Текст
                    ЦИРХЪ ÆМÆ ФÆНДЫР
Ис ахæм базырджын ныхас: сарамадзантæ куы
нæрынц, уæд музæтæ вæййынц æмыр, æгомыг. Уы-
цы ныхас иуæй раст у:|хæст йæ бындзармæ нын-
къусы адæмы цард, раивьГиæ ног уавæрмæ, скæны
йæ иувæрсыг—ал;цы дæр саразы знаджы басæттæн
тохмæ/Аивады рæзтæн йæ нормалюн фадæттæ, йæ
фæрæзтæ суынгæг вæййынц. Фæлæ историйы ахæм
дуг никуыма уыд, æмæ музæтæ бынтон ныхъхъус
уой, сармадзанты нæрынимæ музæты хъæлæс ма
хъуыса, цыфæнды уæззау æмæ карз куы уа хæст,
уæддæр. Хæ,сты фыццаг бонты рацæуæг газеты иу
ран бакастæн: «Хъæуывц згъæр, æртаг, сармадзан-
тæ, таектæ, хæдтæхджытæ...» æмæ ма сæм мæхи-
цæи бафтыдтон: «...поэзи».
Шрон адæм сæ равзæрдæй фæстæмæ иугæндзон
хæГæнты, стæрты, тохты уыдысты. Номхæссæн у
сæ хъæбатырдзинад, сæ хæстон курдиат. Фæлæ æр-
мæст тохгæнæг адæм куы уыдаижой, уæд ^абон сæ
кад цы у, уымæй бирæ къаддæр уаид. ИрЬн адæм
канд кард æмæ уартæй не ’вдыстой се сгуыхтдзи-
к’ад, фæлæ духовюц æгъдауæй дæр, аивадон сфæл-
дыстадæй дæр. Сæ культурон хæзнатæ гæххæтг
æмæ чиныгмæ нæ хастой (фьгссы’над-иу сæм куы
фæзынд, уæддæр-иу фесæфт, цы йыл æрцыд фыст,
уыдонæй дæр ницы -баззад). Алæмæтон нæртон
эпос, æнæнымæц аргъæуттæ, лиро-эпикон зарджьь
тæ æмæ кадджытæ, уы’ци-уьщитæ æмæ æмобисæнд-
тæ—иу фæлтæр сæ иннæ фæлтæры дзыхæй иста
æмæ сæ лæвæрдта йæ фæстагæттæм, уымæн æмæ
уьщы æнæмæлгæ шедевртæ æвдыстой ирон адæмы
цард, сæ тохы фæндæгтæ, сæ философи, сæ бæллиц-
3


тæ. Ирон адæм тох кодтой æмæ арæзтой сæ айва- дрн офæлдыстад. Зæрдæ сдзуры Абайты Уасойы ныхæстæ: «Сочетамие грубой и Жестокой воинствен- ности с 1ка1КОЙ-то особой привязанностью к музыке, песням и пляскам составляет одну из характерйых оюобеннастей " .нартаких ’ героев. Меч и фандыр — это как бьг двой/най символ нартокого народа».1 Фыдьибæстæйы Стыр хæст куы. байдыдта, уæд ироТТ адæм, Советон Цæдисы иннæ адæмтау, сæ тых, сæ хъару окодтой знаджы иыхмæ. Фронты раз, заг хахх зынг тæлм æрæвæрдта И’рыотоныл дæр. 1942 азы 6-æм чноябрæй 1943 азы 3-æм январмæ уд- хор фашисттæ æмæ Со)ветон Æфсады ’хсæн цы æгъатыр дзæхст-дзæхст уыд, уымæн æнуст^æм æв- дисæн у ирон зæхх. Фашисттæ сæ бьщъынæг тыд- той, цæмæй Ирыстокы зæрдæ афадой æмæ Арвы комыл афсæрой Фæскавказмæ, уырдыгæй та суанг Инди’мæ. Фæлæ ’сæ фæнд \сæ хъуыры фæбадта. Æгас Ирыстоны фæллойгæнджытæ—сабийæ зæрондмæ— сыстадысты тохмæ. Ирыстоны хæхтæ, рагон æндон мæсгуытау, сæхимæ хæстæг нæ бауагътой гитлерон æрдонгты, — иуты дзы басьвгътой, (иннæтæ сæ фæд- сæ фæд аздæхтысты ф&стæмæ. Ирон зæххыл карз хæсты кой бацыд къорд аивадои уац- мысмæ. Дзырдæн, Ирыстоны тыххæй фыссы Тъабидзе Га- лактиом: Уыцы бонтæн цырт хъуамæ самайон, Дур дурыл, фæлтæр фæлтæрыл æвæргæйæ, О, Дзæуджыхъæу, раст дæ къæсæрæй Нæ уæлахизтæ куыд байдыдтой, а^зтæ. (Дæлрæнхъон тæлмац) Светлов Михаил мард знагмæ дзуры: Я, убивший тебя под Моздоком, Так мечтал о вулкане далеком! (Æмдзæвгæ «Итальянец») 1 В. И. Абаев. Нартский эпос, Известия СОНИИ, Дзау- джикау, 1945, стр. 75. •4
. Советон Цæдисы хъайтар, тæхæг Руднева Евгения йæ ну æмдзæвгæйы фыста: Запомню я крепко Ардон и Дигору, Гизель, Моздок, Кадгарон, - ■ ■ Мы много с тобою летели в ту пору, Солидный врагу приносили урон. Рагон, сæрысгыр, æнæрщæф,. æнæкæрон бира.1 тохты бахсидæг ирон адæм д’ьпнкат дунеон хæеты сæхицæн самадтой лæджыхъæд æмæ намысы æрт- тиёг^æ гæн’ах. Ирысто’ны арæнтæ ма пиллон артæй куы сыгъдысгы, раст уыцы рæстæджы Павленко Петр фьиста: «Один из самых ’передовых, культур- ’ных народов Северного Кавказа осетинокий народ дал стране уже четырех Героев Советокого Союза /и более трехсот орденоносцев. Слово «осетин» с уважением лроизносится на всех фронтах Оте- чественной войны, ибо осетины паказали себя храбрыми и честными воинами».1 Нæ партийы Центрон Комитет æмæ Советон хи- ’ цауад къорд хæттыты банысаи кодтой фашизмы ныхмæ ирон адæмы æвæджиау хъæбатырдзинац æмæ лæджыхъæд. Ирæттæй Советон Цæдисы хъай- тартæ ис 53, инæлартæ та—23. Ахæм уыд ирон цирхъ, дзæнгæлтæ кодта, цæ- хæртæ калдта. Чи зоны, ирон фæндыры зæлланг уыйбæрц тыхджын нæ хъуыст, чи зоны, цирхъы цæфтау нæ ахадыдта, чи ’зоны, ирои поэзийы ном- дзыд инæлартæ æмæ хъайтартæ къаддæр ис, фæ- лæ уæддæр фæйдыр дæр йæ куыст кодта, йе ’рдзон тых æмæ йæ тæ-нты хъæд æй куыд амыдта, афтæ. Цирхъ карста—фæвдыр цагъта. Маяковский амыдта, зæгъгæ, «слово—тюлково- де.ц человечьей силы» æмæ иугæр афтæ у (афтæ та æнæмæиг у!), уæд дзырды хæс уыд, цæмæй лæггад кодтаид, æфсæн хотыхау, адаемы уæлахизæн. «Мес- то писателя,—дзырдта Тихонов Нйкъала,—в Вели- Говорит Северная Осетия, Орджоникидзе, 1943, стр. 40. 5
кой Отечественной войне предопределено тем ору- жием, каким он владеет. Это оружие — сло.во». Уый афтæ æмбарын нæ хъæуы, æмæ поэттæ кæм- дæр сæхицæн хибарæй бадтысты æмæ æмдзæвгæта’ фыстой, адæмты стыр трагишн бырстмæ кастысты _фæрсæрдыгæй, дардæй æмæ йыл зарджытæ кодтой. Нæ, советон поэттæн сæ фылдæр — хæстхъом чи уыд, уыдон—ком’коммæ хайад истой хæсты, иннæ рæнхъои хæстонтау, сæ къухмæ райстой хотыхтæ æмæ знагæн хастой мæлæт. Фæлæ иннæ хæстонты хъауджыдæр, поэттæ æххæсг кодтой æндæр хæс дæр—тох кодтой сæ уацмыстæй, сæ аивадон кур- диатæй. (Æ’мдзæвгæтæ фыстой абырстæй абырсты ’хсæн, акъопты, искуы хъæды æрдузы улæфты рæ- стæджы, рынчы’ндоны сынтæгыл уæззау цæфæй... Зын уыд фыссын æмæ уымæ гæсгæ махмæ диссаг нæ кæсы Винокуров Евтенийы цæхгæр сидт «тыз- мæг бонты поэтмæ»: Ты встань сейчас и расскажи потомкам, Как в юности срадь воющих снегов Ты мерз в полях, как в бой ходил, о том, как Колол штыком и не писал стихов.? йæ уырыссаг хæларимæ солидарон у Калоты Хазби: Цæй, мæ фæндыр, дзæгъæл дæ ныууагътон, Нал мысын, мæ хорз хæлар, дæ уынд... Æз — ныфсхаст цæргæс, мæ базыртæ ысцагътон 1 Н. С. Тихонов. Отечественная война и советская лите- ратура, журнал «Большевик», 1944, № 3—4, стр. 25. 2 Евг. Винокуров. Стихи о долге, СП, М., 1951, стр. 13. 6
Æмæ тымыгъмæ æнхъæлмæгæс лæууын. Ассыйаг поэт Кулиев Хъайсынмæ ахæм хуызы фæзынд уьгцы хъуыды: Как ждет орленок мать свою, Что далеко летает где-то, Так, прерванная в грозный час, Поэма ждет с войны поэта.2 Афтæ у Кочысаты Мухарбегмæ дæр: Фæуагътон мæ фæндыр рæстæгмæ, Рæстæгмæ фæуагътон мæ зард, Мæ къухмæ æз райстон мæ гæрзтæ, Æз райстон мæ топп æмæ кард.3 Хæцынц пюэттæ. Джебогъæй рæхойынц. Фæлæ кæд, Тихонобы загъдау, хæсты мидæг фыссæджы бынат бæрæг чындæуы йæаив дзырдæй, уæд уыдо- иæн бар нæй, сæ бО’Н нæу, æмæ ма фыссой. Джебо- гъæй алчи дæр рæхойы, фæлæ алчи фыссæг нæу. Фыссæг чи у, уый та хъуамæ джебогъæй дæр рæ- хбйа æмæ йæ сисæй дæр. Æмæ поэттæ фыстой. Афтæ уыдаиккой нарты гуьшпырсартæ дæр. Нарты хъайтартæ се ’ппæт дæр фæндырæй цагътой, кад- джытæ кодтой. Чи зоны, тохы йæхи бæрзæйыл цы бавзæрста, цы федта йæхи цæстæй Нарты Сослан, ууыл ракодта йæхæдæг (|кæнæ æндæр исчи йæхи хуызæттæй) «арты кадджытæй бирæтæ. Цуанон æмæ х^æстон лæг — йæ тыхæй знæгты тас чи уа- дзы, дунейы дисы чи ’фтауы — Ацæмæзæй мæгуы- раудæр нæу фæндырæй цæгъдынмæ: Афтæ рæсугъд дзы æрцагъта, æмæ йæм Сырдтæ ’мæ мæргътæ æмбырдтæ кодтой, 1 Калоты Хазби. Хуры тын, Орджоникидзе, 1956, 54 фарс. 2 Кайсын Кулиев. Горы, СП, М., 1951, стр. 129. 3 Кочысаты Мухарбег. Царды хъæбысы, Дзæуджыхъæу, 1947, 7 фарс. 7
Галуанты къултæ йæм æзмæлыдысты, Зарыди йæм быдыр, хæхтæ йæм хъырныдтой.1 Æвæццæгæн, рагæй -фæстаемæ дæр фæтк у: цирхъйе ’знаджы риумæ цы къух дары, уый фæн- дьирæй цæгъдынмæ дæр дæюныдæр у (кæй зæгъьш æй хъæуы, скæд йæ хицау аив курдиаты хадцау у, æрмæстдæр уæд!).Лоэт, к’урдиаты* хицау, поэз.ийæ ацæуы царды гуылфмæ, хæсты цæхæрмæ æмæ та стæй фæстаамæ раздæхы поэзимæ. Цæмæй ^узæтæ, сармадзантау, ньиб’богъ-богъ кæной, уый тыххæй хъуамæ, тармадзантæ кæм 1богъ-богъ (кæнььвд, уым уой. Егъау, æвдорхъау, трагикон æмæ хъайтарон хæст æнæвгъау хорзы бацыд даэзийæн. Калоты Хазби бафарста: Кæй бон уыдзæни, кæ, . : ’ ■ нæ фæстæ Зæххы зæрдæйы маст ныффыссын!.. Поэзийы сæйраг хъысмæт окъуыддзаггæнæг— индивидуалон хисæрмагонд фæлтæрддзинад — аф- тæ схъæзныг, афтæ арф æмæ уæрæх ньщци, æмæ йæхи хъуамæ равдыстаид æмæ загътаид хæсты тыххæй раастдзинад.2 Гъен, сахъ лæппу, æри дæ уадындз, Нынкъусон зæхх ’æ’з’ ризгæ уастæй! Æри! Мæи у дунейы арфæ, Æз цард дæуæй хуыздæр æмбарын...3 1 Нарты кадджытæ, Дзæуджыхъæу, 1949, 208 фарс. 2 Цардимæ поэзийы бастдзинад конкретонæй æмбаргæ у: цард поэты сфæлдыстадмæ æрбацæуы поэтæн йæхи сæрма- гонд уды биографийæ. Уыцы хисæрмагонд биографи у цард æмæ сфæлдыстады ’хсæн сæйраг къанау. 3 Калоты X. Хуры тын, 70 фарс. 8
Дуг, ’Карз рæстæг домдта, цæмæй поэттæ хъæ- лæсы дзагæй зæгъой сæхи тыххæй æмæ рæстæджы тыххæй. Мыртазты Барис уайдзæф кæны йæ фæндырæн, хæсты райдайæны чысыл кæй фæхъус, уый тыххæй, æмæ йæм сиды: Хæсты быдыры цæхæры Скæнæм хъæбатырдзииадыл Адæмæн ахсджиаджы кадæг!1 Ба-ситы кæстæр æфсымæр Дзамболат дæр зæр- дæйы арфæй æнкъары йæ дывæр нæртон хæс: Æз ме ’хсаргард ныссадздзынæн цъаммар æзнаджы тæнты, , Цæхæркалгæ, æгъатырæй йæ сау фистоны уонг. . Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр, Бæрзонддæр сис нæ тохы бон дæ за.рæджы хъæлæс.2 Æхполæтты Дзантемыр йæ «ыхас загъта но- джы бæлвырддæр: Чиныг ныффыстон æз хотыхты хъæрмæ...3 Мæ хъуыды уымæ нæ жæньгн — афтæ мачи бан- хъæлæд, — æмæ хæсты хайад чи нæ райста, уыцы поэттæн сæ боц «æ уыд, æмæ хæсты тыххæй зæр- дæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ ныффыстаиккой. Йе стыр райгуырæн бæстæйы зæрдæимæ йæ зæрдæ æмдзæф кæмæн кодта, йæ цин æмæ йыи йæ хъыг йæ туг, йе.стæгау чи ’нкъардта, уьщы поэттæ ит- тæг хо’рз æмдзæз|гæтæ дæр ма фыстой, фронты нæ уыдьвсты, афтæмæй. Уьврыссаг поэзийы ахæм у Исаковский Михаил, йæ хæстон æмдзæвгæты адæ- мы рис, адæмы хъыг разынд рельефонæй, тыхджын дæсныйæ. «Мæ фыды хæдзар мын ныххафтой æмæ 1 Мыртазты Барис. Уад. Дзæуджыхъæу, 1947, 6 фарс. 2 Баситы Дзаххот æмæ Дзамболат. Æфсымæрты. зарæг, Орджоникидзе, 1959, 83 фарс. 3 Æхполæтты Дзантемыр. Хæтæнты, Орджоникидзе, 1964, 52 фарс. 9
ныппырх кодтой», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы по- эт хъынцъым 1кæны, рынчьш кæй у, йæ бон хæцæн- гарз ’райсьш æмæ знæгты иьвхмæ риу-æмриу æр- лæууын кæй нæу, фæлæ йæ зæрдæ йæ хæцæг æм- бæлттимæ ис æмæ сын, тырысайау, систа йæ дзырд —«мæ зæрдæйы удæгас дзырд», æмæ, зæгъы, чи зоны, уьщы дзырд (куы фехъуса иакæцы хæстон, уæд йæ нæмыг растдæр фехса, йæ гранатæй сыс- къуына знаджы уд, æмæ, зæгъы, «уыщы гранат уыдзæн мæн тыххæй». Фæндыр æ?лæ музæты æнтыст цирхъ æмæ сар- мадза1НТ1им(æ кæй бæттын, уымæй уый з-æгъинаг дæн, æмæ Фыдыбæстæйы хæсты рæстдзинад рав- дисын сæйраджыдæр æнхъæлмæ <каст, лæгæй-лæг- мæ дзы знæгты чи цагъта, йе ’ппæт миниуджытæ йьш йæхи ’цæстæй æрвыл ’бон >чи уыдта, уыцы хæс- тон поэттæм. «Хæсты цæхæры дæ æмæ йыл фьюсью, уæд уы- мæй диооагдæр-ма цы уа, уæнгты ахъардзаэн æви нæ?! — фæрсы Плиты Илья æмæ дзуапп дæтты: — Æнæмæнг ахъардзæн!»1 Фронты уæвæг поэттæ къаддæр фыстой æмæ мыхуыр кодтюй, фæсчъылдым чи уыд, сæ уыцы коллегæтæй. Бирæтæ дзы иу-дыууæ æмдзæвгæйы дæр «æ рауагътой. С|къуыддзæгтæ-с1къу»ыддзæгтæй, æрдæг куыстытæй, кæнæ та сау фыстытæй лæууы- дысты се ’фсæддон хызьшты, гъе та—:сæ зæрдæты æнæфыстæй. Поэттæн иугъуызо’н нæ уыдысты сæ фыссыны фæрæзтæ æмæ сæ уацмьютæ адæммæ фæ- хæццæ кæныны фадæттæ. Хæсты цыппар тугхъулон азы иро-н поэттæ бæр:цæй уадиосаг мыхуыр дæр ницы ныккодтой. Газеттæ «Коммунист» æмæ«Рæст- дзинад»-ы фæрстыл-иу рæстæгæй-рæстæгмæ фæ- зындысты æмдзæвгæтæ, поэмæтæ, рацыд цалдæр коллективон æмæ иадивидуалон æмбьгрдгонды иро- 1 Газет «Коммунист», 1945 азы 19 август. Уац «Ирон фронтовикты сфæлдыстады тыххæй». 10
иау æмæ уьгрыюсатау.1 Æххæстæй хæстьг фæдыл иран поэзи чиныгкæсæт дзыллæтæм фæхæццæ фæсхæст хицæн æмбырдгæндтæ æмæ журналты мыхуьцргандæй.2 «Советон фысджытæ, — зæгъы Цоциты Резо,— тох кодтой сис æмæ дж’ебогъæй. Райгуырæн бæс- тæ хъахъхъæнгæйæ, нæ фысджытæн цы лæджы- хъæд æмæ хъæбатырдзинад равдисын бантыст, уымæн æвдисæн сты сæрдарады бæрзонд хорзæх- тæ. Сисы бырынкъæй куыд тох кодтой нæ фыс- джытæ знаджы ныхмае, уымæн æх/хæстæй равдисы- ны фадат æрцыдис, æрмæстдæр журнал (автор зæгъы «Фвдиуæг»-æй. — Дз. X.) цæуын куы бай- дыдта, уæдæй фæстæмæ».3 Хæстон поэттæн хæсты азты цынæ бантьист ныффыссын æмæ сын <сæ зæрдæ æнæбанцайгæйæ цы атайдта, уый ’Среализад’Икæнынмæ уæхскуæзæй бавнæлдтой фæсхæст, суанг ма дзы абон дæр би- рæтæ сæхи не схицæн кодтой хæ^сты æвидигæ те- матикæйæ («Уæды нывтæ цæрæнбонтæм уыдзыс- ты фæкæуынæн, фæхудынæн дæр фаг»). Гъе, уы- мæ гæсгæ ирон хæстон поэзийæ хæсты азты мы- хуыр цы ’рцыдис, æрмæст уый куы ’взариккам, уæд хæсты поэзийы ныв рауаид эскизон, цухтæ, ■■ Хæсты а’зты цы чингуытæ рацыд, уыдоны ’хсæн сты: «То- хы сидт», Хиррауагъдад, 1941; «Вперед, за нашу победу», Ор- джоникидзе 1941; «Размæ, уæлахиздзинадмæ», Хиррауагъ- дад, 1941; «Мæлæт немыцаг оккупанттæн», Орджоникидзе, 1942; «Смерть немецким оккупантам», Орджоникидзе, 1942; Боциты Барон, «Хъæбатыр Хадзымырзæ», Орджоникидзе, 1942; «Призыв к победе», Дзауджикау, 1944; «Сидт тохмæ», Дзæуджыхъæу, 1944; Хъайтыхъты Геор, «Хæсты бонты». Дзæуджыхъæу, 1944; Саулохты Мухтар, «Хæстон бæгъатыр», Хиррауагъдад, 1944; «Хæсты цæхæртæ», Хиррауагъдад, 1945; Епхиты Тæтæри, «Ирыстон арты», Дзæуджыхъæу, 1945. 2 Журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг» — гæххæтт кæй нал уыд, æппæт дæр фронтæн лæвæрд кæй цыдис, уый тых- хæй—нал цыдысты 1941 азы июны мæйæ. Ногæй цæуын бай- дыдтой 1945 азы, «Мах дуг»—мартъийæ, «Фидиуæг» та — сентябрæй. 3 Журнал «Фидиуæг», 1946, № 11, 35 фарс. «Журналы куыст æмæ хæсты тыххæй Цоциты Р. доклад». 11
хъуагтæ, афтид бьгнæттæ дзы, тар хъæды фæтæн лæгъз æрдузтау, бæрæг дариккой. ’Мæцмæ гæсгæ, растдæр уыдзæн, ’хæстьгфæдьшмахмæцыдæриддæр поэтикон уацмыстæ ис, уыдонæн иууыл иумæ ана- л’из скæнын. Кзей зæгъьщ æй хъæуы, *ш дзы кæд æмæ цы уавæрты æрцыд фыст, уымæ хъус дарын хъæудзæн. Уымæн æмæ рæстæджы фæлтæрддзи- •над, поэттæн сæхи уды фæлтæрддзинад диалекти- конæй ивтой æмæ уьгцы ха-бар иу кæнæ иннæ хуы- зы æнæфæзынгæ нæ фæцис, хæсты фæдыл сабыр- дзинады азты цы уацмыстæ фыст æрцыд, уыдонæн се ’ппæтыл’ дæр. . , А<м сæйраджыдæр зæгъын хъæуы иу адæйма- джы культы тыххæй. Уый цъус зиа,н не ’рхаста хæсъы поэзийæн дæр. Цард куыд у, хæст куыд у, афтæ йæ ма уьш, афтæ йæ ма ’вдис, дæхи сæрма- гонд фæлтæрддзинадыл ма ’ууæнд. Аивад цыдис формалистон-а1б1стра,к.тон-æнæр;хъуыды фæндагмæ, пом’пезон-шарадон æвдисынадмæ. Фæлæ хæст объективонæй ахæм’ уавæры ны- вæрдта йæ нывгæнджыты æмæ сæ бон <нæ бацис, йæ тызмæг, туджы зилгæ цæстытæм ын реалисто- нæй ма кастаикикой, ма иын ряргом кодтаиккой йе ’цæг хуыз, йе ’цæг ахорæнтæ. Адæмы зæрдæ йæ тæккæ бæрзонддæр патетикон замам адджын, уæ- лæнгай, мæнг гæды ныхæстæй йæ удхæссæг уыд- та. «Хæсты мидæг, — фыста Толстой Алексеп,— иудадзыг мæлæты алыв«арс, зилгæйæ, адæлм фæ- хуыздæр вæййъшц, алы ницæйагдзинæдтæ сæ аз- гъæлынц, хурсыгъды фæстæ буары цъар куыд ас- тыхсы, афтæ, æмæ ма адæймагæн баззайы йæ апп».1 Гъе, уыцы апп æвди-сгæйæ, ардтой поэттæ чиныгкæсджыты зæрдæйы дæгъæлтæ. Салдаты зæрдæ, ома хуымæтæг хæцæг адæмы зæрдæ уыд поэзийы æрмæг, йæ .ны-сал, йæ сагъæсты суадон. Тому, кто’ ходит близко возле смерти, На свете видеть многое дано.2 1 Журнал «Мах дуг», 1953, №5, 3 фарс. Радзырд «Уырыс- саг зæрдæйы хатт». 2 Алексей Сурков. Избранные стихи, СП, М., 1947, стр. 230. 12
Фыдыбæстæйы Стыр хæст у ирон поэзийы рæз- ты фæндагыл ног этап. Уый бæрæг (кæны канд ног дуг, но.г уавæртæ, ног тематикæйæ нæ, фæлæ ма йæ хъæдæй дæр. Бар-æнæбары йæ а’барынц йæ размæ азты поэзиимæ, ГафезЫ загъдау, «фылдæрæй ри- тарикæ», «фæхъæртæй,1 сидтытæй», «тъупп æмæ къуппæй» чи уыд, уыцы, поэзиимæ. Æндæр у хæс- тЫ этап. «Ацы рæстæджы дæргъы ирон поэттæ, хæсты быдыры уæвгæйæ, бавзæрстой бирæ зындзи- нæдтæ, бавзæрстой æмæ базыдтой царды ад... Фыдьрбæста^йы хæст у фы’ссæгæн цард базоныны хуыздæр скъола».1 Цардмæ, (адæй.маджы зæрдæмæ, поэзимæ ног ахаст кæй фæзынд, ууыл дзурынц канд критикон уацты нæ, фæлæ ма æмдзæвгæты дæр., ...Фыццаг хатт бамбæрстон æххæстæй, Дунетыл. цардæй адджындæр кæй нæй.2 Куы фæдæн тохы абухгæ улæнты, Æз цардæн уæд, уæд базыдтон йæ ад;3 Хæс’гæн алы х’ицæн поэты сфæлдыстадон биог- •рафийы æндæр æмæ æндæргъуызон роль ис. Хис- тæр фæлтæры поэттæн уыдис этапон (Вигер, Гу- луты Андрей, Боциты Барон, Епхиты Тæтæри, Пли- ты Харитон), иннæтæн та поэтикон тыхджын стах- ты период (Пл’иты Грис, Гафез), аннæтæн та уыд сæ прэтикон райгуырды рæстæг (Джусойты Нафи, Мыртазты Б»ар'ис, Асаты Реуаз, Баситы Дзамбо- лат). Уыдис ма дзы ахæмтæ дæр, хæст сæ царды биографимæ парахатæй кæмæн бацыд, фæлæ сын сæ поэзийы йæхи раргом кодта фæстæдæр (Мæр- гъиты Къоста æмæ æнд.) 1945 азы Грис фыста сæхимæ йæ поэтикон фыс- тæджы: * Журнал «Фидиуæг», 1947, № 2, 23 фарс. Уац «Поэзи Фидиуæджы». 2 Гафез. Адджын у цард, Хиррауагъдад, 1948, 19 фарс. 3 Мыртазты Б. Уад, 5 фарс. 13
ьирæ нал и,—тагъд фæуыдзæн хæст, Мидбылты та бахуддзæн нæ бæстæ... Хæстæн ма цыртдзæвæнæн æрмæст Баззайдзысты ацы ’нкъард ^ныхæстæ.1 Ирон поэзийы æгокъард-тызмæг, хъæлдзæг-ху- дæг позтикон уацмыстæ, гъай-гъай, са’мадтой хæс- тæн цыртдзæвæн. Фæлæ уыдон не сты æрмæст цахæмдæр историон дуджы æнæуд æвдисæн, ца- хæмдæр историан цьибыр фæлгæтты нæ баззад сæ а(хадындзинад. Царды адæй, хæсты адæй, адæймаджы аппæй, гом-бæгънæг нуæрттæй, курдиат æмæ дæсныйадæй чи равзæрд, уыцы уацмыстæ кусынц æмæ кусдзыс- ты, идейон-аивадон æхцондзинад дæтдзьюты адæ- мæн. КÆНÆ СÆРИБАР, КÆНÆ МÆЛÆТ Æнæгуы’рысхойаё зæгъæн ис: Фыдыбæстæйы Стыр хæсты алы æмæ алы хуызты хайад райста æгасæй дæр ирон адæмы духовон культурæ. Нæ эрæйæ бирæ раздæр чи фæзынд, уыцы ном- хæ’ссæн лæ-ртон кадджытæ ногæй равдыстой сæ цæрдхъом, €е ’нæмæлгæ хъару. Æрфæныфæдау тæмæнтæ калы Ирыстоны арвыл эпосы сæйраг идея—райгуырæн бæстæйы сæрибар æмæ бархиад. Нæртон бæгъатыртæ ныфс кæй лæвæрдтой ирон хæстонтæн, фæзминаг сын кæй уыдысты, — цымæ уый сæраппонд нæ куыстой хæсты æвæрæз азты, Нарты кадджытæ чи æмбырд кодта, си-стематиза- ци æмæ сæ мыхуырмæ чи цæттæ кодта, уыцы пад- дзахадои .камитеттæ дыууæ Ирыстоны дæр!2 1 Плиты Грис. Цард æмæ мæлæт, Орджоникидзе, 1963, 12 фарс. 2 Комитеттæ- сæ куыст байдыдтой 1940 азы. Нарты кад. джытæ мыхуыры рацыдысты Хуссар Ирыстоны 1942 азы (æмдзæвгæтæй), Цæгат Ирыстоны 1946 азы (прозæйæ), 1949 азы (æмдзæвгæтæй). Хъуыдыйаг у ахæм факт дæр, æмæ хæсты дуджы нарты тыххæй кæй æрцыд фыст тæккæ егъау- дæр, зынгæдæр зонадон-иртасæг куыст—Абайты УасоГ-ы чи- ныг «Нарты эпос» (Дзæуджыхъæу, 1945). 14
Ирон хæстонтæн сæ цæсты раз удæгæстау лæу- уыдысты адæмон лиро-эпикон уацмыеты хъайтар-* тæ, æддагон тыхгæнджытæ æмæ -мидæгон æлдæрт- гимæ тахгæнджытæ, намыс æмæ лæджыхъæды зар- джытæ кæуыл кæнæм, уыцы рæ-сугъд адæймæгтæ. Дæсгай-сæдæгай уащмыстæ разæнгард кодтой адæ- мы фашизм ныддæрæн кæнынмæ, сæ лейтмотивон пафос æндан джиппы ауад: «Уой, кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт!» Чи заны, знагмæ, уащары ^ба’хаугæйæ, кæнæ знаг Ирыстоны хæхтæ байсынмæ йæ быцъынæг куы скъуыдта, уæд -цал ироны сæхинымæр сдзьгрд- таиккой Мамсыраты Темырболаты трагикон рæн- хъытæ: Уæ, нæ хаехтæ, нæ бæстæ, Куыд ма цæрæм уæ фæстæ! Уæлдай тыхджындæр, нæргæ дзæнгæрæгау, хъуыст Хетæгкаты Къоютайы хъæлæс. Уый алкæ- мæй дæр домдта, алкæмæн дæр сидтис йæ намыс- мæ: «...Куы бамбæхсай барæй, уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!»... Æлгъыстау, уайдзæфау, фæ- дзæхстау ын истой йæ дзырдтæ: Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй, Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!.. Иу стæм пропагандист, агитатор, публицист уыдаид ахæм, Къостайы лозшæ «Кæуæг айнæ- джы» ,кой-иу чи нæ ракодтаид, чи нæ-иу ын æрхас- та йæ афористон-патриотон формулæ: Цæйнæфæлтау, сæрибар адæм, Цагъарæй туг калæм æлдарæн, Фæлтау нын амæлæт—хуыздæр! Цьша комкоммæ Ирыстоны тасы æмæ ба«ъуа- джы за<ман 1942 азы фæззæджы ныффыста Къоста йæ рæнхъытæ: 15
...Уадз, зона знаг, Ам цавæр ’нæфæцудгæ дуарæй , Æрцæудзæн уый фæндаг, æхгæд; Ам цавæр ’нæсæттон æхсарæй Риу риуыл сæмбæлдзæни уæд; Тæригъæд, тасдзинад нæ иу дæр Куыд никуы хатдзæн тохы бон; Куыд лæудзæн алчи дæр ам фидар, Иæ бæсты кад æмæ сæрибар Куыд зоны хъахъхъæныи ирои! (Грисы тæлмац). Гафез йæ иу æмдзæвгæйы фыста: фæцæ’ф ирон салдат, -фæцæф, йемæ кæй хаста, хæз’найау, уыцы чиныг—Къостайы «Иран фæндыр» дæр, сахуырст ,йæ тугæй. Уый^символау у: иррн салдаты туг куыд калд, афтæ калд «Ирю,н фæндыры» туг дæр, уът дæр салдат уыд, р.азагъды салдат. А/хъаззаг хъуыды ис, хæсты чи фæхъуыд, уыцы ирон юалдæтты ном Къостайы номимæ баст кæй цыдис, уымæн. «Вспомним героев, — дзырдта Павленко, — отдавших жизнь за наше счастье, и возложим в честь и,х венок на могилу Коста Хета- гурова. Пусть она хранит на себе, вместе ’с’о’ сла- вой поэта, и славу; молюдых воинов О’Сетии».1 Ир’ыстоны |фæллойгæндл<ытæ сæхи фæрæзтæй сарæзтой Хетæгкаты Къостайы номыл та.нкты ко- лоннæ.2 Стыр. поэт кодта удуæлдай тох æмæ дзы гитлерон фашисттæ сæ маст истой: Алагиры сахар куы бацахстой, уæд дзы Къостайы домыл уын- гæн раттой сæхирдыгон æнæуынон ном, «Уыцы. абырджытæ раууатмæ æртардтой Алагиры бæс- тæзонæн музей æмæ басыгътой К’ьостайы зьшаргъ къухфыстытæ æмæ еывтæ иууылдæ^р».3 : Ирон поэзийы номдзыд минæвæрттæ — Гæдиа- ты Секъа, Гæдйаты Цомахъ, Хъамбердиаты Мы- сост æмæ иннæты æмдзæвгæтæн хæсты азты цы æмбæстагон патриотон ахадындзинад уыд, ууыл 1 Говорит Северная Осетия, стр. 42. 2 Газет «Рæстдзинад», 1944 азы 16 май. 3 Газета «Социалистическая Осетия», 3 января 1943 г. 16
бирæ дзурæн ис. Революцийы уадфидиуæг Гæдиа- ты Цомахъы сидгæ моыц кæй зæрдæйы уидæгтæ не ’нкъуысын кодта! Сызмæлут иумæ! Тохы гæрæхтæ Арвау куы нæрыиц фæдисы пысаны. Рацæут, фæсивæд! Рацæут, лæгтæ! Равдисут сахъдзинад хæсты заманы! Кæнæ хрестоматион чи сси, чысылæй, стырæп кæй зонынц, уыцы — адæмæн кадгæнæг, адæмы рæстдзинадыл æууæндæг, адæмы фидæныл зæрдæ- дарæг .— бæлвырд æмæ фæрсæг интонаци: Дзыллæйы хъаруйæ къæдзæх ныинæрдзæн, Хæхтæ нырриздзысты дзыллæйы барæй. Адæмы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн? Чи сыл фæуыдзæн уæлахиз æхсарæй? Хъамбердиаты Мьисосты тыххæй хорз загъта уырыссаг поэт Смеляков Ярослав, Мысосты æм- дзæвгæ «Фæдисы зарæг»-æн йæ кæрон æрхаста: Æзнаг нæ зæххы кæрæттæм Æрбабырсы сындæг. Лæг та йын дзуапп куы нæ дæтта, Уæд уый нæ хуындзæн лæг. Æзнаг хъаруæвдисæн бон Каандзæн мæстджынæй дис... Фæсивæдон, фæсивæдон,, Фæдис! Фæдис! Фæдис! — æмæ йын комментари скодта: «Эти строки зву- чат донельзя современно».1 1960 азы афтæ зæгъæм кæмæй уыд, уыцы рæнхъытæ у.а^гæр Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы куыд уыдаиккой! 1 «Литературная газета», 13 августа 1960 г. Статья «Брат Чекмарева». Смеляков ма фыссы: «Если бы я не знал, что КаМ’бердиев умер уже давно, то думал бы о нем, как о сов- ременном боевом поэте». 2. Дзуццаты Хадзы-Мур^р 17
И.рон фольклор æмæ классикои литературæ хæсты нæ адæмæн кавд сæ идейон-аивадон пафо- сæй «е ’ххуыс кодтой, ’ахъаз ма уыдысты ’ уымæи дæр, æмæ ирон фысджытæ куыстой сæ тради- цитæм гæсгæ. , , Ирон поэттæ се ’ппæт дæр ард хордтой сæ фы- дыбæстæн, йæ сæрвæлтау сæ цард кæй <рауæлдай кæндзысты. Æрыгон поэт Хæмыцаты Георги йе '’мдзæвгæ «Ард»-ы дзуры нæ дзыллæмæ: Кæд искуы дæ сидтмæ дæ хъæбул Геуæр,. . Дымгæйау, нæ тæха йæ аласайыл. Уæлахизы тохы нæ хъуыса йæ хъæр, . Кæд фидар нæ хæца æлвæст хъамайыл, уæд, зæгъы, «ныххауæд мæ зæрдæ æнæбын фур- ды».1 Гъе, уыцы уавæрон ныхмæваэрд «кæд-уæд» уы- дис иумæйаг, типикон амал. Афтæ фыста Асаты Реуаз дæр (-æмдзæвгæ «Ард»): Лæгыл æз макуы уон нымады, Ныммæлон уын фæлтау æгадæй, — Нæ зæхх, нæ бæстæ, уарзон мады Кæд хорз нæ бахизон æзнагæй!2 Дзугаты Георги (æмдзæвгæ «Барæг»): Куы бырса Цæдисмæ Фыд-зæрдæ æзнаг, Цæттæ дæн фæдисмæ, Дæн" тохы фыццаг. Рæстдзæф у сырх нæмыг, Нæ сайы уый цæст. Фæуыдзæн цъæх фæнык, Чи ракъаха хæст.3 1 Журнал «Фидиуæг», 1940, № 8—9, 48 фарс, 2 Асаты Реуаз. Хæстоны сис, Хиррауагъдад, 1947. 11 фарс. 3 Журнал «Фидиуæг», 1938, № 2, 65 фарс. 18
Бощиты Барон «Фæндагыл», зæгъгæ, æмдзæвгæ- йы æрдз æмæ адæмы уынд-æй райы, цин сыл кæны зæрдæйæ. Фæлæ, миййаг, идиллион, æнæмæт нæу: Мæнæн ифтонг у мæ топпы сампал>— ’ Æзнагмæ ’ргъæвд!1 Поэттæ фæдзæхстой, цæмæй уæм къæрццхъус, цæмæй зонæм, чи сты не знæгтæ æмæ цæттæ уæм се ’рбабырстэан дзуапп раттынмæ. Плиты Грис фыста: Ис бирæ стыр хæстæ дæ размæ, Фæлæ сьш с ’ахсджиаг æвзар: * Куы ссудза топпыхос дæ фарсмæ,. Уæдмæ дæхи хæстæввонг дар! Нырма нын бирæ ис фыдгултæ, Нæ ныхмæ карз у, карз сæ тох, Æмæ кæд адæмы хъæбул дæ, Уæд сæ минут дæр ма кæн рох!2 Уæлдæр кæуыл дзырдтон, уьщы классикон æм- дзæвгæты фжстæ æнцон рахатæн у, цас хæстæг сæм лæууынц ацы æмдзæвгæтæ, комкоммæ дæр сæ па- фос, сæ идейон-эстетикон мидис уыцы æмдзæвгæ- тæй кæй исынц. Кæй зæгъьин æй хъæуы, уыдонæн сæ рæстæджы уыд бæрæг ахадындзи>над: сидтыс- ты адæмм.æ, мобилизаци сæ кодтой тыхджьш зна- джы ныхмæ карз тохмæ. Æмдзæвгæ-ардбахæрд, æмдзæвгæ-фæдзæхст, æмдзæвгæ-лозунг — ныззæй кодтой мыхуыры фæрстæй. Диссаг уыд нæ поэтты æмуддзинад, сæ æмхуызондзинад. Цæвиттонæн ра&сæм æф|Са.Д(Мæ цæуыны (фæндарасты) æмдзæв- тæтæ. Кæддæр Хъам^бердиаты Мысост кæй ныффыста («Чызпшæ ныхас»), уый райгуырьш кодта æнæ- 1 Журнал «Фидиуæг», 1939, № 8, 20 фарс. 2 Журнал «Мах дуг», 1939, № 2—3, 6 фарс 19
хьуаджы бирæ йæхи хуызæн æмдзæвгæтæ, иу схе- мæ, иу композицион фæлгæт: лæппу цæуы æфсад- мæ, дзу.ры йæ мадмæ, стæй йæ уарзонмæ (гъе та хъæубæстæм, гъе та æвдæр ’искæмæ); фæдэæхсынц ын: худинаг дæ сæрмæ ма ’рхæсс, тох кæн хъæба- тырæй; лæппу сы,н эæрдæ æвæры, домбайау кæй хæцдзæн фыдгултимæ; миййаг куы амæла, уæд та куры йæ уарзонæй (кæнæ йæ зæровд мадæй), цæ- мæй гæрзтæ райса æмæ æфсады рæнхъы æрлæууа. Гье та иннæрдæм: зæронд м-адæн каанæ зæронд фы- дæн сæ фыртыл исты куы ’рцæуа, уæд сæхæдæг ацæудзысты хæстмæ. Æмæ канд цæуынмæ не сты цæттæ, фæлæ ма æцæгæйдæр цæуынц. Дзугаты Георги æмæ Гафез ныффыстой æмхуызон æмдзæвгæтæ — «Сиды зæронд лæг» æмæ «Зæронд лæджы кадæг» (журнал «Фидиуæг», 1938, №9, 34 æмæ 36 фæрстæ). Дыууæ зæронды дæр рагон кадæггæнæджы ’взагæй сидыни; æрбаласой сын сæ саулох бæхтæ, æрбахæссой сæм сæ ерæ- дзыпптæ, радтой сæм сæ фæринк кæрдтæ æмæ тохмæ ацæуой. Æрьшысут ма Плиты Харитолы æмдзæвгæ «Æфсадмæ», Саулохты Мухтары — «Мады фæ- дзæхст», Баситы Дзам’болаты — «Хæрзбон», Цыры- хаты Михалы — «Мад дзырдта йæ фырттаэн», Аса- ты Реуазы — «Хæрзбон», Мамсыраты Дæбейы — «Балладæ хъæбатырыл», Гулуты Андрейы — «Сььрх Æфсадмæ», Бекъойты Амыраны — «Æф- садмæ», «Хуры уац», Хъайтыхъты Георы — «Æф- садмæ», «Æфсæддон лæппу ра.раст хохæй» æмæ æнд. Æрмæст иу æмдзæвгæйы — Цоциты Герсаны æмдзæвгæйы («Æфсадмæ’цæугæйæ») сидтон лæппу ацæуы поездыл («Æмæ ма адджын пъа мæ мадæн ныккодт01Н, —* нæ поезд дæр араст, куы нæм сиды хæст»1). Иннæты сидтон кæм фистæгæй ацæуы сæ хъæуæй, кæм та — иууыл арæхдæр! — бæхыл. Сæ дарæс — цухъа, нымæт, басылыхъ, уæлдзарм худ Сæ хæцæнгарз — хъама, æхсаргард, ерæдзыпп. Джебогъ æмæ сисæй. Хиррауагъдад, 1959, 105 фарс. 20
Боциты Бароны фæндарасты æмдзæвгæ «Мады арфæ» (уый дæр иумæйаг схемæмæ гæсгæ у арæзт) нæ зæрдыл æрлæууьш ’кæны «Æфхæрдты Хæсанæ»- йы кадæг. Ахæм карз æлгъыст ма кæны Госæма йæ лæппуйæн: Лæг ма фæхуыйн, фашистон лæгмартæн Ды куы раттай дæ мады кæлмæрзæн. Мады ’фхæрд сын куы ныххатыр кæнай, Ме ’хсыры цъыртт уæд тугæй фæкалай.1 Гитлеронтæ нæ бæстæм мæнгардæй æрбабыр- стой, зæгъгæ, уыцы уац куы фехъуыстой нæ поэт- тæ, уæд сæ алчи дæр, раджы-иу куыд уыд, афтæ, фæсидт адæммæ, фæсивæдмæ, цæмæй тохмæ рацæ- уой. Газет «Рæстдинады» 1941 азы 25 июны фæ- З.Ы1НД Боциты Баро;ны æмдзæвгæ «Мæлæт фашиз- м-æн», 26 июны — Хъайтыхъты Георы «Зиаг уы- дзæн дæрæнгоод!», 2 июлы — Ардасенты Хадзы- батыры «Æрра куыдзæн — мæлæт!», 4 июлы—Цæ- гæраты Максимы «Сидт»... Газет «Коммунисты» ра.цыдьисты: 24 июны Саулохты Мухта^ры æм- дзæвгæ «Ратдзыстæм дзуапп!», 11 июлы — Асаты Реуазы «Хæцаг галы сыкъа —• сæттаг», 8 июлы — Бекъойты Елиозы «Уæй, тох, знаджы фесафæм!...» Цахæм у сæ .идейон-аивадон ковд, уый бамба- рьинæн фаг у, >æрмæст сæ ’кæрæдзийы фæдыл куы ракæсай, уæд уый дæр. Ирон адавмон-эпишн фæл- гондзон уынынад сæ ис. Цæттæ фразеологизмтæ, æмбисæндтæ, абарстытæ, эпитеттæ æрбацыдысты фольклорæй (иу сæ хъæддыхдæрæй зæгъы, иинæ— лæмæгъдæрæй, иу—дæсныдæрæй, и.ннæ—æмарæх- стдæрæй, фæлæ уæддæр æмхуызо« сты). Боциты Барон: Мæлдзыгæй фæзæгъььнц: куы ’рцæуы пæ сæфт, Уæд базайы ууыл мæнг базыртæ раздæр. Куынæ дын урæдтой дæ домбай хæстонты Æнусои цъититæ ’мæ залты уард мит! 1 Газст «Рæстдзинад», 1941 азы 4 ноябрь. 21
Фыдæлтæй нын баззад æмбйсондæн Ирмæ: «Цагъарад хæссынæй хуыздæр у мæлæт!» Мах акъуырæм уымæн йæ бирæгъы сæр! Ирон фольклорон традици цыдæриддæр фиди- с&утуымиры, æлгъысты ныхæстæ зоны — се ’ппæ- ты сæр дæр бахъуыд нæ поэтты знагмæ сæ фыдæх раргом кæнынæн, \ Хъайтыхъты Теор: Цъаммар фашистæи йæ хъуырæй йæ сæр Акъуырдзынæн æз уæндонæй! ; Ардасенты Хадзыбатыр æмæ Асаты Реуазæл €е ’мдзæвгæты нæмттæ сæхи тыххæй дзурьшц. Ахæ’м ном ма ис Дулаты Цицкайы æмдзæвгæйæн дæр — «Мæлæ.т —æрра куьгйтæн, мæйæт!»1 Хъа^раты Ибрагим: Хъамылы хуыйæн — фашистæн йæ сæр Йæ тæккæ бындзарæй сласæм.2 / Бпхит.ы Тæтæри: "" ’ ■'' Æдзæсгом, мæнгардæ’й, Йæ марг калгæ, Æзнæт æмæ сонтæй, Æрра куыдз нæ бæстæм Куы тоны йæ баст!3 Бекъойты Елиоз комком-мæ фыссы, йæ зарæг к-æй у «зæронд ирон адæмон зарæг «Германы хæс- тмæ»-йы мотивыл арæзт». Цомут, лæппутæ, Цомут, буц хотæ, Цомут, фæцæуæм фашистты ныхмæ, Уæй, тох, фашистты ныхмæ! Газет «Рæстдзинад», 1941 азы 27 июнь. 1 2 Уый дæр уым, 1941 азы 2 июль. 3 Уый дæр уым, 1941 азы 18 июль. 22
Традидиан символтæ æмæ сидты атрибуттæй аразынц се ’мдзæвгæтæ: Цæгæраты Максим («Мæ тохы ’мгар! Æркæс дæ карды ко.ммæ... Нæртон æфсургъ куы хастай ацы бонмæ, йæ нæртон саргъ ыл баппар... æрбалвас бæхы рохтæ»), Дзугаты Ге- орги («Нæ амондджын бæстæм æрбабырыд калм... Уæ кæрдтæ уæ къухы ыскалæд цæхæр! Æрбалва- сут тохмæ уæ хъал бæхты рохтæ...»1). Æгæрыстæмæй, фæстагмæ арфдæр æмæ хуыз- дæр чи равдисдзæн хæст, у.ыцы поэттæ дæр хæсты райдайæны се ’ннæ ’мбæлттæй тынг нæ хицæн код- той. Иумæйаг, публицистон-агитацион, фолькло- рон-традицион улæн хаста уыдон дæр. Мыртазты Барис: Далæ ныгуылæнæй сау калм Марг таугæ махмæ ыслæсы. Фæлæ нæ тохæй «æрзади Битъына калмы уæлкъæсæр».1 1941 азы 25 июлы газет «Рæстдзинад» ным- мыхуыр кодта Плиты Грисы «Уæлахизы кадæг». Ораторон тоныл урæд у. Иумæйаг, традицион бæр- зрнд-хъæбæр фр’азеологизмтæй у амад (кæд йе стих нуарджын у, дæоныйадæй цух нæу, уæддæр æй, уьщьг хабар æмт^кæй кæмдæр хибар ран пю ’вæры, иннæ поэт!ы æмдзæвгæты хъауджыдæр). Маёнæ йæ фæлгондзон-дзырдон арсенал: «Фыдгул хæлæгæй марди», «йæ цæстыты фиу тад», «кал- ; мау бамбæхста йæ фæндты хæрамы маргхæццæ масг», «æлгъысты залйаг калм ныццавта», «рæ- ■сугъд хур раст лæгыл нæ батар», «сæ бырынчъы- тæ снæмой фашистон тугмондаг хуытæн», «æна>к- каг Гитлеры ^сырдтæ», «чъизи цъаммайраг стджы- тæ», «сырдонсау æнаккаг митæ», «æрбацыд га- лæй, фæлæ хъугæй фæстæмæ аздæхдзæн», «æнак- каг тугæй рæхджы фæхуыдуг уыдзæн сырд», «мыс- ты хуынкъ туманæй æлхæндзæн», «лæгхор фашиз- 1 Дзугаты Георгн. Уацмыстæ. Хнррауагъдад, 1954, 83 фарс. 2 Мыртазты Б. Уад, 6 фарс. 23
мы риуы дæ кард йæ фистонмæ ныссадз». Фæстаг фразæйы дзырд «лæгхор» фæстæдæр раивта дзырд «лæгæргæвдæгæй».1 Амæй фæстæмæ æрхаудзæп-иу ныхас иумæйаг традицион фразæтæ, цæттæ фæлгондзон формулæты тыххæй, фæлæ уый афтæ æмбарын нæ хъæудзæи, æмæ уыдоп алы уацмы- сы æмæ алы поэтмæ дæр æвзæр сты. Æвзæр уæд вæййынц, æмæ механпконæй куы бацæуынц уацмысмæ, фæлæ уацмыс куы рæза поэты оригипалоп-судзгæ зæрдæйы æнкъарынад æмæ хъуыдыйæ, поэты «æз» æмæ рæстæгыл пырыккон-æм- бæстагоп сагъæсæй, уæд уыцы фразæтæ-фæлгопдзтæ кусынц, æххæст кæпыиц сæ аивадон функци, уыдон, цыма, сног вæй- ныпц, сæ фыццагоп коид райсыиц, сæ аромат, сæ удæгас хуыз раздахыиц, цыбыр дзырдæй, поэты сфæлдыстадоп куырдадзæй рацæуынц поэтæп йæ рæстæг æмæ пæ зæрдæйы нпдивидуалои ахастмæ гæсгæ. Поэзийы гæнæн нæй, æмæ дзы цæхгæр арæн æрæвæрай: мæнæ—«зæропд», мæпæ—«ног». Æххæст раст иæу Бязырты Алыксандры ныхас: «Алы дугæп дæр ис йæхи эпитеттæ, йæхи барæитæ æмæ йæхи æпдæр пыв кæныны амалтæ... Поэты хæс у ног нывтæ ногдæр амалтæй нывкæнып, ногдæр эпитет- тæ, ногдæр барæнтæй пайда кæнын».2 Афтæ фæзæгъынц, алцыдæр, дам, уыдис кæддæр. Чи зочы, уыднс, фæлæ ног дуг цы райсы зæропд дугæп, уымæп рапы иог хуыз, ног ахаст. Алы дуг дæр байрæзы, нæ размæ чи уыд, уыцы дугæй, æмæ йæхнцæп ногдзинад бахæссы дугты рæзты процессмæ. Афтæ никуыма уыд, æмæ ног дуг зæронд дуджы амвадоп амалтæ аппара иууылдæр æмæ бынтон ног аивадоп амалтæ æрымыса. Поэзи ’исы, йæ размæ чи уыд, уы- иы фæлтæрддзипад, æрмæст æй эпигонæй нæ исы, фæлæ сфæлдыстадопæп. Поэт зæропд æви пог амалтæй пайда кæ- па, уæддæр æм хъуамæ алцыдæр уа пæхихуызоп, индиви- дуалоп. Новатордзинады гæпæнтæ алыгъуызои сты. Æмæ алы поэттæм алыгъуызонæй разыиынц. Иæ бон у поэтæп, уа ио.. ватор æмæ «ногдæр амалтæп пыв кæпа», ома йе стих, йæ 1 Плиты Грис. Салдат, Дзæуджыхъæу, 1948, 12 фарс. 2 Журнал «Фидиуæг», 1948, № 3, 40 фарс. Уац «Зæронд æмæ ног мæ поэзпйы». 24
фæлгондзон системæйы н’ырыуолг чм иæма уыд, ахæм нвд- дзинæдтæ сараза. Йæ бон у поэтæн, уа поватор æмæ клас- сикон традицимæ æнгомдæр, æмхицдæр уа, ома йе стих, йæ аивадоп системæйы нырыуонг чи нæма уыд, ахæм ивддзи- нæдтæ уа къаддæр. Плиты Грис хауы ахæм поэттæм, традицпйыл æнувыд чи у, фæлæ традиционалист чи нæу, йæ мадæлон æвзаджы (поэ- зи афтæ тыиг баст у æвзаджимæ!) æнусои эстетикæйыл чи ’нцой кæны, йе знон æмæ йæ абоны фæлтæрддзинад ын чп хынцы æмæ дзы афтæмæй кæмæп ис йæхи оригииалои-поэ- тикон æрмдзæф. ^ Фыдыбэ&стæ бахъа/хъхъæныны темæ, хæсты темæ бацыд алы поэты сфæлдыстадмæ дæр,/фæлæ сæм хæст йæхæдæг æрбацæуынмæ æрæджы кодта. Хъуьгсти поэзийы хъæр: «Хæст! Хæст! Рацæут хæстмæ!» Фæлæ хæсты цæсгом нæ поэттæ ;нæма федтой реалистонæй, æцæг ,куыд вæййы, афтæмæи. Уыдои æй федто’й тшиикон-традицион ирон адæмон цæстытæй. Цыдæриддæр ыл фьистой, уый :нæ цыдис сæхи фæлтæрддзинадæй, нæ цыдис хæст зоиынæй æмæ хæ’Ст æнкъарьшæй, фæлæ хæст иумæйагæй адæмон сфæлдыстад куыд æмбæрста, уымæй. Гъе, уымæ гæсгæ сразы уæвæн нæй, хæсты райдайæны ирон литературæйæ Бекъойты Елиоз цы зæтъы, уыимæ. «Нæ фьисджыты уыцы заманы уац- мысты фылдæр хай,—амоны Бекъойы фырт, — уыдысты агитацион ахастджын, тындзгæйæ фыст æмæ уый а^ххосæй уыцы рæстæджы фыст уацмыс- тæй дзæвгар хай аивадон æгъдауæй рауадис ныл- лæг».1 «Агитацион а.хастджын» æмæ «тындзгæйæ фы>ст»... Бирæ æмдзæвгæтæ æмæ бирæ поэттæ суанг хæсты фæстæ дæр ма уыдысты иумæйаг-лæ- мæгъ. Хæсты райдайæнæй фæстæмæ традицийау сси: искæцы хъайтар фесгуыхт, уæд ыл йæ уæл- 1 Журнал «Фидиуæг», 1946, № 11, 28 фарс. «ÆК(б)П ЦК 1946 азы 14-æм августы æмæ 4-æм сентябры тæрхæттæ æмæ Хуссар Ирыстопы фысджыты куысты тыххæй Бскъойты Е. доклад». 25
вæд афьгсс арфæйы> бузныджы æмдзæвгæ. Бязыр- ты Алыксандр сьш, Саулохты Мухтары æмдзæв-, гæтæ æвзаргæйæ, сæ жанр рахуыдта- одæ.1 Æвæц- дæга^н, Саулохы фыртмæ ахæм æмдзæвгæтæ ин- нæтæй фылдæр кæй уыдис, уымæ гæсгæ йын бæт- ты йæ номимæ одæ, фæлæ критик дзуапп нæ дæт- ты фарстайæн: Саулохты фырт æмæ иннæ поэтты ■одæтæ фауинаг сты æви æппæлинаг? Хъайтарты номарæн æмдзæвгæтæ сæ кондмæ гæсгæ дих кæнынц дыууæ хайыл: иутæ дзы ком- коммæ дзурынц хъайтарты тыххæй, мæнæ ирон фынгыл гаджидау куыд фæзæгъывд, афтæ, схай- джын.æй кæнынц, фыдæлтæй фæстæмæ нæм хъæ- батыр! адæймагæн цы иумæйаг миниуджытæ æмæ эпитеттæ уыдис, уыдонæй. Дыккаг хаймæ чи хауы, уыцы æмдзæвгæты дæр афтæ у, æрмæст уыдон сюжетон сты: фыццаг уал ратт бæстæйы иумæйаг уавæр—хæст, стæй хЪайтары тохы эпизод-цау, æмæ кæро.нæй — кæд хъайтар удæгас у, уæд ын ар.фæ ракæн, цæр, зæгъгæ, кæд амард, уæд та йын «рухсаг» зæгъ, -кæннод та йын зæрдæ бавæр, йæ к ном ын æнустæм кæй мьисдзысты адæм. Æмдзæв- гæ-очерктæ схонæн сын уыдаид: дзырдтой тохы хъæбатыртыл, фæлæ очерк реалистон-деталон уы- нынад домы, адоны та хæст афтæ иумæйаг у, æмæ дæ бон у, иу .хъæбатырыл цы æмдзæвгæ у фыст, уымæн æрм<æст йæ ном аив æмæ йæ æндæр хъай- тарæн схай кæн.—æппындæр ницы фесафдзæк. Афысгæ тохы нывтæ раст кæй нæ уыдысты фак- тон æмæ поэтикон æгъдауæй, >кæй ,нæ сæ хъарм кодта поэты индивидуалон-æнæфæлхатæн æнкъа- рæи, ууыл критикæ арæх фыста. Асаты Реуаз хæс- ты райдайæны, йæ астæу, йæ кæро.н æмæ йæ фæс- тæ дæр цы дзæвгар номарæн, æ^мдзæвгæтæ ныф- фыста, уыдонæй дзырдтой, зæгъгæ, «сисамайæгау, кæрæдзийыл амайы, чи базæронд, поэзийы æгæр чи 'Сбирæ ис, ахæм иумæйаг дзырдтæ æмæ ихсыд 1 Газет «Коммунист», 1949 азы 28 апрель. Журнал «Фи- диуæг», 1947, №11. Уац «Ирон советоп литературæ». 26
фразæтæ. Ницы ис уыцы æмдзæвгæты ногдзина- даей».1 Æмткæй сисгæйæ, номарæн æмдзæвгæтæн се ’ппæтæн дæр аанæуæрст сты се ’ууæлтæ. «Скодта домбайау фыдгулмæ йæ каст», «номдзыд бæгъа- тыр йæ бынатæй ,фестадис, раст цыма сыстад æвир,хъау тымыгъ», «знæгтыл домбайау йæхи дын уый рауагъта, армæй сæм бавнæлдта, бæстæ рызти» (Саулохты М.—«Милдзыхты Хадзымыр- зæ»), «Арвы рон йæ ехс ^кæмæн у», «уариау йæ тахт кæмæн у, арвы цæф йæ цæф кæмæн у» (Га- фез — «Иссæ-бæгъатыр») æмæ а. д. Се ’ппæтæн æнæуæрст у, Цьгрыхаты М^ихалы чиныт «Мах рæс- тæг»-æн аргъ кæнгæйæ, Дзадтиаты Тотырбеджы ныхас. Плиты Иосæйы «равдисынæн, — фыста Дзадтиайы фырт,—поэт’ ссардта, æрмæстдæр æну- сы рыджъ1 бьш чи, фæцис, йæ ;хуыз раджы чи аивта, а;хæм зæронд ахорæнтæ. Поэт куыд æвди- сы, афтæмæй Иссæмæ уыдис ахæм бæх, знаджы бомбæтæ, танктæ æмæ сармадзантæ кæмæн лæ тых кодтой. Уыдис æм ахæм кард, æмæ æппæты дæр кæмæй саста. Æрмæст аргъæутты вæййы аф- тæ».2 Иумæйаг-фольклорон уынынад, риторикон æнæуд фигурæтæ, æттаг бакастон уæлæнгай æв- дисынад нæ, фæлæ хæстæн йæ хуылф, йæ апп, йæ 1 Газет «Коммумист», 1955 азы 30 июль. Алы поэтты «ну- мæйаг дзырдтæ æмæ ихсыд^ фразæтæй» дзæвгар ранымадта , Бязырты Алыксандр (кæс газет «Коммунист», 1945 азы 2 июль, уац «Хуссар Ирыстоны хæстон поэзи»). Артимæ лзы баст чи у; Кæс-ма куыд сирвæзтн цъæх арт, Уæ быньг сау зæхх’ фестад арт, Бынтон ыл сæидзарут цъæх арт, Цъæх арт ныр Гитлерыл ысуадзут, Æссыгъди дардыл ногæй арт. Кадимæ дзы баст чи у: Мæргьтæ, суадæттæ, сымах кад зардзысты, О, леиинон фæлтæр, æрттивгæ уæ кад, Ныхъæр нс ноджыдæр уæ кад, Æмæ та зарып пыр дæ кадыл, Дæ сæрмæ ныр æрттивы кадæй, Уæ тохы кад дардмæ фæйлаугæ цæуы, Æстыр цыт уæ ныййарæг мадæн, Дæ кадæй ныррухс ис пæ бæстæ. Туджимæ дзы баст чи у: Уый ныккалы ныр дæ туг, Знагæн калдзæнис йæ туг, Æдзухæй калдзыстæм нæ туг, Фæкалыс, мæ уарзо.н, æдзухдæр дæ туг æмæ а. д. 2 Журнал «Мах дуг», 1951, № 4, 43 фарс. 27
мидис рафæлгъауын уыд поэзииы хæс. «Сухиеу лобовые агитационные стихи н-шшму не нужяы, идут мимо души»,—дзырдта Вишневский Всево- лод.1 Æцæг литературæйы и-амавй, авцæг литерÆту- рæйы тьиххæй бæрæг-’бæлвырдæй загъта Тихонов: «Главным героем нашей литературы как в дни мириого строительства, так и в дни Отечественной войны является правда. Мы не хотим скрывать ни дней тягостного отступления, ни дней жестоких боев, 1ни огромного напряжения сил страны на пу- ти к победе. Мы не хотим рядить наших воинов, наших офицеров в пышные одежды сказочных удальцов или ограничиваться картинами строго батальных описаний. Правда о войне—это рас- сказ, который должен потрясти души и сердца, раскрыть все моральные богатства, всю глубину могучего духа советакого человека».2 «ХЪАЗТ, КУЫВД МИЙЙАГ НÆУ..» Поэзийы иумæйаг улæны 1942 азы 2 июлы га- зет «Рæстдзинад»- ныммыхуыр кодта æмдзæвгæ «Письмо хæсты быдырæй». Уайтагъд æп иннæты астæу фæхицæн кодта критикæ: «Уыцы æмдзæвгæ фьют у ^цардмæ реалон цæстæнга«с даргæйæ æмæ царды уæз бавзаргæйæ», «йæ тых уый мидæг ис, æмæ фыст у реалон æгъдауæй».3 Æмдзæвгæйы стих—’бархи, рифмæгонд. Хæст рæстæгмæ фæ-сабыр. Фæлурс мигъты пырхæнты Кæсы æнкъардæй мæй, ,У Цыма йæ ракæсын нæ ^фæвды, Цыма лæууы йæ бынаты зынæй. 1 Всеволод Вишневский. Собрание сочинений, т. 4, 1958, стр. 109. 2 Журнал «Больщевик», 1944, № 3—4, стр. 32. 3 Сидт тохмæ, б—7 фæрстæ. Епхиты Тæтæрппы уац «Ирыстоны литературæ хæсты бопты». 28
