннæмæн дæр йæ бынат æмæ йæ аргъ. Поэзийы прогресс бæрæггæнæнтæй, æвæццæгæн, сæй- раг у гуманизм, адæймагдзинад. Ивгæйæ æмæ рæзгæ- йæ, поэзийæн йе ’ргом у адæймагмæ, адæймагæн лæг- гад кæнынмæ. Поэзййы иууыл прогрессивондæр сты, адæм æмæ æхсæнадыл гуманистонæй иууыл тынгдæр æмæ фылдæр чи ’ндавы, адæймаджы адæймагон чи кæны, уыцы уацмыстæ, Ленин куыд дзырдта, афтæ дзы адæмы чи у, адæмы æрфытæм дзы йæ ,уидæгтæ чи ауагъта, адæм дзы кæй æмбарынц æмæ кæй уарзынц, адæмы -æнкъарæн, хъуыды æмæ бархъомыс чи иу кæны, уæлæмæ сæ чи исы, адæмæй нывгæнджытæ чи аразы, уыцы уацмыстæ. Ууыл баст у поэзийæн йæ масшта- бондзинЪд дæр, йæ полифониондзинад дæр, йæ аив- дзинады æвидигæ цæрдхъомдзинад дæр. Къостайы хуы- зæн йæ цæргæйæ ирон адæмæй _«адæймагон адæй- мæгтæ» ничи арæзта, абон дæр æмæ сом дæр адæмæй аразы æмæ араздзæн «адæймагон адæймæгтæ». Æмæ кæд абон нæ поэзийы гуманистон райдайæн рæзы> Къостаимæ абаргæйæ йын ис æндæр, ног хæрзхъæд- дзинад, уæддæр махæн нæ бон зæгъын нæу, зæгъ- гæ, уый дæр Къостайы гуманизмы алывæрсыг æмæ бирæрæстæгон хъаруйæ (кæнæ ноджы фылдæр хъару- йæ) лæггад кæны адæмæн. Ленин зæгъы, зæгъгæ, аивад хъуамæ адæм æмба- рой æмæ йæ уарзой. Поэзи адæймагæн æмæ адæйма- джы тыххæй куы куса, адæймаджы хъаймаг рæстдзи- над куы’вдиса, уæд йæ аивадон конд хуымæтæг уа æви вазыгджын, йе ’рхион кæнынæн тых æмæ рæстæг цъус хъæуа æви дзæвгар, æнцон уа æви зын, уæддæр гæнæн нæй, æмæ йæ адæм ма бамбарой æмæ йæ куы бамба- рой, уæд æй ма бауарзой. Абон адæм Къостайы рæс- 159
тæджы адæмы хуызæн нал сты (кæсьщ-фыссын дæр нæ зыдтой), уæд поэзи йæхæдæг цыд адæммæ, ныр канд йæхæдæг нал цæуы адæммæ,— сæхæдæр дæр æм цæ- уынц адæм. Поэзи æмæ адæм кæрæдзимæ цæугæйæ, æнгомæй-æнгомдæр ,кæнынц, бæрзоцдæй-бæрзонддæр исынц кæрæдзийы адæймагон нысан æмæ нысаниуæг. Адæм кæй не ’мбарынц æмæ кæй нæ уарзынц, ахæм иунæг стыр поэт дæр нæй. _.Адæймагдзинад (аивдзина- ды сæйраг бæрæггæнæн) адæмæй хуыздæр чи хъуамæ ’мбара! Уый афтæ нæ -амоны, æмæ адæмæй алчи дæр уайтагъд кæнæ бæстон-биноныгæй, бындзарæй бамба- ры алы стыр поэты сфæлдыстад дæр. Фæлæ йæ æмт- кæй адæм бамбарынц, райсынц æй — кæд .уайтагъд нæ, уæддæр’иу цасдæр рæстæг куы рацæуы, уæд. «Зын- æмбарæн» поэттæ кæй хуыдтой, уыдонæй бирæтæ (Мая- ковский, Нерудæ æмæ æнд.) сæхæдæг фыстой, зæгъгæ, се ’мдзæвгæтæ-иу адæмæн (заводтæ, шахттæ æмæ æн- дæр рæтты) куы кастысты, уæд сæм лæмбынæгæй хъуыс- той, семæ цин æмæ мæсты кодтой, семæ уыдысты æм- сагъæс, æмхъуыдыгæнæг. «Зынæмбарæн» поэттæ кæй хуыдтой, уыдон абон ^мбарынц æмæ уарзынц, ноджы сæ фылдæр бамбардзысты æмæ бауарздзысты адæм. Æмæ канд «зынæмбарæн» поэтты нæ. Æвæццæгæн, иунæг стыр поэт дæр, иунæг курдиат- джын поэт дæр æнцонæмбарæн ’нæу. Уымæ гæсгæ Æл- боры фырт афтæ куы зæгъы, зæгъгæ, нырыккон метафо- рон поэзи (йæ уидæгтæ æмæ йæ ассоциативон фæлгæттæ, дам, арф æмæ дардыл кæй сты, зонд æмæ зæрдæйы, дам, кæй ахъары, æппæт нæ уæвынад, дам, нын кæй базмæлын кæны æмæ, дам, уымæй æмдзæвгæ кæй фæ- уæззаудæр, уый тыххæй) «чиныгкæсæгæй домы бæрæг цæттæдзинад йæ бамбарынæн, йæ банкъарынæн», уæд бафæрсæн ис: цымæ къласикон поэзи йæ бамбарынæн ахæм «цæттæдзинад» нæ домы? Æви йæ уæлцъар, ома йæ формæ, фыццаг бакастæй хуымæтæг кæй зыны, æнæ ныхдуртæй нын йæхимæ фæндаг кæй дæтты, уый тых- хæй ахæм «цæттæдзинад» йæ домы? Бæгуыдæр, поэзи куы ’мбарай æрмæст лексиконæй, грамматиконæй, логиконæй, уæд дæм афтæ кæсы, цы- ма къласикон поэзи æнцонæмбарæн у. Фæлæ дæм аф- тæ æрмæст кæсгæ кæны, уымæн æмæ ахæм бамбары- над бирæ бæрцæй антипоэтикон у. Æмткæй поэзи та, къласикон уа æви нырыккон, домы иууыл уæлдæр бам- 160
барынад — поэтикон бамбарынад. Поэтикон бамбары- надæн та кæддæриддæр хъæуы бæлвырд интеллектуалон æмæ эстетикон цæттæдзинад. ’. Чи зоны, Къоста æдде бакæсгæйæ хуымæтæг, æн- цонæмбарæн кæй зыны,. уый бирæты хъыг дары, цæмæй йæ поэтиконæй бамбарой, уымæн æмæ нæм кæд йа? формæйæ хуымæтæг зыны, уæддæр у, йæ формæйæ нæм хуымæтæг чи нæ зыны, уыдонæй бирæ арфдæр æмæ ва- зыгджындæр — миййаг йæ иу цахæмдæр фарсæй нæ, фæ- лæ йæ алы фæрстæй дæр, йæ поэтйкон формæйæ дæр æмæ йæ поэтикон мидисæй дæр. Æнусы бæрц æй. канд кæс- гæ нæ кæнæм, — ахуыр æй кæнæм, иртасæм æй, фæлæ йын йæ хъæздыгдзинад нæма сæвдæлон кодтам, нæ- дæр æй сæвдæлон кæндзыстæм. Поэтикон хуымæтæгдзинад, Æлборы фырт куыд зæ- гъы, афтæмæй, вазыгджынæй-вазыгджындæр нæ кæны, фæлæ ис алыхуызон хуымæтæгдзинад. Ис хуымæтæг хуымæтæгдзинад (ома бамбаринаг кæм- ницы ис, фор- мæ дæр æмæ мидис дæр æдзæллаг кæм сты, ахæм поэзи— примитивон формализм), хуымæтæг вазыгджындзинад (ома «вазыгджын» формæ кæм ис, фæлæ мидисуæлæнгай кæм у, кæнæ мидис бынтондæр кæм нæй, ахæм поэзи— сыгъдæг формализм), вазыгджын хуымæтæгдзинад (ома формæ хуымæтæг кæм зыны, фæлæ æцæгæй йæ вазыг- джын мидисау вазыгджын чи у, кæнæ формæ вазыгджын кæм зыны æмæ йæ мидис вазыгджын кæмæн у, ахæм поэзи). Фæстаг хуымæтæгдзинад хауы алы стыр æмæ курдиатджын поэтмæ дæр, алы бæркадджын стилон гуылфæнмæ дæр: вазыгджын мйдис æвдыст цæуы ва- зыгджын фррмæйæ, кæнæ иннæрдæм — вазыгджын фор- мæйæ æвдыст цæуы вазыгджын мидис. Уый поэзийы у иууыл зындæр, бæрзонддæр хуымæтæгдзинад. Уымæ гæсгæ ирон поэзийы абоны онг Къостайæ вазыгджын- дæр поэт нæй. Вазыгджын хуымæтæгдзинад арæзтæуы алыхуызон аивадон амæлттæй. Цард æмæ адæймаджы вазыгджын- дзинад сæхæдæг домынц поэзийæ, цæмæй алыхуызон уа поэтикон фæлгонцад. Миййаг дзы иу цахæмдæр амал универсалон нæу. Поэзи пайда кæны металогийæ, ома фæсномыг ныхасæй (абарст, метафорæ, эпитет, мето- ними, синекдохæ, гиперболæ, параллелизм æмæ а. д.), пайда кæны автологийæ, ома комкоммæ ныхасæй, фыл- дæр хатт сæ пайда кæны кæрæдзийæ иппæрдæй нæ, 11 Дзуццаты X. 161
фæлæ иумæ æмбастæй. Поэзийы автологи æрмæст фор- малонæй лæууы металогийы ныхмæ, се ’хсæн антого- низм нæй, уымæн æмæ поэзийы алы дзырд дæр хъуа- мæ хæсса фæлгонцон функци, хъуамæ йæхирдыгонау араза фæлгонцад. Бынтон нейтралон, «æнæфæлгонцон» дзырдтæ, сæ кæрæдзиимæ фæрсæй-фæрстæм цахæмдæр æнахуыр хуызты æрлæугæйæ, свæййынц поэтикон фæл- гонцтæ. Уымæ гæсгæ Къостайы «Ирон фæндыр»-æй зæ- гъæн нæй, зæгъгæ, «стæм д’зы сты цæстуынгæ поэтикон фæлгонцтæ» (Æлборы фырт дзы уыны «эмоцион фæл- гонцтæ», фæлæ уый дырыс термин нæу, уымæн æмæ алы поэтикон фæлгонц-дæр—кæд фæлгонц у, уæд — хæссы хъуыды, эмоци, æнкъарæн). Къостамæ ис алы- хуызон амæлттæ, уыцы нымæцы метафорæ дæр. Æры- мысæм: «Мæ гутон, мæ галтæ — Мæ фæндыр, мæ зонд; Мæ кадæг, мæ зарæг —Мæ цард хоры конд. Нæ дзыл- лæйы зæрдæ—Мæ хуымгæнды хай; Нæ бæсты са- гъæстæ — Мæ фæззыгон най»; «Тар хъæдмæ бацыдтæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ, — Стонг фосæй сонтдæр, зыд- дæр, — Иугæйттæй агурыс фароны хæтæлтæ, Стонг фо- сау сæфыс ды дæр!» æмæ а. д. Цæуылфæнды дæр æмæ цахæмфæнды амæлттæй дæр нæ фыссы, — йæ хуыз ын уын&м, йæ мыртæ йын хъусæм, буарæй йæ хатæм2 йæ ад ын æвзарæм, йæ тæф ын æмбудæм. Къостайы аива- дон амæлттæй иу иннæйы раз сæркъул æмæ къæмдзæс- тыг нæу, иу дзы вазыгджын нæу, иннæ та — хуымæтæг. Хуымæтæг дзырдтæ-фæлгонцтæ вазыгджын хъуыды-æн- къарæн куы ’вдисой, уæд сты хуымæтæг- нæ, фæлæ ва- зыгджын дзырдтæ-фæлгонцтæ. Æвæццæгæн, иу кæнæ иннæ аивадон амалы ахадын- дзинад куы бæрæг кæнæм (алы хицæн уацмысы дæр сæ уынæм хицæн бæрцæй, иутæ дзы сты фылдæр, иннæ- тæ — къаддæр, иутæ дзы бахъæуынц, иннæтæ — нæ, ав- торы конкретон идейон-аивадон фæнд æмæ нысанмæ гæсгæ), уæд нæ рох ма хъуамæ уа сæйраг хъуыддаг — хъуыды-æнкъарæны фæлгонц. Мах поэзи кæсæм аива- дон амæлтты тыххæй нæ (ома стилы фæзындтæ-фæл- гонцты тыххæй нæ), фæлæ хъуыды-æнкъарæны фæл- гонцы тыххæй. Кæцы сæ у хорз аивадон амæлттæй? Кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр дзы индивидуалон- т’ипикон хъуыды-æнкъарæны фæлгонц аккагæй, дзаг æмæ æрдзонæй чи аразы, уыдон. Аивадон амæлттæй иу дæр хорз кæнæ æвзæр нæу. 162
Æрмæст дзы иу поэтæн, иу стилон гуылфæнæн (сæ ин- дивидуалон уынынад, хъуыдыкæнынад æмæ æнкъары- надмæ гæсгæ) уæлдай уарзон сты иутæ, иннæ поэтæн„ иннæ стилон гуылфæнæн та — иннæтæ. Фæстаг рæстæ- джы ирон поэзийы мæгуырау нæ райрæзт бадзырдон- ассоциативон гуылфæн, цыран æлдариуæггæнæг бынат ахсы метафорæ. Ис ын национ уидæгтæ: ирон фольк- лоры бирæ жанрты метафорæ у парахат амал, къласи- кон поэзийы (Къоста, Секъа, Цомахъ æмæ æндæртæм) метафорæйæ «кусынц» дзæвгар уацмыстæ. Ис ын ге- нетикон бастдзинад Токаты Алиханы модернистон-сим- волистон поэзиимæ. Фæлæ йыл уыцыиурæстæг тынг фæ- зынд дунеон поэзийы метафорон гуылфæны æндæвдад. дæр,. уæлдайдæр испайнаг æвзагыл уæвæг поэзийы (Лор- кæ, Нерудæ æмæ æндæрты) æндæвдад. Уыцы гуылфæн Æлборы фьтрт (йæхицæн уарзон кæй у, уый тыххæй) æнхъæлы иннæ гуылфæнтæй хуыздæр, хъомысджын- дæр æмæ сын æй æвæры сæ ныхмæ, дары сæм скепти- кон æмæ нигилистон.ахаст. Уый зыны канд йæ ком- коммæ, иумæйаг абарстытæй нæ, фæлæ ма, нæ поэзийы хицæн уацмыстæ конкретонæй куыд анализ кæны, уы-' мæй дæр. Иу кæнæ нннæ æмдзæвгæйæн сæйраджыдæр метаг форон фæлгонцмæ гæсгæ аргъ кæнгæйæ, Æлборы фырт арæх ницæмæ дары æмдзæвгæйы хъуыды-æнкъарæны .фæлгонц, йæ компонентты мидæзмæлд æмæ сæ иудзи- над. Зæгъæм, ме ’мдзæвгæ «Хохаг этюд»-ы йæ зæрдæ- мæ,цæуынц æхсæнмæ-хсæнты хицæн фæлгонцтæ: хъæ- уæй æмуырдыг æрхаста дурджын къул, дондзау устытæ’ йыл фæцæуынц æд ведратæ хæрдмæ æмæ «сæ фæрстьь дуркъулыл незаманæй цæуынц сæ аууæттæ». ’Иннæ фæл- гонцтæ (уыдон та ахсынц æмдзæв’гæйæн йе ’рдæджы бæрц) хоны «уæлдай бибитæ», «баззайынц æрмæст ны- вæй æмæ нын нæ агайынц нæ эмоцитæ». Райдайæны абарст: «Цыма йыл нывгæнæг æруагъта къæдз-мæдзы- тæ хахх» (фæндаг) фæстæдæр æркæны ног абарстмæ: «Цæуынц, фыццагон, хъæддаг лæджы нывтау» (усты- ты аууæттæ), æмæ кæронæй: «Слæууынц, хохаг хуы- цæуттау, хохы сæрмæ, хохæй уæлдæр» (устытæ). Уыцы фæлгонцты змæлдæй æз сæххæсткæнинаг уыдтæн мæ фæнд: иуæй, хъуамæ равдыстаин хохаг пейзажы фыц- цагон конд, йæ рагон-нырыккон уынд, йæ зынвадату иннæмæй та — хохаг сылгоймæгты бæрзонд лæджы- 163
хьаед æмæ фидауц. Каед уыдон иннæ фæлгонцтимæ баст не сты, кæд дзы иу иннæйæ нæ гуыры æмæ иумæ нæ аразынц иу организм, кæд дзы хорз æмæ зевзæр фæлгонцтæ сты æддæг-мидæг, æмхæццæ (иу •фæлгонц — хорз, йæ хæдфæстæ — æвзæр), уæд дзы .æм- дзæвгæ нæ рауад, нæ дзы ис хъуыды-æнкъарæны фæл- гонц, æмæ ма уæд цæмæн хъуыд Æлборы фырты афтæ зæгъын, зæгъгæ, æмдзæвгæйы «а^цыдæр у нывыл, скульптурон». Скульптурон фигурæйæ цæстытæй был- тæм цы хай ис, уæрджытæй къæхтæм цы хай ис, кæнæ ма дзы æндæр рæтты цы хæйттæ ис, уыдон куы аппа- рай, уæд ма æнæхъæн аивадон фæлгонц уыдзæн? Аф- тæ, хицæн «уарзон» фæлгонцтæ æвзаргæйæ æмæ уыдон стаугæйæ, æмдзæвгæйы идейон-аивадон хæрзхъæддзи- надæн, йæ хорзæн дæр æмæ йе ’взæрæн дæр ницы ба- зонæм. Ме ’ннæ æмдзæвгæйæ Æлборы фырт æрхаста æр- мæст фыццаг, бацæуæн строфа æмæ йын йæ рæнхъы- тæй загъта: «Зæрдæ нæ агайынц, кæд æмæ алы ирон лæгæн дæр зæрдæсудзгæ чи у, ахæм хабарыл дзурынц, юма Къостайы амæлæтыл, уæддæр. Уымæн æмæ не сты гаивадон фæлгонц æмæ поэтикон хъуыдыйыл амад, дæт- тынц нын æрмæст иумæйаг информаци, поэт цы зæ- гъинаг у, уый тыххæй». Æз цы зæгъинаг дæн, уыимæ куыд баст у æмдзæвгæйы фыццаг строфа, куыд фæл- хатт кæны фæлгонц (æниу æй Æлборы фырт фæлгонц яæ хоны): «Рæстæгмæ, куыстдзагъд лæгау, куы ’рфы- нæй дæ, мæрдвынæй куы бадæ», куыд баст цæуы Къос- тайы мæлæт æмæ æнæмæлæтимæ, Къостайы национ æмæ интернацион ахадындзинадимæ, уый кой не скæнгæйæ, Æлборы фырт æмдзæвгæйæн ногæй аргъ кæны йæ иу хаймæ (ацы хатт йæ бацæуæн хаймæ) гæсгæ. Æмдзæв- гæйы хæйттæ цæмæй байдайынц, кæрæдзийы фæдыл куыд ацæуынц æмæ цæмæ æркæнынц, уый нæ уынгæ- йæ, Æлборы фырт ногæй нæ уыны æмткæй æмдзæвгæ- йы хъуыды-æнкъарæны фæлгонц. Алы æмдзæвгæ дæр (кæд æмдзæвгæ у, уæд) хъуамæ змæла æмæ хъуамæ стæха. Солоухин Владимир æй абарста хæдтæхæгимæ. Хæдтæхæгау, æмдзæвгæйæн дæр ис, кæм разгъора, ахæм фæндаг. Уыцы фæндагыл ра- згъорынæн æмдзæвгæйæн бахардз вæййы куы йе ’ртыц- цаг хай, куы йе ’рдæг, куы та йе ’рдæгæй фылдæр. Йæ разгъорæн фæндаг куынæ уаид, уæд не стæхид арвмæ. 164
Сæ иу дзы куынæ уа, уæд иннæ дæр нæ уыдзæн. Æмдзæвгæ куыд стæха, цахæм хъаруйæ æмæ цахæм* бæрзæндмæ, уымæ гæсгæ йын хъуамæ аргъ кæнæм йæ- разгъорæн фæндагæн. Æлборы фырт та ме ’мдзæвгæ- йæн аргъ кæны æрмæст йæ разгъорæн фæндагæн æмæ йæ разгъорæн фæндагмæ гæсгæ, йæ арвмæ йын йæ цæст дæр не сдардта. Ме ’мдзæвгæтæй метафорæтæ кæм ис («Хохаг этюд»г «Цъититы уарзт», «Зымæджы урс лайнертæ»), уыдон Æлборы фырт хоны мæ хуыздæр уацмыстæ. Фæлæ уы- донæй къаддæр нæ, — фылдæр сты, бындуронæй мын тынгдæр раргом кодтой мæ адæймагон-поэтикон «æз» (æниу мæ^м, чи зоны, ахæмтæй ницы ис), æндæр аива- дон амæлттæй кæй ныффыстон, уыцы æмдзæвгæтæ, Загътоцма йæ, метафорæтæ алы стилон гуылфæны минæвармæ дæр ис, фæлæ алы стилон гуылфæны минæ- вар нæу метафорон гуылфæны минæвар. Ис метафо- рæтæ Дзугаты Георгимæ дæр, фæлæ, æмткæй ,райсгæ- йæ, метафорон нæу йе сфæлдыстад, ахæссæн ис ком- коммæйон реалистон гуылфæнмæ. Æлборы фырт ын йæ сæйраг характерон амæлттæн сæ кой не скодта, афтæмæй сын се ’хсæнæй фелвæста иу метафорон фæл- гонц: «Бур-бурид, царвы хъуырауау, Каердо йæхимид ныссæлæф. Мачи йæ ратона хъуамæ, Уадз æмæ афтæ ызмæлæд. Чи зоны, уый фæрцы фæззæг Махимæ дард- дæр фæцæра», æмæ йын комментари радта: «Æмдзæв- гæйы кæрдо æмæ фæззæджы дзырд ис, фæлæ махыл та царды сагъæс æртæфсы. Цыма хуымæтæджы фæлгонц’ (цæмæн «хуымæтæджы фæлгонц», кæд æмæ Æлборы фыртмæ метафорæ йугæндзон «вазыгджын, уæрæх» у,. уæд? — Дз. X.), фæлæ нын цас загъта лæджы сагъæсты тыххæй». Дзугаты Георгийы ацы фæлгонцæй абон ирон: поэзийы фæлгонцон-метафорон рæзт бафидар кæнгæйæ. цымæ Æлборы фырт цы рахонид, Бестауты Гиуæрги 24 азы размæ кæй сфæлдыста, уыцы фæлгонц: «Уазал къухæй урс зымæг, кæрдойау, Бур фæззæджы ратон- дзæнис тагъд...»!? Цымæ дзы цахæм «царды сагъæс» ис, «цас загъта лæджы сагъæсты тыххæй»? Цымæ ирон поэзийы- абон цы ис, уымæн у характерон, æви дзы дæс-фынддæс азы размæ цы уыд, уымæн? Алы индивидуалон .стиль дæр æнæзмæлгæ, æнæив- гæ нæу, йæ бон-у, æмæ йæхимид рæза, йæхицæй цы- дæртæ кайа æмæ цыдæртæ иса æндæр индивидуалок 165
’стилтæй. Фæлæ 'уæДДæр уыдзæн иу стиль, уыдзæн ын органикон иудзинад. Уымæ гæсгæ нæ поэтты стилтæ, ивгæйæ æмæ рæзгæйæ, кæд метафорон стилон гуылфæ- ны ймæлттæй сæ аивадон къæбицмæ цыдæртæ æрбайс- той, уæд уый афтæ нæ амоны, æмæ нæ поэттæ се ’ппæт- дæр æрцыдысты кæнæ цæуынц иу стилмæ, иу стилон гуылфæнмæ. Мах уынын хъæуы поэзийы алыхуызондз’инад æмæ пудзинад, уымæн æмæ йæ иудзинад кæнгæ у йæ алы- ’ ^суызондзинадæй. Æнæ сæ иу дзы нæй се ’ннæ. Æм- дзæвгæйы хицæн хæйттæ æмæ чырæгтæ æмдзæвгæйы контекстæй кæй иппæрд кæнæм, хицæн стиль кæнæ сти- лон гуылфæн стилтæ æмæ стилон гуылфæнты контекс- тæй кæй иппæрд кæнæм, сæ мидæзмæлд æмæ сын сæ иудзинад æнæконтекстонæй кæй анализ кæнæм, уый у нæ ахъаззаг хъуагдзинад. Поэзи «йæ бамбарынæн, йæ ^анкъарынæн» домы «бæрæг цæттæдзинад» канд чи- иыгкæсæгæй нæ, фæлæ ма критикæй дæр. Поэзийы вазыгджындзинад ын æрмæст метафорон фæлгонц кæй у, уый тыххæй йæ Æлборы фырт «уæл- дай характерон» хоны «нырыккон æмдзæвгæйæн», ома сæрибар стихæн. Традицион æмдзæвгæ, ома къласикон стих, «нырыккон» нæу æмæ къаддæр бар дары вазыг- джындзинадмæ. Сæрибар стих, дам, æндавы традицион -æмдзæвгæйыл, æмæ дарддæр цы дæнцæгтæ хæссы (тра- дицион стихы нæ поэттæй иуæй-иутæ эпитеттæй æмбæ- лонæй кæй нæ пайда кæнынц, уый тыххæй), уыдон ком- коммæ стихмæ нæ хауынц (уыдонæн сæ бон у, æмæ жмбæлон ма уой алы стихы дæр — сæрибар стихы дæр æмæ къласикон стихы дæр) æмæ уыдон тыххæй стих -йæхæдæг дзуаппдæттæг нæу. Стих у фæлгонцад нæ (кæд ахъаз кæны хъуыды-æнкъарæны фæлгонц равди- ’СЫнæн, уæддæр), фæлæ прозæйæ чи хицæн кæны, фæд- -фæдыл параллелонæй, бæлвырд, фæткмæ гæсгæ чи цæ- уы, симметрионæй, хæрзкондæй чи зæлы, ахæм ныха- •сы системæ. Уымæ гæсгæ дзурын хъæуы (:тихы тых- хæй. Махæй бирæтæн быцæуаг æмæ гуырысхойаг у сæри- ’бар стих, поэтикон ныхасы системæ дзы классикон сти- "хы системæйы хуызæн кæй нæу, уый тыххæй. Плиты Грис Дзы зæгъы: «Ирон æвзаджы нæ фидауы верлибр» (ома! сæрибар стих), хоны йæ «æнæорганизацигонд» -ныхас. Афтæ хъуыды кæнынц канд махмæ нæ. Уырыс- 166
саг стихзонæг Карпов Анатолий зæгъы, зæгъгæ, сæри- бар сЫх уырыссаг поэзийы райгуырд мардæй, тыхараз- гæ у æцæгæлон хуызæгтæм гæсгæ, сæрибар у уырыссаг стихы структурæйы æппæт закъонбæрцадтæй дæр. Аф- ’гæ хъуыды кæнынц дзæвгар æндæр нациты поэттæ æмæ стйхзонДжытæ дæр. Сæ ныхмæлæуджытæ сын зæгъынц, зæгъгйе, сæрибар стих иу цахæмдæр æвзаджы нæ фæ- зынД æмæ йæ стæй уырдыгæй, куырмæй нæ райстой ин- йæ æвзæгтæм, фæлæ гуырди æмæ райгуырд алы æвзæг- ты дæр, пайда дзы кодтой æмæ кæнынц бирæ стыр поэт- тæ. Уымæ гæсгæ верлибр ирон æвзагимæ хъæрмуд у æви наё, ирон поэзийæн хæраймаг у æви нæ, ууыл ма хъуамаё дзурæм, фæлæ иугæр не ’взаджы ис, нæ| поэттæ ’дзы пайда кæнынц, уæд ын хъуамæ фæлгъауæм йе спе- цификон æууæлтæ, йæ аразæн æгъдæуттæ, æмгкæй æмæ Конкрётонаей стих цæмæй æмæ кæмæй кæнгæ у, уыцы элементтæ, æмæ хъуамæ фæрсæм: нæ верлибристтæ сæ алкæм æмæ алкæд куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæнынц æви нæ? Арæх кæрæдзийы. ныхмæ æвæрæм къласикон стих æмæ сæрибар стих. Бахъаты Нугзар зæгъы: «...зын у, рагæй фæстæмæ ирон æмдзæвгæйы цы къласикон фор- мæ (ома стих. — Дз, X.) ныффидар, уьшæй æддæмæ ахизьш», нырма, дам, ног у æмæч «зæронд формæйыл фæуæлахиз уа», уый æнцон нæу. Хизгæ дзы цæмæн кæ- нæм, кæнæ йыл цæмæн хъуамæ фæуæлахиз уа? Сæри- бар стихæй къласикон стих исты ивгæ кæнæм? Æви поэзй иунæг метафорон фæлгонцадмæ куыд цæуы æмæ куыд хъуамæ æрцæуа, афтæ цæуы æмæ хъуамæ æрцæ- уа иунæг сæрибар стихмæ дæр?1 Къласикон стих, ома силлабо-тоникон стнх, кæй «ныффидар», уый хъуамæ афтæ ма ’мбарæм, зæгъгæ, бынток æнæзмæлгæ, æнæивгæ у. Йæ дыуæнгон æмæ æр- тæуæнгон бæрцбарстытæ дæттынц æнæнымæц гæнæнтæ алыхуызон поэтикон, ритмон-интонацион дунетæ фæл- дисынæн. Зæгъæн ие, алы курдиатджын æмæ стыр поэт 1 Чй’ эойы, р&дййын, фæлæ йа*м афтæ* кæсы, цыма верлкбрæн дæр, иетафорон фæлгонцадау, ие йæхн нрон уидæгтæ. Иуæй-йу фольклорон кадджытæ, нсторион-хъайтарон æмæ æндæр зарджы- тæ (рифм’æ куынæ фæк’æнынц^ уæд) куы райсæм æнæ музыка’лон Контекст*æй (оМа сбЙ! куы ра^йсæм æрмæст сæ поэтикон’ тексттæ), у*д сЭДгх’ь! æууа*лЧаём гæсгæ сты йер’либры хуузæн (кæнæ сты аерлибртæ). 167
дæр сæм хæссы цахæмдæр ногдзинад, йæхæдæг æмæ йæ рæстæг куыд ног сты, афтæ. Уымæ гæсгæ, зæгъæм, Пушкины стих нæу Твардовскийы стихы хуызæн, Къос- тайы стих нæу Плиты Грисы стихы хуызæн, растдæр зæгъгæйæ, йæ хуызæн дæр у æмæ йæ хуызæн дæр нæу. Уымæй дарддæр маивынц цавдон æмæ æдзавдон уæнг- тæн сæ бæрц æмæ сæ равæрд, зæгъæм, Блок æмæ æндæр поэтты хайон стих (уырыссагау — дольник), Маяков- ский æмæ æндæр поэтты сыгъдæг тоникон стих. Уыдон хицæн кæнынц силлабо-тоникæйæ (кæм къаддæр — хайон стих, кæм фылдæр — сыгъдæг тоникон стих), фæ- лæ уæддæр йемæ сты баст (кæм фылдæр — хайон стих, кæм къаддæр — сыгъдæг тоникон стих). Ахæм стихтæ ис ирон поэзийы дæр. Æмткæй райсгæйæ, аивадон фор- мæйы æппæт элементтау, стихæн дæр ис æнæивгæ за- къон — хъуамæ иугæндзон ива. Уыцы ивындзинад, æвæццæгæн,^бар æмæ фадат дæд- ты, цæмæй поэзийы уа сæрибар стих дæр, иннæ стихтæ ма срæдува æмæ сыл ма фæуæлахиз уа (иуæй-иутæ 'Куыд æнхъæлынц, афтæ), фæлæ сæ фарсмæ цæра, куыд йоэтикон ныхасы сæрмагонд системæ, афтæ. Стилты алыхуызондзинад хауы стихмæ дæр. Силлабо-тоникон с1гихау, стæй хайон æмæ сыгъдæг тоникон стихау, сæ- рибар стихы дæр, æвæццæгæн, цæуы æмæ хъуамæ цæуа йвддзииæдтæ, уымæн æмæ Сæрибар стих дæр алыхуы- зон поэттæм уыцы иухуызон нæу, кæд сæ хицæндзинæд- тæ (æмткæй сæрибар стихы типологон бæрджытау) зын рабæрæггæнæн сты, уæддæр. • " - Сæрибар стихы нæ хатæм бæлвырд метр, бæрцбарст, уыйхыгъд дзы ахсджиаг сты стихы æндæр миниуджы- тæ: æмдзæвгæйы рæнхъыты ’хсæн æвзæры ахæм æм- бастдзинад, æмæ æмдзæвгæ æнæ бæлвырд мётрæй уæд- дæр баззайы æмдзæвгæйæ. Уым сæйраг ахадындзинад ис рйтмон-синтаксисон параллелизмы алыхуызон фбр-^ мæтæн: уыдон кæрæдзиимæ- бæттынц æмæ кæрæдзиимæ ну кæнынц æмдзæвгæйьг хицæн рæнхъытæ кæнæ рæн- хъыты къордтæ, рæнхъытæ æмæ рæнхъыты къордтæн -дæттынц конструктивон æмæ музыкалон æнгæсдзинад (анафорон фæлхатæнтæ æмæ а. д.). Ахæм æнгæсдзи- над ис рæнхъыты кæрæттæн — клаузулæтæн дæр: кæд рйфмзе нæ кæнынц, уæддæр рæнхъытæ æмæ рæнхъыты къордтæ (ритмон-с«нтаксисон периодтæ) кæрæдзимæ æлвасынц, кæрæдзийыл сæ бæттынц вазыгджын сис- '168
темæйæ. Кæд дзы бæлвырд метр нæй, уæддæр æмдзæв- гæйы рæнхъытæн уæлейæ-бынмæ, вертикалонæй ис æн- цойгæнæн цавдтытæ: уыдон дæр рæнхъытæ æмæ рæн- хъыты къордтæ кæрæдзийыл бæттынц вазыгджын сис- темæйæ. Сæрибар стих, метрæй расæрибар уæвгæйæ, миййаг. прозæ не сси. Прозæйы ритм нæу поэзийы ритмы хуы- зæн. Поэзийы ритм-у иууыл уæлдæр ритм. Бирæ поэт- тæ дзырдтой, зæгъгæ, æмдзæвгæ гуырын байдайы рит- мæй (хъуыды-æнкъарæнæй нæ, аивадон амæлттæй нæ), æмæ иугæр ритм растад, йæхи айвæзта æмæ айтыгъта, иугæр къададонау ацыд размæ, уæд йемæ ахæссы æм- дзæвгæйы æппæт хæйттæ дæр, радты сын иудзинад, йе- мæ ахæссы мах дæр, скæны нæ йе ’мавтор, йæ уацар. Ритмы фæлгонцæй цæрдхъом у хъуыды-æнкъарæны фæлгонц, цæрдхъом дзы у æппæт æмдзæвгæйы аивдзи- над, фæлгонцад. Сæрибар стих — уадз æнæметрæй! — ахæм ритмон фæлгонц куы нæ араза,уæд стих нæу. Æз куы кæсын Хикметы æмдзæвгæтæ, уæд дзы алкæм дæр уынын, хъусын уыцы фæлгонц. Уый дæр уырыссаг æв- загмæ тæлмацæй, ома æмдзæвгæйы ритмы фæлгонц æх- хæстæй чи не ’ргом кæны, ахæм тæлмацæй, уымæн æмæ специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Хикметы æм- дзæвгæты тæлмацтæ сæ оригиналимæ адекватон рауа- йынц, чи зоны, хæрз стæм хатт. Алигер Маргаритæ фыссы Нерудæйы «æнахуыр ритмтæй»: «Уыдон стъг океаны ритмтæ, Пабло кæй мидæг цæры, уыцы ритмтæ, Паблойы мидæг чи цæры, æрмæст Пабло кæй хъусы, уыцы ритмтæ. Уыдон зын тæлмацгæнæн сты, æгæрыс- тæмæй нæ зонын, тæлмацгæнæн сын ис æви нæ; стæй ’хъæугæ дæр кæны, æмæ тæлмац цæуой? Чи зоны, уыцы поэзи тæлмац кæнынæн æмæ тæлмацкæнинаг нæу? Иæхи ’взагыл æм куы хъусай, уæд ын алы къæрцхъус ’уд дæр рахатдзæн йæ егъаудзинад æмæ йæ хъомыс- *джын дзагдзинад, æнæтæлмацæй стыр музыкæ куыд. æмбарынц, афтæ, сæхирдыгонау дымгæйы уынæр, океа- ны гуЫр-гуыр куыд æмбарынц, афтæ». ’ ’ Сæрибар стих сæрибар нæу стихы миниуджытæй,. кæд дзы иутæ сты къаддæр уæзгæ, иннæтæ та фылдæр уæзгæ, уæддаер. Баууæндæн ис, зæгъгæ, иуæй-иутæм æцæг сæрибар, æцæг хуымæтæг æмæ рог фæкаст, ома сын къласикон стихы вазыгджын формæтау сæ разы æппындæр ницы ныхдуртæ æвæры, æмæ йыл реализаци 169»
кæньшц сæ «хуымæтæг æмæ рог», æнæпоэтикон хæстæ. Симонов Констйнтин сыл иронион-пароднон æмдзæвгæ дæр ныффыста: дæ сæрмæ цыдæриддæр цæуа, — даргъ кæнæ чысыл рæнхъытæ сæ араз æмæ фысс, цас дæ фæн- да, уыйас; аяæм æмдзæвгæтæ фыссæн ис æгæрон бирæ, зæгъгæ, йæ ацы æмдзæвгæ фыста рифмæйæ, уæд ын ба- хардз уыдаид фондз боны бæрц, æнæ уый та — иу са- хаты бæрц; ахæм æмдзæвгæтæ сты дæлрæнхъоны хуы- зæн. Ахæм æмдзæвгæтæн кæд графиконæй æмдзæвгæтæ схонæн ис, уæддæр сын поэтиконæй æмдзæвгæтæ схо- нæн нæй. Уыдон сты нæдæр поэзи æмæ нæдæр прозæ. Сæрибар стихæй мах дзæвгар фыссæм æвзæр уац- мыстæ. Уый, æвæццæгæн, сæрибар стихæн йæхи аххос нæу, къласикон стихæй æвзæрыуацмыстæ фыст кæй цæ- уы, уый къласикон стихы аххос куыд нæу, афтæ. Хикмет дзырдта, зæгъгæ, æрыгонæй фыета къласи- кон бæрцбарстытæй, рифмæтимæ, фæлæ 20-æм азты Со- ветон Цæдисмæ куы ’рцыд, уæд, ног формæтæ агургæйæ, фыссын баГ^дыдта сæрибар стихæй. Уæд æй уырныдта, зæгъгæ, æмдзæвгæтæ фыссæн ис æрмæст иу цахæм- дæр амалæй, æмæ алкæм дæр бæлвырд кодта, зæгъгæ, мæнæн уарзон цы стихы формæ у, уымæй хуыздæр сти- :хы формæ нæй. Сектантондзинад, Хикметмæ гæсгæ, у иæ цыфыддæр знаг. Сектант йæхи хъуыды йеттæмæ искæй хъуыдыйыл разы нæу. Афтæ чи зæгъы, зæгъгæ, æмдзæвгæтæ фыссæн нæй æнæ рифмæтæ æмæ æнæ бæрцбарстытæ, кæнæ афтæ чи зæгъы, зæгъгæ, æмдэæв- тæтæ фыееæн нæй рифмæтæ æмæ бæрцбарстытимæ, уы- донæй алчидæр йæхи кæны цыбыр æмæ къуындæг. Æм- дзæвгæтæ фыссæн ис афтæ дæр æмæ уфтæ дæр. Цæ- уылнæ ис гæнæн, — фæрсы Хикмет, —_æмæ адæймагад цы хæзнатæ сфæлдыста, уыдонæй се ’ппæтæй дæр спай- да кæнæм? Мах иу стихæй 4!ннæ стих хуыздæр кæнæ æвзæрдæр нæ хонæм. Алы стих дæр хорз у, кæд æмæ нырыккон рæстдзинад æвдиса, нырыккон адæймагдзинад дзы уа, уæд. Дæ бон у фыесай къласикон стихæй æмæ нырык- яон уай, дæ бон у фыссай сæрибар стихæй æмæ щлрык- кон ма уай, æмæ иннæрдæм: дæ бон у фысеай къласи- кон стихæй æмæ нырыккон ма уай, дæ бон у фыссай еæрибар етихæй æмæ нырыккон уай. Дыууæ стихы фор- мæйы минæвæрттæй дæр нæм цас ис æнæнырыккон по- этгæ! 170
Алы стих дæр домы новатордзинад. Уый та баст у адæймаджы новатордзинадимæ. Нæ къласиктæ æмæ нæ абоны разагъта поэттæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц сæ адæймагон типтæй. Алкæмæн дæр дзы йæ рæстæг æмæ йæхи удыхъæдмæ гæсгæ ис йæхи хъуыды-æнкъарæны тип æмæ уымæ гæсгæ сты сæ аивадон амæлттæ дæр, се стих дæр. Кæд дæхи сæрмагонд, индивидуалон адæй- магон тип не ссардтай, кæд уымæй нæ хицæн кæнай дæ размæ уæвæг æмæ де ’мдугон поэттæй, уæд дын нæ уы- дзæн дæхи стиль æмæ дæхи стих дæр. Цас дæ адæйма- гон тип стырдæр, арфдæр, оригиналондæр уа, уыйас ’де стиль æмæ де стих дæр .уыдзысты ахадгæдæр, ирддæр æмæ тыхджьшдæр. Ахæм адæймагон типтæ, æвæццæ- гæн, махмæ цъус кæй ис, уьцяæ гæсгæ нæм цъус ис по- эттæ дæр. Æмæ уый диссаг нæу: Ленин дзырдта, зæгъ- гæ, курдиат у стæм. Нæ къласикон бæрзонд реалистон традицитæ дард- дæр кæнгæйæ, абон ирон поэзи хъуамæ ныфсджынæй æвдиса- цард æмæ рæстæг, дуне æмэе адæймаджы ахас- тытæ, æвдиса сæ æмæ сыл активонæй æндаэа, цæмæй цард дæр, рæстæг дæр, дуне дæр æмæ адæймаг дæр тынгдæр ивой, адæймагондæр кæнон. 1980
ш ТАУРÆГЪАУ ÆМÆ ЗАРÆГАУ «Мæнæй поэт скодта Октябры революци», — зæгъы Тихонов. Æвæджиау æрдзон курдиаты хицау, стыр со- циалон æмæ лæгуарзон революцийы цæхæры сæрыди ’куыд хæстон-æмбæстаг æмæ поэт-нывгæнæг. Райгуырд революцийæ æмæ революциимæ, цардис революцийæ æмæ революциимæ. Революцийы æнувыд хъæбул, революци- йы æхсарджын салдат, революцийы ног дуне хæдбын- дурæй æвдисгæйæ, йæ бирæ чингуыты сфæлдыста йæхи поэтикон даргъ-уæрæх дуне. Уый у нæ дуджы эмоцион истори, Тихоновы цæстытæ, зæрдæ æмæ зонды куыд ра- зынд, афтæмæй. Уым сты мидхæсты хъæбатырты тыз- мæг удыхъæд, фондзазонты социалистон арæзтады па- фос, адæмты хæлардзинады адджын æикъарæн, Фыды- бæстæйы Стыр хæсты фæдис æмæ уæззау хъизæмар, «Ленинграды æфсæн æхсæвтæ», хæсты ныхмæ тох æмæ сабыр царды бæллиц, дунейы адæмты экономикон æмæ культурон иудзинад. Уыцы дуне, Тихоновы поэтикон ду- не, Луговской Владимиры загъдау, у «рæстдзинад, хæр- зæбон æмæ рæсугъддзинады сæрыстыр дуне». Уырыссаг къласикон литературæйы реалистон тра- дицитыл фидар хæцгæйæ, Тихонов адарддæр кодта уы- рыссаг национ характеры -ахъаззагдæр миниуæг — ин- тернацион уæрæх цæстæнгас, иннæ адæмтимæ æфсымæ- рон хæлардзинад. Уырыссаг номдзыд фысджытæ (Пуш- кин, Лермонтов, Толстой æмæ æндæртæ) канд ’интер- национ цæстæй нæ кастысты дунейы адæмтæм, фæлæ ма ирактикон æгъдауæй æвдыстой уыцы адæмты цард, раст цыма уыцы адæмтæн сæхи фысджытæ уыдысты, афтæ. Литературæйы интернацион традици тыыг бæрзонд 172
сисынæн æппæт фадæттæ дæр сарæзта Октябры рево- люци. Нæртон бæгъатырау, Октябрь цæхæркалгæ рай- гуырд иу цахæмдæр адæмы нæ, фæлæ æгас дунейы фæл- лойгæнджыты сæраппонд. Æмæ Тихонов — Октябры по- эт — чи зоны, уырыссаг советон фысджытæй се ’гасæй тынгдæр, йæ курдиат снывонд кодта адæмты интерна- цион хæлардзинадæн. Алыхуызон’бирæ нацитæ кæм цæ- рынц, уыцы паддзахады патриот куы уай, уæд гæнæн нæй, æмæ ма уай интернационал’ист. 1934 азы Тихонов дзырдта, зæгъгæ, «махæн нæ темæ у интернационализмы темæ». Дзæвгар нæм уыд ахæм поэттæ, уыцы ахсджиаг темæ æрмæст плакатонæй дек- лараци чи кодта, — Тихонов ацыдис уæззау æмæ кад- джын фæндагыл: уый хъаруджынæй ныллæууыд æндæр адæмты национ характертæ-æвдисыныл æмæ йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Искæцы адæмы национ колорит, реалон удыхъæд, йæ историон æмæ нырыккон фæлтæрд- дзинад Тихонов æргом кодта уыцы адæмæн йæхи фыс- джытæй бирæтæй хуыздæр æмæ арфдæр. Æндæр адæмты царды Тихонов сæйраджыдæр агуры революцион æхсар, «Зæгæлты тыххæй балладæ»-йы цы иомхæссæн ’хæстонтæ цс, уыдоны хуызæн хъару æмæ лæджыхъæд, — «зæгæлтæ араз ахæм лæгтæй, уæд зæххы цъарыл уыдонæй хъæбæрдæр зæгæлтæ нæ уаид». Поэт кад кæны, алы бæстæты ног цардмæ чи бæллы, талынг æмæ æнаккаг хъуыддæгты ныхмæ удуæлдайæ чи тох кæны, уыдонæн*. Чи нæ зоны индийаг лæппу Самийы! Мæгуырты сæр- хъызой Ленины кой куы фехъуыста, уæд нал коммæ каст йæ бонджын хицауæн (поэмæ «Сами»). Тихоновы уац- мыстæй ныл ныдзæвы Афганистаны, Китайы, Францы, Англисы æмæ бирæ æндæр фæсарæйнаг бæстæты фæл- лойгæнджыты революцион комулæфт. Йе сфæлдыстад æгасæйдæр у уæлмонц сидт социалон рæстдзинад æмæ фарнмæ. Дунейы фæдисон хъысмæт никуы схицæн ис поэты сагъæсæй. Америкæйаг сабийæн йæ фыд радзырдта, цахæм æвир- хъау мæлæт сыл æркæлдзæн арвæй, атомон хæст куы байдайа, уæд. Хъуыста саби, æмбæрста æппæт дæр, Каэд чысыл уыд нырма, уæддæр. Уымæй ферох йæ фын, йæ хæрд дæр, Æхсæв бонмæ тыхта йæ сæр. 173
Æхсæв не ’рхæдыд хуыссæг цæстыл, Бон куы ’рбацъæх, уæд сулæфыд арф: «Цом-ма уырдæм, нана, цы бæстыл Нæй бынтондæр, бынтондæр арв!» Тихонов у æвæллайгæ бæлццон, ног дуджы «цæугæ- цардгæнæг». Иу стæм бæстæ уыдзæн ахæм, поэт кæм нæ фæци, кæй нæ базыдта,— фыццаг чйнгуытæй, стæй та йæхæдæг, комкоммæ, цæстæй-цæстмæ. Уый цæуы капд ног бæстæтæ фенынмæ нæ, фæлæ адæмты зæрдæ, адэемты культурæ базонынмæ: Йæ чиныг «Юрга»-йы уьГй турк- менты цард афтæ хорз равдыста, цыма «йæхæдæг дæр туркмен у». Афтæ сты, Гуырдзыстоныл цы уаимыстæ ныффыста, уыдон дæр («Æмдзæвгæ Къахеты тыххæй», «Гуырдзиаг уалдзæг»), уымæп æмæ поэтæн «ацы бæстæ: йы алцы дæр зындгонд у, раст цыма ам райгуырд». - Кæддæр Алазаны доны былтыл цæугæйæ, поэт йæ- хицæй загъта, зæгъгæ, таурæгъау урс дæн, зарæгау та æрыгон. Æмæ уый раст у: Тихоноз йæ зæрдæйы хæссы фыдæлты æрвонг зонд æмæ нырыккон судзгæ æнкъа- рæн. Поэт алы ран дæр, алы адæмты ’хсæн дæр куыры- хон, фенæг лæгау зондджын у æмæ уыцы иу ,рæстæг йæ туг фыцы, йæ цæст цырд æмæ уынаг у, æрыгон лæппу- йау. Кавказы адæмтæй иууыл æнгомдæр баст кæимæ у поэты биографи, уыдонæй сты ирон адæм дæр. 1963 азы æрыгон фысджыты æппæтцæдисон æмбырды Тихоновы семинары ме ’мдзæвгæтæ куы ’взæрстой, уæд мæхи- нымæр дис кодтон: куыд хорз æмæ куыд алыфарсонæй зоны Ирыстоны хæхтæ, ирон адæмы цард, ирон аивад æмæ культурæ! Тихонов Ирыстоны уыд цалдæр хатты, фæрсырды- гæй йæм нæ каст, фæлæ-иу ацыд йæ зæрдæйы тæккæ æрфытæм — дард хæххон хъæутæм, æфцджыты æнæ- внæлд цъуппытæм, зонгæ кодта ирон адæмимæ — æхсæ- надон бæрнон кусæгæй суанг хуымæтæг фиййауы онг. Йæхц загъдау, ам уый «агуырдта хæхты рæсугъддзинад æмæ йæ кæмдæриддæр ардта». 1924 азы нæм фыццаг хатт куы ’рцыдис, уæдæй нырмæ Ирыстоны темæ буар- æмбуар сси Тихоновы сфæлдыстадæн. Фыццаджы-фыццаг поэты уарзты сæрæвæрæн сты Ирыстоны революцион тохы цаутæ. Нæ партийы хъæ- батыр хæстонтæ Киров æмæ Орджоникидзейы тыххæй 174
цы уацмыетæ ныффыста, уыдоны нæ цæсты раз сысты Ирыстоны тызмæг æмæ бæрзонд фæлгонц. 1910 азы 9 августы Киров Сæнайы хохмæ куыд схызт, уыцы ныв фысгæйæ, поэт мах бакæны æхсидгæ ре- волюционеры рæсугъд сагъæс æмæ бæллиццаг хъаруйы ахæст. Киров кæсы йæ алфæмблай хæхтæм, кæсы Дзæу- джыхъæумæ æмæ йын йæ зæрдæйы ньш кæны йæ рухс фидæн. «Балтæйы фале быдырты зынынц дæтты тæгтæ, фæндæгты тæгтæ, — Дзæуджыхъæу! Куыд чысыл дæ, куыд дард дæ! Ды уыдзынæ сæрыстыр сахар, куыскæса сæрибары сæрыстыр стъалы, уæд. Æмæ большевик ал- цыдæр дунейæн балæвар кæндзæн, зондджын чингуытæй суанг æппæт зæххон хъæздыгдзинæдты онг». Йæ къахеттаг циклы (1935) поэты йæ хъуыдытæ ахастой ивгъуыдмæ—«дыууын фыццæгæм аз сыстад æмæ сцардæгас Мамысоны тигъыл». Киров разамынд кæмæн кодта, уыцы Х1-æм арми Цæгатæй æрхастой Фæс- кавказмæ ленинон рæстдзинад — «дæуæй, Киров, Ирыс- тоны.цъититæ ссыгъдысты тырысатау». «Х1-æм армийы сырхæфсæддоны мысинаг», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы æвдыст цæуы Кавказы хæхты Ки- ровы æфсæдты тохы фæндаг. Сырхæфсæддонтæ бирæ фыдбонтæ æвзæрстой, фæлæ сæ ныфс нæ саст. «Иугæн- дзон нæ устыты фыны уыдтам Терчы цур» — ацы фæл- гонц æргом кæны сырхæфсæддонты тырнынад сабыр, бархи цардмæ æмæ алы адæмты минæвæртты хæлар- дзинадмæ. Хæст куы фæуа, уæд «хæххон лæг ныхъæбыс кæндзæн хъазахъхъагæн, æмæ ус йæ лæгыл атыхсдзæн». Ирыстоны революцион змæлдыл Тихонов дзуры канд æмдзæвгæтæй нæ, фæлæ ма прозæйæ дæр. Радзырд «Хъæ- батыр партизан»-ы архайынц мад æмæ фырт. Æрыгон партизан Данел дзырд радта йе ’мбæлттæн, урсыты æф- сад йæхæдæг иунæгæй кæй бауромдзæн комы æрбахизæ- ны, цальтмæ сырх партизанты къорд йæхицæн хорз хæ- цæн бынат ара хæхты мидæг, уæдмæ. Æмæ сæ ныуурæд- та. Йæ зæронд мадимæ ,бацыдысты мæсыгмæ æмæ се знæгтæй иуы дæр размæ цæуын нæ бауагътой. Иннæ радзырд «Мамысои»-ы (дыууæ дæр фыст сты сывæллæттæн) ногæй уынæм Х1-æм ар’мийы хъæбатыр- дзинад. Алыхуызон æфсæддон ахуыргæндтæ бæлвырд кодтой, зæгъгæ, зымæгон æфцæджы сæрты ахизыи æф- сады бон нæ бауыдзæн, нæй, дам, уый гæнæн теорети- кон æгъдауæй. Фæлæ сын Киров цæхгæр загъта: «Теоре- 175
тикон æгъдауæй гæнæн нæй, фæлæ коммунистон^æгъ- дауæй ис гæнæн». Æмæ рацыдысты æфсад. Хъызт, уа- зал, зæйтæ — ницахæм ныхдурты бон баци сæ бауромын. Радзырды ис хæххон карз пейзаж, цæрдхъом æй кæ- нынц реалистон бæлвырд деталтæ. Æфсад æфцæгæй куы рауырдыг кодтой, уæд бæхтæн сæ къæхтæ бабастой, йымæттыл сæ æрхуыссын кодтой æмæ сæ афтæмæй са фæдыл ластой. «Арвыл æнцойгæнæг урс къулыл уыр- дыгмæ ныдысты адæм æмæ бæхтæ. Афтæ зынд, цыма хохæй гуырынц». Ирыстоны æмæ æмткæй Цæгат Кавказы мидхæсты заманыл Тихонов (режиссер Арнштам Леоимæ) ныф- фыста киносценарий «Хæлæрттæ». Ленинграды бирæ æр- мæг æрæмбырд кæнгæйæ, Тихонов æмæ Арнштам 1936 азы майы æрцыдысты Ирыстонмæ, цæмæй бынаты мид- хæсты цаутæ æмæ хабæрттимæ хуыздæр базонгæ уой. Уæд Тихонов фыста: «Нас исключительно тепло встре- тила писательская общественность Северной Осетии. В день нашего приезда на собрании в Союзе писателей мы имели интересную беседу с писателями Нигером, Фарнионом, Сарматом Косирати и другими об осетин- ской литературе и основоположнике осетинской литера- туры и литературного языка Коста Хетагурове». Уыцы бонты Къостайы мæлæтыл сæххæст 30 азы, Тихонов æмæ Арнштам уыдысты Къостайы хъæу Нары, уый фæстæ хайад райстой Дзæуджыхъæуы Къостайы номыл цыт- джын æмбырды. Тихонов уæд байдыдта тæлмац кæнын Къостайы уацмыстæ уырыссаг æвзагмæ. Фæстæдæр, уыиы рæстæг мысгæйæ, Тихонов фыста: «Собирая материал для фильма «Друзья» — о дружбе народов и о деятельности Кирова на Кавказе, — мы с режиссером Арнштамом облазили и объездили верхом много долрн и ущелий, много имели встреч с партизана-, ми, участниками гражданской войны, пережили много приключений». Кинофильм «Хæлæрттæ»-йы сценарий куы сцæттæ, уæд — 1937 азы сæрды — режиссер æмæ актертæ æр- цыдысты Ирыстонмæ, фильм бынаты мидæг исынмæ. Фильмы сæйраг хъайтартæй иу у ирон партизан Бетæ. Уый фæхъаугъа кнйазимæ, алыгъд æмæ йын сæ хъæумæ здæх’æн нал ис. Йæ зæрдæ дары фидæныл — хъуамæ йæ маст райса йе ’фхæрджытæй. Æмæ байдыдта мидхæст. Бетæ базонгæ уырыссаг революционер Алексеимæ (йæ 176
царды æрмæгмæ гæсгæ у Киров), йæ хæлæрттæ мæхъæ- лон Муссæ æмæ кæсгон Умаримæ сси революцийы хæс- тон, ссардта фæндаг большевикон рæстдзинадмæ. Бетæ- йы роль хъазыд номдзыд уырыссаг актер Черкасов Ни- къала. Зындгонд фильм «Балтикæйы депутат»-ы хъай- тар Полежаевы фæстæ йын хъæбатыр ирон партизаны роль ахъазыны фадат кæй фæци, уый йæхицæн амондыл нымадта. «Добросовестно работая над созданием обра- за Бета,—фыста Черкасов, — я стараюсь всесторонне продумать его: походку, тембр речи, движення, манеры н т. д. Параллельно с "зтим для меня, как для артиста, огромный художественный и познаватсльный ннтерес представляет собой изучение истории и культуры та- лантливого осетинского народа, сыном ’ и представите- лем которого является Бста». Революцийы арты, социалистон арæзтады куыд ивы ирон лæджы миддуне", уый фæлгъауы Тихоновы егъау радзырд «Симон-большевик». Тальшг хæххон лæг сси революцийы хæстон, уымæн æмæ зоны, революци йе ’фхæрджыты сафæг у. Зындгонд ленинон Цæголты Геор- гийы дзыхæй фехъуыста, рæхджы адæм хæхты æрра дæттыл цъуттатæ кæй бакæндзысты æмæ сæ кæй скæн- дзысты сæхицæн лæггадгæнæг. Симоны фыццаг нæ ба- уырныдтой Цæголы фырты ныхæстæ, фæлæ рсволюци- йы фæстæ нæхи цæстæй федта советон адæмы дисса- джы хъару. Симон куыста ЗАГЭС-ы арæзтады æмæфæс- тагмæ ссис Джызæлдоны электростанцы техпик. Иумæ- йаг социалистон куысты Симон асыгъдæг дины уырнын- дзинæдтæй, национ къуындæгдзинадæй, бамбæрста хæ- лардзинады тых æмæ сæрибары куысты æхцон рæсугъд- дзинад. Кæд Цæголы фырт хæрзæвзонгæй амарди револю- цийы сæраппонд, уæддæр йæ бæллиц сæххæст— йæбæл- лицы реалон сурæт у Симоны цард, йæ ног удыхъæд. Радзырд фыст у фыццаг цæсгомæй — Симоны номæй. Къахдзæфæй-къахдзæфмæ дзы уынæм ирон цардыуаг, ирон национ колорит, ирон характеры æууæлтæ. Тихо- нов, цыма, ирон лæджы хуызы бацыд, уыйау ын йæ мидконд æддæмæ фæлдахы — уынын нын кæны йæ хъуы- дыкæнынады спецификæ, йе ’взаджы хæдхуыздзинад. Симоны уырыссаг хъуыдыйадты æнцонæй хатæм ирон дзырды ахаст, ирон грамматикон æгъдæуттæ. Дзырд- тæ — уырыссаг, сæ синтаксис æмæ сæ интонаци та — 12. Дзуццаты X. 177
ирон. Уыцы хабар ирд æвдисæн у фыссæджы курдиаты интернацнон миниуæгæн. Бакæсут-ма , ирон сылгоймаг Уруймæгты Езетханы роман, кæддæра уым дæр ахæм «æнахуыр» уырыссаг æвзаг нæй! ^Уый нысаи кодтой бирæтæ, уыцы нымæцы Тихонов дæр. Уырыссаг дзырдты хъары ирон хъуыды- кæнынады туг. Хатыс æй, уырыссагау сæ ирон адæймаг фыссы, ирон национ дуне хорз чн зоны, ахæм адæймаг. Ирыстоны фыццаг хатт куы уыдис, уæд Тихонов фе- мбæлд ирон чызг-фиййауимæ (поэмæ «Фæндаг»). Авд- аздзыд, бæгънæг-бæгъæввад чызг фысты фæдыл фæцæ- уы. Æмæ поэт сагъæс кæны: куы байрæза, уæд цахæм уыдзæн? Зæронд æгъдаумæ гæсгæ,. хæдзары талынг ца- гъар æви йын йе ’ргом йæхирдæм аздахдзæн ног «иæ- гатаг фæтк»? Уæд ма Ирыстон парахатæй нæ рацыд ног цардмæ æмæ йын поэт зæрдæрисгæйæ дзуры: «Тæри- гъæд дын кæнын, Ирыстон, ды ахæм кæй дæ,— иыма бонцъæхты чъынды сæуæхсид». Поэты фæпдыд, цæмæй Ирыстоны сæуæхсид тæмæн- тæ скала рæдауæй, йæ бонцъæхæй йæ райсом уа хуыз- дæр, рæсугъддæр. Поэт ын йæ зæрдæйы ахаста йæ чы- сыл фиййау-чызджы «бызгъуыртæ»; цæмæй иугæндзон хъуыды кæпа Ирыстоны хъысмæтыл, йæ фæсивæды сом- боныл. Æмæ куыд фæцин кодта, уьшы чызг æм цалдæр азы фæстæ куы ’рцыд Ленинградмæ курдиатджын фыс- сæг Уруймæгты Езетханы хуызы! Поэт хъуыддагæй æх- хуыс кодта. ирон рæзгæ аивадон интеллигенцийæн. Гуы- рысхойаг пæу уый, æмæ Тихонов зæрдæбыпа^й куы нæ ’рдардтаид йæ хъус Езетханы литсратурон фæлтæрæи- тæм, куы нæ йæ сразæнгард кодтаид йæ зондджып амыид- тытæй, уæд абон махмæ нæ уаид дыууæтомон хæрз- хъæд роман «Царды размæ». Уруймæгты Езетханимæ йæ фембæлдтытæ, ирон адæ- мимæ йæ хæлардзинад — адон тыххæй Тихонов ныф- фыста радзырд-мысинаг «Ирыстоны пиллон». Алыхуызон цаутæ, адæймæгтæ, факттæ, фыстæджытæ Тихоновы зæрдæйы аразынц иу аивадон тугбуар, сæй- раг дзы у арты фæлгопц, цалдæр хатты цæуы фæлха- тæп.^Стыр Дыгуры хъæуы поэт уыны: «Дард кæмдæр арт цырыыæй судзы. Иæ удæгас сырх пиллон, хæодмæ ив^езгæйæ, сиу вæййы изæры цъæх фæздæгпмæ». Дыгу- ры лæгтæ йып кæнынц сæ царды рагон æмæ нырыккои хабæрттæ. 178
