Текст
                    «ИР»


Дзасохты Музафер уалцзыгон стъалытæ Чиныгуадзæн -ИР’ * Орджоникидзе 19ТЗ
<:(Осет) Дз-17 Дзасохты М. Дз-17 Уалдзыгон стъалытæ. Повесть астæуккаг кары скъоладзаутæн. Орджоникидзе, «Ир», 1973. 158 ф. нывт. Дзасохов М. С. Весенние звезды. Дзасохты Музафер йе сфæлдыстадон фæндаг æмдзæвгæтæй райдыдта. Ирон æвзагыл ын мыхуыры рацыд æмдзæвгæты дыууæ чиныджы: «Фыды фарн» æмæ «Ракæндзынæн дын мæ зарæг». 1971 азы уырыссаг æвзагмæ тæл- мацгондæй рауагъта æмдзæвгæты чиныг «Положа руку на сердце». Уыцы аэ ма йын мыхуыры рацыд радзырдты æмбырдгонд сывæллæттæн «Арсы уаз- джытæ». Фæстаг рæстæг поэт йе ’ргом аздæхта прозæмæ. Ныффыста повесть «Уал- дзыгон стъалытæ». Автор йæ ног уацмысы æвдисы хæст æмæ уый фæстæйы азты цаутæ. Повесты сæйраг архайæг у æртындæсаздзыд лæппу Хъазыбег. Уый цæстæй аргъгонд цæуы æппæт цаутæн дæр. Чиныгкæсæг базонгæ уы- дзæн, йæ фыд хæстæй кæмæн нал сыздæхт, ахæм бинонты царды хабæрттимæ. Хæст уæззау уаргъ æрæвæрдта сидзæр сывæллæтты уæхсчытыл, фæлæ уæд- дæр сæ зæнгтæ нæ фæтасыдысты, хъысмæтæн сæттын нæ бакуымдтой. 763—45 М 131(03)—73 С(Осет) С Издательство «Ир», 1973 г.
I Абон фыццаг хатт цæуын кусынмæ, хæринаггæ- нæджы æххуысгæнæгæй. Сæумæрайсом бæх ифтын- дзыныл фæдæн. Замирæт хæринæгтæ куы рахаста, уæд ын мæлæты æхсызгон уыд. Дзултæ кæм уыды- сты, уыцы голлаг гуыффæйы æрæвæрдта, æмæ йæ цæсгомыл цыдæр сæрыстырдзинад фæзынд: — Гадæцци та афтæ загъта, ницы, дам, бакæн- дзæн... Уыцы ныхæстæ мæ зæрдæйы судзинтау аныхс- тысты. Нæ бригадиры кой кæны. Нæ йæ фæндыд, кусын куы райдыдтаин, уый. Замирæты дæр ардыд- та, нæ, дам, сарæхсдзæн. Фæлæ ныр йæ рацыдмæ уæрдон цæттæйæ куы ауыдта, уæд йæ цин бамбæх- сын нал бафæрæзта. Æвæдза, хорз адæймаг у За- мирæт. Нæ сыхы уымæй фылдæр никæй уарзын. 5
Замирæт рæтæнагъд базмæлын кодта æмæ бæхы алыварс æрзылди. — Хорз æй сифтыгътай, Æрмæст иу ран фæрæ- дыдтæ... Дарддæр цы зæгъынмæ хъавыд, уый зонгæ дæр нæма бакодтон, афтæмæй рагацау фæсырх дæн. — Бозийы кæрæттæ гузиты бынты сласын хъуыд, мæнæ афтæ,— ацамыдта Замирæт. Хæринæгтæ иууылдæр хаст фесты. — Исты ма нæ рох кæны? Уыцы ныхæстæ тынгдæр кæмæ хаудысты, уый нæ раиртæстон. Æвæццæгæн, йæхимæ. Уымæн æмæ æз ницыма зыдтон. — Цæ-х-х куы нæ ра-хас-там...— йæхицæн уай- дзæфгæнæгау, ныхæстæ æнахуыр даргъ айвазгæйæ, сдзырдта Замирæт. Æз къæбицмæ згъорыныл фæ- дæн. Фæстæмæ цæххы дзæкъулимæ фездæхтæн. Уæрдонмæ схызтыстæм- Разæй æз, мæ фæстæ — Замирæт. Куыддæр йæ къæхтæ зæххæй фæхицæн сты, афтæ Дудтул (афтæ хуынди нæ бæх) дæр араст. — Ардæм рацу,— йæ фарсмæ мын ацамыдта За- мирæт.— Бæхтæрæг хъуамæ рахизырдыгæй бада. Хъæуæй ахызтыстæм. Мæ цинæн кæрон нал уыд. Абонæй фæстæмæ Дудтул мæхи къухы уыдзæн. Иф- тындзгæ дæр æй мæхæдæг кæндзынæн, скъæргæ дæр, хизгæ дæр... — Кæдæм цæуæм, уый зоныс? — фæндаг кæм фæсаджил, уырдæм куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд мæ бафарста Замирæт. Диссаг. Æрдæбонсарæй ууыл куыннæ ахъуыды кодтон. — Хъæууатмæ,— йæхæдæг йæхицæн дзуапп рад- та Замирæт.— Искуы дзы уыдтæ? 6
Хъæууат кæм ис, уый куыннæ зыдтон, стæй дзы нæ хъæуы лæппутæй та чи нæ уыд, фæлæ æвиппай- ды фарстæй мæхинымæр батыхстæн æмæ иуцасдæр мæ дзыхы дзырд нал бадти. Дызæрдыгдзинад Дудтулмæ дæр фæхæццæ æмæ, дыууæ фæндаджы фæйнæрдæм кæм ахæцыдысты, уым йæ цыд фæсабырдæр кодта. — Галиуырдæм аздах,— сдзырдта Замирæт, уа- вæр фембаргæйæ. — Сихормæ рувджытæ куыройы чъылдыммæ ныххæццæ уыдзысты, æмæ мах дæр уым æрбынат кæнын хъæуы. Бæлæсты бын адæм хуыздæр баулæфдзысты. Бæхы рохтæ галиуырдыгæй фезмæлын кодтон æмæ йæ зонгæ фæндагыл уæззау къахдзæфтæй араст. Æз бози йæхи бар суагътон æмæ мæхинымæр хъуыдыты аныгъуылдтæн. Иуæй, Замирæт кæй ницы дзырдта, уый тыххæй, иннæмæй та фæндаг нырма даргъ уыд æмæ уыцы иугæндзон нывтæ æмæ уæрдо- ны цæлхыты уынæр адæймаджы йæхимæ хъусын кодтой. Куыройы коймæ мæ зæрдыл æрбалæууыд ив- гъуыд хуыцаубон. Дзыцца мæ Даргъ-Къохмæ ар- выста. Дыууæ карчы, дам, уæймæ ахæсс. Æз мæхæ- дæг дæр, чи зоны, ауæндыдаин, фæлæ мыл мæ мад ахæм даргъ фæндагыл иунæгæй нæ баууæндыд æмæ æхсæвæрафон нæ сыхæгтыл разылд, кæд уæ исчи ба- зармæ цæуы, уæд Гæбулы (фырбуцæн мæ афтæ хо- ны, æндæр мæ ном Хъазыбег хуины) дæр йемæ ахонæд, зæгъгæ. М’ амондæн Ханджетæ дæр сæ лæп- пуйæн æмбалыл тыхстысты. — Агуыбеимæ ацæудзыстут,— загъта, фæстæмæ ’рбаздæхгæйæ, Дзыцца.— Æрмæст та бирæ ма фæ- бад, кæннод дæ райсом раджы стын хъæуы. Æз куыддæр æхсæвæр бахордтон, афтæ мæ хуыс- 7
сæны аныгъуылдтæн. Æрмæст тагъд нæ бафынæй дæн. Мæ цæстытыл уадысты райсомы хабæрттæ... Базары адæмæй базмæлæн нæй. Агуыбеимæ ныл бирæ адæм æрæмбырд. Уый кæрчытæ дæр æмæ мæ кæрчытæ дæр хорз аргъ райсдзысты. Æнæхъæн агуывзæ æхсынæнтæ балхæндзынæн. Уырыссаг пе- цы бæзджын къæйыл бур-бурид арыдæй. Джермецыккаг зæронд устытæ цы æхсынæнтæ уæй кæнынц, ахæмтæ никуы ссардзынæ. Куыддæр æй дæндæгтæй æрæлхъивай, афтæ тæгæлтæ ахауы. Йæ апп æвзаджы кæрон куыд стæлфы, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ- Раст зæгъын хъæуы, йæ цъа- рæй куы фæхицæн вæййы, уæд йæ апп уыйас стыр нæ разыны. Ибон кæмæйдæр фехъуыстон, джерме- цыккæгтæ, дам, се ’хсынæны чъиритæ æрдæгцæттæ- йæ æртонынц æмæ сæ афтæмæй бахус кæнынц. Уый та уæй кæнгæйæ пайдадæр у: ставдæй баззайынц æмæ сæ адæм тынгдæр æлхæнынц. Цыфæнды куы дзу- рай, уæддæр джермецыккаг æхсынæнтæн æмбал нæй. Райсом та дзы мæ фаг кæй бахсындзынæн, уый куы ’рымысыдтæн, уæд мæ комыдæттæ æруадысты. Фынæй дæр уыцы хъуыдыимæ бадæн... Агуыбеимæ цыдыстæм хъæуы уынгты. Кæм куы- дзы рæйын хъуыст, кæм уасæджы уасын. Хаттæй- хатт-иу хъуг кæнæ фысы уасын дæр райхъуыст. Мæ хызын мæ галиу къухы уыди, рахизы та хастон, ас- тæуæй уæлдæрмæ мын чи ’ххæсти, ахæм цым лæ- дзæг. Айфыццаг æй Къобосты хъæды ракодтон. Фаг хус нæма у, æмæ дзы мæ къух фæллайын райдыдта, фæлæ нæм кулдуары бынæй куыдз куы ратæхы, уæд æвиппайды йæ уæз æрбайсæфы. Хъæуы уынгты цæугæйæ, æппæты тæссагдæр Дадогкаты цур вæййы. Уымæн æмæ сæ куыдз сусæ- гæй хæцы. Хылычъийы йас йедтæмæ нæу. Æмæ йæ 8
бæллæх дæр уый мидæг ис. Æваст зæххы бынæй февзæрæгау йæхи де ’счъилтыл ныццæвдзæн. Æнæ- хъæр, æнæсыбырттæй. Лæппутæ йыл иууылдæр дис фæкæнынц. Алчидæр дзы йæхи хъахъхъæны. Дадогкатæм ма нæ дзæвгар хъуыди, афтæмæй, цыма, Агуыбеимæ дзырд бакодтам, уый хуызæн нæ алывæрстæм кæсыныл систæм. Талынджы нæм зын- гæ дæр ницы уыйас кодта æмæ ноджы тынгдæр тарс- тыстæм. Мæ лæдзæджы уынæрæй дæр-иу мæ уд мæ къæхты бынæй ауад. — Хæцы дыл, хæцы дыл!—хæрдмæ фæхаудтæн Агуыбейы хъæрæй. Иуварс агæпп кодтон, фæстæмæ фæзылдтæн æмæ ауыдтон, кæмæй тарстæн, уый — Дадогкаты куыдзы. Мæ лæдзæгæй йæ куыд æрцæй- цавтон, афтæ уыцы æнæуынæрæй иуварс йæхи фехс- та æмæ фæлидзæг. Мах фæстæмæ фæкæс-фæкæс- гæнгæ уынджы дæлæмæ фæцагайдтам. Ноджы нæ кæрчытæ дæр сæ хъæр уæдмæ ’рхастой æмæ нæм куитæ алырдыгæй тахтысты. Суанг хъæуы кæрон- мæ нæ фæдыл рæйгæ фæцыдысты. Цæмæндæр Дадогкайы æрымысыдтæн. Цыма йæ куыдзы дæр сусæгæй хæцын уый сахуыр кодта, аф- тæ мæм фæкаст. Йæхæдæг дæр цыдæр диссаджы адæймаг у. Æппынæдзухдæр æй уыцы арæзтæй уы- нын. Бухархуд искуы-иу хатт йедтæмæ никуы раив- дзæн. йе ’фсæддон кителыл æрду абадын дæр нæ уа- дзы. Йæ цæппæртæ йын цыма халоны сæры магъ- зæй байсæрста, уый хуызæн æрттывдтытæ калынц. Иæ цырыхъхъытыл ын цыфæнды уарыны дæр цъы- фы мур нæ фендзынæ. Æппынæдзухдæр худæндзаст вæййы. Фæлæ йæ мидбылхудтыл æууæнк нæй. Йæ цæстытæ мидæгоз. Æрцъынд кæнынмæ сæ бирæ нал фæхъæуы. Цыма сæм цыдæр быцæутæ æвæрд ис æмæ ма дунемæ уыдоны руаджы кæнынц тыхкаст. 9
Куы бахуды, уæд цæстытæ ноджы æрбагыццылтæ вæййынц. Цыма сын былтæ афтæ фæзæгъынц: «Цы- фæнды тыххудт куы кæнат, уæддæр уыл мах ком- дзог рацæудзыстæм». Лæгтæ йæ козбауæй фæмæстæймарынц. Бæппу дæр дам-иу æй мæстæй мардта. Уый раджы уыд, хæсты размæ. Уæд ма æз хæрз- гыццыл уыдтæн. Ибон æй Алихан дзырдта. Мæфыды кой чи ракæны, уый мæ хæрзгæнæг свæййы. Бæп- пуйы ном куы айхъуыстон, уæд лæгтæм мæхи хæс- тæгдæр байстон. Сæ ныхас мæм куыд хъуыса, уый- бæрц дæрддзæф сæм æрлæууыдтæн. Алихан æй афтæ дæсны фæзмыдта, æмæ-иу æз дæр мæ худын тыххæй уромгæйæ иннæрдæм азылдтæн, цыма-иу мæ æцæгæйдæр искуыдæм акæсын хъуыд, уый хуызæн. Иуизæр, дам, лæгтæ дуканийы дуармæ æрæм- бырд сты. Мæ фыд дæр кæцæйдæр фæзынд æмæ та сын ныхас бацайдагъ. Бæппу та, куыд дзурынц, аф- тæмæй, хуыцауы ’лгъыст уыди. Æмæ та йе ’мбæлт- ты бахъæлдзæг кæнынвæнд скодта. Адæмы астæу æрлæууыд æмæ æнæ-ай, æнæ-уыйæ загъта: — Ам козбау чи у, уымæн...— æмæ та йын-иу йæ мады ралгъыста. Хъуыддаг алкæмæн дæр æмбæрстгонд уыд, æмæ сæ худын тыххæй уромгæйæ, æнхъæлмæ кастысты, дарддæр цы уыдзæн, уымæ- Бæппу та æрдæгыл ныууадзынвæнд нæ кодта æмæ та дыккаг хатт ныссидти: — Ам козбау чи у, уымæн... Дадогка æрдæбонсарæй дæр сындзытыл бадт. Ныр Бæппуйы ныхæстæм йæ маст бауромын нал ба- фæрæзта, йæ размæ батахт æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта: 10
— Дæ сæр дын ныссæтдзынæн! Ды кæй мады ’лгъитыс! Куыннæ хъуамæ худтаиккой адæм, кæд æмæ цæ- мæ ’нхъæлмæ кастысты, уый сæхи цæстытæй федтой. Бæппу дæр йæ гуыбыныл ныххæцыд æмæ уынджы дæлæмæ лидзгæ... Талынджы мæ мидбылты бахудтæн, фæлæ хъæ- уæй дзæвгар кæй рауадыстæм, уый мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд ме уæнгты цыдæр тас бацыд. Но- джы куиты рæйын дæр фæсте аззад. Иу сыбыртт дæр никæцæйуал хъуысы. Æгуыппæгдзинад та тас тыхджындæр кæны. Нæ иуы дзыхæй дæр ныхас нал хауд. Бæрæг уыд, дыууæйæ дæр кæй тæрсæм, уый. Æрмæст ыл æргомæй нæ басастаиккам. Суадоны цурмæ ныххæццæ стæм. Дойны мын кæй у, уый нырма ныртæккæ фæхъуыды кодтон. Чы- сыл-ма бахъæуа ма срæдион, цом дон баназæм, зæгъгæ. Суадонмæ тæссармæ ныххизын хъуыд. Боныгон дæр дзы æнцонтæй нæ ныццæудзынæ. Суадонæй фæ- дæле стæм æмæ мын чысыл фенцондæр. Æгайтма Агуыбейæн ницы загътон, кæннод нæ дыууæйы тæп- пуддзинад дæр раргом уыдаид... Æнæмæнг исты æф- сæнттæ æрхъуыды кодтаиккам, цæмæй суадонмæ ма ныххизæм, уый тыххæй, фæлæ уæддæр нæ кæрæ- дзимæ нæ зæрдæ фæкъæпп кодтаид æмæ дыууæйæ дæр баууæндыдаиккам, тæрсгæ кæй кæнæм æмæ суа- донмæ уый тыххæй кæй нæ ныххызтыстæм. Æнхъæлдтон, æмæ базармæ махæй раздæр ничи ныххæццæ уыдзæн. Афтæмæй ма дзы суанг нæхи хъæуккæгтæ дæр разынд. Дзæлигойы дардмæ дæр базыдтон. Йæ русыл дынджыр сырх бызычъи ис. Раздæр-иу дзы тæрсгæ кодтон æмæ-иу куыроймæ цæугæйæ, алы хатт дæр 11
сæ рæзты тæрсгæ-ризгæйæ ныййивгъуыдтон. Фæлæ йыл фæстагмæ фæцахуыр дæн. Иухатт ма мын йæ уæлæйæ йæ къандзол дæр раласта, къæвда дæ æр- цахсдзæн, зæгъгæ. — Дзыллæйы лæппу нæ дæ? — афарста мæ, йæ цурмæ куы ныххæццæ дæн, уæд. Æз дæрддзæфгомау æрлæууыдтæн æмæ цæмæ- дæр гæсгæ ныфсæрмы дæн. Суанг ма мæ сæр разыйы тылд бакæнын дæр нæ бауæндыдтæн. Афтæмæй та йæ куы ауыдтон, уæд мын æхсызгон уыд, раст цыма нæ хæстæджытæй искæуыл амбæлдтæн, уый хуы- зæн. — Æмæ дæ иунæгæй куыд рауагъта? — дзуапмæ нал банхъæлмæ кæсгæйæ, загъта Дзæлиго. — Агуыбеимæ стæм,— сдзырдтон æз æмæ фæс- тæмæ фæкастæн. Дæлæ къуылых-къуылых æрбацæ- уы. йæ къах стæппал æмæ йæ æрлæууын нал уадзы. — Кæй Агуыбе у, кæ? — Ханджеты. — Акса-ма, цæййас лæппу йын райрæзт. Агуыбе дæр мæ фарсмæ æрлæууыд. Нæ кæрчыты сæртæ хызынтæй зындысты æмæ ма Дзæлигойæн цы базонын хъуыд, уæймæ сæ кæй æрхастам, уый. — Мауал лæуут, уæ базайрæгтæ сисут. Уайтагъд æлхæнджытæ нæ уæлхъус алæууыды- сты. Агуыбеимæ ныхасгонд уыдыстæм, фондз æмæ сæ ссæдзгай сомтæ кæндзыстæм, зæгъгæ. Нæхимæ дæр нын афтæ загътой. — Авд æмæ сæ ссæдзгай сомтæй асламдæр ма раттут, — æрбадзырдта нæм Дзæлиго. —Æз сæ фондз æмæ ссæдзгай сомтæ кæнын, фæлæ сымахæн хуыздæр сты. Мах дæр фæныфсджындæр стæм. Æлхæнджыты 12
цыма ардаугæ ачынди, уыйхуызæн иууылдæр махы- рдæм фесты. — Авд æмæ сæ ссæдзгай сомтæ кæн. Бамбæрс- тай? — бадзырдтон Агуыбейы хъусы. — Хорз! — загъта, йæ сæр разыйы тылд бакæн- гæйæ, Агуыбе æмæ фыццаг æрбацæуæгæн дæр ахæм дзуапп радта. — Асламдæр нæ! — мæ хъустыл уайынц Агуы- бейы ныхæстæ. — Ахæм кæрчытæ никуы ссардзыс- тут,— ныфсджынæй-ныфсджындæр кæны мæ сыхаг. Мæхи дæр нал æвдæлы. Иу къæсхуыр æвзист- дæндаг сылгоймаг мæ дуарахæсты бакодта. Уый фондз æмæ ссæдз сомыл агуры, æз та сæ асламдæ- рыл нæ дæттын. Сылгоймаг иуварс дæр нæ цæуы, иннæты дæр хæстæг нæ уадзы. Æгæр бирæ куы дзырдта, уæд ыл алырдыгæй сбустæ кодтой. Уый дæр йæ ронæй къухмæрзæны баст фелвæста, фондз туманы æмæ дзы цыппар сомы анымадта æмæ мын сæ мæ къухы фæсагъта. Йæхæдæг мæ кæрчытæ йæ лыстæг бæттæнæй быд хызгонды ныппæрста æмæ фæцæуæг. Æз ма тагъд-тагъд æхца иу хатт анымад- тон æмæ сæ мæ хæлафы комдæлы гыццыл дзыппы нытътъыстон. Уæдмæ Агуыбейы кæрчытæ дæр ауæй сты. Хуымæтæджы хъæлдзæг уыдыстæм. Цымæт ма нæ уыди! Нæ хызынтæ—афтид, нæ дзыппытæ — дзаг. Уæвгæ ахæм гыццыл дыууæ дзыппы цас бай- дзаг кæнинаг уыдысты!.. Нæ зæрдæйы дзæбæхæн базары разил-базил кæ- нæм. Нæхимæ каркæн фондз æмæ ссæдзгай сомтæ куы радтæм, уæд нæ тынг фæбузныг уыдзысты. Фæй- нæ дыууæ сомы та нæхицæн. Рагацау нын бæрæггонд уыд, цæуылты сæ сфæлхас кæндзыстæм, уый. Æп- пæты фыццаг уал балхæндзыстæм æхсынæнтæ. Фæй- 13
нæ агуывзæйы. Уыдон нын суанг хъæумæ фаг дæр суыдзысты. Уый фæстæ та туагæхсыр. Литры æр- дæг банкæты сæ фæуæй кæнынц. Уыдон дæр джер- мецыккæгтæ æрхæссынц ардæм. Туагæхсыр уыдоны хуызæн ничи кæны. Иæ сæрыл — бур-бурид бæз- джын цъар. Уымæй адджындæр дзы ницы ис. Зæ- ронд ус ма дын гыццыл уидыг дæр ратдзæн æмæ та- буафси — минас кæн дæ зæрдæйы дзæбæхæн. Агуыбеимæ равзæрстам, тæккæ бурдæр цъар кæ- мæн уыд, уыцы туагæхсыр. Банкæтæн цæстыфæны- къуылдмæ сæ бынæй рухс суагътам. Раст зæгъын хъæуы, æфсæдгæ бакодтон, фæлæ ахсæнæй цæст æнæфсисдæр у. Иу цалдæр хатты ма сæм бакасты- стæм, стæй дарддæр æхсынæнтæ къæрццгæнгæ ацы- дыстæм. Нæхимæ раздæхыны размæ дзæбæх бафæллады- стæм. Тагъд кæнын нæ никуыдæмуал хъуыд æмæ са- быргай нæ фæндаг дардтам. Терчы хидыл æрбахызтыстæм. Доны былты бæр- зонд кæрдæджы астæу цы къахвæндаг уыд, ууылты фæуæлæмæ кодтам. — Уæртæ уый та цы у? — донырдæм йæ къух ай- вазгæйæ, æвиппайды сдзырдта Агуыбе. Æз мæ алыварс ахъахъхъæдтон, стæй æрæджиау йæ къухмæ фæкомкоммæ дæн. Æцæгæйдæр, Терчы тæнæг къабæзтæй иуы цыдæр тъыбар-тъыбур кодта. Мах дыууæйæ дæр фæцагайдтам. Кæсæм, æмæ дынджыр хуыдзых кæсаг хъуырдухæн кæны. Æвæц- цæгæн, исчи Терчы къабаз бацауæзта, æмæ дон куыд къаддæр кодта, афтæ кæсаг дæр тынгдæр тыхсти. Иæ цурмæ куы бахæццæ стæм, уæд æппындæр нал змæлыд, йе рагъ та донæй зынын райдыдта. Агуыбе йæ дзабыртæ феппæрста, йæ хæлафы къæхтæ хæрд- мæ æххæст тылд дæр нал бафæрæзта, афтæмæй йыл 14
йæхи ныццавта. Кæсаг цыма уыцы февнæлдмæ æн- хъæлмæ каст, уыйхуызæн йæхи хæрдмæ фехста. Йæ фæтæн къæдзил Агуыбейы русыл суад. Бæрзæйыл атыхст æмæ ма суанг фæстæмæ йæ хъуырмæ дæр æрбаххæст. Лæппу ныхъхъæр кодта æмæ уæлгоммæ кæрдæгыл æрхауд. Йæ цæсгом цъыфæй нал зынд. Кæсаг та змæст доны йæ гæндзæхтæ цагъта. Æз æм фæстæты бахъуызыдтæн. Лæдзæгæй йын цалдæр цæфы ныккодтон, стæй йыл мæхи андзæрстон. Иæ дынджыр хъусты йын мæ къухтæ атъыстон æмæ йæ ламимæ мæ тых-мæ бонæй нылхъывтон. Æрæджиау йæ тæлфынæй банцад. Агуыбе, йæ цæсгом æрдæгæхсæдтытæ, афтæмæй мæ разы алæууыд. Кæсаджы цæф кæмдæриддæр ауад, уым сырх-сырхид афæлдæхт. Æз мæ худын нал баурæдтон. Иуæй, кæсаг нæ къухы кæй бафтыд, ууыл цин кодтон, иннæмæй та Агуыбейы чъиллон æмæ тыхстхуыз цæсгоммæ кæсгæйæ бакъæцæл дæн. Агуыбемæ уый хъаргæ дæр нæ бакодта. Иæ цæс- гомæн ма цæвынæй тарст æмæ йæ иуварс дардта, афтæмæй кæсаджы астæуыл фидар ныххæцыд æмæ, йæхицæй диссаджы разы уæвгæйæ, сдзырдта: — Уый дын кæф, гъе! — Хорз дын фæци, кæд æй æмбарыс, уæд! — ал- хыскъ æй кодтон æз, мæ худын тыххæй уромгæйæ. — Æ, гауыры мыггаг! — ноджы фидардæр æй нылхъывта йæ къухты ’хсæн Агуыбе æмæ змæст до- нæй рахызтыстæм. — Ныхсын æй хъæуы, кæннод афтæмæй бахус уыдзæн, — сдзырдтон Агуыбемæ. — Цом уæлæ йæ уырдæм ахæссæм, — ацамыдтон мæ сæрæй суа- донмæ. Сыгъдæг доны йын йæ чъизитæ ныхсадтам, йæ 15
тугæйдзæгтæ йын ныссæрфтам æмæ йæ былгæрон æрæвæрдтам. Хуры тынтæ мæлæты тынг æндæвтой. — Нæ фæлæ мæ хызыны дон ныккæнæм,— загъ- та Агуыбе,— æмæ йæ уым ныппарæм, уæддæр дзы æддæмæ куы нæ хъары, кæннод æй цалынмæ нæхи- мæ хæссæм, уæдмæ нал сбæздзæн. Мæлæты хорз фæнд æрымысыди Агуыбе. Æцæ- гæйдæр, хызын донæй йе ’мбис бакодтам æмæ дзы хуыдзыхы ныппæрстам. Дæргъырдæм дзы нæ цыди æмæ йын йæ къæдзил æрбатымбыл кодтам. Дыууæ- рдыгæй йыл хæцыдыстæм æмæ йæ афтæмæй хас- там. Æз мæхинымæр хъуыды кодтон, куыд æй адих кæндзыстæм, ууыл. Долапи куыроймæ куы схæццæ стæм, уæд мæм диссаджы зонд æрцыд. — Цæй, æмæ йæ куыройгæсæй ссадæй баивæм,— сдзырдтон æнæнхъæлæджы æз. Агуыбе мæм дисхуызæй æрбакаст. — Уæлибæхтæ кæдæй-нырмæ нал бахордтон,— цыбæл æй кæнын.— Нæхимæ дæр нæ раппæлдзысты. Хæдзардзин лæппутæ афтæ фæкæнынц, зæгъгæ, нын зæгъдзысты. Куыройгæс Тепсыры нæ хъæуæй бирæтæ зонынц. Уæлдайдæр та æрыгæттæ. Йæ фыд куыройгæс уыд, æмæ йæ фырты дæр уыцы куыстыл сахуыр кодта. Йæ мæлæты фæстæ йæ бынаты æрлæууыди. Куы- ройгæсы куыстмæ тынг арæхсы, фæлæ уæддæр йæхи фыдбылызæй нæ бахъахъхъæдта. Нозтджынæй йын рæхыс йæ цонг æрцахста æмæ æнæ къухæй баззад. Сдзæбæх æмæ та кусын райдыдта. Хъæуы лæппутæ кæсаг уæй кæнынмæ ардæм фæхæссынц. Бон-изæр- мæ кæй фæахсай, уыдонæн се ’ппæтæй цы кæныс?! Æмæ сын сæ иу хай ауæй кæнынц. Мæнæн дæр мæ 16
зæрдыл хуымæтæджы не ’рлæууыд. Фæстагмæ Агуы- бейы дæр сразы кодтон æмæ хидæй рахизырдæм фæ- зылдыстæм. Куыройгæсы дыууæ дынджыр куыдзы нæ размæ ратахтысты æмæ ныл рæйын райдыдтой. Мах æр- лæууыдыстæм æмæ æнхъæлмæ кастыстæм, Тепсыр кæд фæзындзæн, уымæ. Куитæ сæ рæйынæй куы не ’нцадысты, уæд хæдзары хицау æддæмæ рацыд æмæ сæм фæсидти. Уыдон фæхъус сты æмæ сæ хицауы- рдæм фæцагайдтой. Лæг нæм йæ къух фæтылдта. Мах хæстæгдæр бацыдыстæм. Уый куиты иуварс асырдта æмæ нæ, бæласы бын цы бандон уыд, уыр- дæм бахуыдта. Нæ хызынмæ æгæр арæх бакæс-ба- кæс куы кодтам, уæд Тепсыр дæр сцымыдис æмæ йæ æнæфæрсгæйæ асгæрста. — Мæнæ сæм цæййас кæсаг ис! Кæм æй æрцахс- тат? Тепсыр дзуапмæ дæр нал фенхъæлмæ каст, аф- тæмæй хуыдзыхы йæ донкалгæ хызынæй фелвæста æмæ йæм кæсынæй нал æфсæст. Алырдæм æй ра- зил-базил кодта æмæ йæ цæстытæй худти. — Æхца уæ хъæуы æви ссад? — афарста нæ Тепсыр. Æнæдзургæйæ дæр æй бамбæрста, уæй кæ- нынмæ йæ кæй æрбахастам, уый. — Ссад! — фæцырд дæн æз. — Цомут-ма, цомут, æз уын замманай дзуллаг радтон. Агуыбе йæ хызын сæрфынмæ фæци. Уайтагъд æй, Тепсыры кæртæй куыройы æхсæн цы суадон згъорд- та, уырдæм ныддавта, кæсаджы тæф куыннæуал кæ- на, афтæ йæ змисæй ныхсадта, стæй йæ зыгъуыммæ фæфæлдæхта æмæ йæ хурварс æрæвæрдта. Цалынмæ куыроймæ цыдыстæм, хуыздæр ссад агуырдтам, уæдмæ хызын дæр бахус æмæ Агуыбе нæ 2 Уалдзыгон стъалытæ 17
цуры æрбалæууыд. Се ’мбистæ чысылхъуаг нын ба- кодта нæ хызынтæ. Бæрæг уыд, кæсаг йæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыд, уый. Уæззау уæргътæ æрæнцад нæ уæхсчытыл, фæлæ йæ хъуыды дæр не ’ркодтам. Хъæумæ хидкалгæйæ схæццæ стæм. Дзыцца уыйразмæ бон йæхи ракуырдта æмæ бы- дырмæ нæ ацыди. Нæхимæ йæ кæй сæййæфтон, уый мын уæлдай æхсызгондæр уыди. Куыд мыл ныццин кодта! Цыма Бухарæй схæццæ дæн. Куыддæр кæр- ты дуарæй бахызтæн, афтæ мæ тæккæ размæ фæци, — Куыд æрæгмæ цыдтæ? — сдзырдта, йæ цин тыххæй æмбæхсгæйæ, Дзыцца. — Нæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты. Æвæдза, мад алкæмæн дæр ис, фæлæ Дзыццайы хуызæн мад иуæн дæр нæй. Йæ хъæбысы мæ ануæрс- та. Ахæм дард балцы фæстæ йæ цæсты дзæвгар фе- стырдæр дæн. Кæд зæгъгæ ницы кодта, уæддæр æм- бæрстон, цас циндзинад ын схастон, уый. Нæ ха- бæрттæ йын куы радзырдтон, уæд мæ йæ риумæ но- джы тынгдæр нылхъывта. Мæ хызын мын айста æмæ сдзырдта: — Уæуу, цирчы лæппутæ фæуат, кæд куыроймæ бацæуын та уæ зæрдыл цæмæй æрæфтыд!.. Гæккæ нæхимæ нæ разынд. Искуы та йе ’мбæлт- тимæ чындзытæй хъазы. Бæди зæххыл нал хæцыд. Азмæцæй уæлдай нæу. Исты хорздзинад ракодтон, зæгъгæ, уæд мæ алыварс цъыллинджытæ сисы, мæн йедтæмæ йын ничиуал вæййы. Фæлæ истæмæй Дзыц- цайы маст бауагътон, уæд йæхи мæнæй зондджын- дæр ацаразы, къуызыппайы хуызæн мæм зулмæ кæ- сын райдайы, йæ алы фезмæлд дæр мæм уайдзæфы хуызæн фæкæсы. Суанг ма мын зондамоныныл дæр схæцы. Ахæм сахат æм мæхи бæргæ схъулæттæ кæ- нын, фæлæ дзы уый ницуал тас бауадзы. 18
Айфыццаг та Агуыбеимæ æнæфæрсгæйæ скъуда- мæ ацыдтæн. Фæстæмæ æнафон æрбаздæхтыстæм, стæй доны ныххаудтæн æмæ мæ дзабыртæ цъыфæй нал бæззыдысты. Цæмæй сæ цъыф мауал зына, уый тыххæй сæ хус сыджытæй байсæрстон æмæ ноджы фыддæр фесты. Мæ хæлафы къæхтæм дæр цъыфæй æркæсæн нал уыд. Ме ’рбацыдмæ Дзыцца дугъы æруади: кæм мæ нæ бацагуырдта, ахæм къуым нал баззад. Уæдмæ æз дæр фæзындтæн. Мæ аххос зыдтон æмæ уыцы æнæуынæрæй кæртмæ бацыдтæн. Тыргътæй мæ Бæ- ди ауыдта æмæ та йæ дзых нал фæлæууыд: — Дзыцца дын бацамондзæн, фæлæуу! Кæм дзæ- гъæл ралли-балли кæныс абондæргъы?.. — Æнцад дæ дзыхыл хæц дын, зæгъын!—мæ ныхас мæхимæ дæр нæ фехъуыст, афтæмæй йыл сбустæ кодтон æз. Нæ дзурынмæ Дзыцца рауади. Ахæм рæстæджы мæхимæ тынг тæригъæд фæкæсын. Суанг ма Бæ- димæ хæлæг кæнын дæр байдайын, кæстæр уæв- гæйæ, йæ мад бузныг кæмæй вæййы, маст ын чи нæ скæны. Уый нæ, фæлæ ма йын æнцой дæр чи фæлæууы. Ныр мæнæ базарæй схæццæ дæн. Афоныл не ’ссыдтæн, стæй мæ дзаумæттæ дæр счъизи сты, фæлæ мæ Бæди дæр бузныг у, уымæн æмæ зоны, æвзæрæй кæй ницы сарæзтон... Нæ уæрдон æваст йæхи цæуылдæр скъуырдта. Иуцъусдуг йæ бынаты фæлæууæгау кодта, стæй йæ рахиз цалх уыцы нæвæндонхуызæй хæрдмæ фæцыд æмæ уæлиауæй фæстæмæ зæххыл æрхауд. «Иер æз хæлиудзых нæ дæн?!—уайдзæфты бын фæкодтон мæхи.— Бæх скъæрыны бæсты хъуыдытыл куыд схæцыдтæн. Нæ фæндагыл иунæг дур фæзынд 19
æмæ уый иувæрсты ацæуын ма бафæраз». Бæхы ма иуырдæм бæргæ фæзылдтон, фæлæ байрæджы. Дур фæсте аззад, разæй та фæндаг фыццаджы хуызæн лæгъзæй разынд. Чи зоны, æмæ мыл Замирæты зæр- дæ дæр фæхудт. Дзургæ ницы скодта, зæгъгæ, йыл цæстытæ нæй. Уæвгæ, уый ахæм чысыл хъуыддæггы тыххæй адæймагмæ нæ фæхæрам уыдзæн. Фæлæ уæддæр фырæфсæрмæй мæ ныхы хид ра- хъардта. Замирæт мын мæ уавæр фембæрста. — Бæлæсты бынмæ баздах, — куыройы чъыл- дыммæ цы хæристæ уыд, уырдæм ацамонгæйæ, сдзырдта Замирæт.— Фарон рувæнты дæр уым код- тон хæринаг. Чи зоны, æмæ ма нæ агуат æнæхæлдæй баззад. Рахизырдыгæй бæхы рохыл æрбахæцыдтæн æмæ, Дудтул, уæрдоны фæд зына-нæзына бæрæг кæм дардта, ууылты арæхстгай араст. Фæндæгтæ йын иууылдæр зындгонд сты. Æрмæст æй, кæдæм цæуын хъæуы, уыцырдæм аздах, æмæ дæ йæхæдæг фæхæц- цæ кæндзæн. Хæристы цурмæ ныххæццæ стæм. Бæхы уромæг дæр нæ фæци, афтæмæй æрлæууыд. Бæлæсты бын мæлæты сатæг уыди. Хуры тынтæ кæмдæр цалдæр æддæгуæлæйы æвæрд къалиутыл ныппырх’ сты æмæ дзы искуы-иуæй фæстæмæ зæхмæ æрæххæссын ни- кæмæнуал бантыст. Замирæт йæ фароны агуат ссардта. — Тынг хорз у! — сдзырдта мæнырдæм раздæх- гæйæ. Æз цыбырхъæд белимæ йæ цурмæ бацыдтæн. — Йæ былтæ йын кæрдæгæй асыгъдæг кæн,— дзуры та мæм Замирæт.— Иæ дзыхъхъ дæр ын чы- сыл арфдæр акъах æмæ дыууæ сау минутмæ нæ хæ- ринаг уæларт балæудзæн. 20
Уыдæттæ мын амонын бæргæ нæ хъуыди. Ца- лынмæ лыстæг куыстытæ кодтон, уæдмæ Замирæт суадоны цуайнаг ахсадта. Къæртайы дзаг дон æр- бахаста. Кассаг, цæхх, картофтæ æмæ сой уæрдонæй æриста. Дзултæ кæм уыдысты, уыцы голлагмæ куыд бавнæлдта, афтæ йæ æз ауыдтон æмæ йæм батах- тæн. Хуымæтæджы æхсызгон ын уыдис, уæззау исын ын кæй нæ бауагътон, уый. Цуайнаг срæвдз, йæ быны йын арт бандзæрстам. Бандзæрстам, зæгъгæ, арт дæр Замирæт скодта. Æз дæр ыл ацархайдтон, фæлæ мын не ’ссыгъд. Хур дзæвгар суади. Æрдæбонсарæй мæ къогъотæ тынг стыхсын кодтой. Ныр цыдæр æрбаисты. Æвæц- цæгæн, фæздæгæй фæтарстысты. Бæлæсты бын цы хæмпæлтæ уыд, уыдон белæй асыгъдæг кодтон, уадз æмæ рувджытæн дзæбæх бынат уа æрбадынæн. Дыу- уæ фæйнæджы уæрдонæй райстон æмæ сæ фынгтæн æрæвæрдтон. Бæх, мæгуыр, йæхи кæрдæгмæ айваз- айваз бæргæ кæны, фæлæ йын йæ бынатæй дардмæ цæуæн нæй, уый æмбары æмæ фæразы. — Тыхсгæ ма кæн, Дудтул, ныртæккæ адæмæн дон аласдзыстæм, стæй уыйфæстæ хиз, цас дæ фæн- ды, уыйбæрц. Бæх йæ ном айхъусгæйæ, мæнырдæм æмбаргæ каст æрбакодта. — Хъазыбег, ма дын байрæджы уæд,— сдзырдта Замирæт,— кæннод рувджытæ батыхсдзысты. — Цæуын, цæуын, — бел бæласы æнцой æрæ- вæргæйæ, загътон æз æмæ тагъд-тагъд уæрдонмæ сгæпп ластон. Боцкъайы æхсæз къæртайы йедтæмæ нæ цыд æмæ йæ цас айдзаг кæнын хъуыд. Дзыцца абондæргъы дæр йæхинымæр тыхстаид, куыд æрæгмæ зынын, зæгъгæ. Цыфæнды чысыл хъуыддаг дæр йæ зæрдæмæ хæстæг исы. Ноджы ма 21
фыццаг бон кæй дæн, уый йæ тынгдæр сагъæсы æф- тыдтаид. Дысон мын нæхимæ бирæ фæныхæстæ кодта. За- мирæтæн дæр ныффæдзæхста, дæ цæст æм фæдар, зæгъгæ. — Æппындæр æм дæ зæрдæ ма ’хсайæд,— ныф- сытæ йын авæрдта Замирæт.— Ау, Астемыры фыр- ты бæрц дæр та нæ сарæхсдзæн?! Æмæ Астемырты Хадзыбечыр цы у? Скъолайы иумæ ахуыр кæнæм æмæ йæ нæ зонын!.. Мæ размæ дыууæ къуырийы бæрц уый куыста Замирæтæн æх- хуысгæнæгæй. Мæн дæр бæргæ фæндыди, фæлæ йæ Гадæцци мæ разæй фæкодта. Астемыр йе ’рдхорд у, стæй хæстæджытæ сты æмæ дын мæн куыннæ ба- уагътаид. Хуыцау хорз, æмæ Хадзыбечыр горæтмæ йæ мадырвадæлтæм ацыди. Ацы хатт Замирæт йæхи фæнд атардта, мæн Хъазыбегæй хуыздæр æмбал нæ хъæуы, зæгъгæ. Гадæццийæн дæр ма цы гæнæн уыд æмæ æнæбары сразы. Рувджытæ мæ дардæй ауыдтой. Фæндаджы был- мæ мæ размæ рацыдысты. Хур сæ куыд басыгъта! Иууылдæр мæлæты куыствæллад сты. Стæй бафæл- лайын дæр диссаг нæу. Бон-изæрмæ уæззау къæпи- йæ зæхх хойынæй уæйыг дæр бастайдзæн. Уæд Дзыццайы хуызæн адæймагæн цас хъæуы?! Æмæ ма канд быдыры куыстыл куы уаид. Бынтон тынг та нæхимæ бафæллайы. Уæддæр дын йæхиуыл ба- тыхсдзæн. Куыннæ стæй! Фынæйæ дæр кусгæ фæкæны. Иу æхсæв ма Гæк- кæ йæ къухты змæлдмæ хъал дæр раци. Мæ фыны, дам, нартхор рывтон. Æз æй мæхæдæг дæр иу-цал- дæр хатты раиртæстон. Йæ къухтæй цыма къæпийы хъæдыл фæхæцы, уый хуызæн æнгуылдзтæ æрбал- хъив-æрбалхъив байдайы... 22
