Автор: Дауров Д.  

Теги: документальная литература  

ISBN: 5-87860-020

Год: 1994

Текст
                    = Дауыраты Дамир ==
1 уьшы гыццыа 1
1 СТЫРШ 1
1 ХЬШЫ I


840 Осет Д-27 В новую книгу писателя и журналиста Дамира Даурова вошли три документаль- ные повести. Первая из иих «Этот маленький большой человек Кубади Кулов» — о бывшем первом секретаре Северо-Осетинского обкома партии в 40-50-х годах К.Д. Кулове, прожившем яркую и содержательную жизнь. Для читателя большой интерсс прсдставляют воспоминания его соратников о встречах и взаимоотношениях К.Кулова с некоторыми крупными деятелями страны — Сталиным, Берия, Сусловым, Хруще- вым, Косыгиным, нашим дорогим Исса... Вторая повесть «Войлочная шляпа Харитона и соломенпая шляпа Хрущева» — о событиях тридцатилетней давиости. 0 том, как глава тогдашнего большого государства Н.С. Хрущев на одной из встреч пообещал Герою Социалистического Труда, знаменитому кукурузоводу Харитону Лндреевичу Ллбегову из Хумалага приехать к нему и сдержал свое слово. Автор и его герои размышляют, анализируют, пытаются показать увиденное тогда сквозь призму сегодняшнсго дня. И третья повесть «Живут в Сирии осетины» посвящеиа поездке автора в эту далекую страну, о его встречах с осетинами, там живущимй, об их горькой доле, об их неуемной тоске по земле своих предков — по Иристону... *** Автор выражает большую благодарность А.А, Кулову — директору Беслан- ского комбината хлебопродуктов N 1, М.М. Кулову — директору малого предприятия «Ирдин», В.С. Даурову — председателю кооператива «Комфорт» и сыну К.Д.Кулова Сослану за их помощь в выпуске данной книги. Д-27 Дауыраты Д. Уьтцы гыццыл стыр лæг Хъулаты Хъуыбады — Дзæуджыхъæу: РИА 1994 — 240 с. Дауров Д. Этот маленький болыиой человек Кубади Кулов Владикавказ: РИА 1994 т- 240 с. 84 Осет Формат бумаги 60x901/16. Бум.тип. №1. Гарн.шрифта таймс. Печать офс. Усл.п.л. 15. Усл. изд.л. 15. Тираж 5000 экз. РИО Госкомиздата РСО 362040 г. Владикавказ, ул. Джанаева, 20. Респ. книж. тип. им. В.А. Гассиева Госкомиздата РСО. 362011, г. Владикавказ, ул. ТельманаДб. Республиканское издательско-полиграфическое производственное объедине- ние «Адыгея», Министерства национальной политики, печати и внешних свя- зей Республики Адыгея. , 352700, г. Майкоп, ул. Пионерская, 268. к 4725024 _94 • УЗ (02) /^ч реклампо-|,3дательское агентство Госкомиздата ГСО- 1994 ISBN 5-87860-020 ^
зыны тыииып СТЫР Ш
0000000000000©0000О000000000000000О00 «Посвящается памяти моего друга Ахсара Артоевича Кулова». Дсе разагьды лсегтсе, ИРЫСТОН! ФЫЦЦЛГ ХЛЙ * Уыцы гыццыл Стыр лæг «Хьулаты Хьуыбадыиы æз нымадтон æмæ абон дæр нымаиыи ирои адæмы хьæбултæи сæ хуыздæртæи иуыл...» ÆГЪУЫЗАРТЫ.ÆХСАР, Цæгат Ирыстоиы адæмон фыссæг. М æн ацы уацау ныффыссынмæ сразæнгард кодтой дыууæ æфсоны. Ф ы ц ц а г: СÆРЫСТЫРДЗИНАД Мæ райгуырæн хъæу Хуымæллæгæй, цы разагьды лæгты дзы рацьтд, уымæй. Ссппæты тыххæй дын нæ дзурдзынæн, мæ зынаргь кæсæг, фæлæ дæм ратдзынæн, мæ хъæуыккæгтæ арæх иннæтæм кæй фæдæттынц, уыцы фарста: — Зæгь-ма, дæ хуыцаухатырæй, Ирыстоны сæргьы фылдæр кæцы хъæуы минæвæрттæ лæууыдысты?.. Кæд иу чысыл дæр къуылымпы кæныс дзуаппимæ, уæд дын мæхæдæг баххуыс кæндзынæн: — Хуымæллæгæй: Галазты Æхсар, Æгкацаты Владимир, Хъу- латы Хъуыбады. Æз дын сæ алфавитмæ гæсгæ ранымадтон, æнæуи та сæ иннæрдæм фæфæлдахын хъæуы, чи сæ куыд раздæр куыста, уымæ гæсгæ: Хъулаты Хъуыбады, Æгкацаты Владимир, Галазты Æхсар... Чи куыд лæгдæр у, йæ хорз хъуыддæгтæ фылдæр кæмæн сты, адæм
сГс кæмæй цы зæгьынц, зæгьгæ, сæ, уыцы хъуыдымæ гæсгæ куы æвæрай, уæддæр Хъуыбады разæй у нымады. Иннæ дыууæйæ уымæ гæсгæ раздæр æвæринаг чи у, уый зын зæгьæн у, уымæн æмæ Владимир рагæй нал кусы, Æхсарæн та йæ хуыздæр скæнинаг хъуыддæгтæ, Хуыцауы фæндæй, нырма разæй сты, адæм æмæ сын истори аккаг аргь скæндзысты. • Уыдзæн ма искуы æндæр исчи, цыппæрæм, мæ хъæуæй Ирысто- ны сæргьы? Зын зæгьæн у. Мæ иу хъæуыккаг хистæр Хуы- мæллæджы фæсивæдыл ныхас кæнгæйæ афтæ загьта: «Одна*мслочь пошла. Сæ фындзы бынæй дарддæр ницы уынынц»... Мæ тынг фæнды куы фæрæдииккам, уый. Фыссын куы сфæнд кодтон, уæд фыссæджы хиндзинад равдыстон: иу дæс-фынддæс адæймагмæ, бæлвырд кæй зыдтон, бæлвырд дзуапп мын ратдзæнис,. зæгьгæ, уыдонæй алкæмæдæр хицæнæй радтон зыбыты иунæг фарста: — Дæумæ гæсгæ Ирыстоны стырдæр лæгтæ читæ сты? Сæ фыццаг дæсы ма сын ранымай... Рагацау уын æй зæгъын: ну дæр мын дзы дæсмæ нымайгæйæ нæ бахæццæ, фыццаг æртæ-цыппар-иу тагьд-тагьд ракъæр-къæр код- той, стæй-иу дзыхълæуд фæкодтой, хъуыдыты-иу аныгьуылдысты, ныкъкъæзæнæг-иу сты, мæнæн-иу мæхицæй æххуыс агуырдтой, æвæццæгæн сæм афтæ каст, цыма дзуапп мæнæн мæхимæ рагæй цæттæ у. Уыцы дæс-фынддæс адæймаджы — ахуыргæнджытæ, мæ хæлар фысджытæ, хистæр фæлтæры минæвæрттæ — дыууæйæ фæстæмæ уæндонæй загьтой мæнæ ацы цыппар мыггаджы: — Хетæгкаты Къоста; Плиты Иссæ. Абайты Васо. Хъулаты Хъуыбады... Къостайы иууылдæр фыццаг бынаты æвæрдтой, дыууæ æви æртæ хатты Васо Иссæйы разæй фæцис... Дыууæ-æртæ мыггаджы ма дзы уыдис, æз уын сæ нæ зæгьын, уæхæдæг сыл акъуыды кæнут, кæд уæ фæнды, уæд сæ дæсы онг дæр схæццæ кæнут. Кæйдæр загьдау, мæнæн мæхион мæхи фæцис — Иры хуыздæр, Иры стырдæр æмæ разагъдыдæр лæгтæй^иуыл нымад у мæ ацы-уацауы хъайтар, мæ хъæуыккаг Хъулаты Хъуы- бады. Хъуыбадыйы чи зыдта, йæ рæстæджы чи цард æмæ чи куыста, фылдæр ахæм адæймæгты фарстон æмæ дзы алкæмæй дæр сæрмагондæй куырдтон, цæмæй мын ранымайой цы хъуыддæгтæ сарæзта Ирыстоны тыххæй, уыдонæн сæ сгьаудæрты. Чи мын дзы- иу фылдæр ранымадта, чи къаддæр, фæлæ ссппæтдæр, цæмæй мæн æнæмæнг бауырна, уый тыххæй дзырдтой уæндон æмæ хъæддыхæй: — Хъуыбады куы нæ уыдаид, уæд нæм абон мсдицинон институт нæ уаид, уый йæ саразын кодта, уый йæ ныууадзын кодта ам Хрущевæн... 5
— Къостайы нын цъыфы куы сæвдылдтой, уæд æй Хъуыбады раласта уырдыгæй 1939 азы — нæртон юбилей йын сарæзтæуыд. — Уæлæ ма ирон театры артистты бафæрс, чи сын байгом кодта сæ театр? — Цæлыччы къанауы дон кæй фæрцы рацыд? Хъуыбадыйы! Уый дзы йæхæдæг цал белгомы сæппæрста, уал хорзы дæ уæд... — Ирыстоны абон цал курорты ис? Сæ фылдæр Хъуыбадыйы рæстæджы байгом сты... — Цæлыккаты инæлары зарæг куыннæ фехъуыстаис? Уым Хъуыбадыйæн дзæгьæлы нæ арфæ кæнынц... Уыцы фæрнæйдзаг хъуыддæгты тыххæй æз бацархайдтон бæлвырд æрмæг ссарын, хорз мын баххуыс кодтой республикæйы архивы кусджытæ Дзиуаты Эльбрус, Зæйттаты Разстæ/ Сæрæлиаты Зарæ, уæлдайдæр Хъуыбадыйы бинойнаг Нинæ Васильсвнæ, сæрмагондæй сæ ныффыссын ис мæ зæрды. Уыдон, Хуыцауы ’фæндæй, бакæсдзыстут, стæй уæ базонгæ кæндзынæн йæ ахаст- дзинæдтæ нæ бæстæйы стырдæр лæгтæй иу цалдæримæ — Ста- линимæ, Берияимæ, Сусловимæ, Хрущевимæ, Косыгинимæ, нæхи Иссæимæ... Дыккат æфсон ацы уацау ныффыссынмæ: ХЪУЫБАДЫЙЫ УДЫ СЫГЪДÆГДЗИНАД. КУЫД АДÆЙМАГ, КУЫД РАЗАМОНÆГ. Æз уый раиртæстон, йемæ чи куыста, хорз æй чи зыдта, уыдо- нимæ ныхас кæнгæйæ. Бирæ мын фæдзырдта уый тыххæй йæ дзæбæх бинойнаг, йæ иузæрдион цардæмбал Нинæ Васильсвнæ. Æмæ уæд мæхицæн хæсыл банымадтон уый æнæмæнг ныффыссын, уадз æмæ адæм зоной æдзух нын мæн ныры хуызæн разамонджытæ кæй нæ уыдис, уый. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ æз мæхæдæг бафæлладтæн уыдонæн сæ чъизи, сæ дæлгоммæ митæй. Уæрæссйы. Ирыстоны. Мæхи Рахизфарсы. Тынг дис кæнын нæ адæмыл. Махмæ хицауадæн цытæ барынц, уый диссаг у, ирон зæрдæхудт сын тынг æххуыс кæны, æндæр ран сæ апп-уппы сисиккой, куыйты хæринаг сæ бакæниккой. Иу хистæр мын афтæ загьта: «Хъуыбадыйы фæстæ нæ рсспуб- ликæйы сæргъы иунæг Сыгьдæг адæймаг дæр нæма лæууыди!» Хъæддыхæй йæ загьта, мæ цæстытæм мын комкоммæ каст, домдта мæ, цæмæй мæн дæр уый фидарæй бауырна æмæ йæм фæстæмæ мауал сдзурон. Йемæ та быцæуы бацæуæн ис. Æркæсæм ма Хъуы- бадыйы фæстæ Ирыстонæн разамынд чи лæвæрдта, уыдонмæ, кæрæдзийы фæстæ сæ ранымайæм: Æгкацаты Владимир, Хъæбæлоты Билар, Одинцов, Дзасохты Алыксандр æмæ мæнæ ныр Галазты Æхсарбсг. Æгкацаты Владимир... Йæ рæстæджы æз скъолладзау уыдтæн, стæй та æфсады рæнхъытæм ацыдтæн, кæй зæгьын æй хъæуы, йæ хъуыддæгтæм ын мæ хъус нæ дардтон, ницы сын зонын, аргъгæнæг 6
сын мæ бон ныллæууын нæу. Æцæг уын æргом зæгьдзынæн: ацы æрмæгыл кусгæйæ дз кæимæ ныхас кодтон, уыдонæй дзы иутæ æппæлгæ кодтой, цннæтæ — фаугæ. Æнæуи цавæр лæг уьгди, йæ цæттæдзинад куыстмæ цавæр уыд, уый, мæ зынаргь кæсджытæ, бакæсдзыстут уæды Министрты Совс- ты сæрдар Баскаты Дзамболаты монолоджы. Æз мæхæдæг Валодяйы зыбыты иунæг хатт фсдтон Бсслæны, дæлæ Мæскуыйæ ссыди йс ’фсымæр Федыры хæрз сиахс, мæ дзæбæх хæлар Бызыккаты Валодя йæ хистæр лæппуйæн чындзæхсæв куы скодта, уæд, æз дæр дзы хуынды бахаудтон. Æрдæгбадт уыдыстæм фынгыл, афтæ нæм хæдзары нуазæнтæ æрбахастой æртæ лæджы, иу мын дзы, бæрзонд, ’фæтæнуæхск, зонгæ нæ уыд. Мæхинымæр уæдæ чи уа, зæгьгæ, ,фæлæ уæдмæ мæ хистæртæ сусу-бусу систой, уый, дам, уый æмæ уый у. Мæ цæстытыл ауайын кодтон иу арфæйы ныхасæй иннæ арфæйы ныхасы æхсæн Валодяйы партийы обкомы фыццаг секрста- ры къæлæтджын бандоныл, æмæ бирæ цыдæртæ фехъусæг, бæрзонд, къуырма æмæ гоби трибунæйыл ацы дынджыртæ арæзт, фæтæн армытъæпъæнджын лæджы. Уым, чындзæхсæвы, уæзданæй дзырд- та, фæлмæн мидбылхудт ын уыдис, фæлæ мын ныр куыд мысыды- сты, афтæмæй хъæрæй æмæ карзæй дзураг уыд, йæ хъæлæс æмæ йæ гуыры конды тас уыдис. Раст мæ бамбар, мæ зынаргь кæсæг, мæхæдæг ын ницы зонын, иухатт ма йæ зæгьын: аргъгæнæг ын нæ лæууын, кæд дзы æндæр исты зонут, уæд мын мæхимæ ныффыссут, бузныгæй дарддæр уын ницы зæгьдзынæн. Мæхæдæг æнæмæнг бацархайдзынæн йемæ сæмба^лын, йæ дзæбæх хистæр æфсымæр нæуæдзаздзыд Федыр нырма Хуымæллæджы цæры, сæ фыды хæдзары æмæ уымæн, стæй уый лæппу, мæ сабидуджы хæлар Мурзиккæн бабар кодтон, зæгьын, куыддæр ма Мæскуыйæ ардæм сæфта, уæд-иу мын^фехъусын кæнут. Зæрдæ мын бавæрдтой æмæ кæд, Хуыцауы фæндæй, не ’хсæн ныхас рауайа, æз та бацархайд- зынæн, цæмæй æргом ныхас рауайа, ууыл, уæд æй сымах дæр бакæсдзыстут. Ныр та уал банхъæлмæ кæсæм æмæ Хъæбæлоты Билармæ ра- хизæм. Æз Билары рæстæджы куыстон фæскомцæдисы æмæ пар- тийы райкомты æмæ ма хорз цы хъуыды кæнын, рох мæ цы нæ кæны, уый уын зæгьон. Чи зоны, мæ зынаргь кæсæг, мæ ацы хъуыдытæ дæ хъуыдытæ дæр сты. Алы ран дæр афтæ дзырдта, ораторон фæзилæн ын уыдис, уый нæ зонын, фæлæ-иу махмæ æрцæугæйæ йæ ныхас афтæ райдыдта: «Мæнæн уæлдаи æхсызгондзинаддæр хæссы Рахизфарсмæ æрцæуь*н»... Адæм æм хъусын уарзтой, дæсны дзырдта тынг, æз æм, цы йæ сусæг кæнон, уæды æрыгон партион кусæг хæлæг кодтон, уыцы азты /ныр æй бамбæрстон/ хицауад дæр æмæ адæм дæр æхсæнадон кусæгæн аргь кодтой йæ хъуыддæгтæм гæсгæ нæ, фæлæ куыд рæсугьд дзырдта, уымæ гæсгæ. Билары ныхасы рæстæг-иу зал куы мæсты ссис, куы та-иу худæгæй бакъæцæл. Чи йæ раивта, уыцы Одинцов дæр-иу æрцыд нæ районмæ, уарзта ардæм æрцæуын, тынгдæр цæмæн, уый 7
фæстæдæр зæгъдзынæн, фæлæ-иу куы æрцыд æмбырдтæм, кæнæ арæхдæр радон пленумтæм, уæд-иу фылдæр хъусæй лæууыд, уыцы тызмæг каст-иу кодта, трибунæйы та-иу гæххæттæй йæ цæстытæ нæ иста. Билар та къæр-къæр кæнгæ дзырдта, арæх пайда кодта зондамонæн ирон адæмон æмбисæндтæ æмæ, рæхойæг цыргъ ныхæстæй. Ссæдз азæй сæ фылдæр фæкодта уыцы гыццыл, хъазæнныхас уарзаг лæг. Биларæн дæр, куьтд адæймаг æмæ куыд разамонæгæн, аргь скæныны хæс æз мæхимæ нæ исын, мæнæй дæсныдæртæ ис, уыдон дзы загътой, стæй ма зæгъдзысты цы уыдис, уый, фæлæ дзы иу чидæр цы хатдзаг скодта, ууыл æз дæр разы дæн: «Билар йæ фæстаг 4-5 азы æгæр æууæндын райдыдта йæ алыварс чи уыд, уыдонæй кæу ыл дæрт ы. * Уыдон Сыгьдæг адæм нæ уьщысты, чъизи митыл схæцыдысты æмæ обкомы фыццаг сскрстары дæр цæсты бафтыдтой»... Биларимæ æз уæд, райкомы инструктор, никуы ныхас кодтон лæгæй-лæгмæ, фæлæ мын уый æрæджы бантыст-мæ айфыццаджы документалон уацау «Хæритоны нымæтхуд æмæ Хрущсвы шляпæ» куы фыстон, уæд. Тынг фæцыд мæ зæрдæмæ, уыцы хуымæтæгæй баззад, йæ хæдзары иунæгæй уыд æмæ æцæг æфсинау йæ уазæгыл батыхст, цъыс-цъысгæнаг хъайла мын акодта, нозты хуыздæртæй рахаста, нуазыны хæс та мæнмæ иунæгæй æрхаудта, кæддæр нæртон ирон фынгтыл арæх хистæрæн чи бадт, уыцы кадджын лæг дохтырты коммæ бакасти. Мæ дзæбæх фысым мын кæстæриуæг кодта, мæнæн та мæ хъусты зæлыдысты нæхи Иссæ ма æгас куы уыд, дæлæ йæм Ростовы мæ хæлар Æгьуызарты Саукуыдзимæ бацæуынæн ныфс куы ссардтам, уæд нын Биларæй куыд фсппæлыд, йæ уыцы монолог. Ивгъуыд фæззæджы, дам, мæ уæртæ хæхтæм сатæг Гуысырамæ ахуыдта, доны был мын-иу кусарт кодта мæ алы ссыды дæр, сидтæй сидты æхсæн æхсаргарды ком нæ цыди... Бирæ нын фсппæлыд Биларæй Махмуд Эссмбасв дæр. Уазæгуаты нæм сæмбгелд Беслæны уыцы курдиатджын лæг, уæды партийы райкомы сскрстарь Колыты Хадзымырзæ мæ гæды зæгъын нæ бау- аддзæн, æз сын фæсконцсрт кæстæриуæг кодтон. Хадзымырзæ дæр æмбисонды хистæр у фынгыл, уый, æвæццæгæн, нæ уазæг дæр бафиппайдта, нуазæнимæ сыстад æмæ йæ раныхасы æрымысыд Билары, уый, дам, куы басиды, уæд ахæм ныхæстæ ссары æмæ æнæбаназгæ нал вæййы. Кафаг лæгæн та бирæ нуазæн æмæ дзул бирæ хæрæн нæй. Никуы мæ фсрох уыдзысты Махмуды мæнæ ацы ныхæстæ дæр: «Мæхи Цæцæн-Мæхъæлæй мæнæн Ирыстон фылдæр фæци. Сгуыхт артисты ном дæр æз ам фыццаг райстон, цин дæр мыл ам фылдæр фæкæнынц. Билары хорздзинæдтæ кæд баффиддзынæн цымæ?» Уазæгуаты уæд æз Билары хæдзары цалдæр сахаты бæрц фæдæн, бирæ фæныхас кодтам алцæуылты, фыссинаг мын сты, бæрæг уыд йæ алыварс æхсæнадон цардмæ, республикæйы хъуыддæгтазм йæ хъус лæмбынæг кæй дары, уый, Галазты Æхсарбсгæй цы загьта, уый дæр чысыл дæлдæр бакæсдзыстут. Дзырдта Билар, æз ын 8
кастæн йæ фæллад цæстытæм æмæ мæ иу хъуыды цух нæ уагъта: «Н-ыр æй цымæ уыййас рæстæджы фæстæ бамбæрста йæ куысты фæстаг азты цы рæдыдтæ æруагъта, уый? Æмбары йæ, чи йæ раивта, уыцы «æрцæуæг æлдар» Ирыстонæн цы знаггæдтæ скодта, уый?...» Одинцовæй зæгъын. Йæ ном ныффыссынмæ дæр мæ къух нæ тасы, Одинцов — æндæр ницы. Билар мын йæ кой нс скодта, æз æй мæхæдæг дæр нæ фарстон, фæлæ йæхи ахастдзинæдтæ уæды сфæлдыстадон интсллигснциимæ куыд уыдысты, уый куы æрымысыд, уæд мын æхсызгонæй ракой кодта, æрæджы журнал «Мах дуджы» Æгьуызарты Æхсар цы мысинæгтæ ныммыхуыр код- та, уыдоны тыххæй, бакæс, дам, ма сæ, мæ кой дæр дзы ис. Æз сæ бакастæн æмæ дзы Билары кой цы скъуыддзаджы уыд, уый æнæхъæнæй мæхицæн рафыстон, искуы мæ, зæгьын, куы бахъæуа, уæд дзы спайда кæндзынæн. Æмæ, кæсут, бахъуыдис мæ. Мæнæ уыцы скъуыддзаг: «1987 азы сæрдыгон, изæрырдæм нæ горæты сæйраг уынджы фсмбæлдтæн профессор Мæхæмæтты Ахуырбсгыл. Уый мын стыр диссагæн радзырдта: — Одинцовæй рацыдтæн, йсмæ дзæвгар фæныхас кодтон, — Ахуырбег йæ цæстытæй бахудти, æрбакаст мæм æмæ йæ ныхас кодта дарддæр, — цыбырдзырдæй, æнæнхъæлæджы хатдзæгтæм æрцыдтæн. — Куыд дæм фæкасти? — афарстон æй æз. — Фа^лтау æм куы нæ бацыдаин. — Уагæры цы рцыди? — Цæугæ ницы... Хъæбæлойы-фыртимæ мæ ахастдзинæдтæ хорз зоныс, æвзæр уыдысты, тынг æвзæр. Фæлæ дын ныр зæгьдзынæн: Одинцов Хъæбæлойы-фыртæн æххуысгæнæгæн дæр нæ бæззы...» «Æрцæуæг азлдары» тыххæй мæ размæ дæр бирæ зæгъджытæ уыдис, фæлæ ирон æвзаг æмæ нæ фыдæлтыккон æгъдæуттп бын куыд бабырыд, уый тыххæй æз сæрмагонд уацау ныффыстон — «Трибунæйыл баст сæгъ». Æрæджы йæ «Мах Дуг»-мæ радтон, ныммыхуырæй мын зæрдæ бавæрдтой. Зæгъджытæ ма дзы уыдзæн мæ фæстæ дæр, чидæртæ йæм бахъав-бахъав кæнынц æмæ’уый раст у, уымæн æмæ уыцы Мæскуыйæ æрвыст лæг махæн æрмæст мæхъа^лимæ цы сарæзта, уый дæр сæрмагонд хатдзæджы аккаг у. Мæнæн ма мæхи зæрдыл хорз лæууы ахæм цау. Мæс’куыйм партийы Центрон Комитст йæ рады Пленумы æркаст критикæ и хикритикæйы фарстатæм, куыд-иу уыди, афтæ рахастой сæрмагонд уынаффæ, мах та йыл хъуамæ районты æрныхас кодтаиккам. Иу бон раздæр мæм райкоммæ фæдзырдтой: — Редактор! Æнæмæнг дæ раныхас кæнын хъæуы. Æцæг нæм дзы-иу иу чысыл «бадæтт» махмæ дæр. Уæлсйæ нæм æппæтæй стырдæр лæг уыдзæн æмæ нæ-иу цæсты ма бафтау, бацархай-иу... Цæмæй афтæ ма зæгъой сæ пленумы критикæ нæ уыдис, зæгъгæ. 9
Æвæццæгæн, мæнæн æгæр «архайд» рауад æмæ сæм дзы æгæр «дæттын» куы байдыдтон, уæд «стыр уазæг» Одинцов мæнмæ æрыхъусыны бæсты нæ фыццаг секрстаримæ сусу-бусутыл схæцыд, хатгай-иу дыууæйæ дæр æвиппайды тарст фыстау сæ сæртæ систой. Хъыг мын уыди. Меннæ хъыгтæ уый фæстæ райдыдтой: дыккаг æви æртыккаг бон районы ’хицауимæ цы «прямой» тслсфонæй баст уыдтæн, уый налкуыста, æнусмæ бамыр, уырыссагау мæм раздæрау мæ ном æмæ мæ фыды номæй нал дзырдта. Дзурын мæм райдыдта мæ мыггагæй, афтæ кодта хæрам-иу кæмæ фæцис, уыдонæн, цасдæры фæстæ та уæгъдгонд æрцыдтæн райкомы бюройы уæнгтæй, мæ куыст æмæ мын мсгъдаумæ ницы фау уыди, æндæр цыдæр æфсон ссардтой. Уымæй дыууæ æви æртæ азы фæстæ мæм йæхимæ фæдзырдта, мæ куысты цы мтаæнæг дæн, хорз мæ чи зыдта, обкомы ахæм секретартæй иу. — Мæнмæ гæсгæ дæуæн горæтмæ рацæуын афон у. Æгъгъæд ’ дын у районы. Бæрнондæр бынат ис. Кæд разы дæ, уæд ацу дæ фæллад уадзынмæ, стæй дæм æз бадзурдзынæн. Баныхас кодтам?.. Æз фæлладуадзынæй раздæхтæн, рацыд дыууæ мæйы бæрц, фæлæ мæм дзурæг нæй, уæдмæ уыцы бæрнон бынаты æндæр чидæр кусын райдыдта. Иуцасдæры фæстæ мæм обкомы уыцы сскретарь уæддæр æрдзырдта, дæлæ, дам, ма аэропорты фæзилæнмæ рацу, уырдæм цæуын, ныхасæн мæ хъæуыс. Бæрæг уыд, æфсæрмы мæ кæны, уый. ^Ёрцыди, фембæлдыстæм, мæнæ мын цы радзырдта: — Оди1щов немæ не сразы. Куыд сбæрæг, афтæмæй йæ усы хæлæрттæй иу сылгоймаг æгуыстæй задис. Ус йæ лæгæн ныллæгьстæ кодта, Одинцов та йæм хъусаг у æмæ уæд уьщы сылгоймаджы ныр дæ бынаты чи кусы, уый бынатмæ барвыста, уый та уырдæм... Сдзурæнтæ йæм нæй. Уый раст у, фæлæ йæм сдзурын дæр нæ уæндыдысты, йæхæдæг та æнæхин æмæ æргомдзырд кусджыты æфхæрын бирæ уарзта. Стæй кæсаг ахсын. Ацы фæстаг хъуыддаджы йын ахъазгæнæг æмæ фадæттæ аразæг ныртæккæйы хицауадæй бæлвырд чидæртæ уыдис, иу хуымæтæг кусæг ын уайдзæф бакодта Бруты кæсæгты цады был æмæ уый та йæ куыстæй фæтардтой. Æз уый тыххæй сæрмагонд æрмæг фысдзынæн мæнæ ахæм сæргондимæ «Одинцов кæсаг ахсын уарзта». Мæнæ уал дзы иу скъуыддзаг бакæсут: Дзуры совхоз «Брут»-ы раздæры хистæр кæсагдар Гуытъиаты Георги: — Пъамидор тонын афон уыди... Нæ директор Кæсæбиты Митя нæ æрымбырд кодта æмæ нын афтæ зæгъы абон, дам, нæм стыр уазæг æрцæудзæн. Æмæ нæ хæс бамбæрстам — æрцæуы нæм Одинцов, уымæ гæстге фæндæггæ бахуызæн кæнын хъæуы, хæмпæлтæ — ныггæрдын. Раздæр нæ зæххыл йæ къах æрбавæрдта йе рвыст лæг, йæ балц ын чи цæттæ кодта, уыцы лæгтæй иу — бæрнон кусæг. Æрцыди, лæмбынæг касти хъуыддæгтæ куыд цыды- 10
сты, уымæ. Мах, цымыдис адæм, уæды обкомы фыццаг сскрстары х&стæгмæ куы фениккам, зæгъгæ, лæууыдыстæм нæ хæдзарадмæ бацæуæны, хъæдтыл бадтыстæм, рæстæг ивгъуыйæн ныхæстæ кодтам. Уæдмæ фæссихор сси. Уалынмæ уæртæ кæцæйдæр фæзындис иу сау «Волгæ», мах уырдыгалæууыдыстæм, кæсæм, уæдæ цы уыдаид. «Волгæ» сабыргай-сабыргай, узгæ-узгæ æрбацæйхæццæ кодта нæ цурмæ. Разæй шофыр, фæстейы Одинцовы базыдтон, иннæйы — нæ. Мах загьтам ныртæккæ машинæ бауыромдзæн, обкомы фыццаг сскретарь нæм рахиздзæн æмæ нын нæ къухтæ райсдзæн, истæмæйты нæ афæрсдзæн. Иу чидæр нæ йæ армытъæпæнтæ йæ дынджыр фындзмæ дæр ма схаста, кæд, дам, мын кæсаджы тæф кæнынц æмæ сыл Одинцов,куы нæ барвæса. Цытæ дзурыс?! Кæсгæ дæр нæм нæ ракодта, нæ рæзты афардæг, мæнæ цыма тыгъд быдыры цыдис æмæ йæ алыварс цъиуызмæлæг дæр нæ уыд, афтæ. Цы йæ æмбæхсон: хъыг уыдис уый нсппæтæн дæр. Уа^плæй, уый ирон лæг куы уыдаид, уæд æнæмæнг рахызтаид, бафарстаид нæ цы хъуаг стут, ^\ цæмæй тыхджын стут, цæмæй уæм фæкæсæм. Уæвгæ нæхиуæттæй дæр бирæтæ уый нс мбарынц. Уæд та кусæг лæгæн иу тамакойы пачкæ балæвар кæн, кæннод ын исты рæсугъд ницы ныхас зæгъ... Уый дын йæ фыццаг æрцыд кæсаг ахсын бирæ чи уарзта, уыцы Одинцовæн. Уымæй фæстæмæ дæр-иу арæх уыд, бæлæгъы-иу æрбадти, дымгæ-иу æй уызта. Кæсаг ахсын ахæм стыр лæгæн дæр худинаг нæу, нæу, фæлæ йæ алы æрбахызт дæр нæ хæдзарады кæртмæ æппындæр зæрдæмæдзæугæ нæ уыд. Диссаг мæм кæсы абон дæр ма йæхи куыннæ уарзын кодта, уый. Мæнæ-иу цыма исты стыр плантатор уыдис æмæ йæ дæлбаруæвæг адæмы æхсæнты æрбацæуы,, раст йæхи афтæ дардта. Йæ иу æрцыд та йын мæнæ афтæмæй хъуыды кæнын. Нæ хæдзарадмæ бацæуæны ныккомкоммæ колхоз «Сæуæхсид»-ы пъа- мидорты хуымтæ уыдысты, цæтттæ афон дзы уым. быдыргæрон фæуæй кæнынц. Гъемæ та иу бон адæм уым æрымбырд сты æлхæнынмæ, чи асыккыл бадти, чи бедырайыл, æнхъæлмæ кастьт- сты агроном, Рубайты Виктормæ, сæхи сын бауаддзæни тонынмæ, стæй сæ сбардзысты, æхца бафиддзысты æмæ алчи йæ фæрныг хæдзармæ йæ фæндаг адардзæн, йæ зымæджы мæттæй та иуæй фæхицæн дæн, зæгьгæ, цин кæндзæни. Одинцовы æрвыст лæг, иу бæрнон кусæг, æрдæбон дæр ма дын йæ кой куы кодтон, уый та уым æрбалæууыд, пъамидордзаутыл уыцы тызм^ег хуызæй афæлгæсыд æмæ дын Митяйæн афтæ: — Ацы адæм ам куыннæ уой, афтæ... Одинцовæн цæстдзыдæй тарсти, æви цы, уый нæ бамбæрстон. Митяйæн та, мæгуыр, йæ бон цы уыди, уыдон уымæ не ’рымбырд сты, фæлæ уæддæр скатай, мæнмæ æрбауади æмæ мæ æххуысагур фæрсы: — Цæй, ныр ацы адæмæн цы бакæнон, Гсорги, тæрын мын сæ куы кæнын кæнынц, уæд? Æмæ сæ куыд атæрон?! 11
Æз дæр ын афтæ бакодтон, зæгъын, уыдон атæрынæн дын бар т\ радта, уыдон уæртæ æндæр хæдзарадмæ куы æрымбырд сты, æвзæрæй куы ницы кæнынц. Ды раст дæ, зæгьгæ, мын Митя бакодта. Уымæй куъг ницы рауад, уæд фæкомкоммæ сты иуварс чи лæууыд, уыцы хæлд комбайнмæ. Уал лæджы хъаруйæ йын аласæн нæй æмæ уæд кæцæйдæр трактор æрбакодтой, ахæцыдысты йыл. Дис кодтам уый та нсстыр уазæджы цы хъуамæ хъыгдара, зæгъгæ, æмæ йæ иуцасдæр нæ дзырдтой, стæй дын нын æрæджиау афгæ: — Ау, уый чъылдымæй йæ исчи куы рагæрах кæна, уæд та? Дзургæ ницы скодтон, фæлæ мæхинымæр: — Уый мæтæй исчи мæлы... г Афтæ фæцахуыр Одинцов Брутыщонуайæнтæм кæсаг ахсынмæ. Мæнмæ хъыг уый кæсы, æмæ хул, хйцау фæуьт, фæлæ иу бон лæгау адæмы цур ма æрлæу æмæ^аДæмимæ макуы аныхас кæн. Ныр, уал азы фæстæ та, мæсты уымæн кæнын æмæ, æвæццæгæн, уым йæ фæллад уадзгæйæ йæ сæры гуырыдысты ног хъæппæрисдзинæдтæ нæ ирондзинады ныхмæ. Уый уыдис 1984 азы. Уыцы аз кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, фæззæг йæ тæмæны бацыд, дыууæ донмарæны нын æнæ ахстæй баззади. 280 тонны æрцахстам, хъуыдис нæ 120 тоннæйы. Нæ кæсагдартæ Уæрæссйы кæсагдартæй цауддæр нæ уыдысты, æрмæст гыццыл цыдæр хъуаг уыдыстæм, фæлæ-иу Ирыстонмæ мах куысты фæдыл уазджытæ куы уыд, уæд-иу сæ æрмæст махмæ кодтой, цы равдыстаиккам æмæ сын цы радзырдтаиккам, уый нæм уыдис. Зондæй дæр æмæ тыхæй дæр фæстейы лæуд никуы уыдыстæм. Уымæй* размæ аз мах хорзæхджынгонд æрцыдыстæм Уæрæссйы Фсдсрацийы Цæугæ Сырх тырысайæ æмæ стыр æхцайы прсмийæ. Одинцов уый уынгæ да:р нæ фæкодта, никуы баздæхт мидæмæ... Уый ахицæн, уалдзæг та ралæууыд æмæ майы бонтæй иу райсом нæ хæдзарады ног хицауад скатай сты, ногæй та фæндæгтæ марзтам, хус къæцæлтæ къанæуттæм калдтам’’æмæ нæ алкæмæндæр æмбæрстгонд уыди: обкомы фыццаг сскрстарь та йæ цæрдæг фæсдзæуинтæ æмæ йæ даргъ æнгуыртимæ æрцæуы... 0, æмæ дын уый дзырдтон. Цы дыууæ донмарæны ма нын баззад, уьтдоны кæсаг иу донмарæнмæ батардтам æмæ нæхи сцæттæ кодтам ахсынмæ. Фæлæ æвиппайды уазалтæ ныццавтой, мит рауарыд, их бæзджын сбадти æмæ нæ куыст ныкъкъуылымпы ис. Уымæй чидæртæ фæпайда кодтой æмæ Митяйы йæ куыстæй систой, æбæрнондзинад, дам, равдыста, афтæмæй та йæм аххосы мур дæр нæ уыд. Цалынмæ Митя куысты уьтд, уæдмæ кусджытыл кæмæн куьтд æмбæлд, афтæ прсмитæ байуæрстой, цы дыууæ донмарæны ма баззад, уыдоны кусджытæй фæстæмæ. Уыдонæн та загъта: «Уалдзæгмæ ма бабыхсут, фæкæсут хæринагæй уæ кæсагмæ æмæ цы æрцахсат, уымæ гæсгæ уын фьтлдæр прсмитæ бафиддзыстæм». Сразæнгард сæ кодта. Уыцы кусджытæй иу уыд Къадзаты Гайоз дæр. Брутаг, йæхицæн мæгуыр лæг. Цы йыл æрцьтд Одинцовы тыххæй, уымæ ма байхъус. 12
Кусджытæ сæ афæдзы прсмитæ хъуамæ кæй тыххæй райстаик- кой, уыцы кæсаг, иу 150 тоннæйы бæрц, мах хъуамæ æрцахстаиккам мартъийы кæрон, рагуалдзæг, уæд кæсаг æнцондæр ахсæн вæййы, стæй йæ дуканигæстæ дæр зæрдиагдæрæй исьшц, уымæн æмæ сæфгæ нæ кæны, тæвды уайтагъд сæвзæр вæййы æмæ йæ уæд ничиуал фслхæны. Уыцы бонты мах иу хъуыддаг бафиппайдтам: обкомы фыццаг сскрстарь нæм нал цыди. Мах загьтам Митя нал ис æмæ уымæн. Абон дæр æй нæ зонæм, цæмæн ныл сивта йæ зæрда: уый, фæлæ уæдмæ чидæр зæронд над фæндæгтыл ацыд, Одинцовы лæмæгьдзинад базыдта, кæйдæр руаджы йын йæ зæрдæмæ фæндаг ссардта æмæ уæлдæр куыд загьтон, афтæмæй та майы мæйы иу райдзаст бон «Волгæ»-тæ узгæ-узгæ Бруты уынгты æрфардæг сты марзт фæндæгтыл. Чи у, уый дын нæ зæгъын, фæлæ-иу сæ фæстæ физонджытæ хæргæ цьт афтид водкæйы æвгтæ уагьтой, уыдон-иу кæсагдар хаста сæхимæ дзæкъулы дзæгтæй æмæ йæ ус кæмæндæр æппæлыд, дуканитæм, дам, сæ лæвæрдтам æМæ уыцы æхцатæй гæрзтæхсæн машинæ балхæдтам. Уыцы бон та Одинцовы хъахъхъæнджытæ, æртæ æви цыппар уыдысты, уый хорз нал хъуыды кæнын, фæлæ донмарæны алы къуымты æрлæууыдысты, хæфс-иу куы ныууасыд, уæддæр-иу фсстъæлфыдысты, хус хъамыл-иу куы ныкъкъæрцц кодта, уæддæр- иу хъустæ æмæ цæстытæ фсстадысты. Йрхæдæг-иу йæ бæгъгъæввад къæхтæ фадхъултæм доны ауагъта, æнгуыртæ-иу аппæрста, кæд-иу æрцахста, уæд-иу кæимæ нызта, уыдон сæ армытъæпа:нтыл нал ауæрстой æмдзæгьдæн... Дарддæр цы æрцыди, уымæ ма хъус. Кæцæйдæр фæзындис кæсагдартæй иу Къадзаты Гайоз æмæ ма йсмæ Кота, мæрдты рох мыл бахæцыд, йæ мыггаг ын нал зонын. Гайоз цыртæккæ æгас нал у, фæлæ йæ ус Софа хабæрттæ хорз зоны, уый дæр бафæрс. Цæргæ та кæны Бруты кæройнаг уынджы,.дæлæ паддзахадон фæндагыл куы ныццæуай, дзыхъхъ кæм сраст кодтой, уым рахизырдæм куы фæзилай, Мамайты цурты, уæд уым фæндзæм æви æхсæзæм .хæдзары. Колхозы сæрдар Муради рахизырдыгæй цæры, Гайозитæ та сæ бакомкоммæ. Гъс-мæ уыцы бон Гайоз Одинцовмæ комкоммæ бацыд^ уырысса- гау цæстæ зыдта, фæлæ йæ фæрсы: , — Ты получасшь зарплата? Одинцов, дам, йæ сæрæй бакуывта, фæлæ дзургæ ницы скодта, йенгуыр дарддæр баппæрста. Гайозæн цы фæхъыг, хуыцау йæ зонæг, фæлæ та, дам, фидарæй загъта: — Вот здссь мой зарплата! Здссь нсльзя ловить. Æмæ донмарæнмæ йæ амонæн æнгуылдзæй ацамыдта. Уæдмæ йæ уæлхъус алæууыдысты Одинцовимæ чи æрцыд, фи- зонджытæ чи фыхта, уъщы сырхцæсгомджынтæ æмæ йæ фæрсынц: 13
— Ды уый чи у, уый зоныс? Æмæ хицаумæ бацамыдтой. — Зонын, зонын... — Ма кæ, нæ зоныс... — Зонын, зонын!.. Уыцы ныхæсты фæстæ Одинцов йс’нгуыртæ хъамылтыл банцой кодта, йæ хуылыдз бæгъæввад къæхтæ дзабырты фæтъыста æмæ дæлæ араст. Фæтæргай. Хæдзарады ног хицау дын уый фсхъуса, цы! Стыр мард ыл æрцыди. , Уыцыиу тахт ныккодта æмæ Гайоз йæ куыстæй тард æрцыдис. Нал нæ хъæуыс, æмæ ахицæн, уæлдай фарстатæ дæттæн нæй! Партбюро дæр дзы нал разынд, профком дæр афтæ, Гайозы сæрыл ничи рахæцыд, цæй тыххæй тард цæуы, уый зонын никæйы хъуыд, уæд та дзы расыг уыди, зæгъгæ, исчи куы загътаид æфсонæн. Адæм алы ныхæстæ кодтой. Бонтæ рацыд æмæ æз иу^ бон Гайозы сæ дуармæ бадгæ баййæфтон æмæ йын афтæ зæгъмн: — Гайоз, ды мæнæй кæй бамбæхсай, уый дæхи дæр нæ хъæуы. Куыд уыд хабар, уый ма мын радзур... Мæнæ дын æй æз куыд радзырдтон, афтæ мын æй радзырдта йæхæдæг дæр! — Расыг кæд уыдтæ, мыййаг, Гайоз? — Æз ницы уыдтæн расыг, уыцы бон иннæ бонтæй хъауджыдæр нозт мæ дзыхмæ дæр нссхастон, афтæ раджы никуы нызтон... — Зыдтай йæ Одинцов у уый? — Зыдтон æй Одинцов уыдис уый... Мæнмæ хъыг уый фæкасти æмæ мах ам дзæгъæлдзу кæсагахсджытимæ тох кæнæм, уыдон та куы уыной иутæн ис гæнæн, иннæтæн нæй, хицау уа — ма уа, уæд семæ зын дзурæн вæййы. Хицæуттæ ам арæх вæййынц æмæ мын уæд иннæтæ дæр комкоммæ бакъæрцц ласынц: «Уæртæ уал уый атæр, стæй мах нæхæдæг ацæудзыстæм». Донмарæнтæ хъахъхъæнын, уæлдайдæр ацы мæгуыр рæстæг зын у, иутæм дзы лæгьз ныхас хъары, иннæтимæ та хыл хъæуы, иутæ дзы нæмыныл дæр нæ ауæрдынц. Кæмæдæрты дзы нымады дæр нæ вæййы Гай- озмæ уайдзæф æрхаудзæн-нерхаудзæн, йæ куыстæй йæ сурдзысты... Уæлдай сын нæу, æрмæст севзæр гуыбынтæ бафсæдæнт... Гъе уыдон дын Гайозы ныхæстæ. Æрæджиау ма кæмæ бахъард- зысты, йæ рæстдзинад ма йын чи бамбардзæн, чи равзардзæн, фæлæ цы æрцыдис, уымæн раздахæн нал ис: нæ хуынд лæг, нæ кадджын уазæг Одинцов æгадæй тард æрцыдис кæсæгты цурæй. Фæлæ, куыд фæзæгьынц, æвæццæгæн, хуыцау дæр ис: рацыдис иу цалдæр боны æмæ кæсагыл схæцыдис низ, тынг æбуалгь низ. Уыцы дыууæ донмарæны кæсаг иу ран æгæр бирæ рæстæг кæй фссты, чи зоны, сæ уым уагьтой. уымæн æмæ обкомы фыццаг секрстарь æнцонæй ахса, ныппар æнгуыр æмæ та — кæсаг. Ноджы 14
сæм холлаг дæр фаг нал хæццæ кодта, стæй раджы кæй рауалдзæг, * уый сын сæ уæнджы тых асаста. &ссаг скатай, йæхи былтæм калын байдыдта. Ай цы. хабар у, зæгъгæ, ныхас ахсслиу чидæр, дам, хæдзарадæн, з,наггад æрхаста, кæсаг цыдæр æнаккаг маргæй бабын кодта. Фа^лæ никæйы бон уыд зæгъын уыцы дыууæ донмарæны кæсаг, дыууиссæдз гсктары фæзуат, цæмæй бабын кæной, уымæн марг цас хъæуы, уый. Иу машинæ, дыууæ, фондз... Бæлвырд пичи ницы зыдта. • Хистæр кæсагдар Гуытьиаты Гсорги æмæ кæсагдар Фидараты Хадзы- мурат дис кæнынц низы хъæдыл: кæсагæн йæ цæстытæ рабырыдысты, ныхъхъоппæг сты, йæ систæ æмбийынц æмæ хауынц, йæ фæрстæй йæ тъæнгтæ зынынц. Сбæрæг æй кодтой: уый уыдис краснуха. Ацы низ фæзындис канд махмæ Бруты нæ, фæлæ ма кæсаг кæмæн ауæй кодтам, уыцы колхозты æмæ совхозты дæр. Хъахъхъæдурæй фæстæмæ. Кæсагмæ-иу мах микроскопæй куы ныккастыстæм, уæд-иу йæ буары иууылдæр сыстытæ бæз-бæз кодтой. Уыцы хабæрттæ, кæй зæгьын йæ хъæуы, Одинцовмæ дæр фсхъ- уысыдысты æмæ махæй йæ бынат да^лæ Хъахъхъæдурмæ аивта. Амы донмарæнты хицау æрæджы Джсоргуыбайы бонты машинæйы нып- пырх ис, рухсаг уæд, фæлæ уый лæппутæн æппæлыди, ныр та, дам, Одинцов мæ донмарæнтæм æрцæуы, вæййы урс трусиччы, йæ фарсмæ æрывæры чысыл тсрмос уазал коньяккимæ, ахуыпп дзы кæны æмæ та æнгуыр фсхсы. Гайоз мын уæд сæ дуармæ афтæ зæгъм, уыцы Одинцов, дам* йæ куысты у паддзах, æз та мæхи куысты дæн паддзах. Æз уыцы ныхæстæ куы фехъуыстон, ныртæккæ Гайоз мæрдты ис, хуыцау ын бахатыр кæнæд, рухсаг уæд, уæд мæ зæрдыл æрлæууыд Калинины тыххæй мын цы радзырдтой, уый. Хъус-ма йæм... Иу ахæмы Калинин хæсты размæ Мæскуыйы мстрокъахджытæм бацыд. Калинин цавæр лæг уыди, уый мах нсппаггдæр зонæм, хуымæтæг, уæздан, адæм æй бирæ уарзтой. Мæнæ Беслæныхъæуы Ханайты Гаппойæн та уыди йсрдхорд, кæддæр рсволюцийы размæ дæр иумæ куыстой, -стæй архайдтой, цæмæй рсволюцийы хъуыддаг иу гыццыл чысыл размæ тагьддæр рацæуа, ууыл.Гаппо цардис æз кæм цæрын, уыцы уынджы, Фыццæгæм Майы номыл уынджы... Калинин æрбацыди метромæ кæйдæртимæ, адæм сæ тæккæ кусгæйæ уыдысты. Уыдонæй, иу кусæг уыди Елтараты Бсслæн, Емаусы цæрæг, фæлæ кæддæр афтыд сызгъæрин къахæн бынæттæм, цардагур уырдæм йæхи айста, йæ ус та уыди Фæрнион... Метромæ æрбацæуджытæ хуыздæр кусджыты агуырдтой... Уыцы заман та алы куыст дæр кадджын уыд, кусæджы нымадтой, стæй хорз кусæджы хорзыл нымадтой, ныртæккæ та хорз кусæджы ны- майынц æвзæрыл, æвзæр кусæджы та хорзыл, ныхас хæс хицаумæ, . уый йсдтæмæ дæуæй хуыздæр лæг нал уыдзæнис. Уæд Калинин бирæ кæймæдæрты æрбацыдис, журналисттæ дæр дзы уыдис, къамисджытæ æмæ æрбахæццæ ис Бсслæны цурмæ, къахта къул. Йæ дзæбуджы мотор гуыв-гуыв кæны, дæрæн кæны,
лæгæн йæ хид1 фемæхст, ницы уыны, фæстæмæ дæр нæ кæсы. Калинин æм бацыд.æмæ иæм фæстæрдыгæй дзуры: — Дæ куыст куьтд цæуы, лæппу? Бсслæн æм ракаст, махтыхуызæй, тарæрфыгæй, æмæ йæ чи фæхуыдта, хуыцау йæ зонæг. Калинин хъæздыг дзаумæттæ никуы дардта, хуымæтæг дарæсы цыд, мæнæ хъæуыккаг лæджы хуызæн уыди. Беслæн Калининæн æвзæр ныхас загъта, дзадджын уырыссаг æлгъыст ныхас, ахъуыдты, дам, у ардыгæй, зæгъгæ йын къухæй ацамыдта. Нæ йæ базыдта, уымæн æмæ йæ никуы фсдта. Азылди æмæ та йæ куыст кæны, уый та домбай лæг уыд. Калинин æй, æвæццæгæн, бамбæрста, бахудти, йæ сæр батылдта æмæ дарддæр ацыди. Куыддæр ацыди, афтæ Бсслæнмæ базгъордтой йсмбæлттæ æмæ йæ фæрсынц: — Уыцы æвзæр ныхас кæмæн загътай, уыцы лæг чи уыдис, уый базыдтай? — Æмæ ам адæмæй фылдæр чи цæуы, ссппæты зонын мæ хæс у? — Уый «адæмæй фылдæр» нæу, — ныддис кодтой йсмбæлтта,*, — фæлæ уыди Калинин... — Калинин уыдис?! — ноджы тынгдæр та ныддис кодта Бсслæн æмæ æнкъардæй йæ къухтæ æруагьта. «Уæдæ уæд мæ хъуыддаг хорз нæу, — хъуыды кæны йæхинымæр, — æнхъæлдæн æмæ къæппæджы бахаудтæн»... Изæры сæхимæ куы æрбацыд, уæд йæ бинойнагæн загъта: — Мæныл абон стыр рæдыд æрцыдис... Æмæ мыл исты куы æрцæуа, уæд-иу Ирыстонмæ аздæх, сидзæрты-иу дæхæдæг хæсс. Дыккаг бон райсомæй хæргæ нæ бакодта, дон дæр нæ банызта фырмæтæй, афтæмæй куыстмæ рацыд. Уалынмæ йæм чидæр æддейæ æрбахъæр кодта: — Елтараты Беслæн ма æддæмæ рацæуæд! Бамбæрста йæ Бсслæн «сæфты рæстæг» æрцыдис, уый. Рацыд æмæ йын æнæзонгæ лæппу-лæгтæ загътой: «Дæ дзаумææтæ аив, мах хъæуыс, немæ ацæудзынæ».., Раивта йæ дзаумæттæ, машинæйы сбадт æмæ йæ дæлæ фæласынц, Бсслæн æнхъæл уыдис — ахæстонмæ. Фæлæ йæ баластой... Кремлмæ. Цалдæр райдзаст залы. сæрты бахызтысты æмæ знон цы лæджы ралгъыста, уыцы лæджы цурмæ йæ бакодтой. Уый йæм сыстади, йæ размæ худгæ рауади, рæсугьд фæлмæн ныхæстæ йын загьта, бафарста йæ йæ бинонтæй, йæ къабæзтæй, фæлæ уæддæр неууæнды Бсслæн. Калинин сгьау стъолы æрттиваг лагьз раласта, цыдæр дзы систа, Бсслæны цурмæ бацыд æмæ йын йæ .риуыл ныссагьта.... Ленины орден. Стæй йын йæ къух райста æмæ загъта: «Ныр та мæнæ ацы дыууæ лæгимæ ацу æмæ дæ кæцырандæриддæр фæнды, уым дæхицæн цæрæнбынат бацагур... Махæн нæ егьау паддзахад дæ хуызæтты фæрцы домбай кæны»... Уыцы дыууæ лæджы та йæ уыцы машинæйы раластой, фæракæ- бакæ йæ кодтой, стæй йын загьтой: «Мæнæ амæй рæсугъддæр ран 16
нæй Махкуыйы», Крсмлмæ хæстæгæй цыппаруатон хæдзары æрцæрын кодтой.;.Гъе афтæмæй уæртæ нæхи смауцаг ирон лæг Мæскуыйы бæстастæу йæ бинонтимæ æрцард, æвæццæгæн дзы Фæрнион æртæ чъирийы акодтаид, сæ бынаты хицау ном дзы хъуамæ ссардтаиккой, сæрмагонд сидт та рауагътаиккой Калинины цæрæнбоны тыххæй... Мах та абон уыцы дыууæ лæджы, Калинин æмæ Одинцовы, иу ран куы æрæвæрæм, уæд, мæнмæ гæсгæ, уыдзысты Псхуымпар æмæ мæнæ Чырыстийы чи ауæй кодта Иуда Искариот, гъс уый хуызæн. Æмæ ма бакæсут: Елтары фырт кусгæ кусын Калининæн йæ мады ралгьыста, Гайоз та Одинцовæн уæзданæй афтæ загъта ам, дам, кæсаг ахсæн нæй, мæ мызд доны бын ис. Уыцы сахат Гайоз йæ куыстæй тард æрцыдис... Гъс уым рæстдзинад цас ис, уый кæсджытæ сæхæдæг равзарæнт... Уыцы Одинцов Ирыстоны кæсаг фæахста цалынмæ йæ йæ ку- ыстæй нæ систой, уæдмæ. Фæлæ уæддæр нæ базыдта, ныр та æппындæр нал базондзæн уый тыххæй иу мæгуыр æнаххос лæджы йæ куыстæй кæй систой æмæ зæрдæниз кæй райста, уый. Уый дын Гайозы бинойнаг Софа бæлвырддæр радзурдзæн... КАДЗАТЫ СОФА, нырма æрыгон сылгоймаг, фæдис кодта мæ курдиатыл, цымыдисдзиинады уылæнтæ фæзындысты йæ цъæх цæстыты, комкоммæ мæм ныккаст, æвæццæгæн, загьта, ай та ма дзы кæцы у. Æз фарстон, уый мын уæзданæй дзуæппытæ лæвæрдта, фæлæ йын сæ æз цыбыр монолоджы хуызы ныффыстон. — Æмæ ма уал азы фæстæ мæ мойы хабæртттæ кæй бахъуыды- сты?.. Цы бон æй ратардтой куыстæй, уæд йæ фæдыл куыдз срæйæг дæр куы нæ фæцис. Афтæ дзырдтой, уыцы Адинцов, дам-иу, мæнæ мах рæзты ардæм цьтдис, фæлæ йыл мæ цæст ниикуы æрхæцыд. Цæмæн мæ хъуыд? Ныртæккæйы хицауады лæг цас къаддæр уына, уыййас хуыздæр. ш Хъуыддаг та афтæ уыд... Уыцы бон, кæд ма исты зонын, уæд нæ хæдзарæй зæрдæрухсæйæ ацыд, изæры та зæрдæрыстимæ’ ссыди. Зæгььтн, цы хабар у. Æмæ, дам, мæ мæ куыстæй ратардтой. Куыд дæ ратардтой? Æмæ, дам, иу лæг мæ донмарæны цур бæстон сбадт æмæ нын нæ нымад кæсæггæй ахста, бацыдтæн, дам, æм æадæ йæ фæрсын: «Хорз лæг, дæлæ доны хуылфы мсхцатæ ис, уый зОныс?» Иронау æм дзырдтон, куы нæ мæ æмбæрста, уæд та йын уырыссагау цъæррæмыхстытæй мæ хъуьтды бамбарын кодтон. Уый дзургæ ницы скодта, фæлæ фæтæргай, йæ дзаумалтæ æмæ йс нгуыртæ уым ныуу- агъта æмæ рацыд... Рацьтд æмæ мæ директорыл сардыдта. Уыи та мæ мæ куыстæй ратардта, ды, дам, мах кусæг нæ дæ, нæ нæ æмбарыс». Куьтд, сбæрæг, афтæмæй уьтцы лæг обкомы фыццаг сскрстарь Адинцов разынд. Æмæ, дам, æз цæмæй хæйрæг уыдтæн, мæхи æмæ мсмбæлтты премийы æхцатæ уыцы донмарæны уыдысты æмæ уыдо- ньтл мæт кодтон. Ног хæдзаргæнæджы нæ зоныс?! Цалдæр боны нæ хæдзары къæсæрæй дæр нал ракаст, йæхи дæр ын ничи агуьтрдта. Тыхсы, уый æмбæрстон æмæ йын æз дæр цы 2 Д.Х. Дауров 17
акодтаин, зæгьын, дирсктормæ бац æмæ дзы хатыр ракур, Адинцов уыди æви хæрæджы дымæг уыди, уымæн цы зыдтай?! Нæ бакуым- дта, йæ сæрмæ йæ нæ хаста. Уæд та, зæгъын, уыцы Адинцовмæ ссы, хæргæ дæ нæ бакæндзæни,- радзур ын æмæ дын фснцондæр уа, дæхимæ хъусыныл куы фæдæ. Мæ лæгъстæ мын ницæмæ æрдардта, уый хыгьд мæстыгæр кæнын райдыдта, йæ армытъæпæн-иу зæрдæйы сæрыл ныффæлдæхта... Æмæ иын кæй аххос уыд, уыцы æнæхаиры донмарæны тыххæй йæ дзых нæ фæлæууыд, нæ рæбыны иу капскк дæр нæ уыди, фæлæ уæддæр бафæрæзтаиккам. Æниу уыцы Адинцов йæхæдæг хуыздæр уыди? Цы тæргæйттæ кæны сывæллонау? Исты хъазæн ныхас сæппар, дæхи йын бацамон æмæ ма дын æххуыс дæр бакодтаид ахсынмæ. Уæвгæ хъуаг нæ уыди, уыцы бон дæр ын Гайозы æмбæлттæ йæ машиинæйы гуыффæйы голладжы дзаг ныппæрстой кæсæгты нарддæртæй. Бирæ бадын нæ бакуымдта æгуыстæй. Мæнæ йæ колхозы фсрмæйы æхсæвгæсæй сæвæрдтой. Ныр фондз азы цæуы куы фæзиан ис, уæдæй нырмæ. Иæ зæрдæ тынгæй тынгдæр рысти, иунæгæй баззаинæй-иу ын тарстæн, фæлæ цы мæ бон уыди, мæ коммæ-иу никуы бакаст. Йæ фæстаг бон ма талынггæрæтты мæнæ нæ дуармæ æрбаирвæзт, мидæмæ бацæуын нал бафæрæзта, дæлæ хъæдын бандоныл æй уынджы алхъывта йæ зæрдæ. Уалынма; йæм Рубс)йты Виктор схæццæ, мидæмæ йæ баскъæфтам, йæ зæрдæйы сæр ын æууæрста,: ныфсытæ йын æвæрдта, фæлæ уый йæхи бынтондæр ауагьта. Æз мæ фыркатайæ уынгмæ ратахтæн, хъæуы хицау Хадзымурат мæ размæ фæци æмæ, йæ цæрæнбон бирæ, дохтырмæ атахт йæ машинæйы Хуымæллæгмæ, нæ базивæг код- та, фæлæ серхæццæмæ ахицæн Гайоз... Гъс ахæм куыст нын бакодта уыцы Адинцов, мæнæ иунæгæй баззадтæн, кæд ма слæудзынæн ныр мæ къæхтыл мæ хæссинæгтимæ... Софайы ныхæстыл ма бафтыдта Бруты хъæусовсты сæрдар ФИ- ДАРАТЫ ХАДЗЫМУРАТ: — Ацы хабæрттæн æз мæхæдæг æвдисæн уыдтæн, уымæн æмæ æз дæр кæсагдарæй куыстон. Одинцов-иу æхсæв дæр баззад ам, йсмæ-иу æртæ-цыппарæй, чи уыдысты, уый дын нæ зæгъдзынæн, ныртæккæ дæр ма цардæгас сты, бæрнон бынæтты ма кусынц æмæ мæм фæхæрам уыдзысты. Арт-иу скодтой, физонджытæ фыхтой, сæ фæстæ-иу афтид æвгты кæри баззад, чидæртæ сæ уыгъта. Гайоз Одинцовмæ куы сдзырдта, уæд æм æз хæстæгдæр нæ уыдтæн, уынгæ дæр æй нæ фæкодтон, фæлæ* чидæр мæнг ныхас ауагьта Хадзымурат, дам, æй сардыдта. Мæнæ дын ацы зæхххæй сомы кæнын, мæ сæрæн абон дæр ницы зонын. Нæ хицауад ууыл баууæндыдысты æмæ мæ уыцы бонæй фæстæмæ джыгьы-джыгъы кæнын райдыдтой, цæмæй мæнæй дæр фсрвæзой, ууыл архайдтой. Мæ куыстмгр мын ницы фау ардтой æмæ уæд æрхъуыды кодтой Бруты хъæусоветмæ, дам, сæрдарæй ацу, ацы хъæуы, дам, дæуæй дзуапджындæр лæг нæй ныртæккæ. Райкоммæ мæм бадзырдтой, æз нæ разы кæнын. Афтæ иу цалдæр хатты. Иу бон.мæм райкомы фыццаг 18
сскрстарь райæххæсткомы сæрдар Кокайты Суликъойы æрырвыста, уый та уæздан, æнæхин адæймаг уыд æмæ мын зæрдæйæ зæрдæмæ афтæ: «Ма тох кæн ссмæ, æмвæнд сты æмæ дæ нæ ныууаддзысты. Сразы у»... Уымæй цалдæр боны фæстæ та мæм райкомы иннæ сскрстарь йæхимæ бадзырдта æмæ мын æрæджиау афтæ: «Ау, уæдæ дзы кæй сæвæрæм?»... Æз æм къæйныхдзинад равдыстон æмæ йын загьтон: «Мæнæ дæу. Дæ комплскци амоны». Смæсты мæм ис, йæ бынатæй фæгæпп ласта. Æз пыхс. мæ сæрыл рахастотг, фæлæ мæ уæддæр фæстсйы рассырдтой, фыццаг сскрстарь, дам, дæм дзуры. Бамбæрстон æй нал мæ ныууаддзысты мæ дзæбæх куысты, уый, æмæ йын уæд комкоммæ загътон: «Кæд мын машинæ ратдзыстут куыстæн, уæд цæуын!..» Йæ тæригьæд мæ нæ хъæуы, радта мын машинæ, дæрдджынгомау уыд, фæлæ йæм чьтсыл базылдтæн гсмæ тьтлди Брутæй Бсслæны æхсæн. Цы тох кодтаин, зыдтон æй баст сты, уый, æвворс, æмæ уæд æз дæр мæхи иуварс айстон. < Одинцов уæддæр йæ кæсаг ахсын нæ ныууагьта. Раздæр-иу йæ сау «Волгæ»-йы Гайозаты рæзты цыдис, ’фæлæ уæдæй фæстæмæ нал, хъæугæрон ын топпы фатау æмраст асвальт фæндаг ацъапп ластой. Ддæм загьд самадтой, æнæуи дæр, дам, фосхизæнтæ армы тъæпæны йас йедтæмæм нссты. Хъусæг æмæ сæ фæрсæг дæр нæ фæцис. Уæд ма хъæуыхицауæй Æлдаттаты Муради куыста, уый уыцы хабæрттæ хуыздæр зондзæн... Муради, стæй ма ацы хабæрттæн æвдисæн чии уыд, уыдонæн ныхас бар ратдзынæн мæ уацау чиныгуадзæцмæ куы цæттæ кæнон, уæд. Одинцовы тыххæй та фылдæр уымæн фыссын æмæ уый зиан йедтæмæ ницы фæцис мæ чысыл Ирыстонæн. Дæлæ кæцæй ссыд, уырдæм фæстæмæ куы цыдис, уæд уый йæ цумагæнджытæн хъыг уыд, абон дæр ма йæ мысьтнц, мыггагмæ кусын æнхъæл ын уьтдысты, сæ къухтьт ныхтæ ма хæрынц сæ чъизи митæй сын бирæтæ кæй нал бантыст, ууьтл. Мæнæ куьтд фæвæййы мæ уацау «Трибунæйыл баст сæгь» /уæлдæр уын йæ кой скодтон/: «Кæдæй-уæдæй нæ партийы обкомы мæскуыйаг хицау йæ бынатæй фснкъуысыд, нæ горæты æфсæнвæндаджы вагзалы йæм фæндараст зæгъынмæ нæ районы хицауад дæр лæгæвзæрстæй рацыдысты, æд хуьтнтæ, йæ усæн та йын — дидинджытæ, афтæ ахуьтр уыди. Вагоны нарæг къуымы къæсæры Уастырджийы тыххæй куыд ньтз- той, афтæ поезд æнæнхъæлæджы араст, æвæццæгæн, машинистæн ничи загьта районы хицауад ам сты, уый, æндæра афтæ нæ бауæндыдаид. Фæндарастзæгъджытæ скатай сты, тæхгæ-тæхын зæхмæ-сæррæт, сæхи мæт бакодтой Бадур, Дзылат æмæ Бечыр, сæ сылгоймаг æмбал сæ фæстейы ферох, уьтй дæр фсхста зæхмæ йæхи, йæ цыргь каблук тæвд асвальты афардæг æмæ уæлгоммæ ахаудта Хангуассæ йæ сырх къабайы, хæрдмæ ныхъхъил, йæ мидæггаг дзаумæттæ иууылдæр разындысты, цы бирæ адæм дзы уыд вагзалы уыцы рæстæг, сеппæтæн дæр сæ «къам» систа. 19
Æцæг æй мæскуыйаг нал фсдта, рудзынгæй цы баисты, зæгьгæ, йæ сæр дæр нал радардта æмæ йæ уыцы къæйных машинист дæлæ кæцæй нал сыздæха, уыцы ранмæ аласта»... Уый æцæгдæр афтæ у, фæлæ йæ хъузæттæ /Бадуртæ, Дзы- латтæ, Бсчыртæ æмæ Хангуассæтæ/ нс ’хсæн баззадысты. Адæм сæ зонынц, айхъус, уæд сусу-бусу кæнынц, æргомæй та ницы зæгъынц. Æргомæй зæгъын чи бауæнды, уымæн арфæтæ сисынц, разы вæййынц йемæ, æцæг йæ фарсмæ нс ’рбалæууынц æмæ уыцы Иунæг иунæгæй баззайы. Нæ ирон адæмы царды бирæ хъуагд- зинæдтæ уый аххосæй сты. Æз мæхæдæг фæллойы фæндаг куы равзæрстон, уæдæй абонмæ мæ алыварс бирæ чъизи разамрнджытæ куыста. Æрæджиау сæ бамбæрстон: дзургæ-иу кодтой рæсугъд æмæ æхсæст æвзагæй, байхъус, уæд-иу загътаис амæй æнувыддæр пар- тийы хъуыддагыл ничи у, адæмыл амæй фылдæр ничи тыхсы, сæ хъуыдытæ æмæ сæ хъуыддæгтæ та æндæр уыдысты. Катай систон, мæ нсрвытæ дымгæмæ баззайæг телтау зырзыр кодтой, мæ цæнгтæм ныхынмæ лæбурдтон, адæмы размæ мæ цæсгом рацæуын нал хъæцыд: мæнæ ныр мидцоппайы, кæнæ æндзыг азтæ кæй хонынц, уæд дæлæ партийы Цснтрон Комитстæй райдай æмæ фæуы райком- ты сскрстартæй — иууылдæр мах, хуымæтæг партион кусджыты, ахуыр кодтой адæмы сайыныл, ныфсытæ сын æвæрыныл. Абон парти партийы хуызæн нал у, ныррыг æй кодта мастисæг Ельцин; фахлæ нæ рсспубликæйы æмæ хъæууон районты бæрзонд бынæтты бадынц уæды азты трибунæты лæууын чи уарзта, адæмæн ницы аразгæйæ зæрдæвæрæн ныхæстæ чи кодта, ахæмтæ. Сæ раздæры æрфыст та бæрæг у: сæ алыварс ногæй æртымбыл сты сæхи хуызæн фæсдзæуинтæ, мадзуратæ, уырдыглæуджытæ. Ахæмтæ æдзухдæр уыдысты æмæ уыдзысты. Мæсты нæ, тæригъæд сын кæнын хъæуы. Фæлæ уын мæхи хъуыды фидарæй зæгъын: «Цалынмæ мæ нын уыдоь} разамынд далтой, уæдмæ Ирыстон нæ рæздзæн, Ирыстоны рæстдзинад нæ уыдзæн. Æз уый мæхи районы абон дæр уынын. Мæнæ уыцы æнæхайыры мидцоппайы азты амы цалдæр хæдзарадæн сæ бынæй рухс суагътой, сæ быныкъæйтæ сын бахордтой, кæйдæр загъдау, ныддымд- той сæ æмæ уыдон ацы æнусы сæ къæхтыл нал слæудзысты. Æмæ уый тыххæй дзуапп ничи никæмæй агуры. Ам фæстаг фынддæс азы схъомыл разамонджыты хицæн фсслтæр, кæцытæ æрцахстой дзадд- жындæр æмæ рæбинагдæр бынæттæ æрмæст уый руаджы æмæ фæстæмæ нæ дзырдтой, уæлдæр хицауадимæ фæскъуымты нызтс>й æмæ хордтой, коммæгæс уыдысты чъизи хъуыддæгты. Куыд фæстæмæ кад нал уыдис фылдæр æмæ зæрдиагдæрæй чи куыста, ахæмтæн, уыдон сæ фæллойадон фæндагыл нал рæзыдысты, уæлдæр къæпхæнмæ схизыныл зæрдæ нал дардтой. Ахæм тыллæг сын ныууагъта Одинцов зæрдыл дарынмæ. Æз загьтон нæхи ирон лæг, Дзасохты Алыксандр йæ куыст уый быралтæ мæрзынæй райдайдзæн. Нæ райдыдта. Куы райдыдтаид, уæддæр ын рæстæг нс сфаг уыдаид, уымæн æмæ уыцы æнæхайыры Горбачсвы фæндæй Крсмлы балæууыд. Кæдæй-уæдæй ирон лæг дæр 20
ЦК-йы секретарь сси, æрмæст уыцы стыр кадæй нæхи нымад мæйтæ ахъал кодтам. Уæд та, зæгъын, Æхсарбсг Галазты. Одинцовы рæстæг уый иннæтæй хъауджыдæр зыдта уæлдæр хицауадæй чи цы гæнæг у, уый,. разы сæ нæ уыд, цалдæр хатты сын æй бæрзонд трибунæйæ комкоммæ дæр бакъæрцц кодта æмæ йæм уыдон схæрам сты. Æз дæр сæрыстыр уыдтæн мæ Ахуыргæнæгæй. Йæхæдæг æппæтæй бæрзонддæр бынат кум æрцахста, уæд æнхъæл уыдтæн Одинцовы фæстæ чи баззад, йæ дзыхмæ йын чи каст, Æхсарбегæн зондæй йæ къахы ныхы йаргъ дæр чи нæ уыд æмæ йын йæ нсрвытæ чи хæлдта; уымæй алы хабарæй дæр да^лдæр уæвгæйæ уый дæлæмæ чи тардта, уыдоны Сыгъдæг адæймæгтæй баивдзæн, зæгьгæ. Йæ бон нæ баци. Бæргæ мæ фæнды «нæма баци», зæгъгæ, ныффыссын, фа^лæ рæстæг цæуы, уыдон та фыццагау кусынц, къордтæ-къордтæ кæнынц, фæсаууонмæ йæ фыд- койыл нæ ауæрдынц, цыдæр æнæхъуаджы нæмттæ йыл æвæрынц. Нæ сæ хъусы цымæ? Чидæртæ йын уыцы хъуыддаджы æххуыс кæныныл ацархайдтой, фахлæ сæ кæнæ уынгæ нæ кæны, кæнæ та йæ уый уынын нæ фæнды. Нæ йæ æмбарын. Æхсарбсгæй иуæй-иутæ æддсйы цы дзурынц, цы фауæн ныхæстæ дзы кæнынц, уый, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр зоны æмæ мæм нæ фæхæрам уыдзæн. Мæн нæ фæнды уыдоныл æууæндын, нæ фæнды, уымæн æмæ мæ Ахуыргæнæг уыди, Стыр Ахуыргæнæг. Цыдæриддæр мын ахуыргæнджытæ уыди, уыдоны ссппæты иуыр- дыгæй æрæвæрин мæ хъуыдыты фæзуаты, Æхсарбсджы — иннæрдыгæй. Уыцы фауæн дзырдтæ — зынджы стъæлфæнтæ зæрдæйыл згыслынц. Æз сыл уæддæр нс ’ууæндын. Растдæр зæгьгæйæ та нс ’ууæндыдтæн. ФаУ1æ йæм раздæр партийы обкомы сскрстарь ма куы уыд, уæд иу райсом раджы йæ кусæн уатмæ бацыдтæн, чидæр æм мæнæй мæнг ныхæстæ бахаста æмæ йыл, зæгьын, ма баууæнд. Хуы- цауы раз сыгьдæг уыдтæн æз, стæй мсстыр Ахуыргæнæджы раз дæр. Уый мæныл нæ баууæндыд. Никуы мæ уырныдта, фæлæ мæ уæд бауырныдта — Стыр Ахуыргæнджытæ дæр рæдийынц. Мæнæй цæссыг нæ хаудта, фæлæ æз куыдтон. Ничи мыл фæгуырысхо, фæлæ мæ цыдæр стыр хæзна ахаудта, мæ суадоны сæр-сæр фыццагау сæууон зарæгау нал хъуысы. л Хатгай мæ цыдæр тых бауигьы, иу хатт ма йæм бацу, кæд дыл БАУУÆНДИД. Чи зоны æмæ мыл баууæнда, фæлæ мыл куынæ баууæнда, уæд ма мæ зæрдæмæ цы хуры тынтæй баст у, уыдон дæр ма куы аскъуыной, уымæй тæрсын. Уæд æдзæрæг ахстонау аз- зайдзæн мæ уд. Æнæуи та йыл мæт кæнын, тæригъæд ын кæнын, уымæн æмæ Хъуыбадыйы фæстæ уæззаудæр, тыхстдæр æмæ тæссагдæр азты чи куыста, уый — Æхсарбсг. Уый бирæ цæуылдæрты куыд æххæссы, йæ уд куыд фæразы, ууыл дис кæнын. Йæ алы раныхас дæр размæсидæг, удæнцо’/ хæссæг, иу чидæр дзæгъæлы нæ .загъта хæрз 21
æрæджы чи ахицæн ирон адæмы уыцы дыккаг съсзды: «Хадзы- мырзæйы фырт ÆхсарбсДжы алы дзырд дæр кæны æхсæрдæс кило- граммон гирийы уæз». Мæн съсзды фæстаг рæнхъы бадгæйæ дыууæ боны дæргъы мæт уыди исчи мын уьщы стыр Триибунæйæ мæ Ахуыргæнæджы куы рафауа, уымæй. Цалдæр хатты йын нæ куыры- хон, æппæтзонæг хистæртæ бафиппайдтой йæ зæрдиаг архайды тыхкæй Мæскуыйы, йæ принципиалондзинад Уæрæссйы хицауа- димæ фсмбæлдтыты рæстæг, йæ ауыдындзинад Хуссар.Ирыстоны адæмыл... Уыцы стыр залы-иу уый тыххæй къухæмдзæгьд куы ныннæрыд, уæд-иу æз дæр æрцардтæн, мæхæдæг дæр-иу мæ ар- мытьæпæнтыл нал ауæрстон. Фæлæ уыцы сьсзды Иры хуыздæр минæвæрттæ бирæ хъуагдзинæдтæ бахах кодтой сæ раныхæсты, æз ма сьгл мæхæдæг дæр бафтауин, иу бон ын сæ лæгæй-лæгмæ зæгьдзынæн. Уымæ хауынц. Иу хъуыды мын удæнцой хæссы: æппæтыл чи фсххæссы, ахæм разамонæг нæма райгуырд. Мæнæн цымыдиссаг уьтд йæ размæ уыцы стыр бынаты чи куыста, уыдон дзы цы хъуыды кæнынц, уый зонын. Дзасохты Алыксандыры ныхасмæ нæма æрцахстон. Мæнæ мын дзы куыд загьта Билар та: «Йæ интеллект, йæ эрудици æмæ йæм цы иумæйаг культурæ ис, уымæ гæсгæ æз абоны бон Æхсарбегæн нæ рсспубликæйы альтсрнативæ нæ зонын»... Рæстæг дугъон бæхау тæхы æмæ равдисдзæн бирæ фснæг æмæ бирæ зонæг Билары рæстдзинад. Ацы фæстаг абзаццæй æз фæдæн Хъуыбадыйы фæстæ рсспуб- ликæйы сæргьы чи лæууыд, уыдоны тыххæй мæ цыбыр хъуыдытæ фыст, дæлдæр уый æндæр чидæртæ мæ бæсты бакæндзысты, тынг мæ фæнды, сымах сæ, мæ зынаргь кæсджытæ, дарддæр куы ахæццæ кæниккат, куы мы сыл бафтауиккат, уый, æз та фæстæмæ здæхын мæ уацауы хъайтармæ æмæ йæ райдыдтон мæ сæйраг хатдзæгæй: «^з афтæ нæ зæгьын æмæ Хъуыбады бынтон æнæаипп адæймаг æмæ разамонæг уыди. Уый тыххæй Æгьуызарты Æхсарбсг дæр фыста. Уæддæр мæн фидарæй уырны: Ирыстоны сæргьы нырма Хъуыбадыйæ Æнæхиндæр, Æнувыддæр, Иузæрдиондæр æмæ Сыгьдæгдæр лæг нæма уыди, Хъуыбадыйæ фылдæр хæрзтæ йын ничи фæцис». Ууыл, мæ зынаргь кæсджытæ, сымах дæр баууæнддзыстут йæ удыхъæд, йæ цардыуаг æмæ Ирыстонæн цы сарæзта, уыдоны тыххæй йын куы бакæсат, уæд. 0000О0000000000000000000000000000ОО00 СКЬУЫДДЗÆГТÆ ХЬУЫПЛДЫЙЫ ВИНОЙПЛГ ПИ11Æ ВЛСИЛЬЕВИÆЙЫ МЫСИПÆГГÆЙ... — Дæ курдиат дын æххæст кæнын æмæ уал иу чысыл мæхи тыххæй... Æз райгуырдтæн горæт Ростовы, службæгæнæг Габанты Василий Андрейы фырты хæдзары. Дзургæ йæм уым афтæ кодтой, фысгæ 22
дæр, æнæуи та нæхимæ иронау хуынди Афæхъо, Инусы фырт. /Енахуыр хъысмæт уыдис мæ фыдæн: йæ мад аргæ-арыны амард уæртæ Уыналы. Чысыл Афæхъо баззад йæ фыды æвджид, цасдæр рæстæджы фæстæ Инус ног ус æрхаста, уыдис ма йын æфсымæр, дыууæ хойьь Уыдис сын тудджынтæ — Бсккуызартæ, суанг ма уый тыххæй зарæг дæр ис. Иухатт Габанты æфсымæртæ цуанæй æрбацæйздæхтысты æмæ сæ размæ сæ тудджынтæ бабадтысты, цалдæр санчъехы ма баззад сæ астæу, афтæ Бсккуызартæ топлæй фсхстой æмæ Афæхъойы æфсымæры фæцæф кодтой. Афæхъо фæцарæхст æмæ æхсæджы ацахста, зæххыл æй ныццавта, йæ хурхыл ын къахæй ныллæууыд, йæхæдæг йæ цæф æфсымæры цæф бæттын райдыдта йæ хæдоны дысæй. Зæххыл чи адаргь, уыцы тудджынæн ма йæ фарсыл баззад хъама, сусæгæй йæ сласта æмæ дзы бынæй хæрдмæ сцавта Афæхъойы артæнтæ... Уый дардыл ныхас у, фæлæ мæ фыд бынтон сидзæрæй аззад, йæ фыдыусæн сывæллæттæ нæ уыд æмæ уайтагъд Бсслæныхъæумæ Хуызмиаты мыггагмæ амой кодта. Габантæ æмæ Хорантæ æрвадæлтæ сты. Гъсмæ, уыцы Хорантæм, кæд æй, мыййаг, фсхъуыстай, Дамир, уыдис инæлар, сыгьдæг ирон ном ын — Созырыхъо. Уыцы инæлар уæд цардис Æрыдоны, уыдис æм стыр дыргьдон æмæ мын уым кусынмæ акодта мæ фыды. Уæд ыл цыдис æрадæст авд азы. Хъысмæт хатгай куыд фæзилы, уымæ ма кæс. Уыцы Хорантæм иухатт уазæгуаты ссыд сæ хæлар Тюфскчисв горæт Ростовæй. ,Уый уыд стьтр хицау цавæрдæр нсмыцаг фирмæ «Гснрих-Ланцæн», арæзтой хъæууон-хæдзарадон машинæтæ. Иудзырдæй, уыцы уазæг лæппуйы фсдта дыргьдоны кусгæйæ, фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ хæдзары хицауæн ныллæгьстæ кодта: мæнæн æй радт. Ирон инæлар йæ хæлары зæрдæхудт нæ райста. Афтæ мæ фыд балæууыд уырыссаг стыр æнæзонгæ горæты. Цавæр бинонты æхсæн æрцард? Тюфскчисв йæхæдæг уыдис болгайраг, йæ ус та нсмыцаг, уыдис сын дыууæ чызджы. Цардысты тынг хæларæй, фæстæдæр мæ фыд куыд мысыд, уымæ гæсгæ дзы хъæрæй ныхас никуы фсхъуыста, уæлдайдæр та знæт ныхас. Мæ фыд зы0ыты иунæг бон дæр скъолайы нæ уыд, йæхи æгьдауæй сахуыр кæСын æмæ фыссын, хорз дзырдта уырыссагау æмæ немьщагау* У^рдз ын парахатæй радта уынд æмæ кондьуыдис рæсугъд, хæрзконд, бæрзонд лæппу, 195 сантимстры. 19 азы йыл куы сæххæст^уæд бафтыд Алагирмæ, бауарзта Фардзинты чызджы, ракуырдта йæ. Мæ мады цæгат уыдысты интсллигснцийы минæвæрттæ, хæдзары хицау Къостамæ уыдис йæхи дукани,*дыууæ уæладзыгон хæдзар амы сæйраг уынджы. Мæ мад дæр æмæ уый мад * дæр каст фесты Хетæгкаты Къоста æм Шрсдср Алагиры цы пансион байгом кодтой, уый. Мæ мады мад Хуытъинаты Залихан уыд Хъæдгæронæй, йе ’фсымæртæ дыууæйæ дæр уыдысты булкъонтæ, активонæй архайдтой 1905 азы хæсты, уыдис сæм бирæ хæрзиуджытæ. 23
Мæ мад чынддзон чызджы кары уæвгæйæ куыста йæ мадыр- вадæлты хъæуы ахуыргæнæгæй. Уæдмæ мæ фыд дæр йæ лæппуйы кары бацыд, уыцы фирмæйы кусын раидыдта экспсдиторæй æмæ куысты фæдыл, уæлдæр куыд загътон, афтæ æрбахауд Алагнрмæ æмæ уырдыгæй йсмæ РостовмсТ аласта мæ мады дæр, райгуырдис сын æртæ лæппуйы æмæ цыппар чызджы. Нæ мад уыдис диссаджы æфсин, тынг хъæздыг нæ цардыстæм, стæй хъуаг дæр ницæмæй уыдыстæм. 1920 азы амард нæ хистæр æфсымæр, 1927 азы та нæ фыд. Мæ хистæр хотæ уыдысты рæсугъд, хæрзконд æмæ уайтагъд смой кодтой. Æз ма мæ фыды амарды фæстæ дыууæ азы ацахуыр кодтон скъолайы, каст йæ фæдæн æ^æ уæд мæ мад ныллæууыд, Ирыстонмæ, дам, алидзæм. Мæ фыд ма æгас куы уыд, уæд-иу афтæ дзырдта: «Кæд Ирыстоны нæ цæрæм,- уæддæр иронæн худинаг у йæхи бæстæйы йын хæдзар куы нæ уа, уæд». Балхæдта хæдзар дæлæ Марковы уынджы, цыппар уаты дзы. Мах нæ мадимæ Влади- кавказмæ ралыгъДыстæм æмæ нæхи хæдзары æрцардыстæм... Дардыл дын, Дамир, мæхи тыххæй цæй тыххæй дзырдтон, уымæ æрхæццæ стæм... Ростовæй ралыгъдыстæм. Уæдмæ ссис 1930 аз, мæн исты кусын хъуыд æмæ сскрстарæй бацыдтæн облæстон прокуратурæмæ. Уымæй цалдæр мæйы размæ та ам Мæскуыйы унивсрситсты юри- дикон факультст фæуыныфæстæ кусын райдыдта Хъулаты Хъуыба- ды. Уыди прокуроры хæдивæг æмæ-иу куысты фæдыл арæх амбæлыдыстæм, цыдæртæ мын-иу бахæс кодта. Æз æй уæд хорз нæма зыдтон: уыдис уæздан лæппу, амы кусджытæ йын иууылдæр стыр аргъ кодтой. Нсхсæн ницы уыд раздæр, фæлæ иу афæдзырдæджы фæстæ æз бафиппайдтон фæскуыст мсмæ рацæуыныл арæхæй-арæхдæр кæй архайдта, уый. Æз, уæлдæр æй куыд загътон, цардтæн дæлæ Марковы уынджы, уый — Штыбæйы фæзы. Иумæ-иу рацыдыстæм, мæн-иу ныххæццæ кодта, стæй-иу раздæхт. Арæх мын дзырдта йæ сабибонты тыххæй. Никуы мæ фсрох уътдæн хæрз гыццылæй сæ хæдзары цы бæрæгбон уыдис, уый. Махмæ, ирæттæм, лæппу куы райгуыры, уæд зæххыл акалынц алых’уызон прсдмсттæ, лæппуйы сс ’хсæн ауадзынц, цымæ дзы цы равзарид, зæгъгæ. Æртаздзъщ Хъуыбады равзæрста кърандас. Уъшæй иу афæдзы фæстæ æрцыд æбуалгъ хабар: цуаны рæстæг фæмард йæ фыд. Бинонты дарддæр хæхты цæрын нал бафæндыд æмæ æрцардысты Хуымæллæджы. Æз сæрды æмбисыл 1931 азы Хъуыбадымæ чындзы дæр уыцы хæдзармæ ацыдтæн. Тыхджын ма уыдис уæд ирон æфсарм. Райсомæй раджы-иу уынг мæрзынмæ, кæнæ хъуг дуцынмæ куы рацæйцыдтæн, уæд-иу йæ фыдыфсымæр Хъауырбсг мæнæй æмбæхсти, æз та уымæй, йæ ном дæр ын мæнæ ныр дæ цуры сдзырдтон, æндæр никуыма. Мæ цæстытыл ма абон дæр уайынц фыццагхатт мæ хæдзармæ куыд кодтой, уый, Хъауыр- бсгма^ мæ сдзурын кодтой. Уым иу чысыл рæстæг фсстæм, стæй горæтмæ ралыгъдыстæм, ныр нæм æхца нæй, афтæмæй иу уат баххуырстам «Куыйты булъ- 24