«Æз хъуыстон æмæ кастæн, арт дæрддзæф куыд су- дзы, уымæ, ам та, мæ разы, хохæгтæ сыгътой Ирыстоны пиллон, хъизæмар æмæ хъайтароп азты ииллои». Уруй- мæгты чызджы романы истори куы радзырдта, уæд та ногæй — кæронæй— арты фæлгонц: «Æз дард хæхтьг уыпып арт. Йæ пиллон стыр кæны... Уый рæсугъд у„ уый мæ зæрдæмæ цæуы!» Ирыстоны намыс æмæ кады пиллон азæй-азмæ бæр- зонддæр цæуы арвмæ æмæ уым-бирæ ис Тихоновы туг- вæллойæ дæр. Ирон культурæ дунейы аренæмæ ракæ- нынæн иугæндзон ахъаз кæны йæ организациоп æв- зыгъддзинадæй, йæ тæлмацтæй, йæ публицистон æмæли- тсратурон-критикон уацтæй. Тихонов редакци кодта Нарты эпос (уырыссаг æвзагмæ Динник Валентинæйы тæлмац), ныффыста йыл хицæн иртасæн уацтæ. Бирæ бакуыста Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад адæмтьт ’хсæн парахат кæныны сæраппонд, тынг аив дзы раивта къорд зынгæ уацмысы. 1959 азы Мæскуыйы Кремлы театры Къостайы райгуырды 100 азы бон скодта стыр доклад. Активон хайад райстЪ 1960 азы Мæскуыйы ирои литературæ æмæ аивады декадæйы, дзыллæйы цæсты пæ ахадындзинад уæлдай бæ^эзонд сси æмбырдтæ æмæ газстты Тихоновы раныхæстæ æмæ уацтæй. Ирон фыс- джытæй иу дæр ахæм нæй, Тихоновмæ дзы чи нæ ба- улæфыд æмæ дзы аккаг æххуыс чи нæ райста. Æиувыд уарзтæн ирон адæм дзуапп дæттынц æну- выд уарзтæй. Тихоновы æмдзæвгæтæй иукъорд тæлмац æрцыдысты ироп æвзагмæ, зæрдиагæй сыл бакуыстой Гулуты Апдрей, Гафез^- Джусойты Нафи, Хъайтыхъты Гсор. Хицæн чипгуытæй рацыдысты йе ’мдзæвгæтæ (1954 азы Хуссар Ирыстоны) æмæ йæ радзырдтæй иуæй-йу тæ. ’Фæлæ уый иырма фаг нæу: ирон дæсныдæр фыс- джытæ хъуамæ нæ адæмæн аив тæлмацæй радтой Ти- хоновы поэзи æмæ прозæйы шедевртæ. Ацы аз ногæй æрцыд Тихонов Ирыстонмæ. Ирыстоны рсволюиионертæ Тæкъоты Симон, Бутаты Хъазбег æмæ æндæртнмæ йæ хæлардзинад эстафетæйау цæуы дард- дæр —Ирыстоны абопы фæлтæримæ дæр хæларæй æмæ уарзонæй цæры Тихонов. Уый нын зæрдæ бавæрдта, кæй ныффысдзæн ног уацмыстæ Ирыстоны тыххæй. Ирыстоны раз йæ лæггæдтæ ахъаззаг кæй сты, уымæ гæсгæ йын лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы. кад- джыи преми. 179
Тихонов йæхи хоны Къостайы фæдон. Ныфсджынæй нæ бон у зæгъыи: уырыссаг поэт хорз сахуыр кодта ирон аивадон гени æмæ дзы схъæздыг кодта йе сфæл- дыстад. Мах арæх дзурæм, зæгъгæ, уырыссаг литера- турæ æндавы нæ национ литературæйыл. Тихоновы сфæлдыстадыл дзургæйæ,-нæ боп у зæгъып «иниæрдæм» æндæвдадыл дæр. Æмæ кæд Тихонов у Къостайы фæдон, уæдмах дæр, ирон æрьггон фысджытæ, хъуамæ уæм Тихоновы фæ- донтæ. Уый хæхтæ куыд уыны, уый ироп адæмы цард куыд æвдисы, ууыл мах хъуамæ ахуыр кæнæм, сфæл- дыстадон æгъдауæй йын исæм йæ поэтикон фæлтæрд- дзинад. Советон фысджыты фыццаг съезды Тихопов дзырдта, зæгъгæ, мах хъæуы «фæлгонцон структурæйы æнгомдзинад», ома фæлгонцтæ хъуамæ кæрæдзимæ уой фидар æлхъывд, гуырахстджын, мæстæг, ирд. Куыд цух сты нырма нæ фысджытæ уыцы ахсджиаг миниуæгæй! * Кавказы тыххæй æмдзæвгæты Тихонов, цыма, уыны хæхты фыццагон конд, муртатаг лæгау æнкъары хæх- ты рæсугъддзинад. Уым сиу вæййынц рагон æмæ ны- рыккон фæлгонцтæ—ассоциативон уынынад. Уымæй дæр мах нырма цух стæм. Тихонов у мæнг романтикон экзотикæ æмæ æнæуд этнографизмы ныхмæ. Хæхты цард æвдисы конкретон, реалистонæй æмæ уыцыиурæстæг цардæгас романти- кон фæлгонцтæй. Иæ хуыздæр æмдзæвгæтæй иу — «Сылгоймаг дуаргæрон лæууыд» — фыст у Ирыстоны тыххæй æмæ дзы ирдæй зыны Тихоновы конкретон-ре- алистон æмæ хуызджын-романтикон уынынад. Уым ис æрдзы муртатаг хуыз æмæ царды æнусон цин. Уыцы æмдзæвгæйы тыххæй Тихонов фыста: «Æз бадтæн хæ- дзары, изæрыгон, рагон хъæу Къæмунтæйы. Æз ныхас кодтон фысымтимæ — ирæттимæ. Æваст банкъардтон, бар-æнæбары, цыма, æндзыг кæнын: сылгоймаг, сæрæй къæхтыбынмæ сау дарæсы, лæууыд хæдзары къæсæрыл æмæ ныгуылгæ хуры тынтæм цъæгъæдзыл тыхта æл- выст. Йæ акомкоммæ хæрды уæлæмæ сцæйцыд стыр хъиласыкъа гал. Уый æууылдта кæрдæг æмæ йæ сы- къаты астæу æнæхъæнæй лæууыдис, комы фалийæ къуыппыл чи уыд, уыцы хъæу. Хур ахуырста уыцы дис- саджы ныв хъарм, сырх-цъæхбын рухсæй». Традицитæй пайда кæнгæйæ, поэтæн кæддæриддæр хъуамæ уа йæхи æнкъарынад, йæхи цæстæнгас, йæхи 180
цардæгас тæлмæнтæ. Зæрдыл дарын хъæуы Тихоновы фæдзæхст ирон прэттæн: «Цæуын хъæуы размæ, агурын æмæ уæрæх кæнын хъæуы ссаргæ ног, поэтикон гæнæн-~ тæ. Советон адæм — ног бæгъатыртæ — хъуамæ ссарой сæ бынат ног зарæджы, нарты тыххæй рагон кадджы- ты.хуызæн чи нæу; ахæм ног эпосы!» Æз куы х^ъуыды кæнын Тихоновы хæлар æмæ уæз- дан зæрдæйыл, йæ интернацион егъау удыхъæдыл, уæд мæхицæн фæзæгъын: уый æцæгдæр кадæг у, уый æцæг- дæр зарæг у! Зæххыл цæуы, зæххыл зилы урссæр лæг, Æхсæвыгон, боныгон — •иугæндзон рухсгæнæг. Уынджы адæмы змæлды, æмбырды президиумы Рухс уарзы, йæ урс сæрæй сиды уымæ. Зæххыл цæуы, ’ хохæй — быдырмæ, быдырæй — хохмæ, Бацæуы алы хæдзармæ, бакæсы алы къохмæ, Алы ’взæгтæ йæм ’ сдзурынц мæргътау, мæргътæ йæм суасынц алы ’взæгтау, Карст хуымтæ ’ , ч суадзынц йæ уындмæ нæуæг тау. Зæххыл цæуы, - зæххыл зилы урссæр лæг, Хурау хъармгæиæг, хурау рухсгæнæг. 1966 ИÆ ЗАРДЖЫТЫ ЦÆХÆР Боциты Бароны поэзийы тыххæй Бсщиты Барон, ирон фысджытæн сæ фылдæрау, би- рæ нæ фæцард —амард 43-аздзыдæй. Литературон 181
куыст кодта'1925 азæй 1944 азмæ, йæ мæлæты азмæ. Ныффыста бирæ æмдзæвгæтæ æмæ гюэмæтæ, драмæтæ, роман «Саст рæхыс» (кæронмæ йæ нæ фæци). Иууыл бæркадджындæр ын уыдысты 30-æм азтæ—уыцы рæс- тæгмæ хауынц йæ сæйраг æмæ йæ хуыздæр æнтысты- тæ. Æмткæй Бароны сфæлдыстадыл бирæ дзурæн ис, бирæ дзурæн ис йæ драмæтæ æмæ йæ романы тыххæй, фæлæ дзы ам æз зæгъинаг дæн æрмæст йæ поэзийы тых- хæй. Социализмы арæзтад æмæ йæ фæуæлахизы дуг алы советон адæймагмæ дæр æвзæрын кодта сæрыстырдзи- над. Уыцы æнкъарæн æй æвæрдта бæрзонд, амыдта йын, цæмæй йæхи хатыдаид царды бын нæ, фæлæ йæ сæрмæ. Уыцы æнкъарæнæй Барон. бæлвырд кодта йæ цардон æмæ йæ поэтикон позици: «Фæлгæс, поэт, фæлгæс нæ цардыл, Дæ фæлгæсæн у рухс, уæрæх!» Уыцы æнкъа- рæнæй гуырди йæ поэзи, йæ зарæг æмæ йæ цин. Уын, царды цыдæриддæр хæрзтæ æмæ сгуыхтытæ ис, уыдон, цин сыл кæн æмæ сыл зар, уымæн æмæ поэт йæ зарæ- гæн «ног дугæй хъæлæс» куы нæ иса, уæд поэт нæу. Фæлæ, цины зарæг кæнгæйæ, Баро,н уымæн йæ разы æвæрдта бæлвырд хæстæ. Зарæг хъуамæ æвдиса дуг æмæ æххуыс кæна дугæн, хъуамæ уа цард хуыздæр- гæнæн фæрæз, хъуамæ йæ «дзыллæтæ айсой», хъуамæ сын «хъызт боны сæ зæрдæты арт» æндзара, хъуамæ «æфтауа зæрдæтыл зæрдæтæ», хъуамæ «йæ цъæх ар- тыл фыдызиаг басудза йæхи». Ахæм хъуамæ уа æмæ йын æцæгæй ахæм дæр у, Баронæн йæхимæ гæсгæ, йæ зарæг: «Æз бафтыдтон мæ зарæг бонтыл, Цæмæй ста- хановон фæлтæр Нæ уарзон партийы фæндонæй Лæууа йæ куысты сæр хъæбæр». Иæ зарæг дæтты реалоы фæс- тиуджытæ: «Уый уалæ колхозы х>айтартæ Дæ зардæй схызтысты уæлдæр». Поэт цæуыл ныззара, у^ымæ хъуа- мæ адæм сæ хъус æрдарой æмæ кæд саразинаг у, уæд æй хъуамæ саразой. Барон йæхи аххосджыныл ныма- йы, нырыонг (ома 1935 азмæ) Ручъы хохыл кæй нæ ныззарыд, нырыонг æй кæй нæ акъæртт кодтой æмæ дзы фæндаг кæй нæма ис, уый тыххæй. Зæгъгæ, дыууæ Ирыстоны ’хсæн фæндаг ис, уæд фылдæр æмæ тых- джындæр уаид поэты цин. Уырны йæ — фæндаг уы- дзæн! Советон адæм æмæ сæ поэты бон у алцы сара- вын дæр. Барон поэты æхсæнадон мисси афтæ кæй» æм- 182
бæрста, уый цæуы дуг æмæ-поэты фæндтæ æмæ архай- ды органикон иудзинадæй. Фæлæ уыцы иудзинад — дудщы «æз» æмæ поэты «æз»-ы иудзинад — миййаг йæхигъæдæй, автоматонæй нæ ифтонг кæны поэтикон хæрзхъæддзинад. Цæмæй поэт йе ’хсæнадон мнсси аккагæй æххæст кæна, уый тыххæй хъуамæ дуджы «æз» — кæддæриддæр æмæ кæм- дæриддæр — æвдиса йæхи сæрмагонд «æз»-æй, ома йæ- æвдиса хæдхуызонæй, хæдуагæй, хæдбындуронæй. Ба- ронмæ арæх у эпитет «æндон» («æндон дуг», «æндон фæлтæр», «æндон хъæлæс» æмæ а. д.) æмæ уый раст бæрæг кодта дуджы сæйраг миниуæг, фæлæ йæм æн- доны иумæйаг зæлланг алкæд нæ хъуыст индивидуало- нæй æмæ уымæ гæсгæ æвæлхаттæй. Поэт йæ зарæгæй чиныгкæсджыты зæрдæ куы нæ агайа, куы нæ йæ змæ- лын кæна, куы нæ йыл æндава, уæд уыцы зарæг æнæ- хъуаджы у, йæ къухы не ’фты йæ нысан æмæ йæ ныса- ниуæг. Баронмæ ис, йæхи «æз» ын кæм уынæм, ахæм æм- дзæвгæтæ. Уыдонмæ гæсгæ йын аргъ кæнæм йæ поэзй- йæн. Дзæвгар иумæйаг дзырдты ’хсæн æмæ сæ фарсмæ ^ поэт ссардта æмбæлон дзырдтæ, Ленины мæлæт хохаг лæгмæ куыд бахъардта, уымæн: «Кæсын, æмæ кæрцы фæдджийæ Фæрсырдæм асæрфта цæссыг, Ныуулæфыд, ыстæй мæстыйæ Фæхæссы рухс уынгты йæ хъыг». Ссард- та æмбæлон дзырдтæ Ленины æнæмæлæтæн: «У Ленин ныфс, йæ тых нæ цардæн, У Ленин цард, цард у æнус, Æмæ æнусон царды артæн Мыггагмæ Ленин у йæ рухс!» Лирикон равгæй хъарм æмæ фæлмæн у зарæг «Кол- хозон чызгæн». Иумæйаг хъуыддæгтыл дзуры — сабы- радон куысты тыххæй, нæ бæстæ знагæй бахъахъхъæ- ныны тыххæй (ацы дыууæ темæйы йæм иугæндзон баст цæуынц иумæ)*, фæлæ сæ йæ зæрдæйы мидæг кæй ра- уагъта, уарзты æнкъарæнимæ сæ кæй сбаста, уымæ гæсгæ сын ис йæхирдыгон ахаст. Хуымæтæг, æууæнкхæссæг интонацийæ нын нæ зæр- дæ ’лхæны æмдзæвгæ «Сахуыр мæ кæн»: «Сахуыр мæ кæн хæдтæхæджы, Фæскомцæдисон, Æз дæ фæрцы рагуалдзæджы Хорз пилот ысон». Сæрдыгон æхсæв цады был, æнцад æмæ рæсугъд æрдзы хъæбысы поэт чызгæн æргом кæны йæ сыгъдæг уарзт, дзуры йæм рæвдаугæ-тайгæ хъæлæсæй: «Æрбай- 1ЙЗ
хъус-ма, рæсугъд чызгай, Цæмæй тæрсыс мæнæй? Уæ- ларвæй нæм, мæ хуры хай, — Ныххудти цадæй мæй». Поэт æмæ æрдзы ’хсæн ис гармони, сты, цыма, æм- хъысмæт, æмсагъæс. Æмæ канд чызджы уарзгæйæ нæ. Поэт Цъæйы комы кæсы дыууæ нæзымæ: сæ иу дзы баййæфта æфхæрд, бадомдта йæ тымыгъ æмæ фыдниз, се ’ннæ ницы маст федта, райгæ- æмæ буцæй сфардæг уæлёйау. Фыццаг нæзыйау у поэт йæхæдæг дæр: «Сы- вæллонæп мæ мады ’хсыр Нæ бададтод мæ фаг. Мæ зарæджы цъæхснаг зыр-зыр Нæ ардта уæд фæндаг». Зæронд цард æмæ ног цард кæрæдзи ныхмæ æвæр- гæйæ, Барон иумæйагæй куы нæ дзуры, зæгъгæ, раз- дæр æвзæр уыд, ныр та у хорз, фæлæ сын зæрдæбынæй, интимонæй, конкретон-æй куы иртасы сæ хицæндзинад, уæд йе ’мдзæвгæтæ райсынц адæймагон мидис. Фыц- цаг нæзыйæн тæригъæд кæны, дыккаг нæзыйы хуызæн йæ цард кæй нæ рауад, уый тыххæй. Тæригъæд кæны йæхицæн дæр. Тæригъæд кæны йæ фыдæн, фыццаг нæ- зыйæ куыд зæгъы: «Цы йын дзурон? Цы йын зæгъон? Цæмæй зоны мæ дзырд?», афтæ зæгъы йæ фыдæй дæр: «Цы йын мæ бон у, ныр цы зæгъон, — Мæрдтæм ма чи кæны æххуыстæ?!» Бæргæ, йæ фыртау, куы æрæййæф- таид ног дуг æмæ дзы куы цардаид! Зæронд æмæ ног царды контрастæй Баронмæ не скъуыйы фæлтæрты бастдзинад. Поэт зымæгон æрымы- сыд: кæддæр сывæллонæй дзоныгъыл бырыд, йæхи ныц- цавта, баргъæвст, æмæ ма йæ уæдæй фæстæмæ бырын- мæ чи уагъта! Иæ сабийы бонты цин-хъазтæй цы. нæ бавзæрста, уын ныр хъуамæ бавзара. Йæ чысыл фырты ракодта уынгмæ, йе ’мбæлттæм, къахдзоныгътæ бабас- та æмæ: «Уæ разæй æз, сывæллæттæ, Кæсут-ма, æйтт — бырын!» Баронмæ нс поэмæ. «Дыууæ балцы». Кæддæр йæ ба- баимæ ацыд хъизæмайраг Дыгурмæ, хъæздыг Бадила- тæм кусынмæ. Ныр дæр, дыккаг хатт, ацыд уырдæм сæрибар Дыгурмæ, аивадон тыхтæ (адæмон æрмгуыст- гæнджытæ, зарæггæнджытæ, кафджытæ æмæ æндæртæ) æвзарынмæ. Æмткæй Бароны сфæлдыстад кæнгæ у дыууæ балцæй — ивгъуыдмæ балцæй æмæ абонмæ бал- цæй. Ууцы балцытæн, загътон ма йæ, се ’хсæн ис цæх- гæр контраст. Ивгъуыд цард нæ цæстыты раз æрлæууы дырыс де- галтæ-фæлгонцтæй. Сæ уæлхæдзар фæхуынчъытæ — 184
«сыхырна дзы ыскодта уарын». Фæззæг куы ралæу- уыд, уæд: «Гыццыл хуымты угæсты сæрæй Цъыс-цъы^ сагæн фæхъус йæ зард, Цыма мæгуыр царды унæрæй; Йæ - зæрдæ уымæн дæр нынкъард». Зæронд Саба йæ фырты куы бавæрдта, уæдæй фæстæмæ бынтон йæ хъа- ру асаст, ницыуал зоны, куыд ма цæра, уымæн. Йæ сæ- рæй систа худ — «йæ дыдагъы тамако нæй». Иæхи тых- хæй дзуры; «Уæрдæх — мæ рои, бæхдзарм — æрчъитæ,. Хæлын — мæ худ, зæнгой — кæттаг. Мæ кæрцы сау хъæбæр фæдджитæ, Кæс, бахордтой мæ гом уæраг». Саба æмæ баба куы ныхас кæнынц, уæд гыцци тых- сы—цы бакæна, цæмæй сæ. фена: «Куыд ысрухс уа гыццийы зæрдæ, Нæ къæбицæй фæлыгъд мыст дæр!» Кæнæ йæ фыдимæ хоскæрдынмæ куы ацыдысты, уæд:: «Бабайы нарæгком цæвæгыл Мæ къухæн анхъæвзы йæ. туг». Фыд фæтарст фыртæн: «Уымæл кæрдæг сæрфы мæ ныхыл, Нæ арæм къухлыгæн хæцъил...-Мæ къух. мын батыхта хуырхæгæй, Мæ зæрдæ ме ’муд ныр æр- цыд». Ахæм деталтæ-фæлгонцтæй цæрдхъом у поэтикон^ афыст, уæлдайдæр æмæ сæйраджыдæр Барон сюжет куы нывæнды, уæд, канд поэмæты нæ, фæлæ ма æм- дзæвгæты дæр. Уымæн ахъаз кодтой канд Баронæн йæ- хи цардон фæлтæрддзинад нæ, ома йæхæдæг йæхи цæс* тæй цы федта, йæхæдæг цы бавзæрста, канд уыдон нæ, фæлæ ма ивгъуыд цард æвдисыны поэтикон традицитæ- дæр (Къоста æмæ не ’ннæ стыр поэтты традицитæ),. Ахæм деталтæ-фæлгонцтæ бирæ дæттынц цæстæн, зæр- дæйæн æмæ зондæн, хæссынц оеалон æмæ психологов- рæстдзинад. Уыцы бæрджытæ къаддæр уынæм Баронмæ, ног дуг æвдисынмæ куы рахизы, уæд. Уый адыл поэтикон афыс- ты бæсты рауайы афыстондзинад, иллюстративондзи-- над. Уый у 30-æм азты ирон поэзийы иумæйаг хъуаг- дзинад, раст æй бацамыдта Тыбылты Алыксандр, Ни- геры поэмæ «Гыцци»-йыл куы дзырдта, уæд, зæгъгæ,. «кæддæр Дантейы «зындон» хъацыддæр куыд рауад: нывтæй æмæ фæлгонцтæй æмæ йæ «дзæнæт» та фæ- лурсдæр, афтæ рауади Нигеры хъуыддаг дæр: зæронд^ цардæн уый ссардта йæ аккаг нывтæ æмæ ныхæстæ„. фæлæ ног цард æвдисы фæлурс ахорæнтæй, схематикон æгъдауæй». Барон царди зæронд дуджы дæр æмæ цæры ног 1851,
дуджы дæр. Дыууæ дуджы дæр сты йæхи дугтæ, сты 1\æ мидæг. Иу дуг дзы иннæйы раивта æмæ раивта Ба- рон дæр. Афтæ сты йæ хъайтартæ дæр: Дзауы коймаг Бадпла, Дыгуры коймаг зæрæдтæ, поэты фыды лымæн- - тæ, ома ивгъуыд царды тыххæй чи дзуры, чи йæ мысы æмæ йæ ног цардимæ чи бары, уыдон. Зæронд «адæй- магон æрмæг» революци æмæ социализмы заманы ра- царæзт æрцыд пог фæтк, ног æгъдау æмæ ног идеалмæ гæсгæ. Ивы цард, ивынц адæм. Кæнæ æндæрхуызон: -адæм ивынц цард æмæ ивынц сæхи дæр. Уыцы про- цессæн бауромæн нæй. Æмæ дзы кæд исчитæ фæсвæд баззайынмæ хъавынц, кæд поэмæ «Фæндаггæрон»-ы цигантæ сæ рагон ахуыр æмæ цайдагътæ нæ уадзынц, сæ гæвзыкк, къуындæг дуне æмæ цæугæцардæй сæхи нæ тонынц, уæддæр сын «рухсырдæм» æнæ фæзилгæ нæй, æнæмæнг æрбалæудзысты ног, коллективон царды æм- буар. Ног дунеæмбарынад æмæ ног дунеæнкъарынад адæймагæй кæнынц æцæг адæймаг, нырыонг чи нæма уыд, ахæм адæймаг. Ног адæймаг цы хуызæн у, цы хуы- зæн сси æмæ цы хуызæн хъуамæ суа, уый Барон рав- дыста бæллицы формулæ-фæлгонцæй (æниу æй зæгъгæ поэты тыххæй кодта, фæлæ хауы æмткæй ног адæймаг- мæ): «Тæхуды, арвы йас уæрæх рну, Р1æ мидæг хуры йас зæрдæ!» Ан-гъай, поэт хъуамæ цардыл фæлгæса, хъуамæ йæм ;уа историон оптимизм. Фæлæ куы фæлгæсай, уæд хъуамæ уынай æмæ фæлгъауай цардæн йæ уæлцъар дæр æмæ йæ мидæзмæлд дæр, цардæн йе ’ппæт фæрс; тæ дæр. Ныхмæвæрд канд зæронд æмæ ног дугты ’хсæн нæй, — ныхмæвæрдтæ цс ног цардæн йæхи мидæг дæр. Хорз æмæ æвзæр, хæлар æмæ хæрамы ’хсæн тох кæд йæ хуыз æмæ йæ мидис аивта, уæддæр ивгъуыды нæ баззад. Уыцы тох и’угæндзон цæуы царды дæр æмæ , адæймаджы мидæг дæр. Уыцы тох фаг кæй нæ хынцыд- та 30-æм азты поэзи, уыцы нымæцы Бароны поэзи дæр, уымæ гæсгæ арæх нæ ардта ног цард æмæ ног адæй- мæгты равдисынæн адекватон аивадон амæлттæ. Къла- сикон традицитæ йын зæронд цард æвдисынæн куыд ахъаз кодтоп, афтæ йын нæ ахъаз кодтой ног цард æв- дисынæн, ног традицитæ сфæлдисынæн. Цард цасдæр бæрцæй иувæрсыгæй кæй уыдга, уый йын къуылымпы кодта йæ поэтикон хъару, йæ аивадон новатордзинад. Л86
30-æм аЗты поэзи æцæг у новаторон, фæлæ серьезон къуыхцытимæ, дзæвгар лæмæгътимæ. Зæронд дуг ног дугæй ’кæй раивта, уымæй цард хуы- мæтæгдæр нæ фæци, фæлæ бирæ’ цæмæйдæрты фæва- зыгджындæр. Йæ равдисынæн агурын хъуыд, къласикон традицитæ дарддæр кæнгæйæ, сæ фæрцы æмæ се ’ххуы- сæй, ног цард æмæ пог адæймæгтæ кæй домдтой æмæ сын аккаг чи уыд, ахæм идейон-аивадон хæрзхъæддзи- пад, агурын хъуыд, социалистон реализмы принциптæн алывæрсыгæй дзуапп чн давæрдтаид, ахæм хæрзхъæд- дзинад. Исторнон оптимизм канд цин æмæ зарæг нæу, — уый гуыры царды объективоп рæстдзинадæй. Уымæн сæ- рысуангæй æцæгæлон сты мæнгдзинад, тутт æмæ иллю- зорон пафос, æнæмæт æмæ хиввæрсон хъалдзинад. Уыдонæй цæуынц поэты рæнхъытæ: «Æз ццн кæнын мæ цардыл, Æз цин кæнын мæ куыстыл, Æз цин кæнын мæ бартыл, Нæ мæт кæнын мæ мардыл». Кæнæ: «Мыс- ты къахдзæфы йас нæ зæххыл Куы хъава акæнын ыз- наг, Уæд уый йæхи бæсты къæдзæхыл Ныккæндзыстæм бынтон куынæг!» Иу дуг иннæ дугæн у аргъгæнæг, тæрхонгæнæг, фæл- варæг. Иог дуг аргъ-кодта зæронд дугæн, фаудта йæ- æмæ йæхи афтæмæй фидар кодта. 40-æм азтæ, Фыды- бæстæйоп Стыр хæсты азтæ, аргъ кодтой сæ размæуæ- вæг 30-æм азтæн, фæлвæрдтой сæ æмæ æмткæй разын- дысты арфæйаг, кадаккаг: уыдон куынæуыдаиккой, уæд хæст нæ рамбылдтаиккам. Фæлæ уыцыиурæстæг хæсты азтæ кар-з тæрхон рахастой, 30-æм азтæм раст цы нæ уыд, уымæ дæр — куыд адæмы цард æмæ зондахасты, афтæ поэзийы дæр. Иоэмæ «Партизан Бибо»-йы адæмон мастисджытæ цæуынц хъæумæ, хъуамæ йæ ссæрибар кæной знагæй. Сæ иу—æвзонг лæппу Æхсар — куры Бибойæ, цæмæй базара. «Фæлæ нæй, Бибо нæ зары, Зæрдæ у æнкъард: «Знаг нæ хуыздæрты куы мары, 'Фтауы хъæутыл арт, Уæд куыд зарон! Ма мæ домут, Зарæн рæстæг нæу...» Хæст сæ лæмбынæг æркæсын æмæ ныхъусын кодта сæ- химæ, уыдоп куыд æнхъæл уыдысты, алцыдæр афтæ нæ уыд æмæ нæу. Айдагъ цин æмæ зарæгæй цæрæн нæй. Уый нæ, фæлæ ма уыдон æгæр-æгæр куы кæной, уæд цардæн’сты хъыгдарæн æмæ зианы хос. Бибойы хæдзары æрбынат кодтой фашистон лæг- 187
мартæ, уым ын йæ чызг Мисурæты тыхурæд бакодтой, Иæ мад Фатъийы сарайы .æппæрстæй^ удисгæ баййæф- та. Бибо гранаттæ рудзынгæй хæдзармæ бахста, фа- шисттæ фæцагъд сты, амард семæ йæ чызг дæр. Бибо йæхæдæг фæцæф,,— æмæ дзуры йе ’взонг æмбалæн: «Знагæн нал ис бирæ бонтæ, Тагъд æрцæудзæн мард. Æмæ айс мæ фæстаг бомбæ, Айс, Æхсар, мæ кард!» Поэты оптимизм, раздæримæ абаргæйæ цауддæр нæ фæци, фæлæ фергомдæр, фæреалистондæр, æмæ уымæ гæсгæ, кæд афтæ зæгъæн ис, уæд, фæоптимистондæр. Бароны поэзи уыдис «ног дуджы хъæлæс», дзырдта æмæ æвдыста рæстдзинад, фæлæ рæстæджы цыдимæ, рæстæджы ивдимæ цыдис арфдæр, дзагдæр æмæ бæр- нондæр рæстдзинадмæ. Барон фыста: «Фæлгæс, поэт, фæлгæс быдыртыл, Цæмæй ма дæ, уæдæ, поэт, Каед дын дæ зарджытæй дæ цыртыл Дæ дуг нæ ныффысдзæн куплет?» Æмæ æндæр ран: «Æз бонты рухс мæ цæстæй федтон—Иæ рухсыл тох кодтон æз дæр, Æмæ нæ фидæны поэттæн — Хæлар ^лæ зарджыты цæхæр!». Бароны поэзийæн йæ фæнык, йе -взалы æмæ дзы чи не ссыгъд, уыцы кæлдымты ’хсæн рæстæг рабзæрста йæ зынджытæ: хицæн рæнхъытæ, хи- цæн строфæтæ, хи’цæн æмдзæвгæтæ, поэмæты хицæн хæйттæ. Баззад йæ цæхæр, баззад абонмæ. 1981 БИРÆ АЗТЫ ФÆСТÆ Ардасенты Хадзыбатыр. Равзæрст уацмыстæ. Чиныгуадзæн «ИР», Орджоникидзеу 1977 Ардасенты Хадзыбатыр, йæ цæргæйæ ирон литерату- рæйы ивгъуыд æмæ нырыккон уавæр иртасгæйæ, арæх- стгай æвзæрста алыхуызон нывгæнджыты уацмыстæ, уынаффæ сыл кодта йæ дуджы идейон-аивадон кри- теритæй, фæлæ йын йæхи поэтикон сфæлдыстады тых- хæйлæмбынæг ныхас ничима загъта, ничима йын ба- цамыдта йæ тыхджын æмæ йæ лæмæгъ фæрстæ, йæ иу- 188
мæйаг æмæ йæ сæрмагонд миниуджытæ. Уымæ гæсгæ бынтон æдас нæ дæн: уæдта йæ раст нæ бамбæрстон, æмбæлон аргъ ын не скодтон, уæдта дзы истæмæй Ха- дзыбатыр æмæ æцæгдзинады аккаг нæ дæн, истæмæй дзы сæ зæрдæхудты бацыдтæн. Йе сфæлдыстадон биографи Хадзыбатыр баидыдта поэтæй æмæ йæ фæци критик-литературæиртасæгæй. Цæмæн, зæгъгæ, фарстæн дзуапп раттæн ис. 20-æм аз- ты æмбисьг æмдзæвгæтæ фыссыныл куы фæцалх, уæд йæ цахъæнтæй-мæгуыраудæр нæ, — бирæтæй дзы хуыз- дæр фыста. Йæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ, йæ фæл- гонцтæ, æмткæй йе ’мдзæвгæйы культурæ уæды æрыгон ирон поэзипæн «йæ къух арæзтой». Афтæ зæгъæн ис, 30-æм æмæ Фыдыбæстæйон Стыр хæсты азты рæгъмæ кæй рахаста, уыцы æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæй дæр. Фæлæ уæддæр Хадзыбатыр разы нæ уыд йæ поэтикон куыстæй, суанг ма йæ 1930 азы дæр хъуамæ ныууагъ- таид, йæхæдæг дзырдта, зæгъгæ, «фыссынмæ нал хъа- выдтæн», уымæн æмæ «зæрдæйы фæндиаг дзæбæх æм- дзæвгæтæ фысссын мæ къухы не ’фтыдис, æвзæртæ та æнæуи дæр бирæ уыдысты...» Уый æвдисæн у, Хадзы- батыр поэзийæ, æмæ сæйраджы та йæхи поэзийæ бирæ кæй домдта, уымæн. Фæлæ канд уымæн нæ. 30-æм азты тйнгæй-тынгдæр зынын байдыдта Хадзы- батыры «дыккаг курдиат» -т- критик-литературæиртасæ- джы курдиат, быцæу кодта «фыццаг курдиатимæ» — поэты курдиатимæ, йæхи йыл чысылгай-чысылгай æр- байтыгъта, йæ хъæбысмæ йæ æрбайста (куыд эстетикон адæнкъарынады хотых, афтæ) æмæ йыл фæстагмæ фæ- уæлахиз. Ахуыргонды аналитикон зондæй Хадзыбатыр æм- бæрста, зæгъгæ, йæ цахъæн поэтты бирæты «зæрдæйы фæндиаг дзæбæх» уацмыстæй, уæлдайдæр хæсты зама- ны сфæлдисгæ уацмыстæй, бабуц ирон литературæ, па- рахатæй разынд алыхуызон поэтты индивидуалон уы- нынад æмæ хъуыдыкæнынад, бамбæрста, зæгъгæ, уыдон фарсмæ йын поэзийы уадиссаг кæнинаг ницыуал уы- дзæн, фылдæр æмæ йын ахадгæдæр бантысдзæн æндæр ран æмæ æгасæйдæр пæхи сиывонд кодта критик-лите- ратурæиртасæджы куыстæн (йæ фæстаг æмдзæвгæтæ хауынц 1945 азмæ). Уым æм æнхъæлмæ каст йæ царды сæйраг нысан æмæ хъуыддаг, суанг дзы йæ амæлæтмæ уыд куырыхон, дзырддзæугæ раздзог. 189
Бæгуыдæр, Хадзыбатыр йе *мдзæвгæтæй райгонд. куы нæ уыд, уæд æмбæрста, зæгъгæ, сæ фылдæр æвзæ- рын кæндзысты æрмæст историон-литературон цымы- дис, ома ахъаз уыдзысты, фыст кæд æрцыдысты, уыцы дуджы ирон поэзи цахæм тенденцитæ æмæ типологон фæзындтытæй царди, уыдон базонынæн. Кæд йæ 20-æм азты фыст æмдзæвгæтæй иудзæвгар равзæрд, йæхæдæг кæн федта æмæ бавзæрста, уыцы хабæрттæ æмæ тæл- мæнтæй, уæддæр сыл бæрæгæй зынди æндæр поэтты æндæвдад æмæ сын уыд иумæйаг-ордйнарон уаг. Ирон хæххон æрл: æмæ йæ хъæбысы мæгуыр адæ- мы цард — ацы темæйыл фыст æмдзæвгæтæ баст сты Нигсры поэзиимæ* æмæ йæм сæ сæйраг миниуджытæй лæууынц хæрз хæстæг. Мæгуыр адæм æмæ сæ поэты зæрдæйы конд, æмткæй сæ уавæр сты азы афонтæй кæн- гæ. Мæнæ зымæг æрцæуы, адæм æмæ поэт сагъæсты ба- хаудтой: «Сидзæр æрчъиаг удайы, Мад ын æмпъузы йæ кæрц...» («Фæззæджы уылæнтæ»). Зымæг æдде куыд уг афтæ — хæдзæртты дæр: адæм — æнкъард, сидзæртæ — стонг æмæ бæгънæг. «Чи нæм у ахæмты дарæг? Чи дæт- ты сидзæртæп цард?» — фæрсы гтоэт æмæ дзуапп дæтты йæхæдæг:. «Уый у нæ буц рæсугъд уалдзæг — Мæргъты ’мæ сидзæрты мад» («Зымæгон нзæр»). Кæд адæмыл цæуы зымæгон афонтæ, уазалæй тыхсынц æмæ фæлмæ- цынц, уæд æрхæндæг у сæ цард, сæ зæрдæ, кæд æрви- тынц уалдзыгон афонтæ, хур сын сæ буар тавы, хæл- цæн зайæгхалæй амæлттæ арынц, уæд фæхайджын вæййынц хъæлдзæг æмæ цинæй. Зымæг дæр æмæ уал- дзæг дæр Хадзыбатырмæ сты æрмæст æрдзон фæзынд- тæ, фæлæ фæстагмæ ирон хъæу коллективизацийы фæн- дагыл куы ’рлæууыд, йæ гæвзыкк цардæн кæрон куы ’рцыд, уæд сын поэт радта символон-аллегорион мидис, ома йын уалдзæг ссис ног царды фæлгонц, зымæг та — зæронд царды фæлгонц. Фæллойгæнæг адæмы уавæр æмæ зæрдæйы конд æрдзæй кæнгæ нал у, фæлæ ног социалои цардæвæрдæй — ацы ахъаззаг историон йвд- дзинад ирдæй равдисынæн Хадзыбатыр ныхæй-ныхмæ æрæвæрдта æрдзон уалдзæг æмæ цардон уалдзæг. Хур йæ тынтæ кала, цъиу зара, дидинæг рæза, — уый уал- дзæг нæма у. Адæмæн цард ингæнау кæм у, адæм æф- хæрд æмæ рисæй кæм хъæрзынц, уым уалдзæг нæй,— «Уалдзæг ис æрмæстдæр ам, нæ бæсты, Социализм кæм райста къухтæм бар» («Æцæг уалдзæг»). Цард адæмæн 190
арфæйаг куы уа, уæд сын уалдзæг у кæддæриддæр^. «Махæн нæ уалдзæг æнусон у», — зæгъы поэт æмæ йæ- уырны, зæгъгæ, азæй-азмæ «тыхджындæр кæндзæн». Иугæр нæ бæстæйы социализм ныффидар æмæ адæ-. мы цард раивта, уæд æрдзмæ дæр æндæрхуызон цæс-- тæй акаст поэт. Иæ уд ног дугæй сбазырджын, суæл- вонг æмæ æрдзы фæзындтæй йæхицæн цæдисæмбæлттæ скодта. Советон адæймаджы энтузиазм, йæ уæнгрог, йæ* рæсугъд тырнæнтæ Хъамбердиаты Мысост сбаста дым*. гæйы фæлгонцимæ. Афтæ у Хадзыбатырмæ дæр. Поэты æрфæнды дымгæимæ хæтын, басидт æм, цом-ма мемæ, зæгъгæ, æмæ дымгæимæ хуры тынтæй хъаздзæн («Дым- гæ»). Кæнæ хос куы кæрды (ам дæр уынæм Мысосты æндæвдад), уæд дымгæйы змæлдæй поэты туг фæцырд- дæр æмæ фæцырындæр, разæнгард æй кæны хъазуат куыстмæ («Хосгæрст»). Ирон поэзийы типологон æууæл уыд зæронд æмæ ног дугты ’хсæн цæхгæр ныхмæвæрд, идеон-аивадон контраст. Хадзыбатыр кæрæдзийыл бары сылгоймаджь* ивгъуыд æмæ аб,он: «Уыдтæ-йу ды æдзухдæр тыхст» — «Ныр цард у ’ндæр, сæрибар дæ» («Нæ хо, нæ мад»), мæгуыр зæхкусæджы кæддæры хъизæмæрттæ æмæ ны- ры амондджын бонтæ: «Иухатт цы уыди, Абон уый нал у» («Умар æмæ йæ фырт Тузар») æмæ а. д. Ацы конт- раст арæх уыд хуымæтæг, агитацион, уæлæнгай иллю- страцийы хуызæн. Уæлдайдæр уымæн, æмæ нæ поэтты ’хсæн ахæлну ахæм цæстæнгас, зæгъгæ, раздæр уыд æр- мæст маст, хъарæг, ныр та ис æрмæст цин, зарæг. Уый бар-æнæбары иппæрд кодта нæ поэтты алфæмблай царды вазыгджындзинадæй, -йэе ;диалектикон мидхъуьфду- хæнæй, хъыг сæ дардта дуг æмæ адæймаджы рæстдзи- над реалистонæй æмæ алыварсонæй æвдисынæн. Хадзы- батыры æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Сæуæх- сид»-ы (1931) раздзырды автор æрыгон поэтæн йæ рапп’æлинагдæр миниуæгыл-банымадта йæ хъæлдзæгдзи- над: «...хъæлдзæг у, йæ зарæг дæр хъæлдзæг у...» Уый æнæбындур ныхас нæу. Хадзыбатыр арæх йæхи æвдыс- та чиувæрсыгæй, ома æрмæст цинæйдзаг æмæ хъæлдзæ- гæй: «Зарут, æрзарут, поэттæ...», «Ме ’мбæлтты цин бо- ны рагъыл Зарæг мæ хъуырмæ ысхылд» («Æмдзæвгæ- тæ»), фæлæ уæддæр йæ цардæгас удæй бынтон никуы схицæн — æнæсайд, æргом, реалонæй-иу кæм сулæфыд йе ’цæг æнкъарæнтæ, уым-иу бацагайдта чиныгкæсæ: 191
.джы зæрдæ, уым-иу йе ’мдзæвгæтæ рахызтысты исто рион-литературон контекстæй, ома фыст кæд æрцыдыс- ты, уыцы дуджы арæнтæй. Дзырд дæр ыл нæй, 20-æм азтимæ абаргæйæ, 30-æм азты Хадзыбатыры дæсныйад фæхæрзконддæр, фæ- арæхстджындæр (йæ фыццаг чиныджы цъус нæй тех- яикон къуыхцытæ, æвзаджы хæлдтытæ, æнæмæнг чи нæ хъæуы, кæнæ дырыс чи нæу, ахæм дзырдтæ æмæ а. д.), *фæлæ «зæрдæйы фæндиаг» (нæхицæй йыл бафтауæм: дæргъвæтин рæстæджы фæндиаг) хицæн хорз рæнхъы- тæ æмæ æмдзæвгæтæ Хадзыбатырмæ ис йæ поэтикон куысты алы заманты дæр. Хицæн рæнхъытæн, гъай- гъай, сæрмагонд идейон-аивадон ахадындзинад нæй, фæлæ уæддæр сæ иувæрсты гобийæ ахизон, уый мæ бон нæу. Мæнæ æрхæстæг зымæджы уазал, цъиутæ ■тæхынц хъарм бæстæм, æмæ — аив фæлгонц: «Сæрды рарсугъд ныв фæхæссынц» («Фæззæджы уылæнтæ»). Сахары цырæгъты фæлгонц: «Стъалытæ арвыл нæ су- дзынц,—Мæнæ сæ ’рхастой хæстæг» («Изæр сахары уынджы»). Хъарм, сæрдыгон æхсæвы фæлгонц: «Уæл- дæфы хъустæ куы ахсынц Дымгæйы циндзаст ’дыз-дыз» («Мæйрухс æхсæв»). Ирон хъæуы ног, колхозон дуджы -фæлгонц: «Трактор нæм фыдæлтыккон дзывырау Ауæдз- тыл кæм не скъуыры йæ къах» («Æцæг уалдзæг»). Æмæ а. д. Ахæм рæнхъытæ-фæлгонцтæ хаттæй-хатт æнæ- хъæн - æмдзæвгæйы бæрц ахадынц—.æцæг æмдзæвгæ- йы бæрц. Историон-литературон контекстæй чи рахызт, уыцы æмдзæвгæтæм, мæнмæ гæсгæ, ахæссæн ис «Хæххон æх- <:æв»-æн. Поэт лыстæггай, хицæн деталтæй фыссы æр- дзы хуыз æмæ уыцыиурæстæг йæ сагъæс, йæ тыхст, йæ фæндон. Ацы дыууæ планы—æрдз æмæ поэты мид- уаг — сты æддæг-мидæг, æргом кæнынц гæзæмæ æн- къард æмæ рухс уарзты хъизæмар. Фыццаг уал уынæм æрдзы нывтæ: уалдзæгау бахъулон арв, комы фæленк кæнынц наухуыз мигътæ, саппыл лæууынц æмæ бар- джытау кæсынц дурцæндтæ. Уый фæстæ уынæм поэты уавæр: фæллад у, бæргæ куы ныххуыссид, фæлæ йæ зæрдæ мысы цыдæртæ. Стæй та ногæй æрдзы ныв: «Бур куыдзау мигътæн сæ фæстæ Сабыргай рахъуызы мæй». Ам фæрсаг хуызы базонæм поэты æгъуыссæджы аххо- саг: мæйы тын йæ цæсгомыл хъазы уарзон чызджы %гасау. Æмæ дарддæр — мæйы «архайд»: хæхтæн сæта- 192
лынг æрдаста бынмæ, коммæ. Ам бамбарæм, чысыл уæлдæр поэт-мæйы куыдзимæ кæй абарста,.уый ныса- ниуæг— афтæ куы нæ бакодтаид, уæд мæйы «архайд» нæ цæстытыл нæ ауаид: «Нæууыл æрхуыссыд мæ разы» (цыма куыдз у, афтæ)\ Поэт мæйы рæвдыдмæ бæстон раргом кодта йæ уарзт, мæйæн йæ уарзонмæ æрвиты • салæмттæ, бамбарын, дам, ын кæн мæ сагъæс. Чизоны, чызг дæр æй мысы афонмæ. Афтæ æрдзы конкретон фæлгонцтæ æмæ зæрдæйы уæздан æнкъарæнтæй рæзы æмдзæвгæйы лиризм. Хадзыбатырмæ ис абарст — тох æмæ куысты хъæ- батыр пафос чп бæрæг кæны, фæлæ уæддæр гуырысхо- йаг чи у, ахæм абарст: «Уаддымгæ — нæ къæхтæ, Ма- шинæ — зæрдæ!..» («Зарæг»). Æцæгдæр, 20-æм азты бирæ æмдзæвгæтæ сты машинæйæ фыстау. Фæлæ, нæ амондæн, поэзирш алкæддæр æнтыст йæ къухты æфты æрмæст удæгас зæрдæйæн, адæймаджы хъарм, эмоци- гæй йедзаг æмæ тæпп-тæппгæнгæ, тæлфгæ зæрдæйæн. Æмдзæвгæ «Хæххон æхсæв»-ы дæр ис ахæм зæрдæ. Æмдзæвгæ «Ленинæн» æваст æркæсгæйæ у ритори- кон, лозунгон, фæлæ æцæгæй афтæ нæу. Цæмæн? Æм- дзæвгæйы райдайæн у Лени’ны ^мæлæнбоны тыххæй мысинаг (уæдæй æмдзæвгæ ныффыссæн рæстæгмæ ра- ,цыд 5 азы бæрц): æрдзы саудар фыдох æмæ адæмы æнæуромгæ хъынцъым. Уыдон нын сæ лиризмæй нæ зæрдæ балхæдтой, сæхиуыл æй баууæндын кодтой æмæ сæ хæдфæстæ уыцы лиризм рахызт -фæтæджы æнæ- мæлæт бæлвырдгæнæг ’ строфæтæм дæр, сæ мидæг ахъардта æмæ кæд иумæйаг дзырдтæ сты, уæддæр сæ .иумæйагау нæ исæм. Контрасты фыццаг хай (дыууæ строфæйы): «Амард Ленин...» эмоционæй бацæттæ кодта ^контрасты дыккаг хай (фондз строфæйы): «Уый нæ ^амарди...», кæрæдзийы ныхмæ лæугæйæ æмæ кæрæдзи- ймæ.' бьгцæу кæнгæйæ, æмдзæвгæйæн дæттынц удæскъæф чхъару. • ’ Афтæ арæзт ма у æмдзæвгæ «Денджызы маст» дæр, Йæ райдайæн строфæты интонацийæ, денджызмæ поэ- >гы зæрдæргом ныхасæй æмдзæвгæ уайтагъд æвæрд æр- шæуы лирикон уылæныл æмæ дзы уыцы уылæн ацæуы, ’анхъæвзы суанг кæронмæ, кæд йæ фæстæ поэт хуымæ- тæг афысты хуызæн ранымайы фашистон пиратты фыд* ракæнды хабæрттæ,^ уæддæр. ’Æмдзæвгæйæ ныл улæфы 13. Дзуццаты X. 193
цыфыддæр знæгтЫ антигуманон, сырдон архайдтытæм æрдз æмæ адæмы бæрзонд фыдæх. Ахæм æмдзæвгæтæ, ома реалистон деталтæ-фæл- гонцтæ æмæ -зæрдæйы æнкъарæнтæ æмдзæрин кæм сты, ахæм æмдзæвгæты йеттæмæ ма Хадзыбатырæн хорз цæуынц цаууон-сюжетон æмдзæвгæтæ дæр. Конкретон, æрвылбонон цардæй ист, фаг бæрцæй детализацигонд сюжетты фæрцы мах уынæм æмæ æнкъарæм хицæн адæймæгты удыхъæд, сæ миддунейы бæрджытæ, сæ психологон уавæр. Уым дæр сæйраг «боныхъæдаразæг» у поэты лирикон ахаст цаутæм, архайджытæм. , Уыцы лирикон ахастæн гæнæн ис, æмæ рухс уа фæл- мæн, рæдау, уарзæгой юморæй. Æфсадæй æрыздæхт знагимæ тохы басгуыхæг тæхæг Болат. Адæм æм куыд цæуынц, куыд æм кæсынц æмæ йæм куыд хъусынц^. сæ- .хи куыд дарынц, цахæм фезмæлдтытæй, ныхæстæй æр- гом кæнынц сæ мидуаг—алцы дæр дзы у цæстуынгæ æмæ цæстахадгæ. Цъус дзырдтæй хатæм Болаты фыды фæлгонц: «Уæртæ йæ фыд дæр — Бæзæрхыг Мулдар, Раст цыма уый уæд Йæ фырты æхсар, — Цæсгом- ныр- рухси Р1æ æмгæртты раз. Сойыл цæуæгау Иæ дзыхы ныхас...» Хатæм дзы поэты хæлар, æнæхъыг мидбыл- худт. Фæлæ йæ иууыл тынгдæр хатæм, сывæллæттæй чтæхæг, танкист, моряк, пехотон æхсæг чи хъуамæ суа, ууыл куы быцæу кæнынц, уæд. Се ’хсæн уыд Болаты чысыл хо Дзæнæт дæр: «Фенкъуыста размæ Йæ бецык- джын сæр: «Стырæй тæхдзынæн Болатау æз дæр!». Лæппутæ схудтысты: — Афтæ ’нцон нæу, Хæдтæхæгмæ та дæ Чн уадзы дæу? — Нæ, æз уыдзынæн, Цыфæнды- дæр уæд! — Ноджы тыхджындæрæй Загъта Дзæнæт...» Поэмæ «Тæхджытæ» нæ райгæ юморæй, йæ рог инто- нацийæ, йе ’нæниз оптимизмæй хауы, ирон советон поэ- зийы сывæллæттæн фыст чи ’рцыд, уыцы уацмысты хуыз- дæртæм. Ног дуг æмæ ног адæймаджы фæлгонц саразынмæ здæхт у поэмæ «Мад». Ам дæр мад, йæ фырты хæд- тæхæг арвыл уынг,æйæ æмæ йын йе ’рбадтмæ æнхъæлмæ кæсгæнæ, йæхи куыд дары, куыд змæлы, цы хъуыды кæны — уыдонæй йын уынæм йæ тыхст, йæ цин. Ма- дæн йæ фырт тæхгæ кæй кæны, уый йæм кæсы æнахуыр диссаг. Фæлæ уыцыиурæстæг у зæххон, реалон, хуымæ- тæг’ хабар. Уый аргъау дæр у æмæ аргъау дæр нæу. Аргъауон æмæ реалон райдайæнтæ баиу сты иумæ |емæ 194
уымæй кæнгæ у поэмæйы аивадон-фæлгонцон нывæзт дæр. Уымæ гæсгæ хæдтæхæг тæхы цæргæсау; зæххæй адæмы цæстытæ арвмæ кæсынц стъалытау (ома зæхх сси æрвон, арв та—зæххон); хæдтæхæг куы/рбадт, уæд цæргæсы хуызæн нал у, фæлæ — уæрдоны хуызæн (ома уæларвон план раивта зæххон планæй — цыфæнды дис- саг куы уа, уæддæр «уæрдон» у), тæхæгыл дæр аргъа- уон хъайтары дарæс нæй, фæлæ—«сатæгсау» сæракын худ» (ома кæд йæ тахт диссаг у, уæддæр йæхумæ дис- сагæй ницы ис), мадмæ æрбацæуы йæ фырт—хуымæ- тæг зæххон адæймаг æмæ — «Хур ма мады раз цы уыд?!» Афтæмæй раргом вæййы поэты фæнд æмæ ны- сан: ног дуджы цы хъуыддæгтæ цæуы, уыдон ног адæй- маджы исынц хуры онг, ома у вæххон дæр æмæ уæлар- вон дæр, хуымæтæг дæр æмæ диссаг дæр. Уый аива- донæй бæрæг кæны ног дуг æмæ ног адæймаджы стыр- дзинад. Поэмæйы уыцы хорз миниуæг кæмдæр. лæмæгъ ка>- ны «раздæр — ныры» контрастæй. Кæд мад ивгъуыд цард кæм мысы, уым ис иугай аив бынæттæ (зæгъæм: «Зæрæдтæ ныхасы сабыр, æнцад Амадтой кæрдтæй сæ тыхст»), уæддæр æй æмткæй поэт уынын кæны иумæ- йагæй, ихсыд æмæ иударон-риторикон амæлттæй. Нæ зæрдыл æрлæууы мады тыххæй æндæр поэмæ’— Ниге- ры «Гыцци». Уым тыхджын, реалистон у ивгъуыд цар- ды хай, уыйхыгъд фæлурс æмæ æнæпредметон рауад абоны царды хай. Нигермæ — иуырдæм, Хадзыбатыр- мæ — иннæрдæм. Абоны цард, мады уавæр æмæ зæрдæ конкретонæй, уырнинагæй, психологонæй раст кæй рав- дыста, уый йын у ахсджиаг сгуыхтдзинад, уымæн æмæ мады зæронд цард æвдисынæн нрон поэзийы уыд бæр- кадджын традици (æрымысæм К/ьостайы «Сидзæргæс»), мады ног цард æвдисынæн æм 30-æм азты нæма уыд фаг æмæ бæзгæ аивадон арæхстдзинад. Мады тыххæй фыст у, хæсты заманы поэзийы кон- текстæй æддæмæ чи рахызт, уыцы æмдзæвгæ дæр — «Нана». Ногæй та уынæм мады характерон цайдагътæ («Æмæ йæ сæрбæттæн хæрзаив Куы ’рбæтты дзыккутыл Нана, Тындзгæ цыдæп куы фæцæйуайы, Зæгъдзынæ уæд: чызг у нырма!»), йæ фырттæн иуæй æрæджы гæх- хæтт кæй нал райста, уый фæдыл йæ зæрдæйы гуырыс- хотæ («Зæгъин — цыдæр хъуыддаг мæ^’мбæхсы, Æмæ æргомдзырд уыд мæ фырт, — Кæнæ сæ постхæссæг нæ 195
бæззы, Кæнæ йыл исты фыд æрцыд...») — адон иууыл- дæр ахуырсынц фæлмæн юморæй, æргом кæнынц хъæу- уон мады хуымæтæг, зæххон психологи. Нæ йæ фæнды, æмæ хæсты йæ фырттæй исчи исты кæна, уымæ гæсгæ азым æппары постхæссæгмæ. Нана у поэмæ «Мад»-ы ус-хъайтары хуызæн, фæлæ уый хуызæн дæр нæу — байрæзт йæ зондахаст, ног цардимæ æрхъæрмуд, базыд- та йæ æмæ йæ банкъардта, кæсы йæм æрвонг цæстытæй, кусы колхозы æмæ йæ фидарæй уырны, зæгъгæ, знаг саст æрцæудзæн æмæ йæ фыртты тохæй къæмдзæстыг нæ уыдзæн. Нанайы хуызы поэмæ «Мад»-ы ус-хъайтар сси царды активон архайæг, æгас бæстæ, абон æмæ фи- дæны раз бæрнхæссæг-адæймаг. Æз загътон, зæгъгæ, Хадзыбатыры поэзийыл фыс- гæйæ, бынтон æдас нæ дæн. Цæмæй Хадзыбатыр æмæ æцæгдзинады зæрдæхудт мацæмæй ссарон, уый тыххæй йæм бацыдтæн фæлтæрд методологон принципæй — историзмы принципæй. Уыцы принципмæ гæсгæ хъуамæ æвзарæм æмæ амонæм, ивгъуыды уацмыстæй сæ ду- джы арæнты мидæг чи баззад æмæ дзы æддæмæ чи ра- хызт, уыдон, бæрæг сын кæнæм уæд æмæ ныр сæ иде- йон-аивадон ахадындзинад. Абон удæгас поэтикон про- цессæн сæйраджыдæр ахсджиаг сты, историон-литера- турон контекстæй чи рахызт, уыцы уацмыстæ. Уыдон фæзмын нæ хъæуы, — хъæуьГсæ адарддæр кæнын, уы- мæн æмæ аивад никæд здæхы фæстæмæ, цы уыд, уымæ, фæлæ кæддæриддæр цæуы размæ, цы нæма уыд æмæ цы_хъуамæ уа, уымæ, ивгъуыды фæлтæрддзинадæй йæ- хи’йугæндзон хъæздыг æмæ хотыхджын кæны, афтæмæй. Ирон поэзийы уыцы фæлтæрддзинадимæ сты Ардасенты Хадзыбатыры «зæрдæйы фæндиаг дзæбæх» уацмыстæ дæр. 1978
ПОЭТЫ ГОМ ЗÆРДÆ Гафез. Цардбæллон. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал, 1974 Мах зыдтам, Гафез хæсты азты æмæ фæсхæст кæй ныммыхуцр кодта, уыцы æмдзæвпæтæ. Зыдтам сæ æмæ æнхъæлдтам, зæгъгæ, йæ чингуытæ «Адджын у цард», «Фарн» æмæ «Уацмыстæ»-м чи бацыд, уыдон йеттæмæ йæм æндæр æмдзæвгæтæ нæй. Фæлæ мæнæ рухс федта йæ ног æмбырдгонд æмæ дзы кæсæм, нырыонг кæй нæ-' ма зыдтам, фæлæ 1942 азæй 1957 азмæ кæй ныффыс- та, ахæм æмдзæвгæтæ. Поэт йæхæдæг куыд зæгъы, аф- тдемæй фронтæй æрæрвыста æмдзæвгæты æртæ тетра- ды Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисмæ æмæ йæ къухы бафтыдысты цалдæр азы "размæ. Фæсхæст кæй ныффыста, уыдонæн та сæ мыхуыр кæныныл нæ тыхс- ти, уымæн æмæ сæйраджыдæр йæ хъус дардта гуы- рахстджын уацмыстæм. Бæгуыдæр, афоныл кæй зæгъай æмæ чиныгкæсæгмæ кæй „фæхæццæ кæнай,- уыцы æмдзæвгæтæн сæ ахадын- дзинад фылдæр у. Фæлæ цалдæр азы фæстæ кæй æр- хæссай чиныгкæсджыты тæрхонмæ, уыдон ын йæ зæрдæ куы агайой, сагъæсыл æй куы ’фтауой, уæд уый амо- ны, зæгъгæ, поэт кæддæр,йæ рæнхъыты цы хъуыдытæ, æнкъарæнтæ æмæ фæлгонцтæ бавæрдта, уыдон хæс- сынц сæ дуджы хæдхуыз комулæфт, поэты уды царды реалон гæччытæ, ома дзы ис поэзи, поэзи та зæронд нæ кæнЫ, бирæ азтæ йыл куы рацæуа, уæддæр. Ахæм у Гафезы æмдзæвгæты ног æмбырдгонд дæр. Гафезæн, бирæ æндæр ирон поэттау, хæст уыд æцæг, реалистон поэзийы ^ фæндагыл слæууыны рæстæг, йæхи «æз» ссар.ыны рæстæгг Хæсты размæ, цыма, сонт сабийау каст цардмæ. Фæлæ фыццаг хатт цæхæры куы фæци, уæд Цардмæ æз æндæр цæстæй æркастæн, — Раздæхтæн дзы ацæргæ лæгæй. Хæсты азты, йæ лæджы кары бацæугæйæ, царды ад æмæ поэзийы ад бамбаргæйæ, Гафез æвдыста йæ ахаст йæ алфæмблайы дунемæ, йæ ныхмæдзыдтæм, й& ивæн- тæм, æргом кодта советон салдаты уды рæстдзинад, йе ’нкъарæнтæ æмæ йæ хъуыдыты хъæздыгдзинад. 197
Поэт иугæндзон баст у йæ райгуырæн Ирыстонимæ. Уæззау хæсты сахат, фæллад æмæ тыхдзыдæй æваст фехъуыста кæйдæр ныхас: «Ирон дæн!» æмæ уайтагъд йæ цæстытыл ауадысты йæ ныййарæг хæхтæ, «зын- донмæ бакаст рухс» æмæ йын Ирыстоны уарзт, сæрыс- тырдзинад радтой æнахуыр хъару — «æзды нæмыгау судзгæ тахтæн, мæ фæдыл батальон бырста». Ирыс- тоны мысгæйæ, йæ уындмæ бæлгæйæ, поэт бæрзонд æвæ- ры æмткæй нæ Советон бæстæйы уарзт. Иры дзыхъ, тæхуды ныр цæстæй Баузæл дæ чысыл къуымтыл дардæй! Фæлæ не стыр Райгуырæн бæстæн Хъахъхъæнын æз абон ам йæ бартæ. Чысыл æмæ стыр Райгуырæн бæстæйы æнкъарынад поэтмæ у органикон, Ирыстонæн ын ахицæнгæнæн нæй æппæт Советон Цæдисæй, Советон Цæдисæн ын Ирыс- тонæй ахицæнгæнæн куыд нæй, афтæ. Хæсты поэт-салдаты зæрдæ æвзары алыхуызон æн- къарæнтæ. «Хорз у ам, — нæ зоны иу дæр, мад кæд ыс- кæндзæн йæ саутæ», — зæгъы поэт. Адæмæй алчи йæ хъысмæтæн кæй ницы- зоны, уый у хæсты рæстдзинадæн æрмæст йæ иу фарс. Æндæр æмдзæвгæйы поэт зæгъы, зæгъгæ, «куы ’рхауон искуы фæсвæндаг зынгхуыс- тæй, — кæнын мæхицæн рагацау тæригъæд». Тæригъæд кæны йæхицæн, тæригъæд кæны, йæ алыварс æрвылбон дæр цæрынхъуагæй чи мæлы, уыдонæн. Амард æрыгон лæппу-салдат. Поэт ын бараст кодта йæ сæр, тыхæй уромы йæ маст. Мард лæппуйы уадултыл æнæнхъæлгæ дыууæ цæссыджы февзæрд. Зонын, æвзонг лæппу куыд кæуы, Лæгты федтон маройы цæугæ, Фæлæ никæд, а-зæххыл цы цæрын, Никуы федтон мард уды кæугæ. Поэт хæсты хæцыд хæсты ныхмæ. Поэт æххæст кæ- ны йæ патриотон æмæ интернацион хæс — æнауæрдо- нæй цæвы знаджы ных, хæссьь йын мæлæт. Бæлвырд историон моменты афтæ домы гуманизм. Фæлæ зæх- хыл адæймаджы мисси арфдæр æмæ вазыгджындæр у. Поэ^ы уырны, зæгъгæ, адæймаг равзæрд марынæн, туг калынæн нæ, фæлæ аразынæн, фæлдисынæн, цæрынæн. Уымæ гæсгæ йæм кæсы дуне «зын æмбарæн», уымæ 198*
гæсгæ фæгуырысхо йæхиуыл, зæгъгæ, «æвæццæгæн, нæ райгуырдтæн хæстонæн». Хæстонæн нæ райгуырд, фæг лæ хæстон у, уымæн æмæ хæстон куы нæ уа, уæд адæй- маг сæрибар нæ уыдзæн, не суæгъд уыдзæн цагъары хъадамантæй æмæ нæ сæххæст кæндзæн, æрдз æмæ йын истори кæй снысан кодтой, уыцы бæрзонд æмæ арфæ- йаг мисси. Гуманизм кæддæриддæр у социалон, къласон. Га- фезмæ тæригъæд, уацзт, фыдæх æмæ æндæр æнкъарæн- тæ нæ уынæм иумæйагæй, абстрактонæй. Поэт тæри- гъæд кæны, ныфсытæ æвæры гыццийæн, хæст кæй адаргъ, уый йын хъыг у, уымæн æмæ гыццийы мæт дæр ныддаргъ уыдзæн — «дæ урс хилтæн дзы судзынæй тæр- сын». Æндæр зæрдæ дары поэт фашистон лæгмары мадмæ—«кæд уыдзæнис уый, кæд, фыдгулы урссæр мад кæд кæудзæн?» Гуманизм дзы домы, цæмæй æгъа- тыр уа,- сов,етон адаёймаджы ном цыдæриддæр ныллæг кæны, уымæ. Поэт нæ бары, кæддæр гом зæрдæйæ кæй уарзта, кæддæр бæрзонд патриотон ныхæстæ чи кодта, фæлæ хæсты азты фæсчъылдым. уырыйау чи бамбæхст, уыцы хæлæрттæн. Гом зæрдæйæ цыд йæ уарзт, гом зæрдæйæ цыд йæ фыдæх дæр. Поэты алыхуызон, ныхмæвæрд, контрастон ,æикъа- рæнтæ æвдисынц хæсты æцæгдзинад æмæ совето’Н ирон салдаты зæрдæйы рæстдзинад. • Поэт хæсты тымыгъты сыгъдæгæй хæссы сылгоймаджы уарзт. Уый тыхджын æмæ уæздан у, а^ондджын æмæ трагикон. Æмдзæвгæ- ты цикл «Ныфс»-æн йæ ном йæ уæлæ ис. Сылгоймаджы уарзт поэты разæнгард кæны тохмæ, бар ын нæ дæтты, цæмæй йæ лæджыхъæд, йæ хæрзæгъдау фесафа, фашист- ты маргæйæ, йæ зæрдæ ныддур уа, амæлынæй тæрсгæ- йæ, йæ уарзон чызг æмæ йæ адæмæй зæрдæхудт фæуа. Хæст поэты уарзты æнкъарæн систа йе ’ндыгъд тæмæн- мæ («Нæй мын, нæ дæ фенгæ мардæй дæр мæлæт»), фæлæ йын æй исгæ дæр бакодта («Адавта мæ рухс амонд, дæ дзыккутæ»). «Ныфс» цикл нæу,—схонæн ын ис стыр уарзты къаннæг поэмæ. Хæстььд&р æмæ фæсхæст дæр, хæсты тыххæй фыс- гæйæ, поэты æмдзæвгæты абузы иу хъуыды: куыд ахс- джиаг у зæххыл сабырад! Хæсты хъæдгæмттæ банди- дзыдтой, фæлæ поэты зæрдæйæ абон дæр ма нæ хицæн кæнынц хæсты нывтæ. Йе ’мбæлттæй йæ зынг кæмæн бахуыссыд, уыдонмæ поэт кæсы æнхъæлмæ, кæд æй 199