Адæм боцкъайы алыварс амбырд сты. Дзыцца йæ рæгъ кæронмæ ахæццæ кодта æмæ йæ сæрбæт- тæны къæдзилæй йæ цæсгомы хид сæрфгæ æрба- цæуы. — Дзыллæ, нуазгæ кæн,— къусы дзаг æм уазал дон авæрдта Дзæнæтхан.— Дон тыхджын у, Теп- сыры куырой дæр уый фæрцы зилы. — Дон арæхæн фæцæр! — раарфæ кодта Дзыц- ца. Йæ къусы ма цы дон аззад, уый иуварс акалдта æмæ йæ афтидæй Дзæнæтханмæ авæрдта. — Каей ма уæ хъæуы?—хуымты айхъуыст Дзæ- нæтханы цъæхснаг хъæлæс. Фæлæ йæм йæ хъус куы ничи æрдардта, уæд къус слæвæрдта æмæ уый дæр иннæты фæдыл хуыммæ ацыд. Цалынмæ фæстæмæ здæхтæн, уæдмæ хæринаг пæлхъ-пæлхъæй фыхти. Дудтулы суæгъд кодтон æмæ йæ къæхтæбастæй кæрдæгмæ баздæхтон. — Бирæ йæ нал хъæуы,— загъта Замирæт, æмæ хъæдын цолпы иуварс æрæвæрдта.— Ныртæккæ цæт- тæ уыдзæн. Æз уæрдон фæстæмæ схъил кодтон æмæ йæм ба- дæн фæйнæг быцæу ацарæзтон. Рæтæнæгъдтыл бæ- ласы къалиутæ æмæ хæмпæлтæ æрцамадтон æмæ бынæй дзæбæх сатæг уыди. Уый мæхицæн æрцæттæ кодтон. Дзул лыгтæ кæнынмæ хуыздæр бынат нæ хъæуы. Алкæмæн дæр килæйы æрдæг. Барæныл уай- тагъд фæцалх дæн. Уæлдай къæбæртæ мын дзы би- рæ нæ зади. Иу æмæ ссæдз хайы æнхъæлмæ касты- сты сæ хицæуттæм. Уæлæ Сафонка æрбацæуы. Уымæ дзæгъæл митæ нæй. Кусгæ, уæд — кусгæ! Хæрын афон æрхæццæ, уæд та хæрын хъæуы. Иæ къæпи дæлгоммæ æрæ- 23
вæрдта, цæмæй йыл мачи ныллæууа, уый тыххæй æмæ суадонмæ йæхи ’хсынмæ баздæхт. — Æнхъæлдæн æмæ æфсинтæ æнхъæлмæ кæсы- нæй бафæлладысты,— йæ цæсгом сæрфгæйæ, æрба- дзырдта Сафонка. — Уазæг цæттæ, фысым æдзæттæ, зæгъгæ, фæзæ- гъынц, фæлæ уыцы æгъдау абон мах Хъазыбегимæ фехæлдтам,— дзуапп ын радта Замирæт.— Кæдæй- уæдæй фысымтæ дæр цæттæ сты. Мæ кой кæй скодта, уый мын æхсызгон куыннæ уыдаид. Цыма йын мæлæты æххуыстæ фæдæн. — Хæрын дæр куыст у, — загъта Сафонка, — æмæ йæ афоныл кæнын хъæуы. Йæ рæстæджы дын чи бантыса, уыцы фæллой та фылдæр бæркад дæтты. Замирæт ын хъæрмхуыппы къус фæздæг калгæ йæ размæ радавта. — Кæм бадыс, Сафонка? — афарста йæ цæу- гæ-цæуын. Къус ын йæ къухтæ басыгъта, уый бæрæг уыд: æгæр тагъд æй æрæвæрдта фæйнæджы кæрон. Са- фонка æнæдзургæйæ бацыд æмæ фынджы уæлхъус кæрдæгыл тымбыл бадт æркодта. Уидыг æмæ йын дзул йæ разы æрæвæрдтон æмæ хæрынмæ бав- нæлдта. Иннæтæ дæр иугай-дыгай цæуын райдыдтой. Бæ- стæ змæлд сси. Дзæнæтханы хъæлæсæй тынгдæр дзы ничи хъуысы. Дзыцца мæлæты фæлладхуыз у. Уæв- гæ æдзухдæр афтæ дары йæхи. Йæ цуры дæлгоммæ ныхас дæр ничи уæнды. Иууылдæр дзы æфсæрмы кæнынц. Суанг ма Дзæнæтханы фыддзых дæр йæхи- уыл хæцын фæразы. Зæронд лæгты раз дæр ын ба- уромæн нæй, фæлæ Дзыцца йæ цуры ис, зæгъгæ, уæд арæхстгай дзуры. Ныр дæр дын афтæ уæзданæй лæу- уын куыннæ бафæразид! Уæвгæ уæддæр йæ хъæр 24
куыройгæсы кæртмæ хъуысы. Куитæ дзæгъæлы не ’срæйдтой. Дзыцца мæ аивæй хъахъхъæны. Хуымæтæджы бузныг мæ у. Æмæ куыннæ! Йæ æртындæсаздзыд фырт кусынхъом фæци. Абон фыццаг фæллойбон æрбахæсдзæн хæдзармæ. — Лæппу, дзул радаз! — Уый мæм Гадæцци фæ- дзырдта. Йæ хъæлæсæй йæ базыдтон. Уайдзæфы хуызы загъта йæ ныхæстæ. Æз дæр уыдон куыст куы кæнын, уæд чысыл куыннæ банхъæлмæ кæсы? Æви хистæрты разæй дæр уымæн æрæвæрон?!. Дзыцца мæм, йæ хæрын нæ ныууадзгæйæ, хъав- гæ æрбакаст. Мæнæн дзурæн ницы ис. Фыццаг бон, чи зоны, фаг нæ арæхсын. Æмæ мæ уæд цæсты æф- тауын хъæуы? Гадæццийы цур дæр дзулы хай æрæвæрдтон. — Йæ тæккæ хъæбæр ын кæдæм рахастай? — нæ та фæцыд йæ зæрдæмæ мæ лæггад. Афтæмæй йын æз та хуыздæрæн афтæ бакодтон. Мæхæдæг дæр хъæ- бæр уарзын. Æндæр хаймæ та ацыдтæн. Æппæты разæй Сафонка фæци хæрд. Йæ къус ын аджы цур æрæвæрдтон. Замирæт æм фæкомкоммæ. — Сафонкайы къусмæ кæсыс?! — Иннæтæ йæ куыннæ хъусой, афтæмæй мæм æрбадзырдта.— Дзæ- бæх æй куы асыгъдæг кодта. Цыма дзы хæринаг дæр нæ уыд, уый хуызæн. Хæргæйæ йæм куы бакæ- сын, уæд цыфæнды æфсæст куы вæййын, уæддæр мæм хæрын æрцæуы. Кусгæ дæр афтæ кæны. Хос кæрдгæйæ — зæххы цъар сыстигъы, ссивгæйæ йæ мæкъуылтæ — фаззæттау æмхуызон, амайгæйæ йæ цъынатæ иннæтæй — рæсугъддæр æмæ аивдæр. — Дæ минас бирæ уæд, Замирæт, хъæздыг 25
фæу! — раарфæ кодта Сафонка, йæ бынатæй сыст- гæйæ æмæ йæхи суадоны былмæ айста. Дзыцца йæ хъæрмхуыпп хæрд фæци, афтæмæй йæ дзулæй чысыл йедтæмæ нæ фæхъуыд. Æвæццæ- гæн-иу нын алы изæр дæр йæхи хъуагæй æрхаста быдырæй йæ хай. Афонмæ та йæм Гæккæ æмæ Бæ- ди куыд æнхъæлмæ кæсынц. Дзыццайы дзул кæд- дæриддæр хæрзаддæр вæййы. Дзыцца æдзухдæр стырдæр хай ратты мæнæн. Гæккæ æмæ Бæдимæ уый диссаг нæ фæкæсы, уымæн æмæ æмбарынц, мæхæдæг дæр стырдæр кæй дæн æмæ мын уымæ гæс- гæ егъаудæр карст кæй æмбæлы. Фæлæ сæ кæрæдзи- имæ хатгай фæбыцæу вæййынц. Гæккæ хистæр у æмæ йæ хай дæр хъуамæ стырдæр уа. Бæдийы зæр- дæмæ та уый нæ цæуы. Дзыцца дæр хæйттæй иу зы- на-нæзына стырдæр фæкæны æмæ йæм дыууæ хайы бадаргæйæ фæзæгъы: — Кæцы дæ хъæуы? Бæдийы цæстытæ сдыууæрдæм вæййынц, стæй æрæджиау сдзуры: — Мæнæн уæлдай нæу. Æмæ та стырдæр хай райсы. Гæккæ йæ былтæ тæргай зылын фæкæны, фæлæ йæ Дзыцца йæ хъæ- бысы фелвасы, йæ хъусы йын цыдæртæ адзуры æмæ та уайтагъд йæ маст фæцыдæр вæййы. Бæди не ’ппæты кæстæр у æмæ йын алцыдæр ба- рын хъæуы. Бæппуимæ кæрæдзийы уынгæ дæр ни- куы фæкодтой. Хæстмæ куы ацыд, уымæй æхсæз мæ- йы фæстæдæр райгуырд. Бæппуйæ та писмотæ æртæ мæйы йедтæмæ нæ фæистам. Уыйфæстæ дзы хабар нал уыд. Замирæт мын йæ дзулы хай мæ хызыны нып- пæрста, чызджытæн, дам, æй ахæсс. Æз цыдæр зæ- 26
гъынмæ хъавыдтæн, фæлæ мæ сдзурын нал ба- уагъта. Нæхимæ Дзыццайæ раздæр схæццæ дæн. Гæккæ æмæ Бæди уынджы тута бæласы бын бандоныл си- дзæрты бадт кодтой. Мæ зæрдæ куыддæр æрбамæ- гуыр. Тынг сын фæтæригъæд кодтон. Афтæмæй æз нал дæн, зæгъгæ, уæд сæ сæрыл чи рахæцид. Рын- чын уæвгæйæ дæр уымæй фæтæрсын. Æппæты тынг- дæр мæ зæрдыл Гæккæ æмæ Бæди фæлæууынц. Æвæццæгæн, гыццылтæ кæй сты, уый тыххæй. Стæй — чызджытæ. Чи сæ фæтæрсдзæн?! Хæрзаг нын лæппутæ нæ фæткъуытæ ныттониккой, нæ ру- дзынджы æвгтæ нын асæттиккой, нæ тутатæй бон- изæрмæ дæлæмæ нæ хизиккой. Стæй ма мын, чи зо- ны, мæ гыццыл хоты æфхæргæ дæр бакæниккой. Æвæдза, куыд хорз у, хистæр æфсымæр сын кæй ис, уый. Уæдæ ма сæм исчи зулмæ дæр фæкæсæд, кæд- дæра йын æз цы митæ бакæнин. Кæннод-ма нæ цæ- хæрадонмæ бауæндæнт!.. Куыддæр мæ ауыдтой, афтæ мæ размæ ратахты- сты. Дудтул æй цыма зонгæ кодта, уыйхуызæн æр- лæууыд æмæ, цалынмæ сæ дыууæйы дæр уæрдоны сæвæрдтон, уæдмæ йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Нæ дуармæ йæ æрурæдтон. Чызджытæ бадгæ баззады- сты. Кæдæй-уæдæй мах кæртмæ дæр уæрдон батул- дзæн. Нæ кулдуар рагæй нал байгом. Дзыццайы ныхæстæм гæсгæ йæ Бæппуйы рæстæджы бон цал- дæр хатты гом кæнын хъуыд. Æмæ та йæ æз абон уæрæх байтыгътон. Бæхы рохтыл хъавгæ ахæцыд- тæн æмæ йæ сарайы цурмæ бакодтон. Чызджыты раргъæвтон, мæхæдæг Дудтулы уæгъд кæнынмæ фæдæн. Доны был цы кæрдæг ракарстон, уый нæ хъуджы кæвдæсы ныккалдтон, бæхы дзаумæттæ та, Уарынæй тæрсгæйæ, сарамæ бахастон. 27
— Мæнæ уын дзул!—хызынæй Замирæты хай сисгæйæ, загътон æз. Æвæццæгæн, сæ дыууæйы фаг дæр кæй уыдзæн, уый бамбæрстой æмæ ацы хатт кæрæдзимæ нæ ба- дзагъултæ кодтой, фæлæ цингæнгæ хæдзары смидæг сты. Цалынмæ Дудтулы бæхдонмæ ластон, уæдмæ мыл нæ сыхы лæппутæй цалдæр амбæлд æмæ мæм хæлæгæй мардысты. Уæлдай диссагдæр та сæм фæ- каст, бадгæ йыл кæй нæ кодтон, уый. Æрмæст иуы- рдæм фæндаг æхсæз километрæй къаддæр нæ уыди æмæ бафæллад. Раст зæгъын хъæуы, лæппуты бына- ты æз дæр бæллыдаин бæхыл абадынмæ, стæй йыл абон бадгæ дæр акодтон. Гадæцци мæ куыроймæ сæрвыста, суай æмæ, дам, знон нæхицæй цы ссинæг- тæ æрластой, уыдоны хабар базон. Ныр стыр лæгтæ куыд фæкæнынц, афтæ Дудтулы мæ фæстæ ластон. Дзыццайы нæхимæ сæййæфтон. Ацы изæр мæ нæ хъуг Сауимæ цæуын дæр нæ бахъуыд: хъомæй йæ- хæдæг ссыд. Ахæм диссаг дзы никуыма федтон. Бон сауизæрмæ фæхизы, уæддæр ын бафсис нæй æмæ та йæ фæндаг хъæугæрæтты акæны. Бердты акомком- мæ Куыройыдоны былгæрæтты ахизынæй хуыздæр æм ницы кæсы. Ахæм зыдæвнæлд фæкæны, цыма æнæхъæн бон кæрдæджы хъæстæ нæ фæвæййы. Агу- рæг æй куы нæ уаид, уæд, æвæццæгæн, æхсæв-бон- мæ дæр хизид. — Кæдæй-уæдæй Сауи хæдзар бацагуырдта,— сдзырдтон, хъуджы кæрты ауынгæйæ. — Æнхъæлмæ кæс!—дзуапп мын авæрдта Бæ- ди.— Дзыцца йæ стардта. Нæ фæлæ уыйбæрц æххæсгæ та куыд кæны Дзыц- ца? Алцыдæр ын хъуыдыгонд у. Ацафон ссæуын æнхъæл мын нæма уыд æмæ хъуджы размæ йæхæ- 28
т ■т Ш№ дæг ацыд. Фæлæуу, Сауи, кæддæра дæхæдæг нæ сæпп кæнис. Дæ кæвдæсы исты куы зонис, уæд ыл афтæ стырзæрдæ нæ уаис. Скъæтмæ бауадтæн, æрдæбоны кæрдæгæй мæ хъæбысы фелвæстон æмæ дуарæй рахъæр кодтон: 29
— Сауи, Сауи, рауай ардæм! Хъуг мæн ауынгæйæ, бауасыд æмæ тагъд-тагъд скъæты фæмидæг. Алы изæр дæр ын мемæ кæрдæг ласдзынæн æмæ бар-æнæбары цæудзæн нæхимæ. Хорз хъуг у бæргæ. Уæддæр æм фаг зылд нæй. Алы ’хсæв дæр нæ урс бедрайы æмбисæй фылдæр æркæны. Уæдæ дзы рай- сомæй дæр уымæй бирæ къаддæр не ’рдуцы Дзыцца. Алы изæр дæр мын дзы хъармæй къусы дзаг ратты. Гæккæитæн та тыххæй нуазын кæнын фæхъæуы. Дзыцца йæ изæры куыстытæ конд фæцис æмæ иууылдæр нæ сæрдыгон цæрæны æрæмбырд стæм. Дурын пецы арт къæрццытæ кæны. Фæтæген нæм нал уыд æмæ дысон Алихантæй æрхастон. Æвæдза, Алихантæ нын цы хорздзинæдтæ фесты, уыдон кæд бафиддзыстæм. Цыдæриддæр нæ бахъæ- уы — иууылдæр сæ уыдонæй хæссæм. Цæуылдæрид- дæр батыхсæм — уыдонмæ цæуæм æххуысагур. Æмæ нæм иу хатт дæр уазал цæстæй никуыма ракасты- сты. Немыцы рæстæджы нæ хæдзары дзаумæттæ фе- сæфтысты. Адæм мæлæтмæ комкоммæ кастысты, уæддæр ма иуæй-иутæ кæмæй цы радавон, ууыл ар- хайдтой. Ставд-Дуртæй фæстæмæ сыздæхтыстæм æмæ нæ хæдзар афтидæй сæййæфтам. Нæ сынтæ- джытæ фесæфтысты, нæ хуийæн машинæ ма тых- хæйты Хадзымуссæтæй байстам, нæ патефонæн йæ фæд дæр нал разынд. Суанг ма нæ авджын тæбæгъ- тæ æмæ æфсæйнаг уидгуытæ дæр фæдæлдзæх сты. Хæдзары кусæн дзаумæтты сæр алы бон дæр бахъæуы æмæ æдзухдæр Алихантæм у нæ каст. Хуы- лыдз фæрв æмæ хæрис къодæхтæ нæхи фæрæтæй кæд ныссæтдзынæ. Æмæ та Алиханы джидæ æрдав. Уæдæ бæндæн, лом æмæ дыкъухыг хырх дæр Али- 30
хантæй хуыздæр никæмæ ис æмæ нын алы хатт дæр нæ тыхст уыдон ацаразынц. Дысон сæм фæтæгенгур куы ссыдтæн, уæд мыл Алихан мæлæты цин бакодта: — Бонæй-бонмæ дæ нал базонын, Хъазыбег. Хæрдмæ цæуыс æмæ цæуыс. — Æмæ исты йæ фыд гыццыл лæг уыди? —загъ- та йæ мидбылты бахудгæйæ Дзыгын, Алиханы би- нойнаг. — Уый раст у, фæлæ Хосион сæ дынджыртæй нæу,— йæ ныхас дарддæр кодта Алихан.— Ныридæ- гæн уымæй куы фæбæрзонддæр. — Уадз æмæ нæ мыггаджы дæр Болайы йас лæг- тæ фæзына,— дзуапп ын радта Дзыгын. Йæхæдæг мын мæ фæтæгенхæссæн райста æмæ уатæй ра- хызт.— Ай уал уын иукъорд боны фаг уыдзæн, стæй та хуыцау ратдзæн,— загъта фæстæмæ æрбаздæхгæ- йæ, Дзыгын. Ныр мæнæ пецы цур бадæм æмæ артмæ кæсæм. Рухс ссудзын афон дæр у, кæд Дзыцца фæтæгеныл ауæрдгæ нæ кæны, уæд. — Гæбул, цырагъ-ма ссудз, — цыма мын мæ хъуыдытæ бамбæрста, уыйхуызæн мæм фæдзырдта Дзыцца. Талынг æрбайсæфт. Бæдийыл, мæгуырæг, хуыс- сæг фæтых. Йæ бандоныл афынæй. Æхсæвæрмæ дæр нал фæлæууыд. Хуыссæгæн афтæ лæмæгъ у, æмæ уайтæккæ дæр афынæй вæййы. Афтæмæй Дзыцца та уæлибæхтæ кæнынмæ бавнæлдта. Тепсыры ссад æвæрдæй дары. Иунæг хатт йедтæмæ йæм нæма бав- нæлдта. Хæдзармæ уазæг дæр цæуы æмæ ма уый раз та цы ’рæвæрдзæн. Абон, æвæццæгæн, хуыцау- æхсæв кæй у, уымæн æм нæ базивæг кодта. Стæй мæн тыххæй дæр акувын хъæуы. Уæдæ! Фыццаг бон 31
нæ хæдзарæй кусынмæ ацыдтæн æмæ хъуамæ рæст- вæндаг фæуон. Дзыццайæ ахæмтæ нæ рох кæнынц. Гæккæ дæр æркув-æркув кæнын райдыдта. Мæхи дæр мын хуыссæг æрцахста. Дзыцца йæ æмбары æмæ ноджы цырддæр архайы. — Ныртæккæ, ныртæккæ, Дзыццайы хъæбул- тæ,— сдзырдта махырдæм æрбакæсгæйæ, — æххæст ма æртыккаг чъири афыца. Гæккæ, Дзыццайы ныхæстæй хæрдмæ фæхауд æмæ цыма фынæй дæр нæ уыди, уыйау пецæй æддæ- дæр рабадт. — Марадз, дæ цæсгом уазал донæй ахс æмæ дæ хуыссæг фæлидза,— сдзырдтон æм æз. — Æз фынæй нæ кæнын,— дзуапп мын радта бустæхуызæй Гæккæ. Рагацау дæр æй зыдтон, афтæ мын кæй зæгъ- дзæн, уый æмæ та йæм мæ ныхас баппæрстон: — Марадз, марадз, уым æфсæрмыйагæй ни- цы ис. — Дзыцца, исты-ма йын зæгъ!—уайтагъд хъаст кæнынмæ фæци. — Ныууадз, ма йæ мæстæй мар!—къахгæ йæ кæй кæнын, уый фембаргæйæ, сдзырдта Дзыцца.— Марадз, уыйбæсты Бæдийæн уат бакæн æмæ йæ хуыссæнмæ ахæсс. Æрдæбонсарæй мæхи зæрдыл куыннæ ’рлæууыд. Ардыгæй райсоммæ дæр хуысдзæн къæлæтджын бандоныл. йæ цуры цыфæнды хъæрæй куы дзурай, уæддæр нæ райхъал уыдзæн. Арæхстгай йæ мæ хъæбысы систон æмæ йæ иннæ уатмæ ахастон. Къæсæргæрон мæ къах скъуырдтон æмæ чысыл-ма бахъæуа размæ ма бахауон. Йæ дзаумæттæ йын куыддæртæй раластон æмæ йæ схуыссын кодтон. Мæ фæстæмæ ’рбаздæхынмæ чъи- 32
ритæ стъолыл хъæдын тæбæгъы дзуарæвæрд уыды- сты. Каст ма мæнмæ уыди. Æз мæ худ систон æмæ, цалынмæ Дзыцца кувгæ кодта, уæдмæ уырдыг лæу- уыдтæн. — Куывдтытæн дæ се ’ппæты хорзæх дæр уæд! — сдзырдта фæстагмæ Дзыцца æмæ мæм кувæггаг авæрдта. Чъирийæ иу комдзаг акодтон æмæ йæ фæс- тæмæ тæбæгъы æрæвæрдтон. Дзыцца йæ бандон стъолмæ хæстæгдæр æрбакодта æмæ æрбадти. — Рауай ардæм, Дзыццайы хъæбул,— сдзырдта Гæккæмæ æмæ йæ йæ фарсмæ æрбадын кодта. Дзыцца уæлибæхтæ æрсаста æмæ нын нæ разы дзаджджын кæрстытæ æрæвæрдта. Цы хæрзад уæлибæхтæ сты! Æрмæст йæ джедж- джынты тæф дæр бирæйы аргъ у. Дзыццайы хæринаг кæмфæнды дæр базондзынæн. Æппæтæй мæм хæрз- аддæр кæсы. Стæй уый канд мæ хъуыды нæу. Сы- хæгтæй искæмæ чындзæхсæв кæнæ куывд ис, зæгъ- гæ, уæд дзы хæринаггæнæг фылдæр хатт Дзыцца вæййы. Суанг ма йæм æндæр сыхтæй дæр æрцæн уынц. Уæдæ йæ бæгæныйы кой та æппæт хъæубæс- тыл дæр хъуыстгонд у. Бæрæгбоны рæстæджы адæм иууылдæр мах бæгæныйæ феппæлынц. Ныр цæмæй скæнæм, уый дæр нæм нæй. Хуымæтæджы нартхоры кæрдзынæй дæр нал æххæссæм. Хуыцау хорз, æмæ Сауи ныззади, æмæ уый руаджы ирвæзæм. Дзыцца нартхоры ссад сойæйы змихимæ æмхæццæйæ уæли- бæхтæ дæр ракæны. Мах ын фылдæр хатт йæ дзадж- джынтæ ахæрæм, йæ цъар та тæбæгъы баззайы. Уы- мæн æмæ тынг æнад у. Фæлæ нæм абон æцæг чъи- ритæ ис. Гæккæ дзы афтæ зæрдиагæй хуымæтæджы нæ хæры. — Исчи дæ бирæгъы ’фсон мары,— сдзырдтон æм æз æмæ йын йæ цонгыл фæхæцыдтæн. Уалдзыгон стъалытæ зз
— Дæхицæн куы зонис...— схъуыр-хъуыр кодта йæхинымæр æмæ мæ иуварс асхуыста. — Мæнмæ хæрын нæ цæуы,— мæ худын тыххæй уромгæйæ, загътон æз. Гæккæ мæм къахæгау æрбакаст, стæй йæ дзыхы дзаг ныххудт: — Уæдæ дæ тæбæгъы чи уыд, уыдон цы фесты? — Æмæ дзы цы уыди? — Дзыцца, дæлæ ма йæм кæс. Æз мæ хæйттæй иу дæр хæрд нæма фæдæн, уымæн та йæ раз къуыв- виттæй лæууы æмæ ма уæддæр мæныл худы. — Хъазгæ дæ кæны, ма йæм хъус,— загъта йын худгæйæ Дзыцца.— Уый ма ноджыдæр хъæуы æмæ уый тыххæй афтæ дзуры.— Æмæ та мын ног хай мæ разы æрæвæрдта. — Хæргæ. Кусæг лæг хъуамæ бирæ хæра. — Нал мæ хъæуы,— загътон æз æмæ хай фæстæ- мæ йæ бынаты æрæвæрдтон. — Хæргæ, хæргæ, ис ма дзы,— сдзырдта та мæм Дзыцца. Мæн æцæгæйдæр нал хъуыд. Уый, æвæццæгæн, Дзыццамæ диссаг фæкаст, уымæн æмæ алы хатт дæр æппæтæй фылдæр бахæрын. Дзыццайы та æн- дæр æхсызгондзинад ыæ хъæуы. — Æз дæр бафсæстæн,— арф ныуулæфгæйæ загъта Гæккæ æмæ йæ бынатæй сыстад. — Æххæст ма дæ къæхтæ ахс, Дзыццайы хъæ- бул, æмæ хуысгæ. Æллæх, æз дæр сæ куынæма ныхсадтон! Æппæты фæстагмæ та мын куыд баззадысты. Изæры сæ ра- джы ныхсынмæ бæргæ хъавыдтæн, фæлæ мæ æрбай- рох. — Чъизи мын не сты,— йæхи сæнцъылдтæ кæн- гæйæ, сдзырдта Гæккæ. 34
— Рауай, рауай, мæ гыццыл карк,— йæ ныхæстæ йын ницæмæ ’рдаргæйæ, загъта Дзыцца. Тасы дон æрбадавта æмæ йæ чызджы цур æрæвæрдта. Гæккæ- йæн дæр гæнæн нал уыд, æмæ йæ дзабыртæ феп- пæрста, йæ къæхтæ уыцы. æнæвæндонæй тасмæ æр- уагъта. — Афтæ, гъе! — йæ къæхтæ сæрфгæйæ йын загъ- та Дзыцца.— Æхсад лæгмæ фарн кæсы, уæдæ!.. — Мæ хуыссæнмæ мæ ахæсс,— йæ къухтæ йæм æрбадардта Гæккæ,— кæннод та мын ногæй счъизи уыдзысты. Дзыцца йæ йæ хъæбысы систа æмæ йæ иннæ уатмæ ахаста. Æз тасы ног дон ныккодтон æмæ мæ- хи къæхтæ ’хсыныл фæдæн. Мæ фæстæ тас йæ сын- тæджы размæ бахаста Дзыцца. — Гæбул, марадз-ма пецы цæхæр банорд, — сдзырдта мæм Дзыцца, йæ къæхтæ сæрфгæйæ,— кæн- нод та нæ райсом раджы зынггур цæуын хъæудзæн. Æцæгæй мæм уымæй зындæр ницы фæкæсы. Сæумæдæвдæгæй адæмы тохынатæм кæс æмæ дзы, фæздæг кæмæй кæла, уыдон дуар бахой. Курын цы- «фæидыйæ дæр зын у. Суанг зынг курын дæр. Фæл- тау дæхæдæг искæмæн исты дæтт. Арты æхсидæвтæ иууылдæр басыгъдысты. Сæ зынгтæ сын рæбынæй рахиз къуымы амбырд кодтон æмæ сæ фæныкæй бамбæрзтон. — Мæ сыгъдæг дзабыртæ ма мын радав,— дзуры та мæм Дзыцца.— Фаллаг уаты сты, ам сæ ма агур. Нæ цырагъ дæр немæ ахастам. Куыннæ стæй! Гæккæ æмæ йæ Бæди хъуыды дæр не ’ркодтой. Æниу дзы ахæм цырæгътæ фынддæс куы ссудзис- Сæ фы- нæйæ ницы хуызы райхъал уыдзысты. Уæлдайдæр Бæди. Арвы нæрынæй тынгдæр ницæмæй тæрсы æмæ 35
куыддæр иу гæрах искæцæй фæцæуы, афтæ йæ хуыс- сæны йæ сæр фæцæвы. Æрмæстдæр фынæй бафæра- зæд, æндæр арв æмæ зæхх кæрæдзийы дæр хойæнт — нæ райхъал уыдзæн. Цырагъы рухс дæр æй нæ хъыг- дары. Цæмæдæр гæсгæ мæ хуыссæг нал ахсы. Мæ цæс- тытæ иу уысм æрцъынд кодтон, зæгъгæ, фынæй кæ- нын мæм нал фæцæуы. Дзыцца дæр æрхуыссыд. — Йа, хуыцау, батæригъæд кæн,— хъуысы мæм йæ сындæг дзурын.— Дæ фæдзæхст, де уазæг нæ ба- кæн... Алы ’хсæв дæр ын уыцы ныхæстæ æнæсдзургæ нæй. Цыдæр æхсызгондзинад мыл æрцыд, æрмæст цы у, уый æрцахсын нæ фæразын. Мæ цæстытыл уайынц абоны цаутæ. Кусын куы райдыдтон, хæдæгай! Æцæ- гæйдæр, амондджын дæн! Дудтул у мæ цины сæр. Хадзыбечырмæ бирæ фæхæлæг кодтон. Ныр мын мæхимæ дæр хæлæггæнджытæ фæзынд... Мæ хуыссæны хæрдмæ фæхаудтæн. Мæ цæстытæ фегом сты. Кæсын æмæ уаты цырагъ судзы. Дзыцца йæ хуыссæны бады æмæ хуийы. — Дæ фыны исты федтай? — сдзырдта мæм, йе ’мпъузинаг фæуадзгæйæ. — Нæ уæрдон хидæй ныххауд,— дзуапп радтон иудзæвгар ахъуыды кæныны фæстæ æз.— Дзыцца, стын афон у? — Афынæй кæн, нырма бонмæ бирæ ис. — Уæдæ ды цæуыннæ хуыссыс? — Мæн хуыссæг нал ахсы æмæ мæнæ Гæккæиты дзаумæттæ ампъузон, кæннод сæ уæлæ цы скæной, уый нал ис. Æмбисæхсæв йæ хуыссæны арæх рабады Дзыц- 36
ца. Мах æй куыннæ базонæм, афтæмæй цырагъ ссу- дзы æмæ боны срухсмæ йæ куыстытæ фæвæййы. Рæстæг ын нæ фаг кæны. Ногæй та мæ хуыссæг æрцахста... II Лæппутæ тутайæ сæ уæлдай раджы ныууагътой, æз та дзы ныронг мæ зæрдæйы дзæбæхæн иу хатт дæр нæма бахордтон. Райсомæй раджы ацæуын, фæстæмæ та æрæджиау сыздæхын æмæ ма уыцы афон бæласмæ чи хизы. Иуæй, талынг вæййы, иннæ- мæй, ныффæллайын æмæ мæ уыдæттæ нал фенда- вынц. Гæккæитæ нын дзы не ’ссыдмæ æртонынц æмæ нын сæ Дзыццаимæ нæ размæ радавынц, фæлæ уый цы у! Дæхæдæг бæласы цъупмæ куы нæ схизай æмæ тæккæ заддæр къалиу куы нæ æрбатасын кæнай... Афтæмæй бирæ адджындæр у. Цалдæр бонмæ та мæ цæуæнты ауадтæн. Дуд- тул йæ къах ныццавта æмæ йæ Гадæцци ифтындзын нал бауагъта. Замирæт хæринаг иннæ бригады бæ- хыл аласы. Ноджы ныр кæрæдзимæ хæстæг рувынц, æмæ иу уæрдон дыууæ бригады фаг дæр у. — Дæ фæллад уал суадз,— загъта мын Зами- рæт. Æз дæр нæ бæлæстæй кæй сæрæй нæ ракастæн, ахæм нал баззад. Нæ урс тутамæ схизын бирæтæ сæ ныфс хæсгæ дæр нæ кæнынц. Йæ къалиутæ уæлиау сты æмæ, цалынмæ уырдæм хæццæ кæнай, уæдмæ дæ лæф-лæф ссæудзæн. Æз та йыл ахуыр дæн æмæ йæм уайтæккæ дæр сбырын. Фыццаг къалиумæ схæц- цæ — йæ зын. Уымæй уæлæмæ æнцон у. Куыд цæттæ кæны, афтæ йæхи ’гъдауæй згъæлы. 37
Чысыл радымæд, æндæр æнгуылдзы стæвдæн тута- тæ зæхмæ ныггæр-гæр кæнынц. Абон æй æнæныу- уигъгæ нæй. Тагъд-тагъд æм сгæпп ластон. Гæккæ- итæм бынмæ дзурын: — Гыццыл агъуыстæй кæттаг рахæссут. Мæхæдæг тæккæ заддæр къалиуыл дыууæ къу- хæи ныххæцыдтæн æмæ æнхъæлмæ кæсын, кæд ра- цæудзысты, уымæ. — Зæххыл æй кæдæм ласыс, Гæккæ?! Хæрдмæ йыл схæц, кæннод рыгæй нал бæздзæн. Бæди мæ ныхæстæ айхъусгæйæ, кæттагæн зæхх цы кæрон хафта, уый рацахста æмæ йæ бæрзонд систа. — Хæстæгдæр æрбацæут,— амонын сын уæле. Мæ тых, мæ бонæй ныууыгътон къалиу. Гæр-гæр- гæр! Бæстæ тута фестад. Мæ сæр, ме уæхсчытæ æмæ дзы мæ фæсонтыл дæр бирæ цæфтæ æруад. Гæккæ æмæ Бæди сæ гыццыл къухтæй кæттагыл уыцы æна- рæхст хæст кæнынц. Бæрæг у, кæй афæлладысты, уый. — Зæххыл æй æрæвæрут. Мæлæты æхсызгон сын уыди. Уайтагъд æй кæр- дæгыл айтыгътой. Ногæй та бæлас ныууыгътон. Ацы хатт æндæр къалиу. Уый дæр æлæмы хуызæн зад. Гæккæ æмæ Бæди кæттаджы кæрæттыл фæхæцы- дысты, æмæ дзы цы тутатæ уыд, уыдон астæуæй дзыхъхъауы амбырд сты. — Æгъгъæд, мауал уигъ, — дзуры мæм Гæк- кæ.— Адон нын æнæхъæн къуырийы фаг сты!.. Æцæгæйдæр, бирæ уыдысты. Фырцинæй уайтагъд зæххы балæууыдтæн. Нæ хъугдуцæн бедрайы сæ ныккодтам æмæ йæ былтæй акалд. Мæ сæры диссаджы хорз хъуыды февзæрд. — Нæ фæлæ ма дзы Дзæлигойæн ныххæсс,— 38
дзурын Гæккæмæ.— Уый мын иухатт куыройæ куы сцæйцыдтæн æмæ къæвда уарын куы райдыдта, уæд йæ къандзол куы радта. Гæккæ цæуыны кой айхъусæд, æндæр цæсты фæ- ныкъуылдмæ абæлццон вæййы. — Мæгуыр йæ бон,— уайтагъд тæригъæд кæнын- мæ фæци Гæккæ.— Тута сæм æппындæр куы нæ ис. Стæй сæм куы уаид, уæддæр ын сæ чи ’ртонид. Иу- нæгæй цæры æмæ йын бæласмæ чи схизид. Гæккæ тагъд-тагъд хæдзармæ бауад, арынг ра- давта æмæ, къæрта фæкъул кæнгæйæ, сдзырдта: — Адон Дзыццайæн. Бæди æрдæбонсарæй дæр йæхи цыдæр æцæгæ- лонхуыз дардта. — Цом, Бæди, мах нæхимæ. Гæккæ уадз æмæ къусбар кæна. — Æз дæр цæуын йемæ,— куы нæ йæ ауадзон, уымæй тæрсгæйæ, рагацау тæргайхуызæй сдзырдта Бæди. — Ацæут, æрмæст дзы бирæ ма бафæстиат ут. Дзыцца уæ базондзæн æмæ мæимæ дæр хæцдзæни, афтæ дардмæ уæ кæй ауагътон, уый тыххæй. Мæ ныхæстæм кæронмæ дæр нал байхъуыстой, афтæмæй кулдуары æдде фесты... Кусыныл фæцахуыр дæн æмæ иунæгæй куыддæр тыхсгæ кæнын. Цæй æмæ нæ хæдзар Дзыццайы ссыдмæ дзæбæх бафснайон. Скъапп дæр иыссыгъ- дæг кæнон, пъолтæ дæр ныхсон, рудзгуытæ дæр ныссæрфон, пецы фæнык дæр акалон. Нæ хъæдын сынтæгмæ кæсынтыл фæдæн. Цымæ йыл цал азы цæуы? Ацы хъæуы æрæджы ’рцарды- сты адæм. Иууылдæр Уæлладжыры комæй ралыгъ- дысты. Мæ фыд дæр йæ фыдимæ ам æрбынат код- той. Дзыцца куыд зæгъы, афтæмæй йæ семæ ралас- 39
той. Йе ’скæнæджы йын мæ фыдыфыд дæр нæ зыдта, уæд ма йæ æз кæцæй зонон. Не ’скъапп та Шамилы арæзт у. Нæ хъæуы къу- хæй уымæй дæсныдæр ничи у. Æрмæст’ йæ уæллаг хатæны рудзынг асаст, æмæ йæ, æз куы зонын, уæ- дæй нырмæ аивæг нæй. Авг зын арæн у. Дзыцца йыл газеты скъуыддзаг мæнæуы ссады хыссæйæ баны- хæста æмæ авджы бæсты лæууы. Йæ фыстытæ йын æнæкæсгæйæ дæр бахъуыды кодтон: «Хъугдуцæг Ха- ситы Разиат алы хъугæй дæр æрдыгъта æртæ мин литры...» Нæ фæлæ нæ пец цæйбæрц бынат ахсы! Дадогка нын æй самадта. Ныр ыл иу-æртæ азы цæудзæн. Не ’ннæ пец нын немыц фехæлдтой. Дзыцца Дадогка- тæм цалдæр цыды ныккодта. Иу пецамайæг йедтæ- мæ нæм нæй, æмæ йыл æнцонæй нæ фæхæст уы- дзынæ! Адæмæй туджы аргъ мызд исы, уæддæр æм цæуынц æмæ цæуынц. Æрæджиау æй махмæ дæр равдæлд. йæ бындур ын амад куы фæци, уæд нæ биноиты иууылдæр æддæмæ рарвыста. Ахæм дзы æдзæстуарзон никуыма федтон. Иууылдæр дзы уы- мæй хъаст кæнынц. Исчи йæм куы бакæса æмæ пец амайын куы базона, уый адæргæй йæ цуры лæууын никæй фæуадзы. Уæд махæй та цæмæй тарст! Æви афтæ æнхъæлдта, æмæ æз дыккаг бон нæ сыхæн пец- тæ амайын райдайдзынæн. Уæддæр Дадогкайы хуы- зæн мæрддзæстæй нæ равдисин мæхи. Стæй сæ æрты- гай путтæ нартхор дæр нæ исин. Æнæуи дæр сæм мæлæты бирæ куы нæ ис. Раст зæгъын хъæуы, нæ пец хорз рауад. Фæздæг- гæнаг нæу. Йæ хъарм уайтагъддæр рандавы. Иу дзæбæх арт нын суанг райсоммæйы фаг вæййы. Зы- мæджы-иу пецы сæр арæх бадтæн. Мæ къæхтæ-иу къæйы кæрæттыл дурты хъарммæ тавтон. Хатгай- 40
иу мæ зæвæт къæйыл дæр андзæвыд. Бынтон æрæ- джиау-иу мæм бахъардта æмæ-иу фырадæргæй мæ уд сцæйхауд. Дæ къах-иу цыфæнды тынг куы тылд- таис, уæддæр дын-иу ницуал баххуыс кодтаид: сыгъ- ди æмæ сыгъди. Ацы хабæрттæ мæ зæрдыл пецы рыгтæ сæрфгæйæ æрлæууыдысты. Гыццыл цъылынæй сæ зæхмæ ра- марзтон. Уæддæр пъол æхсгæ кæндзынæн æмæ ма йыл цы ауæрдон. Духовкæйы бын пъолæй чысыл уæлдæр уыдис хатæнгонд. Дзыцца-иу дзы уæлдай дзаумæттæ бавæрдта. Уыдон дæр мын æнæракалгæ нæй- Æфснайгæ — уæд æфснайгæ. Цыдæр къуым- билтæ дæр дзы разынд. Тебæисæн æмæ дзы цалдæр банкæйы райстон. Ноджы арфдæр бавнæлдтон, æмæ мæ къух цыдæр бырынцъагыл аныдзæвыд. Мæхи тынгдæр б^йвæзтон. Литруат банкæ. Хæлуарæджы тынтæ йыл нынныхæстысты. Хæцъилæй йæ æрсæрф- тон æмæ... балтæй йе ’дзаг. Уæле — гæххæттæй æм- бæрзт. йæ хъуырыл — сау æндах зылын-мылын тых- тытæ. Сæ сæрыл хъуына фæхæцыд. Мæхимидæг дисы бацыдтæн, ай цы уа, зæгъгæ, фæлæ ницы æр- хъуыды кæнын мæ бон баци. Скъаппы фæстæ йæ æрæвæрдтон æмæ дарддæр æфснайын. Нæ фæлæ цалынмæ скъапмæ нæма бавнæлдтон, уæдмæ уал суадонæй дон æрбадавон къустæ æмæ тæбæгътæ æхсынæн. Лæппутæй мыл ничи амбæлд дыууæрдæм цæугæ- йæ дæр. Бахъыгдарынæй сæ тарстæн. Бакъуылымпы мæ кæндзысты æмæ мæ куыстытæ æрдæгкондæй баз- зайдзысты. Стæй дзы зæгъгæ дæр никæмæн ницы кодтаин. Сылгоймаджы куыстытæ кæнгæ мæ цæмæн хъуамæ феной. Уыйфæстæ мæ мæстæй куыд марой, афтæ... Дон мидæмæ æрбахастон æмæ дуар къæндзыйæ 41
æрæхгæдтон, æнæнхъæлæджы мæ куыд ничи æрбай- йафа, афтæ. Чифæнды хойæд — нæ йын бакæндзы- нæн дуар. Къусæй, уидыгæй сæ иууылдæр ныхсад- тон. Скъапп æдде-мидæгæй ныссæрфтон. Пъолтæ æхсын тæккæ зындæр у. Фæйнæджытæ æмхуызон хуыд не ’сты æмæ бырæттæ хуынчъытæ æмæ зыхъхъырты нынныхсынц. Раздæр уал, æрдæ- бонсарæй зæхмæ цы рыгтæ фæкалдтон, уыдон расæр- фын хъæуы. Кæннод сæм дон фæхæццæ уыдзæн æмæ йæ иннæ фæйнæджытыл дæр байсæрддзынæн. Дзæбæх марзт мын нæ рауад. Æмæ та йæ но- джыдæр ныссæрфтон. Исты хуызы ма мын æхсад куы фæуид, кæннод мæ афтæмæй Гæккæитæ æййаф- дзысты. Чи зоны, худгæ дæр ма мыл фæкæной... Афтæ гъе! Тынг хорз у. Иуæй-иу рæтты дзы дон æгæр бирæ аззад. Тынгдæр пецы раз смал. Уырдæм зынг æрхауы. Фæйнæг басыгъд æмæ дзыхъгондмæ дон фæкалд. Иу хатт ма йын йæ арæхтæ хæцъилæй рахафтон æмæ мæ фæдтæ сæрфгæ къæсæргæрон æр- лæууыдтæн. Мидæмæ нал цæуын, кæннод та ногæй счъизи уы- дзæн. Æхсæнтæ дон дæр мемæ рахастон æмæ тыргъ- тæм рахызтæн. Дуарыл æдде гуыдыр сæвæрдтон, Гæккæитæ йæ æрдæгхусæй куыннæ ’рæййафой, аф- тæ. Дæгъæл та мæ дзыппы нывæрдтон. Суадонмæ мæхи æхсынмæ ацыдтæн. Фæллайгæ тынг бакодтон, фæлæ мæ зæрдæ мæлæты хъæлдзæг у. Кæрдæгыл уæлгоммæ схуыссыдтæн æмæ цъæх- цъæхид арвмæ кæсын. Изæры Дзыцца куы ссæуа, уæд дисæй амæлдзæн. Фыццаг, æвæццæгæн, Гæккæ- йæ æнхъæл уыдзæн. Фæлæ— нæ!.. А лæппу сыгъдæг- дзинад чызгæй къаддæр нæ уарзы. Стæй арæхсгæ дæр æвзæр нæ кæны. Дзыццайæн та цæйбæрц цин- дзинад æрхæсдзынæн!.. 42