У сабыр хъæд, æнахуыр сабыр æхсæв,— Сыбыртт дæр къутæртæй нæ хъуысы, Цыма чысыл раздæр нæ тъæпæнсæр хæдзармæ Уæззау нæмыг æхситтгæнгæ нæ хъуызыд, Цыма нæ цæуы хæст, мæлæтдзаг хæст нæ разы, Цтлма та райсом карз цæфтæй нæ риздзæн зæхх, Цыма мæлæт гæппæввонгæй нæ цæстытыл нæ хъазы, Цыма ныссабыр дуне иудадзыг, æцæг. Æмдзæвгæйы хатæм æбæлвырд, уæлдай дзырд- тæ. Фæлæ хæст цы у, уый æнкъарын байдыдтам. Поэт уыны: «хæлдгонд пец бур къултыл дыдзы рухс дары». Поэт ныр æртьиккаг бон хуыссæджы цъынд нæ зоны. йæ портрет: Мæ рихи—сау, мæ уæрджытæм æркъул Мæ сæр, мæхицæй нæу, фæтоны, Мæ цæсгом, айчы бурау, бур... Хæст уæззау у, хæст æгъатыр у. «Война совсем не фейерверк, апросто трудная работа»,—загъта уырыосаг поэт.1 Конкретон ныв ратгæйæ, поэт сагъæс кæны æмткæй хæстыл, йæ нысаныл: «у цардыл хæст æх- сæв, уæд бон». Æмдзæвгæйы автор у, ирон поэзийы йæ ном зындгонд кæмæн <нæу, ахæм адæймаг,—Дулаты Цицка. Æмдзæвгæйы бьш фыст ис: «Хæцæг æф- сад, Севостополь, 1942, июнь». Æцæгу, хæсты чи уыд," сæйраджы дæр уыцы поэттæм каст хæсты тькххæй рæстдзинад зæгъын. Дулайы фырты æмдзæвтæйы хуызæн чи у, ахæм æндæр æмдзæвгæйы бын фыст ис: «Хъырым, 1942, май». Хицæндзинад сæм уадиосаг ницы ис, æрмæст сæ адрестæ æндæртæ сты: фыццаг æмдзæвгæйы— «Уарзон æмбал Ц-ты М-мæ», дыккаг æмдзæвгæ- йы та—«Гьгццимæ». Уый тыххæй дæр критикæ зæгъдзæн: «Ацы æмдзæвгæйы предметондзинад у уыйбæрц бæрзонд, йæ лирикон тых у уыйбæрц 1 Стихи остаются в строю, М., СП, 1958, стр. 136. Куль- чнцкий Михаилы æмдзæвгæ. 29
аХадæп, æмæ æмдзæвгæй-ы алы дзырд’дæр ныдзæ- вы зæрдæиыл æмæ йын мысыи кæны йæ тохы бон- тæ».1 У сабыр æрдз. Æнахуыр сабыр бæстæ. Цыма ныртæккæ ам нæ уыдис хæст, Цыма æзнаг нæ лæбурдта æд гæрзтæ... Поэты портрет: Мæ иæсгом у фæлурс, мæ рустæ—хауд... Æниу кæд уыд мæ сæр та урсæмхæццæ. Æмткæй хæсты сагъæс: ...хæцæм, мæ хур, уæндонæй, Цæмæй цæрæм! Цæмæй зæххыл уа цард!2 Дьиккаг æмдзæвгæ хуыйны «Адджы.н у цард», йæ автор—Гафез. Хæст—æвирхъау трагеди. Йæ сæйраг хъайтар— салдат, хуымæтæг рæнхъон хæстон. Хæсты егъау уæз йæ уæхсчытыл хаста, ингæны хуызæн акъопп- мæ ныххызт, цыма зывдонмæ. Дон йе ’фцæгготыл уайы, йæ сæр ма цадæй портийау зыны. Хуыссын уæрагмæ цъыфы мæнæ,— Хæдæхс—æркъæппæввонг, цæттæ. Мæ дарæс—тугамæхст—мæ уæлæ,— Ныггуыдын сæрыхъуын—хæццæ. фæлæ салдат зынты бын ,нæ хауы, нæ сæтты. Плиты Грисмæ: Ды сæ сæрты ахиз Танталы зынтæн, — Дзыллæйы уæлахиз Де ’хсарæй уыдзæн.3 1 Газет «Коммунист», 1947 азы 25 октябрь. Джусопты Нафийы уац «Зарæг Фыдыбæстæйыл», 2 Гафез. Адджын у цард, 18—19 фæрстæ. 3 Плиты Грис. Стихтæ, Орджоникидзе, 1959, 71 фарс. 30
Гафезмæ: Æрмæст дыууæ цæсты ,бæрæгæй Зынынц, æстъалытау, цæхæрæй Æмæ мæ бæстæйы æзнæгтæй Нæ уадзынц иуы дæр дзæгъæлæй.1 Дзыллæты уæлахиз кæмæ кæсы, уыцы салдат æрмæст хуымæтæг, æрмæст рæнхъон нæу (арæх «хуымæтæг» æмæ «рæнхъонæн» фæдæттынд уæлæн- гай мидис, ома цыбырзонд. примитивон, чысыл уды хицау). Уыцы хуымæтæг салдат тынг вазыгджын у, уыцы рæнхъон хæстон тын-г стыр у. Уый нæу егъау механизмы цахæмдæр чысыл лæсгæр, цахæм- дæр хуьгцауы сконд лæджы фæндон коммæгæсæй, автоматиконæй чи ’ххæст кæны, ахæм змæлгæ предмет. Куыд æнхъæлыс, лæппу, салдат йæ кардæй дарддæр Ыæ уымы, ницы зоны ’идæр исты рæстмæ? Ома цæуы куырмæй хæсты быдыры арфдæр, , Уæлтæмæнæй тырны йæ салдатон хæсмæ? Уый афтæ нæу, мæ хур, салдат æппæт дæр зоиы. Уæдæ куыд фæцыд уый Берлины онг хæцгæ? Уæдæ куыд фæрæзта цыппар азы зындоны, Уæлахизмæ бæлгæ, хид, сау туджы мæцгæ?2 Хъуыдыгазнæг, зæ,ндджын <салдатæн æцæгæлон никæцы у адæймаджы миниуджытæй. Га’фезы куы бафæрсынц, зæгъгæ, хæсты «æ тарстæ, уæд сын загъта: «Лæгæй-лæпмæ хæсты фыдæзнагæй нæ тар- стæн». Мæлæтæй дæр нæ тарст. Уæдæ иæмæй тар- сти? Æцæгæлон зæххыл куы амæла, уымæй, ома йæ райгуырæн сыджыт ын куы иæ айса йæ буар. Уым .рæстдзинад ис—рагæй-æрæлмæ лæгæн йæ уæ- зæг адджьш у, цæрьш дæр -æмæ йæ мæлын дæр уым фæнды. Фæлæ «нæ тарстæ» фарстайæи ахæм дзуалп æрмæст йæ иу хай у. Кæй зæгъын æй хъæуы, салдат хæцы йæ рай- 1 Гафез. Адджын у цард, 27 фарс. 2 Уый дæр уым, 83 фарс. 31
гуырæн бæстæйы тыххæй æмæ йæ сæрвæлтау амæ- лынмæ цæттæ у. Уадз, мæхæдæг, зæгъы, амæлон, æрмæст мæ фæстæ мæ райгуырæн бæстæ цæрæд. Хъайтыхъты Геор афтæ бæрæг кодта «хæстон æгъ- дау» (йе ’мдзæвгæ дæр афтæ хуыйны), зæгъгæ, хæ- сты дуджы мæлæтыл /куы дзурай, уæд тагъддæр фæуыдзæн дæ хай. Гъе, уьгй тыххæй Кæд дæ фæнды бирæ фæцæрын, — Мæлæтæй дæр ма фæтæрс ды!1 Фæлæ адæймаджы æрдзон хъæд вазыгджындæр уыд цахæмдæр, иумæйагæй раст чи уыд, ахæм фор- мулæтæ-декларацитæй æмæ Хъайтыхъы фырт æн- дæр æмдзæвгæйы йæхæдæг зæгъдзæн: Мæлæтæй абон алцæмæн тæссаг у, Зæгъ-ма, цы дым кæнон, мæ цард?2 Цард æмæ мæлæт—уыдоныл сагъæсæй гуырдис хæсты поэзийы рæстдзинад. Уыцы сагъæсæй рай- гуырдысты Хъайтыхъы фырты хуыздæр рæнхъытæ дæр. Уым-иу æнусмæ ныхъхъус и Цæхæры мидæг æмгар, Æхсæв-иу бонау ныррухс и, Бон-иу æхсæвау ныттар! Пиллон арт схæцыди хъæдыл, Сау фæздæг арвы уонг скалд... Куы ахъуыды кодтон мæлæтыл, Бирæ уæд бауарзтон цард.3 Хæсты иумæйаг хуыз-иу разыад æндыгъд-тæс- саг фæлгондзтæй: Мæлæт йæ фæрæт дард фæхаста, Ныццавта царды уый æваст, 1 Хъайтыхъты Геор. Æмдзæвгæтæ аэмæ кадджытæ,- Дзæуджыхъæу, 1948, 14 фарс. 2 Уый дæр уым, 33 фарс. 3 Уый дæр уым, 30 фарс. 32
Фæлæ йын.цард йæ хурх æрцахста '/■ ’’ Æмæ дзы исы ныр йæ маст.1 Абырсты размæ: Æмбал, рæвдз лæу, дæ рон æрбалвас фидар, Ныртæккæ хъазын байдайдзæн мæлæт.2 Адæймаг—иууыл егъаудæр хæзна. Уый фæнды йæ хæс еæххæст кæнын — знаджы уд хъуамæ ас- къуына, æ?лæ уыцы иу рæстæг хъуамæ бавæра йæ- хи дæр. Уый мæлæтæй нæ тæрсы, фæлæ аргъ каз- ны цардæн. Уый нæ фæтæрсы мæлæтæй, Цардæн чи фæкæны аргъ.3 Æмæ. Плиты Грисы салдат разведкæйы куы цæуы, «цардæймæлæты ’хсæн ды ауæдз и», ууыл куы хъуызы, уæд куры хъæдæй, цæмæй йæ бамбæх- са йæ аууоны—ракетæ йæ <ма ныррухс кæна, куры халонæй, цæкæй ма суаса—знаг райхъал уыдзæн. куры сæ каед уый тыххæй нæ, æмæ йæхидæн тæр- сы, фæлæ цæмæй йæ хæс сæххæст уа æмæ фæуа хæст, адæмы зынаргъ удтæ мауал сæфой, цæмæй бæгъатыр туг мауал 1кæла æмæ къонатæ мауал хæлой. Грис хæстыл .куыд фыссы, уым баиу сты органи- конæй уыцы иу рæстæг рагон ирон ахаст хæстмæ, рæдыд нæ уыдааан афтæ зæгъын: муртатаг нæртон ахаст (хъацæнджын у рагон бердзенаг æ-мæ æмт- кæй дунейы классикон , литературæйы фæлтæрд- дзинадæй), æмæ XX æнусы æмбисы цæрæг советон салдаты ахаст. Уыцы синтезæн йе ’ргом иууылдæр у ньгрыккон цардмæ, уыцы синтезæй цæуы Грисы хæстон поэзийы эпикон-философон лиризм. Æмдзæвгæ «Хæцæны» муртат-æлгъыстау: 1 Хъайтыхъты Г. Æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ, 14 фарс. 2 Уый дæр уым, 41 фарс. 3 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 9 фарс. 3 Дзуццаты Хадзы-Мурат. 33
Æлгъыстæй зындоны дзыназа, Цы лæг æрымысыди хæст!1 Уæззау у хæст, зын у, тæссаг у. Цыма нæм дард ивгъуыд æнусты тарæй фехъуысы «тарст сынты цъæхахст». Салдатмæ знаг сласта йæ кард, салдат та—йæ хъама. Конкретон-реалон деталтæ равдиеы- ныл нæу поэт, фæлæ фæлгъауы хæсты философи. Миййаг уæм пацифист ма фæкæсæд: йæ муртат æлгъыстæй йын ахæм хадцæг скæнай нæй. Нæ, лæг- уарзондзиеадмæ ,куы лæбура лæгæнæуыно’ндзинад, уæд æнæ хæст ницы бакæндзынæ. Æмæ æлгъыст раизы арфæйæ: Æнусмæ арфæйаг уа, бартыл Цы лæг æрымысыди хæст!..2 Æмдзæвгæ «Хæцæны», зæгъгæ, уым чи ис. уыцы идейо1Н-1КО(М1позицион (контрастмæ гæсгæ у фрагмент «Салдат»-ы арæзт дæр. Райдайæны—къæхты бы- нæй чи цæуы, ахæм уæззау дзынæзт: «Цæй зын дæ, цæ, хæстмæ цæуын, цæй зын дæ!» æмæ йын кæроны- рдæм дзуапп—райгæ фæхъæр: «А-дунейыл. удæн Йæ бархийад куы фæистæуы, уæд Цæй хорз дæ ды, хæстмæ цæуын!»...3 Абстракцигонд æмбарынæдтæ—цард æмæ мæ- лæт, дыууæ стыр конкретон æфсады хуызы — мах æмæ немыцы хуызы кæрæдзи хурхыл фидар ных- хæцыдысты æмæ лыггонд цæуы æмткæй нæ адæмы æмæ алы хица&н адæй^маджы хъысмæт. Царды хæсто’нтæ хæсты райдайæны мæгуырау- дæр хотыхджынгонд уыдысты мæлæты хæстонтæй. Грис не ’мбæхсы, не ’фсад хæцæнгарзæй цух кæй уыдысты, идеалюн уавæрты кæй нæ хæцыдысты: 1 Плиты Г. Салдат, 16 фарс. 2 Уый дæр уым, 18 фарс. 3 Уьш дæр уым, 35 фарс. 34
Сæ хотыхтæй куы нæ бырсиккой мах, Куы ракæсиккой танчытæй æттæмæ, Лæгæй-лæгмæ сæм бацæуиккам уæд, Сæ мукъутæ сын сæвдуликкам туджы.1 Хæсты зынтæ æрмæст физикон куы уыдаиккой, уæд ма йын ницы уыд. Физикон зынæй ноджы карз- дæр уыд моралон зын—салдатæн йæ намысы раз, йæ ныййарæг адæмы раз. Ис уымæя бирæ историон æвдисæнтæ, фæлæ дзы поэты æодйсæна&н æмбал нæй. О, хъизæмар, куыд нал дын уыд фæуæн! Нæ хиды ’ртæхтæ рыгтимæ ныхъхъуырдтам; Мæйгай-иу лæг йæ цæстытæ цъынд дæр Нæ бакодта, къæбæр дæр нал цыд хъуыры; Ныддури зæрдæ: фистонмæ ныссадз Дæ риуы кард—нæ ратагъдаид туг, — Ныссури мæстæй... Адæмæй-иу лæг • Æфхæрд хуызы куы ’рлæууыди нæ разы, Уæд-иу нын уайдзæф райдыдта: «Кæмæн, Кæмæн нæ уадзут, худинаггæнджытæ? Æхсныфæй нын нуазы знаг нæ туг, Фæхъазыд нын нæ фыдæлты уæлмæрдтæй! Цы ми кæиут? Æви уын нал ис ном?...»2 Лæджыхъæдджын поэттæ сæ зæрдæты тыппыр- тæ æмæ рæсыд æлхындъытæ суадзынæй нæ тарстьг сты. Æфсад фæстæмæ-фæстæмæ кæй лæууыдысты, знагæн нæ уарзо>н хъæутæ æмæ сахартæ кæй уагъ- той, уыцы маст уырыссаг поэзийы хъæрахст кодта Сурковы æмдзæвгæйæ («Июльский день»): Неотвратимый материнский взгляд Стыдом п болыо сердце ранит снова. Он требует: — Салдат, вернись назад, Прикрой отвагой сень родного крова! — Остановись, солдат! — кричит земля И каждый колос, ждущий обмолота... Тяжелыми ботинками пыля, Уходит в поле из села пехота.3 1 Плиты Г. Салдат, 33 фарс. 2 Уый дæр уым, 33 фарс. 3 А. Сурков. Избранные стихи, стр. 103. 35
# # # ■ ’ Вульгарон куырмгæнæн критикæ никæмæн бар- ста, хæсты рæстдзинад чи фыста, уыдонæй: Æрмæстдæр цард тыхджын уарзгæйæ, цардæн аргъ кæнгæйæ, поэты дзыхæй схаудзæн: Авгау нæ цардæн æрхауынæй тарстæн Æмæ цæмæй тар.стæн, уый мыл цæуы.1 Цæгæраты Максим бафарста: «Цавæр патрио- тон æнкъарæнтæ равзæрын кодтаиккой советон адæймаджы зæрдæйы ахæм рæ-нхъытæ?» Æмдзæв- гæ «Хæцæны» æмæ иннæтæн Цæгæрайы фырты тæрхон у: «Æнкъард хъуыдытæ, цавæрдæр лæмæгъ- зæрдæдзинад, пеосимизм»-2 Хæстыл—тугкалæн, мæгуыргæнæг хæстыл хъæл- дзæг зарджытæ домдта, æвæццæгæн, Максим, æн- дæр Плийы фырты æмдзæ’вгæты «лæмæгъ зæрдæ- дзинад» æмæ «пессимизмæн» сæ кой дæр нæй. Куыд у лæмæгъзæрдæ Грисы салдат, дунейы зынтæ чи ’взары æм1æ уæддæр чи нæ цуды? Куыд у «песси- М1ист» Плийы фырты салдат, хæсты философи йæ бындзармæ чи уьгны æмæ уæлахизы бонмæ чи бæл- лы, уæхскуæзæй йæ’м чи цæуы? Лæмæгъ зæрдæ нæ, тыхджьш зæрдæ уыдис Грисæн, хæсты рæстдзинад æргом чи ’вдыста. Гъе, стæй цас аив у, кæуын кæм хъæуы, уым адæймагæй худы-н домай! Цъус æнкъард кæй дæн, уый хатын, Фæлæ ма кæн хъаст мæнæй: Хъуыры цæстысыг куы бады, Уæд хъæлдзæгдæр зарæн нæй.3 Оптимизм сур ныхæстæй нæу, фæлæ цард арф уынынæй, алыфарсонæй æмбартæйæ. ОптимизМ лоджы къæхтыл >нæч лæууы, фæлæ йæ дыууæ къа- хæй дæр дæуы зæххыл, йæ зын, йæ цин, йæ хъыг, 1 Плиты Г. Салдат, 13 фарс. 2 Журнал «Мах дуг», 1954, №9, 56 фарс. Уац «Ирон советоя литературæйы уавæр æмæ хæсты тыххæй». 3 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 9 фарс. 36
йе ’нцон ын постаментау сты, афтæмæй. Грис йæ зæрдæ нæ ивы рæстдзинадыл æмæ гъе уымæй опти- :лизм æвзæрын кæны йæ чи’ныгкæсджытæм (аивад йæ хæс æххæст кæны—уый оптимизм у, уæдæ цы У!)- Фальс, мæнгдзинад—царды дæр, поэзийы дæр, критикæйы дæр—кæддæриддæр æвзæрын кæны пес симизм, уымæн æмæ оптимизмы абузæн у рæстдзи- иад. Мæнмæ гæсгæ, рают у поэт, , лæджыхъæд чи бæтты æнтъыснæгдзинадимæ: у На войне попробуй не грусти — Обретешь ли мужество без грусти? Это чувство в нас живет давно, Это им рассыпаны щедроты Подвигов. . И верю я — оно Штурмом брало крепости и доты.2 Райгуырæн зæхх—^ныййарæг мады хъæрзгæйæ, утхаргæигæйæ, гуылмызтæй уынгæйæ, салдаты зæр- дæ-иу йæ фæлмасæй æмæ йæ мастæй йæ цæссыгтæ æркалдта—уарзты æмæ фыдæхы цæссыгтæ, ног хъару йын чи лæвæрдта, ахæм цæс-сыгтæ. Калоты Хазбийы тызмæг, карз интонавд: Æз кæуын... Æрзоныг кодтон зæххыл Æмæ йын йæ риуæн пъа кæнын.2 Ирыстонмæ, хæстхост ирон зæхмæ æр;цæугæйæ, кæуы Джусойты Нафийы салдат дæр: Мæ хъæбулау, сындз къутæрыл нытыхстæн, Умæл зæххыл зæрдæрыстæй хуыссын... Уынгæджы’хсæв ныккуыдтон æз фыртыхстæй, Æнæдаст русыл рызгъæлди цæссыг.3 Цымæ Цæгæрайы фырт оптимистон æви песси- мистон рахонид йæхи ’мдзæвгæ «Сбæзз-иу хойæ’Н»—- 1 Алексей Недогонов. Лирика, изд. «Советская Россия», М., 1963, стр. 155. 2 Калоты X. Хуры тын, 67 фарс. 3 Джусойты Нафи. Салдаты зæрдæ, Хиррауагъдад, 1949, 24 фарс. 37.
уым дæр салдатæн æцæг цы æнкъард зæрдæйы уаг уыдис, уый æрцыд æвдыст—аивæй, поэтикон-лири- конæй. Салдат йæ сæнтты йæ уарзон чызджы уыны: Ныр дæр мæм ды фæцыдтæ дардæй, Дæ дзыккутыл, хæстонау, — рыг. Кæсыс мæнмæ æмæ æнкъардæй Æрхауд дæ судзгæ цæсты сыг. Хæсты тас, хæсты зыныл дзуры, мæлæт йæразы ис. Куывды куы не ’рвитын мæ рагбон, Фæлæ дæн тугкалæн хæеты.1 Миййаг, дам, куы амæлон, — фæдзæхсы салдат йæ уарзоны, — уæд, дам, мæ мадмæ фæцу æмæ, да’м, мæ (иунæг æфсымæрæн дæхицæй хо зæгъ. Хæсты тухи; æмæ утхар кæмæ нæ бахъардтой, хæсты тухи æмæ утхар æвзаргæйæ кæмæн иæу йæ маст дæр, йæ цин дæр, йæ ныфс дæр, ахæм поэт чинылкæсæджы зæрдæ не ссардзæн. Уымæ гæсгæ раст бакодта Чехойты Сæрæби (журнал «Мах дуг», 1946, №2—3, 89 фарс), Баситы Мысосты чиныгæн æппæрццаг аргъ куы окодта, уæд: «Хæсты быдыры арвы ’рдыгæй дæр тæрс, зæххы бынæй дæр тæрс. дæ алыфæрстæй дæр тæрс—мах фæлтæры хæсты уыцы зындзинæдтæй иу дæр æвдыст -не ’рцыд чины- джы, афтæмæй та чиныг хуыйны «Мах фæлтæр». Плиты Грисы салдаты тыххæй иууыл æнæобъек- тивондæр рауад Мамсыраты Дæбейы ныхас: «Чи- ныгкæсæджы размæ слæууы тæппуд салдаты су- рæт».2 Плиты Грисы хæстон поэзийæн йæ критиктæй растдæр аргъ скодта Ардасенты Хадзыбатыр: «Сол. 1 Журнал «Мах дуг», 1945, № 2, 38 фарс. 2 Журнал «Мах дуг», 1963, № 7, 78 фарс. Уац «Литерату- рæ æмæ цард». Газет «Рæетдзинад»-ы 1949 азы 1 февралы æндæр фыста Дæбе: «Плиты Грисы замманайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Салдат»... Диссаджы метаморфозæ! Дæбейы зæрдæмæ дае цæуы, Грисы салдат хъуыдыкæнынмæ кæй арæх- сы, анализ кæй кæны йæхицæн æмæ йæ алфæмблайæн. Дæбе ма ныхæй-ныхмæ æвæры салдаты «æз» (ома поэты «æз») æмæ коллективы, адæмы «мах». Уый дæр раст нæу, уымæн æмæ поэт йæ «æз»-æй æвдисы йæхи æмæ æгас адæмы, æгас рæстæ- джы «мах». 38
дат Плиеова не только храбр и отважен, он человек высокого интеллекта, с глубокими психологически- ми переживаниями. Поэт не скрывает суровую праз- ду войны. Его солдат понимает, ка/кая еерьезная опасность «авысла над страной. . Солдату часто приходится ’омотреть омерти в глаза, но он далек от пессимистичеоких настроений».1 Уырыссаг сылгоймаг поэт Друнина Юлия (хæ- сты ад, хæсты хъизæмар биноныг бавзæрста) иу хатт загъта, рог оптимистон, уæлæнгай поэттæ æмæ критиктæн сæ ных чи цæвы, ахæм полемикон рæн- хъытæ: Я только раз видала рукопашный. Раз—наяву. И тысячу—во сне. Кто говорит, что на войне не страшно, Тот ничего не знает о войне.2 Друнинайæн атакæ, æрмхæст у æрмæст æнæфе- рожæнинаг, карз тæлмæнау. Плиты Гржмæ та нæ цæсты раз сысты нывтæй, архайдæй, зæлтæй. Ахæм уьшынад ма тызмæг-реалистон кинойæн ис: Иу цæстфæныкъуылд ма баззад æрмæст, — Цардыл фæстаг фæлгæст акæ... Райдыдта ниудты ниуд, лæгты дзынæзт, Хъарджыты хистæр — атакæ! Фенкъуысти быдыр, ныннæрыд æваст... Фæлæ мæ уæз та цы фæци?.. Диссаг: мæ салдæттæн тас æмæ маст Цæсгæмттыл ивынц кæрæдзи. Фæлæ нæм нал ис цæрынмæ хæлæг, — Райдыдта не ’рмхæст джебогъæй: Топпы хъæр нал цæуы, бакъуырма лæг Ахх æмæ ухх æмæ оххæй...3 Хæст, атакæ, бырсын —- адон Плийы фырт хо- ны «хъарæг» («Хъарджыты хистæр — атакæ») — 1 Известия СОНИИ, т. XXII, выпуск II, Вопросы литера- туры, Орджоникидзе, 1960, стр. 22. Статья «Осетинская ли- тература периода Великой Отечественной войны». 2 Юлия Друнина. Тревога, СП, М., 1963, стр. 17. 3 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 17—18 фæрстæ. 39
■фыдæл’гæй фæстæмæ адæймаджы трагедийы аив- бæрзонд «ом иронау. Иу критик æй нæ бамбæрстй: «Цавæр «æнкъард хъарæг» у уый?», зæгъгæ, бафар- ста, мæнæ а>цы. лирвконармдзæвгæйыл куы дзырдта, уæд: Цыма фенцад æваст æнкъард хъарæг, Цыма арвæй æркаст цырагъдарæг, -^ Аив сæрды æппæт йæ хæрдгæйæ — Атад, алыгъди мæт мæ зæрдæйæ... Фæлæ н’аскъуыд æваст æнкъард хъарæг, Нæ дæр арвæй æркаст цырагъдарæг: Уый рæстæгмæ фæхъус нæ хæст-тыфыл, Æмæ уайы дæ хуыз мæ цæстытыл.1 Крити(ч,ы цæмæдæр гæагæ уыр!ны: «Æдаæ >сæр- магонд каммента.рийæ поэтæн йæ уарзон сылго&маг бамбардзæн ахæм «лирикæ», зæгъгæ, уый зьш зæ- гъæн.у».2 Фæлæ дзы, .мæнмæ гæсгæ, æнæмбæрст 1й.и- цы ис: хæст чысыл фенцад æмæ поэты цæстытыл уайы йæ уарзолы сурæт. Поэт-салдат — хъæзныг зæрдæйы хицау —; мингай тæгтæй баст у дунеимæ, уæлдайдæр фæс- чъылдымимæ, æмæ уыцы тæгты, электрон телтау. цæуы йæ хъуыдытæ, йе ’нкъ&рæнтæ æмæ йæ бæл- лицты ток. Хæсг поэты хисæрмагонд, лвдтимон æн- къарæнтæ ;нæ ныкъкуырма кодта, фæлæ сæ ноджы фæцькргъдæр кодта. Адæмы иумæйаг : цард куы скарз вæййы, уæд скарз вæййы лæджы хиоæрма- го«д цард дæр. Æнкъарæнтæ афтæ абæгънæг кæ- нынц оæхи, æмæ сыл, зæгъгæ, дæ къух авæрдтай, уæд дæ басудздзысты, физиконæй сæ рахатдзынæ. 1 Плиты Г. Салдат, 19 фарс. 2 Журнал «Мах дуг», 1953, № 2, 65 фарс. Бассаргин Ба- рисы уац «Ирон литературæ». 40
Фæтынгганд æнкъарынадæй фæзындысты Грисы «Салдаты сæнттæ» — адæмсш зарджытау, гæзæйæ гуымиргомау, кæровмæ æргом рæнхъытæ, — æнæ- .низ хъару æмæ уарзтæй æррагæнæг зæрдæйы монц: Кæд фæцыдтæн дæргъвæндагыл, — Нал фæхæцин мæхиуыл, Авæрин дæ мæ уæрагыл, Андадзин дæ мæ риуыл. Салдат бирæ кæм фæбыхсы, — Фестин порти-хæрдмæхау, Атухин дæ мæ хъæбысы, Аздухин дæ уæрдæхау.1 Ахæм физикон-материалон тырнынады фарсмæ Грисмæ ’ис бьштон уæздан, фæлмас æмдзæвгæ — «Урс бæлон». Салдат, йæ уарзонæй райста . фыс- тæг — урс ’бæлонау æм æртахт хæцæнмæ. Хæст зын 1кæй у, уый йые дзуры йæ уарзонæн по- эт, фæразон цæмæй уа, уый йын зæгъы, ныфсытæ ,йын æвæры, кæй йæм æрыздæхдзæн æмæ йьин йæ цæсты сыгтæ кæй «бахус кæндзæн батæй». Уарзты сыгъдæг, æндыгъд драматизм ныл улæ- фы Калоты Хазбийы æмдзæвгæтæй. йе ’мбал ын Кавказы кой кæны, йæ фенынмæ бæллы, фæлæ йæм поэт нæ хъусы — Дымпæ уæд бæгънæг бæрзы æнкъуыста, Сидзæрау уыд къулбæрзæй бæлас — бæрзау иунæг цыма у поэт æнæ йæ уарзон æмæ йæ «зæрдæ атахт саудзыкку чызгмæ».2 Æнæнцой, фæ- дисон уавæры мысы иугæндзон йæ уарзоны — «фæлмæст цæстыхаутау куы сумæл кæны хъæды ’ртæх», «тымыгъ даргъ уынгты хæты... Æхсæв салд рудзгуытæй хъусы...» Хæст сæ дард кæй фехста кæрæдзийæ, уый сын сæ зæрдæтæ иæ фæдарддæр кодта миййаг. Дард дæ, дард, мæнмæ, хæрз дард... 1 Плиты Грис. Уацмыстæ, Дзæуджыхъæу, 1951, 55 фарс. 2 Калоты X. Хуры тын, 52 фарс. 41
Фæлæ мæм уæддæр хæстæг дæ!..1 Ахæм контрастон амал ма ис Мæргъиты Къос- тамæ дæр: У уазал бон... Зымæгон дымгæ ниуы, Нæй, нал ын ис æнцайæн ам. Фæлæ дæ уарзт хæссын æдзух мæ риуы Æмæ мын у сæрдыгон бонау хъарм.2 Фыстæджытæ, къамтæ... Фронты æмæ фæсчъыл- дым чи уыд, уыдон сæ кæрæдзийыл чи баста, сæ кæрæдзи сын «предметонæй» чи мысьин кодта. Дис- саг дæр нæу, бирæ æмдзæвгæтæ сыл кæй фыстой нæ ’поэттæ. Мæргъиты Къоста йæ уарзоны къа^мæй уыны йæ зæхх. йе ’м-балæй цы фыстæг райста Мыр- тазты Барис, уымæй йæм зыны йæ райгуырæны (НЫВ. Мæнмæ фыццаг хатт уалдзыгон изæр Уым хурау бахудт уарзонад фæлмæн. Йæ риуыл æз куы ’ркъул кодтон мæ сæр, Æвæдза, уæд куыд амондджын уыдтæн! Хъæргæнгæ уайы хъæугæрæтты дон, Мыдау, у адджын райсомы уæлдæф. Йæ бæхыл рараст бæстæйыл сæрддон, Уæздан, сыгъзæриндзаст æхсæв.3 Йæ уарзон чызг дæр сæхимæ кæсы йæ салдаты къамтæм: Фæскуыст та куьг бадай ды иунæгæй уаты, Кæсдзынæ уæд радгай æдзынæг мæ къамтæм. 1 Калоты X. Хуры тын, 64 фарс. 2 Мæргъиты Къоста. Мæ зарджытæ, Хиррауагъдад, 1952, 70 фарс. Æцæг, æмдзæвгæ цыма Сурковмæ гæсгæ æр- цыд фыст: «Мне в холодной землянке тепло от моей негаси- мой любви». (А. Сурков. Избр. стихи, стр. 268). 3 Мыртазты Б. Уад, 43 фарс. 42
Æлгъин дæн, æлгъин дæн æнæ дæу мæ пъатыл. Дæ уарзон ныхæстæ фехъусын æз ардæм.1 Кæрæдзи ма фæсайын, кæрæдзийыл зæрдæ да- рын (цыфæнды дард нæ уой сæ кæрæдзийæ, цы- фæнды нæ уыной сæ кæрæдзийы, уæддæр) — адæй- маджы уыцы стыр миниуæг бæрзонд æвæрьшц нæ хæстон поэттæ. Мысыны æмдзæвгæтæ, лирикон фыстæджытæ уæлдай фылдæр уыд мады тыххæй. Мад æмæ уар- зон чызг — зæрдæйæн иууыл æввахсдæр адæймæг- тæ — иугæндзон, -æнæзынгæйæ, уыдысты салдаты фарсмæ, лæууыдысты йæ уæлхъус Асаты Реуазмæ фыны, цыма, акъопмææрцыд йæ мад, цинтæ, пъатæ, хъарм хъæбыстæ йын кæны. Райхъал дæн æмæ фæкастæн, Кæд ныккодтон хъарм хъæбыс Мады бæсты хæцæнгарзæн, Хъæр фæцыдис: — Тохмæ сыст!2 Хорз <æй бахахх ’кодта: сæ хицонты кæй мысынц, уьшæй салдæттæ фылдæр бæрн æнкъарынц, гынг- дæр тырнынц, цæмæй знаджы тагъддæр ныддæ- рæн кæной æмæ сæ хæдзæрттæм уæлахизæй «рыз- дæхой. Мады фенынмæ бæллын комкоммæ дæр баст у хæцæнгарЗ’Эей знаджимæ хæцьинимæ. Мадыл фысгæйæ, поэт-салдат цыма дардæй уы- ны сæ хæдзар, -сæ биионты, йæ мады архайд, йæ мады куыст. Афтæ у Асаты Реуазмæ («Мысын»), Гафезмæ («Мысы зæрдæ»), Джусойты Нафимæ («Мæ уарзон райгуырæн хæдзар»...), Мыртазты Барисмæ («Ма’дмæ»). Сæ иумæйаг арæзт, сæ иу- мæйаг хъуыдытæ æмхуызон сты, фæлæ дзы уæд- дæр алкæмæм дæр йæхирдыгоиау йæ зæрдæйæн ад- джы.н деталтæ ауайьшц йæ цæстыты раз. Асайы фырт фыццаг уал фыссы хæсты фæсабыры момент: мæй, чызгау, æфсæрмгъуызæй скаст, «сармадзан 1 Мыртазты Б. Уад, 45 фарс. 3 Асаты Р. Хæстоны сис, 55 фарс. 43
кæны уыджы каст», салдат ны1ффæллад —■ «уæхс- кыл сæр æркьул». Йæ бинонтæ Афонмæ кæсынц æнхъæлмæ, Фынг цæттæ кæны мæ мад. Тæфласæн йæ зæлланг хъæрмæ Алы хатт— сæ хъуыст, сæ бадт.1 Гафезмæ — бæстæ судзы йæ цæсты раз æмæ мысы: «Мад кæрдзынтæ кæны, <æм.æ сусæгæй йæ арынгмæ цæссыг уары, кæлы», кæнæ пецы цур ба- ды æнкъардæй æм-æ хус къæбæр йæ хъуыры нал хизы; кæнæ хъæубьшмæ рудзынгæй кæсы æмæ ф-æрсы бæлццæтты, фыстæг æм кæд ис йæ хъæбу- лаей. Джусойы фыртмæ — уад ниуы, æвæры хъæ- пæнтæ, хæххон хæдзар рыг миты бын фæци, пецы раз пыхс сугтæ, «цьша пыхцылхъуын галы царм»,: мад,— иунæгæй, «йæ рустыл цæсты сыг хъуызы». Мæ мæтæй урс кæныс, мæ мад... Дæ цæст мæнæй нæ уарзы сомы, Фæдæ ыстыр бонтæ нымад, Фæлæ дæ фырты ’рцыд нæ зоныс.2 Мыртазты Баржы мад та рудзынгæй фæ’кæсы, сæ кæртьг цы фæткъуы бæлас ис, уымæ (шоэты фу- ды фыд ын æй йæ гуы/рæн бон иыссагъта). Æмæ ’фсæддонтæ нæ уынгты Цырд куы ’рбацæйцæуынц заргæ, Ды уæд рауайыс сæ размæ, Ды бæллицаджы æнгасæй Мæн фæагурыс сæ рæнхъы.3 Æмдзæвгæты кæрон мадæн зæрдæ ’вæрынц, к’æй йæм æрцæудзысты, мæнæ уал, зæгъынц, хæст фæуа æххæст. Ахæм финал характерон уыд мысы- 1 Асаты Р. Хæстоны сис. 53 фарс. 2 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 28 фарс. Нафимæ ма ис мады тыххæй æндæр лирикон æмдзæвгæтæ: «Гыццимæ», (20 фарс), «Нана, фыстай, æвзæр фынтæ кæй уыныс..» (33 фарс)% «Хърихъупп» (34 фарс). 3 Мыртазты Б. Уад, 8 фарс. 44
ны æмдзæвгæтæн, лирикон фыстæджытæн,. (рæдыд нæ уыдзæн афтæ зæгъын; се ’ппæтæн дæр!). Уæз- зау заман уарзон адæймагæн яыфсытæ авæр — уый рæсугъд æгъдау у фыдæлтæй фæстæмæ. Æ-м- дзæвгæтæ æндæр æмæ æндæр азты уыдысты фыст, чи—раздæр, чи —- фæстæдæр, æмæ дзы, кæй зæ- гъын æй хъæуы, кæцыдæр æмдзæвгæ йе '.мсих æм- дзæвгæйыл бандæвтаид, кæд се ’ппæт дæр хисæр- магонд цардæгас , æнкъарынадæй æвзæрыдысты, уæддæр. Æ^нгæс, æмхуызон <сты Гафезы «Мысы зæрдæ» æмæ Плиты Грисы «Урс бæлон»-ы кæрæт- тæ (Гр’Исмæ: «Уый дæ сау цæстытьг сыгтæ бахус кæндзæн батæй», Гафезмæ: «Æ<мæ батæй ныс- сæрфдзынæн æз дæ цæссыг дæуæн»). Фыццаг хатт мыхуыр ,куы ^рцыд «Мысы зæрдæ» (журиал «Фи- диуæг», 1945, № 4, 30 фарс), уæд дзы уыцы финал бынтондæр иæ уыдис. Поэт ыл æй бафтыдта фæс- тæдæр (’чиныг «Адджын у цард», 1948, 52 фарс). •* * * Ранымайгæ поэттæй, кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæ нæ уыд Плиты Грисы философон хъуыды- кæнынад æмæ фæлгондзон-дзырдуатон .масштабон- дзииад. Фæлæ сæ егъау ахадындзинад ирон поэ- зийæн арфæйаг у: хъацæнджьш æй кодтой реалис- тон детализацийæ, æрвылбонон хæстон царды пред- метон, материалон, коикретон уынынадæй- Кæд Гриомæ салдатаг царды ны-втæн ис трагикон-уæ- рæх-æндыгъд ахаст, кæд дзы æмтад, æмхæццæ кæ- нынц ивгъуыд фæлтæрддзинад æкæ абоны цæстæн- гас, уæд йæ коллегæтæм та хæрх сты, салдат æр- выл бон цы уьгны, цы ’взары, уыцы конкретон цау- тæ, деталтæ, цæстфиппаинæгтæ (салдатаг арт, сал- датаг хæлц, салдатаг, дарæс, салдатаг хæлардзи- над...), сæ поэзи у демократон, хуымæтæг салдаты (фыццаг бакастæй гыццыл, фæлæ æцæгæй стыр) сагъæс, мæт, цин, зьш æмæ æнцон—адон сты се офæлдыстады сæрæвæрæн, йæ астæумагъз. Кон- кретон-реалисто.н детализаци бар-æнæба.ры кæны фæлмæн, хъарм лиризммæ. 45
Гафез æмæ Мыртазты Барисы салдат йемæ хæссы йæ райгуырæн зæххы сыджыты мур (къуы- бар). Гафезы салдат куы ам.ард (æмдзæвгæ -сюже- тои у — «Медальон»), уæд ын æй ,йæ фæдзæхсшæ гæсгæ йæ риуыл æрызæрстой. Мыртазы фыртæн искуы кæйдæр зæххыл куы вæййы зын, уæд æй йæ риуыл авæры æмæ йын 1Ног тых ратты. Салдаты зæрдæйæн æхцон, уарзон хабæрттæ, æнæмæнгдæр, бирæ поэттæм æвзæрын кодтой иу- гъуызон тæлмæнтæ, æнкъарæнтæ. Гафез дзуры, «хæхтæ, фæзтæ, дзыхъытæ, чи нæмы», алы ра.н кæ- мæн зыеы сæ фæд, йæ уыцы цырыхъытæ-м, æр- мæст-ма сын Берлин баззад æнæсгæрст æмæ ныр уыцы ’рдæм у сæ уад. Йæ цырыхъыты цыбыр поэ- тикон истори «ыффыста Мыртазы фырт дэ&р: Мæ салдатаг цырыхъытæ, Куы сыгъд æстыр хæст, уæд Цы къуыппытыл, цы дзыхъхъытыл Нæ баззади уæ фæд! Æхсидт уыл кодта сау нæмыг, Уæддæр фыстат уæ хæс. Ныр уын уæ дард æфсæддон рыг Дзæбæх ныссæрфтон æз. Æмæ уæ ■ цæст нæ фæсдуармæ Куы ацахсы, уæд та Æрбаймысын æз не ’хсарджын Уынгæг тохы фæндаг.1 1 Журнал «Мах дуг», 1948, № 2, 28 фарс. Афæдзы фæ- стæ Туаты Дауыт «Мах дуджы» (1949, №3, 36 ф.) ацы æм- дзæвгæйæ тынг раппæлыд: «Цы æвдыст цæуы уыцы цыры- хъыты руаджы?.. Карз дуджы сурæт! Хъазуат тохы обрæз! Советои адæмы мæлæтдзаг хæст сæ фыддæр знаджы ных- мæ! Сæ уæлахиздзинад уыцы хæсты!..» Стыр, æгæр стыр ньт- хæстæ сты. Æмдз.æвгæ æфсармдæр у. Туайы фырт скодта иу фиппаинаг (йæхи бæрæггæнæнтæ «карз», «хъазуат,», «мæлæт- дзаг» æмæ æнд. ныхмæ рауад): хæст, дам, зын уыдис, фæлæ, дам, æй поэт уынгæг тох кæй хоны, уый раст нæу. Мыртазы фырт æм байхъуыста æмæ йе ’мдзæвгæ дыккаг хатт куьт мыхуыр кодта (йæ чиныг «Мæ уарзондзинад», Дзæуджы- хъæу, 1950, 27 фарс), уæд æй баивта: «Нæ рухс тохы фæн- даг!» Дзæлгъæды, бынтон дзæлгъæды! 46
Салдатаг стæртæ, >салдатаг фæндæгтæ... Хи- цæн моменттæ, хицæн уысмытæ... Цыма сæ поэт- тæ се ’мдзæвгæты баурæдтой, се ’мдзæвгæты сын бавæрдтой сæ хуыз, сæ ахаст, сæ тæф... Чидæр митыл къалиутæ ныккалдта, арт ,кæнынмæ хъавы, хъуамæ цай рахсида. Салдæттæ сæ хардз арахъ нуæзтой, Арты сугтæн митмæ тагъд сæ хид. Фæздæг тади... Зынджытæ æмбæрзтой 'Ртхутæджы тæнæг кæрцæй сæхи. Уалынмæ — цæугæут! — бардзырд радтой. Дард уыдис нæ тохы фæндаг, дард! Салдæттæ сæ агтæй хом цай калдтой, Миты уæлæ банымæг ис арт.1 «Нæ поэзийы дзæвгар уацмыстæ фыст ис сал- даты цардыл,—зæгъы Гаджиты Георги.—Фæлæ нын ныртæккæ Нафи нæ разы цы ныв авæрдта, ахæмтæ дзы чысыл ис».2 Джусойы фырты æмдзæвгæмæ («Миты уæлæ къалиутæ н-ыккалдтам»...) тематиконæй æмæ афысты конкретон уагæй хæстæг лæууы Асаты Ре- уазы æмдзæвгæ «Арт». Уалдзыгон æхсæв арты фарсмæ тыгуырæй бадынц хæстонтæ (хицæн поэттæ хицæн æмдзæвгæты цы темæтæ фæлгъа- уынц, хибарæй, уыдон цыма ам иууылдæр иумæ æрæм’бырд сты—алы салдат дæр дзы кæны цы- дæр йæхи сæрмагонд сагъæс, йæхи сæрмагонд ми): Чи сæ æрбавæры артыл пыхс суг, Чи сæ кæрдзын хæры, чи та гуыбырæй Умæл зæнгæйттæ куы кæны уым сур. Чи сæ йæхицæн тамако ыссыгъта, Сдымы йæ риуыдзаг, суадзы фæздæг. Чи сæ йæ хотых хæстæввонг ифтыгъта, Чи та дыдзы рухсмæ касти фыстæг. Чи сæ йæ цинелы фæччитæ ’вдисы, Знаджы нæмгуытæй — сыхырнайау гом... 1 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 16 фарс. 2 Гаджиты Георги. Лирикæ æмæ базырджын азтæ, Ор- джоникидзе, 1963, 29 фарс. 47
Æмæ сæ артæн йæ рухсмæ æмпъузы, — Тохы йын мацæуыл атыхсой сом. Чи сæ йæ хъуыдыты афардæг дардмæ, ; Цыма сæ кæрты дуар бакодта ’васт, Чи та æрцыди йæ ныййарæг ’мадмæ, Чи та йæ уарзонмæ цыма нымдзаст... Салдаты цард — куыет, иугæндзон куыст. Æх- сæвы арты (фаромæ дæр кусы, мыеы, йæхи крхæф- сы («Чи ’сæ æмбисæндтæ, аргъæуттæм (баздæхт»...)- Скæсæнæй радымдта... Арт дæр ыецырын, Тохмæ фæндæгтæ ысрухс кодта дард, — 'Рттивгæ тырысайау,. хæстонты ’мгуырæй Сразæнгард кодта ныгуылæнмæ арт.1 Салдатаг хуымæтæг, æрвылбонон арт байрæзт стыр нысаниуæгджын фæлгондзмæ. Хæст æнæхин, реалон формæйæ ,цы поэзима^ цы’д, уымæн йæ бо>н нæ уыд, æмæ хæсты пейзаж ма равдыстаид тыхджын аивадонæй. Æрдзы фæ- зыидтæ, æрдзы предметтæ æмæ салдаты тухитæ, салдаты цард сæ кæрæдзийыл кæм æмбæлдысты, æхсон дур æмæ æндоны къæрттау, уым-иу ферт- швта диссаджы фæлгондзтæ, абарстытæ, эпитет- тæ. Хæст шг цæстытæй феньш кодта алфæмблай æрдз. Зымæгон хъызты иывтæ дас æмæ цас уыд поэ- зийьг — Ирыстоны дæр æмæ .æндæр )рæтты дæр! Фæлæ куы бакæсай Джусойты Нафимæ: ■ ’ ■■ . Ныр ме ’мбай хæстонты хуымæтæг цыртытыл Мæ къарандасæй фыст ныффæлурс, ныххуылыдз, уæд дзы традиционæй ды фендзынæ! Кæнæ: Мит бинтау æртыхсти æрыгон, цæф бæрзыл, Йæ саст къалиутæ йын йæ зæнгмæ ныббаеги.2 ДраматикО’Н-зæрдæхалæн у хæсты лейзаж Ка- лоты Хазбимæ. Дымгæ йæм цæргæсау, кæнæ æф- сургъау нæ фæтæхы миййаг — «дымгæ ног атакæй 1 Асаты Р. Хæстоны сис, 49—50 фæрстæ. 2 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 40 фарс. 48
тагъд фæтæхы». Хур та йæм сæумæйы æртæхты «æ худы — «худы туджы ’ртæхты хуры тын...»1 Карз, æнæнхъæлдау фæлгондзтæ! Гъе ма йын рай- юут йе "ннæ ’мдзæвгæ «Митыл мæйы ’ртхутджы- тæ хъазынц...» Уæнгтæ базыр-зыр кæнынц, уай- гагъд банкъарæм: зæхх дары саутæ, хæст фыр зы- дæй ахæрынмæ хъавы арвы дæр. Ниуы бæстæ зындоны цæхæры, Лентау сау уаццаг — фæндаджы тар... Уæлæ мигъты зынг æвзæгтæй стæры Хъæуы сæрмæ æнæрнымæг арт.2 Æмткæй Калойы фырт иннæ поэттæй уымæй хицæн кæ>ны, æмæ йæ поэтикон цæстæнгасæн ха- рактерон у æндыгъд-э;моцион драматизм, фæди- сон-аенæнцой лиризм. * * * Поэтты дзыхæй дзырдтон сæ рæстæджы факт тæ. Фашистт^е цы ’фыдмитзе ’кодтой, уыдон зæгъы- нæн адæймаг фаг дзырдтæ дæр >не ссардзæн. Факт- тæ ахæмтæ уыдысты, æмæ-иу сæ койæ дæр зæрдæ ньжкæрзыдта. Алагиры гитлерюнты амæттаг чи фæци, уыдон нæмттæ ранымайгæйæ, уацхæссæг фыста: «Удæгасæй сын ралыг кодтой се ’взæгтæ, сæ былтæ, сæ фындзтæ, сæ къухтæ, сæ фæрстæ, сæ сæртæ сын ныммур кодтой. Ахæм фыдмиты фæстæ сæ басьтгътой...»3 Сæхи «уæлдæр расæйыл» чи нымадта, сæхи «раззагон европæйаг цивилизаци тауджытæ» чн хуыдта, уыцы æфсæдтæ уыдысты, зæххыл йæ рав- зæ.рдæй фæстæмæ цыдæриддæр цъаммардæр лæг- м,артæ ацыдис, уыдо^ньгхалдих æмæ, чи зо.ны, ноджы 1 Калоты X. Хуры тын, 68 фарс. 2 Уый дæр уым, 69 фарс. 3 Газет «Рæстдзинад», 1943 азы 15 январь. 4. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 49
фы’ддæр. «Немцы .хотели уничтожить все, что, соз- дал.и ооетин’ы эа -годы советакоц власти,—дзырдта украинаг фыосæгСобко Вадим,—В освобожденных районах мы видели, :какие руины остали-сь после них. Не культурой, а страшным средневековьем • повеяло на нас от всех ужасов, которые пришлось увидеть».1 Гъе, уымæ; гæсгæ цырынæй сыгъдис советон . ’адаамы зæрдæйы мастисын, фыдæх æмæ аанæуы-'■ нондзинады пиллон. Сыгъди-с æмæ нæ хуыссыд, —-. æртагау ын уыдысты, гитлеронтæ иæ адæмæн ’цы æвирхъау фыдмитæ кодтой, уыдон. «Война без не- иависти — это иечто бесстыдное, как сожительство без любви», — фыста Эренбург Илья.2 Поэзи стыр уарзты сæраппонд хъæддыхæн æмæ хъæрæй кодта фыдæхы зарæг. Уырыссаг поэттæй фыдæхмæ жарзæй фæсидт Симо-нов Константин: ’ <<Ама,р æй!» «Я месть .и’гнев, и ненависть пою», — Сурковы ацы ныхæстæ сы’Сты поэзийы програм- мæйау. Фыдæхы темæ Сурковы офæлдыстады ахсы уæлдай зынгæ бынат. Именем жизни клянемся ;— гпать пстребляя жестоко, ’ И ненавидеть клянемся — именем нашей любви.3 «Нæ маст мын райсут!» — домдта æрд’з, домд- той удæгæстæ, домдт.ой мæрдтæ. «Адæ.мы маст» — с.:фтæ схуыдта йе ’мдзæвгæ Баситы Дзамболат. Тар æхсæвты рабадынц лæ мæрдгæ Æмæ додой удхортæм кæнынц. Сризынц уынгты ауындзæн бæндæнтæ, Сыстынц судзгæ сау фæнык хæдзæрттæ Æмæ знæгтæи карз æлгъыст кæнынц.4 1 Говорит Северная Осетия, стр. 45. 2 Цитатæ ист у Лебедева М. Н. чиныгæй: Русская совет- ская литература периода Великой Отечествениой войны, М., 1964, стр. 54. 3 Л. С;урков. Избранные стихи, стр. 81. 4 Баситы Дзаххот æмæ Дзамболат. Æфсымæрты зарæг, 48 фарс. 50
'Поэзийы ныффидар æмдзæр.гæйы тий: фыццаг уал ’ афысс масты ньш, фыдми, дудгæ боны ныв — конкрето:нæй, цæстуынгæйæ, стæй радт, афьгсгæ нывæй чи цæуы, уыцы лирикон-публицистон хац- г.æг. йæ мад, йæ фыды кæмæн амардтой немыц, уьгцы 10 аздзыд чызджы чи фена, йæ рис кæмæ бахъара, уый не ’рцæудзæн йæ хæдзармæ хæстæй, цалынмæ «фена фæстаг калмы йе ’рвдзæфæй уд- исгæ».1 Поэт-салдаты цæстытыл иугæндзон уайы: чы- сыл лэаппу сыгъдтытæй судзгæ хæдзары исы йæ уд æмæ салдатæн уайдзæф кæны: «Арт ма ахуыс- сы-н кæн...» Фыны дæр æй фены афтæ дзургæ. Æмæ зæгъы (цыма чи амард, уьщы лæппуйæн дæр æмæ удæгас чи у, уымæн дæр — йæхи фыртавн): Ард дын хæрыи, мæ фырт, ахуысдзæн арт Тугæй! ■ Нæ ф?лдгулты тугæй!2 Æнæ публицистонæй, харажтерон ын куыд у, ахæм рапон-ныры’ккон трагнкон планыл ныффыста йæ фыдæхы æ^мдзæвгæтæ Плиты Грис «Судзгæ ма’ст» æмæ «Карз хæсты адæмы хæс фидын...» Хæсты философи ’кæм фæлгъауы, уыцы æм- дзæвгæйы («Хæиæны») куыд,у, афтæ «Судзгæ маст»-ы дæр Грис ныхæй-ныхмæ сæмбæлын кодта дыууæ салдаты иугæнæг типикон фæлгондзы. Сæ иу дзы у немыцаг, иннæ та — махон. .'"■ Удхор ныббырста, сырдау, зынг æмæ карднмæ махмæ. Рауагъта туджы лæсæнтæ, бафтыдта дзыллæйыл арт. Быдырты урс мит ныссырхи, мæрдтæ обæуттæй лæууынц, 1 Тазет «Рæстдзинад», 1943 азы 13 август. Мыртазты Б. æмдзæвгæ «Баззадис иунæгæй». 2 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 31 фарс. Æвæццæгæн, фæстаг хаццæгон рæнхъытыл фæзындаид Сельвинский Илья- й1-л æмдзæвгæ «Я '^то видел», йæ кæроны ритмиком энергп: Да! 06 этом нельзя словами. Огнем! Только огнем! 53
Немыцаг банызта сырх æмæ ыыррасыги — цуды... Мадæлтæ се ’дзард хъæбултыл ниуынц, дзыназынц, кæуынц, Тугмондаг марæг кæсы æмæ кæлкæлгæнгæ худы. Зæхх’хъæрзы, куры йæ лъæбултæй, мæ маст мын райсут, зæгъгæ, æмæ советон салдат йе знаджы кардæлвæстæй сурьштæ оиста. Лидзы пемыцаг, баййæфта йæ махон: Зонгуытыл лидзæг æрхауд, сурæг æй не суагъта дзурын: Цæстытæ фелвæста кардæй — немыцаг баззад куырмæй.1 Дымгæ ниуы — æдзæст лæг хъæрзы æмæ йыл йе схæссæг мад йæ рустæ тоны. Сурков йæ «Маетисджыты фæдзæхст»-ы лири- кон-публицистиконæй -цы зæгъы, зæгъгæ, Мы знаем ужас черных пустырей На месте сел, поселков п предместпй. Нет, слезы всех немецких матерей Не тронут сердце, жаждущее мести,2 уый Грис фенын кодта сюжетæй, архайды нывæй. Сурковы æмдзæвгæйы — зæрдæйы судзгæ хъæр, Грисы æмдзæвгæйы та — эгшкон материалондзинад (йе 'Стих — Го’меры гекса>метр, ассощиаци ахæшиæ Гектор æмæ Ахиллесмæ. Знагæй маетисын у хæс- ты æмæ салдаты философийы æнæаскъуыйгæ хай— суанг незаманæй фæстæмæ). «Салам дын. Ирыстон, хæсты быдырæй!» - Плиты Грис йе ’м’бæлттимæ йæ фыстæджы фыста, зæгъгæ, знаг иро« адæмæн цы хъизæмæрттæ бав- зарын кодта, уый тыххæй газетты куы бакастыс- тæм, «уæд нæ зæрдæты ахызт æхсидгæ маст, æх- сидгæ нæртон хæрамдзинад æлгъыст фыдгулмæ! 1 Плнты Г. Салдат, 25—26 фæрстæ. 2 А. Сурков. Избраиные стихи, стр. 97. 52
1ут схъазы мæлæтдзаг тохмæ.К/ьух андæдзы хо- тыхыл. Æмæ уæд -сар 1кæны фыдгулы сæр!»1 Гъе уьщы æрвылбонон æнкъарынадæй æхсысти Грисы салдаты маст, гъе, уымæй сыстадысты йæ фыдæ- хы æмдзæвгæтæ. Аппæрстон ме ’нцойбон, æмгæрттæ, Мисхал рухс не ’рдомдзынæн цардæй, Цалынмæ пе знагæи пæ зæрдæ Й ’астæуыл н’афадон мæ кардæй. Кусарт æй ракæидзынæн зæххыл, Фынгтæй та уый аккаг кæм уыдзæн?! Сау зæрдæ атулдзынæн цæххы, Уый фæстæ — фехсдзынæн мæ куыдзæн.2 Ирмæ базза.д ныхас: лæг лæгмæ мæсты куы вæййы, уæд дзы фæзæгъы: «йæ туг ын баназин», «йæ фыдтæ йын бахæрин». Грис равдыста уыцы фыдæлтон нрон фыдæх знагмæ æмæ ноджы, æлгъ ыл кæй кæны, адæймаджы жкаг *кæй нæу, уый дæр. Критикты æнæбæл.вырдгæнæн, æнæбæрнон æф- хæрды бын фесты Грисы фыдæхы æмдзæвгæтæ. «Натурализмæй ахуырст æнæаив ныхæстæ», «нату- рализмы ахорæнтæ», — бафыста сыл Бесаты Та- зе.3 Æз загътон æмдзæвгæты материалондзинады тыххæй. Чи зоны, Грис кæмдæр æгæр фæматериа- лон. фæфизиолого’н вæййы, къаддæр дзы разыны удондз1ин!ад (юдухотворенность), фæлæ уьий ;нату- рализм нæу. Натурализм исы царды бæлвырд, ме- ханикон копитæ, ома поэты æ’нкъарынад æмæ хъуыдьшæ не сбазырджьш «вæййын-ц афьюгæ 1Н.ыв- тæ, цаутæ. Грисмæ, фыццаджы, хæсты комкоммæ копитæ нæй (æмдзæвгæ «Судзгæ маст» гипербо- лон-кадæгон дæр ма у, дыууæ салдаты фæлгондзæн /ис .иугæнæг-символоя а^хаст), дьгюкаджы та, йе ’мдзæвгæтæ хæссынц бæлвырд-бæрæг хъуыды 1 Газет «Рæстдзинад», 1943 азы 30 апрель. 2 Плиты Г. Салдат, 27 фарс. 3 Газет «Рæстдзинад», 1948 азы 24 июль æмæ 1952 азы 5 мартъи. Уацтæ «Лæмæгъ фыст æмдзæвгæты иыхмæ» æмæ «Цимы æмæ тохы зарджытæ». 53
æмæ æнкъарынад—знагмæ фыдæх, æгæрон .æнæуы- нондзинад. Ра-ст у, абоны сабырДзинады дугæй сæм куы акæсæм, уæд нæм, чи зомы, æгæр <карз фæкæсой. Фæлæ сæ цы рæстæг радта, уый рох ма хъуамæ уа. Хæст хæст у, бафæлвар-ма, карз ма у, æмæ афтæ- мæй уæлахиз райс! Бесайы" фырт зæгъы: «æнæаив ныхæстæ». Адæмы цæгъдынщ, зæрæдты, сабиты æргæвдынц, лæг лæджы мары — цымæ уый кæд уыдис аив? Аив нæу, фæлæ |фаш,истты марын хъуыд, уым-æн æмæ сæ м,ах ^куы «æ амардтаикка’М, уæд «æ сæхæдæг ныххурх кодтаиккой, нæ мыггаг нын сыакъуыдтаи’ккой. Ахæм карздзинад нын амоны гуманизм. Цьшæ Бесайы фырт æмæ йæ критикон хъузæт: тæм куыд фæ’кастаиккой Сурковы ныхæстæ: «Кро«вь со штыка сотрем полой шинели»,1 к&нæ æрыгон зынгхуыст Гудзен’ко Семены рæнхъытæ: Боп был корстким. А потом Глушилн водку ледяную, И выкозыривал ножом Из-под ногтей я кровь чужую.2 О, салдат карз уа, уый йæ нæ фæнды, фæлæ рæстæг афтæ домдта, æндæр гæнæн нæ уыд. Æмæ канд знæттæм нæ уыд -карз, ,— йæ гума-нистон «ы- саны охыл нæ ауæрста æрдзы рæсугъддзинадыл дæр. Плиты Харитон хæсты дыккаг аз (1942) ■--- хъи- зæмар æмæ тухийы аз — уæлбæхæй дзуры дидин- джытæм: 1 А. Сурков. Избранные стихп, стр. 97. 2 С. Гудзенко. Избранное, СП, М., 1957, стр. 42. Уый хæс- ты æдæгдзинад у, фæлæ вульгарон критнкæйы ахæм æцæгдзи- над тынг нæ хъуыд. Ура-риторикæйы фарс хæцыдис. Иæ литературом метод — социалистон реализмы мидис афтæ сфæлахс кодта, æмæ-иу дзы Плийы фырты хуызæн æцæг ре- алистты зына-нæзына фæсфæд авæрдта. Каес журнал «Мах дуг», 1954, № 11, 73 фарс. Епхиты Тæтæрийы уац «Поэзи æмæ царды æцæгдзинад». 54
О, рæсугъд, сырх дидинджытæ, Буц уыдыстут, буц, кæддæр, Калдта хур мæныл йæ тынтæ, Амондджын уыдтæн æз дæр. Ныр мæ бæх сымах ыссæнды, Сидзæргъуыз куы у уæ каст, Мæн уæ бафхæрын нæ фæнды, Фæлæ ма ракæнут хъаст.1 Дидинджыты куыд ссæндынц æмæ сын салдат куьгд тæригъæд кæны, уый тыххæй дæоны фыст иыжкодта Недогонов Алексей (Плиты Харитоны æмдзæвгæимæ сæ кæрæдзийы мысын кæнынц æмæ уый тыххæй кæнын йæ кой). Не правда ль, жаль земную красоту? Да, жаль. Но если вспомнить высоту В семи верстах правее Балатома, Где нежные Цветы, Цветы, Цветы, — Там молча у подножья высоты Схлестнулись два усталых эскадрона, — С Боварип немецкип, Русскнй с Дона, Друг друга вырубив... Зачем же мне, Алена, О жалости к цветам напомннаешь ты?2 Ныхмæ’вæрд æгжъарынад: дидинджытæн тæрн- гъæд ’кæиы, фæлæ -сын æнæссæндгæ нæй — адæм сæ туг калынц, адæмы хъысмæт ахсджиагдæр у диди-нджытæн. Гуманизм поэт-салдатæй, ипнæ æн- къарæнтимæ иумæ æмæ уыдонæй тынгдæр, домдтл знагмæ карз фыдæх, æгъатырдзинад. ИРЫСТОН ÆМÆ ХÆЛАРДЗИНАД Советон поэтты зæрдæ <сытъта æмæ дзурын кодта, канд сæ алыварс цы æцæгдзинад уыдтой, уый нæ, фæлæ ма адæмы щарды дард æмæ арф 1 Плиты Харитон. Уацмыстæ, Орджоникпдгю, 1959, 61 фарс. 2 А. Недогонов. Лирика, стр. 339—340. 55