зоны, ничиуал сæ æрцæудзæн, уæддæр: «Æз арт кæ- нын. Цырагъ уын м ’армы дарын: уæд та уæ исчи ’нæн- хъæлгæ фæзынд». Трагикон æмæ зæрдæсæттæн ныв — фашисттæ чысыл сабиты фæкæнынц марынмæ. Сабыр верлибр æнæнцой у. «Фæкæнынц сабиты уынджы», — фæлхатт цæуы сæрæй-кæронмæ, сабитæ сæхæдæг сты зырнæджыты халау, бабызты халау. Ацы абарстæй нæм уæлдай тынгдæр хъарь1 æнæаххос сабиты тæригъæддаг хъысмæт, фашистон лæгмарты сырдон удыхъæд. Æм- дзæвгæ у хæсты ныхмæ ка’рз зылынгæнæн, эмоцион до- кументы хуызæн. Нырыккон æцæгдзинады диалектикон контрасттæ реалистонæй#æвдисгæйæ, поэт тырны, цæмæй а-дунейыл цыдæрнддæр цардæгасæй ис, уыдон бавæрд æрцæуой, мацы сæ фесæфаг адæймагæн хæссой материалон æмæ эстетикон æхцондзинад. Поэты чысыл хъайтар, йæ -фыд хæстмæ куы ацыд, уæд, фæсчъылдым хæдзары хицауæй баззайгæйæ, хъæды калы бæлæстæ: «Бæлас бæласы фарсмæ хауы, цыма ныннемыцæгтаб сты». Бæ- лæстæ йæм фашистты хуызæн кæй кæсынц, уый хæсты заманы ратгæ фæлгонц’ у, кæд нæм гуырысхо æвзæрын кæны, уæддæр. Æрдзмæ, ныййарæг зæхмæ æндæрхуы- зон ахаст дарын хъæуы, æмæ Гафез аендæр æмдзæв- гæйы хæстнад, хæстæфхæрд зæххæн, уарзон адæйма- гау, кæпы тæрнгъæд, æнкъары йын йæ рис æмæ йæ зын. Æрдзимæ йае тугхæстæгдзинад уыйбæрц тыхджын у, æмæ йæ фæнды, зæххау цæрыны хос куы дæттид зайæ- гойтае æмæ цæрæгойтæн: «Ацы дзыгыйæн дæ зæрдæйы тæгтæ æртон, науæд дæ риуыл адджынæн уый хизæд». Æрдз йæ алы афонты поэтмæ равдисы йæ фыццагон конд: «Скæс-ма, æртах рахауд’уæлæ ихын арцæй», мигъ- тæ «куы кæрæдзийыл ысхилынц, хæхты гуымс кæнынц ныхæй» æмæ а. д. Æрдз æм канд объективон нæу, фæ- лæ ма иу кæнæ иннæ æмдзæвгæйы ахъаз кæны поэты хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ ирддæр æмæ поэтикондæ- рæй раргом кæнынæн. Цæгат Ирыстоны мидхæсты хгьæбатырты æфсымæрон ингæны тыххæй фысгæйæ, поэт Теркæн зæгъы, зæгъгæ, «ды Дайраны фæранк уыд- тæ, ам та дæ, мæрдджынау, зæрдæсаст, æмыр», æмæ афтæмæй поэт æмæ Терк сты æмхъуыдыгæнæг, æмæн- къарæг. АЛыхуызон фæзындтæ, дугтæ æмæ адæймæгты зæрдæмæхъаргæ рæстдзинад, æвæлхатт мидис Гафезы 200
хуыздæр æмдзæвгæты раргом вæййы хицæн, бæлвырд;г поэтикон деталтæй, бирæнысаниуæгон фæлгонцтæй.. Къостайы цырт зымæджы, тымыгъмæ лæууы, цыма стыр поэт йæ уæззау дугæй абонмæ ныртæккæ æрцы- ди, афтæ. Ног дуджы йæ бæллицтæ кæй сæххæст сты, уый иумæйаг дзырдтæй нæ, фæлæ конкретон деталтæй равдыста поэт: «Къоста лæууы Ильичы тæмæн рухсы æмæ йæ цæссыг сусæгæй кæлы». Кэенæ цахæм хуымæ- тæг хабары фæрцы сысты нæ цæстыты раз Тъабидзе Галактионы фæлгонц! Гафез æрымысыд: кæддæр гуыр- *дзиаг поэтимæ машинæйы куы цыдысты, уæд æрыгон* чызг фæлладæй æркъул кодта Галактионы риумæ йæ сæр æмæ рæуфынты фæфардæг. «Ночевала тучка зо- лотая на груди утеса великана», — Лермонтовы ацы рæнхъыты аналогимæ гæсгæ Гафезмæ афтæ фæкаст, цыма Галактионы риуыл «зæрин Гуырдзыстон рын- цад». Гафез царды дæр æмæ поэзийы дæр иууыл бæр- зонддæр æвæры æмбæстагон бæрндзинад. Æнæмæнг, поэзийы æнæ курдиатæй никæй ницы хъуыддаг ис, æмæ Гафез уый тынг хорз æмбары, фæлæ уæддæр бæлвырд кæны, зæгъгæ, поэт дзы кæй рацыд, уый у Иры, Рай- гуырæн бæстæйы уарзт æмæ цинæй. Уый комкоммæ дзуры^ æнæном поэтмæ, зæгъгæ, кæд нæ зоныс цин, уарзт, маст, рыст, «дзыллæйы мæт», кæд æхсæвыгон нæ дæ цырагъ, уæд «æмдзæвгæ ма фысс!» Дуг æмæ адæмы раз, рæстдзинады раз бæрндзинад поэтæн бар нæ дæт- ты, цæмæй искуы йæхицæй ныббузныг уа, йæхиуыл* феввæрса. Поэт йæ уд хъары, цæмæй адæмæн бакæна иууыл хуыздæр лæггад, кæннод æм йæ цард дæр æмæ йæ куыст дæр кæсынц уæлæнгай, ницæйаг. Каей зæгъын æй хъæуы, Гафезы ног æмбырдгонды æмдзæвгæтæн сæ аивадон хъару æмхуызон нæу, бирæ- тæ дзы не сты индивидуалон, ахадгæ, цымыдисаг. Æз сæ иувæрсты ахызтæн, сæхæдæг мæ иувæрсты куыд ахыз- тысты, афтæ. Мæн зæгъын фæндыд, æмбырдгонды сæй- раг цы у, уый тыххæй: Гафезы иннæ æмдзæвгæтау, ам дæр уынæм поэты гом зæрдæ, уынæм Ын æмæ ныл æцæг поэтиконæй æндавынц йæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ, йæ сагъæстæ йæхи æмæ йæ дуджы тыххæй. 1975:-
ЗАРÆДЖЫ АККАГ Ацы бонты Хæмыцаты Гиуæргийыл сæххæст уыдаид -фæндзай азы. Уый цардаид .æмæ куыстаид <не ’хсæн, фыстаид аив уацмыстæ. Фæлæ хъысмæт йæхирдыгонау ^сарæзта хъуыддæгтæ—1941 азы фыдгулы нæмыгæй аскъуыд Гиуæргийы æрыгон цард. Иæ 21 азы æххæс- тæй йæхи нæма фесты, афтæмæй йыл æнустæм бата- лынг дуне. Уыцы дыууын иу азы фæлгæтты диссагæй ницы уы- дис. Ермайнаг лæппу рæзти сидзæрæй, йæ мады ’вджид. Иæ фыды йын 1920 азы (Гиуæргийы райгуырæн азы) амардтой меньшевиктæ. Гиуæрги уыдис фиййау, йæ зæрдæмæ арф иста хæхты рæсугъддзинад æмæ ирон дзыхы дзырды алæмæттаг æхцондзинад. Сæхимæ рай- дайæн скъолайы куы бакаст, уæд рацыд Цхинвалмæ. Фæци авдазон скъола æмæ бацыд педтехникуммæ. Дык- каг курсæй йæ 1939 азы акодтой Сырх Æфсадмæ. Уыцы дыууын иу азы диссагæй ницы уыдис. Фæлæ дзы уыдис, чи сæ балхынцъ кодта æмæ уыцыиурæс- тæг сæ кульминаци чи сси, ахæм цау, æцæг диссаг — Гиуæрги йæхи нывондæн æрхаста Райгуырæн бæстæйы тыххæй, коммунистон идеалты сæрвæлтау. Уыцы хъай- тарон æмæ трагикон кульминаци йын йæ биографийы .цаутæ рухс кæны цахæмдæр бæрзонд рухсæй, дæтты сын сæрмагонд, ахсджиаг мидис. Уыцы кульминаци уыд йæ цыбыр царды фæстиуæг æмæ йе ’нæмæлæты райда- йæн. Ацы ныхæстæ зæгъæн ис Хæмыцайы фырты фæлтæ- рæй бирæ æмæ бирæты тыххæй. Махæн бар нæй, æмæ сæ ферох кæнæм, нæ зæрдыл сæ мадарæм, ма сын фæз- мæм сæ патриотон сгуыхтдзинад æмæ сæ уды сыгъдæг- дзинад. Æнувыд советон адæймаг, активон фæскомцæдисон, Хæмыцайы фырт йæ тыхтæ фæлвæрдта литературæйы, фыста æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ. Уый æхсызгонæй айстой нæ фысджыты æхсæнад, ныфс дзы æвæрдтой. Уый уыд нæ литературæйы сомбоны æнхъæлцаутæй иу. Фысгæ кæй кодтаид, æнтыстытæ йын кæй уыдаид, уый гуырысхойаг ма хъуамæ уаид, уымæн æмæ йемæ лите- ратурæмæ чи ’рбацыд, уыдонæн се ’взыгъддæр æмæ кур- ,диатджындæрты ’хсæн уыдис нымад. Бæгуыдæр, йæ курдиат йæ гаччы не ’рбадт, нæ рар- 202
г*ш кодта йæ индивидуалон хъару æмæ хуыз. Чи зоны, уыцы фадат ын хæсты азты æрцыдаид, не ’ннæ поэт- тæй бирæтæн куыд æрцыд, афтæ, фæлæ йæ хæст сдзу- рын нæ бауагъта, уайтагъд ын йæ дзых ахгæдта. Æры- гон зынгхуысты æмдзæвгæтыл дзургæйæ, мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм уый, æмæ Гиуæрги йæ лæджы кармæ нæма бахызт, нæма йæм уыд фаг ахуырдзинад, арф нæма ныккаст царды вазыгджын рæстдзинадмæ. Гиуæрги .фыста, йæ алыфарс чи куыста, уыцы поэт- тæн- сæ фылдæры хуызæн. Цалынмæ дæхи æрмдзæфмæ æрцæуай, уæдмæ хъуамæ базонай æмæ сахуыр кæнай иумæйаг æрмдзæф. Иу стæм поэт вæййы ахæм, уай- тагъд, йæ фыццаг æмдзæвгæты хæдхуыздзинадæй адæ- мы чи ’ркæсын кæны йæхимæ. Поэттæн сæ фылдæры бахъæуы райдайæны иумæйаг æрмдзæфмæ гæсгæ баку- сын (кæй фылдæр, кæй та къаддæр), цалынмæ сæхи сæрмагонд æрмдзæфыл фæхæст вæййынц, уæдмæ. Гиуæрги йæ хисдæр æмæ йе ’мцахъæн поэтты фæзмгæйæ, сæ поэтикон зæрдæуаг æмæ идейон-аива- дон амæлтты арæнтæй æддæмæ нæ хызт. 30-æм азты дыккаг æмбис социалистон царды цин уыд йæ зарæ- джы сæр, йе ’мдзæвгæты бындур. Цард у парахат, рæсугъд, • - Уымæн у нæ зæрдæ фурд. Царды йын гуырысхойагæй ницы ис, алцыдæр дзы у хорз æмæ рухс. Уымæ гæсгæ — «мæ зæрдæ мæ риуы ныккафы», «у тынг хъæлдзæг нæ цард», «нæ фидæны цардмæ кæсæны кæсæгау, мæ фæндаг æнтысгæ æз уыр- дæм кæнын». Нæ советон адæмы размæцыдæн ныхдур чи фæлæууа, ахæм тых нæй. Къахæм нæ хæхтæ, Дасæм нæ фæзтæ, Цард у нæртон. Кусджыты хъару Дунейы дзаг у, -. • Бирæ — йæ бон. Нырыккон цардæн йæхи мидæг цы ныхмæдзыдтæ æмæ конфликттæ ис, уыдон поэзи нæ иста, нæ сæ фæл- гъуыдта. Раздæр æмæ ныр, ивгъуыды талынг цард æмæ абоны хъæлдзæг дуг — гъе, уыцы контраст дзы уыд сæйраг. 203
Райдзаст уаты чысыл чызг Фаризæт кæсы чиныг. Йæ’мад ын дзуры сылгоймаджы ивгъуыды æмæ яыры царды хабæрттæ. Раздæр сылгоймагæн уыд «фосы кад», «уæййаджы ном». Ног дуджы сылгоймагæн æн- дæр у йæ уавæр. «Арф ныккæндæй у ’амонд сирвæзт»,— зæгъы мад йæ чызгæн. Лирикон хъайтар гыццийæн æрымысын кодта йæ «сау тухæнтæ». Бинонты ’хсæн куыста искæйонæй, йæ фыртæн цы ало-лайы зарæг кодта, уый уыд хъарæджы хуызæн: йæ фырт рæздзæн скъуыд бызгъуырты, бон- джынтау хъал дарæс не ’скæндзæн, хохаг зын куысты не стасдзæн йæ астæу, «цалынмæ йын æгъатыр мæлæт не сфæрса йæ" ном». Ныр, советон дуджы, рухс цардæй иæрынц мад дæр æмæ йæ фырт дæр. Ныр мады ало-лай райгæ æмæ амондджын у: Царды цинæй зæрдæ кафы, Не стæм, раздæрау, æнкъард. Раздæр ирон сылгоймаг «хæхбæсты зын куыстæй сыфтæрау руади», йæ халагъуд хæдзар зымæгон хъыз- ты «хуылыдз боны каркау хъуынтъызæй лæууыд». Ныр ирон сылгоймагæн «нæ тохы гуылфæнты фæстейы нæ зайы йæ ленкгæнæг нау». Ивгъуыд æмæ абоны контрастыл амад у поэмæ «Зæ- ронд Сæрмæт». Фыццаг уал æвдисы æмткæй ирон хо- хаг адæмы уæззау цард. Нæ..дзыллæ — ссæст, сæ зæрдæ — тарст, Сæ фæндтæ — саст, сæ уæнгтæ — баст. Стæй рахизы йæхи сæрмагонд царды хабæрттæм æмæ уымæй зæрдæмæ арфдæр хъары иумæйаг царды зындзинад. Сæрмæты хъысмæт у ирон хохаг лæджы ти- пикон хъысмæт. Сæрмæтмæ уыд бирæ хъару, бирæ бæллицтæ, фæлæ йын дуг йæ удыл хъадамантæ сæ- вæрдта. Иæ царды тæккæ рæсугъддæр тæмæн — Зал- дузы уарзтæй сыгъд йæ риу. Уыцы æнкъарæн æмдзæ- рин баци æрдзимæ. Æдзух æм бæрзы сыфтæй худти Залдузы хуыз. Куы йæ хаста, ^æд къæвда ныккалдта, дæттæ раивылдысты, фæндæгтæ* æмæ хидтæ нæ уыд, фæстæмæ здæхын сæ сæрмæ не ’рхастой («Чындзхон- тæн, дам, у худинаг»), æмæ куы фæцæйхызтысты ивылд доны, уæд Залдуз бабын. 204
Афтæ уыд раздæр, ныр цард аивта, «ныр — ног ду- не, ныр — ног бæстæ, ныр — ног дзыллæ, ныр — ног зæрдæ». Ныр машинæтæ цæубшц хæхты цъассытæм, Цхинвалмæ сырæзт æфсæнвæндаг. Ныр «Мæскуы, Тби- лис нæ къæсæр у». * Æвæццæгæн, зæронд цард æвдисыны традици нæ поэзийы тыхджын кæй уыд, уымæ гæсгæ Сæрмæты поэмæ-монолоджы дæр аивадæй хуыздæр сты, зæронд цардыл кæм дзуры, уыцы хæйттæ. Ис дзы реалистон, бæлвырд деталтæ. «-Ирон хæдзар... Иæ къултæ — сæрст, æндзалмын цар нымадта цæст», «æнгуз хъæдæй, дæр- гъæццон фынг», кæнæ къæвда куы ныккалдта, уæд ар- вæн «йæ къуырф гуыбын фæхуынкъи». Ног цардыл та дзуры иумæйаг ныхæстæй. Реалистон детализаци, нывтæ .æмæ фæлгонцтæ Ги- уæргимæ арæхдæр уыдысты, æрдз æмæ уарзтыл куы фыста, уæд. Уым æм æмхицдæр у лирикон’хъарм. Рын- дзæй коммæ куы касти, уæд, дон «хæрдгæбыдау æрт- тивгæ дуртыл, къæдзæхтыл хылди». Хæххон суадон ын æрымысын кодта йæ сабибонтæ — йæ цуры-иу бонрæф- ты æхсыры къус цымдта, хъуыста зымты къуыззитт. Доны былыл бады бæласы бын: Фæлмæн уддзæф æй сабыр фасы, Иæ дзыкку доны ’рдæм æртасы, Фæкæнынц сусæгæй ныхас. Æмæ йын уыцы фæлгонц йæ хъуыды аздæхта йæ уарзон чызгмæ. «Æрцу, мæ рæсугъд уарзон, ардæм» — йæ бæллиц, йæ сидæн æвзæры, æрдзимæ йе ’нкъарæн кæй ба’иу ис, уымæй. Фæнды. йæ, æрдзау рæсугъд æмæ сыгъдæг уа йæ уарзт. Æрдзы ’хцондзинад ын фаг нæу, йæ уарзон йемæ куы нæ уа, уæд. Кæд æрдз йæ алы- фарс йæ хуызтæ калы, уæддæр. Абон дæн дæ уарзтæй цух, Дæн æнæ дæу æз æнкъард. 30-æм азты кæрон ныгуылæн бæстæты хæсты æндæрг цоппай кæнын куы байдыдта, дзыллæты зæрдæйы стыр тас куы бауагъта, уæд Гиуæргийы дæр, не ’ннæ поэт- тау, тынг æндæвта хъахъхъæдады темæ. Уыцы хæсты йæхи дæр æмæ" не ’фсады дæр уыдта ирон поэзийы тра- дицион цæстытæй. 205
Калы цæхæртæ фæринк кард æлвæстæй, Сау саулох тохæй нæ кæны тæрсгæ, Уадз æмæ сау ызнаг судза фырмæстæй, Уадз æмæ тона йæ’ маргджын зæрдæ. Искуы уый тохмæ куы еиса йæ гæрзтæ, Арæнтыл хиз’а æхсæв кæнæ бон, Зонæд, йæ ныхмæ уæд сыстдзæн нæ бæстæ, Мах цæфтæй сау фæнык фестдзæн бынтон. Гиуæрги ард бахордта йæ намысджын дзыллæ, йæ райгуырæн зæххы раз: Каед искуы дæ сидтмæ дæ хъæбул Гиуæр Дымгæйау нæ тæха йæ аласайыл, Уæлахизон тохы нæ хъуыса йæ хъæр, Кавд фидар нæ хæца æлвæст хъамайыл, Уæд, ме схæссæг дзыллæ, нæ амондджын зæхх, Ныххауæд мæ зæрдæ æнæбын фурды. ’Ацы æмдзæвгæтæ декларативон сты, фæлæ сæ мах абон декларациау нæ исæм, уымæн æмæ сæ Гиуаёрги йæ цард æмæ йæ тугæй сбæлвырд кодта, йæ мæлæтæй сæ бафыста. Дзырд æмæ ми афтæ куы баиу вæййынц, лæджы зæрдæуаг æмæ йæ царды уавæр афтæ’ æмхуы- зон куы вæййынц, уæд сæ иувæрсты æнцад-æнцойæ ахи- зай, мацæмæ сæ æрдарай, уый гæнæн нæй. Гиуæрги цы ныффыста, уыдон уыдысты поэзийы цæттæгæнæн фæлварæнтæ. Йе ’цæг зарæг не скодта, нæ йын бантыст. Фæлæ йæ цыбыр царды кульминаци — йæ хъайтарон мæлæтæй у зарæджы аккаг. 1970 АДÆЙМАГАУ ÆМÆ ПОЭТАУ Нартыхты Михалы тыххæй Никуы мæ ферох уыдзæн. Йæ мард ын Дзауæй Цхинвалмæ куы ластам, уæд тагъд æххуысы машинæ- йы Цалдæр лæппуйæ бадтыстæм йæ фарсмæ. Æмбæрзт уыд урс хъуымацæй. Рахисæрдыгæй хъуымац къуыпп 206
дардта æмæ æнкъуысти, иннæ рæттимæ абаргæйæ,. тынгдæр. Иу-цахæмдæр афоны хъуымац риуырдæм æр- бырыд æмæ разынд... къух. (Йæ цонг баззад къæдзæй, топпæхстæй йæ зæрдæ куы фæцæф, астæрдыл куы ахауд æмæ æдзæм мард куы фæци, уæд.) Мæллæг, царм æмæ стджытæй конд, фæлæ тымбыл, хъæбæр, æлхъывд къух. Цыма дзы æртхъирæн кодта. Кæмæ? Цæмæн? Уæд, йæ марды уæлхъус бадгæйæ, афтæ нæ фарстон. Æвирхъау, æнæнхъæлгæ цауæй бандзыг дæн, цавд ду- рау уыдтæн. Нæдæр хъуыды кодтон, нæдæр æнкъар- гæ... Фæлæ фæстагмæ (куы йæ бавæрдтам, уымæй фæс- тæдæр) мæхимæ куы ’рцыдтæн, мæхи куы бамбæрстон, уæд мыл æртæфст йæ мæлæт, бæлвырд банкъардтон йæ зианы рис, мæхи фарстон æмæ дзуаппытæ агуырд- тон. ’ Кæд, миййаг, цардмæ æртхъирæн кодта?~ Нæ, Ми- хал цард бирæ уарзта. Æрдзы рæсугъд, адæмы ахас- тыты фидауц, алфæмблайы чысыл æмæ стыр хæрзиу- джытæ — адон, æм æвзæрын æмæ йын æвзарын кодтой æнахуыр æхцондзинад, тырныдта сæм, йæ тæрттæ сæм гомæй хаста. «А-бæстыл зæрдæхъæлдзæгæн уарзын Уа- дындзы цагъд, сæн, рæсугъд чызджыты», — гуырдзиаг адæмон зарæджы ’ацы æнæхин, хуымæтæг рæнхъытæ-иу фæтчыгъæдæн, йæхи æмæ искæй цæстмæ нæ дзырдта (йæ иу æмдзæвгæйы сæ æрхаста эпиграфæн дæр), фæ- лæ йын æргом кодтой йæ цардбæллон удыхъæд. Æнцон æмæ æнцой нæ уыд йæ хъысмæт. Чысылæй фæстæмæ цъус зынтæ, хъизæмæрттæ нæ федта. Хъомыл кодта сидзæрæй, йæ зæронд мады æвджид (йæ фыд ра- джы-амард). Æййæфта æфхæрд æвадат цардуагæй, «æнæхонгæ», «хæддзу» низтæй. Æййæфтой æфхæрд.йæ буар дæр æмæ ’йæ уд дæр. Фæлæ Михалы йæ хицæттæ æмæ йæ хæлæрттæ æнкъард æмæ æрхæндæгæй нæ зыд- той. ^Хъазтизæр уа, куывд, æви чындзæхсæв — гуымсæ- гыл’цагъта, зарæггæнджытæн хъырныдта, худæг пы- хæстæ кодта, æмæ-пу арæх йæ митæ дæр уыдысты ху- дæг. Юмор уыд йæГ натурæйы æрдзон миниуæг. Юморæй пскæмæ æмбæхст хуызы йæ маст, йæ фыдæх не ’вдыс- та, искæмæн дзьт фидис нæ кодта, ома, кæсут, æз хорз дæн, бæрзонд, исчн та — æвзæр, ныллæг. Юморы фæр- цы ардта æууæнчы контакт зонгæ æмæ æнæзонгæ адæ- мимæ, арæзта, алыхуызон ныхасгæнджытæ æмхуызон 207
.æмсæр æмæ æмбар кæм хъуамæ уой, ахæм психологон атмосферæ. Æмæ канд царды нæ, — поэзийы дæр. Арæх æм бирæ — фыццаг бакастæй ординарон, хуым^ тæг, зæгъæн ис, уæлæнгай æмæ ихсыд, трафаретон — цаутæ, хъуыдытæ, темæтæ кæм дæлдзог, кæм уæлдзог юморы фæрцы свæййынц хæдхуыз, оригиналон, зæр- дæагайгæ æмæ зæрдæмæхъаргæ. Æрымысæм: сæ хæрæг колхозæн куы радтой, иумæ- йаг, æхсæны фæткыл куы сахуыр æмæ иу изæр сæ хæ- дзармæ куы нал раздæхт, уæд чысыл лæппу ныккуыдта æмæ пын пæ фыд загъта, зæгъгæ, «н’ ацыд м ’аххосæй дæ хæрæг. Йæ бон кæй не сси не схъæздыг кæнын. Уый базыдта æмæ фæлыгъд йæхæдæг». Сæ хъæуы радио куы фæзынд, уæд: «Зæгъын, ныр ахæм хорз зарджыты цур Йæ цæсгом та куыд бахъæцыд ныууасын». Ирон хъæу- уон царды æмæ ирон зæхкусæджы зондахасты коллек- тивнзацийы заман цахæм егъау ивындзинæдтæ æрцыд, уыдон юморы фæрцы, иу конкрётон хабар — хæрæджы ацыдыл дзургæйæ, райсынц æцæг аивадон хъару. Æрымысæм ноджыдæр: сæгъ фесæфт, лæппу йæ агу- рæг ацыд, нæ йæ ссардта. Фембæлд ыл йæ уарзон чызг, ныххудт ыл, дæ фыд, дам, дæ хæдзармæ нал бауадз-" дзæн. Фæлæ ма йæ чызджы цур сæгъ кæм æндæвта! Уадз бирæгътæ йæ бахæрæнт, фæллæйттæ ссаргæнæ ’сты æмæ сæ ссардзыстæм: «Æниу, мæ хур, мах хъазгæ æмæ заргæ, Кæрæдзи уарзгæ дурыл дæр цæрдз-ыстæм!» Ам дæр хæрæджы тыххæй æмдзæвгæйы куыд у, афтæ, мæстаг, хъыицъымаг темæ сындæггай юмормæ кæй раз- дæхт, уымæй срухс, раргом кодта йæ поэтикон мидис: ирдæй разынд æрыгон, æхсызгон, адджын уарзты хъа- РУ- Æрымысæн ма ис ноджыдæр бирæ æндæр æмдзæв- гæтæ. Уыдон уыдаиккой риторикон, иумæйаг, наивон, Михалы æвæлхатт юмор сæ поэтикон куынæ кодтаид, уæд: Михал цард бирæ кæй уарзта, уый йын йæ цæстытыл уардигъуыз фæлм не ’вæрдта. Цардмæ лæмбынæг кæс- гæйæ æмæ йыл алыфарсонæй хъуыды кæнгæйæ, Михал цардæн уыдта æмæ æвдыста йæ реалон контрасттæ, йæ диалектикон ныхмæдзыдтæ. Уыдта æмæ æвдыста удæ- гас æнкъарæны палитрæйы алы хуызтæ дæр, цин æмæ хъыг, уарзт æмæ фыдæх, æууæнк æмæ æнæууæнк... Алы хуызмæ дæр дардта бæлвырд гуманистон ахаст, аргъ 208
ын кодта бæлвырд æмбæстагон позицийæ. Царды зын- тæ, мæстытæ, хъизæмæрттæ уын æмæ æвдис — уый цъус нæу. Фæлæ цъус дæр у. Уымæ гæсгæ, кæд-иу цар- ды зыитæй бафæллад, хаттæй-хатт-иу йе уонг сæ разы ауагъта, æрхæндæгæй катæйтты-иу ныххауд, уæддæр- иу цардæн дæр æмæ йæхицæн дæр рахаста раст, адæй- маджы аккаг тæрхон. Царды вазыгджын зынтæй фæ- тыхсгæйæ, поэт йæхи бафарста: «Размæ кæдæм цыд- тæн, Цæй, æздæхон мæ рагбонтæм». Фæлæ йын йе ’взонгад дзуапп радта: «Нæу фæстæмæ æздæхынтæй, Ды дæ фæндагæй ма фæтæрс!» Æмæ ноджыдæр: «Ма хъав царды лæгъзвæндæгтæм, Фæлæ ’гадæй дæр ма амæл». Афтæмæй йын сæйраг уыд: цæр æмæ архай, хъуыды кæн æмæ кус, царды зынтæй ма тæрс, лидзгæ сæ ма кæн, тох кæн семæ, сæтт сæ æмæ сæ сæрты хиз, цу размæ, фидæнмæ. Уыцы позицийæ цæрдхъом сты йæ алыхуызон æмдзæвгæтæ, Ирыстоны революцион змæл- (дьГ тыххæй лироэпикон поэмæ «Хæхты фарн», Фыды- , бæстæйон Стыр хæсты азты знагмæ уацары бахауæг, {æнæаххос салдаты хъысмæты тыххæй поэмæ «Зонгæ къахфæндæгтæ», нырыккон фæсивæды хæрзæгъдауы тыххæй уацаутæ «Æрмкъухтæ» æмæ «Бæллицты ба- ’зыртыл». Æгæссад, фæрнæйдзаг юмор æмæ царды зынтæ сæттынмæ тырнынад — æз сыл уый тыххæй дзурын, æмæ уыдон сты Михалы — адæймаг æмæ поэты—ахс- джиаг миниуджытæ æмæ йын бæрæг кæнынц йæ уды- хъæды æнæсайд айдæн — йе сфæлдыстады пафос — оп- тимизм. Зынтæ сæттын хъæуы царды алы къабазы дæр. Ми- халмæ уыд аивадон курдиат, фæлæ цæмæй курдиат йæ- хи раргом кодтаид, рухсмæ, адæмы рæгъмæ рахастаид йæ потенцион хæрзтæ, уый тыххæй хъæддыхæй сæттын хъуыд алыхуызон зынтæ. Михал ~йе ’сфæлдыстады рай- дайæн азты хъуамæ суæгъд уыдаид иударон, иумæйаг хъуыды, æнкъарæн æмæ уынынады инерцийæ. Æмæ дзы^удуæлдай куысты фæрцы цадæггай уæгъд кодта, азæй-азмæ хызти индивидуалон дæсныйады уæлдæр къæпхæнтæм. Михал цыд йæхи «æз»-мæ, фыццаджыдæр нæхи ирон, стæй гуырдзиаг, уырыссаг æмæ æндæр ли- тературæты фæлтæрддзинад фæлгъаугæйæ æмæ ууыл æнцой кæнгæйæ. Æндæр литературæтæй йæм уæлдай æввахсдæр уыд гуырдзиаг литературæ (схъомыл Кт^а- 14. Дзуццаты X. 209
хеты, уым ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ цæрынц æмуд сы- хæгтæй, сыгъдæг зыдта гуырдзиаг æвзаг, скъолайы даер æмæ институты дæр ахуыр кодта гуырдзиагау). Гуыр- дзиаг æмдзæвгæ йын рæдауæй хæлар кодта йæ фæл- гонцон уынынад — зæххон-реалистон æмæ уыцыиурæс- тæг уæлвонг-романтикон, хæлар ын кодта æгæрыстæ- мæй йæ ритмикон-интонацион хæдхуыз æууæлтæ дæр. Байхъусæм иу строфæмæ: Бахуыдта фысым уазджыты, Цины зард уаты зæлыди. Уым рæсугъд чызджы хъуссæг дæр "* Хъусыл нæрынцой змæлыди. Гуырдзиаг æмдзæвгæйы зæлынад органиконæй йæ- хи раргом кодта иронау æмæ уымæ гæсгæ «сирон». Уый ирд дæнцæг у æндæр æмæ æндæр адæмты лите- ратурæты æндæвдад æмæ æмæндæвдадæн, иу литера- турæ иннæ литературæйы куыд хъæздыг кæны, уымæн, йæ фæлтæрддзинадæй йын сфæлдыстадонæй куы пай- да кæнай, уæд. Зындгонд у: курдиатæн йæ* сæйраг æмæ æнæивгæ суадон у цард, нырыккон æцæгдзинад,, абоны рæстæг. Поэт йæ алфæмблай дунеимæ у æнгом баст, йæ зæрдæ- мæ нын’исы æмæ йын йæхирдыгонау æвдисы йе ’ппæт æвæрццаг æмæ æппæрццаг мидис. Фæлæ, цардимæ иу- мæ æмæ йе ’мрæнхъ, курдиат нуазы æндæр суадоцæй дæр — йæ размæ чи уыд æмæ йæ дуджы чи ис, уыцы литературæйæ. Уымæй канд йæ интеллект æмæ йæ эмо- ци, йæ аивадон амæлтты хæзнадон нæ хъæздыг кæны, фæлæ ма йын цырын кæны йæ фантази, æвзæрын’ æм кæны ног хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ йæхи æмæ йæ рæстæг равдисынæн. Куы кæсай Михалы æмдзæвгæ «Кæсын, кæсын дæ цæстытæм æдзынæг», уæд дæ зæадыл æрлæудзæн/Гейне^ Генрихы æмдзæвгæ «О,, если ты станешь моей женой». Ратдзæн ынщщæмæ амонд, æхцайæ цух не5 1ййафдзæн, æххæст ын кæндзæн йæ фæндиæгтæ, хыл æм куы кæна, уæддæр æм дзурдзæн сабыр æмæ уæзданæй, «Но если стихов не похвалишь моих, Знай твердо — развод не- из^ежен». Михалмæ — чызг рæхджы хъуамæ суа йæ къай, æмæ йæ куы ныррæхоид кардæй, уæддæр æм нæ хæцид; йæ фендæй дардмæ куы лидза, уæддæр æм тæ- хид маргъау; фæлæ Къостайы «Ирон фæндыр» йæ къух- 2Ю
мæ куы райса æмæ хъуыдыйы ’нгас куынæ разына йæ ныхыл, уæд тас у, æмæ йæ мауал уарза. Дыууæ æм- дзæвгæйы дæр ис иу темæ — удхæстæджы темæ. Фæлæ дыууæ æмдзæвгæйы дæр хицæн кæнынц сæ кæрæдзийæ. Фыццаджы поэт кæны йæхи æмдзæвгæты кой, дыкка- джы — поэт дзуры Къостайы æмдзæвгæты тыххæй, ирон нацийы фидауцы бæрзонддæр идеалы тыххæй, ома дыу- уæ æрыгон адæймагмæ хъуамæ æмхуызон сагъæс æв- з&рын кæна иумæйаг национ хъысмæт. Фыццаджы — цæхгæр бадзырдон кæрон: нæ раппæлдзынæ ме ’мдзæв- гæтæй — æнæмæнг ахицæн уыдзыстæм. Дыккаджы — кæрон у фæлмæндæр, гуызавæйаг, гуырысхойаг: «Ирон фæндыр» дæм куынæ хъара, уæд тас у, æмæ дæ мауал уарзон. Фыццаджы — поэт серьезон ныхасæй æваст ра- хизы иронимæ, зæгъæн ис, хынджылæгмæ, æмæ йæ уый кæны æнæнтау зæрдæскъæф. Дыккаджы — кæрæй- кæронмæ поэт дзуры серьезонæй, юмор кæнæ æндæр истахæм худæг фæзилæнæн дзы йæ фæд дæр нæй. Дыу- уæ æмдзæвгæйы кæрæдзийыл баргæйæ, æз уыдон тых æмæ дæсныйад миййаг иу æмвæзыл не ’вæрын (Миха- лы æмдзæвгæ æгæрыстæмæй йæхи хуыздæр æмдзæвгæ- тæй дæр нæу). Мæн æрмæст уый зæгъын фæнды, æмæ дыууæ æмдзæвгæйæ алкæцыйæн дæр ис сæрмагонд пси- хологон-эмоцион уаг æмæ равг, ома кæд Михалы æм- дзæвгæ равзæрд немыцаг поэты æмдзæвгæйæ, ’уæддæр у йæхи æмдзæвгæ. Афтæ зæгъæн ис йе ’ннæ* æмдзæвгæ — «Ингæны бы- лыл æрывæрдтой мард», зæгъгæ, уымæй дæр, уый та баст у Къостайы уырыссаг æмдзæвгæ — Тутаюк Шума- фы марды тыххæй æмдзæвгæимæ. Къостайæн йæ хæлар дæр нæ уыд,' йæ райгуырæн бæстæйыл дзы стыр зиан дæр не ’рцыд, фæлæ кæуы судзгæ цæссыгтæй. Цæ- мæн? — фæрсы йæхи æмæ фарстæй дзуапп дæтты йæ- хицæн: «Не то же ли и я? И в жизни одинокий, И встре- чу смерть свою покинутым, как он?» Поэт æмæ .амæлæ- гæн ницы тугхæстæг æмæ национ, социалон, идейон, иудзинад ис, фæлæ сæ хъысмæттæ иухуызон кæй сты, уый тыххæй йæ зæрдæ суынгæг, тыхджын ыл æртæфст йæ иунæджы сагъæс, æмткæй иунæджы тæригъæд рар- гом кодта, адæмæй иунæджытæ чи аразы, сæ бæстæйæ сæ иппæрд, æнæхай чи кæны æмæ, сын æнамонд цард æмæ мæлæт чи нывæнды, уыцы æхсæнадон атомизммæ йæ риссаг æмæ дудаг фыдæх. Кæйдæр марды уæлхъус 211
йæхиуыл кæугæйæ, поэт æрцыд ахъаззаг иумæйаг хъуы- дымæ: йæ дуджы. æхсæцад нæу адæймаджы аккаг, æмæ фæрсаг хуызы амоны, зæгъгæ, хъуамæ фесæфа, раива гуманон æмæ рæстаг æхсæнадæй. Михалы æмдзæвгæйы дæр зæронд лæг йе ’мгарæн йæ и.арды ингæны цур зæгъы фæстаг фæндараст. Йе ’мгар бирæ фæцард, сы- хы устытæ йыл æфсæрмæй скуыдтой, фæлæ зæронд лæг йæ къухмæ сыджыт куы систа, уæд фæтасыд йæ уæраг, чидæр йе ’нцой фæлæууыд, загътой, зæгъгæ, йе ’мгары маст æмæ хъыгæй фæцудыдта, æцæгæй та — «Ничи фæ- фиппайдта, уымæ æрмæст Сыджыт фыццаг хатт кæй фæкаст фыду-азал». Михалмæ дæр заеронд лæджы йе ’мгары марды уæлхъус ис йæхи, мæт, — социалон кæнæ æндæр аххосæгтыл дзурæг нæу, — лæг базæронд æмæ йæм мæлæт æрæввахс. Чи зоны, нырмæ йыл хъуыды дæр никуы акодта, — абон, йе^мгары мард уынгæйæ, фыццаг хатт бавзæрста мæлæты тас. Хуымæтæг сюже- тæй, чысыл реалистон деталтæй (сыджыт систа йæ къухмæ, йæ уæраг фæтасыд, зæронд лæгмæ адæмы ахаст æмæ поэтæн йæхи ахаст) Михал рлргом код^та æмткæй адæймаджы арф, психологон.рæстдзинад. Абоны цæргæйæ, поэты уд цæуы ивгъуыдмæ, уым цы поэтикон хъæздыгдзинæдтæ ис, уыдонæй схотых- джын кæцы йæхи, цæмæй ахъаз, уой, лæггад кæной абонæн æмæ фидæнæн. Ивгъуыдмæ цæугæйæ, Михал саста рæстæджы даргъдзинад, уым агуырдта йæхицæн фыдæлтæ æмæ хицæттæ, ссардта-иу сæ æмæ-иу ын сис- ты иузæрдыг æмбæлццæттæ. Къоста æмæ Цомахъ, Гурамишвили æмæ Бараташвилн, Пщавела æмæ Нино- швили’—адон æмæ ’æндæр стыр дзырддæснытæм хаста йæ фарстытæ æмæ йæ уынаффæтæ, сæ эстетикон æмæ моралон критерийæ барста йæ цард, йæ куыст, адæми- мæ йæ ахастытæ. Хуымæтæджы не сыстынц се ’намæл- гæ гæччытæ — сæ лæджыгъæд, се ^гъдау, сæ уарзт — Михалы бирæ æмдзæвгæтæй. Зынтæ сæтгæйæ, номхуындæй æндæр æвзаджы ных- дур, барьер сæтгæйæ, Михал дзæвгар ’ курдиат æмæ хъару бахардз кодта, цæмæй номдзыд гуырдзиаг фыс- джыты уацмыстæ иронау сдзурой барджынæй æмæ æнæкъæмдзæстыгæй. Уыдонимæ сты Гурамишвили Да-- уыт, Ниношвили Егнатъе, Тъабидзе Галактион, Киаче- ли Лео, Абашндзе Иракъли, Белиашвили Акъакъи æмæ æндæрты поэзи æмæ прозæ. Гуырахстджын æмбырд- 212
гондæй иронау рауагъта Пшавела Важайы зынгæдæр уацмыстæ. Мах дзы бирæ рæтты хъусæм Важайы ритм- тæ, интонацитæ, хъусæм сæ, гуырдзиаг чиныгкæсæг сæ йæ мадæлон æвзагыл куыд хъуры, афтæ, ома тæлмац оригиналимæ у адекватон. Кæд гуырдзиаг поэт иронау истæмæй къæмдзæстыг у, уæд æрмæст уымæй, æмæ йын йæ поэмæтæ Михал кæй раивта, Заболоцкий Никъала сын уырыссагау кæй сфыццаг кодта, уыцы æмдзæвгæ- амадæй. Гуырдзиаг оригиналыл иронау фæтых уырыс- саг тæлмацы гипноз. Æвæццæгæн, уый тынг раппæли- наг нæу, уымæн æмæ Михалы сфæлдыстадон практи- кæ — йæхи æмдзæвгæты дæр æмæ дзæвгар тæлмац уацмысты дæр — куыд æвдисы, афтæмæй гуырдзиаг æм- дзæвгæ йæхихуызæнæй сдзурын кæнынæн ирон æвза- джы ис æппæт фадæттæ дæр.* Ам — цыма къæлæты мидæг, афтæ — хъуамæ зæгъон иу хабары тыххæй. Михалы уацм.ыстæ. йæ мæлæты фæстЗе, 1968 азы, мыхуырмæ куы цæттæ кодтам, уæд йæ къухфыстыты ’хсæн иу æмдзæвгæйыл фэегуырысхо дæн. Йæ фæлгонцон уынынад, йæ поэтикон культурæ — æнæлаз, æвау. Йæ ныффыссыны рæстæг—1944 аз. Æз ахъуыды кодтон: Михалы фыццаг поэтикон фæлварæн- тæ хауынц 1940—1948 азтæм, кастæн сæ — æгъуызг иумæйаг æмдзæвгæтæ. Æгæрыстæмæй 1948 азæй;50-æм азты æмбисмæ кæй мыхуыр кодта, уыцы æмдз&вгæтæн дæр æрмæст формалонæй схонæн ис æмдзæвгæтæ. Уæдæ, 1944 азы куыд ныффыстаид ахæм хæрзхъæд æмдзæв- гæ? Чи зоны, æцæг æй хæсты заманы ныффыста, фæс- тæдæр, йæ поэтикон лæджыкары куы бацыд, «’кæмдæр 50-æм æмæ 60-æм азты арæныл, уæд æм, йе/ннæ раг- фыстыты хъауджыдæр, фæкаст хъус æрдарыны аккагу багуыбыр æмæ йыл бакуыста, рацарæзта йæ бындуро- нæй, зæгъæн ис, ныффыста йæ ногæй, фæлЗе йын йæ ныффыссыны аз нæ аивта. Кæд мæ хъуыды тынг уыр- нинаг нæ уыд, уæддæр мæ гуырысхойæ схицæн кæны- нæн бæрæг аргументтæ не ссардтон æмæ уыцы æмдзæв- гæ — «Сæнайы хохы монолог» — бахастам Михалы уац- мысты иутомонмæ. Фæлæ мæ гуырысхо нæ бамыр, нæ фесæфт, йæ кæнон кодта. Æмæ Михалы фæсмæрдон æмбырдгонд чиньгг- кæсæг йæ къухмæ куы райста, уæд иуафоны уыцы æм- дзæвгæйыл фембæлдтæн гуырдзиаг поэт Мирцхулава Алиойы æмдзæвгæты ’хсæн. Кæрæдзийыл сæ абарстон. 213
Сæ хицæндзинæдтæ — бынтон уæлæнгай:' гуырдзиаг æм- дзæвгæ хуыйны «Хъазбег», ирон æмдзæвгæ— «Сæнайы хохы монолог»; гуырдзиаг æмдзæвгæйæн йæ ныффыс- сыны рæстæг—1942 аз, ирон æмдзæвгæйæн—1944 аз; гуырдзиаг æмдзæвгæйы строфæтæ ис 10, ироны — 9; гуырдзиаг æмдзæвгæйы — гуырдзиæгты кой («Бле- щут реки, как будто грузины Точат меч свой старинный, узорчатый», «Кто дерзнет запоганить Картли, Истоптать меня ордами дикими?»), ирон æмдзæвгæйы — ирæтты кой {«Дардыл цы ’нкъуысынц мæ Иры быдыртæ? Кæмттæ дæр ферттивынц, цыма æхсаргæрдтæ Доны был дауынц "Ирыстоны фырттæ»). Ирон æмдзæвгæ у гуырдзиаг æм^ дзæвгæйы гæзæмæ бархи тæлмац. Æмхуызон сты сæ •фæлгонцты системæ, сæ масты монц, сæ хъуыдыйы ныфсхастдзинад. Михал хорз зыдта, зæгъгæ, поэтикон тæлмац у æвæ- джиау сфæлдыстадон акт, оригиналон , æмдзæвгæтæ ныффыссынæй бирæ дæлдæр нæу йæ ахадындзинад. Уæдæ, кæйдæр æмдзæвгæйы ’ тæлмац цæмæн рахуыд- таид йæхи оригиналон æмдзæвгæ? Ацы фарстæн, мæн- мæ гæсгæ, дзуапп раттæн ис. Æнæмæнг, æмдзæвгæйы тæлмац уыд Михалæн йæ рагон къухфыстытимæ, нæ йыл уыд авторы ном, нæ йыл уыд нысангонд, тæлмац æй кæй ракодта, уый дæр, йæхицæй та къорд азы фæс- тæ рох фæци, æмæ иугæр рагон къухфыстытимæ уыд, уæд æй йæхи фенхъæлдта, рохуаты йæ ныууагътаид, уый йæм æвгъау фæкаст, райста йæ æмæ йыл ногæй бакуыста, йæ рæнхъытæ йын асаста, «асинтæй» сæ ра- вæрдта, гуырдзыйы кой баивта иры койæ, æмæ, æвæц- цæгæн, йæ тæлмацы аз (уый къухфысты бæрæг уыда- ид) — 1944 аз та баззад, куыд йæ ныффыссыны аз, аф- тæ. Ацы хабары тыххæй мæ бон уыд, æмæ загътаин, 1970 азы Михалы сфæлдыстадыл цы уац ныффыстон, уым («Фыст æмæ æнæфыст»), фæлæ йæ уæд хъæуæгыл нæ банымадтон. Ныр дæр ыл чи зоны, нæ загътаин, фæлæ мæнæн зындгонд цы у, уый зындгонд нæу æндæр- тæн (рауагъдад «Ирыстон»-æй дыккаг хатт ныммы- хуыр кодта Фыдыбæстæйон Стыр хæсты тыххæй ирон тюэтты æмдзæвгæтимæ иумæ, æмбырдгонд «Хæсты тугвæ^тæ», 1975) æмæ йæ хъуамæ базоной. Михал фæ- рæдыд, кæйдæр æмдзæвгæ йæхи кæн фенхъæлдта, уы- мæй. Фæрæдыдысты йæ иутомон аразджытæ дæр (се- 214
мæ .уыдтæн æз дæр). Литературæйы сусæггæнæн ницæ- мæн ис, кæд дзы исты сусæггаг уа, уæд — абон уа, сом уа — хъуамæ раргом уа. Уый литературæйы амонд у, уымæн æмæ литературæ зæрдæлхæн æмæ зæрдæскъæф, цæрæццаг æмæ ныфсдæттæг у иунæг æгъуыстаг хæрзи- уæгæй, йæ» ном — рæстдзинад. Арæх фехъусæм, зæгъгæ, мардæй æвзæр дзурæн нæй. Мæнм^е гæсгæ,- æвзæр дзурын нæ хъæуы нæдæр мардæй, нæдæр удæгасæй. Алцæй æмæ алкæй тыххæй дæр дзурын хъæуы æрмæст раст æмæ уæд уый уыдзæн хорз. Æвзæр у мæнгдзинад, хорз — рæстдзинад. Михал зæд нæ уыд æмæ йын зæдау* табу нæ кæнæм. Иæ зæр- дæйы — зынгæйæ æмæ æнæзынгæйæ — тох кодтой алы- хуызон ныхмæдзыдтæ æмæ йæу' уыцы тох ардыдта, схуыста цард æмæ адæйма’джы рæстдзинад, хъуыды æмæ æнкъарæны æцæгдзинад активонæй агурынмæ. Михалы уды сæйраг миниуæг куы бæрæг кæнæм, уæд уый уыд лиризм—кæронмæ æргом æмæ æнæсайд, намысджын æмæ лæджыхъæдджын, хæрзæгъдау æмæ гуманон, растуарз æмæ растдзурынхъом лиризм, ома адæймаджы зæрдæйы уидæгтæ кæмæй бацагайай æмæ сæ цæмæй базмæлын кæнай, адæймаджьг адæймагондæр, бæрзонддæр, фидауцджындæр, цæрдхъомдæр, тых- джындæр кæмæй кæнай, ахæм лиризм, Алы хорз цау, хорз фæзынд дæр ын — царды дæр æмæ литературæ- йы дæр (иугæр йæ зæрдæмæ бахъардта, хорз æм фæ- каст, уæд) — хаста æхцондзинад, цыма-иу йæхиуыл стыр амонд сæмбæлд, уыйау ыл ради æмæ йыл цин кодта. Куыд зæрдæбынæй æппæлыд, зæгъæм, Плиты Грис æмæ Цæрукъаты Алыксандры ног æмдзæвгæтæй, куыд æхсызгонæй дзырдта , Дзесты Куыдзæджы ра- дзырдты тыххæй! Фæлæ уыцыиурæстæг йæ уды лиризм нæ быхста алы æвзæр цау, æвзæр уацмыс дæр. Искуы- иу сæ кой куы ’рхауд, уæд-иу сæ цæхгæр бафаудта, цы- ма-иу дзургæ нæ, — хыл, загъд кодта. Хорз кæнæ йæм æвзæр цы каст, уый-иу" ын нæ эмоцЦ фесхуыста иу кæ- ронæй иннæмæ, иу æгæрдзинадæй иннæмæ. Афтæ кæй уыд, хорзмæ—арфæйаг, табуйаг, æвзæрмæ—æнæбарон, æппæрццаг ахаст кæй дардта, уый фæстиуæгæн æм би- рæтæ хæрам кодтой. Михалмæ хорз æмæ æвзæр цы каст, ууыл æнæ гæды сылвазæй, æнæ рафæлив-бафæливæй кæй дзырдта, ома йæ зæрдæйы рæстдзинад кæй дзырдта, уый афтæ нæ 215
амоны, æмæ алцæмæй дæр уыд объективон. Цæвиттон, алкæд ын нæ фаг кодта историзмы, æнкъарæн. Иухатт æрæфтыдта ныхас, ирон поэттæ 20—30-æм азты цы "’мдзæвгæтæ фыстой, уыдон тыххæй, нæ сын хынцыдта сæ равзæрæн дуджы уавæр æмæ домæнтæ, æгæрыстæ- мæй фаудта, Маяковский Кавказы ног цардæвæрдыл цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уыдон даер. Æз йемæ не сра- зы дæн, бафаудтон ын «йæ зæрдæйы рæстдзинад», фæ- лæ мæ ныхмæ ницы загъта. Æндæр хатт мæм æрбахас- та (уæд чиныгуадзæны редакторæй куыстон) йæ зонгæ- йы уацмыстæ. Фæндыд æй, цæмæй сæ мыхуыры рауагъ- таин. Æз сæ бакастæн, лæмæгъ уыдысты сæ миДисæй дæр æмæ сæ формæйæ дæр, æмæ сæ фæстæмæ аздæх- тон. Чи зоны, уымæ мæгуырау нæ кастысты. Фæлæ йын æз мæ фиппаинæгтæ куы ранымадтон, уæд ницы загъта. Æндæр хатт та мæм рецензимæ радта иу фыс- сæджы чиныг къухфыстæй. Рагацау мын дзы йæхæдæг раппæлæгау кодта. Мæнмæ ничердыгонау фæкаст уы- цы чиныг, ныффыстон ыл фауæн рецензи, æмæ йæ куы бакаст, уæд тамын ницы загъта. Æртæ хатты дæр Ми- халæн м$е фаутæ уыдысты зын, тыхсти йæхимидæг, «йæ зæрдæйы рæстдзинэдыл»-иу фæгуырысхо. Уый уымæн зæгъын, æмæ Михал тырныдта, цы уыд, уымæй дард- дæр цæуынмæ, йæ рæстдзинад арфдæр æмæ хуыздæр кæ- нынмæ, тырныдта æмæ архайдта, цæмæй йæ субъекти- вон рæстдзинад субъективистон макуы уа, фæлæ уа объективон. Михал стыр аргъ кодта хæлардзинадæн, агуырдта ног хæлæрттæ аемæ сæ хæлар кодта йæ зæронд хæлæрт- тæн, уарзта сæ æнувыдæй æмæ æнæхипайдайæ. Кæд-иу ын йæ уды лиризмæн йæ хæлар дзуапп нæ лæвæрдта, уæд-иу дзы цадæггай йæхи ахибар кодта? Рахатыд, зæгъгæ, хинæй йыл зилыс, цæстмæхъус ныхас æмæ цæстмæмитæ кæныс, хæлардзинад дын æмб&хст,-меркан- тилон-æфтиагон дипломати у, уæд йæ уæлæ бакæндзæн мæнг цæсгом (маскæ) æмæдын æм бæлвырд дистанци: йæ хæстæгдæр бацæуæн нал ис. Каед-иу ахæм хæлары рЪз рафтыдта, аппæрста йæ мæнг цæсгом, уæд æрмæсг уымæн, цæмæй йын йæ ныхыл ныццæва йæ маст, йæ фы- дæх æмæ дзы ноджы адарддæр уа. Мæнг цæсгом ын уыд хибахизыны, хи бахъахъхъæныны фæрæз. Йæхи кæмæй нæ хъахъхъæдта, æцаег хæлары цæстæй кæмæ каст, уы- 216
донимæ йæ нæ хъуыд мæнг цæсгомы сæр, — йæ зæрдæ* сын кæддæрйддæр йæ армы нуазæнау дардта. Царды алыхуызон антиæхсæнадон æмæ антигума- нон фæзындтæ уынгæйæ æмæ сæ йæхиуыл æвзаргæ- йæ, Михалы уды лиризм кæрзыдта æмæ унæргъыдта. Уыцы негативон фæзындтæ нæ республикæйы ссæдз азы дæргъы барвæндонæй* дидин æфтыдтой, биноныг цыдис ахæм зианхæссæг зондахаст, зæгъгæ, адæй- маджы цæрæнбонтæ цыбыр сты æмæ кæмæн куыд йæ- бон у æмæ куыд арæхсы, афтæ цæрæд, хъæздыг кæнæд,, мачи макæй хъыг дарæд, макæуыл хъаст кæнæд, рæст- дзинад нæй æмæ йыл дзургæ дæр мачи кæнæд. Ахæм Моралон-психолЬгон климат раестаг æмæ рæстуарз адæ- мæн се уонг æмæ_сæ зæрдæ мардта, сæ ныфс, се ’ууæнк сын • сæфта. Михалæн сæрысуангæй æцæгæлон уыд. «худинаггаг, фидиссаг æмбаргæдзинад». Уæлдæр загътон: Михал цард бирæ уарзта. Фæлæ Михалæн уарзт нæ уыд алцы барын, алцæуыл разы уæвын, алцæмæн *табу кæныны синоним. Уарзт ын фыц- цаджыдæр æмæ сæйраджыдæр уыд бæрндзинад æмæ- домынад. Бæрндзинад—йæхи раз, литературæйы раз.. Домынад—йæхицæй, литературæйæ. Иæхицæй ч=и нæ дома, йæхимæ карз æмæ æгъатырæй чи нæ кæса, йæ- хицæн иугæндзон критиконæй аргъ чи нæ кæна, уьшæн ницы моралон бар ис, æмæ искæмæй дома, карз æмæ йæм æгъатыр уа, критикæ йæ кæна. Гоймаг æмæ æх- сæнады ’хсæн ацы диалектикон æмбастдзинад хынцгæ- йæ, Михал куыста хъæддыхæй, куыста цæмæй æххæсг бæрцæй гæххæтмæ рахастаид йæ курдиаты гæнæнтæ, хуыздæр кодтаид йæ аивадон дæсныйад. Искæй уац- мыстæ æмбырдты куы критикйе кодта, гуырдз’йагæй ’иронмæ дзæвгар лæмæгъ тæлмацтæ йæ уацты куы фаудта, уæд уымæн, æмæ йæхи куы уыдаиккой, уæд- дæр сæм хуыздæр цæстæй н^е кастаид, чи зоны, ноджы æгъатырдæрæй сæ дæрæн кодтаид. Михалмæ къорд, хорз уацмысы ис, æмбырдты æмæ сæ мыхуыры дæр стаудтой, фæлæ сæ никуы ныббуц, никуы сæ ныззынд, йæхимæ. Æз куыд хъуыды кæ.нын, афтæмæй, йæ хис- дæртæ, йæ карæнтæ кæнæ йæ к&сдæртæй-иу исчи искуьг хорз уацмыс куы ныффыста, æгæрыстæмæй-иу дзы хи- цæн чысыл хæдбындур деталь кæнæ фæлгонц куьь. ссардта, уæд ый-иу уый фылдæр цин хаста. Афтæ кæй. уыд, уый тыххæй йæхæдæг йæ мæлæты агъоммæ, æй- 211
лæт цы сарæзта, ууыл йæ хъуыдыйы цæстытæ рахæс- гæйæ, ныффыста: «Æз нæ уыдтæн... поэт. Уыдтæн æр- мæст зæрдæ, бæллицты цад, -æнкъарынад. Уыдтæн æнæ- иыффысгæ æмдзæвгæ. Æмæ цы бакæнон, не ’рцыд мæ зæрдæйы æцæг æмдзæвгæ фыст». Афтæ зæгъдзæн, йæ- -химæ æгъатыр чи уа, поэзийы бæрн тыхджын чи ’нкъа- ;ра, бирæ (йæ чи уарза æмæ дзы бирæ чи дома/æрмæст ахæм поэт. Мæ зæронд фыссæн чингуыты иуран бакастæн (ис- г кæй у æви мæхи, уый мæ ферох): «Чувство стыда — вот что спасет человечество». Михал разы нæ уыд, цы ба- ’куыста, цы сфæлдыста, уымæй, разы нæ уыд йæхицæй •æмæ уый руаджы æнахуыр тыхджын сси, рагæй дæр йе ’ннæ æнкъарæнтимæ, сæйраджыдæр бæрндзинад æмæ .домынадимæ, æмдзу чи ’кодта, уыцы æфсæрмы æн- жъарæн. Æмæ йын йæ уды лиризм чи хъыг дардта, цы йæ кодта æгад æмæ хъизæмайраг, уыдон фауынæн, уы- донимæ тох кæнынæн, уыдон сæттынæн æм цы тыхтæ, цы хъарутæ уыд, — иууылдæр сæ Михалы æгæрдзинæд- тæм æмхиц натурæ иу цахæмдæр моменты æрбамбырд кодта иумæ, ныуулæфыд сæ гилдзы талынг уынгæг -хуылфмæ, сырæзт сæ иу тызмæг, мæлæтдзаг тых æмæ йæ сарæзта йæхи ныхмæ, йæ зæрдæмæ. Эгоисттæ, индивидуалисттæ, æрмæст йæхи гыццыл, лицæйаг мещанон уды мæт’кæй ис, адæмы раз бæрн кæмæ нæй, йæхицæй дæр æмæ искæмæй дæр чи не "’фсæрмы кæны, адæймаджы намыс «уæлдай уаргъыл» чи нымайы, уыдон сæхи барвæндæй никуы ацæуынц цардæй. Фæлтау сæ алфæмблай цыдæриддæр ис удæ- гасæй, змæлæгæй — се ’ппæтыл дæр нæ бацауæрддзыс- ты ныццæгъдынæй, зæххимæ сæмвæз кæнынæй. Михал ■æртхъирæн кодта тæккæдæр ахæм адæймаггонд, адæй- маджы хуызы бацæуæг æлгъаг уæвæгойтæм. Æртхъи- рæн кодта, æрмæст йæхи рис йеттæмæ искæй рис, адæ- :мы рис чи не ’нкъардта, уыдонмæ. Æртхъирæн кодта, Л1æ царды цы негативон, сафинаг фæзындтæ уыдис æмæ ис, уыдонмæ. Æртхъирæн кодта махмæ, æвæлмаст æмæ .хъæбæрзæрдæ кæй уыдыстæм, йæ уынгæг, тыхст уавæр <ъш куы уыдтам, уæд, цыфæндыдæр кæнæд, куыдфæн- дыдæр кæнæд, зæгъгæ, афтæ кæй хъуыды кодтам, -адæймагæн, хорз æмæ æвзæрæн æмбæлон аргъ кæй нæ кæнæ!м, уый тыххæй. Æртхъирæн кодта йæхимæ, йæ >цард куыд ын æмбæлд, афтæ кæй нæ рацард, адæмæн :218
æмæ литературæйæн куыд æй фæндыд, афтæ кæй нæ лæггад кодта, йæ зæрдæйы æцæг æмдзæвгæ кæй нæ ныффыста, уый тыххæй. Æртхъирæн кодта, цыдæрид- дæр йæхимæ дæр, махмæ дæр æнæадæймагонæй, æнæ- адæмонæй уыдис æмæ ис, уымæ. Æз мæ царды цы химартæ зыдтон, уыдон уыдысты адæмты æмæ адæнмæгты хуыздæр æмæ уæздандæр, рæсугъддæр æмæ рухсдæр мыггагæй. Чизоны, æз ба- зæронд уон, фæлæ мын сæ* ацыдæй цы хъынцъым, цы фыдох радтой æмæ ныууагътой, уый никуы базæронд уыдзæн. Маяковский йæхи куы фехста, уæд дзы Цветаева загъта: «Жил, как человек, умер, как поэт». Цветаева йæхи куы ’рцауыгъта, уæд дзы Эренбург загъта: «Жи- ла, как поэт, умсрла, как человек». Раст загътой æви нæ Цветаева — Маяковскийæ, Эренбург — Цветаевайæ, уый ныртæккæ не ’взардзынæн, фæлæ Михалы тыххæй мæ бон у, æмæ æнæгуызавæйæ зæгъон: царди æмæ мæл- гæ’дæр акодта адæймагау æмæ поэтау. 1977 ПОЭТЫ ЗÆХХ ÆМÆ АРВ Мæргъиты Къоста. Фондз чызджызарæг. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал, 1978 Кæддæр Мæргъиты -Къостайы тыххæй фыстон, зæгъ- гæ, йе ’ргом у «цæсты æнæзынгæ, æнæахадгæ, æрвыл- ^бонон фæзындтæ, цаутæ, нывтæ æмæ деталтæм», «цы цаутæ, цы фæзындтæ æмæ цы хабæрттыл дзуры, уыдо- ны диссагæй ницы ис, адæмы не ’ркæсын кæнынц сæ- химæ, фæлæ йын æнæ уыдон нæй цард дæр æмæ поэзи дæр». Уый йын схуыдтон «йæ курдиаты объективон ми- ниуæг», Уæдæй ардæм Къоста — кæд дыууын азы бæрц ра- цыд, уæддæр — йæхиуыл йæ зæрдæ не сивта. Фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ куыд уыд, афтæмæй баззад. Къоста йæ удыхъæдæн дæр æмæ йæ поэзийæн дæр æх- 219~
сæста æмæ æппæрста сæ уæлдæйттæ, сæ уæлæнгæйттæ, цыдис æмæ цæуы йæхимæ, æмæ, йæхимæ цæугæйæ, йæ «æз» æвдисы хуыздæр, бæлвырддæр, ирддæр. Æрвылбонон цард æм, иуæй, кæны хъæздыгдæр, кон- кретондæр, хуызджындæр, иннæмæй та —тынгдæр дзы зыны, Къостайæн йæхи загъдау, «стыр цард», тынгдæр дзы хъары рæстæджы комулæфт, йæтырнæнтæ, йæ са- гъæстæ æмæ йæ домæнтæ. Зæгъæн ис, дыууæ царды йæм кæрæдзиимæ сты æддæг-мидæг. Фигуралонæй дзургæйæ, зæхх æм тынгдæр балымæн арвимæ. «Цæмæн фæкæсынц арвмæ мæрдтæ?», зæгъгæ^ фарстæн поэт дзуапп дæтты фарстытæй: миййаг, ’кæд бахъуыды сахат «сæ буар нæ арыди цъæх арты» æмæ ууыл кæнынц мæт, æви «нæ ауæрстой сæхиуыл» æмæ «ныр мысынц уыцы бонтæ»: «Цæмæн фæкæсынц арвмæ мæрд- тæ? Цы йыл фæагурынц? Сæ нæмт.тæ? Сæ кад æви æгад?» Æмæ канд хæсты чи фæмард, уыдон нæ, — арв- мæ кæсынц .æмткæй мæрдтæ æмæ удæгæстæ, уырдæм тæхынц сæ хъуыдытæ æмæ сæ фæндтæ, уымæн æмæ—< «Уый у нæ бон æмæ нæ ис, Нæ ныфс æмæ нæ хуыцау!» Арв ын у, иуæй, адæймагдзинад æмæ хæрзæгъдауы бæрзæнд, иннæмæй та — поэтикондзинады бæрзæнд. Æнæ арв ын нæй зæхх, æнæ зæхх та — арв. Зæхх æмæ йæм арвæн хъуамæ уа гармони, иудзинад. Поэт куры рæстæджы дымгæйæ, цæмæй æртæха «нæ уынгмæ», йæ базыртыл æй сиса, бандадза йæ арвы ри- уыл («Уырдæм мæм разындзæн а-дуне иууыл»), хор- зæй цы сарæзтам, уымæ^ бафтауа, фауддзаг æмæ нæм æвзæрæй цы ссара, уый та «асхойа къæдзæхы сæрæй». Уымæй кæнгæ у йæ адæймагон æмæ æмбæстагон -по- зици, стауы ’хорз æмæ фауы æвзæр, сæ иуæн дзы лæвар кæны уарзт, се ’ннæмæн та — фыдæх. Æрмæст æм. уы- цы æнкъарæнтæ сты иувæрсыг æмæ иухуызон, нæ, фæ- лæ бирæвæрсыг æмæ бирæхуызон, æмæ уый æвдисæн у сæ реалон, удæгас хъæздыгдзинадæн. Æрвылбонон хабар: иу хæдзары — мард, иннæйы — чындзæхсæв, .иу ран — хъарæг, иннæ ран — зараег, — уый царды æнусон æгъдау у, æмæ йæ цы схондзынæ: раст æзи зылын, хорз æви æвзæр? Поэт æй исы, куыд у, афтæмæи: «Æмæ царды уыцы ’гъдауæн А-дунейыл ивæн нæй. Мах мæрдты бæстыл цы ’фтауæм, Исæм уъЯл чын- дзæ^хсæвтæй», исы йæ, уымæн æмæ уыцы ныхмæвæрдæй бæлвырд кæны царды æгæрон хъару, йе ’нæмæлæт. Цард 220