Суадонæй фæстæмæ æрбаздæхтæн. Гæккæиты нæхимæ æрбаййæфтон. — Куыд тагъд фæзындыстут, æви сæхимæ нæ уыд? — Уæдæ нын мæнæ адон чи радта? — къæрта мын мæ размæ æрбалæвæрдта Гæккæ. Балтæ. Махонтæй ноджы саудæр. — Цæмæн сæ схастат? — Бæласмæ нæ тыххæй схизын кодта,— йæхи раст кæнынмæ фæци Гæккæ. — Æццæй нæ, Бæди? — О, о, нæ дæ уырны? — фæцырд Бæди.— Уæдæ- ма йын йæхи дæр бафæрс. Мах кулдуары цурæй фæстæмæ баздæхта. Асин дæр нын йæхæдæг ра- хаста. — Хорз фæуæд. Фæлæ ма мын иу хъуыддагбам- барын кæнут. Пецы хатæны та уæ балтæ чи ны- вæрдта? Гæккæ мæм сонт каст æрбакодта: — Цавæр балтæ? — Банкæйы!.. — Ма сæм бавнал... Уыдон æз Бæппуйы ссыдмæ æртыдтон!.. Тагъд-тагъд дуар фегом кодтон æмæ банкæ тыргътæм радавтон: — Мæнæ ма сæм æркæс!.. Гæккæ хорзау нал фæци. Мæгуыр йæ бон. Бæп- пуйы ссыдмæ куыд тынг æихъæлмæ кæсы. Дзыцца- йы нал æмæ нал фæуадзы. Æмæ та йын уый дæр иу хаттæй иннæмæ æфсон скæны. — Æз та ноджыдæр æртондзынæн... — Æмæ та уыдон дæр бамбидзысты... — Нæ бамбидзысты. Дзыцца афтæ куы загъта, балтæ куыддæр сау кæнын райдайой, афтæ Бæппу дæр ссæудзæн... 43
Цы ма сдзырдтаин. Дзыцца мæнæн дæр бæргæ фæзæгъы. Фæлæ йæ ныхас фæмæнг вæййы. Фарон сæрд фиййау уыдыстæм. Нæ фос хъæуы бын хыз- там. Дзыццайæн та Бæппуйы кой ракодтон- Æз æй дзæбæх хъуыды дæр нал кæнын æмæ йæ фенынмæ уæлдай тынгдæр бæллын. Дзыцца йæ мæ хуызæн фæхоны. Йæ цæстытæ, дам, цъæх-цъæхид уыдыстьь Курæггаг цæхдоны хуызæн. Иу каст-иу дæм куы ’рбакодтаид, уæд дзы рагацау дæхи æмбæхс. Зæр- дæйæ та тæригъæдгæнаг уыд. Æмбалуарзон. Хъазаг. Йæ худæджы хабæрттæ бирæтæ æрымысынц. Иу хатт та хъæдæй суг сласта. Нæ фæскъул ау- уоны бадгæ сæййæфта йæ фыд Гæлыкк æмæ нæ сыхæгты лæг Хасмелы. Дыууæ зæронды сæ кæд- дæры хабæрттæ мысыдысты. Бæппуйы зæрды цы рæфтыд, хуыцау йæ зонæг, сугты сæрæй топп ра- давта æмæ сын сæ къæхты бынмæ дыууæ гæрахы фæкодта. Лæгтæ афæлдæхтысты æмæ æнæзмæлгæйæ баз- задысты. Æппынæрæджиау Хасмел базмæлыд. Ра- бадт, йæхи æрысгæрстытæ кодта æмæ чысылгай йе ’муд цæуын райдыдта. Уæддæр ма Гæлыкк мардау хуыссыд. Хасмел ыл къахæй сæрмæ йæ цæст æрхаста æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Туг, æндæр ницы, Гæлыкк... Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, лæг æрчъицыдта. Бæппу та сæм дардæй каст æмæ худæгæй марди. Ахæм хабæрттæ мын Дзыцца бирæ ракодта. Фыдуаг, дам, уыди тынг. Лæгтæй арæх фехъусын, дурты бын дæр, дам, ын фесæфæн нæй. Æмæ уæдæ хæстæй куыд æрæгмæ здæхы. Нæ хъæуæй цал æмæ цал ссыди. Дзыцца дзы алкæй дæр бæргæ бафæрсы, фæлæ дзы Бæппуйыл никуы ничи фембæлд. Афтæ- 44
мæй хæст кæд фæци... Уæвгæ нырма се ’ппæт нæма сыздæхтысты... О, æмæ фиййау куы уыдыстæм, уыцы хабар ра- цæйдзырдтон. Фыстæ æнцад хызтысты. Æз мæ лæ- дзæгыл æрæнцой кодтон æмæ Хъæууатырдæм кас- тæн. Уалынмæ дæлбылæй сзынди иу æфсæддон. Мæ зæрдæйы цыдæр цин фæмидæг. Бæппу йæ фенхъæлд- тон. Йæ размæ азгъордтон. Цыма йæ базыдтаин!.. Дзыцца дæр фæндагмæ æввахсдæр æрбацыд. Бæлц- цон нæ рæзты уыцы уæззау къахдзæфтæй сивгъуыд- та. Æвæццæгæн, джермецыккаг уыд, æндæр нын уы- рыссагау салам нæ радтаид. Уæдæй нырмæ æфсæд- дон куы фенын, уæд та Бæппу мæ зæрдыл æрбалæу- уы. Гæккæ дæр æм æнхъæлмæ кæсы æмæ йын йе ссыдмæ балтæ дæр уымæн бамбæхста. Æвæрæитæ кæнынмæ зæронд усæй уæлдай нæу. йе ’мбæхсæн бынат дæр ын æнцонтæй не ссардзынæ. Ногбонты нын Дзыцца дедатæ скæны. Æз æмæ Бæ- дийæн бирæйы фаг не свæййынц. Иучысыл дзы ахъа- зæм æмæ сæ радыгай хæрд фæвæййæм. Гæккæ та сæ рамбæхс-бамбæхс байдайы. Æппынфæстагмæ йын сæ уæддæр ссарын æмæ та хъуыддаг кæуынæй ахи- цæн вæййы. Ныр дæр æнхъæл уыд, æмæ йын йæ æм- бæхсæн ничи базондзæн. Æвзаргæ хорз бынат ра- кодта. Æнæуи йын сæ ницы хуызы ссардтаин. Æмæ йæм афтæ диссаг дæр уымæн фæкаст... Дуарыл та ногæй гуыдыр æвæрын. — Цæмæн æй æхгæныс?—дзуры мæм Гæккæ. — Хæдзар счъизи кæндзыстут. Æз абондæргъы æфснайгæ кæнын. Кулдуары хъæр фæцыд. Дзыцца æрбацæуы. Гæк- кæитæ йæ ауыдтой, æз-фæраздæронæй йæм фæтæ- хынц. Дыууæйæ дæр ыл сæхи баппæрстой. — Фæлæуут!..— дзуры сæм, йæ мидбылты худ- 45
гæйæ, Дзыцца.— Мидæмæ цæуын мæ бауадзут. Бæди йын йæ хызын райста æмæ йæ зæххыл лас- гæ æрбахæссы. Дзыцца асинтыл æрбадт. Бæди æнæ- фæрсгæйæ йæ хъæбысмæ бахызт. ■— Æх-ха, уæдæ! — арф ныуулæфгæйæ, сдзырдта Дзыцца. — Чындздзон чызг куы суай, уæддæр-ма хъæбысы бадын агурдзынæ? Бæди дзуапп раттыны бæсты ноджы арфдæр аныгъуылд. Дзыцца йæ йæ иу къухæй æрбатыхта, иннæмæй та Гæккæйы æрбахъæбыс кодта. Æз Дзыццайы иннæрдыгæй фарс æрбадтæн æмæ æнхъæлмæ кæсын, мидæмæ кæд бацæудзыстæм, уы- мæ. Изæрæй нын тыргъты æнæабадгæ нæй. Дзыцца- йæн йæ фæллад ссæуы æмæ та уыйфæстæ хæдзары куыстытæм бавналы. — Уæ дуар фидар куы сæхгæдтат,— сдзырдта Дзыцца, гуыдырмæ фæкомкоммæ уæвгæйæ. — Æз æй ныртæккæ бакæндзынæн, — æмæ мæ бынатæй фестадтæн. Æнæуи дæр уымæ æнхъæлмæ кастæн. Хуымæтæджы бузныг мæ фæци Дзыцца, ме ’фснæйдтытæм мын куы бакасти, уæд. Уайтагъд ын æй Гæккæ æмæ Бæди æппæлынмæ фесты. Сæхæдæг дæр тынг бацин кодтой... Фæлæуу, Дзыцца, фæстæдæр æй фенай. Æз ма дæ бирæ хæттыты бахъæлдзæг кæндзынæн. Иухатты маст дæр дæ ферох уыдзæн. Тамако дымгæ мæ куы баййæфтай, уый кой кæнын. Цыма мæн йедтæмæ та- мако ничи дымы. Агуыбе дæр дымы, Хадзыбечыр дæр, Хæмæтхъан дæр. Уæд Дзыцца йæхи цæуыл хæ- ры. Мæ бирæ фыдæбæттæй, дам, куы ницы рауайа... Тæрсгæ ма кæн, æз дын маст никуал скæндзынæн. Тамако дымгæ дæр мæ нал фендзынæ. Кæсыс, де ’ссыдмæ цы куыстытæ бакодтон, уымæ... Иннæ лæп- 46
путæй уый йæ сæрмæ ничи ’рхæссид. Куыннæ стæй! Хадзыбечыр дын къустæ æхсыныл балæудзæн!.. Каен- нод Хæмæтхъан! III Мæ мидфынæймæ цыдæр æнахуыр хъæлæба хъу- сын. Замманайы дзæбæх хуыссыдтæн. Мæ цæстытæ байгом кæыын мæм нæ цæуы. Афынæй уæвыныл ма мæ зæрдæ дарын. Фæлæ ницуал: сывæллæтты хъæр та нæ тæккæ рудзынджы бын ссыд. Цы та ссардтой, хуыцау йæ зонæг. Ракастæн. Ахæм рухс æнхъæл ын нæ уыдтæн. Мæ цæстытæ фæстæмæ ахгæдтон. Ногæй та сæ байгом кодтон. Ацы хатт мæ рухс уыйас нал бахъыгдардта... Дзыцца, кæй зæгъын æй хъæуы, кусынмæ раджы ацыд. Гæккæитæ дæр ам куынæуал сты. Уыдон дæр мæ хуысгæйæ ныууагътой. Мæн æдзухдæр хъал кæ- нын фæхъæуы. Мæхи зондæй раджы никуы сыстин. Райсомæй мæм фынæй кæнын тынг фæцæуы. Ныр дæр æрæджиау у. Нæ сыхы сывæллæттæ ма хъазы- нæй дæр бафсæстысты. Сыстын хъæуы. Мæ хуыссæн куыдфæнды æфснæйдтытæ акодтон, сапои райстон, хисæрфæн ме уæхскыл баппæрстон æмæ Куыройыдонмæ фæраст дæн. Цы уазал у! Къухтæ дзы нæ лæууынц. Фæлæ уæддæр мæхи æр- дæгæй уæлæмæ ныхсадтон. Уартæ фæндагыл чидæртæ æрбацæуы. Агуыбе æмæ Хæмæтхъан. Гæнгæлытæ æрбахæссынц. Фæнда- гыл дæр сæ хæрын куыд нæ уадзынц. Æви таджы нæ бафсæстысты!.. — Салам, донласджытæ, æмæ, æмбисбонмæ чи фынæй кæны, уыдонæн се ’ппæтæн дæр! — дардæй мæм ныхъхъæр кодта Хæмæтхъан. — Цæуыннæ хуысса, зоны йæ, алцыдæр ын цæт- 47
тæйæ кæй уыдзæн, уый, — ныхас йæхимæ айста Агуыбе. — Уæлбыл мæ фæкодтат уæ кæрдæджы сыф- тæй! —мæ цурмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд сын æнæ- рвæссонхуызæй загътон æз. — Бæстæтæ ды афæлдæхтай æмæ уый не ’ртæйы фаг дæр у! —алхыскъ та мæ кодта Хæмæтхъан. — Дыууæ бонмæ Дудтул йæ къухы нырраууат,— арфдæр бавнæлдта Агуыбе,— ныр йæхæдæг æнцад сбадти- Ничиуал æй хъæуы. Æмбæлттыл сыстыр- зæрдæ. Мæ цуры æрлæууыдысты. — А, хæр, дæ бæрзонддзинад! — мæ разы мын цалдæр гæнгæлыйы зæнджы æрæппæрста Агуыбе, йæхæдæг кæрдæгыл æрбадт. — Ныр уымæй уæлдай махмæ хæстæг цæуын- вæнд нал кæныс? — бафарста мæ Хæмæтхъан. — Æмæ мын цы хорздзинад æрцæттæ кодтат? — Найынмæ дæр нал цæуыс? — Æз ныртæккæ дæр ныннадтон мæхи. — Уый нымады нæу. — Уæдæ? — Урсдоны дзы куы нæ аленчытæ кæнай!.. — Æмæ ленк кæнынæн цы ’мбарыс? — Цы? — Сывæллоны хуызæн дæ къухтæй доны уæл- цъар хойын байдайыс... — Цом æмæ йæ бафæлварæм!.. — Фæстæдæр, — дзуапп раттон æз, æмæ мын Агуыбе мæ разы цы гæнгæлытæ æркалдта, уыдон систон. — Ныртæккæ цом!—сцыбæл Агуыбе. — Нырма дон уазал уыдзæн,— сабыр æй кæнын æз.— Стæй хæргæ дæр ницыма бакодтон. Куыддæр 48
хур ныгуылæнырдæм фæкъул уа, афтæ ацæудзы- стæм. Мæ фæндыл сразы сты. Агуыбе мæм диссаг фæкаст. Махæн ма Хæмæтхъанимæ уæлдай нæу. Нæхи курын нæ никæмæй хъæуы. Дзыцца изæрæй раздæр не ’ссæудзæн. Хæмæтхъан та сидзæр у. Йæ фыд хæсты ис. Йæ мад та æндæр мой скодта. Хæ- мæтхъан дзы лидзæг фæци. Мад йæ кæстæр фырти- мæ йæ ног лæгмæ ацыд, уый та ам баззад йæ фыды ’фсымæрмæ. Бои-изæрмæ куы нæ фæзына сæхимæ, уæддæр æй агурæг нæ уыдзæн. Уыимæ дын Агуыбе! Ацы бон мæлæты уæндонæй дзуры!.. Иунæг лæппу у æмæ йæ æнæфæрсгæйæ къахдзæф дæр никæдæм фæуадзынц. Чи зоны, сæхимæ ничи ис. Æмæ йыл куыд баууæндыдаиккой. Йæ фыдымад куы никуы- дæм фæцæуы... Хæдзары дæр тæвд кæнын райдыдта. Сихорыл тынгдæр æрæндавы. Ацафон бæстæ сабыр вæййы. Уынджы змæлæг нæ фендзынæ. Зæронд устытæ сæ- хи бæлæсты бынмæ байсынц. Кæмæ дзы æлвисинаг вæййы, чи къуымбил февзары, чи та йæ хуиинаг йе- мæ райсы. Фос дæр аууон бынæттæ ссарынц æмæ цалынмæ фæсатæгдæр вæййы, уæдмæ сæхи нал ра- вдисынц. Лæппутæ та æмхуызонæй дæр Урсдонмæ аивылынц... Уынгмæ рацыдтæн. Агуыбетæ нæ бакомкоммæ цæрынц. Никуыцæй зыны. Бадзурын дæр æм нæ уæндын. Миййаг æй куынæуал рауадзой. Фæлтау æм банхъæлмæ кæсон. Хæмæтхъан æваст мæ уæлхъус алæууыд. Уыцы схойгæ цыд байдайы æмæ йæ къæхты уынæр хъуыс- гæ дæр нæ кæны. — Агуыбе кæм и?—цыма искæмæй тæрсы, уый хуызæн мæ хъусы сабыргай æрбадзырдта. — Нæ зонын... 4 Уалдзыгон стъалытæ 49
— Сæхимæ йæ нæ уадзынц, æвæццæгæн... — Уæртæ рацæуы! Йæ фæстæ йæ фыдымад дæр. Ныртæккæ та рай- дайдзæн. — Дардмæ ма ацæут, — дзуры мæм Гуассæ, — Хъазыбег, ды æмбаргæдæр дæ æмæ йæм дæ цæст фæдар. Донимæ хъæбысæй хæцæн нæй... — Ма тæрс, Гуассæ, Урсдон ныртæккæ тæнæг у. — Цытæ дзурыс? — ноджы мæм хæстæгдæр æр- бацыд зæронд ус. — Адæймагæн бирæ нæ хъæуы> æмæ уæхи хъахъхъæнут!.. — О, о! Бамбæрстам æй! — сбустæ йыл кодта Агуыбе.— Ацу нæхимæ, кæннод ныл ам дæуимæ ны- хæстæгæнгæйæ баизæр уыдзæн. Цомут, цæй, сымах дæр, кæд ма цæуынмæ хъавут, уæд!.. Мæсты кæны Агуыбе зæронд усмæ. Цыма дзидзи- дай сывæллон у. Мах цур æй уæд та куы нæ ’фта- уид цæсты. Тынгдæр уый тыххæй æрбафыхт. Иуæй-иу хатт Агуыбейæн тæригъæд фæкæнын. Иуырдæм æй акаст нæ уадзынц. Æгæр дæр ма фæ- разы. йæ бынаты æндæр ницы хуызы бабыхсид. Гуассæ йын алцæмæй дæр тæрсгæ кæны. Йæхиуыл дæр тынг ауæрды. Суадонæй дон бедра йе ’дзагæй дæр никуыма æрбахаста. Æмбисæй. Уыимæ хъуамæ бæлвырд бынæтты цалдæр лæуды æркæна æмæ йæ фæллад суадза. Афтæмæй нæм суадон тынг хæстæг у. Тæккæ хъæугæрон цæрæм. Фаллаг сыхмæ бахæццæ стæм. Фæндаджы фæл- мæн рыг къæхтæ судзы. Æртæйæ дæр бæгъæввад стæм. Агуыбе йæ дзабыртæ йæ дæларм хæссы. Гом- къахæй дын æй куыннæ рауагътаиккой!.. Гуассæйы цур сæ нæ бауæндыд ласын. Сæхицæй куы радард, уæд сæ феппæрста. Хъæуæй ахызтыстæм. Хуыртыл цæуын фæзын- 50
дæр. Агуыбейæн уæлдай зындæр у. Æнахуырæй йæ къæхтæ риссынц. Мах цур фæкъæмдзæстыг уæвынæй тæрсы, æндæр йæ дзабыртæ фæстæмæ скæнид. Хат- гай йæ къах фæдыдагъ вæййы, фæлæ йæ рис не ’схъæр кæны. — Æз иу хорз ран зонын! — йæ бынаты фæлæу- гæйæ, сдзырдта Хæмæтхъан. — Кæм? — афарстон æй æз. — Æрмæст дард у. — Искуыма дæхи арф доны ныннай! Ленкгæнæн дæр кæм уа, ныцъцъыввытт ласæн дæр. — Цомут, уæдæ,— фæцырд Хæмæтхъан æмæ даргъдæр къахдзæфтæй араст. Мах дæр йæ фæдыл. Хуырæй æмбæрзт былгæрок фæци æмæ нæумæ схызтыстæм. Ам та цы цæуын хъæуы. Нæ фæндагыл арæхæй-арæхдæр æмбæлæм фæрвы къутæртыл. Кæрдæг дзы дзæвгар арфдæр у.. Æвæццæгæн æм фос не ’фтынц. — Æрхæццæ стæм! — сæрыстырæй сдзырдта Хæ- мæтхъан æмæ йæ дзаумæттæ ласынмæ фæци. Æнхъæлдæн æмæ диссаджы найæн у. Уылæнтæ бæлвырд бæрæг дæр не ’сты. Арф ран афтæ вæййы. Хæмæтхъан махæй фæраздæр. Байбыны сæрмæ фæрв бæласмæ сгæпп ласта, йæ къухтæ размæ ныт- тынг кодта æмæ йæхи донмæ ныззылдта. — Ф-у-у-у! Мæнæ цы хорз у! — сдзырдта, фал- лаг фарс йæ сæр сдаргæйæ Хæмæтхъан æмæ йæ ар- мытъæпæнтæй йæ цæсгомы дон сындæггай æр- сæрфта. Махæй бæласæй æргæпп кæнын ничи бауæндыд. Рагацау уал доны арф базонын хъæуы, кæннод Хæ- мæтхъаныл æууæнк нæй. Иухатт мæ хорз афæлыв- та. Комбайны фæстæ цы мæнæуы æфсиртæ баззад, уыдон уидзынмæ нæ акодтой. Сихорæн нын хъæрм- 51,
хуыпп æрæвæрдтой. Хæмæтхъанмæ мæнæй раз- дæр æрхæццæ рад. Хъæрмхуыппæй ацаходгæйæ, сдзырдта: — Æххæст тæвд дæр æй не ’скодтой!.. Æз дæр мæ хъæрмхуыппæй дынджыр уидыджы дзаг фелвæстон æмæ мын мæ комыкъултæ баца- рыдта. Агуыбеимæ доны иумæ бацыдыстæм. Уайтагъд дзы аныгъуылдыстæм. Бæстæ тъупп æмæ тъæпп сси. Нæ сыхы лæппутæм ленкгæнгæйæ цæмæдæр гæсгæ афтæ нымад у, цас тынгдæр дон пырх кæнай æмæ дæ футтытæ арæхдæр хъуысой, уыйбæрц хуыздæр арæхсыс. Уайтæккæ иннæ фарс балæууыдыстæм. * Уыйфæстæ бæласы сæрæй дæр гæпп кæнын рай- дыдтам. Бынтон æрæджиаумæ бафæстиат стæм на- йæны. Нæхимæ рацыдыстæм, хур Джермецыччы рæгъты сæрмæ куы ’рхæстæг, уæд. Æрдæбоны хуыр- тæм та схæццæ стæм. Агуыбе ацы хатт нал ныффæ- рæзта. Р1æ дзабыртæ скодта. — Хъазы лæппынтæ! — къутæртырдæм ацамон- гæйæ, сдзырдта Хæмæтхъан. Къудзиты фæстæты сæм фæхъуызы. — Рацæут тагъддæр, кæннод донмæ лидзынц!..— сиды нæм Хæмæтхъан. Мадæл хъазтæ, сæ къубæлттæ даргъ райвазгæйæ сыф-сыфгæнгæ размæ лидзынц. Сæ разæй згъорынц сæ лæппынтæ дæр. — Дæлæты сæ размæ! — йæ къухæй мæм амоны Хæмæтхъан. — Агуыбе, марадз, кæннод ирвæзынц!.. Хъазы лæппынтæ цалдæрæй донмæ ныггæпп кæ- нæны цæхгæрмæ æвæрд хъилыл фæкалдысты æмæ сæм мах дæр фæлæбурдтам. Хæмæтхъан дзы дыу- уæйыл фæхæст, мах та иугæйттыл. Иннæтæ донмæ 52
ныйирвæзтысты æмæ удаистæй фаллаг фарсмæ ленк кæныныл фесты. Мадæл хъазтæ сæ хъæрæй нал æн- цайынц. Мах кæй æрцахстам, уыцы лæппынты цъипп-цъипп хъусынц æмæ сдыууæрдæм сты. Ардæм дæр сæ зæрдæ ’хсайы, фæсте ма сæ куы асурæм, уы- 53
мæй дæр тæрсынц æмæ бар-æнæбары фалæрдæм ленк кæнынц. Хæмæтхъан æмæ Агуыбе хъазы лæппынты сæ рæтты ныппæрстой, уæддæр ма йæ æз мæ къухты дарын. Уымæй размæ лæппутæй бирæ хæттыты фехъуыс- тон Урсдоны былæй хъазы лæппынты давды кой æмæ-иу сæм мæхинымæр хæлæг кодтон. Ныр мæхæ- дæг ахæм уавæры куы бахаудтæн, уæд мæм хорзау нал фæкаст æмæ мæ бынаты æнæзмæлгæйæ лæу- уыдтæн. — Цомут рæвдздæр, кæннод нæ исчи фендзæн,— мæ чъылдыммæ райхъуыстысты Хæмæтхъаны ны- хæстæ. — Цы ныджджих дæ? — уый та мæм Агуыбе дзуры. — Хорз нæу искæй цъиутæ давын,— сдзырдтон бынтон æрæджиау æз. — Уæд сыл дæхи хъæрццыгъайау цæвын нæ хъуыд! — бауайдзæф мын кодта Хæмæтхъан. — Æз æй ныртæккæ фæстæмæ ауадздзынæн!.. — Ауадздзынæ æмæ фесæфдзæн, — дзуапп мын аЕæрдта Хæмæтхъан. — Кæннод та йæ рувас бахæрдзæн,— йæ фарс рахæцыд Агуыбе. — Цæмæн? — Уымæн æмæ йе ’мбæлтты нал ссардзæн. Æз доны фаллаг фарсмæ акастæн æмæ, æцæгæй, хъазтæн сæ кой дæр нал уыд. — Уæдæ йæ цы фæкæнон? — Уæ хæдзармæ йæ ахæсс, æндæр æй цы фæкæ- най,— зонд мын амоны Хæмæтхъан. — Иннæ аз дын лæппынтæ рауадздзæн,— ра- зæнгард мæ кæны Агуыбе. 54
Сæхицæй мæ æдылыдæр хонынц. Стæй, æвæццæ- гæн, тæппуддæр. Цы уа, уый уæд! Мæхи фæныфс- джын кæнгæйæ, сдзырдтон: — Цомут! — æмæ сæ разæй фæцæуын. Уынгты йæ мæ къухты хæссын нал уæндыдтæн æмæ йæ æз дæр мæ роны нывæрдтон. Æрдæбонсй- рæй йæхи атон-атон кодта, фæлæ ныр фæсабырдæр. Исчи мæ куы базона, уымæй тарстæн. Нæхимæ куыддæртæй æрбахæццæ дæн. Сæрдыгон цæрæн уа- ты йæ суагътон- Уайтагъд лидзынмæ фæци. Стъолы бынмæ батахт. Уым йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ къуымы цъылыны бын фæмидæг. Уырдыгæй пецы бынмæ фæцагайдта. Луарæнтæ йын иуцалдæр раны æркалдтон, фæлæ сæм кæсгæ дæр нæ фæкодта. Йæ фæдыл ратæх-батæхæй бафæлладтæн æмæ йæ фæс- тагмæ йæхи бар ныууагътон. Æризæр. Замманайы сатæг у. Хурныгуылды фæ- стæ улæфын фенцондæр вæййы. Сауимæ та мæ цæ- уын бахъæудзæн. Цæуинаг куы уыдаид, уæд афон- мæ зындаид. Цалдæр боны йын кæрдæг не ’сластон æмæ та йæ раздæры уайæнтæ æрымысыд. Ацы хатт мæ дардмæ цæуын нæ бахъуыд. Бердтæм фæзилæн тигъыл мæ тæккæ размæ фæци. Æвæццæгæн, хæ- дзармæ йæ зæрдæ ’хсайдта æмæ бирæ хизын нæ ба- фæрæзта. Дзыццаимæ уынджы баиу стæм. Йæ хызын æмæ йын йæ къæпи райстон, Гæккæитæ дæр кæцæйдæр фæзындысты. Бæди мын хызын мæ къухæй аскъæф- та æмæ та йæ йæ фæдыл ласгæ фæхæссы. Гыццыл агъуысты скуыси. Æз æм фæсте дзурын: — Хъазы лæппын ма ралидзæд! — Цавæр хъазы лæппын? — сонт зылд мæм фæ- кодта Дзыцца. Уыцы фарстæн мæ дзуапп дæттын кæй хъæудзæн, 55
уый рагацау зыдтоы æмæ йæм мæхи цæттæ дардтон: — Урсдоны был æй ссардтон. Кæд цыфæнды æнæкъуызгæйæ дзырдтон, уæддæр мæ хъæлæсыл бæрæг уыд мæ ныхæсты мæнгдзинад. Стæй Дзыццайы афæливын тынг зын у, ницы дзы бафæсвæд кæндзынæ. Адæймагæн йæ хъуыдытæ йæ ныхыл фыст сты, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ ^Ьæзæгъы. Мæ чингуыты кæйфæнды хуызистмæ дæр бакæ- сæд — йæ : мшшуджытæ йын ранымайдзæн. Æмæ йыл алы хатт дæр баууæндын... Мæ ныхæстыл уайтæккæ дæр фæдызæрдыг æмæ та мæ афарста: — Каем, зæгъыс, кæм?.. — Найæны цур. Сæ мадæлтæй фæдзæгъæл сты æмæ сын Хæмæтхъан æмæ Агуыбеимæ фæтæригъæд кодтам. Æрдæбонсарæй ма мыл кæд чысыл æууæндыди, уæд ныр, Хæмæтхъаны ном айхъусгæйæ, бынтон сдызæрдыг. — Цал хатты дын загътои, Хæмæтхъанимæ ма цу, зæгъгæ?.. — Агуыбе дæр немæ уыди. Хæмæтхъан дзы дыу- уæ æрбахаста, мах та иугæйттæ... — Дыууæйæ дæр уый хуызæн стут! Цы уæ уæл- дай ис, Хæмæтхъан дыууæ хъазы лæппыны адавта, сымахмæ та дзы фæйнæ йедтæмæ не ’рхаудта!.. — Давгæ сæ нæ ракодтам,— мæ ныхæстыл мæ- хæдæг дæр нал æууæндыдтæн, афтæмæй загътон æз. — Иунæг ныхас дæр мауал суадз дæ дзыхæй! Ныронг дæ æдзæсгомæй нæ зыдтон. Мæ цæстытæм мын комкоммæ кæсы æмæ мæ фæливы!.. Цæмæн æр- бахастай кæйдæр хъазы цъиу нæ хæдзармæ? Чи дæ стæригъæдгæнæг кодта? 56
Дарддæр дзурыны ныфс мæм нал уыд. Дзыцца- йы ныхæстæ мæ тынгæй-тынгдæр хызтысты. — Ныр дæм афтæмæй Бæппу куы бакæсид! Уæ- дæ! Хæсты быдырæй йæ алы писмойы æппæты фыц- цаг кæй ном ардта, уыцы лæппу йын давынхъом фæ- ци. Абон хъазы лæппын... Райсом — гогызтæ æмæ фыстæ! Иннæбон та — галтæ æмæ хæдзæрттæм бав- налдзæи... Уыцы ныхæстæ фехъусыны бæсты мæ фæлтау куы ницы уыдаид. Æз Бæппуйæ сæрыстырдæр куы никæмæй дæн. Ууыл раздæр куыннæ ахъуыды код- тон. — Мæн йедтæмæ никуы ничи æрбахаста хъазы цъиу? — мæхи раст кæныныл ма архайын. — Æмæ дæхи тæккæ æвзæрдæртимæ цæмæн ба- рыс? — Æз мæхи æппындæр никæимæ барын!.. — Уæдæ ныртæккæ, хъазы лæппын кæцырандæ- риддæр æрцахстай, уырдæм æй ахæсс! Мæ бон дзурын нал уыд æмæ сæргуыбырæй лæу- уыдтæн. — Бамбæрстай? Мæ бынаты фестъæлфыдтæн. — Æмæ ма абонæй фæстæмæ искуы истæмæ бавнæлдтай, уæд мын мад нал ис, зæгъгæ, нымай. Фæстаг ныхæстæ ме уæнгты ахъардтой. Мæ зæр- дыл æрбалæууыд, раджы кæддæр цы фын федтон, уый... Цыма Дзыцца æвиппайды февзæрд сакъадахыл. Бацæуæн æм никæуылты уыд. Иу къахдзæф-иу æм куы бакодтон, уæд-иу мæ къах ламийы фæцæйны- гъуылд æмæ ма-иу æй тыххæйты фелвæстон. Æз æм «Дзыцца! Дзыцца!» хъæр кæнын, фæлæ мын дзуапдæттæг нæй. Æрæджиау мæ цуры иу зæ- 57
ронд ус февзæрд æмæ мæм дзуры: «Дæ Дзыцца амарди, мæ бон бакæла!..» — æмæ мæ йæ хъæбысы æрбакодта. Æз мæ цæссыгтæ згъалгæ тынгдæр нык- куыдтон æмæ мæ тых мæ бонæй ныхъхъæр кодтон: «Дзыцца!..» Уыцы минут фехъал дæн. Мæ цæссыгтæ мæ рус- тыл уадысты. Мæ хуыссæны рабадтæн. Хуры тынтæ дуары зыхъхъырæй мидæмæ калдысты æмæ дзы ры- джы муртæ сызгъæрин ссадау æрттывтой. Мæ хъустыл ауад уисойы хафын. Чидæр кæрт мæрзы. Мæ фын мæ зæрдæйæ нæма фæцух æмæ кæртмæ хъæр кæнын: — Дзыцца! Уайтагъд тыргъты къæхты хъæр ссыд. Дуар бай- гом æмæ, цæстытæ кæмæ тар кодтой, ахæм рухсы астæу къæсæргæрон алæууыд Дзыцца. — Цы кæныс, Гæбул? Æз мæ хуыссæнæй рагæпп кодтон æмæ йыл кæу- гæйæ ныттыхстæн. — Цæуыл кæуыс? — фæрсы мæ.— Дæ фыны ис- ты федтай? Æз мæ кæуын нал æмæ нал урæдтон. Дзыцца мæ йæ хъæбысы фелвæста æмæ мæ йæ риумæ нылхъив- гæйæ фæрсы. — Цы кодтай, Дзыццайы. Гæбул? Цæмæй фæ- тарстæ? Мæныл хæкъуырццæй кæуын бахæцыд. — Дæ фыны исты федтай? — О-о-о!—æппынæрæджиау сфæрæзтон æз. Дзыцца мæ йæ хъæбысмæ ноджы тынгдæр ныл- хъывта æмæ мæ, мæ кæуынæй сабыр кæнгæйæ, дыу- уæрдæм радав-бадав систа. — Æмæ цы федтай, цы дæ фыны? Радзур-ма йæ мæнæн! — лæгъстæхуызæй та мæм хаты Дзыцца. 58
— Цыма ды амардтæ...— æмæ та ныккуыдтон. Дзыцца цыдæр æнахуыр худт бакæнгæйæ, сдзырдта: — Æмæ ууыл та цæуыл кæуыс? Æз мæнæ дæ цуры куы дæн. Мауал ку... Ды хорз лæппу дæ.— Стæй цыма æндæр кæимæдæр дзырдта, уый хуызæн иуварсырдæм кæсгæйæ загъта: — Лæджы цæстытыл цы нæ ауайдзæн... Мæ кæуынæй банцадтæн, уæддæр ма Дзыццайы хъуырыл фидар хæцын, цыма йын байсынæй тæр- сын, уыйхуызæн. Æрæджиау мæ сынтæгыл æрæ- вæрдта æмæ мæм дзуры: — Марадз, дæ дзаумæттæ скæн, æз та кæрт афс- найон, кæннод æй æрдæгмарзтæй фæуагътон. Сыстынмæ хъавыд. Йæ цонгыл ын фæхæцыдтæн: — Æз дæр цæуын демæ! Тагъд-тагъд мæ хæлаф æмæ хæдон акодтон, Дзыццаимæ кæртмæ рацыдтæн æмæ йæ суанг изæр- мæ цух нал суагътон, тарстæн куы дзы фæхицæн уон «æмæ йæ куынæуал ссарон, уымæй... Уыцы æнамонд фын та мæ зæрдыл кæрæй-кæрон- мæ æрбалæууыд æмæ ногæй Дзыццайæн фæтарстæн. Афтæ мæм фæкаст, цыма ныртæккæ Гæккæ æмæ Бæ- дийы къухтыл фæхæцдзæн æмæ уынгты дæлæмæ фæ- раст уыдзæн. Æз сæ фæдыл ацæуынмæ хъавдзынæн, фæлæ мæ къæхтæ нал змæлдзысты æмæ цавддурау мæ бынаты лæугæйæ баззайдзынæн. Мæ хъæлæсы- дзаг сæм хъæр кæндзынæн, æрмæст мæ хъæр мæчхи- мæ дæр нæ хъуысдзæн... — Дæумæ нæ дзурын? — мæ хъуыдытæ æрдæгыл фескъуыдысты. — Уыцы хъазы лæппыны ахæсс, зæгъгæ, нæ фехъуыстай? — Райсом æй ахæсдзынæн... — Ныртæккæ, зæгъын æз!.. Æрмæст дæ куыд ни- 59
чи базона, афтæ. Кæннод-иу ардæм цæуынвæнд ма~ уал скæн. Мах къæрных ницæмæн хъæуы. Сæргуыбырæй уæззау къахдзæфтæгæнгæ асин- тыл схызтæн. Гæккæ æмæ Бæдийы цæстæнгас мæ- хиуыл æрцахстон. Дыууæйæ дæр мæм уайдзæфгæ- нæджы каст" кæнынц. Ехх, ныр уыдонæй фест. Мæ- химæ та афтæ æгад æркастæн... Æнхъæлдтон, Дзыц- цайы зæрдæ барухс уыдзæн. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма мын мæ ныхæстыл баууæнддзæн æмæ уæд хъазы лæппынмæ мæхæдæг зылдаин. Фæз- зæгмæ байрæзтаид, уалдзæджы цъиутæ рауагътаид æмæ иннæ фæззæгмæ нæ кæрт байдзаг уыдаид. Хæр- заг-иу мæ риу бахостаин, уыдон а лæппу фæфос кодта, зæгъгæ. Ныр мæ фæндтæ æмбойны æрбай- хæлдысты. Мæлæты тагъд баизæр. Цырддæр цæуын хъæуы, кæннод бынтон баталынг уыдзæн. Æнафоны Асте- мыртæ сæ куыдзы суадзынц æмæ сæ рæзты æнæ зо- лочъийæ ацæуæн нал вæййы. Уайтæккæ дæр Урсдо- ны былмæ бахæццæ дæн. Мæ алыварс акæстытæ кодтон. Мæ цæст никæуыл æрхæцыд. Уæвгæ ацафон ам чи цы ми кæны! Хъазы цъиу мæ ронæй фелвæс- тон æмæ йæ суагътон. Уый цъипп-цъипгæнгæ дур- ты сæрты гæппытæгæнгæ фæлидзæг. Фæтæригъæд ын кодтон. Цы фæуыдзæн ахсæв?.. Рувас ыл куы ам- бæла, уæд — дæ балгъитæг афтæ. Нæ йыл баца- уæрддзæн. Иууылдæр мæн аххостæ сты. Йе ’мбæлт- ты ’хсæнæй йæ бирæгъау раскъæфтон. Дзыццайы масты баппæрстон. Æмæ мæнæ ныр нæхимæ уæнтæ- хъилæй фæцæуын. Мæ дзырдæн хорз хицау разындтæн!.. Мæн тых- хæй та нæ бинонтæ æрæнкъард сты. Дзыцца мæм дзургæ дæр нæ кæны. Гæккæитæ мæм тигъмæ кæ- сынц. Тагъддæр ма ацы бон куы фæуид... 60
Бæргæ мæ нæ фæндыди, Хæмæтхъанитæ мæ сра- зы кодтой æндæр. Ардыгæй фæстæмæ мын искæй зондыл ацæуæн нал ис. Цалдæр хатты тынг фæфæс- мон кодтон æмæ æгъгъæд фæуæд. Ссардтон æз дæр, кæмæ хъусон, уый!.. Хæмæтхъанмæ хорздзинадæй ницы ис. Ие скъола ныууагъта æмæ кæй цæхæрадо- нæй нæ ракаст, ахæм ын нал баззад. Агуыбеты куы- дзæн та судзин бадардта. Хуыцау хорз, æмæ йын æй йæ хъæлæсæй сластой, æндæр ныммардаид. Дзыцца мын уымæй размæ дæр бирæ хæттыты загъ- та, Хæмæтхъанмæ хæстæг ма цу, зæгъгæ. Ехх, æвæ- дза, алкæддæр мыл йæ ныхæстæ æрцæуынц, афтæ- мæй мæ арæх æрбайрох вæййынц. Æрæджиау ма фæсмон байдайын æмæ ма уымæй цы рауайы!.. — Уæртæ дын стъолыл хæринаг,— цыдæр æцæ- гæлонхуызæй мæм сдзырдта Дзыцца, йæхæдæг гыц- цыл агъуыстæй рацыд. Хъазы лæппынæй дæр мæ нал бафарста. Афтæ мæстыйæ йæ бирæ хæттыты нæ федтон. Стъолæй æхсыры агуывзæ æмæ дзулы хай райстон. Кæд мын тынг æххормаг уыди, уæддæр æй адджынæн нæ хордтон. Ацы дзулæй Дзыцца йæхæ- дæг никуы бафсæды, афтæмæй йæ фылдæр хатт нæ- химæ æнæхъæнæй схæссы. Мæнмæ та-иу афтæ каст, цыма йæ нал фæхъæуы æмæ йæ йæ хызыны махæн нывæры. Уæвгæ ма Гæккæитæ ныр дæр афтæ хъуы- ды кæнынц. — Райсом дæ кусынмæ цæуын хъæуы, уый зо- ныс? — Дзыццайы ныхæстæ мæм тыргъæй æрбай- хъуыстысты. Ацы хатт цыма йæ зæрдæ чысыл фæфæлмæндæр. — Кæд дæ, миййаг, давын ферох уаид!..— Нæ, йæ маст тагъд не ’ссæудзæн. Мæ цæстмæ та мын æй куыд бадардта. — Замирæттæм суай... æрвыста дæм... 61
«Æвæццæгæн, Дудтул къуылых нал у»,— ахъуы- ды кодтон мæхинымæр æмæ уынджы уæлæмæ фæ- раст дæн. Мæ хъусыл æрцыд Хæмæтхъаны фыды ’фсымæры ус Елмысханы хъæлæс. Хъæмпæй æм- бæрзт каумæ хæстæгдæр бацыдтæн æмæ мæм йæ ныхæстæ хуыздæр хъуысын райдыдтой: — Гыдзо, Гыдзо, нал мæ зоныс? — уый сæ хъу- гимæ куы ныхæстæ кæны. Мæ зæрде ма Хæмæтхъа- нимæ дзуры. — Æз Елмысхан дæн, Елмысхан...— ноджы фæ- фæлмæндæр йæ хъæлæс.—Æруадз де ’хсыр,— сæ хъуг æрæджы ныззад æмæ, æвæццæгæн, йæхимæ хæстæг бацæуын нæ уадзы. Мæ цыд фæтагъддæр кодтон. Замирæтты раз чи- дæртæ лæууы. Дзæнæтханы йæ худынæй базыдтон. Уый та Замирæты хъæлæс у. Фæлæ æртыккагæй иу иыхас дæр нæма сирвæзт. Ногæй та Дзæнæтханы кæл-кæл ссыд. Цалынмæ сæ тæккæ цурмæ схæццæ дæн, уæдмæ мæ дзы ничи базыдта. — Хъазыбег нæ дæ? — афарста мæ Замирæт. Æз фæлæууыдтæн. — Райсоммæ дæхи цæттæ дар,— мæ размæ ра- цæугæйæ, сдзырдта Замирæт.— Дудтул бæхдоны ис, уæрдон та—Гадæцциты кæрты. Къæбицы дуармæ дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн. Семæ чи лæууыд, уый дæр базыдтон: Сидæмон. Трактористæй кусы. Замирæтимæ йæ арæх ауынын. Айфыццаг нæм цалдæр хатты æрбацыд. Цыдæр æф- сæнттæ-иу ссардта. Ныртæккæ дæр мæ цыма йæхи æмбæхста, афтæ мæм фæкаст. Фæлæ мыл иунæгæй куы фембæлы, уæд мыл бацин кæны. Замирæтæй мæ æнæафæрсгæ нæ фæвæййы... Дзæнæтхан се ’рвадæл- ты чызг у æмæ хуымæтæджы нæ баиу уыдаиккой. Æвæццæгæн, сусæг ныхас кодтой. Сидæмон куыд. 62