вЪры», Дзæхаты хæдзары. Кумстмæ-иу кум ацыд, уæд-иу йс »рцмдмæ цы сцæттæ кодтаин, умй нæ змдтон. Скъапп-к;сйдæр, смнтæг нмн рæстæгмæ радта йæ мадмхо Фаризæт, хатгаи-иу нæм райсомæй æрбауад, чи зонм, æмæ йæ смнтæг бæрæггæнæг æмæ-иу йæхи мæстмхумз скодта: — Уæ ссткæйм бмн ма фæйнæджмтæ сæвæрут, фæйнæджмтæ, ка^ннод ммн æй нмппмрх кæндзмстут /Нинæ Васильсвнæ зæрдиагæй худм. Д.Д./. Хъумбадм ммн чмндзæхсæвмæ лæварæн балхæдта ирон сæрбæттæн, æз æй бирæ фæхастон. Йæхицæн, мæгумр, иунæг китсль йсдтæмæ ницы уыд. Иу райсом ын тынг фæтæригьæд кодтон æрдæгæххормагæй куы ацыд, уæд, уæдæ, зæгьын, изæры та цы хъуамæ бахæра. Мæ чындзæхсæвы лæвæрттæй цыдæртæ амбырд кодтон æмæ сæ нæ сыхаг усмæ радтон, зæгьын, ауæй мын сæ кæн. Æхца мын куы æрбахаста, уæд æз базармæ ацыдтæн, æнæхъæн æргæвст фыс балхæдтон, къозотæ. Изæры Хъуыбады æрбацыд, æрбаддыстæм фыццаг хатт ахæм дзадджын фынгыл, æмæ дæ уырны, фæрсгæ дæр мæ нæ бакодта ацы æппæт хæринæгтæ дын кæм уыдысты, зæпьгæ. Фæндзай азы иумæ фæцардыстæм æмæ нæм фæндзай минуты дæр ахæм тсмæйыл ныхас никуы уыди. Бирæ куы уьтди, уæддæр мæ никуы бафарста, æппындæр нæм куы ницы уыди, уæддæр мæ никуы бафарста. Нæ чындзæхсæвæй иуæндæс мæйы куы рацыд, уæд нын райгуырд фыццаг сыпæллон — Зарæ. Æз уæдмæ ахуырмæ бацыдтæн псдагогон институтмæ æмæ-иу сывæллоны дæр мсмæ ахастон, алы псрсмснæйы дæр ын-иу хæринаг, авæрдтон, йæ дзаумæттæ-иу ын аивтон, цæмæй лскцийы рæстæг ма скæуа. Гъс, афтæ тыхтæ æмæ амæлттæй хъомыл кодтой нæ иннæ цот дæр... II — Хатыр мын бакæн, мæ кæстæр дæ, фæлæ мах кæрæдзиийы тынг бирæ уарзтам, лæмбынæг уыдыстæм кæрæдзимæ алы хъуыд- даджы дæр. Хъуыбады-иу нæ хæдзарæй никуы рацыдаид, цалынмæ- иу мын нæ загътаид: «Милая, æз цæуын...» Æз-иу æй æнæмæнг къæсæры онг афæндараст кодтаин. Йæ дзыппы дæгьæлтæ, никуы хаста, æз раздæр ууыл дис кодтон, фæлæ мын æй иу хатт бамбарын кодта: «Милая, мæнмæ хорз кæсы, ды мын дуар куы бакæныс, мæ размæ куы рауайыс, уый...» Йæ къæхты хъæрыл ын сахуыр дæн æмæ-иу куыддæр кæрты райхъуыстысты, афтæ-иу иæ размæ рау- адтæн, дзæнгæрæгыл бахæцын дæр-иу æй нæ хъуыдис. Никуы мæ фсрох уыдзæн иухатт нæ фыццаг сскрстарь Мазины ус мæнмæ куыд хыл кодта, уый: «Мæ лæг мæм загьд фæкæны Хъуыбады, дам, сæ дуар никуы бахойы, йæхи дæгьæлæй йæ никуы бакæны, уымæн æмæ йын йс ’рбацыдмæ йæ ус æдзухдæр æнхъæлмæ фæкæсы. Æз та дæу тыххæй райхъал кæнын... Нинæ, æвзæр ахуыр цæмæн скодтай дæ лæджы?» 25
Æз æдзухдæр сылгоймаджы кады хъуыддагыл нымадтон уымæн лæггад кæнын, йæ дзабыртæ йын ныхсын, уый йæхæдæг йæхи æгъдауæй йæ дзыппы фындзыкæлмæрзæн никуы сæвæрдта... Дæ уарзон адæймагæн ахæм лæггæдтæ кæнын сылгоймаджы хæс у, цин ын хъуамæ хæсса. Уымæн æмæ йæ æз уыдтон: мæн уый нымадта зынаргъ адæймагыл, кæцы йын æмбæрста йæ цин æмæ йæ хъыг дæр. Домбай адæймаг уыди Хъуыбады, фæлæ-иу уый дæр арæх хъу- ыди æрсабыртæ кæнын, æрфæлмæн, хъуыдисын-иу зæрдæтæ авæрын, ныфс ын радтын. Ацы хъуыддаджы мах кæрæдзийы тынг хорз æмбæрстам, кæрæдзийæн тынг хорз æххуыс кодтам... III — Хъуыбады æнæофициалон ахастдзинæдтæм никуы тырныдта, уахлдайдæр та йæ дæлбар чи уыди, уыцы кусджытимæ. Никуы архайдта хæтдзуйæ арæзт куывдты æмæ фынгæвæрдты, тынг тыхст стыр бæрæгбæтты рæстæг-иу æй уазджытимæ нозты фæдыл бадын куы хъуыдис, уæд уымæй дæр. Уæртæ нæм нæ сыхаг Гуырдзыстонæй æрбацыд Задслава, кусын райдыдта Æдасдзинады комитсты министрæй. Цас акуыста нæ зо- нын, фæлæ нæм иу бон æрбацыдысты сихорыл Хъуыбады, обкомы фыццаг сскретарь Мазин æмæ уыцы Задслава. Къæсæрæй куы æрбахызт, уæд хинхудт бакодта æмæ афтæ зæгъы: — Ой, Нинæ Васильсвнæ, абон дæ, æвæццæгæн, а:гæр бирæ хæрдзтæ кæнын бахъæудзæн. Дæ бынтæ дын нæ ныддымдзыстæм?, Æз æй бамбæрстон: уайдзæф уыдис йæ ныхасы, ома, æнæхъæн афæдз дæ лæгимæ кусын æмæ иу хатт афтæ нæ загъта, мæнæ ма нæхимæ бауайæм, зæгьгæ. \ Æнæуазæгуарзон нæ уыдис Хъуыбады, нæ, æрмæст, уæлдæр дæр ма дын æй куы загътон: йæ уæлс чи лæууыд, стæй дæлсйы дæр чи лæууыд, уыдонимæ æнæофициалон ахастдзинæдтæ аразын нæ уар- зта. Ахæм адæймаг уыди! Мæнæн-иу чидæртæ арæх дзырдтой: «Да^лæ Кæсæджы фыццаг сскретарæн ахæм дачæтæ ис хохы æмæ диссаг! Сымах та цы кусут?» Уыцы ныхæстæ-иу Хъуыбадыйæн йæхимæ дæр байхъуысыдысты æмæ-иу уæд загьта: «Хъус ма, милая, мæнæн дачæтæ аразынмæ Мæскуы æхца нæма дæтты,' мæ бон сæ аразын нæу». Уæлæ ныр горæты сæрмæ «Куловы дачæ» кæй хо- нынц, уый та хъæдгæсы хæдзар уьтд, ныртæккæ дзы милицæйы прст ис, æнхъæлдæн, нæ абоны хицауады дачæтæ хъахъхъæнынмæ. Уыцы хъæдгæсы хæдзар Ссвостьянов ма обкомы сскрстарь куы уыдис, уæд уый хъæппæрисæй æлхæд æрцыд. Ссвостьянов ардыгæй куы ацыд, уæд кæйдæр дзыхæй рацыд «Куловы дачæ», зæгъгæ, афтæмæй дзы иунæг æхсæв дæр никуы фсстæм. Цы йын кодтаин, ахæм адæймаг уыд. Иухатт стыхстыстæм æмæ йын афтæ зæгьын: «Кæсыс, уæртæ иуæй-иутæ куыд цæрынц, уымæ... Мах та-иу цы æрымысдзыстæм?!» Мæнæ дын йæ дзуапп: «Хуыты цард кæй никуы кодтам, уый-иу сæрыстырæй æрымысдзыстæм»... 26
.» Мæскуыйы фæстиат кæнынæй та йе ’сæфт уыдта, уæлдайдæр стыр политикон бæрæгбæтты рæстæг, æдзухдæр-иу Ирыстонмæ тагъд кодта, уыдон, дам, бæрнон бонтæ сты, нæхимæ хъуамæ уæм. Йæ уæлæдарæсы хъуыддаг бабар кодта мæнæн. Уымæн сæйрагдæр уыдис, цæмæй йын уыдаиккой аив æмæ сыгъдæг, æцæг йæхицæн йæхæдæг никуы ницы балхæдта. Уыцы рæстæг фылдæр хуыйгæ кодтой. Æз-иу æй ательсмæ аластон, сбарстой-иу æй æмæ- иу уый рацыд, æз-иу баззадтæн, равзæрстон-иу хъуымац. Иуцасдæры фæстæ та-иу æй аластон заказгонд костюмтæ барынмæ, æз-иу сæ схастон æмæ-иу æппыныдзух дæр уыдонæй баззад разыйæ. Æз архайдтон, цæмæй йын зæрдæмæдзæугæ дарæс уа, фидауой йыл. Къуырийы дæргъы йыл алы бон дæр уыдис хицæн китсл парусинæйæ, кæцыты-иу скодта районтæм цæугæйæ, 6 китслы та китайаг чссучайæ, уыдоны та цыдис йæ кусæн уатмæ. Алы бон дæр ын иу китсл æхсадтон, иту йыл-иу сæвæрдтон. IV -— Æз арæх фæхъуыды æмæ фæдис кæнын иу хъуыддагыл: «Хохаг, æна’хуыргонд мад æмæ фыдæн куыд райгуырд ахæм фырт, фырт-аристократ?» Хатгай мæм афтæ фæкæсы, цыма Хъуыбады дворянты бинонты æхсæн схъомыл ис, афтæ. Уый уыди æнахуыр сыгъдæгдзинад уарзаг, йæ уæлæдарæс æдзух аив, фынгыл хордта уæздан æмæ рæсугъд. Никуы, уæлдæр дæр ма дын æй куы загьтон: фæндзай азы фæцардыстæм иумæ æмæ уыцы фæндзай азы дæргъы иу æвзæр æлгъыст ныхас йæ дзыхæй нс схаудта. Гæды ныхас никуы кодта, никуы никæйы • фаудта, стæй йссæфт уыдта йæ цуры-иу искæиы куы фаудтой, уæд. УЫДИ СЫГЪДÆГ, ТЫНГ СЫГЪДÆГ АДÆЙМАГ, йæ удыхъæды уыцы хуыз ын цавæр барæнæй сбарон, уый дæр нæ зонын. Хатгай ахæм хатдзæгмæ æрцæуын: æвæццæгæн, хуыздæр у абон уæлæуыл кæй нал ис, уый, мæнæ ныртæккæ цытæ цæуы, цы чъизи митæ уынæм мах, цы æнæраст хъуыддæгтæ, уыдонæн УЫЙ нæ бафæрæзтаид. Мæнæ йæ фырт Сослан дæр бирæ цæмæйдæрты йæ фыды хуызæн у æмæ йын абон «урс халонау» тынг зын у, СЫГЪДÆГ у уый дæр æмæ ууыл чидæртæ худгæ кæнынц, былысчъилтæ. Хъуыбады никуы ницавæр хъуыддагмæ касти уæлæнгай цæстæй. Кæд-иу зонгæ нæ уыд, цыдæр-иу дзы нæ зыдта, уæд-иу æй нæ ныууагътаид, цалынмæ-иу æй лæмбынæг нæ сахуыр кодтаид, уæдмæ. Мæнæ ма прокурор куы уыдис, уæд иу чидæр паддзахады дзыппмæ æгæр фсвнæлдта, фæкъахта йæ æмæ йæ уымæн йæ тæрхоны бон уъш раныхас кæнын хъуыд. Хъуыбады уымæ цæттæ кæнгæйæ хыгъдхæссæджы куыст афтæ лæмбынæг сахуыр кодта, афтæ базыдта уыцы куыстмæ цы закъæттæ хауынц, уыдон æмæ йæхæдæг дæр йæхиуыл уый фæстæ дис кодта. Дæлæ нæм Мæлгьæвæг куы баиу кодтой, уæд уымы кусджытимæ фсмбæлдмæ ацыд æрмæстдæр мæйы фæстæ: зонгæ кодта нсфты сгарыны ку- 27
ыстытимæ. Хъæды хæдзарады министр куы уыд, уæд-цу Мæскуыйæ цы хицауад æмæ стыр ахуыргæндтæ ссыди ардæм, уыдон-иу раздæр афтæ хъуыды кодтой Хъуыбады хъæды куысты спсцмалист у, зæгъгæ. Алцыдæр æй зонын фæндыд, цымыдис уыд. Иухатт мын профсссор Бигъуылты Михал афтæ радзырдта: «Мæ хæлар, мæскуыйаг зындгонд профсссор Яблоков Ирыстонмæ сæрмагондæй ссыд наукон ссссимæ æмæ уазæгуаты уыдис мæнмæ. Уыцы ссссийæ куы раздæхт, уæд æй фæрсын, зæгъын, цæй куыд у, куыд ацыдис, куыд дæм фæкасти. Æмæ, дам, дзы æппæтæй зондд- жындæр ныхас ракодта хъæды хæдзарады министр Хъулы фырт. Æз ын куы загътон уый нæ партийы обкомы раздæры фыццаг сскрстаръ у, зæгъгæ, уæд-иу куы ныддис кодта, æз та, дам, æнхъæлдтон хъæды куыстьт акадсми фæцис каст». Раст мæ бамбар, Дамир, фæлæ йын æз, куыд йæ бмнойнаг, арæзтон æппæт фадæттæ дæр. Æз æй суæгъд кодтон хæдзары хъуыддæгтæй, кодта æрмæст йæ куысты мæт. Уымæй уæлдай йын æз хорз зыдтон йæ куысты хабæрттæ, лæмбынæг хъусæг æм уыдтæн а:мæ-иу хатгай нæ ныхæстæ суанг æмбисæхсæвтæм дæр ахастой. Йæ уайдзæфгæнæг дæр ын æз уыдтæн. Хъуыбады фых æнæхъæн картæфтæй фылдæр ницы уарзта. Арæх-иу æрбацъщ æхсæвы 11-12 сахатыл, йс ’рбацыдмæ-иу уыдон тæвдæй фæтæгсны псцыл лæууыдысты цæттæйæ, ноджы ма сыл-иу цъæх кæрдæджытæ, нурытæ æмæ хывдындзтæ æркалдтон æмæ-иу æм уæд бынтон диссаг кастысты. Уæд иу 2-3 чысыл агуывзæиы нозт дæр банызта уырыссаг водкæ, уæд — иу ныхасмондаг ссм æмæ-му уæд нæ таурæгътæ суанг боныцъæхтæм дæр ахастой. Бмрæ уарзта йæ хæдзар æмæ иæ бинонтæ, дард балцæй-иу куы раздæхт, нс ’хсæн-иу куы æрбадт, уæд арæх мæнæ ацы ныхæстæ дзырдта: «Мæнæ цы хорз у нæхимæ!..» У — Мæнмæ гæсгæ, Хъуыбады иу æнæрхъуыды ми дæр никуы бакодта. Цалдæр азы размæ уæды партийы обкомы сскрстартæй иуы йæ куыстæй систой æмæ, дам, ын йæ хæдзары бын пъадвалтæй дзаумæттæ æмæ продукттæ машинæйы гуыффæйы дзаг раластои... Æз-иу хатгай кæмæйдæр цыдæртæ ракуырдтон Хъуыбадыйы сусæгæй. Æз уый куы нæ кодтаин, уæд бахатыр кæн, Дамир, нæ сывæллæттæ цы бахордтаиккой, уый нæ уыдаид. Мæ мой Ирыстоны сæргъы лæууыд, уæддæр-иу махмæ уыдис нæхи цæхæрадон, зыл- дыстæм нæхи халсартæм, нæхи картофмæ, ничи мыл баууæнддзæн, фæлæ-иу æргæвдынмæ Хъуыбадыйы сусæгæй хуы дæр хастон. Мæ лæг та обкомы фыццаг сскрстарь уыди! Нæ хæдзар нын милиционср Боциты Гсоргий хъахъхъæдта, æргæвдынмæ дæсны уыд. Нæ хуы дæр нын-иу аргæвста, бастыгъта, ныххæйттæ-иу æй кодта, иæ нафдтæ-иу ын иу-дыууæ всдрайы байдзаг кодтон, цæхх сыл-иу 28
* байзæрстон, Хъуыбады-иу зымæгон æхсæв уыцы нæрдтæ фых картæфтимæ хæрын уарзта. Арæх мæ зæрдыл цы æрбалæууы, уый дæр дын радзурон. Дæлæ Толстойы номыл уынджы цардыстæм иу заман. Æз нæ кæрты къуымы хуыйы къæбыла хæссыныл куы схæцин. Иу райсом бардæ æлхæнынмæ ацыдтæн, иу къæйных сылгоймаджы разæй куы фæуин, зæгъгæ, размæ бакъахдзæф код- тон, уый мын æй нæ ныббарста æмæ мыл тæвд бардæ æрбакалдта, къæхтæй сæрмæ счъизи дæн. Цы ма кодтаин? Хуыцау хорз æмæ хæстæг цæугæдон калди, уырдæм хиды бынмæ бацыдтæн, мачи мæ фсна, зæгьгæ, мæ дзаумæттæ раластон, ныхсадтон сæ, ныллæмæрстон сæ æмæ сæ хуылыдзæй фæстæмæ мæ уæлæ скодтон. Стæй та фæстæмæ бацыдтæн, æмæ дæ уырны, горæты кæронæй суанг горæты астæумæ тачкæйы хуыты уыцы хæринаг сластон... VI — Хъæды хæдзарады куы куыста, уæд-иу æй арæх цæуын бахъуыд Ирыстоны алы кæрæттæм, фæндагыл арæх уыд, фæлæ-иу изæрæй хæдзармæ æнæмæнг æрбаздæхтаид 6-7 сахатыл. Никуы-иу бафæстиат. Дыууæ-æртæ сахаты-иу йæ фæллад ауагьта, стæй-иу бавнæлдта кæсынмæ. Касти тынг бирæ. Йæ сынтæджы сæрмæ ауыгъд уыдис бра, кæцы хорз рухс кодта. Сахат-дыууæ сахаты-иу йæ иу фарсыл хуысгæйæ фæкаст, стæй-иу бафынæй, фæлæ-иу æнæмæнг дыууæ-æртæ сахаты фæстæ райхъал æмæ та-иу кæсыныл балæууыд. Æз-иу тынг дис кодтон: цас ын æнтысы кæсын. Цы бафиппайдтон, уый дын зæгьон: йæ куыстæй йæ куы суæгъд кодтой, уæд фыццаг бонты тынг арæх касти Лснины чингуытæ, мæнмæ гæсгæ, дзы агуырдта дзуæппытæ, цы бирæ фарстатæ йæм сæвзæрд, уыдонæн. Æз æй æмбæрстон: йæхи иунæджы трагсдийыл нæ нымадта, кæи йæ систой, у.ый, фæлæ йæ базонын фæндыд нæ алыварс Хрущсвы рæстæг цытæ цæуы, уыдон, бирæ цыдæртæ йын нæ бæстæйы мидæггаг, стæй æддагон политикæйы æмбæрстгонд нæ уыдысты. Тынг бирæ каст аивадон æмæ зонынадон литсратурæ, æййæфта, æз-иу кæмæй пайда кодтон, уыцы мсдицинон энциклопсди кæсын дæр, уый фæстæ иу мæнæн, мсдицинон кусæгæн, æнæнхъæлæджы фæлварæнтæ ацарæзта, фарстаты бын-иу мæ фæкодта. Х^тгай-иу ын дзуапп раттын мæ бон нссси. Бирæ зонын æй фæндьтд æмæ уый йæ къухы æфтгæ дæр кодта культурæ æмæ этнографийы тыххæй, Кавказы æмæ Астæуккаг Азийы адæмты цæрджыты тыххæй, йæ зæрдыл-иу алцыдæр хорз бадардта. Раст ахæм рауад йæ фырт Сослан дæр. Диссаджы бирæ кæсы, диссаджы бирæ цыдæртæ зоны, тынг лæууынц йæ зæрдыл, суанг наукæйы алы хæйттæ дæр, афтæмæй йæхæдæг та ахуырадмæ гæсгæ у инжснср... Иу заман иу Ног азы бæрæгбонмæ заз бæллæстæ ластой дæлæ Налцыккæй, нæхимæ нæ уыд, уым та уыцы куыст хорз цыди. Хъуыды ма кæнын уый тыххæй цалдæр хатты Хъуыбады куыд 29
бахъуыр-хъуыр кодта, уый: «Ау, иухуызон æрдзон уавæртæ нын куы ис, уæд мах фæстейы цæмæн баззадыстæм? Исты иын æнæрхъуыды кæнгæ нæй! Бынат уал сын ссарын хъæуы»... Цас фæхъуыды кодта, уый нал зонын, фæлæ дын мын иу изæр афтæ: «Мæнæ Калинин куы ссыди, уæд уæлæ горæты сæрмæ бæрæгбон кæм уыдис, уыцы бынат дæм куыд кæсы заз бæлæстæ ныссадзынмæ? Райсом ма цом æмæ дын æй фснын кæнон»... Уыцы бынат æвзæрст æрцыд, зазтæ æмæ нæзыйы талатæ ластой æмæ ластой Налцыккæй, сыанг ма дзы уырыссаг бæрзытæ дæр ныссагътой. Уыцы бынат зондзынæ, Дамир, уæлæ санатори «Иры- стон»-мæ куы фæцæйхæццæ кæнай, уæд фæндагæн йæ рахиз фарс. Æнæниздзинадæн стыр ахъаз чи у, ахæм рæсугъд бынат дзы рауад. Куы ма дын æй дзырдтон, 1948 азы Прагæйы куы уыдыстæм, зæгъгæ, Бсрияйы бинонты дæр фыццаг хатт уым федтам. Уым Хъуыбадыйы зæрдæмæ фæцыд канатон фæндаг Бснсшы хохы цъуппмæ’. Куыддæр æгъдауæй йын бантыст ратушæмæ бацæуын, чертсжтæ дзы ракуырдта, хъуамæ, дам, мах дæр горæты сæрмæ Гæмæх хохы цъуппмæ ахæм фæндаг скæнæм. «Цы диссаджы бынат уыдзæн уый, уымæ ма-иу кæсут, — æхсызгонæй дзырдта Хъуыбады, — ам дсндрарии, йæ фарсмæ нæзы бæлæсты къох... Алæмæты бынат! Ноджы Гæмæх хохы цъуппæй акæс æмæ дæм алцыдæр зындзæн суанг Грознайы онг». Уым, Прагæйы ма йæ зæрдæмæ фæцыдысты уынджы цырæгътæ, иуы цур мын мæ къам дæр сисын кодта. Куы ссыдыстæм, уæд ахæм уынджы цырæгьтæ скæнын кодта, проспскты сæ цалæр раны æрцауыгьтой, тынг сфидауын кодта сæ алыварс, уым ма сты-нссты, уый нæ зонын, æз рагæй нал ацыдтæн уыцырдæм. Канатон фæндаг Гæмæх хохы цъуппмæ аразынмæ та бавнæлдта зæрдиагæй, мæнæ йæ йæ куыстæй куы истой, уæд ын уый дæр йæ аххосыл банымадтой, кæй, дам, хъуыди уый, цæмæн хъуыди. Доны станцæ дæр уымæ хæсæг арæзтой, уæд та мæ мой æхсæвæй-бонæй уырдыгæй нал цыди, адæм дзы тынг æнувыдæй куыстой, уæлдайдæр службæгæнджытæ æмæ интсллигснцийы минæвæрттæ. Дæхæдæг æй куыд зоныс, афтæмæй мах, ирæттæ, абон уыцы бынатæй сæрыстыр стæм, нæ уазджыты уырдæм фæхонæм, уым сты нæ зындгонд санаторитæ дæр... 00000000О000О000000000О00000ОО0000000 ЛЦЫ УЛЦЛУ КÆСДЖЫТÆН ЗОНИНЛГÆН СЮ*УЫДДЗАГ БЛСКЛТЫ ДЗЛМВОЛЛТЫ ДОКЛЛДÆЙ Х1>УЫГ>ЛДЫЙЫ ЙÆ КУЫСТÆЙ КÆМ СИСТОЙ, УЫЦЫ ПЛЕНУМЫ: — Арæзтадон æмæ горæты уынгтæм зилыны фарстатæ лыг кæнынын бæсты Хъуыбадыйæн йæхи сæрмагонд амынддзинадмæ гæсгæ нæ горæты организацитæ æмæ партион актив ацы аз æндæр ницы бакуыстой: арæзтой канаты фæндаг Дзæуджыхъæуæй 30
уæлæмæ 7 киломстры æддæдæр Гæмæх хохы цъуппмæ, афтæмæй та уыцы арæзтад махæн сæйраг нæ уыд, уыдис æй фæстæдæрмæ арпиевæн. Уыцы хъуыддаджы мæн рæдыд дæр ис. Уыцы канатон фæндагсаразыныл куыстой бирæ машинæтæ, уый тыххæй æнæзакъон уынаффæ рахастой, афтæмæй. Æнæзакъон мий- ыл банымайын хъæуы уый дæр, æмæ ам куыстой бирæ адæм . заводтæй, æндæр куыстуæттæй, уæлдайдæр та службæгæнджытæ. Æмбал Хъулы фырт-иу дыууæ мæйы дæргаы йæ алы кусгæ бон дæр райдыдта ардыгæй, партийы горкомы сскрстарь Дзсстслы фыртæй рауайын кодта прораб, райкомы сскрстартæй та уый хæдивджытæ. Фæндаг сарæзтой, фа^лæ нæма кусы, стæй никæйы хъæуы... ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 1953 ЛЗ, 30 ПОЯИРЫ. , МЫСЫ ДЛРДДÆР НИПÆ ВЛСИЛЬЕНПÆ: Хъуыбадыйы хъæппæрисдзинад хъæугæ кæй кодта, уый цард фæстæдæр равдыста. Уым абон сæ фæллад чи фæуадзы, уыдонæй бирæтæй фсхъусæн вæййы мæнæ ахæм ныхæстæ: Цом атсзпю кæнæм «Куловы фæндагыл». Уыцы фæндаг кæны Гæмæх хохы цъуппмæ. Кады бæрзæндмæ. VIII — Фронты нæ уавæр зындæрæй зындæр куы кодта, знаг дæлæ Майрæмададжы куы бацахста, уæд нæм Мæскуыйæ сæйраг ко- мандæгæнæджы ставкæ сæрвыста æххуысмæ инæлар Бодины, Фæскавказы фронтæй та нæм æрбаппæрстой курдиатджын хæстон разамонæг инæлар Саджаяйы. Уыдон сс ’рбацыды дыккаг бон Æдасдзинады комитсты хæдзары Бутырины уынджы сæхимæ бад- зырдтой рсспубликæйы хицауадмæ. Хъуыбады уырдыгæй æхсæвы куы раздæхт, уæд зап>та: райсом цæуæм Джызæлмæ, уым нæхиуæттæ æрыппæрстой нсмыцаг хæдтæхæджы, бадти, дам, дзы цыдæр стыр хицау, йемæ та, дам, уыдис хæстон вазыгджын доку- менттæ. Гъемæ райсом раджы уыцы инæлæрттæ Бодин æмæ Сад- жая, семæ ма Æдасдзинады комитсты сæрдар Задслава,>афтæмæй иу машинæйы Джызæлмæ уыцы хæдтæхæг уынынмæ араст сты. Хъуыбады иу чысыл афæстиат, афоныл нæ райхъал æмæ сæ фæстсйы ассырдта. Мæнæ мын цы радзырдта фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд: «Уыцы æртæ цыдысты трофсйон машинæйы, опсль-капитан хуынди, æнхъæлдæн. Æз мæхи машинæйы сæ фæдыл дæрддзæф. Джызæлмæ куы фæцæйхæццæ кодтон, уæд кæсæм æмæ уыцы раззаг машинæйы скъæрæг Кайшаури нæ размæ згаэры æмæ йæ хъа^лæсы дзаг тарст хъæр кæны: «Фæмард сты, иууылдæр фæмард сты!..» Куыд рауадис уый? Раззаг машинæ Джызæлмæ æрдæгфæндагыл уыди, афтæ уæлдæфы фæзындысты нсмыцаг хæдтæхджытæ, тахты- 31
сты Орджоникидзсйыл бомбæтæ æппарынмæ. Æнæнхъæлæджы дзы иу иннæтæй фæхицæн æмæ йæхи ныллæг æруагъта инæлæртты сæрмæ /нсмыц зыдтой трофсйон машинæты-иу стыр хицауад кæй цыдысты, уый /æмæ йыл зыбыты иунæг бомбæ æрæппæрста. Заде- лава фæци дзыхъмард* Бодинæн уæззау цæф фæцис йæ ахсæн, Саджайайæн та йæ къах атыдта. Куыд уыныс, афтæмæй Хъуыбады æгас баззадис уымæн, æмæ ма уыцы хабар куы æрцыд, уæд уыдис горæты. Тсрчы сæр цы хид ис, уый бын амбæхстис йæ шофыримæ. Æз госпитæлмæ азгъордтон. Уым мæ бацыдмæ опсраци скодтой сæ дыууæйæн дæр, фæлæ сын ницы фсххуыс ис уый. Æртæ марды дæр аластой Тбилисимæ, æз дæр сæрмагонд дслс- гацийы æхсæн фæдæн, Задславæйы бинонтæ нæ хæлæрттæ уыдысты æмæ сын Хъулаты номæй æз хъуамæ тæфæрфæс ракодтаин> мсмæ сын аластон алыхуызон продукттæ дæр. Уый уыдис 6 ноябры 1942 азы, æртæйы дæр баныгæдтой фæрсæй фæрстæм. Всрсскы уæлмæрды. Уыцы адæмы æгьдаумæ гæсгæ дзы цыдæр хисты хуызæн дæр скодтой. Æрæджы Гуырдзыстонæн иу прсзидснт куы уыдис — Гамсахурдия. Гъс, уый фыд, зындгонд фыссæг Гамсахурдия дзы дæргъвæтин æппæлæн сидт рауагъта ирон адæмы цæрæнбоны тыххæй, уыдон, дам, хъæбатырæй хъахъхъæнынц Ирыстоны зæххх, сæ хицауад кæйдæртау искуыдæм нæ ацыд. Мæ кой дæр дзы скодта, загъта, зæгъгæ, дам, ацы тыхст бонты æрбалæууыд йæ лæджы фарсмæ, абарста мæ дскабрнстты устытимæ, уæлдай арфæ та ракодта Хъуыбадыйæн Заделавæйы бинон- тыл афтæ тынг кæй ауыды, уый тыххæй. Дыккаг бон æз Тбилисийы бынмæ уыдтæн хъæу Цхнстийы. Уырдæм овакуациигонд æрцыдысты мæ мад, мæ хо æмæ мæ сывæллæттæ. Фсдтон сæ, мæ зæрдæ сæм нал æхсайдта. Фæссихор нæ дслсгаци Ирыстонмæ рацыди, иууылдæр сбадтыстæм уæзæгтæ ласæн машинæйы гуыффæйы. Фæстаг тунслмæ куы фæцæйхæццæ кодтам, афтæ нæ салдæттæ баурæдтой æмæ нын карзæй загътой: «Дарддæр уын цæуæн нал ис. Дæлæ гыццыл дæлдæр фæндагыл æркалдис дурты зæй, йæ быны фæкодта цалдæр машинæйы. Цæуынц дзы ирвæзынгæнæн куыстытæ». Уым цы адæмы баййæфтам, уыдон алы ныхæстæ кодтой, зæгъгæ, знаг Орджоникид- зсйы æмбис æрцахста, карз хæстытæ дзы цæуынц æмæ ма нод- жыдæр цътдæртæ. Мæ зæрдæ Хъуыбадымæ æхсайын байдыдта, нод- жы ма уымæй размæ æхсæвыафæлвæрдтон йсмæ Тбилисийæ тслс- фонæй аныхас кæнын, фæлæ мæ къухы нæ бафтыд æмæ йын ныр бынтондæр старстæн. Иуцасдæр куы алæууыдыстæм, уæд мс ’мбæлттæн загътон: «Фистæгæй цомут». Нссразы сты, дæу дæр, дам, ницы хуызы ауаддзыстæм. Мæхинымæр, уæдæ, зæгъын, хорз. Æмбисæхсæв машинæйы гуыффæйы алы къуымты куы æрфынæй стът, уæд æз æрхызтæн фæндагмæ æмæ араст дæн. Абон дæр ма дис кЛнын, уæд мæм уыцы ныфс кæцæй æрцыдис, ууыл. Дурты зæй кæм æркалдис, уырдæм куы ныхæццæ дæн, уæд ирвæзынгæнæг кусджытæ мæ размæ разгъордтой, уыромгæ мæ кодтой, фæлæ сæм æз нæ байхъуыстон, æмæ мæ уæд фæстсйы тынг æлгъыстой 32
сæхицæй. Нæлгоймаг мæ фснхъæлдтой, уымæн æмæ мæ уæлæ уыдысты сæрак палто, цырыхъхъытæ, хъазахъхъаг уа^лдзарм худ. Мæхинымæр, дзурут, дзурут. Цас фæцыдтæн, хуыцау йæ зонæг, хъысхъысгæнаг миты, фæлæ мæм иу заман разындысты хæдзæртты рудзгуыты рухсытæ æмæ мæ уд æрынцади. Уый уыди Къоб. Æппæтыфыццаг дыууæуæладзыгон хæдзармæ бахæццæ дæн, йæ бырынцъаг асинтыл ын хæрдмæ, рухс кæцæй калди, уырдæм схызтæн, зæронд хъæдын дуарыл мæ сынæгæй бахæцынмæ хъа- выдтæн, фæлæ фырфаглладæй размæ бахаудтæн æмæ дуар дæр ныттыгьтон, стæй ницыуал бамбæрстон. Цас фæхуыссыдтæн, хуы- цау йæ зонæг, фæлæ ме ’муд куы æрцыдтæн, уæд хуыссыдтæн пъолыл, мæ уæлхъус та лæууыдысты мæ зонгæ дохтыр Ногьайты Аннæ, стæй Токайы фырт, йæ ном мæ зыбыты рох фæцйс, асæй чысыл нæлгоймаг, медицинон ахуыр æм нæ уыд, фæлæ æдзух дохтыртиæ куыста. Уыдон мын мæ бæгьæввад сыд къæхтæ спъирттæй сæртой. Стæй мæ бафсæстой, карз нозт дæр мын адард- той мæ былтыл æмæ уæд уайтагьд афынæй дæн. Дыккаг бон мæ райсомæй машинæйы нæхимæ рарвыстой, Ларсы цур мæм æнхъаглмæ каст Хъуыбады, æз уый машинæмæ бахызтæн æмæ уым хъармы дзырды æмбис дæр нæ иу дæр нс ’скодта, фсслæ кæрæдзийы тарст цахтытæм бакастыстæм æмæ дыууæйæ дæр скуыдтам... IX — Мæнæ ацы писмотæ дæумæ фыццаг æвдисын, Дамир. Рухсаг уæд, Дзаттиаты Тотырбег дæр ма хъавьтд Хъубадыйыл цыдæр фыс- синаг, нал ын бантыст. Уымæ,дæр сæ нæ радтон. Бакæс сæ æмæ йын дæхæдæг аргь скæндзынæ куыд адæймаг, куыд Ирыстоны хъæбулæн. Дæлæ Мæлхъæвæджы хæсты акъоппыты уыд салдæттимæ æмæ мæм сæ иу хай уырдыгæй æрвыста. «Нинæ, мæ къона! Куыд уыныс, афтæмæй бирæ азты фæстæ ногæй мæ къухтæм фыссæн сис райстон. Хъуыды ма кæныс цас дæм нал фыстон, уый? Сабыр дуг уыди, аз азы фæдыл згьордта, иумæ цардыстæм. Ныр та куьтд уьтныс, афтæмæй æрцыд мах рад дæр æмæ фæхицæн стæм. Абон къуыри, иунæгæй дæ куы ныууагътон, уæдæй нырма:. Хуыцау зæгьæд,- цæмæй бирæ ма ахæсса. Зын у фæхицæн, зын у æнæ дæуæй, мæ къона, Нинæ, зын мын у мæ зынаргь сывæллæтты дæр кæй нæ уынын, уый дæр. Фæлæ фидар уæвын хъæуы, уымæн æмæ ХÆСТ æгъатыр хъуыд- даг у. Бафæразын ын хъæуы. Цæй уæдæ иумæ уæм фидар æмæ фæразон. Нæ фидæн нæхи къухты ис, уымæ гæсгæ саразæм æппæтдæр, цæмæй фæуæлахиз уæм. Уым ис нæ политикæйы бын- дур. Алчидæр нæ хъуамæ алцыдæр скæна, алцы дæр радта Уæдахизы охьтл. Дæуæй хуыздæр мæ чи зоны, æз иуæй дæр фæстæдæр нæ баззайдзынæн уыцы хæс сæххæст кæныны хъуыддаджы... 3 Д.Х. Дауров 33
Мæ къона Нинæ! Дæу, æвæццæгæн, зонын фæнды мæ амы царды тыххæй. Цæрын хуымæтæг цардæй, къазармаиы уавæрты. Хæринагæй дзы æвзæр нæу, ницы хъуаг нæ уадзынц, сыгъдæг стæм. Иннæтау æз дæр кусын æнæхъæн суткæйы дæргъы. Мæ куыст у хæстон куыст. Совстон Цæдисы Хъахъхъæнынады паддзахадон Комитсты уынаффæмæ гæсгæ Сталины къухбавæрд дзы, афтæмæй, æз сдæн Хæстон Совсты Уæнг хæцгæ чи кæны, уыцы Сырх Æфсады. Уый мæнæн у стыр кад, стыр æууæнк хицауады æрдыгæй. Мæ уыцы бæрнон хæстæ æххæст кæнынмæ ныридæгæн бавнæлдтон. Зын æмæ вазыгджын куыст у, фæлæ мæ фидар ныфс ис кæй дзы сарæхсдзынæн, уымæй. Нс ’фсад хæцы, архайæм, цæмæй йæ кæронмæ фидар скæнæм, ууыл. Райсом мын хæстон дарæс ратдзысты. Раст зæгьмн хъæуы, Сов- наркомы сæрдары хæстæй уæгъдгонд нæма дæн, фæлæ умцм ку- ыстыл хардз кæнын мæ кусгæ рæстæгæй æрмæст 10 процснтм бæрц. Нæ рсспубликæйы нырма сабыр у иннæ рæттимæ абаргæйæ, хатгай знаджы хæдтæхджытæ фæзынынц, фæлæ уыййас знаггад нс ’рхæссынц. Гъс, уыдон дын нæ хабæрттæ. Дæ фыстæг мæ дын æнхъæлæм кастæн, ам лæгтæ мæнæи фæстæмæ иууылдæр сæ устытæй писмотæ райстой, æз та нæма. Кæд, мыййаг, æхцахъуаг æййафмс, уæд мæм тслсфонæи æрбадзур, кæнæ-иу ратт телсграммæ. Æнхъæлмæ дын кæсын дæ писмомæ. Нмффмс мæм кумд æрбынат кодтат, куыд сты нæ сывæллæттæ. Æз тмнг бæллмн нæ сывæллæты уындмæ. Мæ хъæбысы дæ кæнын. Дæхи Хъуыбады. 21.08.1942 г. Орджоникидзс». «Мæ къона Нинæ! Райс мæ салам, мæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад, уырнм мæ мах дæр ам цардæгас æмæ æнæниз кæй уыдзыстæм, умй. Фсрвитмн дын мæ дзаумæттæй цыдæртæ, стæй иу чысыл къопп, сывæллæттæн дзы цыдæртæ сæвæрдтон. Нæ уавæр у тынг тæссаг, знаг нæ горæты тæккæ бмнмæ æрбахæццæ. Фæлæ хæтдзмстæм, хъахъхъæндзмстæм нæ уарзон, нæ зынаргъ Фыдыбæстæ. Уыдзыстæм хъæддых кæронмæ. Уырнм мæ, æппæтдæр дзæбæхæй кæй ахицæн умдзæн, умй. Дæ Хъуыбады. 1.11.1942 аз.» «Мæ къона Нинæ! Нæ ’хъуыддæгтæй зæрдæ нæма рухс кæны — знаг бырсы, бмрсм, хъавы нæ горæт байсынмæ. Нс ’фсæдтæ æвзæр нæ хæцынц, фæлæ знаджы авиаци сырды хуызæн бомбæтæ згъалм нæ змнаргь сто- 34
лицæйыл, бирæ хæдзæрттæ ныппырх сты, ис мæрдтæ нæ адæмы * æхсæн... Абоны онгнæма базыдтон Алик гыццыл Булатиккимæ цы фссты, уый. Ды, æвæццæгæн, базыдтай Задславайы æмæ Саджаяйы хъысмæт — æнæхъуаджы фæмард сты... Цы гæнæн ис, хæст хæст у. Цæрæм æмæ кусæм зæххы бын æхсæвæй бонæй, фæлæ ныл ма тыхс. Цæвдзыстæм цыфыддæр знаджы, ницы йын ратдзыстæм. Æппынæдзухдæр мысын сымах, мæ сывæллæтты, уырны мæ, тагьд та кæй сæмбæлдзыстæм, уый. Ныффыс мæм иу цалдæр ныхасы. Абон æмбал Цсрстсли мæнæн æмæ æмбал Мазинæн зæрдæ бавæрдта сымах бацагурынæй. Салæмттæ Юриккæн, Машæйæн, Катяйæн, мæ хъæбысы кæнын Зарстæйы, Томæйы, Сосланы. Хъуыбады. 6.11.1942 аз.» «Мæ къона, мæ зынаргъ Нинæ! Ацы уæззау æмæ тыхст бонты, мæ зынаргъ Фыдыбæстæйы хъысмæг лыггонд куы цæуы, уæд æз иу минут дæр сымах нæ рох кæнны. Ацы критикон минутты мæнæн уæлдай зынаргъдæр сты дсмæ мын цыдæриддæр баст ис, уый, нæ сывæллæттимæ, сæдæ хатты уарзондæр æмæ хæстæгдæр баисут мæ зæрдæмæ. Æз æрцыдтæн мæнæ ахæм хатдзæгмæ: цас фылдæр зынтæ фснай, уыйас адæймаг фæразондæр кæны æмæ тынгдæр æнкъары ИВГЪУЫД. Раст зæгъын хъæуы, мæ риссЯг катай кæмæн раргом кæнон, ахæм ам нæй. Фидарæй мæ уырны, тагъд кæй æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ æндæр хуызы кæй бацæрдзыстæм... Хæст æрмæст халгæ нæ кæны, æрмæст х^изæмæрттæ нс ’взарын кæны адæмæн, фæлæ ма цæхгæр æвæры царды фарстатæ, ног цардæн нын амоны фæндæгтæ. Мæ къона, дæ писмо дын кæдæй-уæдæй райстон,уым айдæнау зынынц дæ хуыздæр хъуыдытæ, дс ’нкъарæнтæ, уыдонæй дæ фæлмæн зæрдæ дзаг у. Дæ фæдис мæнæн æнæзонгæ нæу, уый сыгьдæг у, æнæфау. Æз дæ уый тыххæй сæрыстыр дæн. Æгæрон цин кæнын, кæй мæ æмбарыс, ууыл, раст аргъ кæныс мæ архайдæн хæцæг æфсады. Цард алкæмæн дæр зынаргъ у, фæлæ цæмæй кæронмæ æххæстæй фæцæрай, уый тыххæй уыцы цардыл абон тох кæнын хъæуы. Куыд цæрын, зæгъыс? Цыбырæй: ныр дыууадæсæм бон знаг æрхъула кодта нæ горæтыл. 31 октябры, 1-æм æмæ 2-æм ноябры йыл знаджы авиаци сырдау бомбæтæ калдта, стæй нæ хЪæутыл — Цыкола, Æрыдон, Алагир, Дур-Дур, Дигора, уæлдай æгъатырæй та — Джызæл æмæ Архонкæйыл. Цас хъизæмæрттæ æрхаста уыцы цъаммар знаг мæ адæмæн — сылгоймæгтæн, сывæллæттæн, зæрæдтæн. Мæ зæрдæ йæхимидæг æрбалхъивы, мæ туг ауазал вæййы. Æгъатырæй дæрæн кæнын хъæуы уыцы дыууæкъахыг сыр- дты, кæцытæ æрхастой фыдбылызтæ мæ райдзаст, мæ къона Иры- 35
стонæн. Æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ мах æнæмæнг нæ маст райсдзыстæм знагæй, ненæуынондзинад йæхи цармыл бавзардзæн. Знаг хъавы нæ горæт Орджоникидзс уыцы иу цæфæй райсын, фæлæ йын нæ бантыст æмæ нæ бантысдзæн. Абон райсомы цыппар сахатыл знаджы атардтам Джызæлæй дæр. Знон та мах Мазинимæ уьщыстæм хæцæг æфсады Джызæлы цур, нс фсæддон хæйттæ архайдтой тынг дæсны. Раст зæгьын хъæуы, Джызæлæй ницыуал баззад: хæдзæрттæ хæлд, цæрджытæй бирæтæ хъæдмæ алыгъдысты æмæ нæма æрыздæхтысты, иутæ дзы уыцы хæсты рæстæг фæмардысты. Фрон- ты раззаг хахх мæнæн ныр æнæзонгæ нал у, фæлæ бирæ кæй уарзтон, уыцы хъæу Джызæлы ахæм уавæры куы фсдтон, уæд мæ зæрдæ куыннæ аскъуыди. Мæныл ма тыхс, мæ хуызæттæ сты сæдæгæйттæ æмæ мингæйттæ: мах хъуамæ хъахъхъæнæм нæ сæрибардзинад æнæ нæ амонд. Ныр цыппæрæм бон знаджы авиаци нал зыны, фæлæ ма нын нæ горæт сармадзантæй æхсынц. Дысон æмбисæхсæв горæты астæу æхста, фазлæ дзы хæлд уый бæрц ницы æрцыд, лæгмæрдтæ дæр дзы нæй. Ацы фæстаг къуыри тынг мæт кæнын Созырыхъо æмæ йæ бинонтыл, фæлæ хуыцауæй разы, алцыдæр сбæрæг: Куырттаты комы разындысты, уым сын ницы тас у. Мæ къона! Мæнæн дæ писмойы иу бынат мæ зæрдæмæ æппындæр нæ фæцыд, цавæрдæр Вартазановæйы кой дзы кæныс. Æз æй не ’мбарын, дæуæн та мæ бон нæу ныппарын уыцы æнæзонддзинад. Ау, дæ къух куыд батасыд, уыцы æнæрхъуыды ныхæстæ ныффыссынмæ, уæлдайдæр ацы тыхст бонты, нæ алкæйы хъысмæт дæр лыггонд куы цæуы, уа^д? Къæйных дæм фысын, фæлæ æцæг РÆСТДЗИНАД æдзух дæр къæйных вæййы. Æппындæр мæ Задславæйы мæлæт нæ рох кæны. Мæн алцыдæр фæнды скæнын, цæмæй уый ма фсрох уа нæ адæмæй, йæ бинонтæн мæ исты хорз фæуын фæнды. Æнæхайыры уавæр нын фадат нæ радта йæ чырыны уæлхъус алæууын Тбилисийы. Арвыстам ын йæ бинонтæн æхца æмæ продукттæ. Ды дæр ныфсытæ авæр йæ биной- наг Маройæн, фидар фæлæууæд. Мæ къона Нинæ! Æнкъард ма кæн, ма тыхс,. æппæтдæр уьтдзæн хорз, тагьд фембазлдзыстæм. Знаджы фæстæмæ æнæассургæ нæй... Дæ Хъуыбады. 11.11.1942 аз...» — Æфхæргæ йæ кæм бакодтой, уыцы Плснумы фæстæ Хъуы- бады иуцасдæр æгуыстæй фæцнс, тыхсын райдыдта, фæлæ йæм иу бон йæхимæ фæдзырдта обкомы ног фыццаг сскрстарь Æгкацаты Валодя. 36
— Хоры продуктты управлснийы хицауы бынат мын лæвæрдтл, — загъта мын Хъуыбады нæхимæ куы раздæхти, уæд, — Æз нс сразы дæн, уымæн æмæ ахæм куыстуæтты бирæ вæййы æрмæстдæр æм давыны тыххæй чи æрбацæуы, ахæм адæм. Æз та уыдоны астæу нæ базондзынæн нæдæр кусын, нæдæр цæрын. Уый мæ куыст нæу... Стæй йæ уæд арвыстой Хуымгеллæгмæ, машинæ-тракторон станцæйы директорæй. Уырдæм цæуыныл уайтапьд сразы. Ныр зымæг, хъызт зымæг. Цардис йæхи хæдзары, Хъулатæм. Æз æм-иу цыдтæн алы къуыри дæр, мсмæ-иу аластон хæринæгтæ, ног æхсад хуыссæнгæрзтæ, йæхæдæгдæр-иу сабаты суад, йæхи-иу цынадта æмæ та-иу — фæстæмæ. Йæ куыстæй йын æвзалы ластой, фæлæ уæддæр уат фаг хъарм нæ кодта, æз-иу уым куыбаззадтæн æмæ-иу райсомæй мæ цæстытæй куы ракастæн, уæд-иу рудзынджьг уæлвæйнæгыл доны агуыцзæмæ кастæн: ныссалдис-иу. Хъуыба- дыйæн дæр-иу йæ сæрыл цъында худ уыдис, кæннод ын сийгæ кодта. Фæлæ дæ уырны, Дамир, кæд ахæм стыр куысты фæстæ уæззау уавæрты бахаудта, уæддæр дзы æз хæснагæн дæр иу фæсмоны ныхас никуы фехъуыстон. Уыцы бынаты куыд зæрдиагæй куыста, ам дæр афтæ. Уыцы куыстуат уыдис фæстæзад, ахста фæстаг 18-æм бынат, Хъуыбады дзы афæдз æххæст дæр нæ бакуыста æмæ йæ ракодта фыццаг бынатмæ. Диссаг цы уыди, уымæ ма хъус. Уырдæм æм арæх цыдысты йæ рæстæджы чи куыста, райкомты уыцы секретартæ, цæмæйдæрты йæ фарстой, стæй æнæуи фснынмæ, ныхасмæ. Уый-иу йæ хъуыны стыхсти: «Æгкацы фыртимæ иумæйаг æвзаг ссарут, æвзæр адæймаг æмæ æвзæр кусæг нæу». Уæддæр æм цыдысты æмæ цыдысты... АВТОРÆЙ: Абон дæр ма мæ хъæубæсты хистæртæ, йсмæ уым чи куыста, уыдон хорзæй мысынц Хъуыбадыйы. Мæнæ мын цы радзырдта Хуымæллæджы кадджындæр лæгтæй иу Бсруаты Ирбег: — Æз педагогон институты ахуыр кодтон æртыккаг курсы, афтæ фæзиан мæ фыд æмæ бинонты дарын мæхимæ æрхаудта. Ныууагь- тон мæ ахуыр, хъæумæ æрцыдтæн æмæ исты куыстагур МТС-мæ бацыдтæн, уымæн æмæ Хъуыбадыйы зыдтон, мæ фыдыфрымæр Барисимæ, мæнæ майор Вихры ролы цы Вадим хъазыд, уый фыдимæ иу къласы ахуыр кодтой. Бацыдтæн, уæдæ цы уыдаид йæ каби- нетмæ, мæхи йын бацамыдтон æмæ дæ уырны, мæнæ цыма мæ фыд уыдис, афтæ мæ размæ рацыд, сбадын мæ кодта йæ фарсмæ» бирæ мæ фæрафæрс-бафæрс кодта. Дыккаг бон кусын райдыдтон кадрты хайады хицауæй. Хъуыбады хъæуы сæр цардис, æз — хъæуастæу æмæ мын иу бон афтæ зæгьы райсомæй, дам-иу куыстмæ куы рацæуыс, уæд, дам-иу уæртæ Куыдзиаты хиды цур цæй иумæ сæмбæлæм. Куыддæр-иу хур йæ был сдардта, афтæ-иу баиу стæм, ныхасгæнгæ цыдыстæм æртæхджын кæрдæгыл, цæмæндæр æм хорз касти фистæгæй цæуын. Æз ма абон дæр сæрыстыр дæн кæддæры уыцы райсомтæй... 37
Мæ дзæбæх хистæр Дзуццаты Бечыр мæ курдиатмæ гæсгæ йæ мысинæгтæ ныффыста йæхæдæг, йæхæдæг мæм сæ æрбахаста. Мæнæ сты: ... 1953 азы Хъуыбадыйы йæ куыстæй суæгъд кодтой, адæмы знаг Л. Бсрииямæ, дам, баст уыди, хæларæй, дам, цардысты, ноджы ма, дам, æгæр хорз уыдысты сæ ахастдзинæдтæ Сталинимæ. Уыцы аз Хъуыбадыйы сæвæрдтой Хуымæллæджы МТС-ы дирск- торæй. Мартъийы мæй кæронмæ фæцæйхæццæ кодта. Бирæ нал баззад уалдзыгон-быдырон куыстыты райдайæнмæ. Мæнæн, пар- тийы райкомы инструкторæн, хæсгонд æрцыд бюройы æмбырдмæ фарста бацæттæ кæнын Хуымæллæджы машинæ-тракторон станцæ æмæ йæ зонæйы колхозтæ æмæ совхозтæ уалдзыгон-быдырон. ку- ыстытæм куыд цæттæ сты, уый тыххæй. Бацыдтæн Хъуыбадыйы кусæн бЬшатмæ МТС-мæ /Ху- мм&ллæгæй иуварс уыди пу-дыууæ киломстры дарддæр/. Фæндагыл цæугæйæ мæ сæры дунсйы хъуыдытæ сæвзæрди. Мæхинымæр дзурын: Ахæм ма диссаг уа партийы райкомы æвæлтæрд кусæг Дзуццаты Бсчыр партийы Цæгат Ирыстоны раздарры фыццаг сскрстарь Хъулаты Хъуыбады разамынд кæмæн дæтты, уыцы куыстуатмæ цæуы бæрæггæнæг. Мæнæ куыд аивтой рæстæджытæ?!« Æфсæрмы дзы кодтон, сагъæсы бацыдтæн, куы нæ сарæхсон, зæгьгæ, тыхстæн. Дирскторы кабинсты дуар бакодтон æмæ куы зæгьин: «Æмбæлы бауайын?» Хъуыбады йæ фыссæн стъолы уæлхъусæй сыстад æмæ мæ размæ дзургæ рацыд: «Табуафси мидæмæ». Мæ къух мын райста» æрбадын мæ кодта æмæ уæд йæхæдæг дæр йæ бандоныл æрбадти. Йæ размæ цы хъуыддаджы гæххæттытæ, писмотæ, тслсграммæтæ уыди, уыдон аиуварс кодта. Мсрбацыды сæр ын бамбарын кодтон æмæ мын куы зæгъид: «Инструктор партийы райкомы цæджындз у æмæ куыддæрпддæр зæгъай, афтæ бакæндзыстæм». Азылдыстæм МТС-ы бæстыхайыл, уыдыстæм цехты, фæныхас кодтам цалцæггæнджытимæ. Фсдтам цæттæдзинады линсйкæйыл цы зæхкусæн техникæ лæууыд, уыдон. Хъуыбадый фæсаууонмæ-иу афарстон кусджыты æмæ мын дзы æппæлыдысты: «Нæхи у, хуымæллæггаг. Бирæ хордзинæдтæ иæ фæнды æмæ аразгæ дæр кæны. Кæрцæй, дам, хæдон хæстæгдæр» - уыди сæ дзуапп. Хъуыбадыйы размæ МТС-ы дирскторæй куыста Мырзаты Мæхæмæт. 1960-æм азты Мæхæмæт кусын райдыдта партийы райкомы фыццаг сскрстарæй. ... Уыдыстæм колхозты, совхозты, Хъуыбадыйымæ >1ыхас кодтам сæ разамонджытимæ æмæ сæм-иу цы фарстатæ уыдис, уыдонæн сын лæвæрдта ба^лвырд дзуæппытæ, æххуыс сын кодта практикон æгьдауæй дæр. ... Раздæхстыстæм, суанг партийы райкомы дуармæ бацыдыстæм машинæйы. Æмæ йын куы зæгъхин:«Хъуыбады Дмитриевич! Хорз уаид æмæ бюройы уынаффæйы проскт иумæ куы ныффыссиккам». Уæд мын Хъуыбады афтæ: «Æрбад дæхæдæг æмæ йæ ныффыс. Тслсфонæй мæм æрбадзурдзынæ. Æз æрбацæудзынæн райкоммæ 38
æмæ йæ иумæ бакæсдзыстæм.» Дыккаг нал запугон æз дæр. Ныф- фыстон уынаффæйы проскт. Дыккаг бон мæ фыстæгимæ бацыдтæй Хъуыбадымæ æмæ мæ куы фсдта, уæд мын афтæ: «Æз дын куы загьтон тслефонæй-иу æрбадзур æмæ дæм мæхæдæг райкоммæ æрбацæудзынæн, залъгæ». «0, фæлæ фистæгæй цæуын пайда у, фæзапъынц,» - мæхи сраст кодтон æз дæр. .Хъуыбады бакасти лæмбынæг бюройы уынаффæйы проскт æмæ куы зæп>ид: «Хорз у, фæлæ пæ констатаци æмæ иуæй-иу пунктты фæхъæбæрдæр хъæуы критикон æмæ хикритикон æп^дауæй»... Ууыл æз дæр дыккаг нал зап/гон. Бюройы æмбырды мæ фæстæ ныхасы бар радтой Хъуыбадыйæн: «Æмбал Дзуццы фырт, цы фарстайыл цæуы ныхас, уый уавæр хорз бамбарын кодта. Лæмбынæг зап^та алцыдæр». Æз мæхицæй ныб- бузныг дæн. Хъуыбадыйы цæстуарзон ныхæстæ мын мæ дарддæры куысты сæвзæрын кодтой стыр разæнгарддзинад... Раздæры партион кусæг Саламты Зинæ: - Хъуыбады иу цалдæр мæйы акуыста, афтæ æвзæрстой дслсгаттæ облæстон партион конфсрснцимæ, фæлæ дзы нæ бахауд- та, фсрох æй кодтой. Цалдæр боны ма йæм хъуыд, афтæ Хъуыба- дыйы кабинстмæ бацыди МТС-ы кусджытæй иу, Цæлойты Сабаз. Мæсты ныхас кодта: «Æз æнхъæлдтон дæу дæр уыцы конфсрсн- цимæ равзардзысты, зæп>гæ: Мæн равзæрстой, фæлæ æз дæр нæ цæуын æнæ дæуæй...» Йæ цуры йæ æрбадын кодта Хъуыбады Сабазы, бирæ фæныхас кодтой, сразы йæ кодта ацæуыныл, æцæг, дам, куы раздæхай, уæд мын хабæрттæ радзурдзынæ. Тынг бирæ йæ бауарзтой адæм... 000000000000000000О0000000000000000О0 ХЪУЫВЛДЫЙЫ ЛÆППУ СОСЛАПЫ ЦЫЛЫР МЫСНЛÆГТÆ ЙÆ ФЫДЫ ТЫХХÆЙ: — 1942 азы сæрды астæу нæ бинонтæ эвакуацигонд æрцыдысты Гуырдзыстонмæ, æрбынат кодтам Тбилисимæ хæстæг чысыл хъæу Цхнсты. Уæд мæныл цыд цыппар азы æмæ æрдæг. Августы кæрон нæ мæ фыд æнæхъæлæджы абæрæг кодта æмæ уый уыд мыггагмæ мæ фыдæй зæрдыл æппæтыфыццагдæр цы бадардтон, уыцы цау. Уыдис ыл æрдæгхæстон дарæс, йсмæ ма хъахъхъæнæг уыдис — нæ уыдис, уый мæ бон æрымысын нал у, цыма уыдис тынгдæр мæм афтæ кæсы, фæлæ йæ фарсыл цы дамбаца уыд, уый мæ щ\л фсрох уыдзæн. Мæ фыды цæстытæм кæсынæй нал æфсæстæн, йæ фæлмæн къухьтл ын ныддæвæг дæн, фæлæ уæддæр мæ каст тынгдæр уыдис уыцы æнахуыр чысыл хæцæнгарзмæ. Иæ алыварс зылдтæн мæ фыдæн, хъавгæгиу ын бавнæлдтон йæ хуымпъырмæ, тынг мæ фæндыд йæ мидæг цы йс, уый фснын, бавналын æм. Мæ æдзæм цымыдисдзинадæн мын мæ фыд арп> куы нæ кодта, уæд ын ныллалъстæ кодтон: «Авæр ма мæм дæ пистилст, фсхсон дзы»... 39
ч Æрæджиау мæ бæллиц сæхæст. Цы машинæйы æрбацыд, уым мæ разæй йæ хъæбысы сæвæрдта, Цхнсты кæрон хохаг нарæг фæндагыл æрлæууыдыстæм, рахызтыстæм хуыртæм æмæ кæдæй- - уæдæй уыцы хуымпъыр байгом. Сласта мæ фыд йæ дамбаца, худгæ мын мæ цæстытæм ныккаст æмæ загъта: «Фсхс, кæд æнæ фсхсгæ дæ бон нал у, уæд»... Æз тæрсгæ-ризгæйæ райстон дамбаца, дыууæ къухæй йыл ныххæцыдтæн, зыдтон æй адæймаджы æрдæм æй саразæн нæй, уый, фæндаджы сæрты бурсыфтæрджын къутæртæм ныхъхъавыдтæн æмæ æвиппайды æргьæвæгыл æрбахæцыдтæн. Рай- хъуыст æнахуыр гæрах: гилдз, куыд хъуамæ уыдаид, афтæ нæ рахаудта, мидæгæй баззад. Æз фæтарстæн, фæстæмæ ахаудтæн, мæ фыд мæм фæлæбурдта, уымæн дæр йæ цæстыты зыр-зыр кодта тас. Æрæджиау кæддæр дзурын дæр сфæрæзта: «Ницы дын уыд?.. Ныр нын Нинæ цы зæгьдзæнис?» Ничи базыдта уыцы хабары тыххæй. Дыууæйæ дæр ныхас нæ бакодтам, афтæмæй нæ мидхъуыдыты скарстам: ниикæмæн æй схъæр кæндзыстæм. Азтæ рацыд, фæлæ йæ мæ дзыхæй дæр никуы суагьтон: худинаг мæм каст уæд кфй фæтарстæн, уымæй. Уыцы цауæй чысыл фæстæдæр дыккаг хатт куыд фæтарстæн, уый дæр дын æнæрадзургæ нæй, Дамир... Уæд Цхнсты нал уыдыстæм, раздæхтыстæм Ирыстонмæ æмæ цардыстæм 9-æм Æфсады командыгæнæн пункты зæххы бын. Иу зонгæ офицср мын немыцаг ракетницæ æмæ дыууæ ракстæйы балæвар кодта: Æз æй, кæй зæгьыхн æй хъæуы, сифтыгьтон, фæлæ мын æддæмæ уынгмæ рацæуынæн амал нæ уыд; æмæ ракстæ фæстæмæ куы раппæрстаин, уый мæ фæндыд, æцæг куыд æгьдауæй, уый нæ зыдтон. Æрæджиау бирæ хъуырдухæн æмæ катайы фæстæ мæ мадмæ бауæндыдтæн, зæгьын, ды мын сæ раппар. Уыцы уысм уый та тынг зæрдиаг ныхас кодта кæимæдæр, мæнмæ йæ нсвдæлд, кæсгæ мæм нæ ракодта, афтæмæй мæм фæстæмæ йæ къух радаргь кодта. Æз ын æй йæ армытъæпæны авæрдтон. Мæ бынатæй дæр нæма фсзмæлыдтæн, афтæ райхъуысти тыхджын гæрах: мæ мад йæхицæн дæр^ æнæхъæлæджы æргьæвæгыл æрбацхæцыд. Ракстæ мæ дæлармы бынты ахызт, зæххæй цармæ фссхъиудта, фæстæмæ æрхаудта, йæ цæхæртæй къулыл гауыз ссыгьд. Ссыгьд мæ хæдо^ дæр, уат фæздæгæй айдзаг, устытæй мыл чидæр дæрзæг хъæццул æрбаппæрста, йæ быны мæ анорста. Æрæджиау мæ бон уылæфын куы йал уыд, уæд хъæццул иуварс фсхстон æмæ фсдтон æнахуыр ныв: мæ мады ар- мытьæпæнæй туг фсмæхст, доны цыхцырæгмæ йæ бадардта æмæ туджы æртæхтæ алырдæмты зынджы стъæлфæнтау тахтысты... Уым, ныккæнды, чи уыд, уыдон иууылдæр фæтарстысты, æз, æвæццæгæн, сеппæтæй тынгдæр. Мæ мады армытьæпæн дохтыртæ бахуыдтой, гауызы сыгьд бынæттæ ма бирæ бонты тынг бæрæг дардтой, мæ хæдон дарынмæ нал бæззыд, фæлæ йæ мæ мады цæст аппарын нæ бауарзта, пъолæхсæн хæцъил дзы рауад, æппыныдзух дæр уыцы хуылыдзæй лæууыд, мæ дыккаг тарст та мын-иу мæ зæрдыл æрлæууын кодта. 40
Мæ фыд дæр дзæгъæл гæрахы тыххæй базыдта, фæлæ дзы уЗйдзæфы ныхас дæр нæ фсхъуыстон, æрмæст мын мæ цæстытæм бирæ фæкаст, йæхи дынджыр цæстыты дæр катайы уылæнтæ зыр- зыр систой, иухатт Цхнеты цур хохаг фæндаджы цур куыд уыдис, афтæ... II — Мæхи цас зонын, уыййас мæм мад дзырдта мæхи номæй, мæ фыд та мæ гыццылæй хуыдта уырыссагау «малый». Æдзухдæр мсмæ уыдис уæздан, тых ныхас мæмникуы скодта, æнæхъуаджы мийæ мæ никуы бафхæрдта. Æвæццæгæн æй æмбæрста: гыццыл адæймаг дæр адæймаг у. Фæлæ мæ уæддæр никуы ферох уыдзæн иухатт мæм куыд смæсты цс, стæй йæм æз мæхæдæгдæр чысыл куыд фæхæрамдæ, уый. 1942 азы кæрон нæ горæты бынæй знаджы куы фсддæдуар кодтой, уæд мах дæр Цхнстæйæ æрбаздæхтыстæм æмæ уæлдæр куыд загътон, афтæмæй цардыстæм Цсрстслийы уынджы 9-æм Æфсады командыгæнæн пункты. Уый уыдис зæххы бын арф, дæргьæццон къæридор дзы, йæ фæйнæфæрсты чысыл уæттæ. Мах уаты уыдис дыууæ æфсæйнаг сынтæджы æвæрд æмæ хуымæтÆг къухтæхсæн, къулы рæбын та банцой кодтой автомат æмæ топп. Мæн сæм хæстæг нæ уагътой. Афтæ ма дзырдтой, зæгъгæ, дам, къаридоры кæрон ис æфсæйнаг дуар, ахæц ыл æмæ, дам, Тсркмæ ахиздзынæ. Уый сбæлвырд кæнын дæр мæ тынг фæндыдис, фæлæ мæ уырдæм дæр æмгæрон нæ уагътой. Уый хыгъд-иу зылын-мылын æфсæйнаг асинтыл госпиталы кæртмæ схызтæн. Мæ уыцы царды бонтæ ма абоны хуызæн мæ цæстытыл уайынц. Чидæр мын урс-ур- сид уæрыкк балæвар кодта, æз-иу æй мæ хъæбысы фслвæстон æмæ-иу æй госпитаглы уæрæх кæрты къутæрты астæу ауагътон. Иу уалдзыгон бон лыстæг къæвда фсмæхст æмæ æз мæ сæрыл æркодтон чидæр мын Джызæлы бынæй кæй æрбахаста, уыцы нсмыцаг каскæ. Фаглæ дзы хуынкъ уътдис, нæмыг дзы иннæрдæм ахызт æмæ къæвдайы дон мæ сæрыл дæр мызти, мс фцæккоты бынты мæ буармæ дæр æрлæдæрст. Госпиталы фаллаг фарс зсниткæтæ æхстой æмæ æхстой, сæ хъæр ма абон дæр мæ хъусты зæлы. Уымæй размæ мын чидæр та балæвар кодта диссаджы рæсугъд немыцаг рыцары крсст фæтæн, æрттиваг лснтимæ. Хъуырыл ауындзгæ уыди æмæ йын æз дæр афтæ бакодтон, тынг хъал дзы уыдтæн, мæ уæрыкк хизгæйæ иууылдæр мæнмæ кастысты, цæуылдæр = иу худтысты. Уалынмæ фæзынд мæ фыд, райсомæй Дзуарыхъæуы цурмæ ацыд. Дардмæ мæ ауыдта, йæ къух мæм фæтылдта: «Малый, рацу ма, мæнæ дын фыццаг æрыскæфтæ ссар- дтон»... Цас мæм хæстæгæй хæстæгдæр цыди, уыййас йæ зæрдиаг мидбылхудт къаддæрæй-къаддæр кодта. Мæ цуры сагъдауæй баззай, мæ риумæ мын нымдзаст, йæ цæсгом ныффæлурс, стæй мын мæ лентмæ фæлæбурдта, мæ хъуырæй мцн æй æртонынмæ хъавыд, 41
фæлæ йын фыццагхатт нæ бакуымдта æмæ æз чысыл ма бахъæуа ма ахауон.» Аппар рæвдз ацы æлгъаг дзаумайы! Чи дын æй радта?« Фыццаг хатт федтон мæ фыды ахæм тызмæгæй. Æз крсст мæ зыр-зыргæнаг къухтæй систон, радтон æм æй, уый та мæм иæ хъоппæг цæстытæ сдзагъултæ кодта, мæ сæрæн мын дыууæ къæрццы авæрдта... Æз æм фæхæрам дæн, нал æм дзырдтон, хæстæг æм нал цыдтæн. Уый мæ бамбæрста, йæхи мæм хæстæг ласта, фæлæ æз уæддæр нæ фæлмæн кодтон иу цалдæр боны. Мæ зæрдыл ма хорз лæууынц иу изæр Хъуыбады мæ мадæн цы ныхæстæ загъта, уыдон: «Нæ фырт æппындæр тызмæг ныхас нæ уарзы, стæй æнæрастдзинад, æз дæр чысылæй ахæм уыдтæн»... III — Мæ фыд куыста мæнæ афтæ: райсомæй-иу æм 8 сахатмæ машинæ æрбацыд, сбадт-иу æмæ та-иу горæтыл сахаты æрдæджы бæрц фæзьтлд, стæй та-иу-иæ куыстмæ. Изæрæй-иу раздæхт 6 сахатыл, бахордта-иу, æд газсттæ йæхи сынтæгыл æруагъта, бакаст- иу, стæй та-иу сахаты бæрц афынæй кодта. Фæстæмæ-иу иæ кусæн уатмæ партийы обкоммæ аздæхт изæры 8 сахатыл æмæ-иу нæхимæ æрбацыд фæсæмбисæхсхв. Фæстæдæр мын йæхæдæг дзырдта нæ республикæйы бæрнон куыстуæттæ æмæ сæ фыццаг разамонджытæ, дам, куыстой Сталины боны куысты уагæвæрдмæ гæсгæ, ома æхсæвыгæтты, обкомы бюротæ дæр-иу арæзтой уæд, алы цыппæрæмы дæр. Иу изæрта нæм æрбацыдысты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ фыдæн йæ хуыссæн уаты чысыл скъап- пйш сæвæрдтой аппарат ВЧ. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы иу тызмæг лæг мæм дзы йæ цæст куыд фæныкъуылдта æмæ уырыссагау куыд загьта, уый: « Тепсрь можстс говорить с самим «Хозяином». Æмæ йæ къухæй дæлæрдæм ацамыдта. Мæскуыйырдæм. Уыцы аппараты дæргъвæтин зæлланг зæлыд æрмæст искуы иухатт. Иу изæр та мæ фыд æмбисæхсæв нæхимæ æрбацыд, йæ дзаумæттæ раласта, ваннæмæ бацьтд. Куыддæр тæвд дон рауагьта, афтæ уыцы аппарат скуыста. Æз ын йæ хæтæлмæ фæлæбурдтон. Чидæр мæ дзы уырыссагау бафарста: «Это Кулов?..» Будстс гово- рить с Хозяиином». Æз ын дзуапп радтынмæ нæма сарæхстæн, афтæ дзы райхъуыст æндæр кæйдæр сабыр хъæлæс: «Товарищ Кулов?» Уæдмæ æз хæтæл иуварс æрывæрдтон æмæ ваннæйы дуар ныххо- стон: «Мæскуыйæ дæм дзурынц!» Мæ фыд æрдæг бæгьнæгæй, йæ дон лæдæрсгæ рагæпп кодта,: хæтæлмæ фæлæбурдта æмæ хъæрæй загьта: «Здраствуйте, Иосиф Виссарионович». Æз иннæ уатмæ ацыдтæн, мæ хуысæг фæлыгьд. Хъуыбады та йæ дзаумæттæ скодта, кæмæдæрты ма телефонæй адзырдта, обкомы сæмбырд уæм, зæгьгæ, сьтн загьта, стæй йæхæдæг дæр ацыд. Æз нæ фæзивæг кодтон, рудзынгæй йæ фæдыл акастæн, фæлæ мæм уъщы тары ницы зындис... . 42
IV — Никуы мæ ферох уыдзæн 1945 азы 8-æм май. Æхсæвы мæ фыд æрæгмæ æрбаздæхт, схуыссыдыстæм, æз уаптап>д афынæй дæн. Фæлæ мын бирæ нæ ахаста, цыдæр æнахуыр уынæртæм фсхъал дæн, кæсын, æмæ мæ мад æмæ йæ хо Рая /йæ лæг хæсты фæмард, уый та махмæ цард/ кæрæдзипæн хъæбыстæ кæнынц, кæуынц: «Уæлахиз! Фæуа^лахиз стæм!..» Фæстæдæр куыд сбæрæг, афтæмæй мæ мадмæ мидхъуыддæгты минпстрадæй æрбадзырдтой уыцы хорз хабар зæгьынмæ. Уайтагад рудзынгыл мæхи ныццавтон. Уынг иууылдæр ныррухс, арв ракстæтæй байдзаг, топпы гæрæхтæ нал æнцадысты, нæ хæдзаргæс милиционср Боциты Гсорги дæр йæ æртææхстон топпимæ уынджы балæууыд. Мæ фыд, æвæццæгæн, тарфынæй уыдг ницы йæм хъуыст мидæггаг уатмæ. Мæ мад ын йæ дуар ныттыгьта, йæ базы бынæй йын йæ дамбаца раскъæфта æмæ дзы гом рудзынгæй стъалыджын арвыл ралæууыд. Уæдмæ Хъуыбады дæр рацыд, фæстæты мæ æрбахъæбмс кодта, йæ зæрдиаг мидбыл- худт нал æмæ нал хуыссыд... V — Хуыцаубоны-иу райсомæй мæ фыдмæ æрбацыд «вилис» æмæ-иу районтæм ацыд, мæн дæр-иу йсмæ акодта. Уыцы балцытæ мæ зæрдæмæ тынг цыдысты, Ирыстоны алы къуым дæр басгæрстон, «дяд Ваня» /Иван Рсзничснко/-иу мын руль дæр авæрдта, цалдæр хатты топшей дæр фсхстон, иухатт иунæг æхстæн хъæддæг бæлон дæр акъуырдтон. Тслыхъæды цъуппыл бадти, æз æм топп фæдардтон, гæрах, æмæ æрхаудта, йæ тæккæ сæр ын акъуырдтон. Мæхицæй хъал дæр нал уыдис уæдæй фæстæмæ. Мæ фыд-иу «виллис» быдырон стан, фсрмæ, кæнæ адæмы къорд кæм куыста, уырдæм хæстæт батæрын кодта, рахызт æмæ-иу сæм бацыд, сæ къухтæ сын-иу райста, уыдоныл-иу æдзухдæр тынг бацин кодтой, сехсæн-иу ныхас бацайдагь колхозы хабæрттыл, къæвдатыл, фарстой-иу æй Мæскуыйæ. Афтæ-иу цалдæр раны бабæрæг кодта, стæй-иу хъæумæ баздæхт, партийы райкомы сскрс- тартимæ-иу мидæгæй фæбадт, карз ныхас-иу кæй рауад ссхсæн, уый мæ фыды цæстытыл бæрæг уыди. Йæ фæдыл-иу рацыдысты, кæдæмдæрты йæ хуыдтой, уæд та дын дсмæ исты авæрæм, зæгагæ- иу, загьтой, фæлæ мæ фыд никуы никæдæм ’ баздæхт, хæдзармæ хæйттæ дæр ниикуы райста, æрмæст-иу "æхсынæны чъилтæ æмæ цъæх нартхæрттæ бакуымдта: мæ мад сæ бирæ уарзта. Нæ хæдзары-иу исты ног лæвар кæнæ ног дзаума ку.ы фæзынд, уæд-иу Хъуыбады мæ мады баййардта: «Кæм нын уыди, чи дын æй радта?» Уыцы фарстатæ мæ зондахасты дæр ныффидар сты æмæ йæ суанг гыццылæй дæр бамбæрстон: æхсæнадон исбонМæ ныхилæн нæй. Æз уый тыххæй мс ’мкусджытæй, мсмбæлттæй цас уайдзæфтæ райстон, уый диссаг у, иууылдæр, дам, амæлттæ кæнынц, уæд дæу æппын куыд ницы хъæуы. Мæхæдæгдæр-иу уый тыххæй хаттгай 43
мæхиуыл худтæн. Æртындæс азы бæрц фæкуыстон завод «Гран»-ы сæйрагинженерæй, зыдтон æй, уыдтон æй амы хицауады куыстуаты хæрæндон кæй дары, уый. Æз æм хæстæг никуы бацыдтæн. Иухатт хæрæндоны хицау нал фæлæууыд, мæ кусæн уатмæ мын æрбацыд, дуар йæ фæдыл хъæбæр æрбахгæдта æмæ мæ комкоммæ бафарста: «Дæ хуыцау хатырæй ды иннæты хуызæн цæуыннæ дæ?.. Цæуыннæ мæ исты фæисыс, æви дын бинонтæ даринаг нæй?» Æз ыл хъуыды дæр нæ акодтон, афтæмæй йын загътон: «Æз ницы хъуаг дæн, мæхимæ алцыдæр ис»... Ацы заводмæ фыццагхатт куы æрбацыдтæн, уæд мæ размæ чи куыста, уый мæм йæ сейф байгом кодта, дæс литры авджын баллон дзы: «Ам æмбырд кæндзынæ цсхты хицæуттæн цы уæлдай спъирт фæдæттæм, уый. Уыцы операци сæхæдæг дæр зонынц». Æз «уыцы операци» баивтон, уый бирæты зæрдæмæ нæ фæцыд, зул Цæстæй кæсын мæм райдыдтой. Дæхæдæг дæр æй зоныс, Дамир, фæлæ ма дын æй зæгьын: мидцоппайы азты æмæ уымæй размæ цы стыр разамонджытæ куыста, уыдонæн давын мæнæ цыма сæ туджы бацыд, уыйау уыдысты, æгас бæстæйыл дæр ахæлиу, мах хаводмæ д#р бахæццæ. Æз уыимæ разы нæ уыдтæн, нæ заводы уæды директоримæ нын уыдæттыл алыхуызон хъуыдытæ уыдис æмæ дзы æз мæ куыст ныууагьтон. Мæ фыд мæ гыццылæй фæстæмæ сыгъдæг уæвыныл куынæ сахуыр кодтаид, уæд, чи зоны, æз дæр кæйдæртау абон хъаны цард кæнин, ныр та... VI — Гыццыл лæппу ма уыдтæн, фæлæ йæ уæддæр æмбæрстон: мæ фыд, нæ бинонтæ æгасæй дæр сты оргæнты «колпачы бын». Арæх нæм-иу дзырдкъахджытæ æмæ дзырдхæсджыты æрбарвыстой, ма- химæ лымæнæй цæрыныл архайдтой, лæмбынæг-иу хъуыстой ныхæстæм. Иу дзы студснт уыдис, фæскомцæдисон, уæлдайдæр та мæ быны бабырыд, цух мæ нал уагьта. Æз уæд æхсæзæм къласмæ цыдтæн, æнæхъæлæджы-иу мæ размæфæцис, ныхæстыл мæдардта. Цыдæр срæдыдтæн иу хатт йæ цуры, æрæджиау ма катай кодтон, кæд æй зæгъын, ничи базонид, фæлæ мын иу бон мæ мад загъта: «Дæ фыды демæ дзурын нæ фæнды, фæлæ мæнæн бабар кодта: уыцы студент, дам, оргæнтимæ баст у æмæ, дам, и^е хСуры мацыуал срæдийæд æрæджыйы хуызæн»... Æз уый мæхицæн æфхæрды хуы- зы банымадтон. Раст æфхæрды хуызæн. Иу ахæм цау дæр мæ цæргæбонты дæр ТГал ферох уыдзæн. Уый уыдис 1944 азы, мæнæ нæ сыхаг мæхъæлы куы ахастой, уымæй чысыл фæстæдæр. Уыцы æнæраст хъуыддагæн разамынд лæвæрдта Берияйы хæстæгдæр æххуысгæнджытæй иу — Кабулов. Нæ горæты хæстон разамонджытæ уымæн æмæ йсмбæлттæн уæлæ горæты *> сæрмæ æфсæддон училищсйы сарæзтой бадт, рсспубликæйы хицау- ады дæр ахуыдтой, тынг зынтæй йæм ацыд Хъуыбады дæр, мæ мады дæр йемæ айста. Æхсæвы иуæндæс сахатмæ æввахс нæхима^ 44
раздæхтысты мæстыйæ, уæлдайдæр мæ мад, Хъуыбады йæ сабыртæ кодта, фæлæ уый нал æмæ нал æнцад, æрæджиау скъаппы дуар ныттыгьта, браунинг дзы раскъæфта, йæ ныхмæ йæ фæцарæзта. Мæ хистæр хо Зарæ нæ уæвгæйæ, уæд цы æрцыдаид, уый абон зын зæгьæн у. Фæцарæхсти, багæпп æм кодта æмæ йын йæ цонгыл æрцауындзæг... Суанг боныцъæхтæм нал бафынæй стæм, абон дæр ма мæ хъусты заслынц Хъуыбады уырыссагау мæ мадæн кæй загьта, уыцы ныхæстæ: «Мне страшно, что наша жизнь находится в руках таких людсй». Кабулов æмæ йæ фарсмæ чи уыд, уыдонæй загьта. НЫР ТА ПОГÆЙ РАЗДÆХÆМ ХЪУЫВЛДЫЙЫ ÆФСИП ПИПÆ ВАСИЛЬЕВНÆЙЫ МЫСИПÆГГÆМ, ДАРДДÆР СÆ ХÆЦЦÆ КÆ11Ы: — Афæдзы фæстæ горæтмæ куы здæхтис, уæд МТС-ы коллск- тив иууылдæр суанг Бссланмæ фæндараст ын зæгьынмæ йæ фæдыл рацыдысты. Куыддæр мидæмæ бахызт нæ хæдзары, афтæ йæ фыц- цаг ныхæстæ мæнæ ахæм уыдысты: «Зоныс, милая, æз абон фсдтон на^лгоймаджы цæссыгтæ... Æппындæр сæ нæ фæндыд мæ рацыд». Горæтмæ куы рацыд, уæд кæй хъæппæрис уыд, уый нæ зонын обкомæй, фæлæ нæм совстон бæрæгбæтты рæстæг хуынды гæххæттытæ æрвитын райдыдтой, раздæр уымæ иунæгæй, стæй ты нæ дыууæмæ дæр. Уым ыл-иу адæм амбырд сты. Хъуыбады-иу стыхсти, ныфсæрмытæ: «Афтæ хорз нæу, ахæм дсмонстрацитæ ма аразут»... Куыддæр-иу кадджын æмбырд ахицæн, афтæ-иу нæхимæ ратындзыдтам. Хъуыды ма кæнын иу ахæм æмбырды та доклад кодта Æгкацаты Валодя. Нæхимæ фæндагыл, бульвары кæрон æз Хъуыбадыйæн афтæ бакодтон: «Диссаг дæм нæ кæсы, куыннæ сахуыр ис докладтæ фыссын, уæдæ дæлæ Мæскуыйы дæр акуыста...» Хъуыбады мæ дарддæр дзурын нал.бауагьта: «Цæй æдзæстуарзон дæ? Тынг дзæбæх доклад кодта... Истæуыл æм мæсты дæ?» Цицæуыл æм уыдтæн мæсты, куы йæ систой, уæд æм уый фæстæ секретарь Валодяйы æвастæй Хъуыбадыйы мидæмæ бауагьта. Хъу- ыбады куы рацыд, уæд Валодя сскрстармæ тынг фæзагьд кодта.. Фæлæ мæ уый ферох. Ныртæккæ Валодя махмæ тынг дзæбæх цæстæй кæсы. Мæскуыйæ куы ссæуы, уæд нæм кæнæ тслсфонæй æрбадзуры, кæнæ та уайгæ æрбакæны. Мæнæ æрæджы ирæтты конгрессы бонты дæр ам уыди. Мах дзы бузныг стæм. Æрмæст уый нæ. Нæ лæппу Сослан искуы куы вæййы, зæгьæм, хъæуты æмæ йæ куы базонынц кæй фырт у, уьш, уæлдайдæр та хистæр.адæм, уæд ныддис кæнынц: «0, Хъуыбадьнп^ фырт, кæд дæм дæ фыдæй гыц- цылдæр исты ис, уæд лæг дæ, уæд æцæг адæймаг дæ». Мæхи тыххæй та дын афтæ зæгьдзынæн: мæнæн тын^ æнцон цæрæн у. Кæдæм фæнды дæр куы бадзурын æмæ йæ куы базонынц чи дæн, уый, уæд «дыууæ» нал фæзæгьынц, мæнæ г^ыма æз уыдонæй исты нæ фæкурын, фæлæ цыма уыдон мæнæй фæкурынц, уыйау... Йæхæдæг нал ис, йæ фарн ма абон дæр махыл узæлы. 45
Фæстагмæ хъæдыхæдзарады министрæй куыста. Уырдæм дæр куыдæй бахаудта, уый дын радзурон. Уарзта æрдз, бæлæсты, бирæ алцытæ зыдта уьтдоны тыххæй. Иухатт Æгкацаты Валодямæ ба- цыдтæн, мæнæ ацы квартирæйы тыххæй. Раздæр мах уыди, стæи нын хæсты рæстæг хицæн стыр хæдзар радтой, æмæ уым цæрын дæр æфсæрмы кодта Хъуыбады. Æмæ нын, зæгъын, фæстæмæ нæхи квартирæ радтут, хæдзар та - æидæр искæмæн. Уæвгæ нæм уымæй размæ Хъуыбадыйымæ ныхас уыди уыцы хæдзар мсртæ хонæн. ныууадзыны тыххæй. Уыдонæн сæ лæгтæ хæсты фæмард сты, Рос- товæй ссыдысты ардæм, мæхинымæр, уадз æмæ уыдонæн баззайа, уæдæ кæдмæ æнæхæдзар уыдзысты. «Уымæн уæвæн нæй, - уæзданæй мын загъта Хъуыбады, - ис закъон æмæ уыцы закъонмæ гæсгæ сæхæдæг райсдзыстьь Мах дæр сæм фæкæсдзыстæм...»- Цыбырдзырдæй æз Æгкацы фыртмæ бацыдтæн, бамбæрста мæ, Хъуыбадыйы тыххæй нæм ныхас рацад æмæ йын афтæ зæгъын æрдз бирæ уарзы, хъæды куыст æмæ ма йын исты куыст ссар, удæнцои йын скæн. Æмæ йæ уæд хъæды хæдзарады управлснииы хпцау скодта. Мæрдтæм ацыд Хъуыбады æмæ йæ нæ базыдта, уый мæ хъæппæрис уыди, уый. Зæрдиагæй дзы фæкуыста, бнрæ цыдæртæ йын бантыст Ирыстонæн скæнын: нæ хъæдтæ фыццаг катсгоримæ раивын кодта, ома, сæ промыщлсннон цагъдгæнæн нал уыд, аирвæзын сæ кодта, Алагиры йæ руаджы байгом хъæды тсхникум, фæзынд нæм цалдæр хъæдыхæдзарады. Æниу горæты сæрмæ Дс- ндраритæ та?.. Цыппæрдæс азы дзы фæцис æмæ раиста «Кады нысаны» дыууæ ордсны, арæх æй’хуыдтой Мæскуымæ, стыр кад ын дзы уыд. Æвдайæм азты кæрон пснсийы куы цыд, уæд ын стыр арфæйы писмо сæрвыстой, йæ куысты дæр ын стыр аргъ скодтои, фæлæ ма сæ фæндыд фæстагмæ сæхиуыл рссторан сæхгæнын æмæ уым фæбадын, дзаг фынгты уæлхъус дæр, дам, дын раарфæ кæнæм. Нæ сæ бауагъта, Хъуыбады, æгæр, дам, ницæмæй хъæуы. Мæнæ ацы квартирæмæ куы æрбалыгъдыстæм ногæй, уæд нын æм паддзахады хардзæй чысыл базылдысты, фæлæ сын линолилум нал сфаг æмæ Хъуыбады загъта: «Уадзут æй, фæстæдæр дзы паркст сæвæрдзыстæм». Цыппæрдæс азы хъæды хæдзарады министрæй фæкуыста, æгас Советон Цæдисæн замманай паркст фæкодта, мах нæхæдæг та æнæ паркетæй баззадыстæм. Абон ахæм хицауыл фæхудиккой, стæй ныр ахæмтæ уæвгæ дæр нал ис... Уæртæ уыцы паркет уыныс, æз мæхæдæг иу фондз азы размæ балхæдтон, абон- райсом кæнгæйæ лæууы. Æз-иу Хъуыбадыиæн афтæ загътон, зæгьын, ды квартирант дæ, афоныл æхца фидыс, æндæр хæдзары мæтницæмæй кæныс... Иухатт нæм уыцы куысты æппæты стырдæр хицау, министр Воробьсв ссыд, уый дæр æй бафиппаидта, худти æмæ йæ сæр тылдта, æрбахъæбыс æй кодта. Мах та уый дæр фыдджынтæй хорз фсдтам, йæ рсцспт дæр ма нын ахаста исмæ, стæй йын «Нарты кадджытæ» исмæ балæвар кодтам... Уæд æй Хъуыбады нæма зыдта йæ уарзон куысты йыл цы æрцæудзæнис, уый. Уæртæ Алагиры басыгъд хъæдфадæн завод æмæ 46