алы, хъарæг^н дæр йемæ бæтты зарæг. Æнæ сæ иу дзы уæвæн, нæй се ’ннæмæн. Фæлæ царды иумæйаг, æрдзон æгъдау нæу поэтæн аенцрй, æвæлмон, æдыхст дæттæг. Адæймаджы мæлæт æм (æмæ канд адæймаджы мæлæт нæ!) æвзæрын кæ- ны хъыг æмæ хъынцъым, æрхæндæг æмæ хъизæмар. Нæ дзы рох кæны, хæсты фæудæй иу бон раздæр чи ба- зынгхуыст, уыцы æвзонг салдат, йæ ныхас ын хъусы йæ зæрдæйæ: «Ссæдзаздзыдæй амæлын у зын, О, æниу мæлын кæд уыд æнцон та! Абон дæр мæ ин’гæны хъæр- зын, Ме ’мтуг æмæ ме ’мбуар хæстонтау». Дардæй мы- сы йæ фыдызæхх, йæ арвы дзæнхъа ирд: «Æмæ диссаг макæмæ кæсæд, Ам дæр сæ мæ зæрдæйы кæй дарын. Уадз æмæ мын рухсы таг хæссæд Ацы арф, æнуд ингæ- ны тармæ!» Мæлæтимæ бафидауæн нæй, уæлдайдæр æрыгонæй, уæлдайдæр хæсты куы уа, уæд. Фæлæ мæлæт ис æмæ дяы -нæй искуы бамбæхсæн, искуыдæм фæфардæггæнæн. Поэты фæнды, цæмæй амæла æхсæв нæ, фæлæ^ бон: «Цæмæй нæ цæстыты цъæхы Мах талынг нæ, — ’рмæст рухс хæссæм. Мæлæт! Нæ саударæг зæххыл ^Дæуæй бон ~нæ,— æхсæв тæрсæм!» Тæрсгæ дзы нæ кæны, æр- мæст тæрсы, æхсæв æм куы ’рцæуа, уымæй. Мæлгæйæ дæр хяьуамæ уæлахиз кæна цард. Хуымæтæджы не ’хсайы мæрдтæн сæ зæрдæ сæ райгуырæн бæстæм, адæм æмæ æрдзы цардмæ. Мæлæт мæлæты сæрвæлтау нæ, фæлæ адæшлагдзинад æмæ хæрзæгъдауы сæрвæлтау. 'Мæлæтæн дæр ис арв. Мæлæт, тас, зын — гæнæн нæй, æмæ дыл ма ’нда- вой, хаттæй.-хатт сæ дæ хъуырмæ дæр ма суай. Уымæн зæгъы поэт: «Зæххыл æнæмæтæй, æнæмастæй Æдылы- тæ цæрынц æрмæст!» Фæлæ мæлæт, тас, зын не сты сæйраг. Сæйраг уый у, æмæ дæ хъуамæ сæ цагъар ма скæной, дæ уд æмæ дын дæ уонг ма амарой. Хъуамæ сыл тых кæнай, сæттай сæ, сæ сæрты хизай Эемæ цæ- уай размæ, цæрай, æгæрыстæмæй куы нал уай, уый фæстæ дæр, цæрай дæ рæстдзинад, дæ хорз æмæ дæ фидауцæй. Сæйраг сты адæймаджы ныфс æмæ йæ бæл- лиц. Садзыс талатæ, тæхыс уæларвмæ æмæ а. д. — кæй цæрдзынæ, уый ныфсæй: «Гъе, афтæ мах цæрæм ныфсæй,Куы фæмæлæм, уæд дæр. Æнæ ныфсæй фæцæ- рæн нæй, Нæй иу бон, иу уысм дæр!» Адæймагæн йæ къахдзæфтæ — йæ аразæг дæр æмæ йæ сафæг дæр: иу 221
ын хæссы амонд, иннæ — æнамонд, иу ыл садзы базыр- тæ, иннæ йыл æвæры сау зынтæ «æмæ а. д. «Фæлæ цæуæм нæ фæндæгтыл, Цæуæм — зын уа, æнцон уа, Нæ бæллиц нын нæ фæдæтты Æнцой, салдат-хæстонау». Абарст дырысæй бæрæг кæны поэты позици: хæсты æвирхъау зынтæ бырсгæйæ, салдат уæлахизмæ куыд æрцыд, афтæ кæддæриддæр адæймаг хъуамæ — цард æй цахæмфæнды фыдтæй нæ фæлвара, уæддæр — цæ- уа размæ/ Поэты арв нæ быхсы æнæрастдзинад. Уæлмæрдты дыууæ ингæнæй сæ иуыл схæцыд кæрдæг, се ’ннæйыл сфардæг цырт, «æнæхъæн аргъау». Æмæ нæ сагъæсыл æфтауы йæ фарстытæй: «Цымæ сæ чи цыд æдгæрзтæ хæстмæ, Кæмæй сæ уыди нæ зæхх сæрыстыр? Кæнæ сæ чи уыд мæнгард, æлхæд лæг, Гъе ацы цырт сæ кæмæн æмбæлы?» Поэт комкоммæ дзуапп нæ дæтты, æмæ нæ дæр хъæугæ кæны, уымæн æмæ мах зонæм, уынæм æй нæхæдæг: арæх удæгасæй дæр æмæ мардæй дæр цыт æмæ.кад кæнæм æнæадæймагон адæймæгтæн. . Нæ быхсы адæймагмæ куыдфæндыйы ахаст. Ный- йарæг мад йæхи снывонд кæны йæ хъæбултæн: «Æмæ йын мах та удæгасæй цы фæуæм, Нæ фæзонæм, нæ царды циу ныййарæг. Æрмæст йæ тар ингæны был куы слæууæм, Уæд ысвæййы нæ удты маст, нæ хъарæг! Уæд бамбарæм ныййарæджы лæггæдтæ, Фæлæ цафон? Ныт- тар ыл хуры рухс тын». Нæ быхсы адæймаджы æнæсæрфад, ’æдзæллагдзи- над. Поэт къуырийы бæрц дидинæгмæ нал базылд æмас бампылд, æрхаудтой йæ базыртæ, фесæфт йæ хæрз- дæф. Афтæ адæймаг дæр: куы нал кæсид йæхимæ, уæд бацарæфтыд уаид, амæлид. Уый эгоизм нæу. Адæймаг хъуамæ уа æххæстаргъ æмæ рæсугъд—йæхицæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр, хъуамæ кæддæриддæр æмæ кæм- дæриддæр уа адæймаг. Поэт æрдзмæ, зайæгойтæм æмæ цæрæгойтæм куыд кæсы, афтæ кæсы йæхимæ дæр æмæ адæймагмæ дæр. Уыдон сты базилинаг æмæ бахъахъхъæнинаг. Уыдон æмæ адæймаджы ’хсæн абарстытæн ис арф нысаниуæг. Уыдон хъæуынц, зынаргъ сты миййаг сæхи тыххæй нæ, фæлæ адæймаджы тыххæй. Дидинæг рох куы уа, уæд рох у адæймаг. Дидинæгæн тæригъæд кæнгæйæ, тæри- гъæд кæны адæймагæн. Поэт базары балхæдта уæрцц æмæ йæ ауагъта: «Уадз хъусон уымæн зад хуымæй 222
æдзухдæр Йæ «уæрцц-быллыхъ», йæ базырты пæр- пæр!» Поэты хъайтар Бега (поэмæ «Зæронд лæг æмæ- куыдз») æвзары «зын маст», йæ куыдз Зыгъары йын- горæты æнæазымæй кæй амардтой, уый тыххæй. Адæй- маджы мардæй йæм къаддæр нæ ’бахъардта: «Сæры магъзмæ туг ныццавта, Къæхтыл ма тыхæй лæууын. Уал азы ма мæм фыццаг хатт Цыд, сывæллонау, кæ- уын». Никуы йæ ферох кæндзæн, йæ бон нæ бауыдзæн. Æвæццæгæн, сæрмагондæй зæгъинаг нæу, зæгъгæ, поэ- тикон маст, рис, тæригъæд æмæ æндæр ахæм æнкъа- рæнтæ миййаг зæрдæмарынæн не сты,' фæлæ нын акти- вон кæнынц нæ адæймагдзинад, нæ гуманистон бархъо- мыс æмæ архайд. Рох цы у æмæ рох цы хъуамæ ма уа, уыдонæй ал- цæуыл дæр риссы поэты зæрдæ. Кæддæр «хæхты дард æвæндаг рæтты» йæ сабидуг кæм арвыста, уым нал сты нæ дæр йæ дада — амард, нæ даёр иннæ цæрджытæ — фæлыгъдысты æндæр рæттæм. «Æмæ уал куыройы та, куыройы Бандзыг ысты састбазыр бæлæттау. Зæгъ, мæ риу мын уый цы сагъæс хойы, Зæгъ, æнцой мын уый цы мæт нæ дæтты?»—фæрсы поэт æмæ æнкъарæмг иуæй, нал сты йæ сабидуг æмæ йæ дада, иннæмæй — федзæрæг хæххон хъæу, æмæ уый тыххæй у æнæнцой, сагъæссаг. Хъуамæ афтæ ма уаид. А-сабидугæн æдзæу- гæ нæй, а-дадайæн æнæмæлгæ нæй, фæлæ райгуырæн зæхх, уарзон æмæ адджын зæхх цæмæн æрцыд раууат- мæ, цæмæн фæцух цардæй? Æцæг, æвзонджы бонтæй куы адард уай, уæд уый дæр æнæмæтаг нæу, Уыдонæн дæр рохгæнæн нæй. Уы-* мæ гæсгæ зæгъы поэт: «О, лæппу куы фестин ногæй. Ах, куыд тыхджын мæ фæнды!» Фæлæ уый «стыр царды» æгъдау у æмæ йын фæндонæй ивæн нæй: «О, фæлæ мæ уаз бæллицæн Сты йæ рог базыртæ къуырд. Иугæр дæ æвзонг фæхицæн,'Ис ма йын æздахæн, куыд?!» Ацьг фарстæй — ногæй та адæймагон æмæ ’поэтикон фарс- тæй (ома йæ поэзийы ахадгæ амалæй) — поэт разы дæр у æмæ разы дæр нæу «стыр царды» æгъдауимæ. Алы кар дæр йæхирдыгонау рæсугъд у, кæд æмæ адæйма- гæй цæрай, уæд, фæлæ уæддæр æвзонджы бонтæн зда- хæн кæй нæй, уый зæрдæйыл æфтауы æнтъыснæг, æн- къард. Здахæн нæй зæронд фæткъуыбæлæстæн дæр сæ ив- 223
гъуыдæн: «Лæвæрдтой хорз дыргъ адæмæн, Уыдысты сæ сæрыстыр. О, уыцы рæстæг, кад æмæ Нæргæ бонтæ кæм ысты?! Цæф хæстонтау ныр калд ысты Умæл сы- джытыл уыдон. Сыг æртæхтæ сыл хаудысты, Æмæ нырхæндæг дыргъдон». Æмæ канд дыргъдон нæ,— поэт дæр. Раст у, фæткъуыбæлæстыл куы нал зайа, уæд сæ калын хъæуы, фæлæ уæддæр, уæддæр... Цыдæр ахсджиаг ацæуы, нал вæййы æмæ йыл хъыг кæнæм, тæригъæд ын кæнæм æмæ кæндзыстæм. Афтæ зоны арв. Æнæ уый, æнæ арв нын цымыдисаг нæ уаид нæ дæр дард, нæ дæр поэзи. Поэт бирæ азты фæстæ æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ, йæ фæзтæ æмæ йæ хæхтæм: «Нæ, уыдон хуызæн æз нæ федтон æндæр ран, Æмæ сын, æвæццæгæн, фенæн дæр нæй!» Афтæ дзы кæй зæгъы, уымæй йæ æндæр рæтты ныхмæ не ’вæры миййаг. Йæ сабидуг, йе ’взонджы бонтау æм иууыл хуыздæр кæсы йæ райгуырæн хъæу. Æндæр ран куы райгуырдаид æмæ куы схъомыл уыдаид, уæд уымæй дæр афтæ загъ- тачд. Уый у адæймаджы иумæйагадæймагон миниуæг, зæрдæйы рæстдзинад. Гъай-гъай, Къостамæ алцыдæр нывыл нæу. Хосгæр- дæны æмдзæвгæтæ сты бынатæй репортажты хуызæн. Иумæйаггомау мæм кæсынц йæ уарзты æмдзæвгæтæ дæр. Æмткæй сæ афыст мæгуырау нæу, зыны сыл йæ индивидуалон дамгъæ, фæлæ уæддæр æнæмæнгхъæуæг нæ уыдысты нæ дæр поэтæн, нæ дæр махæн. Ис дзы зæхх, фæлæ дзы арв нæй. Иуæй-иу хорз æмдзæвгæтæ йæм сты чъындыдæр- хъуаг, ома сын уыд æнгомдæр, æлвæстдæр ныффыссæн. Хаттæй-хатт йæ ахадгæ амал (фарстытæ-дзуаппытæ) скæны моралон сентенцийы ад. Зæгъæм, расыг адæй- маг машинæ куыд тæры, куыд ахауы æмæ куыд фесæ- фы, уый аив куы афыста æмæ йæ куы балхынцъ кодта: «Сæ цурты згъоры хохаг цырд дон, Æнкъард у, хъал — нæй уый бæрæг. Лæууынц кæрæдзи фарсмæ уыдон — Дыууæ марды — хæдтулгæ, лæг», ома поэт зæгъинаг цы уыд, уый дзы куы загъта, уæд, æвæццæгæн, нал хъуыд фæстаг строфæ: «Цымæ цæмæн? Цæмæн фæнуазæм, Куы фæцæуæм фæндагыл, уæд? Кæд мах нæхи удтæй нæ хъазæм, Нæхæдæг н’ агурæм мæлæт?!» Уæлдæр куыдзы тыххæй поэмæйы кой скодтон. Чи- зоны, цы у, уыма^й хуыздæр рауадаид, Бегайæн йæ цардбæллон ныфс куыд нæ асаст, цард адджын кæй у, 224
фндар лæууын кæй хъæуы, уый тыххæй æгæр иумæйаг сидæнтæ æмæ ныхæстæй куы нæ фæуыдаид, уæд. Иннæ поэмæ «Фондз чызджы зарæг», кæд дзы хицæн дзæбæх рæнхъытæ ис, уæддæр æмткæй иллюстративон у, хъæ- батыр чызджытæн сæ хæстон хабæрттæ фæд-фæдыл радзырдта, фæлæ дзы нæп хъæдбындур хъуыды æмæ æнкъарæны змæлд, зæхх дзы у æнаа арв. Уымæ гæсгæ хуыздæр уыдаид, чйныг поэмæйы номæй куы нæ хуын- даид, уæд. Поэт йæ аивадон уынынадмæ гæсгæ хицон иæу æнæнхъæлгæ, метафорон, бадзырдон-ассоциативон )фæл- гонцадмæ. Алцыдæр æм у хуымæтæг, дисы нæ не ’ппа- ры, æркæсут-ма, зæгъгæ, мæнæ мæм цæй æнахуыр цы- дæртæ ис. Абарстытæ æмæ эпитеттæ—адон æм, цыма, сты, кæуыл фæцайдагъ стæм, немæ æмдзæрин чи баци, ахæм дзырдтæ. Зæгъæн ис, кусы метологийæ нæ, — æр- мæст автологийæ. Йæ ритм дæр, æрвылбонон царды демæ нормалон цыхас куыд кæна, афтæ. Фæлæ дæ йæ фæдыл кæны, йæ дзырдтæ — сæ бынат æмæ поэты фæндмæ гæсгæ — хæссынц ногдзинад, æвдисынц нын поэты хъуыды-æнкъарæньт фæлгонц, скæнынц нæ сæ- хицæн æмсагъæсгæнæг. Поэт зæгъы, зæгъгæ, нæ ары дуджы аккаг зарæг æмæ йæхицæй домы, цæмæй йæ фæндьщ дзæгъæлы ма- цы нывæнда. Поэт карзæй йæхи фæрсы: «Айбæрц ыслæг дæ ’мæ хорзæй цы радтай Уарзон хъæубæстæн, дæ ко- мæн, дæ бæстæн? Хорзæй цы радтай? Зæхх дзæгъæлы надтай, Æви йыл задысты искуы дæ фæдтæ?» Куыд æхсæнадон царды, афтæ поэзийы дæр. Æз ын зæгъин: разы у дæхицæй, ис дæм хорз æм- дзæвгæтæ. Зæгъин ын (æниу мыл нæ баууæнддзæн), фæлæ йын нæ зæгъдзынæн. Уымæн æмæ æрмæст хицæй æнæразыйæ, хицæй бирæ домынæй гуырынц хорз æм- дзæвгæтæ! 1981 15. Дзуццаты X.
КУЫД АРÆХСТ ÆМÆ КУЫД АРÆХСЫ, АФТÆ Мæргъиты Къоста æмдзæвгæтæ фыссын раджы бай- дыдта, суанг ма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ. Хъæууон лæппу цыд фиййауæмæ скъоламæ, йæ зæр- дæмæ иста ирон æрдз æмæ ирон æвзаджы фидауц, каст ирон поэтты æмдзæвгæтæ æмæ уыдонмæ гæсгæ фыссы- ныл фæгæрз йæхæдæг дæр. Иæ алфæмблайы цы уыдта æмæ цы ’взæрста, цы хъуыста æмæ цы ’нкъардта, ууыл .æй зæгъын фæндыд хуымæтæг, прозæйон æвзагæй нæ, фæлæ сæрмагонд, поэтикон æвзагæй. Фæндыд æй, фæ- лæ æрмæст фæндонæй поэт уæвæн нæй. Мах зонæм, би- рæтæн сæ фæндон баззайы æрмæст фæндонæй æмæ не свæййынц поэттæ, уымæн æмæ сæ фæндон «е ’взæ- ры, нæ гуыры поэзийы иунæг кæнæ сæйраг царддæт- тæгæй — Яурдиатæй. Къостамæ уыд курдиат, фæлæ йæхи уайтагъд нæ раргом кодта. Уый нæ хауы, поэзимæ æвиппайдæй, йæ фыццаг æмдзæвгæтæй чи ’рбацæуы, уыцы поэттæм. Гæ- .н’æн ис, æмæ дæм уа егъау цардон фæлтæрддзинад, фæ- лæ йæ дæхирдыгонау, хæдхуыз æмæ хæдуагæй куынæ равдисай, уæд уыдзынæ иумæйаг-ординарон, алкæй хуызæн æмæ никæй хуызæн: Курдиат кæддæриддæр у индивидуалон, .æвæлхатт, иумæйаг рæстдзинад æм свæййы чрæрмагонд рæстдзинад. Хæсты агъоммæ хъæууон цард æмæ куысты тæлмæнтæ, хæсты уæззау бонтæ æмæ хъæбатырдзинады тæлмæнтæ, фæсхæст æн- дидзынады тæлмæнтæ—адонæй хъуаг нæ уыд Къоста, уымæн æмæ йæхæдæг, милуангай советон æрыгон адæй- мæгтау, уыд сæ комкоммæ хайадисæг æмæ се ’вдисæн, дуджы хъысмæт ын уыд йæхи хъысмæт. Уыцы тæлмæн- - тæ Кьостайæн йæхи Тюэтпкон ахаст, уынынад æмæ хъуыдыкæнынадæй цадæггай гæххæтмæ, ома рухсмæ, цæуын байдыдтой 1950-æм азты райдианæй фæстæмæ. Уыдоп уыдыгты конкретон æмæ лирикон, цасдæр- бæрцæй дзы зындысты йæ курдиаты характерон бæр- джытæ: æрвылбонон цаутæ æмæ фæзындтæ, нывтæ æмæ деталтæ лæмбынæг æвдисгæйæ, уыцы иурæстæджы уы- дон ’асы поэтикон бæрзæндмæ, дæтты сын иумиаггонд хъуыды мæ æнкъарæны тых, ахадындзинад. Æндæр дзцрдтæй, зæххон æм у æрвон æмæ иннæрдæм — æрвон æм у зæххон. Æвæццæгæн, сæрмагоцдæй зæгъинаг нæу, зæгъгæ, уыцы органикон бастдзинад æм кæй нæ вæй- 226
йы, уым йе ’мдзæвгæтæ рауайынц кæнæ сур, деклара- тивон, риторикон, кæнаэ та хилгæ, эмпирикон, натура- листон. Æз зæгъын: «рауайынц», уымæн æмæ Къостамæ ахæм æмдзæвгæтæ уыд раздæр æмæ йæм ис ныр дæр, фæ- лæ йын уыдон нæ бæрæг кæнынц йæ поэтикон цæсгом æмæ йын уыдонмæ гæсгæ нæ аргъ кæнæм. Къоста йæ- хæдæг канд уыцы æмдзæвгæтæй нæ, фæлæ ма хорз зæ- гъæн кæмæй ис, уыдонæй дæр, гъе стæй йе ’ппæт сфæл- дыстадæй дæр разы никуы уыд æмæ нæу. Уымæй кæн- гæ сты йæ поэзийы тыххæй йæ дзæвгар сыгъдæгзæрдæ гуырысхотæ. Иæ фыццаг чиныджы, 1952 азы, фыды- бæстæм дзуры: «Чизоны, дæ цытæн Не сты мæ зар- джытæ с’ аккаг нырма дæр». Афтæ дзуры йæ фæстаг чиныджы, 1978 азы дæр: «Нæ, зонын алцы, алцы дæр æмбарын. Нæ дугæн æз аккаг зарæг нæ арын. Ыссар- дзынæн ын искуы дæр, нæ зонын, Æмæ мæхицæй тын- гæй-тынгдæр домын, Цæмæй йæ сæрмæ дзæгъæлы нывæндын Йæ уаз хъуыдытæ ма хæсса мæ фæндыр!» Æндæр ран ноджыдæр дзуры: «Æрбахъуызыд мæм урс зæронд, Йæ базыртæ мыл рог æрсæрфта. Лæууын ныллæг æви бæрзонд, Мæ чысыл зарæг^афтæ сæфт уа? Нæ, уый фаг нæу. Уый хатын æз, Фæлæ куыд арæхст, афтæ цагъта Мæ фæндыр». Махæн ахсджиаг æмæ цы- мыдисаг сты, Къостайы хидомынадæй чи равзæрд, йæ фæнДыр дзæгъæлы кæй нæ нывæзта, куыд арæхст, афтæ кæй цагъта, уыцы уацмыстæ. Уыдон ын бæрæг кæнынц йæ поэтикон цæсгом. Гъай-гъай, Къостайы фæлтæрддзинад азты цыдимæ хъæздыгдæр, бирæвæрсыгдæр кодта. Уымæ гæсгæ йæ те- матикæ йæхимæ иста æцæгдзинад æмæ адæймаджы царды фылдæр æмæ фылдæр фæрстæ. Кæд æм ахъаззаг бынат ахсы хæсты темæ, уæддæр ын зынаргъ сты дзæв- гар æндæр æмæ æндæр темæтæ дæр: фыдыбæстæ, хæ- лардзинад, æрдз, уарзт... Ома йæ æнд-авы, нырыккон адæймаг цæмæй цæры æмæ йын æнцой чи нæ дæтты, уыцы проблемæты уæрæх гуырахст. Уыцы темæтæ кæ- рæдзиимæ сты æддæг-мидæг, арæх дзы иуæн иннæмæй ахицæнгæнæн нæн, уымæн æмæ сын ис ’адæймаджы буары хæйттау тугхæстæг иудзинад. Хæсты темæ йæм иугæндзон баст цæуы сабырады темæимæ. Æмæ канд уыимæ нæ. Поэт куы фыссы йæ райгуырæн хъæу æмæ Ирыстоны тьтххæй, куы фыссы 227
æрдз баХъахъхъæнын æмæ бавæрыны тыххæй, куы фыссы сылгоймаджы уарзты тыххæй, цæйфæнды тых- хæй дæр куы фыссы, — кæддæриддæр дзы зынгæйæ æмæ æнæзынгæйæ зæлы сабырады темæ, уымæн æмæ сабырад куы нæ уа, уæд дзы нæ уыдзæн, нæ цæрдзæн сæ иу дæр æмæ се ’ннæ дæр. Уыцы темæтæ адæймагæн^æвæугæ æмæ æсысгæ кæй сты, уымæ гæсгæ сæ Къоста иртасы, зæгъæн ис, ногæй- ногмæ, азæй-азмæ. Иухатт цæуыл ныффыссы, ууыл ныффыссы дыккаг хатт, æртыккаг хатт... Зæгъæм, хæсты трагеди хæстимæ кæй нæ фæци, абон дæр ма адæмы (æдзард хæстонты ныййарджытæ, .уарзæттæ, хæлæрттæ, кæнæ сæ байзæддаджы) зæрдæты маст æмæ рис кæй у, цахæм бæрн ныл æвæры, кæцырдæм’ нын здахы нæ архайд, нæ куыст æмæ нæ уагахаст, ууыл 1951 азы ныффыста æмдзæвгæ «Уæддæр цæры». Мадæн хæсты фæмард йæ артист фырт æмæ йын ныр,*фæсхæст, радиойæ хъусы йæ зарæг: «Нæй, нæй, нæу мард мæ хъæбул, — мад зæгъы. Æмæ æртагъд цæстысыгтæ йæ русыл». Уыцы темæ æндæр æмæ æндæр хуызты, æндæр æмæ æндæр уавæрты фæстæдæр ног æмæ ногæй ра- фæлгъуыдтой Къостайы балладæ «Суадон», поэмæтæ «Зæрдæйы сагъæс», '«Уæзæг», «Фондз чызджы зарæг» æмæ бирæ æмдзæвгæтæ. Уыдон миййаг кæрæдзи фæлхатт нæ кæнынц, миййаг дзы ’иу иннæйы хуызæн нæу. Нæдæр афтæ зæгъæн ис, зæгъгæ, фæстæдæр дзы фыст чи ’рцыд, уый йæ размæ уæвджыты ныббынæй кодта, баивта сæ йæхицæй. Уы- донæй алчидæр у хæдбар, йæхи’хуызæн. Фæлæ сæ фæд- фæдыл куы кæсай, уæд æнæмæнг рахатдзынæ: иу дзы иннæмæ цыдæр ’æфтауы ногæй, темæ дзы кæны хъæз- ды’гдæр æмæ арфдæр. Æмткæй райсгæйæ, уыцы темæтыл Къоста фæстаг рæстæджы цы уаЦмыстæ ныффыста, уыдон сæ размæ- уæвджыты хъауджыдæр тырнынц уыцы темæты фило- софон мидис, нысаниуæг бамбарын æмæ рафæлгъа- уынмæ. Уыимæ иумæ^ тыхджындæр, бæркадджындæр кæны йæ адæймагдзинад, йæ гуманистон æнкъарæн дунемæ, адæймагмæ. Уый ууыл дзурæг у, æмæ,йæ поэ- зи, йæ объективон æрдзыхъæдыл йæ къух нæ исгæйæ, кæны хуыздæр æмæ хæрзхъæддæр. Къостайы поэзийæн йæ дарæг, йæ уромæг сты со- циалистон реализмы принциптæ, æцæгдзинадмæ кæсы 228
æмæ йæ æвдисы партион æмæ адæмон позицитæй. Цар- ды алыхуызон — стыр æмæ чысыл — къабæзтæм йе ’ргом даргæйæ, Къоста уыны æмæ æнкъары хорз æмæ æвзæры ’хсæн æнæбанцайгæ, æнæбафидаугæ тох, фи-- дарæй хæцы хорзы фарс æмæ æвзæры ныхмæ, хæцы коммунистон ’куыст æмæ хæрзæгъдауæй цæрæг æмæ сæ аразæг, сæ сæрыд’ тохгæнæг адæймаджы фарс. Йæ поэтикон ахаст, уынынад æмæ хъуыдыкæнынад- мæ.гæсгæ æмæ уыдонæй кæнгæ у йе стиль, ’ахæссæн ын ис, «комкоммæйон реалистон» кæй хонæм, уыцы стилон гуылфæнмæ. Уымæн ирон поэзийы суанг» Мамсыраты Темырболатæй фæстæмæ ахадгæ традицитæ ис æмæ Къоста у сæ фæдон. Зæгъынц, зæгъгæ, стиль у адæймаг, æмæ Къостайæн йе стиль у йæхи хуызæн. Иæхиау, æмткæй йæ поэзиау, йе стиль дæр фæстагмæ фæхуыздæр æмæ фæхæрзхъæд- дæр.- Убæлвырд, ирд, хуымæтæг, поэты хъуыды-æнкъа- рæны фæлгонцæн æмбæлон æмæ аккаг. Къоста куыд арæхст æмæ куыд арæхсы, афтæ æв- дыста æмæ æвдисы йæ дуг æмæ йæхи рæстдзинад. 1982 ЙÆХИЦÆЙ ÆМÆ ЙÆХИМÆ Æхсай азы фæцæр, цыппор фондз азы литературон куыст кæн — уый бирæ дæр у æмæ бирæ дæр нæу. Адæймагæн уыйбæрц нывæзтытæ, зæгъинæгтæ, арази- нæгтæ ис, æмæ сын хатт иу æнус дæр, æнус æмæ æрдæг дæр ’фаг нæу. Æвæццæгæн цæрынæй æмæ кусынæй бафсæдæн нæй. Фæлæ адæймаг ахæм арæнмæ-^йе ’хсай азы кармæ куы ’рцæуа, уæд æмбæлы акæсын фæс- тæмæ, цы у æмæ йæм цы ’нс, уымæ æмбæлы æркæсын йæ цард æмæ йæ куысты бæркадмæ, уымæн æмæ уæд ралæууы_фæззæг, фæстиуджыты афон. Асаты Реуаз цъус нæ бакуыста, цъус нæ рауагъта чингуытæ — цыппорæй фылдæр. Фæлæ уайтагъд хъуа- мæ зæгъон: сæ нымæц æмæ сæ ахадындзинад, сæ бæрц æмæ сæ гъæд не сты’æмуæз, æмиас. 229 -
Зындгонд у, зæгъгæ, аивад нæ быхсы талф-тулф. Куыд æй æмбарын æз? Талф-тулф у тыхстæзмæлд, дзæ- гъæлæзмæлд, мæнгæзмæлд.'Талф-тулфмæ хауынц, æнæ- мæнг чи нæ хъуыд, уыцы фыстытæ, æгæрыстæмæй хицæн бынæттæ, рæнхъытæ æмæ дзырдтæ дæр, хауынц æм алыхуызон хъуæгтæ æмæ аиппытæ, лæмæгътæ’æмæ æнæ- рæстытæ. Талф-тулфмæ хауынц, Реуазы размæ кæй зыд- там, æндæр кæмдæр ма кæй кастыстæм, уыцы уацмыстæ, ома сты дыккагхаттон, хауынц æм, алыхуызон леген- дарон сюжеттæ, историон цаутæ æмæ факттæ ритмикон æмæ рифмæгæнæг рæнхъытæй кæм рахал кодта, уыцы уацмыстæ, ома сты афыстон-иллюстративон. Бæгуыдæр, уынæм дзы, Реуазæн характерон чи у, ахæм поэтикон фæлгонцтæ, фæзилæнтæ æмæ фæтъæбæрттытæ, фæлæ уæддæр уыцы уацмысты у алкæй хуызæн æмæ ^уымæ гæсгæ нæу йæхи хуызæн. Иумæйаг, типикон æм’нæ кæ- ны сæрмагонд æмæ индивидуалон, нæ кæны хæдбындур æмæ æвæлхатт. Фæлæ уый сæйраг нæу. Реуаз никуьСсæфта йæхиуыл йæ иузæрдыгдзинад, йæ «æз» никуы схицæн йæхицæй. Йæхæдæг цæуыл бадис кодта, цы бавзæрста æмæ цы банкъардта, ’йæхирдыгонау цы федта æмæ цы равдыс- та, уый йæм у сæйраг,-уый йын бæрæг кæны йе ’мдзæв- гæты хъæд. Æз зæгъын «æмдзæвгæтæ», уымæн æмæ Реуаз йæ курдиаты æрдзыхъæдмæ гæсгæ у эпик нæ, фæлæ лирик, йæ хъарувзарæн æмæ йе сгуыхæн хæцæн- уат ын сты егъау формæтæ нæ, фæлæ къаннæг формæ- тæ. Уым ’æм фæлгонц свæййы хъуыды-æнкъарæн, æмæ иннæрдæм — хъуыды-æнкъарæн æм свæййы фæлгонц. Уым цæуы йæхицæй æмæ йæхимæ, ома цæуы поэзимæ. Канд ирон поэзимæ нæ, — æмткæй ноэзимæ, уымæн æмæ алы адæммæ дæр поэзи у поэзи. Дæ нацийы цы хъæуа, уый хъуамæ хъæуа иннæ нациты дæр, хъуамæ сын æхцон æмæ арфæйаг уа. Реуаз фыссын райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæс- ты’агъоммæ. Фæлæ йæхиуыл, йæ «æз»-ыл фæхæст æмæ дзы поэзимæ цæуын байдьщта кæмдæр хæсты фæстæ. Поэт-салдат куы афынæй, уæд æм, цыма йæ мад акъоп- мæ æрцыд æмæ йыл ныттыхст: «Райхъал дæн. Æмæ фæкастæн, Кæд ныккодтон хъарм хгæбыс Мады бæс- ты хæцæнгарзæн, Хъæр фæцыдис: «Тохмæ сыст!» Кæнæ: ’карз тох бацайдагъ, зымæджы ихуазал æрбайсæфт, сармадзантæ зæххы кæрц ныскъуыдтæ кодтой, æмæ тох 230
куы ’рæнцад, уæд «ногæй зæхх йæ кæрц ыскодта». Кæ- нæ: салдæттæ æхсæвы скодтой арт, сæ фæллад уагъ- той, алчи дæр дзы йæхицæн цыдæртæ архайдта,'цахæм- дæр сагъæсты ныгъуылд, йæ цæстытыл уадысты йæ хи- цæттæ, райсойæрдæм æрбадымдта, арт фæцырындæр æмæ, æрттивгæ тырысайау, салдæтты сразæнгард код- та ныгуылæнмæ. Реалистон деталтæ, нывтæ æргом кæ- нынц хæст æмæ адæймаджы рæстдзинад. Хæст поэтæн сси мысынад. Æмæ канд хæст нæ,— мысынад ын’сси дард æмæ æввахс ивгъуыд. Уый у ны- рыккон мысынад, абон æмæ фидæны интерестæн дзуып- дæттæг, лæггадгæнæг. Уыцы мысынад æй скодта балцуарз, балцмондаг. Фæлæ Реуазы балцытæ не сты ’скифтæ, сæрмæттæ æмæ аланты балцыты хуызæн. Уый ног .бæлццон у, ног цæу- гæцардгæнæг. Кæдæмфæндвдæр нæ араст уа, — цæуы агурынмæ. Цæуы адæймагон хæзнатæ агурынмæ. Цæ- уы хицондзинад æмæ иудзинад агурынмæ. Цæуы йæхи æмæ иумæйаг рæстдзинад агурынмæ. Цæуы хорз æмæ фидауц агурынмæ. Иууыл тыхджындæр . хицондзинад ’ын ис, хæсты уæхски-уæхск кæй фарсмæ тох кодта æмæ уым чи фæ- мард, уыдонимæ. Уый куры, цæмæй куы амæла, уæд æй бавæрой ’зынгхуыст хæстонты ’хсæн. Цыма цæрынц иу цардæй, иу буарæй, иу зонд æмæ иу удæй: «Уæддæр та мæ цæстытыл у^йынц зынгхуыстытæ, Мæ рыст риуы уыдон зæрдæтæ дæр риссынц. ’Фæндагыл дæн, цины дæн, масты дæн, куысты дæн, — Сæ мæтæй, дымгæйы сыфтæрау, фæризын». Уый бафыста йæ хæс: «Æмæ нæ уыдтæн уæд, зæгъæм, Уæ фарсмæ бахъуыды бон æз, — Уысмы бæрц, чизоны, зæххыл Фæуыдаид фæстæ- дæр хæст», бафыста йæ, фæлæ уæддæр сæ разы у къæм- дзæстыг: «Мæн хæсты цы нæмыгæй кодтой æхсынвæнд, Уый чизоны ме^’мбалы сонт риуыл сæмб&лд. Мæ хæлар æмхæстон, мæ зынгхуыст æфсымæр, Гъе, уый тыххæй алкæд мæхимид тыхсын æз. Фæлæ дын цы тæвд нæмыг фехсын нæ бантыст, — Дæ туг дын дзы райстон — фыд- ызнаджы ахызт!» Уый бафыста йæ хæс, фæлæ, цæргæ- йæ кæй баззад, уый тыххæй ноджыдæр æмæ ноджыдæр у æмæ уЫдзæн фидинаг. Æвидигæ фидинаг мæрдты раз æмæ уымæ гæсгæ удæгæсты раз. Украинæйы уа, Белорусы уа æви æндæр ран, нæхи- мæ дæр æмæ фæсарæнты дæр зынгхуыстыты ингæнты 231
цыртытыл агуры ирон мыггæгтæ. Сæ ингæнтæм сын ар- мыдзаг ахæссы Ирыстоны сыджытæй, сæ ингæнты сы- джытæй та сын армыдзаг æрхæссы Ирыстонмæ. Зынг- хуыстыты раз къæмдзæстыг у, фæлæ канд къæмдзæстыг нæу. Хæсты азты «Вислæйы урсбарц уылæнтæй нуæзта Иссæйы æфсургъ», Польшæйы сæрибар æмæ амонды тыххæй сæ сæртæ ’рхастой бирæ ирон лæппутæ. Уымæ гæсгæ дзы поэт у барджын: «Ме ’мирон, дæ рын бахæ- рон, Польшæ ды сæрбахъуыды бон Хъахъхъæдтай фæс- таг сулæфты онг!» Нæхимæ дæр æмæ фæсарæнты дæр йæ зæрдæ цин кæны, искуы ’сæ æрдз Ирыстоны æрдзы æнгæс куы вæй- йы, уæд, искуы дзы нæ фыдæлтæй баззайгæ цыртдзæ- вæнтæ, нæмттæ æмæ æндæр фæдтæ куы фены, куы фе- хъусы æмæ куы базоны, уæд. Ирыстон æмæ æндæр бæстæты хицондзинад агургæйæ. æмæ аргæйæ, поэт бæлвырд æмæ фидар кæны, зæгъгæ, Ирыстон чысыл æмæ æдых нæу. «Ма дзур — чысыл ыстæм», уымæн æмæ: «Адæмтæй иу дæр чысыл адæм нæй». Ирыстон у интернацион бæстæ æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ бæрзонд уа йæ национ хиæмбарынад æмæ сæрыстырдзинад. Реуазæн ивгъуыд у æнæмæлæт. Ивгъуыд æм цæры æмæ цæрдзæн, дзаг кæны æмæ кæндзæн ног мидисæй. Вардзиайы гæнахы цур лæугæйæ, поэт дзуры Гуырдзы- стоны ус-паддзахмæ: «Уæ, Тамар, ракæс дæлæмæ, Чи загъта, нал дæ? Цы ^дын зоны? Уæдæ дунейыл дæ уæл- мæрд Абоны онг дæр куы нæ зыны!» Ивгъуыд æм ак- каг æмæ фæзминаг у абонæн, ивгъуыд дарддæр кæны æмæ хъуамæ дарддæр кæна канд егъау хъуыддæгты нæ, фæлæ ма чысыл, хуымæтæг, æнæзынгæ хъуыддæгты дæр. Уымæн зæгъы’ йæ уарзон гуырдзиаг чызгæн: «Ды — Тамары, æз — Сосланы стъæлфæн дæн». Поэты уырны, зæгъгæ, Тамары суадонæй чи баназа, уый срæ- сугъд уыдзæн. Ивгъуыд æм у рæсугъдгæнæг. Ирыстонæн рагон хицондзинад ис Гуырдзыстонимæ. Иумæйаг историон хъысмæт сæ афтæ тынг сбаста, æмæ дзы иуæн æнæ иннæ бамбарæн дæр нæй. Реуаз Ирыс- тоны фæстæ иууыл фылдæр æмдзæвгæтæ ныффыста Гуырдзыстоны тыххæй. Къахеты райгуырд æмæ схъо- мыл, хорз зобы гуырдзиаг æвзаг, гуырдзиаг культурæ. Канд тæлмац нæ кæны гуырдзиагæй иронмæ, фæлæ ма йæхæдæг дæр фыссы гуырдзиагау. Хатæм æм гуырдзи- аг поэзийы уæлвонг фæлгонцад, гуырдзиаг стихы ин- 232
тонацион-ритмикон зæлынад æмæ уымæй уæрæхдæр кæ- нынц ирон поэзийы гæнæнтæ æмæ авналæнтæ. Уæлдайг тынгдæр ыл бандæвта гуырдзиаг поэзийы ахсджиаг т’радици — Райгуырæн бæстæйы уарзт. Ирыстоны хицæн кæмттæ æмæ хъæутæм цæугæйæ,. Реуаз уыдонæн фыссы сæ фенддаг æрдз æмæ сын уы- цыиурæстæг æрымысы сæ фенддаг ивгъуыд: се ’хсар, сæ лæджыхъæд, сæ адæймагдзинад. Алкæмæн дæр дзы ис йæхи кадджын истори, йæхи тæхудиаг традицитæ, æмæ сын дарддæргæнæг кæм нæй, рохуаты сæ кæм ныу- уагътой, уым фæзæгъы йæ маст æмæ йæ фæндон: «Ам ис сæ фидæн, сæ сомы къуым,— Сыздæхæд хохмæ фæс- таемæ!» Поэты мысынадæн ис активон ахаст. Уый архайы,. цæмæй алчи дæр йæ зæрдыл дара йæ адæймагон мис- си, йæ национ æмæ интернацион нысаниуæг. Уый домы хицойдзинад, домы иудзинад, уыдон та сты уарзт, æмæ йын хъуамæ иугæндзон ахъаз кæна, цырын æй кæна поэзи. Уымæн афтæ хъæддыхæй зæгъы йæхицæн: «Сыгъдæг уарзтыл зæрдæтæ ардау!» Уыцы хæс«æххæст- кæнынц, поэт йе ’мдзæвгæтæй «æфстау» кæй нæ рай- сы, йæхицæй дзы чи цæуы æмæ дзы. йæхимæ кæм цæ- уы, уыдон. Хицондзинад у алывæрсыг, алыхуызон. Хицондзи- над ис ивгъуыд, абон æмæ фидæнæн. Адæмтæн æмæ бæстæтæн. Адæймагæн æмæ æрдзæн. Мæрдтæн æмæ удæгæстæн. Хæстæн æмæ сабырадæн. Хицондзинад ис алцæмæн дæр æмæ алкæмæн дæр. Хæстæй дзæвгар фæстæдæр, фæззыгон: «Цъæх нæ- зыйы уæлæ — гуыркъотæ зæбул, Цыма хæстон лæууьг гранатфæлыст». Къæвдайы афон: «Цыма у фæтæн арв ыстыр тохы картæ, Æрвæрттывды зынг та — йæ уæлæ сырх хахх». Хосгæрсты афон: «Иссæйы æхсаргардау цæвджытæ æрттивæд». Ноджыдæр хосгæрсты афон: «Кæс, дыууæ цъерийы амад — Хъугомы хуыз ивынц: Усгуры цæстытыл ауад Буц дыууæ къуыпп риуы». Изæрыгон Бурхох у сылгой- маджы хуызæн: «Тамар-паддзах æй хонынц комы, Ирон Бурдуханы чызг-гуырд». Кулундайы быдыры цæргæс сдойны, цæнгæт къран- мæ бацыд æмæ йын «йе ’ртæхтæм дардта йæ бы- рынкъ». Хæххон хъæу Едысы: «Тъу» уынын нæ сæрты тæхгæ Алырайсом, алæбон, Цыма йын Кавказы хæхтæ* 23&
Ам ысты ныллæг æмбонд». Адæймаджы зонд, тых æмæ арæхстæй саразгæ «дыккаг æрдз» æмæ «фыццаг æрдз» кæрæдзиимæ сты æддæг-мидæг, сгы иу æрдз. Хйцондзинад у адæймаджы удыхъæды хъæздыгдзи- над, психологон вазыгджындзинад. Хицондзинад у змæлд, ивд, рæзт — хуыздæрмæ æмæ рæсугъддæрмæ. Мысынад у фæлдисынад, адæймаджы аккаг цард æмæ аккаг поэзи фæлдисынад. Дæс азы размæ Реуаз загъта: «Хъысмæтæй æз поэ- зийæн гуырд дæн». Азты цыдимæ уæззаудæр кæны поэ- ты бæрндзинад. Мах фæнды, цæмæй йæ фæззæг бирæ ахæсса, æмæ йын аразинаг цы ис, уый кæронмæ сара- за, йæ «æз»-æй куыд цæуа æмæ йæ «æз»-мæ куыд цæ- уа, афтæ, агура æмæ ссара фылдæр æмæ уæлдæр хи- цондзинад дунеимæ æмæ поэзиимæ. 1983 АДÆЙМАГ ÆМÆ РÆСТÆГ—ИУМÆ Козаты Исйдор. Сæрдыгон равг. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал, 1978 Азты цыд æнæхъуаджы нæу. Азты цыдимæ Козаты Исидорæн бæрæг фæуæзгæдæр, фæтыхджындæр йæ бæрн царды раз, дзырды раз. Иæ кар куыдфылдæр кæ- ны, афтæ тынгдæр тыхсы æмæ архайы, цæмæй лæмбы- нæгдæр æркæса йæхимæ, цы сарæзта, цы у æмæ куыд хъуамæ уа, уымæ, лæмбынæгдæр бамбара рæстæг æмæ адæймаджы нысаниуæг. Адæймаг æмæ рæстæг — уый у йæ сæйраг сагъæс: цахæм ахастытæ сын ис кæрæдзимæ, иу дзы иннæйыл куыд зыны æмæ куыд хъуамæ зына, уымæн æмæ /поэт æвдисы, канд цы ис, уый нæ, фæлæ ма йæ эстетикон идеал дæр. Рæстæг — карз æмæ æнауæрдон рæстæг — адæйма- джы кæны зæронд, уадзы йыл фæдтæ, фæлвары йæ алы- хуызон ныхдуртæ æмæ хъизæмартæй. Фæлæ дзы рæс- тæг домы, цæмæй адæймаг уа. Уымæ гæсгæ йыл канд .234
рæстæг нæ, фæлæ ма хъуамæ йæхæдæг дæр рæстæгыл уадза йæ фæдтæ: «Бонтæ уайынц, фæззæгау — мæ сурæт, Ис мæ уæлæ дуджы ностæй фаг. Уайæд азтæ, бонтæ бонты сурæт, Фмæст сыл уæд нæ уæнгты хидæй гакк». Рæстæг ын нæу абстрактон, уæлзæххон æмбарынад, ис ын конкретон арæнтæ — ньщайы йæ Октябры револю- цийæ фæстæмæ, дæдты йын историон мидис. Уый у дуне ноггæнæг, æвзонггæнæг рæстæг. Афтæ уыд фæс- революци: «Ысурс ысты æвзонгæй сæртæ, Фæлæ нæ цард та кодта ног». Афтæ уыд Фыдыбæстæйон хæсты заман: «Мæрдтæй здæхтыстæм .æрвылбон, Мæлæтимæ та ногæй — тох». Афтæ уыд фæсхæст æмæ афтæ у ныр дæр. Поэт рæстæгæн аргъ кæны йæ даргъмæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ ахадындзинадмæ’ гæсгæ. Хуымæтæджы йын не сты советон азтæ рæстæджы æрдхæрæн ■ хуызæг: «Уæзæй куы аргъ кæниккам азтæн, — Нæ фæцард махæй лæг фылдæр». Æмткæй «мах»-æй цы зæ- гъы, уыимæ баст у йæхи «æз»-ы тырнæн дæр. Алчи дæр афтæ нæу: «Кæй хъæуы сæдæ азы цæрæнбон, Кæй — æрмæстдæр иунæг уысмы цард». Фæлтау цъус фæцæр, фæлæ рæстæджы аккаг исты равдис. Поэт разы нæу, цы сарæзта, уымæй. Ирыстоны стыр- дæр адæймаг Къостайы фæлгонц дæнцæгæн равзар- гæйæ, поэт æнкъардæй дзуры, зæгъгæ, кæд Къостайы æмбай сси, уæддæр цъæмæлджын у йæ фæззыгон най, æмæ йæ риуæй цæхгæр стоны йæ фæндон, йæ бæллиц: «Судзгæ ыстъалыйау, иу хатт ныррухс кæ Æмæ фæй- нæрдæм зынджытæй фæхау!» Уый æнцонтæй нæу къухы бафтгæ, гæнæн ис, бынтондæр йæ къухы .ма бафта, фæ- лæ уæддæр йæхи хъары, йæ удæй арт цæгъды; цæмæй йæм иугæндзон цæуа, рох дзы ма уа йæ хæс йæхи æмæ адæймаджы раз: «Цардæн агурын йæ дæгъæл, Скод- тон иуæрдæм мæ цыд: Разæй — сгуыхтдзинад ныдздзæ- гъæл, Ис мæ фæсчъылдым æдзыт. Зæрдæ — тохвæллад, ныхъхъæрзы. У нæ цардвæндаг æмхæрд: Кæд нæ фæд- тæ бонтæ ’мбæрзынц, Уæд нæ ракодтам мах фæд». Æвæд, æгъуыз, ницæйаг цард адæймагæн райсинаг нæу. Алы адæймаджы цард дæр хъуамæ уа сгуыхтдзи- над. Хаттæй-хатт дæм афтæ фæкæсдзæн, . цыма поэт бæллы йæхицæн кад скæнынмæ, уа зындгонд æмæ адæ- мæй слæууа уæлдæр, се ’хсæн бæрæг дара. Уыцы хабар дзы æцæг хатæм, фæлæ æмткæй дзырд ууыл нæу, æмт- 235
кæй поэт кад æмбары, Къоста йæ куыд æмбæрста’, аф- тæ Къоста куы фыста: «Кадмæ бæлгæйæ, æгадæй мæ- лæм», уæд амыдта, зæгъгæ, адæм хъуамæ уой æмбар æмæ сæрибар, адæймаг хъуамæ «бæсты сæрвæлтау» кала йæ туг, æххуыс æмæ ахъаз уа адæм æмæ адæйма- джы аккаг цард саразынæн. Къостайы традици дард- дæр кæнгæйæ, поэты фæнды, цæмæй адæймаг йæ тох æмæ йæ куыстæй, йæ хæрзæгъдау æмæ йæ уагахастæй рæстæгыл æндава, уадза йыл йæ фæд, йæ дамгъæ, уы- мæн æмæ канд адæймаг нæу рæстæгæй кæнгæ, фæлæ ма рæстæг дæр у адæймагæй кæнгæ. Уый у поэты акти- зон цардон позици. Сæираг темæ — адæймаг æмæ рæстæг.— иу æмдзæв- гæйæ иннæмæ рæзы, сæйраг фæлгонцтæ фæлхат цæуынц, уæрæхдæр æмæ хъæздыгдæр кæнынц, халынц сæ кон- кретон мидис æмæ сæ алыхуызон фæрстæ. Цыма, иу- вæрсыг у поэт, афтæ куы зæгъы, зæгъгæ, æцæг цард у «иунæг уысмы цард», «судзгæ стъалыйы» цард, ома иу цахæмдæр момент цæстыфæныкъуылдмæ, цыбыр æм- гъуыдмæ-чи ’рцæуы, ахæм сгуыхтдзинад. Фæлæ уымæй къаддæр унæу иугæндзон, æрвылбонон, дæргъвæтин сгуыхтдзинад. Уымæ гæсгæ, поэт кæд хъысмæты кæ- лæнтæ æвзæрста, кæд дзæвгар зынтæ уыдта, уæддæр сæ разы не ’рхауд, ’ мæлæтæн ком ^никуы радта: «Уы- дзæн йæ амæттаг æрмæстдæр Мæ фæстаг цауд, бонтæй сæ иу». Уæддæр æмæ уæддæр адæймаг адæймагæй куы ’рвита, куы тона йæ. бонтæ, уæд сты хъайтарон бонтæ. Афтæмæй поэтмæ ныхмæвæрдтæн ис иудзинад. Иу ран зæгъы: «Нæй, нæ уарзын мардыл дæр кæ- уын», æндæр ран йæ цæстытæм дзуры: «Адæммæ уар- зонæй худут, Доны куы зилат, уæд дæр». Иæ цард æмæ дзы йæ фыд скодтой сæхи хуызæн тызмæг, фидар, хиуылхæцгæ, фæразон адæймаг. Цыма^ йæ мадæй ницы «уды цырв» райста, цыма, мад фыды хуызæн ницæмæй у, мад æй райсом раджы хъал кæнын нæ уагъта, фыд та — «Уæлæмæ сыст!», мад ын, æфсадмæ цæугæйæ, тæ- ригъæд кодта: «Цафон дын у, дæ цахъæн?», фыд та — «Дæхи æгадæй хъахъхъæн!» Фæлæ æндæр ран мад дæр у фыды хуызæн: «Дæхиуыл хæцыдтæ цыфæнды фыдохы, Дæ фырты æрластой, ды та-иу сын уæд: «Мий- йаг>кæд къæбутдзæфæй амарди тохы, Хуыздæр у, уæд сынтыты холы фæуæд!» Фидар æмæ фæлмас, тызмæг æмæ тæригъæд — адо- 236
нæй йæм иу иннæйы ныхмæ нæу, кæннод къахыр уаид йæ адæймагдзинад. Йæ рынчын æфсинмæ зилгæйæ, æр- виты æгъуыссæг æхсæвтæ, агуры йын хостæ, æмæ йæ мæтæй фæрыннын йæхæдæг дæр: «Дысон та батыхст, Иæ уæрджытæ хоста, Зæрдæ ныджджихи, ныммыр. Æмæ та мæнæ Æз агурын хостæ, Фæлæ... мæхицæн дæр ныр...» Поэт уарзтæй йæ дойны никуы басаста, цин дзы нæ федта, æмæ кæд ныр йæ царды фæззæг ныллæууыд, уæддæр ногдзыд кæрдæгау йæ зæрдаг у фæлмæн, æцæ- гæлон ын не сты уалдзæг æмæ сæрд. Æнæрай йын куы хæсса, уæддæр ын кæддæрау уарзон у уарзт: «Фæлæ та ногæй æрыздæхы уарзт, Худгæйæ уалдзæг куыд æр- цæуы, афтæ. Уадз æмæ ноджы дæр бавзарон маст, Иу хатт ма ракæнон уалдзæгæн арфæ». Уый дæр у адæй- маг æмæ рæстæджы рæстдзин^д. Адæнмагæн кæд йæхи, с.æрмагонд амонд ис, уæд ын баст у рæстæг æмæ адæмы амондимæ, фæлæ йын уæд- дæр рæстæг æмæ адæмы амонд уæлдæр у йæхи амон- дæй: «Зæгъгæ мыл абон æрмæйдар, Мисхал дæр не ’ркæнин мæт: Исты кæнин æз куырмæй дæр, — Дзыллæ- тæ худæндзаст уæд». Уымæн кæны тæхуды Леуахимæ, йæ бæркадæй быдыртæ æмæ дыргъдæттæ куыд æфсады, уый куы афыста, уæд: «Уыйау куы батаин- Дзыллæты уды!» Уый фæнды, цæмæй «цæхсæм бæсты рыг», ома скуынæг кæнæм, нæ царды цыдæриддæр мæгуырау, æнæ- адæймагон фæзындтæ ис, уыдон, æмæ уыцыиурæстæг йæхи фауинаг æууæлтæ дæр. Уый тыххæй куры дымгæ- йæ, цæмæй йын фæхæсса йæ зæрдæйы «рыгтæ», куры къæвдайæ, цæмæй йын йæ удæй фæласа «сымаф æмæ æнуд». Рæстæг æмæ йæхи сыгъдæг æмæ хуыздæр кæнгæйæ, ад&ймаг уыдзæн сæрыстыр æмæ арфæйаг: «Ма цæуæм макæд сæргуыбырæй Балцы фæндагыл», ома царды фæндагыл. Адæмæй иппæрд чи у, фæлæ кæй фæнды, зæгъгæ, йæ мæлæты бон ыл адæм цæссыг фæкалой, уы- цы æнæном кæимæдæр быцæу кæнгæйæ, поэт зæгъы: «Цæссыг дæр тауинаг у, зон, Кæд æй дæ зæрдæйæ лæ- мæрстай, Ысси йæ байтауын дæ бон. Уæд рох нæ уы- дзынæ дæ бæстæй. Æмæ..: куы дыл батар уа дуг,— Ныллæг æруадздзыстæм нæ сæртæ. *Нæ цæстытæй лæ- дæрсдзæн туг, Ингæн та дын уыдзæн нæ зæрдæ». Рæс- тæг æмæ адæмæн сæ цин æмæ сæ хъыджы цы æмæ куыд 237
фæуай, афтæ дын саргъ кæндзысты удæгасæй дæр æмæ мардæй^дæр. Поэты-рæстæг йæ мидæг дары ивгъуыд рæстæджы мысинæгтæ, иу дзы у иннæйы фæдон, йæ раттинаг, се ’хсæн ис æнæаскъуыйгæ бастдзинад. Ивгъуыды истори- он, культурон, удон цыртдзæвæнтæ, «мæсыг у, кувæн- дон дзуар», — «нæ цардмæ дарынц уыдон бар», æнæ уыдон нæ абон нæу æххæст, дзаг. Уыдон сты удæгас, æмæ зæххыл цыдæриддæр удæгасæй ис, уыдон та мах хъуамæ бахъахъхъæнæм, бавæрæм. Халон — рагон уыр- нынадмæ гæсгæ, сау уац хæссæг — ницы азымаг у, адæ- мыл фыдбылызтæ кæй цæуы, уымæй. Халон дæр уд у æ-мæ хайджын у æндæр удты миниуджытæй, уымæ гæс- гæ æлгъыстаг æмæ æфхæринаг нæу: «Атæх, дæ лæп- пынтæм мады цин ахæсс, — Удты тæригъæдæй зæрдæ ныллалым», — халонæн дæр æмæ поэтæн дæр. Поэт,*еæрдæрисгæ фыссы, зæгъгæ, галæн йæ хурх- мæ кард куы бахастой, уæд — «Гутон, æфсæн гутон, бандзыг йæ фарсмæ, Фалдæр та зæххыл ныддæлгоммæ адæг, Гал та ныхъхъуыста уæд мæры пыхасмæ, Цыма дзы ахста уый гутоны зарæг»< Чи йæ æргæвды, уыдон «фескъуыдтой» гутоны зарæг, поэт сæ куыд æвдисы, афтæмæн нæм кæсынц æгæр æгъатыр æмæ карз, æвæрд цæуынц галы ныхмæ, галæн кæнæм тæригъæд, уыдонмæ та нæм бар-æнæбар æвзæры хæрам. Афтæ у зымæгон суггæнæн дæр: «Афонмæ йæ кæфдзых аивæзта фæрæт, Æмæ хъæдæй хъуысы удисæн хъæрзын. Раст бæхы хæлд рагъау, ностæ у, фæгæрæм, У мæнæн, фыдфынау, æрдзы сагъæс зын». Уый афтæ у æцæг, æнæмæнг. Ном дзыд ахуыргонд-химик, аразгæ еугæф, дзидза æмæ æн- дæр хæлцадон продукттæ уадзыныл кусгæйæ, дзырдта,^ зæгъгæ, адæймаг кæсаджы гуыбын куы фегом кæны, фос куы ’ргæвды, уæд æм уый кæсы æнæхæрзæгъдау. Фæлæ адæймаг фос дæр æргæвддзæн, хъæд дæр кал- дзæн, — дзырд цæуы ууыл, цæмæй æрдзæй пайда кæна æмбаргæйæ, зондджынæй, аудгæ. Уымæ гæсгæ уыцы фарст иувæрсыг, цæхгæр лыггæнгæ нæу. Поэт æй, æвæц- цæгæн, хъуамæ æндæ^хуызон амалæй æвдиса, йæ дыу- уæ фарсы дæр ын арæхстгæ æмæ аивæй хынца. Поэты хъуыды æмæ æнкъарæны культурæимæ иумæ дырысдæр, ирддæр кæны йе ’мдзæвгæйы формалон куль’гурæ. Къласикон стихæй фысгæйæ, йæ бон у дæд- та — æмæ дæтты — уырзæй æвзæрст рæнхъытæ, зыр- 238
нæй зылд строфæтæ. Иæ характерон миниуæг—афо- ристондзинад—фæстаг рæстæджы æркæны хорз фæс- тиуджытæм, поэты удæгас, сæрмагонд, хæдхуыз уыны- надæй куы гуыры, уæд. Фæлæ ма дзы ис ординарон,. иумæйаг «фæдтæ», ис ма дзы æбæлвырддзинад. Фæндаг, ома царды фæндаг, цы хуызæн у, ууыл раст дзургæйæ («Цыдысты дыл алыхуызон адæм — Нæр- тон лæг, уæйгæнæг, фыдхуыснæг. Кæмæн уыд дæ фæл* варæн кадæн, Кæмæн та æнустæм — æлгъыстæн»), поэт . фæндаджы фæлгонц фæсаджил кодта: «Фæндæгтæ дыу- уæ сты æрмæстдæр — Мæлæт æмæ ’нæмæлгæ цардмæ». Нæ, иу фæндаг цæуы мæлæтмæ, æрмæст иутæн — æцæг мæлæтмæ, иннæтæн та — мæлæты сæрты æнæмæлæтмæ. Фæлгонцы логикæ фехæлд. Æндæр ран, хойраг адæймаджы царды цы у, ууыл дзургæйæ, йæ кæройнаг формулæ рауад гуырысхойаг: «Дыууæ æмсæр тых ис зæххыл—Бæсты фарн— Лæг æмæ Кæрдзын!» Адæймагæн зæххыл æмсæр тых нæй, адæймагæй уæлдæр ницы ис. Æбæлвырд сты йæ иуæй-иу абарстытæ. «Дыргъдон, зæронд лæгау, Райста лæдзгуытæ», — æдде бакæсгæйæ æцæг афтæ у, фæлæ мидисæй раст нæу: зад бæлæстæн бахæстæггæнæн нæй зæрондимæ. «Лæджы русыл хъа- майы цæфау, Зæххыл ды нæ сагъæсты фæд дæ», — ам дæр афтæ: хъамайы цæф æвиппайд, фыдбылызы хабар у, фæндаг та, иугæр нæ сагъæсты фæд у, уæд, — са- гъæстау равзæрд сындæггай, цинæн æмæ хъыгæн. «Фæл- мæн æртæх,- æлутонау, фæныуæзта Æмæ æрцыди райсоммæ йæ нозтвæллад»,— ам дæр афтæ: хур æхсæ- вы йæ фæллад суагъта, фæлæ йын нозтимæ ницы иу- дзннад ис. Уынæм æм дыккагхаттон æмдзæвгæтæ. Уыдысты æн- дæртæм кæнæ та йæхимæ дæр. Чи зоны, сæ иуæй-иуты цы иугай дзæбæх фæлгонцтæ æмæ рæнхъытæ ис, уыдон куы рахицæн. кодтаид æмæ сæ къаннæг æмдзæвгæтæ куы сарæзтаид, уæд дыккагхаттон нæ уыдаиккой, мæ- нæ ахæмтæ: «Фæззæг ма кæны фæдисæй хурдавæн, Бур цæстытæй къæбицтæм ныккаст» («Фæззæджы хур- туап»), «Тыдтам æвзонг удтæ, мыггагау. Æмæ уæла- хиз уагъта тау» («Уæлахиздзаутæн»), «Тæппуд тæр- хъус та фестад хъустæ Йæ «антеннæтæ» арвмæ—хъил» («Æрныгуылд хур, фæтаргъуыз бæстæ...»), «Хуыцаумæ 239
кувæг лæгау раст Йе тæрттæ халсар арвмæ дары» («Цы- ма æрынцад зæххыл арв»...). Иллюстративон сты йæ поэмæтæ «Фыд» æмæ «Цард- амонд», кæд уым дæр хицæн дзæбæх афыстытæ, хъуы- дытæ æмæ æнкъарæнтæ ис, уæддæр. Цæуынц’арфмæ æмæ бæрзондмæ нæ, фæлæ уæрхмæ. Нæ дзы уынæм адæймаг æмæ рæстæджы вазыгджын рæстдзинад, йæхи- рдыгонау кæй федта æмæ кæй равдыста, ахæм рæст- дзинад. Поэт хъуамæ ахъаззаг барæнæй бара йæ уацмыстæ. Дæхи æвæлхатт фæлтæрддзинадæй чи нæ цæуа, æнæ- мæнг чи нæ хъæуа, уый хъуамæ ма ныффыссай, куы йæ Быффыссай, уæд та йæ мыхуыр ма ныккæнай. Рæстæ- гæн йæ даргъмæ гæсгæ куыд нæ аргъ кæны, афтæ хъуамæ ма аргъ кæна уацмыстæн дæр сæ бирæмæ гæс- гæ. Фæлтау цъус уæд æмæ хорз. Фæлæ æмткæй азты цыд æнæхъуаджы нæу. Æнæ- хъуаджы нæу — æмæ ма дæр хъуамæ уа! — Козаты Исидоры поэтикон дзырд. Уый у сæйраг. 1981
IV РЕПОРТАЖМÆ ИВГЪУЫДÆЙ Зæгъæн чс, зæгъгæ, ацы æмбырдгонды уацтæ æмт- кæй сты реч<ортаж мæ ивгъуыдæй. Уымæн æмæ ивгъуыд у сæ ныффыссыны рæстæг. Фæлæ ам хъуамæ рæгъмæ рахæссон, ме ’мбырдгæндты амæйразмæ хæдбар бынат кæмæн нæ радтон, иннæтæй дæлдæр кæй æвæрдтон, фаг ахадгæ кæй нæ хуыдтон, уыцы уацтæ. Ис дзы, кæддæр периодикæйы мыхуыр чи уыд, ахæмтæ, стæй къухфыстæй чи баззад, ахæмтæ дæр. Ис дзы, æцæгæйдæр фаг ахадгæ чи нæу, ахæм уацтæ, фæлæ сын уæддæр иу кæнæ иннæ бæрцæй-рохуаты ныууадзæн нæй. Абон дæр мæм дзы цымыдисаг кæсынц сæ иугай, хицæн бынæттæ, се скъуыд- дзæгтæ. Мæнмæ гæсгæ, æмбæлы «дзырды бар» раттын уыцы скъуыддзæгтæн дæр æмæ мæм дзы æнæхъæнæй цымыдисаг чи кæсы, уыцы уацтæн дæр. Цалдæр хатты дзырдтон, æмдзæвгæтæ фыссын æмæ мыхуыр кæнын 1948 азы кæй байдыдтон, уый тыххæй, фæлæ нырмæ никуыма загътон, литературон-критикон уацтæ фыссын 1950 азы кæй байдыдтон, уый тыххæй. Фыстон юбилейон уацтæ, ног чингуыты тыххæй рецен- зитæ. Уæды уацтæй. мæм ницыуал баззад, æмæ цахæм уы- дысты, уый тыххæй мæ бон ницы зæгъын у. Æрмæст дзы иу уац æрцыд мыхуыр (журнал «Фидиуæг», 1952, № 7) — «Хæлардзинады мотивтæ ирон советон поэзийы». Æвæц- цæгæн, мыхуыр чи не ’рцыд, уыцы уацтæн дæр ацы уа- цы æмвæзад уыдаид æнæуæрст, иумæйаг. Афыстон-иллю- стративон у, уацмыстæ дзы æвзæрст цæуынц тематико- нæй, нæй дзы бæлвырд идейон-аивадон критерий. Иæ кæрон, цыма, бынтон мæгуырау нæу. Леонидзе Гиуæр- 16. Дзуццаты X. 241