æнцад лæууыд. Уæвгæ Дзæнæтханы бар уадз хъуыд- дæгтæ æмæ сын фехæлынæй тас нæу. Гыццыл агъуыстæй цырагъы рухс нал кæлы. Ин- нæ уатмæ йæ ахастаиккой. Дудтулмæ раджы цæуын хъæудзæн. Уырдыгæй — Гадæццитæм. Уæрдон та сæ- химæ ныууагъта. Бæхдоны кæрты йыл не ууæнды. Æмæ та уыдонмæ хъæуы бынмæ цу. Ныртæккæ Дзыццайæн зæгъдзынæн æмæ мæ раджы райхъал кæна. Ууыл куыддæр ахъуыды кодтон, афтæ мæ зæрдыл æрбалæууыд хъазы лæппын æмæ та уай- тагъд фенкъард дæн. Цæй, æниу ын цы зæгъын. Йæ- хæдæг æй зоны, райсом мæ кусынмæ цæуын хъæуы, уый- IV Тагъд скъоламæ цæуын райдайдзынæн, æмæ За- мирæт рагацау тыхсы. Мæ бæсты йæ æндæр адæй- маг агурын хъæуы. Хæмæтхъаны ницы хуызы райс- дзæн, уымæн æмæ фыдуаг у, ныхасмæ нæ хъусы. Мæн дæр нæ фæнды Замирæтæй фæхицæн уæ- вын. Раст зæгъын хъæуы, скъола дæр мысын рай- дыдтон. Ибон Дудтулыл йæ рæзты æрбацæйцыдтæн æмæ йын фæтæригъæд кодтон. Йæ кæрт кæрдæджы бын фæци. Кълæстæ æнæуынæрæй нæ фидыдтой. Дыргъдоныл мæ цæст ахастон. Фæткъуы бæласы бын Зауырбеджы ауыдтон. Йæхæдæг мæ нæ бафип- пайдта. Æз та йæм сдзурын нæ бауæндыдтæн. Хорз директор у. Иууылдæр дзы æфсæрмы кæнынц. Цы- фæнды фыдуаг лæппутæм дæр йæ ныхас бахъары. Бирæ нæ дзуры. Куы зæгъа, уæд та адæймаджы ин- нæрдæм ахизы. Фарон ацафон Хадзыбечыр йæ гæххæттытæ Джермецыччы скъоламæ радта. Астемыр ын сæ 63
райста. Йæхицæн ын сæ Зауырбег нæ лæвæрдта. Æз дæр сцыбæл дæн. Ноджы ма мæ Хадзыбечыр дæр ардыдта, уырыссагау, дам, хуыздæр базондзыстæм. Дзыцца мæ фыццаг ской дæр нæ уагъта. Стæй йын Хадзыбечыры хабар куы радзырдтон, уæд мемæ скъоламæ ныццæуыныл сразы. Иунæгæй мæ ныфс нæ хастон. Зауырбеджы скъолайы кæрты ныййæфтам. Або- ны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы. Йæ уæлæ кæрдæг- хуызцъæх кител æмæ æрвхуызцъæх гæлифе хæлаф. йæ сæрыл — бæрзондных къепкæ, йæ къæхтыл — цырыхъхъытæ, йæ тамако æрдæгдымдæй йæ дыууæ æнгуылдзы астæу. Йе ’ннæ къухы та спичкæйы къопп. Æвæццæгæн, йæ бапъероз ахуыссыд æмæ йæ ссудзынмæ хъавыд, фæлæ æндæр хъуыдытыл фæци æмæ йæ æрбайрох. Дзыццаимæ кæрæдзийæн салам радтой. — Ацы лæппу Джермецыкмæ цæуынвæнд скод- та, — æнæдзургæйæ иудзæвгар алæууыны фæстæ загъта Дзыцца. Зауырбег йæ дæллаг фæтæн был йæ дæндæгты æхсæн амбæхста. Иуцасдæр æй æлхъывдæй фæдард- та, стæй йæ сабыргай суагъта. Йæ цъæх цæстытæ скъолайыл ахаста, йæ бапъероз ссыгъта æмæ фæз- дæг йæ дзых æмæ йæ фындзыхуынчъытæй рауадз- гæйæ, сдзырдта: — Æмæ ам нал бæззы?.. Дзыцца йæ ныхмæ дзурын ницуал бафæрæзта æмæ уыцы дзуаппимæ фæстæмæ раздæхтыстæм. Æз æм уæд мæсты кодтон, фæлæ цыппар мæйы фæстæ Хадзыбечыр Джермецыкмæ цæуын куынæуал ба- куымдта, уæд мæ бауырныдта, Зауырбег раст кæй уыд. Мæнæн дæр зын уыдаид уырыссаг скъолайы ахуыргæнинæгты æййафын æмæ Хадзыбечыры хуы- 64
зæн фæстæмæ нæхи къласмæ æгадæй æрбаздæх- таин... Фæткъуыбæлæстæ мæлæты зад сты. Кæннод чы- лауитæ та! Фæстаг урочы размæ фыдадджын вæй- йынц. Уæвгæ æххормагæй æхсынцъы дæр мыды ад фæкæны. Махæн та уæлдай нæу: цæуылфæнды фæ- хæст у. Суанг ма, скъолайы алыварс чи цæры, уыдо- ны дыргътæм дæр нæ фæлæууæм. Дыууæ-æртæ бон- мæ сæ бæлæсты уынджырдæм къалиутæ ихдзагъды хуызæн фестынц. Хæснагыл сыл иу гага нал ссар- дзынæ... Абон раджы срæвдз стæм. Замирæт къустæ ’хсад фæци. Дудтул, мæгуыр, хорз снард. Фæстаг рæстæг æх- сæв дæр нæхимæ вæййы. Æвæдза, кулдуарæй уæр- дон мидæмæ куы тула, уæд уый бынтон æндæр хъуыддаг у. Æрмæст Сауийæн кæрдæг кæй фæлас- тон, уый та! Иуæй, нæ дуцгæ хъуг æфсæст уыд, ин- нæмæй, сындæггай-сындæггай зымæгмæ суг фæлас- тон. Уæвгæ нын уыдон бирæйы фаг не ’сты. Сæнары фæрцы кæд зымæджы æмбисмæ ахæццæ уæм, уæд хорз. Сæнар дæр мæхæдæг самал кодтон. Хъæууаты уæтæрты цалдæр уыдисны бæзджынæн сси æмæ дзы уыйбæрц дæр лас. Гадæццийы сусæгæй архайдтон. Кæннод мæ нæ бауагътаид. Дудтулыл уæззау никуы сæвæрдтон. Тæригъæд у. Дзыцца мын йæ хабæрттæ фæдзырдта. Раджы кæддæр нæхи бæх уыд. Бæппу йæ хъуг æмæ дыууæ фысæй баивта. йæ рæстæджы йæ разæй никуы ни- кæй ауагъта. Колхозтæ аразын куы райдыдтой, уæд æй йæхæдæг нылласта. Æрмæст сæ дзырд райста, йæхимæ йын æй кæй ратдзысты, уый тыххæй. Æмæ йыл суанг хæстмæ ацæуыны онг фæкуыста. Ныр та > Уалдзыгон стъалытæ 65
мæнмæ æрхауд. Бæппуйы ном хъуыды кæнгæйæ йыл хуымæтæджы хъæр дæр никуы скодтон. — Æй зæгъ! — мæ фарсмæ фæйнæгыл æрбадгæ- йæ сдзырдта Замирæт. Дудтулмæ дзурын дæр нал бахъуыд, араст. — Дæ сугтæ фæфале кæн, цалынмæ дын сæ ни- чи фæласта, уæдмæ... Знон Къобосты хъæдмæ ауадтæн. Суг кæнын дзы нæ уадзынц, фæлæ сусæгæй. Ничи мæ федта. Æмæ Замирæт уый кой кæны. Æцæгæйдæр, замманайы фадат ис. Дзыццайы ссыдмæ ма æз фæстæмæ дæр æрбаздæхдзынæн. Замирæты уал сæхимæ сласын хъæуы. Дудтулæн дæр ницы уыдзæн. Абондæргъы йæ фаг фæхызт. Кусджытæн дыууæ хатты дон алас- тон, уымæй нæ бафæлладаид, миййаг... Тæрсгæйæ адæймаг цырддæр æвналы. Хъæрæсе- йы хуыцау ма рауадзæд. Мæ сугтæ нæ, фæлæ ма мын мæ фæрæт дæр байсдзæн. Ивар фæкæныныл дæр нæ бацауæрддзæн. Нæ хъæуы уымæй фыдлæг- дæр зын ссарæн у. Хъæдгæс дæр æй дзæгъæлы нæ сæвæрдтой. Исчи искæмæ куы рамæсты вæййы, уæд æй Хъæрæсе рахоны, ды дæр уый хуызæн æнæхатыр дæ, зæгъгæ. Сугтæ рæвдз-рæвдз амайын. Мæ алы- вæрсты ахъахъхъæнын, алырдæм айхъусын æмæ та ногæй февналын. «Тынг хорз у!—сдзырдтон мæхинымæр, сугтыл цæхгæрмæ бæндæн куы æрбабастон æмæ йæ гæрчъы- здухæнæй куы ’ралвæстон, уæд.— Адон нæ хæдзар- мæ дзæбæхæй куы сирвæзиккой!..» Уæлмæрдты былмæ æрбахæццæ дæн. Ничима мыл сæмбæлди. Ныр Хъæрæсейæ дæр тас нал у. Нал ын басæтдзынæн. Къобосты хъæды йедтæмæ суг ра- кæнæн никуы ис?!. Уырдыджы зындæр цæуæн у. Уæрдонæй рагæпЯ 66
ластон æмæ Дудтулы рохтыл фæстæмæ хæцгæйæ, сындæггай фæдæлбыл уæвыныл архайын, фæлæ уæрдон æгæр рауæз кодта æмæ бар-æнæбары атын- дзыдтам. Куыройыдоны хиды цур æрсабыр стæм. Æрмæст æз уæрдонмæ нал схызтæн. Ардыгæй нæ- химæ бирæ нал ис æмæ ма цы бадон... Æллæх, дæлæ Гадæцци æрбацæуы!.. Цы хуыцау æй рахаста ардæм? Кæд мæ, миййаг, исчи баны- мыгъта. Æнæфæрсгæйæ рацыдтæн æмæ ныртæккæ уый загъдмæ чи хъусдзæн... Дзургæ дæр мæм ницыма скодта, афтæмæй бæх æрурæдтон. — Кæм уыдтæ? Цыма йæ йæхæдæг нæ уыны, кæм уыдтæн, уый... — Цæмæн ракодтай æнæфæрсгæйæ бæхы? Æппæты фыццаг дæр æй уымæй райдайын хъуыд. Фæлæ йæм æз ницыма сдзырдтон. Мæ алы ныхасмæ ноджы тынгдæр кæй мæсты кæндзæн, уый зонын, æмæ мæхиуыл хæцын. — Дæ фыды митæ ныууадзынмæ нæ хъавыс? Уыцы ныхæстæм нал бабыхсыдтон. Мæ маст æвиппайды æрбафыхт. — Æмæ цы кодта мæ фыд? — Къобосты хъæд ныццагъта!.. Ныр та йæм ды бавнæлдтай?.. — Уый дæ хъуыддаг нæу! Мæнæ куы ссæуа, уæд баныхас кæндзыстæм! — Ды уал мын ныртæккæ дзуапп ратт, фæллад бæхыл æнæфæрсгæйæ хъæдмæ цæмæн ацыдтæ? — Фæндыди мæ æмæ ацыдтæн!.. Исты ма зæ- гъыс?.. Мæ къухыл зыр-зыр бахæцыд. Мæ дзыхы ныхас нал бады. 67
— Ныртæккæ дын æй бамбарын кæндзынæн, къулыбадæджы сæныкк!.. — Уæдæ ма хæстæг æрбацу?!—зæххæй дыууæ дуры фелвасгæйæ, сдзырдтон æз. Гадæцци мæ афтæмæй ауынын æнхъæл нæ уыд æмæ йæ бынаты фæлæууыд. — Рауай, рауай, кæд афтæ уæндаг дæ, уæд! — фæзмæгау æм сдзырдтон æз æмæ йæм мæхæдæг хæс- тæгдæр бацыдтæн. Гадæцци йæ бынаты лæугæйæ баззад. Æз бæхыл схъæр кодтон æмæ йæ бынатæй фезмæлыд. Хидыл раст куы нæ бацæуа, уымæй тарстæн, фæлæ дзæгъæ- лы. Суанг ма нæхимæ фæзилæны дæр нæ фæрæдыд. Мæ армытъæпæнты змисæйдзаг дуртæ тынгæй-тынг- дæр æлвасын. Гадæцци уæлбылы хæрдмæ фæцæуы. Æвæццæ- гæн, хордонмæ. Фæстæмæ ма мæм бартхъирæн кодта: — Райсом-иу кусынмæ мауал рацу!.. Æз æваст сдзурын ницы бафæрæзтон. — Иннæбон дæр, уыйиннæбон дæр!.. — Скъоламæ цæуын афон æрхæццæ, æндæр дæу нæ бафарстаин! —дзуапп ын радтон æз æмæ уæрдо- ны фæстæ атындзыдтон. Хиды сæрты цæугæйæ, мæ дуртæ доны ныппæрстон. Цæмæдæр гæсгæ сугты ас- тæуæй фæрæт сластон æмæ йæ мæ сины сæр нытъ- тъыстон. Нæхимæ уыцы мæстыйæ æрбацыдтæн. Дзыцца мæ уайтæккæ дæр базыдта. — Хистæрмæ афтæ дзурын не ’мбæлы,— бауай- дзæф мын кодта, хабæрттæ йын куы радзырдтон, уæд. — Уæдæ йæ Бæппуимæ цы хъуыддаг ис?! — Уый кой дæр кодта? 68
— Дæ фыды хуызæн, дам, К/ьобосты хъæдмæ ныр та ды фæцахуыр дæ... Уæд æй цæмæй зоны, кæ- цы хъæды уыдтæн, уый? Стæй мæ фыд йæ дзыхы радавинаг у? Дзыцца ныджджих. Бæрæг у, цыдæр сагъæс æй кæй æвдæрзы. 69
— Æрдхорд ма дзы хуыздæр цы уа? — сдзырдта Дзыцца, дард кæдæмдæр кæсгæйæ. Гадæццийæ, Бæппуйæ уайдзæф кæмæ хауд, уый зын зæгъæн уыд, фæлæ йæ æз куыд бамбæрстон, афтæмæй сæ дыууæ- мæ дæр: Гадæццимæ, Бæппуйы кой кæй кодта, уый тыххæй, Бæппумæ та, Гадæццийы хуызæнæй æрд- хорд кæй скодта, уымæн. — Кусынмæ дам-иу мауал рацу... — Афтæ дын загъта? — бафарста та мæ ногæй Дзыцца. — О... — Дæ фыдимæ бирæ кæрдзын бахордтой, кæд ын æй хуыцау хæлар фæкæна, уæд,— арф ныуулæ- фыд Дзыцца.— Ныр йæ фыдгой дæр райдыдта... Йæ писмоты та дзы йæхицæн ныфс æвæрдта... Уæртæ ма стъолы лагъзы гæххæттыты баст рахæсс- Уыцы тыхтонмæ Дзыцца æвналын никæй фæуа- дзы. Ныр йæ зæрдыл хуымæтæджы не ’рлæууыдаид. Рахастон æй. Дзыцца гæххæттытæ æвзары. Æртæ- тигъон къонверттæ дзы цалдæр уыд. Иу мæм дзы æрбадардта: — Бакæс-ма ацы писмо. Æз æй райстон. Дисы бацыдтæн, Дзыцца кæсын куы нæ зоны, уæд æй иннæты астæу цæмæн равзæрс- та, зæгъгæ. Писмо райхæлдтон æмæ йæ мæхинымæр кæсын райдыдтон. Кърандасæй фыст уыд, æмæ иуæй-иу рæтты дамгъæтæ дзæбæх нал зындысты. — Хъæрæй йæ бакæс,— дзуры мæм Дзыцца. Æз ма иучысыл, хъуыр-хъуыргæнгæ каст акод- тон, цæмæй мын уыйфæстæ æнцондæр уа, уый тых- хæй, стæй хъæрæй райдыдтон: «Саламтæ уын дард Украинæйæ. Киевмæ дысон æрхæццæ стæм. Уæ зæр- дæ мæм ма ’хсайæд. Æппæты фыццаг уал мын дæ 70
хъæбысы акæн Хъазыбеджы. Æрмæст æй тынг ма нылхъив, кæннод ын йæ фæрсчытæ асæтдзынæ. Уæв- гæ ныр æнæхъæн лæг сси æмæ йын ахæмтæй тас нал у. Ехх, ныр уæм искæцæй бакæс! Хæрзаг мыл Хъазыбег æмæ Гæккæ сæхи уыциу цæф ныккæник- кой. Афонмæ мæнæу карст фæци. Дудтулыл та чи кусы? Дæ цæст æм фæдар. Иу ницæййаджы фыццаг æй ма скæнæнт. Дуканийы арæх вæййут? Тотырбегмæ мæхæдæг дæр ныффыстон, стæй ма йын ды дæр зæгъ æмæ Хъазыбегæн алы бон дæр къафеттæ дæттæд. Куы сыздæхон, уæд ын æхца уыциу фыст бакæндзынæн. Æппындæр мацæуыл тыхс. Хор уæм афæдзваг ис. Гадæцци уæ сугхъуаг нæ ныууадздзæн...» Гадæццийы коймæ мæ зæрдæ куыддæр æрбауын- гæг. Хъуыдыйад ма кæронмæ тыххæйты бакастæн. Ацы писмо мæм Дзыцца ныронг куыд никуы равдыс- та. Абон фыццаг хатт хъусын Бæппу æмæ Гадæцци- йы хæлардзинады кой. Афтæмæй та нæм æппын- æдзухдæр тигъмæ кæсы. Фарон Дзыццайы дзулфы- цæнмæ кусынмæ нæ бауагъта, уæдæ мæн дæр йæ ныхтæ ныссагъта. Тотырбегимæ лымæн уыдысты, уый раздæр дæр зыдтон. Фæлæ мын къафеттæ лæвар цæмæн фæдæт- ты, уый мæ æдзухдæр дисы æфтыдта, æрмæст ба- фæрсын никуы никæй бауæндыдтæн. Фарон та æд къафеттæ дуканийæ сцæйцыдтæн. Астемырты цур хидыл куы ’рбацæйхызтæн, уæд фæйнæгыл мæ къах фæбырыд, мæ къафеттæ цы гæххæтты уыдысты, уый фæкъул æмæ иу-цалдæрæй фæстæмæ иууылдæр къа- науы ныккалдысты. Доны ма сæ бæргæ асгæрстон, фæлæ дзы ницæуылуал фæхæст дæн. Фырмæстæй мæ цæссыгтæ æркалдысты. Уыцы рæстæг мæ рæзты 71
сцæйцыд Тотырбег. Дукани сихоры æхгæд скодта æмæ, æвæццæгæн, хæрынмæ рараст. — Цы кæныс, цы? — мæ цæссыгтæм фæкомком- мæ уæвгæйæ мæ уыцы цымыдис фарст акодта То- тырбег. — Мæ къафеттæ доны ныккалдысты... — Уый дын, гъе! — фæзмæгау сдзырдта Тотыр- бег.— Æмæ уæд кæугæ вæййы? Æви дуканимæ фæн- даг нæ зоныс?!. Аивæй мæ цæссыгтæ сæрфынмæ фæдæн. — Цом-ма мемæ! — æмæ мын мæ къухыл ахæ- цыд. Дуканимæ ныццыдыстæм. Дуармæ лæугæ ный- йæфтам Дадогкайы. — Фæстæмæ куы раздæхтæ? — Хъазыбегæн йæ къафеттæ къанауы ныккал- дысты, — мæнырдæм ацамонгæйæ сдзырдта Тотыр- бег,— æмæ йын ногтæ раттын нæ хъæуы?! Дадогка- мæ уыцы дзуапп диссаг фæкаст. Сæрæй бынмæ мыл æнæрвæссонæй йæ цæст æрхаста æмæ та Тотырбег- мæ дзуры: — Ацы сабийы тыххæй раздæхтæ фæстæмæ? — Æмæ уый тыххæй у? Ме ’рдхорды лæппу. Æрдхорд та хæзнайæ зынаргъдæр у. Æз мæхи Тотырбегмæ хæстæгдæр байстон æмæ Дадогкамæ сæрыстырæй кастæн. Ногæй та мын къафеттæ рахаста: — Айс, Хъазыбег. Æрмæст сæ доны мауал нык- кал, кæннод кæсæгтæ адджинаг хæрыныл фæцахуыр уыдзысты æмæ уыдоны фаг кæм ссардзыстæм... Дзыцца дæр хъуыдыты аныгъуылд. Æвæццæгæн, мæм писмо ацы бынат бакæсыны тыххæй радта. Дарддæр дзы цы фыст уыд, уымæй мæ нал бафарс- та. Æз ма йыл аивæй ноджыдæр мæ цæст иухатт 12\
æрхастон, стæй йæ фæстæмæ æртæтигъон тыхт ба- кодтон. Дзыцца мын æй мæ къухæй айста. Иннæ гæххæттытимæ йæ бафснайдта æмæ мæм тыхтон æр- бадаргæйæ, сдзырдта: — Цу, нывæр сæ сæ бынаты. Гадæццимæ та хуы- цау хуыздæр зонд æрцæуын кæнæд. Кæд мах дæр æдзух афтæ нæ уаиккам... Фæстæмæ куы раздæхтæн, уæд Дзыццайы рай- йæфтон йæ цæссыгтæ сæрфгæ. Амбæхсынмæ сæ хъа- выд, фæлæ йын нал бантыст. Уыцы сахат ын ныфсы- тæ авæрын хъуыд. Йæ зæрдæ хъуамæ истæуыл фæ- лæууыдаид. Афтæмæй мæхæдæг фæфыддæр дæн. Мæ зæрдæ æрбауынгæг. Мæ цæссыгтæ æргæр-гæр код- той. Дзыцца мæ куы нæ фенид. Цы хорз у, мæны- рдæм кæй нæ ракаст, уый. йæхи цæстытæм ын куы фæкомкоммæ уон, уымæй фæтарст. — Æз ын, ма кæнæд, зæгъын! — бартхъирæн кодтон æз. — Кæмæй зæгъыс? — разылди мæм Дзыцца. — Гадæццийæ, æндæр кæмæй!.. — Æгъгъæд фæуæд!.. — Кæннод ыл фæрæтæй нæ бацауæрддзынæн!.. — Æгъгъæд, зæгъгæ, нæ фехъуыстай?! Иу ныхас дæр — нал! Дæуæй æртæ хатты хистæр куы у... — Уæдæ сывæллæттимæ йæ тых цы ’взары?!. — Мæхæдæг дзурдзынæн йемæ. Дæу ницы хъуыддаг ис... — Хынджылæг нæ скъæры, æз та йæм æнцад кæ- сон? — Хистæр у, зæгъын, æз! Дæ фыды æрдхорд... Искуы йæ рæдыд бамбардзæн æмæ йæ митыл æр- худдзæн. Махæн та хъуамæ фæсмойнаг мацы уа... Диссаг у Дзыцца. Раст-равджы никæимæ фæзул- дзых уыдзæн. Фæлтау быхсдзæн. Æнхъæлмæ кæсын 73
зоны. Иæ масты фæндагыл ницы хуызы ацæудзæн. Æдзухдæр сабыргай архайы. Знæт ныхасы иувæрсты ацæуы. Гадæцциимæ кæй фæбыцæу дæн, уый дæр ын маст у. Æмæ мæ сдзурын уый тыххæй нал уадзы. Мæнæн та афтæ мæ бон нæу. Цæмæн мæ хъуамæ ис- чи бафхæра æнаххосæй. Уыйас æнаххос дæр нæ дæн, «æргом дзургæйæ. К/ьобосты хъæдæй суг ласын нæ уадзынц. Уæвгæ æз цы сугтæ сластон, уый тых- хæй хъуамæ ивар дæр ма кæниккой. Чидæр кæй ралыг кодта, кæнæ дымгæ кæй асаста, уыцы къа- лиутæ æрæхсæстон æмæ дын уый мæ фыдра- конддзинад! Иунæг хуылыдз таламæ дæр нæ бав- нæлдтон. Дудтулыл æнæфæрсгæйæ ацыдтæн, уым дæр дис- сагæй ницы ис. Тыхгуыст ыл нæ бакодтон, афонæй фæстæдæр нæ бафæстиат дæн, æххормаг æй нæ ныу- уагътон. Бæстон ахъуыды кæнгæйæ, фыдбылыз ни- цы сарæзтон æмæ куыд хъуамæ фæлæууыдаин Га- дæццимæ. Дзыцца гыццыл агъуыстæй къуымбилтæ рахаста æмæ сæ æвзары. Нырма æрыгон у Дзыцца. Иæ сæры иунæг урс хил дæр нæма ис. йæ сау-сауид сæрыхъуынтæ æдзухдæр лæгъз фаст вæййынц. Фæсте сæ тымбыл атухы æмæ сæ æрттиваг урс фæтæндæндагджын æф- сæйнаг сæрвасæнæй афидар кæны. Иæхимæ кæсæн- мæ куы бакæсы, уæд алы хатт дæр сдзуры: «Куыд ныззæронд дæн!» Æппындæр ницы у зæронд. Зæ- ронд дын уæртæ Гуассæ, йæ цæсгом æнцъылдтæй кæмæн нал зыны, æдæрсгæ фæд-фæдыл дыууæ къах- дзæфы акæнынæй чи тæрсы. Дзыцца та къæсæрæй уатмæ дæр дугъы уайы, йæ фезмæлдыл цæст нæ хæ- цы. Мæнмæ æппындæр Дзыццайы хуызæнæй ницы ис. Уымæн йæ цæстытæ дæр сау, йе ’рфгуытæ дæр. 74
Иае сæрыхъуынтæ ма фыртарæй цыдæрхуызон æрт- тывд кæнынц. Цæрæнбонты дæр хъуссæджытæ да- ры. Дынджыр зиллакк хъуссæджытæ. Йæ галиу уа- дулы хъæбæрыл уырзы йас сырхбын нос. Æрыгонæй, дам, ыл судзгæ цъутхал абадт æмæ дзы мæлынмæ æрцыди. Мæрддзæгтæ дæр ма йын бахуыдтой, фæ- лæ йæ нал бахъуыдысты. Сдзæбæх æмæ сæ йæхæ- дæг батыдта. — Махон æмæ Гадæцци куыд фæцардысты, уый æгъгъæд диссаг у,— йæ куыст нæ ныууадзгæйæ æмæ ме ’рдæм нæ раздæхгæйæ, сдзырдта Дзыцца.— Æф- сымæрты цард... Рæстæг куыд ивы, æвæдза... йæ къуымбилтæ иуварс æрæвæрдта æмæ сарайы сæрты кæдæмдæр нымдзаст. Æвæццæгæн, йæ зæр- дыл æрлæууыдысты кæддæры хабæрттæ. Йæ мид- былты хæлæггæнаг худт бакæнгæйæ, загъта: — Мæ тæккæ ног чындзæй уыдтæн уæд. Дæ фыд-иу фылдæр хæттыты æрæджиау æрбацыд. Стан- цæмæ бæхтыл нартхор ластой æмæ-иу сыл банафон. Стæй æнæуи дæр йе ’рбацыдмæ никуы схуыссыд- тæн. Æхсæв-бонмæ бадгæйæ кæд баззадтæн, ахæм рæстæджытæ дæр мыл-иу скодта. О, æмæ йæ уый тыххæй дзырдтон... Иуахæмы та кæмдæр ныффæстиат. Æмбисæхсæв- тæй фæфалдæр, афтæ æдде йæ дзурын ссыд. Уалын- мæ ныхасгæнджытæ фæфылдæр сты. — Рухсы цъыртт дæр уæ куы никуыцæй кæ- лы! — æрбайхъуыст мæм кæйдæр бæзджын хъæлæс. Æнхъæлдæн æмæ уазджытимæ æрбацæуы. Мæ бынатæй фестадтæн, цырагъ уæлдæр сзылдтон æмæ дуаргæрон æрлæууыдтæн. Къупп-къупп-къупп! — Чи дæ? — Дуар-ма бакæн! — махоны йæ хъæлæсæй ба- 75
зыдтон. Ричъийыл схæцыдтæн, мæхæдæг иуваре алæууыдтæн. — Уазджытæ дæм фæцæуы, æфсин!—дзуры мæм къæсæргæронæй Бæппу. Æппæты разæй æрбахызт Гадæцци. Уый фæстæ Алихан æмæ ма ноджыдæр цалдæрæй. Иууылдæр — хъæлдзæг- Кæмдæр минас кодтой, уый-ма мын цы базонын хъуыд. Мæ карк цæттæ фых уыд æмæ сын æй уайтагъд сæ разы авæрдтон. Уыцы рæстæг арахъцух никуы фестæм. Дынджыр графин фынгыл февзæрд. — Æнхъæлдæн æмæ фембылд дæ, мæ лымæн,— сдзырдта Алихан, йæ роцъойы схъæлæй Гадæцци- йырдæм ацамонгæйæ. — Ахæрынæй анхъæлмæ кæсын хуыздæр у,— æнæбарыгомау дзуапп радта Гадæцци. — Уыцы фысæн тæригъæд кæнын, æвиппайды куыд ахо-хо. Æз хабæрттæ дыккаг бон базыдтон. Бæппуитæ дæлæсыхы кæмæдæр уазæгуаты уыдысты. Гадæцци рагæй дæр стыр ныхасгæнаг у. Бæппуимæ фæбыцæу сты. Ныртæккæ, дам, нæ дыууæйы хæдзармæ дæр бацæуæм æмæ не ’фсинты бафæлварæм, кæддæра дзы йæ моймæ чи куыд æнхъæлмæ кæсы. Уазджы- тыл цæттæдæрæй чи сæмбæла, уый рамбылдта. Хæс- наг та скодтой фысыл. Мах хæстæгдæр уыдыстæм æмæ сæ фæндаг ауылты ракодтой. Уыйфæстæ та æм- хуызонæй — Гадæццитæм. Æмæ дын Айсæдуйы хуысгæйæ куы ныййафиккой. Фембылд, уæдæ цы уыдаид. Фыс дæр æргæвст æрцыд. Фыдджынтæгæ- нæг дзы мæхæдæг уыдтæн. Афтæ хъæлдзæг царды- сты уæд адæм. Ныр та алчидæр тыхст æййафы æмæ аразгæ дæр цы скæной. Хæстæй бафæлмæцыдысты æмæ сæ къахыл слæууынхъом нал сты. Гадæцци дæр 76
аивта. Раздæр афтæ куы уыдаид, уæд æм Бæппу хæстæг никуы бацыдаид. Кулдуары хъæр фæцыд. Нæ куыдз Тузикк аси- ны бынæй срæйдта, фæлæ Гадæццийы мад Дзæхирæ- ты куы базыдта, уæд йæ къæдзил тилгæ æрдæгфæн- дагæй раздæхт. Дзыцца æвзæрст къуымбилтæ къу- лы рæбынмæ бахафта, иннæтæ та асины фаллаг кæ- рон æрæвæрдта æмæ йæ бынатæй фестад. Йæ раз- дарæны рыгтæ æрцагъта. Уæдмæ Дзæхирæт дæр æр- бахæццæ. — Сбад, дæ хорзæхæй, цæмæ сыстадтæ?! — ба- катай кодта зæронд ус. Иæхæдæг нæ чысыл агъуыс- ты фæмидæг. Йæ фæдыл Дзыцца дæр. — Сывæллæттæн дзы исты хæринаг акæндзы- нæ,— хъуысы мæм йæ сусæг ныхас.— Мæ авналæн- тæ мæ бар нал сты, æндæр мæ рох бæргæ нæ вæй- йут. А чындз мæ бакæсын ницæмæуал уадзы... Уый Айсæдуйæ зæгъы. Тынг чъынды у. Сæ рæз- ты ацæуын никæй уадзы. Дзæхирæтæн дæр хорз нæу. — Мæ фæдыл мауал цу,— Дзыццайы асинтæй æрхизын дæр нал бауагъта Дзæхирæт,— кæннод та мыл нæ цъиусур истæмæй фæгуырысхо уыдзæн. — Дзидза нын схаста йæ роны,— загъта Дзæ- хирæты фæстæ Дзыцца. — Тæригъæд у зæронд ус. Ноджы дзæбæх нал хъусы æмæ йын Гадæццийы цот уисæн дæр нал кæнынц. йехх, æвæдза, лæджы фы- дæбæттæй дзæгъæл бирæ ис. Знон сæм, æнхъæлдæн, кусарт уыд æмæ дзы æргомæй рахæссын нæ бауæн- дыд. Гадæццитæ ницы хъуаг сты. Адæм сыдæй рæси- гæ кодтой, уыдон та урс-урсид нартхоры кæрдзын хордтой. Гадæцци хордоны хъахъхъæнæгæй куыста æмæ йæ бинонты æххормагæй цæмæн хъуамæ ныу- 77
уагътаид. Ныр та ноджы хуыздæр цæрынц. Фос сæм ис. Иу аз дæр æнæкусарт нæ фæвæййынц. Суанг ма ацафон дæр фыс аргæвстой. Махæн кæд зымæджы нæ къухы исты бафты, уæд хорз. Мæ номæй нæм цыма чидæр æрбадзырдта. — Хъазыбег! — ацы хатт сыгъдæгдæрæй æрбай- хъуыст кæйдæр хъæлæс. — Ам уæ ничи и?! Нæ дуармæ — Алиханы уæрдон. Цалдæр суджы нæ разы раппæрста. — Мидæмæ сæ ахæсс,— дзуры мæм уæрдоны сæ- рæй, — кæннод сæ исчи айсдзæн.— Йæхæдæг йæ бæ- хы рохтæ фезмæлын кодта æмæ уæрдон уæззаугай араст. Зæгъын дæр ын ницы бафæрæзтон. Сугтæ мидæ- мæ ласыныл фæдæн. Дзыцца дæр æй базыдта. Кул- дуары цурæй касти. Алиханмæ уайсадгæ кæны æмæ æддæмæ рацæуын нæ бауæндыд. Алихантæ нын бынтон хæстæг æрвад не ’сты. Уы- донæй ма нæм æввахсдæр цалдæр хæдзары ис, фæ- лæ сæ æппæтæй фылдæр хорздзинæдтæ зонæм. Нæ рæзты цæугæйæ, нæ дуармæ æнæрлæугæ никуы фæ- ци. Куыроймæ рараст — махмæ æрбадзуры, кæд уе ’ссинаг уæрдоны фыдæй лæууы кæнæ йæ куыройæ сласæг нæй. Хъæдæй раздæхти — цалдæр суджы нын нæ разы аппары. Абон дæр та нæ нæ фæхъулон кодта. йæ уæрдо- ны сæр цалдæр талайы æнæбастæй баппæрста, цæ- мæй сæ уый фæстæ уæлдай райхал-байхал мауал хъæуа, уый тыххæй æмæ сæ зæхмæ нæ рахизгæйæ æнцонæй æркалдта. Зæгъынмæ йын рахъавыдтæн, мæхæдæг дæр хъæды уыдтæн, зæгъгæ, фæлæ Га- дæцци мæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ ницуал сдзырд- тон. 78
— Мидæмæ йын цæуыннæ загътай? — афарста мæ Дзыцца, фæстаг суг сарамæ куы бахастон, уæд.— Мæ цæстытæй дæм амыдтон, бæргæ... Мæхи зæрдыл куыннæ ’рлæууыд. Æртæ боны размæ арахъхъ рауагътам. Алиханæн дзы Дзыцца йæ хай сæрвыста, фæлæ дзы нæхимæ нæма фæ- хъæстæ. — Фæлладæй иу арахъхъ банызтаид,— Дзыцца- йæ нæма ферох ме ’нæрхъуыдыдзинад.— Марадз, иу авджы дзаг ын сæхимæ уæддæр сдав. Стæй йын йæ бæхы ныххæццæ кæн. Уый дын хъуамæ мæн амонын ма хъæуа. Хистæрæн балæггад кæнын удыбæстæ у... Арахъхъ Дзыгынмæ радтон, мæхæдæг Алиханмæ уæрдон æвдæлон кæнынмæ фæкастæн. Бæх æнцад лæууы æмæ æнхъæлмæ кæсы, кæд æй суæгъд кæн- дзысты, уымæ. Мæ фæдыл æй уынгмæ аластон. — Дзылар-иу демæ рахæсс,— дзуры мæм Али- хан. Æз æй мæхæдæг дæр зыдтон, куы нæ мын æй загътаид, уæддæр. Бæхдоны дуармæ цалдæрæй лæууыдысты. Изæ- рæй ам баиу вæййынц. Уыдонмæ хъусынæй хуыздæр мæм ницы фæкæсы. Сæ хабæрттæн кæрон нал вæй- йы. Фæскуыст æз дæр ардæм ратындзын. Раздæр сæ цурмæ хæстæг цæуын дæр нæ уæндыдтæн. Се ’хсæн мæхи æцæгæлоныл нымадтон. Фæлæ кусын куы рай- дыдтон, уæдæй нырмæ фæуæндондæр дæн. Стæй мæ цыма сæхæдæг дæр нымайынц, афтæ мæм кæсы. Бирæтæ дзы, кæй фырт дæн, уый дæр нæ зыдтой. Ныр мæм мæ номæй фæдзурынц. Искæмæн дукани- йæ тамако æрбадавын хъæуы, уæд уый мæхицæн стыр амондыл банымайын. Алкæуыл дын куыннæ баууæндиккой!.. — Æз дын зæгъын, Даргъхуымты нартхор æф- 79
’Сир никуы скæндзæн,— Агуыбейы фыд Хандже та кæимæдæр сбыцæу. — Уæдæ ма йæм дзæбæх базил,— уый Хъæлæ- мырзæимæ куы дзуры. — Хуыскъæл æй скаст нæ бауадздзæн,— нæ сæт- ты Хандже. Хуыскъæлы цæрæнбон бирæ уæд. Æндæраз ма уый руаджы куы фервæзтыстæм. Хуыскъæл æмæ нын цæхæра куы нæ уыдаиккой, уæд нæ бирæтыл йæ боцрухс баталынг уыдаид. — Ныхас æндæрырдæм ма здах,— фæурæдта йæ Хъæлæмырзæ.— Мæнæу дзы куы байтауиккам, уæд хуыскъæлы мыггаг дæр сыскъуынид, тыллæг дæр дзы æрзаид. — Дæйыхъæуæн цы нæ бантысдзæн, — йæ мид- былты бахудт Хандже.— Сымах хохы цъуппыл куы- рой дæр арæзтат... Лæгтæ æмхуызонæй дæр схудтысты. Уыцы хабар æз дæр фехъуыстон. Дæйыхъæуккæгты дзы фæмæс- тæй марынц. Кæддæр, дам, хъæуы лæгтæ æрæмбырд сты æмæ сфæнд кодтой стыр куырой саразын. Бына- тæн ын равзæрстой бæрзонд рагъ. Дыууадæс лæгæй зиуы ацыдысты æмæ кусынмæ бавнæлдтой. Æфсинтæ кæстæр чындзы сихоры хардзимæ ра- рвыстой. Сылгоймаг зиууæтты сæ фæллад уадзгæйæ сæййæфта. Фынг сын ацæттæ кодта æмæ хæрыныл æрбадтысты. Уалынджы хистæртæй чидæр чындзмæ дзуры: — Дон ма мын авæр. Чындз уайсадгæ кодта æмæ йын дзурæн нæ уыд, стæй дзы дзурыны сæр дæр цæмæн хъуыд, цы агу- ры, уый йын ратт æндæр, фæлæ сылгоймаг йæ бына- ты лæугæйæ баззад. Хистæр та йæм дыккаг хатт сдзырдта, кæд мæ нæ фехъуыста, зæгъгæ. Чындз 80
æнцад йæ бынаты лæууы. Бæрæг у, йæхимидæг цæ- уылдæр кæй тыхсы. Лæгтæ дæр ыл фæдызæрдыг сты æмæ йæм æппæты кæстæры сминæвар кодтой. Чындз ын сусæгæй йæ хъусы цыдæртæ адзырдта. Лæппу фæстæмæ баздæхт æмæ хистæртæн чындзы ныхæстæ рафæзмыдта: — Кæд, дам, ам дон нæй, уæд куырой цæуыл аразут? Лæгтæй ууыл раздæр ахъуыды кæныны зонд ни- кæмæ æрцыд æмæ сæ чындзы ныхæстæ сагъæстыл бафтыдтой. Фæстагмæ ма сæ куыройæн æрдæгарæз- тæй æнæныууадзгæ цы хос уыд. Хъæлæмырзæ донæй хусæй рацæуыныл архайы: — Уый уадгуырой арæзтой, кæд дæ йæ зонын фæнды, уæд. Лæгтæ та ыыххудтысты. — Уæд мигъмæ та уæхи цæмæн æппæрстат? — Ханджейæн та замманайы фадат фæци Хъæлæмыр- зæйы ракъахынæн. Ноджы дæйыхъæуггæгтæй ничи- ма фæзынд æмæ йæ фарс рахæцæг дæр нæй. — Гъер, уыйбæрц ницы ’мбарыс,— уыцы æцæг- хуызæй дзуры Хъæлæмырзæ.— Парашют цы у, уый зоныс? Уæдæ йæ мах кæй æрхъуыды кодтам, уый æмбарын афон дæр дын бæргæ у. Æви та дын æй радзурон? Нæ хъæуысæр цардысты дыууæ æфсымæры. Кæс- тæр æдзухдæр фиййау цыди. Иухатт сæрсæфæн бæрзондæй бынмæ урс-урсид мигъмæ фæлгæсыд. Бафæндыд æй уырдæм ныггæпп кæныи, æрмæст йæ балц нæ фæрæстмæ. йæ мард дæр ын нал ссардтой. Хистæр æфсымæр йæхимæ хъусыныл фæци. Æх- сæвæй-бонæй сагъæс æмæ катайæ йæхи хордта. Æп- пынфæстаг æм диссаджы фæнд фæзынд. Хъуамæ йе 6 Уалдзыгон стъалытæ 81
’фсымæр цы хъуыдыйы фæ’дыл фесæфт, уый дард- дæр ахæццæ кодтаид. Лæппу цалдæр лалымы ныддымдта æмæ сæ, йе ’фсымæр йæхи цы былæй раппæрста, уырдыгæй дын- джыр дуримæ рауагъта. Уыйфæстæ та дзы йæхæдæг рагæпп кодта æмæ сындæггай комы рæбын æрбадт. Парашют дæр уыцы лалымты фæстæ фæзынд... — Тынг рæсугъд радзырдтай,— ныхас та йæхи- мæ айста Хандже.— Æрмæст ма нын бæхмæ хизгæ- йæ, хайуаны фарсыл къæбæлтæ куыд къуырдтат, уый кой дæр куы ракæнис... Ацы хатт Хъæлæмырзæ йæхи сраст кæнын ницæ- мæйуал бафæрæзта æмæ йæхæдæг лæбурынмæ фæци: — Æмæ сымах уæ зад мæймæ куы хус кодтат! — Уым диссагæй ницы ис, — хъæддых æм фæ- лæууынмæ хъавы Хъæлæмырзæ. — Раджы мæйы тынтæ дæр хурау æндæвтой. Хъæлдзæг ныхас æмæ худын суанг фæсахсæвæр- тæм нæ банцад. Дзыццайы зæрдæ мæм æхсайдзæн, уый зыдтон, æмæ уыцы нæвæндонæй нæхимæ рацыд- тæн. Диссаджы мæйрухс æхсæв скодта. Стъалыты цæ- хæр стыр арты зынгтау æрттывта. Арвы бæрæг ас- тæу — Æрфæныфæд. Цыма исчи иу кæронæй иннæ- мæ мæнæуы ссады голлаг пырх кæнгæ ацыд, уый хуызæн. Фæткъуы бæлæсты къалиутæ æртасыды- сты. Дæргъæццон сау чылауитæ сæ тæккæ цæттæйæ сты. Дзыцца нырма вареннæ дæр нæма сфыхта. Афтæмæй нæ чылауитæ хæрд фæуыдзысты. Чидæр ын цавæрдæр ссадæгæй зæрдæ бавæрдта. Цæмæй чылауиты фых ма сæнхъиза, уымæн, дам, æххуыс у. Фæлæ йын æй нæма ’рхаста. Нæ куыдз мæ размæ ратахт. Уайтагъддæр мæ 82