иеторио-н мысинæгты хъару. Фашизмимæ тохы со- ветон адæм хъахъхъæдтой сæ абон æмæ сæ фвдæн, хъахъхъæдтой сæ ивгъуыд замантæ дæр, сæ исто- ри. Уымæ гæсгæ хæсты азты литературæйы къа- бæзты æгасæй дæр хъары историзмы цæрдуд æн- къарынад. Уæлдаэр за.гътол, .иран адæ;мы фольклор эвмæ классикон литературæ хæсты цы хайад райстой а^мæ поэзийыл сæ идейон-аивадон æндæвдад цы хуызæн уыд, уый тыххæй. Хæсты поэзийы иуда- дзыг уынæм историон ассоциацитæ, параллелтæ, аналогитæ. Тохы чи фесгуыхт. уыдон барст цыдыс- ты иарты гуыппырсартæ — Батрадз, Сослан æмæ иннæтимæ. Ирыстоны феодалон дуджы йе ’х-сар. йæ хъару æм^бисондæн кæмæн баззадысты, уыцы хъæбатыртæ — Тылаттаты Чермен, Алыккаты Хазби, Кодзырты Таймураз æмæ иннæтæ, гъе, стæй революци æмæ -мвдхæсты номдзыд хæстонтæ — Харебаты Исахъ, Дриаты А-нтон æмæ иннæтæ поэ- зийы уыдысты барджын, иырыккок салдæттау — сæ байзæттагау. * Ма.м’сыраты Дæбе традищиан -иумæйаг фæл- го-ндзтæй ныффыста æмдзæвгæ «Райгуырæн бæс- тæ», алы сæргонды дæр дзы ныхас цæуы ирон и-с- торийы хицæн эта-пыл: æрымысыд нарты, Ос-Бæ- гъатыры тох тæтæйраг хантимæ Тæтæртуппы цур, уырысы колон.игæнæг æфсадимæ Хазби’йы тох, Ок- тябры революцийы ирон сагсур патриоттæ Цæгол- ты Георги, Рæмонты Хадзымæт æмæ æндæрты лæ- джыхъæд.1 Плнты Грис куры йæ уарзонæй, цæмæй йыд хæстмæ ацæуыны размæ ирон фæндырæй ацæгъда (æмдзæвгæ «Ма ку»): Ацæгъл, дæ фæндыпы судзгæ хъæлæсмæ Гыстпл цæрдудæн мæ цæсты раз кæд, Хъобанæй сахъ лæг куыд рацыди хæстмæ, Бартыл куыд райста йæ рæсугъд мæлæт.2 1 Мамсыраты Дæбс. Гммн Октябрæн, Дзæудж^лхъæу, 1947, 37 фарг. 2 Плиты Г. Салдат, 13 фарс. 56
Историон темæ, .историон æрмæг, иром поэзжмæ комкоммæ не ’рбацыд, æрмæст иунæг уацмыс ныффыстæуыд мидхæсты азтыл — Плиты Ильяйы поэмæ «Тохты Берд». Уыцы хъуыддаджы хицæн кæны драматурги — ивгъуыд цардæй -иста ахæм иериодтæ, адæм сæ национ хæдбардзинад кæд хъахъхъæдтой, хæстон намыс æмæ знагыл тыхкæ- ■ныны арæхстдзинад кæд æвдыстой. Ирон сцеиæ- ныл æрæвæрдтой къорд йсторион пьесæйы: Цæгат Ирыстоны Мам’сыраты Дæбейы «Фæтæг-бæгъа- тыр» (монполты ныхмæ ирæтты тох), «Бæтæйы фырттæ» (Хъобаны уæздæттæ æмæ мæгуырты ’хсæи тох), «Æфхæрдты Хæсанæ» (зынгæ адæмон кадæпмæ гæсгæ æфхæрдтæ æмæ æфхæрджыты ’хсаан тох), Хъаз’бегты Хъазбег æмæ Корзун Вик- торы «Батрадз» (Нарты ’кадджытæм гæ>огæ). Хус- сар Ирыстоны Саулохты Мухтары «Батрадз» (уый дæр нарты кадджытæм гæсгæ), Ка:?жазаджы «Исахъ» (Ха^ребаты Исахъы тох революцийы сæ- рыл) æмæ æнд. Историо-н темæйы ахадындзинад раст æмбæрстой нæ фысджытæ. Спектакль «Исахъ»-æн аргъ кæнгæйæ, Гафез фыста: «Ныр- тæккæ, Фыды-бæстя^йы хæсты рæстæджы уæлдай зььнаргъдæр æмæ зæрдæмæ уæлдай хæстæгдæр сты. Советон хицауады сæрыл йæ сæр пывондæн чи ’рхаста, уы-цы хъайтартæ. Нæ фæсивæд. уыдон фидардзи-над æмæ æнувыддзинад уынгæйæ, ноджы хъæбатырдæр æмæ æвзыгъддæрæй цæвынц æл- гъаг фаш’истты ных».1 А,хæм хъуыды зæгъы спе- (ктжль «Фæтæг-(бæгьатыр»-ы рецензент дæр: «Лдæ- мæн æ-вдисы, цавæр талынг уæрмытæ нын кæнын- мæ хъавы -нæ дуджы Чингисхан — Гитлер... нæ дуджы монгойлаг хантæ — фашисттæ... æмæ сиды сæрибардзинадыл тохмæ...»2 Ирон истори, ирон хæстон лæджыхъа^д, ирон фольклор, иро;н а1ивад, ир’ан æвзаг -— адон æмæ ма бирæ æндæр иоондзинæдтæй пæугæ у нæ мацион хиæ’мйарьшад. Ирон салдапмæ Ирыстоны раз уыд 1 Газет «Коммунист», 1943 азы 25 апрсль. 2 Газет «Рæстдзинад», 1941 азы 11 декабрь. 57
стыр æфсæрм, стыр бæрн. Ирыстоны номæй йæхм фæлвæрдта. йæ тох æмæ йе ’гъдау кæддæриддæр барста ирон моралон-этиюон барæнæй. Æмткæй хæсты философи рафæлгъаугæйæ, Грисæн йæ бон уыд, æмæ йе ’мдзæвгæ «Хæцæны» фæуыдаид, барты сæрыл хæст чи æрымысыд, уы- мæн арфæйы рæнхъытæй. Æмдзæвгæ афтæмæй дæр идейон-композицион æгъдауæй фæудгонд уы- давд, фæлæ уæд йæ мидисæй фæкайдтаид. Æ.м- дзæвгæйы кæрон поэт дзуры Ирыстонмæ æмæ мах бамбарæм: иумæйаг-абстрактон салдат нæу, фæлæ у ирон салдат æмæ йын уый моралон бар нæ дæт- ты, цæмæй иннæ адæмты минæвæрттæй мæгуырау- дæр уа. Æнæ национ æнкъарынад нæй æххæст- аргъджын удгоймаг. Рæхджы бырсæм. Бырсынц æнгомæй Нæ хæстæфхæрд бæсты цæуæт, — Сæ фарсмæ слæудзынæн дæ номæй, Мæ Ир, æмæ дæ ма уæд мæт: Мæнæй иæ уыдзынæ къæмдзæстыг, Сыгъдæг у ме ’фсæддон цæсгом, — Æгад нæ фæкæндзынæн хæсты Рæсугъд ирои дзыллæйы ном.1 Цъыф акъо’ппыты, ихуаргæ иæмгуыты бьгн, алы бæстæты хæцгæйæ. ирон салдат мысыд йæ рай- гуырæн уæзæг. Ирыстон уыд йæ намыс æмæ йæ мнсхалы бæрц дæр счъизи кæна, уымæй тьшгдæр иицæмæй тарст. Тæккæ зындæр сахат —• ата^кæйы размæ Гафезы салдаты йæ хъуыдытæ ахæссынц Ирыстонмæ: Æмæ мын уый цахæмдæр ног тых ратты, Антейау мын уæд нал вæййьт мæлæт.2 Антейы тых зæххимæ куыд уыд баст, æнæ зæхх Ант’ей куыд нæ уыд, афтæ поэт-салдат дæр цы уыд, уый нæ уыдаид, Ирыстоны зæодæйæ куынæ байрæзтаиккой йæ уидæгтæ, уæд. Ирыстоны те- 1 Плиты Г. Салдат, 18 фарс. 2 Гафез. Адджын у цард, 16 фарс. 58
мæ ирон хæстон поэзийы сыстад лиро-эпикон уад- тымыгъау æмæ дзы зилдух кодта йæ райдайæнæй ■йæ фæудмæ. Джусойты Нафийы салдатæн адзалы фæстаг уысм дæр Ирыстоны ном уыд ныфсæн. Ирыстоп! Фыццаг-иу йæ зæрдæ дæу мысыд, Дæуæн кодта сомы—уый сусæггаг нæу, Куы зонпс, куыд фæндыд—йæ чысыл хъæбысы, Йæ пыннарæг мадау, куы иыккæинд дæу!1 Ирон поэттæ Ц1И1Н кодтой, исчи-иу се ’мтуг, се ’мьистæг хæстонтæй куы 'ра€гуыхт, ирон хæстоны кады кой-иу куы кодтой газеттæ, радиотæ, уæд. Фæлæ ~«Ироп лæппу басгуыхт!»—куы ’рхæссы Исчи пæ карз хæстæй цау— Зæрдæмæ хицæн цыдæр рухс иыккæсы, Уалдзыгон хуры тынау.2 Ирои хæстон поэзи æгасæй дæр у ирд дæнцæм Тихоновы ныхæстæн: «Национальная гордость, дотоле скрытая в сердце советокого человека, пе- ред угрозой порабощения, перед лицом смертель- ной опасности вспыхнула ярким огнем... Всюду, где шли грандиозные сражения, советский человек в решительный час дышал этой национальной гордостыо, жертвуя жизнью за свою страну, за ее будущее».3 Вульгарон 1крити1кæмæ шдион хиæмбарынад каст фыдракæндау, æмæ чидæриддæр ирон истори æмæ Ирыстоныл фыста, уыдоны :хуыдта «буржуазон национали’сттæ». «Нæ поэттæй бирæтæ,—дзырдта Епхиты Тæтæри,—сæ уацмысты адæймаджы стыр- дæр миниуæгыл нымадтой нарты .кадджыты герой- ты миниуджытæ».4 Раст нæу Епхийы фырт: сове- тон салдаты стырдæр миниуæгыл ничи нымадта Нарты миниуджытæ æмæ сæ куы нымадтаиккой, уæддæр дзы æвзæрæй цы ис—Нарты гуыппырсар- 1 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 13 фарс. 2 Плиты Г. Салдат, 20 фарс. 3 Журпал «Большевик», 1944, №3—4, стр. 26. . 4 Журнал «Мах дуг», 1954, №11, 72 фарс. 59
тæ сты ироы адæмы хъæбатырдзинады символон фæлгондзтæ. Нартæ—уый у нæ рагон фыдæлты аивадон ном æмæ фыдæлты хорз традици алы хорз бындар дæ-р хъуамæ тьгрысайау хæоса йæ сæрмæ. Уый тыххæй зæрдыл дарын .хъæуы Пушкины зонд- джын ныхас: «Гордиться славой своих предков не только можно, но и должно. Не уважать оной по- стыдное малодушие». Марты пыхмæ æмдзæвгæтæй ныффыста Хъайтыхъты Геор. Номхуымдæй критикæ кæны Хетæгкаты Дауыт æмæ Бры- тъпаты Созырыхъопы, фæлæ йæ иумæйаг здæхт æмткæй историзмы пыхмæ у. Сырдоиы тыххæй уын æрдзурдзæн мæ бæсты Нæ Дауыт,—ис уымæн рæстæг. Æз азарон мæнæ, комбайн нæ фæзты Куыд абырсы размæ фæззæг. А^æ Цæдисыл зарын, йæ рæзгæ бæлæстыл, Куыд уыдзæп сæ кæрдо рæгъæд... Хæмыцы тыххæй та, æмбæлттæ, мæ бæсты Сымахæн нæ Созыр зæгъæд!1 Ивгъуыд истори æмæ абопы цард кæрæдзийæп аптаго- иисттæ кæн кæны, уый фауинаг у быптоидæр. Æцæг поэт кæддæриддæр цæры йæ адæмы ивгъуыдæй, абонæй æмæ со- мæй. Рæстæджытæ цыфæиды æпдæргъуызæттæ куы уой, уæд- дæр уыдонæп сæ диалектикон-поэтикон бастдзинадæн ас- къуынæн пæп. Хъайтыхъы фырт ахæм пыхмæвæрд, цыма, пырыккопдзинады охыл кæпы («Æз ног Ирыл зарын»— схуыдта не ’мдзæвгæ), фæлæ поэзийы аксиомæ у: дæ бон у, комбайныл зарай æмæ ма уай нырыккон, дæ бон у, Нар- тыл зарай æмæ уай пырыккон. Плиты Грисы æмдзæвгæтæй «националистон уацмыстеем» вульгарои-культон критикæйы бар- вæндæй бахаудтой «Ма ку», «Хæцæны» æмæ фраг- мент «Салдат», æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ дзы ирон салдат æмæ Ирыстоны кой кæй ис: 1 Журнал «Мах дуг», 1952, №6, 32 фарс. Хъайтыхъы фыр- тæй ферох, пæхæдæг дæр кæй фыста партыл. Кæс ын не ’мбырдгоид «Æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ», 36 фарс—«Нæр- топ адæм», 38 фарс—«Бакæс пæ хохмæ æдзыпæг», 57 фарс— «Хæхтæ» æмæ æпд. 60
Æмдзæвгæ «Ма ку»-йы Грис хъабайнаг хъай- тар лæг æмæ Нарты кой .кæй скодта («Ау, æмæ не стыр фыдæлтæ—Нарты сæрæнтæ цы зæгъдзысты уæд?»), уый Бесаты Тазейы бафтыдта арф сагъæ- сыл. «Ма;хмæ гæсгæ,—фыста Бесайы фырт,—бирæ стырдæр уыдаид уыды æмдзæвгæйы ахадындзи- над, нæ Иры нотæй нæ, фæлæ æппæт советон адæмы номæй куы уыдаид, уæд».1 Цымæ Бесайы фыртмæ гæсгæ, поэт Ирыстоны номæй куы дзура, уæд уый цъус у? Цымæ Ирыстон æгас Советон Цæдис æмæ æгас дунейы иу хай нæу? Райгуырæн бæстæ куыд æм<барын хъæуы, уый фæдыл дзæвгар критикон монц бахардз кодтой нæ фыеджытæ. Иу рæстæджы сæ уæлныхты систой æмæ нал æмæ нал уагътой Балаты Темболы чиныг «Райгуырæн бæстæ». «Поэт стыр хъуыды цы дзырдты æвæры, з<æгъгæ, «раигуырæн бæстæ», уый хоны æрмæст йæ -райгуырæн хъæу Нар,—фьгста Цæгæраты Максим.—Нары зæронд гæнæхтæ, хæлæццаг мæсгуытæ, цæрæг кæм нал ис, уыцы ип- пæрд бынæттæ хоны йæ райгуырæн бæстæ Тем- бол...»2 Дулаты Цицкамæ чысыл æндæргъуызон хъуы- ды ис Тем:болы тыххæй: «Поэт тынг бирæ уарзы нæ Ирььбæстæ... Уымæй тынгдæр та уарзы йæ рай- гуырæн хъæу Нар... Уый тыххæй азым æрхæссæн нæй Темболмæ. Фæлæ цы уарзы уый Ирысто- нæй?»3—фæрсы Дулайы фырт æмæ дзуапп дæтты, зæгъгæ, йæ сагъæсы сæр сты Нары мæсгуытæ, Нары æрдз, ома æрмæст зæронд Нарыл кæны йæ зарæг. 1 Газет «Рæстдзппад», 1952 азы 5 мартъи. 2 Журнал «Мах дуг», 1954, №9, 56 фарс. 3 Газет «Рæстдзинад», 1945 азы 1 мартъи. Газет «Рæст- дзинад» . 1947 азы 1 яивары пæ погазоп фæпдиаджы дæр загъта Балайы фыртæп: Дæ чиныг «Райгуырæн бæстæ» Нæ лæууы мах бонтæм хæстæг, Фæиды пæ, афæдзы фæстæ Куыд зонай райгуырæн бæстæ. 61
Куы бакæсай чиныг «Райгуьгрæн бæстæ», уæд. дзы æцæг бирæ фыссы автор Ир æмæ Нары т.ых-' хæй. Ранæй-рæтты дзы ис зæрдæбын ныхæстæ, реалон æнкъарынад (стихы культурæйыл иæ дзу- рын: уый хæрз ныллæг у Балайы фыртмæ). Сау мæстуытæ! Уæ фырт уын æрвнты салам, Сымах бынтондæр къуындæг рагъыл уадзгæ. Ма йæм смæсты ут, ма йæм ысут-иу хæра.м, Уый уæ мысдзæи дард рапæй уарзгæ. Уып цæрдзæни сымахау, мæлгæ дæр кæпдзæн Искæд, уæ рæвдыд даргæ йæ зæрдыл!1 Мæсгуытæ æдзæрæг кæй зайынц, Къоста æмæ Гоцъи кæм цардысты, уьгцы мæсгуытæ, уыдонæн хæрзбон кæнгæйæ, уыдоныл æнувыд уæвгæйæ, Ба- лайы фырт у адæймагон, æм’бæрстгонд. Адæйма- джы психологи афтæ у, æмæ кæм райгуыры, уым дурты йедтæмæ куы ницы уа, уæддæр ын дзæнæты бæстæйæ дæр зынаргъдæр æмæ адджындæр у. Гъел, уымæй бæрæг кæны адæймаджы натурæйы поэти- кондзинад,—меркантилон-пайдайон нæу миййаг. Уадз, мачиуал дзы цæрæд, уадз, зæронд уæд, фæ- лæ цымæ уыцы мæсгуытæ (афтæ дуртæ, дæттæ, къæдзæхтæ дæр!) не сты нæ адæмы царды, исто- рийы, зæрдæйы æнæсхицæнгæнгæ хæйттæ? Куыд сæм хъуамæ скæса адæймаг (уæлдайдæр сæ цуры чи схъомыл, ахæм) æнæзæрдæрисгæ, æвæлмонæй, æнæрхъуыдыйæ? Зæгъынц, Балайы фырт, дам, ног Иры цард нæ. федта. Гæды ныхас! Уарзыи бирæ дæ мæсыг, Дæттæн размæ сæ сирд. Нал кæлы знонау дæ цæссыг, — Арв дæ сæрмæ ныйирд. Сидзæргæс нал фыцы Нары Хъæбултæн цуайиаджы дур. 1 Балаты Тембол. Райгуырæи бæстæ, Дзæуджыхъæу, 1945„ 38 фарс. 62
Ног цард сын хъарм дзидзи дары, — Ракаст сыл аннæгмæ хур. Зпонау нæ цæуын фиййау Кæмæндæр кæрдзыиы мурыл.1 Уыны Балаиы фырт (чи нæ уыны, ахæм кæм уыдзæи, цымæ?) паддзахы заманы æмæ ны-ры Ирыстоны астæу хицæндзинад. йе '’цæг хъæндзи- над бам’барын нæ куы фæнда, уæд хъуамæ зæ- гъæм: Балайы фырт йæ райгуырæн къуым Ирыс- тоны. (кæй уарзы, уый ’хорз у—уарзы йын йæ мæс- гуытæ дæр æмæ йæ ног цард дæр. Дулайы фырт цæмæй. фæрсы, цы уарзы, зæгъгæ, уым фауинагæй ницы ис. Æз фарста æвæрын æндæргъуызон: куыд уарзы? Йе ’мдзæвгæтæн кæд се ’ппæты нæ, уæддæр сæ фылдæры Балайы фырт уыцы иударон сомытæ кæ- ны Ирыстонæн, ард ын хæры, йæ уарзт ын хъары штампон формулæтæп. Нæхи ныхæстæй сæ мидис у ахæм: Ир, ды—мæ мад, æз—дæ фьцрт, уарзын дæ, дæ ’сæрвæлтау цæттæ дæн алцæмæ дæр. Гъе. уыцы иумæйаг хъуыды чысыл æндæргъуызонгæнд- тæй фæлхатæн кæнынц Балайы фырты æмдзæвгæ- тæ. Уыцы хъуыдыйыл ныффысоæн уыд иунæг рæс- тæм;бис æмдзæвгæ æмæ фаг уыдаид. Æмбисонд афтæ у: иугæндзон, дам, «сæкæр, сæкæр» куы кæ- най, уæд дзы дæ дзых не садджын уыдза&н. Бала- йы фырт кæй нæ ныффыста Ир æмæ Нарыл йавхи- рдыгонау, оригиналонæй, ^конкретон-æнкъарæн- джын фæлгондзтæй, деталтæй, гъе, уый тыххæй куы загътаиккай йæ «ритиктæ, уæд сæ бузныг уы- даиккам. Æнæуый «райгуырæн бæстæ» цы у, уын Б^злайы фырт раст æмбæрста. Ма.х зонаем, нæ райгуырæн бæстæ æмткæй нæ Советон Цæдис кæй у, нæ ниййарæг мад æмткæп нæ зæххы тымбылæг кæй у, фæлæ алы адæймагæн дæр райгуырæн бæстæйы хуызы вæййынц конкре- тон фæзындтæ, предметтæ, адæймæгтæ... Иумæйаг 1 Балаты Т. Рангуырæн бæстæ, 43, 47, 114 фæрстæ. 63
æмæ конкретон райгуырæн бæстæйæн ныхмæ æвæ- рæн нæй. Фæлæ иумæйаг райгуьфæн бæстæйыл куы зарæм, уæд мах конкретонæй нæ фендзыстæм нæ райгуырæн бæстæ. Конкретонæй йыл куы за- рæм, уæд та йæ иумæйагæй дæр равдиодзыстæм. «Любить нужно свой край, '.уметь его видеть,—- амоны Прошфьав Алыжсандр.—Держава у >нас большая. Поэт должен все время петь свой край («ни дня без строчки!») и через небольшое, част- ное показать общее, целое».1 А-бстрактон уарзт аивады никуы уыдис. Симо- нов, иумæйаг райгуырæн бæстæ æмæ конкретон •мыййарæг къуы.мæн ды ахаст -ис, уый фæлгъаугæ- йæ, зæгъы, з-æгъгæ, юалдат карз то^хы 1куы бацæ- уы, уæд уайтагъд йæ цæстытыл нæ уайы йе стыр райгуырæн бæстæ, фæлæ Ты вспоминаешь родипу—такую, Какой ее ты в детстве увидал. Клочок земли, прнпавший к трем березам, Далекую дорогу за леском, Речопку со скрипучим перевозом, Песчаный берег с низким ивняком. Вот где нам посчастливилось родиться, Где па всю жизнь, до смертн, мы пашлп Ту горсть земли, которая годится, Чтоб видеть в неп примсты всеп земли.2 Гъе, уымæ гæсгæ махæй алчи дæр хоны йæ рай- гуырæн къуым иууыл хуыздæр, иууыл рæсугъд- дæр: йæхи къуым, йæхи адæмж.н чи кад кæны, уый кад кæны æгас дунейæн. Уый у нæ классикон тра- дици, Хетæгкаты Къостаны æнусон фæдзæхстытæй иу: 1 Ежспеделышк «Литературпая Росспя», 28 августа 1964 г., стр. 21. Комкоммæ дзуаппау рауадысты Прокофьевы пы- хæстæ Епхиты Тæтæрийы критикæйæн. «Иуæй-ну поэттæ,— (|)ыста Епхиты Тæтæри,—фыдыбæстæйыл нымадтой, адæнмаг цырам рапгуыра æмæ йæ сывæллоны бонтæ кæм арвита, уыцы быпат æмæ сæ уацмысты буц зарджытæ кодтой уыцы бынæттыл». (Журнал «Мах дут», 1954, № 11, 73 фарс). 2 Коистантин Сммонов. Избранные стихи, Гослитиздат, М., 1958, стр. 47. ■64
Люблю я целый мнр, люблю людеп бесспорно, Люблю беспомощиых, обиженных спрот, Но больше всех люблю,—чего скрывать позорно?— Тебя, родной аул и бедный наш народ!1 Критикта^ хуыдтой нащионалистон Балайы фыр- ты æмдзæвгæ: Куы мын дæттиккой исбон, Æппæт дæр—цард, фæрæз, Уæддæр зæгъдзынæн æз: «Æрисут мын Ирыстон!»2 — æмæ «æ хатыдтой, афтæ схонæн кæй иæй Есени- нæн (уымæй тæлмацау у Балайы фырты æмдзæв- гæ): Если крикнет рать святая: «Кинь ты Русь! Живи в раю!» Я скажу: «Не надо рая, Дайте родину мою».3 Кæнæ аэвзонг зынгхуьист Коган Павелы æмдзæв- гæ (уый дæр Есенинмæ гæсгæйау у): И пусть я покажусь им узким И их всесветность оскорблю, Я—патриот, я воздух русский, Я землю русскую люблю. , Я верю, что нигде на свете Второй такой не отыскать, Чтоб так пахнуло на рассвете, Чтоб дымный ветер на песках. И где еще найдешь такие Березы, как в моем краю! Я б сдох, как пес, от ностальгии В любом кокосовом раю.4 1 К. Хетагуров. Собрание сочинений в 5 томах, Изд. АН СССР, М., 1960, т. II, стр. 132. 2 Балаты Т. Райгуырæн бæстæ, 134 фарс. 3 Сергей Есенин. Собрание сочинений в 5 томах, Гослитиз- дат, М., 1961, т. 1, стр. 130. 4 Стихи остаются в строю, стр. 98. 5. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 65
, Мæн, ироны, Уырысмæ кæнæ æндæр бæстæм ’йа^- лоэты ахæм ах.аст бынтондæр нæ ныллæг кæны, нæ мын æфхæры мæ нацжхн æнкъарынад, нæ мын зæ:- гъы, зæгьгæ, уый бæстæ хуыздæр у мæ бæстæй, уый адæм хуыздæр сты мæ адæмæй. Æз, ахæм æм- дзæ-вгæ бакæсгæйæ, бавкъарын бæрæг бæстæйы рæ1сугъддзи1над, бауарзъш æй, йæ поэшмай уай- т.агьддæр есарьин уды хæстæг солвдарондзоднад». аргъ-ы-н кæнын, сæрыстыр дзы дæн. * * * Национ хиæмбарынад, иа.цион сæрыстырдзинад кæддæриддæр тырны хæлардзинадмæ, æмкуысткæ- ньгнадмæ, уымэан æмæ адæмтæсæ кæрæдзийы фаер- цы цæрынц, уы-мæн æмæ .нациовдзинадæн гæнаан нæй, æмæ ма уа интернациоиалон. Фыдыбæстæйы хæст уæлдай ирддæрæй феньш кодта, адæмтæ ,иумæ уæхоки-уæхск куынæ кусой, куы нæ тох кæной, уæд хицæнтæй баруайдзысты, сæфты къахыл ныл- лæудзысты. Æвдонау фидар хæлардзинад бахызта фашистон цагъардзинадæй æппæт советон адæм’- тæй хвдæнаэй алкæй дæр æмæ æмткæй та нæ Цæди- сы хæдбардзииад. Ирон поэттæ фыстой Уырыс, Украинæ, Бело- русь æмæ æндæр бæстæты тыххæй.1 Иумæйаг бæл- лæх, иумæйаг маст адæмты тынгдæр сбæтты кæ- рæдзийыл, тынгдæр сæ сæнгом кæны. Хæсты цъыф фæндæгтыл, уынгæг, умæл акъоппыты сæрыди салдатаг æфсымæрдзинад, алы адæмты минæвæрт- ты хæлардзинад. 1 Джусойты Н.—«Мæскуы», Плиты И.—«Тарасы раигуы- рæн бæстæ», Саулохты М.—«Нæ уарзон Киев, мах д滄 Лсаты Р.—«Кубан» æмæ æнд. Поэзийы географи ауæрæх. Алы адæмты хъæбултимæ хæстон хæлардзинадыл дзурынц: Плиты И.—«Дыууæ ’мбалы» (уырыссаг Иуан æмæ ирои Æхсар), Цæрукъаты А. — «Æфсымæртæ» (сыбыраг æмæ ]фон), «Дыууæ ’мбалы» (уырыссаг Степан æмæ каЕказаг Мæхмуд), Гафез—«Балладæ дыууæ ’мгарыл» (уырыссаг Иуан æмæ нрон Æхсар) æмæ æнд. 66
’, Уазал, цъыфбон уæрмы ^цалдæрæй бадæм, Иу мады зæнæгау, мах,' Сау зынты бахауæг алгъуызон адæм: Фидар уырыссаг, хъазах, Сомихаг, лекъаг, Гуырдзыстонæй рафтæг, Хорджын украинаг, ирон... Абон нæ акъопп куыд иу кæны, афтæ Никуыма фенди ныронг. Нæй сæ лæгдзинадæй иуы дæр фауæн: Рæвдз æмæ ’хсарджын хæсты, Иу сæ нæ бауадздзæн иннæйы ’рхауын, Иумæ та — уарзон бæсты.1 Советон адæмтæ иу бинюнтау кæй сты, уыцы æ.нкъарынад йæ зæрдæйы хаста ирон салдат алы ран дæр: Сыгъди нæ худтыл фондзтигъон æстъалы, Нæуæгæй хастам раууат хъæутæм цард. Æмæ-иу кодта хæсты тынджы алы Хæдзар дæр махæн хи хæдзары ад.2 Лирикон, уæздан ахаст (Ис хæлардзинады хуыздæр æмдзæвгæтæн. «Иу мады зæнæгæн» куыд фидауы, афтæ дзурынц сæ кæрæдзимæ, — хуымæ- тæг, уарзæгой, зæрдæхæлар. Дæ цинелæй дæ базондзынæн, ме ’мбал, Æз дын æй арты цур æмпъызтон,—3 зæгъы Джусойты Нафи йæ уырьиссаг æмбалæн. Ахæм æмæ ноджы фæлмæадæр, уæздандæр хъæлæ- сы уагæй дзуры йæ гуырдзиаг æмбалмæ Мыртав- ты Барис: Макуы дæ баййафæд сонт нæмыг, макуы! Царды æстыр уæз æнæнизæй ахæсс! О, ме ’мбал! Бадымæм ногæй тамако Æмæ та, сау мигъау, алидза сагъæс.4 Надион хиæмбарынад кæмæ и-с, уый нациои хъузджы нæ бабыры æмæ уырдыгæй нæ ракæс-ра- 1 Плиты Г. Салдат, 20 фарс. 2 Мыртазты Б. Уад, 29 фарс. 3 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 32 фарс. 4 Мыртазты Б. Уад, 22 фарс. 67
кæс кæны, фæлæ йæ нацийыл æфтауы ахæм миниу- джытæ, чи йæ кæна хъæздыгдæр æмæ хуыздæр, цæмæй иннæ адæмты фарсмæ «мæгуыр хицонау» макуы уа æмæ се ’мриу размæ цæуа. Нациты æм- дзард æмæ æмкуысткæнынад, нациты æмбастдзи- на<д ахъаз казны алы нацийæн дæр йæхи сæрма- гонд гæнæнтæ тыхджын сæргом кæнынæн. Ирон аивадон сфæлдыстад уьщы хабар сбæл- вырд кодта уымæй, æмæ XIX æнусы дыккаг æмбис Хетæгкаты Къоста, ирон национ эстетикон æнтыс- тытыл æнцой кæнгæйæ, йе ’ргом кæй скодта стыр уырыссаг æмæ дунеон раззагон литературæйы фæлтæрддзинадмæ. Къостайы стæм æмæ феноме- нон сгуыхтдзинад нæ уыдаид, раст афтæ куы иæ бакодтаид, уæд. Уырыссаг классикон литературæйыл ахуыр кæм- гæйæ, ирон поэзи хæст æмæ салдаты цард равди- сы-нæн сарæзта бæркадджын реалистон-демокра- тон традици. Хетæгкаты Къостайы «Салдат»—сал- датаг маст, хъайтардзи^нады лирикон-поэтикок программæ. 1916 азы Турчы хæсты Барахъты Гино кæй ныффыста, уыцы дыууæ æмдзæвгæйы—«Сæу- мæрайсом» æмæ «Мæт»—парадтæ, декоративон абырстьвтæ, бибитæ, ци,нтæ æмæ цæгаæрты æрт- тывд не '.вдыстой миййаг, фæлæ салдаты уæззау хъьгсмæт. йе уоиы бахызт нæмыг (æмдзæвгæ «Мæт»). Æнахуыр бæстæйы дæрзæгдур къæдзæхыл Уæлгоммæ æз хурмæ лæууын. Мæ фарсы тæнæгæй, фынккалгæ, хуыр-зæххыл Мæ размæ мæ сау туг цæуы... Исчи йын бадзурдзæн йæ мадмæ: «Дæ буц фырт фæмарди». Мад тондзæн йæ рустæ. Салдат æмæ йæ мад—куыд баст сты кæрæдзийыл! Ныртæикæ ^салдатæй цы туг кæлы, уьий /йъш йæ мад ратта: «Мæ туджы æртæхтыл йæ хъару ныссаста»... Куыд сæфы мады æнустæм арфæйаг æмæ хæрзиуæгон куыст! 68
Цард æмæ мæлæты сагъæс—уый у ирон хæстон поэзийы фæдзæхст. Цæй мæгуыр дæн абон! Пырхкалгæ—мæ уæнтæ, — Мæ разы æрлæууыд мæлæт... Мæ мæгуыр зæронд мад, цы кæнон дæуæн та, Ды куы дæ мæ сагъæс, мæ мæт?1 Хаасты азты ирон поээи ног, зьшгæ къахдзæф куы арæзта, уæд æй нæхи национ поэзийы тради- цийæ дарддæр бахъуыд спайда кæнын уырыссат хаэстан поэзийы фæлтæрддзинадæй. Уьщы вазыг- джьш хъуыддаджы уыд бынат механикон фæзмына- дæн, иуæй-иу æмдзæвгæтæ-иу рауадысты бархи тæлмацау ирон æвзагмæ. Уырьюсаг позгаи фыдæхзæрдæ кæй дардта знаг- мæ, уый йын дзырдта йæ удæгасæн æмæ йæ мардæн дæр. Æрхæссæм Сурковы æмдзæвгæ «Мертвый враг». В стеклян,ном взгляде ветровая даль. Вцепились пальцы в мерзлую траву. Ты слышишь, мертвый? Мне тебя не жаль, И не жалею я твою вдову. До самой смерти ты убийцей был. Себя ты тешил к себя любил. Ты злобой наши души оскорбил. За это мой земляк тебя убил.2 Ирон поэзийы афтæ дзурынц мард знагмæ Джусойты Нафи («Немыцаг салдат ныддæлгсм зæххыл...») æмæ Плиты Илья («Знаджы мæлæт»). Дзырдæй-дзырдмæ йæ нæ фæлхатæн кæнынц, сæ бæрц, сæ арæзт, сæ лексикон конд дæр æндæр- гъуызон у, алчи дæр сæм хæссы нæхи нацио<н æма^ йæхи сæрмагонд æрмдзæф. Нафи 4 строфæйы афыста марды хуыз, йæ фыдракæндтæ йын раньг мадта æмæ кæронæй—ирон æгъдауы тæккæ æгад- дæр .цы у —мард ингæны ныгæдма ’рцæуа, уымæй спайда кодта эмоцион-фыдæхы фæстиуæгæн: 1 Барахъты Гино. Уацмыстæ, Орджонйкидзе, 1958, 15—16 фæрстæ. 2 А. Сурков. Избранные стихи, стр. 112. 69
Немыцаг бæзджын цъыфы нызгæгъуыз! Зæхх æм дзуры: «Мах фыдми нæ барæм! , А-бæсты куыдзы мард дæр ныгæнынц, Фæлæ нæм ингæйнаг нæй лæтмарæн!»1 Плиты Илья фæрсы мард знаджы, цæмæн фæ- кодта йæ бирæ сырдон митæ, æмæ кæронæй—рай дайæны строфæ: Хуысс афтæ, налат лæг, дæуыл худдзæн боброн, Дæуыл худдзæн хур дæр, дæуыл худдзæн мæй. Сæрæй дæ бæрзондæй æрæппæрста Коблон, Хуысс афтæ дæлгоммæ уæнгтæсаст, пырхæй!2 Сурковы æндæр фыдæхы æмдзæвгæ «Детей убил и дом поджег», зæтъгæ, уым 6 уы^рыссаг сыл- гоймаджы сагойтæ ныддардтой «емыдагмæ, йе та- ры йын хъæмп ныннадтой æмæ, арт <цы хæдзарыл бафтыдта, уым æй бавзылдтой. Афористон-æлвæст кæрон: ’ Лишь тот жестокость их поймет, Кто знает меру их страданья.3 Анологион ныв афыста Баситы Дзамболат (йæ кæро’Н ын мæгуырдæр у): Уый фашистон саузæрдæ салдат Бандзæрста кæйдæр хæдзарыл арт, Æмæ бахудт хъæлдзæгæй, хъæрæй. «Тынг хорз арт у,—загъта,—ахæм нæй.> Фæлæ сагой синты арф ныссагъд. Зæхмæ чъизи, маргæйдзаг туг тагъд. Акодта йæ сонт хъæбыс цъæх арт Æмæ фестад сау фæнык йæ мард. Дард Берлинæй ничн хуыдта дæу, Цæмæй махæн басудзай иæ хъæу!4 Хæсты азты æнæфенгæ эффект уыд Симоновы æмдзæвгæ «Если дюрог тебе твой дом», зæгъгæ, 1 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 19 фарс. 2 Плиты Илья. Ра’йгуырæн бæстæ, Хиррауагъдад, 1951, 54 фарс. 3 А. Сурков. Иэбранные стихи, стр. 92. 4Баситы Дзаххот æмæ Дзамболат. Æфсымæрты зарæг, 89 фарс. 70
(уымæн. Авторы аэн'къары1Н.ады тЫх дзæнгæлтæ’’кæ- |ны» коми<оммæ сиды марынмæ, патриоты еудзгæ монолог. Фæд-фæдыл -нымайы, салдаты зæрдæйæн зынаргъ чи у æмæ йæ йæ бындзарæй чи сызмæлын кæна, уыцы предметтæ, адæймæгтæ, æнкъарæнтæ, фæрсæг-домæг интонаци рæнхъæй-рæнхъмæ хъæд- дыщæр каэны æмæ уæлмюнц агита'цион-сидто;н чсæ- рон: Так убей же хоть одного! Так убей же его скорей! Сколько раз увидишь его, Столько раз и его убей!1 Симоновы æмдзæзгæмæ гæсгæ иро-н поэзийы фыст æрцыд Джусойты Нафийы фыдæхы æмдзæв- гæ «Фыдыбæстæ, исæм дæ уайдзæф». Каэмæн нæу йæ фыды сæфт хъыг, Зынаргъ нæ кæмæн нæу йæ хæдзар?.. Кæй фæнды, йæ мады цæссыг Йæ райгуырæн къуымы æртæдза.2 Иса/ковскийы рæнхъытæ (æмдзæвгæ «В ново- годнюю ночь»): Мы вернемся, придем, Мы увидим свой дом — И да будет та встреча свётла! Но дорога домой, В край отцовский, родной, Через город Берлин пролегла.3 —сты чысыл æндæргъуызонтæй Нафи æмæ Гафез- мæ: Мæскуы, Мæскуы! Æрмæстдæр дæм Берлипыл Нæ тохы фæудмæ растдæр фæндаг ис!4 Цæмæй хъæмæ æрцæуæм тагъддæр, — Берлиныл нæ цæуын хъæуы! 1 К. Симонов. Избранные стихи, стр. 60. 2 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 25 фарс. 3 М. Исаковский. Избранное, Гослитиздат, М., 1950, стр. 256. 4 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 21 фарс. Уырыссаг поэзи кæй æндæвта Нафийыл, ууыл дзурæг у йæ чиныджы ном дæр: афтæ хуындис Сурковы хæстон чингуытæи иу—«Сол- датское сердце». 71
Æрмæстдæр уыцы ранæй махмæ Хæрз цыбыр раст фæндаг цæуы!1 Исаковскийы «Здесь похоронен красноармеец»-^ хуызæн сты Гафезы «Фæададжы былыл» æм^е- Мыртазты Барисы «Æнæном ингæн». Æмхуызон дзурынц, æнæзонгæ салдат йæ хæс Райгуырæн бæс- тæйы раз кæй бафыста, æмæ курынц, цæмæй йын йæ ингæи чи фена, уый йын ныллæг акува йæ сæ- рæй, ратта йын хæстон æгъдау. йе стих. йæ арæзт Светлов Михаилы «Грена- дæ»-йæ райста Джусойты Нафийы æмдзæвгæ «Са- гъæс æмгарыл». Светловы «Итальянец»-æй ма цæ- уы, Цæрукъаты Алыисандры æмдзæвгæ «Æртык- каг крест» кæуыл æнцой кæны, уыцы фæлгондз. Фриц Гегарт фыста йæ усмæ, Дзæуджыхъæуы, дам,. хъуамæ æртыккаг ’крест мæ риуыл æрцауындзон. Фриц æртыккаг крестмæ хъавыд, — Бахъуыдис æй уый бæлвырд, ’Рмæст йæ риуыл не ’рцыд ауыгъд — Уымæй йын ныссагътой цырт!2 Светловмæ италиаг салдаты риуыл ис сау дзуар—«небогатым семейством хранимый и единст- венным сьшом (ноаимый». Эшёлоны йæ æрластой махмæ. Чтобы крест из ларца из фамильного Вырастал до размеров могильного...3 Нæ хæстон поэттæм ма æнцон рахатæн сты Щи- пачев Степан, Долматовский Е^вгений æмæ æндæр- тæм гæсгæ фыст æмдзæвгæтæ. Уыщы факттæ къорд хатты ньгсан кодта критикæ æмæ оæ «æддæрид- дæр фаудта, нымадта сæ нæ поэтты сфæлдыстады хъуагдзинæдтимæ. Уый нæ, •фæлæ-м^а иуæй-иутæ афтæ дæр дзырдтой, зæгъгæ, поэттæ давынц, пла- гиаттæ, дам, сты. 1 Гафез. Адджын у цард, 43 фарс. 2 Цæрукъаты Алыксандр. Æмдзæвгæтæ, Дзæуджыхъæу,. 1947, 25—26 фæрстæ. 3 Михаил Светлов Яблочко-песня, Детгиз, М., 1958, стр. 96—97. 72
Мæнмæ гæсгæ, фарстамæ бацæуын Хъæуы æн- дæр цæстæнгасæй. Уырыссат поэзийыл ахуыр кæн- гæйæ, йæ реалистон-конкретон уынынадмæ тырн- гæйæ, йæ алыгъуызон фæлтæрддзинад ын исгæйæ, ирон поэттæ фесты-иу мехамикон фæзмыны амæт- таг. Фæлæ уыды хабар уыд рæстæгмæ, поэттæ сæ- хи куы агуырдтой сæ зын поэтакон балцы, уæд. Фæзмын, æндæвдад хорз у, кæд æмæ лоэтæн бах- хуыс кæна йæхи ссарынæн, йæхи æрдзон курдиат суæгъд кæньшæн æмæ йæхи уды индивидуалон фæлтæрддзинад равдисынæн (поэт йæхи хъæлæс куы нæ ссара æмæ иугæндзон искæй фæзмгæйæ куы цæра, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ- гуырдзинвд у, æгады хъуыддаг). Ирок поэзи уы- рыссаг поэттыл кæй ахуыр кодта, ууыл дзурзег сты раиымадгонд фæзмгæ æмдзæвгæтæ, фæлæ йын йæ ахадындзинад уыцы цалдæр æмдзæвгæйы фæл- гæты нæ бакæндзынæ,—1Йæ ахадькндзинад егъау у. уымæн æмæ хæсты азты ирон поэзи цы сси, уый >не суыдаид, зæгъгæ, уырыссаг поэзийыл нæ ахуыр кодта, йæ идейон-аивадон сгуыхтдзинæдтæй йын йæхи не схотыхджын кодта, уæд. Æндæвдад æмæ фæзмын (фæнды искæй поэтты фæзм, фæнды дæхи национ поэтты) куы кæной фæлхатæнмæ, иу- гъуызондзинадмæ, уæд дзы литературæ зиан кæны, уымæи æмæ йын фæлхатæнтæ, Бязырты Алыксандры загъдау, «са- фынц йæ индивидуалондзинад, йæ сæрмагонддзинад. Ис гæ- нæн, иу темæйыл ныффыссой æнæнымæц хицæн фысджытæ æмæ ма сфæлхатæн кæной иу исты» (автор æй бахахх код- та. - Дз. X.)-1 Арæх поэтæн фæлхатæн фауинаг кæй у, уый фæдыл куы бацайдагъ вæййы быцæу, уæд иуæй-иутæ аргументæн рада- вынц уырыссаг æмбисонд: «Повторение—мать учения». Уыцы æмбисонды тыххæй сæхæдæг уырыс сæ поэт Ыаровчатов Сергейы дзыхæй загътой: «Повторение, конечно—мать уче- ния,—но приносит оно очевидную пользу везде, кромс по- эзии. Воздействие однажды высказанной истины в ней не усиливается, а ослабляется повторами».2 1 Газет «Коммунист», 1945 азы 2 июнь. 2 «Литературная газета», 5 сентября 1964 г. 73;
Новатордзииад цыдис и-рон поэзимæ. Иугъæдон, лæгъз, æнцон, надвæндаг чи ’взæрста, уыдон реа- листон индиеидуалон уынынадыл ахуыр >нæ уы- дысты æмæ сæм афтæ фæкают, цыма æцæгæлон у лрон поэзийæн. Дзырдæн, æмйæрстой Джусойты Нафийы лирикæйы хъуыдытæ æмæ æнкъарæнты ахадындзинад, фæлæ сын йе стиль уыд «уæззау, раст цыма иронау нæ хъуыды жæны, иронау нæ *фы!ссы, фæлæ тæлмац (кæ-ны, уьийау».1 Ахъуыдыгæнæн ис: иугæр сæ зæрдæмæ чи нæ цæуы, уыцы стиль «тæлмацау» у, уæд тæлмац ли- тературæ цахæмдæр дыккаг кæнæ æртыккаг сор- тыл нымайынц æмæ лит^ературæйы хæрзхъæддзи- над «тæлмац» æмæ «æнæтæлмацмæ» гæсгæ бæрæг кæнынц. Литературон-национ æвзаг иу у æмæ йыл æмхуызон хъаруйæ равдисьинц сæхи «тæлмац» дæр æмæ «æнæтæлмац» дæр. Чи зоны, Нафийы бафхæ- рынмæ хъавыдысты, афтæ дзы чи дзьгрдта, тæлма- цы хуызæн, дам, у, фæлæ æцæгæй та æфхæрдтой се ’взаг, нæ ирон æвзаг, уымæн æмæ йæ тæлмац литературæ дыккаг сорт кæмæн у, ууыл нæй стыр литературæ сфæлдисæн, уымæн йæ бон нæу, пай- да кæна иннæ нациты духовон фæлтæрддзмнадæй æмæ иннæ нациты æвзæгты æм.раэнхъ рæза, хъæз- ныг кæна, размæ цæуа. Нафийæн «уæззау» стиль нæй. Уæдæ дзы сæ за^рдæмæ цы :нæ фæцыдаид? Æз афтæ ’мхъæлын, æмæ йæ реалистон детализаци, йæхи индивидуа- лон-поэтикон уьшынад, йæхи фæлгондзон структу- -рæ, йæ къухы уырыссаг поэзийы фæрцы чи бафты- дис, 3 Журнал «Фиднуæг», 1949, №1,5 фарс. Редакцион уац «Литературон азы фæстиуджытæ æмæ нæ дарддæры хæстæ». /Курналы ацы номеры ма ахæм хъуыды загъта Дзугаты Ге- орпг дæр йæ ногбоны фæндиаджы: Нафийæн-иу цæуиккой Йæ хъуыдытæ зæлдагау, Куынæ-иу мæм кæсиккой Йæ фыстытæ тæлмацау. 74
Арæх фехъусдзынæ: «иронау нæу», «афтæ ничк фæзæгъы», «<иу ирон дæр афтæ ’щь зæгъдзæн». Критикæ фыста: «ÆмДзааБГæ «Гермяйнаг каторгæ- йы» автор (Нига—Дз. X.) цагъары бахауæг сыл- гоймаджы ломæй зæгъы: Уадау тыхст у ныр мæ зæрдæ... Дзььрд «уад» ирон литературæйы арæх хаст цæуы куыд символикон миниуæг æмæ йæ «тыхст» (нич(и-ма хуыдта».1 Иттæг хорз, кæд æй «<ичи хуыд- та, уæд! Уый фауинаг нæу,—раппæлинаг у. Абарст йæ раны ис. Гъе, æмæ уæдæ стиль нæ, фæлæ ног ахаст ду- 7немæ, ног поэтикон .уъшынад æмæ ууыл баст фæл- гондзтæ, ног, хиуьшгæ, хиссаргæ абарстытæ, мета- форæтæ нæ цыдысты сæ зæрдæмæ. Уыдон дзы куынæ уой, уæд та поэзи йæ мидбынаты цо-ппай кæндзæн. «Ирон адæм афтæ никуы дзурынц» кæй зæ- гъынц, уый раст у, уымæн æмæ алы поэт дæр йæ- хирдыпжау дзуры. Поэзийы гæнæнтæн, кæй зæ- гъын æй хъæуы, сæ ратæдзæн адæмон сфæлды- стад уы’д, фæлæ кæд адæм цы дзурынц, уый йед- тæмæ дзурын ницыуал хъæуы, уæд <ма ,нæ поэттæ дæ.р цæмæн хъæуы, уæд ма поэзийы «раз цæмæи æвæрдæуы хæс, зæгъгæ, адæмы эстетикон æгъда- уæй хъомыл кæн? * * » Плиты Ильяйы «Хæстон æмбал»-ы тыххæй кри- т.икæ фыста, зæгъгæ, æмдзæвгæ «зæрдæйы тæгтæ бацагайы, бæх куы дзуры йæ хæстон æмгармæ, уæд».2 Салдат мæлы, йæ бæх йæ цуры зæхх хойы, дзу- ры йæ барæгмæ, сыст, дам, фæлæ йæ барæджы бон сыстын иал у, фæдзæхсы йæ бæхæн, цæмæй йын йæ сау уац ахæсса йæ .ныййарджытæм, йæ уарзон сылгоймагмæ. 1 Газет «Коммунист», 1946 азы 6 июль. 2 Газет «Коммунист», 1946 азы 12 июль. Дзугаты Г. уац «Чиныг «Уæлахизы» тыххæй (йæ поэзийы фæдыл)». 75
Хæсты а1Гъом,мæ мæлæг барæг æмæ бæхыл ныф- фыста æмдзæвгæ Плиты Грис — «Æнæномы мæ- лæт» (1937). Йæ уæйлаг нымæтыл уæлгоммæ хуыс- сы, йæ саулох æм æнхъæлмæ кæсы, кæд рабадид æмæ та знаджы суриккой. Йæ идоны къæбæл Æскæны дзæгъ-дзæгъ, Ныууасы, ныххойы Иæ цæфхадæй зæхх... Фæлæ йæм æдзынæг Иæ барæг кæсы, — Йæ уæйлаг нымæтыл ■ Уый мардæй хуыссы.1 Уырысса.г поэзийы ахæм æмдзæвгæ ис Шпирт Алыксавд’рмæ—«Песня». Хъаза\хъхъаг Одеры доны фале мæлы, бæх æм дзуры, цæмæй сыста, фæлæ йын хъаза,хъхъаг фæдзæхсы, зæгъгæ, тæх дæхæдæг хъæмæ, зæгъ мæ идæдз мадæн йæ фырты хабар. Æмæ йæ кæрон фæуд кæны ахæм фæлгондзæй, уайтагъд æгас æмдзæвгæйæн хъæддых хъару чи ратты æмæ йæ зæрдæмæхъа-ргæ бæрзæндмæ чи фелвасы: А моей невесте молодой Ты мой ниэкий передай поклон: Он, скажи, другую полюбил — Землю крепко обнимает он!2 Иугъуызон ситуаци, иугъуызон архайд, иу- гъуызон темæ гæнæн ис, æм,æ бирæ поэтты æм- дзæвгæты уа, æрмæст иугъуызан-æнгæс афы-ст хъуамæ ныррухс уа поэтæн йæхи уынынадæй. Æх- полæтты Дзантемыры балладæ «Мад æмæ æртæ фьирты», зæгъгæ, уым цыма цыдæр ис Шпирты 1 Плиты Грис. Æмдзæвгæтæ, Орджоникидзе, 1939, 22 фарс. Поэт йæ хъайтарæн радзуры йæ истори: æххуырст, гæвзыкк цард, революци, ныууагъта йæ бинонты, сбадт бæхыл æмæ— тохмæ, нæмыг йæ ныхыл сæмбæлд, саргъæй рахаудта æд кард æмæ амард. 2 Александр Шпирт. Взволнованный берег, СП, М., 1963, стр. 54. 76
æмдзæвгæйæ, фæлæ уæддæр... Мады хистæр фырт бæхыл бабады æмæ ацæуы тохмæ. Мад йæ цæс- сыгтæ сæрфы... Мады астæуккаг фырт бабады бæ- хыя æмæ ацæуы йе ’фсымæры фæдыл. Мад йæ цæс- сыгтæ згъалы. Иуæй <сæ хабар нæ хъуысы. Уæд æртыккаг, кæстæр фырт, саргъ бавæрдта бæхыл æмæ уый дæр ацыд тохмæ. Æртæ æфсымæрæй ма æрмæстдæр кæстæр æрыздæхт фæстæмæ. — Дæ хистæртæ хъæмæ нæ фесты, — Йæ урссæр мад ын кодта хъаст. Кæстæр зыдта, æгас кæй не сты, Фæлæ нæ кодта мадæн маст. — Нана, нана, хатыр дæ курын, Тæрсгæ сын ма кæ, сты дзæбæх. Мæн уыдон рарвыстой дæ цурмæ — Сæхæдæг хъахъхъæнынц нæ зæхх.1 Гъе уыцы скъуыддзаггæнæн финалæй Æхполы .фырты балладæ у йæхихуызон, йæхирдыгонау. Бæх! Æнусты дæргъы хæстан æмæ фиййау адæмæн сæ хъизæмар æмæ .сæ цины æмбал. Фигу- ралояæй дзургæйæ, нæ адæмы нын иу æнусæй ин- нæ ’нусмæ хаста æмæ йæ æрхæццæ кодта абонмæ. Советон дуджы адæмы цард аивта, бæхы роль дæр адæмы царды раздæрау нал у. Фæлæ Фыдыбæстæ- йы хæсты азты бæхы тыххæй бирæ æмдзæвгæтæ кæй фыстой, уый æнæнхъæлæджы нæу æмæ йьин ницы амалæй ис æрмæст традицион атрибут схо- нæн. Хæсты тæссагдæр операциты хайад иста хъæ- батыр бæхджьш æфсад, бирæ дзы уыд иро,н адæмы фырттæй. Фаг у зæгъынæн уый дæр, æмæ бæх;. джын æфсады кæй байрæзтысты æмæ кады бæр- зæндмæ кæй фæхæццæ сты нæ еомдзыд инæлæрт- тæ Плиты Иссæ, Мамсыраты Хаджумар, Цæлык- каты Хъантемыр, Сланты Лентъо. Поэзийы хæстмæ бæхыл кæм цыдысты, бæхмæ кæм дзььрдтой, уыцы æмдзæвгæтæй бирæты ра- зынд, загътш ма йæ, традищион-иумæйаг ирон 1 Æхполæтты Дз. Хæтæнты, 25 фарс. 77
ахаст хæстмæ, реалон бæх æмæ реалон барæг дзы нæй. Плиты Харитон фæдзæхсы бæхæн, зеаджы ныхмæ, дам, фвдар фæлæу: Уый-иу зæвæтæй, æрмаццагæй цæв! Уымæн йæ хъустæ дæндагæй æстон!1 Кавказаг: Цæв фыдæзнаджы сынæгæй, Цæв дæ фидар къахæй тагъд! Знагмæ-иу лæбур дæндагæй, Хурхы дæндæгтæ ныссадз!2 Балаты Тембол: Бæх æрцавтон, размæ сиры, Маст ныббарын мах бон нæу...3 Бæх кæм ис, уым-нæй гаанæн,- æмæ дзы ма уа нымæт, хъама... Критикæм-æ уый тыххæй уьгд йæ- хи позици: «Зын баууæндæн у Барисы æмдзæвгæ «Хъама»-йы хъуыдыйыл дæр. Фыдыбæстæйы егъау хæсты мах згæхæрд хьаматæй нæ хæцыдыстæм. Уый уыд раззагдæр техникæйы хæст, авиаци, мо- торты хæст».4 Дзььрд Мы’ртазты Ба^рисы æмдзæвгæйыл у. Ио- этæн зæронд лæг ратта йæ хъама æмæ йæ хæсты быдыры хæссы æлвæстæй. Хæстон лирикæйы афтæ арæх кодтой. Плиты Илья сыссадта (фыдæлты хъама æмæ дзы тох кæны (æмдзæвгæ «Хъама»). Калоты Хаэбимæ — мад йæ фыртæн радта йæ фы- ды кард, хæсты куы фаёмард, уæд æй уый та рат- та йе ’мбалæн (æмдзæвгæ «Кард»). Кочысаты Му- харбег .аерæмы.сыд хъамайы рагон хабæрттæ: Цал хатты мæйдар æхсæв Калдтай ды тæмæн? Цал туджджыны барвыстай Цардхъуагæй мæрдтæм?5 1 Плиты X. Уац.мыстæ, 68 фарс. 2 Хæсты цæхæртæ, 24 фарс. 3 Балаты Т. Райгуырæн бæстæ, 119 фарс. 4 Журнал «Мах дуг», 1947, № 12, 41 фарс. 5 Кочысаты М. Царды хъæбысы, 37 ф.арс. 78
-Хъама мйййаг Фыдыбæстæйы хæсты сæйраг хæцæнгарз нæ ханын-ц нæ поэттæ (нырыкко-н тех- никæйы хæст кæй уыд сæйфаджыдæр, уый уыдтой æмæ зыдтой се ’ппæт дæр).. Хъама ,сын уыд ирон лæджыхъæды символ (фыдæй йæ фыртмæ/ мæлæг æ.м-бал æй йе ’мбалмæ кæй дæтты, уый дзæлгъæды нæу). Хъамайы фæлгондзы фæстæ лæууы >нæ фы- дæлты хъæбатыр истори. Бæгуыдæр, кæд бæх, хъама, нымæт æмæ æндæр ахæмтæ; хъæуьшц æрмæст национ колорит скæны- нæн, уæд уый аипп у. Реалон уавæртæ, реалон адæймаджы миддуне, реалон хъуыдытæ æмæ æн- къарæнтæ сæхи куы равдисьгнц поэзийы, уæд по- эт бар-æнæба’ры вæййы нььрыккон æмæ национ-ко- лорито.н. Никуы бæззы, поэзийы нырыккондзинад куы фæбæрæг кæнынц искæцы æддаг деталтæ æмæ предметтæм гæсгæ — фæнды зæронд цардæй уæд, фæнды ног цардæй. Дзадтиаты Тотырбег куы бафарста, зæгъгæ, Цырыхаты Михалы æм- дзæвгæтæ кæцы æнусы фыст сты, уæд раст бафарста, уымæн æмæ чиныг «Мах рæстæг»-мæ хæстæн йæ кой цы бацыдис, æндæр æм йæхæдæг хæстæг дæр не ’рбавæрдта йæ къах. Иу критнкмæ ахæм концёпци раст нæ фæкаст æмæ ныффыста Дзадтиайы фырты ныхмæ: «Ау, Фыдыбæстæйы хæст, советон салдат, пулемет, минæ, Сырх тырыса, ракетæ, бомбæ арæх куы ’мбæлынц æмдзæвгæты, уæд ма йæ цахæм æвдисæнтæ хъæуы уæдæ? Алчи дæр заны, советон æфсæддон, Сырх ты- рыса кæй нæ фæзындысты нæ эрæйы размæ, фæлæ кæй фæ- зындысты XX æнусы».1 Уый раст у æмæ раст дæр нæу. Цæвиттон, Плиты Грисы «Салдат»-ы арæх ис кæрдтæ, хъаматæ æмæ æндæр рагон ирон дзаумæтты кой (кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр баст вæййынц ирон æвзаджы фразеологон-фæлгондзон кондимæ), фæлæ дзы чи зæгъдзæн, нырыккон хæст не ’вдисы, зæгъгæ’ Ноджы ма йæ зæгъын, поэты бон у йæ индивидуалои стиль йæхимæ гæсгæ араза, фæлæ йæхи æмæ йæ рæстæг ма ’вдиса, уый бар ын нæй. «Хъама» кæнæ «ракетæйæ» абоны рæстæг нæ равдисдзынæ, абоны ирон адæймаджы миддуне куынæ равдисай, уæд. Газет «Рæстдзинад», 1951 азы 20 май. 79
Бæх æмæ барæг — иæ поэттæ бирæ кæуыл фыстой, уыцы темæ æлхыецъговд цæуы Плиты Гри’сы æмдзæвгæ «Æрт.хутæгдон»-æ1Й (1962). Цы у бæх.барæгæн æмæ барæг бæхæн, уый дзы æнкъа- ■рæм арф æмæ эмоционæй. Шпирт æмæ йæ хуызæн чи у, уыдон балладæты диалог ис бæх æмæ барæ- гæн, -мæлгæ дзы акæны барæг æмæ, цыма, бæхы зæрдæ йæ барæгыл риосы (уый адæмон поэзийы рагон амал у). Лрисы балладæйы та амæлы бæх æмæ йыл рлссьг йæ барæджы зæрдæ. Сюжеты ахæм уавæр фадат дæтты салдат-барæджы мидду- ^не рафæлгъауынæи. Балладæ у бæхы сæфтæгæй конд æртхутæгдо- ны истори. Сабыр уаты æртхутæгдоимæ кæсгæйæ, барæгæн йæ цæстытыл уайы: цыма мыр-мы.ргæнгæ сыстад йæ бæх, барæг ыл обадт æмæ фæбырсы æфсæдты разæй. Интонаци цадæггай рæзы, тынгæй-тынгдæр кæ- ны. Æмдзæвгæйы идейон-комлозициои центф — хъæбатыр бæхджъш æфсады размæбырст — аивта йе стих, йæ ритм — фондзстопæйон ямб рахызт ахæм стихарæзтмæ: Нымæт дымгæмæ спака и, Уæнтыл фестади базыртæ: Уый фæтæхынц атакæйы Иры сагсур бæгъатыртæ. Къæхты хъæр, зæххы змæлд, фæринк кæрдты æфттывд æмæ æхсидт... Зæйау чи ссæнды размæ, уыцы улæн цæхгæр фæлæууыд. Æмдзæвгæ бай- дыдта барæджы индивадуалон хъысмæтæй, бай- рæзт иумæйаг æфсады размæбьирсты нывмæ — барæджы зæрдæйы патетикон тымыгъмæ æмæ та фæстæмæ æрыздæхт барæджы ивдивидуалом хъысмæтмæ, фондзстопæйои ямбмæ: Æваст... фæцæфи саулохаг... Æваст Йæ саргъæй атахт балхонæг хъæбатыр... Барæгмæ бæхы аанæдзургæ ,ныхас — «фæстаг хатт бæх йæ барæгмæ фæкаст...» æмæ бæхы амæ- 80