гийы æмдзæвгæ «Хид»-ы ^ырдæуы, зæгъгæ, хид гуыр- дзиагау дæр æмæ венгриагау дæр хуыйны хид. Уый бай- рæзт советон æмæ’’венгриаг адæмты ’хсæн фидар хæлар- дзинады символы онг. Уыцы хид ис советон æмæ зæххы къорийы æппæт рæстаг адæмты ’хсæн, æмæ Ирыстоны поэтты хæс у, цæмæй сæ уацмысты фæрцы «уыцы хид ноджыдæр сфидар уа æмæ хуры тынтау тæмæнтæ кала æппæт дунейы фидыдадуарзаг дзыллæты ’хсæн». Фæстæдæр, Мæскуыйы куы ахуыр кодтон, уæд хуыз- дæр æмбарын байдыдтон критикæйы хæс æмæ нысан, уымæ гæсгæ ме ’ргом фылдæр скодтон идейон-аивадон анализмæ, карзæй (чи зоны, хаттæй-хатт æгæр-карзæй дæр ма!) дзырдтон «поэтикон лæмæгъдзинады» тыххæй. Адæймаг æрыгонæй æгæргæнаг у, максималистон, æмæ æз дæр ахæм уыдтæн. Цы уацмыстæ-иу фаудтон, уыдо- нæн сæ зынгæ хай абон не сты сæ койы аккаг/ фæлæ се ’взаргæйæ цахæм иумæйаг уагæвæрдтыл æнпой кодтон. уыдон мæм ныр дæр æмткæй кæсынц раст æмæ ахсджиаг. Журнал «Фидиуæг» цы сатирикон уацмыстæ мыхуыр кодта, уыдоныл ныхас æрæфтаугæйæ (газет «Коммунист», 1953 азы 12 декабрь), фыстон: «Мах хъæуы, нæ царды цыдæриддæр æппæрццагæй, æмбыдæй, æндзыгæй ис, нæ размæцыдыл нын цыдæриддæр фæстæмæ хæцы, æппæт уыдон сатирæйы цæхæрæй чи судза, ахæм советон Гогол- тæ æмæ Щедринтæ».. Фыстон иумæйаг дзæнгæдайы тых- хæй, зæгъæм, иу кæйдæр æмдзæвгæйы тыххæй: «Æм* дзæвгæ у нейтралон æмæ аморфон. Уый бæсты поэт чысыл конкретон фæлгонц, конкретон ныв куы радтаид æмæ уымæй исты хатдзæг куы сарæзтаид, уæд бирæ хуыздæр уыдаид». Фы’стон авторы активон æхсæнадон позицийы тыххæй, зæгъæм, иу кæйдæр тыххæй: «Уацмыс фысгæ- йæ, уый хъуамæ йæ зæрдыл дара, цæй тыххæй фыссы уацмыс æмæ дзы цы пайда æрхæссынмæ хъавы æхсæна- дæн». Æмæ дарддæр: «Æмдзæвгæ бакæсгæйæ, адæймаг фæдызæрдыг вæййы: цæмæн бахъуыд авторы ахæм цау афыссын, цы зæгъынмæ дзы хъавы? Æмдза^вгæйы нæй авторы ахаст афысгæ цаумæ æмæ уымæ гæсгæ йæ сати- рæ рауад зæронд бирæгъау æнæдæндаг». Фыстон Мæр- гъиты Къостайы сатирæйы тыххæй, æрхæсдзынæн æй æнæхъæнæй. «Зонын хъæуы уый, æмæ сатирикон уацмыстæ уымæн фыст нæ цæуынц, цæмæй адæм сæ мидбылты худой, цæ- мæй ада:м сæхи ирхæфсой. Сатирæ’у, царды цыдæрид- 242
дæр æппæрццагæй ис, уыдон æнæрхæцгæйæ бындзарæй чи дасы, ахæм сæрдасæн. Махæн та ацы хъуыддаджы нæ гюэтты сæрдасæнтæ цырма къуымых сты. Бындзарæй нæ дасынц Мæргъиты Къостайы сатири- кон æмдзæвгæтæ дæр. Æцæг, уыдон иннæ сатирикон æм- дзæвгæтæй хæрзхъæддæр сты. Мах зонæм, Цæлой сове- тон уагдоньг кусæг кæй у. Уый типикон фæлгонцы Къос- та канд фыдрасыггæнæджы не ’ргом кæны, фæлæ ма формалист æмæ бюрократы дæр. Ды уымæ исты хъуыддагмæ фæзындтæ, — Цы сараздзæн? Зындгонд, дам, мын ысты. Иттæг раст зæгъы поэт: формалистæн æмæ ницымба- рæгæн алцы дæр у «зындгонд». Къоста ахæм фæстæзад адæймæгтæн сæ гамхудтæ сæ сæртæй тоны æмæ сыл адæмы раз худы. Иæ ахаст сæм ирдæй æвдисы. Поэт фыссы, зæгъгæ, цæмæй кæна хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр нæ цард, уый тыххæй Цæлойы хуызæттæн махм’æ хъуамæ ма уа бынат. Гъе фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ уыцы ахаст æр- мæст кæронбæттæн ныхæстæй æвдыст хъуамæ ма цæуа. Уый хъуамæ æвдыст цæуа æнæхъæн æмдзæвгæйæ поэты интонаци æмæ хъæлæсы уагæй. Сатирикон æмдзæвгæйы хъуамæ уа кæнæ тынг юмористон интонаци, кæнæ та тынг карз æмæ тызмæг интонаци. Къостамæ уыдонæй иу дæр нæй æмæ уый мидæг ис йе ’мдзæвгæйы сæйраг хъæндзи- над. Автор æгæр æнæныфсхаст, æгæр фæлмæнзæрдæ у. Цыма бынтондæр ницæуыл тыхсы, цыма йæ уарзоныл уæздан æмдзæвгæтæ фыссы, раст ахæм хъуыды сæвзæ- ры чиныгкæсæгмæ мæнæ ахæм рæнхъытæ кæсгæйæ: Æмæ цæй тыххæй, уый та уын, æмбæлттæ, Æз хъуамæ ацы ’мдзæвгæйы зæгъон. Кæнæ: Бæлвырд у уый, мæ хæлæрттæ, мæ хуртæ... Уый цæй сатирикы интонаци у! -Автор хъуамæ дзура æцæг сатирикы хъæлæсæй, «карзæй æмæ тызмæгæй». Мæскуыйы мын мæ ахуыргæнджытæ бирæ ахъаз кодтой, цæмæй арæхстаин литературæйы алыхуызон фæзындтæ æмæ уацмыстæ хæдбарæй фæлгъауынмæ, бæлвырд теоретикон æмæ методологон принциптæм гæс- 243
гæ сын аргъ кæнынмæ. Профессор Сидельников Виктор мын бахæс кодта, цæмæй доклад ныффыссон ирон фоль- клоры жанрты поэтикæйы тыххæй æмæ йæ бакæсон ме ’мкурсонты раз. Профессор Бонди Сергей та мын рав- зарын кодта, уырыссаг поэттæ 1812 азы хæсты тыххæй цы уацмыстæ сфæлдыстой, уыдон. Куы сæ бакастæн, уæд расайдтой карз быцæутæ, чи зоны, мæ хъуыдытæй иу дæр^ахæм нал баззад, гуырысхойаг дзы кæй нæ ра- хуыдтой, фау дзы кæмæ не ’рхастой. Каемдæрты-иу мæ æппæлгæ дæр ракодтой, фæлæ мæ сæйраджыдæр кодтой критикæ. Ахæм докладтæ фондз азы дæргъы дзæвгар ныф- фыстон, фæ^лæ сæ нæ бавæрдтон, нæ бафснайдтон. Чи зоны, уыдонæй дæр гæзæмæ истытæн абон рæгъмæ ра- хæссæн уыдаид. 1956 азы сæрды бакастæн Хацырты Сергейы пьесæтæ «Æрдхæрдтæ» æмæ «Гæбулы рæдыд» (рауагъта сæ иу чиныгæй), ныффыстон сыл рецензи (газет «Коммунист», 1956 азы 12 июль). Æрхæсдзынæн æй цыбыртæй. .«Мах фыссæгæй домæм царды рæстдзинад æвдисын. Цахæм жанртæй æмæ нывæфтыдон амæлттæй йæ æвди- са, уый йæхи бар у, фæнды музыкалон комеди фыссæд, фæнды лирикоц драмæ, фæнды æндæр исты, æрмæст йæ уацмыс уæд зæрдæмæхъарæг, уырнинаг, бæрзонд хъуы- дытæ æмæ æнкъарæнтæ æвзæрынгæнæг. Хацыры фырт йæ пьесæ «Æрдхæрдтæ»-йы æвдисы дыууæ сыхаг колхозы цард. Цы конфликт ис се ’хсæн? Колхоз «Уæлахиз»-ы сæрдар Арысхан, сыхаг колхоз «Размæ»-йы сæрдар Мысосты ныхасмæ гæсгæ, «тох кæ- ны æрмæстдæр йæхи колхозы æнтыстдзинадыл, иннæтыл арт дæр ссæуæт». (Цымæ йæм иу колхозæй иннæмæ уый- бæрц цы хауы?) Мæир куыд дзуры, афтæмæй Мысост, «Арысханау, нæу сæрыстыр йæ ныртæккæйы уæлахиздзи- нæдтæй, фæлæ стыр фæллой кæны æнувыдæй, сомбоны рæсугъд цардмæ тагъддæр æрцæуыныл». (Цымæ ахæм сур ныхæстæй хъайтарæн характеристикæ радтæн ис?) Æппынфæстаг, Мæирмæ сæвзæрд хъуыды, цæмæй дыу- уæ колхозы баиу уой æмæ сын къухдариуæггæнæг уа Мысрст. (Цымæ колхозты хорз къухдариуæггæнджыты тыххæй баиу кодтой? Уæд ма экономикон фактортæ та 244
цы сты?) Æмæ райкомы инструктор Гагуыдзы фæрцы дыууæ колхозы байу сты. «Гагуыдз нæ уыд, зæгъгæ, уæд, чи зоны, Арысхан æмæ Мысост абондæр макæрæдзи нæ бамбæрстаиккой», зæгъы Азау. Хъаугъа ууыл фæцис, Арысхан басастис йæ рæды- дыл æмæ пьесæйы кæрон зæды хуызæн лæгæй агæпп ласта. Иæ ус Дзæка, кæд раздæр, быдыр чердыгæй ис„ уый дæр нæ зыдта, уæд æй пьесæйы кæрон базыдта. Фæ- сивæдæй дæр алчи йæ уарзонæй цардæмбал загъта. Ахæм конфликт пьесæйы. архайджытæн фадат нæ дæтты сæ характертæ раргом кæнынæн æмæ дзы уымæ гæсгæ иу цæрдгъуыз фæлгонц дэер нæй. Сæрдæртты фæл- гонцтыл нæ дзурæм: уыдон бынтон фæлурс сты, фæлæ дзы фæсивæд дæр нæ зынынц. Пьесæйы конфликт хъай- тарты тох æмæ карз принципон быцæутæм кæй не зда- хы,.уый аххосæй мах уыдон архайды мидæг нæ уынæм. Уыдон. æппынæдзух дзурынц иумæйаг ихсыд ныхæстæ, алкæмæн дæр зындгонд хъуыдытæ, зонд амонынц кæрæ- дзийæн. Мысост. Алы хуымæтæджы колхозон дæр хи кад, хи хъуыддаджы разæй æвæры паддзахадон хъуыддаг, фæ- лæ йæ дæ цыбыр зонд нæ ахсы, нæ, æмæ дарддæр ахæм цыбырзонд куы уай, уæд дæ хъуыддаг хорз нæ -уыдзæн, мæ лымæн! Гагуыдз. Мыд æмæ сæнæфсир лæджы царды стытынг ахсджиаг. Ахæм бынæттæ пьесæйы бирæ ис. Хъайтартæ кæрæ- дзийæн зонд куы нæ фæамонынц, уæд та сæ сæртæ арв- мæ кувæгау сдарынц æмæ чысыл ницæй тыххæй дæр райдайынц царды диссæгтыл дзурын, поэттæ æмæ ора- тортæ фестынц. Арысхан. Скæс-ма хурхжæсæнмæ, скæс, цас стыр цин- дзинад уадзы зæрдæмæ абон. Мæир. Куыд рæсугъд у абон дуне, куыд æрттивы бæс- тæ. Амонд, цырагъау, фæйнæрдæм куыд рухс кæны. Чи хъуамæ бафсæда уыцы рухс фæндагыл размæ цæуынæй? Кæй зæгъын æй хъæуы, пьесæйы ахæм ныхæстæн дæр гæнæн ис> фæлæ фидар зонын хъæуы, чи сæ дзуры æмæ сæ кæм дзуры, уый. Зæгъæм, быдыры колхозон- тæ нартхор рувынц, кæрæдзиимæ адджын ныхæстæ кæ- нынц æмæ уыцы рæстæджы се ’мбæлттæй иу æвиппайд йæ къæпи аппæрста, сæ размæ ралыгъд æмæ, йæ къухтæ тилгæйæ, хъæр кæны алыхуызон лозунгтæ абон æмæ 245
фидæны цытæн. Цы зæгъдзысты, чи йæм кæсы, уыдон? Зæгъдзысты, зæгъгæ, æрра у, æмæ йæм цы хъусæм. Драматург хъуамæ тырна уымæ, цæмæй йæ хъайта- рæн уæвæг ситуацийы уа æмбæлон ахаст, ома типикон характер хъуамæ архайа тйпикон уавæрты, кæннод ыл сценæмæкæсæг нæ баууæнддзæн. Хацырты Сергейы дыккап пьесæйы сæйраг конфликг ис раззагон фосдарджытæ æмæ карьерæмæ бæллæг, цæст- фæливæг Гæбулы ’хсæн. Ис ма дзы фæрсаг конфликт- тæ дæр: Бадзи æмæ Азауы ’хсæн, сæ иу чингуытæ кæсын уарзы, се ’ннæ—нæ; колхозонтæ æмæ колхозы сæрдар Хъазбеджы ’хсæн æмæ а. д. Пьесæйы Гæбулы фæлгонц мæгуырау нæу. Автор æй æвæ^ы комикон уавæрты æмæ йын хурмæ калы йæ цъаммар х’ъуыддæгтæ. Уый йæхи хо- ны «современный культурон адæймаг», уыди йын фондз усы æмæ ныр та хъавы æхсæзæм ус æркæнынмæ, уарзы æнцой цард, æнцой куыст. Районы культхæдзарæй йæ- хи раивын кодта колхозмæ æмæ ныр ам йæхи бæтты ног фысы мыггагыл кусæг зоотехниктыл, цæмæй уый дæр уыдон премитæй райса. Гæбул у, æцæг царды кæуыл æмбæлæм, ахæм тип æмæ йыл худын дæр хъæуы. Фæлæ пьесæйы æрмæст Гæбул нæ архайы, стæй Гæбул йæхæ- дæг дæр раргом вæййы иннæ архайджыты æрхъулайы æмæ уымæ гæсгæ пьесæйыл дзурын хъæуы æнæхъæнæй иумæ. Пьесæ у æгæр даргъ. Æмæ даргъ пьесæтæ дæр куын- * нæ ис, фæлæ Диалог диалоджы фæдыл æнæаскъуыйгæйæ куы цæуа, архайд та раздæр куы нæ кæна, пьесæйы сæйраг идея куы ничердæм змæла, уæд цы пайда ис ахæм диалогтæй? Кæд вæййы пьесæ интересон? Уæд, æмæ алы ног диалог дæр, алы ног фезмæлд дæр пьесæйы идея .ног фарсæй куы ’вдиса, характерты миддуне ног фарсæй куы ’ргом кæна. Пьесæйы хъуамæ ма уа уæлдай митæ, уæлдай ныхæстæ. Хацыры фырты пьесæ та уыдонæй амад у. Пьесæйы фыццаг акты Даухан, Азау æмæ Бадзи колхс?- зы аивады тыххæй уыйбæрц дзæгъæлы ныхас кæнынц, æмæ лæг, уыдонмæ хъусгæйæ, йæ ком ивазыныл бафтдзæн. Æцæгæй пьесæйы архайд райдайы, Гæбул сценæйыл фыццаг хатт куы фæзыны, уæд. Йьесæ йемыдзаг у æнæбындур патетикæйæ, мæнг ро- мантикон пафосæй. Лзау. Хæса! Мæ царды. рухс æстъалы. Бадзи. Дæ райсом хорз, сæууон æстъалы. 246
Хæсанæ. Мæ зынаргъ сæнтты уый сыгъдæгæн Цъæх денджызы хæзнаты ’хсæн дæр Æнхъæл ’нæ уыдтæн. Арвы тыгъды Æстъалытæ мынæг куы кодтой Йæ нæ азым сыгъдæг уды раз. Куы йæ хуыдтон мæ зæрдæдарæн, Мæ амонды хур, рухс æстъалы. Царды ахсджиаг цы хъуыддаг у, уый бирæ хатт аива- ды бынтондæр нæ фæхъæуы. Пьесæйы 2-аг акты Аслæм- бег æмæ Хъазбег фосæн холлаг цæттæ кæныныл, фосы зымæгон хизæнуæттыл цы уынаффæтæ кæнынц, уыдонæн царды стыр нысаниуæг ис, фæлæ пьесæйы ницæмæн хъæ- уынц. Исты ногæй æвдисынц хъайтарты характерты, истæмæй размæ кæнынц пьесæйы сæйраг идея? Ницы æмæ ницæмæй. Фыссæджы сæйраг предмет у адæймаг. Адæймаджы равдисынæн та аивады æнæмæнгхъæуæг нæу, адæймаг цы зоны æмæ цы аразы, уыдон иууыл ранымайын. Фыс- сæджы хæс у адæймаджы зæрдæйы уаг, уый алыфарсон æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ æвдисын. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд фысджыты адæймаджы зæрдæйы инженер- тæ дæр нæ хониккой. . Махмæ пьесæйы расхой-басхой, дыууæрдæм разгъор- базгъор, гуыппытæ æмæ къуырдтытæ куы нæ уа, уæд иуæй-иутæ фæзæгъынц, зæгъгæ, динамикон нæу, архайд дзы нæй. Ахæм хъуыды раст нæу. Пьесæйы динамикæ физикон змæлд нæу, пьесæйы динамикæ у адæймаджы психологи, ахастытæ æмæ мид- дунейы вазыгджын процессы рæзт». 1956 азы ирон прозæйы тыххæй, номхуындæй, жур- нал «Фидиуæг»-ы 4-æм æмæ 6-æм номырты прозаикон уацмысты тыххæй цы уац ныффыстон (газет «Комму- нист», 1956 азы 4 август), уымæй æрхæсдзынæн, Дзуга- ты Георгий æмæ Нигайы радзырдтыл кæм дзурын, уы- цы бынат. «Дзугаты Георгийы радзырд «Чысыл фиййау» бæлвырд кæны уый, æмæ йæ автор кæй у æцæг нывгæнæг. Пæуыл нын дзуры, цы нын фыссы, цы нын ныв кæны, уый аф- тæ ирдæй æмæ бæрæгæй февзæры нæ цæсты раз, цыма 247
йæ нæхæдæг уынæм царды мидæг. Цæвиттон, радзырды автор бонджын Уасилæн йæ портретæй равдыста йæ миддуне, йæ мидис’: «Уазæг йе схъæл сау рихи аздыхта йæ дар^ъ хъуынджын æнгуылдзтæй, йæ хъоппæг цæсты- тæй сæрæй къæхты бынмæ лæппуйы сбарста ’цалдæр хатты, цыма йæ æлхæнгæ кодта, уыйау». Кæм ферох уыдзæн къæбыла Фæранк: «Чысыл урс къæбыла куыфæй сыстад, йæхи айвæзта æмæ йæ бур- бын цæстытæ бынтондæр бацъынд сты, йæ лыг хъустæ бæрæгæй фæзындысты». Кэенæ: «Иæ сырх æвзагæй йæ былтæ астæрдта æмæ йæм йæ чысыл дæстытæ сæвæзта». Кæнæ куыд хорз у сæгъы дуцын: «Æхсыры дыууæ цыхдырæджы исдугмæ къусы быныл æмбæлдысты æх- ситтгæнгæйæ: ци-ист, ци-ист, цист. Стæй æхсыр куы фæ- фылдæр, уæд та хъуысти ших-шух, ’ших-шух...» æмæ а. д. Радзырд зæрдæмæ хъары, фæлæ дзы ис æнæхъуа^ джы бынæттæ. Æцæг, уыцы бынæтты дæр æмбæлæм дзæ- бæх афыстытыл, деталтыл, фæлæ радзырд иу æнæхъæн буар у, буарыл та уæлдай фыдтæ куы’ уа, уæд æй æви- дыц кæнынц. Цæвиттон, радзырды нæ хъуыдис, мад йæ фырты уæрыкмæ кæм рарвыста æмæ автор фосмæ лæп- пуйы уарзондзинад кæм æвдисы, уыцы бынат. Уымæн æмæ ’лæппуйы уарзондзинад фосмæ аивадон æгъдауæй тых- джын æвдыст цæуы фæстæдæр, хуымы хицау ын йæ сæ- гъы сыкъа кæм ацъæл кодта, уым. Радзырды ма зæрдæмæ нæ цæуы кæронбæттæны иу хъуыдыйад. Бонджын Уасилы дзæмбыты ахæстæй.лæп- пуйы куы байстой, уæд районæй ссæуæг лæгтæй иу зæгъы: «Мах æй- немæ горæтмæ, скъоламæ кæнæм». Уыцы ны- хæстæ ацы ран æмпъузæнау сты. Цыма сæ искæй тæр- сын кæны автор, цыма сæ искæмæ æртхъирæн кæны, цы- ма сæ исчи хиппæлынæн -зæгъы, ахæм ахаст сын ис. Цæмæн æй кæнынцторæтмæ, кæд гæнæн ис æмæ хъæуы дæр сахуыр кæна. Дзугайы фррты радзырдимæ иумæ мыхуыр у Нига- йы радзырд «Æнæнхъæлæджы фембæлд». Радзырд кæс- гæйæ, адæймаджы уæгъд нæ уадзы иу фарст: цымде Ни- га цы хабæрттыл фыссы, уыдон йскуы ’рцыдысты æмæ сын царды уæвæн ис? Куыд ис уый гæнæн, æмæ Асиат, Уы- рысмæ ахаугæйæ, цалдæр азы дæргъы иу фыстæг дæр ма ’р’æрвыстаид йæ мадмæ? Æмæ уыдонæн дæр ницы уаид, лæг сыл хъæцид, радзырд йæ кæсджыты исты хъæ- уæг идеямæ куы ’ркæнид, уæд. 248
Фæлæ уæддæр зæгъын хъæуы уый, æмæ радзырд цы~ мыдисæй кæй кæсæм. Радзырд интересон уымæй у, æмæ~ бæрæг-бæлвырдæй æвдисы Нигайы лæмæгъдзинæдтæ- æмæ тыхджындзинæдтæ. Нига ныв кæм кæны, архайд кæм фыссы, уым лæ- мæгъ у. Хаттæй-хатт кæсæгæн хъайтартæ дæр схæццæ вæййынц æмæ нал фæзоны, чи сæ цы дзуры, уый. Цæвит- тон, райсæм, 3-аг сæры мад æмæ чызг хъæууонхæдзара- дон равдысты кæм ныхас кæнынц, уыцы бынат. Нига уы- донæн нæ дæтты портретон характеристикæ. Сæ ныхасы хъæд та иухуызон у, æмæ сæ цæмæй хицæн кæнæм, уый. нын нæй. Дзугайы фыртмæ афтæ нæу. Иæ хъайтарты æддаг хуызæй дын дыууæ-æртæ штрихы дæ разы авæр- дзæн æмæ йæ никæимæ схæццæ кæндзынæ. Нигамæ кæд ахæмæй исты вæййы, уæд.уый разыны, ныв кæм фæкæны,_ архайд кæм фыссы, уым нæ, фæлæ ныхас кæм кæны, ис- кæй царды историйыл кæм фæдзуры, уым. Радзырды иууыл хуыздæр бынæттæ сты, Нигайы хъай- тартæ сæ кæрæдзийы цардыл кæм ныхас кæнынц, уыдон. Уыцы хъуыды бафидар кæнынæн фаг у Санет æмæ Аси- аты раныхæстæ бакæсын дæр. Уым хъуыдыйæдтæ цæуынц донау æнæаскъуыйгæйæ, сæрибарæй. Ие уыцы раныхæ- сты Нигайæн йæ бон у хъайтартæн индивидуалон харак- теристикæтæ дæттын дæр. Цæвиттонтæ: «Сабæ йæхи уагъылыйы къутæры хуызæн фæкодта, йæ цъутхалджын- цæсгом асырх...»; «Уалынмæ мæм рауад иу нарст, ныл- лæг сылгоймаг. Иæ зæнгтæ уыдысты донласт ставд хъæ- ды стæвдæн. Иæ сæры хъуынтæ æнафоны халасы хуызæн». Дзугайы фырт æмæ Нигайы ’хсæн аналоги уынын кæны, зæгъгæ, кæд Дзугайы фырт кæсæджы зæрДæмæ- тынгдæр хъары хъайтарты архайдæй æмæ архайгæйæ- æвдисгæйæ, уæд Нига та кæсæджы зæрдæмæ тынгдæр хъары хъайтарты цардыл ныхасгæнгæйæ. Уыцы кæронæй загътон уæды рæстæджы нæ прозæ- йы сæйраг хъуагдзинады тыххæй: «Нæ прозæйæн нырма- йæ бон нæ цæуы царды алыхуызондзинад æмæ хъæздыг- дзинад æвдисын. Журналы хуыздæр прозаикон уацмыс- тæ фыст сты ивгъуыд цардыл, абоны цард дзы цъус æв-г дыст цæуы, æвдыст цы уацмысты цæуы, уыдон та сты’ æнæпроблемон, фæлурс æмæ уæлæнгай. Уымæн йæ ах’’а- дындзинад, йæ хæрзхъæддзинад нырма ныллæгдæр у нæ поэзийæ». 249-
1956 азы июлы мæм бахатыдысты областон библио- текæйы кусджы’тæ, цæмæй сын доклад скодтаин чиныг- кæсджыты конференцийы Джусойты Нафийы поэтикон æмбырдгонд «Лирикæ»-йы тыххæй. Баззад мæм къух- фыстæй. Æрхæсдзынæн æй цыбыртæй. «Джусойты Нафи ирон литературæмæ æрбацыд йæ- хи хъæлæсимæ, йæхи индивидуалон миниуджытнмæ. Ис ын уæрæх æмæ сæрибар авнæлд, ныфсджын æмæ арф цæстæнгас, сфæлдыстадонæй иртасы царды дзæвгар фар- стытæ æмæ сæ скъуыддзаг кæны социалистон реализмы домæнтæм гæсгæ. Нафийы æмдзæвгæтæн иу æмвæзад нæй. Хæсты тых- хæй æмдзæвгæтæ, иуцалдæрæй дарддæр, иууылдæр сты нуарджын æмæ арф æнкъарæнтыл амад. Уыдон канд уы- мæн хорз не сты, æмæ дзы советон хæстоны хъайтардзи- над кæнæ уарзондзинадыл кæй дзырдæуы. Фыдыбæс- тæйон хæсты рæстæджы ахæм поэт нæ уыдис, советон салдаты уыцы миниуджыты тыххæй чи нæ фыста, фæлæ уæд поэттæ цы фыстой, уый иууылдæр поэзи нæ уыдис. Гъе уымæ гæсгæ раст нæ вæййынц нæ критиктæ, иу кæнæ иннæ уацмысæн, автор цæуыл фыссы, уымæ гæс- гæ куы фæаргъ кæнынц, уæд. Аивады тынг ахсджиаг нæу, фыссæг цæуыл фыссы, уый. Ахсджиаг у, фыссæг куыд фыссы, уый. Нафи ссардта ахæм аивадон фæрæз- тæ, кæцытæ тыхджын æвдисынц советон салдаты зæрдæ. Нафийы хæстон æмдзæвгæтæм поэт Гафез æрхаста иу лаз. Уый 1949 азы чиныг «Салдаты зæрдæ»-йы йæ раздзырды фыста: «Ацы æмдзæвгæты хъайтар-салдат, Кавказы хæхтæй Берлины онг цæугæйæ, уыны алцы дæр, хаты æппæт дæр, йæ алыфарс цы цæуы, уый йæ зæрдæ- мæ арф исы, фæлæ йæ кæсæг нæ уыны салдат-хæцæгæй, салдат-архайæгæй, — цыбырдзырдæй, автор уæлахизхæс- сæг салдаты тох нæ равдыста æмæ афтæ зыны, цыма уый тохгæнæг хæстон нæу, фронты фыццаг хаххыл нæ лæууы, фæлæ у хицæн цаутæ, фæзындтæ, æнкъарæнтæ нысангæнæг». Ам Гафез, мæнмæ гæсгæ, раст. нæу. Нафи фыссы ли- рикон æмдзæвгæтæ æмæ лирикон авторы хæс у салда- тæн йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ æвдисын. Салдаты ао- хайæгæй, хæцæгæй Нафи романы кæннод та эпикон поэ- мæйы куы нæ равдыстаид, уæд æндæр хъуыддаг у, уæд дзы æрдомдтаиккам хæстон техникæ равдисын, баталор 550
нывтæ саразын. Лирикæйы гæнæнтæ цас амонынц, уы- мæй Нафийæн хорз бантыст советон салдаты фæлгонц сныв кæнын. Мах уынæм, салдат хæстмæ куыд ацыд, Ирыстоны зæххыл куыд тох кæны, уырдыгæй Украинæ æмæ Белорусимæ куыд бахаудта, стæй куыд нысхуыс-' та суанг Берлинмæ. Æппындæр нæу Нафийы салдат фæрсæрдыгæй кæсæг æмæ хицæн цаутæ нысангæнæг. Уый дзуры йæхи номæй, хæсты рæстæджы алы советон патриоты хуылфы дæр цы бæрзонд æнкъарæнтæ уыд, уыдон тыххæй. Чиныг «Салдаты зæрдæ»-йы фæстæ Нафи цы ’мдзæв- гæтæ ныффыста, уыдонæн сæ фылдæр у фæлурс, уæлæн- гай. Уыдон мидæг Нафи адзæгъæл иумæйаг ныхæстыл, нæ сæ зыны йæ индивидуалондзинад æмæ уый адыл зæр- дыл дæр нæ лæууынц. Уыдон æнæуый хорз фыст сты, сæ аивадон фæлыстмæ сыц фау не ’рхæсдзынæ, иу дзырдæй, дæсныйад сæ ис. Кæд поэты дæсныйад гуыры айдагъ уазал зондæй, уæд æмдзæвгæтæ рауайынц уазал, зæр- дæйыл нæ фембæлынц. Кæд дæсныйад нæ гуыры айдагъ уазал зондæй, фæлæ ма интуицийæ дæр, уæд æмдзæв- гæтæ> рауайынц хъарм, зæрдæмæхъарæг. Нафийы ацы æмдзæвгæтæ гуырынц айдагъ уазал зондæй æмæ уымæ гæсгæ рауадысты уазал. Уыдон рæсугъд сты, æрттивынц мрамор дурау, фæлæ сæ эмоци нæ тæлфы. Исчи зæгъдзæн, зæгъгæ, ахæм æмдзæвгæтæ бирæ ис иннæ адæмты поэзийы дæр. О, бирæ ис, æмæ сæ чи æппæлы? Нафи фæстаг азты бирæ бакуыста интимон лирикæ- йы. Уарзондзинад æм у комкоммæ дæр уарзондзинады хуызæн, нæ йæ вульгаризаци кæны, зоны йын йæ бæрц æмæ йæ аивдзинад. Нафи тырны адæймаджы зæрдæйы уавæр алыфар- сонæй равдисынмæ: хъæлдзæгæй, мæстыйæ, æнкъардæй, уарзгæйæ, худгæйæ, кæугæйæ. Уымæй уый дарддæр кæ- ны*нæ поэзийы хуыздæр традицитæй сæ иу. Иу рæстæджы чидæртæ Нафийы сфæлдыстадæн раст аргъ нæ кодтой: Нафи, дам, хъуыды кæны уырыссагау, фысгæ та — иронау, æмæ, дам, уымæ гæсгæ йе ’мдзæв- гæтæ сты тæлмацы <хуызæн. Фыццаджыдæр, цы нысан кæны фразæ «тæлмацы хуызæн»? Афтæ зыны, цыма æндæр æвзагæй цы фæтæл- мац кæнæм, уый иронау фысты хуызæн нæ вæййы, фæ- лæ цахæмдæр хатиагау фысты хуызæн. Фразæ «тæлма- 251
цы хуызæн» чи æрымысыд, уыдон раст не ’мбарынц, цы у тæлмац литературæ. Уыдонмæ гæсгæ, æнæтæлмац ли- тературæ фыст цæуы ирон æвзагыл æмæ тæлмац лите- ратурæ та—æндæр æвзагыл, ома æнæтæлмац литера- турæ у хорз, тæлмац литературæ та — æвзæр. Нафийæн йæ хъуыдыйæдтæ сты æлвæст, æнцонæм- барæн. Литературæ кæсынмæ чысыл æвзыгъд чи у, уый дзы йæ къах ницæуыл скъуырдзæн, ницы йын дзы уы- дзæн æнæмбæрст. Фæлæ уæддæр «тæлмацы хуызæн» æрымысджытæ цæмæн схуыдтой Нафийы уацмыстæ тæлмацы хуызæн? Мæнмæ гæсгæ, Нафийы æмдзæвгæтæ уыдысты ног фæ- зынд нæ поэзийы. Уыдон хастой семæ ногдзинад æмæ кæйдæрты трафаретон, рæсугъд, фæлæ тутт æмдзæвгæ- ты хуызæн куы нæ уыдысты, уæд сæ тæлмацы хуызæн схуыдтой. Чидæртæ ма зæгъынц, зæгъгæ, Нафи оригиналон нæу, йе ’мдзæвгæтæй, дам, бирæтæ сты Щипачев, Сурков æмæ Исаковскийы æмдзæвгæтæ, Нафи, дам, сæ æрмæст ирон- мæ раивта. Æз разы дæн, Нафийы æмдзæвгæтæй иу-цалдæр æн- дæр поэтты æмдзæвгæты æнгæс кæй сты, ууыл. Мæнæн .мæхицæн, цæвиттон, этюд «Æртында^с коммунары» мы- сын кæны.Бакойы 26 комиссары тыххæй Есенин Серге- йы поэмæ. Ранæй-рæтты Нафи раивы æндæр поэтты рæнхъытæ. Æмдзæвгæ «Рухс бæстæ»-йы фыццаг рæн- хъытæ: Ахсæв бæстæ афтæ рухс у, афтæ — Судзины бын акæнин фæдзæл,— ивд у Исаковскийæ: И такой на небе месяц — Хоть иголки подбирай. , Уымæй дæлдæр лæууæг рæнхъытæ: Хурæн нæй йæ бынатæй æрхæссæн, Науæд æй æрхæссин æз дæуæн, — зæрдыл лæууын кæнынц поэт Фатьянов Алексейы ны- хæстæ; С неба звездочку достану И на память подарю. 252
Гъе, фæлæ хъуыддаг уый мидæг нæй, Нафийы æм- дзæвгæты искуы искæй рæнхъыты хуызæн ныхæстæ ис æви нæ. Хъуыддаг уый >шдæг ис, Нафийæн æндæр поэт- тæй ист æмдзæвгæтæ кæй хонынц, уыдонæн Нафийæн йæхи схонæн ис æви нæ. Нафи искæй поэтйкон фæлгонц кæнæ хъуыдыйы уа- цайраг не свæййы. Уый ерыс кæны иу кæнæ иннæ поэ- тимæ: алæма, ды ацы фæлгонц кæнæ темæйæ афтæ спайда кодтай, .фенæм, кæддæра дзы æз та куыд спай- да кæнин. Æмæ Нафи æнæбары нæ рафæлхатт кæны искæцы поэты фæлгонц кæнæ хъуыды. Нафи йæ срухс кæны йæхи индивидуалон поэтикон рухсæй æмæ ныф- фыссы оригиналон æмдзæвгæ. - Æцæг, рæстдзинады охыл, зæгъын хъæуы уый, æмæ искæй æмдзæвгæтæм гæсгæ æмдзæвгæтæ фыссын (ори- гиналон æрмдзæф сæ куы зына, ^æддæр) бынтон раппæ- линаг хъуыддаг ’нæу. Хи, зынгау, хизын хъæуы æнгæс- дзинадæй. Поэт лæджыхъæд равдисы, йæ размæ цы æм- дзæвгæтæ æрцæуы фыст, уыдонæй бындуронæй чи хицæн кæны, æрмæст сæхихуызæн чи уа, ахæм æмдзæвгæтæ куы ныффыссы, уæд. Нафимæ ис къорд æмдзæвгæйы, уыдон нæ ныффыс- таид нæ дæр уырыссаг, нæ дæр украинаг, нæ дæр æндæр поэт. Уыдон сты ирон поэты фыст. Уыцы æмдзæвгæты уынæм алыхуызон зæрдылдаринаг фæлгонцтæ: «Хуры тын арвæй æрзæбул, æрдуйау», «Мигъ хæхтыл раст ны- мæтхудау нысчъилтæ», «Раст Уастырджийы зарæгæн хъырнæгау, нæ заводтæн нæ арф кæмттæ хъырныдтой» æмæ а. д.Уыдон ист сты ирон хæххон цардæй. Сæ кæс- гæйæ, алчи дæр æнкъары, Нафийæн бæрæг-бæлвырд ад- рес кæй ис — Нафи у Иры бæстаг, йæ поэзийæн нс ирон колорит. Фæлæ ирон колориты сæраппонд поэт макуы хъуамæ иртæса реалистон, типикон деталтæй, хъуамæ мисхалы бæрц дæр ма сзыгъуыммæ кæна æцæгдзинад. Нафи ацы принципыл фидар лæууы, фæлæ иуæй-иу хатт, йе ’мдзæвгæтæн ирон колорит раттыны охыл, уыцы прин- ципæй фæрсæрдæм дæр ахизы. * Цæвиттон, æмдзæвгæ «Салдаты сагъæс»-ы зноны салдат, йæ мады мысгæйæ, зæгъы: Хæст куы ’рцыд, уæд ’нæдзургæ мæ роныл ’ Ме ’хсаргард йæхи къухæй æрбаста. 253
Æмæ дарддæр: Уæд йæ сæр мæ сау арæзт бæрцытæм Бакъул кодта, сусæгæй ыскуыдта. Ацы рæнхъытæ рæсугъд фыст сты, дзырд дæр ыл нæй, фæлæ æхсаргард, бæрцытæ æмæ æндæр ахæм деталтæ характерон не сты абоны цардæн, кæсæг не ’ууæнды уыдон рæстдзинадыл, уымæн æмæ ирон фæсивæд хæст- мæ æд хъаматæ, æд цухъхъатæ нæ цыдысты. Цалдæр ныхасы мæ фæнды зæгъын Нафийы рифмæ- ты тыххæй. Нафи нæ уарзы ихсыд, фæлурс рифмæтæ. Фæлæ уый ууыл нæ дзуры, æмæ поэт алы хатт хъуамæ ног рифмæтæй фысса. Нафийы рифмæкæныны принцип у ахæм: пайда кæн зæронд рифмæтæй, фæлæ агур ног рифмæтæ дæр. Нафийы иуæй-иу æмдзæвгæты фендзы- стут æдзæллаг рифмæтæ дæр. Цæвиттон, немæ— фе- сæфт, мад уай —сагайы, хæстыты — хъысмæтыу уый — цæуы. Рифмæтæ) Ир—ирд æмæ æндæр ахæмтæ æгæр арæх сты. Æмткæй райсгæйæ, Джусойты Нафийы поэтикон æмбырдгонд «Лирикæ» лæууы, ирон советон поэзийы рæзт чи бæрæг кæны, уыцы чннгуыты фæндагыл». 1958 азы Асаты Реуаз рауагъта чиныг «Балц Евро- пæйы алыварс». ЦьГрецензи йыл ныффыстон (газет «Советон Ирыстон», 1959 азы 3 июнь), уым загътон, мæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ хорздзинæдтæ æмæ йæ сахъат- дзинæдты тыххæй. Æрхæсдзынæн æй цыбыртæй. «Адæм дзурынц, зæгъгæ, бирæ цæрынæй бирæ фенын хуыздæр у. Дзурынц ма, зæгъгæ, дæс боны чингуыты цы бакæсай, уымæй иу бон дæхи цæстæй цы фенай, уый би- рæ хуыздæр у. Гъе, уымæ гæсгæ диссаг нæу, алчи дæр алы бæстæтæ уынынмæ кæй бæллы æмæ йын фадат куы фæвæййы, уæд уайтагъддæр йæхи араевдз кæны дард кæнæ æввæхс балцмæ. Уый адыл мыхуыры фаёзыны куы фæндаггоны фыстытæ, куы æнæнымæц туристон æмдзæв- гæтæ, куы та радзырдтæ дæр... А^саты Реуазæн хорз поэтикон цæст ис. Цы предмет, цы фæзындыл фæфыссы, уымæн цахæмдæр бæлвырд 254
абарстытæ ссары æмæ уый фæрцы нæ цæстытыл ауайы. Цæвиттонты фæдыл дард цæуын нæ хъæуы. Мæнæ дзьг цалдæр: «Нæ нау «Победа» къæлæтау æрзылди æнæхъæн Европæйы континенть/л»; «Цæст тыхæй æвзæрста уы- лæнты зына-нæзына æнцъылдтæ, цыма ныхы ссывдтытæ уыдысты æмæ.фыдæлтыккон денджыз кæй у, ууыл дзырд- той, уыйау»; «Рахизæрдыгæй бæрзонд къардиуы сæрмæ цы бæстыхæйттæ æрцауындзæг сты, уыдон талынг рудз- гуытæ нæм зынынц куьгрм лæджы цæстытау»; Эгейы денджызы уылæнтæ сты «цъæх-цъæхид, цыма дзы лыла батайын кодтой, уыйау»; «Комы бæлæсты ’хсæн, рудзын- джы авгау, зыны денджызы гæппæл»; «Уæртæ америкаг нау каналы хъуыры ныффидар, нартхоры кæрдзыны хъæбæр хурхы куыд ныббада, афтæ». Ахæм хицæн поэтикон рæнхъытæ чиныджы ис бирæ, фæлæ фæндаггоны фыстытæ æрмæст уыдонæй нæ фæ- хуыйнынц фæндаггоны фыстытæ. Фæндаггоны фыстытæ дæр литературæмæ кæм хауынц, уым сын литературæйы æппæт æгъдæуттæ дæр æцæгæлон ма хъуамæ уои. Фæн- дагтоны фыстыты хъуамæ уа адæймæгты сурæттæ, фæ- сарæйнаг цардæн характерон деталтæ, типикон диалог- тæ. Фæндаггоны фыстыты хæс у, цæмæй нын нæ адæмы æндæр бæстæты цардимæ базонгæ кæной, патриотнзм æмæ сæм интернационализмы æнкъарæнтæ сæвзæрын кæной. Нау «Победа»-йыл йе ’мбæлццон туристты кой бирæ кæны Асайы фырт, фæлæ дзы иуæн дæр бæрæг-бæлвырд портрет не скодта. Ахæм бон баййæфта, фæсарæнтьг кæуыл фембæлд æмæ кæимæ ныхас кодта, уыдоны дæр. Дзырдæн, Каприйы зæронд коммунист Ариверо Ленин æмæ Горькийæ бирæ цæстуарзон ныхæстæ фæкодта, фæ- лæ йын мах ницы базыдтам йе ’ддаг бакастæн, йæхи сæрмагонд миниуджытæн. Æз афтæ нæ зæгъын, автор кæуылдæриддæр æмбæлди, уыдонæн се ’ппæтæн порт- реттæ кæна. Нæ. Фæлæ Ариверойы хуызæн чиныджы уæзгæ чи у, ахæмтæн ма портретон характеристикæтæ Дæр куы сарæзтаид автор, уæд чиныг хуыздæр рауадаид. Ариверойæ дарддæр ма чиныджы, иннæтимæ абаргæйæ, лæмбынæгдæр æвдыст е?ы уырыссаг эмигранты фырт Герутский æмæ Голландийы цæрæг украинаг чызг Тося. Уыдонæн сæ царды хабæрттимæ базонгæ вæййæм, фæлæ та сын сæхи нæ цæстæй нæ фенæм. Хуыздæр сты чиныджы диалогтæ, хицæн эпизодты 255
афыст. Мæнæ автор Италийы поездыл цæугæйæ йе ’мба- лæц зæгъы: «Акалын хъæуы мусорини (ома мусор-бырæт- тæ).~Уæд нæ цуры италиаг лæг фæцис (поезды кондук- тор), уый йæ хурх хъазгæйæ балхъывта йæ дыууæ къу- хæй æмæ загътæ: — Муссолини... Муссолини капут (ома йæ ныххурх .кодтам, ныкуыдз æй кодтам). Хæцын никæй фæнды — адæм кæмдæриддæр сты са- бырады фарс»*. Фæсарæнты арæх фехъусæн кæмæн ис, ахæм ныхæс- тæ ма чиныджы иннæ рæтты дæр ис, фæлæ. хаттæй-хатт æтæр уаелæнгай рауайынц. Мæнæ ахæм бынат: «Сымахмæ спектаклтæ райдайынц раджы æмæ фæ- вæййынц раджы. Ам та иннæрдæм, — загъта гид, Верса- лы фæндагмæ куы бахызтыстæм, уæд. — Раст у, мах—рæстæрдæм, уыдон та — зыгъуым- мæ, — загътон мæ фарсмæбадæг æмбæлттæн». Парижы спектаклтæ махмæйæ фæстæдæр кæй рай- дайынц, уымæй ахæм уæрæх хатдзæг ацаразын æгæр сæртæгдзинад у, Автор искæцы хъуыддæгтæм йæхи ахаст кæм æвди- сы, йæхи æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытыл кæм дзуры, уы- цы бынæттæ сты интересон æмæ сæ цымыдисæй кæсæм. Фæлæ алыхуызон зонадон, бæрæгуатон чингуытæй цы райста, уыдоныл куы райдайы дзурын, уæд дзы бар- æнæбары фæлмæцæм. Цæмæй искæцы бæстæ кæнæ са- хары тыххæй иумæйаг географион, историон кæнæ куль- турон зонæнтæ ныффыссай, уый тыххæй фæсарæнтæм цæуыны сæр нæ хъæуы. Асайы фырт фыссы алцæуылдæр æмæ йын уый зиан йеттæмæ пайда ницы у. Чиныджы стыр сахъатдзинад уый у, æмæ автор факттæй ахсджиагдæрты не ’взары, уыдоныл нæ дзуры лæмбынæг, фæлæ нывисæгау йæ цæс- ты размæ цыдæриддæр бахауы, уый фиксаци кæны. Æмæ чиныг рауад æнæхъуаджы даргъ». Фысджыты хайады уыцаффæмæ æрæвæрдтам Пуха- ты Алыксандры дыууæ чиныджы — «Фидыдады1 хæлæрт- тæ» (1956) æмæ «Лирикæ» (1958). Уым цы фиппаинæг- ,тæ скодтон, уыдонæй сарæзтон уац «Поэтикон хæдба- рад» (журнал «Фидиуæг», 1959, № 2). Æрхæсдзынæн æй цыбыртæй. 256
«Фыццаг чиныг райдайы чысыл æмдзæвгæйæ, ис дзы дзæбæх хъуыды: Мæскуы æссис рæсугъд фидæны айдæн. Кремль та — фæндагамонæг компас. Иæ фæстæ чи цæуы, уыцы æмдзæвгæ дæр, «Ленин Разливы», . зæгъгæ, мæгуырау нæу. Ленины, стыр тых, стыр зонд равдисынæн автор ссардта поэтикон дзырдтæ: Нæ фидæныл йæ хъуыдытæ кæм фыссы, Дунейы центр уыцы къуымы ис. Кæнæ райсæм æмдзæвгæ «Адæмон скъола»-йы кæрон: Коммунæйы сахаты фатыл размæ Хæцы æдзухæй дыууынæм æнус. Фæлæ, хъыгагæн, ахæм поэтикон рæнхъытæ Пухайы фырты фыццаг чиныджы бирæнæй. Æмдзæвгæтæн сæ фылдæры ницы поэтикон фæлгонцтæ ис. Уыдонæн кæ- сæн ис уæлейæ бынмæ æмæ бынæй уæлæмæ. Æмбæрц уæнгтæ кæм ис æмæ сæ кæрæттæ æмзæл- лан!1 кæмæн кæнынц, ахæм рæнхъытæ арæхстгай фæд-фæ- дыл хал кæн — уый поэзи нæу. Айдагъ рифмæтæ æмæ æмбæрц уæнгтæ кæм ис, ахæм рæнхъытæ поэзи кæй не сты, уыц сбæлвырд кодтой бирæ курдиатджын поэттæ: америкæйаг Уитмен Уолт, чилиаг Неруда Пабло, туркаг Хикмет Назым. Цæмæй поэттæ сты уыдон? Рифмæтæй? Нæ, рифмæтæ сæм бынтондæр нæй. Æмбæрц уæнгтæй? Нæ, иу рæнхъ сæм иннæйы ас стæм хатт вæййы. Уæдæ цæмæй поэттæ сты? Поэзийы сæйраг цы у, уымæй — поэ- тикон хъуыдытæй æмæ поэтикон æнкъарæнтæй. Æз ба- рæй зæгъын — поэтикон. Уымæн æмæ хъуыды алчи дæр кæны, фæлæ поэтикон хъуыды та æрмæст поэт кæны. Пухайы фырт арæх архайы исты фæлгонцы фæрцы поэтикон хъуыды зæгъыныл, фæлæ йын нæ фæрæстмæ вæййы. Дзырдæн, куыд бамбарæн ис мæнæ ацы рæн- хъæн: «Æрдз адæймагæн а-бæсты цырагъ у»? . Фæлгонц æмбæрстгонд куы вæййы, уæд та арæх нæ февдисы предметы мидис, фæзынды миниуæг. Дзырдæн, заводæй Пухайы фырт зæгъы: Æскæлы уæларвмæ къуыбæрттæй йæ фæздæг. Зыны, цыма горæт тамако дымы. 17. Дзуццаты X. 257
Уый фыццаг бакастæй афтæ у, фæлæ цымæ заводы ми- дис æвдисы? Кусынмæ чи бавнæлдта, уыцы заводыл нæ фидауы ахæм абарст. Пухайы фырт хохæй куы загъта- ид, тамако дымы, зæгъгæ, уæд уый йæ раны уыдаид. Хох — æвæлмон, урсбоцъо, фæлгæсы дардмæ æмæ йыл мигъ,. фæздæгау, хæрдмæ фæбыры. Гъе уымæй æцæг афтæ зæгъæн ис, тамако дымы, зæгъгæ. Пухайы фырты тематикæ у алыхуызон.'Уый фыссы алцæуыл дæр: Ирыстоныл, Гуырдзыстоныл, Уырысыл, Мæскуыйыл, Хъазахстаныл, фæсарæнтыл... Афтæ уыд йæ фыццаг чиныджы, афтæ у йæ дыккаг чиныджы дæр. Æз тематикæйы хæрхдзинады ныхмæ нæ дæн, фыс- сын хъæуы канд райгуырæн хъæуыл нæ, фæлæ æгас ду- нейыл дæр. Æрмæст куыд? Пухайы фырты æмдзæвгæтæ «Фыстæг Хъазахстан- мæ», «Волгæ», «Рубен Ибаррури», «Жорж — фидыда- ды салдат», «Раймонда Дьенимæ ныхас», «Цыд поезд Ныгуылæн Сыбырмæ», «Джамила Бухиред», «Поль Роб- сон» æмæ æндæртæ иууылдæр сты иумæйаг ныхæстæй амад. Поэзи та иумæйагдзинад нæ уарзы. Поэзи домы реалистон детализаци. Хикмет афтæ дзырдта, зæгъгæ, бæлас поэзи нæу, поэзи у тулдз, бæрз, хæрис; сырд поэ- зи нæу, поэзи у бирæгъ, тæръхус, арс æмæ а. д. Пухайы фырт йæхи цæстæй цы федта, йæхæдæг цы бавзæрста, ууыл ныффыста йæ хуыздæр æмдзæвгæтæ: «Балладæ адæмон поэтыл», «Терчы донбылгæрон», «Хурмæзилæг», «Мæ Ирыстон», «Фыдыбæстæйы картæ», «Майы райсом». Пухайы фырт йæхи цæстæй кæй нæ фены, ууыл куы фæфыссы, уæд йæ фæлгонцтæ аразы зæрдæаивæй æмæ нæ вæййынц конкретон, нæ сæ уыны чиныгкæсæг. Йæ хуыздæр эпитеттæ сты: «рæсугъд», «фидыцджын» æмæ æндæртæ. Пухайы фырт цардæй нæ исы йæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ, йæ фæлгонцтæ, фæлæ сæ исы литературæ- йæ. Уый у йе стыр сахъатдзинад æмæ хъуамæ йæ ных- мæ æгъатырæй стох кæна. Пухайы фыртмæ ис иу характерон миниуæг. Уый тырны йе ’мдзæвгæтæ цахæмдæр афористон, эффектон хъуыдыйы бындурыл амайынмæ. Пухайы фырт нæ ар- хайы адæймадЖы зæрдæйы хатт, эмоци æвдисыныл, ома æмдз^евгæтæ фыссы .къаддæр— зæрдæйæ, фылдæр — зондæй. Мæнæ йæ хуыздæр æмдзæвгæтæй иу—«Сал- дат»: 258
Салдат фыдтохты размæ бырсын уарзта, Йæ пост нæ уагъта иунæг уысм дзæгъæл. Иæ уæхсчытыл уый карз хæсты уæз хаста,— Иæ къухы уыд уæлахизы дæгъæл. Йæ фыдгултæй уый никæд бон ыздæхта Нæмыг æмæ цыргъ джебогъы бырынкъ. Уыд афтæ ’лгъин, æмæ йæ фыды зæххæй. Нæ радта знагæн тохы бон уылынг. Ам æнæхъæн æмдзæвгæ амад у фæстаг дыууæ* афо- ристон рæнхъыл. Уæллаг æхсæз рæнхъы бынтон куы ап- пæрстаиккам, уæд цымæ исты фæзиан кодтаид æмдзæв- гæ? Уадиссаг ницы. Æмткæй æмдзæвгæ поэтикондæр уыдаид, дзырд «æл- гъины» бæсты дзырд «рæдау» куы уыдаид, уæд. Пухайы фырты æмдзæвгæты кæронбæттæн афоризм- тæ æмæ фæлгонцтæ арæх вæйынц æбæрæг, æнæцæстуын- гæ, биноныг хъуыдыгонд не ’рцæуынц æмæ æмдзæвгæ* йæ гаччы не сбады. Мæнæ æмдзæвгæ «Ленины партби- лет»-ы кæрон: Зыны, цыма йæ гæххæттыл нырма дæр Нæ ахуыссы дæ цæстытæн сæ зынг. Гæххæттыл цæстыты зынг куыд хъуамæ зына? Кæнæ мæнæ уыцы æмдзæвгæ: Тæрккъæвда банцад... Арвы рон ысзынд, Фæсырдта мигътæ, дуне та ныррухс. Зыны, цыма сабырадыл фыссы Мæ бæстæйы бæлонгъуыз арв йæ къух. Ам дæр та нæ цæстыл нæ ауайы, куыд фыссы арв йæ къух сабырадыл, нæ йæ уынæм. Пухайы фырт, æвæццæгæн, искæй æмдзæвгæтæ куы бакæсы, уæд ыл афтæ тынг бандавынц, æмæ бар-æнæ- бары Свæййы сæ уацайраг. Чиныг «Лирикæ»-йы æртæ æмдзæвгæйы «Кремлы стъалытæ», «Размæ, фæсивæд»у «Дохтыр Тамарæ Гогричиани» сты Дзугаты Георгийы кадæг «Уарзт»-ы стих æмæ интонацимæ гæсгæ арæзт. Искæй интонацитæ, искæй поэтикон ссарæггæгтæ хъуа- мæ ма уой поэты уæлтæмæны суадон. Цард, æрмæст цард у поэзийы уд æмæ дзæцц». Плиты Харитон сывæллæттæн цы ’мдзæвгæтæ ныф- фыста, уыдонæн кæм аргъ кодтон, уыцы уац (газет «Со.- 259
ветон Ирыстон», 1959 азы 28 апрель) æрхæсдзынæн цы- быртæй. «Сывæллонæн конкретон, бæрæг-бæлвырд хабæрттыл куы нæ дзурай, уæд æм цыфæнды раст иумæйаг ныхæс- тæ дæр нæ бахъарынц. Уымæ гæсгæ Хадойæн хуыздæр рауайынц, цæстуынгæ нывтæ, кодкретон деталтæ кæм вæййы, уыцы æмдзæвгæтæ. Æмдзæвгæ «Нæ гæдыйы лæппынтæ», зæгъгæ, уым тынг фæцæудзæн сывæлЛоны зæрдæмæ гæдыйы лæппынты æнæмæт, хъæлдзæг хъазт, уайтагъддæр йæ цæстытыл ауайдзæн æмæ йæцæсгомыл ахъаздзæн æхсызгон мидбылхудт. Нæ уаты къуымты Кæрæдзи сурынц. Тæбын къуыбылой Сæ разæй тулынц. Мыст æй æнхъæлынц, Мыстау дзы схъазынц, Сæ цыргъ ныхтæй йæ Сæхимæ ласынц. Дзæбæх, характерон деталтыл амад сты æмдзæвгæ- тæ «Барбос» («Чи йæм бадары йæ къух, Уымæ рахис къах уый радты»), æмдзæвгæ «Мæ род» («Родæн аных- тон йæ рус, Род мæм батылдта йæ хъус»). Хадо рæвдз у æрдзы фæзындтæ æвдисынмæ æмæ уый фæрцы сабимæ сæвзæрын кæны цахæмдæр зæрдæйы хатт, æнкъарынад. Зымæг. Дымгæ бирæгъау ниуы, бинонтæ бадынц хъарм хæдзары. Къæбыла слæууыд нæ разы, Комкоммæ махмæ кæсы. Бур гæды уæртæ цъынддзастæй Пецы бын хъармы хуыссы. Сывæллæттæ бирæ уарзынц хуымæтæг сюжетон æмæ диалогтæй арæзт æмдзæвгæтæ. Хадойы чиныджы ахæм æмдзæвгæтæ ис дзæвгар. Исты архайд æвдисгæйæ, Ха- до сабийы бафтауы хъуыдытыл, ардауы йæ раст фæн- дагыл. Тæхаг цъиутæ нæ хæлæрттæ сты æмæ сæ хъæуы хъахъхъæнын («Умар»), Райгуырæн бæстæйæ адджын- дæр ницы ис («Чызг æмæ булæмæргъ»), чысыл дæттæ баиу вæййынц æмæ быдыртæн сæ дойны сæттынц («Суа- дон æмæ лæппу»), давын, къæрных кæнын худинаг > 260
(«Тузар») æмæ æндæртæ. Æцæг, иуæй-иу хатт æмдзæв- гæ сюжетон вæййы, фæлæ дзы ниЦы хъуыды фæзæгъы автор. Лæппутæ рувасы лæппыны расур-басур систой, æрцахсынц æй æмæ... æмæ ницы (æмдзæвгæ «Лæппутæ æмæ рувасы лæппын»). Куыддæр конкретон деталтæ, цардæй исгæ фæлгонцтæ агурын ныууадзы, афтæ поэзи- йæ фæиртæсы, фæзыны йæм цахæмдæр абстрактоп ны- хæстæ, иумæйаг деклараци. Æмдзæвгæ «Уалдзæг» у дыу- уæ строфæйæ конд. Фыццаг строфæйы ис конкретон деталтæ («Мæнæ гоппон цъиу фæзынди»), дыккаг стро- фæйы та кæсæм абстрактон ныхæстæ («Дуне райхъал, худы цард»). Саби куыд хъуамæ фена, кæнæ куыд хъуа- мæ фехъуса — «худы цард»? Афтид сур ныхæстæ кæм ис, ахæм æмдзæвгæтæ сты «Рæзут, сабитæ», «Нæ назбæ- лас», «Скъоладзауты зарæг», «Гала», «Гыцци», «Дыргъ- донмæ зилджытæ», «Хохаг уалдзæг», «Пионерты лагеры». Хадойы æмдзæвгæты æвзаг у лæгъз æмæ сыгъдæг, йаЗ| ритм рог, æнцон кæсæн. Æрмæст ранæй-ран рифмæтæ фæкъуыхцы вæййынц æмæ уый хъыгаг у. Цæй рифмæтæ сты цард — мах, кæнæ турбинтæ — æрттивынц! Адæймаг йæ сабибонтæй райдайы цард ахуыр кæнын æмæ дуне æмбарын. Уыцы рæстæджы сабийы зæрдæйы «цы байтауай, уый æркæрддзынæ», саби куы сыстыр уа, уæд. Гъе уымæн у.стыр, сабитæн чи фыссы, уыдон роль, Сабитæ чингуытæй хъуамæ исой канд зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма уыимæ хъуамæ ахуыр кæной аив дзырд æмбарыныл дæр, цæмæй примитивæй иртасой æцæг поэ- зи, дзæнгæдайæ—æцæг нывæфтыддзинад æмæ æнд. Цыбыр дзырдæй, хъуамæ хъомыл цæуой эстетиконæй». Журнал «Фидиуæг»-ы редакци мын ныффыссып кодта^ дыууæ цыбыр уацы Шекспир æмæ Гоголы тыххæй (жур- нал «Фидиуæг», 1959, № 4). ШЕКСПИР 395 азы рацыд, Шекспир Уильям куы райгуырд, уæ- дæй. Цыппар æнусы дæргъы цас æмæ цас диссаджы ивддзинæдтæ æрцыд адæймагады историйы! Иу æхсæ- надон формаци ивта иннæмæй, феодализмы бынат æр* цахста капитализм, ныртæккæ та капитализмыл параха- I 261
тæй уæлахиз кæны социализм. Цас адæм райгуырд æмæ фæмард æвæдæй! Милуангай адæймæгтæ ацыдысты цардæй æмæ сæ кой дæр нал ис. Фæлæ Шекспиры.хуы- мæтæг мæлинæгты бон нæ баййæфта. Цыппар æнусы дæргъы Шекспир цæры æмæ ма бирæ æнусты дæргъы цæрдзæн сæрæгасæй. Кæй нæ’уырны, уый бацæуæд Мæскуыйы, Ташкенты, Тбилисы, Ереваны, Орджоникидзейы æмæ æндæр горæтты театртæм æмæ фехъусдзæн саубуар Отеллойы æвирхъау богътæ, цар- ды фæдыл Гамлеты арф хъуыдыджьгн ныхæстæ, фендзæн зæронд Лиры хъизæмартæ, мæрдты удхæссæг Ричард 1Н-ы цъаммар митæ... Фехъусдзæн æмæ фендзæн æгъуыс- таг диссæгтæ, йæ зæрдæ йын ныццæвдзæн стыр аивадон тых æмæ цы уыд, уымæй бирæ хуыздæр, бирæ рæсугъд- дæр фестдзæн. Ахæм у Шекспир — дунейы иууыл нæр- тондæр драматург. Алы номдзыд фыссæгæй дæр фæдзурынц алыхуызон зенæхъола легендæтæ. Уыдон фылдæр хатт вæййынц- мæнг æмæ ныллæг кæнынц генийы кад. Ахæм хабар æр- цыд Шекспирыл дæр. Дзырдтой, заегъгæ, Шекспирмæ бынтондæр ницы ахуырдзинад уыд, йæ фыд дæр, дам, мæгуыр талынг лæг уыд æмæ йæхæдæг дæр. Лондоны, дам, йæхицæн къæбæр амал кодта афтæ: хъæздгуытæ-иу театрмæ куы кастысты, уæд-иу сын Шекспир та æддейæ, кæрты сæ бæхтæм зылди æмæ йын уый тыххæй æхцайы капеччытæ лæвæрдтой. Æмæ дзы цы нæ дзырдтой, цы нæ! Чидæртæ ма афтæ дæр ахъæр кодтой, зæгъгæ, Шек- <спир Уильям йæхæдæг уыд æрмæстдæр æнæбары актер, льесæтæ та фыста æндæр Шекспир’æмæ, дам, цыдæр жбæрæг æууæлтæм гæсгæ йæхи не схъæр кодта. Фæлæ ахæм тауыстæн ницы бындур ис. Æцæгæй Шек- «спиры фыд йæ цардæй нæ хъаст кодта — уыд æрмхудтæ- хуыйæг æмæ цух нйцæмæй æййæфта. Шекспир йæхæдæг канд æрдзæй курдиатджын нæ фæцис, фæлæ ма йæ то- яайы хай ракодта йæ рæстæджы ахуырад æмæ культу- рæйæ дæр. Хæрзцъус рæстæджы фыста Шекспир (æга- сæй 22 азы), фæлæ цы бынтæ ныууагъта йæ фæстæ! Сæ ас дæр чысыл нæу (2 поэмæйы, 154 сонеты, цалдæр æм- дзæвгæйы æмæ 37 пьесæйы), фæлæ сæ хæрзхъæддзина- дæн æмбал нæй. Шекспир царди, феодализм мæлæты къахыл куы слæууыд æмæ капитализм куы æвзæрдис, уæд. Кæй фарс дзы хæцыд Шекспир? Сæ иуы фарс дæр нæ æмæ се ’ннæ- 262
йы фарс дæр. Шекспиры уарзондæр æмæ тыхджындæр хъайтартæ (Гамлет, Отелло æмæ иннæтæ) сты гуманис- тон идеяты сæрхъызойтæ, уыдонæн æмхуызон æнæуы- нон у феодализм дæр æмæ капитализм дæр. Уыцы хъай- тартæн сæ ныхмæ æвæрд цæуынц ног капиталистон цард- æвæрды фарсхæцджытæ, йæ дзыпп æхцайае ныддымсын кæныны охыл йæ мады, йæ фыды дæр чи ауæй кæндзæн, уыцы чъизи, фырзыд, кæрæф адæймæгтæ — Клавди, Яго, паддзах Лиры дыууæ хисдæр чызджы æмæ æнд. Шекспир йæ дуг куыд равдыста, афтæ йæ иунæгфило- соф, иунæг ахуыргонд дæр нæ равдыста. Шекспиры уац- мыстæн ис стыр зонынадон æмæ эстетикон ахадындзи- над. Маркс æмæ Энгельс арæх амыдтой фысджытæн, цæмæй цæуой Шекспиры фæндагыл, ома реалистонæй, алыфарсонæй æвдисой цард, сæ хъайтарты психологи, миддуне. Шекспир райгуырд Англисы, фыста англисаг æвза- гыл, фæлæ йæ номхæссæн курдиаты руаджы сси æгас дунейы фыссæг. Советон Цæдисы иннæ адæмтау, тынг бирæ уарзынц Шекспиры ирон адæм дæр. Шекспиры алæмæтон лæгуарзондзинад, йæ хъайтарты æхсидгæ темперамент, арф æмæ цæхæр æнкъарæнтæ зынаргъ сты ирон адæмæн. Хуымæтæджы нæу, Отеллойы роль иууыл хуыздæр чи хъазы, уыдонæй иу кæй у ирон номдзыд ак- тер Тæбæхсæуты Бало. Трагеди «Отелло» чи нæ федта сценæйыл, æвæццæгæн, ахæм лæг зын ссарæн уыдзæн Ирыстоны. Поэт Плиты Грисы дæсны тæлмацы фæрцы трагеди «Отелло» ирон театралон $ультурæйы ахсы зынгæ бынат. «Отелло»-йы йеттæмæ ма ирон æвзагмæ тæлмац сты «Ромео æмæ Джульеттæ», «Паддзах Лир». Фæлæ уыдон фаг не сты. Нæ дзырдарæхстдæр поэтты хæс у, цæмæй Шекспиры популярондæр пьесæтæ æмæ сонеттæ ирон æвзагыл ныййазæлой сæ оригиналты хъа- руйы æмбæрц. 1959 гоголь Уырыссаг литературæ хъæздыг у аив дзырды стыр дæснытæй. Уыдон астæу Гоголæн ис кадджын æмæ зын- гæ бынат. Амæн æмæ Гоголь уыд Пушкины иузæрдион 263