куыд базоны. Суанг ма нæ дард хæстæджытыл дæр сахуыр. Кæцыфæнды афон нæм æрбацæуæнт, Тузик рæйын нал фæзоны. Æрмæстдæр ма цинтæ кæнынмæ фæарæхсы. Мæ къæхтыл йæхи рахаф-бахаф систа. Талынджы дæр иртасын, йæ къæдзил куыд тилы, уый. — Цы цин кæныс, Тузикк, афтæ тынг? — дзурын æм удгоймагмæ дзурæгау. Мæ ныхæстæ мын æмбары. Йæ раззаг къæхтæ мæ риуыл авæрдта. Мæ къухæй йын йæ сæр цалдæр хатты фæстæрдæм фæлмæн æрсæрфтон. Йæ фындз уæлдæр систа æмæ коммæгæс лæуд кæны. Æхсызгон ын у, йемæ кæй хъазын, уый. Гæккæиты нырма дыууæ боны дзæбæх нæма фед- тон. Кусынмæ куы фæцæуын, уæд ма хуысгæ фæкæ- нынц, фæстæмæ дæр сæ фынæйæ сæййафын. Ныр дæр та сæ хуыр-хуыр цæуы. Тагъд скъоламæ цæуын райдайдзыстæм æмæ та Бæди иунæгæй баззайдзæн. Æз æмæ Гæккæ фарон райсомæй ахуыр кодтам. Ацы аз дæр та иу рæстæгыл цæудзыстæм. Цымæ æхсæзæмты куыд уыдзæн?.. Дыккаг къла- сы мæлæты зын куы нæ у. Фæлæ мæнæн та чи бах- хуыс кæндзæн? Цæй, алы хатт дæр хистæркъласон- тæ афтæ фæдзурынц, стæй та дзы уыйас зынæй ни- цы разыны. — Схуысс, цæмæ ма бадыс! — дзуры мæм Дзыцца. — Райсом-иу мæ райхъал кæн. — Иучысыл баулæф. Скъоламæ цæуынмæ бирæ куынæуал баззад... — Иу бон ма, стæй уæд — нал. — Гадæццийы мауал къах. — Æз æй ницы къахын, йæхæдæг мæ ма хъыг- дарæд, æндæр. 83
— Фæстæмæ йæм мауал сдзур, худинаг у. Бæп- пуйы сæр уæддæр хъуыды кæн... V Бæстæ хъæр æмæ худтæй байдзаг. Кæрæдзийы кæдæй нырмæ нал федтам! Нæ хъæу уыйас стыр дæр нæу, фæлæ сыхæгтæй фæстæмæ иннæтыл арæх не ’мбæлдтæн. Цыма иууылдæр дзæвгар фестырдæр- тæ сты, афтæ мæм кæсы. Сæ фылдæр хурсыгъд, бирæ- тыл дзы ног дзаумæттæ. Мæнæн дæр мæ хæдон æмæ мæ дзабыртæ ног сты, стæй мæ хызын дæр. Дуканимæ хъуымац искуы-иухатт йедтæмæ не ’рбаласынц. Кæдæй-уæдæй дзы Дзыццамæ дæр æр- хауди. Йæхæдæг мын дзы хæдон бахуыдта. Тырыса- йы хуызæн — сырх-сырхид. Чингуыты хызынæн та мын Замирæт радта хъуымац. Мæ номыл, дам, æй фæдар. Знон мын мæ сæр Сафонкайы лæппу Мы- сырыхъо сæлвыдта. Нæ сыхы уымæй дæсныдæр ни- чи арæхсы сæрæлвынæнимæ. Кæннод мæ дзыккутæ æгæр даргъ рацыдысты. Уæртæ Гадæццийы лæппу Цæрадзон. Йæ хæстæ- джытæ уымæн дæр горæты цæрынц. Мæлæты бирæ сæм нæ бафæстиат. Нырма йæ фыццаг хатт уынын. Æмбæлттæ бæргæ уыдыстæм, кæд ма йæ Гадæцци мæнмæ ’ввахс æрбауадза, уæд. Æрбацæуы мæм. — Иунæгæй мæ куыд ныууагътай!..—уайдзæ- фæй мын салам авæрдта. Æвæццæгæн ын Гадæцци ницыма загъта, æндæр мæм афтæ хæлар цæстæй нал кæсид. — Æмæ кæд æрцыдтæ? — Знон. 84
— Æз æй нæ зыдтон,— афсон кодтон æз. Цыма йæ куы зыдтаин, уæд æм бауадаин, уый хуызæн. Кæрæдзийæн нæ хабæрттæ кæнынмæ фестæм. Цæрадзонæн цы у? Цал кинойы мын ранымадта. Цыма æз кино уымæй къаддæр уарзын. Æниу мæ- нæн куы цæриккой мæ хæстæджытæ горæты. Айфыц- цаг Дзыццайæн бæргæ фæлæгъстæ кодтон, ауадз мæ, зæгъын, фæлæ мыл, иуæй, иууæндгæ нæ бакод- та, иннæмæй та нæм фæндаггаг нæ уыд. Йæхæдæг мын зæрдæтæ æвæрынмæ фæци. «Горæтмæ цæуы- нæй ма фæлмæцгæ дæр скæндзынæ». О, цæуыннæ, сфæлмæидзынæн!.. Нырма дзы иунæг хатт дæр нæ- ма уыдтæн. Ноджы мын замманайы фадат уыди. Уыцы бон кусгæ нæ кодтам, стæй нæ сыхы лæппутæ дæр цыдысты... Бесæгъуыр дæр кæцæйдæр фæзынди. Мацы фыд- былыз та æрхъуыды кæнæд. Зæххæй уæлæмæ нæ зы~ ны, афтæмæй йæхицæй бирæ стырдæртæм дæр бауæ- лæтæ вæййы. Уæлдайдæр уæлæсыхы лæппутæм. Уы- дон сæхицæй æппæлаг сты. Бесæгъуыры цур дын ма бауæндой. Бирæты дзы ранадта. Æз дæр уымæй стырдæр нæ дæн. Уæвгæ дзы фæстагмæ зына-нæзына фæбæрзонддæр дæн. Раз- дæр нæ къласы мæнæй къаддæр нæ уыд. Æмæ физ- культурæйы урочы рæнхълæуды æппæты фæстæ лæууыдтæн. Ныр Бесæгъуырæй фестырдæр дæн, фæ- лæ мæ уæддæр йæ разæй нæ уадзы æмæ æнæбары мæхи бынаты баззадтæн... Чызджыты тарст хъæр райхъуыст. Фæйнæрдæм фæпырх сты. Бесæгъуыр иунæгæй аззад. йæ къухы цы ис, мæлæты хъавгæ йæм æвналы. Калм та куы ’рцахста... Мæ мидбынат хæрдмæ фæхаудтæн. Кал- мæй тынгдæр ницæмæй тæрсын. Мæхи лидзынмæ æрцæттæ кодтон. Бесæгъуыр нæм куыд хæстæгдæр 85
цæуы, афтæ дзы мах Цæрадзонимæ нæхи дарддæр ласæм. — Ма тæрсут,— дзуры нæм худгæйæ Бесæгъуыр. — Аппар дæ калм,— лæгъстæ йын кæны Цæра- дзон. — Чызджытæ стут æви цы?! Бурхъус у. Мæнæн кæлмытæй уæлдай нæй. Æваст ын чины- джы йæ ныв куы ауынын, уæддæр мæ уд ауайы. Бесæгъуырæн та æндæр хорздзинад мацы ратт. Скъолайы зоологийы ахуыргæнæгæн цы нæ ’рбахас- та, ахæм нал баззад. Хæфсытæ, гæккуыритæ æмæ дзы кæлмытæ ахсæг рауад. Урочы исты цæрæгой ба- хъуыди — Бесæгъуыры агурынмæ фæвæййынц. Æмæ та йæ уый дæр æрбахæццæ кæны. Кæсаг ахсынмæ дæр тынг рæвдз у. Йæ къух цы байбыны нæ батъыс- та, ахæм нал баззад. Гæккæиты кълас иуран æрæмбырд сты. Сæ ас- тæу сæ ахуыргæнæг Елетхан. «Сæ ахуыргæнæг!» Цыма мæн ахуыргæнæг нæ уыд, уый хуызæн. Цып- пар азы йæм фæахуыр кодтам. Æвæдза, рæстæг куыд тагъд ивгъуыйы. Афæдз дзы фæхицæн стæм, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма уый тынг раджы уыди., Хъæуы алы кæрæттæй æрæмбырд стæм фыццаг къласмæ. Æз дзы уымæй размæ бирæты уынгæ дæр никуы фæкодтон: сæ фылдæр æндæр сыхтæй уыды- сты. Уалынмæ кæрæдзиуыл фæцахуыр стæм. Иууыл- дæр бирæ бауарзтам нæ ахуыргæнæджы. Йæхи лæп- пуйы кой-иу нын арæх кодта. Йæ лæг хæсты фæмард æмæ фæстæмæ йæ цæгатмæ æрыздæхт. Лæппу та фылдæр йæ фыды хæдзары уыд. Елетхан-иу æм Сындзыхъæумæ арæх цыд. Искуы-иу хатт-иу æй йе- мæ дæр æрхуыдта. Æмæ нын-иу цы нæ хабар ра- кодта йæ лæппуйы тыххæй. Мах дæр-иу æм хъуыс- там æмæ хъуыстам. 86
Цыппæрæмты нæ иухатт Елетхан сæхимæ акод- та. Картоф къахынмæ, дам, мæм фæкæсут. Мах æм- хуызонæй дæр ацыдыстæм. Тæсчъытæ нын фаг нæ уыди æмæ уый тыххæй сбыцæу стæм. Алкæй дæр тæскъ хæссын фæндыд. Картоф къахыныл бирæ нæ бафæстиат стæм. Елетхан нын цæхæрадонмæ дын- джыр кæфойы дзаг бур-бурид фæткъуытæ рахаста. — Бавналут, хорз фæткъуытæ сты,— æмæ дзы раздæр йæхæдæг куы фелвасид æмæ йæ куы нык- комдзаг кæнид. Мæхинымæр дисы бацыдтæн. Елетханы хæргæ фыццаг хатт федтон. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма ахуыргæнæг хæргæ нæ фæкæны. Чи зо- ны, иннæтæй дæр исчи мæ хуызæн хъуыды кодта, фæлæ дзы æргомæй ничи ницы загъта. Фæлтау æй куы нæ федтаин. Уæдæй фæстæмæ æууæндын рай- дыдтон, ахуыргæнæг иннæ адæмы хуызæн хæргæ дæр кæй кæны, фынæй дæр, кусгæ дæр... Бесæгъуыры калм аппарын нæ бафæндыд æмæ фæстæмæ аздæхт. йæ разæй цы къордтæ фæвæййы, уыдоны тарст цъæхахст райхъуысы. Дзæнгæрæг ныццагъта. Алчи йæхи къласмæ фæ- цæуы. Мидæмæ цæуын мæ нал фæнды. Фæлтау ар- дыгæй изæрмæ ам лæудзынæн æмæ лæппутимæ ны- хас кæндзынæн. Фыццаг урок нæм ирон æвзагæй ис. Куарæйæн уæлдай нæу. Иннæ ахуыргæнджыты хуызæн дын æн- дæр хъуыддæгтыл иу минут дæр ма фесафа. Йæ урок чи нæ фæзоны, уымæн цæттæйæ дары дыууæ æгъатыр дзырды: — Сбад. Дыууæ! Фæсаууонмæ дæр æй «Сбад. Дыууæ!» хонынц. йæ ныхæстæй мæм æппындæр ницы хъуысы. Мæ зæрдыл æрлæууыдысты Замирæт æмæ Дудтул. Га- 87
дæцци... Гадæцциимæ куы фæхыл дæн, уыйфæстæ мæм дзургæ дæр ницуал скодта. Чи зоны, йæхиуыл æрхудт. Æз дæр, цыма æппындæр ницы æрцыд, уый хуызæн мæхи дардтон. Афтæ дæр ма ахъуыды код- тон, кæд мæ æндæр исты хуызы йæ маст райсынмæ хъавы, зæгъгæ. Фæлæ мæ уыцы хъуыдыйыл баууæн- дын иæ бафæндыд. Ау, кæд æцæг Бæппуимæ афтæ цардысты, уæд уый йæ сæрмæ куыд æрхæсдзæн. Дзæхирæт нæм куыд хорз цæстæй кæсы. Айсæдуйæ нæ уæнды, æндæр Дзыцца уымæй æппæлынæй фыл- дæр куы нæу. Куарæ ног урок амоны. Йæ ныхæстæ мæм дард кæцæйдæр хъуысынц, афтæмæй мæ тæккæ уæлхъус лæууы. Æз, цыма лæмбынæг хъусын, афтæ мæхи дарын æмæ аивæй уынгмæ кæсын. Хæмæтхъаны та ардæм цы хуыцау æрхаста. Рудзынджы бын слæу- уыд æмæ мæм йæ къухæй цыдæртæ амоны. Мæхи- нымæр æм бахæлæг кодтон. Скъоламæ цæуын æй нæ хъæуы, урокты мæт æй нæй. Иæ зæрдæйы дзæ- бæхæн уынгты разил-базил кæны. Чи зоны, æмæ йæ махимæ дæр фæнды. Дзæгъæлы не ’рцыдаид. Лæп- путæ иууылдæр скъолайы сты æмæ кæимæ хъаза, уый йын нал ис æмæ ардæм йæхи райста. Ныр та урочы фæудмæ æнхъæлмæ кæсы. Йæ мад æмæ фыд йæ уæлхъус куы уаиккой, уæд афтæ дзæгъæл рацу- бацу нæ кæнид. йе скъола дæр нæ ныууагътаид. Фа- рон мæ Зауырбег Елмысханмæ сæрвыста. Уый скъо- ламæ цæугæ дæр не ’ркодта, Хæмæтхъанмæ, дам, мауал æнхъæлмæ кæсæнт. Сидзæр лæппуйы, дам, ахуыр кæнынмæ нæ февдæлы. Не скъола нын немыц фехæлдтой. Æрмæстдæр ма йын йæ къултæ ныууагътой æмæ кæйдæр хæдза- ры ахуыр кæнæм. Ам кълæстæ нæ фаг кæны æмæ- ма директор йæхи хæдзарæй иу уат æртыккаг æмæ 88
фæндзæм кълæстæн радта. Зауырбег йæхæдæг дæр скъолайы кæрты цæры æмæ уымæй хорз у. Ахуыр- гæнджытæ æмæ скъоладзаутæн дæр хæстæг. Фыццаг бон мыл мæлæты даргъ ныцци. Уæлдай- дæр фæстаг урок. Гæккæитæм цыппар урочы йед- тæмæ нæ уыди æмæ нæхимæ мæнæй фæраздæр, æн- дæр та иумæ ацыдаиккам. Фырæххормагæй мын мæ ахсæн цыдæр фæхæры. Тагъддæр ма куы схæццæ уаин... Тузикк тигъмæ мæ размæ ’ртахт. Цыма мæ ра- гæй нал федта. йæхи мыл куы иуырдыгæй ахафы, куы — иннæрдыгæй. Мæ разæй азгъоры, фæстæмæ фæкæсы æмæ та æрлæууы, цыма мын, куыд сындæг цæуыс, зæгъгæ, уайдзæф фæкæны. Мæ хызын стъол- мæ баппæрстон. Сасиры фæстæ кæрдзын райстон (Дзыцца мын уым бавæры мæ хай), æмæ цæхæра- донмæ рацыдтæн. Тузикк дæр мæ фæстæ. йæ къæ- дзил тилы. Кæрдзыимæ æнхъæлмæ кæсы, мæгуыр. Æмæ мæхицæн дæр куы нæ сфаг уыдзæн. Иу къæ- бæр ын дзы æнæавæргæ нæй: тæригъæд у. Мæнæ дын йæ фæлмæнæй. Хъæбæр мæхи хъæуы. Хæрдмæ йæ сæппæрстон. Уый йæ фæстæгтæй йæхи фесхуыста æмæ йæ уæлдæфы рацахста. Сывæллæтты къухæй кæрдзын бирæ хæттыты аскъæфта. Фæлæ дзы цъæр- рæмыхст дæр никуы никæй фæкодта. Фæстæты сæм бахъуызы æмæ сын сæ къæбæр куыд айсы, уый хат- гай зонгæ дæр нæ бакæнынц. Хъæдындзы хуымы цур дзуццæджы æрбадтæн æмæ тагъд-тагъд æрыгондæр хæлттыл азылдтæн. Сæ кæрæттæ сын амхуызон кодтон æмæ сæ цæххы атылдтон. Кæрдзыны комдзагимæ тынг хæрзад сты. Судзгæ дæр нæ кæнынц. Нурытæ бынтон ныхъхъæ- бæр сты, фæлæ булчъытæн фаг фæдæн. — Æллæх, мæнæ цæйбæрц бахордтон! — мæ ас- 89
тæу хæрдмæ стасын кодтон æмæ æхсызгонæн сулæ- ’фыдтæн. Мæ кæрдзынæй дæр ма аззад, афтæмæй мæхицæн бафсæдын æнхъæл нæ уыдтæн. Тузикк мæм куыд æдзынæг кæсы. Кæрдзын цы къухы ис, уым йæ цæстытæ баззадысты. Къух фезмæлыд, зæгъгæ—уый дæр йæ фæдыл азилы. — А-а! — фæдзырдтон æм æз, мæ къух хæрдмæ сдаргæйæ. Тузикк кæрдзын рацахсын æфсон йæхи хæрдмæ фехста, фæлæ йæ æз фæсайдтон æмæ та ногæй йæ фæстæгтыл æрбадт. — Цæй, æгъгъæд у, кæннод дæ комыдæттæ фæ- уайдзысты,— æмæ йын мæ кæрдзыны уæлдай бап- пæрстон. Зæхмæ дын æй ма ’руадза. Уый йæ сæрмæ хæсгæ дæр не ’ркæндзæн. Хъуамæ йæ уæлдæфы ра- цахса. Цыма йæм хъавгæ ныккодтон — йæ дзыхы смидæг. Нæ лыстæг фæткъуымæ фæкомкоммæ дæн. Нæ бинонтæ йæ иууылдæр «лыстæг» хонынц. Æмæ æцæ- гæйдæр нæ урс чылауийæ ставддæр нæу. Раздæр æй хъуыды дæр ничи фæкæны. Уымæн æмæ сæрдыгон фæткъуыты цур цæсты нæ фæахады. Урс чылауи æмæ балты цур та хæрынæн нæма фæбæззы. Фæлæ ацафон сæрдыгон дыргътæ фæвæййынц, зымæгонтæн та сæ афон нæма ралæууы æмæ уæд скадджын вæй- йы. Фарон ыл нæ уыди, ныр ма йæм бакæс: фырза- дæй дæлæмæ тоны. Иу фæткъуы дзы дзыхыдзаг йед- тæмæ нæу. Тæккæ сырхфарсдæр равзар, йæ фæлм- æвæрд хæрвæй йæ асыгъдæг кæн, йæ фындз ын дæ ныхæй асхъау æмæ йæ дæ дзыхы баппар. Дæ къухы ма аззайдзæн æрмæстдæр йæ хъæд, иннæ иууылдæр хæргæ у: аппæй, зæгъай, цъарæй, зæгъай. Йæ тæккæ цъупмæ схызтæн æмæ заддæр къали- уыл æрбадтæн. Ардыгæй мæм хъæугæрон хорз зы- ны. Уæртæ уæлмæрдтæ. Уый уæле — Къутутæ, Æр- 90
хыбыл. Йæ фале — горæтмæ фæндаг. Куыд тынг мæ фæфæнды ууылты ацæуын. Цымæ кæдæм фæхæццæ уаин? Бæппу дæр хæстмæ ууылты ацыди. Фæстæмæ та хъуамæ Елхоты ’рдыгæй ссæуа. Поезды. Кæрдзы- нæй махмæ бирæ фæндаг нæй. Фистæгæй дæр ссæу- дзæн. Стæй йыл, чи зоны, уæрдон æмбæлæг фæуа. Куыройæ бирæ цæуджытæ вæййы. Æмæ кæд йæ къах хауд у, уæд та? Нæ, уымæй йын тас бæргæ нæу. Дурты бын дæр чи нæ амæлдзæн,— афтæ дзы хуымæтæджы фæзæгъынц!—уый йæ къах бахъахъ- хъæнын нæ базондзæн. Дынджыр чумæдан æм куы уа, уымæй дæр бæрæг нæй. Уæвгæ Бæппуйæн ахæм- тæ ахæссын цы у. Уый мæнæй цас тыхджындæр уы- дзæн! Хæрзаг бирæ майдантæ сласдзæн. Мæнмæ дæр-иу сæ куы авæрид. Уæд дзы кæйдæрты бæргæ амæстæймарин. Цон æмæ та Бæппуйы дзаумæттæ фенон. Тагъд- тагъд бæласæй æрхызтæн. Тæккæ сырхфарсдæр фæт- къуытæй ма цалдæр мæ дзыппы авæрдтон æмæ уаты смидæг дæн. Дынджыр чырыны сæрыл схæцыдтæн. Бæппуйы дзаумæттæ дзы кæдæй нырмæ æфснайдæй лæууынц. Раздæр хæдон фелвæстон. Цæй дæргъæн у! Мæ уæраджы сæртæй фæдæлдæр. Æвзист рон мæ астæуыл æртæ тыхтæй æрбаххæсти. Йе ’взаг ын мæ галиу фарсыл дæлæмæ ’руагътон. Лæгтæ дæр афтæ фæкæнынц. Бандоныл алæууыдтæн, кæсæны сæрмæ къулæй райстон къæбæлдзыг бухархуд æмæ йæ мæ сæрыл æркодтон. Мæ фындзыл æрæнцад. Хæрдмæ йыл тынгдæр схæцыдтæн æмæ тыххæйты мæ цæс- тытæ байгом сты. Хъама мæ куы ферох и! Уый дæр мæ фарсыл æрбастон. Мæхимæ кæсæнмæ кæсын. Бæппуйы дзаумæттæ хицæн тæф кæнынц. Чи зоны, чырыны бирæ кæй фæлæууыдысты, уый тыххæй. Æз сæ æнæкæсгæйæ дæр базонин. Тыргъты цыдæр уы- 91
нæр фæцыд. Æнхъæлдæн, чидæр æрбацæуы. — Гæбул! — уый Дзыццайы ныхас у. — Дæумæ нæ дзурын? — æрбайхъуыст та йæ хъæлæс. Афтæ раджы цæмæ ссыдаид?.. Уый зонгæйæ, чы- рынмæ нæ бавнæлдтаин. Мæ дзаумæттæ ласынмæ фæдæн. Хъамайы бос роныл стыхст. Ныссуйтæ. — Цы кусыс, дæ хорзæхæй? — æллæх, Дзыцца мæ æрбаййæфта. Фырадæргæй мæ дзыхы дзырд нал бады. — Бæппуйы дзаумæттæ?..— сдзырдта Дзыцца æмæ йæ дарддæры ныхæстæ дисы бын фесты. — Мæхиуыл сæ барстон...— загътон къæмдзæс- тыгхуызæй æз. Раздæр, æцæгæйдæр, афтæ хъавыд- тæн. Фæлæ мæм æрæджиау æндæр зонд фæзынд. Чырыны фæткъуытæй цалдæр нывæрдтон тæф кæныны тыххæй. Дзыццайæн æй куы зæгъон, уæд- дæр мыл иæ баууæнддзæн æмæ ницуал сдзырдтон. Фырæфсæрмæй мæ ныхы хид акалд. Хорз нæ уыд, чырынмæ æнæфæрсгæйæ кæй бавнæлдтон, уый. Дзыцца æнæдзургæйæ бирæ фæлæууыд, стæй загъта: — Дæу нырма Бæппуйы йасмæ бирæ цыдæртæ хъæуы...— æмæ арф ныуулæфыд. Иучысыл мын фенцондæр. Дзаумæттæ тагъд- тагъд сæ бынæтты авæрдтон. Ацы чырыны æрмæст- дæр Бæппуйы дзаумæттæ сты. Стæй ма Дзыццайы зæлдаг кæлмæрзæн. Бæппуйы лæвар ын у. Чындзы куы цыди, уæд ын æй балхæдта. Фæлæ йын æй йæ уæлæ никуыма федтон. Искуы-иухатт æй иннæ дзау- мæттимæ хурмæ рахæссы. Бирæ йæм фæракæс-ба- кæс кæны æмæ та йæ уыцы æнæдзургæйæ фæстæмæ нывæры. — Дзыцца, Бæппуйæн цырыхъхъытæ нæ уыди? 92
— Адæм дæр ма уымæ куы цыдысты,— цыма æн- дæр кæимæдæр дзуры, уыйхуызæн мæ иувæрсты кæс- гæйæ дзуапп радта Дзыцца.— Дæ Бæппуйы æртти- ваг цырыхъхъыты сæ къæхтæ цал усгуры атъыстой, уый куы зонис... — Уæдæ кæм сты? Чырыны сæрак хъустæ йедтæ- мæ куы ницы ссардтон. — Немыцы рæстæджы фесæфтысты. Уыцы цъам- мар куитæ сæ сæхицæн бакъаддæртæ кодтаиккой, æндæр цы!.. Дæ цуры чырыны цы сæрак ис, уымæй йæхицæн ногтæ хуийынмæ хъавыд. Нæ хъæу æдас- дæры тыххæй Ставд-Дуртæм лыгъдысты. Уæд Бæ- дийыл афæдз дæр æххæст нæма цыд. Иу голладжы нæ дзаумæттæй цыдæртæ авæрдтон æмæ сæ мемæ айстон. Цырыхъхъы хъустæ дæр уым фесты. Дæу æмæ Гæккæйы Алихантимæ арвыстон. Æз æмæ Бæ- ди та Дзæхирæттимæ ацыдыстæм. Нæ фæлæ адæй- маджы царм фидар у. Дзидзидай сывæллон мæ хъæ- бысы, афтæмæй ма голлаг дæр ме ’ккой баппæрстон. Уæззау уыйас нæ уыди, фæлæ даргъ фæндагыл гыц- цыл уаргъ дæр сыстыр вæййы. Уалынмæ ныл уыцы немыцаг амбæлд. — Немыцаг? — О, дæ фæхъхъау фæуон. Куыддæр Джерме- цыччы рагъæй фæдæле стæм, афтæ нæ фæсте бæхы къæхты хъæр райхъуыст. Фæкастыстæм æмæ цавæр- дæр æфсæддон. Уалынмæ æрбахæстæг. Йæ дарæсмæ гæсгæ йæ базыдтам — немыцаг. Айсæду цъиувæдис фестад. Немæ иу нæлгоймаг дæр нæ уыд. Бæхджы- нæй кæдæм алидздзынæ. Æмæ нæхи хуыцауы уазæг бакодтам. Æрбаййæфта нæ. Кæсын дæр æм нæ уæндыды- стæм. Æнхъæлдтам, нæ дзаумæттæй йæ зæрдæмæ чи фæцæуа, уыдон авзардзæн æмæ дардцæр йæ фæндаг 93
дардзæн, Фæлæ нæ. Нæ цуры йæ бæхы цыд фæса- бырдæр. Немыцагау нæм цыдæр сдзырдта. Уыйфæс- тæ та цыма уырыссагау афæлвæрдта, афтæ мæм фæ- каст. Фæлæ йæ мах иу æвзагыл дæр не ’мбæрстам æмæ нæ удтæ нæ къухы хæсгæйæ размæ тындзыд- там, исты хуызы дзы куы фервæзиккам, зæгъгæ. Бæди дæр йæ кæуын уæдмæ ’рхаста. Нал æмæ нал æнцад. Немыцаг та уæлбæхæй цыдæр сдзырдта. Дыккаг хатт æм æнæскæсгæ нал уыд. Йæ къухæй мæ голлаг- мæ амоны. «Мæ тæригъæдтæ фæхæсс, кæд ма дæ каст уымæ нæ уыд!» — сæлгъыстон æй мæхи- нымæр. — Ратт ын æй, дæ хорзæхæй, æмæ нæ кæд ныу- уадзид, — мæ хъусы мын лæгъстæхуызæй дзурьг Дзæхирæт. Æз Бæдийы Дзæхирæтмæ авæрдтон, мæхæдæг мæ голлаг ме уæхскæй æристон æмæ йæ барæгмæ слæвæрдтон. Йæ фæсарц æй дыууæрдæм хордзен уагъд æркодта æмæ та мах æмцыд райдыдта. Уæуу, мæнæ бæллæх! Нал нæ ныууадза. Мæ уд мæ хъуыр- мæ схæццæ. Айсæду æмæ Дзæхирæт дæр æмризæ- джы ризынц. Бæдийы куыдмæ зæрдæ скъуийы. Хъæдмæ бахæццæ стæм æмæ нæ тас фæфылдæр. Не- мыцаг алырдæм ахъахъхъæдта, цыма кæйдæр агуырдта, уыйхуызæн. Иæ цæст куы никæуыл æр- хæцыд, уæд махырдæм дзуры. Фæкомкоммæ та йæм дæн æмæ мæ зæнгтæ мæ быны адон сты. Бæдимæ къухæй амоны. Сывæллоны мæ хъæбысмæ тынгдæр нылхъывтон æмæ мæ цæссыгкалгæйæ Дзæхирæтмæ дзурын: — Æнхъæлдæн, æмæ мæ бон бакалди! — Ма тыхс, Дзыллæ, — ныфсытæ мын æвæры Дзæхирæт æмæ мæ Айсæдуйæ йæхи астæу амбæхста. 94
— Фервæзын мæ кæнут ацы лæгсырдæй! Мæ хъæбулы мын бахъахъхъæнут!..— ныдздзынæзтон та ногæй. — Фæсабыр у, кæннод адон æрратæ сты æмæ сæм цы хъыг фæкæсдзæн, уый бæрæг нæй,— сбустæ мыл кодта Дзæхирæт æмæ мæм хæстæг-хæстæг цæуы. Немыцаг йæ риуы дзыппы цыдæртæ агурынмæ фæци. Æвæццæгæн, нæ царды кæрон æрхæццæ. Уы- цырдæм кæсын дæр нал уæндын. Уалынмæ немыцаг цæугæ-цæуын йæ бæхæй æрхызт æмæ йæхи æвзагыл цыдæр сдзырдта. йæ къухы цыппæрдигъон гæххæтт февзæрд. Уый къам куы у. Дзæхирæтмæ йæ æвди- сы. Мах Айсæдуимæ аразæй стæм. Æрбаййæфтой та нæ. — Мæнæ ма диссагмæ кæс?—дзуры нæм Дзæ- хирæт. Мах нæ цыды кой кæнæм. — Чындз, фæлæуут-ма. Айсæду фæсте аззад. Æз уæддæр мæ цæуыны куыст кæнын. Ногæй та мæ æрбаййæфтой. — Æркæс-ма йæм, — дзуры мæм Дзæхирæт.— Æвæццæгæн, йæ бинонтæ сты. Мæ хæдзарыл!.. Къаммæ фемдзаст дæн. Бæласы бын бандоныл бадынц цыппарæй. Астæуæй — нæлгоймаг. Немыца- джы цæсгоммæ аивæй бакастæн. Кæрæдзи цæрмы- стыгъд бакодтой. Иæхæдæг у, йæ дзыппы йæ хуымæ- тæджы нæ дары. йæ хъæбысы — чысыл чызг. Æр- тæ-цыппар азы кæуыл цæуы, ахæм. йæ рахизфарсы- рдыгæй бады æрыгон сылгоймаг, галиуырдыгæй йын йе уæхскыл йæ къух æрæвæрдта иуæндæс-дыууадæс- аздзыд чызг. Лæг нæм хæстæгдæр æрбацыд. Цæмæдæр гæсгæ 95
дзы æрдæбоны хуызæн тынг нал тарстæн. Бæди йæ кæуынæй фенцад æмæ чысылгай йе муд цæуын рай- дыдта. Немыцаг къамы нæлгоймагмæ йе ’нгуылдзæй ацамыдта, стæй йæ уырзтæй йæ риу бахоста æмæ нæ алкæмæ дæр æрбакаст, бамбæрстам æй æви нæ, уый базоныны тыххæй. Махæй ничи ницы сдзырдта, фæлæ Дзæхирæт йæ сæр дæлæмæ-уæлæмæ батилгæ- йæ, загъта: — Жнайын, жнайын! Немыцаг та, йæ фарсмæ цы сылгоймаг бадт, уы- мæ ацамыдта æмæ нæм йæ амонæн æнгуылдзтæ кæ- рæдзийы фарсмæ авæргæйæ фæрсæджы каст æрба- кодта. — Мæнæ царциатæ! — ныддис кодта Дзæхи- рæт.— Уый та йæ бинойнаг у. Лæджы дыууæ æрфыджы астæу æрбанцъылдтæ, цыма цыдæр æрымысыныл архайы, уыйхуызæн. Къаммæ та ныккаст æмæ йе ’нцъылдтæ æрбайсæф- тысты. йæ къухæй дыууæ чызгмæ ацамонгæйæ, йæ мидбылты бахудт æмæ Бæдимæ йæ цæстæй аца- мыдта. Уыйфæстæ йæ дзыппæй кæрæдзийы фæдыл иста алыхуызон къамтæ. Каэм хæдзары дуармæ лæууынц, кæм доны был сæхи найынц, "кæм куитимæ хъазынц. Алыран дæр — цыппарæй. Немыцаг Бæдийы йæ хъæбысмæ айста æмæ йемæ хъазы. Бæди дæр æм бахуды, йæ цæсгоммæ йын фæ- лæбуры. Лæг йæ сæр ныттилы æмæ та сывæллон ба- къæцæл вæййы. Уалынмæ йæ бæхмæ йемæ систа. Æз æдас нæ уыдтæн æмæ æгъдæнцойыл хæцын, аф- тæмæй бæхы фарсмæ цæуын. Сахатæй фылдæр фæцыдаиккам хъæды. Терчы былмæ ныххæццæ стæм. Лæг та фæйнæрдæм ракæс- бакæс кæны. Æвæццæгæн, ыл сæхионтæй исчи куы 96
амбæла, уымæй тарст. Æрдæбон дæр хуымæтæджы не ’скатай. Хъæд фæсте аззад. Нёмыцаг мæм Бæдийы арæхстгай æрлæвæрдта. Йæ фæсарцæй мæ голлаг райста æмæ мæм уый дæр радта. йæхæдæг сæхи- рдыгонау цыдæр сдзырдта, йæ бæхы фæрстæ къахæй æмцæф бакодта æмæ размæ фæцагайдта. — Цыдæр хуыцауы сконд адæймаг у,— мæ тас æххæст нæма ’рцæугæйæ, сдзырдтон æз. — Сырдты ’хсæн дæр зæдтæ разыны,— арф ныу- улæфыд Дзæхирæт.— Мæгуыр йæ бон, уымæ дæр йæ бинонтæ æнхъæлмæ кæсынц. Кæд æй, миййаг, хæцын нæ фæнды, афтæмæй рараст йæ хæдзарæй... Уыцы бон изæрдалынгты Ставд-Дуртæм ныххæц- цæ стæм. Нæ хæрæфырттæм æрцардыстæм. Уым дæр немыц æмызмæлд кодтой. Афтæмæй ма уырдæм та цæмæн цыдыстæм?! Дзыцца рæстæгæй-рæстæгмæ йæ дзурынæй фен- цайы, цыма цыдæр æрымысыныл фæархайы, уый- хуызæн, стæй та ногæй райдайы: — Цалдæр къуырийы фæстæ немыц æхсæвыгон цыдæр фесты. Сæ фæд дæр нал фæзынд. Мах дæр фæстæмæ сыздæхтыстæм. Мæ голлаг та ме ’ккой ба- кодтон. Цырыхъхъы хъустæ дæр уым. Нæ хæдзар дæрæнæй сæййæфтон. Æнæхъæн ма æрмæстдæр йæ къултæ уыдысты. Къус æмæ дзы къопп бæрæг нал уыд. Ды та ма цырыхъхъыты кой кæныс!.. Сымах мын сæрæгасæй кæй баззадыстут, уымæй хуыцауæй бузныг. Дзаума ссаргæ у. Бæппу куы фæзынид, уæд ссарыны тыххæй бæргæ ницы ныууадзид. — Æмæ кæд ссæудзæн? — ныр цалæймаг хатт фæрсын Дзыццайы. — Ахæм рæстæг дæр кæд искуы ралæууид. — Ралæууид, ралæууид!.. — тæргайхуызæй 7 Уалдзыгон стьалытæ 97
сдзырдтон æз. — Æниу ын куывд та цæмæй скæн- \ дзыстæм? — Æ, дæ бонæй уай! — Дзыццайы цæсгом фæ- хъæлдзæгдæр.— Изæрæй райсоммæ дæр ацæттæ уа- иккам. Дæ Бæппу цы хуызæн Бæппу у, уый нæма зоныс... Æрбаталынгтæ. Афтæмæй хур ныгуылын афон дæр нæма у. Кæртмæ рауадтæн. Хъæууатæй сау мигътæ ссæуынц. Къæвда уардзæн. Сафонка афтæ фæзæгъы, иугæр, дам, Æрджынарæджы сæрмæ мигътæ фæзынд, уæд æнæмæнг уарын мах хъæумæ ссæуы. Æцæгæйдæр мыл цалдæр æртахы æрхауд. Уалынмæ зæххыл дæр зынын райдыдтой. Ставд æр- тæхтæн рыгыл сæ тъæпп фæцæуы æмæ цалдæргай дихтæй фæйнæрдæм атулынц. — Тагъддæр, тагъддæр, дæу тыххæй ма æз дæр ныххуылыдз дæн,— уый Бæдийы сцырын кодта Гæккæ. Кæртмæ уыцы лæф-лæфгæнгæ æрбазгъордтой. Фæткъуы бæласы бын амбæхстысты. — Мидæмæ рацæут! — дзурын сæм. Арв ныннæрыд. Бæдимæ дзурын нал бахъуыд. Арвы нæрдæй фæтарст æмæ лидзæг фæци. Гæккæ дæр йæ фæдыл æрбазгъордта. — Гæбул, рæвдздæр цармæ! Нæ хæдзары сæр саст дуртæ бирæ ис æмæ зыхъ- хъыртæй дæлæмæ тæдзын байдайы. Къæвдарæстæ- джы алы тæдзынæджы бынмæ дæр къустæ, къоппы- тæ, тастæ æмæ бедратæ сæвæрæм. Алы зыхъхъырæн дæр йæхи дзаума ис. Гыццылæн къус дæр йæ фаг у. Стырдæрæн та йæ бынмæ тас кæнæ къæрта сæвæ- рын хъæуы, цæмæй тагъд ма байдзаг уа æмæ йæ былтæй кæлын ма райдайа, уый тыххæй. Дæргъвæ- тин къæвдайы уæлдай æвзæрдæр вæййы. Æдзухдæр 98
цары бад æмæ, мигæнæнтæй чи куыд дзаг кæны, уы- мæ кæс æмæ сæ радыгай æвдæлон кæн. Тагъд-тагъд асиныл суадтæн. Æваст схизгæйæ мæлæты талынг вæййы. Æппындæр ницуал уынын. К/ьæвда тынгæй-тынгдæр уары. Дуртыл æртæхтæ арæхæй-арæхдæр уайынц. Арфдæр бацыдтæн. Къус- тæ æмæ къоппытыл æртæхтæ сæхи хойынц. Цалын- мæ дзы дон амбырд уа, уæдмæ афтæ вæййы, стæй æмыр уынæрмæ рахизынц. — Цы кусыс уым?!—сыхъуыст мæм Дзыццайы хъæлæс.— Кæройнаг уаты сæрмæ тæдзын куы рай- дыдта... Хъайваны сæрты хъавгæ бахызтæн æмæ æцæгæй- дæр тохынайы фарсмæ дон сæх-сæх кæны. Æвæццæ- гæн, æндæрырдыгæй радымдта æмæ цыхцырæг ин- нæрдæм фæци. Æз бедра фалдæр æрæвæрдтон æмæ дзы тæдзынæджы сæх-сæх сыхъуыст. Ацы къæвда- тæй бафæлмæцыдыстæм. Цалдæр хатты Дзыцца бы- дырæй фæдисы æрбацыд æмæ та-иу нæ хуыссæнтæ донластæй æрбаййæфта. Мæ хъæццул равдисынмæ нал бæззы, Змæст тæдзынæгæй схъулæттæ æмæ фæ- ныкдонæй æхсгæйæ дæр нал ссыд. Сапон та нæм уæвгæ нæй. Дзыцца нæ хуызистытæ Замирæттæм нывæрдта. Къæвдайæ сын тæрсы. Бæппуимæ дынджыр ист у сæ къам. Дзыццайыл — йæ зæлдаг кæлмæрзæн. Бæп- пуйыл та бухархуд. Йæ цæстытæ — худæндзаст. Уьь цы къаммæ гæсгæ тынг æнгæстæ стæм æцæгдæр. Замирæт æй йæ сынтæджы сæрмæ æрцауыгъта. Æз æм уынынмæ арæх ссæуын. Цымæ йæ нæхи къу- лыл та кæд бакæндзыстæм? Æвæццæгæн, нæ хæдза- ры сæр куы бамбæрзæм æмæ нæм къæвдайы дон куынæуал кæла, уæд. Æмæ уый кæд уыдзæнис? Дур зыи ссарæн у. Уæййаг куы уа, уæддæр уыйбæрц æх- 99
ца кæм и. Афтæмæй нæ хъайвантæ дæр бамбидзы- сты. — Мæ тæригъæдæй хæрæджы тъæнгтæ хæргæ фæцæуæд Гитлер! — стыхсти та Дзыцца.— Куыддæр фæрæстæг кæна, афтæ хъæз кæрдынмæ цæуын хъæ- уы, кæд та мæ ауадзой уæд. Нæ хæдзар кæртырдыгæй хъæзæй æмбæрзт у æмæ уым афтæ тынг нæ тæдзы. Иннæ хай дæр бæзджын фæлтæрæй æмбæрзын хъæуы. Фæлæ Дзыццайы ни- чердæм æвдæлы. Алы бон дæр быдыры вæййы. — Æмæ Хамырыл фæхудынц! — йæхицæн ны- хæстæ кæны дарддæр Дзыцца.— Иæ сæрæн æндæр хос нал зыдта æмæ цы кодтаид?! Нæ сыхаг лæджы кой кæны уый. Иæхицæй ку- сагдæр нæ хъæуы не ’ссардзынæ. Æхсæвæй, бонæй быдыры вæййы. Ноджы йыл сахуыр сты æмæ йае тæккæ зындæр ранмæ арвитынц. Фарон уалдзæг колхозы правленимæ æрцыд æмæ æнæдзургæйæ би- рæ фенхъæлмæ каст. Йæхи хуызæн тыхст адæм дзы дзæвгар уыд æмæ дзы алкæмæ дæр лæмбынæг фæ- хъуыста. Чи уæрдон агуырдта, чи бæх куырдта, кæй похци хъуыд, кæй — гутон. Уалдзæджы алчидæр æнæвдæлон вæййы. Хамыр фæхъуыста, фæхъуыста, стæй адæм сæ дзуринæгтæ куы фесты, уæд йæхи сæрдармæ хæстæгдæр байста æмæ йæ иууылдæр куыд хъусой, афтæмæй загъта: — Райсом ма мын мæхи мæхицæн авæрут. Адæмæй сæ сагъæстæ дæр æрбайрох сты æмæ уыцы æмхуызонæй ныххудтысты. Сæрдар раздæр йæхи фæмæстыхуыз кодта, хъа- зыны зонд æм нæ уыди, фæлæ уайтагъд йæ былтæ æнахуыр тынг фæзылын сты. Худынмæ куы фæхъа- вы, уæд æдзухдæр афтæ вæййы. Дзыцца Хамыры хуымæтæджы не ’рымысыд. Ку- 100