ууьтл тынгфæрызт, уый та психикон æгъдауæй уымæн ахъаз фæцис низты карздæрæй æм иу, диабст, цæмæй фæзына, уымæн. Мæлгæ дæр уымæй акодта... , ХЪУЫБЛДЫЙЫ ХИСТÆР ЧМЗГ ЗЛРÆЙЫ МЫСИЛÆГГÆ ЙÆ ФЫДЫ ТЫХХÆЙ: — Мæнмæ хорз касти, мæ фыд-иу йæ дамбаца «Браунинг» куыд сыгъдæг кодта, уымæ кæсын. Иухатт мæ, гыццыл ма бахъæуа, ма амара. Æз бадтæн гом рудзынджы уæлвæинæгыл, дамбацайы мага- зин уыд æппæрст, фæлæ ма дамбацайы хæтæлы, æвæццæгæн, иу гилдз баззад. Мæ фыд æй рудзынгмæ сарæзта æмæ йын йс ’ргьæвæгыл æрбахæцыд. Райхъуыст гæрах, нæмыг мæ хъусы рæбынты афардæг. Мæ фыды фæлурс цæсгом æмæ тарст цæстытæ мæ никуы фсрох уыдзысты. • Иннæ хатт мæ фыд тынг фæрмнчын. Йæ хъус фæндагыл ма- шинæйы суазал, тынг ныррæсыд, йæ удæн тас у, зæгьгæ, дзырдтой, Ростовæй цавæрдæр профсссор стахт, опсраци йын скодтой æмæ уæд худын дæр райдыдта. Æз уæд мæхæдæг фыццаг хатт фæтарстæн мæ фыдæн. Мæ фыд тынг сæрыстыр уыд, уал сывæллоны йын кæй ис, уымæй. Æнæхъæн цыппар! Махæй-иу æй куы фарстой цал дын сты, зæгъгæ, уæд-иу загъта: «Æнæхъæн колхоз». Махмæ йæ нс »вдæлд, нæ дзаумæттæ нын никуы скодта, никуы сæ раласта, нæ уроктæм нын нæ каст, хатгай нæ чи кæцы къласы уыд, уый дæр-иу нæ зыдта. Никуы нæм ницæуыл загьд кодта, иуæй-иу фыдтау нæм къухæй нæмынмæ дæр никуь* бавнæлдта. Фæлæ нын тынг лæмбынæг касти цавæр чингуытæ кастыстæм, уымæ. Иухатт мын мæ къухæй скъæфæгау акодта цавæрдæр Марта Ришсйы чиныг, уый уыд фран- цузаг сгарæг дунсйон фыццаг хæсты рæстæг, фæлæ рæсугъд сылгой- маг уæвгæйæ дардта бирæ хæзгултæ. Хатгай-иу искæцы фыссæгæй хъуамæ раппæлыдаид, зæгъæм, Ссргсй Антоновы уацмыстимæ мæ фыды руаджы базонгæ дæн æмæ йыл абон дæр ма фæсмон нæ кæнын. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма тсатрмæ .уарзондзинад ирæттæн сæ туджы ис. Хъуыбадыдæр æй бирæ уарзта. Хуымæллæджы ма куы ахуыр кодта, уæд фæскомцæдисон чыры уæнгтимæ архайдта драмон къордты, хъазыд-иу... чызджы ролты. Ахæм рæсугъд æмæ хæрзконд уыдис æрыгонæй. Мæ фыдыфсымæр Созырыхъо, стæй мæ иннæ фыдыфсымæр Хъазыбсджы бинойнаг Госæгыз мын-иу дзырдтой, зæгъгæ, дам, иухатт чызджы ролы сцснæйы рацыд æмæ йæ ничи базыдта Хъуыбады уьтдис, уый, æмæ, дам, Хуымæллæджы усгур лæппутæ уый фæстæ кæрæдзийы рафæрс-бафæрс кодтой «уыцы рæсугьд чьтзгæй». Бирæ азтьт фæстæ махæн дæр нæ фыд аивад бауарзын кодта. Арæх-иу уыд суанг тсатрьт гснсралон рспстициты дæр. Иухатт æхсæвыæрбаздæхтæмæнынтынгфсппæлыд - спсктакл «Таланты 47
и поклонники» - йæ. Мах дæр тынг сцыдымис стæм æмæ фыц- цагдæр цы хуыцаубон æрцыди, уæд æм ацыдыстæм æмæ æппындæр фæсмон нæ фæкодтам. Кæд нæ рæдийын, уæд, æнхъæлдæн, æмæ 1951 азы уыдис. Сочийы. Уырдæм ссыд Советон Æфсады Тсатр, сластой ссмæ спск- такл «Учитель танцсв», рагæй йæ æвдисынц, зæгьгæ, йæм мах цæуынвæнд нæ кодтам. Уæд дын нын Хъуыбады афтæ: «Æдылытæ, куыннæ йæ æмбарут, кæд уыцы спсктакл афтæ рагæй ис сæ репертуарьт, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ йæ адæм кæй уарзынц. Цомут»... Æмæ та нæ фæрæдыдыстæм. Иу аз Мæскуыйы уæвгæйæ бацыдыстæм опсрæ «Борис Гадунов» хъусынмæ, немæ ма Гаппайты Иван, нæ рсспубликæйы разамонд- жытæй иу. Иу цалдæр рæсугьд æмæ хъæлдзæг фæлыст сцснæйы дзы уыд, алыхуызон æнахуыр ахорæнтæй аивгонд. Хъуыбады Иванмæ фæстæмæ разылд æмæ йын афтæ зæгьы: «Уæлæ гьс афтæ кæнын хъæуы цæстуынгæ агитаци». Иван дæр æм фæстæмæ фæцарæхст: «Æри æхцатæ фаг æмæ ма æз хуыздæр дæр скæнын кæндзынæн...» Æрæджы нæм Ирыстоны ахуыргæндтæй иу æрбацыд, Хъуыбады, дам, «Нарты кадджытæм» цы раздзырд ныффыста, уымæн, дам, уæм йæ къухфыст нæ баззад. Æмæ йæ мах бамбæрстам: ныронг дæр чидæртæ не ’ууæндынц йæхи фыст уыдис, ууыл, æвæццæгæн æй исчи ныффыста, обкомы фыццаг сскрстарь та дзы йæ къух бамыху- ыр кодта, йæхи номыл йæ рауагьта». Хуыцыу хорз æмæ нæхимæ разынд, мæ мад æй цæсты гагуыйау хъахъхъæны, æндæра дам- думтæ фæтынгдæр уыдаиккой. Уымæн дæр æй загьтон, дæуæн дæр æй зæгьын, Дамир: мæ фыд йæ раныхæстæ, докладтæ фыста æрмæстдæр йæхæдæг. Мæ цæстытыл ма ныр дæр уайы Къостайы иу юбилсймæ йæхи куыд зæрдиагæй цæттæкодта, уый. Поэты «Сидзæргæс» кæсгæйæ-иу йæ зæрдæ суынгæг. Йæ раныхасы йæ уыцы æмдзæвгæйæ дæр цалдæр рæнхъы бакæсын хъуыд æмæ мах мæ мадимæ залы бадтыстæм æмæ тынг тарстыстæм уыцы бынатмæ куы æрхæццæ уа, уæд та йæхи куы нæ баурома, уымæй. Ацы хатт фидар разынд. Æз æй хорз зонын, бирæ разамонджытæн-иу сæ алы раныхæстæ журналистæй кæй фыстой, уый. Мæ иу зонгæ, уæртæ Гуырдзыстоны журнал «Заря Востока»-йы раздæры рсдактор, тынг хъал уыд сæ обкомы фыццаг секретарь Мжаванадзсйæн ахæмтæ кæй фыста, уымæй. Мæ фыд та-иу кодта афтæ: «Йсмкусджытæ-иу рагацау æрцæттæ кодтой хъæугæ æрмæг, нымæцтæ, стæй-иу йæхæдæг нæхи хæдзары хицæн уаты дуар йæхиуыд сæхгæдта æмæ фыста, фыста, фыста... Бон-дыууæ боны. Куы-иу фæцис, уæд-иу сахат йæ цуры æрывæрдта æмæ хъæрæй касти, махæй та-иу куырдта, цæмæй дзырдты æрцæф раст кæм нæ зæгьы, уый йын бафиппайæм. «Нарты каджытæм» куы раздæхæм, уæд ын раздзырд фыста уырыссагау, чидæр ын æй ирон æвзагмæ тæлмац скодта, чи, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ йæ рауагьдадмæ хæсгæйæ мæ фыд тынг лæмбынæг бакаст. 48
Уыцы чиныг уырыссаг æвз’агмæ дæр куы ивтой, уæддæр ын арæзт * æрцыд сæрмагонд комитст, йæ сæрдар та уыдис Хъуыбады йæхæдæг, литературон редакци та баргонд æрцыд зындгонд уырыссаг фыссæг Юрий Лебединскийæн. Уый йæ курдиатмæ гарсгæ ссыд Мæскуыйæ, цард уæлæ санатори «Ирыстон»-ы цур дачæйы. Мæ фыд æм-иу арæх ссыд,- бирæ-иу фæныхас кодтой таллмацы хæрзхъæддзинады тыххæй. Уый фæстæ нæ уазæг Мæскуымæ куы аздæхт, уæд мæ фыдмæ • сæрвыста тынг дзæбæх фыстæг, арфæ йын кодта иумæ цы бонты куыстой, уыдоны тыххæй, уыдис дзы мæнæ ахæм рæнхъытæ: «Ды мæн мыккагмæ бабастай Ирыстонимæ...« Зæгьын ма хъæуы уый, æмæ фахтæдæр Лебединский ныффыста чиныг сыва^ллæттæн «Нарты кад- джыты» мотивтæм гасгæ æмæ хуынди «Нарт Сосланы хæлæрттæ æмæ знæгтæ», кæцы стыр ахъаз фæцис, цæмæй ирæтты тыххæй базоной фылдæр адæм, базонгæ уой нæ фылдæлты эпосимæ. Зын мын у уыцы чиныджы нывгæнæг Тугъанты Махарбсг йæ нывтæй цы сæрмагонд альбом кодта, уый цыдæр кæй фæцис, уый. Йæ рæбинаг хъæбæр цъарыл ын ныффыста: «Нарты эпосы тыххæй чиныг рауадзыны хъæппæрис чи равдыста, бирæ аргь кæмæн кæнын, уыцы Хъуыбадыйæн...» Фæстæдæр уæртæ Астæуккаг Азийы адæмты эпос, уæлдайдæр та туркменты эпос куы фаудтой, уæд чидæртæ нæхинартмæ дæр бавнселдтой. Уæвгæ ма ахъуыды кæнут цал хатты фæныхылдтой нæ наукæ æмæ культурæмæ: æфхæрдтой Брытьиаты Елбыздыхъойы, сдзырддаг ын кодтой йæ хаглардзинад Куындыхаты Муссæйы фыр- тимæ, уый 20-30 азты уазæгуаты æрцыд йæ фыдæлты зæхмæ æмæ дзы лекцитæ каст францаг æвзагыл: æфхæрæн ныхæстæ кодтой Абайты Васойæн дæр, марризмыл, дам, йæ къух систа, Къостайы та нын буржуазон националист рахуыдтой, фæлæ уыцы æнæрастдзинадæн 1939 азы юбилсй кæрон скодта. Мæнæн ма мæ зæрдыл хорз лæууы уыцы фæззыгон бон, нæхимæ дæр дзы уазд- жытæ æрбахуыдта мæ фьтд. Уæд мæныл æхсæз аз йсдтæмæ нæ цыд, фа^лæ ма хорз хъуыды кæнын Фадсевы, тынг рæсугьд мæм фæкаст. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыд боцкъайы цæхджын къабуска, æртæ хатты йын дзы æрбахастой балкъонæй. Иннæ фыссæг Павленко^та æрбацыд æз мæ хоимæ кæм хуыссыдтæн уыцы уатмæ æмæ йæхæдæг кæй ныффыста, уыцы аргъау нын радзырдта. Мæ фыды йæ куыстæй кæй систой, уый Фадеев куы базыдта, уæд, дам, афтæ загъта: «Нæ зонын Хъулы фырты ныртæккæ цы куысты сæвæрдтой, уый, фæлæ мæ рæстæджы уыдис Кавказы зондджындæр лæгтæй иу». Æвдайæм азты кæрон уыди, æви æстайæм азты кæрон, уый, хорз нал хъуыды кæнын, фæлæ хицæн чиныгæй мыхуыры рацыд фысджы- ты мысинæггæ Фадеевы тыххæй. Мæнæн æрхаста æнæнхъа^лæджы цин: куы йæ райгом кодтон, уæд дзы федтон 1939 азы ист къам, Нары, Фадеев лæууы сыкъайыл хгсцгæйæ, йæ фарсмæ та лæууы мæ фыд, уымæн дæр йæ къухы сыкъа. Уый Нармæ фæндагыл адæм фæндагмæ рахастой кувинаг чъиритæ, нозт. Уымæй сæ цин æвдыстой Къостайы бæрæгбоны тыххæй, стæй сæ уазæгуарзондзинад. 4 Д.Х. Дауров 49
— Хъуыбадыйы йæ куыстæй куы систой, уæд уымæй иу афæдз фæстæдæр 1954 азы мæ фыдыфсымæры лæппу Булат Мæскуыиы историон факультеты аху ы ркæн гæйæ фæл ва рæнты сæмбæлд •æппæтæн зындгонд этнограф Косвснимæ. Уый Булаты бафарста мæнæ афтæ: «Ды кæцы Хъулатæй дæ, мæнæ обкомы сскрстарь чи уыд, æви псдагогон институты дпрсктор чи уыд, уыдонæи?» Булаты дзуапп куы фсхъуыста, уæд ын загъта: «Æз Хъуыбадыйæн уынаффæ кодтон, цæмæй йæ лолитикон куыст ныууадза æмæ ацæуа наукон фæндагыл...» Æз-иу мæхæдæг дæр тынг дис кодтон: «Цæуынщс ацыд мæ фыд наукон хаххыл, æхсæнадон архайдмæ цæмæн æхсайдта йæ зæрдæ?» Æгæр сыгъдæг лæг уыд мæ фыд политикон куыстæн, уый йæ арæх хъыгдардта. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ, зæгъæм, рсволюци нæ уыди, зæгьгæ, æмæ, мæ фыд хæхты цæргæйæ баззад, нæ зыдтаид кæсын дæр æмæ фыссын дæр, уæддæр æй адæм æнæмæнг равзæрстаиккой тæрхоны лæгæй. Уымæн æмæ Рæстдзинад агурын, Рæстдзинадыл тох кæнын йæ удыхъæды уыдис. — 0, уæззау æмæ тæссаг азты цардис æмæ куыста мæ фыд. Æз ын мæхæдæг æвдисæн уыдтæн уыцы зын уавæрты адæмæн фылдæр пайда æрхæссыныл куыд архаидта, уымæн. Йæ хорздзинæдтæ йын абон дæр нæ рох кæнынц: рауагъта «Нарты кадджытæ», Ирыстонмæ æрбаугъта газ /ох, цас хъаймæттæ бавзæрста уый тыххæй! Мæскуыйаг иу къамис хатдзæг скодта Мæлгъæвæгæй ардæм газ суадзынæн фаг нæй, иннæ къамис рахаста тæрхон, цæмæй уыцы газæй пайда кæной адæм’нæ, фæлæ æрмæст промышсннон ку- ыстуæттæ/, æнæконкурсон бынæттæ скæнын кодта Мæскуыйы цалдæр уæлдæр скъолаты Ирыстоны фæсивæдæн, йæ хъæ^пæрисæй Хъæрмæдонмæ арæзт æрцыд фæндаг, Хъуыбадыйы фæрцы уыцы суартæ Гуырдзыстонмæ нæ ахаудтой, фæлæ баззадысты Ирыстонæн. Кæцы аз уыд, уый нал хъуыды кæнын, кæнæ 1951, кæнæ уымæй афæдз фæстæдæр, фæлæ мæ фыд бæхыл сбадт æмæ йæхæдæг бабæрæг кодта Хъæрмæдонмæ ног фæндаг кæуылты ацæудзæнис, уыцы бынæттæ. Æз æмæ мс ’фсымæр Сослан дæр йæ фæсарц сбадтыстæм. Уыцы бон мæ цалынмæ цæрон, уæдмæ нæ фсрох уыдзæн. Æцæг мæ фыдæн уый фæстæ дыууæ боны куыстмæ рацæуын амал нал уыд: рагæй нал бадт бæхыл æмæ йæ зæнгты хæцъæфтæ рызтысты. *** — Мæ фыд бирæ уарзта æрдз. Ныртæккæ уый модæйы нал ис, æрдз уарзын, фæлæ уый уымæн йæ туджы уыди, æрдз æй æдзух 50
„ йæхимæ æлвæста. «Ирыстоны кæцы къуым нæ басгæрстай, ахæм ма дын дзы баззадис цымæ?!» - иухатт мæ цуры ныддис кодта мæ мад. Уыцы азты, хæсты фæстæйы мæгуыр азты, сæйрагдæр уыдпс Хор æмæ нæ гыццыл рсспубликæйы «дыгьтой» цас сæ бои уыд, уыййас, афæдзы пълантæ хæрдмæ хызтысты. Мæ фыд мæт кодта, тыхсти, къæвда-иу æрæгмæ куы нæ уыд, кæнæ-иу хур бонтæ куы ныддаргъ рты, уæд-иу мæ фыд æрынкъард, балкъонмæ-иу рауай-рауай кодта, арвмæ каст. Мæ зæрыл ма лæууы иухатт мах дæр къæвдаиыл куыд цин кодтам, уый, фæлæ Хъуыбады цыдæр линсйкæ райста, кæртмæ рацьтд, дзыхъхъ дзы скодта æмæ уыцы æнкъардæй йæ сæр батылдта: «Фаг дзы нæ ахъардта»... Махæн дæр нæ цин фæдзæгьæл. Иухатт нæхимæ бæрæгбоны стъолыл бадтыстæм, кæнæ 1-æм Май уыди, кæнæ та 7-æм ноябрь, хорз æй нал хъуыды кæнын, фæлæ нæ лæппу Сослан дæр йæ къухтæм бæгæ^ыиы агуывзæ раиста, уæд ыл 8-9 азы йсдтæмæ нæма цыд, æмæ сидт загьта иæ фыдмæ дзургæйæ: «Хуы- цау зæгъæд, цæмæй къæвдатæ уарой, дæу кæд фæнды æмæ дæ цас фæнды, уыйас, цæмæй бирæ тыллæг зайа...» Сосланы уыцы сидт-иу уый фæстæ дæр ма арæх мысыдыстæм. Мæ фыдмæ уыдис ахæм æгъдау: хъуамæ-ну йæхæдæг Гццхи цæстытæй фсдтаид колхозты хуымтæ цы уавæры сты, тыллæг æфснайыны куыстытæ куыд цæуынц, уый æмæ афтæ дарддæр. Уымæ гæсгæ-иу къуырийы дæргьы æртæ-цыппар хатты араст «рай- онмæ», афтæ-иу загьта: «Цæуын та районмæ...» Райсомæй-иу ку- ыстмæ ацыд, стæй-иу иуæндæс сахатмæ æввахс фæстæмæ нæхимæ раздæхт, йæ дзаумæттæ-иу раивта, ско*дта-иу йæ æрдæгхæстон формæ, йæ цырыхъхъытæ, сбадтис-йу «вилис»-ы æмæ-иу араст. Йæ балц-иу дæргьвæтин куы уыд, уæд-иу хатгай махæй дæр кæйдæрты йсмæ акодта, арæхдæр мæн, мæнмæ уьтй хорз каст. Фæндыд æй йæ лæппу Сослан дæр-иу æдзух йсмæ куы уыдаид, уый, фа^лæ уый машинæйы бирæ цæуын нæ фæрæзта, йæ зæрдæ-иу схæццæ. Хъæугæрон-иу быдираг лæгьз фæндагмæ куы бахызти машинæ, - уæд-иу Хъуыбады шофыры уæхскыл йæ галиу армытъæпæн æрæвæрдта, ома, сабырддæр ауадз. Фæлгæсыд-иу, арæх-иу бау- ырæдта, рахызт, хуымтьт арфы-иу бацыд. Æз-иу тынг сæрыстыр уыдтæн, хъæууон адæм ыл-иу фсмбæлгæйæ куыд цин кодтой, уымæй. Сæ астæу-иу æрбадт, ныхас сыл-иу бацайдагъ. Æрæджиау кæддæр-иу нæхæдæг доны был, кæнæ бæласы бын абадтыстæм. Æдзухдæр-иу мæ фыд загьта: «Цом, æртонæм та дидинджытæ Нинæйæн...» Мæ мадæн. Æмæ та-иу æртыдтам; Уый фæстæ-иу Хъуыбады иуварс ауад, кæдæмдæр-иу ныдджих. Иухатт мын куыд загъта хохрæбын, уый дæр мæ никуы фсрох уыдзæн: «Дæ зæрдыл æй бадар, мæ къона: Нæ Ирыстонæй рæсыгьддæр æрдзыл ницавæр бæстæйы сæмбæлдзынæ...» 80-йæм азты кæрон /йæ амæлтмæ бирæ нал баззад/ æрбацыд чидæр наукон-иртасæн инстнтуты номæй æмæ дзы ракуырдта, цæмæй сын ныффыса йæ мысинæгтæ. Хъуыбады къухæй фыста; мæ мад та йын сæ мыхуыр кодта. 51
Мæнæ йын цы бантыст, уыдон фсн, уæдмæ йыл низ æртыхст, уыдæттыл нал уыдыстæм. Мæнæ Хъуыбадыйы мысинæгтæй иу скъуыддзаг: «Мæ фыд. Æз æй нæ хъуыды кæнын, мæныл цыппар азы дæр нæма сæхæст, афтæмæй цуаны уæвгæйæ фæмард. Махмæ ма дзьг баззад зыбыты иунæг къам, æвæццæгæн ист æрцыд мæ мадимæ сæ чындзæхсæвы фæстæ. Къаммæ гæсгæ мæ фыд уьтдис бæрзонд æмæ фыдхуыз, цыдаид ыл 25 азмæ æввахс. Фæстæдæр мын хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй уыд сæрæн бæхылбадæг, курдиатджын зарæггæнæг, уыдис ын рæсугъд хъæлæс. Дзырдтой, зæгьгæ, дам-иу, иу хъæуы астæу куы ныззарыд, уæд-иу æй иннæ хъæуы йæ зæлланггæнæг хъæлæсæй базыдтой, Уыд æмгарджын æмæ фæллойуарзаг хохаг лæппу. Арæх-иу мæйгæйтты цьтдис хъомгæсæй, уымæ гæсгæ фæцалх цуан кæныныл дæр, уаглдай фылдæр та, дам, уарзта хохаг гогыз кæй хонынц, уьщы зымтыл цуан кæнын, уый та уыдис зын æмæ тæссаг хъуыддаг. Хохаг гагыз арæх æмбæлы Кавказы хæхты, махмæ, Ирыстоны та, йыл сæмбæлæн ис Хъæриу-хохы бæрзонд уыгæрдæнтьь Адæймагмæ хæстæг нæ цæуы, тас куыддæр бамбары, афтæ амбæхсы зынагурæн, зынбацæуæн æмæ тæссаг рæтты. Уымæ гæсгæ уыцы маргъыл цуан кæнын алы цуанонæй дæр домы лæгдзинад æмæ хъару. Иухатт зымæгон мæ фыд фæцæф кодта ахæм зымы æмæ йæ фæдыл ацьтд тæссаг, митæмбæрзт ран. Абон ма йæ чи сбæрæг кæндзæн, цæмæй уыдис, уый, фæлæ йæ сæрмæ къæдзæхыл миты зæй банкъуыст, æрлæсыд æмæ йæ быны фæкодта мæ фыды дæр, æрмæст æй æртыккаг бон кæмдæр комы бын ссардтой... МÆ МАД НАДИ æцæг ирон сылгоймаджы æгьдау æххæст кæнгæйæ дыккаг хатт мой скæнын нал бакуымдта, афтæмæй та йыл уæд цыдис æрм^æстдæр иу æмæ ссæдз азы. Мæ мад сидзæргæсæй баззад, Хъулаты хæдзары дыууæ лæппуимæ, цалдæр мæйы фæстæ ма йын райгуырд æртыккаг дæр - чызг, нæ хо Замирæт. Уыцы аз мах уырдыгæй сыстадыстæм æмæ цæрынмæ ралыгь- дыстæм быдираг хъæу Хуымæлæгмæ. Мæ фьтды мад Басо-иу арæх ныккатай кодта: «Мæ дзæбæх лæппутæ æнæ фыды рæвдыдæй рæзынц...» Арæх-иу, цалынмæ цард, уæдмæ фæдзæхста, цæмæй мах искуы бабæрæг кæнæм, кæм райгуырдыстæм, нæ фыд йæ фæстаг бонтæ кæм æрвыста, уыцы хохбæстæ-Хъæриу-хох. Мæ хистæр æфсымæр Созырыхъойæн уый раздæр бантыст, уый фæстæ та æз сæххæст кодтон мæ фьтды мады зæрдæбын фæдзæхст. ХЪÆРИУ-ХОХ /йæ бæрзæнд 3383 м/. Мæнæ кæдæй-уæдæй æз дæр бабæрæг кодтон ацы бынат. Мах иу цалдæр лæппуйы, нæ разæй мс ’рвад Хуысинæ, афтæмæй, сæумæцъæхыл араст стæм Хъæриу-хохмæ. Уыд сæрды астæу, райд- заст райсом. Хур къæдзæхы сæрмæ нæма фæзынд, афтæ мах схæццæ стæм Къадаты хъæугæронмæ, Гагулаты галуантæ кæй хуыдтой, 52
уырдæм. Цъиуызмæлæг дæр дзы нал вæййы, сæ хицæуттæ, Гагу- латæ, дам, Х1Х-æм æнусы кæрон иннæты фæзмгæйæ ралыгъдысты быдырмæ æмæ æрцардысты Хъæдгæроны. Æз мæ алыварс афæлгæсыдтæн æмæ чысыл фалдæр мæ цæст æрхæцыд хъæддаг фæткъуы бæласыл-уыд бæзонд, раст хъæд æмæ йын фæтæн къабузтæ. Ахæм бæлæстæ уалдзæг дзаг вæййынц хæрзад тæфгæнаг дидинджытæй, фæззæг та зад вæййынц сырхварс фæткъуытæй. Уый у æнусон цыртдзæвæн хохаг Æрдзæн. Хохæгтæ ахæм баслæстæ хъахъхъæдтой, йæ алыварс фидауын кæнгæйæ уый цин хаста амы сабитæн, йæ дыргътæй-иу сæ рæттæ байдзаг кодтой. 1920 азы, дам, ме ’рвадгелтæй иу гыццыл сæрæй хъуаг лæппу, æнæфæрсгæйæ иу ахæм бæлас йæ бындзарæй акалдта æмæ адæмæн ссппæтæн дæр хъыг уыди, æнæзонд мийыл æй банымадтой, абон дæр ма йæ мысынц. Уырдыгæй^арастыстæм æмæ Гагулаты дуры рæзты ссыдыстæм, стæй нæ фазллад суагътам иу гыццыл суадоны цур, дæндæгтæ йын нæ фæрæзтой, йæ ахæм уазал донæй банызтам æмæ та - дарддæр, 'Дурджын бæрзондмæ. Уыцы Дурджын бæрзонды уыйас дуртæ уыд æмæ дардæ.й бакæсгæйæ афтæ зындысты, цыма мæнæ тюлснтæ хуыссынц дснджызы былгæрон. Дарддæр цыдыстæм бæрзондæй бæрзонддæр æмæ уайтагъд схæццæ стæм Чыстæ кæй хуыдтам, ахæм ранмæ, хуырдуртæй йс ’мдзаг. Ардыгæй райдайы цæхгæр хæрд Хъæриу-хохы цъуппмæ. Цас уæлдæр цыдыстæм, уыййас мæ цин стырæй-стырдæр кодта хохаг æрдзы уындæй. Нæ сæрмæ æрцауындзæг сты дымгæтæй чи фсхæлд, къæвдатæ кæй æхсадтой, ахæм къæдзæхтæ, хохаг халæтты балтæ сæ-иу куы стахтысты, куы та-иу сыл æрбадтысты, æрдзы сабырдзи- над хæлдтой. Мæнмæ рæсугъд мæргьтæ фæкастысты, цфтæмæй та ам ахæм ныхас арæх кæнынц, арæх æй фæдзурынц: «Утæппæт халæттæ иу зымы аргъ нс сты». Уыцы халæтты ахстæтты фарсмæ ма æрбынат кæнынц хъæддаг бæлæттæ дæр, фаже сæ нътмæц бирæ нæу, чидæртæ сыл спортивон цуан кæнынц. Хъæриу-хохы фæрстæ æмæ цъуппмæ уыгæрдæнтæ æмæ хосгæрдæн бынæттæм хилынц æрмæст фосгæсты къахвæндæгтæ, иу ком иннæуыл бæттьюц. Уыдонæй иу хуыйны Хъулаты ком. Уыцы комы къахвæндæгтæй иу равзæрстам дарддæр хæрдмæ цæуынмæ æмæ разынд тæссаг, ранæй рæтты уьтд’ асинты хуызæн, дарддæр та-иу цыргъ дуртæ сарæх сты, хатгай-иу ахæм нарæг бацæуæнтæ фæцис нæ размæ æмæ-иу дзы бахъуыд нæ цыппæртыл бырын. Æрæджиау нæ зындзынæдтæ фæстейы баззадысты, ахызтыстæм нарæг æмæ талынг комæй æмæ æрлæууыдыстæм цы рæсугъДдзинад федтам, ууыл дис кæнгæйæ. Диссаджы кæрдæгджын уыгæрдæнтæ дзы, сæ сæрмæ та цъæх-цъæхид арв фæлдæхт тæбæгъау, сæ алыварс да цыргь къæдзæхтæ, хуры æрттиваг тынтæ сыл згъæлдысты æмæ афтæ зындысты, цымæ сызгьæринæй сты. Уыгæрдæнтæ сс ’сдзаг уыдысты алыхуызон дидинджытæй, цæст сæм кæсынæй не »фсæсти. Æз дзы æнæнхъæлæджы сæмбæлдтæн 53
æнахуыр зайæгойыл скамойыл. Уымæн йæ цыбыр хъæдыл æрзапы гыццьтл гага, кæцы-йæ хуыз æмæ иæ адмæ гæсгæ у джитърииы хуызæн. Дыккаг хатт та ма уьщы гагатæй æз фæхъæстæ дæн Фы- дыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. 1941 азы августы кæрон æз, нæ рсспубликæйы мидхъуыддæгты министр Задслава æмæ ма цалдæр хæстон лæджы Дыгуры æмæ Алагиры комы æхсæн схызтыстæм Цыбыр æфцæгмæ: æххæст кодтам Уæлдæр Командыгæнæджы сæрмагонд кæс. Ам-иу уыгæрдæны астæу æрбадтыстæм нæ фæллад уадзынмæ. Уалынмæ нæм æрбацыдысты. бынæттон цæрджытæй чидæртæ, ныхас ныл бацайдагь. Æз дзы иуы афарстон, зæгьын, ам ахæм зайæгой, скамо, нæ зайы. Уыдон фæдис кодтой æз ахæм гагатимæ зонгæ кæй дæн, ууыл, уайтагьд нын дзы ггмбырд кодтой, мс ’мбæлты зæрдæмæ дæр тынг фæцыдысты, горæт Орджоникид- зсйы комсндант инæлар Яковлсв æмæ йæ адъютант дзы ссмæ дæр ма рахастой... Скамойæ уæлдай ма ам хохæгтæ хæрынæн арæх агуырдтой гæнгæлы дæр. Уымæн йæ фæтæн сыфтæ дæр хæрзад уыдысты, фа^лæ йын фылдæр аргь кодтой йæ уидæгтыл — ын-иу чи æрзад, уыцы гагатæ-хуыскъæлты тыххæй, уыдон уыдысты адджын, уымæ гæсгæ сæ арæхдæр æмбырд кодтой саби-лæппутæ. Уæлдай тынгдæр-иу мах, сывæллæттæ, бæллыдыстæм уалдзæджы æрцыдмæ. Уæд-иу сарæх сты пысырайы, цæвæгхосы, хъæдындзы, цæхæрайы сыфтæ, æфсинтæ-иу фæцалх сты цæхæраджынтæ кæныныл... Иудзырдæй, суанг рагуалдзæгæи суанг фæззæджы кæронмæ Хъæриу-хохы чи цард, уыцы цæрджытæ пайда кодтои хохаг æрдзы лæвæрттæй. Хорз дыргьдон бæлæстæ-иу уыдис Хæрисджыны, Хи- дыхъусы, Бæрзыхъæуы, Дæллагхъæуы, Гуысырайы, арæхдæр дзы сæмбæлæн уыдис фæткъуытæ, кæрдотæ, сырх æмæ бур чылауитыл. Къиуаты хъæуы дыргьдæттæ уыдис Хъулатæм - 4 хæдзары, Мæрзиуатæм - 2 хæдзары, Таучслатæ æмæ Налдыхъотæм. Фæлæ æппæтæй хуыздæр дыргьдон Куырттаты комьг уыдис Мæрзагантæм Хидыхъус æмæ Хæрисджыны астæу Фийагдоны был, цалдæр суадо- ны дзы хæл-хæл кодтой. ,1958 азы куысты фæдыл Куырттаты комы уæвгæйæ бабæрæг кодтон Дæллагхъæуы Уаниты дыргьдон. Уыцы дыргъдон сагъд æрцыд Фиййагдоны был дæргьмæ, лæгьз ран. Хæдзары хицау мын радзырдта, зæгьгæ, дам, æз бæлæсты æфсадын цæугæ донæй сæрд-сæрды.дæргьы. Æмæ уымæй раст кодта, уымæн, æмæ-иу ам кæмæндæрты сæ дыргьдæттæ бахус сты дои сын фаг кæй нæ уыд, уый’аххосæй. Уаниты дыргьдоны фæткъуытæм бакæсынæй диссагдæр ницы уьтд: фидар къалиутыл æрцауындзæг сты сырх стъалытау, алырдæм æрттывтытæ калдтой, зымæг-иу сæ куы сæвæрдтой, уæд-иу фæлæууыдысты иннæ сæрды кæронмæ дæр. Хицæн дыргъдæтты-иу фсмбæлæн уыдис хъæддаг дыргьбæлæстыл дæр, угслдайдæр та тæрсыл. Уыдонæй иуæй-иутæн сæ бæрзæнд хæццæ кодта 40-мстрмæ, йæ фæтæн та мстрмæ, хицæн 54
бæлæстæ-иу фæцардысты 400-500 азы. Уыдон арæхдæр задысты "Фиййагдоны рахизфарс, бынæттон цæрджытæ сын-иу се ’хсæртæ фсмбырд кодтой фæззæгæй зымæджы астæумæ. Хохæгтæ уыЦы бæлас дæр æнæхъуаджы никуы калдтой, фæлæ дзы хъуыды кæнын иу хæм цау. Тæгæрдоны был-иу халагъуыды сæрд-сæрды дæргъы цардис мс ’рвадæлтæй иу лæг - Хъулаты Габола, хæрзконд, домбæйттæ арæзт. Уый-иу ам уæйæн кодта хъæдын боцкъатæ, стьтртæ æмæ гыццылтæ. Мæй-иу иу хатт йæ цыргъ фæрæтæй йæхи къухты хъаруйы фæрцы афазлдæхта ахæм æнусон тæрс. Куы-иу æй фарстой æнæхъуаджы ахæм зынаргъ бæлæстæ цæмæн калыс, зæгьгæ, уæд-иу хъазæн ныхас загъта, мидбылты худгæйæ: «Дынд- жыр базлас гуыппы тыххæй калын». Раст зæгьгæйæ, Габола калдта æрмæстдæр тынг зæронд бæлæстæ, дыргъ чи нал лæвæрдта, ахæмтæ, уыдон ма-иу бæззыдысты æрмæстдæр арты сугтæн, стæй хъæддзаума йæн. Хъæриу-хохы рæбын Лæцът, Дзывгъисы æмæ ма æндæр рæттъг æнахуыр бирæ задысты мыртгæтæ, хъæлæрдзытæ, цъуйтæ, æхрæртæ.. Гыццыл лæппутæн уыдон æмбырд кæнынæй хуыздæр мацы ратт. Махæн-иу мс ’фсымæр Созырыхъоимæ иннæтæй къаддæр нæ бантыст. Æрмæст цин-иу’ нæ хаста уый сабитæн, фæлæ-иу фылдæр кодтой сæ зонындзинæдтæ зайæгойты тыххæй, гуырьтд сæм уырзондзинад райгуырæн æрдзмæ. Ирыстоны хуызæн æрдз та иу ран дæр нæй... Хъæриу-хохы кæрдæгджын уыгæрдæнтæн æмбал нæй, фæлæ сæм, хъьтгагæн, фаг нæ зилæм, фаг сæ нæ пайда кæнæм, афтæмæй та æвæджиауы фосхизæн бынæттæ сты. ’Цымыти æмæ Къадаты хъæуты хистæртæ-иу куыд дзырдтой, афтæмæи-иу уымыты хызтис 15-20 мины бæрц лæстæг сыкъаджын фос, Куырттаты комы цæрджьттæ сæ фосæн зымæгмæ холлаг ам амал кодтоп. Мæнæ куыд фыссы уыцы уыгæрдæнты тыххæй, хъæууон хæдзарады наукæты кандидат Дзоблайы фырт: «... хохаг цæрджытæ ма ам куы царды- сты /цалынмæ быдырмæ нæ алыгъдысты, уæдмæ/, уæд æнæхъæн афæдз ацы уыгæрдæнты руаджы дардтой 30 мины хъомвос, 106 мины фыстæ æмæ сæгътæ, 2579 хæрæджы. Хос-иу дзы æрæмбырд кодтой 29,4 тоннæйы...» Мæнмæ афтæ кæсьт, æмæ фосдарыны куыст Ирыстоны рæзын райдайдзæн ацы хохаг уыгæрдæнты фæрцы, мах та сæ абоны онг фаг нæ пайда кæнæм, фæлæ уый хицæн ныхасы аккаг у... Нæ балц кæронмæ фæхæццæ. Дыккаг бонрайсом раджы хъарм нартхоры кæрдзын æмæ ног дыгъд фысы æхсыр бахордтаМ, рараст стæм æмæ фæстсйы баззад аргьауæнгæс Хъæриу-хох. Нсмæ фæндагмæ рахастам скамойы гагатæ. Бынмæ цæуын, кæй зæгьын æй хъæуы, бирæ æнцондæр уыди æиæ уайтагъд комы иннæ кæронæй ахызтыстæм. Бон та уыд райдзаст, хур та йæ сызгьæрин рæдау тьтнтæй сызгьæрин доны надта мæ фыды мад афтæ бирæ кæй уарзта, уьтцьт Хъæриу-хохы цьтргъ цъупп»... 55
*** — Хæсты рæстæг мах эвакуацийы цардыстæм Гуырдзыстоны. Нæ йæ хъуьтды кæнын уырдæм цæугæйæ мæ фыдæй куыд хицæн кодтам, уый. Æрмæст ма абон дæр мæ цæстытыл уайы нæ гæды Васькæ, уый дæр немæ уыд фндагыл машинæйы, фæлæ иу ран дон нуазынмæ æрлæууыдыстæм, уый дæр зæхмæ æргæпп кодта æмæ ууыл фесæфт. Мемæ ма аластон мæ куклайы, сывæллоны иас уыди, стыр хъоппæг цъæх цæстытæ йын уыди, стæй парик æцæг сæрыхъу ынтæй... Æцæг ма мæ цæстытыл уайы иухатт нæм мæ фыд обкомы фыццаг сскретарь Мазинимæ куыд æрбацыд, уьш. Уыдис ыл хæстон дарæс, инæлары формæйы Уыцы дзаумæттæ тынг цыдысты йæ зæрдæмæ, мæ мад ын сæм базылд æмæ-иу хæсты фæстæ хъæутæм куы цыд, уæд-иу сæ скодта. Æнхъæлдæн зымæджы уыд 1943 азы. Каникулы мæ Тбилисийæ Ирыстонмæ рауагьтой ахуыры афæдзы æмбис иттæг хорз бæрæггæнæтитмæ кæй фæдæн, уый тыххæй. Æртыккæгæм къласы уыдтæн, уæд, 10 азы мыл цыди. Уæд мæ фыдимæ куыд сæмбæлдтæн, уый дæр нал хъуыды кæнын, фæлæ ма мæ цæстытыл уайы йе ’фсæйнаг сынтæг, æрдæгрухс уат æфсæддон госпиталы пъадвалы. Сармадзанты нæрын æхсæвæй-бонæй нс ’нца- дис, фæлæ куыд фæстæмæ дарддæрæй дарддæр кодта. Хъуыбады-иу райсом раджы ацыд, æмбисæхсæв-иу æрбаздæхт. Иухатт дыууæ боны нал фæзынд æмæ йын æз фæтарстæн, кæмдæр къуымы бабы- рыдтæн æмæ куыдтон. Дуармæ дæр-иу рацыдтæн, æнхъæлмæ кастæн, кæд, зæгьын, тигьæй æрбазынид. Иухатт мæ цурты ма- шинæ æрбацыд, йæ гуыффæ та йæ тæккæ дзаг ногконд чырынтæй. Иу батальон, дам, минæтыл схæцыди, сæ фылдæр фæмард сты, æмæ сæ уыдонæн ластой. Æз та кæуын рийдыдтон, кæд, зæгьын, Хъуыбадыйæн дæр исты уыд, фæлæ, хуыцыуæи разы, уалынмæ йæхæдæг фæзынд, йæ хъæбысы мæ фелвæста, мæ цæссыгтæ мын ныссæрфта. Уæд мæнæй амондджындæр нал уыди. Хъуыды ма кæнын иу æхсæв Хъуыбады суанг боныцъæхтæм куыд фæбадтис, уый. Райхъал-иу дæн, кæсын æмæ та бады. Афтæ иу цалдæр хатты. Цьтдæр гæххæттытæ каст, рафæлдах-бафæлдах сæ кодта. Райсомæй мын, æвæццæгæн, мæ катай æмæ мæ цымыдисд- зинад бамбæрста æмæ мын афтæ зæгьы, адон, ам, ахсгæ кæй æркодтой, уьтдоны гæххæттытæ сты, бирæтæн дзы раст тæрхон нс скодтой, раздахын сæ хъæуы. Стæй ма йьтл бафтыдта: «Горæты уынгты бирæтæ цæуынц æмæ йæ нæ зонынц, æз сæ ахæстонæй фервæзын кодтон, уьтй...» *** — Мæ фьтд йæ удыхъæды арæзтмæ гæсгæ аскст уыди. Никуы тырныдта хъал æмæ хъæздыг цардмæ, фынджыбæттытæ бирæ нæ уарзта, официалон банкеттæй тыхсгæ кодта, фылдæр хатт-иу 56
нæхимæ æрбаздæхт æххормагæй æмæ-иу ын уæд хуыздæр мацы ратт: фых картæфтæ, уыдонимæ-иу иу-дыууæ арахъхъы дæр банызта. Йæ алыварс хицауадæй бирæтæ цуан кæнын уарзтой, Хъуыбады та-нæ, афтæмæй та уыцы рæстæг бирæ фарстатæ лыггæнæн уыдаид. Мæскуыйæ дæлæ Кæсæгмæ стыр хицауад арæх цыдысты цуан кæнынмæ, Ирыстоны хæхтæ æмæ хъэдтæм ссæуыны тыххæй-иу кой дæр скодтой, фæлæ сæм Хъубады йс ’ргом никуы аздæхта. Мæ фыд йæхи æппæтæй хуыздæр æнкъардта нæхимæ, нæхи цыппар къулы астæу. Уазæгуаты суанг хиуæттæм дæр арæх нæ цыд, фæлæ йæм хорз каст, уыдон-иу нæм сæхæдæг куы æрбацыдысты, уый. Созырыхъо-иу æм хатгай смæсты, ард-иу бахор- дта цалынмæ, дам, нæм ацыхатт Хъуыбады йæхæдæг æрбацæуа, уæдмæ уæм æз дæр къах нал æрбавæрдзынæн, фæлæ та-ну рæстæг рацыд, Созырыхъойæн-иу йæ маст ссыд æмæ та-иу уæд мидбыл- худгæ дуарæй æрбакаст. Арæх нæм цыд йæ къухылхæцæг Хуыцъи- статы Мухарбсг. Мæнæуиуæй-иутæ бон сæ уæлæдарæс цалдæр хатты куыд ивынц, афтæ мæ фыд нæ уарзта. Бирæ дзаумæттæ йын нæ уыд: дыууæ костюмы, дыууæ — æртæ хæдоны. Алы райсом дæр ын-иу мæ мад иту æвæрдта йæ сæрдыгон кителыл. Уыцы китслы ацыдис 1948 азы йæхи дзæбæх кæнынмæ Чсхословакимæ æмæ йыл уынджы адæм сæ цæст æрывæрдтой, бауырæдтой-иу æй, къухæй йын сгæрстой йæ китсл, куыд, дам, хуыйгæ у. Хæсты хæд фæстæ Томасвы уынджы цардыстæм,хæдзары дза- умæттæй нæм ницы уыд æмæ мах, сывæллæттæ, хуыссыдыстæм пъолыл, гобæттæ-иу уым аппæрстам, махæн-иу уый удыбæстæ уыд. Куыддæр-иу цырагь ахуыдсыд, афтæ-иу мах кæрæдзииуыл ралæууьтдыстæм базтæй, фæткъуытæй. Нæ цин бирæ нæ ахаста. — Сынтæджытæ нæ балхæнын хъæуы, - загъта иухатт нæ мад мæ фыдæн. — Хæст цæуы, ды та горæты уынгты сынтæджытæ агурдзынæ?! - загьта йын фыд. — Хуыссут уæдæ пъолыл æмæ уæд хæст рæвдздæр ахицæн уыдзæн, - чысыл ма бахъæуа ма смæсты уа мæ мад. Иуæй-иутæ нын куыд æнхъæл уыдысты, хæринагæй дæр афтæ æххæст нæ уыдыстæм, фæлæ-иу фынгыл æдзухдæр уыдысты цай сæкæримæ, урс дзул, цыхт, æхсыры цъæрттæ. Æрбаластой нын-иу сæ партийы обкомы сæрмагонд хæдзарадæй, æхца сын-иу фыстам мæйы кæрон, абон дæр ма мæ мад зæрдылдарынмæ бавæрдта æхсыры уæды квитанцитæ. Æхца нын æдзухдæр нæ фаг кодта æмæ-иу алыхатт дæр Мæскуымæ цæугæйæ /арæхдæр-иу Хъуыбады цыд Сæйраг Совсты сссситæм/ мæ мад куы кæмæй, куы кæмæй иста æхца æфстау. Йæ мызд чысыл уыд, цы хъæууонхæдзарадон продукттæ нын æмбæлди, уыдонæн бафидыны фаг дæр-иу нæ уыдысты, уымæн æмæ-иу нæм нæхи бинонтæй уæлдай хъуамæ исчи цардаид: мæ мады мад, мæ 57
мады хотæ, мæ фыдыфсымæр Юрæ, мæ фыды хæстæджытæК чидæртæ. Уыййас бинонты афтид къæбæрæй куыд фæсаКдтанс?! Мæхицæн дæр, мæ хотæ æмæ мс ’фсымæрæн дæр-иу бпрæ дзаумæттæ нæ уьщ, уæддæр-иу сæ-иу гыццыл куы адардтам, уæд-пу цыдæр фссты: чидæр нæм йæ сыпæллонимæ æрбацыд; кæмæндæр баххуыс кæнын хъуыд. Иухатт та нæм чидæр Кæ мсмгар чызгимæ æрбацыд æмæ йын мæ мад, физкультурæКы урочытæм цы шаропары цыдтæн, уый радта, мæнæн та зæрдæ бапæрдта ног дын бахуыйд- зынæн, зæгьгæ, фæлæ афтæ дæр нал бахуыдта. Уымæй чысыл фæстæдæр æз бацыдтæн спортипон æхсæнад «Бурепсстник»-мæ, уым мын ног спортивон дзаумæттæ радтой, хуымæтæджы хъал сæ уыдтæн. Уымæй дыуугг къуырийы дæр нæ рацыд, афтæ та цыдæр фссты. Фæстæдæр, куыд сбæрæг, афтæмæй нæм нæ хæстæджыты чызг Беслæныхъæуæй ссыд æмæ та сæ мад уый æнджид бакодта. - Уæдæ йæ цæмæй барæпдыдтаин, - йæхи мæ разы рæстытæ кодп» мæ мад, - мæ къухы бын уыдон фссты, уæлæнгаК сæ цæмæн ныууагьтай? Мæ зæрдыл ма лæууы иу ахæм цау. Уыд кæнæ 1946, кæнæ та 1947 аз. Мæ мад рудзынджы цур лæууыд. Кæсы, æмæ уынджы иннæ фарс иу æвзонг лæппу цуттытæгæнгæ цæуы. Бамбæрста йæ мады зæрдæ: æххормагу. Ныхъхъæрæм кодта, къухæй Кын амыдта ардæм ма рацу, зæгьгæ, Лæпппуйæн кæнæ йæ бон нæ уыд, кæнæ та æфсæрмы кодта. Дуармæ цы зæронд устытæ бадт, уыдон æК сразæнгард кодтой: «Цу, нæ къона, цу, æнæзонд ма у, кæннод пскуы æххормагæй ахаудзынæ»... ТыхтæК-амæлттæК нæм арбацыд, мæ мад æй нæхицæй нал ауагьта, кæрты нын чысыл агьуыстгонд уыд æмæ уым цардис. Лæппуйы ном хуындис Валя, Ирыстонмæ сæфтыд Украинæйæ. Фыццаг бонты иæ мах æфсæстам адджын цаКæ, стæК иуцасдæры фæстæ хæрын дæр раГщыдта. Йæ мад æмæ иæ фыд æххормагæй амардысты, йæхæдæг цыдæр æфсæддон полкъимæ ра- цу-бацу кодта. Цавæрдæр горæты йын кæддæр хæстæджытæ цард æмæ уьщон агурæг ацыд, нæ сæ ссардта, фæстæмæ раздæхт, уæдмæ полкъ та йæ бынаты нал уыд æмæ лæппу схæтæнхуаг, фыццагдæр цы посздыл сæмбæлд, уыК пагоны сæрмæ сбырыд æмæ Дзæуджыхъæуы æрхызт. Уыцы Валяйыл хуыз куы æрхæцыд, уæд æК мæ фыд кусджыты училищæмæ радта, каст æй куы фæци, уæд дæлæ Уралмæ кусынмæ ацыд, иухатт нæм писмо дæр сæрвыста, стæК ныхъхъус, мæ фыд та-иу мæн афæрс-афæрс кота, цы фæцис Валя, цæуыннæ исты фыссы, зæгьгæ. Æппæт уьщæттæ уый тыххæК æрымысыдтæн, цæмæК сымахæн дæр уæ цæстытыл ауаКа уыцы азты нæ бинонты царды уаг, уæлдайдæр та хæсты бонты. Æз ма абон дæр нæ фæллайын дис кæнынæй уæд мæ фыд цастæн бафæрæзта, цастыл æххæссыд, ууыл. «Æфсæйнаг фæрстæ йын ис», - цалдæр хатты фсхъуыстон уæд мæ мадæй, фæлæ йæ раздæр нс ’мбæрстон.
- АВТОРÆЙ. Хъыгагæн, хæсты азты Хъуыбадыпы цард æмæ ар- хайды тыххæй фаг æрмæг ссарын мæ бон нс сси. Нырма нс сси. Йæ фарсмæ чи уыд, уыцы зын бонты, уыдонæй нпчиуал ис, рсспуб- ликæйы архивы кусджытæ мын уыцы хъуыддаджы баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой. Агурынц мын. Мæнæ цы фыста уыцы азты тыххæй Хъуыбады иæхæдæг иæ автобиографийы: — 1941 азы 25 октябрæй 1944 аз мартъийы онг уыдтæн Орджо- никидзейы Хъахъхъæнынады Комитсты сæрдары хæдивæг, 1944 азы мартъийæ 1945 азы маймæ уыдтæн Хъахъхъæнынады Комитсты Сæрдар; — 1942 азы 18 августæй 1943 азы фсвралмæ уыдтæн 9-æм Хæцæг Æхсады Хæстон Совсты уæнг. — 1944 азы мартъийы онг æз куыстон Цæгат Ирыстоны ЛССР- йы Адæмон Комиссариаты Совсты Сæрдарæй, 1944 азы мартъийы райдыдтон кусын Цæгат Ирыстоны па’ртийы обкомы æмæ Дзæуджыхъæуы партийы горкомы фыццаг сскрстартæи. — 1942 азы июлы Совстон Цæдисы СæГфаг Советы Указмæ гæсгæ хицауады хæс хъахъхъæнынады продукци уадзыны хъуыддад- жы иттæг хорз арæхстдзинад кæй равдыстон, уыи тыххæй хорзæджынгонд æрцыдтæн Фæллоиы Сырх Тырысайы ордснæй. — Цæгат Кавказы хъахъхъæнынадон арæнтæ аразыны хæс æнтыстджына^й кæй сæххæст кодтон, уый тыххæй Советон Цæдисы Сæйраг Советы Прсзидиумы Указмæ гæсгæ мæнæн лæвæрд æрцыд Лснины Ордсн. — Цæгат Ирыстоны промышленносты, хъæууон хæдзарады, аивады, наукæ æмæ культурæйы æнтыстдзинæдты тыххæй 30 апре- лы 1944 азы Советон Цæдисы СæГфаг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ ногæй хорзæхджынгонд æрцыдтæн Лснины ордснæи... Сыгъдæгзæрдæ Хъуыбады иæхи адæмы зынтæй иуварс никуы аласта. Тыхст бонтæ, æнæхуыссæг æхсæвтæ... Мæнæ мын цы радзырдта мæ дзæбæх хистæр хæлар, Цæгат Ирыстоны адæмон дспутат Хъырп>аты Валодя: — Никуы мæ ферох уыдзæн иу ахæм цау... Хæсты фæстæ мæ райгуырæн хъæу Джызæлы æгас хъæубæстæйы æмбырды дзырддзæугæ хистæр Дойаты Михал афтæ загьта: . — Уæртæ нæхи Хъуыбады Хъулы фырт ам Ирыстоны зæххыл Гитлерæн йæ сыкъа асаста, дæлейы та йын Сталин иæ астæу дыууæ дихы фæкодта... Уым цы къухæмдзæгъд азæлыд, уый уынæр абон дæр ма мæ хъусты зæлы; æвæццæгæн æмæ æнусмæ дæр суадоны сыр-сырау нæ байсысдзæн. Æнусон кадыл дзурæг у, уый... Хуыздæр ма куыд загьдæуыдзæни?! Фæлæ æппæт уыдæттæ Хъу- ыбадыйæн мисхалы бæрц дæр нæ баххуыс кодтой дæлæ Рæстдзпнад æнхъæл-иу кæм уыдыстæм, уыцы Крсмлы 1953 азы кæрон... Уыд Джсоргуыбайы мæй, цыдысты Кувæн бонтæ... 59
НЫР ТЛ УАЛ СЫМАХÆН ЗОПИПАГ: Хъулаты Хъуыбады райгуырд 1907 азы, хохы, Къадаты хъæуы. Æртæ азы йыл куы сæххæст, уæд цуангæнгæйæ зæйы бын фæмард йæ фыд. 1911 азы йæ мад Нади рахæцыд йæ сабиты къухыл æмæ сæхицæн дарддæры цæрæнбынатæн равзæрстой быдираг хъæу Ху- ымагллæг. Ахуьтр кодта: Хуымаглæджы 4-къласон скъолайы, псдагогон тсхни- кумы æмæ Махкуыйы паддзахадон унивсрситсты юридикон хайады. Йæ фæллойадон фæндаг уыдис мæнæ ахæм: 1925 аз - Хуымæллæджы 4-къласон скъолайы ахуыргæнæг. 1930 аз - облæсты прокуроры æххуысгæнæг. 1933 аз - Цæгат Ирыстоны прокуроры хæдивæг. 1936 аз - горæт Орджоникидзсйы партийы горкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргьлæууæг. 1937 аз - Цæгат Ирыстоны партийы обкомы 2-аг сскрстарь. 1938 аз - Цæгат Ирыстоны Совнаркомы сæрдар. 1944 аз - Цæгат Ирыстоны ппртийы обкомы 1-аг сскрстарь. 1953 аз - Хуымæллæджы МТС-ы дирсктор. 1954 аз - фæндæгтæ цалцæггæнæн станцæйы дирсктор. 1956-1970 азтæ - Цæгат Ирыстоны хъæды хæдзарады министр... Æз ацы уацау кæсæджььбынаты мæ цæстæнгас ногæй раздахин фæстæмæ, лæмбынæгын æркæсин йæ фæллойадон фæндагмæ æмæ хатдзæг скæнин. Мæнæн иу хатдзæг мæ зæрдæйы хъæрзын æмæ катай равзæрын кæны: æппæтæй бæрзонддæр бынатæй йæ æнаххосæй куы фæхауын кодтой /цæй тыххæй, уый фæстæдæр/, уæд ыл цыд æрмæстдæр 46 азы... Цас хорздзинæдтæ ма скодтаид, уагæры уыцы гыццыл Стьтр лæг йæ удæй фылдæр кæй уарзта, йæ уыцы чысыл къона Ирыстонæн. Диссаг стæм, æвæдза, мах, ирон адæм. Сæ кой ракæныны аккаг дæр чи нæ у, ахæм Хицæн адæймæгтæ æфхæрдтой æмæ æгады бынатмæ тардтой Къостайы. Нæхимидæг фыхтыстæм, фæлæ сын барстам. Йæ лæджы æцæг бынатмæ нс ’суагьтой, цы стыр кады аккаг уыд, уый адæмæн нæ загьтой Иссæиæ. Абон дæр ма нæхимидæг хъуыр-хъуыр кæнæм, уæд та ныббарстам. Комкомммæ бафхæрдтой Хъуыбадыйы. Уыимæ дæр сразы стæм. Мидцоппайы азты æгæрон æфхæрд цьтдис æмæ, мæнмæ гæсгæ, нæ Туг æмæ нæ Удтæм нал раздæхдзæн нæ Ирондзинад. Æрцæуæг æлдарæн уый дæр та батад, къæсæры Уастырджийы æвджид дæр ма йæ бакодтам. Тынг раст æй бафиппайдта мæ хæлар поэт Дзасохты Музафср: «Раздæр æмдзæгъд цы къухтæй кодтам, уыдонæй ныр та нæ сæртæ хойæм». Уæдæ ма нын æндæр цы баззад? Мæн фидæны мæт ис. Сымах та?.. 60
ДЫУУÆ ХАРАКТЕРИСТИКÆЙЫ ИУ ПАПКÆЙЫ ХУЫЛФЫ. 1093 АЗ. ЦÆГАТ ИРЫСТОПЫ ЛАДДЗАХАДОН АРХИП Фыццаг — 1938 азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны Совнаркомы райдиан партион организацийы уæвгæйæ Хъулаты Хъубады партион æфхæрд нæ райста, æппæт партион хæстæ дæр æххæст кодта афоныл æмæ зæрдиагæй, партийы гснсралон хаххæй нæ ахызт. Æмб. Хъулаты Хъ. Д. у Цæгат Ирыстоны партийы обкомы уæнг, активонæй архайы рсспублиикæйы æхсæнадон æмæ политикон царды. Æмб. Хъулаты Хъ. Д, кусы Цæгат Ирыстоны Адæмон комисса- риаты Советы Сæрдарæй, у Совстон Цæдисы æмæ Цæгат Ирыстоны Сæйраг Совсты депутат. Æмб. Хъулаты Хъ.Д. Цæгат Ирыстоны партииы обкомы плснумы сусæг хъæлæстæй æвзæрст æрцыд дслсгатæй партийы ХУИ-æм съездмæ. Æмб.Хъулаты Хъ.Д. у политикон æгъдауæй цæттæ æмбал, æппыныдзух æмæ æнæрынцойæ кусы йæ политикон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныныл. Æмб. Хъулаты Хъ.Д. у æгъдауджын æмæ хиуылхæцгæ комму- нист, ис ын стыр авторитет партионтæ æмæ æнæпартионты æхсæн. 12-æм протокол. 28 ноябры, 1939 аз. Цæгат Ирыстоны лартийы обкомы сскрстарь Мазин. Мæнæ уый та дыккаг характсристикæ. — Æмб. Хъулаты Хъ.Д., 1907 азы гуырд, ирон, социалон равзæрдмæ гæсгæ мæгуыр зæхкусæг, социалон уавæрмæ гæсгæ - службæгæнæг, ис æм уаущæр юридикон ахуыргонддзинад, 1937 азæй фæстæмæ - Советон Цæдисы Коммунистон партийы уæнг. Æмб. Хъулаты Хъ.Д. фæстаг 13 азы куыста сопстон æмæ партион куыстыты разамонæг бынæтты. 1938 азæй 1944 азмæ куыста Цæгат Ирыстоны АССР-йы Совнаркомы сæрдарæй, 1944 азæй 1953 азмæ та Цæгат Ирыстоны партийы обкомы 1-аг сскрстарæй. 1953 азы ноябры мæйы æмб. Хъулаты Хъ.Д. партийы обкомы Пленумы уынаффæмæ гæсгæ истæрцыд 1-аг сскрстары бынатæй партийы Центрон Комитсты æмæ облæстон парторганизацийы раз йæ политикон æууæнк кæй æрхаудта, уый тыххæй. Цæгат Ирыстоны партийы обкомы сскрстарь Хъæбæлоты Б. Дыууæ характеристикæйы... Иу адæймаджы Стыр Кад æмæ Стыр Трагеди æвдисæг. Мазин нал ис, 1944 азы йæ митджын фсвралы хъызт бонтæй иу Берия СталиныЛ сардыдта æмæ æртæ бонмæ Ирыстоны йæ кой дæр нал уыд. Хуыцауæй разы, дзæбæх æмæ æнæниз у нырма Билар, йæхи фæндиаг уæнт, уымæн дæр ныхасы бар ратдзынæн, стæй, мæ зынаргъ кæсджытæ, архивы къуымты 61
æнхъæлмæ кæсынæй чи бафæллад, уыцы папкæтæ иумæ рафæлдахдзыстæм æмæ базоигæ уыдзыстæм 1953 азы Цæгат Иры- стоны коммунистты иу хай партийы обкомы плснумы Совстон Цæдисы Коммунистон партийы Центрои Комптсты уæды сскретарь, Хрущсв æмæ Брсжнсвы ардауæг къæбыла Сусловæн Иры стырдæр лæгтæй иуæй йæ маст райсмн куыд бауапугой, уыимæ. 1937-1938 азты, адæм кæрæдзиуыл куынæуал ауæрстой, иуæи- иутæ худинаджы гакк-нымудзæджы ном куы райстой, уæд Хъуыба- ды аирвæзт, бирæтæ та Сыбыры бинаг къæйы балæууыдысты æмæ абон дæр сæ кой нал ис. МЫСЫ ЦÆГАТ ИРЫСТОПЫ АШПИСТРТЫ СОПЕТЫ РЛЗДÆРЫ СÆРДАР ПАСКА’/Ы ДЗАМ1ЮЛАТ: - Дардыл ныхас у, мæ къона Дамир, уый, фæлæ мæнæ уыцы æвзæр азты Хъуыбадымæ ницы фау ардтой, æндæр æм бахъавд- жытæ уьтди... Æниу мæнæ мæхæдæг æнахстæй куыд баззадтæн, ууыл абон дæр дис кæнын. Бауырнæд дæ, мæ тслогреикæ æмæ мæ цырыхъхъытæ райсынæввонг уыдысты, дæ рудзынг дын абон æрбахойдзысты æви райсом, уыи бæрæг нæ уыд æмæ æдзух’уыцм къæрцхъусæй бадтыстæм. Хъуыбады дæр афтæ... Æз дзы мæхæдæг дæр гыццьтл ма бахъæуа ма бахауон. Уæлæ архпвты уæды партийы обкомы бюройы протокол ссар æмæ йæ бакæс. Хуыцауардыстæн, уæд йедтæмæ лæгдзинад никуы равдыстон. Уæд æз Рахизфарсы партийы раикомы фыццаг сскрстарь уьгдтæн... Знон Бсслæнмæ агуырпдурагурæг ацыдтæн æмæ мæ уæ хуыздæр лæгтæй иу Цалиты Æмзор базыдта. Уыи уæд мæ рæстæджы кæстæр уьтди, фæлæ мæ нæ фсрох кодта... 0, акуыстон иу 8-9 мæйы бæрц, афтæ обкомы бюромæ æнæнхъæлæджы рахастой фарста фæззыгон тауыны куыстытæ мах раионы куыд ацыдысты, уый тыххæй. Уый, кæд нæ рæдийын, уæд 1938 азы уыдис. Уæлсйæ æрвыст лæджы фарстон, залъын, чи дзурдзæн махæй фыццаг - æз æви райæххæсткомы сæрдар. Æмæ, дам, дыууæйæ дæр цæттæ ут. Райæххахткомы та уæд куыста уæлæ ныр рсспубликæйы хицау чи у, Æхсарбег Галазты, п>с уымæн йæ фыд. Йæ фыд... Хадзымырзæ. Дзаратæй, елхотаг, Дзакко, зæп^гæ, уый та нæм земотделы хицау уыди. Æртæйæ ссыдыстæм, æнхъæлдæн, бюромæ. Нæ, нæ, иу ма уыди немæ. 0, о, мæнæ дс ’рвад, Дауыраты Даццо. Уæллæй, æз дын æнæгæдыйæ зæгьын: Даццо иунæгæй цы куыста уæд, уый ныртæккæ Рахизфарсы районы хицауад иумæ раисгæиæ нæ кусынц. Ацу æмæ сын æй зæн>гæ дæр кæн. Уыи диссаджы лæг уыди, тынг лæг уыди! Бюройы размæ цыппарæй дæр быдыртыл æрзылдыстæм, алы ран дæр æвзартæй нæ зæрдæ рухс кодта, фæлæ мæнæ ныр Беслæны фале аэропорт кæм ис, уьтм нæузæхх уыди æмæ къуыбарджынæй хауди, и>смæ обкомæй æрвьтст лæгтæ уой дæнцæгæн хастой, иугай æвзартæ йедтæмæ; дам, дзьт не ссыди æмæ уый дзæп>æлы афтæ нæу, чидæр, дам, знаггад бакодта. Гъе ууыл ныллæууыдысты. Æз æй 62
„куыд бамбæрстсш, афтæмæй сæ ныхас рагацау конд уыди - Хадзы- мырзæ æмæ Дзаккойы Дзараты æрцахсын хъæуы. Фыццаг дзурыны бар райæххæсткомы сæрдармæ æрхаудта. Хадзымырзæ цы уыди, уый радзырдта. Раст зæгъын хъæуы, зæрдæхсаинагæй фæззыгæндты ницы уыди, уæдæ нæ тсхникæ дæр æвзæр нæ куыста. Дзакко дæр сыстадн, радзырдта, бафтыдта ма Хадзымарзæйы ныхасыл. Ныр мæнæн цæмæндæргæсгæ дзырды бар нæ дæттынц. Диссаг, у, æвæдза, уыцы рæстæг обкомы сскрстартæй цы æвзæртæ куыста, уый. Лсмасв, зæп>гæ, иу, дæлæ Мæскуыйы бынмæ дурфыцæн заводы дирскторæй куыста æмæ йæ уырдыгæи ардæм обкомы секрстарæй сæрвыстой. Иу ахæм ам нæхимæ нал уыди?! Мæскуыйæ нæм æвзæртæ бирæ фсрвыстой, фæлæ уый бынтон æвзæр уыд. Уыцы Лсмасвы фарсмæ бадти мидхъуыддæгты министр Миркин, ахсгæ чи кодта, уый. Уæд Лсмасв æнцад фысы бадт кодта, фæлæ уыцы Миркин хъуыддæгтæ йæхимæ райста, иу ныхас кодта æрмæст: «Чидæр знаггад бакодта уыцы фæззыгæндтæн». Æрæджиау мæнæн дæр ныхасы бар радтой æмæ æз зап>тон, зæгьын, иу знаггаддæр дзы нæи, 700 гсктарæй 40 гсктары нæ фæрæстмæ сты æмæ уым уадиссагæй ницы ис, стæй уыцы зæххытæ æрæджы дæр ма зæрæстон уыдысты, 2-3 азмæ дзы хорз æвзартæм ма æнхъæлмæ кæсут. Цы хъуамæ запугапн æз Хадзымырзæ æмæ Дзаккойы ныхмæ, уынгæ сæ кодтон мæхæдæг, æхсæв-бон нæ хуыс- сыдысты дыууæйæ дæр. Уæд машинæтæ кæм уыд, фæлæ-иу сæ бидаркæйы кæцы къуымы нæ фсдтаис, ахæм нæ уыд. Нæ ауæрстоП сæхиуьтл. Æз дзурын, бюройы уæнгтæ, кæсын æмæ, рспликæтæ æппарынц, здахынц мæ, цæмæи æз сæ ныхмæ радзурон, знаггад уыди фæззыгæндты, зæп>гæ, æз дæр ууыл басæттон. Æртæ хатты мын радтой ныхасы бар. Æртыккаг хатт æнæ уыдонæи. Хадзымырзæ æмæ Дзаккойы æддæмæ рарвыстой кæд, дам, сæ цуры исты зæп>ын нæ уæндыдтæн. Æз сын афтæ: «Кæд æрымысгæ знаггады тыххæй ахæстонмæ кæнут уыцы дыууæйы, уæд мæн дæр бакæнут». Æз дæр ахæстонмæ ацæуынмæ цæттæ уыдтæн. Бсслæнмæ æрцыдтæн æмæ уæртæ ныр культурæйы Галуан кæм ис, уымæй чысыл дарддæр иу ныллæг хæдзар уыди. Цы фæци цымæ?.. Æз дæр уым цардтæн, Хадзымырзæ Галазты дæр,стæй Ссргсй Суанты, милицæйы хицау. Хадзымырзæ æмæ Дзаккойы тыххæй рахастой ахæм уынаффæ: сæ куыстытæй ист æрцæуæд, партийы рæнхъытæи -æппæрст, фæззыгæнды знаггад кæй æруап^той, уый тыххæй сæ ,\ъуыддаг лæвæрд æрцæуæд тæхондонмæ. Мæн тыххæй та ахæм уынаффæ: «Обкомы бюройы йæ раныхас полптикон æп^дауæй фаг хъуыдыгонд кæй не ’рцыд, уый тыххæй ист æрцæуæд иæ куыстæй, парт-ийы рæнхъыты мауал уæд, уымæ та æркæсæд Рахнзфарсы партийы райкомы бюройы...» Цыдæртæ ма дзы уыди ноджыдæр. Æртыккаг бон мæ бæсты ног лæг æрæрвыстой, æндæры, Хъæрджынтæй иуы, мсмæ ахуыр кодта кæддæр Мызуры арп>уанты кусджыты скъолаПы. 63
Загьтон, мæ зонгæ у, кæд мæ фарс рахæцид. Цытæ дзурыс, ардыд уыди! Мæн тыххæй бюройы, мæ , партиондзинад мын куы æвзæрстой, уæд мæ ныхмæ радзырдта, фос цæгъдынмæ, дам, кол- хозты ахъазгæнæг уыди. Æмæ йæ куы баййардтой днæцæг ма æрхæсс, зæгьгæ, уæд афтæ зæгъы, уæртæ, дам, Зæрондхъæуы уæвгæйæ тракторон бригады кæрты фыс аргьæвдын кодтай, колхозы дæр нæ бафарстай, афтæмæй. Æмæ, зæгьын, уый цы дисссаг у колхозы раззгдæр бригад хъазуатон куысты фæстæ йæхицæн далыс ахауын кодта, уый. Цавæр хабар, зæгъын, уый? Уый хуымгæнæнты уыди, иу трактормæ дзы рухс нæ уыд æмæ-иу æз, райкомы сскрс- тарь, цалдæр хатты уымæн йæ разæй фæтæгсны цырагъ хастон, цалынмæ-иу мæ колхозонтæй ничи аивта, уæдмæ. Дыккаг, æви æртыккаг бон Хадзымырзæйы æрцахстой. Уый та куыд рауад? Горæтæй йæм слсстгæнæг æрцыд æмæ йæ куы фарста, уæд, æвæццæгæн, Хадзымырзæиы дзуæппытæ йæ зæрдæмæ нæ цыдысты æмæ йын уырыссагау йæ мады ралгъыста. Хадзымырзæ та домбæйттæ арæзт лæппу уыди, хорз лæппу, зондджын лæппу... Табуреткæ йæм куыд фелвæста, афтæ йæ пннæ милиционср фæстсйы ацахста æмæ слсстгæнæг Хадзымырзæйы зæнгыл дамбаца бандзæрста. Цымæ лидзгæ фæцæйкодта Хадзымырзæ, фысгæ та афтæ ныккодтой. Аластой йæ, сдзæбæх æй кодтой, стæй йын æхсæз азы тæрхон рахастой. Амард, мæгуыр, кæмдæр амард... Алсшæйы куыннæ хъуыды кæндзынæ Дзсбойты, уæ газсты фыццаг рсдакто- ры?! Куыд лæппу уьтди, уьтй куыд лæппу, ох-ох-ох! Алсшæ, уыцы арæх куы ахстой адæмы, уæд бавдæлд æмæ «Рæстдзиыад»-ы фель- стон ныммыхуыр кодта «Сазумяны гамхуд сисын хъæуы». Сазумян та уьтд сæйраг тæрхонгæнæг. Зæгьын, Алсшæ, куыд бауæндыдтæ, æрцахсдзысты дæ. Æмæ, дам, æрцахсæнт, уыдон знæгтæ сты æмæ йæ уадз æмæ адæм зоной. Иу ахæм дзæбæх лæппу ма уыди йсмæ Брутæй, Æхполæтты Тсмырхъан. Районы прокурор... Дыууæйæ дæр. Дыууæйæ дæр, мæгуыр, бахаудтой... Бабын сæ кодтой. Уымæй рæдыддæр ницы уыд! Хадзымырзæйы лæппу Æхсарбсгыл уæд, æвæццæгæн, 10 азы дæр нæ цьщ. Хъуыдьт кæньт цыма иæ фыды?.. Æхсарбсджы тыххæй йæ нæ зæгъын, ныртæккæйы хиицауады æз гыццыл ’зонын, фæлæ цас хъусын, уымæ гæсгæ дард сты Хъуыбадымæ, дзæвгар дард. Æхсарбегмæ хæстæг чи у, уыдонæй, дам, иу стыр хицау æвзæрст агуыридур фæсарæнтæй ласы æмæ дзы хæдзар сарæзта. Алы дур дæр, дам, цсллофаны тьтхт вæййы. Куыд ис ахæм хиицауады бæрзонд бынаты дарæн? Куыд дæм кæсы? Уыцы хæдзарæн, дам, хъахъхъæнджытæ ис, сæркъуыртæ, исчи хæдзармæ хæстæг куы бацæуы, цьтмыдис адæм гыццыл ис, уæд, дам, æм дур фслвасынц рæвдзæр ацу, цалынмæ дын дæ тснка нæ аскъуыдтам, уæдмæ. Уый куьтд у, 37-æм аз та раздæхтам? Кæд уыцы хабæрттæ Æхсарбсг æмбарьт, уæд ьш мæ зæрдæмæ нæ цæуы... Йæ алыварс чи ис, уыдон, малшæ гæсгæ, нæ бæззынц, æрæджы уыдонæй иу йæ ныхмæ 64
сдзырдта æмæ мын хъыг уыди. Æдылы лæппу нæу Æхсарбсг, нæу! Гыццыл ма карздæр куы уаид... МЫСЫ ХЪУБАДЫЙЫ БИПОЙИАГ НИНÆ ПЛСИЛМ1Ш1Æ: — Иухатт, æнхъæлдæн æмæ 1937 азы уыди, фæззæджы фæцæйхаудта. Гыццыл цыдæр ма йын баххуыс кодта. Афтæ мачи зæгьæд, хуыцау нæй, зæгъгæ, бæгуыдæр ис... Иу изæр йæ цыдæр æмбырдмæ хуыдтой, æз дæр йсмæ хъуамæ ацыдаин. Нæхи сцæттæ кодтам. Мæнæ ныр къæсæрæй рахизæм, зæгьгæ, афтæ Хъуыбады æвиппайды ныдджих пъолмæ, цыдæр сагъæсы бацыд, фæстæмæ уаты астæумæ раздæхт æмæ бандоныл æрбадт. — Æппындæр мæ нæ фæнды уырдæм цæуын... Æмæ мын мæ цæстытæм ныккаст, йæхи цæстыты та - катай, цыдæр уынаффæ мæ агуырдта, цыдæр æххуыс, уый æмбæрстон. Нал ацыдыстæм. Æмæ хорз рауад: уыцы æхсæв уыцы æмбырды чидæриддæр уыди, уыдоны ссппæты дæр æрцахстой, чидæр сæ банымыгъта, сусæг фæнд, дам, кæнынц хицауады ныхмæ... Хъуыбады æппындæр нæ уарзта æнæ официалон ахастдзинадтæ адæмимæ, стæй кæимæ куыста, уыдонимæ. Искуы-иу хъæумæ куы цьтд, райкомтæм, кæнæ колхозтæ бæрæггæнæг, уæд-иу ын æнæмæнг йсмæ хæринаг æрвыстон, йæ шофырæй йын æфсæрмы кодтон, уæддæр. Йæ шофыр та мын-иу афтæ: «Ой, Нина Васильсвнæ, знон та нæ дзадджъш сихоры хæрдмæ хуыдтой Хъæдгæроны, фæлæ никуы никæдæм бакуымдта». Хæдзар-куыст, куыСт - хæдзар. Æдзухдæр иунæг фæндагыл цыди дыууæрдæм дæр, хуыцау бахизæд æмæ искуыдæм, кæнæ искæмæ фездæха. Зьтдта йæ йæ фæдыл кæсынц, уый. Фæлæ йæ иунæг миниуæг ахæстонæй фсрвæзын кодта. Хæдзар - куыст, куыст - хæдзар... Хæстæджытæм цæуаг дæр нæ уыди. Уыдон нæм сæхæдæг арæх цыдысты. Йс ’фсымæр Созырыхъо, уый цот, мæ хотæ, йæ фыдыфсымæры цот... Уæд æрыгонæй æз бирæ уарзтон уазджытæн лæггад кæнын, уымæн æмæ кастæн æмæ уыдтон Хъу- ыбады дæр-иу куьтд бахъæлдзæг ис, уый’. Уæд-иу Ирыстоны фидæны кой райдыдта, йæ фæндтæ-иу раргом кодта, цыма-пу мах дæр фарста хорз сты æви нæ, уыйау. Мæхи у, уый тыххæй йæ æз абон нæ зæгььтн, фæлæ йæ размæ чи куыста, стæй та йæ фæстæ, уыдон, Ирыстонæн цы фæци, уый æмбис дæр куы фæуыдиккой, уæд мах абон æндæр хуызы цæриккам... Йæ куыстæй йæ цы плснумы истой, уым ьтл кæйдæр дзыхæй, кæйдæр, зæгъгæ, Сусловы дзыхæй авворс кодтой, сæ быны йæ аууæрстой, цъыфы йæ сæвдылдтой. Иу бон куы уа, уæд рæстдзинад сбæрæг уыдзæн... АЛТОРÆЙ: Æз, ацы уацауы автор, уыцы Плснумы æрмæджытæ бакастæн. Диссаг у уьтй, фæлæ сæ цьтма, æцæгæйдæр исчи ардаугæ скодта, уыйау дзы иу дæр трибунæйæ зыбыты иунæг хорз ныхас дæр нæ 5 Д.Х. Дауров 65
загъта знон дæр ма кæимæ куыстой æмæ кæй дзыхмæ кастысты, Обкомы уыцы фыццаг сскрстарæй. Уыцы æнæ:хайыры Плснумы куысты дæс æмæ ссæдз азы размæ чи архайдта, суанг ма дзы ныхас дæр чи ракодта, уыдонæй ма абон цардæгас сты, Хуыцау ма сын бирæ царды бонтæ радтæд, Хъæбæлоты Билар, Баскаты Дзамболат, Хозиты Валодя, Хуыриаты Хазби, Æгьуызарты Æхсарбсг, Алск- сандр Бобкин, Фидараты Мæхæмæт... Хуыцауы фæндæй, æз ссппæтæн дæр ныхасы бар ратдзынæн. Ныр та уал... 1939 ЛЗ, ХЬЛРМ ФÆЗЗÆГ. ЖДЛПОВ ПЫН КЬОСТЛЙЫ БЛУЛРЗТЛ... Мæ уацауы ацы хайыл куы хъуыды кодтон, уæд мæхинымæр скарстон афтæ: Хъуыбадыйæн йæ хорз хъуыддæгты тыххæй ныф- фысдзынæн чи сæ куыд раздæр уыди, уымæ гæсгæ. Фæлæ мын Хъуыбадыйы цардæмбал, йæ иузæрдион бинойнаг Нинæ Василь- свнæ мæ фæнд аивын кодта. — Æмбарыс, Дамир, - йæ фæллад цæстытæй мæм æрбакаст, - ды мæ дæ курдиатæй раздæхтай мæ рагбонтæм, бауырнæддæ, мæ цæстытыл мьгн ауайын кодтай бирæ адæмты... Хъуыбадыйы рæстæг Ирыстоны царды уый хъæппæрисæй цы цаутæ æрцыд, уыдоны куыд тагъддæр мысын, афтæ мын сæ фысс... Æз йсмæ сразы дæн æмæ йæ цуры диктофон сифтыгьтон. Йæхи æцæг ирон чи хоны, уый уыдоны тыххæй хъуамæ дæлдæр бакæса, хъуамæ сæ зона, хъуамæ цæуылдæрты асагьæс кæна... — Уыдис фæззæг, 1939 аз, хъарм фæззæг... Уымæй иу дыууæ азы размæ Хъуыбады иу цалдæр хатты ныхас кодта Къостайы тыххæй, дзырдта катайы хуызы мæнæ афтæ: «Къостайы номы алыварс цытæ цæуы, уыдон æппындæр мæ зæрдæмæ нæ цæуынц. Тынг æнæраст хъуьтддаг у, уый. Исты æрхъуыды кæнын хъæуы». Куьтд зонут, афтæмæй уыцы азты нæ номдзыд поэт нымад æрцыд буржуазон националистыл, йæ уацмыстæ йын мыхуырмæ нал уагь- той, алырдыгæйты æмæ сæ алыдзыхтæй фаудтой.» Уымæн афтæ ныууадзæн нæй!» - цалдæр хатты фидарæй загьта Хъуыбадьт. Кæд рæдийын, уæддæр æй нæ зонын, фæлæ уыцы хъуыддаджы кæрæдзийы нсмбæрстой нæ интсллигснцийы хуыздæр минæвæрттæй иу Къосыраты Сæрмæтимæ. Уый уыди зондджын, ахуыргонд адæймаг. Арæх-иу быцæуы бацыдыстьт. Цалдæр хатты Хъуыбады Мæскуыйы уæвгæйæ Къостайы фарста- имæ уьтд партийы Цснтрон Комитсты, цалдæр хатты лæгæй лæгмæ ныхас кодта уæды фысджыты Цæдисы правлснийы сæрдар Алск- сандрФадссвимæ. Куы-иу ссьтд æмæ-иу ын йæ балцы хабæрттæ куы кодта, уæд-иу афтæ загьта: «Милая /мæ номæй мæм нæ дзырдта, æрмæстдæр «милая»/ æз сын хъуамæ Къостайы бауарзын кæнон!» Афтæ кæй уьтдзæн, уый йæ тынг уырныдта. Æмæ, æцæгдæр, Хуыцау фæрцы, Къоста, нæхи Къоста ист æрцьтд бæрзонд, тынг 66
бæрзонд пъедссталмæ. Рæстдзинад фæуæлахиз! Партийы Цснтрон Комитст рахаста сæрмагонд уынаффæ, ссарæн æй ис. АВТОРÆЙ. Æз æй, æцæгдæр, рсспубликæйы архивы ссардтон, ратæлмац æй кодтон. Мæнæ ис, мæнмæ гæсгæ, цымыдиссаг у: СОВЕТОН ЦÆДИСЫ АДÆМОН КОМИССАРИАТЫ ÆМÆ ПАРТИЙЫ ЦЕИТРОН КОМИТЕТЫ УЫНАФФÆ: Ирон адæмон поэт æмæ æхсæнадон архайæг Хстæгкаты Лсуаны фырт Константины 80 азы юбилсй скæныны тыххæй. — Ирон адæмон поэт, æхсæнадон архайæг, ирон аивадон литсратурæйы æмæ ирон литсратурон æвзаджы бындурæвæрæг Хстæгкаты Лсуаны фырт Константины сфæлдыстады культурон- политикон ахадындзинад нымайгæйæ Совстон Цæдисы Адæмон Ко- миссариат æмæ партийы Цснтрон Комитст уынаффæ рахастой: 1. Ирон адæмон поэт, æхсæнадон архайæг Хстæгкаты Къостайы 80 азы юбилсй арæзт æрц&уæд 1939 азы октябры. 2. Хъæрæссйы автономон облæсты Хстæгкаты Къоста кæм цард æмæ амард, уыцы хъæу Гсоргисвск-Осстинскийæн лæвæрд æрцæуæд Хстæгкаты Къостайы ном. 3. Уæрæссйы Федсрацийы Адæмон комиссар’иаты Совстæн бар- гонд цæуы: а/ Хстæгкаты Къостайы ном цæмæй æнусон уа, уый тыххæй горæт Орджоникидзсйы поэты номыл арæзт æрцæуæд æмбæлгæ цыртдзæвæн. Уый тыххæй рауæлдай кæнын хъæуьг350 мин сомы; б/ Æппæтæй курдиатджындæр ахуырдзаутæ, фысджытæ, скуль- птортæ æмæ нывгæнджытæн алы аз дæр лæвæрд цæуæд 5 стипсн- дийы поэты номыл; в/ Хстæгкаты Къостайы номыл г. Орджоникидзсйы арæзт æрцæуæд ирон литсратурæйы музсй; г/ дзыллон тиражæй уагьд æрцæуæд Хстæгкаты Къостайы тыххæй совстон фысджытæ кæй ныффыстой, уыцы уацмыстæ; 4. Совстон Цæдисы Наукæты Акадсмийы Прсзидиумæн баргонд æрцæуæд Хстæгкаты Къостайы æппæт уацмысты акадсмион æмбырдгонд раудзын. МЫСЫ ДАРДДÆР ПИПÆ ВАСИЛЬЕВПÆ: — Æмæ мæнæ юбилсйы бон æрхæццæ. Кæд мæ мæ зонд нæ сайы, уæд æппæты разæй Мæскуыйæ ссыдысты дыууæ сьтлгоймад- жьт, иу дзы уьтди Лсбсдинская, иннæйы ном мæ æрбайрох, поэт уыди, æнхъæлдæн, Хъуыбады йæ зæрдæмæ тынг фæцьщи æмæ фæстæмæ куы аздæхт, уæд æм фыстæг сæрвыста йс ’мдзæвгæты чиныгимæ. Чиныджы мидæггаг цъарьтл та йæхи къухæй арфæйы ныхæстæ фыст, бузныг, дам, Къостайæн ахæм стьтр кад кæй скодтат, уый тыххæй. Уыцы чиныг ныртæккæ дæр мæ чызгмæ ис Мæскуыйы, хъахъхъæны йæ йæ фыдьт номьтл. 67
Мæ цæстытыл ма абоны хуызæн уаиы юбилсйы бон. Райсомæй миты иугай гæлæбутæ уæлдæфы зылдис, фæлæ Нармæ куы бахæццæ стæм, уæд бон цæхгæр аивта, рахур, цымæ хæххон æрдз дæр нæ циныл цин кодта, уыйау. Мæнæ ма ацы къаммæ æркæс... Мæнæ уый Хъуыбады, мæнæ уый та Фадссв, сыкъайыл хæцы... Алагирæй суанг Нармæ фæндаггæрæтты хæдзæртты цур адæм равæрдтой æртæкъахыг фынгтæ, сæ сæрыл та уæливыхтæ, бæгæныйы дурын, арахъхъ. Иу цалдæр раны дслсгацитæ æрлæууыдысты, зæронд лæгтæ-пу сын скуывтой. Уырны дæ, Дамир, уымæй размæ-иу мын куы дзырдтой Хъуыбадыйы адæм бирæ уар- зынц, зæгъгæ, уæд-иу дызæрдыг кодтам, ныр та мæ æцæг бауыр- ныдта. Цы арфæтæ йын фæкодтой Алагпры хнстæртæ, уый тынг диссаг уыди. Уазджытæн дæр афтæ. Уыдон та уыдысты Соъстон Цæдисы æппæт республикæтæи, цалдæргай минæвæрттæ, сæ фысд- жыты хъуыстгонддæртæ. Зæгъæм, Мæскуыиæ ссыд Фадссв йæхæдæг, Погодин, акадсмик Лупол, Макспм Горькийы бинойнаг Надежда Пешкова... Иу æнахуыр лæг дæр ма дзы уыд, фыссæг Аврущснко. Хъæлдзæг, хъазæнныхасгæнаг, стæй иемæ чи ссыд, уыдоны тыххæй алцыдæр зыдта. Иуцалдæрæй иумæ лæуд фестæм, æмæ нæ худæгæй амардта. Афтæ зæгъы Горькийы ус, дам, Надеждæ Псшкова нæ хуыйны, фæлæ Надсждæ Катафалкина. Цæмæн, зæгьгæ, æмæ, дам, ын йæ алы хæзгулы дæр чекисттæ фехсынц. Æппæты фæстагмæ йын хæзгул уыди Ягода, æмæ уый хабар дæр зонут... 0, уый дын, мæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ мæ уый фæстæ куы æрбайрох уа, зæгъгæ, уымæн радзырдтон. Чи ма дзы уыд уазд- жытæй? Якуб Колос, Бажан, Мошешвили, нæ сыхаг Гуырдзыйæ... Бирæ, тынг бирæ зындгонд лæгтæ дзы уыдис. Æниу цы бæрæгбон уыдис Нары, уый та?! Тынг рæсыгъд, нæхи ирон ахорæнтæй нывæзт, уырдыгæи куы æрбаздæхтыстæм, уæд та уæлæ ныр хæстон училищс кæм уыд, уым сарæзтой банкст уазджы- ты номыл. Цас арфæтæ райста Хъуыбады, цас арфæтæ! Йæхæдæг дæр тынг разыиæ баззад, йæ цин йæ цæстытыл ба- ныхæст. Фынгтыл бирæ бадыи нæ уарзта, нозтмæ тынг æмхиц нæ уьтд, фæлæ мын дыккаг бон афтæ зæгъы: «Зоныс, милая, фæнды мæ цыдæриддæр нæм дслсгацитæ ссыдис, уыдоны разамонджыты нссхимæ æрбахонын. Куыд дæм кæсы?.. Ау, уыдоны фаг нс суыд- зыстæм?! Уадз æмæ нæ хъæстагæй ма ацæуой, сбу’ц сæ кæнæм. Курын дæ, æмæ дæхицæн сзын кæн!» Цы йын хъуамæ загътаин?! Уæд дуг æндæр уыди, матсриалон æгъдауæй сæ рæвдзытæй нæ уыдыстæм, мæнæ ныр хицауадæн куыд ласынц, ахæм кæнæнтæ нæ уыд, кæд дæ бон исты у, уæд æрмæстдæр дæхи хардзæй...- Иуныхасæй, мæна> ныр дсмæ кæм бадын, уыцы стъолтæ равæрдтам, ирон фынджы æгъдæуттæ цыдæриддæр домдтой, уыдон сæххæст кæныныл бацархайдтон... Зæгъæи куыд нæй, ахæм зæрдæмæдзæугæ рауад æрыгон Фадссв, æз абон дæр ма бузныг дæн хъысмæтæй уыимæ мæ кæй базонгæ кодта, уыи тыххæи. Æцæг, раст 68