фæдон, Гоголæй райдыдта уырыссаг литературæйы кри- тикон здæхт. Æгъатыр реалист, æнæлаз нывгæнæг, Го- голь хурмæ ракалдта паддзахы Уæрæсейы цардæвæрды æлгъаг æгъдæуттæ, худинаджы гакк ныккодта, фæллой- гæнæг адæм кæй æфсондзы бын хъæрзыдтой, уыцы æв- вонгхор æлдæрттыл. Гоголы ном афтæ æнæуынон уыди уæды хицауадæн, æмæ Гоголæй иу хатт Тургенев куы раппæлыд, адæм æй бйрæ уарзынц, зæгъгæ, уæд уый тыххæй хаст æрцыд Бетъырбухæй. Гоголы ном уæд дæр æмæ ныр дæр карды цæфæй уæлдай нæу дунейы талынг тыхтæн. Гоголы нывгонд фæлгонцтæ афтæ цардæгас сты, æмæ стæм лæг ис ахæм, уыдон чи нæ зоны. Æрмæст уацмыс «Мард удтæ»-йы дæр уынæм паддзах 1-аг Никъалайы рæстæджы æлдæртты типтæй цалдæр: магуса, сæнттæ- . цæгъдæг Манилов, æлгъин, æнæфсис Коробочкæ, фæли- той, сайæгой Ноздрев, гуыбынджын, арсау æнæфердæхт Собакевич, мæрддзæст Плюшкин æмæ æнд. Дзæвгар са- тирикон фæлгонцтæ сарæзта Гоголь йæ иннæ зындгонд уацмысты дæр. Ахæмтæ сты «Зæронд дуджы æлдæрттæ», «Иван Иваны фырт Иван Никифоры фыртимæ -куыд фæ- хылис, уый таурæгъ», «Ревизор». Фæлæ канд сатирикон фæлгонцтæ нæ арæзта Гоголь, канд æнæгъдау адæймæгты не ’вдыста йæ уацмысты. Гоголæн йæ удхæссæг уыд Уæрæсейы æмбыд, æнуд цард æмæ иттæг бирæ уарзта йæ райгуырæн бæстæ, йæ адæмы хъæбатыр æмæ парахат зæрдæ. Гоголæн æмхуызон зы- наргъ уыдысты дыууæ æнкъарынады: адæмы знæгтæм фыдæхдзинад æмæ адæммæ уарзондзинад. Гъе, уымæ гæсгæ йа^ бон бацис хъайтарон эпопея сфæлдисын, сæй- раг архайджытæ адæм кæм сты, адæмы тох дæсны ’вдыст кæм цæуы, уыцы генион уацмыс — «Тарас Буль- ба». Гоголь стыр реалист кæй уыдис, фæллойгæнæг адæ- мы тугцъиртыл кæй худти æмæ адæмæн хорз цард кæй агуырдта, уый тыххæй йе сфæлдыстад ахсджиаг у канд уырыссаг адæмæн нæ, фæлæ æппæт рæстылдзу адæмтæн дæр. Октябры стыр революцийы размæ дæр Гоголы ном зындгонд уыдис Ирыстоны. Гоголы иттæг хорз зыдта ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста. Къоста ахуыр кодта уырыссаг литературæйыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ стыр фысджытау, Гоголы æндæвдад 264
дæр цъус нæ фæзындаид Къостайы сфæлдыстадыл. Го- голы фæлгонцтæ цардæй ист кæй сты, æцæг типикон кæй; сты, уымæн аккаг æвдисæн у К/ьостайы фельетон «Чичи- ков». Кубаны областы кæддæр афицертæн, чиновниктæн, сауджынтæн радтой зæххытæ — кæмæн йе ’фсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй, кæмæн та хуыцауы æнæхъуа- джы. Цалдæр азмæ уыцы зæххыты хицæуттæ амардысты, сæ байзæттагæй иутæ зонгæ дæр нал кодтой сæ зæххы хæйттæ кæм уыдысты, уый, иннæтæ та бынтон ферох код- той, фыдæй фыртмæ чи цæуы, ахæм зæххытæ сын кæм- дæр ис, уый. Æмæ уæд йæ хъустаэ схъил кодта Чичиков. Зылди, чи амардис, уыцы зæхджынты бындартыл — сæ идæдз устытыл, сæ фырттыл, кæнæ фыртты фырттыл,. сæ сæфт зæххытæ сын фæстæмæ сæхиуыл ныффыссын кодта цахæмдæр фæдсафæнты фæрцы æмæ йын ахæм куыстыты тыххæй мыздфыстой. Афтæмæй схъæздыг уыцьг. ног Чичиков. Къоста йæ фельетоны кæрон зæгъы: «Хъы- гаг у, Гоголь кæй нал ис, уый, æндæра екатеринодайраг Чичиковимæ куы базонгæ уыдаид, уæд дарддæр ныф- фыстаид йæ «Мард удтæ». Революцийы размæ райдыдæуыд Гоголы уацмысты ирон æвзагмæ тæлмацы куыст. Цæвиттон, 1905 азы го- рæт Тбилисы цу ирон драмколлектив уыд, уый адæмæн^ равдыста’Гоголы комеди «Ус курын». Фæлæ Гоголь ирон чиныгкæсæг дзыллæтæм уæрæх фæндаг ссардта æрмæст Октябры революцийы фæстæ. Ирон скъоладзаутæ сæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæнынц Гоголы уацмыстæ. Чысылæй базонгæ вæййынц «Тарас Бульба»-имæ æмæ сæ никуыуал ферох вæййынц йæ дис- саджы фæлгонцтæ, йæ патриотон æнкъарæнтæ. «Тарас Бульба» ирон æвзагмæ у Гæззаты Ладийы тæлмац. - «Иван Иваны фырт Иван Никифоры фыртимæ куыд фæхылис, уый таурæгъ» ирон æвзагмæ раивыныл зæрди- агæй бакуыста нæ зынаргъдæр прозаик Коцойты Арсен. Зæрдæмæдзæугæ сты Дзугаты Георги æмæ Дзадтиаты Георгийы тæлмæцтæ дæр. 1952 азы Гоголы амæлæты/ сæдæ азы бонмæ иронау иу томæй рацыдысты фыссæ- джы уацмыстæ. Гоголы цард æмæ сфæлдыстадæн ис иу сæйраг поэти- кон фæлгонц: уый у, иугæндзон размæ чи хоны, фидæны, бæллицаг цардмæ чи кæны, уыцы фæндаджы фæлгонц. Советон адæмæн тынг зынаргъ у Гоголы уыцы фæлгонц^ уымæн æмæ мах цæуæм стыр æмæ уæззау фæндагыл^ 2654
рæзты ^æмæ прогрессы фæндагыл, коммунизмы амонд- джын фæндагыл. 1959 1959 азы Цæгат Ирыстоны мыхуыры рацыдысты Гæ- .диаты Цомахъы уацмыстæ иу бæзджын томæй. Уый фæ- дыл цы уац ныффыстон (газет «Советон Ирыстон», 1960 -азы 9 январь), уымæн æрхæсдзынæн йæ бацæуæн хай. «Ирон литературæйы стыр бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста 1903 азы тыхджын фæрынчын, йæ бон кусын нал уыд æмæ ницыуал ныффыста суанг йæ амæлæтмæ. Дард размæ цыдис, рæзти, 1905—1907 азты адæмон революци анхъæвзта æгас бæстæйыл. Цард æмæ лите- ратурæ æнхъæлмæ кастысты, «Додой»-ы революцион традици чи айстаид^ Къостайы тырысайыл фидар чи ных- хæцыдаид æмæ йæ размæ чи ахастаид, ахæм поэтмæ. Жъостайы радтæг ирон адæм мæгуыр нæ разындысты земæ Ирыстоны хæхтыл айхъуыст ног хъаруджын хъæ- .лæс, револтоцийау ныфсджын æмæ тохмæсидæг хъæлæс. Сызмæлут’ иумæ! Тохы гæрæхтæ Арвау куы нæрынц фæдисы нысаны. Рацæут, фæсивæд! Рацæут, лæгтæ! Равдисут сахъдзинад хæсты заманы! Хъандзал ’интонаци, уæнгрог - æмæ æнæнцой ритм. .Æмдзæвгæтæн сæ хъуыды куынæ ’мбарай, уæддæр сæм ’куы хъусай, уæд æй даезæрдæ зоны: хонынц дæ кæдæм- _дæр, сидынц дæм лæгдзинад равдисынмæ. Фæстæдæр, 1908 азы, Цомахъы æрцахстой æмæ йæ арвыстой Сыбыр- жæ. Уым йе ’мдзæвгæты интонаци æмæ ритм æрфæлмæн, " :цыма фæллад сты æмæ се уонг ауагътой, афтæ. Аив- "той уавæртæ, æмдзæвгæты мидис, хъуыдытæ. Ахæст бафынæй, федта йæ фыны, Цыма хæхтæ лæууыдысты арвыл. Мит æрæмбæрзта бæстæ сæ быны, Дымгæ зылд æмæ хъазыди дардыл. Ахæстоны фыстытæ фæконкретон сты, хæстæг бацы- дысты реалистон детализацимæ. Абон ма нæ поэзийы 266
арæх куы фехъусæм сур ныхæстæй дзæнгæда, уæд æнæ- ахъаз нæу Цомахъы лирикæйы ацы ахсджиаг мйниуæг æрымысын. Æмдзæвгæйы хъуыдымæ гæсгæ æмбæлон интонаци ссарын, æмдзæвгæ конкретон деталтыл амайын æмæ уы- дон фæрцы чиныгкæсæгмæ бæрæг-бæлвырд зæрдæйы хатт, истахæм сагъæс сæвзæрын кæнын — гъе, ууыл нæ ахуыр кæнынц Цомахъы ахæстоны фыстытæ æмæ йæ иннæ æмдзæвгæтæй дæр бирæтæ. Кæд искуы исчи быдираг бæстæйы касти æрвгæрон мигътæм, уæд æнæмæнг зæгъ- дзæн, куыд раст æмæ бæлвырд сты мæнæ ацы рæнхъытæ: Иу хатт та кастæн быдыры кæрæттæм, Уынын дзы мигъты цæндтæ... Уæлдæртæ-дæлдæртæ... Нæ хæхты хуызæн... Хæхтæ мæм фæкастысты мигъты цæндтæ... Зындысты мæм цъуппытæ, цъититæ... Сау къæйджын хæхтæ, цъæхбын къуыбыртæ.. Ныгъуылдысты уæлдæфы... Цомахъ ирон æмдзæвгæйы формæты хæрхдзинады ныхмæ нæ уыд. Ирон æмдзæвгæйæн бирæ алыхуызон гæ- нæнтæ æмæ формæтæ ис. Æрмæст сæ агур æмæ сæ арæх- сгæ пайда кæн! Цомахъ фыста, рифмæгæнæг æмбæрц уæнгтæ кæм ис, ахæм къласикон æмдзæвгæтæ, фыста, рифмæ чи нæ кæны, æмбæрц уæнгтæ кæм нæй, ахæм сæ- рибар æмдзæвгæтæ, ис æм прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ дæр. Цыбыр æмæ лæгъз хъуыдыйæдтæ, аив конкретон фæлгонцтæ — куы сæ кæсай, уæд æй хатыс, кæмдæр рæнхъыты дæлбынты æм’дзæвгæйы райдианæй йæ кæ- ронмæ зына-нæзына хъуысы- бæрæг-бæлвырд ритм. Æвæццæгæн, уымæ гæсгæ «Дыууæ дидинæджы», «Хæ- луарæг æмæ мыдыбындз», зæгъгæ, прозæйæ фыст æм- дзæвгæтæ уарзынц, цæмæй сæ кастæуа хъæрæй». Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард, уыцы æрыгон фысджытыл. кæй фыстон, уыдонæй иу уац сæрмагондæй у, Хуссар Ирыстонæй дзы чи уыд, сæ уацмыстæ «Джебогъ æмæ сисæй», зæгъгæ, æмбырдгондмæ (1959) кæмæн ба- цыдысты, уыдон тыххæй. 267
ÆНУСБОНТÆМ УЫДЗЫСТЫ ÆВЗОНГ Æнудæсаздзыд поэт Ходты Хазби дзырдта йæ рай- гуырæн Ирыстонæн: Егъау, егъау — мæ ран — дæ фарн, Æмæ мæ риу дæ цинæй дзаг. Дæ цыты ном мæнæн аккаг, Мæ мæлæт дæр æрцæуæд ам! Райгуырæн Ирыстоны цæрын æмæ амæлый— уый уыд Хазбийы кар æмбæлттæ Бекъойты Амыран, Хæмыца- ты Гиуæрги, Тъехты Барис æмæ иннæты зæрдæбын бæл- лиц. Уыдон уыдысты æвзонг, цæхæрзæрдæ лæппутæ, æнувыд патриоттæ, сæ хъарутæ фæлвæрдтой аивадон уацмыстæ фыссыныл. Фæлæ сын нæ дæр цæрын бантыст, ,нæ дæр литературæйы бакусын., Иууылдæр амардысты гитлерон фашизмы ныхмæ. карз тохты, нæ сæмбæлды- сты сæ удæй адджындæр ныййарæг Ирыстоны зæххыл, æмæ ма сæ фæстаг хатт, хæсты райдайæны сæ хæстæджы- тæ, се ’мбæлттæ, сæ зонгæтæ куыд федтой, афтæ æвзон- гæй баззадысты æнусбонтæм. Цæрынхъуаг, зынгхуыст лæппутæ фыстой æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, пьесæтæ. Уыдон литературæмæ арæзтой фыц- цаг фæлварæн къахдзæфтæ. Арæх фенæм: мигътæ æрба- цæйцæуынц арвыл, рахауынц рæсуг æртæхтæ æмæ зæхх сæ аныдзæвдæй базмæлы, æнхъæлы, ныртæккæ ныккал- дзæн тæрккъæвда, фæлæ æвиппайды фæзынди уад æмæ тæрккъæвдайы æввахс дæр не ’руагъта. Афтæ зынгхуыст лæппутæ дæр иугай поэтикон рæнхъытæ æмæ фæлгонц- тæй сæхимæ аздæхтой ирон литературæйы хъусдард, сæхицæй йæ’ æнхъæлцау скодтой, фæлæ æваст сыстад стыр хæсты уад, фæхаста сæ тохы быдырмæ сæ райгуы- рæн уæзæгæй æмæ сæ уым тугæрхæмттæй æдзард фæ- кодта. Æгæрмæгуыр, иуæй-иутæ дзы хæсты тыххæй сæ ныхас дæр нæ загътой, афтæмæй сын мæлæт сæ дзурæн дзыхтæ ахгæдта. Иуæй-иутæ дзы кæд бафæрæзтой ис- ты зæгъын, уæд уыдон та, иу цалдæр æмдзæвгæйæ дардг дæр, сæфгæ фæкодтой. Уымæ гæсгæ махæн нæ бон у, зынгхуыст лæппутæ хÆсты а^ъомМæ Цы ныффыстбй, сæй- раджыдæр ууыл ныхас кæнын. Цы ныффыстаиккбй дард- Дæр, цы сæ рауадаид сомбон, уый бæлвырд зын зйе^ъæн у, фæлæ мæм мæ зæрдæ афтæ дзуры, æмæ куы цардаик- кой, уæд цыма литературæйы бæрæг дардтаид се ’рмдзæф. Ш
, Æвз,онг, зынгхуцст лæппуты уацмыстæ фæд-фæдыл куы бакæсæм, уæд æнцонæй рахатдзыстæм, се ’хсæн би- рæ æмхуызондзинæдтæ кæй ис; иу дуджы æмхузон уа- вæрты кæй рæзтысты, æмхуызон бæллйцтæ сæм кæй уы- дис, уый тыххæй. Уыдон бирæ фыстой æмб.æстагон темæтыл æмдзæв- гæтæ. Райгуырæн бæстæ, 1-аг Май, Сырх Æфсад, Мæс- куы — иууылдæр зынаргъ сты советон адæймаджы зæр- дæйæн æмæ поэт суæвыны охыл фыссæн сис йæ къухмæ чи райса, уый сыл куыннæ хъуамæ ныффысса æмдзæв- гæтæ! Хъыгагæн, уыцы ахсджиаг тёмæтыл фысгæйæ, нæ зынгхуыст автортæй иу дæр йæхи оригиналон, зæр- дылдаринаг ныхас нæ загъта, иумæйаг æнæуд декла- раци сæ йæ арæнтæй æддæмæ ахизын нæ бауагъта. Хуыздæр цæстæй сæм ракасти пейзажон æмæ инти- мон лирикæ. Гъе, уым стæлф,ынц поэтикон æнкъарæнтæ, ферттивынц дзы поэтикон фæлгонцтæ. Мæнæ Бекъойты Амыраны æмдзæвгæ «Фæззæг». Рагъоæртæй уасы Дъшгæ, сырдау. Кафы мæ разы, Зилгæ зырнау. Уазал цъæх мигътæ Арвыл хæтынц. Тымыгъты сидтмæ Балцы цæуынц... Конкретон, цæстуынгæ деталты -фæрцы цæрдхуыз у æмдзæвгæ «Дидинæг»: Ирдгæ, йын йæ сыфтæ фасы, Сауцæст, хъал чызджы дзыккуйау. Рухс хур æй йæ риумæ ’лвасы, Худгæ йæм æркъул, гыццийау. Бекъойы фырт хорз æвдисы сæрдыгон æхсæвы сабыр- дзинад æмæ фæлмæндзинад—æрвон цырæгътæ рухс фурды бынæй æрттивынц æмæ æхсырвæндагыл фæси- мынц авд хойы. Хаттæй-хатт Амыран аразы тынг уæрæх æмæ парахат поэтикон фæлгонц: Хуры рухс фурды куы найы Зæхх. сьшæллонау, йæхи. Сæ алыфарс цы бирæхуызджын æмæ бирæмырджын дуне уыд, ууыл ныффыстой сæ хуыздæр рæнхъытæ иннæ 269
поэттæ дæр. Чиныгкæсæг бахъуыды кæны Ходты Хаз- бийы мæнæ ахæм рæнхъытæ: Зæрдæ та фæскъæвда райы. Арвы тыгъдæй худы хур. Хуры цæстмæ дидин дары, Буц чызгау, йæ сырх сæр —- къул. («Сæрдыгон къæвда») Уыцы ран-иу арæх Фосы дзуг хызтон. Арвæй та-иу тарц’ыæх Хъугдзармйас уыдтон. Фугæнгæ æхсæрдзæн Айнæгæй тæхы, Раст цыма фыдæнæн Сырдтыл хъæр кæны. («Æхсæрдзæн») Уæхæдæг уынут, æз цы цитаттæ хæссын æмдзæвгæ- тæй, уыдоны ис уæлдай дзырдтæ, лæмæгъ рифмæтæ. Поэтикон техникæ æмæ дæсныйадыл куы дзурæм, уæд, æвæццæгæн, Хæмыцаты Гиуæргийы кадæг «Зæронд Сæрмæт»-ы кой æнæскæнгæ нæй. Æвзонг поэт ссардта хъаруджын интонаци, зæрдæагайæг ныхæстæ: Нæ дзыллæ — ссæст, сæ зæрдæ — тарст, Сæ фæндтæ — саст, сæ уæнгтæ — баст... ^Цæхæрау — зонд, куыстуарзаг — цонг, Хъæстæлвæст — конд, цæргæсау —рог... Мæ зæрдæ — арт, мæ фæнд — тыхджын, Хъаруйæ — ард, мæ дзырд — ныфсджын. Банысан хъæуы уый, æмæ нæ зынгхуыст лæппутæ цьг стыр уацмыстæ ныффыстой, уыдон иууылдæр æвдисынц зæронд цард. Уæлдай цымыдисаг та уый у, æмæ сæ си- туацитæ, сæ сюжеттæ сты кæрæдзи ’нгæс. Хæмыцаты Гиуæргийы кадæджы Сæрмæт усгур ацæуы, фæстæмæ цæугæйæ йын йæ усаджы ивылд дон аласта. Ходты Хаз- бийы кадæджы мæгуыр лæг Булат ацæуы хор хæссын- мæ, схъызыд ыл фæндагыл æмæ фесæфти æдзæрæг арф комы. Къæбулты Елиозы кадæджы идæдз ус Зæли йæ сабиимæ бæхыл фæцæуы кæдæмдæр, бæх амæлы, саби æххбрмагæй кæуы, усы тыхтæ байсыстысты. æмæ амард. Ацы кадджыты автортæ æртæ дæр советон дуджы рай- гуырдысты, советон дуг сæ схъомыл кодта. Зæронд цар- 270
ды тыххæй кастысты чингуыты, хъуыстой сæ фыдæлтæйи. Уымæ гæсгæ сыл тынг фæзынд литературæйы æндæвдад. Дызæрдыггаг нæу, Ходты Хазби йæ кадæг «Булат» Дзес- ты Куыдзæджы зынгæ рад’зырд «Хорхæссæг»-мæ гæсгæ- кæй ныффыста. Аивадон литературæйы та исчи искæй зындгонд уацмысы хуызæн куы ныффыссы, куы йæ сфæл- хатт кæны, уæд уый хорз нæу. Мæнмæафтæ кæсы, цыма Куыдзæджы «Хорхæссæг»-ы фæстæ Хазбийы ницæмæн хъуыд кадæг «Булат» фыссыны сæр. Нæ зынгхуыст автортæ ма уыдысты традицийы уацар.. Традици тыхджын у, де ’фцæгготыл дын уæззау къухæй хæцдзæн æмæ дзы дæхи куы нæ атонай, айвазай размæ,, дарддæр дзы куы нæ ацæуай æмæ афтæмæй традицимæ ногæй куы ницы бафтауай, куынæ йæ фæхъæздыг кæнай, уæд литературæйы нæ разындзæн дæхи Ьæрмагонд сфæл- дыстадоы цæсгом. Æвзонг лæппу хæстмæ куыд цæуы^, уый тыххæй Бекъойты Амыран фыссы: Бур, къæбæлдзыг худ Сæрыл асагъта, Сау, фæтæн хъама Роныл абаста. Стæй уæйлаг нымæт I Йе ’ккой баппæрста. Бауад се скъæтмæ, Дзуры йе ’фсургъмæ: — Мах цæуын хъæуы, Уæ, мæ саулохаг, Балцы, дард балцы. Æфсургътыл хъаматимæ цæуынц тохмæ Хæмыцаты Гиуæргн, Тъехты Барис æмæ æндæртæ дæр. Кæйзæгъын æй хъæуы, ахæм деталтæй рæзы ирон колорнт. Фæлæ хъаматæ, цухъатæ, байрæгтæ — адон сты традицион ко- лорит. Ныртæккæ та хъæуы ног колорит. Цард ивы иу- гæндзон æмæ уыимæ ивы колориг дæр. Цардмæ æввахс куы уай, куыд у æцæгæй, афтæ йæ куы ’вдисай, уæд гæнæн нæй, æмæ дæ уацмысты йæ национ колорит ма ра- зына. Æвæццæгæн, нæ зынгхуыст поэттæ æрцыдаиккой реалистон детализацимæ, ног колоритон поэзимæ. Иуæй-иу хъуагдзинæдтæм æнæкæсгæйæ, зæрдæйыл æмбæлынц Къæбулты Елиозы «Салдаты кат^й», Цоциты Герсаны «Гъей, джиди!»^ Мæргъиты Ясоны «Хæстоны фыстæг». Профессион æвзыгъддзинад ис Гасситы Гиуæр- ги æмæ Магкаты Алиханы пьесæты. Мæнмæ гæсгæ, хорз 271
лрозаик рацыдаид Тъе^ты Барисæй. Уый æмдзæвгæтæ .дæр дзæбæх фыста, алкæддæр-иу ын æлвæст, нуарджын уыдысты, техникæйæ сæм фау не ’рхæсдзыцæ. Фæлæуæд- .дæр уæлдай курдиатджынæй йæхи равдыста йæ прозæ- икон уацм’ысты. Иæ радзырд «Дыууæ ’фсиры», зæгъгæ, _уым мæгуыр хæххон лæг Бибо йæ фырт Таймуразимæ ацыдысты, къæдзæхы сæрмæ сын цы гыццыл хуымы> гæп- лæл уыд, уый кæрдынмæ. Къæдзæхы тигъыл стыр дуры -зыхъхъыры дыууæ ’фсиры бæрзонд сфардæг сты. Тайму- раз сæм бабырыд, æвгъау сæ фæкодта дзæгъæлы сæфы- нæн, хъуамæ сæ ратыдтаид, фæлæ фæцудыдта æмæ арф -дурджын комы амидæг. Паддзахы заманы ирон хæххон .лæджы тыхст æмæ гæвзыкк цард тыхджын раныв кодта Барис. Йæ фырты маст нæ бауромгæйæ, зæронд Бибо .дæр ахаудта къæдзæхæй æмæ амард. «Фыд æмæ фырты •арф комы хъæбыс йæ тары атыхта, æрмæст ма сæ уагыл уыдысты уыцы дыууæ диссаджы æфсиры, раздæрау сæ дымгæ сабыргай дыууæрдæм уызта». Радзырд «Дыууæ ’фсирæй» бæрæг у, ирон къласик- тыл ахуыр кæнгæйæ, Барис уæзгæ хуын кæй бахастаид ирон аивадон прозæйы къæбицмæ. Æвзонг, зынгхуыст лæппутыуацмыстæкуы кæсай, уæд ^фæхъыг кæныс, зæгъгæ, тæригъæд уыдысты мæлынæн, фæлæ уыцыиурæстæг дæ зæрдæ буц у, хъæбатыр мард кæй акодтой сæ Фыдыбæстæйы сæрыл тохы æмæ дæ ба- фæнддзæн, куы сын зæгъис: Уæ сис кæд уыд æвæлтæрд, Кæд иу дæр уæ æххæст рæвдз поэт не сси, Уæддæр уæ цард æмæ уæ мæлæт Сæхæдæг сты алæмæттаг поэзи! 1960 1963 азы ирон поэзийы тыххæй цы фиппаинæгтæ скод- тон (журнал «Фидиуæг», 1963, №11), уыдонæн æрхæс- дзынæн сæ кæройнаг хай. • «Хисдæртæ æмæ кæсдæртæ». Уымæй ахъаззаг проб- .лемæ скодтой бирæ фысджытæ. Бахъаты Нугзар фæл- •тæрты быцæу фæсномыгæй равдыста рагон бал æмæ тул- дзы талайы хуызы. Балбæлас æрыгон талайы хæрдмæ кæсын нæ уагъта, бахус, дам, у мæ аууоны уæлхъæдæй. Юма хисдæр фæлтæр сты эгоистон, æнæцæстуарзон. :272'
Чи зоны, кæсдæр зондджындæр, æгъдауджындæр ра- зына. Фæлæ нæ. Тулдзы тала байрæзт æмæ Уыцы тыгъд быдыры абон бæрзонд тулдзæн Цæргæс фæлгæсы йæ бæрзæндæй дард. Рагон бал бахуси, баззад оæргуыбырæй, Тулдзæй ныййазæлы хъал мæргъты зард. («Рагон бал æмæ тулдзы тала») Кæсдæртæ æмæ хисдæртæ сты сæ кæрæдзийы ныхмæ. Ацы хъуыды æцæгæлон у не ’хсæнадæн, нæ литературæ- йæн. Рæстæджыты иудзинад, фæлтæрты æмуддзинад у абон нæ литературæйы тырыса. Кæсдæртæ хъомыл кæ- нынц хисдæрты традицитыл æмæ сæ дарддæр кæнынц новаторонæй, сæхирдыгонау. Гъе, уый у хисдæрты æмæ кæсдæрты иудзинад. Фæлæ куыд хисдæртæ, афтæ кæс- дæртæ дæр иуу’ыл иухуызон не сты. Традицитæй иутæ мæгуырау сты, иннæтæ та хорз. Аккаг кæсдæртæ исынц хорз традицитæ. Раст зæгъгæйæ, литературæйы нæй хисдæртæ æмæ кæсдæртæ, нæй дзы зæрæдтæ æмæ æрыгæттæ. Литера- турæйы ис æнусмæ æрыгон архайджытæ, агурæг курди- æттæ. Уымæн æмæ æмдзæвгæ æмæ æвзонгдзинадæн кæ- рæдзийæ фæхицæнгæнæн нæй. Поэт — зæронд уа æви æрыгон — кæдæриддæр у фæлтæрты цахъæн,- фæлтæр- ты карæн, хъуамæ къæрццхъус уа царды ногдзинадмæ йæ алы хуызты дæр. Поэттæ — зæронд уой æви æры- гон — кусынц иумæ, уæхски-уæхск, аразынц иу поэзи, лæггад кæнынц иу Фыдыбæстæйæн, иу адæмæн æмæ хъуамæ сæ кæрæдзийæ домой æнауæрдонæй. Поэзийы хæрзхъæддзинад зæронд æмæ æрыгон фыссæгмæ гæсгæ нæу. Поэзийæн æнæуынон сты, йæ кады мæт æйæ йæ цыр- ты мæт кæй ис, ахæмтæ. Поэт кадмæ нæ тырны, поэтæн ис куыст, тынг зын, фæлæ бархи æмæ райгæ куыст. По- эзи æнцон кары макуы хъуамæ уа. Æнустæмхъуамæ уа зын кары æмæ æвдиса царды æгъатыр рæстдзинад, рæс- тæджы æнæмæлгæ комулæфт». Сабырады Æппæтдунеон Советы уынаффæмæ гæсгæ Саят-Новайы райгуырды 250 азы бæрæгбон куы нысан 18. Дзуццаты X. 273
кодтам, уæд юбилейон æмбырд ауагътам Цхинвалы дæр. Уым, 1963 азы 5 ноябры, цы доклад скодтон, уый мы- хуыр кæнын фыццаг хатт. САЯТ-НОВА Æгас дуне банысан кодтой Саят-Новайы райгуырды 250 азы бон. Адæмæн сæ кад, сæ ном, сæ намыс, сæ хъа- ру уымæй бæрæг кæны, æмæ цахæм цæстæй кæсой сæ культурæйы архайджытæм, сæ уды аивадон минæвæрт- тæм, цахæм аргъ сын скæной. Сомихы адæм — рагон аемæ æрыгон адæм — Саят-Новайы юбилей дунейы рæгъ- мæ кæй рахастой, йæ кой йын алы бæстæтыл кæй ныхъ- хъæр кодтой, уымæй ноджы ма иу хатт равдыстой сæ национ цæрдхъомдзинад, сæ национ лæджыхъæд. Ма- хæн бар нæй, æмæ уыцы хабарыл ма ахъуыды кæнæм, ма йæ бафæзмæм, нæ фадат нæ куыд амоны, афтæ. Саят-Нова цардис XVIII æнусы. Цъус нæ фæцард — .82 азы бæрц, 1713 азæй 1795 азмæ. Поэты къухфыст чи- ныг махмæ æнæхъæнæй не ’рхæццæ, бирæ сыфтæ дзы ис скъуыдтæ, уый нæ, фæлæ дзы Саят-Новайы гу^рдзиаг æмдзæвгæтæй иу дæр нæй. Йæ гуырдзиаг æмдзæвгæтæ йын фæстæдæр ныффыста йæ фырт Оган. Ныртæккæ Са- ят-Новайæ нæ къухы цы цс, уыдон бирæ не сты — æга- сæй 225 æмдзæвгæйы, фæлæ бирæ поэтты бирæ фысхы- тæй сæ ахадындзинад фылдæр у. Саят-Нова адæмы хаттæй у сомихаг. Йæ фыд Кара- пет Саядян цардис сириаг сахар Алеппойы, уырдыгæй æрцыд Тбилисмæ, Авлабармæ, æмæ ракуырдта ус — æрыгон сомихаг чызг Саррæйы. Ам сын райгуырдис фырт Арутин Саядян — сомбоны зынгæашуг æмæпоэт. Бирæтæ æвзæрстой, уынаффæ кодтой, цæмæн схуыдта йæхи Саят-Нова æмæ цы амоны уыцы псевдоним. Чи йæ хуыдта — «зарджыты паддзах», чи — «музыкæйы барду- аг», чи — «ног ахуыргæнæг», чи цы, чи цы. Æвæццæгæн, уыцы ныхæстæ Саят-Нова йæхæдæг не ’рымысыд, уы- дон ын схæлар кодтой фæстæдæр, карджын поэт куы . сси æмæ йын йæ ахуыргæнинæгтæ алыхуызон стыр нæмт- тæ æмæ титултæ куы нæ хæлæг кодтой, уæдг Растдæр у афтгр хъуыды кæнын: Нова — туркаг дзырд — амоны фыды фырты фырт. Саят-Нова амоны Саяды фырты фырт, ома æрмæст йæ мыггаг Саядян. 274
Саят-Нова чысылæй (12-аздзыдæй) ахуыр кодта тын* уафджытæм æмæ тынг хорз базыдта тынуафæджы куыст. Саят-Новайы биографийæ махæн бирæ цаутæ* зындгонд не сты, фæлæ уæддæр бæрæг у, Саят-Нова бирæ бæстæты кæй хæтыд, кæй федта Инди, Абессини,. Эфиопи, Иран. Цы йæ тардта уыцы бæстæтæм — йæ1 мæгуырдзинад æви йæ поэтикон кад, уый зын зæгъæн у. Саят-Нова уыд стыр ахуыргонд лæг, йæ сæйраг ахуыргæнæг уыд адæмы цард, зыдта бирæ æвзæгтæ — йæ мадæлон сомихаг, стæй гуырдзиаг, азербайджанаг, персæйнаг, араббаг æвзæгтæ. Фысгæ æмæ заргæ кодта æртæ æбзагыл — сомихагау, гуырдзиагау æмæ азер- байджанагау. Ие ’мдзæвгæтæ æмхуызон хорз сты æр- тæ æвзагыл дæр, се стиль, сæ арæзт, суанг сæ аивадон хæрз чысыл æууæлты онг ууыл дзурæг сты, æмæ сæ иу поэты къух, иу поэты зæрдæ, иу поэтикон курдиат кæй сфæлдыста. Саят-Нова у Фæскавказы цæрæг сæйраг, стырдæр адæмты хæлардзинады символ. Зын б&уырнæн у, фæлæ поэтмæ ис ахæм аэмдзæвгæтæ, уыцыцурæстæг алы æв- зæгтыл чи у фыст. Дзырдæн, йæ иу къорд æмдзæвгæйы рæ.нхъытæн се ’рдæг у сомихагау, се ’ннæ рдæг та—- азербайджайнагау. Ис æм, æгæрыстæмæй, ахæм æмдзæв- гæ.дæр, 4 æвзагыл чи у фыст: алы строфæйы дæр 1-аг рæ.нхъ у сомихагау, 2-аг—гуырдзиагау, æртыккаг — азербайджайнагау, 4-æм та — персæйнагау. Æндæр æмæ æцдæр æвзæгты.кæрæдзимæ бангом кодта, иумæ сæ схæ- лар 1<одта, иу строфæйы сæ ныззæлын кодта. Уый чысыл хабар нæу. Уæд дæр æмæ ныр дæр ахæм диссаджы экс- перимент номхæссæн у. Саят-Новайы хонынц уарзондзинады поэт. Æмæ æцæгдæр. Чи уарзы, ахæм адæймаджы зæрдæйы хатт, зæгъæн ис, Саят-Нова равдыста йæ алы хуызты дæр, йæ цины дæр, йæ хъыджы дæр, йæ масты дæр, йæ тæр- гайы дæр, йæ гуырысхойы дæр, йæ тызмæджы дæр, йæ фæлмасы дæр æмæ а. д. Брюсов Валерий — сомихаг поэзийы хæлар æмæ нæртон тæлмацгæнæг—бафнппайд- та, зæгъгæ, фыццаг бакастæй Саят-Новайы æмдзæвгæтæ сты иухуызон, кæрæдзийы ’нгæс, фæлæ уый фыццаг ба- каст^й. Саят-Новайы æмдзæвгæтæ сты алыхуызон. Са- ят-Нова уыд фæлгъуызты поэт (уырыссагау — поэт от- тенков). Поэт йæ уарзоны а-дунейыл цæуыл нæ абарста, ахæм, æвæццæгæн, ницыуал баззад. Афтæ зьгны, цыма 275
æгас дунеуый тыххæй арæзт у, цæмæй йын йæ бирæпред- меттæ, ахорæнтæ æмæ зæлты руаджы равдыстаид уар- зон сылгоймаджы рæсугъддзинад. Поэт йæ уарзоныл заргæйæ æрымысы алцыдæр: хур, мæй, стъалытæ, зы- , наргъ згъæртæ,- дуртæ, хъуымæцтæ, дидинджытæ, кæр- дæджытæ, сагтæ, цъиутæ, зæрингуырдты куыстытæ, му- зыкалон инструменттæ, адджинæгтæ, зынг æмæ дон, ахорæнтæ æмæ хуызтæ, уæлдæр. титултæ, легендарон нæмттæ æмæ бирæ æндæртæ. Гъе, æрмæст ахæм авнæл- дæй дæр бæрæг у, Саят-Новайы удьГ горизонт уæрæх кæй уыд, дардыл кæй æххæссыд, бирæ кæй федта æмæ бирæ кæй зыдта. Поэты хисæрмагонд фæлтæрддзинад æнæразынгæ нæ фæци йе сфæлдыстады. Утæппæтабарс- тытæ мард хæррæгъау не сты, фæлæ сæ кæрæдзийыл бæтты иу æнкъарынад, растдæр зæгъгæйæ, æнкъарынады цахæмдæр фæлгъуыз. „Поэт уæлмонц романтикон æвза- гæй кæй дзуры йæ уарзон чызгыл, уый тыххæй загъта, зæгъгæ, «æнæ уæлмонц ныхæстæй гæнæн нæй, æмæ ис- кæмæй раппæлай, сисай йæ бæрзонд». Иу æмдзæвгæйы Саят-Новайæн йæ уарзон афтæ зæгъы: «Мæ хæлар, ды уарзты хызы бахаудтæ, — æз дын дæн зарæджы курдиат». Уарзон сылгоймаг йæхи хоны поэты «зарæджы курдиат», зарæджы райдайæн, зарæджы гуырæн. Саят-Новамæ гæсгæ, поэтæн йæ бон нæу, æмæ ма уа уарзæгой. -Хуымæтæджы нæу, дзырд «ашуг» комкоммæ тæлмацæй кæй амоны «уарзæгой». Уарзондзинад! — уый у генион ашуг-поэт Саят-Нова- йы сфæлдыстады сæйраг мидис. Æрмæст æй къуындæ- гæй æмбарын нæ хъæуы, æрмæст æй сылгоймаджы уарзт хонын нæ хъæуы. Саят-Новайы уарзт хауы канд сылгой- мæгтæм нæ, фæлæ — æмткæй дунемæ, адæммæ, цардмæ. Саят-Нова иу рæстæджы æрбаввахс паддзах Иракъли 11-агмæ. Иæ галуанты йын зарджытæ кодта, уарзта йæ. Поэт кæмæй рацыд, уыцы хуымæтæг адæмæй цасдæр фæиппæрд, бауарзта паддзахы галуаны рæсугъ^ æхсин- тæй иуы. Саят-Нова æппæлыд Иракълийæ, хуыдта йæ «паддзахгæнæг цæргæстæй хуыздæр». Фæлæ æцæг поэт æмæ паддзæхтæн æмуд уæвæн нæй.Кæнæ хъуамæ поэт ма уай æмæ хицæутты зæвæттæ стæрай, кæнæ хъуамæ поэт уай æмæ паддзæхтæ дæ удхæссæг уой. Саят-Нрва поэт уыд, фæлæ йæ фæндыд, Иракълийы дæлбазыр куы уыдаид. Паддзах æй асырдта. Паддзахæй йæ бон куы Оа- зыдта, уæд ыл ныффыста карз æмдзæвгæ — æцæг поэты 276
æмдзæвгæ. Нæй, поэт у адæмы поэт, мæгуыр адæмы сæрхъызой, поэтæн паддзахы галуаны æмæ паддзахы уæздан устытимæ бадгæйæ нæу. Саят-Новайы хъысмæт махæн амоны, цахæм хъуамæ уа поэт, цахæм цæстæй хъуамæ кæса йæ нысанмæ. Саят-Нова уыдта йæ дуджы ныхмæлæуддзинæдтæ. Иутæ — мæгуыр, иннæтæ — хъæздыг. Поэты алыфарс, сæ къæдзил тилгæ æмæ хин мидбылхудтгæнгæ, разгъор- базгъор кодтой бирæ счъиллыггæнджытæ, алыхуызон æвзæргæнджытæ, цъыфхортæ. Саят-Нова сæм йæ фыдæх нæ урæдта, худти сыл карзæй, сæрыстырæй. Хуы, дам, бæласмæ никуы схиздзæн, куььсхиза, уæддæр æй искуы адæм раппардзысты. Уадз, æмæ, дам, хæлæг чи кæны, уыдон фырмæстæй мæлæнт, Саят-Новайæн, дам, адæм’ куывдтæ кæндзысты. Цас цъаммæрттæ цардис Саят-Но- вайы рæстæджы, куыд иннæ стыр поэтты рæстæджыты,. афтæ, фæлæ ма сæ чи хъуыды кæны! Саят-Нова та абон цзрдæгасау ис не ’хсæн. Уыцы хабар дæр хъуыдыйаг у æнустæм. «Мæн галуантæ нæ хъусынц», — дзырдта поэт. Уы- мæн æмæ адæмы сагъæс, галуанты чи бады, урс дзул чи хæры, парахат цард чи кæны, уыдон не ’ндавы. Поэт агуры йæ адæмæн амонды æмæ ирвæзыны фæндæгтæ. Литературæ уыцы традици дæтты иу фæлтæрæй иннæ- мæ, æнæмæлгæ тырысайау. Поэтты знæгтæ — адæмы знæгтæ. Саят-Нова дзырдта адæмы дзыхæй æмæ йæ поэзийæ амыдта, цæмæй адæммæ уа бæрзонд удыхъæд^ сæхи æмбарой æмæ сæхицæн кад йæной. Иæ дуджы ныхмæвæрдтæ Саят-Новайæн йæ зæрдæ кæрдихтæ кодтой. Ие ’мдзæвгæты æнамонд уарзт, иу- нæджы сагъæс, зæрдæбын катай ууыл дзурынц, æмæ дуг хуымæтæг, рæнхъон адæймагæн нæ лæвæрдта фа- дат, цæмæй гармонион-адæймагон цард кодтаид. Каед поэт йæ уарзонмæ дзуры, уæддæр дзы хъуысы гъе уыцы мотив, гъе уыцы сæйраг хъуыды. Махæн фæзминаг у Саят-Новайы поэзийы алыхуы- зон хъæздыгдзинад—канд цин нæ кæны, кæнæ канд хъыг, кæнæ канд хыл. Сая’т-Нова йæ зæрдæйы æппæт æнкъарæнтæ дæр æмæ хъæлæсы æцпæт гæнæнтæ дæр исы суанг сæ рæбынæй сæ цъупмæ, суанг сæ иу кæро- нæй се ’ннæ кæронмæ, ома алыварсонæй. Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, иугæр исчи у таурæгъгæ- нæг, зарæггæнæг, кадæггæнæг, уæд æрмæст традициов 27Т
фæрæзтæй пайда кæны æмæ æндæр ницЫ. Раст у, ахæм- тæ арæх сты. Фæлæ уыдоны ’хсæн фæвæййы ахæм стыр курдиæттæ, традицитæ чи атоны æмæ х-уымæтæг рæнхъон кадæггæнджытæй чи свæййы генион поэттæ. Мæнмæ гæсгæ, Ирыстоны ахæм каддæггæнæг уыдис Зыгъуыта- ты куырм Бибо, алæмæтон «Æфхæрдты Хæеанæ»-йы ка- дæг чи кодта, уыцы курдиат. Саят-Новайы агъоммæ со- михаг ашугтæ фылдæр сæ зарджытæ кодтой персæйна- гау. Саят-Нова ныззарыд хуымæтæг сомихаг æвзагыл. Традицион фæлгонцтæм каст йæхи цæстæй, бауагъта сæ ног тых, ног хъару, мæнгæй йæ нæ хонынц, «дывæр тыхы» фæлгонцтæ- чи кæны, ахæм поэт, ома зæронд фæлгЪнц райсы, фæлæ йæ афтæ фездухы, æмæ ног мидисæй ,цæ- хæртæ акалы. Саят-Нова уыд новатор æмæ йæ традици- тæй абон дæр пайда кæнынц Сомихстоны фысджЬ1тæ. Дзырдæн, йе стихы арæзтæй йын пайда кодта Ч’аренц Егише. Акæса, Маяковскийы фæдон Чаренц пайда код- та Саят-Новайы фæлтæрддзинадæй. Поэзийы новаторон сусæгтæ алкæцæй цæуынц, æрмæст поэт поэт хъуа’мæ уа, ома курдиаты хицау. Йæ иу æмдзæвгæйы Саят-Нова фыста, зæгъгæ, 35-аз- дзыдæй «хорз фыста æмæ хорз хахх кодта». Мах та арæх хорз фыссын дæр нæ арæхсæм, æмæ нæ фыстытæ хахх кæнæм, уый та бынтон нæ бон нæу. Саят-Нова дзырдта, зæгъгæ, уымæн канд æдæмы са- тъæстæ, канд адæмы хъуыдытæ не сты йæ поэтикон кады ’бындур, фæлæ ма йæ диссаджы дæсныйад дæр. Поэт йæ вазыгджын дуджы поэты ном хаста аккагæй: Саят-Нова æнувыд уыд йæ зæххыл, йæ идеологийыл, йæ диныл. 1760 азты кæрон Саят-Новайæн йæ ус Мар- мар (диссаг у, йæ кой никуы скодта йе ’мдзæвгæты), куы амард, уæд Сомихстоны иу аргъуан—Ахпаты (Санаины) ныллæууыд моладзанæй. 1795 азы ирайнаг шах Агъа-Махмуд-хан æрбалæбурдта Тбилисмæ. Зæ- ронд Саят-Нова йæхи раппæрста Тбилисмæ, йæ сьГвæл- лæтты фервæзын кæнынмæ. Иæ дыууæ лæппуйы æмæ йæ дыууæ чызджы арвыста Уæрæсемæ, йæхæдæг соми- хаг дзуары хуылфы хуыцауæн кодта дуа. Лæгмартæ йæ уым баййæфтой, домдтой дзы, цæмæй йæ диныл йæ къух систаид, фæлæ не сразы æмæ йæ æхсаргардæй ныкъуых- тæ кодтой. Поэты дин — йæ Фыдыбæстæ, йæ адæмы уарзт, йæ идеологи! Хъуамæ сыл фидар хæцай, æргæвдгæ Дæ куы 278
кæной, уæддæр сыл ма рацæуай гадзрахатæй. Ахæм у Саят-Новайы цард, ахæм у йæ мæлæт. 1964 СФÆЛДЫСТАДОН ХÆЛАРДЗИНАД ХОХ НЫЛЛÆГ НÆУ Хох бæрзонд куы нæ уа, уæд æм ничи цæуы. Адæмы культурон гени йæхи куы равдисы парахатæй, уæдслæу- уы бæрзонд хохау. Ирон адæмы гени æнусты даргъ æмæ вазыгджын хæтæнты хъæддыхæй архайдта йæхи раргом кæныныл: æмæ хъаруджынæй разынд алæмæтон нæртон эпосы, ирон профессион- литературæйы фыццаг трагикон фигурæ Мамсыраты Темырболаты сагъæсты æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иууыл тыхджындæр разынд нæ ли- тературæйы стыр бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æппæтфарсон сфæлдыстады. Цал хæдбындур курдиты адарддæр кодтой Къостайы фæстæ сæ цытджын ахуыр- гæнæджы традицитæ, бахастой сæ уды рухс фæллой нæ литературæмæ! Цал ног æмæ хъандзал курдиаты кусы абон, йæ тыхыл нæ ауæрды, цæмæй ирон литературæ- йæн хъазуат лæггад бакæна! Хох ис, хох ныллæг нæу æмæ,йæм цæуынц. Æфсы- мæрон гуырдзиаг фысджытæн ирон чиныгкæсджытимæ цы фембæлд уыд Цхинвалы, уым зынгæ критик Жгъен- тъи Бесо дзырдта, зæгъгæ, æз нæ зонын дунейы литера- турæйы ахæм поэт, йæ диссаджы оригиналон сфæлды- стадмæ гæсгæ Къостайыл кæй сбарон. Чи зоны, цасдæр бæрцæй йæм хæстæг лæууы йæ цардон æмæ поэтикон хъысмæтæй украинаг номдзыд кобзарь Шевченко Тарас. Жгъентъи пæ литературæйы ивгъуыд æнтыстытимæ ба- нысан кодта нæ нырыккон фысджыты егъау æнТыстытæ дæр. Хох ис æмæ цæмæй уыцы хох ноджы фæбæр- зонддæр уа, фæрæсугъддæр уа, уый тыххæй нæм æрба- цыдысты гуырдзиаг фысджытæ, нæ областы столицæйы 15-æм сентябры ауагътой Гуырдзыстоны советон фыс- джыты Цæдисы президиумы æмбырд. Гуырдзиаг фыс- джытæ домгæ, принципон анализ лæвæрдтой нæ фыс- джыты сфæлдыстадæн, æргом нын загътой, цæмæй сын мах бæстон бамбарын кæнæм нæ уавæр, нæ зæрдæ- 279
йы мæт, нæ фæндийæгтæ, цæмæй нын баххуыс кæной, нæ фадæттæ, нæ авналæнтæ нын фæуæрæхдæр кæной. Æмбырд рахаста къорд ахсджиаг уынаффæйы, Гуыр- дзыстоны рауагъдадты æмæ периодикои мыхуырон ор- ганты ирон фысджыты хайаднст активонæй цæмæй ра- зына, уый тыххæй. Гуырдзиаг æмæ ирон фысджыты астæу ацы сфæлдыстадон хæлардзинад фидар кæнинаг кæй у, уый тыххæй дзырдтой Гуырдзыстоны фысджыты Цæдисы сæрдар Абашидзе Иракъли, газет «Литерату- рули Сакартвело»-йы редактор Нонешвили Иосеб, Хус- сар Ирыстоны фысджыты хайады бæрнон нымæрдар Гафез, рауагъдад «Литература да хеловнеба»-йы дирек- тор Маргиани Реуаз,, журнал «Фидиуæг»-ы ’редактор Дзугаты Георгий, рауагъдад «Накадули»-йы директор Берулава Хутъа, поэт Джусойты Нафи, журнал «Цис- къари»-йы редактор Лордкипанидзе Къонстантин, поэт Бестауты Гиуæрги æмæ æндæртæ. Хох ис, фæлæ хохæн цæрæн нæй, нæй йын рæзæн, йæ алыфарс цы хæхтæ ис, уыдонмæ гæсгæ куы нæ араза йе уонты конд, йæ бакаст, йæ фидæщл перспективæтæ. НÆ НЫСАН — РЕАЛИЗМ Гуырдзыстоны фысджыты президиумы æмбырды, стæй уый фæстæ дæр — литературон изæрты, кæрæдзи- имæ ныхæсты — иугæндзон дзырд цыдис ирон литерату- рæйыл, сæйраджыдæр, æмæ уыимæ, кæй зæгъын æй хъæ- уы, гуырдзиаг, уырыссаг æмæ иннæ литературæтыл дæр. Жгъентъи ирон поэттæ Гафез, Дзугаты Георгий, Джу- сойты Нафи, Асаты Реуаз æмæ иннæты сфæлдыстадæн аккаг аргъ скæнгæйæ, лæмбынæг дзырдта, лбон ирон пбэзийы цы хъæуы саразын, ууыл. Æрæджы дæр ма нæм хæрх чи уыд, уыцы æнæуд декларативондзинад, уæлæн- гай иллюстративондзинад, æгъуыз иумæйагдзинад — æппæт уыцы «дзинæдтæн» чысылгай-чысылгай сæ мыг- гаг сæфы. Поэзи фылдæр агуры, ног фæдæздæхтытæ тых- джынæй-тыхджындæр кæнынц, реалистон зæрдæмæхъар- гæ, фæлгонцон лиризммæ^ скодтой се ’ргом ирон поэтгæ. Æмæ.канд ирон поэттæ нæ, — ахæм уавæр ныртæккæ ис гуырдзиаг æмæ иннæ æфсымæрон адæмты поэзийы дæр. 280
Джусойты Нафи æрымысыд, советон фысджыты æп- пæтцæдисон фæстаг съезды Абашидзе Иракълийы бы- цæу таджикаг поэт Турсун-заде Мирзоимæ поэмæйы спе- цификæйы тыххæй. Абашидзе раст бафиппайдта, зæгъ- гæ, нырыккон поэмæйы характерон миниуæг уый у, æмæ йæ ных кæй скодта лиризммæ, философон-эмоцион са- гъæсмæ. Айдагъ цаууон-æддагон сюжеттыл амад поэмæ-- тæ кæд ма мыхуыры фæзынынц, уæддæр ницы сахадынц, не свæййьцщ поэзийы рæзты цаутæ. Цаууон-æддагон* сюжеты ныхмæ ничи у, фæлæ поэмæйы сæйраг астæу- магъз у мидæггагон-философон сюжет, поэт йæхи æмæ йæ рæстæджы тыххæй цы зæгъынмæ хъавы, уыцы хъуы-- дыйон-æнкъарынадон мидис. Президиумы æмбырды Абашидзе ногæй сбæлвырд кодта, поэмæ уæрæх лиризацийы фæндагыл кæй хъуамæ. цæуа æмæ уæд йæ къухы бафтдзæн æцæг аивадон сгуыхт- дзинад. Ирон прозæйы уацмыстæ æвзаргæйæ, президиумы. хайадисдж’ытæ загътой йæ сæйраг аипп — иллюстрати- вондзинады ныхмæ. Цаутæ, архайды эпизодтæ нæ ахъаз кæнынц хъ^йтары характер раргом кæнынæн, фæлæ: ивазгæ халгонд цæуынц æнæхъуаджы, сæ сæр ницæмæн. хъæуы, афтæмæй. Шенгелая Демна лæмбынæг æркаст Цоциты Резойы уацмыстæм. Иæ зæрдæмæ фæцыд ирон фыссæджы пат- риотизм. Фæлæ, бæгуыдæр, æрмæст уый фаг нæу фыс- сæг уæвынæн. Гуырдзиаг прозаик тынг раст бзцамыд- та, Резо цы нæ зоны, цы нæ федта, йæхи зæрдæйæ кæй нæ- банкъардта, йæхæдæг;_цы нæ бавзæрста, ууыл фысгæйæ^ æгъуыз, уæлæнгай кæй рауайынц йæ уацмыстæ. Ахæм- тæ сты, фæсарæнты цард æмæ хæстыл цы радзырдтæ- ныффыста, уыдон. Фæлæ йæ райгуырæн Ирыстоны цар- дыл, хорз æмæ бæлвырд кæй зоны чысылæй фæстæмæ,, ууыл куы байдайы фыссын, уæд нын балхæны нæ зæр- дæ, уæд разыны йæ прозаикон арæхстдзинад. Шенгелая. уæлдай тынгдæр раппæлыд Резойы сатирикон радзырд-- тæй, æрхаста дзы къорд ирд дæнцæгы, бар-æнæбары чи: схудын кæны адæймаджы, ахæмтæ. — Гъе уый у гъе сæйраг, — балхынцъ кодта йæ ны-- хас Шенгелая, — фыссæг хъуамæ æвдиса йæ ныййарæг^ адæмы характер, æгъдæуттæ, æрвылбонон цард æмæ* афтæмæй арфдæр кæна йæ реалистон уынынад, йæ аи-- вадон дæсныйад. 28 К
ДОМÆМ ÆГЪАТЫРÆЙ Фыссæг Джиоты Дауыт ныр цалдæр чиныджы ра- уагъта — канд иронау нæ. Йæ роман «Æнæбасæтгæ тых» мыхуыры рацыд гуырдзийагау æмæ уырыссагау. — Тынг мæ фæнды,— загъта Дауыт, — цæмæй мын искæцы зынгæ фыссæг кæнæ критик ныффысса мæ чи- ныгыл рецензи. Уадз, карзæй дæр мæ скритикæ кæнæд. Уый хорз у! • — Хорз нæу, -— хъазгæйæ фæцырд Шенгелая, — фæ- лæ хъæуæг у! Раст у Дауыты ныхас. Нæ областы æмæ областы æд- дейæ цы чингуытæ рауадзынц нæ фысджытæ, уыдон , квалификациджынæй рецензигонд нæ цæуынц — нæ дæр нæхимæ, нæ дæр Гуырдзыстоны газеттæ æмæ журналты. Нæй фаг критикон-цæстуарзон хъуСдард ирон литера- турæйы ног уацмыстæм. Нæ областы литературон ат- мосферæ, не сфæлдыстадон цардæн нæ; прессæйы фæрс- тæй базонæн нæй. Дызæрдыггаг нæу Берулава Хутъа-- йы фиппаинаг: кæд, зæгъы, областон гуырдзиаг газет исы’н, уæддаер, зæгъы, литературæйы цы ис, цы процес- стæ дзы цæуы, уыдон фæдыл дзы ницы бакæсын. . - Литературæ иртасджытæ дзæвгар ис Гуырдзыстоны, иукъорд баисты Ирыстоны дæр. Фæлæ уыдон фылдæр '(кæд иугæндзон нæ, уæд) фыссынц ивгъуыд литературæ- йыл, уым, дам, «æдасдæр у». Нырыккон литературæ сæ уыйбæрц не ’ндавы. Жгъентъи Беёо стыр аргъ скодта Джусойты Нафийы эстетикон-иртасæг курдиатæн, æгас Цæдисы литерату- рæйы фæдыл уынаффæты дæр уæзгæ æмæ ахадгæ у йæ ныхас, дардыл æххæссы йæ критикон интересты авнæлд, æрмæст хорз уаид, æмæ абоны ирон -литературæйыл <фылдæр куы фыссид æмæ мыхуыр кæнид уацтæ. Нæ критикæ куыд æмбæлы, афтæ куы уаид, уæд нæ -литературæйы хорзæй цы ис, прогрессивонæй, новаторо- нæй, уымæн ахъаз кæнид йæхи сфидаркæнынæн, литера- турæйы рæзт къуылымпы чи кæны кæнæ йæм ногæй чи ницы хæссы, аккаг литературон хæрзиуджытæ чи нæ ’саразы, уыдонæн та «макæ» дзурид. Хуымæтæджы нæ дзырдта сæрмагондæй критикæйы тыхх’æй партийы Хуссар Ирыстоны обкомы фыццаг сек- ретарь Чиаты Иосеб. Нæ литературæйы хъуамæ уа ахæм • атмосферæ, æмæ йæм куыд цæуой æмæ дзы куыд кусой 282
æрмæст æцæг курдиатджын адæймæгтæ. Курдиат, идей- он-аивадон хæрзхъæддзинад, принципон партиондзинад, адæмы раз ахъаззаг бæрндзинад, дуджы аккаг æмбæс- тагон хъару — уыдон кæмæ нæ уой. уый хъуамæ йæ къухмæ фыссæн сис ма исид æмæ ма .тухæнæй марид йæхи дæр æмæ искæй дæр. Уыцы хабары фæдыл Чиайы фырт æрхаста Крыловы æмбисонд: «Бæллæх у, чъири- тæ куы кæна дзабырхуыйæг, дзабыртæ та куы хуыйа чъиригæнæг». Йæ уацмыстæ мыхуыры рауадзыныл чи хъары, уый хъуамæ ма тæрса критикæйæ (цыфæнды карз нæ уа, уæддæр, æрмæст фыддæрадæн, мæстæймарынæн, вуль- гарон, æнæцæстуарзон ма уæд, уый йеттæмæ). Иугæр дæ уацмьгс мыхуырмæ хæссыс, уæд критикæйæн дæр бафæ- раз, хъæц ыл. Дзырд куы цыдис- республикæйы ирон фысджыты гуырдзиагмæ тæлмацæй рауадзыныл, уæд гуырдзиаг фысджьгтæн, миййаг, лæгъзтæ нæ кодтам, мæнæ нын, зæгъгæ, нæ уацмыстæ ныммыхуыр кæнут, кæд идейон-аивадон æгъдауæй уæ критеритæн дзуапп нæ дæттынц, уæддæр. Нæ, махæн нæ ныхас уыд бæл- вырд: кæд нæ уацмыстæ абоны идейон-аива’дон домæн- ты æмвæз лæууынц, уæд сын рухс фенын кæнут, уæд нын баххуыс кæнут сæ рауадзынæн. Шенгелая хъазгæйæ цы загъта Дауытæн, уым рæст- дзинад’ис. Фыссæджы чиныг куы скритикæ кæнай æгъа- тырæй, принципонæй, уæд фыссæгæн зын у. Фæлæ йæ мадæлой литературæиæн уæхскуæзæй балæггад кæнын кæй фæнды, уый хъуамæ бабыхса критикæйы зындзина- дæн дæр. САВИТÆ ÆМÆ ÆВЗАГ Литературæ адæмы у. Фыссæг адæмæн фыссы. Чи дæ кæса, уый куы нæ уа, уæд фыссæг мæгуыр у. Гъе, уыцы хъуыды сыстын кодта Дзугаты Георгийы, гъе, уы- цы ссадвæдыл радзырдта сывæллæттæн литературæйы тыххæй. Махмæ сабиты литературæ рæзы хæрз сындæг, нæй нын фадæттæ йæ райтынг кæнынæн. РауагъдаД (æниу ма дзы цæй рауагъдад ис, — баиу æй кодтой га- зетон-журналон рауагъдадимæ æмæ ма дзы баззад чин- гуыты сектор) искуыдæй-искуыдмæ иугай чингуытæ рауадзй сабитæн, журнал «Фидиуæг» дæр афтæ — йæ 283
ас фæкъаддæр æмæ нырыонг цы лæвæрдта-сабитæы, уый раттын дæр нал у йæ бон. — Æмæ уæм сабиты журнал нæй? — бацымыдис код- той уазджытæ. — Нæй, æмæ йæ бæллæх дæр уый у. — Хуыцау ма зæгъæд, æмæ Гуырдзыстомы бæзджын журнал «Мнатоби» ма уа, фæлæ куы нæ уа, уæддæр уы- мæн ныббыхсæн ис. Æрмæст дзы, зæгъгæ, сабиты жур- налтæ «Дила» æмæ «Пионери» не сты — уый гæнæн куыд ’хъуамæ. уа! - Дзугайы фырты фæстæ сабиты литературæйыл дзырд- та Нига. Иу рæдыд æм уыд: иллюстративондзинад, дам, уырыссаг литературæйы дæр ис æмæ, зæгъы, махмæ цæуылнæ хъуамæ уа. Ау, æмæ искæмæ æвзæр цы ис, уый мах цæмæнхъуамæ фæзмæм? Фæлæ æмткæй сабиты литературæйыл раст дзырдта Нига. Нæ фысджытæ арæх * нæ фæарæхсынц, сабиты йæ фæдыл чи сайа, .ахæм цæр- дæг сюжет аразынмæ, хъайтары архайдтытæ рауайынц иппæрд йе ’мбæлттæй, йæ коллективæй. Уый прозæйы афтæ у. Поэзийы дæр хуыздæр нæу уавæр. Нырма нæ фысджыты къухы не ’фты сывæллæтты аккаг формæ арын сæ уацмыстæн. Абоны сабитæ уыдзысты нæ фидæны ас чиныгкæс- джытæ æмæ уыдон сæ мады æхсыримæ куы нæ бацъи- рой сæ мадæлон æвзаджы хæрзад, чысылæй куы нæфæ- цайдагъ уой сæ мадæлон æвзагыл чингуытæ кæсыныл, . уæд нæ литературæ сомбон æнæчиныгкæсæг баззайдзæн. Уыцы тас фæзынд нæ фысджытæй алкæмæ дæр. Бестау- ты Гиуæрги разы нæу, не скъолаты ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ бынтондæр мæгуырау ахаст кæй ис, уымæй. 'Сабитæн сæ мадæЛон æвзаг у, дунемæ сын рудзынг па- рахатæй чи байгом кæны, ахæм фæрæз. Дунейы рæсугъд- дзинад, дунейы вазыгджын хъæздыгдзинад саби йæ ма- дæлон æвзаджы руаджы куыд базона, афтæ йæ нæ ба- зондзæн æндæр æвзаджы руаджы. Уымæй, миййаг, æн- дæр æвзæгты ахадындзинад ныллæг нæ кæнæм. Уый нæ, фæлæ ма Абашидзе Иракъли афтæ дæр бакодта: — Махæн нæ сывæллæттæ нæхицæй хъуамæ хуыз- дæр зоной уырыссаг æвзаг! Ууыл алчи дæр разы у, ’ууыл дыууæ зæгъæг ничи у, фæлæ, иннæ æвзæгтæ хорз ахуыр кæнгæйæ, ирон саби хъуамæ æнæмæнг хорз ахуыр кæна йæ мадæлон æвзаг дæр. Уайдзæф хауы нæ интеллигенцийæ иуæй-иутæм: 284 .