лæт — мивдисты градаци: «Ныууасыди, æрхауд, ныррызт, ныссабыр». Барæг йæ бæхы афтæ бирæ уарзта, ахæм зæр- дæбын æрдхорды цæстæй йæм каст, æмæ йын йæ сæфтæгæй — цæрæнбонтæм мысынæн — сарæзта æртхутæгдон, йæхи та йын тохы быды-ры, хæстон æнувыд æм-балау, ба,ныгæдта. Æмдзæвгæ раздæр куыд сабыр интонацийæ байдыдта, афтæ сабыр интонацийæ фæцис — фыц- цаг строфæ фæлхатæн цæуы кæронæй. Нæ дæр æвзонг, нæ ма дæр у зæронд Ирон инæлар, йе стъолы цур бады, Йæ разы та — бæхы сæфтæгæй конд Хуымæтæджы æрхутæгдон цæфхадыл.1 Уæвгæ, балладæ армийы инæлары тыххæй у фыст — Иры сагсур хъæбул Плиты Иссæйы тых- хæй æмæ дзы нæ хъайтарты одæты риторикæйæ ницы ис. Типикон советон ирон салдат — кæд æф- сады раздзог у, уæддæр йæхи сæ уæлейæ не ’вæ- ры—сæ ,разæй тæхы йæ бæхыл, иу хъьюмæт сын ис, иу лæгуар,зо.ндз1инад. Йе ’фоадмæ æмæ йæ бæх- мæ ахæм зæрдæ уыдзæн адрмæст æцæг зæххон барæг-:инæларæн. СЮЖЕТОН ÆВИ ÆНÆСЮЖЕТОН? Балладæйы жанр кæй сарæх, уьш-æн уыд ах- хосаг: хæст лæвæрдта æнæнымæц бирæ æлхъывд, æндыгъд сюжеттæ, карз, æнахуыр драматикон си- туацитæ. Балладæ — поэтикон .новеллæ — йе ’ргом фылдæ.р скодта документалон æмæ мысæггаг хъайтарон сгуыхтдзинæдтæм. Уырьюсаг поэзийы Тихоновы мидхæсты дуджы балладæйы традици’— «айдагъ тагъдад» («скорость голая») Фыдыбæс- тæйы хæсты азты йæхи активонæй æвдисын бай- дыдта. 1 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 19—20 фæрстæ. 6. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 81
Уыды «айдагъ тагъдад» гæнæн ис, æмæ ба- фйппайæм Цадрукъаты Алыксандры балладæйы—- æлвæст стих, иæлой рифмæтæ. Мæскуымæ тæхгæйæ æд бомбæты уаргъ, , Фашистон хæдтæхæджы фæндаг ныддаргъ.1 Зынгæ тæхæг Ганс Веберы æрæппæрста 20-аз- дзыд лæппу. Гамс Вебер æй ,куы федта, уæд «фæ- дзæгъæл йæ зонд», «цæф арсау ныккæуы, ныххо- йы йæ сæр» (балладæ «Советон тæхæг»). Иннæ балладæйы чызг афæдзы дæргъы нæ исы йæ уарзон лæппуйæ хабар, ацыд æм фронтмæ, фембæлди йыл, иу ран минæ фехæлд, лæппу амард, чызг хæцы—йæ маст исы (балладæ «Хæх- хон чызг»). Мæн уый яæгъын фæнды, æмæ Тихоновы «ай- дагъ тагъдад» æмбæрст цыдис афтæ: исты цау, исты архайд афысс, куыд уыд, цы уыд’, уыдæттæ.; фæд-фæдыл ранымай æмæ дæ хæс—æххæст. Мæр- гъиты Къостайы хъæдгæс немыцагмæ дзуры, цæ- мæй бæрз бæлас ма кала, куы нæ йæм байхъуыс- та, уæд ын фæрæтæй йæ сæр ахауын кодта (бал- ладæ «Хъæдгæ’С»). Асаты Реуазы хæсто.н сгарæг- бæрæггæнæг бацыд иу хъæумæ, иемыщаг танктæ ныппырх кодта, знæгтæм бахауыны бæсты йæхи судзгæ хæдзары баппæрста... ,Йе ’мбæлттæ байстой уыцы хъæу («Балладæ»). Кæнæ фыд æмæ фырт— Сшол Емельян æмæ Григорий, танкты ныхмæ то- хы оæ нæмгуытæ куы фесты, уæд æд граиаттæ танкты бынмæ багæпп кодтой æмæ сæ ^баурæдтой (балладæ «Фыд æмæ фырт»). Адон диссаджы цаутæ, нæртон хъæбатырдзи- нады факттæ сты. Афыссынц сæ—«айдагъ тагъ- дад», фæлæ кæм ис уыцы «тагъдадæй» цæугæ Ти- хоновы ЭМОЦИО.Н-ПОЭТИКОН хаццæг—революцион адæймаджы æндон фидардзинады формулæ: 1 Цæрукъаты Л. Æмдзæвгæтæ, 6 фарс. 82
Г.возди б делать из этих людей: Крепче б не было в мире гвоздей. Æмæ канд уый нæ. Балладæйы жанр алкæд «айдагъ тагъдадæй» нæ цардис,—æмхиц æм уы- дысты поэты лирикон рефлекси, алфæмблаймæ, дунемæ авторы философон цæстæнгас. Епхиты Тæтæрийы балладæ «Цы мын дзырдта тулдз бæлас», зæгъгæ, уымæн йæ архайд миййаг тагъд, тындзгæ нæу,—-сгуыхт лæг æмæ сгуыхт ту- джы тыххæй дзы ис сагъæс. Тулдз бæласæн хуыскъ кæнынц йæ цæнгтæ, йæ астæухъæд ныф- фæ-стытæ, йæ хъæдгæмттæ бæрæг дарынц. Тулдз бæлас бауазæг кодта хæстон лæппуйы, чысылæй йæ быны родгæс фæхатти, ныр æй сæр куы ба- хъуыд, уæд фыдгул фашисттæй фынддæс ным- мардта. Цыма параллель ’цæуы лæппу æмæ тул- дзы астæу. Тулдзы зæнгыл суад знаджы нæмыг æмæ уымæй амард лæппу. Поэт фæлгъауы, лæппу кæй амард, уый м’идис. Федта хорз фæлгондз— тулдзы бызычъи, цыма дзы тулдз бæлас бавæрдта лæппуйы туджы ’ртах. Лæппу амард, тулдз бæлас дæр бахуыскъ. Фæлæ сæ тох æнæхъуаджы нæ фæ* цис—тулдзы бызычъийæ разайдзæн ног тала, иу- мæйаг тугкалдыл райгæ цард сараздзысты ног адæймæгтæ, 'Хъæбатьгр хæстон ’ фæлтæры байзæт- таг. Хæсты рæстæджы Епхийы фырт цы уацмыстæ ныффыста, уыдонæй зьшгæдæрыл нымад цæуы йæ балладæ «Цы мын дзырдта тулдз бæлас». «Ис ахæм фыстытæ,—бафиппайдта Мамсыраты Дæ- бе,—зæрдæйы æмæ зонды дæр арф чи а^хъары, дыууæйы дæр чи ссудзы. Æмæ ахæм фыст у Тæ- тæрийы «Цы мын дзырдта тулдз бæлас».2 «Хъарын» æмæ «судзыны» къæпхæнтæ алыгъуы- зон сты, Епхийы фырты балладæ дзы кæцыйыл 1 Николай Тихонов. Избранные произведения, Гослитиз- дат, 1955, т. I, стр. 50. 2 Журнал «Мах дуг», 1947, № 11, 30 фарс. Уац «Ирон советон литературæ 30 азы дæргъы». 83
лæууы, уый бæлвырд кæнинаг нæ дæн, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма балладæйы хорз хъуыды, поэ- тикон сагъæс бæрæг рамбылдтаиккой, формалон æгъдауæй хуыздæр куыст куы баййæфтавд, уæд. Бацæуæны—щалынмæ поэт тулдз бæласмæ хæццæ кодта, уæдмæ æнæхъуаджы сты строфæтæ (ницы ахъаз кæны.нц уацмысы иумæйаг райрæзтæ’н): Куы дуры бынмæ Кæсын æдзынæг, Куы бур улæнтыл Цæстæй æзгъорыи. Доны улæнтæй Зæрдæ фæхъæлдзæг, Æмæ мæ санчъех Фæтагъддæр кодтон. Кæнæ кæронæй тулдз бæлас цæмæн калын кæ- ны йæ цæссыг поэтæн: Æрæппар, мæ хур, Дæ хъарм цæстысыг Йæ туджы ’ртахыл Нæ сахъ хæстонæи, Æмæ разайа Мæ бызычъийæ Лæппын ног тала Цъæх сыфтæртимæ.1 Советон хъайтарты тугкалд æвзæрын кодта адæмы зæрдæрис, домдта, цæмæй йæ бамбæрстаик- кой, фæрыстаиккой йыл, фæлæ ам, дьгма, цæссыг- тæ сентименталон рауадысты, æнæ уыдон дæр лæ- джыхъæдджын тугкалд раттаид йæ фæстиуджытæ. Б>алладæ карз æмæ домаг у, уæлдай ныхæ-стæ, уæлдай митæ нæ уарзы. Мæргъиты Къоста хæс- тæй цыппæрдæс азы фæстæ кæй ныффыста, уыцы балладæты дæр æнæхъуаджы æмбарынгæнæн бы- нæттæ бирæ куы нæ уаид, уæд цыбырдæр æмæ æл- вæстдæр уатаккой. Балладæйы æрмæгыл ныккалы æгæр бирæ дзырды бырæттæ. 1 Епхиты Тæтæри. Уацмыстæ æртæ томæй, Орджоникидзе. 1961, 1 том, 64—66 фæрстæ. «4
Балладæ «Хъæдгæс»—хъæды ;кой. Балладæ «Хъæды къохы»—уацайраг салдаты хъысмæт. Ла- герæй ралыгъд, фашисттæ йæ расырдтой, фæлæ хъæдмæ баирвæзт. Тыхæн-фыдæй ысхызтæп Уым иу бæласыл æз, Уый каст мæнмæ мæ лыстæп. Мæ мады хъарм хъæбыс. Мæ риуы дзаг уæрæхæй Ысулæфыдтæн хорз, Саурайсомы æртæхæй Цъырдтоп æвдадзы хос. Цъæх бæласы сыфтæртæ Сæ кæрæдзи фæдыл Æркъул кодтой сæ сæртæ Рæвдаугæйæ мæныл. Мæ хъусы мын цыдæртæ Дзырдтой, Æвæрдтой ныфс. Æркъул уал кæн, изæрмæ Нæ хъарм хъæбысы хуысс. Уæздан, фæлмæн лиризмæй хъацæнджын бал- ладæ фæци хъæдмæ поэты уарзон ныхасæй: Нæ зонын, чи цы уарзы, Фæлæ æз уарзып хъæд.1 Ахæм уагыл амад у Мæргъийы фырты И'Н.нæ балладæ «Суадон» дæр. Чызгæн йæ уарзон лæппу Кавказы хæхты гитлеронтимæ тохгæнгæйæ фæ- мард, бирæ рæстæг рацыд уæдæй, фæлæ йæ но- мыл идæдзау бады, æрвылаз ын йæ ингæнмæ ссæ- уы. Уый ’ис суадоны фарсмæ, тæрс бæласы цур. Суадон, цьгма, сылгоймаджы æвидигæ уарзт æмæ сыгъдæлдзинады аив параллель у. Ахæм æмæ æндæр фæлгондзтæ арæхдæр-иу сæ кæрæдзи куы 1 Мæргъиты Къоста. Суадон, Хиррауагъдад, 1960, 39—40 фæрстæ. 85
’рцагуырдтаиккой, сæ кæрæдзййыл-иу куы атыхс- таиккой, уæд цас дзаджджындæр уыдаиккой, н’æ бæлладæтæ æмæ æмтæй нæ сюжетон æмдзæвгæтæ!, Загътон ма йæ, хæсты фактты хъару тыхджын у, газеты информацй дын сæ куы радзура, уæддæр дæ зæрдæйы тугтæ нытæдздзысты. Фæлæ царды факт æрмæст фактæй куы баззайы, цау æрмæст цауæй куы баззайы, ома æрмæст иллюстрацигонд куы цæуы, уæд не сваэййы поэзийы факт æмæ цау. Нæ адæмы хъайтардзинады факттæ, не знæгты сырдон фыдмиты факттæ милуантæ уыдысты, уыд- той æмæ сæ зыдтой милуангай адæйм-æгтæ. Æвæц- цæгæн, уыдонæй алкæй бон дæ]р уыдаид уыцы фажттæ радзурын, цаутæ куыд æрцыдысты, уый фæд-фæдыл раныв-æндьш. Поэтæн уый фаг нæу: цы уыныс æмæ цы хъусыс, уый фæдыл дæм ца- хæм хъуыды æмæ æнкъарынад сæвзæрд, уыцы хъуыды æмæ æнкъарынад дæ дзыхæй фехъуодзыс- ты адæм æви сын рагæй зонгæ у æмæ сæ нæ бан- давдзæн?.. Цæвиттон, хæсты цæхæрæй (бирæ хъæбатыр лæппутæ раздæхт цонгхаудæй. Зæрдæскъуынæн факт у,—алчи дæр æй уыдта, поэттæ дæр æй уыд- той. Джусойты Нафийæн йе ’мбалы галиу цонг ■ньипльирх кодта нæмыг, (ницы, да^м, ын у: йæ рахи> зæй тамако стухдзæн, кувгæ дæр дзы скæндзæн, сармадзанæй дæр дзы фехсдзæн... Поэтмæ сæв- зæрд дис (иумæйаг дис): цас тых æмæ ныфс ис йæ фæлтæрмæ! (æмдзæвгæ «Ме ’мбалæн йæ цонг фæ- цæфи хæсты...»). Асаты Реуазы хæстон æнæ йæ рахиз цонг æрыздæхт сæхимæ, кафы, зары, цин ыл кæнынц адæм, йæ мад дæр дзы «у разы, афтæ кæй фесгуьихт йæ уд æмæ дзæцц» (æмдзæвгæ «Рахиз цонг» *). 1 Ахъуыды ма кæнут, хауд цæнгты фæдыл сагъæс Луко- иин Михаилы цахæм поэтикон рæнхт)ытæм æркодта («Серд- цебиепне», М., 1947, стр. 84.): В этом зареве ветровом Выбор был небольшой,— Но лучше прийти с пустым рукавом, Чем с пустоп душой. 86
Фыдæхы æмдзæвгæтыл куы дзырдтон, уæд фед- там, цахæм у сæ арæзт—исты æвирхъау ныв рат- гæйæ, поэт жæронæй фæзæгъы йæ 1П!ублиц«И'Стэн-ли- ри’кон хаццæг. Æрмæст афыст кæй ницы ц<æтты, уый бæрæг у Кавказаджы сюжетон æмдзæвгæ «Доны1был»-æй. Чьгсыл лæппу Уасил йæхи найы, йæ мад Агъати—йæ фарсмæ. Æхст фæцыд, Уасил ахауд, мад æй ацахста, фæл-æ йæхæдæг дæр фæ- цæф æмæ сæ дыууæйы дæр дон ала,ста. 1 Кæ-нæ Епхиты Тæтæрийы аналогион сюжет (поэмæ «Фаззæттæ»): дыууæ фаззон чызгæй сæ иу бæллыд фыссæг суæвынмæ, иннæ та хъуамæ суыдаид тæхæг, фæлæ иу бон донхæссынмæ куы рацыдысты, уæд ф’æзынд знаджы «цъиусур» æмæ сæ амардта. Ардасенты Хадзыбатыр поэмæйæн бæрзонд аргъ окадта, чызджыты мæлæтæй та афтæ загъта- «Их смерть вызывает жгучую ненависть к фашис- там. В этом идейно-э’стетичеюкий смысл .поамы».1 Фæлæ ахæм мæлæттæ, ноджы ма йæ зæгъын, милуантæ уыдысты æмæ дзы мллуантæ ныфыссæн уыдис. Ам дыууæ р.аны дæр хъуыдис поэтикон ф;æ- зилæнтæ ссарын, хисæрмагонд ахастæй зынг куыд фестадаиккой, афтæ. Дисы æфтауы сæ удæнцон, æнæмæт интона’ци. Мæнæ сæ каэронбæттæнтæ-- - Кавказагмæ: Фæлæ пæ зопут уæ дыууæ иумæ, Рæхджы уæ марæг мæлæт æссардзæн!2 Тæтæримæ: Нæ гыццыл хотæ, Æрбаут «рухсаг», Уæ туг уын исæг Фæуыдзæн, ма тæрс!3 1 Известия СОНИИ, т. XXII, выпуск II, стр. 27. 2 Газет «Коммунист», 1941 азы 9 октябрь. 3 Епхиты Т. Уацмыстæ æртæ томæй, I том, 180 фарс. 87
Каем и хæсты фыдæх, æнæуынондзинад, Нафи- йы ныхæстау: «Т’угæй! Нæ фыдгулты тугæй!» Бал- ладæ «Цы мын дзьгрдта тулдз бæлас», зæгъгæ, ууыл дзургæйæ, (сентиментализмы кой окодтон, — поэмæ «Фаззæттæ» бынтон сентиментало.н идилли- йы хуызæн у. Факттæ æмæ цаутæ не сбазырджын сты поэти- кон хъуыды æмæ æнкъарынадæй. Алы хицæн ко.нкретон балладæ æмæ сюжетон æмдзæвгæйы хæрзхъæддзинад ницæмæ даргæйæ, нæ литературон ’критикæмæ уыдис ахæм тенденци, зæгъгæ, æмткæй сюжетон æмдзæвгæ хорз у æмæ æнæсюжетон та фауинаг у. Бязырты Алыксандр бæлвырд кодта, зæгъгæ, Гафез æмæ Асаты Реуа- зы «æмдзæвгæтæ уымæй æм^булынц, æмæ сты сю- жетон». Цы привилеги ис сюжетон æмдзæвгæйæн æнæсюжетон æмдзæвгæйы цур, уый бæрæг кæны уымæй, æмæ, дам, сюжетон æмдзæвгæйы «нывтæ лæвæрдæуы исты архайдимæ бастæй, уый руаджы ныв свæййы динамико.н, кæсæджы зæрдæмæ дæр тынгдæр бахъары, стæй уыцы нывгонд архайды руаджы зæрдыл дæр фылдæр фæлæууы».1 Бязыры фырт йæ хъуыды бафидар кæиынæн даэнщæпæн хæссы Пушкины «Анчар» æмæ Хетæгкаты Къоста- йы «Сидзæргæс», уыдон, дам, хорз æмдзæвгæтæ сты, сюжеттæ сын кæй ис, уый тыххæй. Фæлæ цы- мæ Пушкин æмæ Къостайы æмдзæвгæтæ «Чаадаев- мæ» æмæ «Додойæн» сюжеттæ кæй нæй, уый тых- хæй мæгуыраудæр сты? Чи зо.ны, искæцы поэтæн сюжетон æмдзæвгæ- тæ хуыздæр рауайынц йе ’нæсюжетон æмдзæвгæ- тæй, уæд уьгмæй иумдаиаг хавдæгтæ аразы.н .Н1ицы пайда у. Бязыры фырт æнæсюжетон æмдзæвгæ хоны «æрфыстон». Кæд йæ мидис уырыссагау дзургæ- . ! Журиал «Фиднуæг», 1950, №3, 44 фарс. 88
йæ-у «описательно», уæд раст нæ бæрæг кæны æнæсюжетон поэзийы жанр, уымæн æмæ литера- турæйы «аписательно» фæзæгъынц мæгуырау, ил- люстрацигæнæг, фæлурс æмæ хи поэтикои уыны- над кæм нæй, ахæм уацмыстæй. Лирикон поэзийы спецификæ раст æм’бæрст кæй нæ цыдис, уый рабæрæг ис, Джусойты Нафи- йы чиныг «Салдаты зæрдæйæн» Гафез ’цы раз- дзырд ныффььста, уым дæр. Цыма Бшыры фырти- мæ кæрæдзийы хъуыдытæ кастысты, уыйау зæгъы: «Ацы æмдзæвгæт.ы хъайтар-салдат Кавк.азы хæх- тæй Берлины онг цæугæйæ, уьгны алцы дæр, хаты æппæт дæр, йæ алыварс цы цæуы, уый йæ зæрдæ- мæ ар’ф исы, |фæлæ йæ кæсæг нæ уыны салдат- х^ецæгæй, салдат-архайæгæй. Цыбыр дзырдæй, автор уæлахизхæссæг салдаты тох нæ фенын код- та, нæ равдыста, æмæ афтæ зыны, цыма уый тох- гæнæг хæетон нæу, фронты фыццаг хаххыл нæ лæууы, фæлæ у хицæн цаутæ, фæзындтæ, æнкъа- рæнтæ ньисаигæнæг».1 Сюжет, архайд, цау—адон рагæй фæстæмæ характерон сты ирон адæмон дзургæ сфæлдыста- дæн. Историон æгъдауæй ирон адæм фылдæр ахуыр уыдысты эпикæйыл, эпикон эстетикон хъо- мылад истой. Фæлæ уый афтæ нæ амо.ны, æмæ. иро,н зæрдæйæн лирикæ æцæгæлон у, лирикон-фи- лософон поэзи нæ исы хæстæг. Уымæ гæсгæ эпикæ æмæ лирикæ кæрæдзийы ныхмæ æвæрæм, иу дзы хуыздæр хонæм, иннæ та æвзæрдæр, уьгй бархи субъективизм уыдзæн. Эпикæ кæнæ лирикæ, эпи- кон кæнæ лирикон жанртæ антагонисттæ не сты, сæ кæрæдзийæ дард нæ лидзынц, фæлæ сæ кæрæ- дзиимæ æмгуыст кæнынц, æххуыс кæнынц сæ кæ- рæдзийæн. Гъе, уымæн нæм ис лиро-эпикæ, лиро- эпикон жанртæ. И-скæцы жанр йæхæдæг автоматиконæй нæ иф- тонг кæны аивадон уæлахиз искæцы авторæн. «Æр- фыстон» (афыстон, иллюстративон) уацмыстæ гæ- 1 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 9 фарс. 89
нæн ис, уой эпикон, лирикон æмæ лиро-эпикон жанрты дæр. . , Гафезы хъуыдыимæ йæ разыдзинад зæгъгæйæ, Асаты Реуаз бафиппайдта, зæгъгæ, «хуыздæр уы- даид, тæхджыты, танкистты æмæ æндæрты тохы хъуыддæгтæй хицæн «ывтæ дæр чиныджы æвдыст куы ’рцыдаиккой». Æмæ дарддæр; «Автор уыцы немыцæгтæй æрмæст иуы маргæ куы равдыстаид, уæддæр фаг уыдаид тох сныв кæнынæн. Нывкæны- ны фæрæз у фыссæджы сæйрагдæр амал».1 Афтæ цæуы (фæнда дæ, нæ фæнда, уæддæр), цыма лирикон жа-нртæ нывкæнынадмæ нæ ха- уынц, уымæн æмæ ам нывкæнынад æмбæрстæуы примитивонæй, ома адæймаджы равдис арха-й- ды, змæлды æмæ уæд уый уыдзаэни нывкæнынад. Адæймаджы миддуне, æнкъарæнтæ, хъуыдытæ, эмоцитæ равдис, раргом кæн—цымæ уый архайд, змæлд равдисынæй æнцондæр у, къаддæр ахад- ’гæ у? Джусойты Нафи, æцæг, цъус ныффыста цау- уон-сюжетон æмдзæвгæтæ æмæ йæ, æвæццæгæн, хъæугæ дæр .нæ кодтой. Поэт архайдта, :цæмæй раргом кæна салдаты мид-зæрдæ, йæ сагъæс, йæ ахаст дунемæ, хæстмæ, знагмæ æмæ райгуырæн бæстæм’æ. Пюэзийы адресант æмæ адресат у адæй- маджы зæрдæ æмæ йæ арфдæр æмæ хуыздæр чи фенын кæна æмæ банкъарын кæна, гъе, уый уы- дзæн æцæг нывгæнæг. Уыцы зæрдæ, адæймаджы зæрдæ, уыйбæрц ва- зыгджын у, уыйбæрц æнæбын, æнæкæрон у, æмæ йæ равдисынæн æрмæст цаууон-æттагон сюже- тæй ницы бакæндзынæ. Уый нæ, фæлæ ма поэзийы практикæ уынын кæны, цаууон-æттагон сюжетæй (æнæ мидæгон-философон-лирикон сюжетæй) цы уацмыстæ æрцыдис фыст (чысылтæ æмæ егъæут- тæ), уыдо.нæн сæ фылдæр кæй не сты дуджы до- мæнты аккаг. Лермонтов дæр ма фыста XIX æну- сы фыццаг æмбисы: } Журпал «Фпдмуæг», 1959, № 11, 42 фарс. 90
Умчался век эпических иоэм, И повести в стихах пришли в упадок.1 Гулуты. Дндрейы поэмæ «Хъæбатыры мæлæт»- æй критикæ æппæлыд, ардта дзы «глубокий ли- ризм», «грозное разоблачение фашистских пала- чей».2 Елхиты Тæтæри йæ рахуыдта «иттæг аив поэмæ».3 Сюжет дзы ис: хæст «бацайдагъ мах æмæ гитлерон хæдтæхджытæн. Махонтæй иу хæдтæхæг æрхауд, немыцаг майор фарста «æны советон тæ- хæгыл, фæлæ сын ницы схъæр кодта æмæ йæ фехс- той. Ахæм схемæ цал æмæ ’цал уацмысы уыд! Га- фезы æмдзæвгæ «Таня»-йы фæрсынц чызджы ма- хонты штабæй æмæ æндæр æфсæддан сусæг хъуыд- дæгтæй, фæлæ сы,н уый дæр дзуапп нæ ратты æмæ йæ уæд æрцауындзынц бæрзыл. Ахæм схемæйæ гæнæн ис, æмæ дзы поэтикон тæвд туг, поэтикон лъарм комулæфт скæной оригиналон зæрдæмæ- ; ъаргæ уацмыс. Фæлæ ам схемæ æрмæст схемæ у, иллюстрацигонд цæуы хъайтарон цау. Бязыры фырт, сюжетон æмдзæвгæ хуыздæр кæй у, уый-ма уымæй бæлвырд кодта, зæгъгæ, «æмдзæвгæтæ ’рмæст афыстытæй конд куы вæй- йынц, уæд сæ бар-æнæбары бахауы иумæйаг фра- зæтæ», зæгъæм: «хур йæ ^буц тынтæ калы», «,хæхтæ урс пæлæз скодтой», «цъæх арт суагъта», «æгъа- тырæй бырсы» æмæ æндæр ахæмтæ».4 Гулуйы фырты поэмæ сюжетон у, Бязыры фырт кæй фарс хæцы, ахæм, фæлæ йæ фæлгондзон-дзырдуатои -сконд сæрæй бынмæ у, Бязырьг фырт кæй фауы, ахæм «иумæйаг фразæтæй», ихсыд шаблон кли- шетæй. Æрдзы нывтæ, хæсты нывтæ—иууылдæр сты зæрдаив, бадзырдон амалæй конд. Æрдз: бады сау мигъ, ниуы дымгæ, згъоры дон, стъалытæ нæ 1 М. Ю. Лермонтов. Избранные произведепия в двух то- мах, т. 2, СП, М—Л., 1964, стр. 268. 2 Л. П. Семенов. Андрей Гулуев, Орджоиикидзе, 1900, стр. 17. 3'Журнал «Мах дуг», 1952, №9, 60 фарс. Уан «Гу.;уты Андрейы сфæлдыстады тыххæй». 4 Журпал «Фпднуæг», 1950, № 3, 44 фарс. 91
зынынц арвыл, миты бын фæци æнкъард хъæу... Хæст: Акæс-ма, æидон цæргæстæ Зилынц арвыл, сты бæгъатыр,— Гитлеронты «мессершмитты» Калынц салд зæхмæ æгъатыр. Знæгтæ: Бирæгътау, кæсынц æм астæй. Маргæйдзаг æбуалгъ хъуыдытæ Уыд сæ зæрдæты, сæ касты. Тæхæджы ныхас (лозунгау, популярон лекци- йау): Æз—советои бæсты тæхæг — Стыр уарзтæй мæ бæстæ уарзын, Не знæгтæн рæстдзинад зæгъын Æз кæддæриддæр фæразын... Æцæг, поэмæйы ис иу строфæ (Семенов æи лирикон уый тыххæй рахуыдта): Топпы гæрæхтæ... Цæф сагау, 'Хсарджын лæппу зæхмæ ’рхаудта. Бæрз бæлас—бæлæсты фидауц— Уæд йæ цæссыгтæ æркалдта.1 Фæлæ уым дæр абарст «цæф сагау» реалон нæу, рагон-тштикон у. Бæрз бæлас йæ цæссыттæ куыд æркалдта, уый дæр конкретонхъуаг у- -ш- мæгон хурыскасты агъоммæ æртæхтæй ,нæ, æндæр истæмæй разындаид бæласы маст’. Уæвгæ, бæрзы тыххæй зæрдæмæдзæугæдæр загъта Гафез (кæро- нæй Гулуйы фыртмæ ма 3 строфæйы ис: хур дис кæны тæхæджы мардыл, немыцаг майор Гаис та бæлвырдæй ’базыдта, зæгъгæ, «никуы амæлдзæн сæрибар, ничи басæтдзæн Советты»): Æрцауыгътой чызджы. Æрдз—сабыр, пыммыр... Бæрз зæхмæ ныккасти æпкъардæй, 1 Журпал «Мах дуг», 1948, № 1, 14—15—16 фæрстæ. 92
Йæ цонгыл, йæхийау, бæгънæг ’мæ гуыбыр Кæй уыны æвзонг чызджы мардæй.1 Ардасенты Хадзыбатыры уырны, зæгъгæ, Гу- луйы фырт хæсты азты ссардта «ног абарстытæ æмæ эпитеттæ»2 æмæ йын дæнцæнæн исы йæ уы- рыссаг æмдзæвгæ «Моя песня» (1942). Бойцы из гранита и стали — Свободной отчизны сыны — Как скалы гигантские встали, Безмерной отваги полны. Ногæй дзы ницы ис: трафаретон, æгæр гипер- болон-абстрактон абарстытæ. Бязыры фырт цы «иумæйаг фразæтæ» банымадта, уыдоны хуызæн. Гулуйы фырт сидти йæ зарæгмæ: Звени, моя песня, сильнее, И правдой высокой своей На битву с коварным злодеем Зови ты советских людей.3 «Хъайтары мæлæт» дæр рæстдзинад у—ахæм цаутæ бирæ уыдис, фæлæ не сси поэтикон «бæр- зонд рæстдзинад». Цасдæр бæрцæй ахæм рæстдзи- над хæссы Гулуйы фырты æнæсюжетон æмдзæвгæ «Хур абон фæллад у, йæ фæззыгон тынтæ...» йæ фæлгондзон уæфт йе ’ннæ æмдзæвгæты хуызæн у, фæлæ йæм фæхæццæ лирикон сагъæс. Ирыстон- мæ знæгтæ куы ’рбабырстой, Ирыстоны куы уы- дысты, æмæ Ирыстонæй тард куы ’рцыдысты, уы- ■цы æртæ рæстæджы фæдыл æмдзæвгæйы æртæ хайы поэт æргом кæны йæ зæрдæйы уаг. Фыццаг хайы Ирыстоны хæхтæм кæсы знаджы тæхæг, поэ- тæн—«мæ уæззау сагъæстæ нæ хизынц мæ сæ- рæй». Дыккаг хайы Ирыстонæн фыдмитæ кæнынц знæгтæ. 1 Гафез. Адджын у цард, 29 фарс. 2 Известия СОНИИ, т. XXII, выпуск II, стр. 21. 3 Андрей Гулуев. Иэбранное, Орджоникидзе, 1955, стр. 48. 93
Зыд бирæгътау зилынц тыхгæнджыты балтæ, Лæбурынц, æссæндынц, сæ къухтыл—нæ туг, - Сæ фæндон—сæ тæрхон, æлгъыстаг—сæ фæндтæ, Ныффидармæ хъавы цагъайраджы дуг...1 Æртыккаг хайы з,нæгтæй ссæрибар Ирыстон, сулæфыд, хæл-хæлг-æнгæ згъорынц дæггæ, худынц быдыртæ æмæ къæдзæхтæ. Прозаик кæй у, уымæ гæсгæ Мамсыраты Дæбе хуыздæр арæхсы сюжетон æмдзæвгæтæ фыссын- мæ, поэты индивидуалон къухайстыл нæу дзырд, фæлæ.йын æнтыст нæ вæййы, йæ уынаффæтæ æмæ йæ хаццæгтæм зæрдæйы лирикон процесс æвди- сгæйæ куы фæцæуы, уæд, æгæр иумæйаг, æгæр уæлæнгай нæм фæкæсы адæймаджы зæрдæ æмæ цард. Кæд искæцы конкретон адæймаджы исты конкрето.н архайд февдисы, уæд ын, цыма, вæййы æнтыст дæр. Дæбемæ ис, Хъамбердиаты Мысосты фæстæ нæм ;цы бирæ фæндарасты æмдзæвгæтæ ныххал сты, уыдонæй иу—«Балладæ хъæбатырыл». Лæп- пу йæ бæхыл бавæрдта саргъ, дзуры адæмæн, хорз, дам, уыд нæ цард, ныр знаг æрхъавыд йæ халын- мæ, фæлæ йын нæ зæххæй ратдзыстæм æрмæст- дæр «ингæны фаг». «Цу хæстмæ, цу!»—загътой йын хъæубæстæ æмæ лæппу «арæнтæм тæхы... цæргæсау». Йæхи хуызæн цы æмдзæвгæтæ ис, уыдонæй фьщцаг куы уыдаид, уæд, чи зоны? поэзийы исты сахадыдтаид. Ардасенты Хадзыбатыр æй хорз хо- ны, æрмæст æм хæссы иу азым æмæ уый раст у. «Æз не ’м^ба’рьш,—зæгъы критик,—Дæбе йе ’мдзæв- гæ балладæ цæмæн схуыдта. Мæнмæ гæсгæ ацы æмдзæвгæйы балладæйы миниуджытæй ницы ис».2 Еялладæйы жанрмæ хæстæгдæр лæууы Дæбе- йы æндæр сюжетон æмдзæвгæ «Хъæбул». Мад си- дзæргæс ;цы иунæг хъæбулы номыл фæбадт, уый хæстмæ арвыста. Иу хатт хъæуы цур хъæды тох 1 Гулуты Андрей. Уæлахизы зарджытæ, Дзæуджыхъæу,. 1947, 26 фарс. 2 Газет «Рæстдзинад», 1948 азы 7 январь. 94
самадтойзнаджы æфсæдтимæ, махонты рæнхъыты нал уыд- «уæйыгдых фиййауæн йæ мард дæр». Цасдæр рæстæджы фæстæ дуанон ауыгъдæй ссардта стæгдар. Æрхастой йæ. Мад бæлвырдæй нæ зыдта, «йæ хъæбул у кæнæ та нæу», фæлæ йын йæ ингæнмæ цыдис, йæ цæссыгæй йæ æнæхай нæ уагъта., Рауад афтæ, æмæ йæхи лæппу æрæздæхт сæрæгасæй, фæцинтæ йыл кодта, æрмæст кæуыл фæцахуыр, йæ хъæбулы .ингаен кæй æнхъæлдта, ууыл йæ зæрдæ нæ фæхъæбæр—сабæтты-иу дзы йæ хъарæг хъуьют. Уый дæр сæрибарыл тохгæнæг уыд— Уымæи у уын дæр мæ хъæбул.1 Хабæртты мотивировкæ гуырысхойаг кæй у ра- нæй-ран, кæрон æгæр бæлвырдгонд кæй у, уыдо- ныл куы .нæ дзурæм, уæд банкъарæм хæсты азты ирон мады зæрдæ. Зпикæ æмæ лирикæ куыд æмбаргæйæ у, уый тыххæй ма æрхæссæн ис дæнцæнтæ чысыл сюже» тон уацмысты егъау æфсымæртæ—поэмæтæ æмæ æмдзæвгæтæй фыст уацаутæй æмæ сыл зæгъдзы- нæн хицæнæй, сæрмагондæй: НОГ НАРТÆ-НОГ КАДДЖЫТÆ Одæты кой’куы кодтон, уæд.дзы æмдзæвгæтæ- очеркты хуызæн кæй рахуыдтон, раст уыдоны фæ- егъаугонд варианттау сты иу кæнæ иннæ номдзыд хъайтары тыххæй поэмæтæ. Уыдонæн дæр схонæн уаид поэмæтæ-очерктæ. Газет «Правда» 1942 азы 16 мартъийы хъусыи кодта, зæгъгæ, Калинины областы 80-аздзыд зæ- ронд лæг Кузьмин Матвей Матвейы фырт немы- цæгты бакодта тар хъæдмæ, сырхæфсæддон къор- ды хотыхты дзыхмæ. «Мæ хъæбултæ, зæронд Мат- вейы 1ма кæнут æвгъау, цæвут ацы цъам’мæртты, цæвут сæ, иунæг калм дæр дзы удæгасæй куыннæ 1 Мамсыраты Д. Гимм Октябрæн, 11 фарс. 95
баззайа!» Дыууæ сæдæ фæндзай фашисты ама- рыны тыххæй рауæлдай кодта йæ ’цард зæронд лæг. Саулохты Мухтар бавдæлд æмæ Матвейы ха- бæрттæ æмдзаавгæтæй фæд-фæдыл ракодта: мемыц æй фæндагамонæг уромынц, хъæубæстæ æнхъæ- лынц, гадзрахатæйцæуæг у, фæлæ Матвей йæ фыр- ты фырт Васяйы арвыста разæй партизантæм, йæ хæдæг дæрдтыл зилæг фæндæгтыл а’кодта немыцы, партизантæ сыл æнцонæй æрхъула кодтой æмæ сæ фæцагътой. Матвейы мард æрхастой хъæумæ, ба- вæрдтой йæ, æнустæм «æрттивдзæни йæ рухс цæс- гом».1 Анвадон уацмыс æвзаргæйæ, арæх бафæдзæхстæуы, зæгъ- гæ, хиныхæстæй йын кæй радзурынц йæ мидис, уый, дам, уацмысæн зиан кæны — йæ рæсугъд аивдзинад, дам, ын аф- тæмæй нæ равдисдзыстæм, уæд, дам, æй сæрæй бынмæ хъуа- •мæ цптаттæн рафыссæм, уымæ гæсгæ уацмыс цæмæй хорз у, уый бацамонынц æмæ чиныгкæсæгæн фæзæгъынц, дæхæдæг, дам, æй бакæс æмæ дæ нæ ныхас бауырна. Мæн, къорд уацмысыл дзургæйæ, ахæм куысты сæр ни- цæмæн хъæуы—хиныхæстæй цы радзурын, уацмысы дæр æн- дæр ницы вæййы, нæдæр йе ’взагон-фæлгондзон уæфты, нæ- дæр йæ композицион конды, нæдæр йæ интонацион уаджы, алцы дæр дзы ис дæ армы тъæпæны—факт æмæ цауы ил- люстраци. Ирон адæмы дыууæ хъæбатыр фырты—Мил- дзыхты Хадзымырзæ æмæ Цоциты Уасилы тыххæй цы поэмæтæ æрцыдфыст, уыдон сæ кæрæдзийы цы- ма цæрмьпстыгъд бакодтой. Раздæр дзы фæзынд Милдзыхы фырты тыххæй поэмæ—Бацитьг Бароны «Бæгъатыр Хадзымырзæ» (газет «Рæстдзинад», 1942 азы 9 æмæ 10 июнь). Саулохты Мухтары «Хæстон бæгъатыр»-æй фыцца;- скъуыддзаг мыхуыр æрцыд фæстæдæр (газет «Ком- 1 Саулохты Мухтар. Уацмысты æмбырдгонд дыууæ то- мæй, Хиррауагъдад, 1955, I том, 125 фарс. 96
муниет», 1943 азы 1 декабрь, хицæн чиныгæй рацыд Хиррауагъдады 1944 азы). Дыууæ поэмæйы дае.р радзурынц хъайтары рай- гуырд, йæ саби-æвзонджы бонтæ, йæ хæстмæ адыд, йæ тохы сæйраг эпизюдтæ æмæ кæронæй—ар- фæтæ, кады ныхæстæ. Епхиты Тæтæри дзырдта Боцийы фырты поэмæ- йæ, зæгъгæ, «хæрзхъæд нæ рауадис. Схематизмæй хъуаг нæу. Хæрзхъæд арæзт нæу композицион æгъ- дауæй æмæ уымæ гæсгæ -кæсæгæннæ дæтты иæ зæрдæйы фаг Хадзымырзæйы обрæз (аив нывты). Поэт фаг нæ бакуыста йæ уацмысыл æмæ лæмæгъ рауадис».1 Епхийы фырт цы хъуагдзииæдтæ бафиппайд- та, уыдон иууылдæр раст сты, фæлæ лоэмæйы лæ- мæгъдзинад æрмæст уыдон аххос нæу. Поэт йæ разы æрьивæрдта хæс — ранывæнд æмдзæвгæтæй Хадзымырзæйы царды фæндаг. Уый æнцон у æмæ уымæ гæсгæ аивадон хæс >нæу. Йæ хъайтар развæлгъау у æнæаипп, цахæмдæр уæздан зæды хъæбул. Сывæллæттæ бирæ райгуы- ры, фæлæ дзы ахæм нæма райгуырд. Хадзымыр- зæ кусгæ-кусын дæр кафыд «къахфындзтыл». Ар- гъауы хъайтарау архайы: Бафтыд иу афон Æртæ фæндагмæ, Уыдон алырдæм, Кæс, фæдихтæ сты. Равзæрста дзы астæуккаг фæндаг, хæцын куы байдыдта, уæд - Нарт Батрадзау, Хадзымырзæйы Нæмыг нал хызти, Топп æй нал мардта. Æхсæвыгон йæ кома-ндир Черновы мард тохы быдыры куы ссардта æмæ йæ куы баныгæдта, уæд рацыд фæстæмæ: сармадзанæй зынг калынц немы- Сидт тохмæ, 7 фарс. 7. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 97
цæгтæ—амардта сæ, йæ сæрмæ хæдтæхæг федта— æрæппæрста йæ, «.къухтæ-батайта уым Хадзымыр- зæ» (ома хæдтæхæджы пиллонмæ). Хъайтар æцæгæй цы у, уый нæу, поэт ын ныб- баста аргъауон-кадæгон миниуджытæ. Милдзыхы фырты хабæрттæ поэт хъæубæсты зæронд лæгæн кæй дзурын ’кæны, уый æмбарæм, фæлæ 108 немы- цаджы чи амардта, уы-цы хъайтар зæххон у. хуы- мæтæг, махау, æнкъараг æмæ хъуыдыгæнаг. Саулохы фырты поэмæ лæмбынæгдæр, дарддæ- рыл нывæнды хабæрттæ, æмæ канд хæсты нывтæ нæ, фæлæ ма дзуры хъайтары хæдзарыл, йæ уар- зоныл, йæ номы куывдыл. Уат рæсугъддæр уыд Мæйæ, стъалытæй, Хурæй рухсдæр уыд Буц нывæфтыдтæй. Хъайтары уарзонæн «йæ рухс цæсгом»—«æрт- тивгæ мæй», «сты йæ цæстытæ ’рттивгæ стъальь тæ» æмæ ноджы: Буц рæсугъд цæсгом 'Рттивы дзаг хурау, ’Рттивынц дæндæгтæ Урс дзæнхъа дуртау. Куывд у нæртон-гиперболон, æбæрæг-бадзыр- дон—«уыцы буц рæтты галтæ раргæвстой», «иу уæрæх фæзмæ адæм уадысты». Хæхтæй, арф кæмттæй Сырдтæ калдысты. Адæм дард хъæутæй Худгæ уадысты. Бязырты Альгксандр, æмткæй поэмæ «аив фор- мæйæ æмæ хъæздыг мидисæй» рахонгæйæ, скодта цалдæр фиопаинаджы æмæ уыдон фылдæр дзу- рынц поэмæйыл йæ иумæйаг аргъгæндæй. Æрхас- т,а рæнхъытæ: 98
Бонæй-бон хуыздæр : . Рæзтис ног цин’ты, Кодта зондджындæр, — æмæ фыосы: «Нормалон адæмæй боиæй-бон зонд- джьшдæр чи нæ кæны?» Кæнæ: Лæг йæ хъæзтытыл Мардис худæгæй. «Нæу бæрæг,—фæрсы -критик,—афтæ æдылы хъæзтытæ уыдысты æви афтæ худæджы хъæзты- тæ?»1 Бæллæх уый у, æмæ поэт йæ хъайтарыл дзуры иумæйаг «ыхæстæй, зæрдаивæй, йæхицæй йæм кон- кретон зæгъинаг ницы ис æмæ уæд рæнхъытæ иу- уылдæр (Бязыры фырт кæмæй зæгъы, канд уыдон нæ!) вæйй-ыиц гуырьгсхойаг. Саулохы фырты поэмæмæ бацыдысты хицæн хæйттау фæндарасты æмдзæвгæ (мад æмæ уарзон чызджы ныхас), сюжетон æмдзæвгæ-одæ, очерк- æмдзæвгæ (хъайтары тох знаджы хæдтæхджыти- мæ), фыстæг-æмдзæвгæ (уарзон чызг æрвиты йæ арфæ хъайтармæ, у Саулохы фыртæн йæхи æм- дза^вгæ «Дыууæ фыстæджы», зæгъгæ, уымæн йа^ 1-аг хай—чызджы фыстæг. Бязыры фьгрт дзы уы- ны «лиризм æмæ эмоциджынад», фæлæ уæддæр йæ аивадон ахастмæ гæсгæ «æ иппæрд кæны æмт- кæй поэмæйы мидструктурæйæ). ’ Боцийы фырт æмæ Саулохы фырты поэмæтæп се стих иугъуызон у, æрмæст «Хæстон-бæгъатыр»-ы æлвæстдæр, æхсæстдæр рауад, строфæтæ æмæ дзы рифмæтæ ис. Бароны хъауджыдæр ыл Мухтар хуы- здæр бакуы’ста-, хатæм дзы æндæр формалон хæр- зиуджытæ дæр, фæлæ йын уыдо«, Бароны поэмæи- мæ йы« иугъуызон чи у, уыцы сæйраг хъуагдзинад нæ бааууон кодтой. Фыдыбæстæйы хæсты азты советон адæймаджы фæзминаг фæлгондз куыд саразын хъуыдис, уый 1 Газет «Коммунист», 1944 азы 14 июнь. Уац «Кадæг «Хæстом-бæгъатыр». 99
раст не ’мÆæрстой нæ поэттæй бмрæтæ. Сыгъдæг эпикон поэмæйы жанр æвзаргæйæ-иу уыдон сæ хъайтары реалон дунейæ фæхицæн кодтой æмæ-иу æй ауагътой цæттæ-эпикон сюжеты джиппы, алы диссæгтæ-иу бакодта, фæлæ-иу чинылкæсджытæй дисы нижæй бафтыдта. Æмæ канд карджын хæстон хъайтартæ нæ, — чысыл лæппутæ дæр сæ фæсте нæ /баззадысты. Аса- ты Реуазы хъайтар — фынддæсаздзыд Темыр йæ мады фыдмæ цардис (6 азы—цæмæн?), дада йæ нæ уагъта сæхимæ, немыц, дам, уым сты, фæлæ Темыр ахъуызыд сусæгæй, немыц æй хъæуы æрцах- стой, стæй йæ иу ’немыцагимæ ра’рвыстай фæндаг- амонæгæй (зæронд Матвейау) партизанты бынат сбæрæг кæнынмæ. Фæндагыл Темыр хидæй фесхуы- ста немьщаджы æмæ комы ныххæррæгъ. Темыр йæхæдæг партизантæм офардæг, семæ разынд йæ фыд, фæци«тæ йыл кодта, стæй рацыдысты хъæу- мæ æмæ йæ ссæрибар кодтой немыцæй (поэмæ «Темыр»). Къаддæр хъайтар нæу Дзугаты Георгийы Сос- лан. Диосæгтæ кæиы: ба;хауд хæстон къордмæ, амардта |Нбмыцаг1бул!къоны,|цæуы сгарæгæй йæбæх Дымгæйыл, æркодта «æвзаг», ’нæ сын фæбæззыд, йа^ дыууæ æмбалимæ æрласга дыжаг «æвзаг», фæн- дагыл сæ немыщ базыдтой, Сослан сæ размæ бабадт æмæ сьш аккаг фæцис (лоэмæ «Дадайы радзырд»). Дзугайы фырт иуран дзырдта, зæгъгæ, Темыры фæлгондз «æ рауад рæстмæ,1 æмæ Асайы фырты поэмæйæ цы зæгъы, уый йæхи Сосланмæ цъусдæр нæ хауы. Дзугайы фырт æмæ Асайы фыртау хъæ- батыр лæппуйы сгуыхтдзинад равдыста Дарчиты Дауыт дæр. «Саби маст куыд барстаид» æмæ иу бон поезды бын минæ бавæрдта, поезд спырхи, лæппу хъæумæ фæцæуы, знæгтæ æхсьш байдыдтой. Æмæ цы? Фæлæ нæмгуытæй Лæппу нал тарсти — Газет «Коммунист», 1946 азы 12 июнь. 100
Уад æхсарджынæй Уый йæ фæндагыл Знæгтæ йæ æрцахстой, фæрсынц æй йе’мбæлт- тæй, уый сын патриотон æртхъирæны ныхас ракод- та æмæ йæ немыц амардтой. Хабæрттæ ™ радзырд- та, уыцы зæронд лæг (зæронд лæг дзуры Дзугаты Георгийы Сосла>ны хабæрттæ дæр) фæдзæхсы са- битæн, цæмæй ма ферох кæной хъайтары ном—аф- тæмæй йын, мæгуыр, ном дæр нæй (поэмæ «Йæ ном»). Аразын ды нæ хъуыд, уый арæзтой поэмæты автортæ. Тихонов кæй тюмæй дзырдта, уыцы фыс- джытау нæ кастысты со!ветон салдаты фæлгондз саразыны проблемæмæ: «Мы не хотим рядить на- ших воинов, наших офицеров в пышные одежды сказочньих удальцов...» Поэмæтæ’м нæй бацæуæн реализмы критерийæ, зæгъгæ, типон характер æадыст цæуы тилон уавæр- ты. Ирон ^пиконнкадæгон традиди реалистон-конк- ретон нæу, поэмæтæн та сæ фылдæр уыцы традици- йы хъæбысæй нæ рахызтысты. Саулохы фырты поэмæйы Цоциты Уасил знаджы хæдтæхджытимæ кæм хæды, уыцы ныв Бязыры фыртмæ кæсы «ре- льефон, реалон». Уый рæуæг тахтыл Цæст нæ хæцыди, Йемæ схæцыныл Авд нæ уæндыди. Стонг, зыд халæттау, Мæнæ цасдæрæй Уый ныр ахст лæгау Скодтой астæуæй. Иу ран нал уагъта Уася йе знæгты, Карз тох самадта, Зилы сё ’хсæнты. Куы сæ хæд сæрмæ Мигътæ фессæнды, 1 Дарчиты Дауыт. Царды уалдзæг, Дзæуджыхъæу, 1952, 89 фарс. 101
Куы хæцгæ-хæцгæ С’астæу февзæры. Иннæ хæйттимæ абаргæйæ, ацы бынат хуыздæр у, фæлæ ам дæр хæсты æттагои-иумæйаг-зæрдаив ныв ис. Бирæ поэмæты куы райсат хæсты иывтæ, уæч бафæрсдзыстут: цæмæн хъæуынц, цы дæттыни? Се ’ппæтыл хицæнæй зæгъын дæр зын нæу, фæлæ сын сæ хара>;ктер типиконæй æвдисы Саулохы фыр- ты поэмæйы ахæм бынат: Хæхтæ баризынц Уыдон карз тохæй, Знагмæ бавзидынц Кардæй, фаг зондæй. Зæхх æспырх вæййы, Дуртæ фесхъиуынц, Карз æртты хæсты Кæрдтæ ферттивынц. Мах бæхджын æфсад • Уæртæ не знæгты Скодта цагъдамад, — Размæ фессæнды. Знæгтæй бирæтæ Бæхтæй расхъиуынц, Уæртæ иннæтæ Цæфтæй баризынц. Карды иу цæфæй Сæр нæ фæхæцы Æмæ ’нæсæрæй Гуыр фæцæйтæхы. ’Рхаудтой хордзентау Бæхтыл цалдæрæй, Бæхтæ тарст сырдтау Уайынц афтæмæй. Дарддæр карз мастæи Сытынг арцæй тох, Ахæм карз хæстæй Ризы айнæг хох. Æнæхъæн дыгай, æртыгай æмæ фылдæр фæрс- тыл—иугъуызон, ша’блон. Ахæм а^фыстыты тыххæй Дæр Тяхонов загъта, зæгъпæ, мах нæ фæнды «огра- ничиваться картинами строго батальных описа- ний». Ам, кæй зæгъын æй хъæуы, бæлзырд (батали не ’вдыстæуы,—æгæр иумæйаг-фольклорон у, æмæ 102
йæ иуы тыххæй дæр æмæ иннæйы тыххæй, дæр ба* фа’уын куы хъуыдие, уæд ыл Бязырты Алыжсаадр та ныффыста: «Тохы пехотæ, артиллери, авиаци æм.æ æндæр æфюæддо’н мьгггæгтæ баст вæййынц, иумæ... Гъе^ ахæм æмбастдзинад, ахæм æмархайд нæй поэмæйы хицæн тохты нывтæн. Уый дзы куы уыдаид, уæд кадæг бирæ рамбылдтаид типон фа- дæттæ равдисынæй». Типон фадат уæд хъæуы, æмæ дзы характер йæхи ’куы ’ргом .кæна. Саулохы фырты поэмæйы (æмæ бирæ æндæр поэмæты) тохы нывтæ -ницы ахъаз кæнынц нæ дæр хъайтарты характер равди- сынæн, нæ дæр хæстæн йæхи комулæфт равдисы- нæ>н. Бязыры фыртмæ гæсгæ, «поэтæи бантыст ны- ры хæсты массонад раттын: Иутæй иннæмæн Нал уыд азмæлæн».1 Уый æрмæст эпикон клише у. Уырыссаг поэзийы советон хъайтар адæймæгты сгуыхтдзинæдтыл цы поэмæтæ ис, уыдонæн сæ сæ- рæндæртæ Алигер Ма-ргаритæйы «Зоя» æмæ Анто- кольский Павелы «Сын»-æн ахъаззаг ахадындзинад цæмæн ис, зæгъгæ, ууыл куы хъуыды кæнай, уæд бамбардзынæ: уыдон айдагъ объективон-эпикон архайды не ’вдисынц сæ хъайтарты, фæлæ ма сæм уыцы иу рæстæг кæсынц активон, субъективон æгъдауæй. Зояйы хабæрттæ фысгæйæ, Алигер иугæмдзон йемæ ныхас кæны, йæ хъысмæты алы къахдзæф дæр ын хъахъхъæны æмæ дзы комкоммæ хайад исы зæрдæйæ. Жгп меня, страдание чужое, Стань родною мукою моей. Мне хотелось написать о Зое Так, чтоб задохнуться вместе с ней.2 1 Газет «Коммунист», 1944 азы 14 июль. 2 Маргарита Алнгер. Ленннские горы, М., ГИХЛ, 1953. стр. 241. 103
Поэт иртасы йæ хъайтары миддуне, фæрсæй- фæрстæм цæуынц уацмысæн йæ райдай.æнæй йæ кæронмæ: «æз» æмæ хъайтар, «æз» æмæ рæстæг, «æз» æмæ адæм. Уый йын фадат дæтты сгуыхтдзи- над æмæ хъайтары стырдзинад фенын кæнынæн. Поэты удцæсгом ноджы тыхджындæр у Анто- кольскимæ. Поэты фырт фесæфт знаджы къухæй æмæ йæ поэмæ у трагикон реквием, æнæнцой масты хъарæг. Поэт дзуры йæ фыртимæ, йæ царды био- графийы ахсджиагдæр моменттæ йын раадыста, фæлгъауы йын йæ харжтер, йæ диссаджы моралон удыхъæд, хъыг æмæ хъынцъымы мотив дзы хъуысы иугæндзон æмæ фæвæййы зæрдæскъуынæн фæнда- растæй: Прощай, мое солнце. Прощай, моя совесть. Прощай, моя молодость, милый сыночек. Прощай. Поезда не приходят оттуда. Прощай. Самолеты туда не летают. Прощай. Никакого не сбудется чуда. А сны только снятся нам. Снятся п тают.1 Уырыооаг поэзийы хæсты азты поэмæтæ сты ли- рикон эпос. Ирон поэзи æрмæст йæхи апикон-кадæ- гон традицийыл фидар «æцгæйæ баззад, цардон æрмæгмæ гæсгæ нæ бахьгнцыдта уырыссаг поэмæ- йы фæлтæрддзинад. Эренбург куы фьгста, зæгътæ, «полтораста нем- цев истребил сын гордой Осетии Милдзихоб. Какая девушка нашей страны не скажет ему спасибо?», уæд, цыма, бацамыдта, ирон бæгъатыр хæстонты тыххæй уацмыстæн се опецификæ цахæм хъуамæ уыдаид. Æндæр ирон хæстоны хъæбатырдзинадыл дзургæйæ, номщзыд публицист затъта: «Его пули идут от самого оердца»...2 Нæ поэмæты автортæ нæмпуыты гæрæхтæ хъусынц, фæлæ сæ чи ’ргаиты, уыцы зæрдæ нæ банкъарынц, æнæ уый т.а нæй хæ- 1 Павсл Антокольский. Избранные произведения, ГИХЛ, М, 1961, т. II, стр. 248. 2 Оборона города Орджоникидзе (Владнкавказа), Орджо- никидзе, 1942, стр. 19. Статья «За Кавказ!» 104
сты трагиам, адæмы бæллæх æмæ зындзинад, адæм æмæ хъайтары ’бæрзонд сгуыхтдаииад. Уырыссаг лирикон эпосы фæлтæрддзинады хæр- зиуæг цас у, уый .федтам, хæстæй цьшпæрдæс азы куы рацыд, уæд (1959) — Советон Цæдисы фыцца^ хъайтартæй иу тæхæг Остъаты Алыксыйыл Гафез «ыффыста поэмæ «Æмбалимæ ныхас». Хæсты хæдфæстæ (1945) Хъайтыхъты Геор ныммыхуыр кодта поэмæ «Кады ныхас нæхи Ис- сæйæн»—гаджадаугонд (афтæ дæ, уфтæ дæ, бирæ фæцæр!). Хъайтыхъы фыртмæ ис -æн (Иссæйæн), Га^фезмæ та ис -имæ (æм’балимæ). Поэмæтæн æр- мæст сæ нæмттæй дæр хъуамæ бæрæг уаид сæ ахаст. Хъайтарты тыххæй иинæ ирон поэмæты куыд у, афтæ Гафез дæр æрымысыд хъайтары биографи- йы бирæ моменттæ. Мысинæгтыл æй бафтыдта хъайтары цырт, зымæгон митуаргæ хъарм æхсæв. Поэмæ у хъайтаримæ хинымæр ныхас. Хъайтары биографи сурæй дзургæйæ рауадаид æрфыстон. хус, фæлæ йæ хъарм ^кæны хъайтаримæ авторы æмдзу, авторы зæрдæбын ныхас. Хъайтар у хуымæтæг, хъуыдыгæнæг, ног советои ирон. Ирыстоны цардыл—йæ ивгъуыдыл, йæ або- ныл, йæ сомыл—сагъæс ын характерон у. Циу Ир? — æгасæй армы дзаг, Йæ зæхх та — уафсы йас æрмæстдæр. Фæлæ циу ас? Куы нæ уа гъæд, Куынæ уа ’хсар æмæ лæгдзинад? «Æгады бæсты уæд мæлæт!» — Дзырдта Алан — нæ фыд уæгъднбар.1 Хъайтары тох, йæ архайд не сты фантастикон диссæгтæ. Йæ хæдтæхæг фæцæф—уæззау, зын ха- бар. Фæллад лæгау дæ хæдтæхæг Йæхи сабыргай зæхмæ ласта. Фæлæ цыма нæ уыд бæрæг: Дæ хæдтæхæг æви дæхæдæг 1 Гафез. Поэмæтæ, Цхинвал, 1963, 164 фарс. 105
Кæцы уæтынгдæр рафтыд, бастад, Кæцы уæ тынгдæрскъæфта, ласта Йæ буар зæхмæ, хæлдæй, састæй.1 Йæ хæдтæхæг ма зæххыл æрбадын кæна, уый у хъайтары фæстаг бæллиц, зæхмæ ахауа æмæ нып- пырх уа, уый йæм æгад кæсы, уый йæ нæ фæнды йæхи удæн дæр. Афтæ у зæххон удæгас адæймаджы зæрдæ. Ам мæ æрымысын фæнды Эренбурджы ныхас (знагмæ фыдæхы тьгххæй йæ загъта, фæлæ æмжæй хорз характеристикæ дæтты салдаты зæрдæйæн): «Ие абстра.ктный ветер истории раздувает гнев в сердце солдата, а слабое чело^веческое. дыхан’ие».2 Гафез архайд æмæ æнкъарынадмæ гæсгæ ие стихы ритм аивы, строфæйы рæнхъытæ куы фылдæр фæкæны, куы рифмæтæ нæлойтæ æмæ сылойтæй ^иууылдæр озæййынд сылойтæ. Хæдтæхæджы хауды скъуыйгæ, тагъд ритмы фæстæ: Нæ баурæдта, нæ... æмæ Цæф цæргæсау æрхаудта зæхмæ, — уыцы ритмы фæстæ — хъайтар хуыссы .мар- дæй. Æнцад-æнцой, уæздан, тæфæрфæсджьш. Стих- ты уæнгтæ сæмбæрц сты: Ныссабыр хæст. Фæхъарми бон дæр, Нæ ииудта бирæгъау фыдуаг уад. Хуыссыдтæ салд митыл уæлгоммæ, Фиййауау ’нæмæтæй, фыццаг хатт.3 «Фыййауау *нæмæтæй»—мардимæ абарст зæрдæскъуынгæ у. Æрдиаг, хъарæг кæм хъæуы, уым æнæмæт, æтшад. Афтæ фен мард хæстоны, уый нысан кæны: бамбар ын йе стыр трагикон-рæсугъд мидис. Афтæ ма федта иу хатт Дар- читы Дауыт дæр хæстон лæджы мард æмæ йе ’мдзæвгæ райста психологон-реалистон хъару. 1 Гафез. Поэмæтæ, Цхинвал, 169 фарс. 2 Газета «Правда», 6 мая 1944 г. Статья «Сила слова». 3 Гафез. Поэмæтæ, 170 фарс. 106
. Уый федтон æз. Хæсты быдыры Хуыссыд уæлгоммæ ’нцад, Цыма йын йе ’рцыдмæ нæ касти Йæ ныййарæг, йæ мад. Цыма йæ цуры зæхх нæ сыгъди, ( Цыма нæ уарыд зынг. Цыма, дын, карз хæсты йæ рнуæй Нæ ахызти нæмыг. Цыма та сыстдзæни фæстæмæ, Хæстонтимæ цæудзæн, Æмæ фыдæзнагæн йæ ныхмæ Хъæбатырæй хæцдзæн.1 Æмдзæвгæ эмоцион-логикон æгъдауæй раст фæци фыццаг •строфæйæ. Композицийæ хæрзконд, трагикон æмдзæвгæ. Хæсты трагизм, ирон лæджы хиуромгæ, хиуылхæцгæ лæ- джыхъæд Гафезмæ йæ 50-æм азты дыккаг æмбисы поэмæты хуызæн никуыма уыдис. Цыдæр ис Алыксыйы зæрдæйы уа- тæй зæронд лæг Дзаммырзмæ. Йæ фырты йæм мардæй куы сластой, уæд. Дзаммырзы къæхтæ Фæцудыдтой, Хъандзæлттæ къух Фæлæбурдта æрцдзæф зæрдæмæ. Кæны хуыдуг, Цыма ныххурх, — Иæхи фæурæдта уæддæр, йæ цæссыг амбæхста кæмдæр. Æрхауа? — Не схаста йæ сæрмæ. Æрбацыд чырынмæ: «Лæппу!» — Фæлмæн, узæлгæйæ æрхаста Иæ фырты ’нæдаст русыл къух Æмæ йын иунæг ныхас загъта: «Æгайтма ’гас хæдзар æссардтай»...2 Гъе ахæм фыстыл исты зæгъын дæр зын у, æрмæст æн хъуамæ бакæсай æмæ йæ банкъарай. Поэмæ «Ныхас æмбал;шæ»-йы дзуры мард 1 Дарчиты Д. Царды уалдзæг, 31 фарс. 2 Гафез. Поэмæтæ, 65 фарс. 107