сынæй йæ куы нæ суæгъд кæной, уымæй тæрсы. Иæ- хи ’вастæй та йын цæуæн нæй. Хъæз æркæрддзынæ, уый диссаг нæу. Рагацау уæрдоны тыххæй баныхас хъæуы. Кæннод дæ фыдæбæттæ фæдзæгъæл уыдзы- сты: исчи дын æй аласдзæн æмæ йæ ацу, æмæ уый- фæстæ агур. VI Дзыцца ахæм хур бонмæ бæллыди. Дыууæ бæхы æмæ нын бричкæ радтой. Галтæ ласгæ къаддæр не ’рбакæндзысты, фæлæ семæ зынархайддæр у. Раджы - цæуинаг бæргæ уыдыстæм. Фæлæ цалынмæ сæрдары агуырдтам (дысон æм ныццыдыстæм æмæ нын абон- райсоммæ зæрдæ бавæрдта), гæххæтт бæхдонмæ хастам, уырдыгæй бричкæ агурæг рацыдыстæм, уæд- мæ хур дæр дзæвгар суади. — «Нуа» сын зæгъ,— тыхсы Дзыцца. Æз бæхты рохтæ æрбалхъивын æмæ сæ цыд фæ- цырддæр вæййы. Иучысыл афтæ ауайынц æмæ та фæстæмæ фыццагау цæуын райдайынц. Худæн дæр сыл нæй. Алы бон дæр хицæн адæймæгтæм вæййынц æмæ сæм æмхуызон цæстæй нæ кæсынц. Бирæтæ мæ- нæн фылдæр бакусойыл бацархайынц. Холлагхъуаг дæр сæ ныууадзынц, æмæ афтæмæй кæнгæ дæр цы бакæной?!. Къухæй-къухмæ цы фос цæуа, уый тæри- гъæд у. Кæсæгты цадмæ æрбахæццæ стæм. Ам нæ дæлæ- мæ фæзилын хъæуы. Бæхты сæхи бар ауагътон. Фæндаг уырдыггонд у æмæ бар-æнæбары дæр тагъд цæуынц. Ныр нын нæ хъæз исчи куы адавид. Хуыцау ма зæгъæд!.. Махæй адавын тæригъæд у. Уæвгæ хуыс- нæг уыдæттæ нымайы. Иæ зæрдæмæ фæцæуæд, æн- дæр кæуыл ауæрды?!. 101
Гæдыбæласы цурмæ ныххæццæ — нæ зын. Уыр- дыгæй бынтон æввахс у. — Дæлæ сты!—сцин кодтон æз, хъæзы куырис- тæ сæ бынаты ауынгæйæ. Бричкæ æрурæдтон. Фалдæр цæуæн нæй, кæннод цъымара у æмæ ныссæдздзыстæм. — Куыристæ ардæм хæссын бахъæудзæн,— загъ- та Дзыцца, бричкæйы галиуфарсмæ ацамонгæйæ.— Амайынмæ куыд сарæхсдзыстæм, уый нæ зонын. Иу цыдæн нын куы нæ бацæуой, уымæй дæр тæрсын. ОГагъд та бæхыл нал фæхæст уыдзыстæм. Куыристæ хæссын райдыдтам. Дзыцца йæ хъæ- бысы æртыгæйттæ дæр авæры. Мæнæн дыууæйæ фылдæр не ’нтысы. Фæлæ уæддæр архайын. Мæ цæнгтæй сыл не ’ххæссын æмæ та мын зæхмæ ’ркæ- лынц. Смæсты дæн. Мæ хид къоппæй кæлы. — Дæхи ма хурхæй мар! — Дзыцца мæ бафип- пайдта.— Иугай хæсс, кæдæм тагъд кæныс? Зын мын уыди, ахæм æгуыдзæгæй мæ кæй фед- та, уый. Бричкæйы алыварс æрæвæрæн нал ис. Амайын афон у. Æвæццæгæн дзы се ’ппæт нæ бацæудзысты. Дзыцца хуымæтæджы нæ тæрсы. Æвгъау уыдзысты ам ныууадзынæн. Исчи сæ фæласдзæн. Иуæй-иутæ ахæмтæм гæппæввонгæй бадынц. Мæ хъустыл цыдæр сыр-сыр ауад. Бричкæйы алыварс кæйдæр фыстæ амбырд сты. Кæцæй фе- взæрдысты, хуыцауы тыххæй?.. — Байрай, лæггаг! — фæстæмæ фæзылдтæн. Колхозы фиййау Газмæт мæ уæлхъус алæууыд. Мæлæты тарст фæкодтон. Æнхъæлдæн, хæрдмæ дæр фæхаудтæн. Нæ фæлæ цы тæппуд дæн. Цымæ мæ уд цæмæй ауад?.. — Цы кусыс ам? — афарста мæ Газмæт. 102
— Хъæз ласынмæ рацыдыстæм,— кæй фæтарс- тæн, уымæй къæмдзæстыг уæвгæйæ, сдзырдтон æз. Дзыцца йæ куыристæ ипнæты сæрмæ баппæрста æмæ нæ цурмæ ’рбацыд. Газмæтимæ кæрæдзийæн салам радтой. — Амайынмæ уæм уæддæр фæкæсон? — йæ фо- сыл йæ цæст ахæсгæйæ, сдзырдта Газмæт. 103
— Раст зæгъын хъæуы, уыцы куыстмæ дæсны нæ дæн, фæлæ дæ чи хъыгдары,— загъта Дзыцца. Газмæт -йæ къандзол фелвæста, хæрисы къудзи- ты сæрмæ йæ сæппæрста æмæ, сагоймæ февналгæйæ, сдзырдта: — Хъазыбег, фосмæ дæ цæст фæдар, кæннод" ныппырх уыдзысты. — Марадз, марадз, — фездæхти мæм Дзыцца. Æз Газмæты лæдзæг райстон æмæ фысты фæдыл азгъордтон. Фиййауæй ницы хуызы бафæразин. Нæ фыс æмæ нæм нæ гобæ сæгъы тыххæй афæдз цал- дæр хатты рады фиййау æрхауы æмæ уымæй дæр бафæлмæцын. Уæд Газмæт алы бон куыд нæ фæл- -лацы? Æвæццæгæн, сахуыр æмæ йæм уæлдай нал кæсы. Кæсаг ахсыныл йæхи аирхæфсы, йæ топп æп- пынæдзух дæр йе ’фцæгыл дары. Бирæ тæрхъустæ фæмардта. Фос æрбаскъæрыны агъоммæ лæппутæ хъæугæронмæ йæ размæ рацæуынц, кæд та истьг амардта, зæгъгæ. Æргомæй йæм дзурын чи уæнды, фæлæ фæстæты бахъуызынц æмæ йæ хызынæй сæ цæстытæ нал фæисынц. Арæхдæр дзы тæрхъусы сæр фæзыны æмæ ма лæппуты цинæн дæр кæрон кæм вæййы. Йæ алывæрсты цъыллинджытæ сисынц, раст цыма уыдон дæр тæрхъус амарыныл исты фыдæбон бакодтой, уыйхуызæн. Рувас кæнæ, йæ фыд хæры- нæн кæмæн нæ фæбæззы, æндæр ахæм сырдыл куы фæхæст вæййы, уæд æй зонгæ дæр ничи бакæны, уы- мæн æмæ йын йæ царм дыууæ уæхскыл хæсгæ хы- зыны ныббары æмæ йын йæ ком балвасы. Бабызы мæрдтæ та йæ роныл хъатарайы хуызæн æрцауын- дзы æмæ цæугæ-цæуын хъеццау, кæнын байдайынц. Цыма стæхынмæ фæхъавынц, уыйхуызæн сæ ба- зыртæ алы къахдзæфæн дæр фæпака вæййынц. Кæсагахсынмæ дæр дæсны у. Уымæй дæр æнгуы- 104
рæй. Куыройыдоны. Нæ фæлæ йын уыцы рæсуг доны балер ахсын куыд бакомы? Цыфæнды арф ран дæр донæн йæ бын айдæнау зыны. Афтæмæй дзы Газмæт цонджы дæргъæн кæсæгтæ æрцахсы. Балер та рæсуг доны куыд зын ахсæн у, уый мæхæдæг зонын. Фæстæмæ фæкастæн æмæ мæм нæ бричкæ дзæ- бæх разынд. Газмæт — йæ цъуппыл. Æвæццæгæн, амад фæвæййы. Фысты уæлæмæ раздæхтон æмæ та сабыргай хъæзбынмæ схæццæ дæн. — Мæ зæрдæ ницæуыл дарын, — айхъуыстон Газмæты ныхæстæ. — Тæрсгæ ма кæн, — ныфсытæ йын æвæры Дзыцца. — Уайтагъд мæ хъуыры абады,— загъта та Газ- мæт. — Уæдæ куыд æнхъæлдтай?!—хъæзы куыристы сæр-сæримæ мæм тыххæйты хъуысынц Дзыццайы ныхæстæ.— Замирæты хуызæн чызг æнцон курæн куы уаид, уæд æй афонмæ раджы атеу-теу ластаик- кой. Ныронг дæр йе ’фсымæрты цæсгом хъуыдыгæн- гæйæ баззади, æндæр ын чындзы ацæуын раздæр æмбæлди. Замирæты æфсымæртæ цыппарæй дæр хæсты уы- дысты. Асæхмæт йедтæмæ дзы ничиуал ссыд, иннæ- тæй æвзæр хабар сыхъуыст. Бæппуйы ном та мæрд- тимæ дæр нæй æмæ æгæстимæ дæр. Дзыцца афтæ фæзæгъы, дуар, дам, æваст æрбахойдзæн. * Кæддæр ын къамæйфæрсæг афтæ загъта. Æмæ йыл æз дæр* баууæндыдтæн. Æнæнхъæлæджы иу æмæ дыууæ æр- балæууы. — йæ быныл судзын æй ма бауадз, æндæр, мæн- мæ гаесгæ, хъуыддаг сырæздзæн,— хъæзы куыристы сæр-сæрæй та мæм райхъуыст Дзыццайы дзурын. — Йемæ куыд ныхас кæнон, уымæн ницуал зо- 105
нын,— тыхсы Газмæт.— Ноджы-ма йыл, æнхъæлдæн, Сидæмон дæр сдзурынмæ хъавы. Дзыцца дзуапп нал радта. Æвæццæгæн æй ис- кæй кой кæнын нæ фæндыд. — Гъер цæттæ у! — й’ астæу стасын кæнгæйæ, æрæджиау сдзырдта Газмæт æмæ, бæндæныл хæц- гæйæ, бричкæйæ æрхызти.— Поезды фæстæ йæ куы ’бабæттат, уæддæр нал акæлдзæн. Газмæт мæ бричкæйы сæрмæ сæргъæвта æмæ рараст стæм. Дзыцца фæсте сабыргай цыди. Цалын- мæ нæхимæ бахæццæ стæм, уæдмæ мæм иу хатт дæр не ’сдзырдта. йæхимидæг* та истæуыл хъуыды код- таид. Нæ кæрт иууылдæр куырис фестад. Ноджы нæ сыхы сывæллæттæ æрæмбырд сты, æмæ сæ хъæр дардмæ хъуысы. Замирæт куыд æрбацыд, уый дæр нæ бафиппайдтон. Йæ къухы кæрæмис æмæ дыууæ бедрайы. Донмæ рараст æмæ, Дзыццайы кæрты ауынгæйæ, ’рбаздæхт. Тынг хæларæй цæрынц, кæд æмгæрттæ не ’сты, уæддæр. Се ’хсæн сусæг никуы ницы вæййы, æмæ йæ Дзыцца уыцы цымыдисæй дæр уымæн афарста: — Æнхъæлдæн æмæ мæ цыдæр æмбæхсыс. — Цæмæн зæгъыс? — йæ мидбылты бахудт,3а- мирæт. — Гъемæ сусæгæй амондджындæр цы хъуыддаг рауад, уый æмбал фæуæд. — Дæлгоммæ ныхæстæ не ’мбарын,— загъта За- мирæт. — Æ-æ, гæды къинто! — басхуыста йæ Дзыц- ца.— Дæлгоммæ митæ куы ’мбарыс, уæд дæлгоммæ ныхæстæ нал æмбарыс? Фæлæ, зон, мæн кæмæн фæнда, уымæн йедтæмæ дæ никæмæн ратдзынæн. Замирæт фæсырх. 106
— Цæмæй фæтарстæ? — æрбахъæбыс æй кодта Дзыцца.— Хъазгæйæ загътон. Дæ зæрдæ кæмæн зæ- гъа, æрмæстдæр уымæн... — Æз никуыдæм цæуынмæ хъавын... — Цæуыс, цæуыс! Алцыдæр й’ афоныл фидауы. Цалынмæ дæ тæккæ дидинæг æфтаугæйæ дæ, уæдмæ дæ хæдзар ссар. Нæ хъæуы дзæбæх лæппутæ бирæ ис. Сидæмон, зæгъай, Газмæт, зæгъай... — Сидæмон дæр? — æвиппайды афарста Зами- рæт. — Æвзæрæй дзы ницы зонын,—дзуапп радта Дзыцца. — Уыцы хæдзарвæндаг иууылдæр иухуызон сты. Мæнмæ ма Сидæмон хуыздæр каст, фæлæ сæ уый дæр дард нæ ацыдис. — Цæмæй йæ зоныс? — Зонын æй. — Уæддæр! — нал æй уадзы Дзыцца. — Мæ сусæгдзинæдтæ — уæвгæ цæй сусæгдзи- нæдтæ сты! — дзурын мæ бахъæудзæн. Айфыццаг мæм быдыры Дзæнæтхан æрбауад æмæ мын мæ къухты цалдæр къафетты фæсагъта. — йæ хай дын æрбарвыста... — Чи? — афарстон æй æз. — Сидæмон, — æмæ, йæ цæст фæныкъулгæйæ, хинæйдзаг худт бакодта. Ууыл иудзæвгар рæстæг рацыд, афтæ мыл Сидæ- мон амбæлд æмæ дын мæ куы афæрсид: — Ничи дæм ницы радта? Æз хъуыдыты аныгъуылдтæн. Æгæр æрæгмæ куы ницы дзырдтон, уæд йæхæдæг фæраздæр: — Дзæнæтхан... — О, хæдæгай, — фæкодтон æз. — Радта, радта. Дæ хуын бирæ уæд. Замманайы къафеттæ... 107
Сидæмон йæхицæй ныббуц æмæ та мæ куы афæр- сид: — Æмæ цал уыдысты? Хуыцауæй дæ бауырнæд, мæхи ма цы фæкодта- ин, уый нал зыдтон, зæхх мæ бынæй кæдæмдæр фæ- цæйцыд. — Чи? — афарстон æй, иучысыл ме ’муд æрцæу- гæйæ. Мæхиуыл нал æууæндыдтæн, кæд æй, зæгъын, æмбаргæ нæ бакодтон. — Къафеттæ! —дзуапп мын радта Сидæмон. Мæ зæрдæ ноджы тынгдæр йæхи къултыл ных- хоста. Иуцасдæр мæ бон сдзурын ницуал бацис, стæй мæм æнхъæлмæ кæй кæсы, уый куы бафиппайдтон, уæд ма йын æппынæрæджиау загътон: — Нымайгæ сæ нæ бакодтон... Дзыцца æрдæбонсарæй лæмбынæг хъуыста. За- мирæты ныхæстæ йæм диссаг фæкастысты. — Нæ зонын, нæ зонын Замирæт,— арф ныуулæ- фыд Дзыцца.— Лæджы базонынæн бирæ цыдæртæ хъæуы. Æз дын Сидæмоны кой барæй ракодтон,. кæддæра, зæгъын, цы зæгъис. — Адæм дзæгъæлы дæр фæдзурынц,— сдзырдта Замирæт,— фæлæ фылдæр хатт раст вæййынц. Дзаг- коты къæсæрæй уазæг æдæрсгæйæ кæд бахызт?.. Куы сæ кауы михыл дæсныйы амындмæ гæсгæ бæхы сæ- рыстæг æрсадзынц, куы хæфсыл къабатæ скæнынц,. куы сæ арахъхъыл чъыр ныккæнынц... Сидæмон дæр Дзагкойы фырт нæу? Æвæццæгæн, гуыдынтæ ны- майдзæни, сæ хæндыджы цыхтытыл гакк æфтау- дзæн... — Уый цыфæнды фæуæд, фæлæ мæнмæ Газмæт дзæбæх лæппу кæсы, — йæ ныхас ын æндæрырдæм фездæхта Дзыцца. Замирæтæй цыма исты ферох, уый хуызæн йæ 108
бынатæй фестад, йæ иу къухы бедратæ дзыгъал-мы- гъулгæнгæ фелвæста, иннæйы та кæрæмис æмæ фæ- цæуæг. — Кæдæм лидзыс? — Нæхимæ мæм æнхъæлмæ кæсынц, — кулдуа- рæй ма æрбадзырдта фæстæмæ. — Мæ ныхæстыл ахъуыды кæн, — загъта ма Дзыцца, фæлæ уæдмæ Замирæт фæаууон. VII Нæ хæдзар кæй бамбæрзтам, уый цы хорз уыди. Иу бричкæ ницы фаг суыдаид. Дзыццаимæ ма но- джыдæр иу уæрдон æрбаластам. Æмбæрзынмæ та нæм зиуы æрцыдысты. Нæ цармæ схызтæн. Раздæр дурты зыхъхъыртæй рухс калд, фæлæ йæ ныр хъæ- зæй куы æрæмбæрзтам, уæд бынтондæр нытталынг. Дзыцца мæ джеджджынтæм сæрвыста. Абон Зами- рæт чындзы цæуы æмæ уырдæм хуын хæссы. Дзул- лаг ссад нын Дзыгынтæ радтой. Дзыцца тæнæгцъар чъиритæ фæкæны æмæ хъуамæ дыууæты фаг дæр суа. Дзыгын дæр Дзыццайыл бафæдзæхста йæ уæли- бæхтæ. Йæ ныгæд арахъхъыл дæр нæ бацауæрста. Афтæмæй йæ Бæппуйы ссыдмæ æвæрдта. Дынджыр балонмæ фыццаг хатт бавнæлдта. Нæ бур карчы дæр æргæвдгæ кæндзыстæм. Йæ цъæхбыл ын никæ- мæн ратдзынæн. Уымæй фылдæр ницы уарзын. Стæй йæ сæр дæр мæн уыдзæн. Чызгæн сæр хæрын не ’мбæлы. Къубал, къæхтæ æмæ игæртæ та — Гæккæ æмæ Бæдийы. — Рæвдздæр-ма, кæм дæ? — дзуры мæм Дзыцца. Хыссæкъухæй тыргътæм рауади. — Замирæттæм мæ кæрдзын кæнынмæ цæуын 109
хъæуы æмæ, мæхи чъиритæ ныртæккæ куы нæ арæвдз уой, уæд баззайдзысты. Джеджджынты бастæй цалдæр зæнджы ратыд- тон. Къæцæлты хуызæн ахус сты. Афтæмæй сæ ныр- ма æрæджьт сауыгътам. Æнарæхстæй сæм февнæлд- тон æмæ сæ сыфтæ зæхмæ æрызгъæлдысты. Ногæй та дзы цалдæр зæнджы æртыдтон. Ацы хатт арæхст- гай. — Иууылдæр сæ куы ’рхастай! — ныддис кодта Дзыцца. Пецы арт гуыр-гуырæй судзы. Мæхи ласт сугтæй арт кæнæм. Æвæццæгæн, сыл ауæрдын дæр уымæн байдыдтон. Гæккæ дзы пецы æгæр бирæ куы бака- лы, уæд йæ хъуыры абадын, дзæгъæл сыгъд сæ ма кæн, зæгъгæ. Суг сæтгæйæ дæр, арты фарсмæ бад- гæйæ дæр, мæ зæрдыл æрбалæууы, талатæй кæцыйы кæм ракодтон, нæхимæ ласгæйæ цы фыдæбæттæ бав- зæрстон, уый. Æмæ æнæхъуаджы пецы иу суг бап- паргæ дæр куы фенын, уæд мын зын вæййы. Арты цъыччытæ цæуы. Духовкæйы уæлибæхтæ дуарæхгæдæй фыцынц. Нырма нæ зымæгон цæрæн уатмæ нæма баивтам æмæ изæрыгæтты уазал вæй- йы. Ноджы гыццыл агъуысты уæллаг рудзгуытæ саст сты, стæй йæ пъол дæр зыхъхъыртæ у æмæ пец- мæ нæхи хæстæгдæр ласын байдыдтам. Газмæты минæвæртты цалдæр хатты раздæхта Замирæт. Æнхъæлдтон, нæ йын бакомдзæн. Уалын- мæ дын хуыцаубоны куы бафидауиккой. Ахæм ха- барæн та цæй æмбæхсæн ис. Дыккаг бон æй райсо- мæй иууылдæр зыдтой. Мæлæты хъыг мын уыди!.. Афтæ мæм каст, цыма мæ Замирæт цæмæйдæр афæ- лывта æмæ мæм ныронджы хуызæн фæлмæн дзыхы ныхасæй дæр нал сдзурдзæн, Дзыццаимæ дæр хæла- рæй нал цæрдзысты, нæ къæсæрæй дæр никуал æр- 110
бахиздзæн. Цæмæдæр гæсгæ мæм нæ хъæуы лæппу- тæй Замирæты аккаг ничи каст. Нæ хæстæджытæй йæ исчи куы ракуырдтаид, уымæ бæллыдтæн. Бæр- гæ, хистæр æфсымæр мын куы уыдаид, уæд æй æнæ- мæнг уымæн æрхастаиккам. Ныр мæ фæндтæ иууылдæр фæдзæгъæл уыдзы- сты. Замирæт ма суанг нæ сыхæй дæр ацæудзæн. Тæккæ абон. Афонмæ йæ алыварс устытæ æрæмбырд сты æмæ йæм алырдыгæй ракæс-бакæс систой. Газ- мæт хорз лæппу у. Хуымæтæджы йын нæ бакуымдта. Фæлæ мæм уæддæр Замирæт хуыздæр кæсы. ...Кæрты —дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ. Æппæты уæле та Сосæ бады. Æдзухдæр уый вæййы хистæр. Чындзæхсæвы дæр, хисты дæр. Йæ разы дзидзайы къуылдыхтæ, галы сæр, бæрзæй, чъиритæ, физонæг. Адæймагæн йæ комыдæттæ æрцæйкæлынц. Мæхины- мæр æдзухдæр хистæрмæ фæбæллын. Йæ тæккæ кувгæйæ та у. Йæ дæле чи бады, уы- доны «аммен» фаллаг сыхмæ хъуысы. Сыкъа зыр- зыргæнаг къухæй йæ дзыхмæ схаста. Урс-урсид ри-_ хиты астæу æй сындæггай къул кæнын райдыдта æмæ, цалынмæ нуазæн йæ фындзыл андзæвыд, уæд- мæ йæ фæстæмæ не ’руагъта. Йæ рихитæ йæ галиу къухæй фыццаг иуырдæм асæрфта, уыйфæстæ — ин- нæрдæм. Стæй сыкъа фæстæмæ нæ ракæсгæйæ уыр- дыглæууæгмæ ралæвæрдта. Сабыргай фынгыл йæ цæст ахаста, æвæццæгæн, йæхицæн комдзаг агуры. Æрæджиау дзидзайы чысыл карст йæ дзыхы акод- та æмæ та ууыл йæ хæрд ахицæн. Æз уый бынаты куы уаин, уæд уыцы диссаджы минасмæ афтæ уæзданæй бæргæ нæ кæсин. Сæр æмæ бæрзæймæ та æппындæр ничи ’вналы, цыма сæ фи- дауцæн æрæвæрдтой. Фæлæ уæддæр æппæтæй тынг- дæр Сосæйыл фæдис кæнын. Уыйбæрц хæринæгтæ 111
дæ разы уæд æмæ дзы дæ зæрдæйы фаг ма бахæр. Кæцæйдæр дымгæ фæзынди æмæ фæткъуы бæла- сы сырххъулон сыфтæртæ фынгмæ æрхаудысты. Со- сæ хæрдмæ скаст. Уыцы рæстæг къалиу базмæлын- чынд æмæ фæткъуыйæн йæ тъæпп бæгæныйы кæхцы фæцыд. Хæстæгдæр æм чи бадт, уыдоныл æртæхтæ бакалдысты æмæ сæхи сæрфынмæ фесты. Арвыл мигътæ æрбацыд. К/ъæвда ма ’руарæд. Кæннод За- мирæты мæстæй марын райдайдзысты, уæ аджы бын- тæ ныххафтай, зæгъгæ. Йæ чындзæхсæвы бон уарын кæмæн рацæуы, уыдонæй афтæ фæзæгъынц. Дзыцца кæрты дæллаг фарс дынджыр сарайы ар- ты раз архайы. Йæ хид йæ сæрбæттæны къæдзилæй асæрфта æмæ пецæй ног фых уæлибæх раскъæфта. Йæ армытъæпæнты йæ араппар-баппар кодта, æмæ йæм фыцынхъуагæй йæ зæрдæ куынæуал æхсайдта, уæд æй тæрхæгыл иннæ чъириты сæр æрæвæрдта. Ус- тытæ йын цалдæрæй æххуыс кæнынц. Ногæй та арынджы уæлхъус февзæрд. Бадты адæм иууылдæр ’ сыстадысты. Се ’ргом Сосæмæ здæхт. Куыд дæсны кувы. «Аммен» æххæст загъд нæма фæвæййынц, аф- тæ та ногæй йæ ныхас райхъуысы. Дыууæ мыггаджы цæрæнбоны тыххæй, дыууæ æрыгон адæймаджы амонды тыххæй... Сæ алкæмæн дæр дæргъвæтин «ам- мен»! Сосæ йæ нуазæн кæстæртæм ралæвæрдта. Æндæр сыкъа та йæ къухы февзæрд. Ногæй ракуывта. Ацы хатт афтæ хъæрæй нал. Йæ нуазæны фæстæ сындæг- гай йæ бынаты æрбадт. Иæ фæдыл иннæтæ дæр. Адæм бахъæлдзæг сты. Алчи дзы йæхицæн ныхасгæ- нæг æмбал ссардта æмæ къордтæ-къордтæй цæуыл- дæр зæрдиагæй дзурынц. Хæдзарæй зарын райхъуыст. Адæм иууылдæр уы- цырдæм акастысты. Чындзы рахонынц. Асинтыл æй 112
сабыргай æрхизын кодтой. Зарæгæн йæ хъырнджы- тæ фæфылдæр сты æмæ йæм адæм иууылдæр æры- хъуыстой. Æфсинтæ дæр сæ куыст фæуагътой æмæ Замирæты размæ ракалдысты. Акъахдзæфгæнæн сын нал ис. Хистæрты размæ куыддæртæй бахæццæ сты. Сосæмæ сыкъа радтой. Зарæггæнджытæ фæсабыр сты. Сосæ та кувын райдыдта. Йæ ныхæстæй йын ницуал фехъуыстон. Замирæты кæугæ куы ауыдтон, уæд мæ зæрдæ суынгæг æмæ федде дæн. Нæхимæ балæууыдтæн. Афтид хæдзары ноджы тынгдæр æрæнкъард дæн. Кæд æй, миййаг, чындзы цæуын нæ фæнды. Æви йе ’фсымæртæ йæ зæрдыл æрлæууы- дысты... VIII Дзыццаитæ ныр цалдæр боны нартхор тонынмæ сты. Уæлмæрдтыбыл тагъддæр сцæттæ вæййы æмæ уырдыгæй райдыдтой. Нартхоры кæрдзын дæр та нæм фæзынди. Дзыцца йæ роны æфсиртæ æрбахаста, æмæ уыдон æрмгуыройыл æрыссадтам. Йæ лæхурæгæй йын кас сфыхтам, йæ лыстæг та кæрдзынæн бахъуыд. Дзыцца афтæ зæгъы, ацы аз, дам, хортæ хорз æрза- дысты. Бæргæ, фæллойбонæн исты куы раттиккой. Фæлæ та фароны хуызæн афæдзы кæрон дыууæ гол- ладжы дзенкъортæ куы райсæм, уæд нын цы фагсуы- дзысты!?. Уæвгæ уæд хуымтæ хур басыгъта æмæ адæммæ дæр уый тыххæй ницы ’рхауд. Уæлмæрдтыбыл нæ хæдзармæ хорз зыны. Цалдæр адæймаджы дзы къордæй лæууынц. Цымæ цæуыл æрæмбырд сты? Цæй æмæ уырдæм ацæуон. Уæддæр мæм уроктæ ахуыр кæнын нæма цæуы. Хур фæны- гуылы. Джермецыччы рæгъты сæрмæ скæс, æмæ дæ цæстытæ атартæ уыдзысты! Хуры сырх-сырхид тын- 8 Уалдзыгон стъалытæ 113
тæм кæсын бирæ нæ бафæраздзынæ. Нæ уынджы цыппар фæндаджы астæу цы дынджыр акаци бæлас ис, уымæн йæ аууон ацафонæй даргъдæр никуы вæй- йы. Кæдæй нырмæ йыл цæуын, уæддæр йæ кæрон нæма зыны. Йæ фæдыл пыхсытæм барæдыдтæн. Сын- дзытæ мын мæ къæхтæ ныххырхтой. Фæстæмæ фæн- дагмæ рахызтæн. Адæм мæм дзæбæхдæр зынын рай- дыдтой. Иууылдæр нæлгоймæгтæ. Се ’хсæн уыцы сылгоймаг чи уа... Елмысханы хуызæн мæм кæсы. Уый у — ацырдæм фæзылд. Иннæтæ дæр ракасты- сты. Гадæццийы дæр базыдтон. Хъæрæсе та уым цы кусы?.. Æрмæст йæ уындæй дæр мæ зæрдæ барызт. Цыма мæ К/ьобосты хъæды тулдз бæлас калгæ æр- цахста, уый хуызæн. Сындæгдæр цæуын райдыдтон. Ныхæстыл та фесты. Мæ къухтæ æхсыны æфсон куыройыдоны хиды был æрлæууыдтæн. Бирæ кæсæгтæ фæахстам ацы ран. Куыддæр уал- дзæджы хур æрæндавы, афтæ дзы уæлдай фылдæр вæййы. Ацафон та лæппутæ донмæ хизынмæ зивæг кæнын байдайынц. Уазал у, стæй, цæмæдæр гæсгæ кæсаджы мæт ничиуал фæкæны. Мæ хъустыл кæйдæр худын æрцыд. Сыгъдæгæй дæр Дзæнæтхан у. Нартхортонджытæ æрбацæуынц. Гадæцциитæ сæ размæ араст сты. Æз дæр сæ фæдыл. Ам цыдæр уыдзæн. Дзæнæтханитæ сæ тæсчъытæ зæх- хыл æрæвæрдтой æмæ æнхъæлмæ кæсынц. Хъæрæ- се сыл зилгæ ацыд. Кæмæдæрты дзы цалдæргай æф- сиртæ разынд æмæ сæ иу ранмæ калы. Дзæнæтхан йæ тæскъмæ фæлæбурдта. — Хæдзæрттæ нын æппындæр нал ис æви цы? — йæ сау-сауид æрфгуытæ мæсты тæлмытæ абадтысты. — Тагъд ма кæн! — йæ цæстæй йын, иннæты цур лæуу, зæгъгæ, ацамыдта Гадæцци. — Правленимæ хъаст æрбацыд... 114
— Цавæр хъаст? — йæ ныхас ын æрдæгыл фес- къуыдта Дзæнæтхан. — Нартхор хæлæттаггонд цæуы, зæгъгæ,— йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кæнгæйæ, дзырдта дарддæр Гадæцци. — Бынтондæр нын нæ хурхыл бахæцут уæдæ! — йæ маст бауромын нал бафæрæзта Дзæнæтхан.— Бон сауизæрмæ йæ сау туг чи калы, уый йæ тæсчъы иу æфсир куы ныппара, уæд цас диссаг у?!. Уæдæ сыдæй амæлой адæм? Цæмæй фæдара Дзыллæ йе ’ртæ ’нахъом сывæллоны? Сæ фыдæй цалдæр азы хабар куы нæ и. Æви Бухармæ æхца кусынмæ ацыд?.. Дзыццайæн уыцы ныхæстæм хъусын æнцон нæ уыд. Æз æй афтæмæй дæр æмбæрстон. Йæ мæгуыры хъæстытæ дзурын нæ уарзы. Чи йын цы фæуыдзæн?! Æнæуи та йæхи адæмы цæсты не ’фтауы. Иуæй-иуты хуызæн ахæм митæ йæ сæрмæ нæ хæссы. Гадæцци адæмы зæрдæйыуаг æмбæрста æмæ Дзæнæтханы ныхас æрдæгыл бауромынмæ фæзивæг кодта. Стæй куыддæр йæ ныхæсты æхсæн къух ба- кæнæн фæцис, афтæ сдзырдта: — Цыбыр дзырдæй, абонæй фæстæмæ Елмысхан уыдзæн дружинæимæ. Адæм уыцы ныхæстæ цы амонынц, уый дзæбæх нæ бамбæрстой æмæ сæ цæсгæмттæ цыдæр æбæрæг- дзинад æвдыстой. — Уый махæй ничи ’рымысыд,— уымæй йæхи раст кæнынмæ хъавыд Хъæрæсе æмæ Елмысханмæ бакаст.— Правлени рахаста ахæм уынаффæ. Цалын- мæ нартхор тынд фæуа, уæдмæ уал нæм Хъæрæсе дæр фæкæсдзæн. Стæй джигул райдыдта. Нæлгоймæгтæ цалдæр йедтæмæ нæ уыдысты æмæ сын Хъæрæсе уайтагъд 115
сæ дзыппытæ æмæ сæ рæттæ асгæрста. Æфсиртæ иу- гай-дыгай иннæты цурмæ калдта. Стæй та уæд Ел- мысхан райдыдта. Уый та сылгоймæгтæм. — Дæ аккаг куыстыл фæхæст дæ! — æнæрвæс- сонхуызæй йын загъта Дзæнæтхан. — Уыимæ дæ ницы кæсы!—дзуапп ын авæрдта Елмысхан. — Уæдæ ма мæм хæстæг æрбацу! — бартхъирæн æм кодта Дзæнæтхан, йæхæдæг йæ тæскъ дæр нал систа, афтæмæй, Гадæцци æмæ Хъæрæсейы иуварс асхойгæйæ, фæндагыл дæлæмæ араст. — Сымах дæр уымæй хуыздæр не ’стут! — уый Гадæцциитæй зæгъы.— йæхи роны йын Дадогка куы джигул кодта, æмæ æхсæв хæдзармæ куынæуал цыд, уæд дæр йæ уæлхъус афтæ уырдыг лæууыдыстут?.. Дзæнæтханы уромæг уромын нал фæрæзта. йæ- хинымæр-иу карздæр ныхæстæ рацагуырдта æмæ та- иу фæстæмæ фæзылд. Дзыццайы дæр ницæмæуал æр- дардта, æмæ йе ’взаг цыдæриддæр карста, уый дзырдта. Дадогкайы кой та цæмæн кæны?! Амæй размæ дæр ма дзы цыдæртæ фехъуыстон, фæлæ сæ бæл- вырддзинадæн никуы ницы базыдтон. Фидисы фаг куы нæ уаид, уæд æй Дзæнæтхан хуымæтæджы не ’рымысыдаид. Уыцы ныхæсты фæстæ фæндагыл араст дæн, аф- тæмæй та Дзыццаитæм хæстæгдæр бацæуынмæ хъа- выдтæн, йæ дзаумæттæ йын, зæгъын, райсон. Джигул бирæ нал ахаста. Фæстагмæ чи ’рбацыд, уыдонæй дæр ма цалдæр- гай æфсиртæ кæмæн йæ тæскъæй систой, кæмæн — йæ дзыппæй, кæмæн — йæ ронæй. Хиды цурæй ма иу каст фæкодтон æмæ мæм зæххыл куыдфæнды кæлдтытæй дардмæ дæр зындысты. 116
— Цалынмæ йын исчи йæ цæсгомыл бату кæна, уæдмæ не ’рлæудзæн,— йæ хæцынæй нæма банцад Дзæнæтхан. Дзыццаитæ йæ куы ’рбаййæфтой, уæд та ногæй фæкъæртт: — Уый бæсты уæрдонæй чи ласы, уыдон куы бау- ромиккой!.. Дзыццайы тæскъ райстон. Диссаг у, ам цы ми кæнын, уымæй дæр мæ куыд нæ бафарста. Æвæццæ- гæн, маст уымæ дæр бахъардта æмæ та хъуыдыты аныгъуылд. Нæ кулдуарæй бахызтыстæм. Каркæй, уасæгæй, бабызæй — иууылдæр нæ алыварс амбырд сты. Дзыц- цайыл цин кæнынц. Алчидæр æм цæмæдæр æнхъæл- мæ кæсы. Æндæр дын нæ бабыз тыргъты бынæй аф- тæ æнæзивæгæй ма ратахтаид. Тузикк кауы рæбын хуыссыд. Мæргъты хъæр ай- хъусгæйæ хæрдмæ фæхауд. Йæ цæстæнгасыл бæрæг уыд, тынг кæй рамæсты, уый. Йæхимидæг дзæгъæлы нæ бахъырныдта. Фæлæ йæм Дзыццайы ауынгæйæ фæсмон æрцыд. Йæ хуыссæнæй фестад æмæ йæ къæ- дзил тилгæ йæ цуры балæууыд. Дзыцца йæ раздарæ- ны дзыппы йæ къух атъыста, кæрчытæ йæм кæрæдзи- йы сæрты хаудысты. — Гъа, æмæ мæ ныууадзут! — йæ армыдзаг сын згъæлд нартхор акалгæйæ, сдзырдта Дзыцца. Мæргътæ сыл сæхи ныццавтой. Цæстыфæны- къуылдмæ сæ рауыгътой. Дзыцца асинтыл йæхи фæллад уагъд æркодта. — Байма! — чидæр нæм Бæппуйы номæй дзуры. Цы ’хсызгон мын уыд. Æгайтма йæ адæм нæ рох кæ- нынц. Кулдуары цурмæ рауадтæн. — Мидæмæ æнæхойгæйæ кæдæй нырмæ нал цæ- уыс? — Цæрадзоны ауынгæйæ, сдзырдтон æз.— Ту- 117
зикк дыл хæцгæ нæ, фæлæ рæйгæ дæр куынæуал кæнък—Мидæмæ рахиз, дуар гом у. Æз йæ цурмæ бахæццæ дæн, уæддæр уый йæ бы- натæй нæма фезмæлыд. Цыдæр сусæггаг та йæм ис, дзæгъæлы афтæ йæхи нæ дары. — Хъæрæсейы куыдз... уæ рæуæдыл... фæхæ- цыд,— йæ ныхæстæ Дзыццамæ куыннæ фехъуысой, афтæ мæм сдзырдта Цæрадзон. Æвиппайды фæкуыддæр дæн. Кæм ыл фæхæцыд, уымæй дæр æй нал афарстон, афтæмæй уынджы дæ- лæмæ цæуыныл фæдæн. Тигъыл фæзылдыстæм æмæ уыцы тагъдгомау быдырырдæм фæцагайдтам. — Таджы мырткæтæм уыдтæн,— тыхулæфтгæн- гæйæ, дзуры Цæрадзон.—Æрхыбыл Хъæрæсейы куыдзы ауыдтон. Раздæр дзы мæхицæн фæтарстæн: комкоммæ мæм æрбацæйтахт. Уалынмæ пыхсыты фæмидæг. Чысыл фæстæдæр, уæ рæуæд йæ разæй, афтæмæй рагæпп ласта. Куы йæм иуырдыгæй фæлæ- буры, куы — иннæрдыгæй, Хъæрæсе йæ бæх æрурæд- та æмæ йыл фæсте æхситт кæны. Уый ноджы фæныфс- джындæр. Рæуæд доны сæрты багæпп кæнынмæ хъа- выд, фæлæ йæ къах фæбырыд æмæ йе ’мбудтæ зæххы афсæрста. Куыдз йæ сæрты агæпп ласта, стæй æваст фæстæмæ фæзылд æмæ йыл йæхи андзæрста. Æз мæ цæстытæ бацъынд кодтон. Æрмæстдæр ма мæм хъуы- сти йæ хъыхъхъаг хъырнын æмæ рæуæды тæригъæд- даг уасын... Рæуæды сæййæфтам, Цæрадзон æй кæм ныууагъ- та, уыцы ран. — Гыдзо — йæ цуры дзуццæджы æрбадгæйæ, сдзырдтон æз. Уый мæм йæ ном айхъусгæйæ, йæ цæстыты урсы- тæй скаст æмæ та сæ фæстæмæ æруагъта. 118
— Гыдзо, цом нæхимæ,— цалдæр хатты йæ арæхстгай батылдтон æз, фæлæ сыстын йæ хъуыды- йы дæр нæ уыди. — Мæнæ йын йæ къах куыд баууылдта...— рæ- уæды фæстаг къабазмæ ацамыдта Цæрадзон. Йæ фарс дæр тугæй нал зыны. — Гыдзо, Гыдзо! Ма тæрс, адзæбæх уыдзынæ,— йæ ных ын мæ къухæй рæвдаугæ æрфасгæйæ, сдзырд- тон æз. Рæуæд нал ракаст. Амæй дæр та фыдæнхъæл ма фæуæм. Дзыцца дзы йæхицæн дзæгъæлы зæрдæтæ æвæрдта. Нæ хъуг ба- зæронд æмæ, дам, æй нæхицæн ныууадздзыстæм. Мæ кæуын мæ былалгъмæ схæццæ. Цæрадзон рæ- уæды бын æрæвæрынæн хъæмпы муртæ æмбырд кæ- нынмæ ауади. Æз мæ цæссыгтæ мæ дысæй асæрфтон. Иуæй, рæуæдæн тæригъæд кодтон, иннæмæй — Дзыццайæн. Цал æмæ нын цал рæуæды амард! Ин- нæтæй уæлдай мах афтæ æнамонд цæмæн фестæм! Дзыцца хуымæтæджы нæ фелгъиты, амæндтæ уарæг хæрæджы тъæнгтæ хæргæ фæцæуæд, зæгъгæ. Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ нын рæуæд никуыма фæцард. Иннæтæй цауддæр ницæ- мæй вæййынц, уæдæ сын холлаг дæр æвзæрдæр нæ фæдæттæм, сыхы рæуæдтимæ иумæ фæхизынц. Æмæ та рацæй-рабон æмæ нæ рæуæд мæлыны къахыл ныл- лæууы. Фосы дохтыры-иу æм схуыдтам. Акт ыл-иу сарæзта, æмæ-иу нын уый фæстæ цыдæр æхцайы ка- печчытæ радтой. Фыдбылызтæн, æвæццæгæн, сæ фæндæгтæ ма- хырдæм уæрæхдæр сты, æндæр Хъæрæсейы куыдз дæр Гыдзойы пыхсыты куыд райардта? Йæ цъаммар хицау æй ардаугæ та цæмæн скодтаид, цымæ? Кæд, миййаг, Бæппуимæ искуы фæбыцæу сты. Айфыццаг 119
мын Гадæцци хуымæтæджы нæ бафидис кодта, дæ фыды кæнон райдыдтай, зæгъгæ. Суг ласгæйæ макуы фæхъуын уæнт... Уайтагъд фæстæмæ хъæуы æрбалæууыдыстæм. Дзыцца мæ куы фена, уымæй тæрсгæйæ нæ цæхæра- доны чъылдыммæ лæугæйæ баззадтæн. Цæрадзон та сæхимæ лæгуæрдонмæ ацыд. Нæ фæлæ Цæрадзон цы хорз лæппу у. Гадæцци- имæ фæхыл дæн, уый дæр базыдта, фæлæ мæм уæд- дæр нæ фæхæрам. Æрмæст йæ фыдæй тæрсгæ кæны æмæ йæ æз куыд нæ бамбарон, афтæмæй фæархайы, цæмæй нæ дыууæйæ иумæ ма уына, ууыл. Ныртæк- кæ дæр æз ам кæй баззадтæн, уый йын æхсыз- гон уыд. йæхинымæр тарст, æз йемæ куы уон, уæд ын Гадæцци лæгуæрдон ласын куы нæ бауадза, уымæй. Гыдзойы уыцы нæтгæйæ баййæфтам. Ныр та Дзыцца уый куы фехъуса. Бæди æмæ та Гæккæ дæр сæ кæуынæй нал æнцайдзысты. Нæ тæригъæд фæхæс- са Хъæрæсе! Гыдзо-ма куы фервæзид, æндæр мæ ни- цуал хъæуы. Иу уысм дæр æй дзæгъæл нал ныууа- дзин, райсомæй изæрмæ йæ заддæр кæрдæгыл хи- зин... Йæ сæвæрыныл батыхстыстæм. Фæстагмæ йæм уæрдон чъылдымырдыгæй батардтам æмæ йæ тых- хæй-фыдæй сæвæрдтам. Кæм хуыссыди, уыцы ран ту- гæй нал зыны. Фæндаг къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ у æмæ иувæрсты цæуыныл архайæм. Лæгуæрдон кæрдæгыл афтæ тынг не ’змæлы. Дзыццайæн ма йæ цы ’нæсхъæргæнгæ уыд. Æр- тæйæ йæ арæхстгай сарамæ бахастам æмæ йæ хо- сыл æрæвæрдтам. Æмбисæхсæвмæ Дзыццаимæ йæ цуры фæбадтыстæм. — Куыдзы хæстæн йæ хъуын йæ хос бæргæ фæ- 120