зæгьгæйæ, æгæр тынг нызта, иу сидтæи дæр «нæ» нæ загьта. Уæдæ Погодин дæр нæ ауæрста, мæнæ цыма дæлæ кæцæй ссыдысты, уым нозты суадæттæ бахус сты. Погодины ус Аннæ Алсксандровнæ мæ фарсмæ бадт фæцис æмæ мын-иу куьГалæгъстæ кодта: «Нинæ Васильсвнæ, зæгь ма сын æмæ йын мауал нуазын кæной, зæгь ма сьтн...» Уымæй дыууæ — æртæ азы фæстæ уыцы сылгоймагимæ Мæскуыйы рынчындæттæй иуы æнæхъæлæджы сæмбæлдыстæм, йс ’мкусæгимæ мæ мæнæ афтæ зонгæ кодта; «Ды зоныс, æмбал лро- фсссор, Нинæ Васильсвнæ цавæр бæстæйæ у, уый?.. Ахæм бæстæйæ, кæцы ран хæрын æмæ иуазын кæнынц, цасдæриддæр дæ хъæуы, уый бæрц, æцæг дæ æхца нæ агурынц. Уып дунсйы цъарыл иунæг ахæм бæстæ у — Ирыстон...» Иудзырдæй, уыцы юбилсй уыди тынг стыр бæрæгбон æгас ирон адæмæн. Тынг стыр! Нæхи Къоста та уыцы бонæй фæстæмæ йсцæг бынат æрцахста. Уымæй цалдæр мæпы фæстæ та Хъуыбады ногæй уьтд Мæскуыйы æмæ куы ссьтд, уæд та мын загьта: «Зоныс, милая, цыдæр фарстаты тыххæй бацыдтæн Ждановмæ æмæ дын афтæ: «Хъулы фырт, уæ Къоста диссаджы поот куы у, уый. Мæ бинонтæ иууьтлдæр, мæ ус та æппæты фыццаг, йс ’мдзæвгæтæ кæсынæй нал æфсæдынц. Йæ уацмысты æмбырдгонд кæрæдзиГтæ скъæфынц. Æнæхъазгæйæ дын’æй зæгььтн: Хстæджы фырт хъуамæ уа Лсрмон- тов æмæ Некрасовы фарсм.æ, дæлдæр нæ лæууы...» Уыцы ньтхæсты фæстæ мын мсуæхсджытыл йæ къухтæ æрьтвæрдта æмæ мæ йæхимæ æрбалхъывта, уымæй равдыста йæ сæрыстырдзинад Хъуыбады. Уымæй размæ та афтæ цин фæкодта ирон тсатры байгомыл. Мæ зæрдьтл ма хорз лæууы уыцы бон дæр, фсдтон дзы спсктакл «Платон Крсчст», сæйраг ролы дзы хъазыд нæ курдиатджын артист Таутиаты Соломон, хъыгагæн, æгæр раджы ацыд исцæг дунсмæ, уыргты низ ыл йæхи андзæрста æмæ йæ хæрдмæ нал суагьта. 0, мæ хуыцау, чысыл ма бахъæуа æмæ Хъуыбады фырцинæй ма скæуа: райгуырд нæхи ирон театр! Мацæмæ мын æй бамбар, Дамир, дæ хорзæхæй, фæлæ Хъуыбады йæ фæстаг кусгæ боны онг дæр тынг æнувьтд уьтдис театрыл. Иу хатт æй бафарстон, зæгьын, цы дæ бæтты тсатримæ, уыййас дæ уырдæм куыд æвдæлы, уæдæ сфæлдыстадон кусæг дæр куынæ дæ. Æмæ мьпт куыд загьта* уымæ та ма хъус:«Æмбарыс, милая, нырма сывæллоны хуызæн-у нæ театр, бакæс ма цы æвзыгьд фæлтæр дзы ис, уымæ. Фæкæсинаг сты альтрдьтгæй дæр». Хъуыды ма кæиын, зыбыты нунæг спсктакл дæр æнæ фенгæйæ нæ уагьтам, йæхæдæг-иу у суанг гснсралон рспсти- циты дæр уьтди, цæуылдæр-иу быцæу систой, фарстатæ йæм лæвæрдтой, кæрæдзийæ хатгай политикон æгьдауæй разы нæ уыдысты, фæлæ-иу уæдæр æппынвæстаг иу хъуыдымæ æрцыдысты. /Хъуыбадыйы тыххæй дæлдæр бирæ хорз ныхæстæ зæгъдзæн зындгонд режиссер Цæлыккаты Мæйырбег дæр. Д.Д/ Фæстæдæр куьтд базыдтон, афтæмæй Хъуыбады гыцылæй Хуымæялæджы скъо- лайы ахуьтр кæнгæйæ архайдта драмон къорды, йæхи хъæппæрисæй 69
арæзт. Æххуыс та сын кодта ахуыргæнæг, полшæйаг æрыгон сыл- гоймаг, диссаджы рæсугьд, дам, уыди. Уьтцы ахуыргæнæг уый фæстæ смой кодта йæ ахуыргæнинаг Беруаты Барисмæ, уыдон систы зындгонд киноартист Бсруаты Вадимьт, майор Вихры ролы куы хъазьтд, уый ныййарджытæ. чХъыгагæн, уыцы Вадим дæр æгæр раджы ныууагьта мах. /Цыбырæй уын уыцы бинонты хъысмæты тыххæй. Сæ чызг Львовы бынмæ фæмард дзæгъæл гæрахæй æмæ йæ уым ба- ныгæдтой, мæ дзæбæх сыхаг Батиаты Керыммæ ис къам мад уыцы чызгæн йæ ингæны уæлхъус истæй. Стæй та амард Вихрь - Вадим йæхæдæг. Сæ хъæбулты сæфтыл тынг фæрыстыты сæ ныййард- жытæ. Афæдзы фæстæ фыд фæзиан йæ зæрдæйæ, ууыл афæдз куы рацыд, уæд та - мад. Æз ын æрæджы Хуымæллæджы дæллаг уæлмæрды бабæрæг кодтон йæ ингæн. Æфсæйнаг хъыррыстгæнаг дуарыл куыддæр бахæцай, уæд фæкомкоммæ уыдзынæ урс цыртмæ, йæ уæлæ сау ставд дамгъæтæй фыст «Бероева-Карбут Карават. Рухсаг у». Уый у ацы уацауы хъайтар Хъуыбадыйы ахуыргæнæг, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй полшæйаг сылгоймаг.Д.Д./ Хъуыбады нал куыста, фæлæ-иу тсатры артисттыл горæты уын- джы фæцæйцæугæйæ хатгай сæмбæлдтæн. Таутиаты Соломон, Икъ- аты Ссрафин, Цырыхаты Пстя, Хъариты Тамарæ... Гъс, уьтдон дын артисттæ! Мсмæ иу фæлæууыдысты, фæмысыдысты. Ссппæт дæр-иу мæнæ цыма ныхас бакодтой, уыйау афтæ дзырдтой: «Хъуыбадыйы рæспрг хицауад тсатрмæ куьтд цыдысты, суанг ма ирон чи нæ уыд, уьтдон дæр, афтæ абон нал цæуынц». Хæсты рæстæг нæм Мæскуыйæ цалдæр тсатры æрцьтд овакуацигонд æмæ уыдонæй иуы сæргьы лæууьтд нæ ирон фыццаг тсатралон фæсивæды нын чи схъомыл кодта Щепкины номьтл училищсйы, уыцы Станицын. Уымæн Хъу- ыбады цас арфæтæ фæкодта! Тухитæ, зынцæрдтытæ кодтам, фæлæ мæнæн ныффæдзæхста; «Йæ бинонты йын де ’вджид бакæн, æмцегад сыл кæн...» Уыцы узæлдæй Хъуыбады равдисынмæ хъавьтд æппæт ирон адæмы бузныгдзинад Станицынæн нæ курдииатджын лæппуты æмæ чызджыты нын аивады бæрзæндтæм кæй кодта, уьтй тыххæй. Фронт куы адард ис Ирыстонæй, стæй та Мæскуыйæ, уæд нæ уазджытæ фæстæмæ сæхимæ здæхгæйæ æндæр дис ницæуьтл кодтой, мах, дам, ардæм цæугæйæ ирон адæмы хуьтдтам талынг адæм, фæлæ ам аивад куьтд бæрзонд у, афтæ бæстæйы фьтлдæр рæтты нæу, сымах хуызæн, уазæгуарзон адæм, дам, мах никуыма федтам. Уьщон ацьтдысты, фæлæ ма уæддæр ам баззад курдиатджын композитор Брагинский Киевæй. Уыцы хъуьтды куьтдæй æмæ кæцæй февзæрд йæ сæрьт, уый нæ зонын, фæлæ йæм иу бон Хъуыбады йæхимæ бадзырдта æмæ йæ бафарста: «Дæумæ гæсгæ махæн нæ бон нс суаид симфоникон оркестр саразын? Акæс ма дæ алыварсмæ, бирæ музыканттæ махæй ацæуынвæнд нæ кæнынц... Райс ма уыцы 70
хъуыддаг дæхимæ. Æххуыс дæ цы хъæуа, уый - мæнæй». Æмæ йæм къух радта. Ныр хæст цæуьт, уыцы орксстры артисттæ сæ уа^гæ цы скодтаиккой, уый нæ уыд, Ирыстоны сын ссарæн ницы разынд. Æмæ уæд Хъуыбады ныддзырдта Мæскуымæ, партийы Цснтрон Комитстмæ æви Министырты Совст уыди, уый хорз нал хъуьтды кæнын. Уым ын хъуымацæй зæрдæ бавæрдтой, фæлæ йын цæмæндæр загьтой: «Æцæг ласынмæ дæхæдæг рацу, æнæр искæуыл мах нс ’ууæндæм, стæй нæ ныхасæн дæр хъæуьтс...» Хъуыбады уыцы æнæвдæлон уæвгæйæ, уæддæр сразы, йсмæ айста Гæззаты Алскссйы æмæ атахтысты раздæр Астраханмæ, уырдыгæй та Мæскуымæ. Æндæруылтьт, дам, тæссаг ма уыди тæхын. Фæстæмæ куы стахты- стьт, уæд æз дæр сæ размæ ацыдтæн. Ныр дæр ма мæ цæстытыл уайы æд голджытæ хæдтæхæгæй куыу рахызтысты, уьтй, суанг сæ ма- шинæмæ сс ’ккæйтты фæхастой. Æз тынг фæдис кодтон уæд. Цæмæн куы зæгьай, уæд цас фæцардыстæм иумæ, уыцы рæстæг Хъуыбады дуканимæ никуы бацыд æмæ æндахы къæбæл дæр никуы балхæдта. Ныр та кæсьтн, æмæ уæртæ æд дзаг голлаг æрбацæуьт. Мæскуыйы скълæдты, дам, сæ нæхæдæг æвзæрстам, æмбисонды сау хъуьтмац нæлгоймæгтæн, урс та-сылгоймаг артисттæн. ( Нæ орксстр фыццаг концсрт лæвæрдта Сьтрх Æфсады номыл Хæдзарьг. Орксстр Долидзсйы джигитовкæ куы æрцагьта, залы къухæмдæгьдæй йæ быны куы фæкодта, уæд æз Хъуыбадымæ бакастæн. Æмæ дæ уьтрны, Дамир, куыдта, мæнæ нæлгоймаг æнæ уынæрæй куьтд фæкæуы, афтæ. Мæхи йæм бакъул кодтон, зæгьын, уый цытæ кæныс, исчи дæ куы фсна, уæд та. Æмæ мын цы загьта, щш зоныс? Диссаг, дам, дæм.нæ кæсы: цæгьды нæхи Ирыстоны фыццаг симфонион орксстр. Уæдмæ та Кисвæй дæр нсмьтцы атардтой æмæ Брагинский сæхимæ цæуыныл ныллæуыди. Ма ацу, зæгьгæ, йын Хъуыбады фæлæгьстæ кодта, фæлæ уый нс ’сразы, ньтр, дам, æнæ мæнæй дæр уæ орксстрæн ницæмæй уал у тас, цæгьдут уæхæдæг, уæ зæрдæйы дзæбæхæн. Æмæ уыныс, цæгьдæм... МЫСЫ НÆ ЗЬШДГОНДДÆР ДРАМАТУРГТÆЙ ИУ ТОКАТЫ АСÆХ: — Хъубады ахæм лæг уьтди, æмæ ма нын Хуыцау ахæм лæгтæ куы радтаид Ирыстонæн... Уый æрмæст ирон тсатрæн цы сарæзта, уый ферохгæнинаг нæу. Хæсты бонты не ’фсад размæ бырсын куы райдыдта, нсмыц ныгуылæнырдæм куы ахæцыд, уаглахизмæ фæндаг нын байгом, зæгьгæ, уьтй Хъуыбады куы бамбæрста, уæд, дам, иу бон сбадти æмæ Сталинмæ писмо ныффыста нæ тсатры’ артистты, дам, нын фронтæй рауадз... Æмæ дын нæм иу бон штабмæ куы бадзуриккой, Мæскуымæ, дам, ацу, уым дæ агурынц. Ссьтдтæн æмæ, дам, афтæ æмæ афтæ, хæст дæуæн фæци. Æз ныфсæрмы дæн, ау, уый куьтд, æмæ, дам, Сталин йæхæдæг загьта. Уалынмæ дын Магкæты Арссн дæр уым куы фæзынид. Иудзырдæй, нæ тсатр та йæ къæхтыл слæууыд. 71
Уымæй размæ 1942 азы телсфонæй мемæчдзырдта Хъуыбады. Æз Ростовы бынмæ штабы бадын пнæлары бакомкоммæ. Уалынмæ телсфоны зæлланг райхъуыст. Инæлар кæимæдæр дзуры, стæй йын афтæ зæгъы: «Æмбал Хъулы фырт, мæнæ дс ’мзæххон дæр мæ фарсмæ бады. Йемæ аныхас кæнын дæ нæ фæныд?» Уый йын, æвæццæгæн, «фæнды», зæгьгæ, загъта æмæ уæд инæлар хæтæл мæнмæ авæрдта. Базыдта мæ Хъуыбады мæ хъæлæсæй, ныццин кодта, бирæ мæ фæфарста, зæрдæтæ мын бапæрдта, дæ бинонтæм, дам, дæ зæрдæ ма æхсайæд, фæкæсдзынæн сæм, кæй ныхас кодтам, уый дæр сын зæгъдзынæн... 000000000О00О0000000О0000О0О000000ОО0 ЦÆЛЫЧЧЫ КЬАНАУ. БЫДИРАГ ДИДШ1ДЖЫТÆ1) АРÆЗТ СТАЛИНЫ ПОРТРНТ КЬУЫШРЫЛ... — Гæды ныхас нæ зæгьдзынæн, фæлæ уыцы къанау саразыны хъæппæрис чи равдыста, уый абон дæр нæ зонын. Æцæг мæ цæстытыл уайы иу изæр Хъуыбады нæхимæ куыд раздæхти, уый. Хъуыды ма кæнын йæ къухтæ куыд æхсадта, уый, кæрæдзиуыл йæ армытъæпæнтæ ныццавта æмæ мын уыцы цинхуызæси афтæ: «Ну, милая, дæхи балцмæ сцæттæ кæн». Зæгъын, кæдæм. Æмæ мын уæд рахабар кодта: «Цæлыччы хуызæн зæххытæ донхъуаг æййафынц æмæ дзы нæ зæрды ис фæтæн къанау скъахын. Хъуамæ Ирыстоны дзыллæтæ сæ дыстæ батулой. Партийы обкомы бюройм ймн разза- монæгæй сфидар кодтой мæн...» Дмккаг бон сæумæцъæхтмл бы- натмæ ацмдыстæм, Зилгæйы сæрмæ къуыбырты цурмæ. Уымæй фæстæмæ алы бон дæр æхсæз сахатыл раст кодтам уырдæм. Уыцы раджы-иу Хъуыбады къуыбыры фарсыл æрæмбырд кодта райкомты секрстарты, колхозты сæрдарты, бригадирты, ныхас-иу кодта ивгъ- уьгд боны бакуыстыл, цы бантыст, цынæ бантыст, дарддæр нæ размæ цы хæстæ лæууы. Тынг бузныг уыд Хъуыбады адæмæи: иууылдæр куыстой зæрдиагæй, хъæппæрисджынæй, хъæлдзæгæй, уъщы фæлладæй-иу куы ныззарыдысты. Дыккаг’бон æви мын æртыккаг бон афтæ: «Ардæм дæ мсмæ экскурсийы нæ ракæнын. Акæс ма æмæ дæхицæн сбæлвырд кæн адæмы хæринагæй æфсадын хъуыддаг кумд æвæрд у, умй. Фæкæс мæм...» Æз æцæгæй дæр акастæн æмæ цм бафиппаидтон: колхозтæ уæд хъæздыг уыдысты, мæнæ абоны хуызæн паддзахадм дзмппмæ нæ кастысты, хъæууон цæрджытæ-иу сихоры хæрды рæстæг дзадд- жын фынгтыл бадтысты, горæтæгтæ - бирæ цауддæр. Æмæ уæд сфæнд кодтам, Дзæуджыхъæуæй чи цыд, уыдонæн уæлæмхасæн хæрæндон саразын. Æз æмæ обкомы фыццаг сскрстарь Мазины ус ацыдыстæм иу æфсæддон хаймæ, чи стæм æмæ цæмæ æрбацьтдыстæм, уый сын куы загътам, уæд хъуыддæгтæ иууылдæр арæзт æрцыдысты. Æртыккаг бон горæтæгтæ къуыбыры рæбын хордтой фыццаг сихор. Никуы мæ фсрох уыдзæн: æппæты разæй нæ 72
Хъулаты Хъуыбады. 73
74
75 III
76 Г§
уазджытæ уыдысты уырыссаг драмон тсатры артисттæ. Фæсхæрд-иу уЪщы фæллад æмæ æфсæстæй куы скафыдысты... Изæр та-иу Хъуыбады æмбырд арæзта Зилгæйы хъæусовсты агъуысты, Ногæй та уыцы ныхас: цы бантыс, цы нæ бантыст. Ам дæр мæ гæды ныхас зæгьын нæ фæнды, фæлæ уыцы къанау къахт æрцьтди 12 æви 16 бонмæ. Уым адæм цы куыст бакодтои, цы куыст бакодтой! Лæгдыхæй. ’Фæстаг бон адæм мингмæ æрæмбырд сты, Хъуыбады сын бирæ фæарфæтæ кодта, йæ фæстæ чпдæриддæр радзырдта, ссппæтдæр бузныджы ныхас дзырдтой мæ мойæн. Уым, Зилгæйы сæрмæ, æппæтæй бæрзонддæр къуыбыры фарсмæ мах, сылгоимæгтæ, быди- раг дидинджытæй Сталины портрст скодтам, дардмæ тынг рæсугьдæй зынди, кæмдæр мæм газст «Правда» дæр ис, стыр æрмæг дзы Цæлыччы къанауы тыххæй, Сталины уыцы портрст дзы. Иу къорд азы размæ уыцы арæзтады сæйраг инжснср Мамыхъаты лæг телсуынынады дзырдта уыцы бонты тыххæй, æцæгХъуыбадыйы кой нс скодта, æз та æнхъæлмæ кастæн... Чидæр, дам, мын ахахх кæнын кодта мæ къухфыстæй Хъуыбадыйы фыдæбоны тыххæй дзы цы рæнхъытæ уыд, уьтдон... МЕДИЦИПОН ИИСТИТУТ... ХЪУЫВЛДЫ ПЫДДЗЫРДТЛ ИССÆМуЕ, ИССÆ ТЛ ЗЛПуТЛ ХРУЩЕВÆН. ХРУЩЕВ УЫДИ ЙÆ ДЗуЕВÆХ ЗÆРДÆЙÆ. НИНÆ ВЛСИЛЬЕВПÆЙЫ ГÆДМ ПЫХЛС... Æппæлыны хуызы мын ма фæуæд, фæлæ Ирыстоны мсдицинон институт кæй байгом ис, уый уьтд Хъуыбадыйы хъæппæрис. Дыууæ- æртæ азы бæрц уыцы хъуьтдыимæ цардис, уыцы фæндимæ. Æмæ уæд иу бон нæ республикæйы хицауад ныффыстой курдиат партийы Центрон Комитет, стæй, Министрты Совстмæ æмæ йæ Хъуыбады никæуьтл баууæндыд, йæхæдæг æй Мæскуымæ аласта. Уыцы хабар байхъуыст нæ сыхаг республикæтæм, уыдоны хицауад дæр афтæ бакодтой. Æмæ уæд дæлæ Мæскуыйы, цæмæй иуы зæрда;худты дæр ма бацæуой, уый тыххæй сарæзтой сæрмагонд къамис, кæцы хъу- амæ ацыдаид махмæ, Кæсæг-Балхъармæ, Цæцæн-Мæхъæлмæ æмæ уыцы институтæн равзæрстаид бынат уавæртæ хуыздæр кæм уыда- ид, уым. Уьтцы къамисы уæнгтæ, æртæ нæлгоймаджы æмæ дыууæ сыл- гоймаджы, махмæ куы ссыдысты, уæд та мын Хъуыбады Загьта: «Милая, фæкæс та уазджытæм, дæуæн уыцы хъуыддаг хорз уайы. Хъæстагæй нæ куьтд нæ ацæуой, афтæ. Нæртон æгъдауæй сын мацæуьтл бацауæрд...» Дбоны хуызæн ма йæ хъуыды кæнын: Мини- стрты Советæй уазджытæ баргонд уыдысты Хъуыбадыйы хæдивæг Бигьаты Кирилæн. Иудзырдæй, къамис фæракæс-бакæс кодта махмæ дæр, нæ сыхæгтæм дæр, фæлæ уæддæр мах хал схаудта. Къамисы хистæр уый афтæ бамбарын кодта: «Æртæ рсспубликæйы дæр уавæртæ кæрæдзимæ хæстæг сты: за:ронд рынчындæттæ, фидæны студснттæн ахуыры бынæттæ æнæзылд, фаг нс сты, фæлæ мах равзæрстам Ирыстоны, уымæн æмæ амы хицауад æппæты 77
фыццаг сфæнд кодтой байгом кæнын, стæй бæрæг у уыцы хъуыдда- гыл тынгдæр кæй тыхсынц, уый». Институты фыццаг агъуыст уыдиис Пушкины номыл уынджы, кълæстæ дзы фаг нæ кодта æмæ студснттæ лскциты иу хаймæ хъуыстой хъæууон хæдзарадон, иннæ хай та псдагогон институтты залты. Бирæ цыдæртæ ма нæ фаг кодта, уæлдайдæр фыццаг аз, фæлæ уæддæр йæ къæхтыл слæууыд æмæ дæсны спсциалисттæ цæттæ кæнын райдыдтам канд нæхицæн нæ, фæлæ æгас Цæгат Кавказæн. Æз мæхæдæг дæр каст фæдæн уыцы институт æрмæст иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ æмæ мæ уым ныууагътой кусынмæ кафедрæйы. Æппæт дæр уыдис хорз, партийы обком, Министрты Совст-иу сæ бæрæгбоны докладты сæрыстырæи кодтой нæ институты кой, уырдæм-иу æрбахуыдтой уазджыты уынынмæ. Рох кæнын нæ рай- дыдтой хæсты уæззау азтæ, нæ институт Ерсванмæ эвакуаци куы кодтам, уыцы тыхст бонтæ, афтæ дын иу бон Мæскуыйæ сыхъуыст æбуалгъ хабар: Советон Цæдисы æнæниздзинады Министрады фæндонмæ гæсгæ бæстæйы хицауад рахастой уынаффæ, цæмæй мах институт æрцæуа æхгæд. Мæнæ нын цыма нæ сæртæ исчи дзæбугæй æрцавта. Дыккаг бон æви æртыккаг бон студснттæ уæрст æрцыдысты бæстæйы æндæр уæлдæр скъолатыл, ахуыргæнæн фæрæзтæ дæр. Уыцы рæстæг Хъуыбады нал куыста партийы обкомы, фæлæ уыцы хабар фехъусгæйæ йæхицæн бынат нал ардта, катай систа, афтæ йæм касти, стæй йæм раст касти, цыма уыцы æнæраст уынаффæ аивыныл нæ республикæйы хицауад фаг нæ тыхсынц, цалдæр боны ма сæм бакаст æмæ пнститутыл алырдыгæй хæлоф куы райдыдтой, уæд нал фазлæууыд æмæ иу изæр тслсфоны хæтæл систа æмæ Ростовмæ Иссæмæ ныддзырдта. Иссæ уæд уыди Цæгат Кавка- зы æфсæддон окруджы командыгæнæг, зыдта иæ, уыцы заман нс ’мзæххон Хрущевимæ хорз кæй цард, уый. /Хрущев æмæ Иссæйы ахастдзинæдтæ цæмæн фехæлдысты, уый тыххæй бакæсдзыстут дæлдæр, хицæн сæргонды. Д.Д./ Тслсфоны хæтæл Ростовы систа Иссæйы бинойнаг Катя, Хъуыбадыйыл тынг бацнн кодта. Иссæ сæхимæ нæ разынд. «Хрущевмæ уазæг ис, Ираны шахин-шах йæ бинойнагимæ, - бамбарын ын кодта Катя, - ныртæккæ науы тсзгъо кæнынц Волгæйы доны. Хрущев Иссæйы дæр йсмæ акодта. Цыйын зæгъон, мæнмæ арæх æрбадзуры?» Хъуыбады йæ катай Катяйæн радзырдта, загьта йын йæ курдиат: «Хрущсвæн зæгъæд æмæ институт махмæ ныууадзæд. Раст уынаффæ нæу...» Уымæй дæр та цалдæр боны рацыд æмæ дын институт мæнæ мыдыбындзыты асыккау гуыв-гуыв куы сисид, лрофсссорæй, дс- канæй, ассистентæй зæгьай, иууылдæр кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг згъорынц: «Нæ институт ам баззад!» Уалынмæ нæм стыр уазджытæ дæр фæзынд: Советон Цæдисы æнæниздзинад хъахъхъæныны ми- нистр Трофимов, нæхи Ирыстоны министр Зæнджийы фырт, цалдæр 78
стыр хицауы ма... Иу ранмæ нæ æрымбырд кодтоп æмæ нын уым 4 сæрмагондæй загьтой: «Уæ ахуыры куыст кæнут, бандоны къах дæр иуварсмæ мауал раттут». Фæлæ уæдмæ нæ лскцион залты стъолты иу хай æрдæгвæндагыл уыд Владииостокмæ ласгæиæ, нæ кафджыты ансамблы дзаумæттæ та уæдмæ балæууыдысты Махачкалайы, иннæтæй судзины бын дæр нал радтам... Уымæй цас рæстæг рацыд, хуыцау йæ зонæг, фæлæ та иу бон Иссæ ссыд Ирыстонмæ, махмæ дæр та æрбауад, иумæ фæбадтыстæм фынджы уæлхъус æмæ нын уым бæстон радзырдта, Хрущсв æй йсмæ балцычкуыд ахуыдта, ирайнаг шахин-шахы рæсугьд усæн йæ сызгьæрин хъусцæг донмæ куьтд ныххаудта, нау куыд бауырæдтой æмæ йæм донсгарджытæ агурæг куыд ныххызтысты, фæлæ никуы- уал ницы. Бирæ цыдæр диссæгтæ ма радзырдта, фæлæ сæ нал хъуыды кæнын, хицæнæй ма Хъуыбадыйымæ бирæ фæныхас код- той. Æцæгма радзырдта Хъуыбадыйы курдиатимæ Хрущсвмæ куыд бацыди, уый та уьтди уæд йæ хорз зæрдæпæ æмæ сразы, уайтагьд науæй тсл ныццæвын кодта Мæскуымæ, пнститут Владикавказæй ахæссыны хицауады раздæры уынаффæ аивын кодта... Уыцы фсмбæлды фæстæ дæр та азтæ рауад, инстнтут бæрæг кодта йæ 50 азы юбилсй, мæн дæр ахуыдтой, æз дæр трибунæмæ рацыдтæн æмæ ахæм бæрæгбоны куыд вæййы, афтæ радзырдтон институт куьтд байгом ис, стæй йæ ардыгæй фæстæмæ куыд хастой. Æмæ ацы ран загътон гæды ныхас. Зæгьын, институт ам нæхимæ ныууадзыны тыххæй нæ республикæйы уæды хицауад тынг батыхст. Иссæмæ ныддзырдтой æмæ йæ курдиатимæ барвыстой Хрущсвмæ... Уый ’уымæн афтæ загьтон æмæ мын уæд Хъуыбады карзæй ныффæдзæхста: «Æз ныддзырдтон Иссæмæ, уый дæ дзыхæй дæр макуы суадз!» Уыцы фæдзæхстыл æз бирæ фæхъуыды кодтон æмæ æрцьщтæн мæнæ ахæм зыбыты иунæг хатдзæгмæ: Хъуыбады тарсти Иссæмæ ныддзурыны гыххæй адæм куы базоной, уæд уыи нæ рсспубликæйы уæды хицауады авторитстыл æвзæрырдæм куы фæзына, уымæй... ЗЫПДГОПД РЕЖИССЕР ЦÆЛЫККЛТЫ МÆЙЫРЛЕГ: «ХЬУЫБАДЫ СЛАСЬШКОДТА ЦÆЛЫККАТЫ ИИÆЛЛРХЪАПТЕМЫРЫ ЙÆ ФЫДЫ ЗÆХМÆ»... — Хъуыбадыйы тыххæй ныхас куы рацæуы, уæд мæ зæрдыл æппæты фыццаг цы æрбалæууы, уый уал дын радзурон, Дамир... Кæцы аз уьтд, уый нал хъуьтды кæнын, фæлæ æз дæр куыддæр æгьдауæй уæды партийы бюромæ обкомы бахаудтæн. Иу разамонæг кусæджы хъуыддаг æвзæрстой: йæ бинонты царды цыдæр æнæуаг митæ æрцыдис. Ныртæккæ уьтмæ æвзæр цæстæй кæсынц, фæлæ дын коммунист уьтцы хъуыддаджы цæсты бахауа, цы?! Мс ’знагæн дæр æй мæ цæст нæ бауарзтид... Гье, æмæ дьтн уæд уыцы бюроиы Хъуыбады сæрдариуæг кодта. Уырыссагау дзурьт, дзурьт, стæй цы ахъуыды кодта, хуыцау йæ 79
зонæг, æвæццæгæн, загьта кæд æм æндæр æвзагыл мæ зондамонæн ныхæстæ нæ хъарынц, зæгъгæ, æмæ дын æвиппаиды иронау дзу- рынмæ рагæпп ласта æмæ дын афтæ: — Дæ мад æмæ дæ фьтды цæсгом та цæуыннæ хъуыды кæныс?.. Уыдон афтæ куы уыдысты, уыдон уфтæ куы уыдысты, уыдон Ирыстоны тыххæй сæ сæртæ нывондæн куы æрхастои... Ды та цытæ кусыс?.. Гье ныр дын цы бакæнæм? Уыцы лæджы бæсты Хъуыбады стыхсти, ныфсæрмытæ. Иудзырдæй, уыцы лæджы партийы рæнхъытæй æнæаппаргæ нæ уыди. Раппæрстой йæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ дын уыцы лæг иу æмбалимæ, стæй æз æмæ Битсты Иван Къостайы проспскты иумæ цыд фсстæм. Ницы йæм дзырдтон, æфсæрмы дзы кодтон^ æмæ цæмæн афтæ бакодтай, стæй дын афтæ цæмæн бакодтой дæр ын куыд загътаин, мæхи дыууæ цæстæй йæ мæхæдæг уынгæ куы фæкодтон йæ цармыл ын чысыл раздæр куыд абырыдысты, уый. Цæуæм проспскты, уæдæ цы уыдапд, æмæ дæлæ кинотсатр «Комсомолсц» кæм ис, уырдæм куы ныххæццæ стæм, уæд дын уыцы лæг дзыхълæуд фæкодта, йæ сæрыл дыууæ къухæй ныххæцыдис æмæ хъæрзæгау ныккодта: — Мæнæ йын цы маст скодтон, мæнæ! Хъуыбадыйæ загъта. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ уыцы лæг бюромæ хапуанæй æрбацыд, фæлæ дзы уым Хъуыбадыйы ныхæстæ Адæймаг рапхъал кодтой! Уырдыгæй фæстæмæ адæймагæи раздæхТи. Гъс афтæ хъардтой алкæйы зæрдæмæ дæр Хъуыбадыйы ныхæстæ. Афтæ зæгьын мæ бон нæу йæ фæстæ кусгæйæ чи баззад, уымæй. Уый дæр сымах хъæуккаг куы уыд, Хуымæллæгæн... Мæнæн мæхицæн цытæ бакод- та, уыдон дæр диссаг уыдысты, фæлæ абон уыдæттыл нæ дзурд- зыстæм. Фæрсыс мæ Хъуыбадыйы тыххæй æмæ дын æз афæ зæгьдзынæн: ЦÆЛЫККАТЫ ИНÆЛАР ДÆЛÆ УЫРЫССАГ СЫГЪД ГОРÆТ ВИТЕБСКЫ БЫНМÆ КУЫ ФÆМАРД, УÆД ЦÆМÆЙ КÆЙДÆР ЗÆХХЫЛ НÆ, ФÆЛÆ ЙÆХИ, ЙÆ ФЫДæЛТЫ ЗÆХХЫЛ НЫГÆД ÆРЦÆУА, УЫЙ ТЫХХÆЙ ХЪÆППÆРИСДЗИНАД РАВДЫСТА ÆППÆТЫ ФЫЦЦАГ ХЪУЫБАДЫ. Мæнæн Хъантсмыр мс ’рвад уыдис, мс ’фсымæр æмæ уыцы æбуалгьы хабар куы сыхъуыст, уæд мæхинымæр скарстон, зæгьын, ацы бæстæйы мæхи кæмæ бакъул кæнон, уыи Хъуыбады йедтæмæ ничи у æмæ йæм обкоммæ ссыдтæн. Дуарæй йæм куы бакастæн, уæд йæ бынаты фсстад æмæ афтæ бакодта: — Уæу, мæнæ цы хорз уыди кæй дæ фсдтон, уый. Мах та ма ам катай кодтам йе ’рвадæлтæй йын кæмæ бадзурон, зæгьгæ. Мæ размæ рауади, тæфæрфæс мын ракодта, стæй мын афтæ зæгьы: 80
— Цы хорз у, дæхæдæг мæм кæй æрбацыдтæ, уый. Куыд дæм кæсы, йæ мард ын куы сласиккам, уæд?.. Зæгьын, æз дæр дæм Цæлыккаты номæй уый тыххæй æрбацыдтæн, фæлæ нæ разæй фсстут æмæ бузныг. Мæ абалцы хабæрттыл бæстои фæдзырдтам, стæй мын обкомы кусæг Хъарадзауты Шамилы мсмæ бафтыдта, йæхæдæг нын йæхи къухæй хъæугæ гæххæттытæ ныффыста, стæй нын ныффæдзæхста: — Уæ балцы сæры тыххæй æз абон ныхас кодтон Мæскуыимæ кæимæ хъуыдис, уыимæ, зæрдæ мын бавæрдтой æххуысæй, хъуамæ дзы къуылымпы мацы уа, уæ фæндаджы куыст-иу кæнут, уæхи хъахъхъæнут, исты, уæд мæм хабар кæнут, æз ам цыдæриддæр хъæуы ус ’ссыдмæ, уыдон мæхимæ исын»... Афтæ ныфсджынæй дзырдта æмæ йæ уайтагьд бамбæрстон: Ста- линимæ ныхас кодта, Сталин йсдтæмæ уыцы# фарста ахæм тæссаг рæстæг ничи алыг кодтаид, СТАЛИН ЙЕДТÆМÆ НИЧИ БАМБÆРСТАИД ИРОН ЛÆГÆН Йæ МАРД ЙÆХИ ЗÆХХЫЛ СÆМБÆЛЫН КÆНЫН ЦАС СТЫР ХЪУЫДДАГ У, УЫЙ! Абон дæр ма фæсмон кæнын цæуыннæ йæ бафарстон уымæй, ууыл. Уый фæстæ дæр ма цал хатты сæмбæлдыстæм, рахъавыдтæн-иу æй бафæрсынмæ, фæлæ йæм иунæг хатт дæр нæ баууæндыдтæн, æрмæст-иу ын Цæлыккаты мыггаджы номæй арфæйы ныхас загъ- тон. Ныццыдыстæм уæд Мæскуымæ Шамилимæ, уæдæ цы уыдаид, бæстæйы Æдасдзиинад Хъахъхъæныны Комитстмæ æмæ нын уым нæ балцы сæрыл аныхас кæныны тыххæй фсмбæлд снысан кодтой æхсæвы 2 сахатыл. Фæсæмбисæхсæв сси. Бацыдыстæм æмæ нæ размæ рацыд инæлар-лейтенант Миронов. Никуы мæ фсрох уыдзæн уыцы мыггаг. Загъта нын афтæ: «Хъулы фыртæн уæлдæр хицауад баххуысæй ныфс бавæрдтой, уымæ гæсгæ уæ зæрдæ мацæмæ æхсайæд. Ацæут уал, уазæгдоны уæ фæллад уадзут, уæ тслсфонтæ уын зонæм, 2 боны фæстæ та уæм фæдзурдзыстæм, афтæ хыеуы...» Уырдыгæй рацыдыстæм, уынгты цæуæм Шамилимæ ’æмæ ныхæстæ кæнæм: «Æвæдза, штабы уырытæ сты мæнæ чышл раздæр кæй федтам, уыцы адæм, фронты хæцæг адæм туг калынц, адон та ам хъармы рабадтысты. Нæ сæм кæсыс?» Æцæгдæр нæм дыууæ боны фæстæ ногæй фæдзырдтой, ногæй уыцы фæсæмбисæхсæв. Куы бацыдыстæм, уæд та уыцы Миронов нæ размæ рацыд, кæсæм æмæ йæ фæтæн риу хæрзиуджытæй йæ тæккæ дзаг. Шамилæн нæ зонын, фаглæ æз тынг æрфæсмон кодтон фыццаг фембæлды дзы афтæ æвзæр кæй ахъуыды кодтам, ууыл, штабы уырытæ сæ дзæгъæлы рахуыдтам, куыд уынæм, афтæмæй арфæйы аккаг лæг разынд. Хæстон лæгæн куыд фембæлы, афтæ та нын инæлар-лсйтснант æнæуæлдай ныхасæй загьта: — Уæ дыууæмæ дæр æнхъæлмæ кæсы æмбал Щсрбаков... Ахæм стыр лæг нæ агурдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн, фæлæ та йæ бамбæрстон: Хъуыбадыйы хъуыддæгтæ сты адон. Щсрбаков уæд 81 6 Д.Х. Дауров
уыди партиийы Цснтрон Комитеты сскретартæй иу, стæй лæууыди Совининформбюройы сæргьы. Цы уыд, уый уыд, фæлæ йæм бацы- дыстæм, Миронов дæр немæ. Мæнæ ныр дæр ма мæ цæстытыл уайы: егьау кабинеты дæргьæй-дæргьмæ стъолы уæлхъус лæууы уыцы Щербаков, фæлæ мах куы бахызтыстæм гауызæмбæрзт къæсæрæй, уæд нæ размæ рацыд æмæ загьта: — Тæфæрфæс кæнын æгас ирон адæмæн дæр... Уе ’мзæхон стыр лæг уыдис, хъæбатыр мард акодта, сыгьдæгзæрдæйæ Фы- дыбæстæйæн службæ хаста... Уæд ма йын уыцы Миронов дæр бафтыдта: — 0, махæй фæхъуыд стыр хæстон лæг... Уый уыд инæлар суворовон скъолаимæ... Уырны дæ, Дамир, мæ зæрдæ суынгæг, мæ цæссыг рахъардта, мæ цæстытыл уыцы стыр æрдæгталынг кабинеты ауадысты Хъантемы- римæ мæ сабибонтæ. Нæ хæдзæрттæ кæрæдзийы чъылдыммæ уыды- сты, сæрды тæмæны-иу балтæ хæрын афон ауæдзыл æрбадтыстæм æмæ-иу балты æппытæй кæрæдзимæ ныхъхъавыдыстæм, дыргьты донæй-иу нæ рыст армытъæпæнтæ æмæ нæ хурсыгьд былтæ ссырх сты... Мысинæгтæн нын рæстæг нæ уыд уым, Мæскуыйы бæстастæу. Æрбадын нæ кодта Щербаков æмæ загъта: — Уæ республикæйы хицауад нæ куры, цæмæй уын чырын ласыны тыххæй сæрмагонд вагон раттæм, уый æмæ сын «нæ» загьтам, фæлæ зонут хæстон рæстæг кæй у, уый æмæ вагоны иу афæдзыæмбисы бæрц фæцæудзыстут. Мах та хъуыды кæнæм афтæ: Фыдыбæстæйы раз уе ’мзæххоны сгуыхтдзинæтæ, стæй Хъулы фыр- ты курдиат махæй домынц æндæр фæрæзтæ. Мæнæй уæлдæр чи ис, уыцы лæгтæ дæр разы сты... ЦК-йы секретарь инæлæр Мироновмæ йæхимæ хæстæгдæр фæсидт æмæ та уымæн дæр загьта: — Бадзурут инæлар Хрущевмæ æмæ сын алцæмæй æхæст хæдтæхæг радта... Ныр мах Ирыстонæй балцы рацыдыстæм, фæлæ йæ бæлвырд нæ зыдтам Хъантемыр кæм ныгæд ис, уый. Уый дæр нын Щербаков загьта нæхæдæг æй нæ фарстам, афтæмæй: — Уæ хъæбатыр æмзæххон ныгæд æрцыд Витебскы бæстастæу фæзы, йæ адъютант дæр йæ фарсмæ. Мæ бæсты дæр ыл-иу уæ къухтæ авæрут... Мæн йæхимæ æрбалхъывта, фæндараст нын загьта, нæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Уырдыгæй нæ Мæскуыйы кæрон аэропортмæ аластой, нæ ба- цыдмæ хæдтæхæг уыд цæттæ, «Дуглас». Æз ахæм стыр хæдтæхæджы фыццаг хатт бадтæн. Тæхæм, тæхæм, уæдæ цы уыда- ид æмæ нæм иу заман йæ командир Анищенко фæстæмæ разылд æмæ йæ фгетæн уæхсджыты сæрты хъæр кæны: — Витебск ис нæ бынмæ... 82
^Зз æм хæстæг бацыдтæн, моторты хъæрæй ницы хъуыст, фæлæ мæ бамбæрста: — Иу зылд ма æркæн горæты сæрмæ! Бынмæ кæсын æмæ дæ балгъитæг афтæ: уыцы стыр горæты иунæг хæдзар дæр æнæхъæнæй нæ баззад, кæнæ сыгьд, кæнæ та - хæлд. Зæххыл нæ къæхтæ куы андзæпыдысты, уæд араст стæм горæты астæумæ, мæ мæгуыр зæрдæйæ, хицауад уым искуы сты. Иу æртæ кварталы бауадыстæм, фæлæ мæнæ диссаг: æппындæр дзы змæлæг нæй. Адæймаг нæ, дзæгъæл куыдз дæр. Уалынмæ кæсæм, æмæ уæртæ иу лæг æрбацæуы, мæнæ аууоны хуызæн, фыдхуыз, цыма ныртæккæ мæрдты бæстæйæ рацыди. Уый нын бамбарын кодта фæстæмæ, дам, аздæхут, горæты хицауад кæмдæр фаллаг кæрон сты. Цæуæм та, уæдæ цы гæнæн уыд, фæлæ никуы æмæ ницы, загътам, уыцы мæрдтæидзæуæг нæ фæхуынджылæг кодта. Уыцы дызæрдыг ныхæстæ куыд кодтам, афтæ нæм пуварсæй иу ныллæг хæдзар разынд, йæ дуармæ салдат æд кард, йæ цонгыл сырх хæцъил баст. Нæхи йын бацамыдтам, уый нæ мидæмæ баскъæфта æмæ та йæ бамбæрстам: ам дæр та нæм æнхъæлмæ кастысты. Рафæрс-бафæрс цас ахаста, нæ зонын, фæлæ та уыцы горæты хæстон хицау сыстад, машинæйы нæ йæ фарсмæ сæвæрдта æмæ нæ Витебскы астæу раргьæвта. Рудзынгæй ма кастæн, афтæ йæ базыд- тон: ацы фæзы ис æфсымæрон ингæн. Нæ ныццыдмæ салдæттæ цинкæй æхгæд чырын ингæнæй систой, ныссæрфтой йæ... Дæхæдæг æй зоныс, ирон лæг ноджы ма дард бæстæйы, йс ’мзæххоны чырыны уæлхъус йæхи куЫд дардзæн, уый. Уæлдайдæр та де ’фсымæр, кæимæ схъомыл дæ, кæрдзыны къæбæр кæимæ дих кодтам, уый чырыны уæлхъус. Мæхи нал баурæдтон, ныддæлгоммæ йыл дæн, мæ цæсты сыг фемæхст, мæ чъылдыммæ иу булкъоны уæхсджытыл дæр ризæг бахæцыд, йæ зæрдæ суынгæг. Йæ ингæныл сагъд цыртыл Хъантсмырæн йæ къам æфсæддон дарæсы. Нсмæ чи рацыл, уыцы хæстон инæлар мæм æрбацыд, мс ’уæхсджытыл мын схæцыд, басабыр мæ кодта, стæй загъта: - Дæ хорзæхæй, ацы къам махæн уадзут, хæсты тыххæй цы музей саразæм, уым æй сæвæрдзыстæм. Уадз æмæ амы фидæны фæлтæртæ зоной ирон инæлары хъæбатырдзинады тыххæй астæуккаг Уæрæсейы зæххыл... Цы йын хъуамæ загьтаин, зæгьын, табуафси. Ратахтыстæм уырдыгæй,. хъуамæ нæ «Дуглас» æрбадтаид.дæлæ Мин-Воды. Фæлæ нæ уым нæ бауагътой æмæ уæд нæхимæ стах- тыстæм. Уайтагьд республикæйы хицауад нæ уæлхъус алæууыдыстьг, иу дæр дзы фæстейы нал баззад Хъуыбады сæ сæргьы, афтæмæй. /Ахæм фембæлд сарæзæта Хъуыбады фыццаг ирон Советон Цæдисы Хъæбатыр Милдзыхты Хадзымырзæ цæфтæй куы ссыди хæсты бонты, уæд, æцæг уый рахызт æфсæнфæндаджы вагзалы. Уый тыххæй бакæсдзыстут фæстæдæр, ис мæм æнæзонгæ хуы- зисæджы къам дæр уыцы фембæлдæй. Д.Д./ 83
Чырыны сæхæдæг райстой, се ’уæхсджытыл æй, Хъуыбады разæй, афтæмæй машинæмæ æрбахастой, офицерты хæдзармæ йæ æрбаластой. Стыр æмбырд дзы уыдис нæ бацыдмæ, стьтр кад ын скодтой, æгас горæты дзыллæтæ дæр уым уыдысты. Цæлыккаты мыггаг дæр стырæй-чысылæй. Уæлæ йын Иры стырдæр лæгтæ кæм сты ныгæд, Иры аргьуаны кæрты, уым скодтой бынат. Æз æй, Дамир, алыхатт дæр æмæ алы ран дæр фæзæгъын: мæнæ хи æфсымæрыл дæр адæймаг афтæ нæ бауызæлдзæн, Хъуыбады Хъантемыры тыххæй куыд батыхсти. Мæнæ йын йæ зарæджы дæр афтæ куы ис, раарфæ-иу кæнут Хъулаты Хъуыбадыйæн, зæгьгæ... Хъантемыр сидзæр лæппу уьтди, йæ ныййарджытæ æнæнхъæлæджы фæмард сты. Стыр дзых ын уьтди, афтæ-иу дзы йæ тымбыл къух батъыста.Йæ мад Уæдæдæ хуынди, Сокаты чызг, æмæ-иу уый афтæ загьта: «Амæй мын хуьтцау маймули кодта мæ хуылфы, фæлæ йын йæ дзых конд куы фæци, уæд цы ахъуыды кодта, чи йын цы зоны, æмæ йæ адæймаджьтрдæм аздæхта...» Азтæ йыл куы рацьтд, уæд та дзы хæрзконд æмæ хæрзуынд лæппу рауад. Хъантемыр зынтæ æмæ мæгуьтрæй схъомыл ис, бæгьæввад къахæй. Исчи-иу искуыцæй сыгъд агуыридуртæ куы сласта, уæд-иу сыл иуæй-иутæ ньтддис кодтой: «Адон дын цы сты, Хъантемыры къæхты хуызæн...» ( Уæддæр ме ’рвад царды йæхи размæ атардта. Уæртæ Бакуйы хæстон скъоламæ бацыд, фæлæ ардыгæй уырдæм чидæр ныффыста, кулаччы фырт, дам у. Нæ уыди. Æз ма йæ хорз хъуыды кæнын иу тудджыны фидьтд дæр æнæ уымæй нæ лыг кодта, цыбырдзырдæй, дзуаппджын лæг уыди. Уый цыфæнды фæуæд, фæлæ Хъантемыры уыцы скъолайæ раппæрстой, рæстæг ахæм уыд. Фæлæ уьтм Бакуйы цардис не рвад, юрист, закъæттæ хорз зьтдта æмæ уый уыцы хицауадимæ баныхас кодта æмæ йæ куыддæр æгьдауæй фæстæмæ ахуьтрмæ райстой. Хæсты тъыфылмæ йæ йæ фыццаг æви дыккаг мæй баппæрстой... Сталинграды фæстæ йын инæлары цин радтой, уымæн æмæ Ху- ьтдæлы фыртæн. Мæнмæ ис чиныг Хъантемыры тыххæй, ныфыста йæ Цхуырбаты Иван, йæхæдæг, мæгуыр, æндæраз Чъребайы хæсты фæцæф. Уыцы чиныджы ме ’рвады сгуыхтдзинæдтæ лæмбынæг фыст сты... Хъьтрымы зæххьтл Хъантемыры разамындæй знагæй фæстæмæ райстой горæттæ Джангой, Армянск, Евпатори... Севосто- поль дæр хъуамæ Хъантемыр райстаид, фæлæ йæ уæлдæр хицау чи уыд, уыцы Чинчабадзе раздæр рынчын уыд, фæлæ уæддæр сыстад, æз, дам, хъуамæ радтон фыццаг бардзырд æфсæдтæн горæт атакæ- йы райсынмæ, цæмæй уый ном историйы баззайа. Сталинграды фæстæ Хъантемыр ссис корпусы командыгæнæг. Беларусимæ фæндагыл йæ дивизитæй иу æрхъулайы бахаудта, куы йæ фехъуыста, уæд «Виллисы» абадт æмæ уырдæм ныццавта, æцæг нал бахæццæ: фæндагыл сæ быны минæ схæцыд. Мæнæ куьтд мысыд уый тыххæй йæ шофыр: «Нæ быны куыд схæцыд, уый ма 84
бамбæрстон, стæй иу сахаты æмæ æрдæджы фæстæ зæххыл уæлгоммæ хуысгæйæ мс ’муд æрцыдтæн. Кæсын, æмæ мæ фарсмæ мæ машинæйы мотор. Мæ сæрыл схæцыдтæн æмæ æбуалгъы ныв федтон: нсмæ цы хъахъхъæнæг салдат уыди æд автомат, мæ хæдфæстæ бадт, уый цалдæр дихы фæцис, адъютант, уый та инæлары фæстæ бадт, дзыхъмард, инæлар дæр чысыл дардæр уæлгоммæ хуыссыд, йæ цæсгомыл мидбылхудт. «Æмбал инæлар, æмбал инæлар!-» хъæр æм кæнын æз æмæ мæм куы ницы дзырдта, уæд æм мæ цыппæртыл бабырыдтæн. Мæ зæрдæ куыннæ аскъуыд, ууыл абон дæр ма дис кæнын: мард уыдис инæлар, афтæмæй та иу цъæррæмыхст дæр нæ фæцис, æрмæст ын мпнæйы схъис йæ рон аскъуыдта. Уæлдæфон уылæнæй фæмард дæ хъæбатыр æфсымæр, Мæйырбсг... Мæнæн та ма абон дæр йæ мæрдоп мидбылхудт мæ цæстытыл уайы...» Гъе, афтæ, сидзæр лæппу уыди, æнамонд æмæ æнамонд сæфт фæкодта, æцæг Ирыстонæн æцæг кад æрхаста. Ирыстон дæр ын Хъуыбадыйы руаджы стыр намыс нæ бавгъау кодта. Æз ма абон дæр дис кæнынæй нæ фæллайын: куыд ын фаг кодта рæстæг афтæ лæмбынæг уæвынæн алцæмæй. Ахæм мæй нæ уыди æмæ Хъуыбады тсатр ма бабæрæг кæна. Хатгай-иу уый фæзмгæйæ, чи зоны, уый цæстмæ, фæлæ-иу тсатры лоджийы обкомы кусджытæй байдзаг. Иу хатт сæм дзы мæ цуры балæвæрдта: ’ — Лæвархортæ цæмæн стут? Билсттæ-иу цæуыннæ балхæнут, æви дæлæ залы хъæуæй цы колхозонтæ бады, кæнæ заводы кусд- жытæ, уыдонæй къаддæр мызд исит?.. Аивадмæ цы цæстæй каст, уымæн ма дын иу дæнцæг. Иу æрыгон драматург пьесæ ныффыста, махмæ йæ æрбахаста, райстам ын æй, лæмæгьомау уыди, фæлæ авторы зæрдæ ма аскъуына, зæгъгæ, йыл нæхæдæг дæр ма бакуыстам, бахуызæттæ йæ кодтам, фæлæ йын уæддæр тарстæн адæм ын цы аргъ скæндзысты, уымæи. Прсмьсрæ куы уыд, уæд Хъуыбады дæр бадт залы, стæи ма чидæртæ рсспуб- ликæйы хицауадæй. Ныр æз, рсжиссср* уыдон фенгæйæ куыд мæт кодтаин, уый ма дæ цæстытыл ауайын кæн. Фæсспектакль дын мæм фæсценæмæ чидæр æрбауад, Хъуыбады, дам, дæ агуры. Загътон, бабын стæм, йæ зæрдæмæ нæ цæуы спсктакль! Уый та дын мын афтæ: — Бацархайут, цæмæй ацы спсктакль фылдæр адæм фсной, ууыл, уæлдаидæр та хъæууон адæм... Гъе афтæ-иу арæх ахæм зæрдæвæрæн ныхас загъта æмæ-иу лæджы ницыуал хъуыдис. Лæгæн-иу ныфс æвæрдта хæхтæ афæлдахынмæ дæр. Ахæм уыди. Нæ фæстаг фсмбæлд дæр Мæ никуы фсрох уыдзæнис. Салыгæрдæнæп Æрыдоныл æрбацæйцыдыстæм æмæ нс ’мбæлттæй иу йæ каисты дуармæ баурæдта, цомут æмæ, дам, дзы фæйнæ цайцымæны фсхсут лæугæйæ. Æз сын нæ бакуым- дтон. Лæугæйæ сын, æвæццæгæн, нæ рауад, ирон хæдзармæ бацы- дысты, мс ’нхъæлмæ каст æгæр ныддæргъвæтин æмæ уынджы дыууæрдæм хъеллау кодтон. Уалынмæ дын кæсын æмæ дæлæ Хъу- 85
ыбады машнæйы ссæуьт. Баурæдта: «Цы хабар ту?» Æз ын æй радзырдтон. «Сбад». Æмæ мæ суанг мæ тæккæ хæдзары къæсæрмæ æрбаласта. Ныртæккæйы хицауад та? Уæллæи, иуварсмæ дæр нæ кæсынц фæндагыл. Хъуыбады та æцæг ирон лæг уыди, æцæг ирон уæздандзинады хицау уыдис... Уый уыдис Стыр лæг, кæд æй йæ сисыны фæстæ чидæртæ ныггыццыл кæнынмæ хъавыдысты, уæдæр. Куы амарди, уæд йсмæ цы уырыссаг сылгоймæгтæ куыста, уыдон-иу куыд ныббопэ-боп> кодтой, уый диссаг уыди. Уырыссаг сылгопмаг дын искæуыл зæрдиагæй скæуа?! Адон та афтæ куыдтой, цымæ сæ алкæмæн дæр хицæна^й Гæфсымæр, кæнæ йæ фыд амарди, уый хуызæн. Гъс, афтæ йæ уарзтой иууылдæр. Æмæ уымæн, Хъуыбадыйæн, æнæ уарзгæ нæ уыд! Куы ма дын æй дзырдтон: уый хъулон митæ нæ зыдта. Мæнæ-иу спектаклмæ æрбацыд, зæн>гæ, уæд-иу нæ хъуамæ искæмæ басидтаид: «Цы хъуаг стут, цæмæй тыхсут?» Алы къахдзæф дæр ын барст уыди, алы къахдзæф дæр нымад. Уымæн та арп> нæй\ Абон ахæмтæ нал ис. Нал ис! Хъуыбадыйы уæды æмæ абоны разамонджытæй уый хицæн кодта æмæ кæны æмæ иæ масты фæдыл никуы цыд, æнаххосæй раст лæджы никуы бафæрдта. Уымæн сæйрагдæр уыдысты адæймаджы ном, коммуиисты хæстæ, уды рæсугъддзинад. Æз мæхæдæг ныртæккæйы.хицауадæй нæдæр Иры- стоны, нæдæр æгас бæстæйы Хъуыбадыйы никæпмæ абардзынæн. Тынг дард дзы лæууынц. Мæнæ цалдæр азы размæ рахицау-бахицау куы кодтой, чи уыдзæн, цы уыдзæн, зæн>гæ, стыр ныхæстæ куы цыди, уæд æз дæр мæ хъуыды заиугон бæрнон лæгты астæу: «Æз уыцы бынаты Галаз- ты Æхсарбсджы йедтæмæ никæй уынын». Æрæджы Æхсарбсгимæ сæмбæлдтæн æмæ йын афтæ зæнынмæ хъавыдтæн йæхицæн дæр, фыдæнхъæл мæ нæ фæкодтай, мæ ныхас æрцыди, зæп>гæ, фæлæ мæ цæмæ бамбæрстаид, хуыцау йæ зонæг, йс ’козбау ныхас, кæнæ афтæ куы банхъæла мæнæ мæ исты агуры, зæп>гæ, ныртæккæйы хицауад ахæмтыл ахуыр сты æмæ йæм нал сдзырдтон: Æнæуи та Уæрæссйы ныртæккæйы хицауадырдыгæй цы галиу хъуыддæгтæ цæуынц, уыдонæн сæ уылæнтæ дæр ардæм схæццæ сты. Нæ абоны æрыгон хицауад чи сты, уыдон бирæ хабæрттæ нæ зонынц, цы нæ зонынц, уымæн та сæхихицау кæяынц. Йæ бæллæх дæр, мæ къона, Дамир, уый мидæг ис... Дыккаг сæргонд: КÆЙ СЛРДЫДТЛ МЛСТИСÆГ СУСМОП... Ногæй та зонинаг ацы уацау дарддæр цымыдиссаг кæмæн у, уыцы кæсджытæн: — 1937 азæй 1954 азы онг Хъуыбады уыд Цæгат Ирыстоны æмæ раздæры Совстон Цæдисы Сæйраг Сопсты дспутат; 86
— 1952 азы авзæрст æрцыд партийы Цснтрон Комитсты уæнгтæм кандидатæй, йæ риуыл сæ искуы бакодта - нæ бакодта, уый сбæлвырд кæнын мæ къухы нæ бафтыд, фæлæ хорзæхджынгонд æрцьтд мæнæ ахæм хæрзиуджытæй: — Лснины ордентæ -4. Райста сæ 1943, 1944, 1945 æмæ 1949 азты. — «Кады нысан»-ы дыууæ ордсны. Лæвæрд ын æрцыдысты ’хъæды хæдзарады министрæй кусгæйæ. — Фæллойы Сырх Тырысайы ордсн. Райста пæ 1942 азы. Уыцы азты дæргъы ма хорзæхджынгонд æрцыд 6 алыхуызон майданæй... Цæгат Ирмстонм архиг», папкге №2 ДЗÆУДЖЫХЪÆУ. 1953 АЗ. 30 НОЯБР. ПАРТИЙЫ ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ IX ПЛЕНУМ. КÆРОНМÆ ХÆСТÆГ ... Сæрдариуæггæнæг Ссвостьянов: — Ныхасы бар лæвæрд цæуы партийы Цснтрон Комитсты партион, профцæдисон æмæ фæскомцæдисон оргæнты хайады хи- цауы хæдивæг æмбал Енютинæн. Æмбал Енютин: — Æмба^лттæ! Мæнæ ацы трибунæйæ чидæриддæр радзырдта, уыдон иууылдæр бахах кодтой Хъулы фырт партийы Цснтрон Комитст æмæ уæхи партийы Цæгат Ирыстоны обкомы стыр политикон æууæнчы аккаг кæй нæ разынд, уый тыххæй. Мах сæмбырд стæм æмæ партийы обкомы бюройы уæнгтимæ уæ размæ рахастам мæнæ ахæм уынаффæ: партийы Центрон Комитсты æмæ Цæгат Ирыстоны пар- тийы обкомы политикон æууæнчы аккаг кæй нал у, уый тыххæй Хъулы фырт ист æрцæуæд партийы обкомы фыццаг сскрстары куыстæй... Сæрдариуæггæнæг Севостьмнов: — Искæмæ фарста уыдзæни? /Залæй: «Нæ, нæ уыдзæпи»/. Æндæр фæндон ма* мыййаг, искæмæ ис? Нæй. Уæдæ уæд партийы Цснтрон Комитсты æмæ партийы Цæгат Ирыстоны обкомы политикон æууæнчы аккаг кæй нал у, уый тыххæй цæмæй Хъулы фырт партийы обкомы 1-аг сскрстары куыстæй ист æрцæуа æмæ конд æрцæуа обком«ы бюройы уæнгтæй, уый кæй фæнды, уыдон сæ къухтæ сдарæнт. Исчи ныхмæ у? Нæу. Иечи хъæлæс нс скодта? Ничи. Уынаффæ хаст цæуы æмхъæлæсæй... Партийы Цæгат Ирыстоны обкомы IX пленумы протокол æмæ стенограммæ, 149 фарс 87
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 1953 ЛЗ. 6 ДЕКАБРЬ. МЫСЫ ХЪУЫБАДЫЙЫ БИНОЙНАГ НИНÆ ВАСИЛЬЕВНÆ: — Куы йæ систой, уæд-иу мæ алы раисом дæр мæ куыстмæ фæндараст кодта. Иу райсом та, кæд нæ рæ’дийын, уæд 5 дскабры уыд, Сталины Конституцийы бон цæнгæт хпдыл фæцæуæм. Уыд зымæгон райдзаст райсом, уынгтæ бæрæгбонхуыз, сырх тырысатæ ауыгьд хæдзæртты балкъонтыл. Цæугæ цæуыны хъусæм уынджы хъæрæйдзураг радиомæ. Раздæр дзырдтой нæхпцæй, стæй та Мæскуыйæ нæ гыццыл рсспубликæиы экономикæиы, культурæйы æмæ аивады цы стыр æнтыстдзпнæтæ ис, уый тыххæй. Нымадтой нын нæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ. Хъуыбады цыд пæ къæхты бынмæ кæсгæйæ, уыд хъуыдыдзаст. Иу ран нæ цыд фæсабырдæр æмæ йын æз загьтон: «Хъусыс, дæ куыстæн дын куыд стыр аргь кæнынц, уый?! Дæу та уый тыххæй дæ бынатæй ассырдтои...« Ницы сдзырдта Хъуыбады, уыцы æнæдзургæйæ кæронмæ ацыдыстæм. Дыккаг бон дæр та уыцы фæндагыл цыдыстæм. Уыд хурбон, райдзаст бон, хæхтæ нæ бакомкоммæ афтæ рæсугьд уыдысты, афтæ хæстæг зындысты æмæ диссаг. Хъуыбады сæм ныдджих, фæлæ йын æз йæ хъуыдытæ фсхалын афæнд кодтон: «Хъуыбады, цы уый зоныс?.. Цом Ирыстонæй искуыдæм ацæуæм, иу гыццыл æддæ фæуæм, уыцы фадат нын ис, уымæн æмæ нæ цот ныридæгæн стыр сты...» Уый мæм йæ фæллад цæстытæй ракаст æмæ хъуыдыгæнгæ, уæззау хъæлæсы уагæй загьта: «Милая, уæртæ ма уыцы хæхтæм акæс. Ау, дæумæ афтæ кæсы æмæ мæнæн уыдон ныууадзын æмæ искуыдæм ацæуын мæ бон бауыдзæн? Никуы! Æз æрмæстдæр ам, мæхи Ирыстоны уыдзынæн, мæхп адæмиæ. Уадз æмæ мæ æфхæрой, тæрхон мын кæной, кæд мын æмбæЛы, уæд та мын кад кæной, уый мæ адæмæн сæхи хъуыддаг у,фæлæ ардыгæй æз микуыдæм цæуын, иу къахдзæф дæр нс скæндзынæн... Мæ рæстдзинад та нухатт куы уа, уæд сбæрæг уыдзæн»...» МÆСКУЫ КРЕМЛЬ. 1953 АЗ. НОЯБРЫ ФÆСТАГ БОИТÆЙ ИУ. НЛРТИЙЫ ЦЕИТРОИ КОМИТЕТЫ СЕКРЕТЛРИЛТ. ХРУЩЕП ХЪУЫИЛДЫЙÆ ÆВЗÆРÆЙ ПИЦЫ ЗЛ/ЪТА, ФÆЛÆ... МЫСЫ БАСКАТЫ ДЗАМБОЛЛТ; — Хъуыбадыйьшæ æз базонгæ дæн, уыи ма партийы горкомы куы куыста, уæд. Йе ’фсымæр Созырыхъоимæ дæр æз тынг хорз цардтæн. Æвæццæгæн сæ сæ хæстæджытæй бирæтæ афтæ нæ зыдтой, æз сæ куыд зыдтон. Æз дæр иугыццыл горкомы инструк- торæй акуыстон, иу къорд рæстæджы æмæ йæ уæддæр загьтон, ныр дæр æй зæгьын: Хъуыбадыйæ зондджындæр æмæ æгьдауджындæр 88
кусæгыл æз никуы сæмбæлдтæн! Иннæтæй æз кæй зонын, уыдонæй бирæтæ дымгæ чердæм кæна, уыцырдæм ыздыхсынц. Ай та сабыр- гай, уæздан мийæ, раст куыд у, афтæ йæ тардта. Фæлæ цæмæндæр дæллæгтæ, Мæскуыйæзæгъын, йæ ныхмæ фссты. Партийы Цснтрон Комитсты кусджытæ. Уый та цæмæм фссты, уый æрæджиау базыд- тон, фарстон æй вагоны, Мæскуымæ лæм куы бадзырдтой, уæд. Хъуыбады; зæгьын, цæмæн афтæ у. Цæмæн цæ, зæгъы, инструк- тормæ — иу нæ бацыдтæн, фæлæ — иу комкоммæ чи мæ хъуыди, уымæ — лу дуар бахостон, уый та — пу адонæн хъыг уыди. Уыдонимæ — иу куы бацыдаин сскрстартæм, уый сæ — иу фæндыд, мæнæн та — иу уым, Мæскуыиы лæууынмæ рæстæг нæ уыд. Æмæ инструктортæ та уым цы давтои, мæнæ дзы нæхицæй Æгкацаты Валодя дæр куыста... Иудзырдæй, ЦК-йы йæ ныхмæ спсты, бавдæлдысты æмæ йын йæ куыст бæрæггæнæг цалдæр лæджы сæрвыстой, цæмæй Гкс сисой, ууыл архайдтой. Ам фæбадтысты, фæрафæлдах — бафæлдах код- той. Бауырнæд дæ, Дамир, ницы йæм ссардтои нæдæр хæдзарадон, нæдæр политикон, нæдæр дзыллон,— хъомыладон куысты. Æмæ уæд æрхъуыды кодтой Бсршшмæ, дæм, лымæн уыди. Бсри, Бсри кодтой... Мæнæ, дам, ын йæ гуырæн бонмæ дзæбидыр арвыста Уый та Мамиты Моиссй арвыста, Ирыстоны мидхъуыддæгты министр. Уый цуанон уыди...Æма цуаны куы цыди, Æрхоны уыди, æви Бадыхъæуы, æнхъæлдæн Æрхоны, уæд дзæбпдыры лæппын æрцахста. Æрæджы дæр ма ахæм ныхас рацыд, мæнæ иæ суанг газсты дæр фыстой нæ сыхаг мæхъæлы, дам, Бсрия ахæссын кодта. Æз та дын йæ зæгъын: уыцы хъуыддаджы Бсрмятæ йсдтæ нымад нæ уыдысты, уый Сталин йæхæдæг... Зьтдта сæ цы сты мæхъæл, уый. Сталин æпæты фыццаг хатт Хъуыбадымæ тслсфонæй куы сдзырдта, уæд æй фарста чи баззад, уыцы адæм, дам, цы цæстæй æркастысты мæхъæлы кæй арвыстам, уымæ. Хъуыбады гæды ныхас мæ уарзта, æмбæхст ныхас. Æмæ, дам, цы цæстæй, уыдом, дам, кæм уой, уым, дам, сабырдзинадæн уæвæн нæи. Уым гуыпп — гæрах, хæст, давд. Æмæ уый мæнæ ныр дæр алчидæр дзуры. Мæнæ кæддæрты лымæн уыдыстæм, зæгъгæ, чи фæзæгь’ы, уый гæды зæгъы. Мæнæ æрмæст мах гыццыл хъæуы, Фийпагдомы, уымгтæ æмæ фæзуыл иумæ ныртæккæ æрзилдзыстæм æмæ дын æз бацамондзынæн цалдæр рагон цыртдзæвæны, мæхъæл кæй амардтой, уыдонæн. Кæсыс, ардæм дæр — иу æрбахæццæ сты... 0, уый дын дзырдтон. Ссыдысты уыцы æртæ лæджы Мæскуыйæ æмæ фæбадтысты, иугай нæм — иу сæхлмæ фæдзырдтой, бирæ цыдæртæ нæ фехъуыстой, нæ базыдтой, фæлæ — пу бындзæй дæр гал ацарæзтой. Уый фæстæ нæ Мæскуымæ ахуыдтой, уæд мæ зæрдæмæ æппындæр цы нæ фæцыд Хъуыбадыиæ нæ, фæлæ уыдо- нырдыгæй, уый дын зæгъон. Уазæтуат «Мæскуы» — пы цардыстæм, Хъуыбады хицæн номырьт, мах дæр хицæн номырты æмæ нæм уьтрдæм сагьуьщысты ЦК-йы кусджытæ. Иуы мыккаг ма дзы хъуыды 89
кæнын, Фсропонтов, инструктор уыди, хайады сæргьлæуджытæ дæр-иу æрбацыдысты. Æмæ нæ цæуыл ардыдтой, уымæ ма кæсут: уæ куысты, дам, цы хъуагдзинæдтæ ис, уьтдон, дам-иу, фылдæр дзурут. Фыццаг бон сæм байхъуыстон æз, фæлæ сæм нс ’суæндыдтæн, фæлæ дыккаг бон куы æрбацыдысты, уæд та нæ баййардтой: «Хъуыбадыйы тыххæй, дам, дзурут, ахъуыды кæнут æмæ дзы æвзæрæй цы зонут, уый ма басусæг уæд». Гъсмæ, зæгьын, кæд афтæ у, цы зонæм, уый, уæд йæ ныхмæ мæнмæ ницы ис хорзæй дарддæр. Хъæбæлойы фырт дæр сын æвзæрæй ницы загьта, фæлæ нс ’ртыккаг æмбал, обкомы дыккаг сскрстарь Ссвостьянов, уый дæр Хъуыбадыйы ныхмæ уыд. Æвзæр лæг уыди, плснумты рæстæг-иу афынæй. Уыдонмæ, нæ арддауджытæм, куы байхъуыстон,уæд загь- тон,мæнæ, зæгьын, кæй бар стæм, цы ЦК ис?! Уый размæ æз æнхъæлдтон, зæгьын, ЦК у Хуыцауы Кувæндон, уырдыгæй цы зæгьой, ууыл « дьтууæ» зæгьын нæ хъæуьт. Йæ инструктортæй мын уымæй размæ исчи афтæ куы загьтаид, уæлæ фарæстæм уæладзыгæй агæпп лас, зæгьгæ, уæд цæмæн хъæуы, зæгьгæ, дæр нæ бафарстаин. Мæнæ, зæгьын, кæй бар стæм, мæнæ цытæ ис! Æмæ фырмæстæй тынг фæхудтæн. Хъуыбадыйы ныхмæ нæ <ш баййардта, уыцы инструктор Фсропонтов иу хуынкъ абазийы аргь нæ уыдис, иннæтæ дæр афтæ... Æртыккаг бон уьтди, æнхъæлдæн, афтæ нæм Крсмлмæ фæсидтысты. Хрущсвæй цьт дзурынц, уый раст у, гыццыл тæнæг сæр уьтди, фæлæ мæ йæ тæригьæд нæ хъæуьт, Хъуыбадыйы ныхмæ æвзæрæй ницы загьта. Æрмæст мæнæ уый загьта, абоны хуызæн ма йæ хъуьтды кæнын: «Цы гæнæн ис? Хъулы фыртæн йс ’ууæнкдзинад ЦК-йы цæсты фæцудьтдта... Кæд амæй фæстæмæ дæр партийы хаххьтл лæуд уа, уæд æй равдисдзæн йæ куьтсты, мах дæр ам уыдзыстæм.» Хайады хицæуттæ йæ ныхмæ карздæр ныхас домдтой, мæнæ, дам, Бсрияимæ афтæ-уфтæ. Афтæмæй та сæм дзæнгæдайæ дарддæр конкрстон факттæ нæ уьтдис. Мæнæ, дам, Бсрия Дзæуджыхъæумæ куы ссыд мæхъæлы ахасты рæстæг, уæд, дам, æфсæнвæндæджы станцæйы вагоны царди æмæ уым Хъуыбадыимæ фсмбæлд. Хъуыбады та уырдæм кæцæй бахаудта? Бсрия тслсфонæй обкомы фыццаг сскрстарь Мазинмæ куы фæдзьтрдта, уæд хæтасл систа йæ сскрстарь æмæ срæдыдис цуаны, дам, ис. Нæ йæ зыдта Бсрия уьтд, уый. Бсрия та цавæр лæг уьтди, уый хъусдзынæ. Ау куыд у, зæгьгæ, Мæскуымæ Сталинмæ ныдздзырдта ацы уæззау рæстæг, дам, Цæгат Ирыстоны фыццаг сскретарь Мазины цуаны цæуынмæ равдæлди. Сталинæн дын уый зæгьæй, цы?! Æртыккаг бон Мазинæц Ирыстоны зæххыл йæ кой дæр нал уьтди, цы йæ фæкодтой, уый хъуьтды дæр нал кæнын, кæдæмдæр æй аивтой. Æмæ уæд Хъуыба- дыйы сфидар кодтой йæ бæсты... Æмас уæд Хрущсв Хъуыбадыйæн ныхасы бар куы радта, уæд Крсмл бынтондæр ныссабыр, цыма йæхæдæг та цы зæгьдзæни, зæгьгæ. — Алкæйы куысты дæр хъуагдзинæдтæ ис, махмæ дæр, фæлæ нæ нсгуьтдзæгдзинады тыххæй исты фсрох, уымæн уæвæн нæй, — 90
, райдыдта йæ ныхас Хъуыбады, — Бсрия та ЦК-йы æрвыст лæг уыд, бæрнон кусæг, куыннæ йæм хъуамæ бацыдаин. Мæ бынаты уæвгæйæ мæнæ сымахæй алчи дæр афтæ бакодтаид... Мæхинымæр, тынг раст сын зæгьыс, зырзыргæнгæ, тьæбæрттæй. Бирæ ныхæстæ ма дзы уыд, бирæ фарстатæ, иуæй-иутæ сæрсæфæны былмæ тардтой Хъуыбадыйы, фæлæ уый, йæ мад . амæла, æйтмардзæ лæг уьтди, ахуыргонд, стыр разамонæг, цæттæ уьтд алы фæзылдмæ дæр...Уалынмæ дын кæсын, æмæ иу чидæр æддæмæ ауад æмæ уайтагьд Æгкацаты Валодяйы йæ фæдыл æрбаскъæфта. Æмæ йæ уæд бамбæрстон: Хъуыбадыйы æнæ сисгæ нал ныууаддзысты. Хрущсв загъта проскты, дам, фыст ис цæмæй Хъулы фырт йæ куыстæй ист æрцæуа, æндæр фæндон ма кæд искæмæ ис, уæд æй зæгьæд. Чи цы зæгътаид, ахæм хабæртттыл рагацау æрныхас кæнынц, стæй уыцы азты афтæ уьтд, суанг æрæджийы онг дæр ма, Фыццаг цы зæгьа, уый уыдзæн. Иуныхасæй, систой йæ æмæ Хрущсв загьта Цæгат Ирыстоны обкомы уæнгты, дам, хъуамæ исчи базонгæ кæна нæ уынаффæимæ. Севостьянов цыдæр æфсон скодта æмæ нссразы, Билар, æз та, дам, ньтрма æрæджы кусын обкомьт, кæд гæнæн ис, уæд æй æндæр искæмæн бабар кæнут. Хрущсв уыимæ дæр та сразы æмæ уæд йæ тьæпп мæньтл фæцьщ, мæныл æрынцади хъуыддаг... Мсмæ ЦК-йы дыууæ лæджы рацьтд, æз нæхи Плснумы цы доклад скодтаин, уый цæттæйæ ссмæ раластой. Æз æм вагоны æркастæн æмæ дзы æгæр тынг куы уьтди Хъуыбадыйы ныхмæ, уæд сын комкоммæ загьтон, «Æз ацы доклад афтæмæй нæ бакæсдзынæн... Мæнæ дзы кæд ацы бынæттæ аппардзыстут, уæд разы дæн.» Мæскуыйæ суанг Дзæуджыхъæумæ тох фæкодтам, зæгьын, мæ зæрдæмæ дзы цы нæ цæуы, уьтдон æз нæ бакæсдзынæн. Нагь! Лæгæй лæгмæ мæнæн мæ бон Хъуыбадыйæн зæгьын нæу æвзæр кусæг дæ, зæгьгæ. Хъуагд- зинæдтæ алкæмæ дæр ис, фæлæ æнæраст хъуыдытæ, æрымысгæ хъуыдытæ ахæм сыгьдæгзæрдæ разамонæгьтл зæгьын æз мæ сæрмæ нæ хæссын. Кæд Хъуыбады фауинаг коммунист у, уæд Ирыстоны алы коммунист та сæдæ хатты фауинаг дæр. Нæ разы кодтой, нæ разы кодтой, фæлæ сын куы нæ куымдтон, уæд, æнхъæлдæн, дæлæ Дудараты станцæйы посзд иу чысыл æрлæууыд, æмæ уæд докладмæ фæлæбурдтой æмæ æз куыд загьтон, афтæ йæ æрбацыбыртæ кодтой. Нсссыдмæ Плснум уыди цæттæ, Ссвостьянов цалдæр районæн бахасс кодта Хъуыбадыйы ныхмæ, дам -иу, радзурут, рагацау сæ сцæттæ кодта. Уыцы ныхмæдзурджытæй иу дынджыртæрæзт лæг, мæнæ дынджырæй æвзæр, зæгЬгæ, кæмæй фæзæгьынц, раст ахæм, ныр дæр ма æгас у, куы мæ фсны, уæд иннæрдæм азилы, мæхинымæр, иу хорздзинад ма дæм баззад- æфсæрмы кæнын, æвæццæгæн, æмæ йæ амæлæты бонмæ дæр фæсмон кæндзæн. Систой Хъуыбадыйы, уæдæ цы уьтдаид. Уым Плснумы уыцы дзæбидыры тыххæй дæр бирæ ныхас рауад. Мамийы фьтрт ын 91
арвыста, Бсрия, дам, сырдтæ бирæ уарзы... Гъс уыи дын йæ сисыиы хабæрттæ. Ницытæ æмæ мацытæ. Æнæуи царды æмæ куысты Хъуыбадыйы хуызæн лæгыл нæма сæмбæлдтæн, мæнæ-иу Æгкацы фырт куыд ныхъхъæр ласта, афтæ дзы никуы фсхъуыстаис. Адæимаджы адæймагыл нымадта. Раст мæ бамбар, мæхи тыххæй йæ.нæ зæгьын, фæлæ Хъуыбады рсспуб- ликæйы разамонæг кадртæ схъомыл æмæ бацæттæ кодта йæхæдæг, хъахъхъæдта сæ, хуыздæрæй хуыздæрмæ сæ ивта, цауд уыд, фаг чи нæ арæхст, уый дæр æфхæрыи нæ уагьта, æндæр ранмæ йæ ивта; кæд, дам, уый йæ куыст у, мыййаг, кæд уым хуыздæр сарæхсид. Хъуыбады бюройы уа, плснумы, æнæуи фсмбæлды — æдзухдæр кодта хъуыддаджы ныхас, зондджын ныхас, хъус æмæ йæм хъус. Æфхæргæ куы кодтаид, уæддæр сабыр ныхас, фæлæ дæ-иу иннæрдыгæй ахызтаид. Йæ фæстæ чи уыд, уый — иу ныхъхъæртæ кодта, ды ахæм дæ, ды ухæм дæ, зæгыæ. Хъуыбады-иу афтæ дзырдта: «Мæнæ ацы лæджы кæд мах йæ куыстæй исæм, уæддæр уый дæр сæфт лæг нæу. Чи зоны æмæ ацы бынат йæ бынат нæу, нæ дзы сарæхсти, æндæр ран та, чи зоны, æмæ сарæхса.» Тынг хъахъхъæдта адæмы, тыхсти алкæуыл дæр. Æз дын иу дæс-фынддæс дæнцæджы æрхæсдзынæн, дæлæ йæм-иу дард хъæуæй хъæстмæ лæг ссыди, ай-иу бавдæлд, йæ шофырмæ-иу бадзырдта æмæ иæ-иу йæ хæдзармæ аласын кодта. Иухатт мын иæ шофыр дзырдта, фæндагыл, дам, йæ къух чи сдары, уыдоны сеппæты дæр æвæрын кодта, чи-иу сбадт, уыдон-иу куы базыдтои кæи машинæ у, уый, уæд-иу сæхæдæг ныфсæрмытæ сты. Ныртæккæйы хицауад Хъуыбадымæ дард лæууынц. Мæнæ ныртæккæ гæртæмттæ куыд исынц, уыи диссаг у! Мах заман ууыл дæхинымæры дæр нæ ахъуыды кодтаис, дæхинымæры! Æмæ, дам, тæрсгæ... Тæрсгæ кæнай, цы кæнай, уый дæхи бар уыд, фæлæ нæ уыдис, уый. Хрущсв куы райдыдта, уæд базмæлдысты уыцы æгад хъуыддаджы. Хъуыбады кусæгæн æгьдау æмæ аргь скæнын, мæнæ истæуыл тыхст у æмæ йæм мæ сынæг бадарон, зæгьгæ,'уыдæттæм ын æмбал нæ уыди.Уæлæ йæ ныгæнгæ куы кодтой Ирыхъæуы уæлмæрды, уæддæр мæнæн бабар кодта Бплар фæстаг ныхас зæгъын. Æмæ мæнæ дæуæн цы загьтон, æндæр дзы, бауырнæд дæ, мæ бон зæгьын ницы уыди. Æнæфау лæг æмæ æнæхин разамонæг уыди Иры- стонæн. Уыцы бон æм уыййас адæм, уыййас дзыллæ æрымбырд ис, æмæ арпэуаны кæрты цæугæ дæр нал кодтои, абон дæр ма мæ цæстытыл уайы уырыссаг сылгоймæгтæ-иу куыд ныббоп>-боп> код- той, уый... ХЪУЛАТЫ БУЛАТ: «ДЫУУÆ ÆПКЪАРД ФЕМЛÆЛДЫ МЬШ УЫДИСИИ МÆ ФЫДЫФСЫМÆРИМÆ МÆСКУЫПМ»... Нæ фыццаг фсмбæлд рауад 1953 азы фæззæджы кæрон, кæнæ уыдис октябрь, кæнæ та ноябрь. Сæ дыууæйæ пу, бахатыр мын кæн, 92
фæлæ йæ бæлвырд нал хъуыды кæиыи. Уæд æз ахуыр кодтон Мæскуыйы Ломоносовы номыл умивсрситеты, цæрынмæ та бахху- ырстон уат коммуналон хæдзары. Уырдæм мæм пу изæр нæхицæй æрдзырдтой æмæ мын хъæддмхæй ныффæдзæхстои: «Хъуыбадм абон Мæскуымæ ацьтд, райсом уым уыдзæн. Йæ размæ вагзалмæ рацу æмæ йæ цух мауал суадз, уымæн’ æмæ йæхи уагыл нæу. Хъусыс?..» Æз дыккаг бон уымбалæууыдтæн. Мæ алыварс ахъахъхъæдтон, кæд, заггьын, йæ чызг Зарæ дæр ам пс, уыи дæр уыцы унивсрситсты ахуыр кодта, раздæр цард маршæл Консвтæм, стæй æмдзæрæнмæ баивта. Нæ зыдта Зарæ йæ фыд æрцæуы, уый, æндæра мæ фарсмæ æнæуæвгæ нæ уыдаид. Уалыимæ’ посзд «Баку-Москва» æрхæццæ, кæй мын загътой, уыцы вагонæп раздæр æрхызт Ссвостьянов, Цæгат Ирыстоны партийы обкомы сскретарь, сæмбæлдысты йыл йæ ус æмæ йæ дыууæ чызджы, стæи та Хъуыбады æрхызт псрронмæ, бæрзонд, фæтæнуæхск, кæсæнцæстытæ пыл, йæ галиу къухы чысыл чумæдан. Уалынмæ фæзынд Баскаты Дзамболат дæр. Хъуыбады мæ йæ - хъæбысы æрбакодта, мæ ахуырæи мæ бафарста, стæй загьта: «Цом уæртæ депутатты уаты нæхи равдисæм». Уыцы дспутатты уат уыдис фыццаг перроны, бацæуæн æм уыдис вагзалы æрдыгæи дæр, стæй фæзы æрдыгæй дæр. Абоны хуызæн ма иæ хъуыды кæнын: сæмбæлдис ныл æнахуыр рæсугьд æмæ хæрзконд сылгоймаг, ахæм бынæттæм сæрмагондæй æвзæретоГГ сылгоимæгты. Фæлæ уыцы рæсугъд немæ йæхи равдыста æгæр къæйныхæи. — Æмбал Хъулы фырт? — карзæй дзырдта уый, — табуафси, уæ машинагтæ цалтæ сты, уæ бон уазæгдон «Мæскуы»-мæ ацæуын у... — Уæдæ нæхи телсфонæГ! адзурын никуыдæм уал хъæуы? — бафарста йæ дисхуызæй Хъуыбады. — Нæ хъæуы, — алыг æи кодта уыи, — машпнæ сымахмæ æнхъæлмæ кæсы... Æмæ иннæ уатмæ ацыд. Хъуыбады Дзамболатмæ фæрсæгау бакаст: — Диссаг дæм нæ кæсы, афтæ мыл никуы ма сæмбæлыдысты... Уымæй размæ-иу поездæй рахизгæиæ сæхæдæг адзырдтой ЦК- мæ мæнæ ам стæм, машинæтæ нæм рарвитут, ныр та сын ссрцыдмæ æнхъæлмæ кастысты. Дзамболат йе ’уæхсджытæ зына-зæ з’ына базмæлын кодта, æцæг ын дзуапп нæ радта, хъуыдыты аныгьуылд. Сбадтыстæм стьтр сау машипæйы, кæнæ «ЗИЛ» уыд, кæнæ «ЗИМ», ферох мæ ис уьтй дæр. Хъуыбады разæи шофыры фарсмæ, мах — фæстсйы. Æрдæгфæндап>1л нæм разылд æмæ та Дзамбо- латæн загьта: — Диссаг дæм нæ кæсы?.. Æнхъæлдæн æмæ нæ хъуыддæгтæ сæ хæрзтæй несты?!. Йæ цæстыты дæр æмæ иæ фарсты дæр уыднс æбæрæг катай. Æрбынатон сты уазæгдон «Мæскуы»-йы, æппæтæй хуыздæр уæттæй иуы. Абадтысты, стæй Хъуыбады тслсфоны хæтæл систа, 93