хъайтары «на’мьгс. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ра- сгуыхæг хъайтартæ бахъахъхъæдтой нæ сæрибар, бирæтæ дзы сæ ^цард нывондæн æрхастой нæ рай- гуырæн ^бæстæйы амонды сæраппонд, фæлæ уæддæр цæрьгнц, цæрынц нæ адæмы бузн зæрдæйы, цæрынц нæ литературæйы æмæ ахуыр кæнынц мах, удæгæ- ■сты, цæрын »куыд хъæуы, кусын ^куыд хъæуы, адæй- маджы ном хæссын куыд хъæуы, ууыл. Арæх нæм æрцæуынц, æрцæуынц нæм нæ хæдзæртты къултыл конд .къамтæй, æрцæуынц кинойы экрантæй, чин- гуыты фæрстæй, ■хуызф.ысджыт.ы иывтæй, скульптор- ты статуйæтæй, æрцæуьгнц æмæ мах бæрæг.кæнынп, фæрсы.нц нæ нæ хъуыддæгтæй, ле ’нцойдзинад нын сурьшц, кæньгнц нæ уæлдæр, ’сыгъдæгдæр, латрио- тондæр. Фæлæ æз та? Кæнæ сымах? Цы уæз хæссæм ыæ Фыдыбæстæй? Зæгъут, кæм бафæллад нæ къах? Мæтæй кæд рыстысты нæ фæрстæ? Зынаргъ нын у йæ æрдз, йæ арв? Иæ хъæд, йæ дон æмæ йæ дур дæр? Йæ хъызт, йæ уад, йæ хур, йæ хъарм? Нæ йын кæнæм хæлæг нæ уд дæр? Кæнæ цы сарæзтам, зæгъут, Нæ адæмæы? Нæ хæс ын фидæм? Йæ развæндаг нæ арæзт у? Бæрæг ыын у йæ сом, йæ фидæн?1 Поэмæ кæронæй раздæхы йæ интимон-лирикоч пейзажмæ æмæ балхынцъ вæййы, хъайтары цардыл сатъæс поэты цы фæстиуæгмæ æркодта, хъайтары намыс дзы цы домы, уымæй: «Фыдыбæстæй цы стыр хæс дарын!» * * * Уырыссаг лирикон эпосы тыххæй дзурын æмæ мæхи фæрсын: ирон лирикон эпосы кой цæуылнæ кæныс, нæ уыдис, æви?.. Нарты эпосы фæстæ чи лæууы йæ ахадындзинадмæ гæсгæ, уьгцы би<рæ ли- ро-эпикон уацмыстæ, хъайтарон зарджытæ. иунæ- 1 Гафез. Поэмæтæ, 172 фарс. 108
джы кадджытæ...Сæ миниуджытæ идеалонæй ра- зындысты зынгæ поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы. Æрмæст æттагон-цаууон сюжет дзы куы уаид, уæд цы сахадыдтаид, кæм разындаид? Лæджы зæрдæйы æнустæм цæй фæрцы нæ ныфты, уый у йæ æмби- сонды лиризм, йæ диссаджы эмоциондзинад. Куырм Бибо, цыма, цæуы цауты хæд фæстæ, исы сæ су- бъективон хайад. Фыццаг уал афыссы цау, стæй фæсэды амæлæгмæ, кæнюод ын шонæй чи баззад, уыдонмæ. Йæхи:цæй аргъ кæны архайдæн æмæ ар- хайджытæн, дзуры йæхиуыл æмæ йæ рæстæгыл. Хæсты трагикон дугыл «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы традицийæ хуыздæр цы хъуамæ сфидыдтаид (^бæ- гуыдæр, шваторонæй, пог советон адæймаджы миддунемæ тæсгæ куы уыдаид, уæд). Фæлæ эпикæ, айдагъ архайд—уый нæм уыдис сæйраг, цæугæ та кодта хъомысджын нæртон эпосæй. Туаты Дауыт æвзары Беджызаты Уасойы поэмæ «Фæдзæхст» драматургон кæнæ та прозæйон архай- ды позици’йæ, Бязырты Альжсандр поэмæ «Хæстон бæгъатыр»-мæ реализмы принципæй—типон харак- тер тапон уавæрты, зæгъгæ, уьимæй—куыд бацы- дис, афтæ. Туайы фырт йæ ацы хъуыды ирддæрæй загъта Плиты Харитоны «Сæлимæт»-ы тыххæй. ТТоэмæйы, дам, архайд нæй. Сæли-мæты раокъæф- той, йæхи доны баппæрста, — уьщы архайд Туайы фыртмæ цъус фæкаст. Поэмæйы хъæндзинад, дам. у, поэт йæхæдæг кæй дзуры, йæхи ахаст кæй æргом кæны архайдмæ. «Хадо йæхæдæг, — фыссы Туайы фырт, — се ’ппæтæн дæр æвдисæн >ныллæууыд æмæ се ’плæты бæсты дæр йæхæдæг архайы... ныхасæй! Уацмысы архайджытæ хъуамæ сæхæдæт равдисой сæхи сæ митæй, сæ хъуыддæгтæй».1 Ай-ай: хъуамæ архайой, хъуыддæгтæ (кæной. Фæ- лæ, зæгъгæ, æрмæст сæ архайдæй, сæ мийæ равди- сой сæхи, уый драматурджы фæлтæрддзинадæй цæугæ у. Поэмæйæн (æмæ æмткæй поэзийæн) йæхи 1 Газет «Рæстдзинад», 1954 азы 29 август. 109
спецификæ ис æмæ йæм йæхи барæнтæй бацæуыя хъæуы кæддæриддæр. Поэмæ «Сæлимæт»-ы цы архайд ис, уымæй дзы фылдæр куы архайой йæ хъайтартæ, уæд хуыздæр нæ фæуыдзæн, уымæн æмæ сæйраджыдæр поэмæ адæмы зæрдæ кæд истæмæй ссардта, уæд йæ архай- дæй нæ, фæлæ лыгъды нывтыл поэты зæрдæрисæй., йæ лирикон ахастæй адæмы хъысмæтмæ. Лирикон эпосы мидæг архайд æмæ поэт æмбает вæййынц органиконæй, дуг дзы архайдæй уый бæрц нæ разыны, фæлæ поэтæн йæхи «æз»-æй. Беджызайы фырты поэмæ нæу «Сæлимæт»-ы хуызæн, «Сæлимæт» романтикон поэмæтæм хауы, «Фæдзæхст» та—адæмон эпикон-.хъайтарон поэмæ- тæм (кæд дзы Къубалты Альжсандры романтивмы тæваг тыхджын у, уæддæр). Туайы фырт сæ дыу- уæмæ дæр архайды щæстæй кæй кæсы, уый йæ бахъыг дардта — нæ йæ бауагъта поэмæтæ раст равза’рын, кæд æм бирæ ахсджиаг фиппаинæгтæ ис, уæддæр. Туайы фырт исы «Фæдзæхст»-ы алы фæлгондз: дæр хицæнæй. Битар, йæ уарзон Аминæт—схемæтæ, фæлурс фæллондзтæ. Хуыздæр, дам, рауадысты Хъуыдайнат æмæ йæ зæронд ус. Раст у, фæлгондз- тæ бæстон, биноныг æадыст не сты, фæлæ поэмæ ца1хæм традвдимæ гæсгæ у амад, уый йæ райдайæ- нæй куы рафæлгъуыдтаид Туайы фырт, уæд æм реалистон драмæ кæнæ романы домæнтæ нæ хаста- ид æмæ фæлгоадзтæ хицæнæй не ’взæрстаид. Разæй цы аргъауон хъайтартæ æмæ баталон афыстытыл дзырдтон, уыдон уынæм ацы поэхмæйы дæр. Реалистон <кæй нæу, уый бæрæг у æрмæст уы- мæй дæр, æмæ хæст цалынмæ Дыгурыл æрбацыд Ирыстоны зæхмæ, уæдмæ Битар æмæ сæ хъæуы фæсивæд æфсадмæ дæр нæ ацыдысты. Уый тради- ци у: Нартмæ-иу цалы-нмæ знат фæзынди, уæдмæ йæ ныхмæ чи цыдис? Битар цæмæдæр гæсгæ у хæ- стдзау фæсивæды хистæр, йæ зæронд фыд Хъуыдай- нат ын радта йæ кард æмæ йын ныффæдзæхста, куыд хъахъхъæна йæ бæстæ, знаг куы ’рцæуа пырх,. 110
уæд Хъуыдайнат инга&ны куы уа, уæддæр æм куыд- ныдздзура, зæгъгæ, знаджы* фæтардтам. Зæронд царды атмосферæ, æтъдæуттæ (этногра- физм): Битар сыджытæй бахордта ард, зæронд лæг сын окуывта сæ фæндагæн, Аминæт фæци Би- тары размæ æд ^къæрта, Битарыл—цъæх цухъхъа. Уый тыххæй Туайы фырт раст загъта: «Хъуыддæг- тæ ц’ыма советон дуджы, советон бæсты нæ, фæлæ кæмдæр, раджы зама’ны, Терк-Т/урчы бæсты цæ- уынц, афтæ сæ æвдисы автор».1 Айдагъ традици кæй у, хæстмæ кæй акаст не ’мрæстæгоны цæстæй^нæ, фæлæ Нарты эпосы кадæг- гæнæджы цæстæй, уымæ гæсгæ лоэмæйы хъуыд- дæгтæ æрцæуынц цæстфæньжъуылдмæ, ура-уæла- хизæй, Бутары куыддæриддæр бафæнды, афтæ. Уый дæр раст. бафиппайдта Туайы фырт: «Уым (ома хæсты—Дз. X.) лæг «артæй хæдон кæны, зынгæй—дзабыр». Немыц дæр дзы афтæ æнцо1нæй нæ льигъдысты. Уæла^хиздзинад дæр дзы æрмæст (кардфелвæстæй къухы ;не ’фтыд».2 Айдагъ тради- ци кæй у, ууыл дзуры йæ дзырдуатон-фæллондзон сконд дæр:-ихсыд, трафа’ретонадæмон амалтæ, æмæ, æгæрыстæмæй, йæ кæрон дæр—аргъæуттæ ма бал- хынцъ кæ’нынц афтæ* «Хъуыдайнаты ’рцыдмæ дзæ- бæхæй мын цæр!»3 Ирыстон хæсты — ацы темæ канд Беджызаты Уасомæ нæу афтæ æвдыст, зæгъгæ, Ирыстон тох нæ кодта, цалынмæ йæм знаг æрбабырста, уæдмæ. Епхиты Тæтæри 1943 азы фыссын байдыдта хæлардзинады поэмæ «Урссæр Хъазбег си- ды» (йæхæдæг ма йæ «драмæ æмдзæвгæтæй» дæр хуыдта4). Кадæг-драмæйæ афтæ æмбарæм, цыма хæст байдыд- 1 Журнал «Мах дуг», 1948, № 11, 47 фарс. Уац «Уæлæнгап куысты ныхмæ». 2 Уый дæр уым, 46 фарс. 3 Беджызаты Уасо. Æмдзæвгæтæ æмæ кадæг, Хирауагъ- дад, 1952, 64 фарс. 4 Газет «Рæстдзинад», 1943 азы 12 ноябрь. Уац «Ирыстоны фысджытæ хæсты азты». 111
та Ирыстоны æмæ урссæр Хъазбеджы сидтмæ Ирыстонæн æххуысмæ цæуынц сомихаг Сурен, уырыссаг Петр, гуырдзи- аг Арчил, украинаг Тарас... Цыма Ирыстонæн хæст æмткæй Советон Цæдисимæ нæ байдыдта. Ирон лæг Украинæйы хæ- цыд Ирыстоны сæраппонд, украинаг та Ирыстоны хæцыдис Украинæйы сæраппонд. Афтæ нæ бæстæйы алы нациты минæ- вæрттæ дæр. Сомихаг Сурен 1942 азы фæззæджы не ’рцыд Ирыстонмæ хæцынмæ йæ райгуырæн Сомхистонæй, хæст ын раздæр байдыдта—1941 азы 22 июны, æгас советон адæмтæн куы байдыдта, уæд. Æз сидтмæ Сомихæй фæзындтæн, — Зындм мæм арты ’взæгтæ Ирæй... Мæ фæстæ сахъ фæсивæд рацыд, — Хæстифтонгæй цæхæртæ калынц.1 Нарон богал Гоцъийы рæстæджы ма уыдис ахæм сидты- тæ æмæ мыггагон æххуысы балцытæ. Дзугаты Георгийы поэмæ «Хæхтæ-уарт» (1946— 1947, йæ фыццаг ном—«Хуры фæдисон») мысын кавны Хетæлкаты Къостайы зпикон ооэмæ «Хетæг». Йæ комшозицион арæзт, йæ аивадон уæфт «Хетæг»- мæ гæсгæ у. Поэмæйы хъайтар Хетæджы фырт Бæ- тæг, советон æфсæддон, хъисфæндьфæй цæгъды æмæ нымайы хæсты агъоммæ нæ адæмы сабырадон царды æууæлтæ æмæ гитлерон фашистты æнаккаг хъуыддæгтæ. Хæсты процессыл дзуры йæ райдайæ- нæй суанг Катаказ’мæ æрбабырсыны уонг. Хæсты иумæйаг афысты æхсæнмæ-хоæнты Бæтæгæн ис ар- хайды цаутæ-эпизодтæ: ацæуы «æвзаг» æркæнын- мæ, ба^бырсы фидармæ, знæгтимæ хæцы лæгæй-лæг- мæ æм;æ сæ ныццæгъды. Уыцы эпизодтæ нллюстра- ци кæнынц Бæтæджы æнахуыр хъæбатырдзинад. Дзугайы фырт рагæй фæстæмæ фольклормæ æмхиц кæй у, уый къорд хатты нысан кодта кри- тикæ, йæ ахадындзинад ын хьшцыдта, фæлæ, фоль- 1 Епхиты Т. Уацмыстæ æртæ томæй, 1 том, 184 фарс. 112
клормæ хæдхуызонæй æвналын <кæй хъæуы, уый дæр не ’м^бæхста. Джусойты Нафи, Дзугайы фыр- ты æмдзæвгæ «Гъе, уый дын мæ арфæ» æвзар- гæйæ, бацамыдта: «Ам ды фæндыд поэты, уый йын нæ бантыст равдисын. Йæ фыдæхдзинад у æвдыст зæронд адæмон ныхæстæй, нæ фидауынц поэт-хæс- тоны хъæлæсы, дæттынц ын комитан ахаст. Дзуга- йы фырт уæрæх пайда кæны фольклорон æрмæгæй æмæ хорз уыдзæнис, уыцы æрмæг уый йæхи поэти- кон куырдадзы куы бахсида æмæ адæмæн куы рат- та хæрзхъæд æндон фæлгондзтæ».1 Комиюм.мæ Дзу- гайы фырты адæмон-фольклорон поэмæтæн, уыдо- нимæ «Дадайы радзырд» æмæ «Хæхтæ-уарт»-æн. а,ргъ кæнгæйæ, Гафез загъта, зæгъгæ, «цæрдхъсм- дæр æмæ нуарджындæр уыдаи:ккой, уыдон ирон адæмон-поэтикон сфæлдыстады къуьшдæг фæлгæт- ты куы нæ уыдаиккой, уæд, поэт сын сæ рæстæгмæ гæс/æ æмбæлон поэтикон формæтæ æмæ фæрæзтæ куы ссардтаид, уæд».2 Æцæг, зæгъын хъæуы, æмæ критикæ иувæрсы- гæй каст адæмон-фольклорон поэмæтæм. Сæ сæй- раг хъуагдзинад сын хицæн аиппыл 1нымадта. Гафезы «Салдаты кадæг»-æй æмткæй раппæлгæйæ, Дзугаты Георги бафип1па1Йдта, зæгъгæ, «йæ аяпп- уый у, æмæ темæ реалон кæй у æмæ йæ афыст та рауад аргъауау æмæ йын уый кайы йе ’цæгдзина- дьг тых æмæ ахадындзинад».3 Поэттæ æмбæрстой (сæ критикон уацтæй бæрæг у), цы у зæронд æмæ ног, цы у фауинаг æмæ æппæ- ли!наг, фæлæ уæддæр фыстой сæ адæмон-фолькло- рон поэмæтæ, фыстой, æвæццæгæн, сæ зæрдæйы до- м-æн-мæ гæсгæ нæ, — хæсты хъайтарон, æ’нæфенгæ сгуыхтдзинæдтæ, дам, равдисын хъæуы егъау поэ- 1 Журнал «Фидиуæг», 1946, № 7, 47 фарс. Уац «Чиныг «Уæлахизы» тыххæй». 2 Дзугаты Георги. Æвзæрст уацмыстæ, Хиррауагъдад, 1961, 9 фарс. Раздзырд «Поэты зæрдæ». 3 Журнал «Фидиуæг», 1949, № 8, 42 фарс. Уац «Салдаты фæлгондз». 8. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 113
тикон формæты æмæ-иу нæ поэттæ хъæбатыр нæр- тон традицимæ бажъул кодтой, цыма-иу сæхи сæ реалон уæвынадæй схицæн (Кодтой æмæ-иу æгасæй сæ алыварс æржодтой нæртон кадджыты атмосфе- рæ. Цас раст нæ уыд ахæм фæндаг, уый разынд, поэ- мæты фæлгæтты поэттавн сæхи^ уды фæлтæрддзина- дæй, сæхи реалон тæлмæнтæй рухсмæ чи рацыд, ахæм хицæн бынæттæй. Беджызаты Уасо чиныгкæсæджы зæрдæ баца- гайы, зæронд Хъуыдайнат æмæ йæ ус æхсæвы сæ фырты куы рæвдз /кæнынц хæстмæ, уæд. Битар фы- нæй ’кæны. йæ фыд тамако дымы, сагъæсты аны- гъуылд. Мад та хъæдын кæхцы гуымбыл ахсы. йæ куыстытæ фесты, фæндаггæгтæ скодта, Битарæн йæ уатмæ уый бацыд сындæг, Йæ сау сæры хъуынтæ лæгъзытæ йын кодта, Фынæй уыд йæ хъæбул, ныккаст æм лыстæг. Йæ райхъал кæнын æй йæ цæст дæр нæ уарзта! Сындæг ын йæ базыл æруагъта йæ сæр, Бæргæ йæ йæ цурæй йæ къах дæр нæ хаста, Фæлæ ма, мæтгæнгæ, уый раздæхт уæддæр.1 Лиризм у рагон, латриархалон, фæлæ уæддæр нæ зæрдæмæ хæстæг у (Къубалты Алыксандры поэмæ «Хосдзау»-æй цæугæ у, йе стих дæр, йæ ин- тонаци’ дæр уымæй райста, — цыппарстопæйон ам- фибрахий). Афтæ у Дзугаты Георгийы поэмæ «Хæхтæ- уарт»-ы дæ|р чызджы ныхас, йæ фæндыр цæгъдгæ- йæ. йæ уарзол хæсты ама-рд, хъарæгау ыл кæны куырдуаты идæдз. Ф-æлмас, сыгъдæг уарзт. Æрмахуыр бæлæттæ Мæ зæрдæйы рисæй Сæ цæссыг куы сæрфынц Сæ базырты сисæй.. Фыдохы куы кæуынц Мæ уатæн йæ къултæ. 1 Беджызаты У. Æмдзæвгæтæ æмæ кадæг, 47—48 фæрстæ. 114
Мæ цагъдмæ куы хæлынц Сæ дойнаг цъæх дуртæ. О, ма мыл фæхудут, Мæ уарзон æмгæрттæ. Иæ уарзтæй мæ риуы Куы судзы мæ зæрдæ.1 Хæсты трагеди æмбаргæйæ, реалон уьшынадæй цæуынц ;р.æнхъытæ: Бирæтæ дисгæнгæ сомбон фæрсдзысты: —О, гыцци, радзур мын, чи уыд мæ фыд? Кæнæ: —0, дада, радзур, кæм фæцæф дæ сæр?2 Хæсты арф фæдтæ бирæ азты дæргъы кæй баззайдзысты нæ царды, уый фæдыл ма< уыд Чехойты Сæрæбийы æмдзæв- тæ «Ностæ» (1944). Сабыр цард, дам, куы ’рцæуа. Ностæ ма зындзысты, Зон, уæддæр мæнæн... Уæд мæ фырты фырттæ Бафæрсдзысты мæн: Зæгъ, баба, кæм уыдтæ Ацы носты онг? Зæгъ, къуылых цæмæн дæ? Зæгъ, кæм и дæ цонг?3 Гафезы «Салдаты (кадæджы» ис æрмæст иу бы- нат, ’реалистон хъæрмуддзинад кæм банкъарæм. Хъуамæ сисой знаджы æгайнæг гаэнах, фыццаг хатт абыр,стой — сæ къухы нииы бафтыд, дьгккаг хатт бафæлвæрдтой — ногæй та сæ абырстæй «и- цы рауад. Æмæ уæд поэмæйы хъайтар Хæмæт (сæ архайд, сæ ахастæй Дзугайы фырты Бæтæгимæ фаззæттæ сты) æмæ лолчъы хистæ-ры ’хсæн рауад диалог: хæст сыл, цыма, |реалонæй æрбаулæфыд, бафæлладысты («Дæ домбай къæхтæ дæ быны цу- . дывд! Æз та дæуæй дæн æдыхдæр...»), фæлæ хъуа- 1 Æмбырдгонд «Уæлахизы фæндагыл», Хиррауагъдад, 1947, 111 фарс. 2 Уый дæр уым, 109 фарс. 3 Журнал «Мах дуг», 1945, № 9—10, 23 фарс. 115
мæ гæнах сисой — æндæр гæнæн нæй, Хæмæт хъуа- мæ ацæуа хæстонты разæй æд тырыса. Йæ фарсæй Ленин æнкъардæй касти, — Æстæй мæм, цыма, æваст нымдзасти... Æз фефсæрмы дæн... Мæ сæр æруагътон... —Мæлæт хуыздæр у!—мæхицæн загътон... Чъызгæ-ризгæ та хæрдмæ æскастæн, Фæлæ та Ленин æнкъардæй касти, Цыма мæм йеныр тызмæг нымдзасти... Салдаты зæрдæйы змæлд: Ленинæй æфсæрмы кæны, адæмы хæсы раз фæтыхсти. Цыфæнды зьш кæд у хæст, кæд дзы мæлгæ кæныс, кæд дзы тынг тас у, уæддæр æй рамбулын хъæуы Леншш рухс хъуыддаджы сæраппонд, адæмы цардамоиды сæ- раппо,нд. Симоновы загъдау: В нас есть суровая свобода, На слезы обрекая мать, — Бессмертье своего народа Своею смертью покупать.1 Æмæ Гафезы салдат дæр: — Мæлæт хуыздæр у, — мæхицæн загътон, Нæ сырх тырыса бæрзонд æсдардтон...2 Гъе, æрмæст уыцы хай куы рахицæн кодтаид, куы йæ сæлвæстаид, уæд дзы рауадаид психологон æгъдауæй æууæнкаккаг оимволон æмдзæвгæ. Ирон поэмæ зоны æртæ салдаты монолоджы — Дзугаты Георгийы «Хæхтæ-уарт», Гафезы «Сал- даты кадæг» æмæ Плиты Грисы «Салдат». Форма- лонæй сæм куы ’ркæсæм, уæд æагæс сты: æртæ раны дæр салдат дзуры йæ тохы фæедагыл, цы федта, цы бавзæрста, уыдæттыл. Æртæ |раны дæр поэттæ сæ разы æрæвæрдтой хæс, цæмæй раттой салдаты хаццæгон-иугæнæг фæлгондз. Ам хъуыдис фольк- 1 Констаитин Симонов. Избранные стихи, М., 1951, стр. 70. 2 Гафез. Адджын у цард, Ш—112 фæрстæ. 116
лоры традицийæ арæхсгæ спайда кæнын, фæлгондз, иуæй, тынг куыд не сиумæйаг уыдаид, иннæмæй та тынг куыд «е сконяретон уыдаид (ома хъуамæ иу- мæйаг æмæ конкретонæн кæмдæр еæ астæу æр- лæууыдаид), фæлæ уæддæр йæ зæххол реалистон хъару ма фееæфтаид (хъуамæ йыл баууæндыдаик- кам). Дзугайы фырт æмæ Гафез ацыдысты фыццаг фæндагыл—иумæйаг фоль’клорон типизацийы фæн- дагыл, Грис та — нæ дæ|р иумæйаг у, нæ дæр тынг конкретон. Æмæ уымæй рамбылдта (хуымæтæджы йæ нæ баиу кодтон Грисæн йе 'мдзæвгæт.и.мæ æмæ йæ дзæлгъæды не ’вæрьш се 'мрæ,нхъ). Грис сагъæс кæны салдаты хъысмæтыл, æвдисы хæсты философон рæстдзинад æмæ уыцы хабар йæ къухы хуыздаар бафтыд, гæзæмæ абстракцигонд æМ’барынадтæй архайгæйæ. Грис, йæ эпикон-фило- софон лиризмæн характерон куыд у, афтæ ам дæр федта хæст æнæхъæнæй: иуы хъæрзын ,н.æ, — æмт- кæй хæсты хъæрзьш, иуы тох нæ, — æмткæй цард æмæ мæлæты тох. Кæрæдзийыл афтæ æмхæст сты æм.æ .æмткæй хæсты хъæрзьш хъуысы иуы хъæрзы- нау, æмткæй цард æмæ мæлæты тох зы-ны иуы то- хау. Уыдис æхсæв, сæнт-сау æхсæв. Ныхъхъус, Ныффæсус хæст æмæ сыбыртт дæр нал хъуыст. Æрмæст ма стæм хатт, дзыхъытæй цыдис Уæззау. цæфты кæрзын æмæ унæргъын. Цард æмæ мæлæт уæйгуыты хæст фæкодтой, Сæ дыууæ дæр æмхауд æркодтой ныр: Фæллад æфсæдты афæлдæхта хуыссæг Æмæ ныцци салдаты фынæй зæхх.1 Хæсты грандиозон тохтæ дæр æвдисы Грис, фæ- лæ сæ канд фысгæ иæ кæны, — сæ динамикæ, сæ тыфыл сын æнкъарæм. Нæртон тох иæу, — иы-рык- кон у. Удджьшæй, æнæудджынæй — алцы дæр у персо.нификацигонд, активон. 1 Плиты Г. Салдат, 34 фарс. 117
Уæззау фæрчытæй арвмæ хаудис зæхх, Сырх пйллон калдта; бæстæ сызнæт арты, Æмризæджы рызти; сырх зынг нæмгуытæ Фæндæгтæ кодтой алырдæм æдзух, Цыма гигант-хæлуарæджы тььн уæфтой, — Æнуд гуыв-гуыв, мыды чыргъæдау, цыд. Ныззæй та кодтой хотыхрæвдзæй немыц, Æфсæйнаг лæоæн рацыд...1 Грисы «Салдат» ма уымæй æмбулы, æмæ «фраг- мент» кæй у. Эпи’кон лиризм, хæсты трагизмæн «Салдат»-ы хуызæн иугæнæг-типикон амалтæй даргъ-уæрæх а’цæуы-н зын у. Грис поэты зæрдæйæ р,ахатыдта уьгцы ха’бар: куы ма йæ даргъ кодтаид, уæддæр дзы, мæнмæ гæсгæ, цы загъта, уьШæй уæлдай ницыуал загътаид. Цымыдисаг у, Грис йæ поэмæтæй иу дæр фрагмент «Салдат»-ы манерæ- йыл кæй нæ ньгффыста. Уый мацæуыл дзур-æг уа? Грисы «Салдат» ма ноджыдæр æм(булы йе.-сти- хæй. Урс, трагедион 5-стопæйон стих. Тызмæг æмæ реалистон. Æртæ поэмæ-монолотмæ дæр уыд иу сахъатдзинад. Поэ- мæтæ фыст æрцыдысты фæсхæст — 1946-æй^ 1947 азмæ. Уæд иу адæймаджы культ нæ цардæвæрды арфæй-арфдæр уагъ- та йæ уидæгтæ, поэзийæн канд мæнг, зыгъуыммæ аивадон фæндаг нæ амыдта, фæлæ ма дзы æрдомдта, цæмæй нæ адæмы хид æмæ тугæй нæ къухы цы уæлахизтæ бафтыд, уы- дон иууылдæр схайкæнæм иу адæймагæн, иу «æппæтзонæг генийæн». Фæлæ æгæрыстæмæй мæнг помпезон чи уыд, уы- цы уацмыстыдæр æцæгæлон буарау уыдис йæ кой. Парти- йьг XX æмæ XXII съездты фæстæ, культ æргом æмæ йе скуынæгкæнынæн мадзæлттæ ист куы ’рцыд, уæд уыцы бы- нæттæ æнцонæй средакци кодтой поэмæты автортæ æмæ сыл иумæйагæй зынгæ дæр нæ фæкодта. Уый нæ, фæлæ ма Гри- сы фрагмент ноджы хуыздæр йæ гаччы сбадт, хæсты уæз- хæссæг, уæлахизы куырд — салдаты мисси фæбæлвырддæр, фæреалондæр. Адæмон-фольклорон поэмæты тыххæй карз æмæ хорз загъта Бязырты Алыксаидр. Адæмон сфæл- дыстад æмæ классикон литературæ чи бакаст, «стæй йæ дæр рæстæгыл ахъуыды кодта, нæ дæр 1 Плиты Г, Салдат, 36 фарс. 118
дуджьг цардьгл, афтæмæй» поэмæтæ чи ныффыста, уыданæй разы нæу: «Фыюсæгæн зонын хъæуы рез- лон цард■ æмæ хъуамæ фьюса реалон цардæй, раз- дæры фьистытæй комбинацитæ ,ма араза, фæлæ».1 Æрмæст Бязыры фырт, цардæй кæй нæ \цæ- уынщ, сæхи цæстæй иæ, фæлæ раздæры литерату- рæйы цæстæй кæй кæсынц нæ абонмæ, уый раст бацамонгæйæ, цæм’æдæр гæсгæ рацыд лæмæгъ поэмæтьг лæмæгъ монологты ныхмæ иæ, фæлæ æмлкæй монолоджы «ыхмæ. «Уацмысты хъайтар- тæ, — фьюсы Бязыры фы’рт, — цас лекцитæ къад- дæр кæсой (лекцитæ нæ бæззьинц, фæлæ монолог цы аххо-сджын у? — Дз. X.) æмæ фылдæр архайой, уыйас хуыздæр у уащмысы аивадаэн». Бязыры фырты уырны, зæгъгæ, мыры дуджы «поэмæ моно- логтæй конд нал уыдзæ1н».2 Моиолоджы ныхмæ тенденци зыны Бесаты Та- земæ дæр, Цæрукъаты Алыксандры поэмæ «Гæк- кæзы ныхас» куы ’взары, уæд: «Авторæн йæ герой- тæ сæхи тыххæй арæх фæдзурьшц æмæ сæ ны- хæстæ рауайынц риторикон, хиæппæльшы хуьгзæн. Афтæ дзуры йæхи тыххæй поэмæ «Гæккæзы ны- хас»-ы герюй — Гæмкæз. Уы-цы уацмью нымад у Алыксандрæн йæ хуыздæр фьютытæй иуыл. Фæ- лæ йæ хъыг дары, уæлдæр куыд загътам, афтæ, йæхæдæг йæхи тыххæй кæй дзуры, уьщы хъуыд- даг».1 Хус, лекцион, риторикон ныхас куы кæна ав- тор, уæд æй æфхæрын хъæуы, фæлæ уацмьютæ «никуы вæййынц æвзæр уьгй тьгххæй, æмæ дзы мо- нолог (кæнæ мо.нологтæ) кæй >ис, кæнæ кæй нæ ис. Монолоджы, дам, хъайтар йæхидæй æлпæлы, йæхи, дам, стауы, ^советон адæймаг та, дам, хъуа- мæ хæдæфсæрм у.а. Æмæ кæд .исчи йæхицæй æп- тгæлы, уæд канд монолоджы нæ, фæлæ диалоджы дæр гæдзæ нæ фæкæндзæн. 1 Журнал «Фидиуæг», 1948, № 3, 36 фарс. 2 Уый дæр уым, 39 фарс. 3 Журнал «Мах дуг», 1952, № 9, 76 фарс. Уац «Адæмты хæлардзинады зарджытæ». 119
Дунейы лирикон поэзи иугæндзон йæхи номæй дзуры, поэт йæхи «æз»-æй æргом кæны йæ зæрдæ, йæ алы æмдзæвгæ дæр монолог у æмæ, дымæ, ли- ри’ко-н этоэзи фауинаг у? Æз иллюстрацигæнæг -сю- жетон-архайдон уадмыстыл уымæн бирæ дзырд- то’н, æмæ æнæ поэтьг удгоймагон «æз»-æй сæ бон нæ бади равди’сын дуджы рæстдзинад. Монологон формæтæ ныртæккæ поэзийы къаддæр нæ, фæлæ фылдæр кæнынд. Уымæн æмæ поэты «æз» у бæр- кадджын фæрæз иæ вазыгджын дуджы ныхмæ- вæрдтæ, адæймаджы зæр.дæйы мидис алыфарсо- еæй басгарьшæн. Лирикон «æз» ’кæм ис, сюжетон æмдзæвгæтæ цъус кæм »с, кæнæ бынтондæр кæм яæй, иу моно- логау чи у йæ сæрæй йæ кæронмæ, уыцы æмдзæвгæ- ты æмбырдгæндтæй ’бирæты критикæ схуыдта поэ- мæтæ æмæ уый хуымæтæджы нæу. Джусойты Нафийы «Салдаты зæрдæ»-йæ Гафез загъта, зæгъгæ, «ацы æм.’бырдгонды æмдзæвгæтæй алч.и дæр у фæудшнд æмæ æххæст уащмыс, фæлæ, æмбырдгонд æиæхъæнæй бакæсгæйæ, æикъарын кæны адæймагæ:н, цым.а уьгдон хицæн æмдзæвгæтæ не сты, фæлæ сты ца^хæмдæр иу уадмысы хæйттæ, сты зæрдæмæ арф хъарæг лирикои.поэмæйы уæнг- тæ». Æ-м<æ дарддæр: «Æмбырдгонд у Ирьгстоны тыххæй лоэмæ, уымæн æмæ чиныджы цыдæр,иддæр æмдзæвгæтæ ис, уыдо^н иу кæнæ шгнæ хуызы дзу- рынц Ирыстоныл, ирон зæххыл, ирон адæй.магыл, ирон хæххои цардыл, кæнæ, ироны интерестæ чи агайы, ахæм исты фæзындтыл».1 Гафезæн йæхи æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ад- джын у цард», зæгъгæ, уымæй дæр афтæ загъта Дзугаты Георги: «Ацы чиныгæн схонæм ис æнæ- хъæнæй «Салдаты ^кадæг», канд уый тыххæй нæ, æмæ Ч!и1ныджы, æцæгдæр, иу кадæг хуыйны «Сал- даты кæдæг». Фæлæ дзы æмткæй автор æвдисы 1 Джусонты Ы. Салдаты зæрдæ, 5—6 фæрстæ. Раздзырд. 12П
Фыдыбæстæйы хæсты азты советон номдзыд сал- даты фæлгондз».1 Æепæтæй раздæр чиныг-тюзмæ хонын райдыд- той Мыртаэты Барисы «Уад»: «Æмбырдгонд рай- дайæнæй кæронмæ кæсгæйæ, адæймаг уыны, æм- дзæвгæтæ се ’ппæт дæр кæрæдзимæ аангом, æнæ- фæх/ицæ-нгæнгæ <баст кæй сты. Уыимæ уыцы æм- дзæвгæтæй иу иннæйы хуызæн нæу. Æцæгдзина- дæй уыдон се ’плæт иумæ сты иу поэмæ...»2 Фыдыбæстæйы хæст хуыздæр чи равдыста, уы- цы чингуытæй æртæйæ загътой, зæгъгæ, сты поэ- мæтæ, кæд сæ фылдæр. сты лирикои, поэт ^комком- мæ йæхи тыххæй æмæ йæ рæстæджы тыххæй кæм дзуры, кæм æргом кæны йæ ахаст дунемæ, ахæм æмдзæвгæтæй конд, уæддæр, æмæ уыцы хабар æппыедæр ,нæ дзуры, æрмæст сюжет, эпикон ар- хайды фарс чи хæды æмæ лирикæ, монологыл гуырысхо чи кæны, уыдон пайдайæн. Кæд æй зæгъгæ ничи кодта, уæддæр поэмæйы ном (чи зо- >ны, иинæтæй тьшгдæр)æмбæлы Плиты Грисы хæс- тон лирикæмæ. Нырыккон поэмæ цахæм хъуамæ уа æмæ йын йе специ- фикæ поэзийы цæимæ бæттынц, уый фæдыл дæнцæнтæ æр- хæссæн ис æндæр адæмты поэзийæ дæр. Ассыйаг поэт Кулм- ев Хъайсын куы рауагъта йæ лирикон-философон æмдзæв- гæты иумæйаг æмбырдгонд «Раненый камень» (М., СП, 1964), уæд дзы Кешоков Алим загъта* «Это поэма, лосвящен- ная балкарскому народу, повествует о его трудной и свет- лой судьбе. Это яркое, написанное кровыо сердца пронзве- дение, несомненно, в какой-то степени автобиографично. И это не удивительно: ведь жизнь поэта — лишь ветвь веч- ного дерева народной судьбы...»3 Хæсты хæд размæ, ирон аивадон интеллигенци нæ адæмы буцдзинад — нарты эпос æм-бырд кæ- нынмæ лæмбынæг куы бавнæлдтой, уæд Нигер фыста: «Мæнг иæ уыдзæн, афтæ :куы зæгъæм: ирон аис литературæмæ «Нарты кадджыты» аивдзннад 1 Журнал «Фидиуæг», 1949, № 8, 39 фарс. 2 Журнал «Мах дуг», 1947, № 11, 21 фарс. Уац «Ивгъуыд азы ирон аивадон литературæ». 3 «Литературная газета», 20 июня 1964 г. 121
фаг куы фæхæццæ уаид, уæд йæ ахадындзинад æмæ иæ уæз зынгæ фæфылдæр уаимкой...»1 Нигер нæ бамбарын кодта, (конкретон&й æмæ практиконæй уыцы «фæхæццæ» куыд Х7:>уамæ æр- цыдаид, цахæм ахаст ын хъуамæ уыдаид. йæхæ- дæг куыд спайда кодта нæртон аивдзинадæй, ууыл куынæ ма дзурæм, уæд зæгъын хъæуы уый, æмæ Нигеры ныхаеæн йæ сахъат æнцонæй кæй хаты, карз домæг æмæ иутæндзон йæ эстетюкон хритери- ты принципон чи мæу, уыцы критикæ дæр. Епхиты Тæтæри нæртон стилæй !кæй ныффыота, уыцы «Ирыстоны партизанты зарæг», зæгъгæ, уым партизантæм сæ хотæ баи;ронвæ>ндаг кодтой, фа- шисттæй, дам. нал фæразæм, æмæ, дам, сæ нæ маст цæуылнæ райсут? Уыцы ныстуанмæ масты куы рафыцынц, Масты куы рафыцынц сæ къахæй сæ къухмæ: Чн куыдз, чи хæрæг, чн та нæ хъыг дары? Чн нын чъизи кæны нæ фыдæлты хорз фарн? Æмæ, зæгъы, уæдæ, уæд куы рараст вæййынц, Куы, зæгъы, рараст вæййынц сæ маст исынмæ. Цыма йæ иокæцы нæртон кадæгæй механико- пæй рафыста—стихæй, фæлгондзæй, фæстаг дам- гъæйы уонг. Мæнæ дзы, зæгътæ, партизанта1 æмæ фашистты кой нæй, уæд æй алчи дæр пæртон ка- ■дæгæй скъуыддзаг фенхъæлид. Бесаты Тазе дзы афтæ зæгъы: «Артор æнæмæнг спайда кæнынмæ хъавыдис адæмон сфæлдыстадæй. йæ фысг цæмæй тыхджындæр рауацаид, уый тых- ха:й. фæлæ не сарæхст. Ныхæстæ: «Чи куыдз, чи "хæрæг, чи та нæ хъыг дары» не сфидыдтой рæстæ- гыл, партиза.нты зарæджы. Уымæн æмæ партизан- тæ нæ, фæлæ сывæллæттæ дæр зыдтой, чи нæм æр- бабырста, уый, кæд автор ацы ран наци-он колори- тæй фæпайдакæнынмæ хъавыд, уæддæр йæ уыиы мыхæстæ бынаты нæ рауадысты. Уымæ тæсгæ за- рæг, æмжæй (райсгæйæ, рауад лæмæгъ».2 1 Дзанайты Иван. Нарты кадджытæ, Орджоннкидзе, 1941, 3'2 фарс. 2 Газет «Рæстдзинад», 1946 азы 24 июль. 122
Епхййы фы’рты зараэгæй цы загътон, уы-й, æнæ исты аивтæйæ/ зæгъдзынæн Хъайтыхъты Георы лоэмæ «Фыд æмæ фырт»-æй дæр. Ие стих ритмико- нæй æлвæстдæр у, ис дзы эпанафорæ (стихы дык- каг æрдæг ахизы йæ фæстæ цæуæг стихы фыццаг æрдæгмæ) æмæ рифмæ >кæны — гъе уый у йæ хи- цæндзинад. Цардысты, уыдысты фыд йæ буц фыртимæ... Базсжгæ сты уыдон царды стыр зынтимæ... Цардысты хæстонтау уарзонæй, хæларæй, Уарзонæй, хæларæй, ма ’рхæсс фау сæ цардмæ, Ацыдысты иумæ райгуырæн хæдзарæй, Райгуырæн хæдзарæй тохгæнæг æфсадмæ.1 Фыд Мæхæмæт фæдæлдон, фырт Бимболат ных- хæццæ Берлинмæ: «Дон дæр æй нæ ласта, кард дæр æй .нæ карста». Сыздæхт сæхимæ, (колхозы сæрда- рæй кусы æмæ хæстæндзарджытæн зæгъы (кæро- нæй), зæгъгæ, «фидар кæны махæн алы хатт нæ бæстæ». Адæмон-фольклорон ’поэмæтæй бæрæг у, поэт- ты ориента’ци кæнын кæй хъуыдис ирон лиро-эпи- кон жанртæм, номхуындæй «Æфхæрдты Хæсанæ»- йы традицимæ, цырам уыдысты .нæртон амалтæ дæр, 1НОГ аивадон стыр æнтыстытæй фæхъæздыг- дæр сты, афтæмæй, æмæ уый æркодтаид хуыздæр ^фæстиуджытæм. Традици — нæртон уа, адæмон лиро-эпикон уа, классикон литературæйы фæлтæрддзинад уа — алкæд дæр хъуамæ кæна новатордзинадмæ. Каен- 1Н0Д традици традицийæ баззайы, мидбынаты цоп- пайаг фæвæййы поэж. Тынг хорз загъта уый тых- хæй Тихонов: «Надо идти вперед, надо искать и расшйрять найденные новые поэтичеокие возмож- иости. Советские люди—*ювые богатыри—должны найти» овое место в но’вой лесне, в новом эпосе, не похожем на древиие сказания о на.ртах!»2 1 Газет «Рæстдзинад», 1949 азы 4 январь. 2 «Литературная газета», 3 сентября 1960 г. Статья «По эзия самобытная и сильная». 123
ЗОНГÆ, ÆНÆЗОНГÆ Фыдььбæстæйы хæсты тыххæй фыст æрцыд иу къорд поэмæйы, иугъуызонæй сæм бирæ цыдæртæ ис, адæмон-фольклорон поэмæтæ кæй хонын, уы- дони.мæ, фæлæ, цыма, хæстмæ хæстæгдæр бацы- дысты, адæмон-фольклорон поэмæты хъауджыдæр. Уыцы поэмæтæ, хæст æвди.сгæйæ, пайда кæнынц романтикон поэмæйы жанры амалтæй. Зын бафип- пайæн нæу, адæмон-фольклорон поэмæты цахæм аргъауон хабæрттæ ис, уыдон ам арæх сæ уæлæ кæй акæнынц романтикон поэмæйы дарæс. Гафезы хъайтар — ’ирон сылгоймаг, хæстон сга- рæг. Æхсæвы ацæуы знагмæ, базоны æппæт дæр, радзуры сæ йæ хæстон æмбæлттæн. Иу ахæмы æф- сæддонтæ «æмдæр куы хæцывд æмæ чызг та æхсæ- вæр :куы цæттæ кæны, уæд æм фæзындысты знæг- тæ. Тох кæнын’ц, чызджы æрцахстой, фæлæ сæ йæ- хи ратыдта, ныццагъта сæ, хæринаг сыл. акалдта, йæхæдæг йæхи амардта йæ хæдæхсы фæстаг нæмы- гæй. Æнакуыр диосæгтæ! Гъе æмæ сыл поэт скодта романтикон поэмæйы дарæс. Дзугаты Георпи фыста, зæгъгæ, «йæ аивадмæ гæсгæ, архайд кæм цæуы, уыцы бынатмæ гæсгæ зæрдыл æрлæууы поэт Нигеры диссаджы рæсугъд ■кадæг «Мулдар».1 Æмæ æцæгдæр: ’йе стих, йæ фæл- гондзтæ, йæ интонаци’ иууылдæр цæуынц Нигерæй. У сабыр æрдз. У ныр фынафон, У бæстæ тар æмæ æнкъард, Æрмæст ма дард, цырандæр, хъал дон Нывæнды сабыргай йæ зард.2 (Нигермæ: «æхсæв хъæды» «цырынæй судзы арт». Ныссабыр хъæд... Æрмæст ма комы Йæ зарымæй нæ банцад дон.3) 1 Газет «Коммуннст», 1946 азы Уа июнь. 2 Гафез. Ддджын у цард, 88 фарс. , 3 Нигер. Равзæрст уацмыстæ, Орджоникидзе, 1960, 195 фарс. 124
'Æ/бæрæг романгакон уавæр, дæ бон у фæрсай иугæндзон: цæмæн ис чызг хъæды астæу иунæгæй, чи сты йе ’мбæлттæ—партизантæ æви æндæр æф- сæдтæ, немыц æм кæцæй фæзындысты, куыд сæ ратыдта йæхи æмæ а. д.? Уымæ гæсгæ нæй баууæн- дæн, 1946 азы Дзугайы фырт цы дзырдта, ууыл, зæгъгæ, «кадæг «Хъæды» у тыхджььн, реалон».1 Фæстæдæр, æмткæй поэмæ хорз хонгæйæ, — «æл- вæст фыст, композицион æгъдауæй у раст равæрд, йæ нывтæ сты тыхджын, йе ’взаг рæсугъд», Дзуга- йы фырт фæгуырысхо поэмæйы «реалондзинадыл»: зын баууæндæн, дам, у, æнæхъæн з<нæггы бал иу- нæг чызг фæцæгъда, ууыл. «Ам чызджы хъару рав- дисынæн хъуыд æндæр, реалон фæрæзтæ ссарын», — зæгъы Дзугайы фырт.2 «Реалон», ома зæронд романтикон ихсыд быз- гъуыртæ яæ, фæлæ цардмæ гæсгæ кæй хъуам-æ рав- зæрстаид поэтæн йæхи сæрмагонд дæсныйад, ахæм фæрæзтæ. Ам дæр Гафез йæхæдæг нæ дзуры, йæ фæлтæрддзинадæй нæ райгуырд поэмæ, фæлæ дзу- ры айдагъ традици, номхуындæй Нигеры романти- кон традици. ! , Поэмæ фыццаг хатт мыхуыры куы рацыд, уæд йæ номы бын æвæрд уыд ныхты (къæлæтты): «Созетон Цæдисы хъайтар А. В. Петровæйæн».3 Æвæццæгæн, газеттæ цы цау радзырдтой уырыссаг хъайтар чызгæй, ууыл æй бафæндыд ныффыссын поэтиконæй, æмæ реалон адæймагæн чи фидауы, ахæм хуызы бæсты йын ратта романтикон сгуыхт удгойма- джы абстрактон-æнæлаз миниуджытæ. Фæстагмæ дзы поэт ирон чызг сарæзта. Хъайтар чызджы фæлгондз уырнинаг кæй нæу, уый фе- нæн ис Гафезæн йе ’ннæ поэмæ «Уый уыд æцæг», зæгъгæ, уырдыгæй иу нывæй. Фашистон салдат чызгæн тыхми кæ- нынмæ хъавы, фæлæ чызг нæ разы кæны, фашист æй куы нæ æмæ куы нæ уал уагъта, уæд ын чызг кард йæ риуы ныс- сагъта. 3 Газет «Коммунист», 1946 азы 12 июнь 2 Журнал «Фидиуæг», 1949, № 8, 42 фарс. 4 Газет «Коммунист», 1944 азы 8 январь. 125
Уæд йе ’мбал бирæгъты дзыгуыр Нытыдтой чызджы уæздан гуыр... Чызджы мад дæр сæм лæбуры, Фæлæ кæм у йæ бон хæдын? Цы лæууы ахæм сырдтæн, цы?1 Ныв реалон у æмæ йыл æууæндæм. Æм.ткæй поэмæйыл куы дзурæм, уæд дзы поэт бирæ дуд- гæбæттæ нымайы. Хъырымы немыцы сырдон митæ. Факттæ гыхджын сты, гом-æгæрццæй сæ куы сисай, афтæмæй дæр, фæлæ сæ поэтикон монц не схъандзал кодта. Романтикон æнахуыр хабар — фыд йæ фырты нал базоны, фырт фæлуре æмæ уæнгуагъдæй, хил- гæ-хилгæ дзуры йæ хъуыддæгтæ. Уæд та иу ран иу хъуыды, исты дзæбæх æнкъарæн, дзæбæх фæл- гондз! Ахæм у Цырыхаты Михалы поэмæ «Мает- исæг». Реалон кæй нæу, лæмæгъ ’кæй у, уый ра- зынд, æмткæй йæм цæстуарзонæй чи каст, уыцы критикæйы дæр. Дзадтиаты Тотырбегмæ гæсгæ у даргъ, архайды историон рæстæг дзы у зыгъуыммæ æвдыет (Ирыстоны хæст цыдис фæззæджы æмæ зымæджы январы мæймæ, поэмæйы та уалдзæджы æмæ фæззæджы цæуы архайд).2 Поэмæйæн биноныг æмæ фæуд характеристика? ратта критак Соловьев Барис: «Явной надуманно- стью, схематичностью, книжностью, сказьгвающейся в харажтере как сюжета, так и самого стиля по- вествования, отличается поэма Михаила Цирихо- ва «Мститель». В ней говорится о лодвитах вре- мен Великой Отечественной войны, но в таком ус- ловно-романтичеаком стиле, в духе и манере ста- рой баллады, что произведение лишается праздо- подобия и впечатляющей силы. Подобную услов- ность, риторчичность, отвлеченность, не выражаю- щую материала реальной действительности или дающую о ней слишком схематичеокое представ- 1 Гафез. Адджын у цард, 97 фарс. 2 Журнал «Мах дуг», 1951, №4, 41 фарс. 126
ленце, иным осетинеки.м поэтам надо решительно преодолевать».1 Æрмæг цыфæнды ног куы уа. уæддæр ын искæ- цы зындгонд уацмысы формæ цæттæйæ, адгурау, механиконæй райстай, — ницæй тыххæй дын рат- дзæн бар дæ уацмысæн, цæмæй уа хæдбындур, сæрмагонд. Ирон поэттæй иу къорд се ’ргом окодтой Къу- балты Альжсаадры романтикон поэмæмæ. Къуба- лы фырты стиль у уæлмонц-патетикон, ро.манти- кон-лирикон æмæ авторæн фадат лæвæрдта, иæ хъайтартæ æнахуыр тыхджын адæймæгтæ кæй сты, уый ра.вдисьшæн. Фыдыбæстæйы хæсты дæр стыр сгуыхт адæй- мæгтæ архайдта æмæ поэттæ фæлвæрдтой, цæмæй сын Къубалы фырты стилы фæрцы окад кæной. Плиты Ильяйы (поэ,мæ «Комгуывд», зæгъгæ, уым Ортъеугом рабадтысты дзаджджын фынгтыл (уа- вæр уал афыста, Къубалы фырты «Алгъуызы куывд»-ы куыд у, афтæ). «Бады уым Уасил бæгъа- тыр» (Къубалы фыртмæ: «Ам æрбадт Алгъуыз хъæбатыр»). Куывды афысты фæстæ (Къубалы фыр™æ куыд у, афтæ) зæронд урсзачъе лæг <нуа- зæн æмæ физонæг ратта Уасилмæ æмæ байдыдта моиолог-гаджидау: чи^ у Уасил, цы сарæзта, кæм расгуыхт. Куывд арфæ кæны хъайтарæн: Цæр, нæ уарзон, цæр дæ мадæн, Цæр хъæбатырæн, иыфсæн. Цæр фæрнæй цыт æмæ кадæн, Иры хæхты ныфс, æфсæн.2 (Къубалы фыртмæ куыд у, афтæ: «Цæр нæ’ ка- "дæн ныр, нæ фæтæг!.. Худы Иры ныфс—æфсæн»). Афтæ ма у Плиты Ильяйы «Тохты Берд» дæр— хæсты рæстæджы нæ ивгъуыд цардыл фыст чи ’рцыд, уыцы иунæг поэмæ. Дыууынæм азты цæуы архайд. Сæрæй бынмæ æбæлвырд-романтикон у 1 Газета «Правда», 31 августа 1960 г. Статья «Поэзия Осетии». 2 Журнал «Фидиуæг», 1948, №1, 22 фарс. 127
æмæ дзы конкретон-историон бæрæггæнæнтæ агу- рыныл куы схæциккам, уæд рæстæг æнæхъуаджы фесафиккам. Аслæнбеджы фыд æмæ æлдар бадзырдтой, хъуамæ хъæуæй скæной хъалондар. Берд сæ ных- мæ загъта, æлдар ыл ехсæй æрлæууыд, Берд сæ дыууæйы дæр амардта æмæ хъæдмæ афардæг пар- тизантæм (Нигеры «Мулдар»-ы куыд у, афтæ, æр- мæст Мулдар йе ^фсымæрьг амардта). Аслæнбег нымудзæг ныллæууыд меньшевиктæм, зилы Берды фæдыл, хъуамæ дзы йæ фыды туг райса. Берды къорды чи ис, уыдонæй алкæмæн—>чы- сайнаг Дзаххот, къуыдайраг Дзыбыртт, чызг Фа- ризæт æмæ йæ уарзон Иналæн—поэт фыесы сæ портреттæ, статикон, æттаг бакастон, зæрдаив. Дзаххот—«дардта хъугдзармæй æрчъитæ, пака худ—йæ сæрыл конд», Дзыбыртт—«сау фæтæн хъама йæ фарсыл, топп рæхсæнтæй баст ын уыд» æмæ а. д. Чи дзы Ерыстау-æлдары амардта (Дзах- хот), чи дзы хъæуыхицауы фæеадта, йæ бæх ын тыхæй кæй иста, уый тыххæй (Дзыбыртт), Фари- зæт та мæгуыр лæппу Иналы уарзта, фæлæ йын æй йæ фыд нæ уагъта æмæ партизантæм сфардæг. Берд иу хатт федта фын, цыма «æау сынт мын хæрз арф ныссагъта раст мæ зæрдæйы йæ ньих», æмæ Фаризæты фæрсы, цы зондзæн ахæм фын (Къубалы фырты Хоодзау куыд федта фын, йæ ус Косерханæн æй куьщ дзуры, афтæ). Фын у па- раллелизмы фыццаг æрдæгау: сау сынт—абырæг Аслæнбег, иумæ фем’бæлдзысты, Берд æй амар- дзæн, фæлæ йæхæдæг дæр фæцæф уыдзæн æмæ амæлдзæн (афтæ Хосдзауыл дæр йæ фын æрцæу- дзæн: йæ фыны цы дыууæ урс бæлоны федта, уы- дон уыдысты йæ хотæ, бæлæтты бумбули нæ кæл- дзæн, фæлæ йæ хотæ сæ дзыккутæ тондзысты, сау сынт быгъдулджытæ нæ кæндзæн къонайы фæны- чы, фæлæ йæ фыртыл йæ зæронд мад хъарæг кæн- дзæн). Поэмæйы стих у «Алгъуызы куывд»-ы стих: 128
Уыдон таубитау уыдысты, Алкæд хъæлдзæг æмæ хъал! (Къубалы фыртмæ: Нуазы хъæлдзæг æмæ хъал.2) Къубалты Алыксандры поэмæ «Хосдзау»-ы сти1х (4-1Стопæйон ам^фибрашй), йæ комлозицион арæзт (фыццат уал уавæр афысс, стæй—хъайтары монолог), йæ романтикон-адæмон фæлгондзон системæ, йæ деформацигонд синтаксис—адон сæ- рæвæрæн систы Цырыхаты Михалы балладæ «Фæ- дзæхст»-æн, Дарчиты Дауыты по^мæ «Тыфылы», зæгъгæ, уымæн. Цырыхайы фырты хæстон мæлгæйæ йæхиуыл нæ,—йæ фыдыл кæны мæт. Мæ цæссыг нæ калын... Мæ зæрдæ нæ риссы, Нæ бæсты сæраппонд у амæлын цыт... Æрмæстдæр нæхимæ, мæ уарзон Киргнзы (Хъыргъызы — Дз. X.) Æидæраз ныууагътон æз урсзачъе фыд.3 (Къубалы фырты Хосдзау йе ’мгæрттæн куыд дзуры, афтæ: Æз бузныг хуыцауæй—фæстаг бон æмбырдæй Кæй æстут, æмгæрттæ, мæ разы мæнæн... Зындæр мын уыдаид,—мæлгæйæ мæ уæлхъус Нæхимæ куы цæуа мæ мадæн йæ куыд. Зындæр мын уыдаид,—æнкъардæй мæ разы Куы ’рлæууа зæрондæй кæуинаг мæ фыд.4) Партизанты раздзог Гришанин Белорусы тар хъæды партизанты балæн дзуры йæ хабæрттæ, йе ’мбæлттимæ цæуыл у сæ то1х, уыдæттæ (раст цыма ирон лæг Хосдзауы дард фæдон-æндæрг у). Немы- цæгтимæ схæцынц, ныддæрæн сæ кæнынц, æмæ та Гришанины раза’мындæй ацæуынц æндæр бынат- 1 Плиты И. Райгуырæи бæстæ, 96 фарс. 2 Газет «Хурзæрин», 1924 азы 17 нюнь. 3 Цырыхаты М. Мах рæстæг, 36 фарс. 4 «Ирон газет», Дзæуджыхъæу, 1917 азы 1 июль. 9. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 129
)мæ, да<рддæ,р. Поэмаайы партизанты :комы тæф не сæмбæлы чиныгкæсæгыл, нæй дзы хæсты гуымир- тызмæг атмосферæ, фæлæ дзы хатæм формæ— «Хосдзау»-ы формæ. Не’мыцæй уацары кæй ракод- той, уыдонæй иу «æвзаджы» Дарчийы фырт сдзу- рын кодта: ныууадзут, дам, уæ тох, мæнæ, дам, тулдз бæлас уынут—йæ сыфтæртæ ризынц, дымгæ сыл куы ’рбаулæфа, уæд æрæзгъæлдзысты. Раст уыцы сыфтæртау—уæ хъысмæт сымахæн,— Уæ фæстæ æфтыд у гермайнаг æфсад. Джебогъы бырынкъæй уый сау хъæд æрфасдзæн, Сымахæн уæ къорды ныккæндзæн бындзагъд.1 Поэмæйы уы-цы бынаты хатæм фæлгондзмæ гæзæмæ тырнынад: рагæй фæстæмæ ирон адæмон æмæ профессион лоэзийы чи ис, уыцы рауæрæх- гонд абарст. Ууыл амад ма у Дарчийы фырты æм- дзæвгæ «Фæлæ йын зындзинæдты басæттæн нæй»: тулдзыл æмбæлынц фашистты нæмгуытæ, йæ къа- лиутæ згъæлынц, фæлæ йыл зæхх фидар хæцы æмæ йын нæи мæлæн. Йе стих, йæ интонаци дæр ахæм у: Лæудзæп ма дæ зæрдыл: мах бадтыстæм иумæ, Нæ сæртæн уæлæмæ ысдарæп нæ уыд. Мах кастыстæм акъоппæй ставд тулдзы риумæ,— Уый иу ран пæлæхсарæй фидар лæууыд.2 Канд романтикон схемæтыл арæзт поэмæтæ нæ, фæлæ ма æндæр формæйыл фыст поэмæтæ дæр адгурау райсынц «сæ дарæс» зындгонд уац- мыстæй. Хъайтыхъты Геор, Матросовы тыххæй поэмæ «Æнусон» фысгæйæ, айтæ-уйтæ нæ фæкод- та, фæлæ йæ аскъæрдта «Хъуыбады»-йы формæ- йыл: 1 Дарчиты Дауыт. Фæндаггоны зæрæг, Орджоникпдзе, 1963, 41 фарс. 2 Дарчиты Дауыт. Цæрыпæн. Орджоникидзе, 1961, 48 фарс. 130
0, цард тыхджын у, Мæлын куыд зын у Æдзардаей абон.1 Ахæм фыстытæй нæ зæгъдзы.нæ, искæмæй ком- коммæ ист сты, фæлæ сæ чи ныффыста, уыдоны дæр сæ не схондзынæ. Классикон традици куыд æмбарын æмæ дзы куыд пайда кæнын хъæуы, ууыл у ныхас. Лермонтовыл дзургæйæ (ирон ро- мантикон поэмæ бирæ хæсджын у Лер’монтовæй), Грибачев Никъала баньисан кодта, зæгъгæ, «более чем сом.нительными были бы попытки рядить сов- ременность в одежды, шитые даже и по лучшим образцам вчерашнего дня»...2 Стиль у адæймаг,—фæзæгъынц. Уымæ гæсгæ классикты стилыл куы фæахуыр кæнæм, уæд хъуа- мæ нæ зæрдыл , дарæм, иуран Березко Георгий • хорз кæй загъта, уыцы иумæйаг хъуыды: «Стиль— это не нечто нейтральное по отношению к, содер- жанию и.это не только излюбленные данным писа- телем речевые обороты, словарь, комтюзиционные формы, но и образ героя и угол зрения на иего, и принцип отбора, а в целом—это мировоззрение. Лишь условно мы можем отделить одни элементы стиля от других и от содержания, на котором оно возникло и которое входит в его, состав. Практи- чески это озмачает, что писатель, даже талантли- вый, когда он пытается воспроизвести на новом материале какие-то пленившие его особенности чужого стиля, лривносит в свой материал не одни чужие ритмы или чужую комтюзицию, но и чужой принцип отбора, и чужую эмоцию, а в конечном счете, чужое содержание. И то новое, что хотел он показать, начинает с неотвратимостью преоб- ражаться в нечто знашмое и стародавнее, точно морщины проступают вдруг на юном лиде, уродуя его...»3 1 Хъайтыхъты Геор. Уацмыстæ, Дзæуджыхъæу, 1951, 75 фарс. 2 Газета «Правда», 16 октября 1964 г. 3 «Литературная газета», 20 августа 1960 г. 131
Æваст æркæсгæйæ, гæнæн ис, æмæ дæм Пли- ты Грисы поэмæ «Иунæг» (1962) зонгæйау фæ- кæ’са: Гæби йæ ныййарæгмæ хæстæй Фæкæс-фæкæсгæнгæ лыгъди, Фыдызæхх пиллонæй йæ фæстæ Фыдгулы бандзæрстæй сыгъди.1 Лермонтовы «Беглец»-ы райдайæн: Гарун бежал быстрее лани. Быстрей, чем заяц от орла: Бежал он в страхе с поля брапи, Где кровь черкесская текла.2 Æнгæс у се стихы интонаци. Фæлæ дарддæр кæсыс æмæ Лермонтов æрбайрох вæййы: Грисы поэмæ йæ мвдисæй, йæ формæйæ у йæхм хуызæн, стиль хицæнæй нæ хатæм, поэмæ у иууон-аивадон ’организм. Райдайæны реминисцен-ци æрмæст рехминис- ценци нæу—æнæрхъуыдыйæ йæ нæ ныффыста поэт (поэмæйы ма ис Хетæгкаты Къостайы «Хъуы- бады»-йæ дæр фендæргонд фразæ: «Лæгдза{)'м— тæнæг, мæлын кæй фæнды»). Лермонтовæй реми- нисценци, иуæй, ууыл дзуры (иумæйагæй), æмæ Грис хæстæг кæй у классикон традицимæ, ног цар- ды уавæрты йæ дарддæр кæй рæзын кæны сфæл- дыстадонæй, иннæмæй та (конкретонæй), Грис цы адæймагыл фыссы йæ поэмæ, уый у Гаруны бай- зæттæгтæй иу—дыууæ дæр сæ удтаан фæта-рстысты фесæфынæй æмæ ралыгъдысты тохы быдырæй. Гарун кæд тæппуд у, уæддæр романтикон хъайтар у æмæ худинаг нæ бабыхста— йæхи амардта. Гæ- бимæ романтиконæй ницы ис—уый æндæргъуызон тип у. Лермонтовы «Беглец»-имæ абаргæйæ «Иунæг»- æн йæ арæзт, йæ мидструктурæ ’бынтон æндæр у. 1 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 47 фарс. 2 М. Ю. Лермонтов. Избранные произведения в двух то- мах, стр. 241.