уыдон арæх .иу кæнæ иннæ æвзаг хорз нæ фæзонынц, афтæмæй йыл дзургæ дæр æмæ фысгæ-дæр кæнынц, сæ дзыхы ныхас рауайы ’æнæаив, æнæзæрдæмæдзæугæ. Хуыздæр нæу, цы ’взаг зоныс, дæ мад дæм авдæнмæ цы ’взагæй дзырдта, де ’мбæлттæ дæм фиййауæй цы ’вза- гæй хъæр кодтой, ууыл дзурай æмæ дæ ных-ас рæсугъд уа, зæрдæмæдзæугæ?! • Мадæлон æвзаг у нацийы иууыл æвæджийаудæр хæз- на. Мадæлон а^взагыл равзæрд, райтынг æмæ дарддæр рæзы нацийы культурæ, йæ аивадон сфæлдыстад. Хъуы- дыйаг у Нафийы абарст: мадæлон æвзаг у æхсаргард, адæм та — хæстон барæг. Цы у барæг æнæ ’хсаргард, кæнæ ’хсаргард — æнæ барæг? — Мах коммунизмæ цæуæм, — загъта Жгъентъи Бе- со^ — нациты æвзæгтæ, национ культурæтæ мынæг кæн- гæйæ нæ, фæлэе иннæрдæй, национ æвзæгтæ, национ куль- турæтæ алыфарсонæй рæзын кæнгæйæ! ИРЫСТОН — РÆСУГЪД БÆСТÆ Нæ областы цыфæнды ранмæ дæр-иу нæ бацыдысты гуырдзыйы фысджытæ, алкæм дæр сыл æмбæлдысты зæрдиагæй, иууыл зынаргъдæр уазджытау. Гом сын — хæдзæртты дуæрттæ, гом еын — зæрдæйы дуæрттæ. Чи хъуамæ ферох кæна Ерцъойы æфцæг: сæ размæ рацыды- сты Цъоны совхозы адæм цæхх æмæ кæрдзынимæ. Кæ- . нæ Къуайса: дуне адæм сыл фембæлдысты хæлар мид- былты худтимæ, тыхджын къухæмдзæгъдимæ æмæ æнæ- кæрон бирæ дидинджытимæ. Бынтон диссаг та ксуисæг- тæ разындысты: Чысыл Леуахийы сæрты цы хид ис, уырдæм сæ размæ рацыд зæронд урсбоцъо ирон лæг æмæ сын дзæбидыр сæ къухы ныссагъта. Фыццаг га- джидау, зæрдæйы фыццаг ныхас: «Ацы зæххы цæрæн- бонтæ бирæ уæд! Æгас цæуæд нæ хæлардзинад!» Æмбырдты дæр æмæ фæндагыл цæугæйæ дæр, ин- тимон фембæлдтытæ æмæ кæрæдзиимæ ныхæсты дæр иу æмæ дыууæ дæнцæгы не ’рхастæуыд, гуырдзиаг æмæ ирон литературæйьихæлардзинадæн æвдисæн чи у. Орбе- лиани Григол, Чъавчъавадзе Илья, Чъонкъадзе Данел, Тъабидзе Тъициан, Белиашвили Акъакъи... Алчи дæр сæ йе сфæлдыстады ссардта ирон адæмы ном, сæ ли- тературон объект уьтд канд сæхи гуырдзиаг адæмы 285
цард нæ, фæлæ ма сæ сыхаг хъæбатыр, куыстуарзаг, на- мысджын ирон адæмы цард дæр. Чи зоны, гуырдзиаг фысджытæ абоны ирон адæмы цардимæ, ирон æрдзимæ куы зонгæ* кодтой, уæд сæм цахæм аивадон тæлмæнтæ æвзæрдис, цахæм хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæй дзаг кодтой сæ зæрдæтæ! Дзауы ко- мы æмбисонды алæмæтон æрдзмæ кæсгæйæ, Абашидзе Иракъли æнæ бадисгæнгæ нæ фæци, цæй рæсугъд у, зæгъ- гæ. — Хуыздæр æй куы фенай, уæд ноджы ,арфдæр ных- хиздзæн дæ зæрдæмæ, — загъта йын гуырдзиаг прозæйы зынгæдæр минæвæрттæй иу Кутатели Алыксандр. Уьш ам йæ фæллад уагъта æмæ хос кодта йæхицæн 6 азы бæрц. Ам ныффыста йæ лæртон куыст-роман «Лæгæй- лæгмæ»-йы фылдæр хай. Дзауы 1932 азы Гуырдзысто- ны разагъд фысджыты декадæйы хайадисджытим,æ уыд номдзыд прозаик Лордкипацидзе Константин. Цал хат-- ты бафипдайдта, уæдæй нырмæ Дзау кæй фæрæсугъд- дæр, сырæзти дзы бирæ хæдзæрттæ, хидтæ. Уый дисы ’фтыдта Ирыстоны ногдзинад. Къуайсамæ цæугæйæ,. не ’ппæтдæр ныхас кодт’ам нæ областы сæудæджерады уьщы дзаджджын «куыс<рийы» тыххæй. «Куыд дзæбæх фæндаг æм ис!» — дзырдтой нæ уазджытæ æмæ сын алчи дæр æмбарын кодта, ацы фæндаг дæр, стæй æгасæй Къуайса йæхæдæг кæй сырæз- тысты, нæ областы абоны разамонæг Чиаты Иоссб Къу- айсайы хистæрæй куы куыста, уæд. — Æз ма йæ хъуыды кæнын, — дзырдта Чиайы фырг уазджытæн, — ам ссæдз азы размæ æрмæст уыд тар- хъæд æмæ дзы æхсæвыгæтты бирæгътæ ниудтой. Ныр та дзы электрон рухсытæм арвы стъалытæ дæр батæху- ды кæндзысты, ныр та дзы хъуысы машинæты уынæрг шахтерты зарын... Шахтертимæ фембæлыны фæстæ Абашидзе 1^ракъ- ли йæхи аиппæрд кодта йе ’мбæлттæй, зилы Джоджо- райы доны былты, цæуылдæр хъуыды кæны... Модцху- лава Алио Ерцъойы цадæй йæ цæст нал исы: цымæ йын цы зæгъы, цымæ йæм цы улæфы?.. Маргиани ,Реуаз цингæнгæ кæсы йæ алфæмблай хæхтæм: — Цыма мæ райгуырæн Суанетмæ æрбацыдтæн, раст Ирыстонæй уый мондæгтæ исын! Канд ирон æрдз, канд фæллойгæнджыты ног уды- хъгед не сты нæ уазджыть> цымыдисы объект. Ирон уæз 286
дан æгъдæуттæ, ирон фынджы этикет, ирон зарджытæ... Хисдæр гаджидау сиды — кæсдæртæ ныхъус сты, сыста- дысты. Хисдæр искæмæн йæ цæрæнбонты тыххæй ра- .куывта — кæсдæртæ йын Уастырджийы зарæг кæнынц. Кæсдæртæ нуазæнтæ æрбахастой — æйтты рæгъ байдыд- та æмæ цалынмæ се ’гас дæр баназынц, уæдмæ сæ зары- нæй не ’нцайынц. Уазджыты æппæты кæсдæр фыссæг Панджикидзе Гурам ныффыссын кодта æйтты зарæджы ныхæстæ, йæ мотив ын сахуыр кодта, хъуамæ, дам, æй нæхимæ а.зарон. Еæгуыдæр, Ирыстонмæ æрбацыд нæ гуырдзиаг æм- бæлттæн цъус нæ ратдзæн сфæлдыстадон æгъдауæй. Чиныгкæсджытимæ литературбн фембæлдты æмдзæв- гæтæ зæль1дысты дыууæ ’взагыл: иронау æмæ гуырдзиа- гау. Ирæттæ кастысты сæхи æмæ гуырдзиагæй сæ тæл- мац æмдзæвгæтæ, гуырдзиæгтæ дæр — сæхи æмæ иро- нæй сæ тæлмац æмдзæвгæтæ. КритиктæЖгъентъи Бесо» Чъилая Серги, нæ фысджыты разамонæг Гафезы разба- цаеуæн ныхæсты ,фæстæ трибунæмæ радгай х-ызтысты алы кары, алыхуызон сфæлдыстадон манерæты поэттæг Мирцхулава Алио æмæ Дзугаты Георгий, Нонешвили Иосеб æмæ Асаты Реуаз, Маргиани Реуаз æмæ Бестау- ты Гиуæрги, Гомиащвили Алекси æмæ Плиты Илья, Берулава Хутъа æмæ Джусойты Нафи... Адæм иронау хъуыстой, канд ам чи уыд, уыцы поэтты æмдзæвгæтæм нæ, фæлæ ма ам чи нæ уыд, уыцы поэтты æмдзæвгæтæм дæр: Леонидзе Георги, Чиковани Симон, Къаладзе Къар- ло, Мачъавариани Мухран æмæ æндæрты æмдзæвгæтæм. Тæлмац у поэтикон хæлардзинады иууыл уæлдæр акт, иууыл ирддæр æвдисæн. Сæ кæрæдзийы чи уарзы„ сæ кæрæдзийæн аргъ чи кæны, уыдон сæ кæрæдзийы тæлмац кæнынц сæ мадæлон æвзæгтæм. Комкоммæ нæ- хи тыххæй куы дзурæм, уæд ирон фысджыты .хуыздæр уацмыстæ гуырдзиаг ^æвзагмæ систематиконæй тæлмад куы цæуой, мыхуыры сæ куы уадзой, уæд уый чысыл хъуыддаг нæ уыдзæн — ирон литературон хох бæрзонд- дæр æмæ рæсугъддæр кæндзæн. 1964 1964 æмæ 1965 азты погбоны размæ ныффыстон, нæ^ литературоп царды мæм фауинаг чи каст æмæ иæм чи- 287
лъуамæ ма уыдаид, уыцы фæзындты тыххæй. Баиу сæ -кæндзынæн, цыма, иу азы фыст сты, афтæ, — уыцы фæ- -зындтæ абон дæр сты удæгас æмæ хъыг дарынц литера- турæйы рæзт. НОГ АЗЫ РАЗМÆ Иу афæдз та фæцардыстæм, иу афæдз та фæдард* „дæр стæм нæ райгуырды бонæй. Тыхджын æгæрон уы- лæнау цæуы рæстæг, йемæ цæуæм мах дæр... Иемæ цæ- ^уæм? /Еххæст раст уа? Фыссæг хъуамæ хæца рæстæджы уы^æны бæрцыл, хъуамæ уа рæстæджы хæстон барæг. Цымæ мах ахæм- тæ стæм? Цымæ тырнæм, цæмæй ахæмтæ уæм? ... Бадынц фысджытæ. Ныхас кæнынц, фидæнмæ,ца- Ææр чингуытæ рауадзой, ууыл. Хаттæй-хатт атмосферæ схъомпал вæййы. Цæй тыххæй? Быцæугæнджыты æн- .къарæнтæ цахæм нысæнттæй акалынц цæхæртæ? Абон нæ литературæйы сæйраг (ома раззаг идейон-эстетикон) тенденци чи бæрæг кæны, уыцы уацмыстæ æрцæуой мы- хуыр? Абон рæстæджы пафос кæйкъабæзты судзы, уы- -цы æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, романтæ рæхджы фæхæц- .цæ уой чиныгкæсæгмæ,? — Мæн цæуылнæ хæссут^ планмæ? Æз уыл бахъаст кæндзынæн, — хицæуттæй мæнæн дæр фарсхæцджытæ разындзæн! — Æмæ кæд Бетърейæн уадзут чиныг, уæд Пъауле лщ кодта, æви уый цæрын нæ хъæуы, æви уымæн йæ даринæгтæ къаддæр сты? — Æз та афтæ зæгъын: дыууæ азы фенхъæлмæ кас- тæн, ныр мæ рад æрцыд æмæ мын "хъуамæ рауадзад ,мæ роман! Уацмыс бæззы æви нæ бæззы, йæ автор курдиаты хицау у æви нæу, уый никæй æндавы, уый койгæнæг дзы ничи у. ... Журналы рёдакцимæ бахастон уац — нæ абоны тюэзийы традицитæ æмæ новатордз’инады тыххæй. .Дзуапп мын радтой: - — Нæй йын рауадзæн! Схæццæ нæ кæндзæн! 1 Æз джихæй баззадтæи. Ау, куыд нæ схæццæ кæн- .дзæн? Мæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд ахæм фæнд, 1288
æмæ мæ уацæй ирон поэтты схæццæ кæноп. Уыдис мæм иунæг фæнд: конкретон дæнцæгтæй равдисои, цы нæм ис хорзæй æмæ æв’зæрæй, цы ’кæныи хъæуы, цæмæй хорз уа фылдæр, æвзæр та — къаддæр. Раст зевзарын поэзийы уавæр æви иæ, уый тыххæй ’ мын ницы загътой (сæйраг та уый хъуамæ уыдаид уа- цы хъысмæт лыг кæнгæйæ!). Арæби, кæд раст у, уæд Ирыстоны поэтты куыд хъуамæ схæццæ кæна? Æви рæстдзинад хæццæгæнæг у? Æви принципон бындурыл нæу советон литературæйы консолидаци? ... Мах фыссæм. Хæлæф кæнæм. Æмæ цыдæриддæр фыссæм, суанг фæстаг рæнхъы онг, уый хъарæм газет- æн, журналæн, рауагъдадæн. Мах фыссæм, фæлæ цард æмæ аивадыл хæрз цъус хъуыды кæнæм. Рæстæг нын нæй. Æмæ цы фыссæм, уый стæм хатт— а-да-гъа! — тыхæй-фыдæй схизы рæст- æмбис аивадон бæрзæндмæ. Алкæмæн дæр нæ ис мыхуыр кæнынæи рад æмæ дæ рад хъуамæ ма фесафай. Исты ныффысс, — цыфæнды дæр уæд, уæддæр дын æй нæ ду- джы идейои-аивадон критерийæ ничи бардзæп. Уæвгæ, куыд хорз у, рæстæгæй-рæстæгмæ искæцы фыссæг куы ныхъус вæййы, цыма алфæмблай стыр тæрк- къæвдайы размæ. Хъуыды кæны, агуры, иртасы йæхи æмæ йæ дуджы мидис, йæхи цæттæ кæны аивадон æн- тыстмæ — йæхи сæрмагонд сфæлдыстады дæр æмæ æгас литературæйы дæр. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу, мæнмæ гæсгæ, алчи дæр хъуамæ пыхъус уаид. Цас хъæуы кæсын æмæ зоиын! Цас хъæуы историйы даргъ-уæрæх быдыртæй сой сцъи- рын, адæмы зæрдæйы тæвдтуг цæугæдæттæй уымæлад баназын, цæмæй сыл иухатт æнæнхъæлгæ æрцæуай тæрккъæвдайау! „. Иу æмæ дыууæ хатты нæ--вæййы афтæ: бакастæ кæйдæр æмдзæвгæ, кæнæ радзырд, æмæ уайтагъд дæ хъуыды фестъæлфы (уацмысы карз ногдзииадæй нæ!) — кæмæдæр ма йæ кастæн, æндæр кæмæдæр! Ахæм рæс- тæджы аивадыл нал фæсагъæс кæныс, фæлæ æмткæй литературæйы хъысмæтыл: мæгуыр æмæ йæ тæригъæд- даг кæнынц, искæмæй кæй райсай, комкоммæ искæй фæзмгæйæ кæй ныффыссай, уыцы уацмыстæ. Уацмыс райгуыры кæйдæр уацмысæй, авторæн йæхи зæрдæ æмæ адæмы цардæй нæ, фæлæ. Автор уæлтæмæн агуры кæй- 19. Дзуццаты X. 289
дæр уацмысты, йæхи зæрдæ æмæ адæмы царды нæ, фæ- лæ. — Æмæ цы! — фæзæгъынц иуæй-иутæ. — Фæлхатæн у ахуыр кæныны мад (уырыссаг æмбисонд иронау тæл- мац^сй: «Повторение— мать учения»). "0, афтæ у! Æрмæст литературæйы афтæ нæу. Лите- ратурæйы искæцы фæлгопц, хъуыды æмæ æнкъарынад куы сфæлхатæн кæныиц, уæд æваст бирæ фæкайы йæ раздæры æпдавдадон хъаруйæ. Цæй, кæрæдзийы хуызæн ма уæм, кæрæдзи ма фæз- мæм, фæлæ пæ кæрæдзийыл дис æфтауæм нæ индиви- дуалоп уыиынад æмæ хъуыдыкæнынадæй... ... Нæ литературон атмосферæимæ зонгæ чи пæу, иу ахæм ахуыргопд литератор А-йæп ме ’мбал фыссæг ба- каст йæ ног уацмыс. А-йы зæрдæмæ фæцыд, йæ х’æрз- хъæдæй нырыккон литературæйы хуыздæр уацмыстæй фæстейæ инцæмæй зад. — Тынг хорз у! Бахæсс æй «Фидиуæг»-мæ! Цæмæн æй дарыс дæхимæ? Рæхджы хъуамæ фæхæццæ уа адæм- мæ! — Гъы, — бахудæгау кодта ме ’мбал. — Æмæ дзы быиат кæм ис! — Уанцон пæу! «Фидиуæг»-ы пæи быпат?! — ныддис кодта А. — Æмæ æз афтæ куы ’нхъæлын, бынат дзы æгæр бирæ дæр ма ис æмæ дзы уымæи арæх вггййы æгъуыз, ницæйаг уацмыстæ. Афтæ у «Фидиуæи>. Хуыздæр уацмыстыл хæлæф иæ кæны. Иæхи нæ тыхсын кæны. Ис æм фидар æгъдау: алчи дæр хъуамæ йæ хай айса, алкæмæн дæр ис рад æмæ йæ рад кæмæн æрцæуа, уый иыммыхуыр кæндзæп. Нырыккои идейон-аивадон критеримæ гæсгæ мыхуыр кæп уацмыстæ — уый уæлдай сæрниз у! Аз фæцис, æмæ ме ’мбалы уацмыс пырма адæммæ иæ фæхæццæ. ... Фысджыты хайады æвзæрстой дыууæ авторы ног уацмыстæ. 1-аг авторы къухфысты тыххæй ныхасы бар райста поэт И. — Æмбæлттæ, ацы къухфыст у хорз, раппæлинаг, æнаемæнг æй ныммыхуыр хъæуы. Цæмæн? Уымæн æмæ йæ автор баззад сидзæрæй, кулæктæ йын йæ фыды амардтой, фæлæ зыидзинæдтæй нæ фæтарст. Астæуккаг скъола каст фæци, ипституты дæр фæсаууонмæ ахуыр 290
кодта. Æнхъæл дæн, æфсады дæр уыдис. Ныр ып^ ис би- нонтæ, аразы хæдзар. Аккаг уацмыс у1 < 2-аг авторы -къухфысты тыххæй ныхас кодта проза- ик Дз. — Уæхæдæг æй зонут, ацы къухфысты автор фысгæ никуы кодта. Куыста колхозы сæрдарæй, куыста райко- мы, иу афон базарад’æн дæр разамыпд кодта. Фæлæ хъысмæты бафæндыд, æмæ йæ, æхсæнадон асинтыл хæрд- ’ мæ-хæрдмæ кæнгæйæ, культурæйы хицауы бандоныл авæрдта. Æмæ фыссын байдыдта. Ацы къухфыст у йæ фыццаг роман æмæ йæ рæхджы æвæстиатæй бацæттæ .хъæуы мыхуырмæ. Ахæм ’адæймаг фыссæг ма уа, уый гæцæн нæй! Аз фæцис æмæ дыууæ къухфысты дэер мыхуыры ра- цыдысты хицæн чингуытæй. ... Цæмæн хъæуы критикæ? Литературæйы рæзым кæнынæн. Литературæ æмбарын кæнынæн. Афтæ ’нхъæлд- тон, афтæ мын амыдтой бирæ зондджын адæймæгтæ. Журналы бакастæп иу критичы уац. Æртæ дзæбæх авторы дзы зæххы ’мвæз скодта. Аргументаци дзы нæй æмæ сыи цæмæи ахæм ми бакодта, цы нысанæн, уый тыххæй бафарстон журналы кусæджы (уый йæ рауагъ- та æмæ йæ цæмæн рауагъта, уый куыннæ зондзæн!). — Хорз уац у! Хъæуы! — Хорз цæмæи у? Раст фыст у? — Æмæ раст фыссын цы пайда у! Ды мæсты кæмæ дæ, уымæй дæ маст райс æмæ дæ зæрдæйæн æнцон уа! Маст! Масты фæдыл кус æмæ цæр! Библиотекæйы уыд конференци Н-йы чиныг равза- рыиы тыххæй. Ме ’мбалæн загътон: — Цом, байхъусæм, чи цы зæгъдзæи. Цымыдисаг у! — Æз иæ цæуын. — Цæуылиæ? Нæ дæ ^вдæлы? — Æвдæлы, фæлæ мæнæн дæр иухатт мæ чиныг æв- зæрстой æмæ йæм Н. не ’рбацыд. Мæнмæ чи нæ цæуыг уымæ æз дæр нæ цæуын. — Æмæ уæд, чи зоиы, Н-йы не ’вдæлд. Стæй Н-йы тыххæй нæ, фæлæ литературæйы тыххæй. Иумæйаг хъуыддаджы тыххæй. — Уый мæ хъуыддаг нæу. Аз фæци æмæ бирæ фысджытæ сæ къултыл коидæй дарынц сæ ’лозунг: «Аных мæ æмæ дæ аныхон». 291
... Традицитæ æмæ новатордзинад. Цы сты, цы, уы- дон та? Традици хорз у. Традици у искæй фæзмын, ис- кæмæ гæсгæ фыссын. Новатордзинад мæгуырау у: хъуа- мæ цардмæ гæсгæ æмæ дæхимæ гæсгæ фыссай. Уый адыл йæ къæдзилыл бирæ бæллæхтæ баст ис. Фыссæг Д. редакцимæ бахаста йæ ног уацау. Нырык- кон хъæу цæмæй цæры, цæмæй улæфы, уый дзы рав- дыста ирдæй, æнæцæстфæливгæ, реалистонæй. Редак- цийы кусæг æй бакаст æмæ Д-йæн афтæ: — Искæмæ ма ис ахæм темæйыл æмæ ахæм уагыл фыст уацмыс? — Æмæ нæ зонын. Æз цы федтон æмæ куыд зыд- тон, афтæ ныффыстон. Искæй фыст мæ цæмæн бахъуыд! — Нæ, мæ хæлар, афтæмæй кусæп нæй. Ацу æмæ мын æрхæсс искæй уацмыс, дæ уоны хуызæн чи у, ахæм, кæннод дын æй нæ ауадздзыпæн. Аз фæцис æмæ Д. абон дæр ма кæсы алы ’взæгтыл алы чингуытæ, кæд искуы йæхи уацмысы хуызон сса- рид, ф’æлæ нæй — никуы ары ахæм! 1964—1965 1965 азы областон библиотекæйы доклад скодтон Джусойты Нафийы прозæйы тыххæй, уæдмæ кæй ра- уагъта, уыцы уацмысты тыххæй («Фыдæлты туг», «Цард- ивæны» æмæ радзырдты æртæ циклы тыххæй). Æр- хæсдзынæн дзы, радзырдты тыххæй кæм дзурын, уыцы хай. ЗÆРДÆЙЫ РÆСТДЗИНАД Прозæйы къаннæг жанры кæй ныффыста (радзырд- ты æртæ циклы), уьгм Нафи дзуры йæ райгуырæн Къуы- даргомът цардыл 1955 азæй 1965 азмæ. Уый афтæ нæ амоны, зæгъгæ, æрмæстдæр уыцы азты цы уыдис, уый йеттæмæ сæ ницы ис; Нæ, цъус дзы нæй экскурстæ раз- дæры замантæм, активон дзы у авторы исторжш мы- сæнад. . Нафи æрцыдис йæ райгуырæн хъæумæ (цикл «Бæлц- цоны сагъæстæ» дзуры Газакк, уымæн дæр йæ сæрма- 292
гонд ном пæу, афтæ, дам, мæ хуыдтой фæсномыгæй, фæ- лæ Газаччы «æз» у Нафийы «æз»), æрцыдис æмæ йæ хъæуы цы уыд, цы ис æмæ цы уыдзæн, ууыл сагъæс кæ- ны. Адæймаг æмæ йæ зæрдæ — уый у Нафийы сагъæс- ты астæумагъз. Бæлццоны сагъæстæ — зæрдæйы сагъæстæ. Цахæм у адæймаджы зæрдæ, цы йæм^ ис раппæлинагæй, цы йæм ис фауипагæй, цахæм хъуамæ уа — уыцы ссадвæдыл цæуы ныхас уацмысты кæрæй-кæронмæ. Поэты темæ у зæрдæйы темæ. Дарæны, фиййæутти- мæ æхсæв æрвитгæйæ, Нафийæн уайдзæф кæнынц, зæгъ- гæ, поэт Къостайы хуызæн хъуамæ уа æмæ ды та цы дæ? Поэт хъуамæ йæ адæмимæ æнгом баст уа, йæ адæмæй иппæрд макуы уа. Дзырд, курдиат стыр уа æви гыццыл уа, ууыл нæу. Уый тыххæй зæропд Бибо афтæ зæгъы: «Раестаг зæрдæ дын куы уа, адæммæ дæ сæр куы дарай, уæд дæ уарздзысты, разагъды кæнæ стыр ныфсы лæг куы нæ уай, уæддæр». Дарæны конкретон-реалистон афысты астæу ис Би- бойы таурæгъ, йæ бæстæй æндæр бæстæм кад æмæ мулк- агур чи ацыд, уыцы курдиатджын зарæггæиæджы тых- хæй. Ферох æй сты йæ. фыдыбæстæйы зарджытæ. Кæ- мæн зарыд, æхца йын чи фыста, уыдон æй куыдзы хъуы- ды дæр иал кодтой. Не ссардта, йæ фыдыбæсты кæй ссардтаид, уыцы стыр хæрзиуæг—адæмы уарзондзи- над. Фæсмонгонд фæци. «Поэты æппæты фыццаг зæрдæйы курдиат хъæуы», зæгъы Нафи æмæ иипæ радзырды («Сагъæс кæсдæрыл») сарæзта Ирыстоны зындгонд поэты фæлгонц. «Мадзурэ æмæ фылдæр хатт æнтъыснæг», «саудалынг цæстытæ», «Ныллæг фæсусдзæф хъæлæсæй-иу райдыдта,, схуыф- схуыф кæнгæ. йæ ныхас-иу фыццаг куыддæр фæкæл- фæкæл кодта, æхсæрдзæн йæ райдайæны къæйтыл куыд гæппытæ кæны, уыйау, стæй-иу уæд йæ къабæзтæ ай- вæзта* æмæ, æй-дæ-гъа, хъус, кæд дæ зæрд&йыл хъустæ ис, уæд...» Æнæном æрыгон поэты чиныгыл дзурынц.- Зыыдгонд ацæргæ поэт амоны йæ кæсдæрæн, цæмæй зæрдæмæ гæсгæ аргъ кæна йе ’мгæрттæн, цахæмдæр формалон æнтыстытæ кæнæ къуыхцытæм гæсгæ нæ, фæлæ. «Дæс- ныйад дзырды агургæ нæу... Дæсныйад зæрдæйы агу- рын хъæуы... Стыр дæсныйад стыр хъуыды æмæ рæ- 293
^суд^д зæрдæйæ æвзæры... Рæсугъд зæрдæ æмæ стыр хъуыдыйы хицау хъæздыг æмæ дæсны лæг у...» _ -*♦ Нафимæ ис уарзон темæтæ-лейтмотивтæ, уарзон хъуыдытæ-лейтмотивтæ. «Аргъау дæр зæрдæйæ цæуы» — - уыцы радзырды аргъаугæнæг Кудза зæгъы: «Дзырды аив зæрдæйæ цæуы. Аргъау дæр зæрдæйы куы нæ уа, уæд æвзаг ницы ’сдзурдзæн». Зæронд таурæгъгæнæг (базонæм дзы Наниты Андо- йы фæлгонц) сагъæс кæны. мæнгард Мускъелы митыл, йæ ус Ольгæйы ныууагъта дыууæ сывæллонимæ,' æмæ таурæгъгæнæг хæссы фыд’æлты зондджып таурæгьтæ. Сылгоймаг æмæ нæлгоймаг æмбар кæй сты, сылгойма- джы æгады бынаты чи ’вæры, уыдон æпаккаг кæй сты. уый фæдыл у йæ ныхас — афористон, æлвæст æмæ ра- гонау рæсугъд ныхас. «Зонд нæлгоймаг æмæ сылгойма гыл нæу, зонд æмæ зæрдæ пæдæр цухъатæ дарынц, нæ: дæр кæлмæрзæнтæ!..» «Сылгоймаг, мад канд сæрæн зонд- джыи .нæу, уый зæрдæйæ зондджын у... Лæджы фи- дæнгæнæг зæрдæ у...» Таурæгъгæнæг ракодта мады зæрдæйы тыххæй зындгонд таурæгъы иу вариант. Сау барæг-удхæссæджы нæ уыриы, зæрдæйы уарзондзииадæн мæлæп кæй иæй. Бавдæлд, æмæ аргæвста иунæг лæппуйы мады, суса*- гæй дзы физонæг скодта æмæ йæ хъуамæ лæппунæн ба- хæрын кæна. Лæппу физонæг фынгмæ куы фæцæп хас- та, уæд йæ къах скъуырдта, фæкалд æмæ физопæгæй иу хай — мады зæрдæйы кæрдих — лæппумæ сдзыр’дта: «Кæд ницы ныццавтай, мæ хъæбул?» Рагон таурæгъы фæстæ ракодта æрыгон таурæгъ. Мады хъæбул хæстмæ ацыд. Не здæхы, бæрæг дзы пæй. Иу салдат (æидæр адæмы хаттæй) æрхауд хъæумæ, мад ’ЬГьГ йаеГтуг радта æмæ салдат сдзæбæх. Йæхи фырт æм æрыздæхт иукъахонæй, иуцæстонæй, мады зæрдæ ба- зыдта, йæ хъæбул кæй у, æмæ Ма-йæ цинæн кæрон кæм уыд! Нафи таурæгъгæнæг зæронд лæгты дзыхæй дзуры ирон адæмы поэтикон зæрдæйы философи. Мускъелы æнаккаг митыл сагъæс куыд расайдта йæ фæдыл мады зæрдæйы таурæгътæ, афтæ дыууæ суадоны таурæгъ та йæ фæдыл расайдта бæлццон-авторы æфсымæры хабар. Цæвиттон, кадмæ бæллыд, йæ хицæуттæп «о» кодта, йæ лæлдæрты та æфхæргæ кодта, цы ’ууæнк ыл бафтыдтон 294
адæм, уый фæмæнг кодта æмæ йæ раппæрстой йæ бы- натæй. Автор ыл мæт кæны, æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд, кæддæр ын зæронд фиййау кæй радзырдта, уыцы тау- рæгъ. Мады дыууæ фырты амопдагур ацыдысты кæдæм- дæр æмæ нал здæхтысты фæстæмæ. Мад амард æмæ йа^ тæригъæдæй сæ уæзæгыл фæзынд дыууæ суадоиы — йæ дыууæ фырты хъысмæты хуызæн. Сæ иу дзы зæххы афардæг, иннæ куыдта йе ’фсымæры мæстæй, фæстаг- мæ стыдта зæххæй, аййæфта йе ’фсымæры, ныттыхстис ыл æмæ иумæ дарддæр ацыдысты. Таурæгъ æмæ коп- кретон цауы ’хсæн параллель тынг бæлвырд нæу, фæ- лæ йæ нысан бæрæг у: иу ипнæйы бæсты ницы бакæп- дзæн, лæг йæхæдæг хъуамæ лæг уа æмæ лæгау цæра йæ райгуырдæй йæ амæлæтмæ. Автор йе ’фсымæры тых- хæй лæгъзтæ никæмæн кæндзæн, гæртамæй йæ нæ бал- хæпдзæн, фæлæ йын баххуыс кæндзæн рæстдзипадæй: лæгæн цы нæ бæззы, уымæй дæхи схицæн кæн æмæ лæ- джы цардæй цæр. Моралон-этикон рæсугъддзинад куы нæ уа лæгмæ, уæд лæг нæу. Автор йæ фыстæджы публицистонæй æф- хæры йе ’мкар Мускъелы. Кæддæр дзы ныфсы лæг ра- цæуыны æнкъæл уыдысты, фæлæ хинæй, сайдæй цæры- ныл ныллæууыд. «Хæдзар куы суагътай, уæд цымæ цæ- мæй? Дæ мыздæй? Æмæ дæ бинонтæн хæлцы фаг йет- тæмæ куы нæ уыд дæ мызд?..» Дыккаг ус æрхаста, «йе ’фсымæр стыр бынаты кæй кусы, уый нымайгæйæ». Адæ- мы ном, партийы пом æй хъæуынц йæхи æфтиаджы сæ- раппонд. «Парти, æмæ йын цы ’ххуыс дæ? Йæ кады но- мæй дæ хин митæ æмбæхсынмæ тырныс, æндæр?» Моралон æгъдауæй хæлд адæймæгтæм хæрам цæс- тæй кæсы Нафи. Ахæм у, «Уарзондзинады таурæгъ»-ы Дзерассæйы чи фæсайдта, уыцы æфсæддои лæппу дæр. Лæг æнæаив ма хъуамæ уа, лæг хъуамæ хæлар æмæ сыгъдæг зæрдæйы хицау уа — ацы хъуыды зæгъынмæ кæй тыриы Нафи, уый хорз у, фæлæ аивадоиæй хаттæй- хатт тæссаг у. Ацы хъуыды куы баивы лæгæн йæ зæр- дæйы вазыгджын конд, уæд уæлæнгай рауайы фæлгоиц Цæрай уарзы Дзерассæйы, йирæ йæ уарзы, фæлæ йæ уарзт фаг домæг нæу, æгæр гумапон-плакатон у. Дзс- рассæйы сайд æй хъизæмары нæ баппæрста, æгæр æн- цонæй дзы загъта нæхицæн цардæмбал. Æнæуый таурæгъ у зæрдæмæдзæугæ. Автор æнкъард, 295
æнтъысыæг у, Цæрай кæй нал æрыздæхт хæстæй, Дзе- рассæйы къулыл, ма абон дæр йæ ныв кæй ис, Дзерас- сæйы уарзты хъысмæт афтæ æнамоид кæй рауад, уый тыххæй. Нафийы радзырдты арæх сты эпитеттæ: «æнкъард», «æрхæндæг», «æнтъыснæг». Миййаг сæ йе ’нарæхстæй нæ фыссы. Нæ. Уыдон бæрæг кæнынц Нафийы радзырд- ты иумæйаг музыкалон-минороп тон. Маст,^ хъыг, хъын- цъым уыдои сты нывгæнæджы лæгуарзон зæрдæйы миниуæг. Адæймаг удæй, моралон-этиконæй рæсугъд кæй"хъуамæ уа, уый йæ кæй фæнды Нафийы, уымæ гæс- гæ хъыг кæны, хорз адæймæгтæй чи нал ис, уыдоныл, хъыг кæны, раст фæндагыл чи нæ цæуы, уыдон тыххæй, хъыг кæны ууыл, царды бирæ гыццыл æмæ стыр цыдæр- тæ кæй нæ аивтой æмæ кæй нæ ивынц, Нафи куыд æи- хъæл уыдис æмæ йæ куыд фæндыд, афтæ. Уыцы æнкъарынад уæлдай ирдæй зыны цикл «Бæлц- цоны сагъæстæ»-йы хуыздæр радзырд «Сабыр æхсæв», зæгъгæ, уым. Авторæн хъыг у, йе скъолайои æмбал Ха- тумæ уды хорзæй кæй ницы федта, йæ философи меща- нон кæй у («Хæрд æмæ нозтæй дæхи цух ма уадз, æн- дæр та нын цы баззайдзæн, миййаг, нæ томтæ æнæфысг куы нæ зайынц!»). Хату æххæст Мускъелы хуызæн нæу, фæлæ уæддæр йæ халдих у. Автор æхсæвы куы фынæй кæны, уæд цы- ма чидæр хæдзармæ æрбацыд æмæ Хатуйы фæхæссы, автор Хатуйы байсын фæлвары, фæлæ йæ бон нæу, тых- сы æмæ хъæр кæпы сыхмæ. Сабыр æхсæв æцæгæй тыхст æхсæв у: Нафийы æи- тъыснæгдзинад хъæр кæпы лæджыхъæдмæ, лæджы бæр- зонд уды рæсугъддзинадмæ. Æнтъыснæг у Хатуйы ус Чызналы ныхас. Уый æн- цад-æнцой нæу Хатуйау. Уый тыхсы, хæдзары уæзы бын кæй фæци æмæ уды хæлцæй йе ’фсис кæй нæ зоны, уый тыххæй. Секъайы Азауы натурæ йæм æмхиц у. «Лæг кæрдзын æмæ цæххæй дæр кæм цæры, уæдæ...» Зæ- гъы Чызнал, йæ сыхæгтæ колхозы сæрдар Хъази æмæ йæ ус Зæрæдайы фæрцы искуыдæй-искуыдмæ газеттæ, журналтæ кæй бакæсы, уый тыххæй дзургæйæ. Нафи йæ радзырдты нæ фæлгъауы хъæууои цард со- циалон-экономиконæй. Æрмæст ын моралон-этикоп рæстæвзарæны йæ хуыз уыпæм, хатæм æй. Царды пых- 295
мæвæрдтæ уæззау кæй сты, ууыл дзурыиц .Мускъельг хъуыддæгтæ, Дзерассæйы хъысмæт йæ мад чындзы ацыд æндæр лæгмæ, чызгæй фæлмæцыдысты, йæ къæ- бæр ын йæ цæстмæ дардтой æмæ йæ сæнамонд кодтой., Нафи арæхстгай æмбарын кæны Чызналы иыхасæй,. бæрæг замапы хъæуты цард бæлиццаг кæй нæ уыд, уы- цы хабар: «Кусын колхозы. Исгæ дзы бирæ ницы кæ- нын, фæлæ цы бакæнон.» Нафи быцæу кæны Мускъел æмæ Хатуйы философи- имæ. Хæдзараразæг, таурæгъгæнæг, фыссæг алы лæг дæр хъуамæ тырна уымæ, цæмæй йæ фæстæ баззайа йæ хорз ном, фæсфæстагæттæм фæхæццæ уа йæ куыст, йæ лæджыхъæд. Афтæмæй Нафийы историои мысæнад, або- иы фæлтæрддзинад се ’ргом дарынц фидæнмæ. «Истьг куы аразай, уæд фидæны номæй, æиусты ’мгъуыд- мæ!» - балхынцъ кодта автор «Бæлццоны сагъæстæ». * * * «Бæлццоны сагъæстæ» куы ныффыста, уымæй 10* азы фæстæ Нафи ногæй æрцыдис йæ райгуырæн ком- бæстæм æмæ, «Бæлццопы сагъæстæ»-йæи аргъ кæигæ- йæ, зæгъы: «Бирæ сæ ис æууæндаг наивондзинад. Куыд- дæр къæмдзæстыг кæнын^сæ ’коймæ. Кæм æргом публи- цистикæ, кæм та иæ адæмы рæсугъд таурæгъты аууоп. балæууыдтæн, къæвдабоны бæлццоиау». Чи зоны, иумæйагæй раст у Нафийы аргъгæид. Рæс- тæг аивта, фыссæджы фæлтæрддзинад æмæ профессион дæсныйад фæхъæздыгдæр, фæлæ радзырдты дыууæ ци- клы, миййаг, кæрæдзийæ бон æмæ æхсæвау нæ хицæн кæнынц. Публицистондзинад (циклмæ бацæуæн сæр- гæидтæ) æмæ таурæгъондзинад («Урс нымæт») ам дæр сты, æрмæст сæ аивадон хъару фæарфдæр, фæтыхджын- дæр, фæиндивидуалондæр, зæрдæйы æпæнцой рæстдзи- над дзы фылдæр ис. «Æрцыдтæн та иогæй» ацы цикл ^æлдзщшг нæ кæны «Бæлццоны сагъæстæ»-йы циклг. фæлæ йæ’^арддæр кæны иог рæстæджы, ног уавæрты. Ам дæр мæрдтæ æмæ удæгæстæ, ивгъуыд æмае абон. Автор хицои у мæрдтимæ («Алчи даф сæ цыдæр мини- уæгæй цæры мæ зæрдæйы. Цыдæр миыиуджытæй æз та-- дæн уыдои хуызæн мæрдты хуызæн») æмæ уый ра- дзырдтæп дæтты сæрмагоид-лирикоп ахаст. 297/
Мæрдты радзырдтæ сæ асæй чысылтæ сты, фæлæ .дзы лæджы зæрдæ, йе ’гъдау, йæ сæйраг миниуæг бан- къарæм бæстон. Дзиу — гыццыл, тæнтъихæг лæг — фæтых стыр, тыз- мæг Тъоройыл. Тыхджын лæг у Дзиу, йæ хуызмæ йып ма кæс. Æмæ чысыл сабийы цæсты Дзиуæй лæгдæр ни- чиуал уыд. Дзпуæн йæ тых æмæ йæ фæлмæп зæрдæ мы- сы автор. Хылы рæстæджы аскъуыд йæ цухъайы æф- цæггот, мæсчъы цур æй- кæрæдзийыл фæхæцын кодта æмæ лæппуйæп афтæ: «— Цъери куы ’рфæлдæхтои, уæд мын бынхосыл фæ- "хæцыД, маПГуыдз ыл амæла... Æмæ та - не ’фсин йæ загъд-заманайæ нал æицайдзæи.» Дзиуы æгъдау хæдæфсæрм, хорз лæджы æгъдауыл нымайы Нафи. Егъау тых æмæ фæлмæн зæрдæйы хицау уыд Парса дæр, арсимæ хæцгæйæ йе ’фсæр фелвæст æмæ йæ уый "тыххæй мæстæй мардтой: «Зылынæфсæр Парса, цы мæм кæсыс арсау?» Иниæ радзырдтæ æнкъард сты, суадæттау дзы абу- зы мæрдты зæрдæйы æнамонд маст. Худæг уыд Сау- лæг —мæлынæфсон скодта, йе ’фсинæй.арахъ æмæ цæх- -джын фыдтæ расайдта, фæстаг хатт’ма, дам, бахæрон дæ армæйдзаг. Фæлæ йæм сæйрагуый уыд, æмæ Къос тайы æмдзæвгæтæ кæсЫн кодта^сабитæч, хъуыста сæм, йæ зæрдæмæ сæ хаста. «Салдат»-ы рæпхъытæ-иу йæхи царды уагмæ гæсгæ рацарæзта: «Уæ джиджджи, ма кæ, дæ тинтычъи ма бауаф», «Буц хæрииаг ын — сылы!» Æмæ ныр иигæны куы хуыссы цъуйы рæбыц, уæд «æпус- тæм скодта йæ уæлæ сыджытæй цухъа». ’Къостайы æм- дзæвгæйы рæнхъ хохаг мæгуыр лæджы хъысмæт йæхи хуызæп скодта æмæ йын йæ ингæны уæлхъус (автор æмæ чипыгкæсæджы зæрдæйы) зæлы æрхæндæг хъарæ- тау. Æмткæй райсгаейæ, Нафийы прозæйы адæмон зар- джытæ хæрх сты, къахдзæфæй-къахдзæфмæ сыл æм- •бæлæм, йæ хъайтартæ адæмы зæрдæйы хуыздæр минæ- вæрттæ кæй сты, адæмы эстетикон-этнкон æмæ поэтпкоч рæсугъд идеалтыл хъомыл кæй сты, уымæ гæсгæ. Цы радзырдтыл дзурын,. уым зарæг афтæ æигом баст у коч- кретон адæймаджы хъысмæтимæ, æмæ сып сæ кæрæдзи- йæ фæхицæнгæнæн нæй. Зарæг у адæймаджы хъысмæ- 298
ты аивадон ассоциаци, йе ’ргомгæнæг, йе ’мбарынгæ- нæг. Зæронд салдат Сугъарæн иунæг фырт уыд, быдыры, хæсты рæстæджы чи нæ фехæлд, ахæм минæйæ дзыхъ- мард фæци. Сугъарæн йæхи къухыл ссивæнты калм фæхæцыд, утæхсæн кæны, зилы къуымты æмæ зары: Тæрхъус фæлндзы, Сурæг æй нали! Радзырды кæрон æм автор бафтыдта иннæ дыууæ рæнхъы дæр: «Сау рæсугъд кæуы, — курæг æй нал и...» æмæ фергом вæййы Сугъары æнамонд хъысмæт: æвæц- цæгæн, йæ фыртмæ йын чи ’нхъæлмæ каст, уыцы чызг кæуы, кæуы пæхиуыл æмæ Сугъары фыртыл. Чи зоны, æгæр ныфсхаст абарст у, фæлæ Гæздæнты авд зынгхуыст æфсымæры тыххæй Плиты Грисы бал- ладæйы дæр ахæм аивадон кæрон ис: Авд хæдзары та лæууынц Авд ирон чызджы сæркъулæй. Таурæгъ «Мады зæрдæ»-йы цы хъуыды ис, уый 10 азы фæстæ Нафи ^фæконкретондæр æмæ фæлирикондæр кодта. Бзетæ æфсадæй рæстæгмæ ^ерцыд сæхимæ. Фы- нæй кæны. Йæ мад Хуыбецон ын йæ къæхтæ рæвдауы, сæрфтытæ сæ кæны. Кæддæр ма Длардыйæн дæр афтæ табу кодта, йæ лæппу дзуарæй’ куьг^фæрынчын, уæд. Талынг, æнæахуыргонд сылгоймаг дæсныйы амындæй хуры скастæй хуры ныгуылдмæ авд комы авд суадонæй æрхаста, æртæ уæливыхы дзы скодта, скуывта сæ Ала- рдымæ -æмæ йæ хъæбул фервæзт. Фæлæ хæстæй нал æрæздæхт. Мады стыр уарзт æмæ стыр масты æнæмæ- лæтыл дзуры радзырды фæстаг фæлгонц: «Саударæгау, къулсæр фæззыгон хиталджытæ æдзæмæй лæууынц ин- Т^æньГ сæрмæ чысыл къуыппыл иударон бур фæлыстæй». Удæгæсты радзырдтæ сæйраджыдæр фыст сты зæр- дæргомгæнæн формæйæ. Автор бацыд йе ’рвад зæронд лæг Тъатъусмæ. Тъа- тъус хуыссы æмæ йын йæ фæстаг сагъæс æргом кæны. Фæнды йæ, цæмæй йæ дыргъдон баззайа йе ’рвадæл- тæн, йæ мыггагæн, йе ’ннæ муртæй та йын хист скæной, цы ма дзы уа, уыдон та йæ хæрæфырттæн байуарой. 299
Лвтор бацыд йе ’ннæ рвад Тихъуынмæ. Уый дæр ын æргом кæны йæ зæрдæ. Ахуыргæнæджы куыстæн аккаг нæу æмæ йæ районы кусæг йе ’рвад Евген хъуамæ сиса йæ бынатæй, Тихъуын та йæ хъавы цæхх æмæ кæрдзы- нæй балхæиынмæ, цæма^й æнæзакъонон ми бакæна. Кæд Тъатъусмæ хъусгæйæ, автор æрхæндæг у, йе ’мхъыг кæ- ны, уæд, ам та разы нæу йе ’рвады ныхасыл æмæ Ти- хъуын æрвадæлты тыххæй рæгъ куы рауагъта, уæд æм йæ ахаст , цахæм æппæрццаг рæнхъæй равдыста: «йæ уæрдоны кæм бадтæн, уым ын æз дæр хъырнынтæ сис- тон». Автор бацыд йе ’ртыккаг æрвад Сациномæ дæр, ба- цыд æм йæ фырт Хъазаны курдиатмæ гæсгæ. Хъазап йæ ус Санеты ныууагъта, Уырысы æндæр ус æрхаста. Ныр æрыздæхт фæстæмæ. Санеты лæппу стыр у, институг , фæуд кæны. Сацино йын бар лæвæрдта, цæмæй йæ куыд фæнды, афтæ"ТГ&ра, фæлæ сæрыстыр сылгоймаг йæ хицауимæ цæргæйæ баззад. Рог царды фæдыл цæугæ не сты Санет æмæ Сацино дæр. Уымæ гæсгæ Сацино у йæ фыртимæ бафидауыны ныхмæ. Цæмæн фæнды Хъа- заны йæ фыднмæ бафидауын? «Зоны йæ, — зæгъы Са- нино, — мæнмæ пс ахæм цыдæр, уымæ чи нал ис. Лæ- ажы намыс!» Сацинойы зæрдæ иувæрсыг нæу, ригористон хат- дзæгтæм æмхиц нæу. Иæ фыртимæ кæй нæ фидауЫ; уый у^ рæстдзинады сæдвæлтау, ла^гуарзондзинады _саугвæл- тауГ УъГмæн ын хатьГ1ттор^ рагон ""ТТр^н æрхæндæг». Хъазан, цикл «Бæлццоны сагъæстæ»-йы цы Мускъел ис, уый хуызæи у, фæлæ та ам дæр уыцы темæ фæарф- дæр, фæзæрдæмæхъаргæдæр. Зæрдæргомгæнæн у радзырд «Хъилдзых æмæ Мил- дзых» дæр, æрмæст ам арæзт у мидмонолоджы ама- лæй. Лæг æмæ гал. Хъилдзых æмæ Милдзых фондз æмæ ссæдз азы кусынц иумæ, кæ^æдзи^^^^ер^айæ. Ныр М#л- дзыхы дзидзайы^фидтонЗен/"скъæ^ыш^ фæвдараст æй кæны ХъилдзыЗС^Ф^на!^^^^ ’салдæттау. -Щас фæлмас^æма^цас уарзт иЬ дьгууæ зæ^ронды ’х&æн? «Хъуыды-ма кæныс, ноггуырд рæуæд куы уыдтæ æмæ дæ æз пецы фарсмæ хъæмпыл куы схуыссын кодтон, мæ- хæдæг дæр дæ фарсмæ-нымæтыл æрхуыссыдтæн. Æх- сæвы куы суазал дæ, мæ цурмæ куы ’рбабырыдтæ, #дæ милæйдзаг мукъутæ мын мæ дæларм куы атъыстай 300
æмæ ма мын, æвзæр, мæ нымæтыл дæр куы фæмыз- тай?» Чи зоны, искæцы хъæбæр адæймаг бадис кæна, зæгъгæ, фос фос у æмæ йыл цæмæн хъæуы уыйбæрц сагъæс кæнын. Фæлæ лæг лæг у, зæрдæ зæрдæ у æмæ зæрдæйы ныхмæ нæ рацæудзынæ. Нафи ацы ран æмæ фæстаг радзырдтæй иукъорды æвдисы адæйма- джы зæрдæйы ахæм рæстдзинад, нывгæнæджы ахæм дæсныйад, æмæ сын хиныхæстæй радзурæн дæр^ нæй. Мах федтам, Нафи юмормæ æмхиц кæй у. Фæлæ йæ худт дæр канд худыны тыххæй нæу. Æнкъард худт у. Бечи хорз барæг уыдис, йæхæдæг куыд зæгъы, аф- тæмæй Иссæйы «первæй адютант» уыдис. Æрыздæхт æфсадæй, ницы аккаг куыстыл фæхæст, фæрахау-ба- хау кодта, сахармæ æрцыд æмæ фæтæген уæй кæны, æвзонг æфсинты худæгæй мары йæ анекдоттæй, йæ дзæнгæрæджы дзинг-дзингмæ зары йæ худæг зарæг. Чиныгкæсæг худы, ’худы йæ мидбылты Бечийы хъысмæ- тыл, худы æнкъардæй. Уый Гоголы худтау у — «смех сквозь слезы». Бечи йæ зæрдæ йæхæдæг уыйас не ’ргом кæны, цас ын æй йæ бæх æргом кæны. Бечи худæг ны- хæстæ кæны, — «бæх æпцад лæууы æмæ .сæргуыбырæй хъусы». Бечи зары, — «бæх ныллæг æруагъта йæ сæр, афтæмæй сындæггай цæуы. Дзæнгæрæг дзинг-дзинг кæ- ны, фидиуæгау». О, Бечийы хъысмæт дæр, радзырдты иннæ хъайтарты хъысмæтау, фидиуæгау хъæр кæны. Бечи хъæуæй сахармæ кæй рацыд, уый хуымæтæ- джы нæу. Нафи ногæй нæ дзуры экономикон аххосæг- тыл, нæ сæ анализ кæны. Фæлæ адæймæгты куыд æв- дисы, цы зæрдæйы уагæй сыл фыссы, уымæй бæрæг кæнынц хохаг хъæуты социалон ивддзпнæдтæ. Ууыл дзурынц йæ бæлвырд фæлгонцон абарстытæ. Куыд нæ хъуамæ банкъарай хъæуы хъысмæт мæнæ ахæм афыс-/ тæй: «Ам кæддæр стыр хъæу уыд. Ныр та цалдæр хæ-| дзары. Изæры фæлмы, æнцад уæлдæфы цалдæр фæз-! дæджы æмраст цæуынц уæлæмæ. Афтæ зыны, цыма\ уæззау тохы фæстæ стыр эскадрæйы цагъдуæлдай цал- ] дæр науы денджызы фæцæуынц æрхæндæгæй, æнæсы- I быртт, фæздæг калынц». Хуымæтæджы нæу уый дæр, æмæ дыккаг циклы фыццаг æрдæг кæй ахсынц мæрдты радзырдтæ, дык- каг æмбисы — удæгæсты радзырдты та архайынц зæ- ронд ацæргæ лæгтæ, ног фæсивæдæй дзы иу дæр нæй. 301
* * * Хуымæтæг, рæнхъон, зæххон цардаразæг адæймæг- ты хъысмæтыл сагъæс—реалистон туманон прозæйы традицийыл Нафн у фидар хæст. Хъæр, хъæлæба, па- радон-помпезон гыбар-гыбур — цахæм фæнды хуыз сын ма уæд, кæмæй фæнды аразгæ ма уæд, — иугæр адæй- маджы сагъæс сæ быны ссæддынц, уæд Нафи сæ ных- мæ у. ’ Радзырд «Чындзæхсæв» —/киноновеллæйау, хъ&з- дыг у динамикæйæ, мыртæй, нывтæй, аив кадртæй. Чызг æмæ лæппуйы фæллад никæй æндавы, цыма чын- дзæхсæв уыдон тыххæй нæу. Нал дæр цин кæнын у сæ бон, нал дæр мæт кæнын. Авторæн иу æнæзонгæ дзуры — æнæаивдзинады ми- нæзар: «Ахæр, апаз... Хъуамæ искæй дæр фæнæмай!.. Искæй усмæ ..дæр фæрæднйай!..» Ахæм философи авто- рæн йæ удхæссæг у (ууыл’ ма дзырдта «Сабыр æх- сæв»-ы дæр). Йæ радзырдты бирæ ис фынгтæ, фæлæ дзы иу ран дæр фынг нæу фынджы тыххæй. Адæйма- джы сагъæс бамбар, адæймаджы хъысмæты зæрдæйæ хайад ргайс. Фынг у зæрдæйы тыххæн, фынг у лæджы зæрдæргомгæнæн бынат. Æвзæр, фауинаг лæг куы ’ргом кæны йæ ницæйаг зæрдæ, уæд автор æмæ чиныгкæсæг иумæ тыХсынц, кæд хорз, фæзминаг лæг, уæд та æртæ дæр — лæг, автор æмæ чиныгкæсæг. Нафи лæууы йæ хъайтарты зæрдæ- йы позицпйыл, уымæ гæсгæ сын радты бар дзурынæн æмæ цы фæдзурынц, уый вæййы Нафийы зæрдæбын дзуринаг дæр, йæхи цæстæнгас дæр. Йæ радзырдты æртыккаг циклы ныхасы бар æгасæйдæр радта йе ’мбæлттæн— салдат чи уыд, уыдонæн (æрмæст дзы иу радзырд — «Авторитет» — ракодта йæхæдæг.) Сахайрæгтæ æмæ хъ&ууонтæ сæ кæрæдзийы цар- дыл дзурынц, — æддаг цæст, дам,. уынагдæр у. Дзу- рынц, адæймаджы бæрзонд ном, бæрзонд зæрдæ чи чъи- зи кæны, чи æгад кæны, ахæм фæзындтæ æмæ типты тыххæй. Зæхх æмæ адæймаг, адæмы зæрдæ æмæ адæймаг— адон кæрæдзи куыд æмбарынц, кæрæдзийыл куыд æн- дæгъд сты, уымæ гæсгæ аргъ кæны Нафи иу кæнæ ин- нæ адæймагæн. Уыцы сагъæсæй æвзæры сахар æмæ хъæуы проблемæ. 302