ЦК-йæ кæмæдæр бадзырдта, мæнмæ фсхъуыст уыцы чидæр ын карзæй куьтд загьта, уый: «Рæвдздæр ардæм рацæут, ныридæгæн уæм æнхъаслмæ кæсынц». Мæнæн Хъуыбады ныффæдзæхста, цæмæй йæм уым банхъæлмæ кæсон. Рацыд сахат, дыууæ, фæлæ Хъуыбады зынæг нæй æмæ уæд æз дæр катай кæнын райдьтдтон, тарстæн куы йæ бафхæрой, уымæй, дзæгьæлы мæм нс ’рдзырдтой нæхицæй дæр цух-иу æй ма суадз, йæхи уагыл нæу, зæгьгæ. Цьтдæр уыдзæн, уый зыдтон, фæлæ афтæ рауайдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Изæры авд сахаты сси, афтæ дуар байгом æмæ иунæгæй æрбахызт Хъуыбады. Уæззау æмæ йын æнкъард цæстытæ, ныггуы- быр, æз æй, мæнæ ацы къæбæрардьтстæн, раздæр зонгæ дæр нал бакодтон. Дуарьтл йæ фæсонтæй банцой кодта, сæмрасти, мæ ^æстытæм мын ныккаст æмæ уьтцы æнкъард хъæлæсæй загьта: — Гъс афтæтæ, Булат, мæнæн мæ цард фæцис... Йæ дзабыртæ фсппæрста, раласта йæ уæллаг дзаумæттæ дæр, иннæ уатмæ бацьтд æмæ уæлгоммæ æрхуыссьтд, стæй та рабадт, цалдæр хатты арф ныууьтлæфьтд, дыууæ къухæй йæ сæрьтл ныххæцьтд, афтæмæй иу чысыл фæщтс, арф та ныууьтлæфыд æмæ ногæй йæхи уæлгоммæ ауагьта, цармæ нымдзаст, æрæджиау хъуы- дыгæнгæ загьта: — Булат, мæ къона, æз никуыма ницæмæй. тарстæн, ньтр дæр нæ тæрсын, фæлæ мæнæн раст нæ бакодтой æмæ мын уый хъыг у... Æмæ дьтууæ ставд цæссыджы йæ рустыл æртьтлдысты. Æз стыхстæн, мæхи зæрдæ дæр сынгæг, сабыртæ кæнын æй райдыдтон: — Хъыг мьтн уый у, — ногæй та загьта Хъуыбадьт, — æмæ адæмæн дæ цардцæрæнбонты цьтдæр хæрзтæ кæныныл архай, зоныс æй дæхæдæг дæр, зонынц æй адæм дæр, стæй ралæууы ахæм бон æмæ дын уæлдæр хицауадæй чидæр куы бакъæрцц кæнид: «Амæй размæ цьтдæриддæр кодтай, уьтдон иууьтлдæр раст нæ уыдысты» æмæ афтæ дарддæр... — Омæ уæддæр цы æрцыдис, Хъуыбады? Базонæн ын нæй бæлвырддæр? — стыхстæн та æз. — Мæнæ дыл мæ хуьтзæн азтæ куы рацæуа, уæд æй æгæр дæр ма бамбардзынæ... Иуцасдæр та нæ ничи ницы дзырдта, стæй мын йæхæдæг, æз æй нæ куьтрдтон, афтæмæй радзьтрдта ЦК-йы Сскрстариаты куыст цæуьтл фæцис, уый, мæ зæрдьтл æй бадардтон: — Хрущсв æмæ мын Малснков бамбарын кодтой рсспублкæйы сæргьылæууæджы бынаты мыл нал æууæндынц, уый, стæй мæ ракуьтрдтой мæ бæсты уым чи бакусид, уыцы адæймаджы сын бацамонын, ды, дам, партион кадрты хорз зоныс. Æз та Хрущсвы кабинетмæ куы æрбацæйцыдтæн, уæд къæридоры æнæнхъæлæджы йæ уæйыгарæзт фæсонтæй базыдтон нæхи Æгкацаты Валодяйы. Æмæ сын загътон: «Æз ахæм лæджы зонын, сымах дæр æй зонут, мæнæ ам уæ фарсмæ кусы, у ирон, ахæм æмæ ахæм... Мæнмæ 94
-гæсгæ, уый аккаг кандидатурæ у». Хрущсв æмæ Малснков кæрæдзимæ бакастысты æмæ йæ сæ цæстæнгасæй бамбæрстон мсмæ кæй сразы сты, уый... Бирæ ма фæныхас кодтам мах уæд Хъуыбадыимæ, уый мын зондамонæн ныхæстæ кодта, раст цæрыныл мæ ахуыр кодта, стæй та мын æрæджиау загьта: «Дæ хорз хорз у, Булат, фæлæ ма мын ахсæв мæ фæстаг курдиат сæххæст кæн: ам, æвæццæгæн, къулты хуылфы хъусгæ кæмæй кæнынц, ахæм аппараттæ æвæрд ис, æмæ иронау фылдæр уымæн дзурын, исты, уæд-иу дæхæдæг дæр нæхи æвзагæй дзуапп радт, Ацу æмæ мын Нинæ Васильсвнæмæ сдзур, ардæм ма, зæгь, рацу. Мæскуымæ». Æз æм ницы сдзырдтон, æцæг мæ сæр разыйы тылд бакодтон, ратахтæн уынгмæ, тслсграф нæм хæстæг уыд, æрмæст Хъуыбадыйы хæдзар нæ, фа^лæ нæхи хæдзары телсфон заказ скодтон, кæд, зæгьын, цы нæ вæййы, уыдоны тслсфонмæ дæр исчитæ хъусы. Уайтагьд мын мæ заказ сæххæст кодтой, мæ фыд мæм байхъу- ыста, хабар ын бамбарын кодтон, зæгьын, ныртæккæ тсслфоны хæтæл куы æрывæрат, уæд искæйы Нинæ Васильсвнмæ барвитут, Хъуыбады дæ, зæгь, агурьт... Уыцы уысм æй нæдæр мæ фыд, нæдæр мах нæма зьтдтам, мæ дзæбæх чындз, Хъуыбадыйы иузæрдион цардæмбал Мæскуымæ фæндагыл кæй ис, уый. Куыд стыр, куыд зондджын сылгоймаг уьтдис, уьтмæ ма хъус, Дамир... Хабар ын куы радзырдтой, уæд йæ хуыз æппындæр нæ аивта, йæхи хъæлдзæг дардта, ныфсытæ сын æвæрдта: «Цы æрцьтдис, ууыл ма мисхалдæр ма тыхсут, æндæр бæллæх сымахьтл дæр æмæ нæ Ирыстоныл дæр ма æрцæуæд, дæ фыд дæр обкомы фыццаг сскрстарæй нæ базæронди, адæм дæ уæддæр уарзынц, аргь дын кæнынц. Уый та сæйрагдæр у нæ царды»... Нæ уаты рссторанмæ адзурынмæ къультл сау-сауид кънопкæ уьтди, Нинæ Васильсвнæ йьтл бахæцыд æмæ уайтæккæ иу былсæрфт официант нæ уæлхъус алæууыд, заказ райста, уæрæх тæбæгьы ньтн хæринæты æмæ нозты дзæбæхдæртæй æрбахаста, иронау Стыр Хуыцаумæ скуывта Баскаты Дзамболат, цалдæр сидты фæстæ Хъу- ыбады дæр бахъæлдзæг... Дыккаг бон та сæ æз иуæндæсæм сахатыл бабæрæг кодтон, Нинæ Васильсвнæ йсддæмæ уазæгдоны ничи разынд, фæлæ уайтагьд фæзындысты Хъуыбадьт, Дзамболат æмæ Хъæбæлоты Билар. Æз уæд Билары фыццагхатт фсдтон, ныллæджытæ, фыдхуыз, зæрдæмæдзæугæ лæппу-лæг. Никуы мæ фсрох уьтдзæн Билар Нинæ Васильевнæйы иуварс куыд акодта æмæ йын зæрдæвæрæн дтыхæстæ куьтд кодта, уый, æрæджиау йæ дзыппæй æхцайы тыхтон систа: «Кæд,- мыййаг, тыхст стут, уæд мæнæ мсмæ фондз мин сомы рахастон æмæ уьтн сæ ратдзынæн».;. Нинæ Васильсвнæ йын сæ йæ дзыппы фæстæмæ сæвæрын кодта, арфæйы ныхас дæр дзы нæ ферох... Уый дын, Дамир, фыццаг фсмбæлдæй ма цы хъуыды кæнын, уый, дыккаг фсмбæлд дæр къаддæр æнкъард нæ уыдис. 95
Уалдзæджы уыдис уый та, 1954 азы. Уæд Хъуыбады куыста Хуымæлæджы МТС-ы дирскторæй. Иу изæр та мæм мæ фыд телефонæй æрдзырдта æмæ та мын карзæй ныффæдзæхста: «Хъуы- бады та Мæскуымæ фæцæуы æмæ-иу йæ размæ рацу. Хъусыс, уазæгдонмæ-иу æй цæрынмæ мацыхуызы ауадз»... Æз ма уæд цардтæн мстро Смолснскийы цур, коммуналон хæдзары, уыдис дзы фондз уаты, пу дзы мæнмæ æрхаудта. Æрбацæуæны дуарыл фыст уыдис цалдæр мыггаджы — Адасксвич, Жаншиева, ирон сылгоймаг уыди, Диамснт, зындгонд хуызисæг, журнал «Женщина»-йы куыста, стæй зæронд большсвйк Алсксссва. Иутæм дзы элсктрон дзæнгæрæй иу зæлланг бакæнын хъуыд, иннæтæм — дыууæ æмæ афтæ дарддæр. Иудзырдæй, зонгæ мæскуыйаг цард. Æз та вагзалмæ йæ размæ рацыдтæн, уыи уыд иунæгæй, нæхи поезды. Кæрæдзиуыл бацин кодтам. Уæд ма Хъуыбады уыди ЦК-йы уæнг. Уырдæм бадзырдта, машинæ иæм æрбацыд æмæ йын æз фæндагыл бамбарын кодтон мæ фыд мын телсфонæй цы ныффæдзæхста, уый. Уый нæ разы кодта æмæ сбыцæу стæм. Мæ коммæ куы нæ каст, уæд ма мæ фырадæргай цы акодтаин, уый нал зыдтон æмæ йын загьтон: «Ды дæхи фæнд куы атæрай, уæд дæм æз цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ дзыхæй нал сдзурдзынæн. Афтæ-иу æй нымай Булатæн Хъуыбады фыдыфсымæр нал нс, зæгыæ»... Уымæ уыцы ныхæстæ цыдæр диссаг фæкастысты, афтæ скæрддзынæн, ахæм иудзырдон разындзыиæн, уый æнхъæл мын нæ уыд. Æнæдзургæйæ мæм бирæ фæкаст, стæи æрæджиау загъта: «Мæнæ цахæм дæ, мæнæ! Дæ фæнд ацыдис». Æз уымæй размæ Хъуыбадыйы æрцыдмæ мæ уат чызджы ху- ызæн лæмбынæг бафснайдтон, ног гобаны æмæ базы цъæрттæ бакодтон, уый сынтæгыл хъуамæ хуыссыдаид, æз та диваныл... Иудзырдæй, иу къуыри мæм фæцард.Райсомæй-иу Крсмлмæ ацыд, изæр-иу æрбаздæхт, мæнмæ та разæй унивсрситсты фæлварæнтæ æнхъæлмæ кастысты, кæйдæр загьдау, мæ сæр схъил кæнынмæ дæр мын рæстæг нæ уыди. Фæлæ-иу изæр куы раздæхт, уæдмæ-иу ын æз йæ курдиатмæ кæсгæ фынгæвæрд сарæзтон. Æхца мæм-иу радта æмæ-иу æз балхæдтон мæскуыйаг сæрмагонд водкæ, уарзта дзы дыууæ-æртæ чысыл агуывзæйы баназын, цывзытæ, къа- буска, къалбас, мæхицæн та-иу бæгæныиы авг. Бахъæлдзæг-иу, дзырдмондаг-иу сси. Уæд ыл 47 азы йсддæмæ нæма цыд, фæлæ æнаххосæй цы стыр æфхæрд раиста, уый иыл фæбæрæг, фæзæрондхуыз. Ныр та йæ дыккаг цæф кæнынмæ хъавыдысты, фæлæ сын нæ бантыст, хъæддых сæм фæлæууыд. Æрхуыдтой йæ ЦК-йы партион къамисмæ. Æз æй йæ ныхæстæм гæсгæкуыд бамбæрстон, афтæмæй иыл чидæртæ цыдæртæ Хрущсвы номыл ныффыста, ома, дам, æй фаг нæ бафхæрдтат, хъавыдысты йæ кæнæ цъыфы сызмæнтынмæ, кæнæ æрцахсынмæ. Уыцы къуырипы дæргьы йсмæ ныхас кодта уыцы ЦК-йы партион къамисы сæрдары 96
хæстæ æххæстгæнæг Комаров, йæ ном мæ дæлæвзаг рауай-бауай кæны. Уый йæ тынгдæр зылын кодта Бсрияйы тыххæй, дæ ахастд- зинæдтæ, ддм, уыцы знагимæ махæн фæбæлвырддæр кæнын хъæ;уы. Æз ма мæхæдæг хорз хъуыды кæнын Лаврснтииы цы бон æрцахстой, уый. Уæд æз уыдтæн Мæскуыйы бынмæ хъæу Хатько- вайы сæрды астæу практикæйы. Ыæ чызджытæй иуæн йæ фыд ЦК-йы хæстон хайады куыста æмæ сæхимæ радзырдта Бсрия, дам, знаг у, æрцахстой йæ, чызг та йæ махæн радзырдта. Æз элскт- ричкæйы абадтæн æмæ’уайтагьд Мæскуыиы балæууыдтæн, ра- хызтæн Маяковскийы номьтл мстройы цур, уырдыгæй та фистæгæй араст дæн Восстанияйы фæзы рæзты, Бсрияйы хæдзар уым уыд, йæ алывæрсты æхсæвæй бонæй хъахъхъæнджытæ зылд граждайнаг дарæсы, куыддæр-иу къæвда фсмæхст, афтæ-иу ссппæтыл дæр уыцы иухуызон плащтæ фæзынд. Ныр уыцы хæдзары цур цъиузмæлæг дæр нæ уыд, хъахъхъæнджытæ цыдæр фссты æмæ йæ уæд мæхи зæрдæ дæр базыдта: уый дзæгьæлы нæу, æвæццæгæн, æй æцæгæйдæр æрцахстой, уыцы чызг раст у, æз та йæ æнæхъуаджы æфхæргæ бакодтон, зæгъын, мысгæ кæныс, уымæн уæвæн нæи. Райсомæй раджы æрдæгфынæй уыдтæн, афтæ та радио радзырдта Бсрия, дам, адæмы знаг у, ис ын хъузæттæ дæр æмæ загьтой иу, дам, дзы у... Кулов. Уырны дæ, Дампр, мæ сæрыхъуынтæ арц сбадтысты, ныр, зæгьын, мæ дзæбæх фыдыфсымæр" цы фæуыдзæн, ау, куыд хъуамæ уа уый. Нæ мæ уырныдта! Уалынмæ та уыцы æнæхайыры информаци дыккаг хатт радзырдтой æмæ уæд фыр- цинæй хæрдмæ сгæпп кодтон: уый Кулов нæ уыд, фæлæ Мср-кулов уьтд, йæ хæдивджытæй иу Бсрияйæн, хуыссæгхъæлдзæгæй мæм раст нæ фехъуыст. Мæ фыдыфсымæрæн та Лаврентиимæ ницавæр ахастдзинæдтæ уыдис. Нинæ Васильсвнæ дын æи дзырдтаид, мæнæ мæхъæлы хæссынмæ куы ссыдис Бсрия, дæлæ иæ вагон æфсæнфæндаджы иу талынгкъуымы куы уыд, уæд ын республикæиы уæлдæр хицауад пу изæр сарæзтой банкст, Мæскуыйæ ссæуæг пннæ стыр хицæуттæн дæр-иу куыд арæзтой, афтæ. Фæлæ Хъуыбадыиы амондæн Лаврснти уырдæм нс ’ссыди, йæхи бæсты рарвыста иæ хæдпвæг инæлар Кабуловы. Ацы лæджы мæхъæл иæ мыггагмæ гæсгæ схуыдтой ирон, афтæмæй та уыд тбилисийаг сомихаг, тынг рæсуп^д дзырдта гуырд- зиаг æмæ сомихаг æвзæгтыл, тынг æвзæр та — уырыссагау. Уыцы Комаров Бсрия æмæ Хъуыбадыиы ахастдзинæдты тыххæи куы ницы сбæрæг кодта, уæд та йæм æндæр цæхгæр фарста радта: «Уæдæ ма мын зæгъ: Политбюройы куысты рæстæг Бсрия цалдæр хатты раппæлыд дæуæй, æгап^æд, дам, у ахæм курдиатджын раз- амонæгæн Ирыстоны бадын, Мæскуымæ иæ æрхонæм. Цæмæн дыл афтæ тынг тыхсти?» — Уый ^æхицæн дæр æнæнхъæлæджы у, — запэта Комаровæн Хъуыбады, — Уый мæн нæ уырны, уымæи æмæ мæ иу цалдæр азы размæ хуыдтой Мæскуымæ цæдисон прокурорæй æмæ уæд ууыл 97 7Д.Х.Дауров ,
Берия нс сразы, сæхимæ, дам, уал Ирыстопы акусæд, кадртæ бацæттæ кæнæд, стæй та фсндзыстæм. ’Кæд Сталины цæстмæ афтæ дзырдта?.. Уæд та йæм Комаров радта æндæр фарста: «Ды, Хъулы фырт, арæх ныхас кодтай партион конфсрснциты, плснумты, актпвты, дæ уыцы докладтæ дын мыхуыр кодтой рсспублпкæиы æппæт газсттæ дæр æмæ сын ды истай гонорар. Ау, дæ хуызæн бæрнон кусæгæн йæ мызд фаг нæ уыд цæрынмæ?.. — Æз, куыд раздæры юрист* афтæ æнхъæлмæ кастæн уыцы фарстамæ дæр, — дзырдта мын Хъуыбады, — Мæ дзыппмæ нывназлдтон æмæ йæм равдыстон квптапцитæ, уыдонæй бæрæг уыд æз зыбыты иунæг газстæй дæр зыбыты пунæг каппск дæр кæй нæ райстон, уый. Комаров смæсты, иæ хæдивæгмæ фæдзырдта æмæ йын мæ цуры алывдтæ акалдта кæронмæ кæй пс сбæрæг кодтат, ахæм факттæ мын мæ фындзы бын цы батъыстат, зæгьгæ. Ныфсæрмыта: ис, мæгуыр, афтæ дæр ма мын зап>та куы сæ райстаис, уæддæр, дам, дзы ницы аххосджын уыдаис... Иудзырдæй ’ Хъуыбадыйæн йæ бон баци пæхи сраст кæнын, Ирыстонмæ раздæхынмæ цæттæ кæнын райдыдта. Мæнæ райсом цæудзæн, зæп>гæ, афтæ мын изæрæй афтæ зæп>ы цæй æмæ, дам, рагацау æхсæвæр скæнæм, стæй ды схуыс, æз та иу чысыл кусгæ акæндзынæн, цьтдæр фыссинаг дæн. Махæй чысыл дарддæр уыд кинотеатр «Арц» æмæ уырдæм фæстаг ссансмæ ацыдтæн. Куы раздæхтæн, уæддæр ма Хъуыбады цыдæр фыста, æз æнæдзургæйæ схуыссыдтæн, бонырдæм иу цыппар сахатыл раГ|хъал дæн, уæддæр ма фыссы, æхсæз сахатыл — фыссы та. Авд сахатыл сыстадтæн, алы райсом дæр-иу цыдтæн Мæскуы-доны былмæ зарядкæ кæнынмæ, ацыдтæн, уæдмæ ссис фараст сахаты. Куы раздæхтæн, уæд мæм Хъуыбады бадзырдта, лæмбынæг мын ныккаст мæ цæстытæм, стæй загьта: «Мæнæ дын дыууæ къонвсрты æмæ сæ Крсмлмæ бахæс, ныппар сæ писмотæ дзы кæм фсппарыиц, уыцы ассычы»... Æз сæ райстон æмæ сæм æркастæн. Иуыл дзы фыст уыд уырыссагау мæнæ афтæ: «Центральный Комитст КПСС Н.С. Хрущсву». Иннæуыл та: «Центральный Комитст КПСС Г.М. Малснкову». Цы сæм ныффы- ста, Хуыцау йæ зонæг, бирæ цыдæртæ ахаста исмæ мæрдтæм, бирæ информаци, йæ рæстæджы сæ ныффыссын никæиы сæр æрцахста, чи зоны, уæндгæ дæр нæ кодтой. ’ Цы уыд, уый уыд, фæлæ æз уыцы дыууæ къонвсрты ахастон, иуæндæсæм сахатыл Крсмлы къæсæрæ»! бахызтæн... Гъе уыдон дын уыцы æнкъард фсмбæлдтыты тыххæи Мæскуыиы мæ фыдыфсымæримæ. Æз мæхæдæг æртæ азы фæстæ ссыдтæн нæхимæ æмæ йæ уайтп>ад бамбæрстои республпкæйы хицауад Хъуыбадыйы бинонтæм, йсрвадæлтæм ын уазал цæстæнгас кæГ| дарынц, уый, цыма æппæт Хъулатæ дæр цæмæидæр аххосджын фесты, уыйау. Æцæг, раст зæп>ын хъæуы, мæнæ’ Хъæбæмоты Била- ры заман уавæр аивта... Билар Хъуыбадыиæн стыр арп> кодта, æз мæхæдæг партийы обкомы кусын куы раидыдтон, уæд-иу нæм 98
^Виларимæ арæх рауад уый тыххæи ныхас. стыр разамонæгыл æй нымадта. Мæнæ мæлгæ цы бон акодта мæ фыдыфсымæр, уæд Билар раздæр бадзырдта Нинæ Васильсвнæмæ тслсфонæи, мæнмæ та кабинстмæ фæсидт, фæныхас кодтам куыд хуыздæрæи баныгæнæм, уый тыххæй. Нырма, дам, ын партпон æфхæрд ис, ист ын нс ’рцыд, исчитæ та истытæ дзурдзысты, фæлæ уæддæр стыр лæг уыд, бирæ хæрзты бацыд Ирыстонæн, цæй æмæ иæ Иры хъæуы Къостаиы уæлмæрды баныгæнæм. Ам мæ фарсмæ нæ кусджытæи чидæртæ мсмæ разы нс ’сты æмæ рæдийынц, ахæм лæгтæ нæм бирæ нæ уыд æмæ æз уйцм бæрнондзинад мæхимæ исын, ацу æмæ дсрвадæлтæн афтæ бамбарын кæн, ма тыхсæд. Куы пæ баныгæдтои, уæд та’мæм Билар йæхимæ фæсидт æнæхъуаджы ныхæстæ* дам, мæм æрбайхъуыст, Хъулаты хистæртæй, дам, чидæртæ афтæ зæъынц, фылдæр кад, дам, ын æмбæлыдис. Зæгьып,' ма мæт кæн ууыл, кæмæ хъусыс, уый уæртæ Цымытипæ нсрвадæлтæи чидæр æгæр аныЗта æмæ æнæрхъуыды ныхас зап>та, дæ зæрдæмæ иæ ма хæсс, æппæт Хъулатæ дæр дæ бузныг сты. Мæ фыд Созырыхъо Хъуыбадыиæ дыууæ азы хистæр уыд, мæлгæ дæр дзы дыууæ азы раздæр акодта. Гъс уæддæр нын Билар, æвæццæгæн, Хъуыбадыйы сæр хъуыды кæнгæиæ стыр æгьдæутты бацыд, нæ рисс нын фæкъаддæр кодта. Ахæмтæн куыд пс рохгæнæн? Уæдæ Хъуыбадыйы саударæн митинг дæр тын хорз арæзт æрцыд. Æгкацаты Валодя æппæты разæй бакъахдзæф кодта чырыныл схæцынмæ, Мæскуыйæ стахт сæрмагондæп зпапы хабар куы фсхъ- уыста, уæд Хъуыбадыйæн фæстаг хæрзбон зæгьынмæ. Уый нын уæлдай æхсызгондæр уыди. Уæвгæ дын раст куы зæгьон, уæд Валодямæ лæгдзинæдтæ бирæ уыд, уыди уæпдон, мæнæ иронау куыд фæзæгъынц зыхъ-лæг, зæгыæ, гьс ахæм... Х1>УЫБАДЫ ЙЕ ФСИПЫ МÆСКУЫМÆ Й1ШÆ ПÆ УÆГМ’А, ФÆЛ/Е УЫЙ ЙÆ СУСÆГÆЙ УÆДДÆР УЫМ ПАЛÆУУЫД. МАЛЕНКОН Й/ЕХП БАМБÆХСТА. СУСЛОВ - ЗЛГЬДКЪАХÆГ ÆМÆ АРДАУÆГ МЫСЫ НИНÆ ВАСИЛЬЕВНÆ: • — Йæ спсынæй иу афæдзырдæ^жы размæ æз дæр æмæ Хъуыбады дæр банкъардтам йæ глыварс цыдæр сусæг змæлд кæй цæуы, уый, цыдæр иыхæстæ... Иу къорд азы дæргъы йæ фарсмæ обкомы сскрстарæп фæкуыста Чур- кин, хъæддых ныхасгæнаг, фæлæ æгьдауджын æмæ куыстыл æнувыд адæймаг. Хъуыбады иын аргь кодта. Фæлæ æнæнхъæлæджы Чуркинæн йæхицæн дæр æмæ Хъуыбадыйæн дæр уымæ*иу бон ЦК-мæ фæдзырдтой æмæ йæ аппæрстой, кæд нæ рæдииын, уæд, æнхъæлдæн, æмæ Киргизимæ, уæлдæф бынатмæ. Йæ бæсты та нæм Мæскуыйæ сæрвыстой Ссвостьяноны, ннцы уæпгæиæ йæхицæй цыдæртæ ^и арæзта, ахæм, æд ус æмæ æд сыиæллон. Ууыл дæр та бонтæ рацыд æмæ ныхæстæ райхъуыст, зæгыæ, дам, Ссвостьянов æрвыст у уый тыххæй, цæмæй Хъулы (|)ырты сдзырддаг кæна. Уалынмæ амардис Сталин æмæ у<'сд та раихъуыст, зæп^гæ, дам, 99
уымæн йæ кадртæ тагъд рæстæджы кæнлзысты ивгæ. Хъуыбады дар, дам, уыдонæй у. Уыцы дам-думтæ æмæ дызæрдыггаг ныхæстæм Хъуыбады никуы хъуыста, æнцад иæхицæн куыста.-Фæлæ уыцы ныхæстæ тынгæй-тынгдæр хæлиу кодтои, чмдæр ’ым иæ куыстмæ, стæй та дæр нæхимæ дæр æрбадзырдта Севостьянов, дам, Сусло- вимæ тслефонæй дзырдта æмæ иын цалдæр хатты зап/га мæнæ ацы фразæ:«Дæ хæс дын сæххæст кодтом...» Уæдмæ Мæскуыйæ цавæрдæр бæрæггæнæг къамис ссыди, стæи йæм ЦК-мæ бадзырдтой дзуаппон докладимæ. Йсмæ уыцы балцы ацыдысты Ссвостьянов, Билар æмæ Баскаты Дзамболат. Æмбæрстон æй цæуылдæр мæт кæны, уып, пæ зæрдæ цæмæдæр æхсайдта æмæ, зæгьын, мæн дæрдсмæ ауадз. Нс сразы Хъуыбады. Фа^лæ вагзалы посзд фæзилæны куы фæаууон, уæд ын фæтæрип>æд кодтон, мæхинымæр — æз хъуамæ иæ фарсмæ уон. Уырдæм сæ цы машинæ нылласта, уым абадтæн, ратап^д кодтон Дзæуджыхъæумæ æмæ телсфонæй ныддзырдтон маршæл Консвы ус, мæ хæлар Аннæ Ефимовнæмæ, ныллæгьстæ иын кодтон, зæп^ын, тслсграммæ-молни мæм ацы уайсахат ратт, цыма мæ чызг Томæ, Мæскуыиы ахуыр кодта университсты, уыдонмæ царди, тыхст рынчын у æмæ рæвдз куыд æрхæццæ уон, афтæ. Уырны дæ, Дамир, сахаты фæхтæ ахæм телсграммæ æцæгæй дæр раистон. Уæдмæ ссис раОсомы 10 сахаты. Æз институты баллæууыдтæн, с|)æл«е дирсктор уым нæ разынд, фæссихор, дам, посзды Мæскуымæ цæуы, сæхимæ ацыд иæхи цæттæ кæнынмæ. Нæ рæбыны уæлæнгаи æхцатæ никуы уыд, уыцы бон дæр афтæ, фæлæ æз обкомы финансты хаиады хпцау Псшковмæ бадзырдтон, зæп>ын, фыстау мын иу мин сомы бæрц ссар. Цалынмæ агуырдта, цалынмæ сæ истон, уæдмæ рæхтæг апвп>уыдта, дирсктор сæ хæдзары нал разынд æмæ уæд æз дæр посздмæ ратап>д кодтон, фæлæ уæдмæ уый аивп>уыдта. Мах цъиувæдис нæ систæм шофы- римæ, фæлæ йæ фæстсйы рассырдтам æмæ иæ Бсслæны баГп’ксфтам, уым ма вагзалы лæууыди. Æз цалдæр вагоныл азылдтæн, нæ директоры ссардтон, уый мын мæ курдиатыл мæ «рынчын» чызгмæ ацæуыны тыххæй рсзолюци сæвæрдта, æз æи байиæфтон шофырмæ раттын, зæп>ын, институтмæ 11æ бахæсс, мæхæдæг уыцы посздæй нал рахызтæн, дыккаг бон Мæскуыйы æрхызтæн. Хъуыбады æмæ йе ’мбæлттæ цардысты уазæгуат «Мæскуыиы», дыккаг уæладзыджы. Хъуыбады ЦК-иы уæнг уыд, уыдонæи та-иу ахæм рæтты æппæтæй æххæст номыртæ лæвæрдтой цæрынмæ. Уæладзыгмæ асинтыл куы сцæйцыдтæп, уæд хæрхæмбæлд фæдæн Хъуыбадыйы ординарсцимæ, мæ рæзты уыцы æнæвдæлонхуызæи ахызт, нæ мæ базыдта, иуы фæсонæрхæджы дæр нæ уыд æз сæ фæстсйы рассурдзынæн, уый. Кæм цардысты, уыцы номырмæ куы бахызтæн, уæд ссппæтæн фырдистæи сæ% цæстытæ рацæНхаудтой, сæ бынæтты фсстадысты, уæлдай тынгдæр та Дзамболат ныддис кодта: — Мæнæ диссаг, Нартмæ иу Сатана. Хъулатæм — иннæ Сатана! 100
- Кæсын сæм, æмæ æнкъпрдхуыз. Куыд сбæрæг, афтæмæй ЦК-йы уыдысты, бынтон хорз цæстæй сæм нæ ракастысты æмæ уыцы æнæдзургæйæ катай кодтой. Ай хорз нæу, зæп>гæ, рсстораны офи- циантмæ бадзырдтон,æхсæвæр нын нозтимæ æрхаста, фæйнæ цалдæры куы банызтой, уæд гыццыл бахъæлдзæг сты. Уаты къуымы цыдæр зæронд рояль лæууыди, æз йæ цуры бандон авæрдтон æмæ цæгъдыс ма нал. Дзурын сæм: — Уæ фындзтæ цы æруапл-ат? Æркафут ма!.. Цы тæрсут, уæ куыстытæй уæ сисдзысты, уымæй? Исты уæ фыдтæ дæр ахæм бæрзонд бынæтты амардысты? Адæм уæ уарзынц, æмæ уый та сæйрагдæр у... Кæддæр æмбисæхсæв базтæм нæ сæртæ куы æрупугам, уæд мæ Хъуыбады фæрсы: — Дæ хуыцауыхатырæй, цы иæ йæрра кодтаи?.. Райсом нæм цытæ æнхъæлмæ кæсы, уый нæ зоныс?.. — Æмæ цы? — рабадтæн æм æз мæ хуыссæны, — Крсмлмæ сæргуыбырæй хъуамæ ацæуай? Нæ! Æз уал æмæ уал азы цæрын дсмæ æмæ дæ иу чъизи хъуыддаг бакæнгæ нæма фсдтон. Уæд дын цы хъуамæ кæной? Бахатыр кæн, фæлæ дсдзард фыд обкомы фыццаг секрстарæй нæ райгуырд æмæ уыцы бынаты нæ амард. Ис æндæр куыстытæ, кæцыран дæ адæмæп къаддæр папда кæм нæ хæсдзынæ... Суанг боныцъæхтæм æз дæр æмæ уый дæр нæ цæстытæ нс- рцъынд кодтам, мæнæн мæ зæрдыл æрлæууыд мæ хистæр хо, уый рсволюцийырдæм тынг здæхт нæ уыдис. фæлæ-иу афтæ зап/га: «Кæд адæмæн сæ фылдæр Хъуыбадыйы хуызæн сып^дæг æмæ æнувыд сты Ирыстоны хъысмæтыл, уæд æз разы дæн совстон хицауадæн службæ кæнынмæ...» Дыккаграйсом Крсмлмæ а’цыд, пзæрмæ хæстæг æрбæздæхти. Æз æм балкъонæй кастæн, цьтдис рæвдз, цыма æппындæр ипцы æрцыд, уыйау. Æрбахызт, йæ папкæ стъолмæ æрбаппæрста æмæ запгга: — Ну, милая, ахицæн, суалъд мæ кодтой... Зæгьын, радзур ма, куыд уыдп... Секретариаты æмбырды сæрдарнуæг кодта Хрутев: « Райдаи, Хъулы фырт, радзур ма цæимæ нæм æрцыдтæ...» Хъуыбады райгом кодта йæ папкæ, рафæлдæхта гæххæттытæ. Дæс — дыууадæс хъуыдыйады дæр нæма зап/га, афтæ йæ Суслов бауырæдта: — Уыдæттæ хорз стьт, Хъулы фырт, фæлæ ма нын фæлтау радзур дæуæн дæхиуыл адæмы знаг куы æмцсгад кодта, уыи*... Иууылдæр æй бамбæрстой кæмæй зап/га, уый : Берияиæ. Хъуыбады иæ папкæ сæхгæдта, Суслов афтæ бакæндзæн, уый .йьтн æнæнхъæлæджы нæ уыд, æнхъæлмæ дæр æм каст. Æмæ райдыдта... Уый’фæстæ мын Билар дзырдта: «Хъуыбады æгæр къæйныхæй равдыста йæхи, сæхимæ сын фæл^сбурдта, сымах, дам, æм хæстæгдæр куы уьтдыстут мæнæй. Æз ын стъолы бын мæ къахæй иæ 101
къах бакъуьтрдтон, зæгъын, æгæр хъæддыхæи. сæм ма лæуу. Нæ хъæуы. Уый мæм разылди æмæ мæнмæ дæр фæци сыгьдæг мронау: «Уый та цы хоньтс — нæ хъæуы? Æз кадпмæ фæцардтæн, кадимæ куыстон æмæ никæмæн ныббардзынæн æиаххоссæй мæ куы бафхæрой, уыи! Цы уыди, цы нæ уыди, уый мыл цæмæп мысынц? Цæмæй мьтл æмцсгад кодта, хæстæгмæ пæ лæгæп лæгмæ дыууæ хатты йсдтæмæ уынгæ дæр куы нæ фæкодтоп, уæд?» • Æмæ йын уæд афтæ зæгъынц, уæдæ, дам, дæ рпуыл уал хорзæхы кæцæй æрцьтд: Хъуыбады æцæг цы уыди, уый загьта: — Мæнæ ацы ордсн Кавказы хъахъхъæныны тыххæй раистон, Лснины ордснтæ дæр мын ничп радта, мæхæдæг сæ мснæсапд фæллойæ бакуыстон. Уалынмæ та ног фарста: — Хæсты фæстæ адæмы знаг Бсрия Тбплпсы иу стыр æмбырды дæуæй раппæлыд, хæсты рæстæг, дам, хорзæи йæхи рапдыста Хъулы фырт æмæ Даниялов Махачкалайæ... — Æмæ цæуыннæ хъуамæ загьтаид? — ныхкъуырд сын лæвæрдта Хъуыбады, — æгас Цæгат Капказы æрмæст Цæгат Иры- стоны разамынд нæ сыстад иæ бынатæи, искуыдæм иннæтау нæ ацыд. Хæст нæ горæты тæккæ цур цыдп, мах уæддæр нæ бынæтты баззадыстæм æмæ разамынд лæиæрдтам знаджы ныхмæ хъахъхъæнынадон куыстытæн. Кæд уæ зонын фæнды, уæд ма сыхаг рсспубликæтæ æмæ крайтæп дæр махмæ ралыгьдысты. Мæнæ дзы ам чи бады, уыдонæй дæр чидæртæ уыд, æпи сæ рох фæцис? Залы чи бадт, уыдонæй чидæр Суслопы цæстмæ афтæ бакодта: — Берия йæ хæлар уыд Хъулы фыртæн, уæддæр ын нырыонг стыр авторитст ис. Фсхалын æй хъæуы... — Æмæ цы? — фæлæбурдта уымæ дæр та Хъуыбады, — уый æрмæст мæ авторитст нæу, уып цы партииы дæн, службæ кæмæн кæнын, уый авторитст дæр у æмæ æз уымæи сæрыстыр дæн. Æвзæр цæмæн у уый? Бирæ загъта — багьта ма дзы рауад, бæрæг уыд иæ сисыныл рагацау ныхасгонд кæй уыдысты, уый. Æрæджиау ма Хрущсв зап*та: — Æмбал Хъулы фьтрт, махæн нæ бон нæу дæумæ стыр фаутæ æрхæссын, фæлæ ахæм уапæр сæнзæрд, кæцымæ гæсгæ дæуæн уæ обкомы фыццаг сскрстары бынаты ныууадзæн.нал ис. Акусут уал дæлдæр разамонæг куысты. стæи кæд цæрæм, уæд мах дæр ам уыдзыстæм... Æртæ боны ма фсстæм уый фæстæ Мæскуыиы ;смæ уыцы æртæ* боны дæрп>ы Хъуыбады архайдта Малсикоимæ бахауыныл, фæлæ йын дзы ницы рауад. Уымæй иу цалдæр азы размæ нæ чызджытæ столицæйы ахуырмæ куы бахаудтои, уæд фыццаг бонты сæ цуры фæуон, залъгæ, Хъуыбады Малснкопмæ бацыд æмæ дзы куырдта, цæмæй йæ иуцасдæр ардæм ахуырмæ рарпитоп, никуы ма уыди. Уæд ьтл Малснков ныддис кодта: 102
— Дæумæ ардæм ахуырмæ бадзурæм?! Лу, æмæ ды махæн академик секрстарь куы дæ! Мах ам, ЦК-пы, уымæ куы бæллæм, цæмæй нæ сскрстартæ иууылдæр Хъулы фырты хуызæн æппæтзонаг куы уаиккой, зæгьгæ. Ацу æмæ кусгæ кæн... Ныр уыцы Малснков «мæнæ райсом, мæнæ фæссихор», зæп^гæ, фæрасайбасай кодта, уыцы акадсмик-сскретары, йæхимæ йæ хæстæг нал бауапуга. Цæмæи тарстн, хуыцау иæ зонæг. Афтæмæй та дзы бирæ цыдæртæ нæ агуырдта, æрмæст æи фæндыдис уымæн Сусловимæ йæ ахастдзинæдты тыххæи радзурын. Æртыккаг бон æнæ ницæмæй рафардæг стæм. Сусловимæ та иæ хабар афтæ уыд: Сталинимæ тслсфонæй аныхасы фæстæ (бæлвырд уый тыххæй бакæсдзыстут дæлдæр), Мæздæджы раГюн рахаудта мах рсспуб- ликæмæ. Уымæй чысыл фæстæдæр кæцыдæр хъæуы адæм Хъуыба- дымæ сæ хъаст бахастой Суслов, дам, иын нæ бæхты завод Цæгат Ирыстонмæ нæ дæтты. Хъуыбады айтæ-уитæ нал фæкодта, тслефо- ны хæтæл систа æмæ хабар Малспковæн радзырдта, уый дзы Сусловмæ дзæбæх балæвæрдта æмæ бæхты завод мах баци. Гъс уымæй фæстæмæ Суслов Хъуыбадымæ хæрам зæрдæ рахаста. Уымæй размæ та йæм фæхæрам Бсрия уæртæ Тбилисы бæстæйы сæйраг Совстмæ æвзæрстыты рæстæг хæсты фæстæ иæ раныхасы Хъуыбадыйæ куы раппæлыд, уæд, Сусловæн дзы иæ кой нæ уыд,уыи йæ амардта. Æмæ дзы, хуыцауыхатырæи, цæГ| монцæн хъуамæ раппæлыдаид?! Мæнæн ма мæ цæстытыл хорз уайы 1942 аз, фæззæг, хæст Джызæлы бынмæ цæуы, мах цардыстæм мæнæ ныр госпитæл кæм ис, уым зæххы бын. Хъуыбады уæд 9-æм Æфсады хæстон Совсты уæнг уыди. Иу изæр, раст сæлфынæг кодта, афтæ дын дуары хъыррыст райхъуыст, баигом æмæ пæм мидæмæ йæ лыстæг роцъо æрбадардта... Суслов, Стъараполы обкомы уæды 1-аг сскрстарь. Ралыгади уырдыгæй махмæ, æз ын иæ чумæдан райстон, йæ къухтыл ын дон æркодтон, мах æп суазæг кодтам, афтæмæй та нымад уыд партизанты змæлды уымы разамонæг. Махæн нæхи хæдзары та цардысты Хъырымы партииы обкомы 1-аг сскрстарь, Кæсæг — Балхъары сскрстары бннонтæ, махæй ацыдысты хæстæй дардмæ, Дайраны комыл ахызтысты, мах дæр сæ фæдыл хуыдтой, фæлæ Хъуыбады цæхгæр ныллæууыд: — Адæм дæр ма махмæ куы кæсынц. Кæд Ирыстоны разамонд- жытæй иуы бинонтæ ам баззадысты, уæд нæ хъуыдæгтæ æвзæр нссты, цыдæр ныфс ма ис, — хъуыды кæнынц, уыдон... Уыцы боны ссьтд æмæ нæ иронуазæгуарзондзинад Сусловæй фсрох сты. Æппæты фыццаг ыл кæд фæгуырысхо стæм, уый дæр дын зæгьдзынæн. ЦК-йы сскрстарь куы ссис, уæд дын нæм иу бон псдагогон институтмæ кусынмæ Стъараполæи ссыд иу сылгоймаг, йæ мыккаг Свстлова. Суслов, дам, æи сæрвыста кусынмæ. Цы хъуамæ зап>таис? Уæд институты дирсктор уыд Хъуыбадыиы хистæр æфсымæр Созырыхъо. Кæсæм, у<'сдæ цы уыдаид, æмæ дын уыцы Свстлова дирскторы бын куы бабырид, алырдæм ыл хъæстытæ æрвитын райдыдта. Алырдыгæи — къамис къамисы ф^сдыл. Сæ иуы 103
æрмæгмæ сын Хъуыбады йæхæдæг æркаст, бпрæ хъæндзинæдтæ амынд дзы нæ уыд Созырыхъойы куысты тыххæи, фæлæ Г|æ уæддæр йæ бынатæй суæгъд кодта. Уый фæстæ дæр ма иуцасдæр Созырыхъо хæрам уыди йс ’фсымæрмæ. Иу бон Хъуыбады хъуыдыты аныгьу- ылд, фæрсын æй, зæгьын, цы кæныс. Æнхъæлдæн æмæ, дам, мын Сусловæн йæ зæрды цьтдæр бакæнинаг ис æмæ иæ мсфсымæрæй райдыдта... Риссаг цæф æй фæстæдæр кæй ныккæндзæн, уый уæд Хъуыбады нæма зыдта... 0, хæдæгай, хæст фæуынмæ хъавыд, афтæ ма иухатт æнæнхъæлæджы сæмбæлдысты Сусловимæ. Мæскуыиы. Абанайы. Уæд ахæм карз æгъдау уьтд: Крсмлмæ бацæуыны размæ хъуамæ сæрмагонд абанайы дæхи цынайай, дæ дзаумæттæм дын санитарон хуызы æркæсой. Уæд Сæйраг Совсты сссси уыд. Гъс, æмæ, ’дам, Суслов йæхи найын нæ куымдта, абанайы хпцауæп та гæххæт агуьтрдта, цыма уьтдис абанайы, уыйау. Уый иын нæ лæвæрдта, загьдзамана систа. Хуыздæр гæнæн ын нал уыд Сусловæн, раласта йæ дзаумæттæ. — Стæгдар æмæ стæгдар, — мысыд æрæджиау Хъуыбады, — мæнæ цыма мæрдты бæстæй рацыд. Стæй пæм цыдæр физикон хъуагдзинад уыд йæ буары. Дсфскт... Цавæр дсфскт, уый мæнæн, йæ биноинагæн дæр нссхъæр кодта Хъуыбады. Æцæг ма иухатт загьта: «Уым Сусловы абанайы чи фсдта, уьтдонмæ фæхæрам, йæ маст сæ исы, иууылдæр дзы хъаст кæньтнц»... ДЗÆУДЖЫХЪ/ЕУ, 1953 АЗ, 30 ИОЯПРЬ. ЦÆГАТ ПРЫСТОПЫ ПАРТИПЫ ОПКО- МЫ 1Х-а\ч ИЛЕПУМ. ВАСКАТЫ ДЗАМБОЛАТЫ ДОКЛАДÆЙ СКЪУЫДДЗАГ: -г Æмбæлттæ! Цалдæр боны хæдразмæ партииы Цснтрон Комитсты Сскрстари- ат байхъуыста ЦК-йы къамисы сæрп^лæууæг æмбал Коротасвы хъусынгæнинагмæ Цæгат Ирыстоны облæстои партион организа- цийы ньтртæккæ цьт уавæр нс, уый тыххæй. Сæ хъуыдытæ дзы загьтой обкомы фьтццаг сскрстарь Хъулы фырт, обкомы сскрстартæ Ссвостьянов, Хъæбæлойы фырт æмæ Министрты Совсты сæрдар Баскайы фьтрт. ЦК-йы Сскрстариаты æмбырды сб«срæт Цæгат Ирыстоны облæстон партион организацийы хъуыддæгтæ æмæ уавæр нывыл кæй нал сты, уый. Ацы фæстаг дыууæ азы дæрп^ы Цснтрон Комитст рахаста дыууæ стыр уьтнаффæйы: «Цæгат Ирыстоны партииы обкомы хъуагд- зинæдты тыххæй»Л950 азы фсвралы æмæ 1952 азы мартышы та «Цæгат Ирыстоны партийы обком цавæр разамынд дæтты идсологон куыстæн рсспубликæйы», кæцыран сбæрæг сты стыр рæдыдтытæ æмæ хъуагдзинæдтæ партион, дзыдлон — идсологон куысты, 104
хæдзарадон æмæ культурон арæзтады, кадртæ æпзарын æмæ хъо- мыл кæныны хъуыддаджы. Æмбал Хъулы фьтрт адæмы знаг Бсрияиæ 1*1æ ныфс хæсгæиæ æмбаглгæ хуызы йæ цæст нæ дардта лартппы ЦК-йы хаст уынаффæтæ æмæ амынддзинæдтæм. Ныхасæи -иу сразы обкомы куысты хъуагдзинæдтæ æмæ рæдыдтытыл, хъуыддагæи та сæ аиварс кæныныл нæ архайдта. Зындгонд у цавæр историон ахадындзинад уыдис ЦК-йы июлы æмæ сснтябры Плснумты рахаст уынаффæтæн, фæлæ Цæгат Иры- стоны партийы обкомы бюро, æппæтыфыццаг æмбал Хъулы фырт йæхæдæг нæ партийы уыцы вазыгджын дпрсктпвæтæи хъæугæ хатдзæгтæ нс скодта. Партийы обкомы æмæ Дзæуджыхъæуы партииы горкомы иугонд Плснумы æмбал Хъулы фырт скодта уæлæнгап фыст доклад,' пол- итикон аргь нс скодта уыцы Плснумæн, нæ раргом кодта адæмы знаг Бсрияйы цæсгом:, нæ бацамыдта партииы обкомы æмæ рсспуб- ликæйы Министрты Совсты куысты цы стыр хъуагдзпнæдтæ æмæ рæдыдтытæ ис, уыдоны тыххæй, нс схъæр кодта Бсрияимæ йын цы æнгом бастдзинæдтæ уьтди, уый дæр. Ныр бирæ азты дæргьы рсспубликæиы æндæр ницы куыстой, æрмæст Бсрияйæ æппæлыдысты. Адæмы знаджы ном лæвæрд æрцыд парк, фæз æмæ уынгæн нæ горæты, хицæн колхозтæн. Берия уыдис Цæгат Ирыстоны Са^йраг Совсты æмæ Дзæуджыхъæуы горæты Совсты дспутат. Бынæттон литсратурæ æмæ мыхуыры фæрæзтæ байдзаг сты адæмы знаджы номæй, рахуыдтои иæ «Кавказы фсрвæзынгæнæг» æмæ «ирон адæмы хæлар». Уымæй уæлдай Хъулы фьтрт æппындæр ницы загьта йæ доклады адæмы знаг Бсрияйæн рсспубликæйы номыл цы лвæрттæ æрвыстой, уыдоны тыххæй дæр. Бсрия æмæ йс Кабуловмæ ххуысгæнæг æрхаудтой мæнæ ахæм «кадджын». лæвæрттæ: нымæт , ирон кард æмæ æхсаргард, сызгьæрин доны тылд рон... Суанг ма йын сæрмагонд вагоны йæ гуырæн бонмæ йæ хæдзармæ арвыстой удæгас дзæбидыр дæр. Хæларæй цардысты Бсриямæ хæстæгæвæрд чи уыд, уыцы адæмимæ дæр. Афтæ Дзæуджыхъæуы зынаргь уазджытæ хынцынмæ арæзт æрцыд «Гуырдзыстоны Хæдзар», кæцыран æвæрд æмæ хъахъхъæд цыдысты дзаумæттæ, кæцытæ дзурæг уыдысты Бсрия ардæм кæд æмæ куьтд ссьтд, ууыл. Уьтцы хæдзары — иу арæх уыд Бсрияйы æххуьтсгæнæг, адæмы знаг Кабулов дæр, кæцыиымæ фсмбæлд Хъу- лы фырт дæр, сарæзта йьтн йæ номыл банкст. ’ Берияйæ нæ фсрох æмæ æнæцæстдаргæ нæ уагьта Хъулы ф,ырты. 1946 азы горæт Тбилисы, Бсрия æвзарджытимæ фсмбæлды бирæ фæдзырдта Хъулы фьтрты «сгуыхтдзинæдты» тыххæй хæхты бонты. ЦК-йьт сскрстариаты æмбырды сбæрæг Хъулы фырт адæмы знаг Бсрияйæн козбау митæ æмæ зæрдæлхæнæнтæ кæи кодта, уыи, æмæ уымæй, куыд партион бæрнон кусæгæн, йæ кад æрхаудта ЦК-йы кусджыты цæсты æмæ йын рсспубликæйы разамонæджы бынаты уадзæн нал ис... 105
ХЬУЫПАДЫЙÆП ÆМБÆЛДИ ÆППÆТЫ ФÆСТÆ РАЦÆУЫП ТРИБУПÆМÆ, ФÆЛÆ УЫЙ ЦÆМÆПДÆР РАПЫХАС КОДТА ДОКЛАДЫ ФÆСТÆ. МÆИÆ ДЗЫ ИУ СКЬУЫДДЗАГ: — Æмбæлттæ! Партийы Цснтрон Комитст лæмбынæг равзæрста мæн æмæ Цæгат Ирыстоны партийы обкомы куыстытæ æмæ нын сæ банымадта хуыздæрхъуагыл. ЦК-йы Сскрстариат уый тыххæй мах скодта раст критикæ, раст нын бацамыдта нæ рæдыдтытæ æмæ аххоссæгтæ. Æз сыл æнæхъæнæй дæр разы дæн. Партийы обкомы бюро, æз куыд фыццаг секрстарь, фаг практи- кон хатдзæгтæ нс скодтам ЦК-йы июлы æмæ сснтябры Пленумтæй, аккаг фадæттæ нæ сарæзтам нæ фæллойгæнджыты, уæлдайдæр та коммунистты рсволюцион цыртдзастдзинад фæтынгдæр кæныны тыххæй. Баскаты Дзамболат тынг раст бафиппайдта пæ доклады Цæгат Ирыстоны партийы обкомы æмæ Дзæуджыхъæуы партииы горкомы иумæйаг Плснумы партийы ЦК-йы июлы Плснумы æрмæджытыл ныхас кæнгæйæ фаг критикæ æмæ хи критикæ кæй нæ уыд, нæ хъуагдзинадтæ æмæ нæ рæдыдтыты тыххæй фылдæр ныхас кæи нæ рауад, уый. Æз уыцы Пленумы мæхæдæг докладгæнæг уыдтæн æмæ йыл сæттын: доклад мæхи зæрдæмæ дæр нæ фæцыд. Æз дзы аккаг хуызы нæ раргом кодтон партийы æмæ адæмы цыфыддæр знаг Бсрияйы цæсгом, нæ радзырдтон æз уымæн козбау митæ æмæ зæрдæлхæнæнтæ кæй кодтон; уый тыххæй дæр. Уыдон та уыдысты ахæмтæ: Бсрия æвзæрст æрцыдис Ирыстоны Сæпраг Совсты æмæ Дзæуджыхъæуы горæты Совсты депутатæй, иæ ном ын радтам фæлладуадзæн паркæн, колхозтæ æмæ уынгтæн, йæ номыл ын радтам дымыстæр тслеграммæтæ, цыма Кавказ, уæлдайдæрта Иры- стоны знагæй хæсты рæстæг уый фсрвæзын кодта, уыйау. Уый тыххæй сын 1943 азы, Берия æмæ йæ хæдивджытæ Кабулов æмæ Серовæн, рсспубликæйы номæй æрвыст æрцыдысты змнаргь лæвæрттæ — нымæтхуд, æхсаргард, æвзистсæр хъама. Æз æй нæ базыдтон, фæлæ уыцы бонты нæ рсспубликæиы паддзахадон Æдасдзинады Комит^ты адæмон комиссар Какучая уымæн сæрмагондæй йæ гуырæн бонмæ арвыста æгас сæгуыт. Хæхты бонты Бсрияйы хæдивæг Кабуловы Ирыстоны уæвгæйæ нæ рсспубликæйы разамонæг кусджытæй чидæртæ семæ ахуыдтоГ» сихоры х^срдмæ. 1944 азы та йæ ахуыдтон нæхимæ, уымæн æмæ йæ ньгмадтон уазæгыл, ирон лæгыл, цæмæй йæ зыдтон знаг у, уый. Йсмæ ма мæ хæдзары уыдысты Чуркин, Газзайы фырт, Тскайы фырт, Мамийы фырт, Какучая æмæ Восканов. Иу хатт ма йæ’зæгьын: нæ базыдтон уæд æз Кабуловы æцæгцæсгом, политикон куырмдзинад равдыстон, уазæгыл æй нымадтон. Фæлæ мын æнæзæгьгæ нæй уый, æмæ уыцы бонæй фæстæмæ, стæй хæсты размæ дæр Кабуловы æмæ мсхсæн ницавæр ахастд- зинæдтæ уыди, ницавæр хъуыддаг æмæ ницавæр фарстатæ лыг кодтам иумæ. Абоны Пленумы архайджытæн æнæзонгæ нæу 1944 106
азы февралы мæй нæ бæстæйы паддзахадон сæрмагонд къамис кæй * ссыд ардæм æмæ разамынд лæиæрдта цæцæны. мæхъæлы æмæ балхъарты ахæссынæн. Йсвзагæи йæ ничи ласта, афтæмæй Бсрия цалдæр хатты раппæлыди Ирыстоны æмæ Дагьистаны адæмтæй хæсты активонæй архайынц, зæгьгæ. Цы уыди, уый загьта, фаугæ та кодта Цæгат Кавказы иннæ адæмты уый тыххæп. Зыбыты иунæг Бсрия лыг кодта тсрриториалон фарстатæ дæр, Цæгат Кавказы рсспубликæты æмæ облæстты æхсæн администрати- вон арæнты хъысмæт. Уый тыххæй, стæй мæхъæл æмæ цæцæнæй цы адæмон хæдзарад баззад, уый дарддæры уавæрыл æрныхасы тыххæй Бсрия иу бон йæхимæ фæдзырдта партпиы обкомы фыццаг сскрстарь Мазин, обкомы дыккаг сскрстарь ГаззаГ|ы фыртмæ. зынг- хуысты адæмон комиссар Татайы фырт æмæ мæнмæ нæ посзды вагонмæ, кæцы иуцасдæр лæууыд æфсæнвæндаджы станцæйы. Усппæт дæр зонут Сталин мæм йæхæдæг кæй сдзырдта æмæ мсмæ тслсфонæй кæй ныхас кодта горæт Орджоникидзепæн йæ ном ивыны тыххæй. Уымæн йæ дыккаг бон та уый фæдыл вагонмæ фæдзырдта Бсрия. Мах уый тыххæй æмхуызонæп дæр нæ хъуыды загьтам, стæй йын бафиппайдтам, цæмæй хуссарырдыгæи Ирысто- ны арæнтæ ивд ма æрцæуой Гуырдзыимæ.. Адæмы знаг мах курдиат ницæмæ æрдардта. Иухатт ма йæ зæгъын: æппæт фарстатæ дæр лыг кодта иунæгæй, уымæ гæсгæ уый фæндонæй Кæсæджы, Цæгат Ирыстоны æмæ Стъараполы стыр фæзуæттæ баисты Гуырдзыстоны. Уый æнæраст уынаффæйыл банымадтой бынæттон цæрджытæ дæр, фæлæ сæм хъусæг нæ фæци. , Сæттын ууыл, æмæ уыцы тызмæг бонты æз æмæ Мазин кæй тарстыстæм Бсрияйæ, фаг хъæддыхдзинад нæ равдыстам, гæнæн уыдис æмæ хъуамæ нæ хъаст ахастаиккам æмбал Сталинмæ, фæлæ уый дæр нæ бакодтам, ууыл дæр нæ зæрдæ тынг нæ дардтам. Мæнæ цыма кувæндоны дæн, уыиау уын æргомæй зæгьып: 1944 азы февралы уыцы бонтæй фæстæмæ æз Бсрияпмæ лæпсй-лæгмæ никуы æмæ никæд уал фсмбæлдтæн, ницавæр фарстатæ лыг кодтон. Уый мæн нæ агуырдта, æз та — уый. Мæскуымæ ныццæугæйæ-иу нæ республикæйы партион организацийы хъуыддæгты тыххæй ны- хасмæ цыдтæн партийы Цснтрон Комитсты сскрстарь æмбал Малсн- ковмæ. Уымæй дарддæр нехсæн ницы уыд... АВТОРÆЙ:Мæн фæнды, цæмæй сымах дæр, мæ зынаргь кæсджытæ, баууæндат Хъуыбадыиы фæстаг ныхæстыл, адæмы знаг Бсрияйымæ йæ «лымæндзинад» Сусловы æрымысæггаг кæй у, ууыл. Йæ РÆСТДЗИНАДЫЛ. Уыцы хъуыддаджы уын æз мæхæдæг дæр баххуыс кæндзынæн, стæй та ногæй уæлдæр кæн коп кодтам, уыцы æнæхайыры Плснуммæ раздæхдзыстæм. ЛЫР ТА УАЛ МЫСЫ ПИНÆ ВАСИЛЬЕВНÆ: — Цы æрцыдис, уый æрцыдис æмæ йæ дæуæй уал азы фæстæ цæмæн хъуамæ бамбæхсин? Никуы æмæ никæддæр Хъуыбадыйы 107
æмæ Берияйы бинонты æхсæн ницавæр ахастдзинæдтæ уыдмс! Афтæ — иу сæ кой цы фехъуыстам, дардмæ — пу сæ цы фсдтам, æндæр ницы. Афтæ ма мæм байхъус... Хæсты фыццаг аз мæм иу изæр цæйдæр тыххæп тслсфонæи æрфадзырдта Мидхъуыддæгты министры бинойнаг, йæ ном мæ’ æрбайрох. Аныхæстæ кодтам, стæй мын афтæ зæгьы макæмæн, дам, æй ракой кæн, фæлæ, дам, горæты кæрон рсспубликæйы Æдасдзинады комитсты гьщцыл дачæйы æрцардысты Бсрияйы би- нонтæ — йæ ус Нинæ Таймуразовнæ, йæ фырт Ссрсжæ æмæ сæ лæггадгæнæг Боннæ, немыцаг сылгоймаг. Ам иу бон фæуыдзысты, стæй сæ Тбилисмæ аласдзысты... Уыдæттæ мын ракъæр-къæр кодта, стæй уыдоны тыххæй уддзæф дæр нал ссыд йæ дзыхæи. Дыккаг хатт та уыдис афтæ. Мæ астæуыстæг ма> тынг хъыгдæрдта, цыдæр тæссаг низ мын дзы ссардтой æмæ хъуамæ мæхи дзæбæх кæнынмæ ацыдаин Болгаримæ. Хъуыбадыйы тынг нæ фæндыд уырдæм, худинаг æм каст фæсарæнты рабыр-бабыр, фæлæ профессор Приоров хъæддыхæй зап>та: «Кæддæ фæнды, цæмæи дæ цардæмбал сдзæбæх уа, уый, уæд ацу.» Уый уыдис 1948 азы. Хæдтæхæг «Дугласы» сбадтыстæм æмæ нæ уый Прагæиы балæууын кодта, уырдыгæй хъуамæ ацыдаиккам маршæл Консвы дачæмæ, стÆй та машинæты арæнты сæрты Карловы Варæмæ. Аоропорты куы æрбадтыстæм, уæд немзæххонтæй уым чи уыд, уыдон сусу-бусу кодтой ацы хæдтæхæджы, дам, фæстæмæ нæхимæ тæхынц Бсрияйы ус æмæ йæ чындз, Максим Горькийы чызг Мармæ. Дардмæ сæ федтам, уазал дымгæ кодта æмæ сæ сæрыхъуынтыл дæлæмæ хæцыдысты, цымасын сæ хæсгæ акодтаид. Æндæр ницы. Æртыккаг хатт. Иу изæр мын Хъуыбады æхсызгонæй фсхъусын кодта, ЦК-йæ, дам, мæм сдзырдтой æмæ загьтой фæндон, дам, нæм ис дæу цæдисон прокурорæй акæнын. Фæндыдис æй, æнхъæлмæ каст уæдæ йæм абон бадзурдзысты, райсом... Ницы иын дзы рауад йенхъæлмæ кастæй. Берия хабæрттæ фсхæлдта. Афтæ, дам, зæпэы, нырма йын раджы у Мæскуымæ, фæлтау уал, дам, уым йæ рсспуб- ликæйы кадртæ цæттæ кæнæд, стæй бæрæг уыдзæн... Дарддæр. Дæлæ Мæлгьæвæг махмæ куы рахаудта, уæд Хъуыба- ды. рафæнд кодта Дзæуджыхъæумæ уырдыгæй газ суадзын. Уый та Берияйæ аразгæ уьтд. Мæскуымæ йæм ацыд, мæн дæр исмæ акодта, æз ын сæрмагонд бланкæйыл йæ курдиат ныммыхуыр кодтон уазæгдон «Мæскуыйы» æмæ дыккаг бон Крсмлмæ ацыд. Уыцы курдиаты Хъуыбады куырдта Берияйæ Ирыстонмæ газ æрбауадзыны тыххæй. Йæ бацыдмæ уым Лаврентийы кабинсты дуармæ æнхъæлмæ каст Дагьистаны партийы обкомы фыццаг сскрстарь Даниялов дæр... Хъуыбады Крсмлæй раздæхт мæсты æмæ æнкъардæй; нæ йæ бауапуга мидæмæ Бсрия. Мæ курдпат ын раиста, бакаст æй æмæ йæм йæ сскрстары рарвыста афтæ, дам, зæп> Хъулы ( фыртæн уымæ нæ кæй нæма æвдæлы, уæлæ уал Саратовæй Мæскуымæ æруадзæм, сымах уал фæлæудзыстут. Данияловы та 108
бауагьта мидæмæ. «Рувас, цы у, уымæй рувас» — дзырдта Дания- * ловæй Хъуыбады æмæ йæ бамбæрстон: мæсты нæ. хæлæг æм кодта. Фыццаг æмæ фæстагхатт та лæгæй лæгмæ хъуыддаджы ныхасмæ сæмбæлдысты 1944 азы, мæнæ мæхъæлы куы хастоп, уæд. Берия Ирыстонмæ ссыди йæхи вагоны, æнхъæлдæн, дæлæ æфсæнвæндаджы вагзалы кæмдæр туличчы цард. Уырдæм йæхимæ бадзырдта сыхаг республикæты разамонджытæм, фæлæ нæхион ’Мазин йæ бынаты нæ разынд, ис намондæм уыцы бон цуаны ацыд æмæ уæд йæ бæсты Бсриямæ ацыд Хъуыбады. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы куы раздæхт, уæд ын йæ хистæр æфсымæр Созырыхъо куыд загъта, уыи: — Хуыцаустæн, мс ’фсымæр, æппындæр дæм лæгдзинад нæи. Æз дæ бынаты куы уаин, уæд ахæм стыр лæджы нæхимæ æнæрбахонгæ нæ фæуыдаин. Цы ахъуыды кæндзæнис ныр уыи ирæттæи? # Хъуыбады ныддис кодта: — Уæллæй, диссаджы лæг дæ, ау, нæ йæ зоныс, ахæм хицæуттæ цы фæхæрынц, уый? Сæ алы комдзаг дæр.сын дохтыртæ бæрæг кæнынц? Ахæм стыр лæгты куыд ис мæнæ ахæм хæдзармæ æрбахонæн? Стæй Фамусовы зондджын ныхас рох фæкодтай? — стыр хицауадæй дæхи цас дарддæр ласай, уыййас хуыздæр. Фамусов афтæ загьта, Хъуыбады дæр афтæ хъуыды кодта... Æз хæларæй цардтæн Косыгины ус Клавдпя Андрссвнæимæ, базонгæ стæм Цхалтубæйы æмæ уый уæдæй фæстæмæ мæн агуыр- дта, цæмæдæр гæсгæ йæ зæрдæмæ фæцыдтæн, арæх-иу мæм тслс- фонæй сдзырдта. Иухатт Кисловодскы мæ фæллад уагътон. Иу райдзаст бон санаторийы чидæртæ сæ сæрыл систой, йæ кæртмæ æрбацыд хицауады сау машинæ, цалдæрæй дзы рагæппытæ кодтой æмæ агурын райдыдтой... Хъулаты Нинæйы. Мæн. Куыд сбæрæг, афтæмæй сæ рарвыста Косыгины ус. Аластой мæ уыцы сау ма- шинæйы Косыгины дачæмæ, йæхæдæг дæр уым, йæ хо дæр, кæцы йæ рæстæджы уыд Ленинграды партийы обкомы секретарь, уыцы æвзæр азты æхсгæ кæй фæкодтой, уыцы Кузнсцовы ус. Æртæ боны æмæ мæ æртæ æхсæвы Клавдия Андрссвнæ йæ цурæп нал рауагъта. Уымæй иуцасдæры фæстæ Мæскуымæ ныфтыдтæн, цардтæн уазæгдоны. Уый дæр Косыгинтæ куыддæр æгъдауæй базыдтой, Клавдия Андрссвнæ мæм йæхæдæг йæ лæджы машннæиы æрбацыд, сæхимæ мæ аласта, цæргæ та кодтой Агроновскииы номыл уынджы, Косыгины йæ тæккæ сихор кæнгæйæ баййæфтон, иæ фарсмæ мæ æрбадын кодта. Уырдыгæй та Мæскуыйы бынмæ сæ дачæмæ ацы- дыстæм, æхсæвиуат дæр уым бакодтам, иудзырдæи цалдæр боны мыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыдысты. Косыгин мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Уыд зондджын æмæ аху- ыргонд адæймаг, æцæг мæм диссаг фæкаст куыд худтис, уый. Мæнæ афтæ худти-хи-хи-хи. Лыстæг хъæлæсæй. Уымæй цалдæр мæйы фæстæ Клавдия Андрссвнæ махмæ Ирыстоны уыд уазæгуаты, ницæуыл бацауæрстам, хорз æй суазæг кодтам, нæ рæсугъд хæхты 109
йæ уд баззади. Ногæй та сæм иухатт ма куы бафтыдтæп, уæд иæ лæгæн нал фæлладис мах уазæгуарзондзинадæп æппæлын. Косыгин худти, йæ сæр разыпы тылд кодта, зæгъ ын ссу нæм, зæгъгæ, уæд «нæ» нæ загътаид*.. Уыдæттæ дын уымæн дзурын, Дамир, æмæ Хъулатæн уыдис æппæт фадалтæ дæр, цæмæй уæды Совстон Цæдисы стырдæр, кадджындæр лæгтæй иу æмæ йæ бинонтймæ тынг лымæн бауæм æмæ уыц!>1 лымæндзинадæй кæйдæртау лсты пайдатæ кæпæм, уыи тыххæй. Уымæ та бирастæ бахллыдысты... Хъуыбадыйæн та ахæм удыхъæд уыдис æмæ нæ уарзта ахæм адæймæгтæм хæстæт цæуын, мæ архайд дæр.уыцы хъуыддаджы йæ зæрдæмæ нæ цыдис. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд, чи зоны, йæ хъысмæт ахæм нæ рауадаид, уæлдаидæр Бсрияимæ иумæйаг æвзæг куы ссардтаид, уæд; Уæд æз, иæ бпноинаг, уымæи сæрыстыр уыдаин, кæй нæ фæндыд уыцы стыр бæстæйы Дыккаг адæймагимæ хорз цæрын, уæд уьп’! йæ тæккæ лæгæи уыди, кадджын уыд æмæ, мæнмæ гæсгæ, иуæндæр йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд Бсрия æцæгæйдæр знаг разындзæнис, уый... МЫСЫ ХЬУЫЯЛДЫЙЫ ХИСТÆР ЧЫЗГ ЗЛРÆ: — Æз цас зонны, уымæ гæсгæ мæ фыд Бсрияйы нæ уарзта, мæхи хъустæй йæ фсхъуыстон цалдæр хатты дзы мæ мадæн куыд загьта, уый: «Уыцы куыдзæйгуырд къæрттæи цъула нс ппа- ры...«Æппæлгæ дæр дзы-иу ракодта, хуыдта йæ курдиатджын æмæ хъæппæрисджын. Фæстаг азты та сæ ахастдзинæдтæ уæлдаГ1 æвзæрдæр систы. Мæнмæ гæсгæ, Бсрияйæн фæхъыг нсрвыст лæт, æдасдзинады министр Какучаяпы Хъуыбады ахæстонæи ’кæй нæ бахъахъхъæдта, уый. Уыцы хабары фæстæ м<с фыд Мæскуыйы уæвгæйæ Бериямæ бацыд Мæлгъæвæгæй Дзæуджыхъæумæ æрдзон газ æрбауадзыны тыххæй, рагæи архаидта ууыл, фæлæ йæ уын тæрæгау ракодта йæ кабинстæй: «Тбилисы нæй газ, Саратовы дæр нæй, уæд Дзæуджыхъæу кæм фасгуыхти?!» Нæ йæ ныууагъта уæддæр мæ фыд ууыл æмæ ма йæ сисынмæ дыууæ мæиы бæрц куы хъуыд, уæд газ уадзыны куыстытæ горæты гъæиттæи цыдысты, æцæт Хъуыбады йæ куысты куы нал уыд, уæд Тамасвы уынджы нæ алыварс газ алкæмæдæр фæзынд, мах хæдзармæ та нал æмæ нал хæццæ кодта, Хъуыбадыйы фыддæрагæн уыди, æндæр æфсон ын уыди, уын абон дæр нæу бæрæг, фæлæ æппæты фæстæ махмæ æрбауагътой. Мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй Лаврснтий фыццаг азты архайдта, цæмæй Хъуыбады дæр «йæхи» лæгтæй суа, ууыл:'иухатт дзы йæ доклады раппæлыд. Уый дъш иу. Иннæ хатт Берпяиы амындмæ гæсгæ Какучая æппæтæн дæр æнæнхъæлæджы Бсрлинмæ атахт æмæ дын уырдыгæй, уый дæр та æнæнхъæлæджы, телефонæй Хъуыбадымæ куы сдзурид мæнæ, дам, дын машииæ ссардтон, æрмæст æм дæ шофыры рарвит æмæ йæ атæра. Хъуыбадыйы шофыр Иван Резниченко ацыд, æрбатардта йæ, «Мерссдес» — лимузин æхсæзбынатон, шофырæмæдзы чи бада, уыдон хицæнгонд цыдысты авгæй, фæстæмæ фæлдæхгæ фæлмæн бадæнтæ иын. 110
- Мах, нæ бинонтæ, хуымæтæджы цин бакодтам, заплгам, кæдæй- уæдæй махмæ дæр цыдæр ис, зæп>гæ. Фæрæдыдыстæм. Мæнæ Какучаяйы куы æрцахстой, йæ хъуыддæгтæ халын ын куы раидыд- той: уæд уыцы машинæйы кои дæр рацыд æм<с мæнæ цы сбæрæг: цы бон æй стардта Иван Рсзничснко Бсрлинæй, уыцы бон æй Хъуыбады обкомæн радта. Фæстæдæр ын мæ мад куы бауайдзæф кодта уый тыххæй, уæд ын Хъуыбады зæп>та, абоны хуызæн ма йæ ныхæстæ мæ хъусты зæлынц: «Цæмæн хъæуы мæн машинæ? Ца- лынмæ кусон, уæдмæ мæ куысты машинæ уыдзæн, куы нал кусон, уæд та хи машинæ мæ бон дарын нс суыдзæн... Стæи мæ бамбар: уыцы лæгæй мæн ницы хъуыдис». Какучаяйæ зап>та. Уыцы азты æз мæ хъус тынг нæ дардтон обкомы æмæ Æдасдзинады Комитсты æхсæн цы тæссаг ахастдзинæдтæ уыдис, уымæ. Мæ фыд цыма уыцы Какучаяйыл æдзухдæр гуырысхо кодта, афтæ мæм касг. Æцæгæй дæр йæхæдæг дæр æмæ пæ бинонтæ дæр уыцы тызмæг азты цыдæр æндæр хуызæн уыдысты, æнахуыр цард кодтой. Йæ фьтрт мæнæй дыууæ къласы хистæр уыд, фæлæ, дам, рынчын у, зæгъгæ, ахуырæй уæп>дгонд уыд, афтæмæи та кинотыл зылдис, уæгьдгонд уыдис фæлпарæнтæй дæр, сæхимæ сæ радта дæс къласы фæстæ дæр, сыгьдæг «фондзтæ» раиста, кæи зæпэын æи хъæуы, æмæ йын сызгьæрин маидан радтой, бацыдпс Мæскуыйы МИМО-мæ, балхæдтой йын машинæ. Æцæг цавæр фырт рауад уымæ ма кæс: йæ фыды йын куы æрцахстой, уæд йæ мыккаг аивта. Мæ зæрдыл ма лæууы мæ мад Хъуыбадыйæн куыд тарстис, уый. Какучая Хъуыбадымæ йæхи хæстæг ласта, уый та дзы йæхи дæрддзæф дардта,официалон хуызы. Иухатт Бсрияйы иннæ «лæг» Кабулов æмæ ма чидæртæ Ирыстонмæ ссыдысты, Какучаяйæ сæ. фыСым уыди æмæ уый Хъуыбадыйæн хъаст кодта мæ уазджытæ, дам, мын нæ бынтæ ныссæрфтой, иу карк дæр нæм нал баззад. — Кæд дын уайдзæф бакодта, йæ уазджытæ йын кæй нссуазæг кодтам, уый тыххæй? — дызæрдыг ныхас зап/га мæ мад Х1>уыбадый*'сн. — Ныууадз, дæ хорзæхæй, — йæ къух ауып>та Хъуыбады, — æз уыдонæй ницы хæсджын дæн... Кабулов æмæ йе ’мбæлттæ Мæскуымæ куы ацыдысты, æмæ Хъуыбады нæхимæ куы раздæхт, уæд хъуыдыты ’анып^уылди, иуцасдæр æнæдзургæйæ фæбадт, фæлæ йæ мæ мад куы баййардта цы æрцыдис, зæгьгæ, уæд æрæджиау сфæрæзта: — Æз тæрсгæ кæнын хицаудзинад ахæм чънзн адæмты къухты кæй ис, уымæй... Авторæй: УÆД УЫЦЫ ÆНÆХАЙЫРЫ ПЛЕПУМЫ АРХАЙДЖЫШ ХЪУЫПАДЫЙЫЛ * БАУУÆНДЫН НÆ БАФÆПДЫД. IIÆ БА УУÆПДЫДА ИККОЙ ПИИÆ ВАСИЛЬЕВНÆ ÆМÆ СÆ ЧЫЗГ ЗАРÆЙЫЛ ДÆР. АРДЫД УЫДЫСТЫ. . Къаддæр, фæлæ дзы уæддæр ныхас рауад Хъуыбадыйы «лымæндзинады» тыххæй Сталинимæ. Æцæгæи та куыд уыд, уый 111
дæлдæр бакæсдзыстут, ныр та фæстæмæ раздæхæм уыцы Плснуммæ æмæ дзы цыбыр хатдзæг скæнæм. Раныхас дзы кодтой 21 адæимаджы, ссппæтдæр бæрнон бынæтты бадæг, райдай партийы обкомы секрстартæи æмæ фæуы райкомы сскретартæй. Зыбыты иунæг хуымæтæг фæллойгæнæг адæймаг дзы трибунæмæ нæ рацыд. Уырдæм-иу чи рацыд, уыдонæй 18 Хуыриа- тыХазби, Æгъуызарты Æхсар æмæ Токаты Лсæхæй фæстæмæ-иу иууылдæр сæ раныхас райдыдтой Бсрияиæ, фссты-иу раидаиæн партион организациты дзыллон-организаторон куыстæй, кæцыйы Хъуыбады нæ, фæлæ сæдæ ахæм сскрстары дæр æмбæлгæ хуызы нæ рацарæзтаиккой. Уæдæй абонмæ дæс æмæ ссæдз азы рацыд, мæнæ парти чъыры хæлд куы фæкодта,- уæддæр уыцы куыст заууаты уавæры уыдис. Уæдæмæ бæрæг уыд рагацау сын сæ ныхæстæ цæттæ кæй бакодтой, уый, ссппæт дæр дæнцæгæн хастои доклады цы факттæ уыд, уыдон, ногæй ничи ницы загъта. Афтæ кæй уьтд, ууыл уæ баууæндын кæндзæн мæ дзæбæх хистæр, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг Æгъуызарты Æхсары монолог дæр: — 1953 азы фæззæджы рсспубликæйы партпон организацийы куыст сбæрæг кæныны тыххæй Мæскуынæ ссыд сп*ау къамис. Партийы Цснтрон Комитетæй чи ссыди, уыдон агурын раидыдтой хъæндзинæдтæ æмæ рæдыдтытæ партийы обкомы, фыццаджыдæр та йæ сскретарь Хъулагы Хъуыбадыйы архайды. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Центрон Комитсты бæрæггæнджытæн сæ сæирагдæр хæс уыди Хъуыбадыйы тыхха^й фауæн, чи Гке фæчъизидзæсгом кодтаид, ахæм æрмæг æрæмбырд кæнын. Сæхимæ сидтысты бирæтæм, «чидæртæ та сæм сæхæдæг цыдысты æмæ сæ фарстой, лæвæрдтои сын хæс сæ хъуьтдытæ ныффысыны тыххæй. Æмæ иуæй-иутæ сæ уд хъæрдтой сæхи равдпсыныл. Къампсы уæнгтæ сын «бузныг» цæмæй зап/гаик’кой æмæ, чп зопы, рсспуб- ликæйы кусджыты æхсæн ивддзинæдтæ куы раидыдтаиккои, уæд сæм цæмæй дзæбæхдæр бынæттæ æрхаудтаид, уыи тыххæй. Кæйдæрты дзы мæ зæрдыл бадардтон, зонын сæ, чидæртæ ма дзы абон дæр æгас сты. Фæлæ мæм сæ кой кæнын нæ цæуы. ХЪУЛАТЫ ХЪУЫБАДЫЙЫ ТА ÆЗ НЫМА’ДТОН ИРОН ЛДÆМЫ ХЪÆБУЛТÆН СÆ ХУЫЗДÆРТÆЙ ИУЫЛ. Адæмы æхсæн уымæн уыдис стыр кад йæ арф зонд, йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ уæздандзинады тыххæй. Уыимæ афтæ нæ зæп>ын æмæ бынтон æнæсахъат адæймаг уыдис. Кæнæ рæдыдтытæ нс руап>та. Уыдонæй та хызт чи вæййы? Уыцы аз 30 ноябры уьтдис партииы обкомы плснум. Фæдзырдтои мæм Пленумæй дьтууæ боны раздæр æмæ мын партийы Цснтрон Комитеты æрвыстлæг фидарæГ1 зап^та: — Ды дæ Цæгат Ирыстоны идсологон куыст иронау чи кæны: уыдонæн сæ сæйрагдæр. Æмæ дæ Плснумы раныхас кæнын хъæуы. Мæнæ мах цы справкæ бацæттæ кодтам, ноджы плснумы цы доклад уьтдзæн, уыйдæр бакæс, æмæ уыдонмæ гæсгæ ныхас кæнынмæ дæхи 112
бацæттæ кæн. Дæ ныхас хъуамæ уа конкрстон, иуæи Хъулы фырты хъæндзинæдтæ æмæ рæдьтдтыты тыххæй, иниæмæп та йæ арм кæуыл дардта, кусын чи нæ зыдта, афтæмæй сгъау былæттæ чи ахста, уьтдоны тьтххæй. Уыимæ, кæй зæп*ын æи хъæуы, идсологон, националистон рæдыдтыты тыххæй дæр... Кæй мын загъта, уыцы докумснттæ бакастæн. цыдæртæ дзы мæ зæрдьтл бадардтон, уæвгæ та сæ куы кастæн, уæд мæ зонд нымтьс- ры, мæ сæрыхъуын арц сбадт. Уым цы каррз ныхæстæ уыди! Хъуьтбадыйы схуыдтой Бсрияйы æрдхорд. Уый хæсты рæстæг Иры- стоны куы уыд, уæд, дам, æй Хъуыбады суазæг кодта. Æз хъуыды кодтон, зæгьын, махмæ, Алагирмæ, куы æрцыдаид Бсрия, уæд æй æз дæр суазæг кодтаин. Стæй алчидар... Пленумы раныхас кодтой обкомы кусджытæй цалдæр — Хъæбæлойьт фьтрт, Севостьянов, Гутны фырт...Иу дæр дзы йæхимæ иу уайдзæф нæ райста, иууылдæр дзырдтой: «Хъулы фырт, Хъулы фьтрт, Хъулы фырт...» Авторæй: Мæ цæстытыл уаиы Хъуыбады сæм цы цæстæй касти, уый. Йæ дзæбæх бинойнаг мын сомытæ кодта, псмæ, дам, фæндзай азы бæрц фæцардтæн æмæ зыбыты иунæг хатт дæр иæ дзыхæй æвзæр ныхас нæдæр иронау, цæдæр дзадджын уырыссаг æлп^ыст никуы сирвæзти. Ныр цымæ уыцы æнæраст хъуыддæгтæм хъусгæйæ йæхинымæрьт дæр ницы загьтаид?! Уыдон дзы уымæи размæ бюро- ты, пленумты, уæлдайдæр та ирон фынгтыл æрмæст æппæлæн ныхæстæ кодтой, ньтр та цъæсса фæлдæхт фссты. Ц|^! ныл æрцыд, ирон адæм, уыцы ницæййагдзинад нæ туджы ис, æви цы? Нæ фыдæлтæ раст адæм куьт уыдысты? Кæм вæннæм раздæр, иуæй- иутæ нæ сæ цард гæды æмæ козбау митæй цæмæн аразынц? Акæсут ма уæ алыварс уыдонмæ, цас сты, уый. Бафиппаиут. Ирыстоны. Уæ хъæуы. Ис уырыссаг дзырдуаты иу хорз дзырл «подхалим». Гъс ахæмтæй æмæ æлхæд бынæттæй йæ тæккæ дзаг у мæхи Рахизфарс дæр. Нæ районы газеткæсджытæ ма, æпæццæгæн, хъуыды кæндзысты фæстаг партион конфсрснци. Уым æз æргом ныхас загьтон мидцоппайы азты районьт цытæ цыдис æмæ кæй аххосæй уыдысты, уый. Афтæ æнхъæл ничи уыд. Сæрдариуæггæнæг, уæды райкомы сылгоймаг секретарь, конфсрснцииы куыст рæстæгмæ. фæуырæдта, залæй æддæмæ куы рацыдыстæм, уæд уымæй дис- сагдæр ници уыд: иуцасдæр мæм хæстæг ничи цыд, хицауад сæ куы фсной, уымæй тарстысты. Чысыл фæстæдæр рабæрæг иннæ галиу ми: уыцы фæлладуадзæн дæс минутмæ, кæй ныхмæ зап/гон, уыдон дьтууæ ныхасгæнæджы ацъапп ластой, сæ раныхæсты мьцт мæ ку- ысты рæдыдтытæ ссардтой, нæ разамонджыты фарс рахæцыдысты. Уыцы пленумы подхалимтæ сæхи æххæстæй равдыстои, æлз хицæн уацмысы уьтдоны обрæзтæ равдисыныл бацархапдзынæн /кæд дзы. сæхи базониккой/, ньтр дæр сæ уыцьт куыст нæ уадзынц, пæррæстытæ кæньтнц хицауады алыварс, уырдыджыстæг сын лæууынц æмæ штатон хистæртæй бадынц сæ фынджы бадты, æнæмæнг дзы Хицауьт цæрæнбоны тыххæй сидт рауадзынц, ирон 8 Д.Х. Дауров 113
æмæ уырыссаг дзырдуæтты рæсугьддæр дзырдтæ ссарыныл бацар- хайынц. Уымæй сæхицæй сæрыстыр сты, хъал," афтæмæй та сæм бакæс, уæд уынд æмæ кондæй лæджы хуызæп. Æнæуи та æмбыд бутъротæ. Кæд дæ фæнды дæ хицауад цаиæр сты. уыи базонын, уæд зыбыты иунæг хатт дæ цæст ахæсс фæскуыст сыл чи æмбырдтæ кæны, цъæх нæууыл нуазынмæ кæимæ фæцæуыиц, уыцы адæмыл. Сæ фылдæр æлхæд, дзадджын бынаты чи бады, хаугæ кæмæ кæны, ахæмтæ. Лæгьстæйаг адæм. Ацы хатдзæгтæ дарддæр ахæццæ кæнæн ис, Хъуыбадъшы хъысмæтыл хъуыды кæнгæйæ æрлæууыдысты мæ зæрдмл. Уыцы æнæхайыры пленумы бирæ уыд ахæмтæ, трибунæмæ-иу дзы чи рацыд, уый та-иу дзырдта, иæ дзыхы пын цы нытътьыстои, уыдæттæ, æрмæст Хъуыбадыйы ныхмæ уæд. Мæнæн мæхимæ хорз фæкаст, уыдонæй кæйдæрты æдзæлп>æд, æнæсæрфат ныхæстæ Плс- нумы архайджытæн сæхи зæрдæмæ дæр кæи нæ фæцыдысты, дыууæйы дзы трибунæйæ кæй «райстои». Дæнцæгæн уын дзы æрхæсдзынæн иу: ДЖЫЗÆЛДОИЫ РАЙÆХХÆСТКОМЫ СÆРДЛРЫ ХÆДППÆГ ХОДЫ ФЫРТЫ РАНЫХАСÆЙ УЫ11 ИУ СТЫР’СКЪУЫДДЗЛГ: — Æмбæлттæ, нæ зынаргъ партийы Цснтрон Комитет рахаста тынг раст уынаффæ Хъулаты Хъуыбадыны йæ куыстæи кæп систой, уый тыххæй. Дарддæр ма Хъулы фырт уыцы бынаты куы баззадаид, уæд уый æрхастаид æнæкæрон знаггад канд Ирыстонæн нæ, фæлæ æгас Советон Цæдисæн дæр. Æз æрлæудзынæн мæнæ иу ахæм хъуыддагыл. Партпон скъо- лайы ахуыр кæнгæйæ æз æдзухдæф гуырысхо кодтои Хъулы фырты митыл æмæ бацыдтæн Енодинмæ, зæгъын, афтæ æмæ афтæ. Дæ зæрдæ-мæ зæрдæйæ йын загьтон. Уый мæм баихъуыста æмæ мын афтæ бакодта: «Лæмбынæг ныффыс цыдæриддæр мыи радзырдтай, уыдон, æз та дын зæрдæ æвæрын ЦК-мæ дын æи кæи арпитдзынæн, уый тыххæй». Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, сбадтæн æмæ ныффы- стон. Æппæты фыццаг райдыдтон мæнæ ахæм фактæи: Даргъ-Къо- хы партийы райкомы партион кабинсты хицау уæвгæйæ æз зыдтон нæ райкомы фыццаг секрстарь моралон æпдауæй бынтон сып^дæг кæй нæу, уый. Бавдæлд æмæ ахицæн йæ усæй. Æз, дам, ахуыргонд дæн, уый та, дам, æнахуыргонд у. Æндæр æфсон дзы нæ уыд. У^ед æй раздæр нæ уыдта? Æз уыцы .хабæрттæ ныффыстон Хъулы фыртмæ, æцæг ма дзы бафтыдтон партийы обкомы сскрстаръ Бура- ты Сослан адæмимæ æгæр хъæддыхæй кæй фæдзуры, уыи д<ср. Дæлæ, зæгьын, Хуымагллæджы хъæугæрон машинæ- тракторон станцæ куы арæзтой, уæд-иу лæгыл абырыд, бартхъирæн æм кодта, дæ хæстæ фаг куынæ æххæст кæнæй, уæд, дам, дæ Сыбыры бинаг къæйыл балæууын кæндзынæн.Уæд обкомы сскрстарæн уыдæттæ дзурын æмбæлы? Бурайы фырты хабæрттæ Хъуыбады рагæй зоны, фаглæ хаглæрттæ сты, скъолайы иумæ ахуыр кодтои. Æмæ æз абон 114