хонынц, — рæуæды хъæдгæмттæ хъæрмуст донæи æхсгæйæ загъта Дзыцца, — фæлæ кæм ссардæуа Хъæрæсейы куыдзы, йæ хицауы сæр æрра бирæгъты амæттаг фæуа?!. Цæхæрадонæй цы кæрдæг æрбахастон, уымæ æв~ 121
налгæ дæр нæ бакодта. Йæ дзыхы ма йын нартхоры ссады змæст дæр бæргæ атъыстон, фæлæ йæ фæстæ- мæ раппæрста. — Ныууадз æй, уый хæрыныл нал у,— æрбай- хьуыстысты мæм Дзыццайы ныхæстæ.— Амонд сур- гæйæ нæу, йæхæдæг дæм куы нæ цæуа, уæд. Дæлæ- мæ æрхауæд, ахæм хъысмæт мын цы хуыцау сны- вонд кодта! Уыцы ныхæстæй мæ зæрдæ бамæгуыр. Дзыцца хуымæтæджы афтæ нæ зæгъдзæн. Æрдæбонсарæй ма цæуылдæрты æууæндыдтæн, æнхъæлдтон, Дзыццайы фæлмæн къухтæ цы буарыл андзæвой, уый байгас уыдзæн, мæхи цæфтæ-иу куыд адзæбæх сты, афтæ. Фæлæ иугæр Дзыцца афтæ кæм загъта, уым зæрдæ- дарæн ницæуылуал ис... Ау, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ Гыдзойы мæлæ- тæй чи фервæзын кæна?!. Нæй, нæй, æндæр Дзыццаимæ афтæ æнæбон бадт нæ кæниккам. Нæ цырагъ кæдæй нырмæ судзы. Фæ- тæгеныл дæр нал ауæрдæм. Мæ хъуыдытæ Гыдзойæ аскъуыддзаг кæнын нæ комынц. Мæ цæстытыл алы- хуызон нывтæ уайы... Уыцы æхсæв дæр Дзыццаимæ афтæ æнæхуыссæг фестæм. Сауийы абæрæг-абæрæг кодтам. Дзыцца-иу мæ цырагъдарæгæн йемæрахуыдта. Æмбисæхсæвуы- даид, афтæ фехъуысти Сауийы уасын. Рæуæд ын йæ разы хуысгæ раййæфтам. Фыццаг мæм фыдынд фæкаст. Къæхтæ æмæ дзы сæр йедтæмæ ницы зынд. Уый дæр — тымбылтæ, хуылыдз. Уалынмæ Дзыцца хæдзарæй цæххы къус куы радавта, рæуæдыл дзы куы айзæрста æмæ йæ Сауи йæ дæрзæг фæтæн æвза- гæй стæрын куы байдыдта, уæд бынтон йæ хуыз скалдта. Райсомæй та йæм адæймаг кæсынæй нал æфсæст. 122
Бæди рынчын уыди. Кæмдæр та йæхи суазал код- та æмæ цалдæр боны сынтæгæй нæ сыстад. Фæлæ йын ногзад рæуæды уынд фæхос. Цыма æппындæр рынчын дæр нæ уыд, уыйхуызæн хуыссæнмæ æмгæ- рон нал æрцыд. — Цыдæр хайыр фос у,— дзырдта Дзыцца,— йæ фæзындæй нæм цавæрдæр амонд каст æмæ уал мын мæ гыццыл хъæбулы адзæбæх кодта, — йæхæдæг Бæдийы йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ йæ риумæ фидар нылхъывта. Ныр уыцы амондджын Гыдзо йæ уд исы. Суанг ма Дзыццайы дæр бауырныдта, кæй нал фервæз- дзæн, уый. Мæ цæстыты раз та февзæрдысты æндæр нывтæ... Уæд Гыдзо хизын дæр нæма зыдта. Кæрты къуым- ты-иу ратæх-батæх систа. Кæрчытыл-иу йæхи рас- къæрдта, йæ фæстаг къæхтæ-иу хæрдмæ фæхаста æмæ та-иу сарайы смидæг. Æз скъолайæ сцæйцыд- тæн. Кæсын, æмæ нæ фæскъул йæ мады дæйы.Æвæц- цæгæн, дуар исчи гомæй ныууагъта æмæ, Сауийы уа- сын айхъусгæйæ,— дардæй дæр-иу æм уасгæ код- та,— йæ размæ ратахт. Æз мæ хызын феппæрстон æмæ се ’хсæн фæмидæг дæн. Марадз-зæгъай кæд кæ- рæдзийæ фæхицæн кæнын куымдтой. Гыдзойы фæр- стæ мæ армытъæпæнæй цалдæр хатты ныццавтон æмæ æрмæстдæр уæд фæхицæн сты йæ былтæ хъу- джы фæдæгæй. Фæлтау уыцы хабар куы нæ ’рымы- сыдаин... Мæ зæрдæ ноджы тынгдæр суынгæг. Дзæ- гъæлы йæм рамæсты дæн. Цæвын æй нæ хъуыди. Искуы йæ ахæм тæригъæддагæй фендзынæн, уый æн- хъæл куы уыдаин, уæд æм æвзидгæ дæр никуы фæ- кодтаин. Уæвгæ, цæмæй йæхицæн хуыздæр уа, уый тыххæй йæ иртæстон йæ мадæй. Сауийы фæздоны цы æхсыр уыд, уый æнæхъæн къæртайы дзагæй къад- 123
дæр нæ уыд æмæ афтæмæй йæ ахсæн куы атыдтаид, уæд та!.. Мæ хуыссæны дæр мæ кæуынæй нæ банцадтæн. Дзыцца мæм æрбацыд æмæ мын зæрдæтæ æвæрын- мæ фæци: — Мауал ку, Гæбул!.. Цы бакæнæм?!. Нæ сæры бæсты фæцæуæд. Сымах мын дзæбæх ут, æндæр та нæ фесæфдзыстæм. Æвæццæгæн нæм хуыцауæй æн- дæр амонд нæ каст... Хъæрæсе ницæуылуал басаст. Дзыццаимæ йæм иумæ ныццыдыстæм æмæ нын нæхи аххосджыны бы- наты авæрдта. Дзыцца йæм иу тых ныхас скæнын дæр нæ бафæрæзта. Æрмæст ын фæстагмæ æнæ- хъæр-æнæцъистæй загъта: — Мæ сывæллæтты тæригъæд дæ фæдыл æфтыд фæуæд, гъе уый дын мæ хуыздæр арфæ!.. IX Ног азмæ цæйбæрц фенхъæлмæ кастæн. Нал æмæ нал хæццæ кодта. Æмæ мæнæ æппынфæстаг ралæу- уыд. Дзыцца та не ’ппæтæй раздæр фестад. Махæй йæ зонгæ дæр ничи бакодта. Кæртæй фæстæмæ æр- баздæхт æмæ дуары хъæрмæ фехъал дæн. Æдде уа- зал æрбакалд. Мæ сæр хъæццулы бын арфдæр ануæрстон. — Уал азы хъæлдзæгæй цæрут!.. Уал амондыуыл æрцæуæд!..— хъуысынц мæм Дзыццайы ныхæстæ. Алы хатт дæр афтæ фæкæны. Ног азы фыццаг райсом дуарæй чидæриддæр ахиза, уый хъуамæ хæ- дзармæ дзаг армæй æрбацæуа. Иемæ кæнæ хъуамæ лыстытæ æрбахæсса, кæнæ — нартхоры нæмгуытæ, кæнæ — æхсынæнтæ... Æрмæст бирæ куыд уой, афтæ. Дзыццайы хъæлæс айхъусгæйæ, мæ сæр хъæццу- 124
лы бынæй сдардтон, йемæ цы ’рбахаста, уый базо- ныны тыххæй. Нартхоры нæмгуытæ сæуынæрмæ гæс- гæ дæр базыдтон, фæлæ ма сæм уæддæр ракастæн. — Уал азы хъæлдзæгæй цæрут!..— уаты къуымты дарддæр нартхор таугæ фæцæуы Дзыцца.— Уал амонды уыл æрцæуæд!.. Цы хорз у, нартхор афтæ кадавар кæй нал у, уый. Дзыццаимæ нæ фæллойбонтæн цы хор райстам, уы- мæй ныронг аххæссыдыстæм. Ныр та нæхи цæхæра- доны нартхормæ бавнæлдтам. Кæронмæ фаг куы нæ суæм, уæддæр фароны хуызæн нал стыхсдзыстæм. Нæмгуыты уынæр мын афтæ æхсызгон дæр уымæн у. Уадз æмæ уаты къуымты схъиуддытæгæнгæ згъорой, уадз æмæ кæрæдзийы сæрты хауой, уæддæр дард нæ фæтулдзысты. Нæ хæдзар куы ныммæрзæм, уæд та иу ранмæ æрæмбырд уыдзысты æмæ сæ нæ кæрчы- тæн уæддæр акалдзыстæм. Дысон цæйбæрц фæбадтыстæм. Дзыцца та нын дзæбикъуыртæ скодта. Ахæм ном сыл Гæккæ сæ- вæрдта, æндæр сæ нæ сыхæгтæ иууылдæр дедатæ хо- нынц. Дзыцца хыссæйæ дзæбидыртæ, здыхтсыкъа фыртæ, кæрчытæ æмæ бабызтæ скæны æмæ Гæккæ се ’ппæты дæр дзæбикъуыртæ хонын райдыдта. Мах дæр ма ууыл фæцахуыр стæм. Ацы азы уонтæ дзæвгар хуыздæр рауадысты. Уæвгæ нартхоры ссад æмæ мæнæуы ссад иу сты! Фарон нæм нартхоры ссад дæр тыххæй разынд. Уы- мæн та йæ хыссæ æддæгуæлæ нæ хæцы. Дысон Дзыц- ца дедатæ дзуллагæй скодта æмæ сæм адæймаг кæ- сынæй не ’фсæды. Ацы хатт сæм æз хæстæг нал ба- цыдтæн. Сывæллон нал дæн, миййаг. Дзыцца мын уæддæр мæ хай мæ разы æрæвæрдта æмæ сæ æз Гæккæ æмæ Бæдийыл байуæрстон. Бæдимæ дзы фылдæр æрхауд, хуымæтæджы бузныг мæ фæци. 125
Гæккæ та сæ кæдмæ фæхъахъхъæндзæн, хуыцау йæ зонæг. Уыдон рамбæхобамбæхс кæнынæй хуыздæр ын мацы ратт. — Сыстут уæлæмæ! — дзуры нæм Дзыцца.— Ног азæн æгасцуай зæгъут. Мæн уæддæр мæ хъуыдытæ æнцад нæ уадзынц. — Агуыбе дæ амбылдта,— дзуры та мæм Дзыц- ца,— кæд æмæ кæд бандзæрста арт... Æллæх, æцæгæй фæсте куы баззадтæн... Мæ дзаумæттæ кæныныл фæдæн. — Афтидæй ма ’рбацу,— фæдзæхсы мын Дзыц- ца.— Ныртæккæ фæстæмæ фездæх, кæннод та дæ æрбайрох уыдзæн. Дзæгъæлы мын нæ тæрсы. Кæддæр ма мыл ахæм цау æрцыди æмæ уый тыххæй афтæ зæгъы. Дзыццайы фæндон сæххæст кодтон æмæ арт æн- даарынмæ бавнæлдтон. Ацы тъупгæнаг хæмпæлтæ’ сарайы хусдæр рай раджы æрæфснайдтон æмæ сæ ныр цæттæйæ райстон. Агуыбейы фæстæ кæй баззад- тæн, уый хорз нæ уыди. Уымæн йæ арт æйттæй су- дзы. Иæ къæрццытæ суанг ардæм дæр хъуысынц. Фæлæ йæ а лæппу хъуамæ амбула. Хъуамæ мæнæн мæ арты ’взæгтæ бæрзонддæрмæ схæццæ уой, уымæн æмæ мæ хæмпæлтæ фылдæр сты, такъуынделатæ дæр дзы фылдæр ис, уыдоны тъуппытæ та дарддæр хъуысынц. — Рæвдздæр æвнал, — тыргътæй мæм дзуры Дзыцца.— Уадз æмæ нæ фыдбылызтæ уыцы арты басудзой. Хæмпæлтæ дыууæ фæлтæрæй кæрæдзийы сæр æрæвæрдтон. Уый Агуыбейы зæрды никуы ’рыфты- даид. Ныртæккæ ма-иу фæкæсæд, кæддæра кæй арт стырдæр уаид!.. 126
— Мæнæ дын физонæггаг,— фаллаг уатæй мæм хъуысы Дзыццайы хъæлæс. Æз йæ уæлхъус алæууыдтæн. — Айс, — æрбалæвæрдта мæм фиуы цалдæр къæртты.— Уымæй уал скувдзыстæм. Иннæ азмæ кæд фæхъæздыгдæр уаиккам. Чидæртæ сæ ногбоны арты нард фысы дзидзайæ физонджытæ кæндзысты, мæнæн та мæ уæхстæй фа- роны хуызæн фиуы сой тæдздзæн. Гæнæн нæй. Уæдæ кусарт кæцæй æрхæссæм?!. Дзыцца алы ногбон æх- сæв дæр фосыфæлвæрамæ бæргæ скувы, цæмæй нæ йæ бирæ дзугтæй æнæхай ма ныууадза. Дзæби- къуыртæ дæр уымæн скæны, фæлæ уæддæр нæ кæрты уæлдай цыппæркъахыг нæма фæзынди. Цæй, цы бачындæуа?!. Дзыццайы загъдау, ног азы æнкъард кæнын нæ фæччы. Фиуы цъыс-цъыс ма дарддæр дæр хъуысы. йæ хус смаг афонмæ уынгмæ ахæццæ. Агуыбейы арты æвзæгтæ сæхи ныллæг æруагътой. Æрдæбон дæр ма кауы сæрты сæвнал-сæвнал кæны- ныл архайдтой, ныр сæ хъару сæттын райдыдта. Уæ- дæ ма мæ артмæ кæс!.. Физонæггаг мидæмæ бадавтон. Цалынмæ фæстæ- мæ здæхтæн, уæдмæ хæмпæлтæ иууылдæр схæцыды- сты æмæ бæстæ арт фестад. Агуыбейæ йæхи арт дæр ферох æмæ аивæй махырдæм ракæсы. Ноджы та- къуынделатæ схæцыдысты... — Уыдон, æз кæй æрбахастон, уыцы хæмпæлтæ сты,— сæрыстырхуызæй дзуры Бæди. Зæгъгæ раст кæны. Айфыццаг сæ нæ цæхæрадо- ны кæрон æркарстон. Рæуæг уыдысты æмæ сын сæ тæккæ ставддæртæй цалдæр хæтæлы Бæдийы дæ- ларм бакодтон. Лæф-лæфгæнгæ сæ йæ фæдыл фæ- ласта. Ныр ын хуымæтæджы æхсызгон уыд уыцы 127
такъуынделатæй конд артмæ кæсын... Дзыццайæн дæр ма йæ аппæлыд. Куыд бамбæрстон, афтæмæй арт махæй фæстæ- дæр ничи бандзæрста. Æмæ мæм æрæджиау уый хуыздæр кæсын райдыдта. Уадз æмæ йæ иууылдæр феной. Æвæццæгæн, сæхи хæмпæлтæ æндзæрст куы фесты, уæд нæ кæртмæ радыгай цыдысты. Æппæты фыццаг нæм Агуыбе æрбауад. Стæй Хæмæтхъан дæр фæзынд. Арты æвзæгтæ афтæ бæрзонд уыдысты, æмæ сæм фæстагмæ лæдзæгæй дæр нал æххæссыд- тæн. — Æгæр хæстæг æм ма цæут, басудздзыстут,— дзуры нæм Дзыцца. Æцæгæйдæр, мæхи фæцæйсыгътон. Йæ сæрты агæпп кæнынмæ хъавыдтæн, фæлæ такъуынделатæ иууылдæр куы схæцыдысты, уæд æрдæгфæндагыл мæ фæнд аивтон. Мæ рахиз къах ма арты сæрмæ бахастон. Хæлафы къахыл зынгтæ фæхæцыдысты æмæ ма сæ тыххæйты ахуыссын кодтон. Фæссихор Уæлмæрдты былмæ ацыдыстæм. Уым къуыбырыл дзоныгъæй фæхъазæм. Дæлæмæ мæлæ- ты æнцон вæййы, фæлæ дзоныгъ фæстæмæ ласын бæллæх у. Адæймаг нал æмæ нал фæхæццæ кæны. Мæнæй хуыздæр дзоныгъ иумæ дæр нæй. Бæппыдз мын æй сарæзта. Къухæй ма дзы ахæм дæсны уы- дзæн! Дзыцца афтæ фæзæгъы, куырдадзы кусынæн, дам, æвгъау у, фæлæ цы бакæна, мæгуыр. Низ æй скæсын нал уадзы, мæй цалдæр хатты фæсур вæййы. Йæ ахуыр дæр уый тыххæй ныууагъта, æндæр За- уырбег скъоладзаутæй уыйбæрц никæй уарзта. Немыц йæ тæригъæд фæхæссæнт. Уыдоны тых- хæй фæсахъат. Куыддæр ардыгæй алыгъдысты, аф- тæ Бæппыдз æмæ йе ’мбæлттæм фæсидтысты хъæу- советмæ. Хъуамæ Фæсхъæууаты карз хæстыты нæ- 128
хиуæттæй чи фæмард, уыдоны нæмттæ сбæлвырд кодтаиккой. Иу-цалдæрæй сæумæрайсом Хъæууатмæ араст сты. Цас мæрдтæ дзы уыди! Нæхиуæттæ дæр, немы- цæгтæ дæр. Лæппутæ нæхиуæтты дзыппыты гæххæт- тытæ агуырдтой æмæ сæ æмбырд кодтой. Хъуамæ дзы иуы ном дæр æбæрæгæй ма баззадаид. Бæппыдз марды уæлхъус æрлæууыд. Йæ дзыпмæ тынг зын ны- вналæн уыд. Къухтæ риуыл дзуарæвæрдæй баззады- сты æмæ сæ иуварс акæнын хъуыд. Лæппу марды рахиз къух иуварсырдæм айвæзта æмæ йыл дур æрæ- вæрдта. Дыккаг къухмæ куыд февнæлдта, афтæ дур фæбырыд æмæ марды рахиз къух Бæппыдзы уал- хъусыл сæмбæлд. Йæ зæрдæ бахъарм æмæ уæдæй нырмæ суртæ кæнын райдыдта. Адæм æй иууылдæр тынг уарзынц. Æппæты тæс- сагдæр ын иунæгæй баззайынæй у æмæ йæ цух ни- куы ныууадзынц. Иæхæдæг дæр, мæгуыр, адæм би- рæ кæм уа, уырдæм цæуы. Æмæ та мæнæ ныр дæр махимæ Уæлмæрдты былмæ рацыд. Иæхæдæг дзо- ныгъæй нæ хъазы, фæлæ лæппутæм кæсы æмæ дзы исчи сæрбихъуырæйттæгæнгæ куы расхъиуы, уæд йæ мидбылты бахуды. Дзоныгътæ бирæтæн сарæзта, фæлæ дзы цыма мæнæй хуыздæр нæй, афтæ мæм кæсы. Ног азы фыццаг бон дæр та фæсте аззад. Нæ фæлæ бæрæгбон куыд тагъд аивгъуыйы. Дзыццайы тыхстытæ скъолайæ ме ’ссыдимæ баиу сты. — Знон нæ Ногбоны арт бæргæ хорз сыгъди, фæ- лæ нæ пецы цы бандзарæм, уый куынæуал ис, уæд ма уымæн та цы саразæм? Нæ сугтæн афтæ тагъд фæуын æнхъæл нæ уыд- тæн. Рагацау сæ дзæгъæлы ныссастон. Цæттæ суг бирæ нæ лæууы. Гæккæйæн та зæронд усæй уæлдай 9 Уалдзыгон стъалытæ 129
стæфсæн нæй. Сæрдыгон дæр йæ къухтæ ихы къæрт- ты хуызæн вæййынц. Пецы фарсмæ лæууынæй хуыз- дæрдзинад ын мацы ратт. Пецы сугтæ тъыссы æмæ тъыссы. Уæд дзы сæнæрттæ дæр баппар æмæ сугтæ фылдæры фаг суой. Дзыцца йын стыр кæрдзыны хаи- мæ гыццыл цыхты къæртт куы ратты, уæддæр ын кæрæдзийы фаг свæййынц, фæлæ сугтыл дæр афтæ ауæрдын кæй хъæуы, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. — Æз Алихантæй фæрæт æрдавон æмæ Дадог- кайы сугтæй ныссæттон. — Уыдонæй нæ хъуг — æххормаг, нæ гал — æгæвдæс,— йæ къух ауыгъта Дзыцца. Мæхæдæг дæр æй бæргæ ’мбарын. Уастæн, Да- доккайæн цы загъдæуа. Куыд æнæбары ацыд, ахæм æнæбары сугтæ нын сласта. Дзыцца йæ æрæджиау базыдта. Колхозы правлени уынаффæ рахаста, цæ- мæй марды хабар кæмæй сыхъуыст, стæй сæ лæг хæстæй кæмæн нæма сыздæхт, уыцы бинонтæн стыр хъæдæй суг куыд сласой. Хæдзæрттæ уæрст æрцы- дысты, бæхтыл чи куыста, уыдоныл. Нæ фыдбылы- зæн махмæ Дадогка æрхауд. Æмæ нын Басилы хъæ- дæй хæрис æмæ фæрв къодæхтæ сласта. Афтæмæй та хъуамæ стыр хъæдмæ ацыдаид. Уый фæстæ йæ куы фарстой, уæд аххос махыл авæрынмæ хъавыд, стыр хъæдмæ билет цæмæй балхæдтаиккой, уый, дам, сæм куы нæ разына, уымæй фæтарстæн. Цыма ахæм хъуыддаджы тыххæй Дзыцца æхца æфстау уæддæр не ’ссардтаид. Иæ сугтæй нырма иунæг къæцæл дæр нæма бан- дзæрстам. Иуæй дзы фæрæт нæ ныхсы, иннæмæй та сæхицæн æндзарæнтæ хъæуы, афтæ хуылыдз сты. Хæрисæн сæнар йæ хуылыдзæй нæ, фæлæ йæ хусæй дæр зынтæй ссудздзæн. 130
Дадогкайы хабар Алиханы хъусыл дæр æрцьгд æмæ йæм смæсты. Дысон мæм сæхимæ фæдзырдта æмæ мын афтæ: — Хосионæн зæгъ,— æдзухдæр æм йæ мыггагæй фæдзуры,— æмæ правленимæ ныццæуа. Бæхтæ йæ ракурын хъæуы æмæ уын суг сласон, кæннод ацы хъызтыты цы ми кæндзыстут. Дадогкайы сугтæ* афæдзмæ дæр н& бахус уыдзысты. Дзыцца стыхсти: — Ацы къæрццытæгæнæны искæй хъæдмæ арви- тын тæригъæд у. — Райсом цæуынмæ хъавы... — Цу æмæ йын афтæ зæгъ, чысыл, зæгъ, фæ- хъармдæр уа. — Æмæ ма уæд сугæй цы аразæм? — Уымæй дæр раст зæгъыс... Дзыцца уыдæттæ мæнæй хуыздæр æмбары, фæ- лæ Алиханæй æфсæрмыгæнгæйæ дзуры уыцы ны- хæстæ. Амал уæвгæйæ йæ хъæдмæ ницы хуызы ауа- дзид. Куы ’ризæр, уæд дыууæйæ правленимæ ныццы- дыстæм. Дзыцца йедтæмæ дзы сылгоймаг нæ ра- зынд, æмæ йын сæрдар йæ ныхасыл дыууæ нал загъ- та. Кæд æй бынтон тынг нæ фæндыди, уæддæр утæп- пæт адæмы æхсæн «нæ» зæгъын йæ цæсгом нæ ба- хъæцыд... ...Алихан цафон ацыд, уый æз зонгæ дæр нæ ба- кодтон. Дзыцца куыд зæгъы, афтæмæй йыл хъуамæ Джермецыччы рагъыл сбон уыдаид. Уырдыгæй дæр ма йæ дзæвгар ауайын хъæуы. Дзылаты мæсыгмæ æххæст нæма ныххæццæ уыдзæн, афтæ галиуырдæм фæзилдзæн, комы иудзæвгар бауайдзæн æмæ дын уый стыр хъæд. Тулдзытæ, фатхъæдтæ, тæрсытæ... Самай, цавæр дæ зæрдæмæ цæуы, ахæм суг. Æрмæст 131
хуылыдзтæм æвналæн нæй... Уыцы хабæрттæ стыр лæгтæй фехъуыстон, æндæр сын мæхæдæг цы зонын. Афонмæ Алихан фастаг сугтæ йæ уæрдоны ама- йы. Уый стыр хъæды бирæ хæттыты уыди æмæ алы хъуыддагмæ дæр дæсны у. Дадогкайы хуызæн хуы- лыдз фæрвытæ æмæ хæристæ самайын йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн. Абондæргъы Дзыцца сдыууæрдæм. Дзыгынмæ дæр ма фæдзырдта. — Дзæгъæлы тыхсыс, Дзыллæ,— сабыр æй кæны Дзыгын.— Уыцы лæджы бонрухсæй ардæм хъæуы... — Хъæддзауæн йæ ном йæ уæлæ ис æмæ йын истытæ æрцæттæ кæнын хъæуы. Дзыгын ын карк æргæвдын дæр нæ уагъта. — Цытæ дзурыс, дæ хорзæхæй?! — йæ хъуыры абадт Дзыцца.— Æз дæм æххуысмæ фæдзырдтон, ды та мын цæлхдуртæ æвæрыс. Уæдмæ æз карк æргæвстæй æрбадавтон æмæ йæ къæсæргæрон æрæвæрдтон. Кусарт, дам, æрæгмæ куы мæла, уæд уый хорз къухы нысан у. Æз кæрчытæ йедтæмæ никуыма ницы аргæвстон. Сæ базыртæ æмæ сын сæ къæхтæ зæхмæ фидар нылхъивын, фæлæ иу- дзæвгар рæстæг сæ тæлфынæй нæ банцайынц. Стæй махæн нæ къах дæр хорз у. Исчи искуыдæм куы фæ- цæуы, уæд алы хатт дæр йæ разæй нæ бинонтæй ис- кæй рахоны, цæмæй рæствæндаг фæуа, уый тыххæй. — Ныр куыд æнцад бадыс, Дзыгын? — тыхсы Дзыцца.— Дæ разы уæларты тæвд дон æмæ уыцы карчы ратон. Дзыгын ма цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ Дзыццайы цæсгоммæ фæкомкоммæ æмæ æнæбары йæ дыстæ фæлдахынмæ бавнæлдта. Карк куы фæуæларт, уæд Дзыцца фенæмæтдæр. — Хъазыбег, марадз махмæ суай æмæ, сарайы 132
бахизæны цы сугтæ ис, уыдонæй æрдав, кæннод ацы сæнæрттæ æрæгмæ рандавдзысты. Алиханы къухвæд алы ран дæр бæрæг дары. Йæ сугтæ куыд бæстон æфснайд сты. Мæ хъæбысы дзы иудзæвгар æрцамадтон æмæ фæстæмæ фæзылдтæн. Ахæм сугты цæхæрмæ дуртæ дæр ссудздзысты. Уайтæккæдæр пец куыд рандæвта. — Гæбул, царæй цывзытæ ’рдав, — дзуры мæм Дзыцца.— Абондæргъы æддæ цы адæймаг ис, уый ма алла-биллатæй схъарм уа, нæ зонын. Цывзыджын арахъхъæй кæд тагъддæр стæвд уаид. Сауи тæккæ кулдуары цур слæууыд æмæ хæдза- рæй искæй фæзындмæ æнхъæлмæ кæсы. Заинаг та у. Куыддæр æй Дзыцца базыдта, афтæ йæм хуыздæр зилын райдыдта, уадз æмæ, дам, стырдæр фæздон самайа. Асинтыл мæ уæлæмæ хизгæ куы ауыдта, уæд мæ фæдыл ныууасыд, ам мæ кæдмæ дардзыстут, зæгъгæ. Зоны йæ, нартхор цары кæй ис, уый. Мемæ йын дзы иу æфсир райстон. Цыма йæ æндæр искæ- мæн æрхастон, уый хуызæн æм фæлæбурдта. Чысыл ма бахъæуа, мæ къух йæ дæндæгты æхсæн ма фæуа. — Цу мидæмæ! —гом дуарыл æй размæ басхой- гæйæ сдзырдтон æз. Куыннæ стæй! Йæ бынатæй змæлынвæнд æм нал ис. Нартхор йæхирдыгæй куы фæци, уæд дзы мидæ- мæ цæуын дæр æрбайрох. Иæ къубал размæ ныйи- вæзта æмæ дынджыр урсдæндагджын æфсир зæр- диагæй æууилы. Йе ’фсæртæ бафæлладысты, йæ ко- мы фынк ставд зиллæччытæй зæхмæ кæлы, фæлæ æфсир дæр хъæлæсы арфæй-арфдæр цæуы. Фæстаг- мæ йæ къæдзил дæр æрбайсæфт. Фосæн бирæ нартхор хæрæн нæй, кæннод ныт- тыппыр вæййынц æмæ амæлынц. Фарон Хъæрæсейы фыс афтæмæй нæ амард. Сафонкаты Мысырыхъо ра- 133
;ды фиййау уыд æмæ йæ фос колхозы нартхормæ ба- ирвæзтысты. Цалынмæ йын дыууиссæдз туманы ба- фыста, уæдмæ йæ цæрын не ’руагъта. Махæн та Гы- дзо доны къусы сæфт фæкодта. Фæлæуу, мæнæ Бæп- лу ссæуа, стæй бæрæг уыдзæн... Сауи йæ нартхор хæрд фæци, бæрæг у, ноджы- дæр ма йæ кæй хъæуы. Фæстæмæ мæм дзæгъæлы нæ раздæхт. Æз мæхи зæрде Алиханы хъахъхъæнын. Талынг кæнын райдыдта æмæ кæд искуы Дзæлиготы цур ссæуы, уæддæр бæрæг нæй. — Кæм дæ, дæ хорзæхæй? — уатмæ мæ бахызт æмæ Дзыццайы фарст баиу сты.— Марадз-ма Дзы- гыны лæгмæ, — Алиханы афтæ хоны, — акæс, кæд- дæра нæма зыны. — Цæй, цы йæм ракæс-бакæс кæныс? — фездæх- ти йæм Дзыгын,— сывæллон, миййаг, куы нæу... Уæдмæ æз феддæдуар дæн. Уынджы иудзæвгар ныууадтæн. Гадæцциты цур мæ хъустыл уæрдоны цæлхыты хъыс-хъыс ауад. Талынджы ницы раирта- сын мæ бон баци æмæ æрлæууыдтæн. Уынæр мæм райхъуыст ноджы хæстæгдæрæй. Алихан... Бæхтæ бричкæ уыцы уæззауæй ласынц. Уыдон Дадогкайы сугтæ не ’сты. Стæй мæ сугтæ дæр. Зымæг-зымæджы дæргъы нæ суджы мæт нал уыдзæн. Дзыццайыл та базыртæ базад. Дзургæ ницы кæ- ны, фæлæ йæ митæй бæрæг у. — Дзыллæйы зæрдæ дæм тынг æхсайдта,— загъ- та Дзыгын, Алихан йæ къухтæ æхсад куы фæци æмæ арты фарсмæ куы ’рбадти, уæд. — Цæмæн? — Æрæгмæ, дам, цæуы. — Æмæ мын исты фыццаг хатт у?!. Дзыццайы фынг ацæттæ. Дзыгынмæ цæстæй аца- мыдта, зæгъ ын æмæ хæстæгдæр бабада, зæгъгæ. 134
— Чи уæ кусæртытæгæнæг кодта? — стъолыл карчы мард ауынгæйæ, сдзырдта Алихан.— Мæ пай- дайæ мæ зиан фæфылдæр уыдзæн. О, хæдæгай, Уас- тырджи ме ’мбæлæг фæци. Билет балхæнын мын нал бантыст, хъæдгæс та мыл æмбæлгæ нæ фæкодта æмæ мын бынтон асламæй ауади, — йæхæдæг йæ риуы дзыппæй æхцатæ систа æмæ мæм сæ дæтты. Дзыцца мын йæ сæрæй амоны, ма сæ райс, зæгъгæ, фæлæ ма Алихан æмæ Дзыгын мæнмæ хъуыстой!.. Дзыцца мæм дынджыр басы тæбæгъ æрбалæ- вæрдта. Æз ’æй Алиханы цур æрæвæрдтон. Пецы сæ- рæй графин райстон æмæ дзы арахънуазæн агуывзæ- йы дзаг рауагътон. — Хъазыбег, цы мын дæттыс, уый мын иу конд æркæн,— дзуры мæм Алихан. Куыд та мæ æрбайрох. Алиханмæ ахæм æгъдау ис. Иу фынгыл дыууæ нуазæны никуы банызта. Иу нызт цы бакæна, уый йын хæлардæр вæййы. Æз скъаппы уæхскæй, æртæ сыкъайы бæрц кæм цæуы, ахæм кружкæ райстон æмæ йын уым рауагътон. — Æгæр нæ уыдзæн?.. — Бирæ дзы нæ цæуы,— дзуапп радтон æз. Мæ ныхæстæ Дзыццайы зæрдæмæ фæцыдысты, уый бæрæг у: йæ мидбылты бахудгæйæ мын йæ цæст- æнгасæй ацамыдта: раст зæгъыс, раст, Гæбул, зæгъгæ. Алихан кружкæ сындæггай айста æмæ иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй кувын райдыдта: — Ног аз ралæууыд æмæ уын ног хæрзтæ æрхæс- сæд!.. Йæ алы куывды фæстæ дæр-иу иучысыл фæлæу- уыд æмæ та-иу уыцы рæстæг æз дæр «аммен», зæгъ- гæ, фæкодтон. Алиханæн аназыны размæ йæ цæсгом æрбан- 135
цъылдтæ, фæлæ йæ уæддæр зивæггæнгæ йæ дзыхыл* сдардта. Абондæргъы æххормаг у, афтæмæй куыд сындæг æвналы. Афонмæ æз карчы æмбис фæдæле кодтаин. Дзыццайы бæргæ фæндыд, æцæгæйдæр хъæддзауы хуызæн куы бахордтаид, уый,— уæдæ ма карк цæ- мæн аргæвста,— фæлæ Алихан уайтæккæ дæр цæуы- ныл ныллæууыд. — Нæхимæ дæр уымæй фылдæр никуы бахæ- ры,— Дзыццайы хъусы бадзырдта Дзыгын æмæ Али- ханы фæдыл уынгмæ рахызт. X Мæдинæтимæ арæх баиу вæййæм. Скъоламæ цæугæйæ дæр, фæстæмæ здæхгæйæ дæр. Нæ дæллаг фарс цæрынц, стæй иу къласы ахуыр кæнæм æмæ йын, æвæццæгæн, æнæ афтæ уæвæн дæр нæй. Мæнæ та ныр дæр фæндзæм урочы фæстæ нæхимæ цæуæм. Цæрадзон дæр немæ вæййы, фæлæ уый физкульту- рæмæ нал фæлæууыд, Дзæхирæты Кæрдзынмæ йæ хистæр чызгмæ ахæццæ кодта æмæ ахуыргæнæгæй йæхи ракуырдта. Астемырты тигъыл сæййæфтам Бе- сæгъуыр æмæ Хæмæтхъаны. Цæмæдæр гæсгæ нæ фæстæ сæхи ныуурæдтой. Æз сындæгдæр цæуыныл архайын. Мæдинæт мæ фембæрста. — Мæн нæхимæ тагъд цæуын хъæуы,— æмæ мæ иунæгæй фæуагъта. Мæдинæт сæхимæ фæцæйхæццæ кодта, афтæ дын мæ Хæмæтхъан æмæ Бесæгъуыр æмдзыхæй куы смæ- стæймариккой: — Мæди-динæ-инæт! Мæди-динæ-инæт!.. Æз фæстæмæ фæзылдтæн, æмæ та ноджы хъæр- дæрæй куы сдзуриккой: 136
— Мæди-динæ-инæт! Мæди-динæ-инæт!.. Фырмæстæй мæ бон сдзурын дæр ницуал баци. Цыма мæ алыварс дун-дунейы дзыллæтæ «Мæди-ди- нæ-инæт» хъæр кодтой, афтæ мæм фæкаст æмæ мæ цыма зæххы ныссагъди, уыйхуызæн æнæзмæлгæйæ иу ран лæууыдтæн. Мæ хъусты гуыр-гуырæй ницы- уал æмбæрстон. — Цæмæн ауагътай дæ Мæдинæты иунæгæй? — зæххы быыæй дзурæгау мæм æрбайхъуыст Бесæ- гъуыры хъæлæс. Цымæ йæ цы хъуыддаг ис мемæ? Мæнæй дæр æмæ Хæмæтхъанæй дæр цалдæр азы хистæр куы у, уæд, гал рæуæдты астæу куы хиза, уыйау сывæл- лæттимæ цы ралæс-балæс кæны?!. Цалдæр азы иу къласы баззад æмæ ма йæхимæ гыццыл кæсы... — Цæмæн у мæ Мæдинæт? — сдзырдтон, мæ дзы- хы æппæты фыццаг цы ныхæстæ абадт, уыдон. — Къласы дæр, дам, уын фæхицæны хъомыс куынæуал ис! — уый та Хæмæтхъан фæлæууыд къæс- сайы комыл хæцæг. Æвæццæгæн æй Бесæгъуыр сардыдта. Сæ дыууæ дæр мемæ зулдзых сты. Хæмæтхъан мæ а фæззæ- гæй фæстæмæ йæ удхæссæг федта. Цыма йæ Зами- рæтæн æххуысгæнæгæй кæй нæ райстой, уым æз цы аххосджын дæн... Фæстæмæ кæмæ не’ сдзурдзæн, ахæм ын нæй, уæдæ йе ’ннæ фыдуаг митæ дæр æнæ- хъæн хъæуыл хъуыстгонд сты. Куыддæр нæ сыхы фæзыны, афтæ уынджы сывæллоны кæуын æмæ куы- дзы рæйын йедтæмæ ницыуал фæхъуысы. Лæппутæ дзы хуымæтæджы тынг тарстысты. Уæлдайдæр фыц- цаг æрцæугæйæ. Хуыцау хорз, æмæ Цæрадзонимæ фæбыцæу сты, æндæр ма афонмæ дæр афтæ хъæ- бæрдзых уаид. 137
— Марадз, аййаф æй, æфсæрмы ма кæн,— дзуры та мæм Бесæгъуыр. — Дæуыл дæр ничи хæцы!.. — Мæн йæхимæ сдзурын дæр нæ уадзы. — Уый та ма дын кæй аххос у? — Дæ Мæдинæты аххос, æндæр кæй аххос! Ехх, ныр Цæрадзон ам куы уаид, уæд бæргæ, фæ- лæ дыууæйы ныхмæ мæ бон цы бауыдзæн!.. Хæмæт- хъанæн мæхи йедтæмæ нæ хъæуы... Цæрадзоны хуы- зæн æй æз дæр мæ быны бæргæ ассæндин. Фыцца- гау ын нал ауаид... — Мæди-динæ-инæт! Мæди-динæ-инæт! — æвæц- цæгæн, мæ ныхмæ куы ницыуал æрымысын сæ бон уыд, уæд та ног райдыдтой. Бесæгъуыр мæм ныронг дæр тыххæйты лæууыд. Мæдинæт йæ разæй бадын нал бакуымдта, æдзух- дæр æй фæсте фæджыбы-фæджыбы кодта æмæ та уый дæр мæн аххос фæци. Ноджы ныр мæнмæ хæс- тæгдæр сбадт æмæ йын уый бынтондæр йæ тъæнг- тæ ацагъта. Бесæгъуыр мæнæй тыхджындæр у æмæ ма уый цыфæнды фæуæд, фæлæ Хæмæтхъаны та цы хъæуы? Æви йæ иунæгæй никуыуал æрцахсдзынæн? Мæ маст тынгæй-тынгдæр фыцы. Мæ зæрдæйыл та ехсы даргъ кæронау атыхсты- сты Хæмæтхъан æмæ Бесæгъуыры ныхæстæ: — Мæди-динæ-инæт! Мæди-динæ-инæт! Мæ хъæлæсыдзаг ныккæуынмæ мæ бирæ нал хъæуы. Уæд та сыл дурадзагъдæй ралæууин. Аивæй мæ алыварс ахъахъхъæдтон: хæснагæн дзы дур нæ, фæлæ сыджыты къуыбар дæр никуы разынд. Адон мын иууылдæр уыцы къулыбадæг чызджы аххостæ сты. Лæппуты цæсты мæлæты кадджын у. Йæ кой кæмæй нæ фехъусдзынæ, ахæм нæй. йæхæдæг та се ’ппæтмæ дæр зынæрвæссонæй кæсы. Искæмæ дын 138
дзы ныхасмæ фæлæууа. Куыннæ стæй! Скъоламæ дæр нæ дыууæ Цæрадзонимæ фæцæуы. Æмæ нæм уый тыххæй лæппутæй бирæтæ тигъмæ кæсын рай- дыдтой. Цымæ мæ уый та кæцырдыгæй хъуыди?!. Мæдинæтмæ мæстæй судзын райдыдтон. Мæсты йæм кæнын, нæ фарсмæ кæй цæры, уый тыххæй дæр, Бе- сæгъуыры цурæй кæй ралыгъди, уый тыххæй дæр, скъоламæ цæугæйæ кæй баиу вæййæм, уый тыххæй дæр, стæй алцæй тыххæй дæр... Мæхинымæр хъуыды кæнын Хæмæтхъан æмæ Бе- сæгъуырæй мæ маст райсыныл. Уалынмæ мæ зæр- дыл æрбалæууыд, Хæмæтхъаны фыццаг хатт скъола- йæ куыд æппæрстой, уыцы хабар. Зауырбег æм йæхимæ фæдзырдта. Хæмæтхъан фæхъуыста, фæхъуыста, стæй дуар йæ фæдыл уыцы мæсты гуыпп ныккодта. Иучысыл рæстæг рацыд æмæ ногæй къæсæргæрон куы алæууид: — Цы ма дæ ферох? — бафарста йæ Зауырбег. — Æртæ мæйы мæ дзæгъæлы кæй фæцæуын код- тат, уый мын бафидут! — Уый та куыд у? — Кæд мæ æппарынмæ хъавыдыстут, уæд мæ сентябры цæуыннæ аппæрстат? Ахуыргæнджыты уаты чидæриддæр уыд, уыдон иууылдæр ныххудтысты, Хæмæтхъаны та уæдæй фæстæмæ «æртæ мæйы мыздæй» мæстæй марын рай- дыдтой. — Мæди-динæ-инæт! Мæди-динæ-инæт! — мæ хъуыдытæ мын æрдæгыл аскъуыдта Хæмæтхъаны хъæлæс. Цалынмæ «æртæ мæйы мызды» хабæрттæ мысыд- тæн, уæдмæ Бесæгъуырмæ йæ мад фæдзырдта æмæ сæхимæ фæраст. Хæмæтхъанæн йæ фæндаг мах рæз- ты у, фæлæ иунæгæй йæ ныфс нæ бахаста æмæ Бе- 139