Гарун ралыгъд, бадыд йæ хæлар Селиммæ, бавæр мæ, зæгъгæ, фæлæ йæ ратардта. Уырдыгæй бацыд йæ уарзон чызгмæ, йæ зарæгæй йын базыдта, кæй йæ нæ бауадздзæн йæхимæ: лидзæгмæ нæ,—æхсар- джын уæлахизхæссæгмæ æнхъæлмæ кæсы йæ уар- зон чызг. Æплынфæ-стаг ма бахоста йæ мады дуар, фæлæ йæ уый дæр рар<выста, мæн, дам, тæппуд æмæ джауыр фырт нæ хъæуы. Каедæм ма фæцыдаид, цы ма бакодталд,—систа хъама æмæ дзы йæ зæрдæ барæхуыста. Плиты Грисы поэмæйы архайдон сюжет хæрз уæлæнгай у. Гæби хæсты быдырæй комкоммæ сæ хæдзармæ æрбахъуызыд æмæ уым хъоргъы ныб- бырыд. Хæст раджы фæци, фæлæ ма уæддæр Гæ- би хъоргъæй не обырыд, мæлгæ дæр хъоргъы акодта (16 азы фæстæ). Архайдон сюжетыл куы баззадаид, Лермонтовы «Беглец»-ау, уæд дзы ца- вæр зæрдæрухс федта>иккам! Поэмæ ног у, ыæхи ирон дзургæ сфæлдыстад æмæ клас- сикон поэзийы цы иунæджытæ ис, уыдонимæ абаргæйæ дæр. Иунæг у адæмон зарджыты, кадджыты, таурæгъты по- пулярон хъайтар. Номдзыддæр иунæг—Æфхæрдты Хæсанæ. Социалон-æнæраст чп у, тыхджынтæ æмæ æдыхтæ, уæз- дæттæ æмæ сау адæм, хъæзиыджытæ æмæ мæгуыртæ кæм ис, уыцы æхсæнад кæны адæмæй иунæджытæ. Æхсæнад нæу иу хиуылхæцгæ, хиæмбаргæ организм æмæ дын хицон, æр- вад, фарсхæцæг куы нæ уа, уæд мæгуыр дæ. Иунæджы тра- гедийæ ирон дзургæ сфæлдыстад протест кодта аитигуманон уавæрты иыхмæ, æвзæрын сæм кодта карз фыдæхдзинад. Иунæджы проблемæ адæмы сфæлдыстадæй æрбацыд фысгæ литературæмæ. Хетæгкаты Къостайы хъайтартæ иу- уылдæр иунæджытæ сты («Чи дæ?»—«Цæй мæгуыр дæ, иу- нæг, дæ мад амæла!», «Хъуыбады», «Уæлмæрдты»), поэт йæхи дæр иунæг хуыдта. Кæнæ Гæдиаты Секъайы поэмæ «Иунæг»—уым дæр афтæ у уавæр. Адæмон иунæджы мотивтæм гæсгæ Плиты Грис 1941 азы ныффыста «Иунæджы кадæг». Иунæг, ирон æгъдаумæ гæс- гæ, хъуамæ скæна хист йæ фыдæп, кæннод мæрдты бæсты дæлæнцой нæ уыдзæн æмæ йæ фыртæн дæр æнцой нæ дæт- 133
дзæн. Хистваг æм нæ уыд, ацыд цуаны, сырдвыдæй схист кæнон, зæгъгæ, саг амардта, фæлæ йын æй лæгмартæ байс- той. Бæргæ сын лæгъстæ кодта, ауадзут мæ, зæгъгæ, мæ уавæр мын бамбарут, Фæлæ кæм байхъуыстой... Æваст Сæ сæрмæ ферттывтой цыргъ кæрдтæ. Æмцæф нылластой йы.н йæ риу... Фæци! Лæгфылдæр фесты мæрдтæ, Уæлæуыл та фæкъаддæр иу.1 Иупæджы маст райстой хуры тыптæ æмæ тæгæры сыф- тæ. Æрдз йæхæдæг растад фыдгæнды ныхмæ. Иунæджы фарс хæцы поэт, кад ым кæны йæ лæджыхъæдæн æмæ йын хæрам тауы йæ марджытæм. «Иунæджы кадæг»-æй ссæдз азы фæстæ кæй фæлгоидз ныффыста, уыцы иунæгæн йæ ныхмæ у поэт. Фыццаг поэ- мæйы—хъайтарон-ромаитикон пунæг, зарæггаг, дыккаг поэ- мæпы—тæппуд-прозанкон иунæг, худæггаг. Поэмæйы цæуынц дыууæ улæны — уæлмонц патетикæ æмæ æгъатыр сатирæ. Рамсут Гастелло Никъала, Матросов Альгксандр, Космодемьян- •окая Зойæ æмæ Æхсараты Енвермæ фæсидтытæ— цас хъару, цас лæджыхъæд сæ ис! Гæби, цьша; Енверы йæ туджы мæцгæ ныууагъта æмæ йæхæ- ’дæг йæ сæр æфснайынмæ фаеци. Уый аецæг афтæ нæ уыд миййаг. Фæлæ Грис спайда кодта, царды гæнæн цæмæн уыдис æмæ Гæби^йæн чи бантыс- ; тайд, ахæм хабарæй, аивадонæй йæ бауырнын кодта чиныгкæсæгæн. Гæби хъоргъы куыд бады, цас рæстæг дзы бады æмæ дзы цавæр хуызæнæй амард, уый дæр æххæст типикон нæу, кæд царды Гæбийы хуызæттæ уыдис, уæддæр. Ам дæр Грис спайда кодта фæтыхджындæр, фæтынгдæр кæны- ны амалæй æмæ йæ рæстдзинад гуырысхойаг нæу. Гъе, уымæн ныккодта фысгæ дæр поэмæйы дæл- ном—«Æцæг хабар». Поэмæйы стихбæрцбарст иу у—цыппарстопæ- 1 Плпты Г. Салдат, 41 фарс. 134
йон ямб, фæлæ уьщы иугъæдон уæнгуагъд нæу, дзæвгар æндæр лоэмæйы куыд у, афтæ. Дзаг у интонацион хъæзныгдзинадæй, ивы эмоцимæ гæс- гæ, уавæрмæ гæсгæ, афыстмæ гæсгæ. Гэеб’и йæхиимæ куы дзуры—стих цæуы сын- дæггай, зивæггæнгæ, фæлгъаугæ: Мæлæт—хъæбатырæй? Цæмæи? Хъæбатыр а-зæххыл нæ цæры!— Нæ фæнды мард саг уæвын мæн, Æгас тæрхъус уæвын хуыздæр у.1 Цахæм дина’микон, зæлланггæнæг, нуарджын свæййы, Гастеллойы сгуыхтдзинадмæ куы рахизы, уæд: Уый арв æхсидавтæ нæ калы Æмæ нæ ныккæиы гуыр-гуыр, Фыдгулы сау сынтыты ныр Гастелло зæхмæ, судзгæ, згъалы... Фæлæ уый циу? Иæхиуыл зыпг Цыма фæхæцыд... Раздæх! Ма кæ!— Ныртæккæ тасы рап дæ тыпг!— Нæ раздæхт!—не знæгтæ атакæ Гуылфæн цы ран кодтой—йæ ных Раст уырдæм сарæзта... Фæтæхы!— Æваст йæ цæф фæцыдис зæххыл Æмæ фыдгултимæ ныппырх...2 Æз дзурын «сатирæ», фæлæ ам сатирæ гом- æгæрцц нæу. Грис фауы, æфхæры, фæлæ уыцы æфхæрд худынмæ нæ ардауы, дзыхы дзаг кæл- кæл’мæ. Бирæ ьхатт, ’цьша, Гæбийæн тæригъæд дæр фæкæны (поэты æнкъарæнтæ нмкуы вæййынц уы- цы иугъæдон, лæдзæгау раст, æнæфæтасгæ, педан- тон). Æрдæтты йын йæ мад кæрдзын, Фæлæ йын йе ’рисын дæр—зын... Кæдæй нырмæ нæй рухс йæ уæрмы!.. Фæстаг хатт ма кæд уыдис даст?.. 1 Плпты Г. Цард æмæ мæлæт, 47—48 фæрстæ. 2 Уый дæр уым, 48—49 фæрстæ. 135
Дзыккутау, сæрыхъуынтæ раст / Йæ ронбастмæ, уæддæр сæ ’фсæрмы Нæ кæны... Нал зыдта бæстон,— Кæд уыд æхсæв, кæд уыди бон... Æрмæст ма рахаты: фæбыры Йæ цурты хæринагмæ уыры Æмæ йыи уый хæры йæ хай... Æгас дæр нал, нæма дæр мард у, — Æхсæрдæс азы ам фæцарди! — Æмæ йын иал у иыр уæлдай...1 Нуарджын патетикæ, сатирикон улæн, цардуа- гон комментари, раив-баивтæ иу уагæй иннæ уаг- мæ, иу ритм-и’кои интонацийæ иннæ интонацэдмæ (цæуынц, цыма, æнæзынгæйæ, æнæцæстхаотæйæ)— кæд дзы уыдон æмæ æндæр миниуджытæ сты, уæд- дæр поэмæйы алытъуызон æмæ иууон конды лейт- мотив у уæлмонд патетикæ, хъайтарон-æм’бæста- гон пафос. Критикæ æхсызгонæй айста Грисы поэмæ. «Нывæфтыд—йæ.обрæзтæ, рæсугъд—йе ’взаг, зæр- дæмæдзæугæ—йæ формæ, хъæзныг—йæ рифмæтæ, зæлланггæнаг—йæ музыкалон фæлгондз»,—афтæ дзы загътой Цæгат Иры (фысджыты æм*бырды уæвджытæ. Иу фау æм æрхастой: никæйы зæрдæ- мæ, да’м, дæуы, «автор йæ уадмысы æппæрццаг геройы поэты обрæзы кæй æвдисы»...2 Нæ зæгъынц, Тæби поэт кæй у, уый цæуылнæ фæцыд сæ зæрдæмæ, фæлæ афтæ куы нæ уыда-ид, уæд ’поэмæйы идейон-æмбæстагон хъаруйæн къуындæгдæр уыдаиккой йæ авналæнтæ. Гæби поэт кæй у, ууыл баст у, Грис цæхгæр кæй æвæры йæ поэмæйы аивады шартиондзинады фарста. Гъе, стæй поэмæйы хъайтар нæу æппæрццаг Гæби, фæ- лæ Грис йæхæдæг—яе ’мрæстæгон, не ’мирон, поэт æмæ æмбæстаг. Хæстæй сæхи-мæ лидзгæйæ, Гæби-поэт уайдзæф кæны йæхйцæн: «Æрра, цæмæн мæ хъуыди зарын Нæ бæсты цардарæзтыл иыр? 1 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 54—55 фæрстæ. 2 Газет «Рæстдзинад», 1962 азы 28 сентябрь. 3 36
Тызмæг; фыдгул нæ зоны барын, -— Куыд ма дзы курдзынæн хатыр? Фæлтау цæуылнæ уыд мæ зарæг Æдзард рæсугъд æрдзыл æрмæст! — Нæ мæм æрбаххæстаид хæст Æмæ нæ уаид мæн хъыгдарæг»...1 Хæсты тас æмæ зынæй чи лидзы, уый лидзьг аивады тас æмæ зынæй—царды проблемоп рæст- дзинадæй, реалистон-æмбæстагон уынынадæй. Гæ- би-поэт æмæ Гр’ис-поэт—сæ кæрæдзийы антипод- тæ. Иуы дзы ис йæхи чысыл уды сагъæс, йæ ин- дивидуалон-биологон ’цард бахизыны мæт. Иниæ та у рæстæджы æмавтор, рæстæджы хъæбул æмæ йын йемæ æвзары йæ цин дæр æмæ йæ хъыг дæр.. Нæ, нæ! Нæ рæстæг иæу æнцон Æмæ сын дурзæрдæ ис бонтæн: Куы скæны дзыллæныл фыдбон, Дæтгæ у хи уд уæд нывондæн... Нывонд! Цы кадджын дзырд дæ ды Æмæ кæуылты у дæ хъомыс! Лæг дын йæ царды хай дæтты, Ды та дзы не ’ппæт цард фæдомыс. Æмæ йæм кæд миййаг зын каст, — Лæгæн фыдымур у йæ зæрдæ, — Кæд дзы æгæр фæкодтон хъаст Æмæ йæ фауын кæд æгæртæ? Фæлæ тæрхопгæнæг дæп æз Æмæ фыдгæндæн иæй ныббарæи! — Фыссæгæн йе ’хсæнады уæз Нæ комы йе рагъæй æппарын. Поэт йæ цин æмæ йæ хъыг Гуылфгæнаг дзыллæйы ’хсæп ары Æмæ пылыстæгæй мæсыг Цæрынæн никæдбон æвзары.2 Поэмæйы кæрон — цыма чысыл, ницыахадæг деталь. Иу строфæ. Бынтон æй куы аппарай, уæддæр дзы ницы базнан кæндзæн поэмæ, зæгъгæ, афтæ ахъуыдыгæнæн нс (журнал «Мах дуг» афтæ дæр бакодта— аппæрста йæ. 1962, №7). 1 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 47 фарс. 2 Уый дæр уым, 51—52 фæрстæ. 137
Фæлæ йæм дзæбæх куы ’ркæсай, уæд поэмæйæн ахъазгæнæг у. Фæсивæд сæ. хъæуы ног уынг куы арæзтой, бульдозер лъоргъы сæр йæ цыргь бырынкъæй куы фегом кодта, Гæби- йы мард дзы куы раластой, уæд ыл цæссыг иу дæр не ’ркалд- та, — зæгъгæ, ууыл куы фæуыдаид поэмæ, уæд фидыцджын мæ рауадаид йæ композицон-интонацион кæрон. Цыма дзы автор ноджы цыдæр хъуамæ загътаид, уый æнхъæл дзы у чиныгкæсæг. Æмæ фæлмæн интонацимæ, йæхиимæ дзурæгау хъæлæсы уагмæ рахизы Грис: «Кæмæй уыд? — адæммæ дзырдтон, — Кæй ном у фæстагæттæн худæн?» Нæ мын æй рахуыдтой ирон Æмæ уæд фенцондæр мæ удæн.1 Грмс ацы строфæйæ фæхъæзныгдæр, фæуæрæхдæр кодта нæ гюэмæйы мидис. Гæбн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ афыстæй ироиы хуызæн у, нрон уыдзæн нацийæ, фæлæ йæ уæддæр Грис ирон нæ хоны. Уымæн æмæ нацийы кад, нацпйы ном чи худинаг кæны, уымæн н^цахæм моралон æмæ поэтнкон бар пс, цæмæй йæ нацийыл фысса йæхи. Национ сæрыстырдзинад- мæ ахæм ахаст у нæ рæстæджы характерон миниуæг. Соеетон адæмы дзылл.он хъæбатырдзинад æв- дисыны æмрæстæг нæ лоэзи æргомæй дзуры тæр- саг тæппудтыл дæр. Хæсты рæстдзинад кæны уæ- рæхдæр æмæ арфдæр. Иу адæймаджы культы ,ныхмæ тох кæнын куы байдыдтам, уæд нæ поэзимæ æрбацыд ног, вазыг- джын темæ—уацары темæ. Гафезы поэмæ «Хъæды», зæгъгæ, уым чызг цæй- нæфæлтау немыцмæ уацары бахауа, фæлтау йæхи- уыл фæстаг нæмыг суагъта. Фæстаг нæмыг . ныу- уагъта йæхицæн Гафезы и«нæ поэмæ «Цæрæнбоны зарæг», зæгъгæ, уый хъайтар дæр. Хъайтар фæцæф, «нæмыг «ъæхтæ скарста», йæ бои змæлыи нал у. Немьщ æм æрба-цæуынд. 1_1а- лынмæ йæм нæмгуытæ уыд; уæдмæ сæ æхсы, иу ^нæ- мыг ма йæм баззад. Хъайтары уырны, йæ къухтыл куы схæца, знагмæ йæхи ’куы радта, уæд уыдзæи «сæфт, мæлæтæй ирвæзт». Фæлæ уацары уын худи- иаг у: «Хъæуæн, æмгæрттæн æз уыдзынæн æгад æмæ мард, æмæ дунеты ’взæрдæр». Дзырд цардыл 1 Плпты Г. Цард æмæ мæлæт, 56 фарс. 138
нæу, дзырд у (кадыл: кæнæ кад, кæнæ æгад. Афыс- гæ конкретон уавæры ,кад у .мæлæт, æгад та—уацар æмæ хъайтар равзæрста мæлæт: «Кад мæлæтæн! Куыд æ.хцон дæ, куы! Æз дæ койæ дæр тарстæн. Сонты бонты æдзухдæр дæумæ, Тар, фыд-зæрдæйæ кастæн. Фæлæ гъеныр мæ цардамонд дæ, Кæс, дæ кады ном зарын...»1 Немыц æм куы ’рбацæуынц æмæ ма йæ фæстаг фехстмæ 5 минуты бæрц ,куы ис, уæд салдаты зæр- дæйы тох кæиынц цардбæллон æмæ хæс, кад. Сал- дат уыны æрдзы рæсугъддзинад: цы фæлмæн у кæрдæг, дзæгъдзæгъджытæ тилынц сæ сæртæ! Æр- дзы цард—хæстæй гуылмызтæ: мæлдзгуыты гу- бамкыл уæззау цалх атылд, цъыс-цъысаг дурыл ’нындæгъд. Æрдзы рæсугъд уындæй лæджы дæрын фæнды, уацары куы радтай дæхи, уæд цæрдзынæ, фæлæ уайтагъд стæлфы хæс^ кады азар: «Уыдон ницы сты!» Салдаты йæ хъуыды ахаста йæ рай- гуырæн Ирмæ. Эх, тæхуды, уым фест, фен дæхион- ты, дæ мады фарсмæ абад, фехъус ирон фæндыры цагъд. Фæлæ та ногæй: «Уыдон ницы сты мурдæр!» Стыр у йæ «тæхуды», йæ царды бæллиц, фæлæ æн- дæр гæнæн нæй—худинаджы бæстьт мæлæт равзæр- ста йæхи’ къухæй намысджын/ рæсугъд, лирикон- цардбæллон адæймаг. Æхст фæцыд. Аскъуыд цард. Хур æрбакаст иыгуылæны тарæй. Сыхъуыст дардæй, Ирыстонæй, зард, Кад, цæрæнбоны зарæг.2 Салдат афтæ кæй зæгъы, зæгъгæ, мæ иунæг гилдз куы алпаро’Н, уæд мæлæтæй ирвæзт уыдзы- нæн, уый æххæст уырнинаг нæу. Чи зоны, схос ын кæной .йæ къæхтæн, чи зоны, ма.ргæ йæ акæной. Уа- 1 Гафез. Поэмæтæ, 33 фарс. 2 Уый дæр уым, 34 фарс. 139
цары лæгмæ цы’ ’нхъæлмæ ,каст, уый бæлвырд еи- :чи зыдта. Уырнинаг дæр у йе ’ннæ ныхас: «Æви фестО’Н тæппуд, цъыфы чи лæсы, уыцы сæт уаллон? Æви хилон, бырон, ,æз мæ марæгæй царды бон ку- рон?..» Салдат сбарста йæ гæнæнтæ, уæззау цæф у, уацары «хилгæ» цардæй уыны йæ удхæссæг, знагма-', бахауы-нæй хуыздæр у амæлын. Бамбарæн ын й’с йæ уавæрм-æ гæсгæ дæр æмæ йæ психологимæ гæс- гæ дæр. Фæлæ иууыл сæхи нæ мардтой. Гæнæн-иу куы- нæ уал уыд, уæд уацарьг цыдысты. Плиты Грисы хъайтар Дыгуры Мырза йæ фæстаг нæмыгæй йæхи нæ амардта, фæлæ йæ «ыццавта немыцаджы ри- уыл. Цæмæн афтæ ба’кодта? Иуæй, йе знæгтæй ма иу амард йæ бæсты, иннæмæй та, нырма хæцын хъæуы знæгтимæ, æмæ, зæгъы, нæхи цæуыл цæгъ- дæ?л. Ахæм мотиворовкæйæ зæгъæн ис, зæгъгæ, у уыр- ни’наг æмæ æнæуырнинаг. Уырнинаг уымæн нæу æмæ, загътон ма йæ, цæмæй зоныс. цы дæм æн- хъæлмæ кæсы уащары, куыд уыдзынæ, цы уыдзынæ. Уацары’ цæрдзынæ æмæ тох кæндзынæ, ууыл бино- «ыгæй зæрдæдарæн нæй. Уырнинаг та уымæй у; æмæ сыгъдæг советон лæг ,куы у.а’й, гадзра^хатæй- иæуæг куы нæ уай (мæнæн ам мæхъуыдыйы æрмæст патриоттæ сты), уæд зындонмæ куы бахауай, уæд* дæр дæ тохы хай кæндзынæ дæ райгуырæн бæстæ- йы сæраппонд. Цы у уацар? Уырдæм дæ цы фронæй æркодтой, уый логикон дарддæргæнæн бынат. Æнæ- низ, сæрæгас, саг хæстон куы уай, уæд хи амары- ны бæсты .хуыздæр у æбæрæг уавæрты дæр тохы- фадæттæм æнхъæлмæ кæсай, зæрдæйæ сæм дæхи цæттæ дарай—мæльшæн та рæстæг кæддæриддæр уыдзæн. Амæльш кæм у хъайтардзинад — хæсты æви уацары, уый дæр ахъуыдыйаг у. Дæ моралон удыхъæд бæрзонд куы дарай, дæ адæмы раз дæ н-а- мысмæ иу стъæлф дæр азым куы нæ ’руадзай, дæ лæджыхъæдæй знæгтыл дис æмæ тас куы ’фтауай, уæд, цымæ, уаца-ры афтæмæй амæлын къаддæр 140
л’ъæбатырдзинад æмæ кад у фронты знаджы кæнæ дæхи наамыгæй амæлынæй! Уавæртæ æмæ адæймаг. Иугæндзон сты кæрæ- дзийыл æм^баст, æмхæст. Трашзм цæуы уавæртæй дæр æмæ адæймагæн йæхицæй дæр. Фæлæ адæймаг тыхджындæр æмæ уæлдæр у уавæртæй. Иннæрдæм куы уа, уæд адæймаг ницы у, тæригъæдтаг у. Мах арæх уавæртæ æмæ рæстæджы æфсон фæжæнæм иу кæкæ И№нæ адæймаджы цъаммардзинад, йæ фыд- ракæндтæ, йæ чъизи хъуыддæгтæ, — уыцы адæй- мат, дам, йæхæдæг хорз у, афтæ зæгъгæйæ. Дыгуры Мырза цы уавæры ис, уый æвзæр у, зын,у. Фæлæ Мырза — хъæбатыр, сыгъдæг, намыс- джын салдат, уыцы уавæрты цагъар суа, уый гæ- нæн нæй (уацары чи бахауд, уыдонæй бирæтæ «уа- вæртаам гæагæ» иæхи адæмы дæр æхстой, <мардтой сæ, фашисттæй фыддæр уыдысты), уыцы уавæртæ хъуамæ абырса Мырза. Уацайрæгты вагоны марды дзаумæттæ скодта, марды йæхи бынаты схъил кодта æмæ йæ уыцы марды бæсты æхсæвы митмæ раппæрстой. Уавæртæ—цахæм уа.вæртæ: бæгъæм^а- дæй, æххормагæй, буаргæмттæй, уазал митмæ йæ- хи рахсьж кодта—вагоны хъармдæр нæуыд,вагоны знагæн ницæмæй уыд балæггадгæнæн? Уыдис, фæ- лæ адæймаг хъуамæ адæймаг уа, салдат хъуамæ салдат уа фронты дæр æмæ уацары дæр, хорз уа- вæрты æмæ æвзæр уавæрты дæр. Ирон хæстон Мырза сси Фран-цы номдзыд партизан. Мырзайы хъьисмæтыл дзургæйæ, Грисæй (йе ’мдзæетæтау, ам дæр) салдаты зындзинад рох нæу- Ныр лæсæн цы тугæй уайы, Бархийыл цы тох у карз, Уый уæз де рагъыл æнцайы, Æмæ быхс! æмæ фæраз!1 Уацары темæ йын салдаты темæйы хай у. Поэмæ у контрастон арæзт. Нæхи зæххыл дæр æмæ Фраицы дæр Мырза йæ бæстæйы. йæ адæмы 1 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 70 фарс. 141
символау хæссы фæтæджы <ном, æрмхæсты куы ба- цæуы, уæд дзырд «размæ» æнæ уыцы ном никуы зæгъы. Гъе æмæ фæстæмæ куы æрыздæхт сæхимæ, уæд ыл уьщы фæтæджы «цъæххудджынтæ» пух папкæты дзаг гæххæттытæ фæфыстой, хъуамæ йæ æрцахстаиккой. Ахæм эмоцион-композицион конт- раст ахъаз кæны, ца-с æлгъаг уыд иу адæймаджы культ, уый зæрдæмæхъаргæ равдисынæн. Мырза йа^ уд дæр рауæлдай кæадзæн фæтæджы тыххæй. йе ’ппæт æууэанк ф!æтæгыл æфтыд у, фæтæг та Мырза- йы ныхмæ у, йе сафæг у. Æцæг, кæранæй татъд-тагъд радзурæ»гау кодта поэт йæ хъайтары хабæрттæ, цыма йын йæ уавæр цы уыд, уымæй йæ фæрогдæр, фæлæгъздæр кодта. Уый дзæзгар ;кайы позмæйы æргом рæстдзинадæй. Поэмæйы тыххæй фыстой: «...поэтикон арф æмæ тыхджын обрæзтæй зæгъы, рæстæй æфхæрд чи бай- йæфта æмæ Сыбыры бинаг къæймæ кæй фæласынц, уыцы ооветон хуымæтæг адæймаджы тыххæй».1 Бæ- рæг нæу, .критик «Сыбыры бинаг ’къæймæ» ласгæ кæм федта Мырзайы, фæлæ мыхуыр цы текст аер- цыд, уым дзы ахæмæй ницы ис. Хъæугæ та уæвгæ кодта. Хастытæ «нæ фæтæджы дачæ» кæй хуыдтой, уый ^немыцаг уацарæй бæллицагдæр нæ уыд. Æз поэм’æйæн <йæ кæронæй затътон, ^фæлæ поэ- мæ æмткæй райсгæйæ дæр тагъд-тагъд радзурæгау у, æвæццæгæн, поэты фæнд ахæм у. «Гаджидау» хуыйны. Мæнæ, цыма, поэт ирон фынджы уæлхъус гаджидау сиды хъæбатыр ирон лæппуйы тыххæй. Уæззау, дардыл ныхас уа, уый йыл не сфидыдтаид. Уацары темæ æмæ культы темæ иумæ сты, дыууæ иумæ сыстын кодтой поэты, цæмæй дыууæйы тых- хæй дæр зæгъа ньихас. Контраст цæуы гаджидауы тон (стих, интонаци) æмæ гаджидау цæй тыххæй у (уацары æмæ культы æрмæг), уыдон æхсæн. Цыппарстопæйон хорей —■■■- тасгæ-уаогæ, хъазгæ-заргæ стих хъуамæ темæ æмæ æрмæгыл ма сфидыдтаид, хъуамæ йæ ’ныхмæ æр- 1 Газет «Рæстдзинад», 1962 азы 27 декабрь.
лæууыдаид. Фæлæ иннæрдæм рауад—поэзийы дæс- ныйады гæнæнтæ æнæкæрон сты, æрмæст сын сæ «сусæгдзинæдтæ» æмбар æмæ с& пайда кæнынмæ арæхс! Уый нæ, фæлæ ма афтæ рог, хъæлдзæг сти- хæй «æй дзуры, уый, иуæй, фидауы фарны фын- гыл—Уæлахизы бон æрвитынц хæсты хъайтартæ- салдæттæ, иннæмæй та, нæ царды чъизи, сау фæ- зындыл — культыл хъазгæйау дзуры, цахæмдæр, дæлгоммæ, сусæг-æргом юморимæ. Уыцы хабарæй, цыма, Грис амоны: иу адæймаджы культ нæу адæ- 'Мы жкаг æмæ худæг у, фæхудæм ыл æмæ йæ худ- гæйæ арвитæм нæ цардæй. Адæмон, æнæниз, зоид- джын, дæлгоммæ, хинæйдзаг, мидбылхудгæ юмо- рæй культæн йе «’рдаг цырт» халы: Мах, фæлтæрд æфсæддон адæм, Ныр фæрныг хæдзары бадæм, Фæлæ тар куы кодта бон Хæсты сау фæздæгæй знон, Удуæлдайæ мах нæ бæстæ Уым куы хъахъхъæдтам æд гæрзтæ, Уæд æнхъæлдтам, цыма сырх Мах тугæй сты хæхтæ, кæмттæ, Цыма махыл ис хъæдгæмттæ Æмæ не знаджы дæр пырх Хæсты мах кæнæм нæхæдæг. Фæлæ уый уыди рæдыд, — Рухс Уæлахиз нæм æрцыд Иунæг де ’хсарæй, нæ фæтæг! Мах та? Махæн та цы уыд! Махæй чи цæмæй уыд номджын? Уый нæ фæтæг уыд хъæдгомджын, Уый нæ фæтæджы туг цыд! Махæй чи кæд федта царды Утхар, маст æмæ фыдбон? Уый" нæ фæтæг сыгъдис арты Æмæ уый кодта дæлдон!1 Г.рис йæ зæрдæ йæхиуыл нæ ивы: йæ сагъæс иу- гæндзон хуымæтæг, рæнхъон, фæлæ хъæбатыр сал- дат у æмæ ам дæр, .сæ цуры цы хуымæтæджы зæх- хон бады, уый «омыл загъта гаджидау. Чи зоны, 1 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 58—59 фæрстæ. 143
Мырза Францы зæххыл æгæр фольклорон-аргьау- уон сси: Уыд Мырза цыма дæлимон, Нал зынди, цыдæр фæци: Скодта зачъеджын йæхи, Зæхх æй аныхъуырдта иу бон, — Нал йæ кой уыд, нал йæ хъæр, Фæлæ уыд йæ фæд угæрдтæ: Знæгтæн фæндæгтыл сæ мæрдтæ Кодтой бонæй-бон фылдæр.1 «ДæЛ’Имом», «зин» æй ’кæй хоны, аргъауау кæй ’сты йæ архайдтытæ, уыдон фауинаг уаиккой (инна* поэмæты куыд сты, афтæ), Францы зæххыл парти- занты змæлды коекретон фæзындтытамæ баст куы не ’рцыдаиккой. уæд: сусæгæй архайдтой, конспи- ративонæй, æмæ-иу цы зиантæ хастой знагæн, уы- дон-иу цыма æнæуынгæйæ æрцыдысты, æцæгдæр «дæлихмонтæ» æмæ «зинты» къухты куыст уыдысты. Афтæ касти, кæуыл цыдысты уыцы зиæнттæ æмæ-иу сæ æмæнхъæлцау чи федта, уыдонмæ. Поэмæйы сюжеты цаутæ -сты тагъд-тагъд ивгæ кинокадртау: Мырза вагоны дзуры йæ хъуьгдытæ, марды дарæс йæ уæлæ кæны, ралпарынц æй марды ’фсон митмæ; стæй — куы знæгтæй иокæй амары, куы поезд афæлдахы; немыцаг мард салдаты дарæс скодта, йæ документтæ йын систа æмæ йæ фæдыл чи зылд,.уыдон фæцин кодтой, Мырзайы ма.рд, дам, ссардтам; хъæууон кабарейы ирæттæ «рухс» зæ- гъынц Мырзайæн, Мырза сын хуьш барвыста—сæ- ;ны а^вг æд ныфсы гæххæтт; Францы Комеартийы хистæр Морис Торезимæ фембæлд; сæхимæ æрæз- дæхт, хоскарсты рæстæг бинонты цинтæ; цъæххуд- джын «изæрон уазæг», — адон иууылдæр æрбам- бырд кодта æмæ сæ рухс мажорон-лирикон улæны рауагъта поэты гуманистон-рæстаг «æз». Культимæ баст чи у, уыцы темæтæй м’а иуы тых- хæ.й ныхас æрыфтыдта Джусойты Нафийы поэмæ «Нырьгккон сагъæс»—мæстджынæй, æлхынцъæрфы- 1 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 71 фарс. 144
гæй. Берлины цур ныгæд салдат мæрдты бæстæй дзуры йæ фыдмæ, 1937 азы культы амæттаг та фæ- ци æмæ тайгæйы лагерты йæ бонтæ-кæмæн батонын кодтой, уьшæ. Лæппуйы цард схъæстæ ис æлгъаг хахуырæй. Мæхион дæр мæм касти зулмæ: Йæ лæппын калмæй нæу хуыздæр!..1 Тьгхæй йæ ацух /кодтой, йæ туг, йе стæг кæй хуыдта, уыцы æхсæнадæй, иумæйаг хæрзиуджытæй. Æмæ куы байдыдта хæст, уæд стох кодта,чи йыл хæцыд йæхицæй æддæмæ, йе 'взонгдзи1над ын чи ’сæнад кодта. уыцы царды сæраппонд. Йæхиуыл нæ ауæрста, ам^бразурæйы дзых йæ риуæй сæхгæдта æмæ, ахæм стуыхтдзинад равдисгæйæ, тугæй сбæл- вырд кодта, йæ фыд раст кæй у. Поэмæйы пафос у лæджыхъæд æмæ рæстдзинад. Зындзинадæй дæхи маЧибæхс, «тугдзæстæй кæуын» кæм хъæуы, уым дæ сæр ма ’фснай. Поэтæ^н йæ хæ- стон æмбалы Сыбырмæ куы ахастой, уæд ыл ныф: .фыс’та, зæгъгæ, «зæрдæйы тæрхондо.ны ды раст дæ, ^нæзæрдæ тæрхондоны—зыльш!» Зæрдæйы стыр уырнындзинадæй, «зæрдæйы тæрхондонæй» чи гуы- ры, ?уъщы поэзи у адæмы рæтъмæ хæссинаг. УАЦАУТÆ ÆМÆ ФÆСЧЪЫЛДЫМ Цæугæдонæн æнæ дыууæ был ’уæвæн куыд нæй. афтæ хæстæн дæр нæй гæнæ^н, æмæ дзы ма уа, уæ- лахизы фæндагыл æй чи здахы, уыцы дыууæ ты- хы — фронт æмæ фæсчъылдым. Сæ астæу ис хид æвæрд, фидар, æнæкæлгæ. Уыцы хидыл фæсчъылдымæй фро-итмæ цыдис хæцæнгарз, хæлц, уæлæдарæс. Уьщы хидыл дыу- уæрдæм цыдысты адæмы зæрдæйы ныстуантæ, сæ фыстæджытæ, сæ фæдзæхстытæ. Уарзон—уарзон- мæ, фырт — мадмæ, мад — хъæбулмæ — арæхдæр 1 Журнал «Фидиуæг», 1962, № 12, 5 фарс. 10. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 145
уыдон æрвыстой сæ кæрæдзимæ сæ хъуыдытæ, се ’нкъарæнтæ. Æмдзæвгæ-фыстæг, æмдзæвгæнныс- туан, æмдзæвгæ-фæдзæхст—адоиæй федтам, фро«т æмæ хæсты темæ кæрæдзийыл баст кæй сты. Сал- дæттæ фæдзæхстой: кусут хъазуатонæй æмæ нæм æнхъæлмæ кæсут. Фæочъылдым чи уыд, уыдон та фæдзæхстой: хæцут хъæбатырæй æмæ «æм тагъд- дæр æрцæут. Фæлæ уæддæр фæсчъылдымы уæз сæйраджы дæр кæй уæхсджытыл æрæнцад, уыдон куыд æм- бæлд, афтæ æвдыст «е ’рцыдысты. Æмæ ,канд мах- мæ нæ. «Тылу явно «е ловезло, — фыстл Тихо- 1Нов. — Многие лисатели жили долгое время в ты- лу. И все же они ничего или почти ничего не напи- сали о людях тыла, о тех, кто день и ночь работа- ет, «е жалея сил, ничего «е написали о героях со- циалистичеакого труда. А между тем эти неутоми- мые труженики дают Краоной Армии все для по- беды».1 Хæсты азты фæзывд щалдæр аштацион æм- дзæвгæйы: Кавказаг — «Дæтты æх-хуыс хъæууон хæдзарад» (газет «Коммунист», 1941 азы 11 сен- тябрь), «Ног æфстау» (га;зет«Коммунист», 1943 азы 5 июнь), Гафез — «Æфсæддон æфстау» (газет «Ком.мунист», 1944 азы 13 май) æмæ æнд. Сидынц хъæууон адæммæ, щæмæй фылдæр хойраг, фылдæр фыдызгъæл арвитюй фро’нтæн, цæмæй рафыосой æф- стау—æфсад тьгхджындæр уыдзæн æмæ знаджы ныддæрæн кæндзæн. Агита’цион-сиатон токæй ма фыст у Г.афезы æмдзæвгæ «Равдисæм хъазуаты куыст» (газет «Коммунист», 1943 азы 10 август, фæстæдæр æй схуыдта «Колхозон чызгмæ»): Цæй-ма, колхозон рæсугъд чызг, Де ’фсымæры цæвæг райс Æмæ зад хуымты дæ разæй Мæн, цæрдæг лæппуйау, айс. Журнал «Большевик», 1944, № 3—4, стр. 36. 146
Ацы æмдзæвгæ æмæ ма Гафез хæсты азты кæй ныффыста, уыдомæй иу цалдæр æндæр æмдзæвгæ- йы сты чысыл суадæттау, фæстагмæ иу дондзæ- уæ,нмæ æрцыдысты* бирæ цыдæртæ ма сыл баф- тыд æмæ сæ равзæрд æмдзæвгæтæй фыст уацау «Хæхты чызг» (йæ фыццаг еом уыд йæ хъайтары ном — «Аминæт», фыст æрцыд фæсхæст, 1947 азы). Æз зæгъын æмдзæвгæ-диалог «Дыууæ салдаты ныхас», зæгъгæ, уьгмæй. Дыууæ хæлары — Хазби æмæ Ауызби бæллынц тагъддæр сæхимæ æрцæ- уынмæ æмæ колхозы кусынмæ. Дыууæ хæларæн кавд сæ нæмттæ не ’рбацыдысты «Хæхты чызгмæ», фæлæ ма сæ бæллицы ньгхас дæр — Мииæтмæ фыстæджы йæ зæгъы Ауызб’И. Æмдзæвгæ «Зал- дуз»-ы та чызг рацæуы изæрыгои æнгуз бæласы цу.рм>æ — уым фембæлдысты фæстаг хатт йæ уар- зон Хазбиимæ (но.гæй та уыцы ном) æмæ йын дым- гæйæн арвиты йæ ныхас: Цæр мын, Хазби! Дæ цæрайæ Æппæт фæразын æз; Æрмæст мын ды сæрæгасæй Æххæст кæн уым дæ хæс.1 Бацыдьгсты-ма уацаумæ, Гафез фæсхæст кæй ныффыста æмæ хицæ;нæй кæй ныммыхуыр кодта, уыцы æмдзæвгæтæ æеæхъæйæй: «Колхозон быды- ры» («Мæ цæвæг, дас, быныл æдас...») æмæ «Бæс- тæ фæбурдзалыг и».2 Гафезы бафæвдыд нæ поэзийы æнæфыст хæс сæххæст кæнын, бафæндыд æй саразын фæсчъыл- дымы ныфс — сылгоймаджы рæсугъд фæлгондз, Исаковский афтæ кæмæй загъта: И воин, идущий на битву И встретить готовый ее, Как клятву шептал, как молитву, Далекое имя твое...3 1 Гафез. Адджын у цард, 15 фарс. 2 Уый дæр уым, 78—79 фæрстæ. 3 М. Исаковский. Избранное, стр. 268. 147
Архайд байдайы хæсты размæ, баадай^ «уарзтьг æртæкъуымонæй». , Æрдхбрд æмбæлттæ , Ха.зби æмæ Ауызби уарзынциу чызджы — тра'Ктористкæ, Аминæты. Хъазгæ, худгæйæ байдайы уацау. Хъæл- дзæг, амондджын сты æртæ уды дæр. Хъæлдзæг, райгæйæ ахицæн вæййы «æртæкъуымоны» кон- фликт дæр: чызджы тыххæй дыууæ хæлары тудж- джынтæ не систы, Амиййаг сæ кæрæдзийæн знæгтæ нæ фестадысты, фæлæ йын йæхи бафарстой: кæй уарзы сæ дыууæиæ фылдæр? Чызг равзæрста Ауызбийы æмæ бацардысты иумæ.' Аминæтæ.н æвзонг туг йе уæлгты хъазы, æнæ- мæт, къæйных чызг. Радиойæ хъусы вальсы цагъд æмæ — «Тра-ля-ля-ля, тра-ля-ля, фырцинæй кæ- нын æрра», дыууæ лæппуйы уарзты фыстæджытæ куы бакаст, уæд. Улæфт изæр иу æппæлой уазæ- гæн йемæ кафгæйæ йæ лæнк-лæнк ссæуын кодта. , Уацауы фыццаг хай, хæсты агъом,мæйы хай, æл- вæст, аив у. Нырьжкон ирон сылгоймаг ирои гæды æфсæрмытæй цух у, фæлæ æф^сæрм æмæ æгъдау зоны. Иæ хицау зæронд Баймæты зæрдæ райхæлы йæ чындзмæ ахастæй. Царды цы хъæуы æмæ цы нæ хъæуы, ууыл у Баймæты сагъæс, .куырмæй æх- хæст кæна зæронд æгъдауы домæнтæ — бæззой, нæ бæззой, — уый йæ ;нæ фæнды, æмæ йæ лулæйьт фæздæг уæрдæх здухгæйау куы ссæуы хæрдмæ, йæ чындзыл куы хъуыдытæ кæны, уæд æм фау æрхæс- сын йæ бон нæу, райгонд дзы у. ...æмæ та йын Иæ гом дзыкку куы ’рбаймысыд, Уæд фестъæлфыд... Зæронд цайдагъæй уайтагъд схищæн уа, уый йьпн зьгн у, йæ зæрдæ, «гом дзыкку» фенгæйæ, æваст протест кæны. Фæлæ та хъуыды бацамоны рæст- дзинад: Æниу цæмæн хъæуы, цæмæн, Былбаст. гъе, уайсадын? Зæгъæм, Йæ райгæ зæрдæйы фæндон 143
Зæгъын куы нæ уæндид æргом, Уæд уый цы ’ххуыс уаид мæнæн?1 1-аг хайы бирæ ис зарджытæ, цины фæхъæртæ: куыд хорз у цард, куыд хорз у чындзы цæуын æмæ æнд. Уыдон иууылдæр фидауьинц æвзонгады хъæл- дзæг дугыл, рог æм!æ æнæмæт у «æ хъайтарты цард. Æрыгондзинады феери — афтæ схонæн ис уацауы фыццаг хайæн. Йæ аивадом нысан, æвæц- цæгæн, уый у, æмæ хъуамæ цæхгæр фенын кæна, цы дзæбæх цард ’Ньш уыдис, æмæ йæ хæст куыд фехæлдта, уыцы хаба.р. Уадауы 2-аг, 3-аг æ’мæ 4-æм хæйтты æвдыст цæуы хæсты заман. Аминæт къæссавæлдæхт нæ фæци, ,хæсты рæс- тæг дæр хъæлдзæг уыд, фæлæ йæ цард бындуро- иæй раивта — ис æй йæ сабийы мæт, йæ бригады м>æт, ,æгас колхозы мæт (уæлдайдæр сæрдар Дзам- бол æфцæгмæ партизантæм куы ацыд, уæд). Ф^æлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ уацауы хæстон хæйтты къаддæр кæй ис, йæ фыццаг хай дзæбæх ц-æмæй у, уы:цы цардон-удæгас деталтæ, цаутæ, психологон фæзилæнтæ. Чи зоны, поэт хъавы, цæ- мæй равдиса Аминæт æмæ йе ’ннæ хъайтарты дзы- хæй ца.рды бирæ фарстатæм сæ философон-лири- кон ахаст, фæлæ уыцы ныхæстæ архайдæн сты æ.рфыстон-декларативон уæлæмхасаэнау, иумæйаг- æгъуыз, æнæэкономон. Уый у уацауы фыццаг егъау хъуагдзинад. Дык- каг егъау хъæндзинад дæр æрцыд поэты хорз фæн- донæй: Аминæт би-рæ хъару, стыр инициативæйы хицау кæй у, уый равдисын æй фæадыд, æмæ уый тыххæй цыдæриддæр ирон хъæуы куыстытæ и-с, уыдоны йæ хайадисæг скодта, нымайы сæ, фыссы сæ фæд-фæдыл, кæд Аминæты фæлгондзмæ ногæй ницы ’фтауьшц, уæддæр. Уый нæ, фæлæ ма Ами- нæты адæймагон мидисæй кайынщ, къаддæр аха- дæн æй кæнынц. Æвирхъау маст ыл сæмбæлд, йæ лæг Ауызби хæсты амард, фæлæ уыцы зианимæ Аминæты зæрдæ цы æнкъарæнтæй байдзаг, уыдо- 1 Гафез. Уацмыстæ, Хиррауагъдад, 1955, 195 фарс. 149
нæн оæ кой дæр нæй. Раст у, адæймаджы сты.р маст куы баййафы, уæд йæ уд куыетмæ радты æгасæй- дæр, кæд, зæгъгæ, йæ маст ферох уаид æ’мæ Ами- нæт дæр куыста, бирæ куыста, фæлæ дзы уацмыс æмæ Аминæты фæлгондз ницы спайда кодтой. Куыстытæ æмæ адæймаджы зæрдæйы астæу цы контакт И’С, уый иугæндзон хъуамæ куыстаид æмæ уæд хуыздæр разындаид Аминæты удыхъæд. Аминæт куысты активон ^кæй у, уый тьгххæй æх- сæнады асинтыл хæрдмæ-хæрдмæ хизы, фæстагмæ йæ айстой партимæ дæр, йæхи "фæрæзтæй 100 мин сомьг радта хæдтæхæг аразььнæн, фыстæг арвиты фæтæгмæ дæр... Фæлæ Аминæты зæрдæ куыд рæз- ти, куыд хызти удгоймаджы къæпхæнтыл хæрдмæ, уый нын нæ равдыста поэт. Фронты 1салдаты зын æмæ хъизæмар æвдисын куыд хъуыд, афтæ хъуыдис равдисын фæсчъылдым сылгоймаджы зын æмæ хъизæмар дæр æмæ уыдон уацауы хицæн сæргæндтæм бацыдысты рельефо- нæй. Æцæг дзы хатæм фæсчъилдымы ирон хъæуты атмосферæ. Маст æмæ цин, хъарæг æмæ зарæг... Æм’бырдмæ устытæ æрцыдысты, — зындзинад сын сæ ныфс нæ сæтты, сæ цардбæллон юмор нæ сæфы: — Хицауад нæ бæрны баззад... — 'Цæг у, ’цæг!.. — А-бæсты фæхъхъау æрбаут! Чи сæ йе ’мбалы æсхуыста, Чч Сырх Æфсадыл дзырдта, Чи дзы Гитлеры æлгъыста, Чи та сусæгæй куыдта.1 Иумæйаг хæс, иумæйаг бæллæх, иумæйаг цæс- сыгкалд æвзæрын кодта коллективон куысты фæтк, адæмы кæрæдзийыл æнтом баста. Сылгоймæгтæ хос куыд кæрдынц, уыцы нывы уынæм сæ зьин æмæ сæ хъæбатырдзинад. Аминæтьг цæвæг кæрдæгыл абыры, зæххы ныхсы. Нырма йыл ахуыр нæу, ту- хæнæй йæ мары, фæлæ уæддæр хæссы уис, не ’ппары йæ цæвæг, уымæн æмæ дзы афтæ домы йæ 1 Гафез. Уацмыстæ, 211 фарс. 150
намыс йæ райгуырæн бæстæйы раз. Уавæры рæст- дзинадæй райгуььры æнкъарынады рæстдзинад. Аминæт йæ мид-зæрдæйы ныхас каэны Ауыэбии- ■мæ—ирон сылгоймаджы уæздан-лиржкон ахаст йæ уарзон адæймагмæ, цыма йын тæригъæд дæр кæны æмæ дзы сæрыстыр дæр у: О, дæ фæхъау уон, Ауызби, Уæдæ ды цы фæрæзтай?.. О, дæ сæрыл хаст æрбауон, Кæд куыд хъæлдзæг уыдтæ, куыд! Растдæр ацы рагъыл фарон Байстай хосдзаутæн сæ гуыл... О, ды дæр, бындар æрбауай, Ацы даргъ, фæтæн цæвæг, Кæд гæнгæлытæ нæ карстай Æви кæрдæг уыд тæнæг?!1 Устыты хицæн диалогты фылдæр ис -рæстдзи- над, дардыл æм«æ лæм^бьгнæг иллюстрациты хъау- джыдæр. Баймæты хæдзармæ æрæмбырд вæй- йьинц—1пирынц, цæттæ кæиьшц хъармдарæнтæ. Но- гæй удæгас, цымыдисаг ныв. — Схастам дын, Баймæт, нæ фарн!.. — Æз тæрсын, мæхи фарн дæр Исчердæм куы фæуа, Стæй ма уæд мæхи сæр дæр Лидзынмæ куы ’рцæуа... Кæнæ сæ алюæй дæр куыд фæнды, сæхиуæттæй •сы.н исчи куы айсид сæ лæвæрттæ. — Ныр, тæхуды, ’мæ Хъæвдыи Ацы лæвар куы айсид...2 Уацауы кæрон Хаз’би æрщæуы хæстæй, йемæ æркæны, чи йæ фервæзын кодта, уыцы украинаг ус Поли’нæйы чысыл фьгрт Феликсы (Полинæйæ^н йæ- 1 Гафез. Уацмыстæ, 216 фарс. 2 Уый дæр уым, 229 фарс. 151
хи немыц ама.рдтой, цæф сьгрхæфсæддоны кæй ба- вæрдта, уый тыххæй). Æз ма Гафезы офæлдыста- ды тыххæй мæ уацы фьистон, зæгъгæ, уацауы фыц- цаг варианты финал хуыздæр уыд — уьш Ауызби- йы мæлæт мæиг разьшд, æрыздæхт фæстæмае Ами- нæтмæ.1 Ахæм финал композ(ицион-~л,нтонационæй хорз баст уыдис поэмæйы райдайæнимæ — хъаз- гæ, худгæ зæрдæйы уагимæ. Ауызбийы æцæгамард, Хазбийы æрæздæхт иунæгæй — адон- драматикон- æндыгъд æнкъарынад домьинщ, уацауы та ахæмæй ницы ис. Хазби æрцыд æмæ Ауызбийæн йæ кой дæ.р ’Нæ кæны. Æмгары хъыг, идæдзы хъыг — уыдон бæсты дзуры: «Мæцæвæг, дас. бьгныл æдас...» Кæд- дæр -сæ чындзæхсæв куы уыдис æмæ дыууæ хæла- рæн фæндырæй куы цагъта Аминæт, уæд: Æмæ сæм буц, сæрыстырæй Кæсы, кæсы, кæсы... Ам, уацауы кæро«, Хазби каарды щæвæгæй: Аминæт æм æдзынæгæй Кæсы æмæ кæсы. Дзырд «æдзынæгæй» уыдаид Аминæты ног уа- вæр, 1НОг зæрдæйы хаттмæ гæсгæ, поэт ын уый раз- мæ йæ зæрдæйы хъизæмайраг маст æмæ тох куы раргом кодтаид, уæд. Уацау «Хæхты чызг» хæсты заманы фæсчъил- дымы цард реалистон-коикретонæй равдисыныл кæй бафæлвæрдта, уымæ гæсгæ критикæйы зæр- дæмæ дæр фæцыд. «Хæсты фæстæ нæ ирон литера- турæйь! зынгæ æитыст», «йæ сæйраг хъуыды, стæй йæ хъайтар Аминæт дæр не сты мысæггаг», «ны- рыккон советон ирон сылгоймаджы фæлгондз» — ахæм ныхæстимæ йыл сæмбæлд критикæ. йæ иу- æй-иу хъуагдзинæдтæ йын раст рахатыдта, авторы цæстмæ бадардта, зæгъгæ, парторг Хъасболы фæл- гондз у фæлурс, уацауы цы риторикæ-асла*м ны- Кæс мæ чпмыг «Знон æмæ абон», Цхинвал, 1964, 147 фарс. 152
хас.ис, уьгмæн йæ ’е’гъау хай цæуы Хьа-сболы дзы- хæй. Фæлæ критикæ ;нæ ралртæста уацауы сæйраг хъуагдзинадтæ æмæ сæ ныхмæ зæгъын кæм хъуы- ди-с, уым ноджы автары (хорз ра-кæнииат ын уы~ дис, афтæмæй) ардыдта ууыл, ’цæмæй сæ фæарф- дæр, фæтыхджындæр кодтаид, дзьгрдæн: «Ами-нæт кæд колхозы куыстытыл æххæосыд, уæддæр йæ куысты авнæлд хъуамæ уыдаид уæрæхдæр...»1 Кри- тюкæ раст уыдаид, «куысты авнæлд» нæ, — «зæр- дæйы авнæлд» куы. загьтаид, уæд. Уацауæн реалистон здæхт кæй «ис, уый фæбæ- рæг йе стихæй дæр æмæ дзы Бязырты Алыксандр загъта: «Алы нывæн, алы уавæрæн ис йæхи æвза- джы амалтæ, йæхиуыл фидаугæ стихарæзт».2 Уа- цауы стихы æцæг ис алыгъуызон бæрцбарæнтæ, фæлæ ма ’банысан кæиьш хъуыдис, алкæм æлвæст, æхсæст кæй нæу. Ранæй-рæтты æгæр схырыз вæй- йы, рифмæтæ дæр сæ кæрæдзийыл куы сæмбæ- лынц, уæд <фаг тыхæй нæ зæлланг кæнынц. Хæсты фæстæ, 40-æм азты дыккаг æмбисы дзæвгар адæ- мон-фольклорон æмæ зæрдаив-романтикон поэмæты астæу критикæ æмæ чиныгкæсæг, бæгуыдæр, цæстуарзонæй акас- таид Гафезы уацаумæ. Ирон советон сылгоймаджы тыххæй ма уыцы рæстæг фыст æрцыд Кавказаджы поэмæ «Марта». Сæрæй-кæронмæ — культон, иллюстративон, æнæуд, æиæтуг уацмыс. Царды æрттиваг хæрв дзы ис, цардæн дзы йæ кой дæр нæй. Нæ бæстæйы цардæй искæцы этап райсы, Марта дзы цахæм хайад райста, ууыл радзуры ихсыд газетон æв- загæй. Адæмон-фольклорон поэмæты цы фаудтон, уый ам схызт йæ апогеймæ æмæ сси худæг пародийы хуызæн. Уый Гитлер уыд—æрра Гитлер, лæгсырд æмæ хъæддаг Гитлер! йæ хæстон тых — йæ балбирæгъ, йæ рахиз цонг—йæ сау фашизм! Йæ хъузæттæ, йæ фарсласæг—европæйаг сателлиттæ, Æскодта сæ лæгхор æфсад, дæрæнгæнæг залым къордтæ, Ныццавтой нæ æнæхъæнæй Европæйы хæстон тыхтæ, Æскæсæйнаг самурайтæ куы ’ххуыс кодтой Европæнæи, 1 Журнал «Фидиуæг», 1950, № 2, 46 фарс. 2 Журнал «Фидиуæг», 1948, 38 фарс. 153
Куы ’ххуыс кодтой Европæйæн Бразили ’мæ Аргентинæ, Æгас дуне куы фæдих ис дыууæ сæйраг хæстон тыхыл: Сæ иу уыдис советон тых, уæд иннæ та—фашистон тых.1 Бамбарæн ис, поэмæйæн æппæрццаг аргъ чи кодта, уы- донæн. «Фидиуæджы» редакцион уац: «Нæ рауад æцæг поэ- тикон уацмыс Кавказаджы кадæг «Марта».2 Джусойты Нафи* «Йæ формæ нæу æмбæлон йæ мидисæн», «поэмæйы ныв кæны- ны элемент у хæрз лæмæгъ, фылдæр дзы ис риторикæ æмæ патетнкон фæхъæртæ».3 Фæлæ бынтондæр бамбарæн нæй, æвæрццаг аргъ ын чи кодта, уыдонæи. Асаты Реуаз: «Нæ фысджыты сфæлдыстады сæйрагдæр миниуæг у партион- дзинад, социалистон реализм. Ахæм методæй фыст у поэт- драматург Кавказаджы стыр кадæг «Марта»... Ацы уацмысы поэт аив ахорæнтæй ныв кæны ирон кадджын сылгоймаджы цард».4 Плиты Илья: «Поэт-драматург Кавказаг хæсты аз- ты фæстæ нæ чиныгкæсæгæн радта, литературæйы стыр аха- дындзинад кæмæн ис, ахæм кадæг «Марта».5 Уæрхмæ æмæ дæргымæ а’внæлд хорз æви æв- зæр у, уый ’бам’барынæн фаг æрмæг дæтты Асаты Реуазы гуырахстджын уацмыс «Туджы ’ртах» (уый дæр 1947 азы æрцыд фыст). Асайы фырт райста уæрæх æмæ даргъ географжон территори æмæ цардон тематикæ. Хæст Кавказæй суанг Бер- линмæ, æнæнымæц чысыл æмæ стыр цаутæ, фæс- чъылдымы цард—Зи.къарайы бын ирон хъæу æмæ Цхинвалы сахары æфсæддон рынчындон... Цæуыл дзы нæй ныхас—не ’фсады хъæбатырдзинад, уы- рыссаг оккупацигонд хъæуты фæллойгæнджыты архайд иемыцы ныхмæ (Мижолайы фыды фыд зæронд лæг хид халы), немыцы фыдмитæ (немыц æмæ кулачы фы;рт Кузьма а^мардтой Миколайы мад æмæ хойы), хæстон хæлардзинад (ирон лей- тенант Инал М’иколайæ скодта полчъы хъæбул— иугæр йæ бинонтæй куы ничи уал баззад, уæд. Йæ фыд Егор дæр 1хæсты ис), фæсчъылдымы æххуыс 1 Уæлахизы фæндагыл, 21 фарс. 2 Журнал «Фидиуæг», 1949, № 1, 6 фарс. 3 Газет «Коммунист», 1947 азы 28 ноябрь. 4 Уый дæр уым, 1951 азы 17 январь. 5 Журнал «Фидиуæг», 1952, №2, 14 фарс. 154
æфсадæн (ранымадта сæ иууылдæр, номгай), ир,он хъæуы цард (Иналы фыд æмæ мад—«зæды хуы- зæн» адæймæгтæ), медицинон персоналы куыст (Инессæ—Иналы хо—йæ туг радта Миколайæн) æмæ а. д. Уæрæхдæр ма щы хъуамæ уа! Фæлæ аивад уæ- рæхмæ куы цæуа æрмæст æрфыстонæй, æнæ арф хуьшкæнгæйæ, уæд сайы æнæбазыр, хилгæ эмпи- ризммæ. Асайы фырты уыцы хъуагдзинад къард хатты нысан ,кодта критикæ, фæдзæхста йæ, цæ- мæй дзы йæхи бахша. «Автор хаттæй-хатт,— амыдта Дзугаты Георги,—фаг нæма арæхсы, цы ныв ;кæны, цы хъуыды равдисынмæ хъавы, уыдонæн сæ ахсджиагдæр æмæ осъæуæгдæр фæрстæ рæ- сугъд аивадон дарæсы сфæлындзынмæ æмæ йын рауайынц, фотографы нывау, схематикон афыст».1 Дзугайы фырты хъуыды фæбæлвырддæр кодта Джусойты Нафи: «Уæрæх тематикæ кæд хорз у, уæддæр нæ авторæн хатт йæ бон нæ бавæййы ног темæтæм арф поэтикон цæстæй бакæсын».2 Кри- тиктæ Асайы фырты поэзийы хицæн сахъатау кæй нысан кодто’й, уый «Туджы 'ртах»-ы сси сæйраг сахъат. Асайы фырты уацау (критиктæ йæ, Гафезы «Хæхты чызг»-ау, шоэмæ хонынц, фæлæ дыууæ дæр уацаутæ сты, сæ арæзт æмæ се ’рмæгмæ гæс- гæ) фронт дæр æмæ фæсчъылдым дæр уæлæнгай кæй равдыста, ууыл лæмбынæг загъта Б^язырты Алыксандр. Критикы зæрдыл æрлæууын кодта Ка- таев Валентины зындгонд уацмыс «Полчъы хъæ- бул». Уацауы хæст æмæ хицæн адæймæгты æвди- сыны принцип, йæ сюжетон-композицион принцип цахæм у, уый фенын кæнынæн Бязы.ры фырт æр- хаста, «раджы ма Маяковский кæуыл худт, ахæм стихтæ: «Я—пролетарская пушка, стреляю туда и 1 Асаты Р. Хæстоны сис, 8 фарс. Раздзырд. 2 Асаты Р. Уацмыстæ, Хиррауагъдад, 1954, 10 фарс. Раз- дзырд «Рæзты фæндагыл». 155
сюда».1 Уацауы архайджытæ -реалон адæймаджы миниуджытæй иртæст кæй сты, уый дæр амоны Бязыры фырт—иууыл кæсынц «лекцитæ»: Антип—: йæ бинонтæн, булкъон æмæ Инал—Миколайæн, Иналы фыд Уæхæнæз—колхозы адæмæн æмæ а. д. Асайы фырт сыл йæхæдæг дæр хус газетон æвза- гæй дзуры, фæнымайы сын сæ анкетæйы зонæнтæ æмæ афтæмæй «фæлгондз» — цæттæ «Арæх ныв радтыны бæсты кæны дзургæ»,—зæгъы Дзугаты Георги.2 Цьибыр дзырдæй, архайд дæр æмæ ар- хайдæн йæхи комментаригæнæг ньвхас дæр рæстмæ нæ рауадысты — иумæйаг-ординарон. «Туджы 'ртах»-ыл дзургæйæ, шоэтæн йæхи æмæ дуджы ли- рикон-философон мидисæн йæ кой скæнæн дæр нæй. Асайы фыртæн йе ’мдзæвгæты вæййы цæстуын- гæ, хифенгæ деталтæ, абарстытæ, эпитеттæ—кæд алкæд индивадуалон хъуыды æмæ æнкъарынады аккаг уаргъ нæ фæхæссынц, уæддæр. Уацау ахæм- тæй дæр сæрибар у, кæсæм дзы, Бязыры фырты загъдау, «мингай хæттыты кæмæй спайда чындæ- уыд, ахæм эпитеттæ, барæнтæ, метафорæтæ». Дзугайы фырт дзырдта, зæгъгæ, «Туджы ’ртах»- æн «поэмæ схонæн нæма ис, поэмæйæн цыбы.р кæ- ньгн хъæуы ;иууыл цухæй йе ’ртыккаг хай».3 Ца- хæм бынæттæ дзы уыд сцыбыр кæнинаг æмæ дзы афтæмæй идейон-аивадон æгъдауæй хæрзхъæд уацмыс саразинаг, уый нæ амоны Дзугайы фырт. Ме ’рдыгонау, Асайы фырты уа’дауы ис дыууæ— æртæ бынаты, зæрдæ аивдзинадæй кæмæ ’хсайы, ахæмтæ. 1-аг сæргонды бацæуæн—хæст Ирыстоны зæх- хыл—кæд фæд-фæдылон нæу, уæддæр дзы раны- майгæ предметтæ кæрæдзи сурынц, стих у хъæд- дых, змæлды хъару дзы хатæм. 1 Журнал «Фидмуæг», 1948, №3, 37 фарс. 2 Газет «Коммунист», 1948 азы 18 июнь. 3 Уый дæр уым. 156
Ахицæни бонæй æхсæв, Арвы кæрон тугау—сырх. Урсзачъе хæхтæн сæ дагъыл Уайы стыр быдыртæм Терк Æмæ фронты раззаг хаххыл Ракодта къæдз-мæдзы ленк.1 2-аг сæргонды Мæздæгмæ бырсгæйæ, Инал фе- хъусы ирон усы хъарæг. Бацæуы хæдзармæ. Æмæ дæсгай фæрстыл немыцы фыдракæндтыл кæм дзырдæуы, уыдонæй се ’плæтæй дæр ахадгæ у ацы хæдзары конкретон ныв: Йæ къултæ—гæмттæ, дымгæ дзы зилы. Уым фæсдуар ауыгъд—дыууæ сасиры, Афтнд арынгмæ кæсынц æнкъардæй. Цъæх хъулон гæды æнæхъыгдардæй Уым къулын пецæн ысхызт йæ сæрмæ,— Къæбæр радтынмæ кæсы æнхъæлмæ. Иæ бон куы нал у мыстытæ ахсын, Мæгуырæг, уый дæр ныр хуыссæг ахсы.2 Архайдон-цаууон сюжеты иу момент—фæском- цæдисонтæ се Ъбырды, траншейы, сæ рæнхъытæм лсынц Воякин Миколайы. Йæ куырдиат ын бакас- тысты æмæ йæ парторг бафа.рста: «Фæскомцæди- сон циу?» Куы сцæйулæфыдис Микола, куы сцæйкодта дзуапп, Уæд бæстæ нынпæрыд, нызмæлыдис зæхх. Дзырдæй нæ,—йæ тохæй, йæ хъæбатьгрдзинадæй бахъуыдис Миколайы дзуапп дæттын парторджы фарстайæн. Уæззау тохы йæ уæхск фæцæф. — О, дойны! О, дойны! басыгъдтæн!—абырыд цъус, Иæ разы бæхы фæд, уым къæвдайы доп Уый иу хуыпп æскодта...3 1 Асаты Р. Уацмыстæ, 187—188 фæрстæ. 2 Уый дæр уым, 149 фарс. 3 Уый дæр уым, 247—248 фæрстæ.