бузныг зæгьын нæ партийы Цснтрон Комитстæи уыдæтты тыххæй мын ныхас кæныны бар кæй радта, уыи тыххæй. Иу ахæм факт ма. Иу замли бафтыдтæи Хуымæллæгмæ, рай- коммæ. Хъусын хъæр, хъæлæба. Ай цы хабар у, зæгьгæ, фæрæвдз дæн. Рацæй — рабон æмæ рабæрæг: амы партииы раикомы сскрс- тартæй иу æркъул кæнынмæ хъавыд.мæ хæстæджмтæй иу сылгои- магимæ. Æз цыдæриддæр фсдтон æмæ цыдæриддæр зыдтон, уыдон та Хъулы фыртмæ ныффыстон, уый та йæ бабар кодта Бубликкæн. Уый абон-райсомы фæхъхъау фæкодта, фæлæ йæ Хъулы фырт «цæмæн», зæгьгæ дæр нæ бафарста. Æз та ахæм дæн æмæ нæ ныууаддзынæн, цалынмæ уыцы хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæнон, уæдмæ. Фысдзынæн та. Æрхæсдзынæн уын дæнцæг мæхи Джызæлдоны раиоиæй. Ам мæ размæ Хуыриаты Хазби дзырдта махмæ, дам, Алагиры районы арахъхъы денджызтæ ис, æз та зæгьын, афтæ: «Махмæ та арахъхъы фурдтæ ис!» /Залы ныххудтысты/. Фарон дæр нозт чи кодта, горæтмæ йæ чи раскъæф-баскъæф кæны, ахæм сæудæджергæнджыты зыдтой, фæлæ сын «макæ» ничи загьта. Æз уый кæнын районы хицауады аххос, уыдонырдыгæн фаг политикон куыст нæй. Хъулы фырты разамындæи. Мæ зæрды ма большевикон критикæйы хуызы зæгьын ис афтæ: нæ районы хицау Бигьуылы фырт бирæ цыдæртæ рапста Хъуыба- дыйæ, хъæуа-нæ хъæуа, уæддæр æй фæзмы. Зæгьæм, æрæджы гом кодтам цыртдзæвæн Фыдыбæстæнм Стыр хæсты чи фæмард, уыдонæн æмæ йæ арфæйы ныхасы радзырдта мæнæ афтæ: «Иры хуыздæр хъæбултæй иу Хъулаты Хъуыбадыиы разаммндæн мах...» Цавæр хуыздæр хъæбул у, уый абон сбæрæг... Хъæлæстæ залы: — Æгьгьæд у! Дзурæг: — Ныртæккæ фæуыдзынæн, 2 минуты ма мыи радтут!.. Сæрдариуæггæнæг Севостьянов: — Афтæ чи зæгъы æмæ ма ацы дзурæпсн 2 минуты радтæм, уьтдон сæ къухтæ сдарæнт... Афтæ чи зæгьы, ма иын радтæм, уыдон дæр сæ къухтæ сдарæнт... Дæхæдæг æй уыныс, æмбал Ходы фырт, нал дæ уадзынц дзурын... АВТОРÆЙ: Иуæй — иутæ Хъуыбадыйы аххосджын кодтой абон мах сæрыстыр æмæ дзы бузныг цы хъуыддæгтæп стæм, ацы бонты нын иу чысыл нæ ирондзинадыл дзурæг чи у, уыдæтты: «Нарты кадджытæ» кæй рауагьта,Къостайы кæй сраст кодта æмæ нæ рс- спубликæйы столицæ ногæй йæ æцæг номæм кæГ| рахо’нын кодта. Мæнæ цы загьдæуыд доклады: «...Стыр хъуагдзинæдтæ æмæ наци- оналистон рæдыдтытæ уадзынц нæ иуæи-иу мдсологон куыстуæттæ. Бирæ азты дæргъы ахæм рæдыдтытæ кодтои нæ историктæ, нæ ысджытæ, уыдонимæ обкомы фыццаг сскрстарь Хъулы фырт дæр. æ бирæ раныхæсты уый зыгьуыммæхуызм æидыста Ирыстон Уæрæсеимæ куыд баиу ис, уый. 1830 азы тæгæурты рсакцион сыстад « 115
банымадта прогрсссивон змæлдыд. Раст аргь не скодта Хъулы фырт Нарты кадджытæн дæр. «Нарты комитеты» сæрдар Хъулы фырт ахызт марксистон-ленинон позицитæй æмæ йæ къорд статьяйы Нарты стауыныл схæцыд. Йæ иу статья «Ирон.адæмы хъæбатыр эпос», зæгьгæ, уым Хъулы фырт æрæджы фыста: «Мæ ирон адæмы номдзыд хъæбултæ Фыдыбæстæ уарзын, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинадыл ахуьтр кодтой Нарты кадджыты хъæбатыртæ Батрадз æмæ Сосланмæ, Нарты эпос ацы бонты хъуамæ суа ирон адæмы хъомыладон стыр фæрæз«. Хъулы фырты фæстæ Ирыстоны бирæтæ стауын систой Нарты сызгьæрин дуг прозæйы æмæ поэзийы...» Мæнæ мын цы радзырдта Пленумы уæды докладгæнæг БАСКА- ТЫ ДЗАМБОЛАТ: — Уæд, хæсты бонты, нæ Министрты Советы стыр быцæутæ цыдис «Нарты кадджыты» тыххæй. Хæст цæуы, цардæй мæлæты æхсæн тох бацайдагь, нæ бæстæ цы бау^щзæн, уый бæрæг нæй, Хъуыбады та йæхи скъуыны, къæрттæй цъула не ’ппары уыцы чиныгæн, дам, æнæ рауадзгæ нæй, зæгьгæ. Иухатт фæскуыст обкомы хæдзарæй куы рацыдыстæм, уæд ныд- дис кодтон, зæгьын, Хъуыбады, дæ удæй куы бацæуыс уыцы чиныд- жы сæрыл дзургæйæ, ссппæт дæ раст куынæ бамбарой, бæстæ цы уавæры ис, уый нæ уыныс. Æмæ дын уæндонæй афтæ: «Махæн цыфæндыйæ дæр æнæфæуæлахиз нæй, мæ зæрдæ йæ ныридæгæн зоны, «Нарты кадджытæ» та адæмы хъæуынц æмæ уыцы фарста фæстæдæрмæ æргьæвæн нæй. Ныр æй скæнын хъæуы...» Бирæ дзурджытæ уыд уæд уый тыххæй йæ ныхмæ, æндæр, дам, ын ницы куыст ис ацы тæссаг заман, уыдæттæм нæ æвдæлы... Атардта уæддæр йæ фæнд Хъуыбады æмæ уыныс, Дамир, куыд раст та разынд, уый... Мæнæ дæлдæр кæй бакæсат, уымæн та ма уæхæдæг, мæ зынаргь кæсджытæ, аргь скæнут. СКЪУЫДДЗАГ НÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ УÆДЫ ПРОФЦÆДИСТЫ СОВЕТЫ СÆРДАР ДАУИЙЫ ФЫРТЫ РАНЫХАСÆЙ: — Цалдæр ныхасы зæгьын мæ фæнды нæ горæты ном Орджо- никидзе кæй баивтой, уый тыххæй. Нæ горæт хаста адæмы, партийы æмæ революцийы раз йæ лæгдзинæдтæ зындгонд кæмæн сты, ахæм хъæбатыр лæг Сергейы ном. 1944 азы йæ баивтой æмæ ныр нæ горæт хуыйны Дзæуджыхъæу. Республикæйы разамонджытæ, æппæты разæй та Хъулы фырт фырцинæй сæхицæн бынат нал ардтой, хæсджынæй нæ баззадысты мыхуыр æмæ радио дæр. Ныр куыд сбæрæг, афтæмæй уыцы хъуыддагыл тынг бацархайдта адæмы знаг Берия дæр. Зæгьут ма нын, нæ республикæйы столицæ хъæу у? Афтæ дзурынц, рагæй æрæгмæ дæр, дам, æй ирон адæм Дзæуджыхъæу хуыдтой. Æмæ уый цы диссаг у? Ау, уый æгьгьæд у, цæмæй йыл 116
ардæм сæдæ азы размæ фыццаг чи æрбацыд цæрынмæ, уый ном "сæвæрынæн? Æмæ чи уыд уагæры Дзæуæг? Цы гæнæт уыд, цæуыл хæст уыд? Ничи йын ницы зоны. Махæн нс стыр бæстæиы сгьау промышленнон центртæ æиæ кусджыты поселоктæ свæииынц горæттæ, мах та нæ горæтæн радтам хъæуы ном. Зыбыты иунæг культурон æмæ административон центр ис нæ республикæйы æмæ ууыл дæр хъæуы ном сæвæрдтам. Куыд у уыи? • Дзæуæг политикон архайæг æмæ ирон адæмы сæрхъыузои никуы уыд. Ирон адæм ын политикæйы, экономикæйы æмæ культурæйы йе сгуыхтдзинæдтæ нæ хынцтой. Уымæ гæсгæ мæнæн æмбæрстгонд нæу кæм æмæ цæмæй фесгуыхти Дзæуæг, цæмæй иæм ахæм стыр кад æрхауа. Нæ горæтæн уыцы ном радтын у XX æнусы цы æдылыдзинæдтæ æрцыд, уыдонæн сæ тæккæ æдылыдзинад дæр (Зал ныххудти). Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ нæ литературæ æмæ аинад дæр уыцы ном бæрзонд исын райдыдтой, фæзындис ыл æмдзæвгæтæ, очерктæ. Цы ном уыдзæн, ууыл рагацау нæ дзурын, фæлæ хæссын фæндон, цæмæй абон бабар кæнæм партийы обком æмæ респуб- ликæйы Министрты Советæн, цæмæй нæ горæты ном ногæй ивд æрцæуа æмæ уый тыххæй курдиатимæ ацæуой Мæскуымæ партийы Комитет æмæ нæ бæстæйы Министрты Совстмæ... Ахæм æнæрхъуыды раныхæстæ ма дзы уыд, æгъгъæд у уыдоны кой, цард сæ йæхæдæг ныххах кодта, ног ном та ис абон Ирыстоны сæйраг горæтæн, кæд æй, Хуыцауы фæндæй, иал аивиккам, цы мæрдты ис, уым нын æй Хъуыбады нæ ныббардзæн. Ирондзинад ныффидар кæнынæн цыдæриддæр сарæзта, уыдон ын йæхи ныхмæ аздæхтой нæхи ирæттæ ЩС-йы дзыхæй. Одинцов нын нæ ирондзинд чысыл ма бахъæуа бынсагфт ма фæкæна æмæ уыи та национ геройау афæндараст кодтам. Нæдæр докладгæнæг, нæдæр раны- хасгæнджытæй иу Хъуыбадыйæн йæ хорз хъуыддæгтæ, иæ удыхъæды миниуджыты тыххæй иу ныхас дæр не «скодта. Фыццаг цалдæр хъуыдыйады фæстæ-иу цъыфкалæн систоп. Мæ ацы уацауы бæлвырд нæ дзурдзынæн æрмæст хæсты рæстæт Хъуыбады удуæлдайæ куыд архайдта, ууыл, æрмæст цыбырæи ныхасы бар ногæй ратдзынæн Баскаты Дзамболатæн: — Мæнæ æрæджы нæуреспубликæ бæрæт кодта Ирыстоны зæххыл немыцы ныддæрæны 50 азы юбилсй. Æмæ дæм диссаг нæ кæсы: Хъуыбадыйы кой дзы никæцырдыгæй раихъуыст. Уый сын никæйы зæрдæмæ фæцыд. Бауырнæд дæ, Дамир, сæйраг архаГкег уыцы тыхст бонты хæцæг фронты ацы хайы Хъуыбады уыдис, уый хъæппæрисæй æрæмбырд сты ам, махмæ, æгас Цæгат «Кавказы автономон республикæты разамонджытæ, цæмæй æрдзурой æппæт фарстатыл дæр æмæ кæрæдзимæ фæкæсой æмæ знагæн аккаг ных- къуырд радтой. Бирæ хæстон фарстатæ Хъуыбады иæхæдæг лыг кодта, уымæн æмæ-иу хæстон къамандиртæй иуæй-иутæ æдзух расыг уыдысты сæ фыртыхстæй. Нозты бын-иу фесты, ай та йæ къухмæ нозты цъыртт дæр никуы систа. Архнвы ма йын, дæ 117
хорзæхæй, йæ раныхæстæ фсн, мæнæ цымæ æцæт хæстон лæг уыди, афтæмæй йæм хæстоны цин дæр никуы уыдис. Ссар æмæ ма йын сæ бакæс.Æз уæд мæхæдæг батальоны къамандир уыдтæн æмæ дæ уал хорзы уæд, æмбисæхсæвты мæм цал хатты арбадзырдта. Уæртæ Фæскавказмæ иунæг фæндаг ис Дайраны комыл æмæ, зæгьæм, ацæуæн ыл нæй, уæд æндæр фæндаг кæуылты хъуамæ уа, зæгъгæ, бирæтæм фæдзырдта, мæн дæр лæгæй-лæгмæ фарста сусæг фæндаг, дам, æнæссаргæ н&й хохæй коммæ ныххизынмæ. Æз та хæсты размæ фосхизгæйæ æппæт, къахвæндæгтæ дæр зыдтон, иу та дзы мæн йсдтæмæ ничи зьтдта. Æмæ уый дæр Хъуыбады бабæрæг кодта, бирæ хорз хъуыддæггæн нæ бахъуыди... 0, уый кæуылты лæг уыди, кæуылты! Уæлæ булкъон Дауииы фырт, хъыгагæн æрæджы ахицæн, рухсаг уæд, æндæра дын уыи хæсты бонты Хъуыбады цавæр лæг уьтди, уый бæстон радзырдтаид. Цалдæр Ленины ордсны уыцы дзæгъæлы нæ лæиæрдтои, мæ хур. Æз цалдæр хатты лæмбынæг бакастæн уыцы æнæхаиыры Плс- нумы æрмæджытæ æмæ йæ протоколмæ гæсгæ уыцы архаиджытæй иу дæр «нæ» нæ загьта иу фарстайы фæдыл дæр, Хъуыбадыйы фарс дзы ничи рахæцыд, иууылдæр-иу сæ къухтæ ф;1:хъил кодтои. Ау, бынтон афтæ куыд уыдаид, зæгьгæ, ныхасмæ фсмбæлдтæн Иры дзæбæхдæр хистæртæй иу Хуыриаты Хазбиимæ. Уый уыцы Плсну- мы куысты архайдта, ныхасы бар дæр æм дзы æрхаудта. Æз æм бæлвырд фарста радтон, зæгъын, ды Хъуыбадыиы ныхмæ ницы загътай, уæд йæ ныхмæ цæмæн схъæлæс кодтай. Йæ дзуапп дардыл райдыдта, Хъуыбадыйы койæ æмæ йæ æз нæ уырæдтон, сымах дæр æй афтæмæй бакæсут.. МЫСЫ ÆРЫДОНЫ УÆДЫ ПЛРТИЙЫ РЛЙКОМЫ ФЫЦЦЛГ СИКРКТАРЬ ХУЫРИЛТЫ ХЛЗБИ: — Хъуыбадыйы кой кæнгæйæ мæнæн мæ бон нæу уымæй исты аиппытæ радзурын. Уымæн йæ зонд цас уьтдис, йæ быиат дæр уымæ гæсгæ уьтдис. Æз дзы иу æнæрхъуыды ныхас ннкуы фсхъуыстон. Алы хатт дæр уыцы лæгимæ сæмбæлгæйæ дзы адæимаг йæхицæн зондæн ницы райста, зæгьгæ, уый зын æрхъуыды кæнæн у. Хорз зьтдта адæмимæ дзурын, арæхстис, йæхæдæг иæхи æгъдауæй æвдисæн уьтдис алы адæймагæн дæр, искæмæн лсты куы амыдтаид, уæд дзы йæхимæ цы хорздзинад нæ уьтдис, йæхæдæг кæй нæ кодта, ахæмæй ницы амыдта. Мæнæ иу схъæл ныхас, æнæрхъуыды ныхас, æнæпълан æфхæрæн ныхас дзы никуы фсхъуыстон. Бирæ рæстæг фæкуыста Ирьтстоны Хъуыбады, æмæ йæ æз цы рæстæджы зонын, цы рæстæджы архайдтон партион æмæ совстон органты, гъе уыцы рæстæджы æз бирæ хорздзинæдтæ райстон мæ уыцы хистæрæи мæхицæн. Æппæты фыццæг йæ æфсарм. Адæимагæн иæхимæ æфсæрм куынæ уа, уæд æй бадомын дæр йæ бон нæу. Нæу! Чи зоны, æмæ йæм йæ бартæм гæсгæ домыны бар уыдзæн, фæлæ йæхæдæг ахæм куынæ уа, искæмæй та цыдæртæ куы дома, уæд уыи нæ хъары 118
„ зæрдæмæ, зæрдæ йæ йæхимæ нæ исьт. Æппæтыфыццаг адæймагæн аргь куынæ кæна, уæд цыфæнды стыр хицау дæр уæд, уæддæр дзы йæхи цур раппæлдзæн, фæлæ дзы æфсæрмы нæ фæуыдзæн. Æз ма Хъуыбадымæ цы хорздзинад зыдтон: ам бирæ адæм цæры, Ирыстоны, алыхуызон адæм, фæлæ Хъуыбады цы рæстæг куыста, уыцы рæстæг уыцы адæмты æхсæн æз зыбыты пуиæг знæт ныхас дæр нæ фехъуыстон! Мæнæ Сталины амарды фæстæ Хъуыбадыйы куы сдзырддаг кодтой æмæ Пленуммæ куы рахастои ныхас, суæгъд æй кæнæм, зæгьгæ, уæд райкомтыл зылдысты, алы ныхæстæ, алы æфсæнттæ агуырдтой йæ ныхмæ. Мæскуыйæгтæ дæр дзы уыдис, йæ мыггаг мæ ферох, цыдæр фыдзонд, фæлæ мсмæ ныхас кодта Æрыдоны, уæд æз Æрыдоны фыццаг секрстарæн куыстон æмæ мæ куырдта, цæмæй ссарон æз ахæм адæймæгты, кæцытæ плснумы хъуамæ радзырдтаиккой Хъуыбадыйы ныхмæ. Раст дын куы зæгъон, уæд æз уыдонæй нæ уыдтæн. Нæ уыдтæн! Уæд мемæ чи ныхас кодта, нæхи обкомæй дæр дзы чидæртæ уыд, уыдонæн дæр загьтон: «Æз Хъуыбадымæ аиппæй ницы зонын. Хъуыбады у æнаипп адæймаг.» Пленум куы райдыдта, фæззæджы кæрон уыди, кæд нæ рæдийын, уæд æмæ иууылдæр: «Бери, Бери» кодтой. Æмæ Бериимæ Хъуыбады йедтæмæ ничи æмбæлди? Иннæ рсспубликæты хицæуттæ уиимæ не мбæлдысты? Йæ бынат ахæм уыдис. Берияиымæ æнæ сæмбæлгæ иу обкомы секретарæн дæр нæ уыд. Мæ цуры никуы ныхас кодтой, кæйдæр зæгьдау, се ’хсæн никуы бацыдтæн, фæлæ иууылдæр уой дзырдтой: «Мæнæ Берияйæн арвыста, мæнæ Бс- рияйæн арвыста...» Бауырнæд дæ, Дамир, æз уыцы хабар бæлвырд нæ зонын, фæлæ мæ иу хъуыддаг уырны: Хъуыбады иæ сæрмæ уыцы æгаддзинад никуы æрхастаид æмæ йын дзæбидар арвита. Уый бакодта Мамийы фырт, мидхъуыддæгты хицау, стæп ма чидæртæ æмæ йæ уый фæстæ Хъуыбадыйыл баныхæстой. Омæ, зæгъæм, Хъуыбады дæр æй зьтдта уыцы хабар. Æмæ иу æмæ дыууæ хатты ахæм зæрдæлхæнæнтæ кодтой нæ алыварс нæ бæстæйы стырдæр хицæуттæн чидæртæ? Æз мæхæдæгуыцы Пленумы цы загьтон, уый нал хъуыды кæнын дзæбæх, бирæ рæстæг рацьтд уæдæй нырмæ, фæлæ æз Хъуыбадымæ хъуамæ мацы аиппытæ æрхастаин йæ царды æмæ йæ куысты. Адæмы æхсæн уыди кадджын, номдзыд, æгьдауджын æмæ æфсармджын лæг. Уьтмæй альт адæймагæн дæр йæ бон уыди раисын адæймаджы хорздзинæдтæ. Уый та разамонæт кусæгæн йæ сæйрагдæр миниуæг у, æз ахæм адæймагмæ куы ницы хорздзинад уынон, уæд мæм, куы ма йæ загьтон уæлдæр, иæ ныхас дæр нæ хъары. Бирæ хæттыты сæмбæлдтæн партийы обкомы бюройы ку- ысты. Уыдис-иу иуæй-иуты æрдыгæй æнæрхъуыды, æнæсæрфат ныхæстæ, мæнæ уыцы Пленумы дæр афтæ. Куыддæридæр сæ сар- дьтдтой, куыд, афтæ дзырдтой! Уьтй адæймагæн сæрмæхæсгæ нæу, æз искæй амындæй ницавæр ныхæстæ ракæндзынæн. 119
Хъуыбадыйæн ма йæ хорздзинæдтæй цы зæгъæм? Ахуырадмæ гæсгæ уьтдис юрист, обкомы фыццаг секретары та царды æууæлтæ иууылдæр зонын хъæуьт. Æмæ æппæты тынгдæр цæуыл дис кодтон, уый, куыд зьтдта, афтæ бæлвырд, зæгьæм, хъæууон хæдзарады хъуыддæгтæ, агрономтимæ-иу фембæлгæйæ иу æнæрхъуыды, иу æнæзонгæ ныхас никуы загьта. Амонгæ-алцыдæр. Бирæ хæттыты- иу æй федтон мæнæ ахуыргæнджыты æхсæн. Бауырмæд дæ, Дамир, уый зондджын ныхас алы ахуыргæнæджы зæрдæмæ дæр бахызтаид, уымæн æмæ йын бынат уыди, хъуыды дзы уыди æмæ иæ алчидæр æмбæрста...Уый фæстæ йæ куы сдзырддаг кодтои æмæ пæ алыварс куьт стымбыл кодтой ардьтд адæмы, уæд дзы Плснумы æз ахæм æдзæсгæмттæм хъуыстон æмæ сæ бæсты æфсæрмы кодтон, мæ ныхы хид рахъардта. Ноджы диссагдæр та уый уыди æмæ иæхæдæг кæй слæгкодта, уьтдондæриннæрдæмфæфæлдæхтысты. Мæнæ, зæп>ын, диссаг, адæймагæн йæ бон цастæ у! Æнæ зæп*гæ мын нæи пу хъуыддаг: Æгкацаты Валодя йæ уыдыфæндагыл йæ цæргæбонты дæр никуьт ацыдаид, Хъуыбады йæ куынæ слæг кодтаид, уæд. Хъуыбады ма раздæр Совнаркомы хицау куы уыд, уæд ын Æгкацы фырт хæдивæг уьтди, проспекты уыдис сæ кусæи бынат, æмæ йæ размæ ратардта. Гье æцæг ьтн цас бæсты ацьтд уыцы хорздзпнад, уый сбæрæг фæстæдæр. Агкацы фьтрты рæстæг обкомы ап>уысты куыста буфет, сеппæт дæр сæ царды фадæттæ арæзтой уырдыгæи. Иу бон æз проспекты æнæнхъæлæджы сæмбæлдтæн Хъуыбадыиыл, катаид- заст æмæ фæлладхуыз уьтди. Куыд мьтн радзырдта, афтæмæи.иæ бинойнаг Нинæ уьтдис рынчьтн æмæ йьтн цыдæр хæрпнаг агуырдта æмæ йæ къухы нæ бафтыдис. Бæлæсты бын бандоныл æрбадтыстæм, ныхæстæ нæм руадис æмæ йын тынг фæтæрип>æд кодтон. Уый фæстæ æз сæрмагондæй бацыдтæн обкомы уæды сскретартæй иу Чсрныймæ æмæ, зæгььтн, уæ буфетæй Хъуыбады къæбæр куы хæсса, хойрæгтæ, уæд уæ уьтмæй исчи фæхъуаг уыдзæн. Æмæ, дам, уый æрмæст мæнæй аразгæ нæу. Æмæ йæ бамбæрстон... Махмæ æгас бæстæйькмæнæ иу æвзæр хъуыддаг ныффидар ис: лæг цальтнмæ бынаты вæййы, уæдмæ фæхъæуы, иæ дзабыртæ дын куьт сæрфьтн кæна, уæддæр ын сæ æвзагæй дæр ныссæрфдзæнис, ахæм дыдзæсгæмттæ нæм.ис. Уый фæстæ бынаты нал пс, зæп>гæ, уæд та фьтдкой байдайынц. Уæлдайдæр, дæлæ-иу нæм Мæскуыйæ куы сæрвыстой, уьтдон. Иунæг Чуркин дзы уыди адæмы мыггаг. Хъуыбадыйæн йæхи æвзæрст лæг, иннæтæ ссппæт дæр уыдысты удхъуæгтæ, расыггæнджытæ, чи та йæ куыстæн ницы æмбæрста, иннæтæм та нæ Ирыстоны хъуыддæгтæ, нæ ирон æп>дæуттæ ныма- ды дæр нæ уыдысты. Гъс ныр нæм мæнæ фæстæгмæ чи уыди, Одинцов, зæгъгæ, мæ ныхас, Дамир, гуымыдза ныхас у,фæлæ йæ æз хъомгæс дæр нæ сæвæрдтаин, хъомгæс, колхозы сæрдар уæвгæч’кæ æз уымæн йæ бæрны ферМæ нæ бакодтаин, ахæм æчтæп>дау æмæ æнæфсарм адæймаг уьтдис. Махæй Ирыстоны иуæй-иутæ ахæм уæййаг разыньтнц æмæ диссаг: уьтцы азты йыи алы къуыри дæр всдырайыдзаг форель кæсæгтæ æрвыстой Мæскуымæ иæ биноитæн. 120
Алы къуыри дæр, дæлæ посзды. Афтæмæй та мæ бынты бын уыцы бдинцов бакодта. Мæнæ мæхъæлы хъуыддæгтæ дæ%р уый стынг кодта. Хрущев сæ куы суагъта, уæдæй ардæм сæ фыдмиты ныхмæ нæ хицауад, уæлдайдæр Одинцов, куыд æмбæлы, афтæ нмкуы сдзырдтой, æмæ уыдон бынтондæр сæ сæртæ сдардтой æмæ кæсыс, абоны фыдмитæ, фыдракæндтытæ-сæ фæстиуæг. Хъуыбадыйы тыххæй ма дын зæгььпьуый, æмæ уыи куыд мром, нæхи ирон адæймаг, афтæ уьтдис тынг æгъдауджын. Адæмæн кад кодта, адæм ын кад кодтой. Ка?м æй истой, уыцы Плснумы прото- колы.уый фæстæ ныффыстой, зæгъгæ, дам, Хъуыбадыпы цæмæи Гке куыстæй сисой, ууыл плснумы архайджытæ иууылдæр сæмбæлдысты разыйæ, иууылдæр сæ къухтæ сдардтой. УЫЙ ГÆДЫ НЫХАС У! КÆД ÆЗ УЫЦЫ ПЛЕНУМЫ УЫДТÆЫ ÆМÆ МÆ КЪУХ УУЫЛ СДАРДТОН, УÆД МÆ ХУЫЦАУ ФÆЦÆНКУЫД КÆНÆД! Æз искæй ардыдæй Хъуыбадыйы ныхмæ мæ къух нпкуы сдардзынæн, уымæн æмæ уыди мæ зæрдæйы арф æвæрд, æзын кодтон тынг стыр аргь, нæ алы фсмбæлды дæр-пу мæ зæрдæйæн цыдæр æхсызгондзинад райстон. Фидарæй дын æп зæгъын, Дампр: Хъуыбадыйы фæстæ Хъуыбадыйы æмсæр лæг нæма уыди уыцы хицауадæй. Ссппæты кой нæ кæнын, фæлæ Билар, Дзасохы фырт’ фендджын адæймæгтæ уыдысты, бирæ зонындзинæдтæ сæм уыдис культурон æгьдауæй, æфсармæй сæхи адæм æхсæн хорзæй æвдыстой. Билар бирæ фæкуыста, фæлæ мæнæ ныр иуæй-иутæм куы хъу- сай, уæд кæнынц æрмæст йæ фыдкой. Æмæ фыдкои кæнын æнцон у, цыфæнды æнæзонддæр цыфæнды зондджын адæммагмæ æмцонæй ссардзæни исты аипп, йæхи аиппытæ нæуынгæмæ. Ахæм стыр бынаты кусгæйæ искæцы фæзылды адæймагæм æнæфæрæдийгæ нæй. Мæнæ нæм ныртæккæ цы хицауад ис — Галазты Æхсар, рирæгъты Юри æмæ ма ноджы се мбæлттæ, уыдоны фыд- гойгæнджытæ дæр ис бирæ æмæ дзы бирæтимæ фæхыл пæииын æмæ сын фæзæгьын: «О уаих фæуат, куыд нæ мæт кæнут цы уавæры стæм, ууыл? Чи дзы сарæхсдзæн хуыздæр? Кæд сымах сарæхдзыстут,. уæд ма комкоммæ бацæут Галазы фыртмæ æмæ иннæтæм дæр æмæ зæгъут мах уæ бынатмæ цæуæм, зæгъгæ, мах дæр сыл фæхæцдзысттæм. Æз та уын æй зæгъын: æз уæлæ уым чи бады нæ ныртæккæйы хицауадæй — ссппæтæй дæр разы дæн. Мæнæ раздæр Хъуыбадыйы хорз кой нæ кодтам? Æмæ Хъуыбады хæсты рæстæг уыди тынг зын уавæры, фæлæ уыи уæддæр лæууыди Хæстон Советы цур, Сталин æй уырдæм бакодта, ныфс дзы уыдис. Нæ ныртæккæйы хицауад та кæй фарсмæ балæууой? Уæрæссиæ чи ссæуы, уыцы Гайдартæ æмæ Шахрайтæ сæ иуæм мммæ’æдылы мыхас дæр фæкæны ам. Иу дæр дзы цы уавæры ис Ирыстом, уым куыд æмба^лы, афтæ ничима равзæрста. Æмæ абон фыддæрæи фыддгсрмæ хъуыддаг уымæн цæуы. Афонмæ ам иу зондджын дæг куы фæуыдаид, раст зæгьгæйæ, Чсрномырдин мæ зæрдæмæ цæуы, уыдтæн йæ фсмба^лды, дзæбæх ныхæстæ зап.та, дарддæр цы 121
бакæндзæн, уымæ дæр та бакæсдзыстæм. Ам ма чи уыд уымæп размæ, уыдон та æнæрхъуыды ныхæстæ æмæ ммтæ фæкодтои, æцæгдзинад нæ зæгьынц. Нæ фыдæлтæм зондджым ныхæстæ бмрæ уыдис. Æвзæр хъуыддаджы ныхмæ æрлæууæг куы нæ уа, уæд фыддæрæй фыддæргæнгæ цæуы. Мæнæ уырыссагау зæгьгæ рæсугъддæр фидауы: «Если зло нсупрскаемо, то омо псрсходмт в бсду». Мæхъæлы хъуыддаг йæ рæстæджы куы рæзтм, уæд æп уынæг куы фæуыдаид, Уæрæсейы хицауады æрдыгæи дæр иæ нмхмæ зæгьæг, уæд абон уыцы тугкалæн не рцыдаид. Æз нæ Ирыстоны ныртæккæйы хицауадæн тæригьæд кæнын. Иу удæй сын тæригьæд кæнын. Стæй мæм мæ зæрдæ афтæ дзуры: ИРОЫ ЛДÆМЫ ЦАР- ДЫЛ МÆТ ЧИ КÆНЫ, ИРОН АДÆМЫ ХЪЫСМÆТ ХОРЗ УА, УЫЙ КÆЙ ФÆНДЫ, УЫЙ НЫРТÆККÆ УЫДОНЫ НЫХМÆ НÆ ДЗУРДЗÆНИ. фæлæ нæм къæбæдатæ бпрæ ис, дзæгьæлдзыхтæ æмæ æдзух сæ алыварс дзурымц æмæ дзурынц, искæмæн дзы исты куы зæгьай, уæд та фссхъиуынц. Йæхмцæн мур йæ царды мидæг ницы æмбары, гъе афтæмæи сæхи аргьгæнæг скæнынц йæ сæр уæлæмæ сисын йæ бон кæмæн нæу, фырмæтæй æмæ мастæй йæ хъуырмæ чи у, нæ уыцы хицауадæн, сæ фыдкой кæнынц. Фа^лæ уыдон уадз æмæ хъæддыхæй лæууои, фылдæр адæм сæ фарс сты ацы зын заман... ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 1953 АЗ, 30-æм НОЯБРЬ/ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ПАРТИЙЫ ОБКОМЫ 1Х-æм ПЛЕНУМ ’ Пленумы уынсф/кейæ скьуыддзаг: «Обкомы секрстарь Хъулы фырт разамонæт бынæттæм арæх . ^æрЬыста иузæрдион ыл чи уыд, йæхимæ кæй æрб<схæстæг кодта, ахæм адæймæгты (Бурайы фырты, Мамийы фырты, Хуыцъисты фырты, Хозийы фырты...) Сæрдариуæггæнæг Ссвостьянов: — Кæмæ ма цавæр фæндæттæ, кæнæ цавæр фиппаиынæгтæ уыдзæн? Æмбал Хозийы фырт: — Æз Хъулы фырты «подхалим» никуы уыдтæн æмæ уæ курын, цæмæй мын мæ мыггаг Плснумы уынаффæйы просктæй ахахх кæнат... Сæрдариуæггæнæг Ссвостьянов: — Ацы уынаффæйы просктмæ куы кастыстæм с«срмагонд къа- мисы, уæд Хозийы фырты мыггаг проскты фысгæиæ мах зыдтам Хозийы фыртæн дыууæ партион æфхæрды кæй ис, уыи, хатгаи йæхи раст кæй нæ дары, уый, афтæмæй та йæ Хъулы фырт цæмæндæр бæрнонддзинадæй хъахъхъæдта, иу бæрнон бынатæй иæ иннæ 122
* бæрнон бынатмæ ивгæ цыди... Цавæр фæндæттæ ис сымахмæ та, æмбæлттæ? ( 3 а л æ й х ъ æ л æ ст æ: «У а д з у т æ и п р о с к т ы к у - ы д у, а ф т æ ). Сæрдариуæггæнæг Ссвостьянов: — Уæдæ цæмæй Хозийы фырты мыггаг уыпаффæпы проскты • баззайа, уый кæй фæндьт, уыдон сæ къухтæ сдарæнт. Чи у ныхмæ? Æрмæстдæр иу. Афтæмæй Хозийы фырты мыггаг нроскты баззад. МЫСЫ ЛАРТИЙЫ ОБКОМЫ ХЪÆУУОИ ХÆДЗАРАДЫ ХА1'1АДЫ РАЗДÆРЫ СÆРГЬЛÆУУÆГ ХОЗИТЫ ВАЛОДЯ ЙÆХÆДÆГ: — Хъуыбадымæ куысты мæнæ ахæм æгьдау уыди: районмæ æрцæугæйæ — иу раздæр хъуамæ хъæутыл азылдаид, фсдтаид быдыртæ æмæ фсрмæтæ, стæй ма-иу ын кæд рæстæг баззадаид, уæд æнæмæнг хъуамæ бацыдаид райкоммæ. Уый-иу иæ къухы куынæ бафтыдаид, уæд æй зон: тслефонæй дæм дзурдзæи. Махæн нæ бон уыдис дыццæг, уыцы бон ды хъуамæ макуыдæм ацæуаи, æнæмæнг дæм кæнæ æрбацæудзæн, кæнæ та йын йæ хъæлæс фехъусдзыиæ. Райдыдта — иу афтæ: — Знон дын дæ бæстыхæйттæ бабæрæг кодтон, дæхп фснын мык нæ бантыст, фæлæ мæ зæрдæмæ цынæ фæцыд, уыи дын тслефонæи уæддæр зæгьон. Туацъæйы мæнæуæн хæмпæл иæ сæрты акаст, сымах та уæхи æнæуынæг скодтат. Дæлæ Зилгæйы доны къанауæй куы бахизай, уæд рахизырдыгæй хъæбæрхор дæр афтæ. Заманхъулы ацырдыгæй фарс нартхор æгæр стæнæг кодтой...Бруты тракторон бригады цалдæр тракторы алы аххостæй лæууынц. Дæ хорзæхæи, дæхæдæг сæ бабæрæг кæн, исты мадзæлттæ сын сараз æмæ-иу мын æнæмæнг фсхъусын кæн цы бантыст, уый... Уыцы уæздан, уыцы сабырæй. Æмæ-иу алыхатт дæр лæгмæ йæхимæ худинаг æркасти, фæлтау дын дæ мады куы ралгьыстаид, уæд æнцондæр уыдаид. Хъуыбады хорз зыдта Ирыстоны адæмон хæдзарад.’иæ культурæ йын. Афтæ зæгьæн ис æмæ уый уыд æнæхъæн эпциклопеди алы фарстайæн дæр. Рахизфарсы район уыд фронты тæккæ арæныл. Немыц сармад- зантæй æхстой канд Беслæныхъæу нæ, фæлæ иннæ хъæутæ дæр. Зын уыди, тынг зын. Нæ рæбыны ницыуал баззад æмæ хæдзаргай зылдыстæм тауæн мыггаг æмбырдкæнгæйæ, чи-иу нын дыууæ къу- хыдзаджы радта, чи килограмм. Фæлæ Хъуыбады амæлттæ кодта уæддæр, ЦК-йы йын стыр аргъ кодтой, æххуыс ын кодтои. Мæнæ мæхъæлы куы хастой, уæд нæм сусæгæи ссыд Берия. Уый та канд Мидхъуыддæгты министр нæ уыд, ф:елæ ма уыд ЦК-йы Политбюройы уæнг, бæстæйы Министрты Совсты Сæрдары фыццаг хæдивæг. Хъуыбадыйы бынаты ахæм лæджы алчидæр йæ хæдзармæ ахуыдтаид, уый та йæ нæ ахуыдта, фæлæ уæддæр фембæлдысты, уæдæ куыд уыдис æнæфсмбæлгæ. 123
Фсмбæлды рæстæг Бсрия Хъуыбадыйæн зæп>та: «Мæхъæлæй цы хъæутæ уæгьдгонд цæуынц, уыдонæй иуцалдæр уæхицæи раисут» Хъуыбады уыцы фарста рахаста обкомы бюромæ, бюройы уæнгтæ сразы сты ууыл,фæлæ ма Хъуыбады бафтыдта: «Хорз уаид, Мæздæджы район дæр махæн куы радтиккой, уæд». Уæд Мæздæг Стъараполы краймæ хаудта, йæ сæргьы та лæууыд Суслов. Бсрия Хъуыбадыйæн загьта: «Сусловимæ дæхæдæг аныхас кæн, зæгь ын, цæмæй ныхмæ мацы дзура, уый тыххæй». Суслоп та, дам, æвзæр уæвгæйæ ноджы ма мæстыгæр дæр уыд, ныцъцъæх, дам, пс нæ уын æй ратдзынæн, зæгьгæ. Уæд ын Хъуыбады загьта: «Уæдæ уыцы фарста æз æнæ дæуæй дæр алыг кæндзынæн». Æмæ афтæ рауади — Мæздæг Ирыстоны баци. Суслов уыцы хабар ’нæ фсрох кодта æмæ йæ хæсты фæстæ ЦК-йы сскрстарь куы скодтои, уæд йæ маст исыныл ныллæууыди. Ардæм йæхи хуызæн ардауæг къæбылатæ æрвыста æмææрвыста. 1953 азы райдиан та чуыдои справкæ ныф- фыстой, æвзæр справкæ. Бахастой йæ Бсриямæ æмæ сын дзы уый ныффыста: «Разы нæ дæн уæ хатдзæгимæ». Сталпнмæ дæр æи бахастой, уый дæр сыл нæ баууæндыд æмæ йын сырх кърандасæй йæ тигьыл стыр дамгъæтæй ныффыста: «Поскребышевмæ. Баххуыс кæнут республикæйæн». Уæдмæ сæрд ралæууыд, Сталины амардьт фæстæ Берияиы хабар рахъæр æмæ та нæм ног къамис æрбалæууыд, сæ сæргьы цавæрдæр Коротасв. Алкæмæ дæр сæхимæ дзырдтой хицæиæи, иунæгæй иæ фарстой Хъуыбадыйы тыххæй. Мæнмæ дæр бадзырдтоп æмæ мæнæ дæуæн цы радзырдтон, уымæн дæр афтæ. Уый дын мьш сабырæй афтæ: — Ды дæ Хъулы фырты подхалим... Æз рамæсты дæн, фæлæ мæхи бауырæдтон, мæ бынатæп дæр нæ сыстадтæн, афтæмæй йын загьтон: — Æйбдл Коротасв, æз ныртæккæ мæнæ ацы бынаты куы нæ бадин, уæд дшкæз лæг цы у, уый фснын кæнин, дæ хæмхудтæ дын ныппырх кæнинЛ^ Цæмæй йæ зоныс æз Хъулы фырты подхалим дæн, уый? Дæнцæгтæ дæм ис? — Ис, — загьта Коротаев, — зæгьæм, ды хъæууон хæдзарады фарстатыл справкæ куы ныффысыс, уæд дзы иу окземпляр бахæссыс æнæмæнг Хъулы фыртмæ, обкомы дыккаг сскрстарь Ссвостьяновæн та — нæ... — Уæдæ ма йæ ардæм æрбахон Севостьяновы æмæ ма Г|æ мæ цуры бафæрс бахæссын ын æви нæ, уымæй... Æрбацыдис æмæ дыууæйæ дæр мæ ныхмæ фесты. Æз, зæп^ьгн, мæхи фæлтау æрцауынддзынæн, искæ^ы подхалим уæвыны бæсты... Ахæмтæ та Пленумы уыдис. Æвзæр радзырдта Чъсрджииы ф!>!рт, Мамийы фырт дæр афт;е, афтæмæй та уыцы дзæбидыры посзды цурмæ Мæскуымæ Бсрияйæн аласыны тыххæй уьп'1 иæхæдæг арвы- ста. Йæхæдæг... Уый та сæйрагдæр аххосыл банымадто»! Хъуыба- дыйы æфхæргæйæ. 124
Хт*уыбадыйы сисыныл хъæлæс кæныны процсдурæ куы ахицæн, уæд куыст рæстæгмæ фæуырæдтой, иууылдæр Офпцсрты хæдзары всстибюлмæ рацыдысты. Кæсын, æмæ Хъуыбады иуварс зыбыты иунæгæй лæууы, æвзæртæ, хæстæг æм бацæуын нпчн уæндыд, хицауадæй мæ исчи куы фсна, зæгьгæ. Æз æм яыбыты пунæгæй бацыдтæн, зæгьын, кæд дæ, мыййаг, уæхимæ ацæуын фæнды, уæд дæ мæ машинæ бадавдзæн. Нæ бакуымдта, пу чысыл ма, дам, байхъусон. Йæ рацыдмæ йын уыцы Коротасв иæ машпнæ дæр байста, обкомы гаражмæ йæ арвыста, мсмæ цæугæ иыи æрцыд. Уымæй цалдæр боны фæстæ та Хъуыбады обкомы тыргъты лæууыд уазæджы хуызæн. Зæгъын, мæнæй дæ цы æххуыс хъæуы, уый мын зæгь, уæддæр мæ дæ подхалим хонынц, цы уæлдæй ма мын у! Худти, мæгуыр. Æз æй æцæгæй дæр бирæ уарзтон, аргъ ын кодтон йæ сыгъдæгдзинады æмæ йæ культурæиы тыххæй, стæй адæмыл æнувыд кæй уыд, æцæг хъæбулау, æцæг адæмон раз- амонæгау сыл кæй тыхсти, уый тыххæй. Куыд-иу ’кодта, уымæ ма кæс. Ног кусæджы тыххæй йæм — иу куы бацыдтæн зонгæ кæнынмæ, уæд-иу раздæр загьтон цавæр ахуыргопддзинад æм ис, уый. Уæд мæ — иу Хъуыбады бауырæдта: «Сæр ыл ис уæлсиы, сæр, æви нæй? Мах куысты сæйрагдæр ахуыргонддзпнад нæу, фæлæ адæмимæ кусынмæ курдиат, уый та æрдзæй лæвæрд вæииы...» Йæхæдæгкусын бирæ уарзта, зыдта кусын, афтæ бакæн, зæгъгæ, йын дзурын нæ хъуыдис. Уæдæй абонмæ мæнæ ахæм анскдот дæр ма баззад. Министрты Совсты куыста Хъайтыхъты Захар, фæндæгты управлени дæр уымæ хаудта. Иухатт, Хъуыбады уым дирскторæй куы куыста, уæд æм уыцы хицаухуызæй бацыд, цыдæр дзы йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ иæхи заиэдгæнæгскодта, цæуыннæ, дам, æй скодтат. Хъуыбады иын афтæ зæгъы: «Нæма нын бантыст. Бацархай дзыстæм». Уæд ын уыцы Захар афтæ: «Æвæццæгæн, æмæ иумæ кусын нæ бафæраздзыстæм». Хъуыбады дæр æм фæцарæхст: «Ау, уæдæ дын æз дыууадæс азы куыд фæрæзтон?!» Захар, дам, ныкъкъæзæнæг, цæхгæр фæзылд æмæ уæдæй фæстæмæ уырдæм йæ къах дæр нал бавæрдта. Мæн дæр Хъуыбады ракодта обкоммæ 1950 азы. Уæд æз куыстон Рахизфарсы районы фыццаг сскрстарæй. Раст зæп>гæйæ мæ нæ фæндыдис рацæуын, цыдæртæ мын бантыст скæнын, цыдæртæ ма уыд скæнын мæ зæрды. Уæд дæлæ маисон комбппаты поселОчы цардтæн, коттсджы, ныртæккæ дзы мæ дзæбæх æрвад Хозиты Зурапп цæры. Уыдис мын дырп>дон, дардтон хъуг, уыи ныртæккæйы разамонджытæ нæ хæссынц афтæ сæ сæрмæ, уымæн æмæ сын хæдзæрттæм ласынц машинæты. Одинцовæн уæлæ Джызæлы совхоз «Псрвомайскийы» сæрмагондæй дуцгæ хЪуг дардтоГ| <смæ йын алы бон дæр æхсыр ластой. Æрмæст бæрæггонд хъуджы æхсыр. Æрмæст æхсыр нæ... Æрыскъæфы хуымтæ дæр дзы уыд уæлдæр хпцауадæн. Иу мæ хæлар дзы уæд дирскторæй куыста... Дзусаты Ибрагпмы куыннæ зыдтаис?!Иухатт æм йæ хæстон æмбæлттæи иу стыр лæт Уæрæсейæ ссыд. Ибрагим йæхи равдисынмæ хъавыд нæ цуры. Ома, 125
дам, мын мæ Ирыстоны стыр кад ис, ницы мыи хæлæг кæнынц. Æмæ, йæ мæгуьтр зæрдæйæ, уæдæ мæ уазæджы сбуц кæнон, зæгьгæ, Джызæлмæ æрыскъæфтæ курæг бацыд. Директор ын афтæ зæгьы, уæртæ, дам, обкомæй æрвыст номхыгъды кæд дæ мыггаг ссарай, уæд, табуафси. Кæй зæгьын æй хъæуы, нæ дзы ссардта, афтидæй раздæхт, фæлтау, дам, зæххы бынмæ куы ныххаудтаин... Уæлдæр дын æй загьтон Плснумы Хъуыбадыйы цæмæи аххосджын кодтой, уый. Хозийы фырты, дам, иу бæрнон бынатæи иннæмæ раппар-баппар кæны. Уæдæ дын æз зæгьын:, Æгкацаты Валодниы рæстæг уый арæхдæр кодтой. Кæд Хъуыбадыйы тыххæй уыди, нæ зонын. 1954 азы мæм æхсæвы 12 сахатыл обкомы бюромæ фæдзырдтои. Валодя уыцы стыртæ, тызмæг каст кæны, стæй дын мын афтæ: — Æцæг-та-иу фæстæмæ мацы зæгь... — Ды уал æй раздæр зæгь цы та дæ зæрды ис, уып, стæи бæрæг уыдзæн, — нæ йæм фæлæууыдтæн æз дæр. Уый мæнæ ацы гауызау ныссырх. — Ис фæндон, цæмæй ды уæртæ Хстæгкаты Къостапы номыл районмæ Фыццагæй ацæуай... Æз мæ дзыппмæ нывнæлдтон æмæ дзы систон тслеграммæ: — Мæнæ нæ бæстæйы хæлцы промышленносты министр мæн снысан кодта маисон комбинаты директорæй. Мæнæ иæ телеграммæ мæ дзыппы ис. Æз уырдæм цæуын... — Мах куы фæнда, уæд уырдæм дæр иæ ацæудзынæ, — фæтъæлланг мыл кодта Æгкацы фырт. Хъыг мын уыдис уый æмæ йæм æз дæр мæхи нæ бауырæдтон: — Уæд та мæ зæронд бынатмæ ацæудзынæи — цехы хицауæй. Æз уыцы комбинат йс мпъызт зесты онг зонын... Иудзырдæй нс сразы дæн. Æмæ уæд чидæр фæндон дæр ма бахаста коммæ кæй нæ кæсы, уый тыххæй йæ партипы рæнхъытæй аппарын хъæуы, зæгьгæ, фæлæ иннæтæ уыцы фæндоны фарс нæ р(1хæцыдысты. Рацыдыстæм уырдыгæй, фæлæ та мæм дыууæ къуы- рийы фæстæ ногæй бадзырдтой, уыцы адæм та дзы, уыцы фарста дæр. Уæд æз Æгкацы фыртæн загьтон: •— Цæуын, æцæгиунæгфæндонимæ: ды мæ раионы хъуыддгсгты дæ фындз нæ тъысдзынæ, ныууадз’уыцы митæ, æз дын пннæ сскрстарты хуызæн нæ фæуыдзынæн... Рамæсты та Валодя, фæгæпп ласта йæ бынатæй. дыуу^срдссм стырындз уыцы стыр кабинсты. Æрæджиау зап^та: «Хорз, куыд дæ фæнды, афтæ». Раст зæгъын хъæуы, нæ мæ хъыгдæрдта куысты, æцæг иу хатт иу кæйдæр æрырвыста, йæ комбайнтæ, дам, дæлæ Мæздæгмæ арвитæнт, уым мæнæу раздæр сцæттæ вæййы, уыдоиæн уал аххуыс кæнæд кæрдынмæ. Æз цæхгæр ныкъкъуырдтон: уыцы дард фæндагыл дыууæрдæм мæ цæттæ комбайнтæ ныссæтдзысты. иæхæдæг уый фæстæ цы гæнæг уыдзыстæм. Æрвыст лæг аздæхт. /Егкацы фыртæн кæй нæ бакуымдтон, уый йын, æвæццæгæн, радзырдта, фæлæ мæм кæнæ уæндгæ нæ бакодта, кæннод мсмæ сразы ис. 126
Уæдмæ 1957 аз сси. Мæскуыйы иу бон рахастой уынаффæ * мæхъæлы фæстæмæ раздахыныл. Æз уыцы æхсæп Орджоникидзеиы æхсæвиуат кодтон, раджы мæ куыстмæ бацыдтæн æмæ, дам, нæ районæн ног ном ис — Назрановский. Æз ма дзы уæд июны онг бакуыстон, уæдмæ дзы цард 32 мин мæхъæлоны, афтæмæи та нæм милицæйы хицау æмæ æртæ милиционсры йедтæмæ дæр нæ уыд, ардыгæй дæумæ хæцæнгæрзтæ сæм, мæнæн мæхимæ антомат æмæ • дамбаца уыди, хæсты рæстæгæй мæм баззадысты, нæ сæ радтон, ирæтты æмæ мæхъæлæтты æхсæн — иу хылтæ уыдп, фæлæ нæхи хъарутæ уымæн æгьгъæд уыдысты. Фæлæ хъуыддаг æвзæрдæрмæ цæуы, уый зыдтон. Уæд ЦК-йы уынаффæйы фыст уыди, цæмæй мæхъæл æмæ ирæттæ цæрой иумæ, мæхъæлон куы раздæха иæ райгуырæн хæдзармæ, уæд зæхх хъуамæ акæной дыууæ раст æмбисы. Уымæй ницы рауайдзæн, уый æз зыдтоп. Иу бон Казах- станæй цалдæр мæхъæлоны ссыд, бацыдысты раздæр кæм цардысты, уыцы хæдзармæ, уым та — ирæттæ: мад, чындз æмæ сæ гыццыл лæппу. Ацæут, дам, ардыгæй, ай мах хæдзар у. Сылгоимæгтæ фæтарстысты. Лæппу иннæ сыхмæ стырындз, уым кæйдæр куывды йæ фыд уыдис. Куывды сæдæ нæлгоймаджы бæрц тарст лæппуиы куы фсдтой, уæд уырдæм ратахтысты. Мæхъæлæттæи иу хæрдмæ тæрсæн гæрæхтæ систа, куывды лæгтæ кауы михтæм фæлæбурдтой, дзæбæх сыл æрцыдысты, фыдцæфтæй дзы иу амард. Æз дыккаг бон Цæцæн-Мæхъæлы фыццаг сскрстарь Яковлсвмæ бацыдтæн æмæ дзы куырдтон, цæмæй сæмбæла Æгкацаты Валодипмæ æмæ баныхас кæной, цæмæй ирæтты Ирыстонмæ арвитой, мæхъæл та сæхæдæт баззайой, иумæ цардæй ницы рауаинаг у. Мсрбацыдмæ мæм каби- нсты æнхъа^лмæ кастысты ЦК-йы органпзацпон хаОады сæргьлæууæджы хæдивæг Полсхин, мидхъуыддæ^гты министр Ста- ханов æмæ Цæцæн-Мæхъæлы министрты Совсты сæрдары хæдивæг Тангисв, мæхъæлон. Уыцы Тангисв мын комкоммæ мæ цæстытæм каст æмæ мæстыйæ ардбахæрæгау дзырдта: — Цалынмæ Базоркин (ныры Чсрмсныхъæу) Ирыстонмæ уа, уæдмæ æз ирæттимæ мæлæтдзаг тох кæндзынæн! Полсхин æмæ йæм Стаханов фæлæбурдтой дзыхæп, фæ%лæ уыи нæ саст...Мæнæ абон куыд нæ сæттыц, афтæ... Æз сбадтæн æмæ Хрущсвмæ писмо ныффыстон. Уæд ахæм æгьдау уыд: фыццаг сскрстарты ЦК-йы амынддзинадмæ гæсгæ уæгьд кодтой... Уырдыгæй куы ’фсуæгьд дæн, уæд иу чысыл æгуыстæй абадтæн, стæй та мæм Æгкацы фырт иæхимæ фæсидт: — Ацæудзынæ крахмалы заводмæ! — Мæн ма уырдæм æрвыстой 1938 азы. Ныр нæ цæ\уын... — Уæд та маисон комбинатмæ? — Уырдæм цæуын. Хæрзæхсæв ын загътон, фæлæ куыддæр фыццаг уæладзыгмæ æрхæцц’æ дæн, афтæ мæ милиционср бауырæдта: — Фæстæмæ, дам, æй раздах... Æмæ йæ сæрæй уæлæмæ ацамыдта. 127
— Наукон — иртасæн институты фæлварæн хæдзарадмæ ацæудзынæ? Æз уыцы рæстæг наукон куыст фыссын раидыдтон Ирыстоны экономикæйы фарстатыл æмæ, мæхинымæр, уым æи дарддæр ахæццæ кæндзынæн, уæд уым стыр ахуыргæндтæ куыста: Смоль- ский, Саламы фырт.Л — Цæуын! Фараст мæйы дзы æххæстæй дæр нæма бакуыстон, афтæ та мæм Æгкацы фырт бадзырдта: — Рахизфарсы районмæ фыццаг сскрстарæй ацу... Афтæ мæ раппар-баппар фæкодта. Уый уыд 1958 азы. Гъе ахæм уыд Æгкацы фырт, ахæм та уыд Хъулы фырт. Йæ тæригьæд мæ нæ хъæуы, лæгдзинæдтæ дæр бирæ уыд Валодямæ. Уый уыд æцæгирон, йæ адæмы бирæ уарзта, Ирыстоны. Уæртæ нæм электрон заводтæ «Кристалл», «Магнит», «Топаз» Валодяйы фæрцы фæзындысты... Æнæрæдыд дæр нæ уыд. Зæгьæм, фаг нæ ахъуыды кодта, афтæмæй фараст мæймæ сæкæры завод ацъапп ласта, уый та нартхорæй нæ кусдзæн, фæлæ цæхæрайæ. Цæхæра та Ирыстоны зыбыты иунæг гектар дæр сагъд не ’рцыди æмæ завод дыууæ азы дæргьы æнæкусгæйæ фæлæууыд. Хъуыбады ахæмтæ йæ сæрмæ никуы хаста. Æнаххосæй йæ бафхæрдтой, ахæм æфхæрд та зæрдæнйзы хос у, уымæи та æз ныхас дæр никуы фехъуыстон. Иæ маст йæхимидæг фыхти. Уыи та ноджы æвзæрдæр у зæрдæйæн. Уымæн та Стыр Зæрдæ уыдис. Уыцы Пленумы уыцы Стыр Зæрдæ сæнкъуысыд, фæлæ иæ ничи базыдта. Æрмæст йæхæдæг... Авторæй: Æз бирæ фæхъуыды кодтон Хъуыбады Плснумы йæхи куыд дардта, ууыл. «Басаст» æппæт хъуагдзинæдтæ æмæ рæдыдтытыл Берияимæ йæ «лымæндзинадæй» фæстæмæ. Æмæ раст бакодт Чи зйщта рагацау Берия знаг уыдзæн, уый? Чи зыдта рагацау Брежнев афтæ ныххæрæп> уыдзæн æмæ бгестæ сæфтмæ цæуын райдайдзæн, уый? Чи зыдта рагацау пъæр-пъæргæнаг Горбачсв партипыл гадзыра- хатæй рацæудзæн, уый? % Чи зьтдта рагацау Ельциц та Совстон Цæдпсы ныббыгъуы кæндзæн æмæ бæстæ сызмæнтдзæн, уый? Уыдæттæ зонын рагацау кæй хæс уыди? Бсрия знаг уыди, уый хъуамæ Хъуыбады нæ, фæлæ дæлæ уыцы сæфтмæдзæуæг Крсмлы чи бадт, уыдон хъуамæ зыдтапккой. Уæдæ цæмæн «басаст» Хъуыбады, чи йæ бадомдта, цæмæн, кæнæ кæмæй тарсти? МЫСМ ИИИÆ ПЛСИЛЬЕПНÆ: — Уыцы бæлæхы азты мидхъуыддæгты министрад !'ие арм дардта партион оргæнты архайдыл... Иунæг хуыцау зоны Хъуыбады куыд 1 128
аирвæзти, уый. Уыцы Пленумы гыццылдæр фæстæмæ куы сдзырд- таид,йæ рæдыдтыл куы нæ «басастаид», уæд æй уырдыгæй нæхимо; дæр нал рауагьтаиккой, аластаиккой йæ. Афтæ дæлæ Мæскуыйы дæр. Æппæрстой йæ ЦК-йы уæнгтæй æмæ уым дæр Хъуыбады зæгьта, зæгьгæ, дам, æз разы дæн мæ куыст мын цæп тыххæй фаут, > уыдæттимæ æмæ уе ууæнчы аккаг кусыныл архапдзыпæн амæи фæстæмæ дæлдæр бынаты, къаддæр практикон куысты. Афтæ нæ . загьта, зæгьгæ, уæд бæрæг нæ уыд цы йыл æрцыдаид, уыи. Адзер- байджаны секрстарь сæм фæстæмæ фæлæууыд æмæ дæ балгъитæг афтæ: дыккаг бон æй æрцахстой, стæй йæ фсхстои... Мæ цæстытыл ма уайы Мæскуыйæ куы ссыдыстæм, уæд ам нæхи Плснуммæ йæхи куыд цæттæ кодта, уый. ЦК-йы уынаффæ йсмæ сласта, йæ цуры йæ æрывæрдта, касти йæ абзац абзацы фæдыл æмæ йæ зылын цы хъуыддæгты кодтой, уыдонæн фыста дзуæппытæ. Æз æй куыд нæ бахъыгдарон, афтæ йæм фæстæты бацыдтæы æмæ йын йс уæхсджыты сæрты ныккастæн æмæ тынг фæдис кодтон: зылын æй цæмæй кодтой, уыдонæй сеппæтимæ дæр сразы. Зæгъын, Хъуы- бады, цæмæн, аххос дæм куы ницы ис, уæд. Уый мын мæ къух райста, размæ мæ ракодта, йæ фæлмæст цæстытæй хæрдмæ скаст æмæ зæгьта: «Афтæ хъæуы, милая...» Уый фæстæ сбæрæг: Суслов кæмæн хъуыд, уыдонæн бахæс кодта:æндæр хуызы куы дара йæхи Хъулы фырт, уæд уый нымад æрцæуæд гуымиры хуызы партион царды æгъдау фехæлдыл, цыбыр зондыл, политикон æнæрхъуыдыдзинадыл. Фæстæдæр Хъуыбады йæхæдæг зæгьдзæн:«Æз æй зыдтон, мæ ныхмæ кусынц, уый. Æз иннæрдæм куы радзырдтаин, уæд уымæй мæхæдæг Сусловæн бах- хуыс кодтаин мæнæй йæ маст сисынмæ». Мæскуыйы ма куы уыдыстæм, уæддæр æй йсмæ чи уыд, уыдон рагацау зыдтой цы йæм æнхъæлмæ кæсы, уый. Сскрстариаты æмбырды фæстæ мæнмæ уазæгдоны номырмæ ныфсæвæрæн ныхæстимæ æрбацыд Билар, къафсттытимæ, зæрдæ мын бавæрдта æххуысæй æмæ йæ уæд æз дæр бамбæрстон: тæссаг у ноджы фыддæр хабарæй. Рæстæг ахæм уыд... Мæнæ нæхимæ Пленумы фæстæ Хъуыбады æхсæвы æртæ саха- тыл раздæхт, бонырдæм, йемæ фæстæг хатт æрбацыд.иæ ординарсц Дима Морозов дæр æмæ нын уый басаст мæнæ уыцы дзæбидыры, дам, аласын мæнæн бабар кодтой, ды цын ницы зыдтай афтæмæй, афтæмæй та йæ де фсон скодтой. Куыдта Димæ, афтæмæи дзырдта. Æцæгæй йæ æрвитгæ чи акодта, уыдон сæхæдæг дæр Плснумы бадтысты, фæлæ нæ сыстадысты, рæстдзинад нæ загьтой, хъыпп- сыпп дæр сæ нæ райхъуыст... Уæдæмæ дын цы зæгьон, уый зоныс?.. Уыцы азты чи нæ цард æмæ чи нæ куыста, уыдон Хъуыбадыйы уæды уавæр нæ бамбардзы- сты. Уый хъуыды кодта цы æрцæудзæн, ууыл, стæи махыл. Йæ бинонтыл. Уымæй цалдæр азы фæстæ мын иу бæрнои кусæг, йæ ном дын нæ зæгъын, æгас ма у æмæ мæм фæхæрам уыдзæп, уый нæхимæ æрбацыд æмæ загьта: «Бузныг, Нинæ Васильсвнæ, ды дæр æмæ 129 9 Д.Х. Дауров
Хъуыбады дæр уæхи хорз дардтат уыцы бонты, æндæра стыр бæлæх, чи зоны, æмæ æрцыдаид»... Авторæй: Ууыл æз мæ ныхас уыцы æнæхайыры Плснумы тыххæй фæдæн, уæхæдæг ын аргьгæнæг фæуыт. Ацы уацауыл кусын, Хъуыбадыйы тыххæй æрмæг æмбырд кæнын, зæгыæ-иу чи базыдта, уыдонæй мæ бирæтæ цымыдис фарст кодтой: «Сталинимæ та куыд уыди, куыд? Искуы йемæ сæмбæлдис?» Æмæ ма бирæ æндæр фарстатæ. Йæхæдæг нал ис Хъуыбады, мæрдты дзæнæты фæбада, бирæ цыдæртæ ахаста йсмæ, бирæ цыдæртæ радзырдтаид. Æгæрон фæсмон кæнын йæ\ рæстæджы, æгас ма куы уыд, уæд цæуыннæ бавнæлдтон ацы х^уыддагмæ, тынг дис кæнын хистæр кары журналисттæ æмæ фысджытыл: уыдон та иæ куыннæ æрхъуыды кодтой. Сталинимæ йæ ахастдзинæдтæ куыд уыдысты, уый тыххæй куы айхъусай, уæд алыхуызæттæ дзурынц, къæхтæ æмæ сыл къухтæ бафтауынц. Мæнмæ та растдæр кæсм иæ рæстæджы Хъуыбадыйы фарсмæ чи куыста æмæ чи царди, уыдонæн ныхасы бар радтын. СТАЛИН ТЕЛЕФОНÆЙ ХЪУЫБАДЫМÆ СДЗЫРДТА... МÆСКУЫ, КО- ЛОННÆТЫ ХÆДЗАР, СТАЛИНЫ ЧЫРЫПЫ УÆЛХЪУС. 8-9 МАРТЪИ, 1953 аз. МЫСЫ БАСКАТЫ ДЗАМБОЛАТ: — Берия йæ вагонæй Сталинмæ куы бахъаст кодта Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг сскрстарь Мазин йæ б! >1наты нæ разынд, цуаны афардæг,зæгъгæ, уæд æй фелвæстой. Уымæй иу цалдæр боны куы рацыд, уæд Сталин Хъуыбадымæ телефонæй сдзырдта. Уыцы афон Х’^уыбады та фæлладæй сыздæхт кæцыдæр колхозæй, йæ кабинетыХ&с дыккаг цырыхъхъ æрдæгласт уыди, афтæ — дзæнгæрæг. Мæскуы у, уый бамбæрста æмæ иу цырыхъхъы стьолы цур балæууыд,)хæтæл систа, бæзджын хъæлæс дзы: — Сымах ныртæккæ дзурдзыстут Хицауимæ... Хъуыбады стыхст, уагæр цавæр Хицау у, зæгьгæ, ’ Стал»!н уыдзæн, уый æнхъагл нæ уыди, фæлæ дзурын куы раГщыдта, уæд æй йæ акцент æмæ йæ хъæлæсæй базыдта: — Сталин у! Салам ьш радта Сталин, фæрсын æй райдыдта йæ куысты фыццаг бонтæ куыд ацыдысты Хъуыбадыйæн, мæнæ нæ горæты Дзæуджыхъæу схонæм,зæгьгæ, уый тыххæй. Ахæм диссаг, дам, ма уа, æрымысдзæн фæстæдæр Хъуыбады, — мæ фыртыхстæи, дам, нæ горæт раздæр цы хуындис, уый нал зыдтон, мæрды рох мыл бахæцыд. Гыццыл, дам, фæхъус дæн æмæ, дам, мæ бæсты Сталин йæхæдæг йæхицæн дзуапп радта, Дзæуджыхъæу, дам, хуындис... 130
Æмæ йын уæд Хъуыбады дæр загьта ныртæккæ дæр æи хъæуты "ирон адæм ахæм номæй хонынц. Цалдæр боны фæстæ Хъуыбадыйы хъæппæрисæй республикæйы активы æмбырд уыдисуæлæ вагæттæ цалцæгтæнæн заводы райдзаст клубы, Хъуыбады сын радзырдта Сталицимæ йæ ныхасы тыххæй, иууылдæр сразы сты горæты ног номыл. ’ Авторæй: Сталин æмæ Хъуыбадыйы телефонæи ныхас алыхуыз- ты фехъуыстон. Дызæрдыг кодтон, æцæг куыд уыд, уымæ цæмæй хæстæгдæр бацæуон æмæ.йсторион рæстдзинад цæмæй.сбæлвырд уа, ууыл катай кодтон. Стыр æххуыс мын бакодта Нинæ Василь- свнæ. Нæ иу фембæлды ацы темæйыл дзургæйæ цъусдугхъуыдыты аныгьуылд, стæй загьта: «Никæмæ йæ уыдтæн æвдисинаг, фæлæ дæуæн «нæ» зæгъын мæ бон нæу... Сталинимæцыхас куы фæцис Хъуыбады, уæд æз æрбадтæн æмæ мын куыд дзырдта, афтæ сын сæ диалог ныффыстон. Ныртæккæ йæ рацагурон»...Æмæ сæ бинонты архивты астæу ракъахта азтæ фæд кæуыл ныууагьтой, ахæм бур- бурид гæххæттытæ. * — Ды дæ, фыццаг хатт сæ кæмæ равдыстон, уыцы адæймаг, — мæ зæрдæ мын балхæдта Нинæ Васильевнæ. — Агурджытæ ма сæ уыди æмæ сæ никæуыл баууæндыдтæн. Фæлæ сæ æз дæр’кæдмæ æмбæхсдзынæн?.. Мæнæ ис уьщы ахсджиаг гæххæт, уырыссагау у, æз æй тæлмац скодтон. И.В.СТАЛИНИМÆ НЫХАС. 1944 АЗ, 26 ФЕВРАЛЬ. САПАТ, ИЗÆРЫ 19 САХАТЫ ÆМÆ 18 МИНУТЫ ЦÆГАТ ИРЫСТОПЫ СОВНАРКОМЫ ’ ХÆДЗАР. СОВНАРКОМЫ СÆРДАР æмб. ХЪУЛАТЫ Хъ.Д. Аппарат ВЧ-йы цур Цæгат Ирыстоны Совнаркомы сæрдар æмб. Хъулаты Хъ.Д. Дзæнгæрæг. Æмб. X ъ у.л ы ф ы р т: — Æз уæм хъусын... М æ с к у ы: — Сымах мæн хорз хъусут? X ъ у л ы ф ы р т: — Хорз уæ хъусын... М æ с к у ы: — Ныртæккæ дзурдзыстут æмбал Поскрсбышсвимæ. Æмб.Поскребышев; — Чи ис телсфоны цур? л X ъ у л ы ф ы р т: — Телефоны цур ис Хъулы фырт — Цæтат Ирыстоны Совнарком. Поскребышев: — Æгас цæут. X ъ у л ы ф ы р т: — Сымах дæр æгас цæут, æмбал Поскрсбышсв. П о с к р е б ы ш е в: Сымах мæн хорз хъусут? X ъ у л ы ф ы р т: — Хорз уæ хъусын. Поскребышев: — Ныртæккæ ныхас кæндзыстут Хицауима\ Æмб.Сталин: — Æгас цæут, æмбал Хъулы фырт. * Хъулы фырт: — Æгас цæут. 131
С т а л и н: — Æз абон базонгæ дæн Цæгат Ирыстонм ног административон арæнтимæ. Мæнæ мæ цуры ис уыцы иог арæнты картæ. Зæгьма, æмбал Хъулы фырт, ирæттæ уыцы хъуыддагмæ цы цæстæнгас равдыстой? Цавæр фиппаинæгтæ уæм ис? Хъулы фырт: — Ирæттæ разы сты хицауады уыцы хъуыддæгтимæ. Ирон адæм ног арæнты тыххæи сымах цы фæндтæ бахастат, уыдонмæ фиппаинæгтæ нæй. Мах ссмæ раздæр дæр зонгæ уыдыстæм, иумæ сыл бакуыстам, фæлæ... С т а л и н: — Зæгьут ма уæ горæты ном Орджоникидзеиы тыххæй уæм цы хъуыды ис?.. Мæнæн зындгонд куыд у, уымæ гæсгæ бынæттон цæрджытæн уыцы ном фагæмбæрстгонд нæу, зын дзурæн у, историон æгьдауæй фаг бæлвырдгонд нæу. Мæнæн ма ноджыдæр зындгонд у, ирæттæ рагæй дæр сæ горæты ном иронау кæй хуыдтой, уый. Кæд нæ рæдийын, уæд æй хуыдтой Дзæуджыхъæу... X ъ у л ы ф ы р т: — Тынг раст, Иосиф Виссарионы фырт. Дзæуджыхъæу... С т а л и н: — Иухатт ма йæ зæгъ... X ъ у л ы ф ы р т: — Дзæуджыхъæу. С т а л и н: — Зæгъ ма, ирæттæм куьтд фæкæсдзæн Орджони- кидзс номы бæсты йæ ногæй Дзæуджыхъæу куы схонæм, уæд? X ъ у л ы ф ы р т: — Ирæттæ уыцы фæндоныл сæмбæлдзысты разыйæ. С т а л и н: — Уæдæ уæд уыцы фарстайыл æрныхас кæнут æмæ нæм уæ курдиат æрырвитут, мах ыл ахъуыды кæндзыстæм æмæ райсом хъæугæ уынаффæ рахæсдзыстæм. X ъ у л ы ф ы р т: — Хорз, Иосиф Виссариопы фырт, тæккæ абон уæм мах нæ курдиат арвитдзыстæм. С т а л и н: — Зæгьма, Хъулы фырт, Мæздæджы горæты бирæ ис ирон адæм? / X ъ у л ы ф ы р т/ — Иосиф Виссарионы фырт, Мæздæгæн йæхи мидæг ныртæккæ ирæттæ бирæйæ нæ цæрынц. Фæлæ Мæздæджы алыварс ис цалдæрстыр æмæ чысыл къаддæр ироп хъæуы. С т а л,и н: — Уыцы хъæуты нæмттæ мæнæн дæ бон ныртæккæ зæгъын у? Картæ ма райс... X ъ у л ы ф ы р т: — Мæ бон у. Картæ мæ нæ хъæуы. Мæздæджы алыварс ис мæнæ ахæм ирон хъæутæ: Всселос, Ново-Гсоргиевское, станицæтæ Черноярская, Ново-Осетинская... С т а л и н: — Æгьгьæд нымад сæ у... X ъ у л ы ф ы р т: — Иосиф Виссарионы фырт, Мæздæджы районы ирæттæ рагæй дæр культурон æмæ экономикон царды сæхи хæстæг ласынц Цæгат Ирыстонмæ. Ирæтты рагæй дæр фæнды Мæздæг Цæгат Ирыстонимæ цæмæй баиу уа, уый. Иосиф Виссари- оны фырт, ацы фарста к&д лыг кæнæм, уæд иу хъуыддаг мæ, уæ хорзæхæй, уæ хъус æрдарут: Мæздæг ныр сæдæ азы дæргъы у ирæттæн культурон æмæ дины цснтр... 132
С т а л и н: — Хорз, æмбал Хъулы фырт, мах уæ фæндоныл æрныхас кæндзыстæм æмæ хъæугæ уынаффæ рахæсдзыстæм. Цыдæр зæгьинаг ма мын уыдтæ раздæр, сымах уæ хъуыды кæронмæ нæ ахæццæ кодтат, æмæ загътат «фæлæ»... X ъ у л ы ф ы р т: — Цы фæндæттæ уæм арпыстам, уым загъд ницы æрцыд Мæлгьæвæджы районы тыххæй. Æз курын уыцы район æд горæт Цæгат Ирыстонмæ бафтауын. С т а л и н: — Хорз, æмбал Хъулы фырт. Уыцы фæндоныл дæр ахъуыды кæндзыстæм...Æнæуи та уæ сыхæгты хорз кæи зоныс, уьш раппæлинаг хъуыддаг у, сыхæгты зонын хъæуы. Хæрзæхсæвтæ уал рауы, æмбал Хъулы фырт. X ъ у л ы ф ы р т: — Хæрзæхсæвтæ, Иосиф Виссарионы фырт. Мах уæ ’чгыр бузныг стæм. Нинæ Васильевнæйы загьдау, сæ ныхас æххæстæи фыст нæу. Уый б&рæг у Сталины фиппаинагæй дæр: «Æниу та уæ сыхæгты хорз кæй зоныс уый раппæлинаг хъуыддаг у, сыхæгты зонын хъæуы». Кæмæй загьта, цавæр сыхæгтæй, кæд сæм мæхъæлы тыххæй рауад ныхас æмæ йын Хъуыбады æргомæи ранымадта уыдоны цъаммар митæ, сæ гадзрахатдзинады тыххæи? Уымæн уæвæн ис, фæлæ ма уый ныр чи сбæрæгкæндзæн, уыцы информаци, хъыгагæн, Хъуыбады мæрдтæм йсмæ ахаста. Мах ма Хъулатæм Сталины тыххæй дарддæр аныхас кодтам æмæ уыи дæлдæр бакæсдзыстут,ныр та уал раздæхæм, æрдæгыл кæй аскъуыдтам, БАСКАТЫ ДЗАМБОЛАТЫ уыцы мысинæгтæм: — Сталин куы амардис, уæд Хъуыбады йæхæдæг Мæскуыйы уыдис, рынчын фæтæджы уæлхъус алæууынмæ сæм бадзырдтой, мах та аст лæгæй, рсспубликæйы дслсгаци хъуамæ уырдæм атахта- иккам йæ ныгæнæн бон. Минводмæ машинæты ацыдыстæм, уыр- дыгæй та — хæдтæхæджы. 0, цытæ цьтдис Мæскуыйы! Уынгта: иууылдæр адæмæй се мыдзаг уыдысты. Уазæгдон «Мæскуыйæ> Крсмлы цур Цæдисты Хæдзармæ раст фæндаг æртæ сæдæ мстры бæрц йедтæмæ нæу, æртæ минуты цыд, мах та йæм фæцыдыстæм æнæхъæн æртæ сахаты. Адæм æддæг — мидæг ауадысты, æррайы хуызæн систы, машинæты-иу спичкæйы къоппау афæлдæхтой. Уæддæр, хуыцауæй разы, Сталины чьтрыны цурмæ б<тхæццæ стæм, уым нæм Хъуыбады æнхъæлмæ каст, нæ дслсгацииы уæнгтæн ссппæтæн дæр йæхæдæг сау траурон лентытæ бабаста æмæ нæ алчидæр фæйнæ фондз минуты марды уæлхъус алæууыдыстæм. Абоны хуызæн ма йæ хъуыды кæнын: нæ тæккæ .фарсмæ лæууыдысты Маленков, Берия, Молотов... Дыккаг бон уыдон сеппæт дæр Сталины чырын хæссæг систы, мæнæ йыл уый фæстæ цъыфкалæн чи райдыдта, уыцы Хрущсв дæр тынг мæрдджын хуыз уьтди, йæ рахиз уæхскæп Г|ыл схæц-схæц кодта. Берия дæр афтæ. Ихæн бон уьтди, раст зæгьын хъæуы, ныккукатæ стæм, уый ницьт, фæлæ нæ зæрдæтæ дæр рызтысты: æмбæрстам æй цард асастис, ахæм стыр лæгæи фæхъуыдыстæм, 133
уый. Сталины амарды фæстæ ма æз ЦК-йы иу Плснумы уыдтæн, æцæг æй нал хъуыды кæнын Хъуыбады уыдис мсмæ æви Æгкацы фырт, фæлæ дзы хицауы бынатыл тынгтох цыдис. Хуынды гæххæт мæм уыдис уыцы Пленумæй, уæллæпэи бпрæ азты йæ зæрдылдарынмæ мæ чыесæйы фæдардтон, фæлæ мын иу заманы мсхцатæ фелвæстæуыд трамвайы æмæ уый дæр мсхцатимæ давды бахаудта. Мæхинымæр, æхцатæ уæ фарсыл бахæцæнт, фæлæ мын мæ хуынды гæххæт уæддæр куы æрбарвитиккои. Никуы æмæ ни- цы... Абон дæр ма мæ нæ рох кæны: Хрущев разæй, иннæтæ йæ фæдыл Свердловы номьтл залы загьдгæнгæ куы•фæзындысты, уæд та ногæй загьтон: «Мæнæ нын цы ЦК ис^.мæнæ! Эх, тæхуды, Сталин, дæ иу цæстæй ма сæм уæддæр ракæс, ай нæ кæимæтимæ ныууагьтай?» Залы дзолгъо-молгьо систой, тызмæг цæстæнгас сын, кæрæдзиуыл сæ къухтæ тилынц. Ай, зæгьын, Цымытийы колхозы æмбырд у, æви цы?.Æппæтæй къæйныхдæр йæхи дардта Микъитт, никæмæ хъуыста, иу бæлвырд чидæр ын афтæ; зæп>ы: «Ну чсго ты хорохоришься?!» Ацы фæстаг дзырд æз фыццаг хатт фсхъуыстон æмæ йæ уымæн бадардтон мæ зæрдыл. Стæ-ма чи уыди, чи?.. Мæнæ Сталин йæ бынатмæ кæй цæттæ кодта, уый мыггаг кæмæй уыдис? Мæнæ мæ куыд ферох! 0, Малснков æй загьта, Малснков:«Никита, ну чего ты хорохоришься?..» МЫСЫ НИНÆ ВАСИЛЬЕВНÆ: — Иу хатт та Косыгинтæм бахаудтæн æмæ ныхас рауад йæ фæллад чи кæм фæуадзы, уый тыххæй. Хæдзары хицау æнæнхъæлæджы афтæ.зæгьы, æз, дам, фарон уыцы æмæ уыцы бон Сталинимæ уыдтæн Гагры, Ахун-хохы. Æз та цы бон зап^та, уый мæ зæрдыл тынг хорз бадардтон, уымæн æмæ мах дæр Хъуыбадый- ымæ уæд уым уыдыстæм. Фæндагыл фæцæуæмæмæ дын уалынмæ бæстæ æмызмæлд сси, нæ цурты бирæ алыхуызон машинæтæ æрсыххуытт кодтой, адæм иувæрсты лæууынц, цæмæдæр æнхъæлмæ кæсынц. Хъуыбады йæ уайтап^ддæр базыдта: «Ныртæккæ ма-иу/ кæс: стыр хицауадæй чидæр ауылты æрцæудзæн». Алы фæзилæны дæр æрыгон лæппутæ, сæ хуызæй бæрæг уыд — Æ^асдзинады комитетæй сты. Цалдæр минуты ма рацыд æмæ æцæгдæр нæ рæзты хицауады сæрмагонд сау машинæтæ æртылдысты, чи дзы бадт, уый нæм нæ зынд. Æз дæр Косыгинæн мæ мысинæгтæ радзырдтон, æмæ уый йæ ныхас дарддæр ахæццæ кодта æмæ афтæ зæгъы, уæд, дам, мсмæ Сталин уыдис, Ахун-хохмæ ссыдыстæм, бацыдыстæм фæлладуадзæн хæдзары хæрæндонмæ, Сталины зонын фæндыд адæм цы хæрынц, куыд сыл ауыдынц, уыдæттæ, æрæмбырд ныл сты, фæныхас кодтам. Дардмæ цалдæр хатты фсдта Хъуыбады Сталпны, хæстæгмæ та — иунæг хатт. Мæскуымæ йæм цæмæдæр бадзырдтой, цæмæ уый мæ æрбайрох уал азы фæстæ, фæлæ Кремлмæ цыдæр банкстмæ бахаудта æмæ Сталинмæ хæстæг бадт баййæфта. 134
* Уый фæстæ мын дзырдта, зæгьгæ, дам, Сталин карз нозт иу хуыпп дæр не скодта, йæ цуры стъолыл гуырдзиаг мннсралон дæтты æвгтæ, арæх ын сæ ивтой, æд агуывзæ-иу сыстад, сидт-иу рауагъта, стæй-иу куы иумæ бацыд, куы иннæмæ, æргуыбыр-иу æм кодта, цыдæр-иу ын зæрдиагæй дзырдта. Куыннæнызта, уый Хъуыбадымæ диссаг фæкаст. •Сталины фæзианы бонты та мæнæ куыд уыдис... Уæвгæ нæма амард, афтæ Хъуыбадымæ Мæскуыйæ сдзырдтоп æмæ йын загътой Цæгат Кавказы автономон рсспубликæты разамоиджытæм мæнæ чысыл раздæр хæдтæхæг атахтис, цæттæ ут, дæу уылты дæр ратæхдзысты. Æмæ йæ уæд Хъуыбады бамбæрста: Сталин дзæм-дзæмы донæй дæр нал аирвæздзæн. Сæ ныттахтмæ ма «адæмы фæтæг» нырма æгас уыди, тынг тыхстæй йæ ныййæфтой, ницы уал, дам, æмбæрста, йæ сæрырдыгæй ма алæууыдысты Хъуыбады, Даииялоп æмæ ма иу цалдæрæй. Уыцы рæстæг дуар байгом æмæ йæ цæнгтыл хæцгæ æрбакодтой Сталины лæппу Василийы, уый богъ-богъ кодта, йæ фыд ма æгас уыд, уæддæр, цалдæр хатты бауадзыг, нæ пыхцыл сæр-иу стыр фæтæн базыл æрхаудта, цæссыгтæ-иу дзы ахъардтой базы. Сталин куы амард, уæд нæ республикæйы дслсгаци уырдæм тахтис æмæ мæм Хъуыбады тслефонæй сдзырдта ссмæ, дам-иу, ратæх. Раст зæгъын хъæуьт, фæндыдис мæ фсцын. Фæлæ нæ атахтæн, чидæр царæй фиу æрхауынмæ куыд æнхъæлмæ каст, уыйау æз дæр фæбадтæн. Уый фæстæ нæ дслсгацийы разамонæг Баскаты Дзамболат йæхи сраст кодта, нæ, дам, дæ ссардтам. Иуд- зырдæй, хæдтæхæг æнæ мæнæй атахт. Фæлæ мæ чызг Зарæ уым уыдис æмæ йæ йæ фыд Сталины чырыны цурмæ бакодта, йсмæ кадджын караулы алæууыд. ( Зарæйы мысипæгтæ уыцы боны тыххæй бакæсдзыстут дæлдæр. Д.) Бирæ цыдæртæ мын фæдзырдта уыцы бонæп, фæлæ мæ фсрох сты, æцæг мæ нæ рох кæны Бсрияйы тыххæй мын цы загьта, уый. Мæнæ ныр æрлæууыд мæ зæрдыл Берияйæ-иу цы дзырдта, цы аргъ ын кодта, уый. «Авантюрон тип» æй хуыдта, кæд дам, дзы цæмæ æнхъæлмæ кæса адæймаг, уый бæрæг нæй, йæ цæсгомыл дæр, дам, фыст ис æгьатыр æмæ æдзæсгом кæй у, уый, æнæуи та, дам, у зондджын æмæ курдиатджын, хъæппæрисджын разамонæг. Арæх-иу ын æппæлыд йæ усæй, уындджын, æгъдауджын сылгоймаг уыди, æцæг йæ .лæг уæддæр хæзгултæ дардта, æгас бæстæ дæр æй зыдта. Сталины куы рацæйхастой, уæд Хъуыбады чырынмæ хæстæг лæуд фæцис æмæ федта Берияйы цæсгомыл, дам, мидбмлхудг хъазыд, цæулдæр разы уыд. Цалдæр къахдзæфы куы скодтой, уæд Хъуыбады фехъуыста Лавренти Маленковæн цы загьта, уый: — Георги, æппæтæй стырдæр уæз та нæ дыууæйы уæхсджытыл æрынцад... Хъуыбады ахæм адæмтæм хæстæг нæ цыди, йæхи сæ дæрдты ласта, ницæмæ сæм æнхъæлмæ каст, нæдæр матсриалон æгъдауæй, нæдæр кадмæ, уыдонæй цæмæй истæмæй хæсджын уа, уый йæ нæ 135
фæндыд. Æз æй афтæ æмбæрстон. Мах хæдзары дуар ссппæтæн гом нæ уыди... Сталины политикæйæ бирæ цыдæртæ йæ зæрдæмæ иæ цыдысты, уæлдайдæр хъæууон хæдзарады. Мæнæ хъæууоы цæрджыты хæдзæрттæй чыргьæды дзæгтæ нартхор хæссын куы райдыдтой паддзахадæн хæс сæххæст кæныны охьтл, уæд ууыл тынг мæсты кодта. 1937-1938 азты рспрсситæ дæр нымадта срастгæнæн кæмæи нал уыдзæн, ахæм рæдыдыл. Арæх æм-иу æрбахастой ахсынмæ кæй хъавыдысты, уыдоны номхыгъдтæ, фæлæ дзы-иу Хъуыбады йæ къух нæ сæвæрдта, уый руаджы бирæтæ аирвæзтысты... Уый тыххæй йæм иу цалдæр хатты бадзырдтой Мæскуымæ, æцæг Сталинмæ никуы бахаудта, Маленков ын-иу уыд ныхасæмбал, хорз аргъ ын кодта, фæлæ йæ куы систой, уæд æй уый дæр йæ кабинстмæ нал бауагъта, йæхицæн дæр тарсти... 1 МЫСЫ ХЪУЫБАДЫЙЫ ХИСТÆР ЧЫЗГ ЗЛРÆ: — Æз хорз нал хъуыды кæнын Сталин куы амард уыцы бонтæ, æвæццæгæн, уымæн, æмæ уæд мс нкъарæнтæ фылдæр уыдысты цæмæ æнхъæлмæ кастæн æмæ цы федтон, уыдонæй... Уыдис мар- тъи, фæлæ цыма нырма февраль уыд, афтæ зынд Мæскуыйы. Уарыд бæзджын мит. Æз уæд цардтæн нæ бинонты хæлæрттæ маршæл Коневы хæдзары, рæстæгмæ мæ суазæг кодтой. Сæ хæдзар уыд Мæскуыйы бæстастæу иу сабыр уынджьт, мæнæ »Мастср æмæ Маргаритæ»-йы архайд кæм райдыдта, уым. Кæд рæдийын, уæддæр æй нæ зонын, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уыди 3-æм мартъи. Сæумæрайсом райхъуыст тслсфоны дзæнгæрæг рæбинæг уаты, Дзæуджыхъæуæй, дам, дæм дзурынц. Мæ мадимæ нæ ныхасы райдиан нал хъуыды кæнын, фæлæ мьпгзагьта, дæ фыд, дам, Мæскуымæ атахт, Сталин тыхст у. Уымæп иу цалдæр азы фæстæ иу фыссæджы роман кастæн æмæ зæрдиагæи фæхудтæн. Йæ сæйраг герой, кæцыкср обкомы сскретарь, Сталин амардис, уый фсхъуыста радиойæ! Афтæмæй та. ахæм стыр лæгты рагацау сæрмагонд хæдтæхджыты, мæнмæ гæсгæ, хæстон хæдтæхджыты, æрластой Мæскуымæ рынчын Сталины цур алæууынмæ. Хъуыбады ратахт, мæнмæ гæсгæ, уæртæ Грознайæ. Æз телефоны хæтæл æрæрвæрдтон, мæхи схъæрмттæ кодтон æмæ уазæгуат «Мæскуы» — мæ ацыдтæн, радгæсы бафарстон, зæгьын, ахæм æмæ уæм ахæм нæма æрбынат кодта. Нæма, зæгьгæ,æрбацæуæны сбадтæн, кæд дзы уазалгомау уыд, уæддæр æмæ суанг изæрмæ фенхъæлмæ кастæн. Æрæджиау Хъуыбады фæзынд, мæн куы федта, уæд тынг дис нæ фæкодта, бынæттæ сын радтой æвдæм æви æстæм уæладзыджы, уымæй дæлæмæ уæладзгуытæн хъахъхъæнджытæ нæ уыд. Хъуыды ма кæнын: мæ фыдмæ-иу æрбахастой егьау къонверттытæ, сæ уæлæ ставд дамгьæтæй уырыссагау фыст «Сскрстно». Æркаст сæм-иу," йæ сæр- иу æнæдзургæйæ батылдта. Мæныл дæр мæ цымыднсдзпнад фæтых 136