сæгъуыры фæдыл ацыд. Бынтон æнæдзуаппæй мын куы аирвæза, уымæй фæтарстæн æмæ ма йæ фæдыл ныхъхъæр кодтон: — Уый бæсты Зауырбегмæ куы ныццæуис æмæ дзы де ’ртæ мæйы мызд куы райсис... Кæд мæ фехъуыста, уæддæр мын ницуал дзуапп радта. Уый мын ноджы уæлдай зындæр уыд. Сæ фæ- дыл ма иудзæвгар фæкастæн, стæй уыцы тыппырæй нæхимæ рацыдтæн. Фырмæстæй мæ цæстысыгтæ кал- дысты. Фæлæуу, искуы ма мæм Мæдинæт хæстæг æрбацæуа, кæддæра йын алывыд нæ акалин, чиныг- гур дæр мæм куыд никуыуал æрбауæнда, хæдзармæ куыст нын цы радтой, уымæй дæр мæ куыд никуы- уал бафæрса, цæрæнбонты мæм йæ дзыхæй дæр куыд никуыуал сдзура, афтæ. XI Уалдзæг ма кæй ралæууыди. Хуры тынтæ зæхх æндавын райдыдтой. Аууæтты ма иуæй-иу рæтты ми- ты гæбæзтæ уыд æмæ уыдоны бынаты дæр доны култæ фæзынд. Куыройыдоны ацырдыггаг былгæрон цъæх-цъæхид кæрдæг йæ сæр сдардта. Фæндæгтæ фæсур сты. Нæ гыццыл цæхæрадоны кауы рæбын пысыратæ фæзынд. Тагъд тонынмæ дæр фæбæздзы- сты. Мæ мидæггаг дзаумæттæ акалдтон. Цалдæр бо- ны мын сæ Дзыцца раласын нæ бауагъта, фæлæ сæ абон сусæгæй феппæрстон. Скъоламæ дæр афтæмæй ацыдтæн. Цыма уæззау уаргъæй фервæзтæн, уыйау зæххыл нал ныдзæвын. Ме уæнгтæ срог сты. Цæмæ- дæр гæсгæ мæм тæхын цæуы. Цымæ ма мæ иннæ хæттыты хуызæн Цæрадзон йæ фæстæ фæуадзид?.. Сæрды-иу хъæугæрон дугътæ куы сарæзтам, уæд-иу алы хатт дæр мæ разæй фæци. Чи зоны, æмæ йыл ныр фæтых уон. Абон æй æртыккаг урочы фæстæ 140
Урсдоны былмæ ахонынмæ бæргæ хъавыдтæн, фæлæ нæ ахуыргæнæг скъолайы библиотекæмæ чингуытæм арвыста. Урокты фæстæ нæхимæ рацыдыстæм. Цæрадзо- нимæ скъолайы хæлдмæ баздæхтыстæм, Уалдзæджы ралæудимæ та дзы лæппутæ æмбырд кæнын райдыд- той. Хуссарварс къулыл æхцайæ фæхъазынц. Хæ- мæтхъанæн дзы æнæуæвгæ куыд ис. Бесæгъуыр, Мы- сырыхъо... Уæртæ цæйбæрц сты!.. Мысырыхъо та се ’ппæты дæр нымбулдзæн. — Фæлæуу, фæлæуу! — хъуысы кæйдæр хъæлæс. Мах сæм хæстæгдæр бацыдыстæм. Хæмæтхъан æмæ Мысырыхъо афтæ æнæвдæлон уыдысты, æмæ нын нæ бацыд дæр нæ бафиппайд- той. — Ныртæккæ ме ’нгуылдзтæ тынгдæр айвазон,— йæ хистæр æнгуылдз фæстæмæ атасын кæнгæйæ, сдзырдта Мысырыхъо. Ахæм даргъ æнгуылдзтæ лæппутæй иуæн дæр нæй. Æмæ æмбулгæ дæр афтæ кæны! Æхца къу- лыл ныццæв æмæ, кæимæ хъазай, уый æхцайы фарс- мæ куы абада, уæд — рамбылдтай. Йæ барæн—уы- дисн. Мысырыхъойы уыдисн та дæргъæй-дæргъмæ у. Ноджы ма йе ’нгуылдзтæн цыдæр кæлæнтæ ацара- зы æмæ та йын фæдаргъдæр вæййынц. Ныр дæр лæппутæ йæ алыварс æрæмбырд сты æмæ цымыди- сæй æнхъæлмæ кæсынц. Мысырыхъо дзæгъæлы не ’рурæдта хъазт, ногæй та дзуццæджы æрбадт. Кæс- тæр æнгуылдзæй Хæмæтхъаны суарийыл фидар ных- хæцыд, галиу къухæй та хистæр æнгуылдз уæли- йæутты æрбайвæзта æмæ тыххæйты йæхи ’хцайыл фæхæст. — Рамбылдта, рамбылдта! — схор-хор кодтой лæппутæ. 141
Ардыгæй та цалынмæ сæрд фæуа, уæдмæ æхцайы къæрцц нал банцайдзæн, сæ ныхмæ цыфæнды тынг куы дзурой, уæддæр. Цал æмæ сæ цал хатты асу- рынц, фæлæ та фæстæмæ æрбамбырд вæййынц. Дзыцца дæр мын «Скъолайы хæлдмæ» цæуынæй тынгдæр ницæмæй тæрсы. Хæсты размæ дзы скъола уыди. Гыццылтæ ма йæ хъуыды кæнын. Немыц фæстæмæ куы лыгъдысты, уæд æй фехæлдтой. Æнæхъæнæй ма æрмæстдæр йæ къултæ баззадысты. Хъæуы цæрджытæй бирæтæ уый тыххæи немыцы уæлдай карздæрæй фелгъитынц. Кæд, дам, æй хæлдтой, уæд æй бындзарæй фехæлд- таиккои æмæ дзы æгъдаухалæндон нæ байгом уы- Дайд.., — Цом нæхимæ,— дзурын Цæрадзонмæ, йæ дыс дæр ма йын райвæзтон, уæддæр мæ нæ хъусы. Æхцайæ хъазджытæм кæсын мæхимæ дæр хорз кæсы, фæлæ Дзыццайæ тæрсын. Исчи йын æй ра- дзурдзæн, къæхтæ æмæ йыл къухтæ бафтаудзæн, аф- тæмæй. Мысырыхъо агуыридурæй амад къулы рæбын æр- лæууыд. Æхцайы фæдтæ фылдæр кæуыл уыд, уыцы дзуры акомкоммæ йæ суари ныццæвынæввонг æрцæт- тæ кодта. Лæппутæ фембæрстой, уыдонмæ кæй æн- хъæлмæ кæсы, уый, æмæ фæйнæрдæм алæууыдысты. Йæ суари мæ тæккæ къæхты бын æрбалæууыд. — Æз нал хъазын,— сдзырдта Хæмæтхъан æмæ йе ’хцайы дзæгъ-дзæгъ йæ хæлафы дзыппæй ссыд. Мысырыхъо йæм багæпп ласта æмæ йын йе ’тæрт- тыл фæхæцгæйæ, загъта: — Афтæмæй дын нæ рауайдзæн!.. — Нæхимæ мæм æнхъæлмæ кæсынц... — Æрдæбонсарæй æмбулгæ куы кодтай, уæд куы ницы дзырдтай. 142
Мысырыхъойы ахæм мæстыйæ никуыма федтон. Æвæццæгæн, бирæ фембылд. Ноджы ма Хæмæтхъан йæхицæй кæстæр кæй уыд, уый та йæм бынтон хар~ дзау æркаст æмæ тынгдæр ууыл цæхæртæ калы: — Ныртæккæ хъазгæ, кæннод дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн!.. — Мæ бар мæхи нæу?!. — Нæу, нæу!.. Цалынмæ мæн фæнда, уæдмæ хъуамæ хъазай! Бамбæрстай?!. Хæмæтхъан дæр, чи басæтта, ахæм нæу. Цы ’хца рамбылдта, уымæн фембылдæй тæрсгæйæ, сæхимæ цæуыныл ныллæууыд. — Райсом та хъаздзыстæм... — Мауал мæ мæстæй мар...— ныллæгдæр хъæ- лæсæй сдзырдта Мысырыхъо. Хъуыддаг хылмæ асайдзæн, уый мæ уырнын рай- дыдта. Иу æмæ дыууæ хатты миййаг, куы нæ фæ- надтой кæрæдзийы лæппутæ æхцайæ хъазгæйæ. Мысырыхъойæ йе ’хца зæххæй сисын дæр æрбай- рох, афтæмæй Хæмæтхъаны дзыпмæ фæлæбурдта. Уый дзы йæ къух атъыста æмæ йæм нывналын ниче- рдыгæй уагъта. Мысырыхъо йын йæ дыууæ дæлармы ацахста, хæрдмæ йæ фелвæста æмæ йæ зæххыл ныц- цавта. Хæмæтхъаны зæнгтæ фæтасыдысты. Мысыры- хъо йæм йæ къах фæцарæзта, уæлгоммæ йæ афæл- дæхта. Уæддæр Хæмæтхъан йæ дзыпп не ’суагъта. Мысырыхъо йын дыууæ къухæй йæ цонг стон-стон кæны. Иуахæмы дзыппы пъæр-пъæр ссыд. — Мæ хæлаф мын аскъуыдтай!..— кæуын хъæ- лæсæй сдзырдта Хæмæтхъан. Мысырыхъо, цыма хъусгæ дæр ницы фæкодта, уый хуызæн, зæхмæ цы ’хцатæ ’ркалд, уыдон уидзын- мæ фæци. Хæмæтхъан йæ хæлафы скъуыд ауынгæ- йæ, ноджы тынгдæр ныккуыдта æмæ дур агурынмæ 143
фæци, фæлæ йыл лæппутæ фæхæцыдысты, Мысыры- хъойы йæхиуыл куы ардауа, уæд ма йæ нæмгæ дæр фæкæндзæн, зæгъгæ. Хæмæтхъаны цæссыгтæм кæсгæйæ, мæ зæрдæ куыддæр æрбауынгæг. Æз та ма дзы мæ маст рай- сынмæ хъавыдтæн. Тæригъæд у. Утæппæт лæппутæй йæ фарс мачи рахæцæд. Мысырыхъомæ чи хъуамæ бауæнда. Кæуылфæнды дæр дзы йæхæдæг фæтых уыдзæн. Ноджы ма йын йæ хæлаф дæр аскъуыдта. Сæхимæ йын хорз фæуыдзысты. Елмысха_ны цъæ- хахст та суанг махмæ дæр хъуысдзæн. Æмæ йын цы нæ зæгъдзæн: чъиуцæст æй схондзæн, дзæгъæлзад, зæгъгæ, йын бафидис кæндзæн... Мæгуыр йæ бон, иунæг батыхсæг кæуыл нæй. Дзыцца ахæмты «æнæ мæн у зæгъæг» фæхоны. Тынг куы смæсты вæййы, уæд нæ афтæ фелгъиты: «Æнæ мæн у зæгъæгæй баззайут!..» Ома нæ мад куыд амæ- ла, æмæ нæ иу дæр йæхицæй куыннæуал хона, афтæ. Æллæх, Дзыцца, дæ ныхæстæ куыд карз сты!.. Бæстон сыл куы ахъуыды кæнын, уæд мæ зæрдæ ба- ризы. Хуыцау ма зæгъæд æнæ мадæй. Кæмæ ма ба- хæссин мæ хъаст, зæрдæтæ ма мын-иу чи авæрид, йæ фæлмæн хъæбысы ма-иу мæ чи æрбалхъивид. Æнæ Дзыццайæ мæ иунæг боны цард дæр нæ хъæуы. Уæд ахуыр кæнын дæр мæ бон нал суаид: изæрæй ма-иу «фондз» райстон, зæгъгæ, цингæнгæ кæй размæ тæ- хин; хъæдмæ дæр нал ацæуин: ныййарæджы хуызæн ма мæ фæллой кæй цæсты сахадид. Цыфæнды рæс- тæг дæр Дзыцца мæ фарсмæ вæййы. Фæцудын мæ нæ бауадзы, æппæтæй растдæр зонд мын бацамоны. Куы нæ йæм байхъусын, уæд мæхæдæг фæсмонгонд фæ- вæййын, Дзыццайы та масты баппарын. Цас фыдæбæттæ федта! Мæ хистæр æфсымæртæ æртæйæ йæ цæстыты раз амардысты. Сыхы устытæ 144
уыдонæй æппæлынæй фылдæр не ’сты. Зауырбегæмæ Солтанбег иу къуырийыл амардысты. Дзуарæй. Не скъолайы директоры кой куы рауайы, уæд Дзыцца, алы хатт дæр арф ныуулæфгæйæ æнæсдзургæ нæ фæвæййы: — Тæхудиаг, йæ Зауырбег дæр Зауырбеджы йас кæмæн свæййы!.. Мæ райгуырдмæ лæппутæй иу дæр æгас нал уыд. Куы нæ фæцæрон, уымæй тарстысты æмæ мæ Дзы- гын уыцы тъæнджы мæйы (январы райгуырдтæн) хуыйы цармы батыхта, кæд мæлинаг у, уæд ныртæк- кæ амæлæд, зæгъгæ. Уыйфæстæ та Гæккæ райгуырд. Уымæн афтæ нал бакодтой, сылгоймаг, дам, алцæ- мæн дæр фæразондæр у, зæгъгæ. Уæдмæ Бæппу нæ агуыридур хæдзар арæзт фæци. Гъа, ныр цæрынмæ бавналдзыстæм, зæгъгæ, куы загътой, уæд хæст рай- дыдта. Йе ’фсымæрæй цалдæр боны фæстæ марды хабар сыхъуыст. Бæппу та, абон дæр кæм ис, уый бæрæг нæй. — Сымахæй ма æнæмаст дæн æмæ стыр хуыца- уæн — табу! — афтæ арæх фæзæгъы Дзыцца. Цæмæдæр гæсгæ Хæмæтхъаны бæсты мæхицæн тæригъæд кæнын райдыдтон. Кæм дæн, уыи мæ зæр- дыл æрбалæууыд æмæ Цæрадзоны басхуыстон. Ацы хатт мæ ныхасæн разыйы дзуапп куы нæ радта, уæд æм нал банхъæлмæ кастæн æмæ нæхимæ фæцагайд- тон. Дзыццайæн æй куы ничи зæгъид. Ай фыдбылы- зы бынат у. Мæ къах дæр æм никуыуал бавæрдзы- нæн. Чидæриддæр æм цæуæд, мæн дзы ницы хъуыд- даг ис. Цалдæр хатты дзы æхцайæ ахъазыдтæн. Æм- былд бирæ нæ фæдæн,— мæнмæ Мысырыхъойы бæрц æхцатæ нæй,— фæлæ Дзыццайæн стыр мæстытæ са- рæзтон... Хуыцау хорз, æмæ Дзыцца нæхимæ нæ разынд. 10 Уалдзыгон стъалытæ 145
æндæр ын цы загътаин, абондæргъы кæм уыдтæ, зæгъгæ, мæ куы бафарстаид, уæд. Цыдæртæ ахорд- тон æмæ «Мах дуг» кæсыныл фæдæн. Абон мын æй Елетхан радта. «Хъæбатырты кадæг» дзы мыхуыр кæнынц æмæ йæ, йæхæдæг куыд кæсгæ цæуы, афтæ мæнмæ дæр дæтты. Василимæ фæхылы фæстæ Сос- лæмбег сæ хæдзарæй кæм алыгъд, уырдæм куы ба- хæццæ дæн, уæд мæ цæссыгтæ нал баурæдтон. Гос- га мæм Дзыццайы хуызæн фæкаст. Æвæдза, мæн дæр Дзыцца афтæ агурид. Мадæй зынаргъдæр куыд ницы ис æмæ нæ хаттæй-хатт куыд æрбайрох вæй- йы!.. «Мах дуг» кæрæй-кæронмæ каст фæдæн. «Кæрæй- кæронмæ», зæгъгæ, «Хъæбатырты кадæг»-æй дзы цы хай уыд, уый. Цымæ иннæ чиныг та кæд рацæудзæн? Æнхъæлмæ кæсын мæ бирæ куы нæ бахъæуид... Тынг мæ зæрдæмæ цæуынц Дæбейы фыстытæ. Борзаты нæхи бинонты бæрц бауарзтон. Уæлдайдæр та Сос- лæмбеджы. Цæмæдæр гæсгæ мæм мæхи хуызæн кæсы. Мæ журналимæ Елетханты цурмæ ^ыххæццæ дæн, уæддæр, æрдæбон чысыл раздæр кæй бакастæн, уыцы хабæрттæ мæ сæрæй нæма хицæн кæнынц. — Куыд тагъд уыди? — дисхуызæй мæ афарста Елетхан. — Бакастæн æй,— дзуапп радтон æз. — Ныртæккæ мын постхæссæг иннæ номыр дæр æрбахаста. — Æцæг? Мæ фарстмæ гæсгæ ма йæ цы бамбарын хъуыд, тынг æм кæй æнхъæлмæ кастæн, уый. — Уæд та уал æй ды бакæс, мæн уæддæр ахсæв не ’вдæлы... 146
Уый, æвæццæгæн, æфсон ссардта, цæмæй йæ рай- сон, уый тыххæй. — Райсоммæ? — Куы йæ бакæсай, уæд æй æрбахæсдзынæ. Нæхимæ кæуылты тахтæн, уый дæр нал зыдтон. Суанг ма Бердтæй дæр фæуæле дæн. Афтæмæй мæ Сауимæ цæуын хъуыд. Фæстæмæ раздæхтæн. Хъуц- цытæ дзы бирæ хизы. Дзæбæх æрталынг æмæ Сауи дардмæ зын базонæн у. Сидæны кувæндон бæласы цур æй ссардтон. Дзургæ дæр æм ницыма скодтон, афтæмæй, мæн ауынгæйæ, йæ хизын фæуагъта æмæ мæ разæй араст. Цыппар фæндаджы астæу цы дынджыр акаци бæлас сагъд ис, уый цъуппæй бирæ хæттыты ракас- тæн. Уæлдайдæр уалдзæджы. Дидинæгæй урс-урсид куы адары, уæд сыхы лæппутæ йæ сæрæй дæлæмæ нал фæхизынц. Чызджытæ æмæ гыццыл сывæллæт- тæн, бæласмæ схизын чи нæ фæразы, уыдонæн æлæ- мы хуызæн зад цупæлттæ дæлæмæ фæкалынц. Хæ- рынмæ тынг адджын сты. Цыфæнды æфсæстæй дæр дзы «нæ» нæ зæгъдзынæ. Хистæртæ нæ тæрсын кæнын байдайынц, дидинджыты къусджыты, дам, бындзытæ ис æмæ уыдонæй уæ ахсæнты кæлмы- тæ сæвзæрдзæн, зæгъгæ, фæлæ сæм хъусæг нæ вæййы. Ацы акаци бæлас куы ныссагътой, уый ма Дзыц- ца хорз хъуыды кæны. Бæппу, Гадæцци, Сафонка, Алихан æмæ нæ сыхы иннæ лæппутæ (уæд ма лæп- путæ уыдысты) цыппар фæндаджы астæу лæууаг уыдысты. Изæрыгæтты-иу сæм цыма ардæм дзургæ фæчындæуыд, уый хуызæн-иу радыгай цæуын рай- дыдтой. Бæлас ныссадзын сæ зæрды уæд æрæфтыд. Йæ алыварс та йын бандæттæ сарæзтой. Фæстæдæр ардæм цæуын райдыдтой устытæ дæр. Уыдон та4 бо- 147
ныгон. Алчидæр-иу йæ кусинаг йемæ рахаста æмæ- иу райсомæй изæрмæ сæ рæстæг уым æрвыстой. Ныртæккæ та дзы лæппутæ æмæ чызджытæ æрæмбырд сты. Бæстæ сæ сæрыл систой. Чи дзы кæ- мæ хъæр кæны, уый бæрæг нал ис. Сауи дæр ма сæ рæзты цæуын нал уæнды. Дæрддзæфгомау æрлæу- уыд æмæ æнхъæлмæ кæсы, фæндаг ын кæд ратдзы- сты, уымæ. Уæдмæ йæ æз дæр сæййæфтон, æмæ та фæныфсджындæр. Кæрты йæ фæмидæг кодтон æмæ фæстæмæ раздæхтæн. Ахæм рæстæг хæдзармæ йæ къах кæй хæссы!.. Æваст фæсабыр сты. Æмбæхсджытæй ахъазæм, зæгъгæ, кæй дзыхæй ссыд, уый зонгæ дæр нæ бакод- тон, фæлæ се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ иу- уылдæр Цæрадзоны алыварс амбырд сты. Мæнмæ дæр фæдзырдтой. Мæдинæты цурмæ бацæуын мæ бæргæ нæ фæндыд, фæлæ æвиппайды æфсон ссарын нæ бафæрæзтон æмæ æнæбарыгомау Хадзыбечыры фарсмæ æрлæууыдтæн. Нымайæг Цæрадзон уыд. «Агла-догла» нымад æз та æндæрхуызон зонын. Цæ- радзон ма йæм цыдæр ног дзырдтæ бафтыдта æмæ не ’ппæтæн дæр худæджы хос фæци. Фæстаг дзырд кæуыл æрхауы, уый фырцинæй йæ бынаты скафы, цъындгæнæг кæй нæ баззайдзæн, уый тыххæй. Фыдæ- нæны хуызæн Мæдинæтимæ дыууæйæ баззадыстæм. Иннæтæ иууылдæр æнхъæлмæ кастысты, махæй кæй хал схаудзæн, уымæ. Кæдæй-уæдæй, мæн куыд фæн- дыд, афтæ рауад. Мæдинæтæн мæ цæст уый кæй федта. Ныр дзы мæ маст райсдзынæн. Цъындгæнæ- джы бынаты баззад æмæ йæ дзæвгар амæстæймарын хъæуы. Уадз æмæ мæ хæмпæлты ацагура. Æз ахæм ран бамбæхсдзынæн, æмæ мæ ахсæв-бонмæ дæр не ’ссардзæн. Уыцы нæвæндонхуызæй акаци бæласы бынмæ 148
бацыд, йæ армытъæпæнтæ йæ цæсгомыл сæвæрдта æмæ хъæрæй нымайын райдыдта: — Иу! Дыууæ! Æртæ!.. Лæппутæ æмæ чызджытæ фæйнæрдæм згъорын- мæ фесты. Æз иуцасдæр мæ бынатæй нæ фезмæлыд- тæн. Иууылдæр куы амбæхстысты, уæд æз дæр, ин- нæтæй мæ куыд ничи фена, афтæ мæхи кауы рæбын æрæмбæхстон, стæй хæмпæлты астæу хъæугæроны- рдæм згъорыныл фæдæн. — Ракастæн! Чи нæма бамбæхст, уыдонæн мæн аххос нæ уыдзæн!.. Ам мæ смудаг куыдзимæ дæр ничи ссардзæн. Хæмпæлты хустæ рауыгътон, иу ран сæ æркалдтон æмæ сыл мæхи уæлгоммæ ауагътон... Хæмæтхъан уал йæ разæй фæци. Цæрадзоны хъæр дæр ссыд. Акаци бæлас лæдзæгæй цалдæр хат- ты ныххоста, ома æз дæ разæй фæдæн, зæгъгæ. Мæ- йы цъæх-цъæхид рухс арвыл ныппырх. Йæ тынтæ ма суанг мæ цæсгоммæ дæр æрæххæстысты, мæ ри- уыл пырхытæй æркалдысты, мæ хæдоны æфсæйнаг цæппæртыл ссыгъдысты æмæ сын ахуыссыны хъо- мыс нал ис. Уалдзыгон стъалытæй хуыздæр мæм ницы кæсы. Сæрды цыма афтæ тынг нæ ферттивынц, зымæгон та сæ уынынмæ дæр нал фæбæллын. Уалдзæджы æппæ- ты рæсугъддæр стъалытæ нæ хъæуы сæрмæ æрæм- бырд вæййынц. Мæйрухс æхсæвты сæм кæсынæй нал фефсæдын. Фынæйæ дæр ма стъалытæм фæтæхын. Мæ къухтæ базырты хуызæн фæйнæрдæм фæхæссын æмæ бæлæстæ æмæ телыхъæдты сæрты фæцæйленк кæнын. Иуæй-иу хатт мæхи къалиутыл сцæвынæй фæтæрсын æмæ та уæд мæ цæнгтæ ноджы тынгдæр батилын, æрмæст мæ балцы кæроимæ иикуы ахæццæ вæййын. Фылдæр хатт æрдæгфæндагыл мæ фын 149
аскъуыйы, фæлæ ма хъалæй дæр мæ зæрдæ стъалы- тимæ фæдзуры. Иухатт Цæрадзонимæ æнæзонгæ машинæйы су- сæгæй куы абадтыстæм, уыцы хабар æрымысыдтæн. Кæдæм цыди, уый дæр нæ зыдтам, афтæмæй дзы цæхгæр фæзилæны, йæ тæхынæй кæм фæсабырдæр вæййы, уым багæппытæ кодтам. Махæй хъалдæр ма кæм уыди. Цыма мæ уалдзыгон стъалытæм ласта, афтæ мæм каст. Шофыры бынаты куы уыдаин, уæд æй ноджы тагъддæр аскъæрдтаин, цæмæй цæсты фæныкъуылдмæ Арыхъы рæгътыл балæууыдаик- кам. Уæвгæ уырдæм тагъд ныххæццæ стæм. Нæ хъæу ма гыццылтæ зынди. Нæ сых акацийæ ба- лыдтон. Иннæ бæлæсты астæу дардмæ дæр бæ- рæг дардта. Машинæ размæ згъордта æмæ згъордта. Шофыр фæстæмæ иу хатт дæр нæма фæкаст, æндæр нæм дзы афонмæ бæрæг уыдаид. Цæмæдæр гæсгæ мæ зæр- дæйы тас бацыд. «Кæдæм цæуæм? Кæд æрлæудзы- стæм?»—уыцы фарстатæ мæ размæ цæуын нал уагътой. Цæрадзоны цæсгом дæр цыдæр катай æв- дыста. — Хизæм? — сдзырдтон æм æваст. — Хизæм! — æнæахъуыдыгæнгæйæ дзуапп радта Цæрадзон. Нæ амондæн иуран фæндаджы бæрæг астæу къамбец слæууыд. Мах æй дыууæйæ дæр ауыдтам æмæ рагацау нæхи æрцæттæ кодтам. Машинæйæн æнæ фæсабыргæнгæ нал уыд æмæ Цæрадзонимæ уайтагъд рагæппытæ ластам. Суанг кæдмæ не ’схæц- цæ стæм нæхимæ. Стъалытæ, стъалытæ... Уыдон мæ кæдæм нæ аса- йынц сæ фæдыл... Æрыдоны уæвгæйæ дæр сæ арæх æрымысын. Го- 150
рæтырдæм цы фæндаг азилы, уый мæм стъалытæм тæхæн фæндаджы хуызæн фæкæсы æмæ алы хатт дæр, ууылты чи ацæуы, уыдоны фæстæ хæлæггæнгæ- йæ баззайын. Цымæ æз та кæд абæлццон уыдзынæн уыцы бæллиццаджы цæуæнтыл?!. Къаппа-къоппайы дидинæг æд мыггаг уæлдæфы тæхгæ куы ауынын, уæд уымæ дæр тæхуды фæкæ- нын. Цыма уалдзыгон стъалытæм схæццæ уыдзæн, афтæ мæм фæкæсы... Æмбæхсджытæй хъазджытæй иуы ныхас дæр нал хъуысы. Æвæццæгæн, сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Стъалытимæ дзурыныл фæдæн æмæ ахæм арф ран Мæдинæты фыдæнæн кæй бамбæхстæн, уый дæр мæ æрбайрох. Ардыгæй райсоммæ дæр фæхуыссин уæл- гоммæ, фæлæ мæм Дзыцца агурæг рацæудзæн. Фæл- тау нæхимæ цон. Тузиччы рæйын ссыд. Ахæм дзы мæнгард нæма федтон. Æмбары йæ, æз кæй дæн, уый, уæддæр хъуа- мæ йæхи исты хуызы базонын кæна. Æвæццæгæн, афтæ зæгъынмæ фæхъавы: фынæйæ мæ ничи æрбай- йафдзæн, хæстæгæй-хионæй уе ’ппæты дæр базон- дзынæн. Æцæгæлонимæ та æндæр æвзагæй дзурдзы- нæн... — Кæм дæ изæрсарæй? — хæрдмæ фæхаудтæн. Дзыцца тæккæ бахизæны лæууыд æмæ йæ талын- джы нæ федтон. — Æмбæхсджытæй хъазыдыстæм. — Уый раджы уыди!.. Дзыцца асинтыл йæхи фæллад уагъд æркодта. Æз дæр йæ фарсмæ æрбадтæн. Стъалытæ мæм ноджы ирддæр фæкастысты. — Ихæн дын нæу? — афарста мæ Дзыцца, мæ фæсонтыл йæ къух æрсæрфгæйæ. — Нæу. 151
— Афтæ рогæй цæуынафон нæма у. Рагуалдзæ- джы хъармыл æууæнк нæй... Дзыцца мын алцæмæй дæр тæрсгæ кæны. Цыма æцæгæйдæр мæнгæфсон дæн, уый хуызæн. Уагæры ма Агуыбейы хуызæн куы уаин. Куыройыдоны йæхи куы ныннайы, уæддæр æрбарынчын вæййы. — Дзыцца, цыма уалдзæг стъалытæ фылдæр вæййынц, афтæ дæм нæ кæсы? — мæ цæстæнгас ар- выл ахæсгæйæ, сдзырдтон æз. — Мæнæн уæлдай нæу. Уалдзæг дæр æмæ мæм зымæг дæр æртæ стъалыйы йедтæмæ нæ ферттивы. — Æмæ ныртæккæ нæ зыкынц? — Зынынц, Дзыццайы хур, зынынц... Мæнæ дзы иу мæ фарсмæ бады. — Æцæгæй зæгъын... — Æз дæр дын æцæгæй зæгъын. — Уæд иннæ дыууæ та? — Фынтæ уынынц... нæ хъæдын сынтæгыл. Æз Дзыццайы æцæгæй фарстон, уый та мæ хын- джылæг кодта. Мæ хуыссæны дæр ма мæ цæстытыл стъалытæ уадысты... Æвæццæгæн та мæ фыны уыдо- нимæ архайдзынæн... ХП Адæм хуым кæнын райдыдтой. Тагъд мах рад дæр æрхæццæ уыдзæн. Нæ гыццыл цæхæрадоны гал- тæн разилæн нæ вæййы æмæ йæ белæй фæкъахæм. Мæ армытъæпæнтæ стæппæлттæ сты. Бавналын мæ нал уадзынц. Æнцад бадыны бæсты хæмпæлтæ иу рачмæ æрæмбырд кодтон æмæ сыл арт бандзæрстон. Цæмæдæр гæсгæ фæздæджы тæфмæ стъалытæ æры- мысыдтæн. Уалдзæджы æрцыдимæ та нæ цæхæрадон фæ- 152
%^:::^Ш^>",>\ ^•'■л::;1.','.,.,.'.'!,":Г::! "I,',.'' &/''<!*/\/У\1<Щ П Ц-'\\ ■ .-:■ -"/,,., ШЪбч’'///. ,/,''/,Л'п,’ Ш>,1У//:р1,::. ,(//// • • I* »&■•■ %//; "5/лч/м1ы1ииЛ!& т цардхуыз. Нурытæ сæ цъæх-цъæхид фатбырынкъ сыфтæ æхсаргæрдтау хæрдмæ ныццарæзтой. Уыдон Дзыцца фæззæджы байтыдта, фæлæ сæ тагъд хъæ- дындзтæ дæр сæййафдзысты. Дзылакъуыйы судзин- тæ дæр та сæ сæртæ сдардтой. Уыцы хуым нын кæ- дæй нырмæ лæууы!.. Нæ гыццыл фæткъуыйы бынмæ
^ур нæ кæсы. Æмæ дзы Дзыцца кæддæр дзылакъуы- йы мыггæгтæ байтыдта æмæ та алы уалдзæг дæр но- гæй сзайынц. Бæлæсты къуыбар бонæй-бон стырдæр кæны. Ди- динæг калынмæ та не ’хсынцъы се ’ппæты разæй фæ-у уыдзæн, афтæмæй нырма йæ къуыбар дзæбæх нæма фæбæрæг. Цалдæр боны ма фæд-фæдыл хур ракæ- сæд, æндæр иууылдæр дидинæг фестдзæн. Не ’хсынцъы дидинæг акалдта, зæгъгæ — стъа- лытæ уæлдай тынгдæр æрттивын райдайынц. Æвæц- цæгæн, уалдзæджы æрцыдыл фæцин кæнынц æмæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг фæуайынц. Мæй сæм йæ дынджыр цæсты дзагæй ныккæсы, цыма сын афтæ зæгъынмæ фæхъавы: æнцад уæ бынæтты бадут, кæн- нод уæхи кæрæдзиуыл скъуырдзыстут æмæ фыдбы- лызы хаут. Ныр æцæгæйдæр стъалытæ кæрæдзийы куы скъуыриккой. Хæрзаг цæхæрæй бæстæ байдзаг уа- ид. Иу хатт мын Замирæт куыд загъта, афтæмæй стъалытæ тынг стыр сты, зæххæй дæр стырдæр. Зын баууæндæн у ууыл. Уæвгæ Замирæт гæды ныхас нæ зæгъдзæн. Сæ ахуыргæнæг сын æй дзырдта. Джер- мецыччы скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Бæласы бынæй Тузиччы рæйын ссыд. Афтæ æнæ- нхъæлæджы уыд, æмæ дзы мæхæдæг дæр фæтарс- тæн. «Æнцад», зæгъгæ, йыл фæхъæр кодтон æмæ уый дæр йæ къæдзил тилгæ лæугæйæ баззад. Кауы хуынкъæй акастæн æмæ æваст мæ зæрдæ- йы гуыпп-гуыпп ссыд. Зифæ йæ мадимæ фæцæйцыд. Тузикк дæр уыдоныл срæйдта. Нæ тæккæ кауырæ- бынты сæ цы хуыцау сардыдта? Æвæццæгæн, Агуы- беты куыдзæй тынгдæр тарстысты æмæ сæхи мах- мæ хæстæгдæр æрбайстой. Æнæхъæн хъæуы нæ сы- хæй хъыхъхъагдæр æмæ фылдæр куитæ никуы ис. Л54
«Куиты сых» дæр нæ дзæгъæлы нæ хонынц. Иуæй- иу хæдзæрттæ та дыгай куитæ дарынц. Æмæ сæ рæзты æдæрсгæйæ цæуын ничи уæнды. Кауырæбынты хъуызгæ-хъуызгæ сæ фæдыл ныу- уадтæн. Зифæ нæ хæдзармæ афтæ хæстæг никуыма ’рбацыд. Нæ сыхæй цалдæримæ иу къласы ахуыр кæны, фæлæ йæ уыдонæй дæр никуы никæимæ фед- тон. Хъæуы сæр цæрынц æмæ цалынмæ уырдыгæй ардæм цæуа, уæдмæ баизæр уыдзæн. Мæ зæрдæ йæ гуыпп-гуыппæй нал æнцайы. Цыдæр æхсызгон рæ- хуыст скæны. Уæвгæ Зифæйы фенгæйæ алы хатт дæр афтæ вæййы. Мæ риуы цавæрдæр зынг ссудзы æмæ ахуыссын нал фæкомы. Мæнæ та ныр дæр мæхицæн бынат нал арын. Сæ размæ ауайын мæ бæргæ фæн- ды, фæлæ мын мæ къæхтæ ныббасти. Агуыбеты куыдз æддæмæ йæ бæттæнтæ тоны. Зифæ йæ мады цонгыл фидар ныххæцыд æмæ йæ махырдæм ласы. Афтæмæй ма сыл Тузикк дæр куы сагъуыдаид... Нæ фæлæ цы нæуæндаг дæн. Мæ бынаты Бесæгъуыр сæ цуры балæууыдаид æмæ сæ куыдзæй баиргъæвтаид. Мæнæн та кауырæбын мæ зыр-зыр цæуы. Уæд та атæхин... Куыдзы рæйын фæсабырдæр. — Æнцад дын, зæгъын!..— хъуысы мæм Агуыбе- йы фыдымад Гуассæйы дзурын. Уæдмæ Зифæитæ дæр фæдæле сты. Æз цæсты фæныкъуылдмæ кæрты балæууыдтæн æмæ сæ фæ- дыл акастæн. Гадæцциты цурмæ ныххæццæ сты. Хуыцау хорз, æмæ Цæрадзон дуармæ лæууыд, æн- дæр сыл сæ куитæ амбырд уыдаиккой. Цымæ кæдæм цæуынц? Дзæлиготæй дæр куы фæ- дæле сты. Æмæ уыдонæй дæлдæр цæрджытæ нал ис. Æвæццæгæн, куыроймæ. Диссаг у, сæхи уынгты цæ- уылнæ ацыдысты, уый. Кæд, миййаг, Зифæйы ба- 155
фæндыд ауылты... Æндæр æй мæт дæр нæй. Йæ хын- цинæгтæ йын куы нæ рауайынц, уæддæр мæ никуы- ма бафарста, фæлæ дын ныр йæ мады мах рæзты куыднæ рахуыдтаид! Хынцинæгтæм тынг дæсны дæн. Суанг ма æндæр кълæстæй дæр ме ’рцыдмæ фен- хъæлмæ кæсынц. Куыддæр къласмæ бахизын, афтæ мæ алыварс амбырд вæййынц æмæ мæ фарстыты бын фæкæнынц. Фæлтау-иу мæ иннæтæй иу дæр куы нæ фæрсид... Зифæйы йедтæмæ... Тузикк мыл йæхи рахаф-бахаф систа. Цыма æр- дæбон æвиппайды кæй срæйдта, уымæй къæмдзæс- тыг у, æмæ хатыр курынмæ æрбацыд, уыйхуызæн. Уæвгæ аххосджын дæр цæмæй у?!. Мæ хуызæн Зи- фæйы алы бон куы нæ уыны, миййаг. Æцæгæлон адæймæгтыл та рæйын хъæуы. Æхсæвыгон дæр æмæ боныгон дæр. Уæдæ ма йæ хуыздæр куыст цы у?.. Уæлдайдæр нæ каумæ афтæ хæстæг чи ’рбацæуа, уы- доныл... — Цом нæхимæ,— Тузиччы фарс мæ дзабыры фындзæй басхойгæйæ, сдзырдтон æз æмæ мæхæдæг разæй араст дæн. Цæхæрадоны хæмпæлтæ сыгъд фесты. Цы иугай зынгтæ ма дзы уыд, уыдоныл къа- хæй скафыдтæн æмæ ахуыссыдысты. Мæ дзабыртæ фæныкæй нал зындысты, мæ къæхтæ зæххыл æрцагъ- тон. Тузикк фæтарсти. Иуварс агæпп ласта. Хæдæгай, абон клубы кино куы ис. Дзыцца мын æхцайæ зæрдæ бавæрдта. Астемыр киномеханик у æмæ та Хадзыбечыры æнæ билетæй бауадздзæн, фæ- лæ æз афтæтæ ахуыр нæ дæн. Раст зæгъын хъæуы, иуæй-иу хатт фæрсагыл балæсын. Рудзынг саст у æмæ дыл фæсте исчи куы схæца, уæд фæмидæг уы- дзынæ. Æрмæст дæ райдайæнæй кæронмæ æлхъыв- дæй бадын хъæуы, уымæн æмæ Астемырæй тæссаг у. Цалынмæ Джермецыккæй кино фæхæссынц, уæдмæ 156
бандæттыл арæх азилы æмæ æнæ билетæй чи ’рба- цæуы, уыдон феддæдуар кæны. Нырма кинойы райдайынмæ сахатæй фылдæр ис. Астемыр та алыхуызон цæгъдтытæ æмæ зарджыты пластинкæтæ æвæры. Суанг хъæуы бынмæ дæр хъуысынц. Дзæлигойæн кино йæ тæккæ кæрты куы ’вдисой, уæддæр æм нæ бацæудзæн. Хæстæй, дам, мæнæн мæ зæрдæ фæрыст. Астемыр та фылдæр хатт ахæм кинотæ февдисы. Ацы зарджытæ Зифæтæм дæр хъуысынц, фæлæ дын изæрыгон киномæ ма ’рцæуа. Æвæццæгæн æй сæхимæ нæ фæуадзынц. Адæм иугай-дыгай цæуын райдыдтой. Лæгтæ уæддæр сæ ахуыр нæ халынц. Бæхдоны ракомкоммæ дынджыр гæдыоæласы оын Оакъорд вæййынц æмæ, цалынмæ кино райдайы, уæдмæ сæ бынатæй нæ фе- змæлынц. Стæй, клубы дуармæ рухс ахуыссыди, зæгъгæ, сæ ныхæстæ æрдæгыл фæуадзынц æмæ ки- номæ згъоргæ. Астемырмæ мæстæй мæлгæ кæнын. Билеты фаг æхца кæмæ нæ разыны, уыдоны мидæмæ сусæгæй фæуадзы. Æрмæст ын авджы дзаг арахъхъ бахæсс. Афтæмæй алы ’хсæв дæр бирæтæ бацæуы. Уæлдайдæр гыццыл лæппутæ. Æз дæр ын иу хатт Дзыццайы су- сæгæй æрхастон. Нæ фæлæ йæ сæрмæ цытæ хæссы! Дзыццайæн æй чидæр радзырдта æмæ йæм фæсау- уонмæ хуымæтæджы хыл кодта. Уæдæй фæстæмæ арахъхъ æрхæссын никуыуал бауæндыдтæн. Уыйбæс- ты мын Дзыцца фæлтау йæ фæстаг капеччытæ рат- тыныл дæр сразы уыдзæн. — Мауал фæстиат кæнут!—радзырдта адæммæ Астемыр.— Ныртæккæ райдайдзыстæм. Лæгтæ сæ тамакотæ тагъд-тагъд дымыныл фе- сты. Радыгай зæххыл сæ цæхæр скалд. Æз дуары цурмæ мæ дзыпмæ февнæлдтон æмæ мæ билет агуры- 157
ныл сдæн. Уадз æмæ мын Астемыр мæ цæсгоммæ дзæбæх бакæса æмæ базона, æз йæ фырты хуызæн æнæ билетæй кæй нæ цæуын, уый... XIII Сæрдæн афтæ тагъд ралæууын æнхъæл нæ уыд- тæн. Цыма Замирæтимæ кусын куы райдыдтон, уый хæрзæрæджы уыд, афтæ мæм фæкаст, афтæмæй уæ- дæй нырмæ æнæхъæн афæдз агæпп ласта. Цас æмæ цас ивддзинæдтæ æрцыд мæ царды. Уалдзыгон стъа- лытæн дæр та мæ хæрзбон зæгъын бахъæудзæн. Но- джы мæлæты бирæ сты. Æвæццæгæн, уыдон дæр ма- химæ сæрдмæ бацæуынмæ хъавынц. Нæ, уыдон уалдзæгимæ райгуырдысты æмæ хъуа- мæ уалдзæгимæ цæргæйæ баззайой. Уæдæ уал хæрз- бон раут, уалдзыгон æрттивгæ стъалытæ! Иннæ аз та фембæлдзыстæм. Сымахмæ тæхдзынæн мæ фыны, сымахмæ бæлдзынæн мæ хъалæй, сымахмæ тæхуды кæндзынæн. Фенынмæ уал, уалдзыгон стъалытæ! Мах нырма бирæ хæттыты фембæлдзыстæм... 197 1 аз.
Музафер Созырикоевия Дзасохов ВЕСЕННИЕ ЗВЕЗДЫ Повесть на осетинском языке для детей среднего школьного возраста Редактор С. 3. X у г а е в Художник Г. 3. Чеджемов Худож. редактор У. К. Кануков Техн. редактор Ю. В. Гречишкина Корректоры В. Т. А й л а р о в а, В. Т. Дзодзикова Наборщик 3. М. Агузарова Печатник 3. .Г. К а р г и е в а
Сдано в набор 20-У1-1973 г. Подписано к печати Ю-1Х-1973г. Формат бумаги 60х84г/1б. Печ. л. 10. Усл-п. л. 9,3. Учетно-изд. листов 6,2. Тираж 2000 экз. Заказ № 1842. Изд. № 45. Цена 21 коп. Бум. тип. № 1. ЕИ 01826. Книжное издательство Управления по делам издательств, пс- лиграфии и книжной торговли Совета Министров СО АССР г. Орджоникидзе, ул. Димитроза, 2. Книжная типография Управления по делам издательств, по- лиграфии и книжной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.