Ахæм «гæбæзтæй» куы уыдаид уацау, уæд йе сцьгбыр кæныныл критикæ нæ сагъæс кодтаид æмæ йын йе ’взарын дæр уыдаид æхсызгон. Литературæйы зонгæ сюжетон цæгтæй, уæлæн- гай фотографон афыстытæй, комлилятивон дзол- гъо-молгъойæ амад сты Хъайтыхъты Георы уацау- тæ «Бæл’ццон» æмæ «Бимболат» (поэмæтæ сæ хо нынц уыдоны дæр, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уацауы жанрмæ сты хæссинаг). Дыууæ уацауы дæр сæ кæ- рæдзиимæ ивддзæгтæ кæнынд сæ арæзтæй, оæ мид- структурæйæ. Уымæ гæсгæ сæ дыууæйы бамбары- нæн дæр фаг уыдзæн, æрмæст сæ иуы тыххæй куы зæгъон, уæд. Райсæм «Еæлццон» (газет «Рæстдзинад», 1947 азы 21, 22, 23, 24 декабрь). Сæрæй йыл нæ цæст рахæссæ-м, цыма йæ ныртæккæ кæсæм. Хæст фæцис. Уалдзæг. Уыцы рæстæджы Германæй Цыд, зæгъынц, Ирмæ Æхсар. («Зæгъынц»—цæмæн? Аргъау кæны автор?) Ба’хæццæ рувджытæм. Кусгæ нæ кæнынц— хъазт æм.æ кафт. Йæхи сын нæ базонын кодта, уыдон дæр æй нæ базыдтой (цæмæн? Кæд йæ цæс- гом фехæлд, танкист, дам, у. Фæлæ уый тыххæй ни’цы зæгъы). Дардыл сын кæны йæ хæстон ха- бæрттæ—иумæйаг, æгъуыз ныхæстæй. Рувджытæ йæ фæрсынц хæст æмæ фæтæгæй. Лекци сын кæсы—афтæ у, уфтæ у. Иумæйаг, æп- пæлæн ньгхæстæ. Алчи йæ алцæмæй фарста, Алкæмæн амыдта раст. Газет йæ дзыппæй æсласта Æмæ сын уый дæр фæкаст. (Кæнæ хъайтар у æдылы, кæнæ йæм чи хъу- сы—уыдон). Зонд сын амоны, хорз кусын, дам, хъæуы. Стæй 158
Æрдзы тыххæй дæр уый загъта, Дон æмæ хохы тыххæй, Фауын сæ никæмæн уагъта, Феппæлыд уыдон тыхæй. Дзæбæх сæ куы срæгъæд кодта йæ дзæнгæда- йæ, уæд та сæ йæхæдæг бафарста, хуыздæр уæм чи кусы, зæгъгæ. Æмæ йын бацамыдтой иу зæронд- мæ (цымæ уый иннæ кусджытимæ цæуылнæ ис?). Бацыди зæронды’ размæ Не ’фсæддон махæн æмраст, Слæууыди зæронды фарсмæ Æмæ йæм дисгæнгæ каст,(?) Зæронд йæ кусын нæ уагътаД?) Зæронд æвнæлдта цæрдæг, Зæххæн йæ хъæбæртæ къахта, Калдта йын йе ’взæр кæрдæг. Уый Æхсары фыд у—Илас æмæ йæ куы ба- фарста йæ фыртæй, уæд ы.н Æхсар йæхи не схъæр кодта (цæмæн? Цы зæгъинаг дзы у а(втор? Афтæ ма кæны Бимболат дæр: фыстæг нæ фыссы сæхи- м;æ—цæмæн? йæхи нæ хъæр кæны—цæмæн? Туаты Дауыт дзуапп радта: «Фыссæг ныхасæй йæ мон- дæгтæ нæма суагъта æмæ уый тыххæй»1). Æхсар дарддæр ацыд. (Чи зоны, поэт балцы амалы фæрцы равдиса фæсхæст ирон хъæуты куыст æмæ царды нывтæ, чи зоны, хицæн адæй- мæгты зæрдæмæхъарæг хъысмæттæ нын фенын кæна, фæлæ...) Фембæлд ыл бæхтæрæг-хорласæг. Базыдта йæ (иннæты уæлдай цы хуызы?). Фæрсынц кæрæдзи: бæхтæрæг æй фæрсы хæстæй, Æхсар та—хъæуы хабæрттæй. Иумæйаг ницыдæттæг, фæччыгъæдæн ныхæстæ. Фембæлд ыл хъомгæс. Зонд ын амоны: Се ’ппæт—кæвдæсæй, бæхдонæй— Зымæгмæ барæвдз кæн хорз! Иу ус æй бахуыдта хæдзармæ. Фынг. Минас. Алцыдæр—бирæ. (Цымæ фæсхæст хъæуты æцæг- 1 Газет «Рæстдзинад», 1954 азы 29 август. 159
дзинад адæм уыд, æппын дзы ницы зындзинад уыд?) Мад ын йæ хъæстытæ кæны, йæ фырт хæс- тæй нал æрыздæхт æмæ йæ уымæй фæрсы, Æхсар та йы«н йæхинымæр дз’уры: «Нал ис дæ хъæбул, йæ бæсты Дæн æз дæ хъæбул, дзыцца!» Фæ-стагмæ ссыд йæхи мадмæ дæр. Бирæ фæ- дзырдта уыимæ дæр. Куывд ын скодтой. Уым дæр феуæгъд вæййынц йе ’фсæртæ æмæ ма йæ чи уромы! Райсомæй хур дæр нæма скаст, Афтæ колхозоны фырт Быдырмæ кусынмæ араст. Тракторыл сбадт, йæ фæдыл—комбайн (уал- дзæг куы уыд, уæд ’комбайн цæмæн бахъуыд? «Бим- болат»-ы дæр кæронæй: «Æваст уым февзæрди мæргътæ». Ахæм æвастдзинæдтæ Хъайтыхъы фыртмæ—къахдзæфæй-къахдзæфмæ!). «Туджы 'ртах»-ау, Хъайтыхъы фырты «Бæлц- цон» дæр уæрæхмæ дардыл авнæлдта. Æмæ цы? «Æхсар рауадис бæрæгбонгъуыз, дзæгъæлдзых, æнæсæрфат адæймаджы хуызæн»,—зæгъы Хъаз- бегты Хъазбег æмæ амоны, уацау «хæрз æнæплан æмæ хæццæ фыст кæй у, йæ сæр æмæ йæ кæрон бæрæг кæй не -сты, автор дзы сæйрагдæр цы зæ- гъынмæ хъавыдис, ’уый (бам’барæн кæй нæй».1 Æмæ дзы цымæ и^сты зæгъынмæ хъавыдис? Æхсар æмæ Бим>болат дæр сæхи кæй нæ зо.нын кæ- нынц, уый у литературæйæ ист (аргъæуттæ æыæ. Одиссейы диссæгтæ). Уыцы амалæн æппындæр ницы нысаниуæг ис? ома дзы автор ницахæм поэти- кон хъуыды зæгъинаг у. Хъайтыхъы фыртæн йæ хъуагдзинад суанг ма хæсты агъоммæ, хицæн згъуыдау, банысан кодта Дулаты Цнцка: «Ге- орæн йæ иуæй-иу æмдзæвгæты дзырдтæ сты пырхгонд æн^- 1 Журнал «Мах дуг», 1948, № 2, 46 фарс. 160
планæй, баст нæ ’вæййынц фылдæр хатт кæрæдзийыл...»1 15 азы фæстæ та йыл Епхиты Тæтæри ныффыста: «Æрвылбо- нон цаутыл уайтагъд ныффыссы æмдзæвгæтæ Хъайтыхъты Геор, фæлæ уыцы æмдзæвгæтæ рох дæр æрбавæййынц аф- тæтагъд. Цæмæн? Уымæн æмæ уыцы æмдзæвгæты поэзи нæ вæййы. Абстрактондзинад, æбæлвырд обрæзтæ, иумæйаг ныхæстæ сты Георы æмдзæвгæты сæйрагдæр лæмæгъдзинад... Нæй йæм, зæрдыл чи лæууа, ахæм обрæзтæ, уый нæ, фæлæ йæм нæй логикæ дæр».2 , Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæпринцип æмтъеры, æгъуыз хæццæ-мæццæйы ’хсæн Хъайтыхъы фыртмæ хаттæй-хатт ферт- тивы поэзийы стъæлфæнтæ (йе ’мдзæвгæтæй йын иу къорд дæнцæны ’рхастон). Иу комдзаг^—хъуыддаг, комы дзаг та— ныхас, афтæ фыст у поэмæ’ «Мад» («Сидзæргæс»-ы стих æмæ интонаци). Мад йæ фырты куыд хаста, хæстмæ йæ куыд ар- выста, кæрæдзнмæ цы даргъ фæдзæхстытæ-фыстæджытæ æр- выстой, фырт аргъауы хъайтарау куыд тох кодта знагнмæ, уыдон иуварс куы æрывæрæм, уæд фауинаг нæу, мад йæ фырты къамимæ кæм дзуры, уыцы сæргонд, мады фæлмас лирикон зæрдæ дзы фенæм: Дзур, куыд дæ? Цы ран дæ? Цавæр дард бæсты?3 ’ Дзуры йын, фæсчъылдым куыд кусынц — «кæд зын уыд. уæддæр махæй дæр уæ фæстæ ничи загъта ’взæр». Арæх ра- уайы уынгмæ, кæд исты бæрæг хабар фехъусид йæ хъæбулæй, фыны йæ уыны тынг арæх. Фæсчъылдым салдаты мады уæздан сурæт — кæд декла- ратцвон-æрфыстон у, уæддæр — сысты Ардасенты Хадзыба- тыры æмдзæвгæ «Нана»-йæ. Йæ фырттæ хæсты сты, йæхæ- дæг колхозы кусы, йæхи ’тте ма иннæты дæр хоны куыстмæ. Уырны йæ, йæ лæппутæ кæй сыздæхдзысты, тæрсгæ дæр сын кæны, фæлæ фæлмæн юморæй æмбæхсы йе ’цæг тас. Сæ иуæй гæххæтт æрæджы нал райста æмæ йыл исты бæллæх сæмбæлд, ’уый ахъуыды кæнын дзы йæ цæст нæ уарзы, постхæссæджы æфсон æй кæны: 1 Газет «Рæстдзинад», 1940 азы 8 июль. 2 Журнал «Мах дуг», 1954, №11, 75 фарс. 3 Хъайтыхъты Г. Æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ, 165 фарс. 11. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 161
Зæгъын, цыдæр хъуыддаг мæ ’мбæхсы Æмæ æргомдзырд уыд мæ фырт, — Кæнæ сæ постхæссæг нæ бæззы, Каенæ йыл исты фыд æрцыд...1 Фæсчъылдым мады удуæлдай куыст, йæ фыдæбон, æхсæв- бон куыд нал зыдта нæ хæцæг хъæбулты мæтæй, уый гæзæ- мæты разынд Епхиты Тæтæрийы «Мады зарæг» æмæ Плиты Ильяйы «Нанайы лæвар»-æй. Адæмон зарджыты ахаст сын ис. Мад дзуры йæ пирæнмæ, йе ’лхуыймæ. «Йе ’нæзонгæ сахъ фырттæ» знагимæ хæцынц. Хъарм цъындатæ тæбынæй Æз уыдонæн куы кæнын,— Бахæрон сын сæ рынтæ, Ма сын фенон сæ зынтæ!2 Плиты Ильяйы æмдзæвгæйы та мад комкоммæ салдатмæ дзуры: Ахъаз дын уæд мæ цæнгты тых, Мæ буц лæвар дæуæн. Уæл-мит, уæл-их уæ къæхты бын Фыдгул цæуæд дæрæн.3 «...ФÆХУДЫНÆН ДÆР ФАГ» Адæмы характер ахæм у, æмæ сыл цыфæнды стыр бæллæхтæ куы ’рцæуа, æрвыл бон дæр мæрд- тимæ куы архайой, уæддæр нæ сафынц сæ æвиди-. гæ оптимизмы æвдисæндартæй иу—худын. Æвæц- цæгæн, искуы худынмæ цы бон нал арæхсой адæм, уыцы бон уыдзæн сæ мæлæты райдайæ-н. Æмбиоонд ирон адæммæ мард у — цас ыл фæхъыг .кæнынл. 1 Ардасенты Хадзыбатыр. Равзæрст уацмыстæ, Дзæу- джыхъæу, 1947, 38 фарс. 2 Епхиты Т. Уацмыстæ æртæ томæй, I том, 56 фарс. 3 Газет «Коммунист», 1941 азы 10 ноябрь. Фæстæдæр дзурдзынæн Нигеры патриархалон лиризмыл. Плиты Ильяйы æмдзæвгæ йæ интонацийæ тынг у Нигеры «Хойы ньзстуан»-ы хуызæн. 162
цас цæссыг ыл фæкалынц, фæлæ ахæм æхсæвба- дæн 1Н1и,куы-;ма уыдис, æмæ дзы худæн ныхæстæ м<а уа. Ирон адæмон сфæлдыстад æмæ классикон лите- ратурæйы худыны палитрæ алыгъуызон у. Фыды- бæстæйы хæст (йæ райдайæны æ>мæ йе ’г.ас цыппар азы дæргъы) бирæ поэттæ фольклоро’Н-адæмон цæстæй кæй уыдтой, уый æнæфæзынгæ нæ фæцис сæ худыны уацмыстыл дæр. Адæмон юмор æмæ сатирæйæ истой сæ амалтæ. Адæмонау, гуымир, цæхджын фæлгондзтæй спайда кодта Боциты Барон (æМдзæвгæ «Ныфс- джынæй тюх-мæ рараст дæн»). Чызг æмæ лæппуйы дуэт-диалог. Фæндарасты æмдзæвгæты худæджы вариант. Ам дæр сæ уарзтыл дзурынц, — лирикон зæрдæйæ миййаг нæ. Чызг зæгъы лæппуйæн, кæд, дам, мæм уæлахизæй æрцæуай, уæд, дам, дьш ба- комдзынæн. Мæхæдæг гъеуæд дæ фæстæ Цæудзынæн моймæ ’нæзивæг! Сæ иу дзы се ’ннæйы дзыхæй исы ныхас æмæ ’йын йæ ахорæнтæ бæзджынæй-бæзджындæр кæны: — Цæмæ мын кæсыс мæ хардмæ — Куырдалæгоны сæрдасæн!.. Фæлмæн нæ кæны цъæх артмæ, Гитлеры сæр дзы æрхаудзæн. — Уымæй хуыздæр та цы уаид, Иæ сæр ын нæ куыдз бахæрид... — Æрмæст æй куыдзæн нæ хъæуы, Мила дзы миййаг амæлдзæн, Фæлтау æй аппар фæсхъæуы, Гъе уым æй уаллон бахæрдзæн.1 Карз æмæ тьгхджын знагыл худтысты æмæ аф- тæмæй амыдтой, сов.етон адæймаг знагæй рæсугъд- дæр, уæлдæр æмæ тыхджындæр кæй у. Реалон уа- вæры пропорцитæ халгæйæ, махмæ куыд кастысты, 1 Газет «Рæстдзинад», 1941 азы 30 октябрь. 163
ахæм хуызы <нæ, фæлæ сæ æндæр формæтæй æв- дисгæйæ, сатирикон æмдзæвтæтæ раст аргъ кодтой Гитлер æмæ йе ’фсады миниуджытæн. Епхиты Тæ- тæри хилджытæн ныффыссын кодта фыстæг — ар- фæйы фыстæг! — фюрермæ. Фыстæджы бæрзонд официалон-серьезон тон уайтагъд сæмбæлы йæ са- тирикон нысаныл: О, нæ фюрер, фæцæрай нын бирæ, Хуыцаумæ кувæгау дын мах кувæм, Рæсугъд хъæлæсæй зары нæ лирæ, Æицон—нæ цард, дзæнæт—нæ удæн. Сæ цард сын æнцон æмæ дзæнæт уымæн у, æмæ: Æхсæвæй-бонæй дæ кой фæкæнæм— Дæу фæрцы тугæй нæ гуыбын байдзаг! Уымæн хонынц Гитлеры сæ «хуыцау». Фæлæ хилджытæ гæдзæ нæ фæкæндзьисты фюрерæн йæхи, сæрмæ дæр: Кæд дæ фæнды нæ хъару зонын, Уæд фæныхилдзыстæм дæумæ дæр.1 Иу хъа.ст сæм ис: салдаты сæр сæ быны арæх ауазал вæййы, ныссæлы. Уый тыххæй сын Гитлер дзуалп радта, зæгъгæ, уый ме ’адæрæй нæу, — æветон нæмыг у аххосджын æмæ, да.м, ын уæхæ- дæг зæгъут. Гитлер йæхицæй жæй æппæлыд æмæ йæ фæнд- тæ кæй фæмæнг сты советон зæххыл, уый хорз æр- мæг лæвæрдта худынæн. Нывæцыл Мæскуыйы сахары тымбылæгмæ кæс- гæйæ, Гитлеры зæрдæ бахъæлдзæг (æмдзæвгæ «Бадæнæхсæвы хъарджытæ Гитлерыл»): Родау Гитлер Барог уæд: «Царды федтон 1 Епхпты Т. Уаамыстæ æртæ томæй, I том, 67—68 фæрстæ. 164
Æз мæ фæнд! Ралас саулох, Рахæсс кард, Æз æрцаразон • Па-ра-д!»1 Ахæм карикатурæ-æмдзæвгæ ис Саулохты Мух- тармæ дæр — «Сырд фæтыхст йæ хызы». Хæеты азты -популярон уыд, адæмы цæсты ’фтыдта фащис- тон фæтæ’джы хъуыддæгтæ, адæмæн уырнын код- та, цагъардзинадхæссæг деопот рæхджы нæ разы кæй ныззоныгуыл кæндзæн. Адæмон «æртон эпосæй, сатирикон аргъæуттæй, фидистæй чи цæуы, уыцы гуымирдзинад, натура- лондзинадæй, гæнæн ис, æмæ абон зæгъæм, зæгьгæ, æгæр сты, нæ фидауы.нц, фæлæ зæрдыл дарын хъæ- уы, кæуыл фыст сты, чи у фашист, -цахæм лæгæнæ- уынон психологийы хицау у. Саулохы фырт йæ иу æмдзæвгæ схуыдта «Хæстон цуаны» — цуан сырд- тыл фæкæньгнц æмæ фашист дæр сырд у. Иу ра« æй æрх-æрх хъуызгæ федта, æрцахста йæ, къах- дзоныгътæ æрбаста, фашисты сыл баивтыгъта æмæ йæ фашист дзодайыл æрласта «æхионтæм. ’ Фрмцы ме ’мбæлттæ куы федтой Уым æнцъылдцæстæй, къæдзтæй, Худæгæй сæхи уæд мардтой,/ Фарстой мæ: «Куыд уыд, кæцæй?» Ард сын бахордтон хуыцауæй, Баууæндут, зæгъын, мæныл, Тынг æхсызгон у фæлладæй Ахæм хъусджыныл цæуын.2 Адæмон-фол1Клорон формæ механи^конæй куы скæныад истахæм ног мидисыл, уæд райсы лароди- он ахаст. Æмæ йæ уымæ гæсгæ фауæм. Худыны жанрты, æвæццæгæн, адæмон-фольклорон формæ- мæ æндæр цæстæй 1кæсын хъæуы, уымæ>н æмæ па- родион, КОМИ1КОН эффект чи аразы, уыцы формæ 1 Епхиты Т. Уацмыстæ æртæ томæй, I том, 55 фарс. 2 Саулохты М. Уацмысты æмбырдгонд дыууæ томæп, I том, 61 фарс. 165
сатирæйæн ахсджиаг у. Поэмæ «Марта,»-йæ цы загътам, уый йедтæмæ ницы зæгъиккам Коцойты Арсены уацмыс /<Чудище»-йæ дæр, фельето’Н куы нæ уаид æмæ фашисттыл куы >нæ худид, уæд. Уырыссаг билинæ стилизаци кæнтæйæ, Коцойы фырт худы Гитлер æмæ йæ лæгæргæвдæг тыхæй- исджытыл. Чи зоны, рагон стилæй сыл -кæй фыссы. уымæй нын афтæ зæгъынмæ хъа.вы: ног цивилиза- цийы сæрбос хонынц сæхи, фæлæ æцæгæй та сты, незаманы лæгæтты чи< цардис, ахæм лæгхортæ, ан- тигуманон, антинырьжтон а’бырджытæ. Сæ хистæры портрет — фыдуынд, æлгъ кæуыл кæнай, ахæм. Эх ты, Гитлер, пес фашистский, Пес фашистский, чудище стозевное! Голова у него да как пивной котел, А ножища да как быть лыжища, Да ручища да как быть граблища, Да глазища да как быть чашища. Со^етон зæхмæ ;куы ’рбабырста йе ’фсæдтимæ æмæ йын сæ махонтæ куы ныддæрæн кодтой, уæл Гитлер кæуы, æрдиаг <кæны æмæ фыссы йæ ари- аг ’немыцæгтæн фæдзæхст: Не ходить войной на землю советскую, — Там люди злыи, неподатливыи, Там морозы лютыи, прелютыи.1 Фолыклорои стилизаци йæ хæс гбæстон сæххæст кодтаид, уыцы иу формæйæ фыст куы нæ ’рцыда- ид «е ’фсæдтæ æмæ сæ раздзæуджыты тыххæй дæр? —Коцойы фыртæн -бæлвырд фæкъуыхцы йæ эсте- тикон адæнкъарынад. Епхиты Тæтæри æмæ Саулохты Мухтарау, Гит- лерыл карикатурæ окодта Асаты Реуаз дæр (æм- дзæвгæ «Фарстæн дзуапп»). Фюрер йæхи нывмæ кæсы æмæ йæ фæрсы, советон æфсад юыл куы фæ- тых уой, уæд цы фæуыдзыстæм, зæгъгæ. Ныв ын 1 Смерть немецким оккула.нтам, стр. 129—135. 166
дзуапп дæтты: мæн астпардзысты цъыфмæ, дæу’та мæ бæсты сауьгндздзысты къулыл’. Ирон цыргъ ныхæсты жанрмæ гæсгæ Калоты Хазби та ныффыста æмдзæвгæ «Фашиогы мæлæт». Серьезонæй цæуы ныхас: тугдзых фаши.ст амард, рахæссынц æй, кувынц ы>н сæ сæртæй. Æваст иу зæр,онд лæг ныж’куыдта. Адæм ын уайдзæф кæ- нынц: — Цæй, æгъгъæд! Цы нæ хъуыддаг ис мах та? Уæ, хуыцау, æгайтма нæ ныууагъта... Урсрихи уæддæр кæуы йæ куыдæй. — О, бын бауай, халассæр, лæг куы дæ!.. — Уæдæ ма цæуыл кæуын, уый базон, — Иугæйттæй кæд фæуыдзысты адон...2 Æнæнхъæлцау дзуапп уайтапъддæр :басгуыхы ху- дæджы эффект. Махмæ бирæ фыстыты знæгтæ æвдыст цыдысты тæппуд- тæй, фыдхъуынтæй, мæрдты бирæгътæй, æдылытæй. Сæ фарс- мæ та нæхионтæ хъаруйæ Батрадз æмæ зондæй та Семы хуызæттæ уыдысты. Уый раст нæ уыд, уымæн æмæ цард йæ- хи формæты æмæ реалистон-конкретон уавæрты чи ’вдисы, уыцы жанрты æмткæй реалон пропорцитæ хæлд хъуамæ ма цæуой. Æндæр хъуыддаг у сатирæ—ам æндæр аивадон фæ- рæзтæ æмæ критеритæ ис, ам алцы дæр, амад цæуы архайдьт алогизмыл. Уымæ гæсгæ, иу кæнæ иннæ уацмысæн æмæ ар- хайæг цæсгомæн аргъ кæнгæйæ, æдзухдæр зæрдыл дарын хъæуы, цахæм жанрæй фыст у, нывгæнæг нын цахæм фæрæи- тæй «гом кæны» цард. Худыны хуызтæй ирон хæстон лоэзийы уæлдай арæхдæр æмбæлы фæлмæн мидбылхудтджын юмор. Хъизæмæрттæ æмæ тухиты сфæлтæрæг салда- тæн йæ бон у, æмæ мæлæтæй ахынджылæг кæна. мацæмæ йæ дара. Салдаты цардбæллон тыхджын- дæр у мæлæты тасæй. 1 Асаты Р. Хæстоны сис, 22 фарс. 2 Калоты X. Хуры тын, 63 фарс. 167
Æртæ хатты мæ писыртæ ныгæдтой, Фæкуыдта мыл æртæ хатты мæ мад. Æрæздæхтæн æртæ хатты дæр мæрдтæн — Салдатæн, дам,, дзæнæты нæй бынат. Нæ дзы ис тох, дзæнæт, дам, у улæфæн, Зымæг, дам, дзы арахъ нуазæн нæй, Фæлæ, дам, цу, ирон салдат, дæ фæд-фæд,— Æз дæр та-иу æрæздæхтæн фæрнæй.1 Ирон адæмон юморы стихийæ æрбацыдысты по- эзимæ хъæлдзæг, хъазæгой, тæрсгæ чи «æ кæны, зындзинæдтыл рогæй чи уæлахи;з кæны, ахæм адæймæгты фæлгондзтæ. Иу цалдæр дзы ис Гафез- мæ. Сюжетон-юмористон æмдзæвгæтæ. Тас ,йæ фæсонæрхæджы дæр кæмæн нæй. уыцы салдат Бады акъоппы... Æсуыдта, Немыц æм кæй бырсынц, уый, Фæлæ зары: «О, мæ уарзон, Цæй-ма, цухъхъа мын æрхуый!» Æцæг афтæ кæй нæ уыдаид, уый гуырысхойаг нæу, фæлæ юмор у — уавæр цæуы алогиза’цигонд. Немыдаг вæмыг салдаты фæидыр куы фæхуынкъ кодта, сыбыртт дзы куы нал сыхъуыст, уæд лæппу сыл.гъыста, фелвæста йæ хæдæхс, рауади акъоп’пæй æмæ йе знæгтæн аккаг фæцис. Ие уæхск фæцæф, фæлæ ууыл нæу йæ мæт. Уæхсчы кой та мын цы кæныс, Уый мæ не ’ндавы бынтон... Фæлæ мæнæ... мæнæ фæндыр... У йæ фарс æгасæй гом...2 Æмдзæвгæ «Æхсæвы», зæгъгæ, уым дæр Æх- сарбег а’къоппы бадгæйæ мысы йæ хæдза:р, йæ би- нонты, цыма йæ фы.рт «’бады бæгуы лæгау» æм-æ абетæ фыссы. Æваст æхсæвы æмæ салдаты мыси- нæгты адджын сабырдзинад фехæлдта знаджы хæдæхсы «тра-та-та». .Æхсар.’бёг мæстæй ссыгъд, 1 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 52 фарс. 2 Гафез. Адджын у цард, 25—26 фæрстæ. 168
агæпп æм кодта’, æркодта йæ ахстæй æмæ йæм кар- зæй хæцы: — Сæрхъæн, нæ дын дзырдтон, , Сабыр, зæгъын, Лæппуйы ма. хъыг дар Чиныг кæсын.1 Æхсарджьин, сæрæн лæппутæ аргъауон юморы м’имиуджытæй хайджын кæй сты, уый бæрæг у, æм- дзæвгæты цы типикон клишетæ ис, уыдонæй дæр. Фæндьдодзæгьдæг — «Чи зоны, цæй бæрц фæхæ- цыд, чи зсны, цы уыд йæ хъавд», Æхсарбег дæр — «Чи зоны, цас фæцыд, кæм æмæ куыд». Æмдзæвгæ «Фæндыр» фыццаг хатт мыхуыр куы ’рцыдис, уæд хуындис «Уый мæ не ’ндавы бынтон», ардта хæстон Демченкойы ном (газет «Коммунист», 1943 азы 6 октябрь). Уæд æмдэæвгæ мæгуырдæр уыдис — фæндыр фæцæф, сал- дат йæ маст райста. Фæстæдæр Гафез æмдзæвгæмæ бахас- та уарзты темæ — лæппу зары йæ уарзоныл, ам ассоциаци дæр фæзыны: чи зоны, фæндыр ын уыцы чызджы лæвар у æмæ йыл’ знаджы нæмыг кæй сæмбæлд, уый йын уæлдай хъыг уымæн у. Стæй ма æмдзæвгæ ■— йæ фæлгондзтæ æмæ йæ лексикæйæ — райста ирон хуыз — «цухъа мын æрхуый». Хицæн хæстоны номыл кæй нал у, уый йын бæлЕырд кæны йæ иумæйаг-типикон ахаст. ’ Æз загътон, Гафезы æмдзæвгæтæ ирон адæмон юморæй кæй байрæзтысты, (фæлæ-ма ам зæгъьш хъæуы Твардовсжий Альжсандры æндæвдадыл дæр Теркины хабодрттæ — хьæлдзæг-хъæбатыр хабæрт- тæ æмæ поэты æндæр сюжетон æмдзæвгæгæ — уы- дон дæр уырыосаг адæмои зондджын юморæй рай- стой сæ миниуджытæ — æмткæй хорзы бацыдысты Гафезæн. Уацау «Хæхты чызджы» дæр .иуæй-иу бынæттæ ко,мкоммæ Твардовскийы фæзмгæйæ сты (дзырдæн, «Мæ цæвæг, дас -быныл æдас» — «Ко- си, коса, пока роса...»). Æз нысан кодтон, уацауы хуыздæр бьгнæттæ адæмон юморæй сæрст кæй сты — сылгоймæгты диалогтæ æмбырды, Баймæты 1 Гафез. Адджын у цард, 31 фарс. 169
хæдзары. Гафез уарзы сюжетрн архайд æмæ хорз арæхсы цардæгас диалог аразынмæ. «Хæхты чыз- джы» раз!мæ (1944) æмдзæвгæ «Хадизæт», зæгъгæ, уым хивæнд æмæ ,рæсугъд чызгыл сыхæгты устытæ дам-думтæ .кæнынщ: — Къух нæ атулдзæни доны, Аскъуыйа йæ зæрдæ уас... — Иу ми дæр сылау нæ зоны... Хæстмæ, дам, цæуы — куы фехъуыстой, уæд: — Мæлæты маркафа, ’нæ хæст Нал лæууы, йæ бонæй уа!1 Ам дæр фольклорон клише: «Чи зоны, кæм ах- уыр кодта, йе, жæм хæцыди, кæм цыд!» Сгуыхтдзи- •нæдтæ æвдыста, фæлæ æмдзæвгæйы кæрон, иннæ сюжетон-юморон æмдзæвгæтау, хорз нæ рауад: то- хы эпизоды фæстæ салдат загъта: «Уый мæ Хади- зæт (Кæй уыд». Уый ницы загъд у. йæ сати|рикон типтæ æмæ йæ худьины ма«ерæйæ хицæн 1кæны Плиты Г.рис. Адæймаджы моралон .сыгъдæгдзинад æмæ лæджьгхъæд иугæндзон кæй фæлгъауы, уый йьцн бæрæг кæ.ны йæ сатирæйы спе- ’ц-ификæ дæр. Суанг хæсты райдайæны дæр, иннæ поэттау, сур, фольклорон сидтытæ нæ кодта, фæлæ дзуры йæ хæлармæ, цом, фæцæуæм, зæгъы, хæст- мæ. Æмæ й,æм :ныккомком,мæ ис, йæ зæрдæйы уаг ы;н сгарын байдыдта. Æви ризыс?.. Уæ, фæхуд дæхиуыл! .— Ды кæддæр тыхджын куы хордтай ард: «Мах зæххæн куы ’рлæууа знаг йæ риуыл, Уæд æвгъау нæ кæндзынæн мæ цард»... Ау, уæд дыл цы ’рбамбæлдис, мæ лымæн? Тохы бон цы фæхъус дæ, цы, ныр? Сæр куы бахъуыд фесгуыхтæн, мæлынæн, Цард дæм уæд цæмæн фæкаст цыбыр?..1 1 Гафез. Адджын у цард, 40—41 фæрстæ. 2 Плиты Г. Салдат, 6 фарс 170
Поэты идеал — рæсугъд, тыхджьш, рæстаг адæймаг. Гъе уымæн баййардта йе ’мбæлтты (æм- дзæвгæ «Чи зоны») фыаджы уæлхъус йæ гуырыс- хотæй, йæ фарстатæй, йæ развæлгъау лропнозтæй, йæ дæлгоммæ ныхæстæй. Нымайы, ца-рды цахæм сахъатдзинæдтæ ис æмæ дзы цахæмтыл ныххæц- дзььсты иуæй-иутæ. Æшдзæвгæ у периодтæ — 4-гай строфæтæ, фæстаг строфæ дзы цæуы рефренау: йæ дыууæ фыццаг стихы ивынц, фæлæ фæстаг дыу- уæ стахы æнæивгæ сты: «Чи зояы, царды кæрæдзи абон фæстаг хатт уьшæм!» Фæстаг хатт кæй уы- нынц кæрæдзи, уый уæлдай тынгдæр домы се ’поæ- тæй д,æр, цæмæй æргом зæгъой сæ ныхæстæ, цæ- мæй сьш сæ кæрæдзийæ ’нæзыщд мацы баззайа, хъуамæ дзы алчи дæр «йæ тæригъæдтæ» зæгъа стьгр æмæ æнæфенгæ фæлварæны размæ. Фыццаг уал: «Чи нæ нуазы, уымæй æдылыдæр :нæй» — æмгæрттæ цы кæнынц, уый кæн. Стæй — карздаф: «Тохы ,нæ ми *1мæ нæ дзырдæн се ’хсæн кæй судзы хæрам». Стæй иоджы карздæр: Чъизи уд радымдзæн хæстæй, Саггуырд та размæ бырсдзæн, Иу нæ цæрдзæнис æмбæхстæй, Иннæ æргомæй хæцдзæн. Иумæйаг койтæй рахизы хицæн койтæм — хи- цæн адæйм’æгты бамбарынмæ: Ды, Тебо, дардæй æрцыдтæ, Бануазæм, цæй-ма, фæйнæ, — Иу хатт позт дæр куы уыдтæ, Хъæдмæ-иу ма фæлидз, нæ?.. Стæй та хицæн койæ ахизы иумæйаг-хаццæгон коймæ: Саггуырдæн никæд фæкæлы Риуы йæ ныфсы гæнах, — Уæдæ фæхудæм кæл-кæлæй Иумæ нæ тæрхъустыл мах. 171
Иумæйаг .кой та ахизы хйцæн коймæ— ногæй Тебомæ: Тебо, дæ былтæ куы змæлынц!.. Кувыс? Ныууадз ма, нæй дуа, — Адæймаг иу хатт фæмæлы — Хъуамæ рæсугъд мæлæт уа!.. Æмæ æшпæт уыдæттæ—иу ныса,нæн, лæджы- хъæды идеалы сæрашюнд: Хæцæны, иу фыры хъултау, Не ’ппæт куыд ралæууæм рæгъ, Иу мады фаззон хъæбултау, Знагæй куыд хизæм нæ зæхх!1 Æлвжст, хъæддых стих, кæрæдзийы цырд æййа- фæг ног æмæ .ног иымаинæгтæ, поэты фæлваргæ- сгаргæ-удфæлдахгæ ныхас — лрон а:дæм цæйау фæ- кæньинц: «Оу, мæнæ хæйрæджы ахæст фестæм!», зæгъгæ, раст уый хуызæн. Худт, тас, саогъæс, хъæр, фарста, тæрхон—ра- ив-баив кæнынц сæхи. Поэмæ «Иунæг»-ыл куы дзырдтон, уæд ма иьгсан кодтон, цахæм характер ис, Плийы фырты сатир.æй|æн. Плийы фырты худт арæхдæр у '.мæстытæ, æмбæстагон-оатетикон сар- казмæй, судзаг æмж дудаг. Фыстæг «Хъæмæ», зæгъгæ, уым хæсты грандио- зон-адæмон зиантыл зæрдæрисгæйæ дзургæйæ, по- эт ауыдта хицæн деталæй: Мæнæ диссаг! Мыст йæ хуынкъæй скаст. Фездæхти, фæстæмæ та нысхуыста... Иу ирон тæппуды хуыз æваст Цардудæй мæ цæстыты раз сыстад... Царди уый, цæры æмæ цæрдзæн... Ау, цымæ куыд фæхонынц уый цард та? Адæймаг йæ фидыц у æрдзæн, Уый та æрдз фæхудынæн ныййардта! Ахæм «мыстытæ» — сæхицæн хо.рджы,н, хъарм бынæттæ чи агуры — лæ фарсмæ кæй цæрьшц, нæ Плиты Грис. Стихтæ, Хиррауагъдад, 1957, 43—48 фæрстæ. 172
зæххыл кæй цæуьшц, ма-химж иу дон /кæй нуазыед, уыи поэтмæ хаттæй-.хатт фылдæр фыдæх æвзæрын •кæиы, æгæрыстæмæй, йе ’ргом зн’агæй дæр: Ме знагæн ныббардзынæн фыдгæнд, Фæлæ нæй тæппуд лæгæн тæригъæд!1 Ахæм «мыстытæ» знагæй æиæуынондæр уымæн сты, æмæ знаг ’знаг у, цæстæй-цæстмæ мемæ тох кæны æмæ цæстæйчцæстмæ йемæ мах дæр тох-кæ- нæм, «гмыстытæ» та сæхи нæ «льшæнтæ» хоныад, советсин æмбæстаджы кадджын ном хæссьшц, сæхи советон адæмы патриоттæ æмæ сæрхъызойтимæ иу .р>æихъьгл æвæрынц. Плийы фыртæн йæ иу ’ахæм «лымæн», хæст куы сцырын, уæд загъта «размæ!», стæй йæхæдæг ныллæсти къудзийы бын арф». Уы- цы «лы,мæн»-æй рабилцъ. кодта Гæбийы фæл гондз. Æрмæст уæлахизы бон «лымæн» слæст фæстæмæ «æмæ та< сгуыхт лæгты цæсгæмттæм æргомæй ба- уæндыд кæсьш», Гæби та — нал слæст, хъоргъы ным’мард: «Лымæн» нæу патриот, фæлæ у Иокариот (æмдзæвгæ дæр афтæ хуыйны), «ортодо’ксалон де- магог». Контраст ис ныхас æм,æ архайды ’хсæн, ном æмæ мийы астæу. Контрасты фæрихы поэт абæгъ- нæг кæны йе ’иæуыном «лымæнтæн» сæ чъизи, сæ ницæйаг удтæ æмæ сын сæ ныхыл ныццæвы, Лер- монтовы загъдау, «маст æмæ фыдæхæй сæрст» æф- сæн æмдзæвгæ.2 Пафос æмæ æлгъ. ’ Дæлгоммæ юмор æмæ иронийæ цæхæртæ калы æмдзæвгæ «Гæгу лæг у». Дзырдтæ сты æвæрццаг: «стыр патр.иот у, уый лæг у» æмæ сæ мидис та — æппæрццаг. Хæстмæ йæм куы фæдзырдтой, уæд «Фыдыбæсты сæраппонд йæ азтæй аппæрста æх- сæз», стæй та —«сæркъулæй рынчывдонмæ бараст æмæ дзырдарæхстдæр фыссæг йæхицæн ракуырд- та... сынтæг!» 1 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 12 фарс. 2 Плийы фырты æмдзæвгæ Смеляков схуыдта «строгий, чеканный, почти железный стих» (газета «Литература п жизнь», 2 сентября 1960 г.). 173
— О, дохтыр, не стыр Фыдыбæсты. — Дзырдта Гæгу,—æз уарзын тынг, Æмæ цынæ ’рцæуы! — Фыдхæсты Миййаг куы ахуысса мæ зынг, Уæд ма йæ чи уарздзæн мæ бæсты?1 Æдзæсгом, æнæфсæрм, намыс цы у, уый ма и:с- куы дзырдуаты чи бакæсы, ахæм у Гæгу дæр — Искариоты æфсымæр. Фæсхæст сæрысты.рæй ныф- фыста: «Æз дæн сæ ныфс Иры лæппутæн, æгадæй сты мæ фæрцы хызт...» Искариот æмæ Гæгуйы темæ, «мыстыты» темæ миййаг хæсты дуджы нæ баззад, — тынг ахсджиаг у ныртæккæ. Хуымæтæджы йыл нæ ’ныффыста йе ’мдзæвгæтæ Плийы фырт 1952 (<<Гæгу лæг у») æмæ 1954 азы («Искариот»), хуымæтæджы йæм нæ раз- дæхт 1962 азы дæр (поэмæ «Иунæг»). АЛЫ ХЪЫСМÆТТÆ Загътон-ма йæ, алы поэты щард æмæ сфæл- дыстады хæст алы æмæ алыгъуызон равдыста йæ- хи. Иумæйаг дуг, иумæйаг æрмæг, иумæйаг ны- сан... Фæлæ иумæйаг нæ амоны иугъуызон. Иумæ- йаг йæхимæ æрбайста бирæ индивидуалон биог- рафитæ, хæдхуыз, хæдахастытæ кæмæн ис, ахæм хъыамæттæ. Мæн фæнды, кæуыл загътон æмæ кæ- уыл нæ загътон, уыдонæй ма цалдæры тыххæй зæгъын, хæсты заман æмæ хæсты фæдыл поэзи- йæн æмткæй цы ныв саразынмæ хъавыдтæн, уый баххæст кæнынæн. * * * Хæсты азты не ’ннæ стыр моэттау, хæцæг адæмы тохмæ разæнгард кодтой, нæ поэзийыл æндæвтой Нигеры революцион-æмбæстагон нуа»р, зæлланггæ- нæг хъæлæс, латриотон-лæджьихъæдджын пафос. Хæсты агъоммæ Нитер цыдæриддæр хорзæй ныф- 1 Плиты Г. Стихтæ, 19—20 фæрстæ. 174
фыста, уыдонæн хæсты азты дæр сæ ахадындзинад егъау уыд. Хæсты заман поэты сфæлдыстады ног этап у. Цахæм характер ын ис, уый бæрæг кæнгæйæ, ли- тературæзонджыты раз кæддæриддæр слæууы фарста—<ирон адæмон сфæлдыстадимæ поэты баст- дзинад. Хæсты хæд размæ æмæ хæсты азты Нигер— паддзахадон Нарты комитеты уæнг—æмбырд код- та æмæ иртæста нæ номдзыд эпос, ныффыста нар- ты тыххæй сæрмагонд зонадон-иртасæг куыст. Уы- цы хъуыддаг æвдисæн у, поэт куыд бирæ уарзта адæмон сфæлдыстад, куыд иузæрдион æмæ йыл æнувыд уыд, уымæн. Адæмон сфæлдыстадыл куы сагъæс кодта, адæ- мон сфæлдьютадмæ иннæ хæттытæй лæмбынæгдæр куы ’ркаст, зынгæ æмæ фæлтæрд иоэт уæвгæйæ, уæд æм йæ аивдзинад фæкаст, бынтондæр æмбал кæмæн нæй, ахæм хуызæг æмæ йын йæхи æгасæй дæр йæ уазæг бакодта. йæ царддæттæг суадæттæй йын ногæй зæрдæйы фаг баназгæйæ, цæргæсау йæ сæрмæ уæлейау не стахт, дарддæр дзы нæ атахт. Истор’измы æнкъарынад Нигерæн комкоммæ историон темæйыл ницы ныффыссын кодта. Иунæг рагон адæмон кадæг ныффыста «Æмзораты чысыл Æмзор æмæ Дзлаты сау рæсугъд» (1943). Барахъ- ты Гинойы поэмæ «Азджериты Куы1цыкк»-имæ се ’рмæг, сæ сюжет иу у æмæ сæ куы абарай кæрæ- дзийыл, уæд хæсты рæстæгæн æмбæлондæр уыд— кæд бирæ раздæр фыст æрцыд, уæддæр—Барахъы фырты поэмæ. Барахъы фырт адæмон сюжет сис- та хъайтарюн-’патриотон бæрзæндмæ. Поэмæйы хъайтарты м.æт у: райгуырæн бæстæ хъуамæ фер- вæза тыхгæнджытæй. Азнауырты Бæстырæсугъды фæлгондз сæйраджыдæр нæ хъусдард не здахы йæ буары рæсугъддзинадмæ, фæлæ йæ зæрдæйы мастмæ—Ирыстон кæйдæр æфсондзы бын цæмæн ис? Чызджы уарзт æмæ райгуырæн бæстæйы уарзг æмиу ’баисты—Азджериты Куыцыкк тыхгæнджы- тимæ тох кæны уыцы иу рæстæг Бæстырæсугъды 175
сæраппонд æмæ йæ адæмы сæрашпонд. Уыцы то- хы ссары йæ мæлæт дæр. Нигер та адæмон сюжетæн радта къуындæг интимон ахаст. Уарзондзинад æмæ æнувыддзина- ды поэмæ дзы сарæзта. Дзлаты чызгæй нæм иу- гæндзон 1хъары йе ’ттаг рæсугъддзинад, йæ буары фидыц. Æмзоры дæр ахæм рæтты нæ фæлвары, иумæйаг адæмон интерестæн ахъаз кæм фæуа: фыццаг хатт ын æрхаста æртæ рувасы, дыккаг хатт ын байста кæйдæр чырæ, æртыккаг хатт. :ын сæ кæртмæ сыокъæрдта Хъара-Ногъайы рæгъау- Æрмæстдæр Æмзор тыхджьш, фердæхтджын, кæй у æмæ Дзлаты рæсутъды кæй уарзы, æндæр дзы ни- цы обæлвырд кæны йæ фæлварæнтæй. Бараьхъы фырты поэмæ у хъайтарон-эпикон, Нигеры поэмæ—рамантикон-лирикон, кæд дзы традицион эпикон клишетæ—^портрет, традицион фæлварæнтæ, тр&дицион типикон фæлгондзтæ ис, уæддæр, мæлгæ дæр традицион мард акæнынц— чызг фены лæпшуйы мард æмæ йæ уæлхъус хæс- гардæй йæхи æрбаргæвды. Уæздан лир^икон атмос- ферæ ис Дзлаты рæсугъды алыварс, уæлдайдæр йæхи найынмæ куы рацæук Теркмæ, уæд. Тоны■ ди- динджытæ æмæ сæ калы доны: Дидинджытæ фыццаг лæууæгау акæнынц, Лæууæгау акæнынц, стæй сæ уæд дон Ассæнды æмæ сæ аскъæфы йемæ. , ■. Бирæ-бирæ фæхъазыд, стæй уæд дондзиуау Иæхи Теркмæ æваст иу зыввытт ныккодта... Исдугмæ нал фæзынд, стæй йын йæ дзыкку, йæ даргъ цыллæ дзыкку дон куы сфæйлыдта. Айвæзта йæ цæнгтæ æмæ кæсагау, Фурды ’ргъæу кæсагау ленчытæ систа.1 1 Нигер. Равзæрст уацмыстæ, 266—268 фæрстæ. 176
Нигеры лиризмы хъæд (æууæл), камкоммæ хæсты тема’тикæйыл кæм фыссы, уым разыны æр- гомæй. Салдатæн йæ хо скодта цъында-хæдон (æм- дзæвгæ «Хойы ныстуан»). Дæ сæрвæлтау мæ сæр фæуа, Мæ мады зæнæг, мæ,— Æвзыгъд уарийау чи атахт Гæрзифтонгæй хæстмæ. Салам дæхицæн, де ’мбæлттæн, Цыдæриддæр æсты,— Каед, чи зоны, æххуыс вæййы Чызджы салам хæсты.1 Рæихъытæ цæуынц фæлмæн, уарзæгой, æф- сæрмдзæстыг зæрдæйæ. Æмæ дзы зæрдæйы змæлд, зæрдæйы рæстдзинад хатæм («Кæд, чи зоны, æх- хуыс вæййы чызджы салам хæсты»). Фæлæ йæ нывонды ныхæстæ («Дæ сæрвæлтау мæ сæр фæ- уа»), йæ фæлгондзон мадзæлттæ («Æвзыгъд уари- йау атахтæ», «Церечы згъæр дын басгуыхæд, фы- дæй дæ ба(хизæд, фыдгулы кард æй ма кæрдæд, нæмыг дзы ма .хизæд»), æшпæт йæ поэтикæ æмæ йæ мидис сты рагон. Хæсты азты Ирыстоны хъысмæт (фыдæлтæй фæстæмæ скъуыддзаг куы дыдис, цы нæм уыд æмæ нæм цы ис, уый уа æви мауал уа, ууыл куы код- та’м сагъæс, уæд, цыма, поэт растын кодта Ирьис- тоны йæ иууыл рагондæр заманæй æмæ йæ сдзу- рын кодта йæ патриархалон-архаикон дзыхæй. Æмдзæвгæ «Сидт»—^^цыма нæ фыдæлтæ цæ- уынц хæстмæ: Æйтт, лæппутæ! Уæ хаст бæхты хорæй афсадут, Хъæстæлвæстæй, гæрзифтонгæн хæстмæ рацæут! «Джитын, рæхцын» (ракæ-бакæ, катай) нæ зо- ныни.. Газет «Рæстдзинад», 1941 азы 3 октябрь. 12. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 177
Сапон-æхсад, айк-æвдьтлд бæх '| быдыртæм кæсы, Топпы фатау йæ барæджы размæ уый хæссы.1 Æ.мдзæвгæ «Багъæц-ба, куйдзых»—фыдæлтон æлгъыст æмæ хъарæджы лексикæ: Уастæн бахæра, Ба, рæхджы бонты, Уый йæ сау фыдтæ Ие ’лсызгондæртæн. Уæ, мæ уарзон зæхх, Уæ, мæ ныййарæг, Уæ, мæ уромæг, Уæ, мæ цæсты рухс.2 Æмдзæвгæ «Ногбоны арфæтæ»—чфыдæлтæ ба- лæууыдысты хæдзары къæсæрыл: О, буц хæдзаронтæ, Фæрнджын хæдзаронтæ... Хорз койтæ фехъусут Уе ’фсæддон кæстæртæй... Æмæ сæ куывды бон Къулæнцой бадгæйæ Хорз куыд фæцæл кæнæм, Сыкъатæ ’ппаргæйæ.3 Æмдзæвгæ «Ирон зарæг»—раджы заманы чызг ,йæ фæндыры цагъдмæ мысы йæ уарзон лæппу- салдаты: Мæ рæзгæ уарзон—Германы хæсты, Йæ нывонд фæуон, ,йæ сæрыл хаст уон! Мæ уды гага, мæ дыууæ цæсты— Æвзыгъд сау лæппу, хъæбатыр хæстон! Адæмон зарджыты хæрх чи у, уьщы зæлон па- раллелизм (ома параллелизмы фьгццаг æрдæг 1 Нигер. Равзæрст уацмыстæ, 170—171 фæрстæ. 2 Газет «Рæстдзинад», 1942 азы 9 апрель. ! 3 Газет «Рæстдзинад», 1945 азы 1 январь. 178
хъуыдыйæ æ,мæ æнкъарыдадæй баст нæу шаралле- Л’йэмæн йæ дьиккаг æрдæлимæ). Тæрæзтæй барстон мæ мады бæсты, .Сионы зæйæ нæ ком куы ’хгæны. Мæ рæзгæ уарзон Германы хæсты 1 Иррн дзыллæйæн цæсгом куы кæны.1 Чысыл, цыма, нæ дугмæ хæстæгдæр у æмдзæв- гæ «Хæсты быдырæй». Салдатæн йæ уарзон чызг цы хъару дæтты, цы ньифс ын у, уый дзы иумæйаг- адæмон фæлгондзтæй нæ,—^конкретондæр, хиахаст- джын деталтæй у æвдыст. Салдат йæ уарзон чыз- джы уыны фыны, хурæокасты хæлтты æмæ йын фæсуры йæ зынтæ. Адзал йæ фарсмæ куы ’рбалæу- уы, уæд æм дондзæст æртæхæй дæр скæсы йæ хуыз. Куы фæцæф уа, уæд та куры: фæзынæд æм, йæ цæфтæ йын бабæттæд—«сæ !бæттæн сын сæ рис йæхвмæ исдзæн». М^иййа.г æм цæикуылтæй, гуыл- мызтæй куы ’рцæуа, уæд та куры: Каен-иу мæм, цæй, фæлмæн ныхас æрмæст, Æмæ-иу мæ ма фæнæм дæ цæстæй, Æмæ уæддæр уыдзæни цард ,мæ хай, Мæ иыфс, мæ тых, мæ царды рухс, чызган!..2 Нигер æнхъæлдта, зæгъгæ, нарты кадджытьг аивдзинад тынгдæр куы фæхæщцæ уаид ирон поэ- зимæ, уæд ын стыр ахъаз ’бакæнид йæ рæзтæн.. Адæ’мон-фолькл’орон эп’и.кон поэмæты йæм куыдфæ. хæццæ, уый федтам. Нитерæн йæхи поэзимæ куыд хæццæ кодта, уый дæр уынæм: хицæндзинад сæм æрмæст уый ис, æмæ фыццæгтæ нæртон традици- йæн истой йæ фæлгондзон амалтæ йæ эпикондзи- нади’мæ иумæ. Нигер та нæртон традицийæн иста йæ фæлгондзон амалтæ, адæмон лиро-эпикон уац- 1 Журнал «Мах дуг», 1945, № 1, 40 фарс. 2 Журнал «Мах дуг», 1945, № 2, 28 фарс. 179
мысты, уæлдайдæр «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы ли- ризмы куыд сывдылдысты æмæ ног ахаст куыд райстой, афтæмæй. Æвæццæгæн, Нигер, æвæджиау курдиаты хицау, æмбæрста, сыгъдæг эпикондзина- дæй кæй ницы бакæнæн ис. Нигер ма фольклорон- адæмон уацмысты автортæй уымæй хицæн кодта, æмæ нарты а’ивдзинадæй механикон æгъдауæй нæ пайда кодта, фæлæ уыцы аивдзинад сси «йæхи», йæ зæрдæидоæ æмцард (бакодта, сарæзта сын орга- никон иудзинад. Гъе, уымæ гæсгæ Нигеры хæсты азты поэзи æрмæст фауынæн, æрмæст æфхæры- нæн не ’нтьисы. Зындгонд уацмыс «Мæлæг æфсæддоны фæ- дзæхст» Нигер’ныффыста, знаг Ирыстоны зæххыл йæ цъаммар митæ куы бакодта, уæд. Салдат æн- дæр кæмдæр фæцæф, æндæр зæххыл мæлы, фе- хъуыста, йæ райгуырæн Ирыстоны йын йæ ныййа- рæг хæдзарæй фашисттæ кæй хынджылæг кæнынц. Салдатæн йæ зæрдæйы уидæгтæ уарзт æмæ фыдæ- хы сой цъирынц ирон адæмы рагон цардæй, йе ’взаг дæр дзуры ирон адæмы рагон дзырдтæй. Раппæрстой сын сæ сау рæхыс, сæ къона сыи фехæлдтой, йæ хæдæфсæрм, хæднымд дардæмба- лæн ы.н судзгæ маст скодтой æмæ бафснайдта йæ сæр, йæ мады йын расыг салдат уынгмæ раласта йæ дзыккуйæ. Рагон ирон маст аамæ ’æфхæрды карз æвдисæнтæ. Салдат куры йæ мадæй, цæмæй йыл кæугæ ма кæна^—«тыхгæнæг тæригъæд нæ фæзоны», салдат хорз хæцыдис æмæ йын дыт кæнын хъæуы хъарæ- гæй нæ, фæлæ зарæгæй. Номдзыд фыд æмæ мад сæ хъæбултыл никуы куыдтой. Мадимæ ныхас — æрдзонæй, æнæтыхсгæйæ — рахызт Ирыстонимæ ныхасмæ: Хъарæг мыл ма кæнæд, зарæг мыл азарæд, Курын, мæ райгуырæн зæхх, Дзаг хъæлæсæй-пу мыл илæлæй ныккæнæд. Сгуьгхт лæг иумæйаг вæййы адæмæн æмæ йыл- -иу зарæг скодтой, фæндырты-иу æй цагътой Иры чызджытæ. 180
Салдат—мыггаган -цардуаджы этикæйы ры- царь—йæ мадæн йæ къайы кой скæн’инаг куы у, уæд: «О, мæ ньшйарæг, дæ фарн мæм, цæй, ма хъусæд», — мадæн æй йæ «иунæг чындз» хоны. йæ сабийы кой йын куы кæны—«ныххатыр мын кæн...» Рагон иатриархалон салдат. Рагон патрмарха- Л’О-Н ЛИр1ИЗ'М. Æмдзæвгæ «Мæлæг æфсæддоны фæдзæхст» йе , стих, йе ’ндæвдады егъау хай кæмæй райста, уыцы «Салдат»-ыл æй куы айар.ай, уæд уымæй дæр ра- гондæр у. Хетæгкаты Къостамæ дæр ис æлгъыст, сомыйы фразеологи («Удæнцой ма фена», «О, мæ ныйй.арæг, уæд дын æз æрбамæлон»), æмткæй хъарæджы хиуыл/хæцгæ лиризм, фæлæ Къостайы салдат махмæ æввахсдæр у йæ дунеæмбарьшадæй, йæ зæрдæйы уагæй. Цыма Нигеры æмдзæвгæйæн йе стих дæр фæрагондæр ис, афтæ дæм фæ,кæс- дзæн, ритм фæронбæгъд, 1 æмæ 3 стих бынтон- дæр нæ рифмæ кæнынц. Нигер нæ бацлуæрста этнографион-зæрдæ- окъуынæн деталтыл, мæлæг æфсæддоны «ыхас дзы æгæр сгуьщпар кодта, йæ ныфсы хъæлæс дæр фæлмæндæр у Къостайы салдатæй («Фенæм уал... Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, чи мæ цы айса— йæхи!..»), фæлæ Къостайы салдат удæгас у, Ниге- ры салдатæн та—йæ зынг ^хуыссы. Критоктæ дзы фехъуыстой «лæмæгъдзинад, фæсмонæй тыхсæг адæймаджы хъæлæс». Æцæг советон салдатæн, да.м, тохы амæлын æнцон у. «Æцæг советон хæстон йæ уд исгæйæ, йæ царды фæстаг м^инут йæ мадæн ныууадзы фидар зæрдæ- дарæн ныхас—æнцой».1 Нигеры æмдзæвгæйы—уадз, йæ рагон хуызы!— тыхджын разынд хæсты трагизм. Мæлгæйæ, охъæл, тудт, «оптимистон» ныхæстæ нæ, фæлæ карз, рæс- таг, зæрдæбын ныхæстæ схауы лæджы дзыхæй. 1 Газет «Рæстдзинад», 1944 азы 26 декабрь. Уац «Иукъорд пььхасы Ирыстопы фысджыты куысты тыххæй». 181
Мæлын зын у, знæгтæй æххæст дæ маст ма райс, уæлдайдæр афтæмæй, &мæ уыцы зындзинад рав- дисгæйæ, Нигер йæ салдатæн зæгъын кодта ныф- сы ныхæстæ дæ.р (дзæгъæлы сæ нæ федтой кри- тиктæ), йæ ньгййарæджы æнцад ’кæны, хъарæг, да.м, ма кæи («Ма ку, мæныстæн, мæ мад!»), сау дуг .æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц, фыдгул р-а^х- джы сæргой фæуыдзæн «æмæ та ногæй нæ хæст- над Ирыстоныл ракæсдзæн, ра, уæдæ, хур!..» Æмдзæвгæйы трагикон зæлынадæн ахъаз кæ- нынц алыгъуызон фæлхатæнтæ (синонимон æмба- рынадтæ), эмоциол оидæнтæ. Хурæргом æрбауа, хауæггаг æрбауа, Уастæн, нæ сафæг, нæ рын! О, гыцци, о, гыцци! ’Нæ цæстыл хæцæгæп Мæнæ æдзардæй ’мæлын...1 «Сау уац æрбахаста, сау уац...», «Сыхбæсты, хъæубæсты», «Ой, джиди, гыцци», «Хæстæн йæ гæмæнмæ, хæстæн йæ цырынмæ», «асастæн, амард- тæн» ^емæ а. д. Адæмон лиро-эпикон уацмысты паракат чи у, уыцы фæлхатæнон амал. Э.пикондæр, сурдæр рауад Нигеры поэ.мæ «Сырхæфсæддон дзурдзæн». Уый дæр мæлæг æф- сæддоны фæдзæхст у. Дзурæг-салдат куы фæвдеф, уæд æм ирон ныхас кæцæй фехъуыст, уырдæм йæ фазыл балæст: ирон лæппу мæлы æмæ фæдзæхсы, цæмæй йын йæ хабæрттæ фæдзура Иры чызджы- тæ æмæ лæппутæн, йæ мадæн æмæ йæ ам та уæл- сыджыт м.а ныууадза. Хæсты быдыр дзы зыны зæр.даив-’бадзырдонæй—«туг, сырх-сырхид туг, уади суадæттæй» æмæ æндæр ахæмтæ. Йе стих у лыггонд, кæрдихтæ-кæрдихтæ, рифмæ нæ кæны, хъæбæр ритм дзы нæй, æнцад-æнцой, æвæццæгæн, поэты фæндыд, цæмæй йе стих æфсæддоны норма- лон «ыхасмæ æрхæстæг уа (хвдо’н ын у «Æмзора- ты чысыл Æмзор æмæ Дзлаты сау рæсугъд»-ы стих). 1 Нигер. Равзæрст уацмыстæ, 165—169 фæрстæ. 182
Исторшмы æнкъарынад æгæр дард кæй акод- та Нигеры ирон адæмы ивгъуыды идейон-аивадон тармæ, уый хорз уыдаид, куы ма йæм бафтыдтаид нæ нырыккон ахаст хæстмæ, ;нæ нырыккон поэти- кон .фæрæзтæ, йæхи сæрмагонд индивидуалон фæл- тæрддзинад. Зæгъæн нæй, æмæ хæсты азты с’æрма- гонд фæлтæрддзинад нæ уыд Нигермæ. Дзадтиа- ты Тотырбег фьюта, зæгъгæ, «Дзанайты Иван Мæздæджы быдырты, стыр туджы зæйтæ кæм æр- цыд, уьщы бынæтты колхозонтæ, кусджытæ æмæ инженерты æмуæхск къахта белæй ингæнтæ немы- цаг танктæн. Фæстагмæ Иван ам ссис аразæг ба- тальоны разамонæг джр».1 Фашистон лæгмартæ Ирыстонæй тард куы ’рцыдысты, уæд Нигер куыс- та, знæгтæ цы фыдмитæ фæкодтой æмæ цас зиан æрхастой адæмæн, уыдон чи бæрæг кодта, уыцы къамисы уæнгæй. Къорд уацы рауагъта, цыран худинаджы гакк æвæрдта гитлерон абырджытыл. Афтæмæй поэтмæ уыдис хисæрмагонд фæлтæрд- дзинад, ;фæлæ йæ поэзимæ йæ нырыккон хуызы нæ бацыдис. Нигеры хисæрмагонд фæлтæрддзинад кæд искуы- дæм бащыд нырыккон фæрæзтæй, уæд Коцойты Арсены номыл кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæ— «Знон цыма уыд уый», зæгъгæ, уымæ (1943). Поэ- ты зондджын сагъæс, реалистон-крнкретон. Саби- йæ хъо/лтæй хъазт, йе '’М’бæлттимæ хылтæ. «Æр- куыдтон-1иу, уæддæр хатыр нæ куырдтон». «Фæци нæ хъазт... Æз ацыдтæн æм;былдæй». (Хуымæтæг, дзæбаах саби—тынг ыл æууæндыс). Куы фестыр- дæр, уæд цæуы уæлыгæс, сси фиййау. Чысбын лæ- бырдт<е. Зæйтæ уагъта рæгътæй- (Алцы дæр дзы у бæлвырд, алы деталь дæр). «Стæй та-иу фæза- рыдтæн фаг М’игътæм». рСæхтæ—^бæрзо,нд, мигъ- тæ—йæ хæдсæрмæ кæнæ йæ фарсм.æ, куыннæ сын зарыдаид!) Поэт йæ конкретон нывтæ фæхидæн кæны æр- тæ хатты фразæйæ: «Знон щыма уьгд уый»—æм- 1 Журнал «Мах дуг», 1947, №5, 34 фарс. 183
дзæвгæйы лейтмотив кæуыл баст у, уыцы æрдæг рæнхъæй. Поэт еа.гъæс кæчы рæстæджы цыдыл, рæстæджы ивындзин’æдтыл. Фæстаг хатт куы загъ- та: «Знон цыма уыд уьш», уæд æрæвæрдта ив- гъуыд æмæ абоны а.стæу колтрасты арæн—«фæ- лæ» («Фæлæ ныр кæс...») æмæ афыста йæ абон: йæ рустæ—уырынгтæ, æмпылд, æрæмбæрзта сæ халас, йæ сæр — гæм’æх... «Мæ фæззæг мыл æр- цыд æваст». Мах хъусæм поэты къæхты бынæй су- лæфт. Зоны, цард цьибыр кæй у, фæлæ цард æнæ- хъуаджы кæй нæу, куыд æмбæлы, афтæ йæ куы рацæрай, уæд. «Уый <бо;нтæй баргæ нæу, фæлæ фæллойæ». Фæллой нын кæны нæ цард медис- джын, цæрыны аккаг, адæймаджы аккаг. Дæхи йын радт æмæ дын уый дæр ратдзæн Дæ бæсты фарн, дæ адæмæн йæ хорзæх, Мæрдон рæстæг уæлæуыл бонтыл бафтдзæн, Æмæ дæ цард сæдæ уыдзæни, хорзæй!1 Конкретон æмæ философон—адон йæ фæлгæт- ты бавæрдта поэты иу, æнæхъæн, æнкъард æмæ рухсдзыд сагъæс. Ацы æмдзæвгæ дæр куынæ уыдаид, уæддæр хæсты азты Нигер >цы сфжлдыста, уый ахæм фæ- зынд у, æмæ йæ ’иувæрсты æнæрхъуыдыйæ ацæ- уа;й, дæ хъус æм ма ’рдарай, уый гæнæн нæй. Стыр поэт йæ къуыхцытимæ дæр стыр у. * * * Поэмæ «Хуры фæдисон» («Хæхтæ-уарт») куы ’взæрстон, уæд дзы рахицæн кодтон дыууæ бына- ты—рагон патриархалон лиризм кæм ис, уыдо,н. Хæсты азты Дзугаты Георги ныффыста къорд æмдзæвгæйы. Иумæйаг-фольклорон сты æмæ уымæ гæсгæ æмткæй хæсты поэзийы фоны нæ разын- дысты. Хæсты фæстæ, 50-æм азты дыккаг æмбис, поэт уырыссаг æмæ нæхи ирон поэзюйы фæлтæрд- дзинадæй куы схотыхджын, йæхи зæрдæйы фæл- 1 Нигер. Равзæрст уацмыстæ, 178—179 фæрстæ. 184
тæрддзинад дæр куы фæарфдæр, куы фæхъæз- ныгдæр, уæд фæстæмæ раздæкт йæ раздæры хæс- тон æмдзæвгæты темæтæм. Сæ астæу бастдзинад ис, æнгæсдзинад, фæлæ сæ кæрæдзийæ тынг хицæн кæнынц—(фæстаг хатт цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон сæ раздæры 1вариа!нттæм (афтæ схонæн сын ис), цыма, кæсынц уæлейæ бынмæ. Салдат фæдзæхсы (æмдзæвгæ «Фæдзæхст») йæ мадæн, миййаг куы амæла, уæд ыл саутæ куыннæ окæна, хъарæг ыл’куышнæ кæна, фæдзæхсы йæ куырдуаты рæоугъдæн, йæ ; фæндыр-иу тынгдæр куыд айваза, .фæдзæхсы йæ тохы æм&æлттæн, фын- гыл куы уадзой рæгъытæ, уæд-иу ын йæ ном куыд ссарой. Къоста æмæ Нигеры сти;х, сæ сомытæ («Уæд дын æз æрба’мæлон, мæ уарзон ныййарæг», «Уæд дын æз ныммæлон, мæ куырдуаты рæ- сугъд»). Дзуры зæрдæйæн а’хсджиаг, судзлæ ха- бæрттыл, фæлæ р.иторикон-декларативо.н у. Салдат æууæнды, зоны, уæлахиз кæй уыдзыстæм знагыл (æмдзæвгæ «Хæцæнæй»). Мах размæ фæбырсæм, нæ налат фыдгул Æссардзæн йæ мæлæт, йæ кæрон,— Уæлахизы стыр бон нæ сахъ фæсивæд Цытимæ кæндзысты сæ кæнон.1 Æмæ хæстæй бирæ фæстæдæр—æмдзæвгæ «Хæ- цæны». Эволюци <цæуы иумæйаг фольклоризаци’йæ Вигеры лиризммæ. Салдат æнкъарын байдыдта, йæ ныхасы зьшынц хæсты тра.гиз^мы нотæтæ. О, гыцци, мæнæ æцæгæлон зæххыл Сонтæй куы хуыссы мæ зынг.2 Тугæй ныхгæдта йæ хъæлæс, йæ ныййарæджы ном сдзуры, бæллы йын йæ зæрдæйы хъарммæ, йæ цæстæнтасмæ. Салдаты хъуыдытæм бафтыд ног деталь—«сау гæххæтт, сау сынтау, атæхдзæн 1 Дзугаты Г. Уацмыстæ, 85 фарс. 2 Дзугаты Георги. Зæрдæйы дæгъæл, Хиррауагъдад, 1959, 49—50 фæрстæ. 485