Сандыр æрцыд сахармæ йæ дохтыр фырт æмæ чындз- ■ мæ, мещантæм. Иицы уал сæм ис сæ фыдæлты уæз- дандзинадæй, хохаг сæрыстырдзинадæй. Сандырыл йæ- чындз йæ былтæ ракъуыр-бакъуыр кæны. Хæдзар, дам. хъуамæ сыгъдæг уа. Уæд, фæлæ зæрдæ сыгъдæг уа, уый йæ не ’ндавы. Сандыр — сæрыстыр ирон лæг — æхсæвы сæхимæ рафардæг. Зæххæй чи баиртæст, зæххы фарнæй йæхн чн схи- цæн кодта, зæхх «цъыф» йеттæмæ кæмæн ницы у, уы- донмæ хауы колхозы сæрдар Абелты Бурдым. Æнкъ^- ры йæ аипп, бафæлвæрдта йæ апуварс кæныныл, фæ- лæ куыстмæ куы рацыд, уæд колхозонты ’цæсты но- джы йæхи бафтыдта* цæвæг асаста, бæстон равдыста- йæ пицæйагдзинад. Ахæм у профессор Цици дæр. Мæнг дзырдæй, цъипгт. саламæй æмбæхсы йæ тутт уд. Йæхи афтæ дары, цыма алкæуыл тыхсы, фæлæ сæ сыхæгты чысыл лæппу куы фæрынчын, уæд уымæ нæ бацыд, — сахары хицау Дзан- дарæн йæ чызджы рынчын фехъуыста æмæ дзымыстæ- дш_охыл уыцы уазалы уыцы рынчынæй уырдæм ацыд^ ноджы тынгдæр фæрынчын æмæ амард. Йæ цыртыл ьш ныффыстой: «Хуыцауы цагъар...» Æцæгæй та уыд йæ цыты цагъар, хицæутты цагъар. Лæг та хъуамæ лæг угу хъуамæ рæстаг адæмы зæрдæйы цагъар уа. Цыт, кад, цардамонд зæрдæйы ^дæстæвзарæны нæ„ фæлæ хицæуттæм чи агу&ы, уыдонæй сты сæрдар ЛъуыТГ^ ду (радзырд «Æнæад æхйевæр»), йæ хицауы фындзы цагъар Цыбырдым ^(радзырд «Диссаджы фындз»). Наф^^йы худæг-æнтъыснæг радзырдтæн сæ бындур у нæ зæрдæйы судзгæ рис. Уым ис Косеры хъысмæт — æфсады кæй уыд,»уый тыххæй йæ ничи куры, сыгъдæг,. дам, нæ уыдзæн; иудзонгон хосдзау Ханджеры хъыс- мæт — уацары кæй бахауд, уый тыххæр’! йæ ахастой йæ- хъæуæй. Уым ис, адæймагæн нырма алкæд аккаг аргъ. кæй нæ кæнæм, уый фæдыл сагъæстæ. Нафийы прозæ ныфсджынæй цæуы цард æмæ адæй-- мадл<ы вазыгджын рæстдзинадмæ. 1965
ХОРЗ ÆМÆ АЛЫХУЫЗОН Фæстаг азты нæ поэзимæ æрбацыд ног фæл- тæр. Уыцы фæлтæр карæй иухуызон нæу — чи дзы хис- .дæрг у, чи та — кæсдæр. Литературæмæ дæр иу рæстæджы не ’рбацыдысты — чи раздæр, чи та — фæстæдæр. Фæлæ мах куы фæзæгъæм «ирон поэзийы ног фæлтæр», уæд нæ зæрды вæййынц Козаты Исидор, Харебаты Леонид, Бахъаты Нугзар, Хостыхъоты Зинæ, Æлборты Хаджу- мар, Хъодалаты Герсан, Плиты Феликс, Миндиашвили Серго... Бирæ сæм ис иухуызон миниуджытæ, фæлæ би- рæ цæмæйдæрты хицæн кæнынц сæ кæрæдзийæ. Кæд нырма алыфарсонæй нæ раргом сты сæ курдиæттæ, сæ аивадон гæнæнтæ, уæддæр дзы поэзийы иумæйаг ор- кестры алкæмæн дæр бæрæг дары йæ хъæлæсы уаг. Уыдон æрцыдысты алы рæттæн, алчи дæр йæхи цардон фæлтæрддзинадимæ, йæхи цинтæ æмæ йæхи хъыгтимæ, йæхи ахорæнтæ æмæ уды тæлмæнтимæ, алкæмæ дæр дзы ис йæхи ахсджиаг зæгъинæгтæ. Уыдон иу кæны æмæ сæ кæрæдзийыл бæтты иу ахъаз- заг тырнынад — кæмæн дзы куыд йæ бон у, афтæ балæггад кæна ирон æвзагæн, ирон поэзийæн, ирон -адæмæн. Алкæмæ дæр дзы бакæсдзынæ зæрдæзæгъгæ рæнхъытæ Ирыстоны тьгахæй. Йæ ивгъуыд, йæ абон, йæ фидæны сагъæс — ахæм у сæ поэзийы лейтмотив. О, мæ рагон, ме ’рыгон адæм! ’ Æз дæ райсом, дæ изæрыл сагъæсæй Цинæй масты ’хсæн судзгæ лæууын, — -Æлборты Хаджумары ацы æнкъарæн æнæуæрст у ра- ^нымайгæ поэттæн. Бахъаты Нугзарæн Ир у йæ сагъæс- дон, фыдæлты уæлхохавдæн. Поэт цæры ирон адæмы цин æмæ хъыгæй. Уымæ гæсгæ — «удхæссæг дзы искæй уд куы исы, уæд йæ разы балæууы мæ уд». Поэттæн, -сæхи удау, адджын у Ирыстонæн йæ хох æмæ йæ бы- дыр, фæнды сæ, хæхтау бæрзонд куы уаиккой. Хæхтæ сын сты сæ зæрдæйы моралон * удыхъæды бæрзæнд. :<:<Фæнды мæ бæрзонд хох уæвын мæ домбайкъух сауæр- фыг Иры», — зæгъы йæ бæллиц Хостыхъоты Зинæ. По- эттæ сæ удæгас æмæ сæ мæлæт бæттынц Ирыстоны хъысмæтимæ. Уæлæмæ, хæхты цъуппытæм тырны сæ зæрдæ — лæджыхъæдæй дæр æмæ поэтиконæй дæр. .304
Ирыстоны раз бæрндзинад домы уарзт дæр, æппæлд дæр, фыдæх æмæ уайдзæф дæр. Зæрдæрисгæ дзуры Ха- ребаты Леонид йæ рагонфыдæлмæ: Авгау нæ тарстæ, Мæ фыдæл, Дæ зæххæн Æмæ дын нызгъæлæнтæ, — 'Рхаудта дæ къухтæй... Æз ныр йæ пырхæнтыл* зилын Æмæ сæ уидзын... Фæстаг рæстæджы Ирыстоны темæ органиконæй ба- цыд Козаты Исидоры æмдзæвгæтæм. Ирон лæджы- хъæд, ирон зæххы ахадындинад, ироны намыс æмæ бæрндзинад — адон сты йæ иугæндзон сагъæсты сæр- æвæрæн. Исидоры æмдзæвгæты ис æмбæхст æмæ карз полемикæ, Ирыстонæн аккаг аргъ чи нæ кæны, уыдо- нимæ. Поэт нæ хæхты хорз сбуц кæндзæн алы уазæ- джы дæр, «æрмæст дæуæн нæ ратдзынæн мæ бартæ, — æз фысым дæн, хицау дæн нæ хæхты!..» Ирыстоны са- гъæс поэты æркодта афористон, цæстахадгæ хъуыды- мæ: Зæххыл куы нæ цæриккой Ир, Уæд дуне уаид къахыр. Ирыстон — дунейы иу хай — цух нæу дунейы хъыг- тæ æмæ цинтæй. Ирон поэт Ирыстонй зæрдæ куы рав- диса, уæд уымæн уыдзæн канд национ нæ, фæлæ ма интернацион нысаниуæг дæр. Поэтæн йæ цæстытæ куы уой Ирыстоны кæсæнтæ, уæд йæ зарæг æнæмæнг фе- чъуысдзæн иннæ бæстæтæм дæр. Æмæ уый тыххæй раст фыссы Исидор: Æз бæллын, — нæ поэтты фыдзонддæр, — Кæд мæ зарæг Иры хæхты сыстдзæн, Уæд нæ хæхтæй нæй хæхтæ бæрзонддæр, Æмæ суанг дунетыл дæр хъуысдзæн. Зæрдæ агайы нæ поэтты фæлгонцон-реалистон уыны- над. Ирон æрдзы цæстуынгæ нывтæ хъармгонд цæуынц лирикон зæрдæйы уагæй. Ирон хъæууон цард æмæ куыст алыхуызон хæдбындур деталгæ, абарстытæ æмæ эпи- тетты фæрцы нæ цæсты раз сыстынц цардæгасæй, аф- тæ нæм фæкæсы, цыма сæ фыццаг хатт уынæм æмæ сае 20. Дзуццаты X. 305
фыццаг хатт банкъарæм. Уый поэзийы кæлæнгæнæг. мйниуæг у. Дуне конд у иууылдæр, фæлæ йæм йоэт куы акæсы, уæд та яæ ногæй -бакæны — йæхадæн дæр æмæ цахæн дæр. Ахæмтæ сты, Хъодалаты Герсан йæ рох авдæны тыххæй, йæ сабибонты тыххæй цы фыссы, уы- дон. Поэт дзуры йæ авдæнмæ: Дæ хъæдыл, сидзæрау, æрфынæй Гыццийы .ало-лайы зарæг. Æмæ йæ милгъуыз зæлдаг тынæй Ыстыхта бургуыбын хæлуарæг. Сæрд фæци æмæ — «снард, йæ фæллад уадзы цæхæра- цъæхбецыкк», бурзыкъуыри нас .хæмпæлты хуыссы — «уый нæ гыццыл рæуæд адыиджыри бастæй». Алы афонты хъæууон царды нывтæ зæрдæмæхъаргæ , сты Мтшдиашвили Сергомæ дæр (æмдзæвгæтæ «Хъæу- уон зымæг», «Уалдзæджы нывтæй»). Уæлдай арф уыны æмæ æнкъарыхъæууон{æрдзПлиты Феликс. Цыдæрид- дæр æм хорз æмдзæвгæтæ ис, уыдон сты, йæт загъдау. æрдзы зарæг. Сæрды — «цъæх нартхоры хъæбысы рæзы бурсæр сывæллон», «сбырыд бæласы дзыппæй æхсæвы лымæн уыг», «тоны мусы æрфыг мыстхор рувас йæ ных- тæй». Арв æм къæвдайы рæстæджы куыд разыны? Къæв- да хоры хос кæй у, уый сур ныхæстæй нæ зæгъы. Арв æм у мусы хуызæн — «уæлæ уæларвы дæлгоммæ къуырф мусы бафтыдта чидæр цъæх мæкъуылтæй най». Æмæ къæвда куы банцад, куы æризæр, уæд «мусы сырх мæ- нæутæ баззад». Феликс æмæ йе ’ннæ æмбæлттæм тых- джын у æрдз æмæ адæймаджы иудзинады æнкъарæн. Уымæй бæрæг кæны се стыр уарзондзинад сæ райгуы- рæн бæстæм. Алфæмблай материалон-æрмæгон-дзаумайон дуне уд- джынæй, йæ диалёктикон раив-баивтимæ цæуы нæ поэтты сфæлдыст&дмæ. Уый алы хатт нæ ныррухс вæййы егъау индивидуалон «хъуыды æмæ æнкъарæнæй, фæлæ уæд- дæр мах ассоциативонæй асайы а-зæххы царды æнусон рæсугъддзинадмæ, алæмæттаг æмæ зына’ргъ чи у, уыцы сагъæсмæ. Ахæмтæ сты Æлборты Хаджумары æмдзæв- гæтæ «Идеал» æмæ «Æвæджиаг изæр». Хуымæтæг факт- тæ — æхсæв мæйрухсы чызг йæхи доны найы, чызджы- таё’къуылдымыл -бадынц æмæ хъазынц тыччыйæ— поэты зæрдæйы райсынц уæрæх-æмбырдгæнæн, æхцон-роман- тикон ахаст. 306
Канд нæхи’ирон æрдз нæ, фæлæ æндæр бæстæты æрдз дæр нæ поэттæ æвдисынц сæхцрдыгонау. Уæлдай уарзон сын фæцис денджыз, арæх æй бæттынц нæ сахъ фыдæлтæ — аланты хъысмæтимæ . Æлборы / фыртмæ денджыз — æвирхъау масты символ — «æрра бæхау> слæууыд йæ фæстæгтыл». Кæсагластæ, «æнамонд хотау, сæ раттæг денджызыл ныххауынц дæлгоммæ». Иæ фæл- гонцтæн ис ирон бындур-—зн-æт чбæх æмæ æнамонд хо- тимæ абарстытæ. Æндæрхуызон у денджыз Миндиашви- ли Сергомæ — сæумæраджы денджызмæ кæсгæйæ поэты æндыгъд фæдис: Рухс хурæн байрæджы... (У°УУ> кæд ныххуыдуги!)... «Рацæуын!»— айзæлыд хъомысджын хъæр. Хуры цыллæ тынтæм денджыз ныххудти, Нау «Метеор» дзы сдардта йæ сæр! Материалон дунеимæ бастæй поэттæ æргом кæнынц сæ зæрдæйы алыхуызон æнкъарæнтæ. Уыдон вæййынц куы философон-иумæйаг, куы интимон-цардыуагон. Æрдз, алфæмблай предметтæ арæх баст цæуынц уарз- ты æнкъарæнимæ. Уарзт — иууыл интимондæр, инди- видуалондæр æнкъарæн — хъуамæ кæнид хæдбындур, оригиналон уацмыстæм. Фæлæ арæх нæ поэтты уарзты æмдзæвгæтæ фаззæттау æнгæстæ рауайынц, ногдзина- дæй нын нæ зæрдæ нæ бакъуырынц. Фæлæ лирикæйы уыцы къабазы дæр иуæй-иутæн ис сæхи æрмдзæф, сæхи индивидуалон цæсгом. Уарзты те- мæ арæхстджынæй фæлгъауы Хостыхъоты Зинæ. Уарзт æм у драматикон, вазыгджын. Йæ алы фæзилæнтæ, йæ цин дæр æмæ йæ хъыг дæр Зинæйы æмдзæвгæты зы- нынц реалонæй, авторы зæрдае райсы æрдзы хуыз, æрдз та — авторы зæрдæйы хуыз. Фаг у æрхæссынæн иу цæвиттон — уый характерон у æмткæй Зинæйы уарзты лирикæйæн. Иæ уарзон ын кæддæр дзырдта, зæгъгæ, къаба дын раскъуыдтон арвæй. Ныр куы фæхицæн сты, поэтессæ хъизæмар куы ’взары, уæд æм афтæ ка- сы, цыма арвы уыцы скъуыдæй йæ сæрыл уары мит. Зинæйы фæлгонцон уынынад у бирæнысаниуæгджын. Уарзт гæзæмæ юморы ахуырстæй — уым ис æнтыст 307
Бахъаты Нугзарæн. Изæрыг&тты, йæ уарзон кæм цæры, уырдæм æрцæуы. Фæнды йæ, куы ничи йæ базонид æмæ лæгъсхæ кæны куыдзæн: Мила, Мила, Цæй æрхæц дæ дзыхыл, Ма райхъал кæн сыхы, Ма ратон дæ бæттæн, Ма мын хал мæ фæндтæ... Зæрдæбын лиризм æмæ юмор сты Харебаты ЛеониЦ ды поэзийы сæйраг миниуджытæ. Бирæхуызон темæтыл фыссы, фæлæ фылдæр йæ хъус дары моралон-цардуа- гон фарстытæм, уарзт æмæ бинонты царды ахастытæм. Сабийы йæ мадимæ ныууагъта сæ фыд. Чысыл сывæл- лон фыны федта йæ фыды. Мады нæ фæнды, цæмæй саби æцæгдзинад зона: «Дæ баба, æцæгдæр, Дысон ам уыд, къафеттæ æрхаста...» Загъта мад æмæ чырыны къуымæй систа й’ армы йæ фыртæн къафеттæ, иу чысыл дзы фæуагъта: уæд та ма фыны ноджы йæ бабайы федта. Харебайы фыртмæ арæх лиризм æмæ юмор æддæг- мидæг ауайынц, арæх та вæййынц хицæнтæй. Хицæнтæй кæм вæййынц, уым юмор хаттæй-хатт ахизы рæхойаг сатирæмæ. Чысыл афæлгæсты фадат нæй алы поэтыл дæр алы- фарсонæй æрдзурынæн. Æз банысан кодтон, алкæмæн дæр дзы сæйраг чи у, æрмæстдæр уыцы миниуджытæ. Алы поэтæн дæр фæаргъчындæуы, хорз æм цы ис, хорзæй цы сарæзта, уымæ гæсгæ. Фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ сæм цы хъуагдзинæдтæ ис, уыдонæн сæ иувæрсты ахизын хъæуы. Нæ поэттæ арæх фыссынц æхсæнадон-политикон те- мæтыл, фæлæ сын рауайынц уæлæнгай, риторикон, мæ- нæ;цыма газеты раззаг уац рифмæгæнæг рæнхъытæй рацаразынц, афтæ. Ахæм æмдзæвгæтæ ис Бахъаты Нуг- зармæ, Хостыхъоты Зинæмæ, Плиты Феликсмæ йемæ иннæтæм дæр. Æвæццæгæн, сæ зæрдæйы арфæй не са- бузынц, ',нæ бахсидынц сæхи уды зынгæй. Не ’хсæ’нады бæрзонд, æппæтиумæйаг хэбæрттæ нæ сырæзынц хи- 308
сæрмагонд эмоцимæ, не свæййынц стонг æмæ уарзты хуызæн инстинкт. Бирæ уацмыстæ сты эмпирикон, афыстон, ома даргъ.- уæрæх фæнымайынц цахæмдæр деталтæ, фæлгонцон- метафорон абарстытæ дæр дзы вæййы, фæлæ не сба- зырджын вæййынц оригиналон хъуыды æмæ æнкъары- надæй. Ахæм бынæттæ уæлдай арæх вæййынц егъау жанрты, поэмæты æмæ лирикон бонæгты. Арæх нæ поэттæ нæ бауу&ндынц сæ фæлгонцты хъа- руйыл æмæ сын комментаритæ фæкæнынц фæлурс иу- мæйаг ныхæстæй. Уыцы хъуагдзинад ис Æлборты Ха- джумармæ, Плиты Феликсмæ, Миндиашвили Сергомæ. Ахæм рæстæджы поэт хъуамæ æгъатыр уа — æнæхъуа- джы рæнхъытæ хахх кæнынмæ чи арæхсы, уый амонд- джын курдиаты хицау у. Нæй зæгъæн, зæгъгæ, нæ поэттæн сæ формалон куль- турæ ницыуал хъуаг у. Уый фылдæр хауы, къласйкон стихæй чи фыссы, уыдонмæ. Ритмикон кæлдтытæ, æгъуыз рифмæтæ, æнæкусгæ дзырдтæ*— адон ныллæг кæнынц æгæрыстæмæй хорз æмдзæвгæты ахадындзинад дæр. Уыцы хъуыддаджы рæвдз у Козаты Исидоры æмдзæв- гæ: сыгъдæг строфæтæ, хæрзкуыст рæнхъытæ, ритми- кон хæрзконддзинад. Æз афтæ нæ зæгъын, æмзе нæ поэттæ формæйæн та- бу кæной. Стихы техникæ, формалон культурæ æнæмæнг хъæуынц алы поэты дæр, фæлæ сæйраг уый нæу. Сæй- раг у курдиат, сæйраг у адæймаджы зæрдæйы æнæ- зонгæ æвæрæнтæм фæндаг агурын. Чиныгкæсæг æн- хъæлмæ кæсы уды хæлцмæ æмæ йын поэт йæ къухы хъуамæ макуы нывæра уазал дур. Поэттæ ахуыр кæнынц адæмыл æмæ ахуыр кæнынц адæмьт. Поэт хъуамæ уа сыгъдæг, хæлар зæрдæйы хи- цау. Исидоры загъдау, а-дунейыл алцы дæр æнцон у, «æрмæст зын у лæгау-лæгæй фæцæрын, адæмы ’хсæн адæймаг ысу/æвын». Алы поэт дæр хъуамæ æцæг лæг 1уа, кæннод поэт дæр нæ уыдзæн. Æмткæй поэзийы нысан фьь дæлтæй фæстæмæ ахæм у — зæххыл цы адæм цæры, уыдон хъуамæ суой лæгуарзон, сыгъдæгзæрдæ æмæ рæс- таг. » 1967 309
БАРАТАШВИЛИ ÆМÆ ИРЫСТОН Бараташвилийы цытджын юбилейои бонты алы иро- нæн дæр æхсызгон у æрымысын, поэт уарзты сыгъдæг тæгтæй баст кæй уыд Ирыстонимæ. Кæйдæр ныхæстæй йæ нæ зыдта, фæлæ йæ федта нæхи цæстæй, йе ’рдзы рæсугъддзинад æмæ йæ царды комулæфт ын бавзæрста йæхи зæрдæйæ. Документалон æвдисæн’тæ баззад, Ба- раташвили Ирыстонмæ, номхуындæй Чысангоммæ-, арæх кæй æфтыд, уый тыххæй. Поэты хо Къатъо смой кодта Чысаны æлдæртты фырт Ерыстау Реуазæй. Чындзæхсæв €ын куы скодтой, уæд Ахалгормæ (ныры Ленингормæ)- семæ æрбацыд Бараташвили дæ^. Уæды хабæрттæ поэт лыстæггай ныффыста йæ мадыфсымæр Орбелиани За- хармæ. Сæрды тæмæн, Алеуы дзуарыбоны рæстæг. «Дисса- джы бæрæгбон уыдис, — фыста Бараташвнли. — Ахал- горæй 12 версты мидæгдæр, бæрзонд хохы цъуппыл. Сылгоймæгтæ бæхтыл бадгæйæ, пæлæзтæ сæ уæлæ, ау- уондартимæ, бирæ лæггадгæнæг адæмимæ, ирон зар- джытæм хъусгæйæ, сфардæг сты дзуармæ кувынмæ». Цымыдисаг у иу хабар: поэтæн немæ уыдис номдзыд персайнаг зараг лæг, тенор Сатарæ {-алы куывдмæ дæр æй йемæ кодта, бирæ йын уарзта йæ зарынмæ хъусын) æмæ Сатарæйы зарджыты æмрæнхъ ирон зарджытæ къаддæр æхцон нæ уыдысты поэты зæрдæйæн. Бæрæг у, уыдон дзы кæй ныууагътой арф поэтикон æмæ ро- мвнтикон тæлмæнтæ. Æмæ уый канд уыцы иу хатт нæ уыдаид. Поэты дисы æфтыдта Ирыетоны «алæмæтон æрдз». Уый йын дзуапп лæвæрдта йæ романтикон бæрзонд удыхъæдæн, уыдис йе ’нæнцой æнкъарæн æмæ хъуыды- йæн æввахс, хицон, тугхæстæг. Уыдон — ирон æрдз æмæ лоэты натурæ — баиу сты, Кетеваны æнамонд уарзты хьарæг æмæ Чысаны дон куыд баиу сты, афтæ (æм- дза&вгæ «Кетеван»). Уылæн уылæныфæсуры, Къутæр къутæримæ дзуры: Уый, рæсугъд хæхты хъæбысы ХъаЛ’Чысаны дон фæбырсы. Кетеван Чысаны донæн мæйрухс, æрхæидæг æхсæвы ракодта йæ хъизæмайраг сагъæс йæ уарзоны амæлæты 310
фæстæ. «Зарæг хъарæджимæ схæццæ, цæссыг уылæн- тæм ныццыхцыр». Ацыд йæ уарзоны фæдыл — донмæ йæхи кæсагау нысхуыста. «Амирбар!» — зæгъгæ,. йæ цъæхахст доны дæлуылæн дзыназы». Поэмæ «Гуырдзыстоны хъысмæт»-ы паддзахы уы- наффæгæнæг Солæман, Ерекъле паддзах Гуырдзыстоны Урысимæ баиу кæнын кæй сфæнд кодта, ууыл сагъæс- гæнгæйæ, æрбацыд Чысангоммæ — уым’ уыдысты йæби- нонтæ, уырдæм сæ æрбакодта, Агъа-Мамед-хан куы ’рбабырста, уæд. Чысангомы Солæманы уæззау æмæ зондджын хъуыдытæ æргомæй ранывæзтой сæхи, йæ ус Софьяимæ фæныхæстæ кодтой, чердæм фæкæной Гуыр- дзыстоны, йæ хъыс^мæт .ын куыд алыг кæной, уыдæтты тыххæй. Солæман æмæ поэт буц сты Софьяйæ — гуыр- дзиаг национ хæдбардзинад, национ характер æмæ’уды- хъæд фесæфой, ууыл никуы сразы уыдзæн. Поэт ын кад кæны æмæ сæ ных цæвы, йæ дуджы йæ бæстæйæн æнувыд патриот чи нæу* уыцы сылгоймæгтæн. Лбон сыстæмис ахæм сылыстæг, Афтæ чи уарза райгуырæн бæстæ. Сау цæгатаг дымгæ сæм æркалди, Туг сæ дадзинты мидæг ныссалди. Нал сæ зæрдæ фыдыбæстыл риссы, Нал сæ хъæбулты хъизæмар исынц. Уадз, Гуырдзыстон æссæст уæд, æрхæндæг, — 'Рмæст ма исты хур фенæд сæхæдæг! Чизоны, уыдис ма Ирыстонимæ поэты бастдзинадæн æндæр æвдисæнтæ дæр* Фæлæ, хъыгагæн, поэты фыс- тытæ’ (уыцы нымæцы йæ фыстæджытæ дæр) се ’ппæт не ’рхæццæ сты махмæ. Бараташвилийы фыстытæй махæн ныртæккæ нæ къухы ис æртын авд æмдзæвгæйы, иу поэмæ æмæ æстд&с фыстæджы (уыдонæй дæр фæстаг æрмæст скъуыддзаг у). Ирыстоны уæвгæйæ, поэт канд ирон æрдзыл нæ дис кодта, фæлæ ма лæмбынæг йæ хъус дардтаид ирон поэтикон фольклор æмæ этиогра- фимæ, ирон æвзаджы ахастмæ. Хуымæтæджы нæу, йæ иу фыстæджы кæй ис ирон дзырд «кизга» («чьгзг», зæгъ- гæ). Бараташвилийы ахъаззаг, новаторон - поэзи Ирыс- тонмæ æрбацыд барджынæй, рæдауæй, уымæн æмæ йæ рæстæджы гуырдзиаг адæмы царды бындурыл цы егъау æппæтадæймагон проблемæтæ фæлгъауы, уыдон, иннæ 311
адæмтау, ахсджиаг сты ирон адæмæн дæр. Фыццаг хатт Бараташвили æххæстæй æрлæууыд ирон адæмы раз, йæ амæлæтыл 100 азы куы рацыд, уæд. Уымæй размæ дæр поэт зонгæ уыд ирон адæмæн — кастысты йæ гуырдзиагау æмæ уырыссагау, фæлæ йе ’цæг фембæлд ирон адæмимæ уыдис 1945 азы октябры мæйы. Уæд ирон мыхуыр хуссары дæр æмæ цæгаты дæр йе ’ргом парахатæй скодта гуырдзиаг генион поэты цард æмæ сфæлдыстадмæ. Йе ’мдзæвгæтæ йын ирон æвзагмæ ра- ивыныл зæрдиагæй бакуыстой Нигер, Гафез, Саулохты Мухтар æмæ æнд. Газеттæ æмæ йыл журнæлтты ныф- фыстой бирæ уацтæ, ирон чиныгкæсæгæн æргом кодтой стыр ’поэты сфæлдыстады мидис æмæ æнæмæлгæ аха- дындзннад. Журнал «Фидиуæг» Бараташвилийæн схæлар кодта сæрмагонд номыр, цыран мыхуыр æрцыдис йе ’мдзæв- гæтæн сæ фылдæр. Редакцион уацы дзырдæуыд: «Нæ дугæй Бараташвилийы ’хсæн ис 100 азы, фæлæ йæ уац- мыстæ абон ирон æвзагыл стъалытау сæрттывтой æмæ сæ ирд рухс нæ хохрæбынтæм бахæццæ уыдзæн». Фæс- тæдæр, 1947 азы, Бараташвилийы уацмыстæ мыхуыры рацыдысты хицæн чиныгæй. Ирон поэттæ æвдыстой сæ уарзондзинад Бараташви- лимæ. Æвдыстой йæ канд уацтæ æмæ тæлмæцтæй нæ, фæлæ ма йæ номьтл цы ’мдзæвгæтæ ныффыстой, уыдо- нæй дæр. Бирæтæ дзы хъуаг уыдысты бæрзонд аива- дæй, фæлæ уæддæр бæлвырд кодтой уый, æмæ сæм Ба- раташвилийы сфæлдыстад арф кæй бахъардта, кæй йын ахуыр кодтой æмæ дзы кæй хъæздыг кодтой сæ поэтн- кон дæсныйад. Поэты ’æнахуыр хъысмæт, йе ’намонд уарзт Чъав- чъавадзе Екатеринæмæ, йæ бирæ фыдæбæттæ, йæ рай- гуырæн зæххæй дард ран йæ удхайраг цæрдтытæ, йæ рагмæлæт 27-аздзыд лæппуйæ, йе ’ртæ ингæны, йе ’гъуыстаг поэтикон хъару æмæ размæхонæг монц — адон æвзæрын кæнынц поэтикон уæлтæмæн, дæттынц бæр- кадджын æрмæг зæрдæмæхъаргæ аивадон уацмыстæ сфæлдисынæн. Поэт йæ уарзон Екатеринæйы хъусцæ- джы змæлдмæ куыд æрратæ кодта, ууыл Нартыхты Михал ныффыста æмдзæвгæ æмæ дзы æвдисы поэты æнамонд уарзты хъынцъым, хъусцæджы змæлд æмæ поэ- ты зæрдæйы змæлд. Ирон поэтты сфæлдыстады æнцон рахатæн у Бар.а- 312
ташвилийы æндæвдад. Мæнмæ гæсгæ, уымæн иууыл ху’ыздæр дæнцæг у Бестауты Гиуæргийы поэзи. Роман- тикон темперамент, романтикон символон пейзажтæ, тæвдтуг ритмтæ, иугæндзон змæлгæ, хъæддых динами- кæ, æнкъард, хъынцъымгæнæг сагъæс — гуырдзиаг поэты ацы миниуджытæ хицон сты ирон поэты дунеæнкъары- надæн. Поэт зæххæй йæхи нæ атоны, фæлæ, зæххыл æнцой кæнгæйæ, зæхх æмæ нырыккон адæмы уды домæн- тæм хъусгæйæ, здахы йæ поэтикон æфсургъ романти- кон бæрзæндтæм. Уыцы æндæвдад нæу хуымæтæг фæз- мыны хуызæн, фæлæ поэтæн бар дæтты йæхи сæрмагонд гæнæнтæ хурмæ ракалынæн. Уый у — дзырд нæ цæуы курдиаты асыл — æндæр æмæ æндæр дугты цæрæг поэт- ты хицондзинад. Æвæццæгæн, афтæ кæй у, уымæ гæсгæ бантыст Бес- тауы фыртæн гуырдзиаг романтичы цæхæркал, знæт æх- сар арæхстджынæй раирон кæнын. Ирон æвзагыл цард- æгасæй сдзырдтой Бараташвилийы номдзыд æмдзæвгæ- тæ «Æфсургъ» («Мерани»)/ «Кетеван», «Хъуыдытæ Къуары былыл», «Ме стъалымæ» æмæ æнд. Уыцы тæл- мæцтæ бацыдысты, Бараташвилийы райгуырды 150 азы бонмæ дыккаг хатт иронау кæй рауагътам, уыцы чи- ныгмæ. Поэты æмдзæвгæтæн сæ фылдæр сты ног тæлмац. Раздæры тæлмæцтæм ногæй æркастысты сæ автортæ, фæхуыздæр сæ кодтой, ирддæрæй дзы разындысты ори- гиналы миниуджытæ. Æз зæгъын Гафез, Плиты Илья æмæ Асаты Реуазы тæлмæцтæй. Ног тæлмæцтыл хорз бакуыстой Дзугаты Георгий, Джусойты Нафи, Æлборты Хаджумар, Хъодалаты Герсан, Миндиашвили Серго. Бæгуыдæр, тæлмæцтæ иу æмвæзадыл нæ лæууынц. Иуæй-иу æмдзæвгæтæ кæд бæлвырд, раст тæлмац сты, уæддæр дзы сæрибарæй нæ улæфы оригинал, кæмдæрты, цыма, нымæггонд у йæ цардæгас зынг. Ис дзы ритм, риф- мæ æмæ стилы æнæфердæхтдзинад, ранæй-рæтты поэты хъуыды æмæ æнкъарæн дзырдуатон фæлмæй нæ рас- тынц сыгъдæгæй, сæ фыццагон кондæп. Фæлæ, æмткæй райсгæйæ, ирон чиныгкæсæгимæ Ба- раташвилийы дыккаг фембæлд раппæлинаг у. Къорд æмдзæвгæйы дзы кæсæм, мæнæ цыма ирон сты, афтæ. Тæлмацгæнджытæ алкæм комкоммæ нæ ивынц ориги- налы бæрцбарæнтæ, йæ рифмæты амад. Ирон стих æмæ æвзаджы æууæлтæ хынцгæйæ, уыдон нæ исынц ориги- налы копитæ, фæлæ йын аразынц сфæлдыстадон порт- 31а
рет, ирон æвзагыл ын æвдисынц йæ сурæт. Уыцы хъуыд*, даджы сын тынг фæахъаз уырыссаг æвзагмæ Бара- ташвилийы хуыздæр тæлмацгæнæг, поэзийы стыр да^с- ны Пастернак Барисы фæлтæрддзинад. Абон Браташвилийы поэтикон арвы стъалытæ — йе ’мдзæвгæтæ ноджы тынгдæр сæрттывтой иронау æмæ сæ рухс ноджы арфдæр, ноджы æххæстдæрæй бахæццæ уыдзæн нæ хохрæбынтæм, ирон адæмы зæрдæмæ. 1968 ФЫЛДÆР ДОМЫНАД, ФЫЛДÆР БÆРНДЗИНАД Коммунизм аразыны фæндагыл нæ адæм размæ куыд егъаудæр къахдзæфтæй цæуынц, афтæ тынгдæр рæзы литературæйы нысаниуæг, тынгдæр хъуамæ ахъаз кæна советон адæймаджы дунеæмбарынад, моралон удыхъæд аемæ лæгуарзондзинад бæрзондæй-бæрзонддæр кæны- нæн. Партион документты лæвæрд цæуынц, фысджытæн се ’рвылбонон куысты сæрæвæрæн чи хъуамæ уа, ахæм ахсджиаг бацамындтæ, ома цы æмæ куыд аразын хъæ- уы, цы цæстæй кæсын хъæуы царды вазыгджын про- цесстæм, цæмæй литературæ намысджынæй фида йæ хæс партийы раз, адæмы раз. Ленины эстетикон бынлуртыл æнцой кæнгæйæ, парти фидарæй зæгъы, зæгъгæ, цас нывгæнæг æнгомдæр баст уа цардимæ, уыйас фылдæр æмхиц у сфæлдыстадон уæлахизтæм. Цард тындзы размæ, цард ивы, æмæ фыс- сæг иугæндзон йе ’мдзу куынæ кæна, уæд фæсте баз- зайдзæн, йæ фыстытæй дзуапп нæ дæтдзæн царды æмæ адæмы судзаг фарстытæн, нæ сын ахсдзæн æмæ сын нæ равдисдзæн сæ тугдадзины хæдхуыз, æвæлхатт змæлд. Нæ фысджытæй бирæтæ нырыккон цард хорз кæнæ фаг хорз кæй иæ зонынц, уый тыххæй нæм нырма дзæвгар уацмысты цард æвдыст цæуы зноны кæнæ ноджы дард- дæр ивгъуыды цæстæй, зæронд фæлтæрддзинады ныл- лæг бæрзæндæй. Ахæм уацмыстæ цух сты абоны бон советон адæймаджы интеллектуалон æмæ эмоцион куль- турæйæ, йæ удыхъæды нæртон хъæздыгдзинадæй. Уымæ гæсгæ схематикон, фæлурс æмæ примитивон рауайы куыд цардæн æмткæй йæхи, афтæ ма царды сæйраг хъайтар — не ’мрæстæгоны фæлгонц дæр. 314
Не ’мрæстæгоны фæлгонц саразын нæ къухы уæд бафтдзæн, кæд æмæ бæстон бамбарæм, зæгъгæ, сове- тон адæймаг йæ уидæгтæй арф баст у йæ ныййарæг зæх- химæ æмæ уыцы иурæстæг бæрзонд фæцыд арвмæ, канд йæхи зæххы мæт æй нæй, фæлæ ма йæ зæрдæйы хæссы æгас планетæйы сагъæс, æнцой йын нæ дæттынц æп- пæт адæймагады хъуæгтæ æмæ хъизæмартæ. Советоп адæймаджы гъе уыцы хиæмбарынад цасдæр бæрцæй æвдисы ирон поэзи, фæлæ афтæ зæгъæн нæй нæ лите- ратурæйы иннæ хуызтæй. Арæх нæ литературон хъай- тары зонд æмæ зæрдæйы арæнтæ вæййынц къуындæг, йæ хъуыды æмæ йе ’нкъарæн нæ хизынц иударон, их- сыд, æгъуыз уынаффæты къæсæй æддæмæ. Ыырыккон ирон адæймаджы арф, бæрзонд æмæ уæрæх миддуне бар нæ дæтты нæ фысджытæн, цæмæй лыстæг, æпæ- зынгæ, ницæйаг цыбæлтæ æмæ хъуыддæгтæй амайой аивадон мæсгуытæ. Ахæм мæсгуытæ сæхимæ никуы æркæ- сын кæндзысты адæмы, нæ сын бафсаддзысты сæ эстети- кон домæнтæ. Хъуамæ æнæмæнг бæрзонд (уа фысоæгæн йæхи æмæ йе ’вæрццаг хъайтарты дунемæ фæлгæсæн, сæ уды хæтæн. Æнæ уый æцæг, нырыккон литсратурæйыл дзурæн дæр пæй. Парти кæддæриддæр хъæддыхæп хæцы раст, бæл- вырд реалистон аивады фарс, хæцы аивады иувæрсыг- дзинады ныхмæ. Иувæрсыгдзинады бо’и нæу, æмæ фе- нын кæна царды диалектикон рæзт, царды бирæфарсон рæстдзинад. Дæ уацмысы цард сзыгъуыммæ кодтай, зæгъгæ, уымæй уæззаудæр æмæ риссагдæр уайдзæф нæй нывгæнæгæн æмæ уымæй тынгдæр мацæмæй хъуамæ тæрса. Махмæ уыд æмæ ныр дæр хаттæй-хатт фæзыпы, литературæйы иувæрсыг æвдисынадмæ чи схойы, ахæм фауинаг тенденцитæ. Иуæй-иутæ нæ абоны æцæгдзина- ды уыдтой æрмæст иу адæймаджы культы баззайæц- цæгтимæ тохы проблемæтæ, æгæр-æгæр сæ кодтой æмæ- иу бар-æнæбары афтæ рауад, цыма нæ абоны рæст- дзинад айдагъ уыдонæй аразгæ у. Иннæтæ та бæлвырд кодтой, зæгъгæ, нæ царды ницахæм культ уыд, алцы дæр дзы урс æмæ уардигъуыз уыд æмæ афтæмæй ныхдуртæ æвæцдтой ногдзинады раз. Ацы дыууæ тенденцийы дæр æмхуызон хæраймаг сты царды рæстдзинадæн, социа- листон реализмы принциптæн. Парти амоны, зæгъгæ, нывгæнæг хъуамæ уына æмæ æвдиса царды æвæрццаг æмæ æппæрццаг реалон ахас- 315
тытæ, хъуамæ дзы сæ иумæ дæр æмæ се ’ннæмæ дæр кæса революцион цæстæнгасæй, иртаса æмæ сын æргом кæна сæ социалон æмæ психологон уидæгтæ, акти- вонæй тох кæна æвæрццаджы фарс æмæ æппæрцца- джы ныхмæ. Советон адæймаджы ног удыхъæд фидар кæны зæ- ронд баззайæццæгтимæ иугæндзон æнæбафидаугæ тохы мндæг. Æгъатырæй цæвын хъæуы сæ ных коммунистон моралы антиподтæн: тыхтона, гæртам, æввонгхор, х^а- хуыр, анонимтæ, цæстмæми, цæстфæливæн æмæ æндæр ахæм æлгъаг фæзындтæн. Барын нæ хъæуы, хъуагдзи- нæдтае æмæ фауинаг цаутæм уазал цæстæй чи кæсы, йæхи сæ иуварс чи ласы, ахæм цыбырзонд адæймæг- тæн. Партийæн æнæуынон сты ’пассивондзинад æмæ куыд- фæндыйон, мещанон ахаст ныхмæвæрд, вазыгджын æцæг- дзинадмæ. Литературæ’хъуамæ уа — йæ коукоммæ хæс у, æмæ уа! — ныфсджын, уæндон æмæ рæстаг, бар ын нæй, æмæ царды хъуагдзинæдтæ, адæймаджы ристæ æмæ хъьтгты иувæрсты цæуа, куырм цæстæй сæм кæса æмæ сыл ма дзура дзыхыдзагæй. Фæлæ уыимæ литературæйæн бар нæй, æтиæ адæймаджы ма уарза, ма йыл æууæнда, ма йæ уырна йæ арфæйаг хъару, йæ рухс бæллицтæ æмæ тырнындзинæдты фæуæлахиз. Уыцы æвидигæ уырнын- дзинад куынæ уа литературæмæ, уæд æдзæллаг у, рæгъ- мæ рацæуыны аккаг нæу. Ацы хабар уæлдай ахсджиаг у, ныртæккæ буржуазон аивад дегуманизацигонд куы цæуы, адæймаджы намыс æмæ фидæныл дызæрдыгга- джы цъымарайы куы ныххауд, уæд. Советон литерату- рæ лæггад кæны адæймагæн æмæ йын йе ’ппæт’гæнæн- тæ дæр мобилизаци кæны дунейы сау фыдбылызтæ фе- сафынмæ, рæсугъд æмæ рæстаг дуне саразынмæ. Ныры хуызæн цæхгæр никуы ма æвæрдæуыд литера- турон сфæлдыстады хæрзхъæддзинады фарст. Махмæ тынг бирæ цæуы уацмыстæ — газеты, журналы, рауагъ- дады, фæлæ, хъыгагæн, сæ бæрц æмæ сæ хæрзхъæддзп- нады ’хсæн æгæр егъау дæрддзæг ис. Уыдонæй бирæтæ ницы пайда сты нæ дæр литературæйæн, нæ дæр æхсæ- надæн, æрмæст пайда сты сæ автортæн, — Шолоховы загъдау, пайда сын сты сæ сабитæн æхсыр балхæнынæн. Литературæйы «æхсырдзаутæ» цырд лæууынц актуа- лон ’темæтæм, сæхи сыл ныццæвынц аемæ ницы-мацы’гæй афыссынц «гуырахстджын» чингуытæ æмæ æппындæр 316
нæ тыхсынц, сæ сæр нæ риссын кæнынц, сæ хæцæнгæрз- тæ мæнг æхст кæй кæнынц, ууыл. Кэей зæгъын æй хъæ- уы, махæн ахсджиаг у темæйы актуалондзинад, фæлæ уый тугхæстæг куынæ уа идейон-аивадон актуалондзи- надимæ, уæд дзы ницы цæстырухс фендзæн абоны куль- турон æмæ бирæзонæг чиныгкæсæг. Литературæйы спецификæ иудадзыг зæрдыл даргæ- йæ, парти кæрæдзийæ никуы иппæрд кæны идейон æмæ аивадон райдайæнтæ. Уыдон хъуамæ кусой æмдых, æмуд, æмхъаруйæ. Мидис æмæ формæ,-хъуыды æмæ дæс- ньшад — адон æнгом иудзинадæй г.уыры æцæг аивадон сфæлдыстад. Цæмæй литературæ сæрхызт уа йæ алыхуызон лæ- мæгъдзинæдтæй, уый тыххæй парти фыццаджы-фыццаг кæсы фысджытæн сæхи намысмæ. Уыдон хъуамæфылдæр æмæ карздæр домой сæхицæй æмæ се ’мбæлттæй. Ли- тературæйы ахъаззаг миссийыл хъуыды кæнгæйæ, æцæг курдиат, цыфæнды бирæ куы сараза æмæ йын цыфæнды бирæ куы ’нтыса, уæддæр разы никуы вæййы йæ куыс- тæй, ’нæ ныззыны йæхимæ, фæлæ иугæндзон къæмдзæс- тыг у йæхи æмæ адæмы раз. Уый афтæ бирæ домы йæ- хицæй, ахæм егъау бæрндзинад æнкъары, æмæ йæм йæ нырыонг фыстыгæ ницы кæсынц,'æнхъæл у, зæгъгæ, йе ’цæг уацмыс нырма фыст нæу æмæ йæ, чи зоны, сомбо- ны ныффысса. Махмæ та, йæхи фыссæг чи хоны, уыдо- нæй бирæтæм арæх вæййы иунæг уырнындзинад: «Æз дæн зæххы бикъ æмæ комы дæгъæл!» æмæ иунæг домæн: «Мæ алы фыст дæр мын мыхуыр кæнут æмæ дзы æп- пæлут!» Рох кæнын нæ хъæуы Ленины ныхас, зæгъгæ, курди- ат стæм у, курдиаттæ фæскъæвдайы зокъотау не скæ- лынц зæххæй. Махмæ литературон атмосферæ фаг æн- дыгъд кæй нæу бæрндзинад æмæ домынады æнкъарæ- нæй, уымæ гæсгæ нæм æнцонæй мыхуыр цæуынц æнæуд, тутт, афтид уацмыстæ; рогæй нæм афысджытæ вæййынц, бынтондæр курдиат кæмæ нæй, æрдз æндæр цæмæндæр кæй рафæлдыста, ахæм адæймæгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ литературæйы хъуагдзи- нæдтæ кæм ис, уым æнæазым нæу литературон крити- кæ. Уый эстетикон æгъдауæй фаг цæттæ кæй нæу, йæ аргъгæнæн критеритæ бæлвырд æмæ бæрзонд кæй не сты, уымæ гæсгæ хаттæй-хатт рахау-бахау кæны вуль- гарон социологизмæй æнæхъола формализмы хъæбыс- 317
мæ. Ахæм хъуыддæгтæ сæрмæхæссинаг не сты советон критикæйæн. Парти домы критикæйæ, цæмæй уа принци- пон, уа бирæдомаг, фæлæ ма рох кæна уæздандзинад, не ’хсæнады эстетикон æмæ этикон нормæтæй æддæмæ ма хиза, аудгæ æмæ цæстуарзонæй кæса, аивадон хæр- зиуджытæ чи фæлдисы, уыдонмæ. Советон литературæйæн ис иу бындур — социалис- тон реализмы метод, ленинон адæмондзинад æмæ пар- тиондзинад. Фæлæ уый æппындæр афтæ æмбарын нæ хъæуы, зæгъгæ, нæ литературæ иу джиппы уагъд у, иу ахорæнæй ахуырст у. Социалистон реализм фадат дæт- ты алыхуызон нывгæнджытæн сæ алыхуызон индиви- дуалон, æвæлхатт, оригиналон миниуджытæ парахатæй раргом кэепынæн. Ивгъуыды къласикон æмæ национ традицитæм диалектикон цæстæй кæсгæйæ, советон ли- тературæйы æргом здæхт у новатордзинадмæ, цард æмæ фыссæджы ног мидисмæ гæсгæ гуырынц ног формæ, ног уынынад æмæ æвдисынад. Социалистон реализмæн но- ватордзинад йе ’рдзыконды ис, уымæйГ дæр иувæрсыг нæ, фæлæ алыфарсон, аивадон сфæлдыстады алы къа- бæзтыл дæр чи æххæссы, ахæм новатордзинад. Махмæ арæх дзырд æрхауы иу кæнæ иннæ -поэтикон æрмдзæф кæнæ æмдзæвгæамадыл, иу дзы хонæм хорз, иннæ та — æвзæр. Зæгъæм, арæх фехъусæн ис, зæгъгæ, нырыккон дунеон поэзийы цы раззагон ног амæлттæ ис, уыдон æцæ- гæлон сты ирон поэзийæн, ирон æвзагæн. Ахæм рæстæ- джы иу кæнæ иннæ быцæугæнæг къанон саразынмæ фæ- хъавы, йæхи удæн æхцон чи у, æрмæст уыцы аивадон манерæйæ. Ахæм фарсты цæхгæр æмæ сæртæг уынаф- фæтæ хæссын тæссаг у, уымæн æмæ уыдон бар-æнæба- рæ литературæйы процесс здахынц иухуызон, иувæрсыг фæндагмæ. Парти та æргомæй зæгъы, зæгъгæ, мах стæм сфæлдыстадон агуырдтытæм лæмбынæг хъусдарыны фарс, зæрдæргъæвддзинад æмæ курдиæттæ æххæстæй раргом кæныны фарс, формæтæ æмæ стилты алыхуы- зондзинад æмæ хъæздыгдзинады фарс. Парти æппæт дæр аразы уый тыххæй, цæмæй тынг байрæза советон адæймаджы уды культурæ. Уым нысан æмæ бæлвырд у «уды инженерты бынат». Уыдон хæс- джын сты, цæмæй уой уыцы кадджын номы аккаг, цæ- мæй, адæмæн дæттой бæрзонд идейон-аивадон сфæл- дыстад. 1471 318
СÆЙРÆГТÆ I НЫХАС КЪОСТАИЫ ТЫХХÆЙ 3 НЫХАС ЕЛБЫЗДЫХЪОЙЫ ТЫХХÆЙ 31 НЫХАС МАХАРБЕДЖЫ ТЫХХÆЙ 40 НЫХАС ЧЕРМЕНЫ ТЫХХÆЙ 56 НЫХАС СОЗЫРЫХЪОЙЫ ТЫХХÆЙ 72 II СТЫР ФÆЛГОНЦЫ БÆРЗÆНДТÆМ 90 ХÆСТЫ РÆСТДЗИНАД — ПОЭЗИИЫ РÆСТДЗИНАД 94 ПОЭЗИ ÆМÆ РÆСТДЗИНАД 101 ИДЕИОН-АИВАДОН ХÆРЗХЪÆДДЗ.ИНАД — СÆЙРАГ КОИ, СÆИРАГ МÆТ 109 ИВГÆ ДУНЕИЫ ЙВГÆ ПОЭЗИ 149 III ТАУРÆГЪАУ ÆМÆ ЗАРÆГАУ 172 ЙÆ ЗАРДЖЫТЫ ЦÆХÆР 181 БИРÆ АЗТЫ ФÆСТÆ 188 ПОЭТЫ ГОМ ЗÆРДÆ 197 ЗАРÆДЖЫ АККАГ 202 АДÆИМАГАУ ÆМÆ ПОЭТАУ 206 ПОЭТЫ ЗÆХХ ÆМÆ АРВ 219 КУЫД АРÆХСТ ÆМÆ КУЫД АРÆХСЫ, АФТÆ 226 ИÆХИЦÆЙ’ÆМÆ ИÆХИМÆ 229 АДÆИМАГ ÆМÆ РÆСТÆГ — ИУМÆ 234 IV РЕПОРТАЖ МÆ ИВГЪУЫДÆИ 241 , * 1953 азы журнал «Фидиуæг»-ы сатирикон æмдзæвгæты тыххæй . 242 * Хацырты Сергейы пьесæты тыххæй 244 * Дзугаты Георгий æмæ Нигайы фæйнæ радзырды тыххæй 247 * Джусойты Нафийы æмбырдгонд «Лирикæ»-йы тыххæй 250
* Асаты Реуазы чиныг «Балц Европæйы алыварс»-ы тыххæй * Пухаты Алыксандры æмбырдгæндтæ «Фидыдады хæлæрттæ» æмæ «Лирикæ»-йы тыххæй * Плиты Харитон сывæллæттæн цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уыдон тыххæй Шекспир Гоголь * Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæты тыххæй Æнусбонтæм уыдзысты æвзонг * Литературæйы хисдæртæ æмæ кæсдæрты тыххæй Саят-Нова Сфæлдыстадон хæлардзинад Ног азы ,размæ Зæрдæйы рæстдзинад Хорз æмæ алыхуызон Бараташвили æмæ 1>; мстон Фылдæр домынад, фь’ хæр бæрндзинад Хаджи-Мурат Аранбокович Дзуццати ВРЕМЯ И ЛИГЕРАТУРА Статьи на осетинском языке да^о-9«дАс>ф оАоБод0оЬ с)д б^ъсоо Редактор М. Р. Казиты Худож. редактор А. Д. В а н е е в Техн. редактор В. А. Тедеева Корректор Ж. Е. Гаглоева Сдано в набор 29. VII 1985 г. Подписано к печати 26. XI 1985 г. Формат бумаги бОхЭО1/^. Усл. печат. л. 16,8. Учет.-изд. л. 16,17. ЭТ 00235. Заказ № 1773. Тираж 1000 экз. Цена 1 руб. 60 коп. Издательство «Ирыстон», 383570, г. Цхинвал, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое производственное объединение Госкомиздата ГССР, 383570, г. Цхинвал,^ ул. Московская, 6. 254 256 259 261 263 266 268 272 274 279 288 292 304 310 314