æмæ-иу Хъуыбады æддæмæ куы рацыд, уæд-иу æй байгом кодтон. Уыдон уыдысты цыбыр фыстытæ рынчын Стллины улвæры тыххæй, йæ температурæ уыцы сахатмæ цас у, йæ улæфт æмæ афтæ дарддæр. Уыцы æхсæв æз тæфсæгæй фæрынчын дæн æмæ мæм, æвæццæгæн, уымæн ницы хъардта: нæдæр искæиы катай, нæдæр Сталины мæлæт. Дыккаг бон хæдзары бадгæпæ баззадтæн, мæхи стыхтон. Изæры маршæл Коневы фырт Гслий куыстæй æрбаздæхт æмæ кæуæгау кодта, цæмæндæр йæ фындз æмæ пæ цæстытæ ныррæсыдысты. Дзырдта, зæгъгæ, дам, абон нæ акадсмийы хицау трибунæмæ куы рацыд æмæ Сталины низы хатты тыххæй дзурын куы райдыдта, уæд уымæн дæр йæ кæуын йæ хъуырмæ схæццæ, йæ бон дзурын нал уыд. Гелий та ногæй скуыдта, мæнæн уымæ кæсын мæ бон нал уыд æмæ иннæ уатмæ ацыдтæн, дуар мæ фæдыл хъæбæр рахгæдтон, фæлæ уайтагьд æрбацыд йæ ус, Гслииы цур, дам, дыууæйæ абадæм, кæд, дам, ын æнцондæр уаид. Уæддæр æмæ ныр дæр æз уыцы Гелийæн тæригьæд кæнын. Курдиатджын адæймаг уыдис тынг, ссис булкъон, каст фæцис дыууæ лкадемийы, къæр- къæр кодта англисаг æвзагыл, афтæмæй дзы лмонды цъыртт нæ фæцис. Нозт æй бабын кодта æмæ фæцард æрмæст æхсли фондз лзы. Цас фæбадтыстæм йæ цуры, хуыцау йæ зонæг, фæлæ нæм чидæр тслефонæй æрбахабар кодта: амард Сталин. Æз Хъуыбадымæ бад- зырдтон, зæгъын, Сталины цурмæ-иу мæ блкæн. Зæрдæ мын бавæрдта, фæлæ нал æмæ нал цыд, æз катаи систон, ногæй та тслефоны хæтæлмæ фæлæбурдтон, баййардтон æй, зæгъын, акæн мæ, кæннод мæхæдæг иунæгæй ацæудзынæн. Æрæгмæ мæм кæй цыд, уый йæхи аххос нæ уыд: кадджын караулы лæууыд зноны фæтæджы цур. Æрæджиау фæзынд, метройы, длм, æрблцыдтæн, фæстæмæ дæр та метройы ацыдыстæм, цллынмæ Колоннæты хæдзармæ цыдыстæм, уæдмæ нæ цалдæр хлтты блуырæдтой салдæттæ æмæ милицæйы кусджытæ, мæ фыд — сæм-иу гæххæт равдыста æмæ-иу нæ дарддæр ауагътой. Æрæджиау кæддæр Колоннæты хæдзармæ фæстæты блцы- дьтстæм, зал уыдис æрдæгталынг, фæстейы кæмдæр цлгътл симфо- никон оркестр, оркестры разæй лæууыд солист-скрипач Давид Ойс- трах. Абон уыцы бон мæ зæрдыл æрлæууы, фæлæ Сталин мæ цæстытыл тынг нæ уайы, æцæг дидинджытæ, йæ къæхтырдыгæй стыр баз йæ хæрзиуджытимæ, æрттывдтытæ калдтои ордснты лсн- тытæ æмæ маршæлы стъалытæ. Мæ цæстытыл ма уаиьшц чырыны цур гыццыл сывæллæттæ, Сталины цоты цот, длм. сты...Æндæр дзы хорз ницыуал хъуыды кæнын. Изæрæй нæм уазæгуатмæ æрбацыдысты 1рознайлг сскретлрь Жигалин, стæй та Дагьистаны секрстарь Длпиялов, улзалы йæ былтæ ныррæсыдысты æмæ йын Жигалин иу лгуыизæ коньяк блнл- зын кодта, адзæбæх, дам, уай. Быцæу кодтой митпнгтæ кæд скæной, 137
ууыл, хъæмæ куы раздæхой, уæд æви ныр тслсфонæи адзурой æмæ се ссыдмæ райдайой. Цы ма дзы уайы уыцы бонтæй мæ цæстытыл? Дидинджыты веноктæ. Ирыстоны делегаци дæр нылласта вснок æмæ æз мæ фыды баййардтон, зæгьын, цавæр дидинджытæй конд у, хиконд, æви зноны тынд. Мæн фæндыд, цæмæй ног тынд дидинджытæй конд уыдаид, фæлæ мæ фыд загъта хиконд, дам, сты, фылдæр, дам, фæлæудзысты. Æцæгæй дæр афтæ рауад. Уыцы æнæнымæц вснок- ты æз иуцасдæры фæстæ ногæй фсдтон Кремлы фарсмæ рæбынты æмæ йæ къаридорты, рыг сыл бæзджын æрбадт, сæ фыстытæ ма зына-нæ зына бæрæг дардтой... ИССÆ ÆМÆ ХЪУЫБАДЫ КуКРÆДЗИУЫЛ ÆИУПЫД УЫДЫСТЫ. МИНÆВАР УЫДИ ИССÆ ХЬУЛАТÆМ. ХЬУЫПАДЫЙЫ 1Н1ГÆН - ИРЫХЬÆУЫ АРПУАНЫ КÆРТЫ... Сталин æмæ Хъуыбадыйы æхсæн цы ахастдзинæдтæ уыдис, зæгьгæ, мæ Нинæ Васильевнæйы бафæрсын адæм куырдтой, Иссæйы тыххæй бафæрсын та мæхи хъæппæрис уыд. Нæ Лæгдæрты Лæгдæримæ æз мæхæдæг Ростовы сæмбæлдтæн, уæлдæр ма йæ куы фщстон мæ хæлар Æгьуызарты Саукуыдзимæ йæм нæ ныфс баха- ста, зæгьгæ. Уый кæд æмæ кæд уыдис, 80-азты райдиан, фæлæ йæ нырма ныр бамбæрстон Иссæ нæм фæндараст кæнгæйæ дуаргæрон ахæм фарста цæмæн радта, уый. Нæ фембæлд та рауад афтæ. Ау, Ростовы уæвгæйæ нæ кадджын æмзæххоны æнæфенгæ куыд ис, зæгьгæ, Саукуыдзимæ ныддис кодтам æмæ йын иу бон йæ дуар бахостам. Иссæ ныл бацин кодта, нæ къухтæ нын райста, уайтагъд нæ фарстаты бын фæкодта: — Цæй куыд у мæ Ирыстон? Уазал дзы у? Бирæ мйт нæм æруарыд? Мах ын, кæй зæгьын æй хъæуы, бæлвырд дзуæппытæ- радтам, стæй та мах рад æрцыд фæрсынмæ. — Ме нæниздзинад куыд у, зæгьут?.. Ирыстонæи мæм чи вæййы, уыдон мæ серпæт дæр уымæй фæфæрсынц, — бахудти Иссæ, йæ хуыздзыд æрфгуытæ фелхынцъ кодта, — мæ зæронд цæфтæ мæ иу ран нал) уадзынц... Стæй азтæ, азтæ../ Дохтыртæ ныртæккæ мч: къамандиртæ сты. Мæнæ уе рбацыды хæдразмæ Монголиимæ ныхас кодтон, цыдæр хостæй мын зæрдæ æвæрынц, а — дыууæ боны сæ æрбарвитдзысты... Сахат æмæ æрдæджы бæрц фæныхас кодтам, чи зоны ма, фæбадтацккам,. фæлæ æрбакаст йæ дзæбæх бинойнаг Катя æмæ бамбæрсрам: хостæ нуазыны рæстæг ын æрхæццæ;*Æцæг мæ никуы ферох уыдзысты мах уымæ, уый та махмæ цы (]хфстатæ радтам, уыдон.. Саукуыдз æм æй радта: — Мæнæ дæм ам хæстæг ц&ры нæ дуджы стырдæр фысджытæй иу Михаил Шолохов. Кæрæдзийы нæ фенут? 138
— Фенæм. Стыр фыссæг у æцæгæйдæр, фæлæ нозтмæ æгæр * æмхиц у. Мемæ йæ йæхи фæндонмæ гæсгæ хæстон ахуыртæм аластон," æцæг йемæ коняччыты асыкк раласта... Куы раздæхтыстæм, уæд мын зæрдæ бавæрдта иу афæдзмæ, дам, дыл чиныг ныффысдзынæн. Мæнмæ та диссаг кастп, ахæм стыр лæгтæ сæ дзырдæн хицау куыд разынынц, зæгъгæ, æмæ йæм иу афæдзы фæстæ мæхæдæг бадзырдтон, зæгьын, бафæрсон æй. Нæма йæ • равдæлд... Иссæ та нын дуаргæрон нæ къухтæ райста, стæи дзы схаудта ма^æн æнæнхъаглæджы чи уыд, ахæм фæстаг фарста: — Æрæджы уæ Хъулаты Хъуыбадыйы ничи фсдта? Мах дыууæйæ дæр нæ сæртæ батылдтам. Уæд махæн нæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, уыцы дыууæ стыр лæджы кæрæдзийæн куыд уарзон уыдысты, уый. Авторæй: — Цом ма Хъуыбадыйы æнгуз бæлæстæ, фен... Иссæйы цардхæрæфырт, бсслæныхъæуккаг мæ хæлар Мысыкаты Татиккимæ сæ дуармæ хæрхæмбæлд куы фсстæм æмæ нс ’хсæн Хъуыбадыйы тыххæй ныхас куы рауад, уæд мын загъта уыцы курдиат. Æз нæ фæзивæг кодтон, фсдтон сæ, егьау бæлæстæ стыр.кæрты æртæ къуымы, сфидауын æй кодтой. — Цом цæхæрадонмæ дæр, уым та ма Исс’æ æмæ Хъуыбады дыууæ фæткъуыйы æмæ иу кæрдо бæлас ныссагътой... Федтон уыдон дæр. Зæронд уираг дурæй амад сисы рæбын уæзданæй лæууынц, сæ сыфтæртæ сусæг сусу-бусу кæнынц. -т- Уыцы боны тыххæй дын радзурон, — мæ хъуыдытæ мын фсхæлдта Татик. — Иссæ ма Бакуйы куы службæ кодта, уæд мын иухатт афтæ загьы, уæ дынджыр кæрты, дам, ма мæ номыл æнгуз бахлас ныссадз... Мæ мады æфсымæры ныхас та мæнæн хæстон бардзырдæй уæлдай нæ уыдис, фæлæ мын нæ бантыст. Мæ Нана æууæндаг уыд, нæ мæ бауагъта, уыцы æнгузы зæнг, дам, дæ къубалы стæвдæн куы суа, уæд амæлдзынæ, фыдæлтæ, дам, -иу афтæ загьтой. Уæд та иухатт Иссæ Ирыстонмæ стахт, æз дæр аэропортмæ йæ размæ ацыдтæн^ Хъуыбады дæр уым, уæртæ Дагъистаны хицау Даниялов дæр. Йæ курдиат дзы нæ ферох æмæ мæ афарета. — Цæй куыд у, ныссагьтай,æнгуз бæлæстæ? Æз ын хабар радзырдтон, уый хъæрæй ныххудт: — Мæнæ диссæгтæ, мæ дзæбæх хæрæфырт^ йæ нанайы аргьæуттыл баууæндыд... ♦ Нæхимæ куы æрбацыдыстæм, уæд Хъуыбадыйымæ бслтæ баца- гуырдтой æмæ ныссагьтой æртæ æнгузы, дыууæ фæткъуыйы æмæ иу кæрдо бæласы. Мæнæ сæ дæхæдæг федтай. Бакæсын сæм æмæ та мæн бирæ чи уарзта, уыцы мадыфсымæр мæ цæстытыл ауайы. Уый куыд фæндыди, йæ цæст мын цас уарзта, ахæм лæг мæ нæ рауад... Æхсæрдæс азы мыл куы сæххæст, уæд мæ офицсрты скъоламæ 139
бакодта, æгьгьæд, дам, дын у тигътыл лæууыимæ... Хъуыбады дæр тынг уæздан лæг уыди, ахæмтæ ныр стæм ис. МЫСЫ 1/ИПÆ ПАСИЛЬЕВПÆ: — Иссæ ма Цæгат Кавказы хæстон зылдæн командыгæнæг куы уьтдис, уæд-иу мыл йæ мад куы амбæлдис, уæд-иу йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццавта: — Мæнæ диссæгтæ! Мæ лæппу куыддæр схæццæ вæййы, æмæ йæ фæллад цинел рагьæныл ацауындзы, афтæ тслсфоны хæтæлыл йæхи ныццæвы. Æмæ кæмæ фæдзуры æнхъæлут? — Хъулатæм... Уайтагьд сымахмæ балæууы. Цы ад кæнынц, цымæ, кæрæдзийæн?! Цин кодта йæ мад ууыл, сæрыстыр уыд сæ хæлардзинадæй. Нæ бинонты æппæт хабæрттæ дæр Иссæ хорз зыдта, кæйдæр загьдау, нæ циныл цин кодта, нæ хъыгыл — хъыг. Уæртæ Тбилисы амард мс фсымæр, уым медицинон институты ахуыр кодта. Гуырдзы нын нæ хъыджы бон тынг баххуыс кодта, сæрмагонд пагон нын радтой ардæм æй раласынмæ. Уæд ма Иссæ Бакуыиы службæ кодта æмæ йæм, æвæццæгæн, Хъуыбады бадзырдта, афтæ æмæ, дам, афтæ. Нæ поезд Бакуыйыл цыдис æмæ ам куы æрлæууыд, уæд нæм вагонмæ æрбахызт Иссæ йæ бинойнагимæ, мæнæ æцæг ирон лæгæн куыд фембæлы, афтæ нын тæфæрфæсы ныхæстæ загьта, зæрдæтæ нын бавæрдта. Дæлæ-иу ’ Мæскуыйы куы уыдыстæм Хъуыбадыйымæ, уæд-иу нæм уазæгдонмæ æнæрбацæугæ нæ фæцис, бирæ-иу фæныхас код- ’той, фæйнæ дæр-иу банызтой сыгьдæг ирон æгъдаумæ гæсгæ. Стыр лæг уыд, йæ ныхас цыди æма^иу ын Хъуыбады бирæ цыдæртæ бабар кодта, уæлдай дæр та Лшон лæппуты æмæ чызджыты Мæскуыйы институттæм æмæ хЦстон училищстæм бакæныны тыххæй. Цавæр фæстаг курдиатимæ]йæм бауызæлыд, уый дæр мæ рох нæу. Мæнæ ам нæхи горæты Ватутины уыпджы æфсæддон хай лæууыди, сæ сармадзантæ æмæ танктæ æддæмæ зындысты. Хъуы- бады Иссæмæ Ростовмæ ныддзырдта æмæ дзы ракуырдта, цæмæй уым стыр забор самайой, стæй офицертæн цæрæн хæдзæрттæ сара- зой. Куы йæ федтаис, Дамир, цы тæ дзы арæзт æрцыд, уый: хицæн чысыл горæт дзы сырæзыд. Уый ма Хъуыбады кусгæ куы кодта, уæд. Куы нал куыста, уæд та йæм нæ медицинон институт цæмæй ма ахæссой, уый тыххæй ныддзырдта, раздæр дын æй куы радзырдтон. Хрущсв нын уыцы иунæг хорздзинад скодта, æнæуи та йæм хæрам уыдис Иссæ; Баграмянæн радта Хрущев маршæлы цин, Иссæиæн та нæ радта. Афтæ сæм иуварсырдыгæй бакæс, уæд Микъитт æмæ Иссæ хæларæй цардысты. Дæлæ Ираны шахин-шахимæ Идылдоны йæ фæллад куы уагьта, уæддæр йсмæ акодта Иссæйы, ардæм Иры- стонмæ куы ссыд, даг зындгонд хъæуккаг Æлбсгаты Харитонмæ, уæддæр йæхи хъæппæрисæй ракодта Хрущсв Иссæйы йсмæ æмæ уæд иууылдæр загьтой ам ын маршалы цины тыххæй иæ.къух 140
фафысдзæн. Нæ бафыста. Афтæ дзурынц худгæ хæрам, дам, æм уыд. Кæд афтæ нæ уыд, уæд æй уæдæ æндæр цы нæ уагъта? Кæд та йæм Сусловы дзых бахæццæ? Хрущсв æмæ Иссæйы æхсæн, уырыссæгты загъдау, цыдæр сау гæды кæй ауад, уый бæрæг уыд 1964 азы 8-æм августы Ху- ымæллæгæй куы ссыдысты æмæ Ирыстоны 40-азы юбилсйы тыххæй кадджын æмбырд куы уыдис, уæд. Уым -иу раныхасгæнджытæ, райдай докладгæнæг Хъæбæлоты Биларæи, иууылдæр райдыдтой æмæ-иу фесты Микъитты стауынæй. Иссæ дæр дзы раныхас кодта æмæ уым чи уыди, уыдон ма йæ кæд хъуыды кæнынц, уæд залы- бцдджытæ тынгдæр бацин кодтой нæ зындгонд æмзæххоныл Микъ- иттæй. Уый Микъитт бамбæрста æмæ, дам, йæ рахиз амонæн æрттиваг æнгуылдзæй адæммæ бартхъирæн кодта, иæхинымæры та цы зæгьта, уый хæйрæг равзарæд. Иссæ бæстæны хицауы тыххæй дзырды æмбис дæр нæ загьта, уый æрдæм кæсгæ дæр нæ акодта... Иу чидæр мын куыд дзырдта, афтæмæй мæнæ цæуыл фæхæрам Хрущсв Иссæмæ: Хрущсв-иу арæх суад Ростопы облæстмæ цуан кæнынмæ æмæ-иу уæд æнæмæнг хъуамæ бабæрæг кодтаид йæ дыууæ хæлары-Иссæ æмæ Шолохопы, фсмбæлд-иу æнæфынгæвæрдæй нæ ахицæн. Хорз, дам-иу æм кастысты Иссæйы ирон сидтытæ. Ноджы куыд дзурынц, афтæмæй Микъитты зæрдæмæ фæцыдысты ирон фыдджынтæ æмæ, дам, Иссæпы’ хæдзары дзырд радта: «Мæнæ нæм дзидза куы сбирæ уа, уæд бардзырд ратдзынæн, цæмæй.алы рестораны дæр ирон фыдджынтæ уа, æнæмæнг уой «фыццаг блюдæйыл» нымад.» / Иу хатт та Хрущев’æнæнхъæлæджы ссыд æмæ Иссæйы байиæфта хæстон ахуырты. Мемæ цуаны цом, зæгьгæ, фæлæ Иссæ нс сразы, мæнæн, дам, къамандирты афтæ уадзæн нæй, мæхи æнæмæнг ам уæвын хъæуы. Иудзырдæй, нæ йын бакуымдта. Хрущсвæн уый фæхъыг, дуар йæ фæдыл ныггуыпп кодта. Изæры хæстон лхуыртæ куы фесты, уæд Иссæ Хрущсвы ссардта Шолоховы хæдзары, сæ тæккæ нуазгæйæ уыдысты, фæлæ йæм уый пе ргом дæр нал раздæхта æмæ йæм уымæй фæстæмæ хæрам зæрдæ рахаста. Иссæ уый бафиппайдта, фæлæ лæгъстæйаг никуы никæмæн уыди. Цы ма дзы лæууы мæ зæрдыл Иссæйæ? 0, хæдæгай... Мæнæ хæст куы фæци, уæд уæлахизы боны фæстæ Иссæ ацид Японимæ хæцынмæ æмæ йын чысыл фæстæдæр йæ бинонтпмæ чысыл хъаугъа рауад. Кæрæдзийы нæ бамбæрстой. Куыд уыди уымæ ма хъус... Чидæр йæ хæстæджытæй, уыцы чидæр чи у, уыи зонын, æцæг дын æй нæ зæгьын, раст нæ бакодта. Цæмæй нæ бакодта раст? * Иссæмæ фронтмæ ныффыста: дæ ус йæхи æвзæр дары. Иу ныхасæй, дам-думтæ. Йæ ус Катя уæд куыста сывæллæтты рынчын- доны сæйраг дохтырæй. Хъыгагæн, Иссæ уыцы ныффыстыл баууæндыд, фæтæргай, фæхæрам, уæдмæ Катя фæстæмæ Мæскуымæ аздæхт, ам, Ирыстоны, эвакуацийы уыдис. Фæлæ Иссæ уæлахизимæ Японы хæстæй куы раздæхт уырдæм, уæ йæ хæдзармæ 141
нæ бацыд, фæлæ æрцард уазæгдон «Мæскуы»-йы: мæнæ-иу мах арæх кæм æрфысым кодтам, уым. Æз та йын йæ бинойнаг Катяимæ хæларæй цардтæн, ницм мæ сусæг кодта. Зыдтон æй Иссæ йæ цардæй бмнтон разм кæй нæу, уый, лæппу ма сæ куы уыдаид, умй йæ фæндмд, уммæн та гæнæн нал уыд... Хæсты рæстæг иу сидзæры йæхпцæп лæппу скодта, фæлæ йын уый дæр нæ фæрæстмæ, иу хæстон опсрацииы рæстæг, дам, фесæфт æмæ нал фæзынд, тмнг ыл фæрмсти, мæгумр. Иссæ йæ хæдзармæ куы нæ бацыд, уæд Катя тслсфонæй мæнмæ сдзмр- дта афтæ æмæ, дам, афтæ. Умцм рæстæг æз дæр Хъумбадмимæ Мæскуыйы уыдтæн, радзырдтон хабар мæ моиæи, зæгъмн, бинон- ты цард халын ма бауадз. Хъуыбады уыцм изæр Иван Христофо- ры фырт Баграмяны йæхимæ æрбахуыдта, уып та Иссæпм кæнгæ æфсымæр уыдй, уалынмæ сæм Иссæ фæзыпд. Умй фæстæ ммн Хъуыбады дзырдта: «Æз мæ ныхас райдыдтон мæнæ афтæ: «Уый цы кусыс, Иссæ? Ирыстон дын дæ ном сæ тырысапыл нмффмстой, уый зоныс? Цыдæриддæр дæм Катяйы тыххæп нмффмстой, умй иууылдæр у гæды ныхас. Дæ хуызæн лæг хъуамæ ахæмтыл ма æууæнда, бæрзонддæр, хъуамæ уай дам-думтæй. Дæ бинойнаг Катя та у сызгьæрин адæймаг, æгьдауджын. Истм, уæд æй æз нæ зонин?! Ды раст нæ дæ, ацу æмæ дзы хатмр ракур»...Баграмян дæр ын бирæ хорз ныхæстæ загьта Катяйæ. Иссæ ныссмрх. йæ сæр æруагьта... Дыккаг бон мæм уазæгуатмæ æрбацыд æнæзонгæ булкъон æмæ мын æфсæддонæн куыд фсмбæлы, афтæ доклад скодта: — Æмбал обкомы фыццаг сскретарь, ’хъусын дын кæнын: инæлар Плийы фырт Хол^унок псрсулокмæ йæ хæдзармæ балыгьди цæрынмæ... \ Дыккаг бон мæнмæ та Катя æрбауади, хъæлдзæг. Зæгъын, рæвдздæр радзур, куыд уьвдис. Йæхи мыл æрбаппæрста æмæ йæ бамбæрстон: хæстæй раздæхгæйæ дыууæ уарзои адæймаджы куыд сæмбæлынц, афтæ... Цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ нæ фсрох уыдзæн Иссæ нæм йу усгуримæ мæ астæуккаг чызг Томæмæ минæпар куыд æрбацыдис, уый. Усгур та уыд нæхи хорз зонгæтæй иу. Уыдис сæрд, Томæ мын Мæскуыйы аспирантурæйы ахуыр кодта æмæ каникулты ссыд. Иссæ мæ чызджы иу дæс азы бæрц нæ федта, уæд ма Томæ гыццыл уыд, ныр гæдыбæласау хæрдмæ фæцыд, уы# тынг рæсугъд æмæ æз бафиппайдтон Иссæйы цæстытæ дзы куьтд баззадысты, уый. Ахæм цæстæнгас æрмæст нгелгоймагæн вæййы. Мæ чызджы мынчи куырдта, уыцы усгур дæр Иссæимæ æрбацыд æмæ иу рæстæг иннæ уатæм рауад. Уæд Хъуыбады Иссæйæн афтæ зæгьы: — Ма мæм фæхæрам у, Иссæ, фæлæ дсмæ чи ис, уый мæ чызгæй ссæдз азы хистæр у, ссæдз сантимстры та дзы асмæ гæсгæ къаддæр у... 142
Куыд хъуамæ радтон ахæмæн мæ чызджы?.. Ницыуал загьта Иссæ. Уыцы усгур уæддæр архайдта, цалдæр хатты ^мæм йæ мад дæр æрбадзырдта, лæгьстæ мын кодта æмæ уымæй ныййарæджы бамбарæн ис, афтæ-иу мын: — Нинæ, породæ нæ хъæуы, породæ, Томæйы нын радт... Цыма æппæтдæр мæнæй аразгæ уыд, чызгæн йæхи куы нæ фæнда, уæд цы гæнæн ис... Уый фæстæ æз Ростовмæ ацыдтæн, мæ хистæр чызг Зарæйы размæ, уый ардæм нæхимæ йæ фыццаг сывæллон арыимæ цыдис. Æз æй Ростовы, æвзалыйы рыджы бын чи фæци, ахæм посздæй раргьæвтон, цæмæй хæдтæхæджы ратæхæм. Иссæ йæ базыдта уым стæм, уый, иу булкъоны бар нæ бакодта стæй та нсмæ аэропортмæ рацыд... Фæстаг хатт иумæ нæ фæллад уагътам Цхалтубæйы. Уым мæ гуырæн бон æрхаудта, цыппор азы мыл сæххæст æмæ рсстораны иу къуымы æрбынат кодтам. Уыцы изæр мæ зæрдыл тынгдæр уымæн бадардтон æмæ уыцы бон райсомæй иу хæдтæхæг æрхаудта æмæ дзы фæмард стыр гуырдзиаг киноактрисæ Нато Вачнадзс. Уым рестораны бирæ гуырдзиæгтæ .уыд æмæ уыдон алы стьолыл дæр шампайнаджы авг æрывæрдтой, рухсаг, дам, ын зæгьут. Адæм иууылдæр сыстадысты, оркестр цагьта «Плач Маро» опсрæ «Даиси»- йæ, Иссæйæн æз домбай æнхъæл уыдтæн, фæлæ йæ.зæрдæ суынгæг уыцы цагьдмæ... Сусловы æнæхсад дзыхæй Хъуыбадыйы йæ куыстæй куы систой, уымæй иу æртæ-цыппар боны фæстæдæр Иссæ цыд Бакуымæ Рос- товæй. Беслæныхъæуы йæ размæ рацыдысты иæ хо Маруся, йæ хæстæджытæ, стæй йæ чи базыдта ссæуы, зæпэгæ, ахæмтæ... Посзд куы арастногæй, уæд Иссæ иууылдæр æй куыд хъусой, афтæ йæ хойæн фæдзæхста: — Хъуыбадыйæн мæ салæмттæ ратдзыстут! Зæп*ут-иу ын, куы раздæхон, уæд æй æнæмæнг бабæрæг кæндзынæн... Иссæ барæй афтæ хъæрæй дзырдта, уый адæмæн æмбарын кодта йæ зæрдæ Хъуыбадыйыл кæй никуы сивдзæн, уый. Æмæ афтæ рауад, бирæтæ та йæм уайтагад сæ чъылдымтæ аздæхтой, уæлдайдæр ног бынæттæм чи æнхъæлмæ каст, ахæмтæ. Раст залъын хъæуы, сеппæт нæ... Уæззау рынчын куы æрцис, уæд æз Билармæ бадзырдтон æмæ уайтагьд республикæйы æнæииздзинады министр Хораны фырт, зындгонд хирургтæ æмæ дохтыртæ. цалдæрæй нæ уа^лхъус алæууыдысты... Æцæг сæ фæндон куы запугой опсраци йын нæ хъæуы, зæгьгæ, уæд æз та ныллæууыдтæн: «Курын уæ, æмæ йын опсраци скæнут. Ничи уын дæтты бар æндæр хуызы’ бацархайы- ныл... Нæ йæ уынут йæ туг нал уыромы, уыи?!» Æмæ йын уæд операци скодтой, æцæг ма дæс боны фæцард... Куы ахицæн, уæд та мæм Билар æрбадзырдта æмæ запуга: — Ма тыхс, дæ хорзæхæй... Хабæрттæ мах иууылдæр нæхимæ исæм. Баныгæндзыстæм æй Къостайы уæлмæрды. Кæд уæм исты курдиаттæ ис, уæд сæ зæгьут, алцы дæр уын скæпдзыстæм... 143
Уæд мæ зæрдæ уынгæг кодта, кæронмæ нæ ахъуыды кодтон, æндæра йæ уæлмæрдæн йæ иннæ фарс ныгæныи хъуыд, уым хурварс дæр у, стæй Къостамæ хæстæгдæр уьтдаид. Фсфсæрмы ’кодтон уæд Биларæй, зæгъын, афтæ куы зæгьа æнæуæздандзинад равдыста, зæгьгæ. Æцæг ма мæ бафарста кæцы фæндагыл, дам, æй ахæссæм уæлмæрдмæ, сбарстам, дам, фæндаг æмæ иуылты у 810 мстры, иннæуылты та 1 киломстр æмæ 200 мстры. Æз ын мæ фæндон загьтон: «Уæлæ уал азы цы хæдзары фæкуыста, ууылты йæ ахæссут». Обкомы хæдзары рæзты йæ куы фæцæпхастой, уæд йæ рудзгуытæ иууылдæр гом, иууылдæр æм уырдыгæи кастысты... Нæхи кæрты дæр адæмæй базмæлæн нал уыд, афтæмæй йæ бирæтæ хъусгæ дæр нæ фæкодтой, йæ цæфыл газсттæ дæр адæмæн нæ фехъусын кодтой, цавæрдæр уацхæссæг нæ бакуымд- та, æрмæст æй цы бон ннгæдтой, уыцы бон цыбыр нскролог кæмдæр къуымы батъыстой. Уæлмæрды Баскаты Дзамболат радзырдта, стæй хъæды хæдзарады, йæ фæстаг кусæн бынаты йæ хæдивæг чи уыд, уый, Габсты Хасан, нæхи мыггагæй та Таймураз... Цырт сæвæрыны хабæрттæ йын мæхæдæг кодтон. Нс «скульп- торты хуыздæртæй иу Дзанæгаты Чсрмсн ын бюст скодта, йæ иннæ хай та йын Мæскуыйы бынмæ Мытишæиы заказ скодтон. Уый фæстæ нæ поезды кусджытæй иуæн иыллæгъстæ кодтон, зæрдæлхæнæн ын йæ дзыппы нытътъыстон æмæ мын æй сласта, уым æм æй радтой, тыххæй-амæлттæй йæ вагонмæ бахастой... Æрмæстдæр мæхи уд зоны, ууыл куыд фæмæт кодтон, уый. Адæм дæр мын хорз æххуыстæ фссты. Иу уыди, Гусатæи йæ мыггаг, цыдæр заводы директор, йæхæдæг ауыгьды хуызæн уыд, уымæн æмæ ма уыцы бон уæлæ Ноя Буачидзейы уынджы уыцы бæхты æвæрдтой, цыдæр зынаргъ\дуртæй æмæ мын уыцы дуртæй радта... Мæ чызджытæ æмæ мæ сиæхстæ та æхца сæрвыстой, æдæппæт ын фынддæс мины бæрц бахъуыд. Ныры æхцатæи уыдон капсччытæ сты, уæд та стыр æхцатыл нымад уыдсты. Нæхимæ цæй æвæрæнтæ уыдис?! Хъуыбады обкомæй цыдæр пособи хъуамæ истаид, фæлæ йæ йæ сæрмæ нæ хаста. Иу хатт æм тслсфонæй æрдзырдтой æмæ йын уайдзæфы хуызы загьтои цæуыннæ, дам, сæ исыс. Уый сын афтæ зæгъы: «Далы дзырдуатмæ, дам, ма æркæсут. Уым дзырд «пособи» амоны «пособлять». Æз та уымæ нæма æрхаудтон, мæ сывæллæттæ мæн дарынхъом фссты...» Ни- куы сæм бацыд, никуы сæ райста. Цыртдзæвæн куы сцæттæ, куы йæ сæвæрдтам, уæд мæрдæхсæвæр акодтон, ацыдыстæм æм Къостаим уæлмæрдмæ аргь- уаны кæрты, фсдтам æй. Мæнæн дæр дзы уым йæ фарсмæ бæргæ бынат куы разынид, уя^дæ æз дæр кæдмæ цæрдзынæн. Уыцы бон дзы Баскаты Дзамболат дæр уыди, дыууæ ныхасм та дзы загьта: — Раст фæцардтæ, Хъуыбады, дæ фæстаг хъуыддæгтæ дæр раст рауадысты... 144
Дзамболатæй хуыздæр куыд зæгъдзынæ?! Æцæгæй дæр ху- ымæтæг лæг уыди; гыццыл лæг æмæ йын хуымæтæг кад дæр скодтам йæ фæстаг фæндагыл... эпилог Цас ис рох нæмттæ дæ хъысмæты, мæ чысыл, мæ къона Ирыстон! Æз сын райстон сæ лæгдæртæй иуьт. Чи радзурдзæн иннæты тыххæй та?.. Хуымæллæг, май 1993 аз. 10 Д.Х. Дпуров , 145
ХСРИТ1Н нымш
Р00О000О000О00000000000О0000000000000 ХÆРИТОНЫ НЫМÆТХУД ÆМÆ ХРУЩЕВЫ ШЛЯПÆ ФÆРСÆЙ-ФÆРСТÆМ ÆВÆРД УЫДЫСТЫ ЦÆЛЫЧЧЫ БЫДЫРЫ Документалон уацау рыстоны искæцы хъæу, кæнæ горæтмæ мæ куысты фæдыл куы бафтын, кæнæ та арæхдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, цины кæнæ зианы куы сæмбæлын, уæд иннæты тыххæй ницы зæгьын, фæлæ мæн, кæцон дæн, уый куы базонынц, уæд æнæбафæрсгæ нæ фæвæййынц... Æлбегаты Хæритонæй. Куыд у, цы куыстыл хæст у ныртæккæ?.. Уæвгæ уал уын æй рагацау зæгъон: махмæ, стыр Хуымæллæджы, ацы мыггаджы æртæ Хæритоны ис, растдæр зæгьгæйæ та уыдис. Иу дзы Сосейы фырт, хъæуыбын кæройнаг уынджы цард, иу фынддæс азы раЗмæ фæзиан, рухсаг уæд, дзæбæх лæг уыд, дзæбæх цот ныууагьта, иннæ — Агойы фырт, хъæуы астæу райгуырд, нырмæ йæ фыды хæдзар дзæгьæл нæу, кæд раджы горæтмæ афтыд æмæ стыр бынæтты куыста, уæддæр, мах дзы сæрыстыр стæм, хуыцау ма нæм ахæм гуырдтæ фылдæр куы раттид. Æртыккаг Хæритон, Æндрийы фырт Хæритон та хъæуы уæллаг * кæрон цæры, райгæй æрæгмæ дæр ын йæ хæдзар исчи искæмæн куы фæамоны, уæд афтæ бакæны: «Хæритон кæм цæры, зæгьыс? Уæлæ уæллаг уæлмæрдты тæккæ бакокоммæ». Хæритон йæхæдæг та хъазæнныхас уарзаг у: «Уый уæллаг уæлмæрдтæ сты мах тæккæ бакомкоммæ... Дардмæ хæссинаг уын нæ уыдзынæн». Гье, æмæ ацы хистæр Хæритонæй, Социалистон Фæллрйы Ге- ройæ фæфæрсынц мæн æндæр рæтты рагæй йын йæ кой чи нæ уал хъусы, уыдон. Цы дзуапп сын ратдзынæ сæ фарстатæн? Æцæг ирон зæронд лæгæн куыд æмбæлы, афтæ, зæгьын, йæ алыварс æрбатымбыл кодта йæ бинонты къорды, хъæубæстæ йæ, куывды кувынмæ агурынц, зианы — арфæ кæнынмæ, иу мыггаг æй иннæмæ минæвар арвиты æмæ та уайтагъд чындзæхсæв сырæзы, тыхст сахат та, цы йæ сусæг кæнæм, тудджынты æхсæн фидауæг бацæуы. Иудзырдæй, йæ кары зæронд лæгæй цыдæриддæр нæ карз æгьдæуттæ домынц, уыдон кадимæ æххæст кæны. Иу хаттæй иннæ хатмæ йыл сахуыр дæн — мæ дзуæппытæ сæм æгыъæд нæ фæкæсынц, уæлдайдæр сын дзурынмæ зивæг куы нæ и 147
кæнай, уæд, æмæ дарддæр ахæцынц, фарста фарстайы фæдьтл æппарынц: сеппæтдæр баст вæййынц кæддæры, 1964 азы августимæ, Никитæ Хрущев уæды рæстæджы зындгонд нартхорыкуыстгæнæг Æлбегаты Хæритонмæ сæрмагондæй куы ссыди, уыимæ. — Афтæ.дзурынц Микъитты ссыдмæ, дам, Хæритонæн йæ зæронд хæдзæрттæ бындзарæй ахафтой æмæ йын сæ бынатьт зыбыты лæвар ног галуантæ самадтой. Фæсарæйнаг гарнитуртæ æмæ, дам, ын гауызтæ баластой, мыййаг Уæрæссйы паддзах уырдæм куы бацæуа, зæгьгæ, æмæ даглæмæ куы аздæхт, уæд, дам, сæ Æлбегаты бинонтæ фæстæмæ нал радтой... — Æццæй-иу ын йæ зæххы хаймæ фæззæг колхозы иннæ зæххытæй нартхор ластой Геройы ном ын куы лæвæрдтой, уæд?.. Æмæ ма ноджы æндæр æнæхъуаджы фарстатæ. Адæм аххосджын не сты. Йæ рæстæджы кæмæндæр пайда уыди уыцы дам-думтæ ауадзын, сæ бауыромыныл та ничи бацархайдта, уæды азты партион кусджытæй бирæтæ Хæритоны бæрзонд тыллæг æрзад æмæ Иры- стонмæ «Микъитты» ссыдæй стыр хæрзиуджытæ æмæ стыр бынæттæм æнхъæлмæ кастысты, чи зоны, афтæ рауадаид, фæлæ Хрущев куы аздæхт æмæ йæ тагьд рæстæджы куы «ныццавтой», уæд сæ фæндтæ фæндтæй баззадысты æмæ уыцы дам-думтыл сæхæдæг дæр ма къæхтæ æмæ къухтæ æфтыдтой. Канд афтæ нæ, «Хæритон Хрущевы æрдхорд уыди», зæгьгæ, йьтл сæхи атигъ код- той, хæстæг æм нал цыдысты, сæхи кад, сæхи бæрнон бынæттæн тарстысты, мæгур фæллойгæнæджы кад та дæлæмæ-дазлæмæ тард- той. Мæхицæн хæсыл нымайын уайдзæфы ныхас зæгььтн мæ кол- легæтæн, журналисттæн, бирæтæ дзы Хæритоны номæй сæхицæн бирæ кад скæнын кодтой, бирæ гонорартæ бакуыстой, Хæритоны хæдзары бирæ цæхх æмæ кæрдзын бахордтой, бирæ арахъхъ дзы банызтой, фæлæ уæд, 1964 азы октябрæй фæстæмæ, партион кусд- жыты фæзмгæйæ, уымæн йæ къæсæрьтл дæр сæ къах нал æрывæрдтой, йæ нартхоры хуртты æмгæрæтты дæр нал ацыдьтсты. Афтæ уайы, цыма, даедæ Мæскуыйæ ардæм Хрущев лæвæрдта разамынд Хæритоны хъазуат фæллойæн, цыма Хæритон Ху- ымæллæджы колхозæн нæ, Ирыстонæн нæ, фæлæ тард чи фæци, уыцы Хрущевæн куыста сæрмагондæй, уый йын радта уæйыджы тых æмæ уæйыджы æнæниздзинад, уый йæ коДта разæнгард æмæ йæ ныр уый фыддæрагæн рохуаты ныууагьтой. Иуæй-иутæн уый сæ мæгуыр зонд нæ ахсы, иннæты та ахсын нæ фæнды Хæритонмæ æрдзон курдииат кæй уьтдис нартхорыкуьтст кæнынмæ, зæхмæ уар- зондзинад йæ мады гуыбынæй кæй рахаста, йæ хъарутæ æмæ йæ гæнæнтæн аргь кæнын кæй зьтдта. Мæнæ мын куыд загьта уый тьтххæй дæр Хæритон йæхæдæг: — Бригады иумæйаг фæллойы мæ фыдæбоны хай куы никуыцæй зындис æмæ æхсайæм азты райдиан хицæн звенотæ кæньтн куы райдыдтой, уæд мæхицæн загьтон: «Хæритон, дæ рад дæр æрхæццæ, дæ фæллойæ исты равдис...» 148
Куьтд равдыста, цы равдыста, уый Хуымæллæг нæ, Ирыстон нæ, * Уæрæсе нæ, Европæ нæ, суанг Америкæ дæр базыдта, дис æмæ йын æмдзæгьд кодтой канд хуымæтæг кусджгатæ нæ, паддзахадон раз- амонджытæ, зæрдиагæй йын æмдзæгъд кодтой Кремлы Съезды Галуаны уырдыг лæугæйæ Хрущевы цæстæмæ нæ, йæ фыдæбонæн ъш аргь кодтой, йæ номыл сæ армытьæпæнтыл нæ ауæрстой Крас- нодарьт, Ростовы, Стъарапольт, Грознайы, Ужгородьт, Цхинвальт... Уыцы къухæмдзæгьдты зæл ныр æвæгæсæг суадонау байсыст, цы чингуьттæ йыл æрцьщ уьтцы бонтьт фыст, уьтдоныл кæсæндæтты тæрхæджьттьтл рыг æрбадт, йæ номыл цы зарджытæ уьтди, уьтдон ничиуал агуры. Æрмæст сæ йæ дзæбæх чьтзг Майæ тъысæнтæ кæны бæзджынцъар папкæты, мæныл дæр сыл тьтххæй æууæндьтд æркæсынмæ, æз дзы афтæ уарзгæ нæма федтон фьтдьт. Хæритон, зæгььтн, а-фæстаг рæстæг ма дæ хæрзиуæг кæд бакод- тай дæ риуыл æмæ искæцы фæллойадон коллективмæ, кæнæ фæсивæдьт æхсæнмæ кæд ацьтдтæ. Уьтй йæ бæзджьтн урс æрфгуытыл хæрдмæ схæцыд, дис æвдисæг: — Уьтдæттæ дæр ма искæй хъæуынц?.. Мæнæ нæм цы ньтхас рауад йæ зьтр-зыргæнаг уæрагыл ьтн чи бадт, йæ лæппуйы уьтцы гыццьтл чьтзгимæ: — Дæ Бабайы ном та цы хуыйны, Замирæт? Дзуапп радтьтныл хъуьтды дæр нæ акодта, ныкъкъæрц æй ласта: — Хæритон. — Æмæ дæ Баба Герой у, уьтй дæр зоныс? — Зонын, — Цæмæй йæ зоныс? — Йæхæдæг мьтн æй загьта. — Æмæ йын цæй тьтххæй радтой Геройы ном? — Уый нæ зонын... — Æмæ дын æй уæ къласы дæр ничи загьта? — Уыдон дæр æй нæ зонынц. — Кæд æй зонынц, уæд та? — нæ йæ уадзын æз. , — Æз æй куы нæ зонын, уæд æй уыдон та куьтд хъуамæ зоной? Дзыхаррæхст сты, æвæдза, ньтртæккæйы сывæллæттæ. Рохуаты тыххæй æз мæхæдæг иунæг ныхас дæр нал ныффысд- зынæн, фæлæ йыл сымах уæддæр сæмбæлдзыстут, йæ чызг Майæ нал фæлæудзæн æмæ йæ монолоджы йæ зæрдæйы рисс зæгьдзæн, стæй та Хæритон йæхæдæг. Фæлæ цалынмæ уыдонмæ нæ ахæццæ стæм, уæдмæ уал мæнæн мæхи мысинæгтæ... 1964 ЛЗ, АВГУСТ, ХУЫМÆЛЛÆГ... Уæд педагогон институты фыццаг курс каст фæдæн, каникултæ мын уыдис æмæ-иу мæ иузæрдион хæлар Кокайты Викторимæ /рухсаг у, Къорийы фырт/ хъæуы астæу алæууын уарзтам, адæмы дæр-иу федтам, нæхи дæр сæм-иу равдыстам. Иу фæссихор ныл Ходы Камал дæр æрбамбæлд, уый уæд районы радиойы 149
уацхæссæгæй куыста, Ног Бæтæхъойыхъæуæй нæм цыди æрвылрайсом фистæгæй, нæ къухтæ нын райста, стæй йæ бæзджын хъæлæсæй загьта: —,' Хæрзæггурæггаг уæм фæуон, Хуымагллæг? Хрущсв уын Хæритонмæ ссæуы! А-дыууæ боны йæ ардæм хъæуы, мæхи хъустæй йæ чысыл раздæр дæлæ Хабæты Чермены радиойæ фехъуыстон... Мах Викторимæ ньтддис æмæ ныццин кодтам, куыд уьтдзæн, цы уьтдзæн, ууьтл æххæст дзырд нæма фестæм, афтæ та нæ уæлхъус алæууьтд уæды фæскомцæдисы райкомы кусæг Æлбегаты Симæ, ныртæккæ елхотаг чьтндз у. — Уæртæ уæм райкоммæ дзурынц, иучысьтл, дам, ма рауайут... Чи дæ уагьта æнæ бауайгæ. Уым нын загьтой: — Куьтд кæсæм, афтæмæй дзæгьæллæудæн æвгьау стут. Хæритонмæ ньтн, куыд дзурынц, афтæ мæй Хрущев ссæуьт, йæ бьтдырон стан дæр ын æнæ бабæрæг нæ фæуьтдзæн, уьтрдæм цæугæйæ та стьтр фæндагæй базилæны нартхоры цур æнæ рахизгæ æмæ йын йæ арфмæ æнæбацæугæ. Иудзьтрдæй афтæ: алкæмæ дæр нæ фæйнæ дыууæ рæнхъы хауьт, фæйнæ фæндзай мстры, арфдæр кæд нæ бацæуид, звенойы уæнгтæ сæхæдæг не ’ххæсынц, æмæ сæ булчъы хуымтау куыд барувæм, афтæ. Ахæм хæс ныл ис партийы райкомæй. Исчи исты ныхмæ зæгьдзæн?.. Уæд нЫхмæ никуы ничи дзырдта, фæлæ ньтхас ууьтл нæу. Æрæджиау æй æрхъуыды кодтон: «Микъитт» /афтæ йæ схуыдтой фырбуцæй уæд адæм украинагау/ ахæм æнæмбаргæ нæ уыд, æмæ иугæр нартхоры рæнхъыты бацæуа æмæ ньтн нæ куьтст ма бафип- пайа. Ацы хъуыддаг дæр уый фæстæ фаугæ кодтой, Хæритонæн йæ цæст хорздзинад чи нæ уарзта, сау хæлæг æм чи кодта, уыдонæн сæ койтæ марг куы фестадаиккой, уаед йæ нйртхæрттæй иу дæр хъен нал лæууьтдаид. Уæдæ м!æ ацы уæздан куыст уьтй тьтххæй конд цьтдис, цæмæй нæ Бæрзонд Уазæгæн йæ урс-урсид дзаумæттыл рыджы мур дæр ма абада. Дыккаг, æви æртыккаг бон, чызджытæ æмæ лæппуты къорд стыр фæндагæй Хæритоны станырдæм фæзилæны нартхоры фæйнæ дыууæ рæнхъы сæ разæй ахастой. Мæ фæйнæ фарс цы хъæлдзæг чызджытæ уыдис, уыдон сæхирдыгонау ауынаффæ кодтой:*«Дамир, ды чыргьæды мах тынд кæрдæджытæ фæндаджы цурмæ скъæф, мах дын дæ рæнхъытæ дæр рувдзыстæм». Къухæй, дзуццæджы бадгæйæ, кæрдæг та дзы уьтди, алы рæнхъ, алы зæнг дæр Хæритонæн донæфсæст æййæфта. Æз скъæфтон фæндагмæ, уæдæ цы уьтдаид, уырдыгæй та сæ æндæр чидæр ласта. Хуьтцау йæ зонæг, кæдæм, ууыл нæ уыдыстæм. Фæндаг мæм куы адард, чьтргьæрд мын уæззау кæнын куы райдьтдта, уæд та рæнхъæн йæ размæ скъæфтон, иу стьтр кæри мын ссис. Зыдтон æй, Микъитт.иугæр нартхоры хуылфмы уый бæрц нæ бахæццæ уыдзæн. Уый фæстæ иуцасдæр мæт дæр ма фæкодтон, зæгьын, уыцы рæнхъыты та Хæритон дон куы раскъæра, уыцы мæ кæри йæ дарддæр куы нæ ауадза, уæд йæ самайæджы мæгуыр мады йæхицæй куы фелгьита, Иу диссаджы ньтв уæдæй 150
нырмæ мæ цæстытыл уайы: нæ рæнхъытæ куы ныхæццæ кодтам * æмæ фæстæмæ стыр фæндагмæ куы здæхтыстæм, уæд-иу чызджытæ алы нартхоры зæнг дæр бауыгьтой, йæ рыгтæ йын згъæлстой, сæ урс-урсид къухмæрзæнтæй-иу сын сыфтæ асæрфтой, цыма мæскуыйаг уазæг ууылты æнæмæнг бацыдаид, уыйау. Мæнæ мын цы æрымысыд уæды райæххæсткомы кусæг Дулаты Жорæ та: «Мах та Хæритоны станы алыварс къуырийы дæргъы ’хæмпæлгæрдæг йæ бындзарæй тоныныл бафтыдтой, стæй замма- найы лæджирттæг, Цæлыччы къанауы былмæ сæ фæластам»... Уæд нæ хæс æххæстыл банымадтам æмæ æнхъæл нал уыдыстæм фæскомцæдисы райкомы ма бахъасудзыстæм, уый, фæлæ та нæ ссардтой. Уый уыд Хрущев Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вагза- лы Ирыстоны зæххыл фыццагхатт йæ къах куы æрæвæрдта, уæд. /Уынут æй хуызисты/. Мæ хæлæрттæй бирæтæ уырдæм ныххæррæт кодтой, мæн райком нæ ауагьта: — Райсом æй æгæр хæстæгмæ дæр ма фсндзынæ. Уæ дыууæ Камалæн æппæтæй бæрнондæр хæс: Хæритоны станы цур митинг куы фæуа, уæд æй мидæмæ б>акæндзысты, банкет дзы уыдзæн. Хъусут, обкомы, райкомы æмæ Хрущевæн йемæ цы уазджытæ уа, уыдон дуары мидæгæй куы фæуой, уымæй фæстæмæ иу лæджы фырты дæр уырдæм куыннæ бауадзат, афтæ. Исты æнæмбæрст ныхас, мыййаг, загьтам?.. Уæддæр æй æз зыдтон, ныр дæр æй зонын: уыцщ райдзаст бон, 8-æм августы уыдис Стыр Бон, Хортауæджы кадгæнæн Бон. Æвдисæн ын чи уыд, уыдонæй бирæты зæрдæты рæсугьд мысинагæй баззайдзæн, фыстæй та зыбыты иунæг ран Хуымæллæджы: райдиан кълæсты раздæры ахуыргæнæг, уæздан хистæр Дыдарты Æццылойы кæртыдуармæ бандоныл: «Хрущев Хуымæллæджы. 8.УШ.1964 аз». Иу афæдзæй иннæ афæдзмæ йæ хъарм æмæ уазал къæвдатæ æхсынц, мит ыл бæзджын æрбады æмæ стайы — ницы йын сæ бон у.. Кæд Хрущев цыфæнды уыдис, кæд дзы уæдæй ньтрмæ цыфæндытæ дзурынц, стæй нырма дзурдзысты, уæддæр ын Уыцы Боны тыххæй бирæ истытæ ферох кæнын æмбæлы йæ хъæндзицæдтæй, уымæн æмæ уæд æппæт бæстæйы зæхкусджытæ дæр банкъардтой нæ егьау паддзахады сæргьлæууæджы ауыдындзи- над хуымæтæг хъæуккагыл. Уый мæнæ чи нал ис, нæ уыцы Цæдисы фæстаг хицау Горбачев кодта кæнгæ митæ, кæнгæ худтытæ æмæ фембæлдтытæ. Хрущевæй, мæнмæ афтæ кæсы, уый зæгьæн нæй. Цы ма мæ никуы ферох уыдзæн уыцы бонæй — уый Хæритоны цæстытæ: æнахуыр хъоппæг æмæ йын æрттывд кодтой æмæ кæд уæдæй абонмаб азтæ рацыд, уæддæр мæ хъуыды нæ ивы:* «Æндæр хуызы уæвгæ дæр хъуамæ ма уыдаид. Æгас^бæстæйы дзыллæты уый æркæсын кодта йæхимæ, Хæритоны фæрцы æрцыд се ’цæг намыс Цæлыччы быдыртæм дæр». Уыцы бон Иры дзыллæтæ ардæм куыд ныггуылф ластой, Хрущев æцæгæй дæр стыр фæндаджы цур куыд бауырæдта, Хæритоны йæ хъæбысы куыд æрбакодта, иумæ нартхоры арфмæ цонджы йас 151
нартхæрттыл цин кæнгæйæ куьтд бацыдысты, уæды обкомы секре- тарь Хъæбæлоты Билар Хуымæллæджы колхозы æрыгон сæрдар Колыты Хадзымырзæимæ уым йæ къам куыд систа /уыцы къам уынут/, уыдæттæ лæмбынæг ныффыссыны хæс мæхимæ нæ рай- стон, уыдон хицæн уацауы аккаг сты, уæвгæ сæ æз мæхæдæг уынгæ дæр нæ фæкодтон, уæдмæ мах нæ рсспубликæйы фысджыты Цæдисы ныры сæрдар Ходы Камалимæ цæттæйæ лæууыдыстæм уазджыты номыл банкет кæм хъуамæ уыдаид, уыцы быдырон станы бæрзонд, ног ахуырст къæсæртыл, уырдыгæй нæм хорз зынд чи цы ми гæнæг уыд, уьгй. Дзыллæтæ цыдысты æмæ цыдысты, Ирыстон стырæй чысылæй уырдыг слæууыд, станы алыварс фæзы нал цыды- сты, бассæстой хуымтæ, æрзæбултæ сты бæлæстыл, фæндаг бæрæг дзы нал уыдис, уазджыты машинæты хъæр куы ссыд, уæд иу лæджы хуызæн иуварс алæууыдысты, æцæг кæйдæрты уæзæй хъæдын заборы къæр-къæр ссыд, афæлдæхт, чидæртæ йæ быны фссты, фæлæ дзы тыхныхас нæ райхъуыст. Иры дзыллæтæн бæрæгбон уыди! Иууылдæр паддзахы хæстæгмæ фенынмæ æмæ йæ дзыхæй цы схаудзæн, уый фехъусынмæ æнхъæлмæ кастысты. Уыдæттæм нæма бахæццæ сты, афтæ зæрдиагæй, æхсызгонæт}, сæйрагдæр та æнæхинæй фæхудтысты иу хъуыддагыл. Иу хъæлдзæг сылгоймаг ис нæ хъæуы, дæлæсыхаг Уæла, ныр ыл азтæ куы ацыд, уæд чысыл æрсабыр ис, фæлæ уæд, чи зоны, æгæр хъæлдзæг дæр ма уыд. Хрущев æмæ Хæритон машинæйæ куы рахызтысты æмæ ма дзыллæтæ арфæйы дæргьвæтин къухæмдзæгьды размæ хъусæй куы лæууыдысты, гъс, уыцы уысм гье уыцы Уæла йæ фарста кæцæйдæр иуварсæй æрбаппæрста: — Как живёщь, товарищ Хрущев? Мæ ахуыргæнæг Хъулаты Мырзабег рухсаг уæд, уый-иу æй æрæджийы онг дæр арæх фæзмыдта æмæ-иу æм чи хъуыста, уыдон- иу фырхудтæй гуыбындихтæ фесты. Æз дзы мæхæдæг хæсджынæй баззадтæн. Дыууæ-æртаз азы размæ Мырзабеджы низ йæ быны куы скодта, уæд-иу "дуармæ 1арæх бадт, йæ цурты фæцæйцæугæйæ-иу машинæ бауьтрæдтону’ æхсызгон ын-иу уыд. Иухатт мæ ме ’сфæлдыстадон пълантæй фарста æмæ, зæгьын, мæ зæрды ис Хру- щсв Хæритонмæ куыд ссыд, ууыл исты ныффыссын, уадз æмæ нæ фæстагæттæ дæр зоной уыцы стыр цауы тыххæй. Мæнæ мын цы радзырдта уæд: «Партийы райкомы Хрущевимæ фынгыл чи баддзæн, уыцььадæмы номхыгьд рагацау скодтой æмæ мын чидæр .афтæ зæгьы дьт, дам, дзы нæ дæ. Уæд æз райкоммæ бацыдтæн æмæ мьтн уым хуьтздæрæн афтæ: «Махæй ницы аразгæ у, уæртæ сæ обкомы сылгоймаг минæвар æвзæрста уыцы адæмы». Бацыдтæн æм, зæгьын, хæрд æмæ нозт хъуаг нæ дæн, хæснагæн ныртæккæ мемæ цом æмæ фыццагдæр цы хæдзары цур æрлæууæм, уырдæм ма дæу дæр мæн руаджы бахондзысты, фæлæ Хуымæллæг куы базоной се ’скъолайы директорыл уазæгимæ абадынмæ нæ барвæссыдысты, зæгьгæ, уæд цы ахъуыды кæндзысты. Æз та йын уырдыг алæудзынæн.» 152
* Зæрдæ йын бавæрдтон йæ мысинæгтæ йын ныффысдзынæн, зæгьгæ, фæлæ мын нæ бантыст, цæмæй зыдтон низ ахæм æгъатыр рауайдзæн, уый. Мырзабсг рухсаг уæд, фæлæ уыцы бон мæ хъæуккаг сылгоймаг Уæлайы ми кæмæдæрты, уæлдайдæр хицау- адæй, æнæфенд фæкаст, Хрущевæн хъыг куы уа, хæгьгæ, фæтарстысты, фæлæ уый йæхæдæг æппындæр тызмæг цæстæнгас нæ равдыста, абоны хуызæн ма мæ цæстыстыл уайы куыд æрлæууыд, Уæлайырдæм куыд азьтлд, йæ къухтæ хæрдмæ куыд систа æмæ куыд худтис, уьтй. Бæстæйы Стырдæр Лæг йæ ху- ымæтæгдзинад равдыста! Уый Ирьт дзыллæты зæрдæмæ фæцыд æмæ ныннæрьтд дæргьвæтин къухæмдзæгьд. Уьтй’та Хрущевы зæрдæмæ фæцьтд, рахиз къухæй йæ хъæмпын рог шляпæ хæрдмæ систа, йæ сæры тенка хурмæ ферттьтвта æмæ сьтн ныллæг æркуьтвта. Тæвдæй йын фæтарстьтстьт, æви сæ рæстæг афтæ домдта, уый уæд нæ бабæрстон, фæлæ йьтн уæдьт партийьт обкомы фыццаг сскретарь Хъæбæлоты Билар æмæ ма махæн Камалимæ æнæзонгæ чидæртæ йæ хъусы цьтдæр бадзырдтой, йæ цонгыл ын ахæцыдысты æмæ йæ курага бæласы аууон микрофоньт цурмæ бакодтой. Ныртæккæ ми- тинг хъуамæ райдайа... Раст зæгьгæйæ, митинг куьтд цьтди, уый фсньтн мын фаг амал нæ фæци, Камал дуаргæс лæууьтд, мæн та мидæгæй фынгмæ хæссьтныл бафтьтдтой æмæ дыууæрдæм кодтон нарæг тыргьыл, скъæфтон фьтд- дджынтæ, цæхæраджьтнтæ, физонæг кувьтнæн. Фæлæ иу заман æддейæ дзолгъо-молгьо райхъуыст æмæ акастæн — Хрущсв йæ тæккæ дзургæйæ куы уьтд, уæд элсктрон тьтх цæмæндæр ахуыссыд, микрофонтæ нал куыстой, дзурæг йæхæдæг скатай, ноджьт тьтнгдæр та нæ районы æмæ нæ рсспубликæйьт хицауад. Чидæр нын нæ дуар ныххоста, Камал æм зьтхъхъырæй акаст, цьтдæр æнæзонгæтæ æмæ сьтл Камал дуар ахгæдта. Уьтдон та йæ ногæй ныххостой. Фæстæдæр куьтд сбæрæг, афтæмæй Хрущсвы хъахъхъæнджытæ разындысты, телефоны сæ хъуьтд, уæвгæ та дзы нæ уьтди. Уæдмæ микрофонтæ скуыстой, йæ ньтхас дарддæр ахæццæ кодта, йæ фæстаг дзьтрдтæ цины хъæрты бын фесты, дæлæсыхаг Уæлайы хъæлæс та дзьт раиртæстон, къухæмдзæгьд та сидти иннæтæм дæр,æвæццæгæн йæхæдæг дæр йæ фæтæн армытъæпæнтыл нæ ауæрста... Ахæм стыр кадджьтн уазæгимæ ахæм дзадджьтн фынгьтл æрбадыны бар ссппæтмæ не ’рхаудта, æрмссст нымад æмæ æвзæрст адæм, хъавджытæ та бирæ æмæ махæн Калмалимæ бирæ куьтст уьтд, æддейæ нæм зонгæтæ æмæ æнæзонгæтæ хостой, раст цьтма Хру- щевæн фьтнг мах æрцарæзтам уьтйау. Мидæмæ «бырсджьттæ» иууьтлдæр нæлгоймæгтæ уьтдьтсты иуæй фæстæмæ. Уьтй мæ сьтхаг сидзæргæс ус А. уьтди, Хрущсв, дам, мæ хъæуы, бафæрсон æй хъомтæ дарын нын цæуьтннæ уал уадзынц, мæ фьтрты чызджьтты æнæ æхсырæй куьтд хастæуа... Стæй бæхтæ дæр исгæ кæнынц. Постхæссæг Виктор Юханов сахъат лæг у, уæддæр ьтн йæ бæх байстой, писмотæ та ма куьтд уардзæни?.. Æвæццæгæн уыцы хабæрттæ Хрущевмæ Мæскуымæ нæ хъуьтсынц: æндæра сæм 153
афтæ куьтд кæсид. Бафæрсут ма йæ... Мах ын зæрдæ бавæрдтам æмæ ныл баууæндыд. Хæритоны уазæг æмæ йе «мбæлттæ кæм бадтысты, уыцы дæргьæццон уаты дуар-иу хатгай гомæй аззад æмæ нæм хорз зынд фæрсæй-фæрстæм, кæрæдзийы бакомкоммæ куьтд рабадысты Хъæбаглоты Билар, Хрущев, Хæритон йæхæдæг, Мжаванадзе, Пли- ты Иссæ... Мæ хъустьтл ма зæльтнц зьтндгонд кадæггæнæг Таутиаты Дрисы /сæрмагонæй йæм хонæг арвыстой Кæрдзынмæ, сыгъдæг ирон лæджьт хуьтзæн кæй уыди, у’ый тьтххæй /тьтхныхас, Хрущевьт ирон арахъ нуазьтн кодта, уьтмæн чидæртæ йæ фарс рахæцьтдысты, Хæритонæн йæхи лæгьстæтæ ирон бæгæны ма фен, ахæм бæгæны дунейы Ирыстоны йедтæмæ никуы зоньтнц кæньтн, зæгьгæ, дуары зыхъхъырæй нæм фæзынд Хрущев йæ былтьтл егьау хъæдьтн къус куьтд сдардта, уый... Гаджидæуттæ кæрæдзийы фæдыл уагьтой, козбау ныхæстæ хъуаг нæ уьтди бадт, бирæтæ сæ алы сидты дæр нæ паддзахады сæргьлæууæгæн сæ цæст уарзта иу уæлахиæй иннæ уæлахизмæ цæуын... Хуьтцау сьтн йæхимæ сæ сидтытæ нæ айста: Хрущев махæй куьтд ацьтд, уæд ыл цы æрцæф æруад, уьтй адæм зоньтнц, иуæй-иутæ хъазгæйæ афтæ дæр ма бакæнынц: «Уый йьтн Хуьшæллæджы фаг нæ бакуьтвтой æмæ уьтмæн афтæ рауад»... Цьт рауад, уый рауад, раздахæн ын нал ис, фæлæ уьтцы бадт куы цьтдис, уæд мах, дыууæ дуаргæсы, цьт бакуьтстам, уьтй дæр мын æнæныффысгæ нæй, ныр куы сæмбæла^м, уæд нæ уьтцы сонт ми арæх æрымысæм. Æцæг уал уæ раздæр ахудын кæнон. Мæ лæппу Батрадз ма гыццыл куы уьтди, уæд мын иу хатт мæ сæрыхъуынтæм фæкомкоммæ: — Æмæ дын афтæ тæнæг цæмæн стьт? Цы дьтн фесты разæй? Зæгьын, тыхджын дымгæ мæ дæлæ Туацъæйы суадæтты цур æрцахста æмæ сын се ’мбис сæ бындзарæй стьтдта. — Цом æмæ сæ фрымбырд кæнæм! Зæрдиæгæй дзырдта, баууæндыдис мьтл. Нæ йæ ферох нæ ацьт ныхас æмæ фæстæдазр куы фсмбаргæ дæр ис, уæд та мьтн сæм иу хатт ногæй фæкомкомæ: — Иухатты дымгæ мын сæ ахаста, зæгьгæ, мæ куьтд асайдтай... Зæгььтн, уæд дæ сайгæ акодтон, æцæгæй та куьтд уьтди, уьтй дын зæгьон. Хрущев нæ хъæумæ ссьтд нартхорьткуыстгæнæг Æлбегатьт Хæритонмæ, йæ шляпæ рудзынгыл æрывæрдта æмæ йæ мæ уæлæ æркодтон, уымæн та йæ сæрьтл хъуын нæ уьтди æппындæр æмæ йæ низ мæныл дæр бахæцьтд, згъæлын мьтн райдьтдтой. Нал мьтл баууæндыдис мæ лæппу. Шляпæйы æрконды хабар та æцæгæй мæнæ афтæ уыди. Фьтнджы бадт станы йæ тæккæ тынгæй куы уьтдис, уæд мах фæкомкомæ стæм тьтргьы рудзынджы фæтæн уæлвæйнæгыл уазд- жыты шляпæтæ, стæй Хæритоны нымæтхуд æмæ Иссæйы хæстон къепкæ куьтд рарæнхъ сты, уьтмæ. Куы ничи нæм каст, уæд Камал дæр æнæхъæлæджы Хрущевы шляпæ райста: 154
— Искуы паддзахы сæры дзаума дæхиуыл æркодтай? Æрбакæс ма, фидауы мыл... Ды дæр æй кæныс, дынджыр сæрьт аккаг у? Куыддæр æй æркодтон, афтæ нæ, уымæй размæ нæ дуæрттæ чи хоста, Камал мидæмæ кæй нæ уагъта, Хрущсвы уыцы дыууæ хъахъхъæнæджы ауыдтой, бауырдыг нæм сты, сæ даргъ амонæн æнгуылдзтæ мæ фындзы бын стылдтой, нæ, дам, æй зонут кæй шляпæ у, уый, тæринаг нæ уыдысты уырдыгæй, зонгæ чидæр нæ фарс куы нæ рахæцьтдаид, нæ ми нын хъазынмæ куынæ аздæхтаид, уæд. Уæд иу хъуыддагæй æнæхай фæуыдаиккам — Хрущсв цы фынгьтл бадти, уырдæм нæ бахаудтаиккам. , Мах та бахаудтам. Хæритон йæ уазджытæн къæсæрыл фæндарасты хъæбыстæ фæкодта, Таутиаты Дрис, æвæццæгæн, бахъæлдзæг, зæронд лæгæн цастæ хъæуьт, æмæ кæйдæр баййардта, мæ хъисын фæндыр мын рахæс, æмæ æз Хрущсвæн ацæгъдон, зæгьгæ, уыцы чидæр ьтн æй нæ ардта æмæ схъуын сты... Уьтдон куы ацьтдысты, уæд та мах æрбадтыстæм. Уьтмæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр æз ахæм бæркадджын фынг нæма федтон. Æмæ уым диссагæй ницы ис — Ирьтстонмæ уьтмæй зы- наргьдæр уазæг нæма ссьтди, стæ^и сæ, кæйдæр загъдау, æфсинтæ сæ хæдзæрттæй нæ хастой, æхца сын нæ фьтстой, уагæр, дам, ма базарадон кусджытæ ацы фынджы номьтл паддзахады таæбицтæй кæй раластой, уыдон иууьтлдæр æвæргæ куьт æркодтаиккой уæд. Цы йæ æмбæхсæм, партион оргæнтæ суанг æрæджийы онг дæр ма ахæм фсмбæлдтытæ, пленумты æмæ конфсрснциты , социалистон срьтсьт бæрæггæнæнтæ бахынцыны фæстæ бирæ æнæхъуаджы фынгтæ арæзтой нозт арæхæй... Зæрдиагæй фæбадтьтстæм уæд Хрущевы фынгьтл, нсмæ дæр ма дзы рахастатам æмæ райкомы кæйдæр кабинеты лæугæйæ нæ хистæр Абиты Солтан Хæритоны цæрæнбонмæ ногæй Хуыцаумæ скуывта» Æмæ уьтй, кæйдæр загьдау, йæ ныхасьт аргъ дæр нæу, сæйрагдæр уьтд нæ Цин, нæч Сæрыстьтрдзинад Уыцы бонæй, Хæритонæй, Хуымæллæгæй, Ирыстонæй. Стыр бузныг уыдыстæм нæ зынаргь уазæгæй, бæллыдыстæм колхозы уæды партион организацийы секретарь Дулаты Бутъусы сидт «Хæритонæн дыккаг Геройы ном дæттынмæ та нæм ногæй йæхæдæг куыд ссæуа, уьтцы фарн уьтй дæр æмæ мах д^ср уæд», зæгьгæ, цæмæй Стьтр Хуыцаумæ фехъуыса, уьтмæ. Нæ йæм фехъуыст... Уый уын мæхи мысинæгтæ хорзæй-æвзæрæй, ныр та дзырды бар дæттын уыцы стыр бæрæгбон чи цæттæ кодта, уыдонæн. ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ПАРТИЙЫ ОБКОМЫ УÆДЫ ФЫЦЦАГ СЕКРЕТАРЬ ХЬÆБÆЛОТЫ БИЛАР: «ХРУЩЕВЫ ЗÆРДÆМÆ МАХ, ИРÆТТÆ, ФÆЦЫДЫСТÆМ»... — Дæуæн, Дамир, æнæзонгæ нæ уьтдзæн раздæр-иу хæрзиуджытæ куыд уæрстой, уьтй. Мæскуыйæ дæм-иу сдзырдтаик- ко: «Промышленносты кусджытæн уын уал хæрзиуæджы, хъæууон 155
хæдзарадæн — уал, рухсадæн та — уал...» Иухатт мæ æмбисæхсæв райхъал кодтой: «Базарды кусджытæн уын иу Лснины ордсн. Æрмæст æрыгон куьтд уа, афтæ»... Дыккаг бон мах бауынаффæ кодтам: мах Ленины орден базарадон кусджытæн нæ хъæуы, фæлтау нын Геройы ном радтут хъæууон фæллойгæнджытæй искæмæн, уымæн æмæ уыцы рæстæг нс ’нтыстдзинæтæ стыр уыдысты, къæмдзæстыг ницæмæй фæудаиккой. Нс ’сразы сты нсмæ. Уæд ЦК-йы секретаратæй иу Кулаков уыди, мæ хæлар, йæ чызг махмæ Ирыстоны ахуыр кодта, куы ссьтди, уæд æй суазæг кодта сæхимæ нæ республикæйы Сæйраг Советы Сæрдар Дзандары фырт. Уьтмæн чызг йæ лæппуйы зæрдæмæ фæцыд, кæрæдзийы бауарзтой, нæртон чындзæхсæв сын скодтой. Мах дæр дзы йу цалдæрæй уыдыстæм — æз, Черньтй, Æгкацаты Володя... Иудзьтрдæй, уæд æм Мæскуьтйьт уæвгæйæ уьтцы Кулаковмæ æнæхонгæйæ скуьтси дæн, зæгъьтн, цæмæн цæуыт нæ хъьтджы. Уый дын мын афтæ: «Мах æппæтæй стырдæр хæрзиуджытæ дæттæм егьаудæр рсспубликæтæ æмæ облæсттæн». Уæд ын æз афтæ зæгъьтн: «Æмæ мæнæ хæрзиуджытæ уаргæ куы нæ кодтой, фæлæ сæ тохы топпы бырьтнкъæй куы истой, уæд сгьаудæртæ æмæ, къаддæртæ куы нæ æвзæрстой. Сымахмæ гæсгæ ирæттæ хæцьтнмæ йсдтæмæ ку- сынмæ арæхсгæ нæ кæньтнц? Рæдийут!» Бирæ ма’ фæбыцæу кодтам, стæй уæд загьта: «Хæйрæг усмæ, æриут уæ кандидатурæ»... Уæд Социалистон Фæллойы Гсрой ссис нæ хуьтздæр сæрдартæй иу Хуыгаты Хазби. Æз мæхицæн никуы ницы ракуьтрдтон, æрмæстдæр мæ фæндьтд, цæмæй нæм уа фьтлдæр хæрзиуджьттæ, фьтлдæр кадджын адæм, иннæтæ та сæ фæзмгæ хъуамæ кодтаиккой. Дьтккаг дæнцæг: «Ныртæккæ Брежневы ингæньт уæлхъус алы цъьтфкалæн ныхæстæ кæньтнц, фаугæ дын æз зæгьын уьтй æмæ фыццаг азты уьтй уьтдис куьтд æмбæлди, ахæм разамонæг. Адæймагмæ-иу лæмбынæг байхъуыста, фарста-иу альтг кодта, стæй кадджын уьтд, бирæ бæрнон бынæтты бакуьтста, фронты кæрæй- кæронмæ фæцис. Йæ трагсди уьтй мидæг ис, æмæ фæстаг азтьт адæммæ хæстæг нал цыди{ йæ алыварс æрæмбьтрд кодта зыгьуьтммæ хъуыддæгтыл æй чи ардыдта, ахæмтæ, йæ риу хæрзиуджытæй байдзаг кодта, хуыцау йæ зонæг, цæмæй йæм хорз кастьтсты. Цы фæнды куы фæуа, уæддæр Амырычы уæвгæйæ Хрущсвы хуьтзæн йæ дзабьтр нæ феппæрста æмæ дзы трибунæйыл нæ ралæууыд. Гъе уыцы азты мæнмæ куыддæр æгьдауæй æрбахаудтой Гагкай- ты Алиханы докумснттæ, уьтй хъæбатырæй фæмард, уыдис æм бирæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ, сæ кой мьтхуыры дæр фæзьтнд, фæлæ сьтн фаг аргьгонд не ’рцьтд. Арæх нæм-иу рауад Хæтæгты Хæритоны кой дæр, уьтй документтæ дæр мæм уыдыстьт, нсмæ сæ Мæскуымæ аластон æмæ уьтдонимæ Брежневмæ бацьтдтæн. Уæд уьтй цалдæр мæйы йедтæмæ нæма куьтста. Лæмбынæг мæм байхъуыста, стæй 156
загьта: «Хæтæджы фьтрт Сьтрх Тырьтсайы ордснæй хорзæхджынгонд куьтнæ æрцыдадид,уæд ын æнæмæнг Гсройьт ном радтаиккам, ныр дын мæ бон ницы у... Гагкайы фьтртьт та уадз ам»... Уымæй дыууæ мæйы дæр æххæст нæма рауад, афтæ неппæтæн дæр æнæнхъæлæджы газсты фæзынд Указ Гагкайтьт Алиханьт тьтххæй, Советон Цæдисьт Гсройьт ном ьтн радтой. Хъæдгæроны стыр митинг уьтди, æз дзы мæхæдæг дæр раньтхас кодтон, арфæйьт ныхæстæ дзы загьтон. Уæдмæ нæ рсспубликæйы 40 азы юбилсй æрцæйхæццæ кодта. Нæ сыхаг Кæсæг-Балхъар æмæ Цæцæн-Мæхъæл уæдмæ хорзæхджынгонд уьтдысты Лснины Ордснтæй фæйнæ дыууæ хатты. Ау, уæд мах цьт кодтам, зæгъгæ, мæхæдæг сбадтæн æмæ лæмбынæг ньтффыстон, иу къæдзыгьтл дæр никæуыл баууæндьтдтæн; афтæмæй ЦК-йы номьтл запискæ Ирыстоны сгуыхтдзинæдты тыххæй цардьт алы къабæзты. Мемæ та йæ Мæскуымæ аластон æмæ йæ бахастон Уæрæсейьт Федерацийы Министрты Советы сæрдар Вороновмæ. Уый йæ бакаст æмæ загьта: «Хорз фыст у, хорз у стьтр хæрзиуæг дæр дзьт кæй курьтс, уьтмæй, фæлæ ЦК-йы Политбюро æрæджьт рахаста уынаффæ иу республикæйæн дæр 40 азьт юбилсймæ хæрзиуæг мауал дæттæм, зæгьгæ, æмæ дьтн æз цьт бакæнон, иунæгæй мæ бон циу?» Уырдыгæй ацьтдтæн æмæ бахостон ЦК-йьт секрстарь Шелепины дуар, кæрæдзийы хорз зьтдтам фæскомцæдисы кусгæйæ, дæснь! кусæг уьтд, стьтр разамонæг, фæлæ фæстæдæр чидæр фæсарæнтьт ньтхас ауагьта Шелепин, дам, Брежнсвы йæ куыстæй тæрынма} хъавы, ууьтл Брсжнев баууæндыд æмæ йæ профцæдистæм арвыста. Уæд мын уьтцы Шелепин загъта: «Хрущсвмæ истьт хуьтзьт ба- хау»... Фæлæ цы хуызьт, уый йæ бьтнаты æппындæр нæ бадт, зылди альт рæттьт. Æз Шелепинæй куьтрдтон: «Бадзур ма йæм: дæ хорзæхæй, зæгьын мæн тыххæй». Нæ бакуымдта, Брсжнсв дæр афтæ, мæнмæ гæсгæ дзьт гыццыл тæрсгæ кодтой. Уæд мьтн иу чидæр афтæ зæгъьт: «Хрущсвы куыдæй æрцахсай, уьтмæ ма хъус. Райсом Сæйраг Совстьт сссси райдайдзæн æмæ изæрæй йæхимæ æнæбацæугæ нæ фæуыдзæн, иннæ райсом та уæртæ Финляндимæ тæхинаг у». Цы чындæуа, нæ юбилеймæ ма ньтмад бонтæ куьт баззадис, уæд? Æз — Кремлмæ, Хрущевы кабинстмæ бацæуæны рæнхъ æрцахстон, зæгьын, цы уа, уьтй уæд, кæд мын нæхи Уастырджи баххуыс кæнид. Мæ бацьтдмæ уьтм æнхъæлмæ кастысты бирæ стьтр æмæ зындгонд адæм, фæсарæйнаг уазджытæ. Хрущевы æххуысгæнæг Михайловы фарсмæ æрбадтæн, мæхи йын бацамыдтон, зæгььтн, баххуыс мьтн кæн мидæмæ бацæуынæн. Уьтй йæ къухтæ фæйнæрдæм ныттьттъта, ома, мæ бон нæу, мæнæ дæ разæй цас адæм ис, уьтй уыньтс. Уæддæр ьтн загьтон: «Бацу æмæ йьтн мæн тьтххæй зæгъ, стæй нæ 40 азьт юбилейы тыххæй». 157
Уый бацьтд, уайтагъ фæзылд æмæ хъæрæй загьта: — Æмбал ХъаКзæлойы фырт, мидæгæй дæм æнхыелмæ кахынц... Æз куыннæ ныддис кодтаин, иннæтæ дæр, ♦ фæлæ сæ хатьтр ракуырдтон. Хрущев мыл бацин кодта, .байхъуыста мæм, фæлæ, дам, дæ запискæ мæнмæ нæма æрбахæццæ. Æз фæцарæхстæн, зæгььш, йæ къопи мæхимæ ис... — Æри йæ... Бакасти йæ фæстаг стъæлфы онг, йæ зæрдæмæ фæцыд, цæмæйдæрты мæ-иу афарста, стæй.загьта: — Политбюройы мах баныхас кодтам республикты 40-азы юбилейтæм хæрзиуджытæ цæмæй мауал дæттæм уьтй тыххæй. Фæлæ кæсьтн æмæ де ’рмæг бирæ цæуьтлдæрты дзурæг у, уадз æй ам, изæры йьтл æрныхас дсæндзыСтæм... Æз та йæм фæцарахстæн: — Никитæ Сергеевич, нæ юбилей а-дьтууæ боны уьтдзæн æмæ мæнæн Цæгат Ирыстоны æппæт фæллойгæнджытæ дæр бабар код- той дæу уырдæм схоньтн... — Æмæ æз Астæуккаг Азимæ цæуьтн, — загьта та уьтй. Стæй цæуьтл ахъуыды кодта, Хуыцау йæ зонæг, æмæ ма йæ ныхасыл бафтьщта: — Хæдæгай, иу автономон республикæйы дæр нæма уыдтæн. Фендзыстæм. • Æз рацьтдтæн, фæлæ мæ тынг ныфс нæ уьтд мæ хъуьтддæгтæй исты сырæздзæн, уымæй, уæлдайдæр та хуынды тыххæй. Уазæгдонмæ бацьтдтæн, æнхъæлмæ кæсьтн. Уальтнмæ телефоны дзæнгæрæг, æнæзонгæ хъæлæс дзьт: — Микоян дæ йæхимæ хоньт... Æз Микояны кабинеты никуы уьтдтæн, æрæджьт нæ Иссæ ба- зонгæ кодта, иумæ цай цымдтой æмæ сæм æз дæр бацыдтæн. Мæ дзаумæттæ акодтон, бацыдтæн æм, уьтй мæ размæ сыстад æмæ мидбылты худгæйæ загьта: — Æнхъæлдæн æмæды ницы ма зоныс?! Уæддьтн æй æз фыццаг зæгьын: «Уæ рсспубликæйæн лæвæрд цæуы Ленины орден, Хрущсв уын æй йæхæдæг фæласы»... Уьтрдыгæй ратахтæнÆмæ Подгорный мæ размæ фа?ци: — Кæм дæ, Хъæбæлойы фьтрт, æз та дæу Крсмлы алы къуьтмты агурын. Никитæ Сергеевич йæ балц аивта, сымахмæ цæуьт, цавæрдæр нартхорыкуьтстгæнæгæн дæр, дам, ма зæрдæ бавæрдтон... Ацу аэропортмæ æмæ уæхи цæттæ кæнут... Ссыдтæн Ирыстонмæ æмæ йæ нæма зьтдтон, цин кæнон æви кæугæ, иунæг хуыцау йедтæмæ йæ ничи зоны куьтд тыхстæн, уьтй. Цæмæй райдайон? Фыццаджыдæр мæн зоньтн фæндьтд, цы йьтн уыдзæн цымыдисаг Ирыстоны, кæдæмты йæ фæнддзæн ацæуын æмæ фенын, кæм æхсæвиуат-иу кæндзæн — вагоны æви дачæйьт. Уьтй уьтдис августы фыццаг бонтьт. Нал фæлæууьтдтæн æмæ Мæскуымæ ныДцзьтрдтон йæ æххуьтсгæнæгмæ, мæ катай йьтн бам- барын кодтон, фæлæ мын хуыздæрæн афтæ зæгььт æппæт уьтдæттæ 158
тдоххæй, дам, ын йæхи бафæрс. Цалынмæ æз ныддзурон-ма ныдд- зурон кодтон, уæдмæ рæстæг згьордта, стæй уæддæр æрæджиау телефоны хæтæл систон, йæ æххуысгæнæг та мæм байхъуыста æмæ дын афтæ: «Ам нал ис, сымахмæ фæцæуы, вагонмæ йæм бадзур». Вагонмæ бадзырдтон æмæ мын уыдон загьтой: бабæрæг кæндзæн иу колхоз, иу завод, уыдзæн кадджын æмбырды, скæндзæн дзы доклад цы справкæ йын бацæттæ кодтат, уымæ гæсгæ.» Мæхи раныхас хуымæтæджы раныхас кæй нæ хъуамæ рауайа, уый зыдтон, куы æрталынг, уæд мæхи уазал донæй цæхсадтон æмæ æрбадтæн фыс- сыныл æмæ йæ фæдæн райсомы авд сахатьтл 7 августы, йс ’ссæуæн бон. Мæхи та ногæй уазал донæй ныхсадтон æмæ Хрущсвы размæ Беслæнмæ ацыдтæн æмæ иумæ ардæм ссыдыстæм, адæм ыл тынг бацин кодтой, иу урсбоцоджын зæронд лæг ьтн ’сыкъа бахаста сыр-сыргæнаг уазал бæгæныимæ. Хрущев дзы схуыпп кодта, стæй йæ мæнмæ авæрдта, æз æй иннæтæм куьтд фæцæйлæвæрдтон, афтæ йæ Хрущев ногæй бацагуырдта: «Æри ма, иухатт ма йæ фснон»... Зæрдиагæй дзы баньтзта, стæй йæ Мжаванадземæ авæрдта. Æфсæнвæндаджы вагзалæй машинæйы рараст стæм æмæ æз тарстæн, исчи, зæгьын, истьт æнæфенд ми куьт бакæна. Ахæмæй дзы ницы уыд, ахæм рæстæг нæ адæм сæхи тынг хорз фæдарынц, ноджы æнгомдæр æрбалæууынц хицауады альтварс. Æцæг машинæмæ ди- динджыты букеттæ æхстой, иу дзы розæты букст уьтди, сындзджын рауад, æз æй тæхгæ-тæхын ацахстон æмæ мæ къухты йæ сьтндзытæ ныссагьдысты, мæ туг ракалдис. Æз нестьтр уазæгæн тарстæн, йæ цæсты, зæгьын, исты куы бахауа, уæд худинаг кæнæм. Ссыдьтстæм дачæмæ, бахæрын ьтн кодтам, уырдыгæй та Ху- ымæллæгмæ араст стæм, Хæритонмæ. Фæндагьтл фьтлдæр дзырдта Хрущев, Америчы уьтд уьтмæй размæ æмæ йæ балцьт койтæ кодта. Хуымæллæджы æвиппайды йæ зæрдьтл æрбалæууьтд: «Знон мын хорз бæганы баназын кодтат. Нал дзы ис?» Уайтагьд бæгæны агурынмæ фесты, æрбахастой, анызта дзьт, стæй мæнмæ æрбакаст æмæ загьта: «Зноны бæгæны нæу»... Хуымæллæгæй куы ссыдыстæм, уæд изæры уьтд кадджын æмбьтрд Ирыстоны автономийы 40-азы кадæн. Алы минут дæр ньтн нымады уыди, фæлæ дзы æнæнхъæлæджы цаутæ дæр æрцьтдис. Æз куы раныхас кодтон, уæд мын Хрущев мæ къух райста, молодец, дам. Уыцы рæстæг мын мæ къухты фæсагьтой æнахуыр телеграммæ: «Зынаргь Никитæ Сергеевич! Абон Кировы уьтнгты куы æрбацæйцыдтæ, уæд нæ арæн хæдзары райгуырдис лæппу, мах ьтл сæвæрдтам дæ ном Никита. Иу минут нæм уæддæр æрбауай». Æз æй бамбæхсынмæ хъавыдтæн, фæлæ йæ Хрущсв ауьтдта, бакаст æй æмæ ууыл ныллæуьщис — бауайæм, дам, сæм, ау, советон адæм не сты. Зæгьын, Никитæ Сергесвич, нæ нæ æвдæлы, мæнæ уал нæ кадджын æмбьтрд ахицæн кæнæм. Уальтнмæ та ногæй тслеграммæ æрбахастой: хъæууонхæдзарадон институты залы фæскомцæдисон чындзæхсæв, Хрущевы, дам, хонæм. Хрущев ныллæуыди, уырдæм, дæр, дам, æнæцæугæ нæй. 159
Цыма акодтаин мæ фыркатайæ, уый нал зьтдтон. Кæмæндæр хъæрæй афтæ зæгьын æдасдзинады комитеты сæрдар Бобровмæ ма бадзурут, мæхинымæр ын зæгъинаг уыдтæн, цæмæй уыцы теле- граммæтæ бастдзинады кусджытæ мауал исой. Хрущсв мæ бамбæрста æмæ йæм æрвитын нæ бауагьта. Ныртæккæ, дам, цомут. , Æз мæ рахиз фарс Мжаванадзейы хъусы бадзырдтон: «Зæгьут ма йьтн æмæ ардыгæй макудæм уал ацæуа». Нæ мын бакуымдта, уый, дам, мæ фарста нæу. Мæ галиу фарс Иссæмæ дæр мæхи бакъул кодтон: «Уæд та ма йын ды зæгь, дæумæ æнæмæнг байхъусдзæн». Иссæ дæр не ’сразы, дæхæдæг, дам, ын зæгь, æз хæстон лæг дæн. Мæ бон куы базыдтон, уæд Хрущевы хъусы мæхæдæг бадзырд- тон: «Цæй æмæ ма ацæуæм, æз дæ уый курын, науæд нæ пълантæ фсхæлдзысты». Хин каст мæм æрбакодта, иу ранмæ ныдджих, стæй йе ’ххуысгæнæгмæ бадзырдта æмæ йын дыууæ ранмæ дæр дзуаппон телеграммæтæ -радтын кодта. Бахудтис мæм, ме ’уæхск мын æрхоста... Уыцы æхсæв ма дачæйы иумæ йæ хуыссæнуаты бирæ фæбадтыстæм, фæныхæстæ кодтам, æз ын цьтдæр курдиаттæ загь- тон, сæ иу> зæгьын, Хæритон дууæ хатты Геройы ном хæссыны аккаг у, абон ьтн йæ хуымтæ федтай, æгас дунейы дæр æй зонынц. Хин худт та мæм бакодта æмæ загьта: «Фендзыстæм, фенд- зьтстæм»... Æз уьтцы «Фендзыстæм, фендзыстæм»... ьтл уæд баууæндыдтæн, уымæн æмæ нæ хъуыды кæнын йæ дзырдæн хицау ма разына. Уыцы хъуыддаджы дæр хуьтмæтæг уьтд. Махмæ кæй ссьтд, уымæй æнæхъæн дунсйæн равдисын йæ зæрды уьтд йæ ахастдзинад мах хуызæн гыццыл автономон республикæты адæмтæм, уымæн æмæ уыцы рæстæг фæсарæнты цъиувæдис систой Совстон Цæдисьт, дам, гыццыл адæмтæ зьтн уавæры сты, сæхи хуьтзæн нал сты, сæ куль- турæ æмæ се ’взаг сæфынц, уыцы дам-думтæн уæд политикон ахадындзинад уьтдис. Хрут|ц;евимæ нæм æхсæвьт хуыссьтны размæ уыдæтты тыххæй ньтхас рауад æмæ уый зæрдиагæй æрьтмысьтд Къутæрты Додтийы цæрдæг кафт Кремлы концертон залы сценæйы, Адырхаты Светланæйы, бацин кодта Спортьт Галуан кæй аразæм, ууыл... у Хрущев махæй ацьтдис разыйæ, мах, ирæттæ, йæ зæрдæмæ фæцыдыстæм, фæлæ... Разæй йæм цы æнхъæлмæ каст, уый зоньтс. Æвæццæгæн йæ хъьтсмæт ахæм уыд, стæй мах хъысмæт дæр... Хæритоны куыстæн стьтр аргь кæй скодта ахæм стыр паддзахады сæргьлæууæг, уый бирæ цæуьтлдæрты дзурæг у. 1964 ЛЗ, 8 ЛВГУСТ, ЦÆГЛТ ИРЫСТОПЫ ЛВТОНОМИЙЫ 40 ЛЗЫ ЮБИЛЕЙЫ ТЫХХÆЙ КЛДДЖЫП ИЗÆР. П.С. ХРУЩЕВЫ ^ЛНЫХЛСÆЙ СКЬУЫДДЗЛГ: ... Ацы бонты æз бабæрæг кодтон нæ бæстæйы цалдæр районы — Саратовы, Волгограды æмæ Ростовы облæсттæ, Краснодары край. Мæнæ ныр та сымахмæ ссыдтæн, уæ бæрæгбонмæ. Ныртæккæ 160