Ирмæ». Патриархалон ирон салдат йæ куырДуа- ты чызгæй ,хо куы зæгъы, амонд ын куы уарзы йæ цæст, уæд æй йæ номæй нæ хоны—«Табу дæ фар- нæн... дæ куырдуаты кæстæр...» Мад æмæ хæстоны уавæр зьвй кæй у, уый хъа- ры зæрдæмæ (æмдзæвгæ «Дард у мæ акъоп нæ Ирмæ...»). Гафезы «Мысы зæрдæ» æмæ мады тык- хæй иннæ æмдзæвгæтау, Дзугайы фырты цæстыл ’уайы: мад нæуæг ахст |цыхт исы къусæй, къуым- тьг фæцæуы цъустай, уадултыл цæосыг æртулы... Поэт дзы куры, бабыхс, зæгъгæ. Гыццн, рæхджы дæм фæцæуын, — Курын, кæуын та-иу ма сис...' Поэт хицæнæй дзуры йæ къаймæ дæр (æм- дзæвгæ «Æрцыди та уалдзæг»). Хавсты реалистон комытæф ныл дзы æмбæлы. Нымæтхуд ын æууæр- ды, бæргæ-иу дзы йæхи хъал кодта сæосимæ,- хæх- ты, фæлæ ныр— Нæ хъæуы, мæ дуне, ныууадз уал æй, Ам дарæм æзгъæр худ—æндон. Уый хизы салдаты фыдадзалæп, Куы та дзы фæнуазæм дон.2 Фæлæ салдат йæ латриархалон этикæ нæ рох кæны. Вигеры мæлæг æфсæддонау, куры йæ .къа- йæ, авдæнæмбæрзæнхыз куыд фæзила уæлæрдæм æмæ цалынмæ нана не ’рцыд, уæдмæ йæ сабимæ ныккæса. Раздæры æмдзæвгæты цы темæтæ, цы хъуыды- тæ ис, цыма ам дæр æндæр ницы ис. Фæлæ сæ кæ- рæдзимæ поэтикон-эмоционæй куыд дард лæу- уынц! Хæсты фæстæ Дзугайы фырт хицæн сгуыхт адæймæгты ном ссардта къорд æмдзæвгæйæ. Ни- геры «Мулдар»-ы куыд у, афтæ «æрсабыр æрдз, æггпæт йæ адыл», «цъæх нæзьшæн йæ быны бады 1 Дэугаты Г. Зæрдæйы дæгъæл, 54 фарс. ^ Уый дæр уым, 57 фарс. 186
хæстонты бал». Булкъон салдæттæн кæ.ны иумæ- иаг-лек’цион иыхæстæ. Дзæгъæл нæмьиг ыл сæм- бæлд> амардта йæ, Салдæтты йал булкъоньг туг райстой, йæхи йын банытæдтой. Символон кæрон (фольдлорон): «Нæ а>хиздзæн, булкъон, дæ сæрты зæххыл — знаг, уæлæрвты •— .маргъ»1 (æмдзæвгæ «Булкъон»). Иумæйаг æмæ уымæ гæсгæ конкретонæй ницы дзурæг фыдохы æмдзæвгæтæ ныффыста Советон Цаедисы хъайтартæ Хъоцыты Къоста æмæ Цоциты Уасилы амæлæтыл («Ингæны уæлхъус» æмæ «Хаесгæмард»). Кадæгон-одæйон у «Иссæйы за- рæп». Иры чызджытæ йын фæндырты цæгъдынщ йæ кад, йæ риуæй йæ яорзæхтæ ’рттивынц. Сæуæхсидау у дæ карды ферттывд, Ныгуылæн фурдтæ—дæ бæхнайæнтæ. Карпатьг хæхтæ—дæ кадвæндæгтæ, Нæ Иры номдзыд, цæхæрцæст хæстон!2 ЧинЫг «Зæрдæйы дæгъæл»-мæ чи бацыд, уы- цы æмдзæвгæты Дзугайы фырт комкоммæ нал раздæхт ирон хъæбатыр хæстонты темæмæ, фæлæ ныффыста æмдзæвтæ уыцы хъæбатырты фыдæл- тæй -иу—мидхæсты хъайтар Харебаты Исахъыл. Йе "хсаргардмæ йын дзуры, йе ’хсаргарды поэти- кбн истори уайы йæ цæстытыл. Æхсаргарды нук- варсыл хъазы сырх тьврыса, -сæуæхоид ыл пæрнпæр кæны. Цыма музейы сабыр къуымæй сыстад æмæ кæддæр йæ хицауы къухы цы уыд, уый та фестад. Нæ, мæ, æдзæм кард дæ нæ хонын, Ды дæ æгæсты ’хсæн æгас. Кæс-ма, куыд æссудзы дæ комыл Кæйдæр цæхæрцæсты æнгас.3 .Хъзэдды’х, лæджыхъæдджын интона’ци. Æм- дзæвгæ-фæринк. Афтæфыосьш хъуыд Фыдыбæс- тæйы хæсты бæтъатыртыл дæр. 1 Дзугаты Г. Уацмыстæ, 87 фарс. 2'’Уьвй дæр уым, 91 фарс. 3 Дзугаты Г. Зæрдæйы дæгъæл, 66 фарс. 187
Уырыссаг æмæ иран адæмы хæлардзинадыл цы æмдзæвгæтæ æрцыд >фыст, уыдон æхсæн бæрæг бы- нат ахсы Дзугаты Георшйы летендæ «Уырыссаг бæрз» (1955). Афыстон элемент дзы къаддæр куы уаид (уæлдайдæр лæппу куы фæцæф, уæд хæх~ бæстæ æмæ бæхдугъ кæм мысы, уым), уæд хæрз- конддæр рауадаид. Легендæйы :куыд вæййьь афтæ дзы ис æнахуыр хабæрттæ: дæф ’хæстонмæ бæрз фæдзырдта йæ мады хъæлæсæй, знаджы бæх- джынтæ куы ’рбацæйцыдысты, уæд æй йæ къалиу- ты аууон бамбæхста, стæй йын йæ сой бадардта, хæстонæн й,æ тыхтæ фæстæмæ раздæктысты æмæ дарддаар адыд хæцынмæ. Уырыссаг бæрз æмæ ирон лæппуйы легендарон хабар у ирд æвдисæн нæ адæмты идеалты хицон- дзинадæн, сæ царды нысанты æмиудзинадæн. * * ^ Цалдæр фиппа’инаджы Джусойты Нафийы хæстон лирикæйы тыххæй. Поэт цардис иу цардæй йæ бæстæимæ, иу фæз- дæгджын æмæ карз уæлдæф улæфыд йæ адæми- мæ. Зæрдæйы æвкъарæиты зынгæй чи сца^хæр калдта, уыцы æмдзæвгæтæ сты хицæн -æртытау — кæрæдз>имæ дæрддзæфгомау каед рухс кæнынц, уæддæр Ч1иныг уыдонæй чиныг у. Нафи райста ирон салдаты фæндаг—йæ хæдза- ры къæсæрæй суанг Берлины уонг. Сарæзта ирон салдаты æмбырдгæнæн тип: хъæууон лæг у, ис ын мад, ис ын сывæллон. ,йæхи сээрматонд цардон- адæймаган «æз» нæу, фæлæ—лирикон хъайтары фæлгондз. Уымæ гæсгæ æмткæй чиныджы арæзт- мæ, йе ’мдзæвгæтæй иу къордмæ фæхæццæ кæнгæ афыстон элемент, иумæйаг схематизм. Фæлæ дзы оæйраг сты æмдзæвгæтæ-æртытæ, поэты уырнынад æмæ уынынадæй чи ссыгъди, уы- дон. Сæйраг дзы у салдаты зæрдæ—чиныгæн йæ ном йæ уæлæ ис. Поэт йæ чиныджы цы салдаты ти1п сарæзта, уымæн йæ «цармы бабырыд»7 æцæг курдиатджын артист йæ фæлгондзы куыд бацæ- уы, афтæ. 188
о На-.фи зыдта æмæ йæ риуы хаста адæмы дзы- хæй дзургæ офæддыстад. Йæ сæнтты йæ мадмæ ацæуы, хъусы йын йе ’лхуыйы зыр-зыр. Мысы, йæ мады аргъæутты кæран-иу æй «куыд фæндыдис хъæбатыр лæт уæвын» (æмдзæвгæ «Гьщцимæ»). Хъæбатыр хæстон лæг оси, фæлæ фольклорон- адæмон эстикæйы традиди цæттæ-ифтонгæй не сфы/ццаг кодта йæхицæн, салдатаг æмдзæвгæтæ фыссынмæ куы басчъил кодта йæ дыстæ, уæд. Наф’И зыдта æмæ уарзта классикон ирон поэзи. Днепры былыл йæ цæстытыл уайы Ирыстон, йæ хæрзæджыты хæрзæгдæр Хетæгкаты Къостайы ном та сдзырдта хуыцауы ном сдзурæгау. Фыссын куы базыдта, уæд фыццат дзырдæн ныффыста йæ- хи нæ, фæлæ Къостайы ном (æмдзæвгæ «Днепры былыл»). Нафи пе сфæлхатæн кодта ирон поэзийы цы- рагъдары рухсы тьгатæ. Алцы дæр арф æфснайдта йæхимæ, уырыссат хæстон поэзи лæмбынæг кастис (уый йыл æргомæй æндавгæ дæр тынг бакодта) æмæ уыдон фæрцы, уыдоныл æнцой кæнгæйæ, атуырдта йæхи индивидуалон поэтикон-адæйма- гон хъæлæс, йе ’ргом скодта нырыккон советон ирон салдаты реалон миниуджытæ равдисынмæ. Иронæн æмæ номхуындæй ирон салдатæн нæй бамбарæн рагон ирон этнографион-æддагон ба- кастон барæнтæй. «—Чи дæ?—Ирон!—Ирон æнæ хъама нæ фидауы»,—ацы ныхаоимæ быцæукæнгæ- йæ, поэт зæгъы, зæгътæ, нæй йыл нымæтхуд, нæй йыл æрчъитæ, хъама дæр нæ дары, нæ дæр уæр- дæх рон—Къостайы «Чи дæ?»-йы хъайтары дарæс ранымадта, уымæн æмæ ныртæккæйы ирон нæ дæр æддаг кондæй, нæ дæр миддунейæ у Къоста- йы хъайтары хуызæн. йæ мадмæ дæр ын ньирык- кон ахаст ис: Сæрæгас дæн! Мæт ма кæн, ма, Нæ мын ис бур рондзы æвдулæн. Цæн, ба уал кæн, ныййарæг мад, Мæ бæсты ме ’нахъом хъæбулæн.1 1 Джусойты Н. Салдаты зæрдæ, 29 фарс. 189
Фæстæдæр, 40-æм азты дыккаг æмбис æмæ 50-æм а’зты* райдайæн, хæсты æмæ царды рæстдзинадæй зына-нæзына куы схицæн, иумæйаг фæччыгъæдон æмдзæвгæтæ-иу; æм куы фæзынд, уæд Нафи иу ран, æвæццæгæн, «национ колориты» охыл декоративон-театралон хуыз радта йæ салдатæн (æм- дзæвгæ «Салдаты сагъæс», 1948). Салдат йæ ’мадьг пал æрæййæфта удæгасæй æмæ йыл хъыг кæны: ]Ма мыл бахудут. Уый фæбадт мæ номыл, Иуиæджы фæрæвдыдта, фæхаста. Хæст куы ’рцыд, уæд 4нæ дзургæ мæ роныл. Ме ’хсаргард йæхи къухæй æрбаста. Уæд йæ сæр мæ сауарæзт бæрцытæм Бакъул кодта, сусæгæй æскуыдта...1 Чиныг «Салдаты зæрдæ» цы схемæйыл у арæзт, уый Нафи! нывæрдта йæ поэмæ «Салдаты ныхас»-ы бындур дæр (1951). Хæсты райдайæнæй йæ кæроимæ йæ ауагъта даргъ-уæрæх, фæлæ дзы арфмæ нæ февнæлдтытæ кодта. Йс’.дзы æрмæст хицæн тыхджын рæнхъытæ. Хæсты азты Мæргъиты Къоста æмдзæвгæтæ мыхуыр к-одта газетты, сæ бьвдмæ сын бакаесдзы- нæ: «Хæцæг æфсад», «Брянскы фронт»,.. Кæм уыд, кæм хæцыд, кæм фыста йе ’мдзæвгæтæ, уыцы бы- нæтты пæмттæ. «Æз рацыдтæн стыр хæстон ф<æн- дагыл,—фыста йæ иу фыстæджы Мæргъиты Къоста,—сахар Елецкæй цæугæдон Наревмæ. Ак- сæм плацдарм Наревы рахиз довбылгæрон, дыран æрæджы цыдис карз тохтæ. Уыдтæн Курсжы стыр тохты, сырдтон фыдæзнаджы Белорусы зяеххæй. Ныртæккæ хæцын Польшæйы зæххыл».2 Фæлæ Мæргъийы фырт хæсты азты цы 260 ■ æмдзæвгæ æмæ поэмæйы ныффыста (йæхи ныма-, дæй), уыдомæн сæ иумæйаг иллюстративон уарт 1 Джусойты Нафи. Зæрдæйы ныхас, Хиррауагъдад, 1953, 44—45 фæрстæ. 2 Газет «Коммунист», 1944 азы 20 декабрь. Асаты Реуазы уац «Артиллерист Мæргъиты Къоста». 190
нæ батыдта хæсты комытæф, хæсты зæрдæйы гуыйп-гуыпп. Мæргыийы фыртæн йе ’фсæддон хи- сæрмагонд-цардон бйографи не ’оси йе сфæлдыста- дон биографи. Уымæ гæсгæ раст не сты, афтæ чи зæгъы,^ зæгъгæ, Къоста-поэт ’слæгис хæсты азты, «алы фронты ажъоппты цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны ’ж советО’Н хæстоны фæлгоадз».1 Дзырдæн, цавæр хæстоны фæлгондз разынд æм- дзæвгæ «Пагæттæ», зæгьгæ, уым. Автор конста- таци кæны факт—æркодта ног пагæттæ, сæ быны йæ «зæрдæ тыхджын у». Æстыр хъару домынц Ныр уыдон мæнæй. Уæлахизмæ хонынц Мæн размæ фæрнæй.2 Поэтæн йæхй ахаст фжтмæ, йæ зæрдæйы уаг дзы нæ ахсы хъус. Факт нæй лирикон æнкъары- нады æрхъулайы мидæг, элементарон-логикон хъуыды дзы ратæдзы фактæй—йæ хуылфæй яæ, фæлæ йе ’ттаг бакастæй. Салдæттæ райстой ног- азон лæвæрттæ—цы домынц? Лæгмарты фæсурыи (æмдзæвгæ «Ногазон лæвæрттæ»). Германмæ уа- цары кæй атардтой, уыдон фæстæмæ здæхынц— «фервæзтысты сау, зын рад-æй æмæ сæ риуты цип хæссынц» (æмдзæвгæ «Здæхынц: Германæй»). Ахæм у’атыл фыст сты Мæргъийы фырты хæсты азты иннæ æмдзæвгæтæ дæр. Царды фæлтæрддзи- надæмæ поэты арæхстдзинад сæ кæрæдзи нæ ардтой, сæ кæрæдзийыл не ’мбæлды-сты æмæ сæ иу дæр æмæ се ’ннæ дæр уыдысты æмбæхст, æнæргом. Æвæццæгæн, Мæргъийы фыртмæ нæма уыд поэти- кон цæттæдзинад, поэзийы ад æрæгмæ бамбæрста. Мæртъийы фырты хæстон биографи йæ фысты- тæм цæуын байдыдта æрмæст 1950 азæй фæстæ- мæ. Хæсты фæлтæрддзинад Мæргъийы фырты зæр- дæйы с-с’и мысинагау, райста лирикон ахаст. Хæст 1 Писатели Советской Осетии, Госиздат Юго-Осетии, 1957, стр. 157. 2 Газет «Коммунист», 1943 азы 29 май. 191
нæ адæмæн цы стыр зиæнттæ æрхаега, цы стыр трагеди сыл æрцæуын лсодта, цы стыр æвидигæ маст сын ныууагъта, уый у Мæргъийы фьгрты хæс- тон темæйыл фыст уацмысты бьшдур. Нанайы хъæбул уыд артист, заргæ кодта. Хæс- тæй нал æрыздæхт (æмдзæвгæ «Уæддæр цæры»). Иæ ныййарæг æм радиомæ хъусы, Йæ зарæджы рæсугъд хъæлæс нæры. — Нæй, нæй, нæу мард мæ хъæбул,—мад зæгъы, Æмæ æруад йæ цæсты сыг йæ русыл.1 Мад зæгъы: «нæу мард мæ хъæбул» æмæ худ- гæ нæ бакодта, кæнæ ма æндæр исты «оптимис- тон» сур ныхас нæ загъта (афтæ куы уыдаид, уæд æмдзæвгæйæ ницы ра-уадаед), фæлæ йæ цæссыгтæ æркалдта. Уый поэтæн фенын æмæ ’баикъарын хъæуы. Уый хуымæтæг, зæрдæбын, адæймагон у. Мах дзы уынæм поэмæ «Зæрдæйы сагъæсы» рай- дайæн (|ныф|фыста йæ 1958-1959 азты). Поэмæйы Мæргъийы фыртæн канд йæхи поэти- кон æмбарьшады рæзт нæ разынд, фæлæ ма пар- тийы XX съезды .фæстæ сфæлдыстадон уæлдæф æнæниздæр кæй фæцис, уый æндæвдад дæр. Поэм’æйы цаууон сюжет зына-нæзына бæрæг да- ры: лæппу уарзта чызджы, июны рæсугъд æхсæв сын фыццаг хатт уыд фембæлд, кæрæдзийæн сæ ныхæстæ фæкодтой, ,йæ райсом хæст байдыдта, лæппу ацыдис фронтмæ, чызг дæр цасдæр рæстæ- джы фæстæ ацыдйæ фæдыл меди.цинон хойæ. Лæп- пу æрæздæхт фæстæмæ, чызг амард. Сæ тохы кон- кретон эпизодтæ, сæ хæстон цард сын нæ ныв кæ- ны поэт (æмæ дзы уый нæу сæйраг), фæлæ чызджы амæлæты фæдыл маст, хъындъым, рис—гъе, уыцы æнкъарынад дзы цæуы кæрæй-кæронмæ. Адæймаг фесæфт, адæймаджы зиан. Стыр æмæ æнæбаивгæ у алы хорз адæймаг дæр. Хæсты мах цар.ды фæдыл йæхи нывондæн чи ’рхаста, уыдоны 1 Мæргъпты Къ. Мæ зарджытæ, 85 фарс. 192
раз бæрндзинад тыхджын у. Поэмæйы эпиграфæн бæззынц Долматовокий Евгенийы ныхæстæ: Ты можешь позабыть живого, Но мертвых забывать не смей.1 Адæймагæн аргъ <кæй кæны, адæймаджы кæй уарзы æмæ йын йæ амард æгæрон зиан кæй у, уы- мæн афтæ арф ныуулæфæгау кодта поэт: Эх, лæг не ’хсæн куы нал вæййы, — Ферох вæййы тагъд. Адæймаджы мæлæт æнцон ма хъуамæ уа, æгæрыстæмæй хæсты дæр. Боциты Бароны поэмæ «Партизан Бибо», зæгьгæ, уым архайд йедтæмæ ницы ис. Зымæг. Партизантæ^тох кæ- нынц. Сæ хистæр—зæронд Бибо. Сæ хъæумæ æввахс йæ пар- тизанты аккаг бынæтты баурæдта, йæхæдæг ныццыд сæхимæ. Сæ хæдзары раз æхсæвгæсы амардта, мæнгагъуысты фæми- дæг, уым — йæ мад Фатъи. Афарста йæ Мисурæтæй — йæ чызгæй. Дзуапп ын: «Бакодтой дын æй тыхурæд, бакæла сæ бон». Бибо айтæ-уйтæ нал фæкодта, гранат бахста хæдзармæ, партизантæ дæр æхсын байдыдтой, амард Фатъи дæр. Бон- кæнынмæ хъавыд, афтæ партизантæ «бараст сты хъæды, комы, — бамбæхстой сæ фæд». Бибо йæхæдæг дæр фæцæф, æвæццæгæи, нал хæцдзæн æмæ сæ къорды кæстæр Æхсарæн радта йæ «фæстаг бомбæ» æмæ йæ кард. Ам, чи зоны, зæронд Матвейы сгуыхтдзинады хуызæн ис- ты феныи кæнынмæ хъавыд поэт. Фæлæ Матвейьт архайд мо- тнвировкæгонд у: уавæрæй дæр, зæрдæйæ дæр. Боцийы фыр» ты партизан æгæр сæртæг, æнæрхъуыды æмæ æнæгуманоп ми бакодта. йæ чызджы, йæ мады амардта, йæхæдæг фæ- цæф — цæй тыххæй, уавæрты цахæм логикæ йæ æркодта ах- æм æгъатырдзинадмæ? Кæд миййаг хъæу байсын хъуыдис—• цыфæнды нæ фестадаид, уæддæр — цахæмдæр егъау стра- тегион иысанæн? Æмæ хъæу дæр нæ бапстой, сæхи бамбæхс- той хъæды фæстæмæ. Психологон мотивировкæ дзы быптоидæр нæй. Бибойы иы- хасыл чи хъуамæ баууæнда,- 1 Евг. Долматовский. Стихи этих лст, М., 1946, стр. 35, 13. Дзуццаты Хадзы-Мурат. ... 193
Æз сæ мæлæтыл нæ тыхсын. ’ Райстон æз мæ хæс, Фæлæ хаттæй-хатт æстыхсын ’ А-быдыртыл æз!1 Быдыртæ дæр адæмы тыххæй хъæуынц. Адæймаджы удæй зынаргъдæр ницы ис. •■■'■'.:.. Мæргъийы фырты поэмæйы чиныг.кæсæджы зæр- дæ балхæны йæ гуманон лæгуарзон дæлтекст. Цас рæстæг рацыд чызджы амæлæтæй, фæлæ йæ уар- ЗО’Н лæ.ппуйæ нæ рох кæны, зæрдæйы хъæдгоммæ чысыл февнал æмæ та сдуды. Балладæ «Суадоны» дæр афтæ у: чызг йæ уарзоны И’нгæнмæ æрщæуы, сæргуыбырæй, цькма зæххы «цæмæйдæрты фæрсы». Йæ уарзоны номыл идæдзау бады. «Суадон»-ы хъайтар-чызг æмæ поэмæ «Зæрдæйы сагъæс»-ы хъайтарæн æмхуызон хъцсмæт ис. Поэмæйы хъай- тар арæх вæййы йæ уарзоны мадмæ, й’æ цæстыты раз тайы цырагъау. Лæппу иу хатт <цы тулДзы бын фехмбæлд йæ уарзонимæ, ныр ууылты куы фæцæй- цæуы, фæоивæд дзы хъазт куы окъобор кæнынц, уæд йæ сæр æруадзы ныллæг. Цинганæг фæсивæ- ды фарсмæ хæссы, хæст ын -кæй схай кодта æнус- .мæ, уыцы удæгас хъынцъым. Поэмæйæн йæ райда- йæнимæ ’композицион-эмоционæи иу ’кæ^ны йæ кæ- рон. Эх, уымæй фыддæр ма цы уа, Фæуа лæг æвзонгæй æдзард, Цæмæ бæллыД, ма фена уый, Йæ хъуыры фæбада йæ фæнд, Кæддæр уый цы рæтты цыди, Уым мауал фæзына йæ фæд. Поэмæйы хæстæн .парадон-аргъауон хуыз нæй. Салдæтты <куы раст кæнынц хæстмæ, уæд адæм «æмбырдтæ кодтой, зарын хъуыст, кæуын», йæ уарзо-н æм «хуыосæгхъæлдзæг, рæсыд цæстытæй каст». Схъæл ныхæстæй йæ нæ фæндараст кæны: 1 Боциты Баром. Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ, Орджоники- дзе, 1958, 101 фарс. 194
йæ хъЫг æмбæхста, фæлæ, йæ «(банымыгъта» йæ цæссыг. Хæсты реалон нывтæ дзы уынæм: ,, Цыдтæм куы размæ, куы фæстæмæ, Уыди нæ гуырæн зæхх нæ мæт. Бар-нæбары нæ тыгъд фæзтæ ’мæ Нæ хъæдтæ знагæн уагътам уæд.1 Зæгъын мæ фæнды М’æргъийы фырты стилисти- кон амалтæй иуæйниуты тыххæй. Прэт арæх пайда кæны фæбæлвырддæр кæныны амалæй. «Цæуæм... ; Нæ, кæнæм æзгъоргæ. Згъоргæ да^р >нæ кæнæм, нæ,—о, тæхгæ куы кæнæм» — хорз æвдисы дыу- уæ уарзæгой уды тæмæн. «Зыдтаин, хæст кæй рай- дыдта ’кæмдæр. Кæмдæр цæмæн, — нæ райгуырæн зæххыл» —поэты хъуыды иумæйагæй цæуы æмæ йæ бахъæуы фа&конкрето’ндæр кæиын, Уыцы амал ма æмдзазвгæ «Æз домын», зæгъгæ, уым поэты хъавлæс хæрдмæ сисынæн дзæбæх ахъаз у: Цæмæй цæрæм, цæмæй нæ сыста уад, Гъе, уый тыххæй æз дæр фидыдад курып. ■ . Нæ, кургæ нæ,—кæнын æй домгæ æз Агмæ хæцын йæ сæраппонд æрвыл бон.2 Поэты арæх бахъæуы æххуысгæнæг дзырдтæ «зæгъынц», «фæзæгъынц» («дзурынц», «фæдзу- рыиц»), зæгъгæ, уыдо>н сæр. Уæлдайдæр ахæм рæт- ты, иумæйаг, зындгонд хъуыдытæ кæм фæдзуры иу кæнæ и.ннæ хъуыддаджы фæдыл. Поэт цыма баиу вæййы иумæйаг загъдимæ, разы йыл у. Лæг куы фæуарзы, уæд ын, Дзурымц, у æнцондæр Тох кæнын æмæ цæрын... Фæзæгъынц, хæст хæст у, Йæ арты Дур судзгæ кæны, ’фсæйнаг—дон. 1 Мæргъиты Къ. Суадон, 48 фарс. 2 Мæргъиты Къ. Мæ зарджытæ, 97 фарс. 195
Куы нæ уа йæ хъæбулæй сæфтдæр, æйзæрДæр’, Уæддæр ын адджын у, зæгъынц. Ахæм .амалтæ арæх уацаукæньшы ритм кæ- тынц уæнтуагъд, ивазгæ. Мæргъийы фырты балладæтыл куы дзырдт-рн, уæд банысан кодтон,1зæгъгæ, поэгакон «сытъзæрины къæрттыты» алыварс æгæр бирæ ныккалы æнæ- хъуаджы змис. Хъуамæ дзырдтыл чъындыдæр æмæ экономондæр уа, Хæсты азты æмæ фæсхæст дæр мыхуыры никуы уыди!с поэт Хъороты Хъазбег. Кæддæр 30-æм аз- ты цы ныффыста æмæ цы рауагъта дыууæ чины- гæй («Æндон зæлланг»—1932 аз æмæ «Ног хъæ- лæс»—1935 аз), уыдонæн, сæ хицауау, сæ кой окæиы-ны бар дæр нæ уыд. Рæстæджы сау хъæццул сæ йæ бы.иы арф баиуæрста. Фæлæ хæсты гæрæхтæ хъуыстысты Сыбыры Зсастмæ дæр. Иу адæймаджы культы амæттаг, Хъо- ройы фырт миййаг йæ райгуырæи зæхмæ, йæ ный- йарæг адæммæ фыдæхæй иæулæфыд. Нæ, сæ уарзт, сæ фарн ын уыдысты цæрыны хос. Райгуырæ’Н бæс- тæйьг хъысмæт ын уыд йæ уды хъысмæт æмæ йæ райгуырæн бæстæйы хъыгыл хъыг кодта, йæ зæр- дæ мæстæй тьшпыр .кодта йе ’фхæрджытæм. Йа^ мад, йæ фыды уæзæгæй, йæ мадæлон æвзагæй ип- лæрд поэт ахæсты уæззау куыстæй чысыл улæфты- ты рæстæг фыста æмдзæвгæтæ. Бæгуыдæр, хæст йæхи цæстæй нæ уыдта, нæ йæм уыд хисæрмагонд фæлтæрддзинад, фæлæ цы адæмоинфольклорои æм»æ профессиои поэзи.йыл схъомыл чысылæй фæстæмæ, уымæ гæстæ уыдта, мад йæ хъæбулы куыд фæндараст кæны тохмæ, куыд ын æвæры зæрдæтæ, йæ (бæсты уал ын йæ куыст кæй кæндзæн, йæ цæст ын куыд уарзы, цæ- мæй Берли.нмæ ныццæуа æмæ фæстæмæ йæ уæзæг- мæ æрæздæха (æмдзæвгæ «Фæндараст»). Поэт уыдта æмæ хъуыста, сидтон лæппу йз^ 196
уарзон чызгæн рæвдаугæ куыд кæны йæ хæрзбоиы •ныхæстæ (æмдзæвгæ «Рауай мæм»). Сæ сабыр бæллицаг царды фæндтæ фехæлдысты: Цухъайаг ма пир, —- Нал хъæуы иыр. Цы чысыл рæстæг ма сыи баззад иумæ, уый сын у кæрæдзимæ кæсынæн æмæ кæрæдзийæн уар- зон ныхæстæ кæны’нæн. Æтте бакæсгæйæ æнцад- сабыр у сæ фæндараст, æдæгæй та у æнæнцой, ли- рикон, рæзгæ та кааны лæппуйы лæгъзтæйæ, йæ «рауа'н-рауа1Й»-йæ. Æнкъарлазй-иу ма цу Мæ фæдыл мæиæн. Ма хъыг кæн, ма ку, — Æз иунæг нæ дæп. Стыр у нæ бæстæ, Стыр у пæ зæхх. Рауай, мæ зæрдæ, Фссндараст мыи зæгъ.1 1942 азы Хъоройы ’фырт патетикои пафосæн систа йæ хъæлæс—йæхи -номæй æмæ æгас адæмы номæй, фидар æмæ ныфсы хъæлæс: Лæгмар, тыхгæнæг пе стæм, Мах хъахъхъæнæм нæ цард, Хæстыты, тохты фестæм, Фæлтæрд у къухты кард. Æстыр бæрæгбон махæн Нæ уынджы дæр уыдзæи, Нæ алы туджы ’ртахæн Фыдызиаг дзуапп дæтдзæи.2 Æмæ куы ’рцыд уæлахизы боп, уæд ыл куыд цин жодта — иронау, ирон æтъдау, ироп этнкæ æмæ ирон ахаст куыд у, афтæ (æмдзæпгæ «Стыр ции»). 1 Хъороты Хъазбег. Æмдзæвгæтæ, Хиррауагъдад, 1958, 93 фарс. 2 Уый дæр уым, 95 фар.с, 197
Мал хъуысы нæ бæсты , Сидзæрты цъæхахст, Райстам тохы, хæсты Удхортæй нæ маст.1 Рæстæгимæ йын ,йæ зæрдæ цыхъыг, цы маст, цы ци-н æвзарын кодта, уый поэт хаста гæххæттмæ, —’махмæ æрхæццæ сты 50-æм азты æмбис, Хъоро- йы фырты рæстаг уд реабилитаци куы ’рцыдис, уæд. • Гъе, афтæ дард сыбырат ахæст, йæ адæмы знаг кæй хуыдтой æмæ йæ адæмы -иузæрдион хъæбул чи уыд, уый йæ шоэтикон гæнæнты ’мбæрц æмæ йæ куыстæй лæггад кодта «æ иумæйаг уæлах’изæи. йе ’мдзæвгæтæ тыхджын æзи лæмæгъ уой, уæд- дæр ахæм сыгъдæг, .намысджын, лæгуарзои адæй- маджы трагикоц хъысмæт йæхæдæг позэийы ак- каг у. ’ • ф * * йæ цард сгуыхтдзшад кæмæн сси, поэттæ судзгæ зарджытæ кæуыл скæной, ахæм у Калоты Хазби. Цæгат Ирыстоны педагогон лн’Ституты фæс- таг 1курсы студент, афицер-тамкист 22-аздзыдæй 1943 азы фыдгулы «æмыгæй фæмард. Хæсты райдайæны поэзийы иумæйаг-фолькло- рон цæстæнгасы тыххæй куы дзырдтон, уæд уый амыдта, зæгъгæ, ирон поэзи хæстыл цæттæйæ нæ сæмбæлд- Калойы фырт, иннæ поэтты хъауджы- дæр, хæсты агъоммæ йæхй æшшнæдзух, æнæнцойæ хъардта царды ад æмæ поэзийы ад бамбарьшыл. Райсут ын поэты мисоийы фæдыл йе ’мдзæвгæ- тæ. Куыд карз, куыд аетъатыр у йæхимæ! Фыссæг уæвын фæндонæй нæу, искæй фæзмгæйæ дæр нæу («лæджы фæзмын æмбисонд нæу»), фæлæ хъæуы «нæуæгæй исты» зæтъын- Æмæ фырадæргæй мæхицæн Æппындæр нал арын бынат, Фæбæллын: эх, кæмæй фæхицæн Поэтикон лæмæгъдзинад!2 ^1 Хъороты Хъ. Æмдзæвгæтæ, 98 фарс, 2 Калоты Х.; Хуры тын, 7 фарс. 198
Поэш бæрйдзинад адæмы раз, Ирыстоиы раз Хазбийы хуызæн зæрдæбынæй еткæй утхарæй мардта. «Мачи мæ схонæд мæн фыссæг»---йæ ацы куырдиат ын хоньшц йæ хæдæфсæрмы æвдисæн, фæлæ уый фылдæр уыдис, йæхиуыл, ;йæ хъаруйыл кæцæууæндыд, уый æадисæн. Поэты раргом кæнын хъуыдис йæ мидтых æмæ—«Кусгæ!»—афтæ фæцис ,йæ ныстуан иу æнаезонгæ поэтмæ, «æргъæуæй конд хаедзармæ арæх алывыд» чи хæссы, уымæ- Поэты куыстæн алцы дæр куры æм& исы ныййарæг зæх- хæй, ахæм домынад æрмæстдæр стыр курдиат- джын адæймæгтæм'Вæййы: 1 Курын, бауадз бирæ тых мæ туджы, ’ Ма мæ бамбæхс де ’рттиваг тæмæн. Мæн хъæуы дæуæй поэты хъару Æмæ ’ндон фæттæ æппæт дзырдтæн.1 Тради:цимæ иоваторау каст Хазби. йæх-и дæр æмæ иннæты дæр фæдзæхста, цæмæй сонтæй куыд нæ сфæнд кæной тæхын. Сабийæн дзырдта: «Æры- мыс-иу, !нæ фидæны фæлтæрæй кæй дæ ды хæс- ’джын, буц саби, мæнау». Хæсджын дæ фыдæлтæй æмæ байзæттагæй—фыдæлтæн хъуамæ сæ хъуыд- даг адарддæр кæнай æмæ байзæттагæн та дæ ду- джы поэтикон сурæт ныууадзай. Цахæм реалистон-конкретон цæстытæй уыдта дуне! Хæсты азты æмæ уымæй бирæ фæстæдæр нæ ш>эз.и цы арæзта, уый Хазби аразьин уæд бай- дыдта (хъыг у, чиныгкæсæгмæ æрæджиау кæй ба- хаудтой йæ уацмыстæ — 1956 азы, уымæй дæр æххæстæй ;нæ). Хаз<би уыдт.а уалдзыгон цинæйдзаг «милджын æхсæвтæ», «къæлæтæрфыг мæй», «æх- сыргьуызæй» арвы каст, уыдта: «цад æвзист уæр- дæхтæ здухы хъазгæ улæнты сæрты», дымгæйы уастмæ «хъæд дæр, сусæны бæхау, йе стыр сæр ныттилы». Поэты музæ иугæндзон уыд фæдисон, йæ уар- зондæр дзырд — «ризы»: «ризгæ къухы фыст», бы- 1 Калоты X, Хурытым, 21 фарс. 199
дырты улæфын «сабыргай уæлдæфы ризы», «риз- гæ ,мæ цæнгтæ нарæг астæуыл тьгхсынц», «мæ ри- уы хуры тын кæй ризы»... Комкоммæ хæсты тасыл нæ дзурынц йе ’мдзæвгæтæ, фæлæ цардмæ кастыс- ты реалон цæстæй. Хуымæтæджы «æу, куыддæр хæсты хъæр фæцы- дис, афтæ йыл иууыл æрвонгæй дæр, æнæ тутт па- тетикæйæ кæй загъта Калоты Хазби: «Хæцын у зын» (1941 азы 22 июль). Психиконæй, поэти.ко.нæй йæм цæттæ куы нæ уыдаид, уæд æвиппайды æндæр исты ныхæстæ загътаид, ;кæннод та бынтондæр ни- цы загътаид. Хуымæтæджы нæу уый’дæр, æмæ хæсты хæдраз- мæ, 1940 азы, Калойы фырт кæй ныффыста «Фæ- стаг фæдисонтæ»—революцийы хæстонтыл поэмæ. Ди’.намикæ, карз драматизмæй дзаг æхсæв—«хæхты саудалынг æхсыны», «ршы зæхх, æнкъуы’сы зæхх», дымгæ, уад, «мигъты мæй, æрдьш мæй басыди». Дыууæ хъайтары Асæх æмæ Цæрай тох кæнынц знæгтимæ. , Згъорынц бæхтæ, уайынц бæхтæ, Зæххыл ■' нал хæцынц сæ къæхтæ. Тохы нывтæ: Кæрдтæ тъизынц, тъизынц кæрдтыл... Къухтæ аныхæсынц рæттыл... Рпу æрбангом вæййы риумæ... Тарст, сырдгъуыз, мæстыгæр каст... Туг... Хъæрзын... Мæрдон ныхас...1 Асæх æмæ Цæрай амæлыпчг. Фæлæ зпæгга ба- сæттынц- Æмæ «æрдз йæ сау базыртæ сисы... Æмæ ар.выл бонрухс ризы»... Поэмæйы хъусæм Блок Алыксандры «Дыууадæс»-ы ритм, йæ уады æхсидт, йæпатетикон романти1кæ. Æвæццæтæн, Хазбимæ йæ ахуыргæнджытæй Бло1К "иууыл хæстæгдæр уыдис. 1 Калоты X. Хуры тып, 47 фарс. 200
Уырыссаг поэзийы цалдæр лæппуйы хæсты раз- мæ сæ фæлтæры номæй дзырдтой, фидæны уæззау хæст сæ уæхсчытыл кæй æрæнцайдзæн æмæ йыл риу-æмриу ,кæй хъуамæ сæмбæлой. Мы, лобастые мальчики невиданной революции... В двадцать пять — внесенные в смертные реляции. Мое поколение — это зубы сожми и работай, Мое поколение — это пулю прими’и рухни.1 Афтæ фыста Коган Павел, афтæ хъуьиды кодтой йе ’мбæлттæ Кульчицкий Михаил, Майоров Никъала, Отрада Никъала æмæ æндæр курдиатджын поэттæ, хæрзæрыгонæй тохы быдыры чи баззад, чи дзы нал раздæхт фæстæмæ. Иро<н поэзийы Коган æмæ йе ’мбæлттау у Калоты Хазби. Æз мæ цард нæ иымайын æвгъауыл: Цард цæуы, æхсæрдзæнтæп кæлы. Мæн хъæуы фæстаг тохы æрхауын, Мæн хъæуы сæрыстырæй мæлын...2 О, Хазби цæттæ уыдис хæстмæ. Зæххы поэт, иу хатт дзы поэтикон хъару 1куырдта, ныр та, æрвыл сахат дæр мæлæтмæ куы ’нхъæлмæ кæсы, уæд æм дзуры: Уæ, нæ зæхх, æз дæу тыххæй хæцын! Уæ, фæу мым тыхст сахаты ’мбал. Суазæг мæ кæ, айс мæ, миййаг... Нæй хъысмæтыл æууæндæн, нæй... Фæлæ поэты цард æнцонæй антысгæйæ нæу: 1 Сквозь время, СП, М, 1964, стр. 17. 2 Калоты X. Хуры тын. 54 фар’с. 201
Ой, сæдæ царды ратдзæни знаг Ацы сæры былдыхъы тыххæй!1 Калойы фырт фидар баст уыди ирон фольклоримæ, тых- джын æм уыди историзмы æнкъарыиад. Хæсты размæ ныф- фыста уац «Батрадзы обрæз нарты кадджыты». Чи уыд, куыд \ыд, ууыл бæстон æрдзургæйæ, Хазби хаццæг скодта: «Батрадз у æндон адæймаг, фат кæй нæ хизы, кард кæй <нæ кæрды, ахæм. Гъе, уыцы миниуджытæм бæллыдысты Ирыстоны адæм, уы- иы миниуджытæм бæлгæйæ, схъомыл кодтой сæ зæрдæйы ацы домбай дзырдарæхст, зондджын, сæрибаруарзаг Батрадзы обрæз».2 Фольклорон стихи Калойы фырты поэзийы фæйлыдта йæхи сæрмагонд романтикон-фæдисон монцы улæнтау. Иугæндзон зæхмæ, йæ Ирыстонмæ, йæ уарзО’Н чызгмæ дзырдта. Æнæбарон, æгъатыр æмæ уыцы иу рæстæг фæлмас, фæлмæн удыхъæд уыдис Хазби- йæн. Йæхи «хæларзæрдæ Демон» чи хуыдта, уы- мæн йæ дзыхæй хауы карз æлгъы «ныхæстæ: «Ацы æлгъыст къахбайтæ æдзух!-. Адо’ны фаг фыдбылыз- тæ нæй!» Æ>мæ уыцы иу рæстæг йæ бон у зæгъа йæ уарзонæн: «Ницы мæ хъæуы, æрмæст мæм бахуд!» Поэт хæсты трагизмæй у йæ хъуырмæ, зоны, мæлæт йæ альиварс зилы, фæлæ уæддæр йæ фыр гума^нон зæрдæйæ ныфсытæ æвæры йæ уарзонæн. Йæ фæс- таг æмдзæвгæйы («Хорзæй (баззай, Ир!») йæ уарзо- нæн афтæ: «Æнхъæлмæ кæс... Ма ферох кæн!»... Æнувыд уыд цардыл, поэзийыл, адæмыл, уарзтыл æмæ йæ уарзонæй дæр домы æнувыддзинад, домы йæ не ’ппæтæй дæр. Æнувыд ыл у Ирыстон, ир-он поэзи- Цæрукъаты Алыксандр ын, цыма, йæ «фæстаг хъуыды» (æм- дзæвгæ дæр афтæ хуыины) загъта Хазбийæн йæхи иоиæи, мæлгæйæ, тохы быдыры уæлгоммæ ахаугæ- йæ. Дард ацæудзысты, дард, мæ тохы ’мбæлттæ. Æз та кæсдзынæн сау мигътæм æдзæмæй. Æндæгъд къухы — рæдывд кæрдæджы хæлттае... Мæ кард дзæгъæлæппæрст æнæ кæрддзæмæй... 1 Калоты X. Хуры тын, 66 фарс. 2 Газет «Рæстдзинад», 1941 азы 2 февраль. 202
Йæ фæстаг хъуыды дæр æй ахаста йæ уарзонмæ. Поэты уырны, кæй щæрдзæн йæ уарзон чызджы зæрдæйы, кæй дзы :ни;куы амæлдзæн. Цæрукъайы фырт хорз æрцахета Хазбийæн йæхи лоэзийы фæ- дисон-драматикон инто.наци, йæ фæлгондзты эксп- ресси. Уый у ПОЭТИ1КОН фæлтæры алы мияæвæртты хицондзинад: иу дзы иннæйы ’бæсты зæгъдзæн йæ ныхас, равдисдзæн ын йæ ахаст иу кæнæ иннæ фæ- зындмæ. Изæры арв — æзгъæр цæгты æмбæрзтæй... Куы йыл уынай мæ къæдз æхсаргард састæй — Уæлгоммæ хуысгæ уайдзынæн дæ цæстыл Мæ туджы ахст фæзгъæртыл дзагъырдзастæй. Дæ мидхъуыдыты-иу дæ сæр æркъул кæн, Æрхæц-иу мын мæ цæстытыл дæ хъыджы. Æрæппар мыл дæ бæзджын сау дзыккутæ Æмæ иу сæ æрæхс дæ цæстысыджы.1 Хазби йæ цæргæйæ—цыфæнды зын раны-иу куы уыдис, уæддæр йæ уарзокæй куырдта, фæхуда йæм, фæндьгрæй йын ацæгъда. Цæрукъайы фырт ын йæ цæсты сыджы æхсын кæны йæ дзыккутæ æмæ уый Хазбийы поэзийы мидлогикæйы ныхмæ нæу. Нæ лоэзийы сæрыстырдзинад Калоты Хазби у нæ поэзийы æвидигæ хъынцъым. * * * Калоты Хазбийау, Фыдыбæстæйы хæсты даргъ æмæ тугхъулон фаандæгтыл се ’взон.г зьшг бахуыс- сыд Баситы Дзамболат æмæ Дзаххотæн, Кочысаты Мухарбег æмæ Плиты Елзауыр’æн, Хæмыцаты Геор- ги æмæ Бекъойты Амыранæн, Хъараты Ибрагим æмæ Ходты Хазбийæн, Наниты Уасо æмæ Тъехты Барисæн, Хъаныхъуаты Майрæм æмæ Цоциты Гер- санæн... Сæ фылдæр т.радициои-зьшдгонд а.малæй хæрз- бон загътой сæ мадæлтæн, сæ уарзæттæн, æдхъама- тæ, æд цухъхъатæ ацыдысты сæ бæхтыл, адæммæ 1 Цæрукъаты Алыксандр. Арвæрдын, Орджоникидзе, 1.959, 118-119 фæрстæ. 203
фæсидтысты тохмæ æмæ сЫн æндæр ницыуал зæгъ- ыы бынтьгст: цæхæр зды æмæ туджы фемæхстæй ныххуыдуг сты. Чи зоны, хæсты тыххæй дæр сæм æмдзæвгæтæ уыдис, фæлæ сæ хицæуттимæ фесæф- тысты. Сæ фылдæрæн се ’мдзæвгæты уынæм курдиаты схъистæ, хицæн поэтикон рæнхъытæ. Зæрдæбын контакт сын уыдис æрдзимæ, дзæбæх æй уыдтой. Хуры рухс фурды куы найы Зæхх, сывæллонау, йæхи. Сыгъзæрин цырæгъты бардз судзгæ Æрттивы рухс фурды бынæй. Зæрин æхсырвæндагыл худгæ Фæсимынц авд хойы рæнхъæй.1 Бекъойты Амыраны ацы рæнхъытæм æв-захс лæууынц Плиты Елзауыры лирикон пейзажтæ. Ыæ сæрмæ стъалыты тъыфыл Йæхи цъæх арвы фурды найы... Уайсадæг чындзау та дымгæ мæ хъусы Сусу-бусу кæнын систа куыддæр... Ногдзыд кæрдæджы сывæллонау узы, Комæй æрбадавы суадоны хъæр...2 Конкретон, цæстуынгæ нывтæ, абарстытæ. Æр- дзы фæзындтæ æмæ предметтæ удджын кæньшц. Пейзажы мидæг стъæлфæн æппары Ходты Хазбийы курдиат дæр: Зæрдæ та фæскъæвда райы, Арвы тыгъдæй худы хур. Хуры цæстмæ дидин дары, Хъал чызгау, йæ сырх сæр — къул.3 Хæсты тыххæй Калоты Хазби æмæ Баситы Дзам’болаты йедтæмæ сæ ныхас зæгъын -ма бафæ- 1 Джебогъ æмæ сисæй, 22 æмæ 25 фæрстæ. 2 Бæсты сæрвæлтау, Орджоникидзе, 1958, 64 æмæ 73 фæрстæ. 3 Джебогъ æмæ сисæй, 61 фарс. 204
рæэтой Тъехты Барие, Кочысаты Мухарбег. Уыдо- нæй фыццагæн йе ’мдзæвгæтæн иумæйаг-риторикон ахаст ис—Кавказы тыххæй, Милдзыхты Хадзы- мырзæйы тыххæй. Серьезом хъусдарды аккаг у Кочысаты Мухар- бег. Намыеджын, сьигъдæг зæрдæйæ фыст сты йе ’мдзæвгæтæ. Деклараци кодта йæ уды рæстдзинад, йе ’мбæстагон хъару: Уарз мæ, уарз, мæ хъисфæндыр, мыггагмæ! Æз сæрыстыр, бузныг дæн дæуæй. Æз дæу никуы ’руадздзынæн æгадмæ! Æз дæу никуы акæндзынæн уæм!1 Адæймаг хъуамæ рæстзæрдæ уа ца^ды дæр æма& поэзийы дæр. Поэт «иокæйтау нæ фæлыгъди тохæй, нæ бамбæхста пыхсы йæ сæр»- Мухарбег дæр, йе ’ннæ ’мбæлттау, царди æмæ тох кодта ’иу ныфсæй, зæгъгæ, æрæздæхдзæн фæ- стæмæ йæ мадмæ, йæ уарзонмæ. Акса, мæ хур, уæлæ 'Нкъард зарæг кæнгæйæ, Мæргътæ дæр куы тæхьтнц Хъарм бæстæтæм тагъд, Фæлæ та фæстæмæ, Уалдзæгмæ бæлгæиæ, Райгуырæн бæстæмæ, Зон, уыдзæн сæ тахт.2 Атахт Мухарбег, фæлæ фæстæмæ нал æртахт. Ныфсæй цардис—уый афтæ нæ амоны, æмæ мæлæ- тæй хызт уыдис, мæлæтыл нæ хъуыды кодта. 1943 азы йæфæетаг æмдзæвгæтæй сæ иуы æнкъард æмæ ныфсджынæй ныффæдзæхста: Миййаг хæсты быдыры искуы Куы фæуон мард Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл Мæ рæзгæ цард. Миййаг куы нал фæуон кæронмæ 1 Кочысаты М. Царды хъæбысы, 33 фарс. 2 Уый дæр уым, 41 фарс. 205
Мæ зарæг æз Æмæ куы бамыр уа бынтондæр Мæ сонт хъæлæс...1 Поэт куры йе ’м’бæлттæй, цæм-æй йын зæгъо,й йæ мадæн, йæ фырт цытимæ кæй фæмард, Ирыстоны бæстæ, хъæбулау, зæрдæбьшæй кæй уарзта. «Деклараци кодта»—загътон Мухарбегæй, фæлæ æрыгон зынгхуыст поэтты ардбахæрдтæ æмæ бæр- зонд ныхæстæ, се ’мдзæвгæты максимализм декла- рацийау нæ исæм, уымæн æмæ йæ сæ тугæй бафы- стой. Сæ дзырд æмæ сæ мийæн, сæ поэзи æмæ сæ цардæн фæхидæнгæнæн нæй- «Уыдон нал æрыздæхтысты сæ уарзон Ирмæ, — фыссы се 'м1кар Мыртазты Еарис, — фæлæ нæ хæх- ты æнусмæ фыстæй баззайдзысты сæ нæмттæ, сæ зарджытæ. Афтæ мæм фæкæсы, цыма æз цардæгас кæй дæн, уый мæ зынгхуыст æмгæртты руаджы у. Цыма Мæздæг æмæ Волтоградыл, Орел æмæ Бре- стыл, Хъырым æмæ Киевыл, Варшавæ æмæ Бер- линыл карз тохты мæ зæрдæмæ цы сау нæмгуытæ тахти, уыдон мæ зынгуыхст хæлæрттæ сæ риутæй баурæдтой».2 Чи зоны, куыд ацыдаид дарддæр сæ хъысмæт. Цасног ахорæнтæ, хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ балæвар кодтаиккой нæ поэзийæн? Хæст нын их- дзагъд ныккодта нæ ныфсы æвзартæ. Сæ фæстæ цы ныууагътой, уый у, Эренбурджы загъдау, «первая страница, вырванная и;з книги, а продолжения мы никогда не узнаем».3 ХÆСТ КУЫ СУАИД АРГЪАУ Рæстæг цæуы, 40-æм азты сырхзынг æмæ саудар фьщцаг æмбисæй дардæй-дарддæр кæнæм, фæлæ литературæ йæхине скъуыны хæсты заманæй. Уæл- дайдæр поэзи. 1 Кочысаты М. Царды хъæбысы, 46 фарс. 2 Поэзийы бон, Орджоникидзе, 1964, 31 фарс. 3 Сквозь время, стр. 6. 206
о уÆъæн у, цахæм .ногфæрстæй ма нæ акæ- /^т,г ^Сзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты эпопея- мæ /П0ЭЗИ- ИУ хъуыддаг дзы гуырьгсхоиаг нæу: лæА1 темæиыл кусгæйæ, <нæ поэттæ цы фæлтæрд- (унад æрæмбырд кодтой, уый дарддæр «æй рæз- уй&н,-'кæй бæр кæндзæн. Уый ницы æгъдауæй уймондзæн, зæгъгæ, хæстон тематикæ фæлгъаугæ- йæ, нæ поэзи абоны царды домæнтæ не ’ххæст каан- дзæн, цардьг æмдзу вæ кæндзæн. Винокуров дзу- ры, зæгъгæ, «для меня минувшая война — это ма- териал, ,на котором мне ка»к поэту хочется решить вопросы жиз1ни человека, вопросы сегодняшнего дня».1 Хæсты поэз1и миййаг хæстæн нæ кад кæны, мий- йаг хæстыл нæ зары. Нæ поэзи кад -кæны советон адæймаджы лæджыхъæдæн, фæразондзинадæн, за- ры йын йæ моралон рæсугъд удыхъæды мшшджы- тыл, уымæй дæр чъизи, тыхтонайы нысæнттæ кæ- мæн ис, ахæм хæсты нæ, фæлæ рæстаг, адæмон, лæгуарзон хæсты мидæг. 1 Нæ хæстон поэзи æгасæйдæр у хæсты зарæг нæ, фæлæ сабырдзинады зарæг, амондджьш царды за- рæг. Салдат тох ’кодта уьий тыххæй нæ, æмæ орден- тæ райса, кадджьгн суа, хъæбатьгры ном ыл сæвæ- рой. Салдат хæсты тох кодта хæсты ныхмæ. Мах хæцæм нæ туджы мæцгæ, кæд Хæст мыггагмæ нал уаид нæ фæстæ. Хæст цæмæй лæгæн фæуа æлгъыстаг, Уый тыххæй хæцынмæ цæуæм мах.2 Плиты Г.рисы хъæлæс иронау сыхъуыст Твар- довскийы хъæлæсы фарсмæ: Бой идет святой и правый, Смертный бой не ради славы, 1 «Литературная газета», 23 мая 1964 г. 2 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 14 æмæ 16 фæрстæ. 3 Алекс|андр Твардовский. Стихотворения и поэмы в двух томах, ГИХЛ, М., 1954, т. 11, стр. 11?. 207
Райгуырæн бæстæ, ’дæхи æмæ адæмы цард, адæймаджы уды (бартæ — адон тыххæй цыдис.æмæ кæддæриддæр цæудзæнис тох. Хæсты ныхмæ — уый афтæ нæ амоиы, æмæ пацифшммæ сй^æм- Салдат уæлахизæй фæ;цис йæ; хæст. ?" Фæлæ та знаг куы кала маст нæ циныл, Уæд мын йæ ныхмæ амыид у бынат: Æз та фæстæмæ скæндзынæн мæ цинел Æмæ та наг фæцæудзынæн салдат.1 Салдат йæ бьглыдъæрттæ не ’хсыдта хæстмæ,— æндæр гæнæн ын нæ уыд, æнцад æй нæ уагътой йе знæгтæ. Уыцы уавæр фадат радта, æмткæй хæст æнамонддзинад кæй хæасы, амтигуманон кæй у, уыцы (мотнв ныззæлын (кæньшæн. Салдат йæхæдæг хæцгæйæ æвзары ахæм хъизæмæрттæ, ахæм тухи- та^, æм.æ уыдон адæймаджы аккаг «е сты. Стоянов Людмил æрымысыд, 1913 I азы Балканы дыккаг хæсты зама<н, цæфæй, рышынæй куыд хуыссыд æдзæрæг быдыры. «Небо «ад нами было нежно- голубым, а юмерть — вюего в двух шагах: Никогда мне и в голову не приходило, что я буду лежать в этой чужой, неизвестной мест1НО,сти и буду ждать своей смбр™. Вот что делает война с человеком. Ставит его в самое неестествемное и глупое, в са- мое унизительное положение, чтобы в конце-кон- цов раадаеить <как муху или червяка».2 Куыд æнгæстæ сты болгайраг фьюсæджы ньь хæстæ Грисы рæнхъытимæ: Скодта хæст лæгæй йæхицæн уаллон, Адæмæи — сæ мастисæг хуыцау.3 Сæрибаргæнæг хæсты мах салдат «хуьшау» у— лæгуарзон идеалты сæрыл тох чсæны, фæлæ дзы уæддæр хæст скодта «уаллснн». Æгас хæстон поэзийы ,и,рон салдат никуы загъ- 1 Плиты Г. Салдат, 3 фарс. 2 Журнал «Иностранная литература», 1964, № 8, стр. 232; ’ 3 Плиты Г. Цард æмæ мæлæт, 15 фарс. 208
та, тæхуды зæгъгæ, куы ма хæщш, хæст ма ^куы адаргъ уаид’, фæлæ иугæндзон йæ райгуырæн зæх- хыл са^бырадон куьгстмæ бæллыд. Тæхуды, æмæ ныр нæ рагъыл Æрлæу цæвæджимæ дзæбæх, Дæ цæнгтæ рогæй айваз дардыл, Куыд кæна зад кæрдæг сæх-сæх!1 Гафезы ацы «тæхуды» у йæ уацау «Хæхты чыз- джы» сæйраг идея дæр. Ауызби йе’мжъай Аминæт- мæ фыссы, йæ мæт сæ хæхты кусын кæй у æмæ раэвæлгъау нывæзтытæ кæны: къуылдымыл хъуа- мæ садæрой дымгæйы куырой, саразой хинайæн, æрбауадзой электрон рухс. Адæймаг хæцынæн, ма- рьгнæн и-æ райгуырд, — .адæймаг райгуырд аразы- ■«’æн, фæлдисынæн. Хæст кæй нæ хъæуы, хæст антигумано.н кæй у, уыйуæлдай тынгдæр банкъарæм, сылгоймаджы тыххæй ныхас кæм æрхауы, уьим. Сылгоймаг —•■ царды райдайæн, царды мад. Хæст — цардхалæг, цардсафæг. Куыд æнкъард, иæссыгкалгæ æмæ æр- хæидæг, у салдаты мад, куьид тайы, йæ дзыикутыл ы.н сæрдыгон дæр куыд æвæры митхалас! Куыд тыхджын бæллыиц сæ кæрæдзимæ салдат æмæ йæ ■мад, салдат æмæ йæ уарзон! Фæлæ хæст амал кæм дæтты! — Ды салдатæй хъаст ма кæ, — Райдыдтам та знаджы ’фсæдты- Кардæлвæстæй атакæ.2 ..Советон поэзи уыдта сылгоймаджы иæртон куыст нæ царды алы къабазы дæр, дис ьш кодта йæ фердæхт, йæ ахаст, йæ быхсындзинадыл, табу йын кодта йæ номхæссæн хъару æмæ йе’мбисонды зæр- дæйæн- Фæлæ арæх сылгоймаджы хæсты æвдисгæ- йæ, йæ фæлгондз байрæзы хæсты ныхмæ цæхгæр æмæ карз протестмæ. Æхполæтты Дзантемыры æмдзæвгæ «Тар хъæды», зæгъгæ, уым цæф салдæт- 1 Гафез. Адджын у цард, 43 фарс. 2 Плиты Г. Уацмыстæ, 56 фарс. 14. Дзуццаты Хадзы-Мурат. 209
тæ знаджы æрхъулайы бахаудтой, дыккагбон сæм доны цъыртт нæй, сæ дохтыр чызг сæумæйæ бæлæ- стыл зилы, иу сыфтæр батилы уидыгмæ, стæй иннæ æмæ афтæмæй æмбырд -кæны дон. Сæ дойны сын. басæтдзæн, мадау, Нæ цæфтæ куы райхъал уой, уæд. Æз маршал куы уаин æфсады, Уæд ахæм дзырд раттин: «Æгъгъæд! Дæ бæсты хæцдзыстæм æдзухдæр, Ды.та уал дæ хæдзармæ уай, Цæмæй ньш дæ сыгъзæрин къухтæй Ыæ сабиты хъомыл кæнай!»1 Хæст сгæн.шкк кæиы а-дæмы, сылгоймæгтæ, зæ- рæдтæ æмæ сабитæ ряисъши сæхимæ йæ уæзы æм- Оис: фронты салдаты туг кæлы, фæсчъылдым та йæ "бино.нтæ утхарæй мæлыпц. Ироп поэзи хæст реа- чП-истонæй-материалонæй кæй æвдыста, уымæй хаста мæлæты тæрхон хæстæн. Плиты Грисæн йа^ цæстытыл уади, сæхимæ куы ньщцæуа фыдохы ра- нæй, уæд æй куыд фæрсдзысты йæ тохы хабæрттæй, сæркъулæй куыд кæудзысты сæ уæззау цæфтыл, сæ уæззау мæрдтыл, устытæ ^куыд кæндзысты хъар- джытæ. Сабитæ — сидзæртæ, гомкъæхтæ, Мадæлтæм кæсгæйæ ниудзысты... Салдаты тухи æмæ фьидбонæн йæ <кæрон дæр ад- джын нæу хæсты цæфтæ, хæсты хъæдгæмттæ бир- бирæ рæстæг нæ бавдайынц сæ дудынæй. Устыта? æмæ сабитау, кæудзысты зæрæдтæ дæр? фæлæ хъæ- рæй нæ, - æтъдау хальшæй тæрсдзысты: Фæлæ мæ хæлд зæрдæ куы зондзæни, Нæ рыст хистæртæ цы масты сты. Нырхæндæг уыдзæни, тондзæни, Йæ тугтæ риуы куы ахсдзысты... Гъей, джиди, райс ныр дæ зæрдæмæ Се ’ппæт дæр Иры сагъæстæ, 1 Æхполæтты Дз. Хæтæнты, 18—19 фæрстæ. 210
Уый фæстæ - амæл! Кæд æмæ Дæ рыст нæ фенин, ’зынаргъ бæстæ!..1 Мады хъæбултæ, мады лæггад бафидын кæй фæнды, уыдон хъуамæ хæстæн «æроискæной. Адæй- маджы карæн у хæст, йемæ æмдзу кæны йæ рав- зæрдæй фæстæмæ æмæ ныр æрцыд ахæм рæстæг/ адæймаг хæстæй бынтондæр йæхи «уыд ахицæн кæ- на, цæмæй адæймаг хæстимæ ма амæла. Адæймаг хъуамæ хæстæй фылдæр фæцæра, хъуамæ хæст кæмдæр, дард кæмдæр баззайа адæймаджы даргъ æмæ æгæрон историйы фæндагыл. Плиты Грисы салдат хæстæй куы ’рцыдис сæхи* мæ, сыхæн куы байдыдта -ньимайын йæ зынтæ, йæ тухæнтæ, уæд чысыл са^б’и1, ^иннæ адæмы хъауджы- дæр, йæ къухтæ дисгæнгæ ныццагъта: ацы аргъа- уæй, дам, н’июуы фехъуыстон хуыздæр! Юмористон- хъазгæ 4-стопæйо« хорейæ (поэмæ «Гаджидау» дæр раст гъе уы/мæй фыст у) поэт загъта салдаты стыр тохы мидис æмæ фæстиуæг, æгас адæмы бæллиц. Фыдæн уый куыд нæ уыд худæг! — Зьштæ фестадысты ’ртхутæг Æмæ батылдта йæ сæр: «Хæст дæуьтл кæй атахт маргъау, Хæст дæуæн кæй у ныр аргъау, Уымæй ницы ис хуыздæр!»2 Хæст хъуамæ суа адæймаджы ног æмæ ног бай- зæттагæн аргъауау. Худæг нæ, - - ’тæссаг аргъауау! Нæ поэттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст хуыдтой «фæстаг хæст». Бирæтæ дзы ахæм хъуыдыимæ куы хмардис, уæд сын, чи’ зо>ны, æнцондæр уыдис, æн- хъæлдтой, фæстаг хатт ма поэтты лæгуарзон, сыгъ- дæг туг ныссахачкæндзæн хæсты пиллон артыл æмæ сæ фæстæ байдайдзæн æнæфенгæ прогресс, хæлар æмæ сабыр царды дуг- Мæлгæ та дзы цас акодта! Зындгонд фысджытæй æрмæст Советон Цæдисы 1 Журнал «Мах дуг», 1945, № 3, 43 фарс. Æмдзæвгæ «Мæ Ирмæ». 2 Плиты Г, Уацмыстæ, 69 фарс. 2П
баньимадтой 280 бæрц.1 Фæлæ дзы цас уыд, фыццаг хатт чи сдардта йæ сæр адæмы курдиаты бæрзонд. хæхтæ æмæ тыгъд быдыртæй. Чи сæ банымайдзæи,. чи сыя окæндзæн аргъ! Хæстон !ПОэзи йе ’ппæт идейон-аивадон хъаруйæ тох ’кæны ууыл, цæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæст æцæтдæр уа фæстаг хæст. 1964. 1 П. Куприяновски-й и П. Шамес. Русская советская лите- ратура периода Отечественной войны, Учпедгиз, М., 1963, стр. 5.
СÆЙРÆГТÆ Цирхъ æмæ фæндыр . # . . . . . , 3 Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт 14 «Хъазт, куывд миййаг нæу...» .. . . . . .28 Ирыстон æмæ хæлардзинад . . . . . 55 Сюжетон æви æнæсюжетон? . . . . . . .81 Ног нартæ — ног кадджытæ 95 Зонгæ, æнæзонгæ .124 Уацаутæ æмæ; фæсчъылдым . . . .. . . .145 «... Фæхудынæн дæр, фæг» . . , .162 Алы хъысмæттæ . . . . . . . 174 -Хæст куы суаид аргъау . . . . . . . .206
ДЗУЦЦАТИ ХАДЖИ-МУРАТ АРАНБЕКОВИЧ ВОЙНА И СЕРДЦЕ (на осетинском языке) Книжный сектор Юго-Осетинского издательства Цхинвали — 1966 сгаООоООО Ь6^0-Э366СГ) бббБ&О&ОЬ 60 шао «56 гзего ЬоЭЬспдоо спЬзотоЬ 2)оЗс^9(з^Зс^сг>ЬоЬ ^о^боЬ Ь^фообо (зЬо(эз<>сро — 1966 Редактор Г. Г. Бестауты Худредактор А# Д. Ванеев Техредактор Н .С. Сиукаев Корректор А. И. Техов Сдано в набор 3. II. 1966 г. Подписано к печати 25. III. 1966 г. Формат бумаги 84х108732 см. Заказ № 103. Изд. ли- стов. 9. Печат. листов 11. ЭТ 00153. Тираж 1000 экз. Цена 76 коп. Цхинвальская типография, Главполиграфпрома, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.