буржуазон мыхуыр катай кæньт, базонын сæ фæнды Хрущсв та бæстæйыл цæмæн зильт, уый, цыдæртæ ныл мысынц, зæгьæм, мæнæ ахæм. Æвæццæгæн та, дам, Совстон Цæдисы хор нс «рзайдзæн, æмæ Хрущсвы фенын фæнды кæм цы ис, уый, цæмæй йæхицæн сбæлвырд кæна: Совстон Цæдисы фæсарæнты хор балхæнын хъæудзæн, æви нæ. Цы загъдæуа ахæмтæн? •0, æз æцæгæйдæр зилын нæ бæстæйьтл, фæлæ æрмæст иу нысанимæ: æз хъуамæ фснон нæ хорты уавæр, мæхи цæстытæй фснон партийы ЦК-йы фсвралы Плснумы уьтнаффæ царды куыд æххæст кæнынц, уый, сæйрагдæр та хъуамæ адæмимæ сæмбæлон, ауынаффæ кæнон колхозонтимæ, совхозты кусджытимæ, спсциали- сттимæ, цæмæй сбæлвырд кæнæм нæ гæнæнтæ æмæ нæ фæрæзтæй куьтд хуыздæр спайда кæнæм, уый. Волгограды æмæ Ростовы облæстты, Краснодары крайьт, сымах рсспубликæйы æз базонгæ дæн нартхор Зайын кæньтны стьтр фæлтæрддзинадмæ, ныхас кодтон хортауджытимæ. Ростовы облæсты Кировы номьтл колхозы мæнæн равдьтстой диссаджы нартхор, кæцы æрзайын кодта мсханизатор Брсдихин. Æмбисонды нартхор уьтд! Знон та æз уьтдтæн Адыгсйы автономон облæсты Лснины номьтл колхозы. Уым та федтон ноджы диссæгдæр нартхор* Фæлæ абон сымахмæ, уæ хъуыстгонд нартхоргуьтстгæнæг Æлбеджы фыртмæ цы фсдтон, уый уындæй цæстытæ цæхæртæ акальтнц, раздæр ьтялæг нæ фсууæндьт. Хæритон мæнæн загъта, ацы аз та,.дам, алы гектарæй дæр 120 цснтнсры æрзайын кæндзæн згьæлстæй.# Кад æмæ йьтн намьтс! Бар мьтн радтут мæн’æ ацы.стыр трибунæйæ Æлбсгаты Хæритон Андрсйы фьтртæн зæрдæбын арфæ ракæнын, стæй уьтцы хъæуы æппæт фæдлойгæнджытæн дæр, ахæм диссаджы ’ нартхор чи æрзайын кодта... УÆДЫ КИРОВЫ РЛЙОПЫ ПЛРТИЙЫ РЛЙКОМЫ ФЫЦЦЛГ СЕКРЕТЛРЬ ФИДЛРЛТЫ МÆХÆМÆТ: «ÆМБИСÆХСÆВ МÆ ЙУ БÆРПОП КУСÆГ ТЕЛЕФОНÆЙ ФÆРСЫ ЦÆМÆП, ДЛМ, РЛЙЫНЦ КУЫЙТÆ»... — Хрущевæн ма йæ рарастмæ цалдæр боны хъуьтдис, афтæ нæм республикæйы хицауад сæхимæ фæдзьтрдтой æмæ >мæнæн сæрмагондæй бабар кодтой мæнæ ахæм хæс: Ирыстонмæ ссæуæнты æфсæнфæндаджы алыварс фснут, уæлдай кæрдæджытас? æмæ хæмпæлтæ ныккæрдут, æнæмарзт æрлæууæнтæ ныммæрзут, чъырæй æнæцагьд хæдзæртты къултæ сцæгьдут...« 4,5,6,7 лвгусты æндæр ницы бакуыстам. Куы схæццæ ис, 7-æм августы, уæд ын йæ посзд Бсслæныхъæуæй Долаковæйы æхсæн тупиччы батардтой, æхсæвиуат хъуамæ уым кодтаид. Уымæй размæ ньтн карзæй загь- той, цæмæй уьтцы бынаты алыварс æхса^вы уа сабыр, цъиуызмæлæг дæр хъуамæ ма уа: Хрущев тар фынæй уарзы. Фæлæ куьтддæр æмбисæхсæв сси, афтæ махмæ уырдыгæй куыйты рæйын фехъуыст, 11 Д.Х. Дауров 161
уалынмæ дын телефоны дзæнгæрæг, иу бæрнон кусæг дын мæм дзуры цæмæн, дам, рæйынц куьтйтæ. Æмæ сын цы бакодтаис, уым хæдзæрттæ хæстæг уыдысты, алы куьтдзы раз дæр æд топп салдат куьтд сæвæрдтаис? Райсомы Хрущсвы Дзæуджьтхъæумæ сластой. Æз уæд уым нæ уьтдтæн, мæнæн хицæн хæс уьтди, уьтмæн æмæ уыцы бон Хæритоны нартхор дæр хъуамæ фсдтаид, фæлæ, дам, йæ размæ æртæ лæджы рацьтд Дзæуджыхъæуьт вагзальт. Иу дзы уьтд, æнхъæлдæн, уæртæ тарскæйаг, ныртæккæ йьтн йæ ном æрхъуьтды кæндзынæн, иннæ та уыдис Дрис Таутиаты Кæрдзынæй, стæй Бацко Фарньтхъæуæй. Гъс уьтцы æртæ лæджы, дам, ьтн рахастой æртæ чъирийы, йæ размæ уьтдон рацьтдстьт. Æмæ сæ хъуьтддаг куы фæци, уæд хицауад уыцы æртæ зæронд лæгæн фæйнæ машинæйы радтой, сæ хæдзæртта^м сæ ласынмæ. Бацкойæн — Фарныхъæумæ, Дрисæн та Кæрдзынмæ. Уæд ацы Дрис цы бакуыста, уымæ ма хъус. Æвæццæгæн, машинæ горæтæй куьтддæр рахьтзти, афтæ бафиппайдта паддзахадон фæндагьтл суанг Хæритоны нартхорьт зæххыты онг милицæ кæй лæууьтнц, уьтй. А он нс дурак æмæ ахъуыды кодта: «Хрущев Хæритонмæ куы нæ цæуид, уæд уьтм милицæ нæ лæууиккой», уьтмæй дæлæмæ дзы милицæ нал уьтди. Æмæ уæд шофырæн афтæ зæгьы подожди, дам. Шофьтр, мæгуыр, банхъæлдта ацы зæронд лæг йæхи хъуьщыйы цæуы, зæгьгæ, æмæ фæндагæй иуварс фсздæхт. Рахызт Дрис æмæ Хæритоны нартхоры арфы бафардæг æмæ уыр- дыгæй шофырмæ дзурьт: «Ты, давай, назад сзжай». Æрдæг иронау, æрдæг та уырьтссагау. Иудзырдæй Дрис дыууæ сахатмæ нартхоры фæбадти, цалынмæ Хрущсв æрцыдис, уæдмæ. Уый фæстæ йæхæдæг цымьтдисæй дзырдта уыдæттæ, йæхицæй æппæлæгау. Диссаг у, æвæдза, зæронд, сывæллоны хуьтзæн свæййы. Мах æй зьтдтам Хру- щсв нæм æрцæудзæн уьтй æмæ гсз, Колыты Хадзымырзæ, Иван Кузубов, Уаниты Зауырбег æмæ Хæритон йæхæдæг лæууьтдьтстæм фæндаджы фæзилæны. Уалынмæ нæ уазджьттæ фæзындысты, разæй цæуы стьтр машинæ, ЗИС — го^, уæртæ йæ сæрмагондæй Калакæй æрбакодтой æмæ разæй бадынц Хрущев æмæ йæ хъахъхъæнджытæ, фæстейы та дзы бадтьтсты Билар æмæ Иссæ. Хрущев куыддæр рахызт, афтæ Хæритонмæ комкоммæ цæуьт, Хæритон та — уьтмæ. Билар скатай æмæ нæхионмæ нæхи æвзагьтл дзурьт: «Ахъæбыс ын кæн, ахъæбьтс ьш кæн». Æмæ уыцы дьтууæ кæрæдзиуьтл куы ныттыхстысты, уæд сæ Хрущев кæцы уьтд, стæй Хæритон кæцьт уьтд, уый бæрæг нал уьтд, афтæ кæрæдзийы халдих уьтдысты, дыууæйæн дæр сæ сæртæй хуры тынтæ иухуьтзон схъиудтой. Нартхормæ бацыдыстьт, ныхас сьтл бацайдагь, лæууынц Хрущев, Билар æмæ Хæритон. Уальтнмæ дьтн Саламы фьтрт кæцæйдæр фæзынд. Уæд дын Билар куы фæцьтрд уыид: «Никита Сергеевич, а вот наш профессор по кукурузе». — Ты профессор, ты профессор, да? — Хрущсв дын куы стьтрындз уаид, Хæритоныл йæхимæ æрбахæцыд æмæ Саламы фьтртæн загъта: 162
— Ты профессор, а вот он академик, — æмæ Хæритонмæ бацамыдта. * Уæд нартхор чи у, уый арвыл лæууыд, æртыгай-цыппæргай качантæ йыл, Хрущев йæ арфмæ бацьтд, йæ къæхты бын рæнхъыты æхсæн дон згьоры. Æмæ дын нæм фæстæмæ куы разилид: — Харитон Андрсевич, как ты такую махину вырастил, ты мнс скажи? Уый йын афтæ зæгьы; — Эй, Никита Сергсевич, это большой сскрет... Йæ амонæн æргуылдз стылдта. Хрущев йæ къухтæ хæрдмæ фæхъил кодта: — 0, о, от меня, Хрущева скрываст... А ну скаже мнс в ушко. Уалынмæ иннæ уазджытæ дæр хæстæг æрбацыдысты,, Цæгат Кавказы хицауад иууылдæр уым уыдысты æмæ сæ иууылдæр Хру- щев йæ цурмæ бакодта, æз, дам, уын радзурон нартхор куыд зайын кæнын хъæуы. Уæлæ амырыкаг фермер Гарстмæ куыд уыди, уьтцы хабæрттæ дзурыныл схæцьтд. Ныр тæвд, августы мæй, нартхор æнгом æмæ бæрзонд, адæмæн сæ хид кæлы.Адæм батьтхстьтсты, фæлæ гæнæн нæ уьтди, куьтд ацыдаис йæ цурæй. Стæй уæддæр æрæджиау куьСрацьтдыстæм фæндагмæ æмæ Хрущев машинæйы сбадон, зæгьгæ, куыддæр загъта, афтæ дын кæцæйдæр Таутиаты Дрис куы фæзынид. Хрущевы цæст ьтл æрхæцыд æмæ дын куы фæхъæр кæнид: — Ой, какой осетинец-красавец, садись со мной... Æмæ дын йæ хъахъхъæнæгæн афтæ: «А ты садись в заднюю машину»... Араст сты уыйбæрц машинæтæ Хæритоны станмæ æмæ Дрисмæ бакæсынæй диссагдæр ницы уьтд: йæ сæр бæрзонд систа æмæ фæлгæсы адæм мæ уынынц æви нæ, за^гьгæ. Станы раз кæд дæхæдæг уыдтæ, Дамир, уæд æй федтаис, цас адæм дзы уыд, уый. Хъуьтды ма йæ кæньтн Цæболты Ибрагим, Абæгаты Сергсй æмæ иннæтæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты æмæ ньтн фæндаг гæрдынц. Дрис Хрущсвы тæккæ фæдыл цæуьт, Билар фæстейы баззад. Кæртмæ куы баирвæзтыстæм, уæд ныл сылгоймæгтæ, ирæттæ, уьтрыссæгтæ æрымбырд стьт, фарстатæ йæм дæттынц. Ца- лынмæ уым ракæ-бакæ кодтам, уæд дьтн æз кæсьтн æмæ Дрис уьтм йæ цуры нал ис, кæдæмдæр æрбадæлдзæх. Уьтй та цы бакодта? Бамбæрста йæ, мидæгæй йын фынгæвæрд ис, уый, уьтм та дьтуу- иссæдзы адæймаджы хъуамæ сбадтаид Хрущевимæ. Митинг куы фæци, уæд уьтрдæм Билар разæй цæуы, Хрущев йæ фæстæ, Иссæ... Мидæмæ куы бахызтыстæм, уæд дын кæсæм æмæ Дрис уьтм Билары бьтнаты куы бадид. Хистæры бынаты. Æмæ ма Билар дæр цы кодтаид?! Куыд ма йæ сыстьтн кодтатщ. Фæлæ мæнæ иууылдæр куы æрбадтысты, уæд дын къæбицæй нуазæн рахастой æмæ йæ Билармæ радтой. Кæд Дрис хистæры бьтнаты бадт, уæддæр адæм зьтдтой, кæмæ йæ радтын хъæуьт, уый. Билар ьтл фидар æрхæцыд, Хруще- вьтрдæм азылд æмæ йын дзуры: — Никита Сергеевич, это вам вот бокал от осстинского народа... Уæд æм Дрис дзуры: 163
— Эй, ам хистæр чи у, ам? Билар Дрисмæ æргуыбыр кодта æмæ йьтн йæ хъусы цьтдæртæ загьта. Уый фæстæ мын Билар дзырдта Дрис, дам, мьтн афтæ зæгъьт, бахатыр кæн, æцæг, дам, дæ Иунæг кадджын Хуьтцау Хрущевæй стырдæр лæг скæнæд. Уьтй фæстæ цы бакодта, уьтмæ ма хъус: Хрущсвы куы систой, уæд, дам, Дрис дæлæ Кæрдзьтнæй горæтмæ ссьтди. Билармæ йæ секрстарь бацыдис æмæ йьтн афтæ зæгььт, дæлæ дам, дæм иу рæсугьд зæронд лæг мидæмæ бьтрсьт, цухъаты. Æмæ, дам, хъуьтды кæньтн, уæдæ уьтй чи уьтдзæн, зæгъгæ, фæлæ йын уæддæр загьтон рауадз æй мидæмæ, зæгьгæ. Кæсын, æмæ Дрис. Иу къухæй мьтн мæ дуар ныттыгьта, иннæйы та йæ нымæтхуд, дзургæ æрбацьтд: — Кабалоев, Кабалоев, ницы мæ хъæуьт, ницы мæ хъæуы. Цæй тыххæй дæм ссьтдтæн, уьтй зоньтс? Мæ дзьтрд, дам, дьтл æрцыди, иунæг кадджьтн Хуьтцау дæ Хрущевæй лæгдæр скæна, зæгьгæ. Дыууæйæ дæр фæхудтьтстæм... Фьтнджы бадт куьтд уьтди, уымæ та раздæхæм... Уьтцы нуазæн кæронмæ куы ахæццæ, уæд мæм фынгтæ чи æвæрдта, уьтдонæй иу æрбацьтд æмæ афтæ зæгьы сыкъа, дам, æрбахæсиккам, фæлæ дзы дæлæ йæ хъахъхъæнæг бæгæны кæньтн нæ уадзьт. Уый Хрущевæн лæвары сыкъа уьтд, æвзистæй алырдæмты цæхæртæ калдта, иу литр æмæ дзы æрдæг цьтди. Æз уыцы хъахъхъæнæджы мæ зæрдьтл бадардтон, мæнæ Хрущев кæй ахизьтн кодта фæстаг машинæмæ, Дрис та уьтй бьтнаты сбадт, уьтцы лæппу-лæг. Бацьтдтæн æм æмæ, зæгььтн, ды нæ уадзьтс сыкъайы бæгæны кæнын. Æз, дам. Æмæ, зæгъын, кæй зæххьтл дæ, уьтй зоныс. Ды дæ Кавказьт, Ирыстоны, ирон адæм та афтид сыкъа фьтнджы уæлхъус нæ фæлæвар кæнынц æмæ мах не ’гьдау паддзахы фьтнгыл дæр нæ халæм. Мæхæдæг уыцы бæгæньтйæ дьтууæ агуывзæйы æркодтон, иу мæхицæн, иу та уьтмæн, ньтццавта йæ уьтцы хъа^хъхъæнæг æмæ-иу куы ньтддис кодта: «Мæнæ цьт диссаджы бæгæны ис, мæнæ!» Сыкъа куы æрбахастой, уæд та йæ Билармæ радтой, уьтй та Хрущевырдæм азылд: ) — Никита Сергеевич, это вам^почетный бокал от осстинского народа, содержимое надо выпить, а бокал — ваш, — зæгьгæ йын афтæ. Райста йæ, схуьтпп дзы кодта бæгæныйæ æмæ йæ зæрдæмæ нæ фæцьтд, иу хуьтпп дзы скодта æмæ нал нуазьт. Уæд æм Дрис дзурьт: — Хрущев, пей, пей, Хрущев... Уьш йæм разьтлд, йæ сæр батылдта: — Не могу, нс могу... Уæд та йæм Дрис дзурьт: — Эй, Хрущев, ты знаешь, Бата два сьтна бьтл... Будзи и Асланбсг. Асланбег так сказал: «Кто пить нс можст, на войнс нс годится». — Ой, ой, ты мсня не агитируй, старик, я пить нс буду... Йæхæдæг Билары хъусы дзурьт: — А где то пиво, которое ссгодня утром пили? Ныр сьткъа къухæй къухмæ цæуьт æмæ рудзынджьт цурмæ куы 164
ныххæццæ, уæд хуры тынтæм бынтондæр сæрттывта, æвзист æмæ сызгъæрины тылд уыди, мæнæ цыма аргъæутты сыкъа уыди. Ныр æм æз кæсын æмæ дзы Хрущсв йæ цæстытæ нæ исы æмæ дын кæстæртæн афтæ: — Пейте, псйте, посуда моя, посуда моя... Хъулаты Мырзабсгмæ сыкъа куы æрхæццæ, уæд сыстад, Хру- щсвмæ разылд æмæ йæм дзуры: — Никита Ссргссвич, мы вам сделали? — Что сдслали, что сделали? — скатай Хрущев. Уæд дын ын Мырзабсг афтæ: — Мы вам сделали Исса Плиева, мы вам сделали Харитона Албегова... — 0, о, молодцы, — йæ къухтæ хæрдмæ фæххъил кодта Хрущев, — Делайте еще, дслайтс еще... Гье афтæ хъазгæ æмæ худгæйæ фæбадтыстæм. Нæ рацыдмæ та станы кæрты гуыпп хъазт уьтди. Асинтыл бынмæ куы æрхыстыстæм, уæд дын кæсын æмæ та Дрис Хрущевы цонг размæ ивазы: — Хрущев, давай пойдсм танцевать... Нæ йын бакуымдта Хрущсв, стыхст... Æз Дрисæн, зæгьын, цæуыннæ йæ ныууадзыс æмæ дын мын афтæ: — Гьей, Мæхæмæт, ма тыхс, æз йемæ рагæй лымæн дæн... Изæры та Суворовы училищейы банкет уьтди æмæ йын уым та ирон костюм балæвар кодтам, цухъа, куьтрæт, хъама... Куы сæ райста, уæд тьтнг ньтццин кодта: — Вот мои внуки будут играться! Арфæ ракæнын бæсты йæ хæрæфыртты æрымысьтд. Тьтнг æнæрхъуыды уыди. Уæлæ обкомы дачæйьт æхсæвиуат кодтой æмæ йæм райсом раджьт Билар æмæ ма чидæртæ бацыдыстьт, цом, дам, аходæн скæнæм. Уый, дам, сæ фæрсьт кæм, зæгьгæ. Куьт йьтн загьтой залы, дæ иннæ æмбæлттæ дæм æнхъæлмæ кæсынц, зæгьгæ, уæд, дам, нæ бакуымдта: «Цæмæн хъæуы залы, ардæм мьтн рахæссут!» Йæ хуыссæнмæ йын бахастой хæринæгтæ. Уый хæры, мах та, дам, йæ уæлхъус лæууьтдыстæм. Уьтдон дын уьтцы бон цы федтон, уыдæттæ... Фæстаг хатт ма ноябры Плснум æй хуыдтой, уьтм Ирыстощей иу дæсæй уьщьтстæм. Билар, Тсдеты Павел, Мырзаты Мæхæмæт... Кремлы залы ахæм хъуыддаджьт алкæмæн дæр сæ бынæттæ рагацау бæрæг уьтдысты. Мах та чысыл рсспубликæ, чысыл делсгаци æмæ нæм стыр залы бынат не ’рхаудта, иуварсьтрдьтгæй къуымьт, фæлæ сцснæ хæстæг, алцьтдæр нæм хорз зьтнд хæстæгæй. Плснумы сæрдариуæг кодта Хрущсв. Æмæ йæм цы æвзæр ми- ниуæг уьтдис, уьтмæ ма кæс. Дзургæ-иу чи кодта трибунæйы, уымæ-иу комкоммæ ныккаст, æмæ-иу ьтн йæ раныхас йæ зæрдæмæ нæ цьтд, зæгьгæ, уæд-иу æм æнæхъуаджы дзырдæппарæн кодта. Рьтпп, зæгьгæ æмæ та-иу цьтдæр ныкъкъæрц кодта. Уырыссагау 165
«репликæ». Мæнæ\ донивылд иннæрдæм куьтд азилынвæнд фæкæнынц, уый та-иу ныхас афтæ ивын кодта. Фыццаг дзурæг\ æрдæгмæ дæр нæма бахæццæ, афтæ йæ Микъитт баййардта: «Афтæ уæм цæмæн у, афтæ уæм цæмæн у?» Уый, мæгуыр, стыхсти, кæцыдæр обкомы фыццаг секретарь, йæ мыггаг мæ зыбыты рох фæци, цыдæр ын загьта. Микъитт йæ къух ауыгъта: «Надосло, надоело»... Лæг трибунæйы фæтæргæй æмæ мæнæ цывзыйау сырх- сырхидæй рахызт. Уый фæстæ чи дзырдта, уый мæ зæрдыл хорз бадардтон, Бела- русийы ЦК-йы фыццаг секретарь Машсров, кадджын лæг, æгьдауджын, аварийы куы бахаудта, мæгуыр. Уымæн дæр та афтæ бакодта. Уый йын æмбарын кодта раст нæ дæ, зæгьгæ, раст инфор- маци дæм нæй. Нæ йæм байхъуыста, ратардта йæ трйбунæйæ. Æртыккаг ныхасгæнæг рацыди, ай та йæм дзьтрдæппарæн кæны, уый йæ хъуыдыдæр нæ кæны, йæ дзырды кой кæны: «Нæ йæм кæсут, нæ, æппæтæй дæр ын бæхы логикæ ис, бæхы логикæ»... Ныр бæхы та цæй логикæ ис?! Æмæ адæм залы бахудтьтсты. Хрущевыл худтысты. Дьтккаг хатт æм хъуыстон мæнæ иу заман райкомты бæсты парткомтæ куы скодтой, уæд. Мæскуыйы та æрьтмбырд стæм, парт- комты секретартæ æмæ управлениты хицæуттæ. Никуьт мæ ферох уьтдзæн, ’Чидæр æм фьтстæг барвыста президиуммæ фарстаимæ: «Никита Сергсевич, скажите, пожалуйста, кто будет главнее в районе — секретарь парткома или начальник управления?» Хрущев сыстадй æмæ йæхи дисгæнæг скодта: «Вот какой я интересный вопрос получил?! Какая вам разница, живите как два брата и шишки и пышки делите пополам». Уæд æндæр хуыздæр мацы зæгь паддзахы сæргьы лæуу æмæ?! 0, уымæй размæ та нæ, уæд æй дыккаг хатт федтон, фосмæ куьтд зилын хъæуы, ууьтл ахуыр кодта. Брежнев йæ тæккæ чъылдыммæ бадт, йæ дынджыр былтæ размæ раппæрста, фьтццаг ьтн — иу уьтй нымдзæгьд кодта. Хрущев трибунæйы хæбæц æрлæууыд æмæ дар- дыл дзурын райдыдта хъуг цавæр фос у, хæринæг ьтн куыд дæттьтн хъæуы... Мæхинымæр, мах уьтй дæуæй хуьтздæр зонæм, уый бæсты нын хор æмæ холлæгтæ куы радтис. Æрæджиау та нæ худьтн фæкодта. Мæнæ куьтд загьта: «Рухсаг уæд, Тевосян мьтн афтæ амыдта: «Что в домну заложишь, потом вот отсюда вытекаст». Æмæ къухæй йæ фæстагмæ ацамыдта. Хуыцауардыстæн... Тевосян йæ хæлар уьтд, министр. Æз уый фæстæ газеты хъахъхъæдтон, цымæ йæ, зæгьын, куыд ныффьтссиккой. Уьтцы «Правда» ныр дæр ма мæхимæ ис: «Никита Сергеевич привел умньте слова покойного Тевосяна о том, «что в домну не заложишь, то потом отсюда вытекает, и образно показал». Уæд ын йæ алы æдылы ныхас дæр фысгæ кодтой... Гъе, ахæм хицæуттæ дæр нын уьтди. Мæнæ ирон адæммæ ахæмты тьтххæй иу дзæбæх дзырд ис: тентекк. Иу гьтццьтл æм дзы уьтди... 166
ФÆЛЛОЙЫ ВЕТЕРАН ЦАЛИТЫ ÆМЗОР : «ХРУЩЕВ ИУ РАН ÆНЦАД БАДЫН ПÆ ФÆРÆЗТА»... — Æз уæд Беслæны горæххæсткомы сæрдарæй куыстон æмæ 8-æм августы хуынды бахаудтæн Ирыстоны бæрæгбоны кадджын изæрмæ. Бадт фæдæн балкъоны, сценæмæ хæстæг. Уырдыгæй мæм тынг хорз зынд Хрущсв йе ’рттиваг сæр куыд радав-бадав кодта, уый. Иу ран æнцад бадын нæ фæрæзта, ме ’фсин ма фæкой кæны иу змæлаг скъоладзауы тыххæй. Хрущев-иу фест-фест кодта, фæссценæмæ-иу ацыд æмæ ме ’мбæлттæй иу афтæ зæгьы, æвæццæгæн, дам, йæ доны хуыпп нæ уромы, тæригъæд у. Уый фæстæ уазæджы номьтл банкеты дæр уыдтæн. Иры рæсугьддæр сылгоймæгты уырдæм официанткæтæй æрымбырд код- той. Уый Хрущев дæр бафиппайдта, куьтддæр залы къæсæрæй æрбахызт, афтæ сыл йæ цæстытæ æрывæрдта, сæ къухтæ сын райста. Паддзахады сæргьлæууæгæн уьтй зæрдæмæдзæугæ ху- ымæтæгдзинад нæ уыди. Фынгыл мæ фарсмæ бадт фæцис Советон Цæдисы Хъæбатыр Магкæты Алихан. Стьолтыл карз нозт фаг нæ уыд æмæ уый нарæгастæу официанткæмæ бадзьтрдта: — Мæнæ дын æхца æмæ ма мæнæ ам дыууæ коньячы авджы æртъæпп кæн. Ныр Микъитт æппындæр нæ нуазы, зæгьгæ, мах та Хуыцаумæ цæмæй скувæм?! Æцæг дæр æз Хрущевы хъахъхъæдтон æмæ карз нозтмæ’ не ’внаглдта. Йæ риуы дзыппы гæххæттын агуывзæ уьтд, систа-иу æй, дон-иу аньтзта æмæ та-иу æй фæстæмæ уьтм авæрдта. Цæмæй тарсти, хуьтцау йæ зонæг! Æрдæгбадт уыдыстæм, афтæ йьтн дыууæ хæрзконд лæппу æмæ чызджы лæвар рахастой: сау нымæт æмæ урс-урсид ирон худ, тынг сыл бацин кодта, йæ мидбьтлхудт нал æмæ нал хуыссыд. Йæ уæлæ сæ акодта æмæ загьта: — Мæнæ нæхимæ куы ныццæуон, уæд сæ мæ цоты цотæн равдисдзынæн. Цæмæй ирхæфсой сæхи, уый сын уьтдзæн.., Æмæ хъæрæй ныххудт. Иуцасдæр ма абадт, стæй æппæтæн дæр æнæнхъæлæджы фæтæррæст ласта, йæ шляпæйыл ныххæцыд æмæ йæ къухтæ фæхъил кодта: — Уæхæдæг абадут, æз мæ фæллад суадзон... Æмæ араст. Чидæр фæстейы ныхъхъæр кодта: — Ма йæ ауадзут афтæмæй, къæсæры Уастырджийы тыххæй йьтн бадарут. Билар ма йæ фæдыл ратахт, фæлæ йæ нал баййæфта. ’ — Йæ балц Ирыстонæй цæуыннæ фæрæстмæ, уый зоныс? — æрæджы мæ хъуыды базонын бафæндыд мæ дзæбæх кæстæр хæлар, хъазæнныхас уарзаг Алыккаты Батьтры. — Уæллæй æз дьтн зæгььтн, уьтй уым уæд къæсæры Уастырджийы тыххæй куы банызтаид, уæд 167
ма абон дæр «бæхыл» бадид. Нæ йын æй ныббарста нæ бæлццæтты бардуаг. Чи зоны, раст зæгъы Батыр. КОЛХОЗ «ХУЫМÆЛЛÆДЖЫ» УÆДЫ СÆРДАР КОЛЫТЫ ХАДЗММЫРЗÆ: «ÆЗ СÆРЫСТЫР ДÆ/Г, АХÆМ ХОРТАУÆД>Ш ФАРСМÆ УАЛ АЗЫ КÆ11 БАКУЫСТОН, УЫМÆЙ...» — Æз уæд колхозы сæрдарæй куыстон æрмæст æстæм мæй æмæ уыцы августы фьтццаг бонтьт къорд хатты хуынд æрцыдтæн партийы обкоммæ, кæцыран мæм обкомы фыццаг сскрстарь Хъæбæлоты Билар уал хатты радта уьтцы иунæг фарста: — Ды æмбарыс де ’рыгон уæхсджытыл цавæр уæззау хæс æрынцадис, уый? Сымахмæ ссæуы нæ бæстæйы хицауадыдслсгаци сæ сæргьы ЦК-йы фыццаг сскрстарь, афтæмæй! Уьщонæн Ху- ымæллæджы Кæй равдисат æмæ Цы равдисат, уый ис. Æмбæлгæ хуызы уый уæ къухы бафтдзæн? Æз/ æрьтгон сæрдар, тынг мæт кодтон, тьтхстæн, фæлæ мæ фарсмæ æрбалæууыдысты нæ адæм, спсциалисттæ иууьтлдæр, кæмæдæриддæр уьтцьт хъуыддаджы тыххæй бауылæфыдтæн, уьтдонæй иу дæр йæхиуьтл нæ бацауæрста, æмæ ныр уал азы фæстæ мæ бон зæгььтн у, къæмдзæстыгæй кæй ницæмæй баззадыстæм, уьтй. Хрущсв нæм цы бон æрцæуинаг уыд, уьтцьт сæумæрайсом æз, Хæритон æмæ йæ гьтццыл лæппу Олсг сæмбæлдьтстæм колхозы тигььтл, никæмæ уал банхъæлмæ кастыстæм, афтæмæй Кцойты Тугъанаты цурты араст стæм бьтдьтрмæ, Куьтдзиаты Битъусаты хидьтл доны сæрты бахьтзтыстæм, Хæритоны нартхоры хуымтæм бацыдыстæм. Уьтй уыдис 8 августы. Абон дæр ма уый мæ цæстьттьтл уайьт: Зилгæйы къуьтбырты фалс Ирыстоньт сæрмæ сгьау сырх-сьтр- хид хур стьтлд, йальтварс ныррухс кодта, хъуыдытьтл мæ æфтьтдта. Æз уæд бузньтг уьтдтæн мæ хъ|ысмæтæй, сæрыстыр уыдтæн ахæм Стьтр зæхкусæджы фарсмæ кæи/ фæллой кæньтн, уьтмæй. Не ’стьтр уазæг куы æрхæвдæ, Хæритонимæ куьт фæхъæбьтстæ кодтой, уæд хъæдьтн хидьтл бахьтзтьтсты æмæ нартхорьт хуьтлфьт арфы аныгьуылдыстьт. Нæ фæдьтл ньтххæррæтт кодтой аху- ьтргæндтæ, журналисттæ, бирæ адæм та æддейы баззадысты æмæ уьтдоны астæу Плиты Иссæ дæр. Уьтй Хрущсв дæр бафиппайдта, фæстæмæ йæм разьтлд æмæ йæм дзурьт: — Æмбал инæлар, нартхоры æхсæнмæ ма рацу, цæмæй дзьт тæрсьтс? Æз ма хорз хъуыды кæнын Иссæ йьтн куьтд рæвдз дзуапп авæрдта, уый, цымæ уьтцы фарстамæ шсттæ уьтдис, уьтйау: — Æз уьщы нартхор дæуæй æвзæрдæр нæ зоньтн, йе ’хсæн схъомыл дæн æмæ йæм цæмæ цæуон? Уьтцы æнæхудгæйæ, цьтмæ ма йын ноджыдæр цьтдæр зæгъинаг уьтдис, къæйных ньтхас, афтæ мæм фæкаст. Хуымæллæджы кадджьтндæр хистæртæй иу Æгайты Ципьтрка, дам, Хрущевимæ фембæлдæй куы раздæхт хъæумæ, уæд æй 168
КЙГ. вННВННВН^^Н^^^^В^^нвияЕКЯ 169
I 170
171
I- С О . « § * о Щ, И Я *; I Лй ■ ъ « 3 172
сыхбæсты зæронд устытæ флрстой, цæй куыд уыдис, куыд лæг дæм "фæкасти уазæг. Уый, дам, иу ранмæ ныдджих, стæй загьта: — Уым Иссæ йсдтæмæ лæг нæ уыди! Йæ фæллад цæстыты хъазыдысты сæрыстырдзинады уылæнтæ. — Ау, Микъиттæй дæр лæг дæр у? — ныддис кодтой устытæ, — Уæд уый бынаты уаид... • Хинхудт фæзынд уæздан Ципыркайы цæсгомыл æмæ йæ амонæн æнгуылдз батылдта: — Уæллæгъи уæддæр Иссæ лæг дæр у! Нартхоры хуымы хуылфы Хрущев дзурыны хъæппæрис йæхимæ райста, разæй, дам, нæм Пленум æнхъæлмæ кæсьт, кæцьтран æркæсдзыстæм хъæууон хæдзарады фарстатæм, мах хъуамæ нарт- хорæй рауайын кæнæм дзидза æмæ æхсьтр. Фæндагыл ма куы уыдьтстæм, уæд мын Билар бабар кодта, цæмæй æз æппыньтдзухдæр хæстæг лæууон Хæритонмæ, Хрущсв æм исты фарста куы радта æмæ, мыййаг, куьт стьтхса, уæд ьтн куыд аххуьтс кæнон, афтæ. Къанауы сæрты хъæдын хидьтл куьтддæр æрбахызтыстæм, афтæ Хрущев нартхоры хъилтæм хæрдмæ скаст, йæ сæр батьтлдта æмæ ньтддис кодта: — Хъæд æрзайын кодта адæймаг! Хъацæнтæ та сьтл цас кæныс? Æз Хæритоны уаглхъус балæууьтдтæн, дзуапп ьтн зæгьинаг уьтдтæн, фæлæ уьтй мæнмæ нæ байхъуыста, æмæ уымæй раст бакодта, бахудти йæм æмæ йæм йæ рахиз амонаён æнгуылдз батьтлдта: — Уьтй мæхи сусæгдзинад у, Никитæ Сергсевич. Стыр сусгдзи- над! Уæд ьтн Хрущев афтæ: — Мæ хъусы ма мьтн æй сусæгæй зæгь, куыд ничи йæ фехъуса, афтæ... Иууылдæр ныххудтыстьт. Нартхоры хуымы Хрущев бирæ нæ фæцис, Хæритоны станмæ рацыд. Уыцы стан канд фæлладауадзæн бынат нæ уьтдис уымæн йе ’звснойы уæнгтæн, ам ^ьтдис раззагдæрты фæлтæрддзинад ахуьтр кæньтньт скъола. Ам арæх æмбæлыдыстьт рсспубликæйы хъæууон хæдзарады кусджьттæ, уæлдай арæхдæр нæм цыдысты уæртæ Ала- гиры районæй, кæцыйы сæргьы лæууьтд мæ дзæбæх хæлар Дудиаты Моисей. Уый бирæ арæзта, цæмæй ацы районы нартхоры куыст размæ цæуа, уый тыххæй ма йæм бирæ хорз хъуыдытæ уьтдис, фæлæ йын сæ, хъыгагæн, царды рауадзын нал бауагьтой, ницæйы тыххæй йæ йæ куыстæй суæгьд кодтой. Станмæ куы бацьтдыстæм, уæд æз Хрущев æмæ йе ’мбæлтты бахуыдтон уымы уæттæй иумæ, уым мах рагацау сцæттæ кодтам æмæ къултыл æрцауыгьтам стендтæ, таблицæтæ нæ хæдзарад куьтд рæзы, уый тыххæй, йæ фидæны тьтххæй. Хрущевæн сæ æз мæхæдæг 10-12 минут дæргьы радзьтрдтон, лæмбынæг мæм фæхъуыста, ра- зьтйæ баззад. Нæ "рацыдмæ къæсæрьтл лæууьтдысты нæ хуыздæр мсханизатортæ Царахаты Хадзыбатыр, æппæт хъæуы уарзон адæймаг, уымæн йе ’фсымæр Миша, Пхалæгаты Барис, Сæлбиты Бузр, Æгкацаты Мæир... Хрущев сеппæтæн дæр сæ къухтæ райста, 173
сæ хъазуат фæллойы тыххæй сын раарфæ кодта, хуьтмæтæг æмæ сын фæлмæн ныхæстæ ссардта. Уыдонæй куы фæхицæн стæм, уæд Хрущсв иуварс фæкаст æмæ галиуырдыгæй иу уаты ауыдта дæргъæй-дæрпьмæ дзадджын фынгтæ æмæ уыцырдæм фæзылд, фæлæ æз къæйныхдзинад равдыстон, йæ цонгыл ын фæхæцыдтæн, зæгъын, Никитæ Сергссвич, æддсйы нæм адæм æнхъæлмæ кæсынц. Уый бахудти: — Адæм зæгьыс?! Адæмы цурмæ цæуын хъæуы... Уыцы митинджы рагацау арæзт сценаримæ гæсгæ ма Хрущевы фæстæ хъуамæ раныхас кодтаикой Билар, Фидараты Мæхæмæт æмæ æз. Фæлæ дзы Хрущев йедтæмæ ничи радзырдта. Уый дæр радзырдта хæрз цыбыр, уайтагъд йæ шляпæмæ фæлæбурдта, йæ къухтæ хæрдмæ систа æмæ та бахудти: — Уæ хур афтæ тынг судзы æмæ йæ быны бирæ> лæууæн нæй... Уæлдай æхсызгон мын уьтд нæ колхозы æппæт фæллойгæнджытæн дæр кæй раарфæ кодта, уый. — Сымах уæ хъазуат фæллойæ бæрзондæй бæрзонддæр кæнут колхозты кад, — загьта уый, — Уæ Хæритон та бæрзонд систа канд Цæгат Кавказы нæ, фæлæ æгас Советон Цæдисы раззагдæр нартхорыкуыстгæнджыты тырыса. Мах ын стыр аргь кæнæм... Ууыл æгас Ирыстоны дзыллæ кæдæм æрымбырд ис, уыцы митинг ахицæн. Дзаг фынгтæ куы федта Хрущев, уæд йæ хид ар- мытæпæнтæ кæрæдзиуыл авæрдта, йæ бынат ын Билар бацамыдта æмæ уайтагьд уым фæтъæпæн. Хистæрæн дзы бадт фæцис Таутиаты Дрис, хъисын фæндырæй цæгьдæг дæлæ Кæрдзынæй, йæ галиуварс- Хрущев, йæ рахизварс та — Билар, Билары фарсмæ Иссæ, Иссæйы фарсмæ та Хæритон... Æз сын бадын нæ бакуымдтон, уьтрдыд- жыстæг алæууон. Дæлдæр бадтысты уазджытæй чидæртæ, нæ хъæуы минæвæрттæ, æвзæрст адæм. Уыцы боны фæстæ мæ-иу арæх фæхудын кодта хъазæн ныхасу- арзаг, цьтргьзонд адæймаг не ’скъолайы директор Хъулаты Мырза- бег, рухсаг уæнт, æрæджы цардæй ахицæн. Уый — иу исчи куы фарста, ды та паддзахы фьтнгыл бадынмæ куьтвд бахаудтæ, зæгъгæ, ,уæд-иу сын дзуапп радта: — Хрущев Хаджийæн афтæ загьта æцæг хуымæллæггаджы, дам, мæм равдис æмæ йæ мæ фарсмæ сбадын кæн. Æмæ хъуамæ кæй равдыстаид Хаджи Хъулаты Мырзабеджы разæй?!! Худæгæй мардта. Уæздан ныхас æмæ æгьдауæй хуьтмæллæггæгты чи амбула, ахæмтæ стæм ис. Хрущевæн æнæнхъæлæджы уыд, йæ усæн ьтн урс сæрбæттæн куы балæвар кодтам, уæд. Хæсгæ йæ хъулон стыр тæбæгьы æз æмæ Пхалæгаты Барис бакодтам, дзургæ та Билар ракодта: — Никитæ Сергеевич, мах дæ дзæбæх бинойнагæн лæвар кæнæм сæрбæттæн, цæмæй уый сиса йæ саутæ æмæ урс йæ сæрыл æркæна... 174
Уый уымæн загьта Билар æмæ хæсты фæмард сæ фырт æмæ сæ * æппын нæ рох кодта. Хрущевы цæстытыл æнкъардзинады уылæнтæ фæзындысты, апъа йын кодта сæрбæттæнæн, зæгъгæ ницы кодта, фæстæрдæм æй йæ цырддзаст æмæ цæрдæг æххуысгæнджытæм алæвæрдта... Фынгæй куы сыстадысты нæ зынаргь уазджытæ, уæд та Хрущсв адæмы цурмæ рацыд, уьтдон ьтл æрымбьтрд сты, фарстатæ йæм лæвæрдтой, хъазæн ныхæстæ кодтой, стæй та сын мидбылты худгæйæ раарфæ кодта сæ уазæгуарзондзинады тыххæй, йæ шляпæмæ та фæлæбурдта, йæ къухтæ та хæрдмæ систа. Цавæр хатдзæгтæ скодтон æз уьтцы бонæй? Ахæм егъау бæстæйы сæргълæууæг хуымæтæг быдирæг хъæу кæй бабæрæг кодта, уый уьтди Стыр Хъуыддаг, Стьтр Кад хъæубæстæн, æгас Ирыстонæн; Никуы мæ ферох уьтдзысты мæ фарсмæ чи лæууьтд, уыцы сæйраг специалисттæ Иван Кузубов, Хосроты Алсксей, Цæлойты Хасан- бег... Уыдон цалынмæ куыстой, уæдмæ нæ хæдзарадьт кад дардьтл хъуьтстгонд уьтд, рухсаг уæнт, æгас нал сты, мæнæн ссппæт фьтдæн баззьтдысты, æз уьтдоны фæзмыдтон цардьт æгьдау æмæ кады хъу- ыддаджы, мæнæн уьтдоны фарсмæ кусьтн æнцон уьтди, дзæбæх зæрдæ мæм дардтой, цалынмæ мæхæдæг ацы дунейыл уон, уæдмæ сæ нæ ферох кæндзынæн. Æнæ зæгьгæ нæй Хæритоны тыххæй... Чидæртæ æндæр цыдæртæ дзурынц, дам-думтæ хæлиу кæнынц, фæлæ дьтн фидарæй зæгьын: Хрущев Хуьтмæллæгæй куы ацыд, куы йæ систой, уæддæр Хæритоны кад дæлæмæ не рхаудта, ничи йæ фсрох кодта, хуыдтой йæ республикæйы алы рæттæм, бадти президиумтьт, лæвæрдтой йьтн ныхасы бар, алы рæттæй йæм цыдысты æмæ сын уый йæхæдæг дæр йæ зонындзинæдтæ нæ хæлæг кодта. Хъыгагæн, азтæ сæ куьтст кодтой, фæрынчьтн иу хатт, стæй та дьтккаг æмæ уæд рох кæнын райдьщта. Афтæ у махмæ: цалынмæ адæймаг куса, цалынмæ бьтнаты ис æмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц, * уæдмæ фæхъæуы, кад ын фæкæнынц, стæй чысыл фæцудыдта, зæгьгæ, уæд ьтл къух ауигьынц. Уьтй æрмæст ирон адæмы уæззау низ нæу, æгас бæстæйы дæр афтæ у. Æз-иу æнæхъуаджы ныхæстæ æрыхъуьтстон, ньтр дæр ма мæ искуы иухатт афæрсынц æццæй, дам, Хрущевы ссыдмæ Хæритонæн галуантæ сарæзтой, гауызтæ йын баластой... Мур дæр дзы ницы уьтд. Хæритонæн уæды рæстæг хуымæтæг хъæууон хæдзар уьтд, сæ мидæг уа-диссагæй ницы уьтд æвæрд. Уьтй фæстæдæр сарæзта агуыридурæй хæдзар. Мæнæ ма афтæ дæр дзырдтой фæсарæйнаг журналистты, дам, асайдтой колхозы хицауад, зæгьгæ сын кодтой Хæритоньт хæдзармæ уæ ласæм, афтæмæй та сæ Пхалæгатæм балæууын код- той. Суанг райдайæнæй фæстæмæ мах ныхасгон^ уыдыстæм Пхалæгатæм сæ суазæг кæндзыстæм, зæгъгæ, Хæритоны кой дзы нæ уьтд, уый чидæр æрымысыд, Хæритон æй йæхæдæг дæр нæ бамбæрста, дзæгъæлы рамæсты... 175
Раздæр дæр ныхæстæ цыди, ныр дæр ма ныхæстæ райхъуысы, зæгьгæ, дам, Хæритоны ,хорæрзады бæрæггæнæнтыл æфтаугæ ба- кодтой, æндæр, дам, Гсройы ном йæ фыны дæр нæ фсдтаид. Баф- тыдтой, нæ бафтыдтой, уый æз нæ зонын, уæд æз хъæуы нæма куыстон, ныхæстæ та хъуыстон, фæлæ цы зæгьинаг дæн: ÆЗ ЙÆ ФАРСМÆ ЦАЛ ФÆЗЗÆДЖЫ ФÆДÆН, УАЛ ХАТТЫ ЙЫН ЙÆ АЛЫ ХОРÆРЗАДЫ ТЫХХÆЙ ÆМБÆЛДИ РАДТЫН ÆППÆТÆЙ СТЫРДÆР ХÆРЗИУÆГ. Æмæ æрмæст уый тыхæй нæ, фæлæ ма иннæты дæр зæрдиаг фæллойыл кæй ахуыр кодта, йæ зонындзинæдтæ кæй хæлиу кодта, рæдауæй æдзух дæр æххуысмæ цæттæ кæй уыдис, уый тыххæй дæр. Уый уыд Æцæг Гсрой, уыцы стыр Кады аккаг æцæг уыди. Афтæ мæм мæ зæрдæ дзурьт, æмæ ма Хрущсв кусгæйæ куы баззадаид, уæд мæ хъæуккагæн дыууæ хатты Гсрой æнæсуæвгæ нæ фæуыдаид. Уый нæ, фæлæ ма 1964 азæй фæстæмæ цы азты акуыста, уыцы азты дæр йæ бæрæггæнæнтæ фылдæр йсдтæмæ къаддæр нæ уыдысты, фæлæ уыдонмæ уæд ничиуал касти, нартхор сæ рох кæнын райдыдта. Раст зæгььтн хъæуы, мæнæ фæстаг азты йын зын кусæн сси, азтæ сæ кæнонтæ кодтой, йæ хъару фæцудыдта, фæлæ архайдта зондæй, уæрæх пайда кодта йæ зонындзинæдтæй. Хæритон бирæ агрономтæй хуыздæр зыдта кæд, кæдæм æмæ цас хæссын хъæуы хъацæнтæ, цавæр хъацæнтæ, цас дон. Уьтй нартхоры хуым, цы уаты царди хъæуы, уьтцы уæттæй æвзæр дæр нæ зьтдта, цы дзьт ис, кæм дзы цы ис. Æз агроном нæ уыдтæн, уьтй фæстæ фæсаууонмæ каст фæдæн хъæууонхæдзарадон институт æмæ сдæн агроном-экономист, фæлæ нæ инжснср Хосроты Алекссй, нæ мсханизатортæ Царахаты Хадзы- батьтр æмæ Пхалæгты Барис, уаэдай дæр та Хæритонæй цы зонын- дзинæдтæ райстон зæхгуысты, уьтй мæнæн æнæхъæн акадсми уыд.Хæритонæн ма йæ хъуыддаг уьтмæй ацьтд æмæ йæ фарсмæ æдзух лæууьтд стьтр специалист, нæ агроном Иван Кузубов. Абон Хуымæллæджы ахæм адæймаг зын ссарæн у Иваны хорзæй чи нæ мысы. Гæды ныхас нæ хъæуы, уьтмæ дæр аиппытæ уьтди, аназын уарзта æмæ-иу уæд мæ кабинетмæ æрбацьтд æмæ-иу æнæхъуаджы бьтцæу систа, раст-иу нæ уьтдис, афтæмæй. Хатгай æнцондæр кусæн нæ уьтдис Хæритонимæ дæр, хатт-иу æй афтæ фæндьтд, цæмæй иууьтлдæр уьтмæн кусой, уымæ здахой се ’ргом. Æз-иу не специа- листты уырæдтон, домдтон сæ, цæмæй йсмæ бьтцæу ма кæной, фæразой йын, уымæн æмæ уьтй цьт стьтр æнтьтстытæ æвдыста, уьтдоны цур иннæ лыстæг хъуыддæгтæ, чьтсьтл хæрæмттæ ницьт уьтдысты. Раст мæ бамбар, Дамир, фæлæ æз районæй куы рацьтдтæн партийы обкоммæ кусынмæ, уæд-иу мæм Иван Кузубов æрбауад, хъаст-иу кодта колхозы æмæ районьт хицауад, дам, мæм фаг цæстæнгас нал дæттынц, фаг аргь нал кæнынц Хæритоны фыдæбонæн дæр. Æз-иу ьтн зæрдæтæ бавæрдтон, зæгььтн, Ху- ымæллæг ма ныууадз, уыцы хъæу дæ хъæу у, уьтм дæ уарзынц. 176
„ Æз мæхæдæг уæд уыдонимæ цы азтæ арвыстон, уыдоны нымай- ын æппæтæй зынаргъдæр азтыл. Мæн уæд стыр кады мæт нæ уыди, мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уьтд намысмæ тырнын, æрмæстдæр куыст, куьтст... Мæхицæй нсппæлын, фæлæ абон уыцы азты тыхæй мæнæн мæ бон у комкоммæ кæсын мæ алы хъæуккаджы цæстытæм дæр, æз сæ ницæмæй фæкъæмдзæстыг кодтон. Æз мæхи никуы хуыдтон Хæритоны кад, мæхицæн дзы хай тыххæй никуы истон, уый нæ, фæлæ мæ цуры нæ сæйраг специалисттæ иууылдæр райстой хæрзиуджытæ, систы хъæууон хæдзарады кадджын кусджытæ... Иуныхасæй Хрущсвы ссыд Хуымæллæгмæ стыр цау уыд. Абон чидæртæ дызæрдыг кæнынц хъуыди — нæ хъуыдис, ууыл. Ууыл быцæуы бацæуæн ис, фæлæ уыцы азты ахæм стыр кад цæмæй бакусай, уый тыххæй кæуылты фыдæбон хъуыдис æмæ Ирыстоны фæллойгæнджытæн уый сæ къухы бафтьтд. Кæйдæр загьдау, падд- зах-иу алкæмæ нæ фæцæуьт, Ирыстоны адæм та, уæлдайдæр уæды хъæууонхæдзарады фæллойгæнджытæ, уьтцы кады аккаг разынды- сты. Уый рох нæ хъæуьт. Стæй Хæритон йæхæдæг. Уыцы августæй иу афæдз раздæр Хрущсв Хæритонимæ фембæлд Краснодары æмæ йьтн зæрдæ бавæрдта æз дьтн дæ хуымтæ æнæмæнг бабæрæг кæндзынæн, зæгьгæ. Уьтй дæр бирæ цæуьтлдæрты дзурæг у. Уæд нартхоры куьтстæн кад тьтнг кодтой, уый йæ Хрущевы фæстæ фсрох кодтой, нартхоры дæр æмæ йæ зайын чи кодта, уьтдоны дæр. Хрущсв куьт ссьтди, уæд мæ йе ’ххуысгæнджытæ фæрсынц цæмæй уæм фæкæсæм, цы хъуаг стут. Не специалисттæ мæ баййардтой дæхицæн, дам, сæ куыстæн машинæ ракур. Цьтдæр хæррæгь ма- шинæ мæ ласта. Æз дын уый куы зæгьин, уыдон мьтн зæрдæ бавæрдтой сау «Волгæ», дам, уæ колхозы номьтл ссæудзæн. Æз ныххудтæн сау «Волгæ» мæ нæ хъæуы, уæ амал цавæр у, ахæм. Æмæ, дам, махæн нæ гæнæнтæ стьтр сты, ма тьтхс. Нæ йæ зоньтн цас раст у, уый, фаглæ, дам, æцæгæй дæр ахæм сау «Волгæ» ссьтд, фæлæ йæ уæлдæр хицауадæй чидæр йæхи бакодта, цæмæй ма æфсæрмы кодта, уæдмæ Хрущевьт систой. Мæнæн мæ хæдзары ис цалдæр хуызисты, Хрущевы ссæуæн бон ист æрцьтдысты, æз йæ фарсмæ, Иссæйы фарсмæ, нæхи адæмимæ, ХæритонимÆ. Тьшг зынаргь мьтн стьт, ницæуьтл сæ баивин, æркæсын сьтн сæм æмæ та ныббузныг вæййын мæхицæй, сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй мæ риу байдзаг вæййьт, ахæм Стьтр Хортауæджы фарсмæ иу къорд азы кæй акуыстон, уьтмæй... Стæй Уæрæсейы хицау мæ райгуьтрæн хъæумæ уæд ссьтди, æз дзы^сæрдар куы уыдтæн. Хуымæтæг адæймаг разынд, йемæ æнцон ньтхас кæнæн уьтд мæ хъæуккæгтæн... АВТОРÆЙ: Цæмæн афтæ тырньтдтой цьтмæ адæм Хрущевы цурмæ, цæмæн бæллыдысты йæ фенынмæ? Уыцы августы бонты Иры дзыллæтæ куьтд банкъуьтсыдысты, уымæн æгас бæстæ æвдисæн уьтди. Уæдæ нæ бæстæйы иннæ разамонджытæй фьтдынддæр йсдтæмæ хæрзконддæр æмæ рæсугьддæр куы уьтд, цæмæй сайдта 12 Д.Х. Дауров 177
дзыллæты йæхимæ? Æви уæд адæм æндæр уыдысты, цымыдисдæр, æууæндагдæр Хицауы ныхасыл? Æз бирæты фарстон æмæ мын иу дæр нæ загьта Хрущсв искуы истæмæй адæмы сæрыл дзургæйæ йæ дзырд фæсайдта, уый. Стыр фидæнæй нын зæрдæ æвæрдта æмæ ууыл йæхæдæгдæр æууæндыд. Ныры Хицæуттæ се ’ууæнк кæй бахордтой, уый ацы уацау кæсæг мæнæй æвзæрдæр нæ зоны. Арæх цыдис бæстæйы алы рæттæм дыдзæсгом Горбачев. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут раздæр ыл-иу адæм куыд æмбæлыдысты, уый. Уый фæстæ ты? Ныр дыууæрдæм къаддæр цоппай нæ кæны Ельцин дæр. Телевизормæ нæ фæкæсут, нымад адæм ыл амбырд вæййынц, залтæм та сæ бынæттон хицауад сыфцæй æрбаласынц. Цæмæн? Хрущевы рæстæг æз мæ сабидуг сау дзулимæ æрвыстон, мæ мад æхсыры æмæ царвы хуыздæртæ паддзахадæн лæвæрдта, нæхи рæбыны ма-иу сылы æмæ хуырх баззадысты, сæ фарсмæ та Цæлыччы быдыры къахт хуыскъæлтæ. Уæддæр нæ уырныдта: рай- сом уа, иннæ бон уа, уæддæр цардæн æнæфæхуыздæр хос нæй. Ныр та ма Кæй Цы уырны?.. Ныр та дзырды бар нæТеройæн йæхицæн, нæ фсмбæлды рæстæг æз ныхаскъахæг уыдтæн, уый — дзуаппдæттæг. Дзырдмондаг уыди Хæритон, уый æмбæрстон, уал азы фæстæ ма уæ алчидæр уый бынаты йæхи авæрæд, æцæг æгæр тагьд кодта, æрдæгдзырдæйтиу иу цауæй иннæмæ агæпп кодта, фæстæмæ здахйн та мын æй аив нæ уыд. Фæлæ мæнæ не ’хсæн цы ныхас рауад, уымæн уæхæдæг аргьгæнæг ныллæууыт. ХÆРИТОН: «МÆНÆЙ ÆНДÆР ЧИ УЛИД, УЫЙ ЙÆ ГЕРОЙЫ СТЪЛЛЫ ДЫУУÆ ДУРЫ АСТÆУ ПЫММУР КÆНИД»... — Дæлæ уæ кæрты дуарæй куыддæр æрбакастæн, Хæритон, афтæ йæ бамбæрстон, куыд мыл бацин кодтай, уый. Цæмæн уагæры? — Афтæ дæ фæнды?.. Хорз... Уæллæй, Дамир, æнæгæды дын куы зæгьон, уæд мæ хъæуккаг дæ, дæ фыдæлты дын хорз зыдтон, семæ хæларæй фæцардтæн, æрæджы уæлæ Бежаты зианæй æрцæйздæхтæн уыцы бырынцъаджы, тыххæй лæууыдтæн мæ къæхтыл, уæд мæ дæ фыдыфсымæр Микъала фæстейы æрыййæфта, мæ тæрттыл мын фæхæцыд æмæ мæ мæ тæккæ хæдзары æрбамидæг кодта, фæйнæ хъарм арахъхъы дæр ма банызтæм. Уæд хъуамæ æз цæй æфсонæй ма бацин кодтаин дæуыл? Уый дын иу. Иннæмæй та мæ кæд мæ зонд нæ сайы, уæд мæм Хрущев куы ссыд æмæ фæстæмæ куы аздæхт, уæдæй абонмæ ардæм де ’мкусджытæй зыбыты иунæг хатт æхсгæ уад æрбакодта æрмæст Илья, Гаджитæй схуыдта, æнхъæлдæн, йæ мыггаг, уæлæ телеуынынадæй. Стæй мæнæ ныр та ды. Сæ рæстæджы мæ спайда кодтой, стæй мæ аппæрстой. Цы гæнæн ис, цард йæхæдæг ахæм у. Хъæугæ та мæ сæ цы кодта?! Ныр ницы уал дæн, фæлæ мæнæ мæ тæккæ лæджы бынаты куы уыдтæн, уæд мæ чи зыдта, уыдон, кæд ды исты ныффысай, уæд уадз æмæ 178
уæдоæр зæгьой: «Кæс-ма, уыцы æвзæр дæр ма йæ Хуымæллæджы цæры», зæгъгæ. Æндæр ницы... Уый дын мæ дзуапп. — Ау, ме ’мкусджытæй хъаст куы кæныс, уæд мæ афтидæй куыд уадзыс, мæнæн радзуринаг дæм ницы ис? — Радзуринаг? Ау, мæ цахъæнмæ халон дæр куы нæ цæрьт, уæд уый куыд ницы ис?! Фæлæ сымах цы фæхъæуы, хæйрæг æй рав- зарæд... Æз дын афтæ зæгъдзынæн. Мæнæ ма мын мæ къухтæм æркæс. Мæ бинонтæ абон мæ хъуаг нал сты, фæлæ йæ рæстæджы мæнæн куыст мæ къухæй никуы ахаудта... Æрмæст колхозы брига- ды иумæйаг фæллойы мæ фыдæбоны хай куы никуыцæй зынди æмæ æхсайæм азты хицæн звснотæ аразын куы райдыдтой, уæд мæхицæн загьтон: «Хæритон, дæ рад дæр æрхæццæ, дæ фæллойæ исты равдис»... Уæд мæ райком дæр бакъуымы кодта, мæ алыварс рауай- бауай систой, цæмæй йæ зыдтон, æз исты куы æрзайын кæнон, куы мæ сгерой кæной, уæд сæхи ном дæр ахъæр уьтдзæн, уьтй. Æрæджиау æй мæ сæр æрцахста. Фæлæ мын уыдон мæ удыхъæд нæ зыдтой. Æз та мæ алыварсмæ кастæн, зонындзинæдтæ мæм фаг нæй, уьтй æмбæрстон æмæ уæд мæ размæ нысан сæвæрдтон: «Аху- ьтргонд нæ дæ, фæлæ фæллойы уæддæр фесгуых». Фьтццаг аз нæм алы гектары дæр авд тонны куы æрзад, уæд загьтон: «Дæс тонмæ йæ æнæстæргæ нæй»! Уæдмæ бæстæйы иннæ звеноты бæрæггæнæнтыл дæр мæ цæст ахастон, бамбæрстон æй мæ бон сс ’хсæн фыццаг суæвын кæй у, уьтй. Нартхорæн та цы хъæуы? Дон æмæ фаджьтс. Фаджыс æмæ дон. Гъе уыдонæй йæ хъуаг ма уадз æмæ дæ хъуьтддаг арæзт. Æз фаджыс нæхи районы хъæутæй кæцьтйæ нæ ластон, иу дзы ахæм нæй, æрмæст Арыхъхъы æрхæй цас фæластон, уый диссаг у, уæртæ-иу Мæхъæлы арæнтæм дæр бахæццæ дæн. Фынддæс-ссæдз мин тоннæйы дзы-иу æркал æмæ-иу 2-3 азы фаг уыдысты. Мæнæ дзыккайæн сой куьтд пайда у, зæххæн та фаджьтс афтæ у. Стæй уæд дон скъæр æмæ скъæр. Мæ дон мьтн-иу давгæ кодтой. Уæртæ Заманхъулы иу дæбæх лæг уьтди, Гæбыла, зæгьгæ, уый дæр бирæ нартхор кодта, уый-иу æхсæв йæ фьтрты рарвыста Хæритоны иу ауæзт уæддæр фехал, ай, дам, цы хабар у, доны цъыртт нæм куы нал уадзы. Уьтцы лæппу ныр лæг у, дзæбæх лæг, шофырæй кусы, æрæджы мын газы балон æрбаласта æмæ мын æй йæхæдæг æрымысыд. Мæнмæ-иу дон уадзынæй хуыздæр ницы каст, мæ зæрдæ-иу сывæллонау ради, сывæллонау-иу дзы цъæпп-цъæпп кодтон. Нæ дæ бауырндзæн, Дамир, фæлæ фылдæр æхсæвыгæтты куыстон, уьтмæн æмæ мын боныгон дон фаг нæ лæвæрдтой, уæлæ-иу æй нæ дзæбæх сыхæгтæ Зилгæйы дæр бацауæзтой, фæлæ-иу æй не ’мбæрстой, уыдон-иу сæ устыты фарсмæ хъарм хуыссæнты куы æрхуыссыдысты, уæд-иу Хæритон та йæ фадгуытæ кæй батылдта, йæ хæдон-иу иуварс кæй фехста, уый. Мæхæдæг-иу ауæдзы арсы хуыст скодтон æмæ-иу уæд дон алырдæмты анхъæвзт, афтæ-иу слæхъир æмæ-иу рæнхъы æхсæнты абырæн нал уьтд. Мæнæ мæ зæнгтæ дзæгьæлы риссынц уæдæ? Ахæм ран нартхорæн æнæрзайгæ 179
ис?! Куьт-иу ныддис кодтой мæ хуымты цур, куьт-иу мæ фарстой рæстæмбис нымадæй дзы цы æртондзынæ, зæгъгæ, уæд сын-иу сæхи æрвыстон, ацу æмæ фен, цæстмæгæсгæ йын аргъ скæн. Рагацау-иу æй цы нымадтаин, нæ йæ уыдтон цы нартхор у, уый?! АВТОРÆЙ. Хатыр, мæ зынаргь кæсæн, фæлæ дын дæхицæн хуыздæры тыххæй нæ ныхас Хæритонимæ цыбыр æмгъуыдмæ фсс- къуындзынæн. Мæнæ мын куыд радзырдта КОЛХОЗЫ УÆДЫ АСТÆУККАГ ЦÆДЖЫ КАДРТÆЙ ИУ, ЙÆ ЛОМ РАХЬÆР ÆЙ НÆ БАФÆНДМД: — Хæритонæн йæ алы фæззæджы тыххæй дæр Гсройы ном радтын æмбæлди, фæлæ уыцы рæстæг куыд уыдис, уымæ ма кæс. Иуæй йæ Хрущсв нæ бæстæйы хуыздæр звсноводыл нымадта, нартхор йæ цæсты куыд бæрзонд æвæрд уыд, уый зоныс, иннæмæй та лозунг ахæм уыд: «Ацы аз бирæ æрзайын кодтай, иннæ аз дæм ноджы фылдæр хъуамæ æрзайа». Уыцы бæрæггæнæнтæм гæсгæ аргь кодтой партион разамонджыты куыстæн дæр æмæ уыдон дæр архай- дтой, сæ мадзæлттæ та — алыхуызæттæ... Иу аз куыд рауади, уымæ ма байхъус. Хæритоны хаймæ иу райсом Дзæуджыхъæуæй сæрмагонд къамис æрцьтд сæ сæргъы пар- тийы обкомы хайады сылгоймаг хицау Гардантæй, стæй хъæууон- хæдзарадон институты профсссор Саламатæй, сæ нæмттæ сын уæддæр нæ зыдтон, ныр дæр сæ нæ зонын, чердæм мæ хъуыдысты. Нартхоры астæумæ бацыдысты, цыппарырдæм дæсгæй санчъсхтæ сбарстой, квадрат, æмæ йæ Хæритонæн йæхицæн æртонын кодтй. Мæнмæ гæсгæ та уыцы мæйы кæрон дæлæ Мæскуыйы цыдæр æппæтцæдисон æмбьтрд хъуамæ уьтдаид нартхоры куьтсты тыххæй æмæ Хрущев агуырдта, Хæритон та рæстæмбис нымадæй цас ратдзæн иу гектарæй, зæгьгæ. Уыцы гæбазæй цы нартхор æрцьтд, уый бæхуæрдоны гуыффæйы ныккалдтой. Къамисы уæнгтæ Хæритоны дæр сæ фарсмæ ма- шинæйы сбадын кодтой æмæ бæхтæрæгæн загьтой нæ фæдьтл, дам, колхозы мусмæ рахæц, уæзбарæны цурмæ. Бæхтæрæг уæрдоны сæрмæ схызт, фæндагмæ акаст æмæ уазджыты машинæ рьтджы аууон куы фæцис, уæд звенойы уæнгтæм чыргьæдтæ раппæрста: — Рæвдз ма фæйнæ цалдæр чыргьæды ноджыдæр айдзаг кæнут... Иæхæдæг дæр февнæлдта тонынмæ. Къамисы уæнгтæ сбарстой гуыффæйы нартхор, банымадтой æнæхъæн хайы цас хъуамæ æрцæуа, уый æмæ фырдисæй уа^тгоммæ фæцæйхаудтой: ахæм тыллæг фæззæджы Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы дæр хъуамæ макæмæ уа. Бæхтæрæг йæ «хъæппæрисдзинады» тыххæй колхозы уæдьт раз- амонджытæн радзырдта æмæ дзы уыдон раппæлыдысты. Фæлæ ралæууыд фæззæг, колхозы разамынд та зьтдта къамисы нымадмæ гæсгæ Хæритоны зæххæй цы тьтллæг хъуамæ æрцæуа, уыййас дзы нæ уыдзæн, уый. Мæскуымæ та информаци афардæги, 180
цы цæсгомæй ма йæ раздахдзынæ, уæд афтæтæ гæнæн нæ уыдис. * Бавдæлдысты, æмæ колхозы иннæ нартхоры зæххытæй дæр уæзбарæнмæ Хæритоны номыл æрвыстой, цы ма уый зæххыл æрзадьтсты. Ууыл дæр та рæстæг рацыд æмæ фермæйы сæргълæуджытæм басидтысты сæрдары кабинетмæ: — Мæнæ ацы гæххæттыты уæ къухтæ æрывæрут, фæйнæ фæндзай тоннæйы нартхор райстат æмæ сæ фос бахордтой. Афтæ хъæуы... Бамбæхсæн та цæмæн ис?! Колхозы хыгьдхæсджытæй чидæр сæрдаримæ фæхыл æмæ йыл Мæскуымæ хъаст ныффыста, нартхоры хабар дæр нæ басусæг кодта. Уырдыгæй уайтагъд къамис схæццæ, семæ слестгæнджытæ дæр. Фермæты хицæуттæм бадзырдтой, сæ цуры бухгалтерийы гæххæттытæ, æрмæст йæ кæрон зыны: — Мæнæ уый дæ къухæвæрд у? — Мæн... — Цас-иу райстай иу истæн фсрмæйæн нартхор? Цы нæ къахынц, уый нæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. — 10 тоннæйæ фылдæр никуы... — Уæдæ ма мæнæ ацы гæххæтмæ æркæс: 50 тоннæйьт... Иунæг æфсон сын ссардтон. Зæгъын, мæ хъомгæстæй иу иу бон ныррасыг ис, фос нартхормæ баирвæзтысты, ныннадтой йæ, чи зоньт дзы уал тоннæйы бахордтой, чи зоны фылдæр. — Уьтй иу хатт, фæлæ мæнæ адон цалдæр гæххæтты стьт, уал хатты, дам, дæс æмæ дыууиссдзгай тоннæтæ фосæн райстай. Мæнæ дæ къухæвæрдтытæ... Цавæр æфсон ма сын æрхъуьтды кодтаин?! Цьтбыр дзырдæй, стьтр партион æмбырд нæм уьщис, сæрдары æмæ сæйраг агрономы сæ куыстытæй систой, фермæты хицæуттæн та фæйнæ партион æфхæрды радтой. Хæритонмæ уьщы хъуыддæгтæ мисхал дæр ницьт бар дарынц... Афтæ гье. АВТОРÆЙ: Ныр та ногæй раздæхæм Æлбегаты тыргътæм, мæнæ йæм ацы фарста æнæратгæ нæ фæлæууыдтæн: — Хæритон, хатыр мьтн-иу бакæн мæ ацы фарста дьтн хъыг куьт уа, уæд, фæлæ мæ рæстдзинад базонын фæндьт æмæ дæм æй уый тьтххæй дæттын. Чи зоньт йæ дæхæдæг дæр зоныс, фæлæ æз искуы куы сæмбæлын, уæд мæ арæх бафæрсынц, æццæй, дам, Хæритон Гсрой куы сси, уымæй фæстæмæ, дам, йæ тыллæгæрзад альт фæззæг дæр къаддæр уыди, фæлæ йæ хицауад дьтккаг хатт Герой кæнынмæ хъавыдысты æмæ-иу ын йæ хуымтæм сæ колхозы иннæ бригæдтæй нартхор ластой... — Хъыг мæм цæмæн фæкæсдзæн, мæнæн уьтцьт ныхæстæ мæхи хъустыл дæр уайынц. Æрæджы уæртæ Дыгурьт хъæутæй иуы зианы уыдтæн, куы мæ базыдтой, уæд мьтл æрымбырд сты æмæ мæ баййардтой, цытæ дæ дзурынц, уьтдон, дам, æцæг сты. Уæлæ нæ кадджын иунæг Хуыцауæй æмæ дын зæххæй дæр сомы кæнын, 181
цæмæй дæ фæнды, уымæй, кæд æз искуы исты бафиппайдтон.’Кæд исты мæ фæсаууонмæ кодтой, уæддæр æй нæ зоцын, ау, уæд æй æз нæ базыдтаин? Стæй мæнæн цонджы йас нартхæрттæ уыдысты, иннæтæн та къозоты йæстæ. Хицауад-иу, обкомæй зæгъай, рай- комæй, цæуылдæрты сусу-бусу кодтой, фæлæ сæ хæйраг равзарæд цæуыл. Тыллæгæфснæйæн рæстæг-иу уæлдай тыхстдæр уыдысты, алы килограмм дæр сын-иу рагацау нымад уыди. Æнæуи та мæ сæ тæригьæд нæ хъæуы. Нæ хъæуьт... Мæнæй æндæр чи уаид, уый йæ Геройы стъалы дыууæ дуры астæу ныцъцъæл кæнид, уыййас тухæн ыл фæкодтон, иуæй-иутæ та сæ мæлæты æнцонæй райстой. Æрмæст ын абон кад нал ис... Бауырнæд дæ, Дамир, уыййас нартхор-иу æрзад нæ хуымы æмæ-иу æй æнæхъæн колхозæй дæр бафснайын нæ фæрæзтой. Уæд искæй нартхормæ æрхаудтон?! Иу ахæм дын радзурон. Куы нал æмæ куы нал фæуд кодта мæ хай тонын, уæд æм давджытæ дæр фæзынди æмæ-иу æй уæд ме ’звенойы уæнгтæ æхсæв сæхæдæг хъахъхъæдтой. Куы нал фæрæзтам, уæд колхозы сæрдар Колыты Хаджимæ скуысси дæн, зæгьын, исты æрхъуыды кæн, мæ нартхор мын æхсæвыгæтты аласдзысты. Хаджи рæвдз телефонæй дселæ Ростовмæ Иссæмæ ныддзырдта, уый йын зæрдæ бавæрдта салдазгтæ сæрвитынæй, фæлæ æрæгмæ куы кодта, уæд мæхæдæг Билармæ балæууыдтæн æмæ уый Бакуымæ бадзырдта, æмæ дæ уырны, уайтагъ аст фондзыссæдз салдаты мæ хуымы цур æрхызтысты. Раст зæгьын хъæуы, ссæндгæ дæр дзы бирæ бакодтой, сæ фæстæ æнæтындæй уагьтой, мæхæдæг сын Иры алы къуымтæй чыргъæдтæ фæластон. Сæ хардз дæр чысыл нæ сыстад колхозæн, фæлæ сæ пайда уæддæр фылдæр уыд. Иу бон сæм бæрæггæнæг Билар йæхæдæг дæр æрхæццæ æмæ йæ иу чысыл худын дæр акодтон. Уымæй размæ æхсæвтæй иуы мæм дамбаца куыд наддардтой, уый йын радзырдтон. Обауæй æмбисæхсæв кастæн æмæ нартхоры астæу чидæр тамако куыд сдымдта, уый федтон. Хъуызгæ сæм ныццыдтæн. Æмæ дын æхсæз лæджы æртæ мотоциклæй, голджытæ сыл самад- той. Куы мæ ауыдтой, уæд мæм дзы иу дамбаца сласта, нæ разæй ацу, фæндагмæ нæ акæн, науæд дæ гуырæй райгæ у. Зæрдиагæй дзырдта æмæ мæхинымæр, цалдæр голладжы тыххæй мæ ам куы ныммарой, уæд сæ зонгæ дæр ничи бакæндзæн. Ракодтон сæ, цы гæнæн мын уыди, æртхъирæн дæр ма мæм бакодтой ардæм та нæ хъæуы, уымæй, дам, уæ колхоз нæ фæмæгуыр уыдзæн... Билар фæхудт, стæй мын зæрдæтæ бавæрдта иннæ аз та æрзайын кæндзынæ: исты дын амонын хъæуы... Уымæй раст загьта, иннæтæн дæр ма мæхæдæг куы амыдтон, алырдыгæй мæм писмотæ æрвитын райдыдтой, цыма мæлæты хабед- зен уыдтæн фыссынмæ. Уартæ мæм Узбекистанæй иу корейаг чызг та къуыри уазæгуаты фæци, ме ’звенойы уæнгтæ цыдæриддæр куыстой, уыдон йæхимæ ныффыста, æцæг цьт фæцис, уый нал базыдто’н. Украинæйæ мæ æртæ хатты бабæрæг кодта’мæнæ мæ хуызæн Герой, æцæг уый дыууæ хатты Герой уыд, Юрий Петри, 182
уалдзæджы-иу ам æрбалæууыд, дон уадзын-иу куы райдыдтам, уæд, -уыцы хъуыддаг уымæ æвзæрдæр цыд, æз æй тынгдæр уымæй æмбылдтон. Гиталовы ном куыннæ фсхъуыстаис, бригадир уыд, йæ рæстæджы газеттæ æрмæст уый кой кодтой, уый мæ йæхимæ хуыдта, рацу, фен, дæхæдæг дæр нын радзур, зæгьгæ, фæлæ мæ Хъæбæлойы — фырт нæ ауагъта, стæй та мæ Америкæйæ иу фермер Гарст, зæгьгæ, йæхимæ хуыдта. Билар мæ уырдæм дæр нæ ауагьта, уым, дам, куы баззайай. Худæгæй мардта. Æцæг уыцы Гарст уæддæр мæ номыл дзæкъулы дзаг нартхор æрбаркыста, дæс килæйы бæрц дзы уыди, стæй мæнæ ацы стъолы йас писмо, кæд æй тауын хъæуы, цас тауын хъæуы, рæнхъæй рæнхъы æхсæн 70-80 сантимст- ры хъуамæ уыдаид. Æгæр бирæ. Уыцы Гарст, чи уыд, уый ма ды цæмæй хъуыдыкæндзынæ?! Иухатт Хрущев Америчы куы уьтд, уæд ын йæ фермæ бабæрæг кодта æмæ уым йæхи цæстытæй федта ацы нæртон хор хъæууонхæдзарады цас ахады, уый. Æмæ дæ уырны, ссыгьди лæг, Хрущевæй зæгьын. Нартхоры фæрцы бафсадын уыди адæмы йæ зæрды. Уыцы азты лозунг нал зоныс: «Нартхор — æхсыр дæр у, нартхор — дзидза дæр у!» Уырыссагау хуыздæр фидауы. Базмæлыди уæд Уæрæсе, фæлæ ацы мердхорд Хрущев куы нал уыд, уæд нартхор дæр никæй уал хъуыд, стæй йæ чи куыста, уый дæр. Иннæрдæм та ныццавтой... Æвæццæгæн, уæд Гарстæн Хрущсв загьта Æлбеджы фыртæн дæ мыггагæй рарвит, зæгьгæ, фæлæ йын канадæйаг нартхор разынд, сымаггæнаг, мах уавæрты æрæгмæ цæттæ коддта, цъæхæй-иу баз- зад, æрхæц ыл, уæд-иу йе хсыр ныцъцъæгыъæст кодта. Æз ын мæхи мыггæгтæ куы равитин-арвитин фæкодтон, Кузубов мын зæрдæ бавæрдта иумæ хуызæнæн равзардзыстæм, зæгьгæ, æмæ уый дæр мæ къухы нæ бафтыд... — Хæритон, ныббар та мын дзурынмæ дæ кæй къуылымпы кæнын, уымæй, фæлæ иугæр колхозы уæды сæйраг агроном Иван Кузубовы кой кæм скодтай, уæд дæ иу хъуыддагæй афæрсон, уый фæстæ дæуæй дæр æмæ мæхицæй дæр куы æрбайрох уа. Афтæ дзурынцг Кузубов, дам, æрмæстдæр Хæритоны куыст кодта, хицау- ад ын афтæ загьтой, уый, дам, ын куынæ уыдаид, уæд... — Бамбæрстон дæ, Дамир. Бынтон афтæ нæу, фæлæ уырыссаг уæвгæйæ Иван Хуымагллæгæн цас хæрзты бацыд, уый йæхæдæг диссаг у. Æмæ цы, абон ма уый дæр исчи зоны? ХуыцауыспЪн, раст нæ кæнæм... Æз æй мæхæдæг зонын — мæ хæрзиуæгæн йе ’мбис уый у. Удуæлдайæ куыста, æцæг, дам, мæнæ фæстаг азты нæ райкомы секретарь Дзуццы фырт йæ быны бабырыд, нæхи хицауад дæр æм хорз цæстæй нал кастысты. Уый хуызæн агроном’ ам нал уыдзæн! Лæмбынæг кусæг уыди. Иу аз мын фараст паддзахадæй нартхоры мыггæгтæ æрбарвыстой, мах сæ Иванимæ фараст де- лянкæйы байтыдтам æмæ мын карзæй загьта иу æвзар дæр дзы куыннæ фæхъæуа, афтæ. Хорз, зæгьын, исты сæ нымайгæ бакодтой. Уымæн йæ зæрдæмæ америкаг нартхор цыди, мæнæн та —’югосла- вийаг, бавдæлдтæн æмæ дзы 15 æвзары стыдтон, мæнæ сæ нæхи, 183
цæхæрадоны ныссагьтон мыггагæн. Дыккаг æви æртыккаг аз Иван нæ цурты æрбацæйцыд, йæ зæрдæ цæмæдæр фсхсайдта, кауы сæрты нæм æрбакаст æмæ-иу йæ амонæн æнгуылдз куы батылдта! Абон дæр ма уыцы нартхор тауын мæ цæхæрадоны, йæ цъупп бæрзонд хурау æрттивы, стæй мах нартхорыл 6-7 сыфы йсдтæмæ нæ вæййы, ууыл та 10-11, хатгай 12 дæр... Нæ цæхæрадонмæ куы аца:уын, уæд та Кубузов ауайы мæ цæстытыл, йæ номыл хъæуы бæргæ исты скяенын, кæнæ дзæбæх прсми, кæнæ та быдыр... «Кубузовы быдыр». Цы, æвзæр хъуысы? Уæллæгъи, æз дын зæгьын, Дамир, мæ хæлар Хрущсвы ма уыцы æвзæртæ иу гыццыл кусын куы бауагътаиккой æмæ йын куьт загьтаин мæнæ мын агрономæн дæр Гсройы ном радт, зæгьгæ, уый сыпп дæр не ’скодтаид, радтаид ын. Ууыл дын æз мæ сæр лыгмæ дæттын. Хъусгæ мæм тынг кодта... — Хæритон, мæнæ ныр ды куыд зæгьыс паддзахады сæргьлæууæгæй, афтæ нымад адæймæгтæн у сæ бон зæгьын. Дæхимæ та куыд кæсы, афтæ дæ йæхимæ цæмæн æрбахæстæг кодта, афтæ дæ цæмæн бауарзта, никуы йыл ахъуыды кæныс? — Уæллæгьи, Дамир, цы мæм ссардта уагæры, афтæ адджын ын цæмæн фæдæн, уый мæхæдæг дæр нæ зонын. Абон дзы цытæ дзурынц, уый мæ хъуыддаг нæу, фæлæ дын фидарæй зæгьын: хорз лæг уыди, зæххардыстæн, фæллойгæнæг лæгæн иу паддзах дæр уымæй хуыздæр ничи уыди. Цы хъæуы мах? Хицауы ху- ымæтæгдзинад. Фыццаг хатт мæ Мæскуыйы фсдта цыдæр æппæтцæдисон æмбырды, Хъæбæлоты Билар ын мæн бацамыдта, уæд мæм æрбацыд, бахудти мæм, мæ къух мын райста, æцæг зæгьгæ ницы кодта. Уый фæстæ мæ кæцыдæр съездмæ ахуыдтой Мæскуымæ æмæ партийы обком загьтой: демæ иу-дыууæ нартхоры качаны алас, Хрущевмæ равдисынмæ чи бæззьт, ахæмтæ. Бауырнæд дæ, Кузубо- вимæ бон сау изæрмæ мæ хайы фæзылдыстæм æмæ фæйнæ ссард- там, мæнæн даргьдæр. рауад. Мæскуыйы фараст æмæ ссæдзæм этажы иу хъуыстгонд шахтсримæ цардтæн, бынмæ-иу куы ра- кастæн, уæд-иу мæ сæр разылди, мæхинымæр, Хæритон ай дын Цæлыччы обау нæу. Цæрæм, сабыргай нуазæм, мсмæ дæр ахастон, нæ хицауадæн дæр нын уырдæм ластой, ныр съсзд цæуы, фæлæ мæнмæ уырдæм нæ дзурынц. Мæнæй та мсмæ кæй аластон, Хру- щевмæ кæй хъуамæ равдыстаин, уыцы дыууæ нартхоры качаны ферох сты, рудзынджы уæлвæйнæгыл мын баззадысты æмæ хурмæ ныддæвдæг сты, ныххус сты, сæ хуыз аивта. Бын кæнын, куыд ма сæ равдисдзынæн, Билар цы зæгьдзæни, зæгьгæ, скатæй дæн. Уæд дын мæ уыцы ме ’мбал шахтер куы фервæзын кæнид, доны, дам, ма сæ сæвæр æмæ сæ уым бауадз. Схорз та стьт. Дыккаг бон дын райсомæй партийы Центрон Комитетæй иу дзæбæх лæг нæ уатмæ куы бацæуид уæ нартхæрттæ, дам, ма равдисут. Уый фæстæ мын Билар куьтд радзьтрдта, афтæмæй Цæгат Кавказы иннæ респуб- ликæты делегацитæ дæр семæ ахæм нартхæрттæ нылластой Хру- щевмæ равдисынмæ, фæлæ сьтл уыцьт дзæбæх лæг ЦК-йæ нæ барвæссьтди. Мæн нартхæрттæ та йæ зæрдæмæ фæцыдысты. Дыккаг 184
„бон съезды мæ мæнмæ дæр бадзырдтой, Билармæ йæ цур слæууын кодта, бынат дзы нал уыд. Ныр мæ качантæ дæр мсмæ. Уалынмæ Хрущев æрбацæуы, Полянский дæр йемæ, базыдта мæ, мæ къух мын райста, стæй фыццаг рæнхъы йæ риу хæрзиуджытæй дзаг кæмæн уыд, ахæм маршæлы сыстын кодта: «Постой, маршал, возлс Албегова» æмæ президиуммæ схызти. Съсздьт куысты уылæфæн рæстæг куы уыди, уæд президиуммæ схызтæн æмæ мæ нартхæрттæ Хрущевмæ радтон. Уый мын ныхъхъæбыс кодта, фæстсйæ бандон райста æмæ мæ йæ фарсмæ сбадын кодта, уырдыгæй мæ нал рауагъта, мæ нартхоры качантæ та раздæр йæ хъæбысы дардта, стæй сæ йæ цуры стъолыл æрывæрдта, иу хатт сæ йæ дыууæ къухы дæр систа аемæ сæ залмæ кæмæдæр æвдыста. Краснодары дæр нартхоры куыст чи кодта, уыдонæн диссаджы. хорз æмбырд уыдис. Хрущсв дзурынмæ куы рацыдис, уæд дын æнæнхъæлæджы хъæрæй афтæ: «Здссь присутствуст наш лучший звсньсвой, мой друг Харитон Албегов... Надо, чтобы он выступил». Уæд дын кæсын, æмæ нæ хицауад скатай сты, Билар æмæ Баситы Олсг сусу-бусу кæнынц, мæнмæ амонынц. Махмæ та дзурыны кой нæ уыди, ничи мын загьта, æндæр та мын исчи ныффыстаид, уырыссагау мæлæты дæсны уыдтæн. Гæнæн куы нал уьтд, уæд, æвæццæгæн, Билар Микъиттæн загьта Хæритон нæхи æвзагыл дзурдзæн, махæй исчи та йын æй тæлмац кæндзæн. Цы хабар уьтди, æууæндгæ йыл нæ бакодта, æви цы, уый йæхæдæг йедтæмæ чи зыдта, фæлæ, дам, цас йæ бон у, уыййас уырыссагау радзурæд. Æз трибунæмæ куы ра- цыдтæн, уæд мæнæ афтæ райдыдтон: «Дорогис товарищи, что кукуруза любит? Навоз и воду, воду и навоз. Вот это запомнитс...» Ныр мæм Хрущев хæрдмæ кæсы. Куыддæр уыцы ныхæстæ загьтон, афтæ нымдзæгьд кодта æмæ залмæ дзуры: «Послушайтс Албсгова, товарищи краснодарцьт, и бросьте выдумывать причины». Тыххæй — амæлттæи дзырд фæдæн, мæ сурхид акалд, бынмæ та мæ нал æруагьта, йæ хъæбысы та мæ ныккодта, фæрафæрсбафæрс мæ кодта, стæй мьтн уым загъта: «Живьт будсм, Харитон Андрссвич, и я через год к тебе приеду». Æмæ фсдтæй, йæ ныхас сæххæст кодта, уьтмæн аргъ ис, æрмæст уыцы боны тыххæй дæр фæцæрæн уыдис. Уый уьтдис 1963 азы... — Ныр уыцы бон уазджытæ Цæлыччы быдырьт машинæтæй стьтр фæндагæй дæ хуьтмтырдæм куьт базылдысты, уæд дæхи куыд дардтай, цы куыстай? — Цы куыстон?! Мæнæ мæ цыма олсктрон тых ныццавта, афтæ сагьдауæй лæууыдтæн... Худæг дæм ма кæсæд. Уый хъуыды кæнын, æмæ мæ мидбылты худт мæ цæсгомæй нал цыди, арт дзы цыма исчи скодта æмæ йын аххуьтс нал комы. Хрущсв куыддæр машинæйæ рахьтзт, афтæ мæ ауьтдта, йæ галиу къухæй йæ шляпæмæ фæлæбурдта, иннæ та хæрдмæ фæхъил кодта, афтæмæй мæм иу дæс къахдзæфы æрбацьтд. Уæллæй æз ьтн ахæм хъæбыс ныккодтон æмæ раст йæ фæрсчыты къæс-къæс ссыд, цы мæрдтьт ис, уым рухсаг уæд, фæлæ йæм абон дæр ма мæ зæрдæ æхсайы, кæд ын, зæгьын, йæ 185
фæрсчытæ асастон... Хиды сæрты йæ нартхоры астæумæ бакодтон æмæ-иу куы ныддис кодта. Йемæ Украинæйæ Юрий Пстри дæр ссыд, дыууæ хатты Герой уыдис, уырдæм æм нæ цурмæ бадзурын кодта æмæ йын загьта: «Смотри, какая у вас кукуруза, и какая здесь»... Уый йæ бамбæрста: «Мы тоже постараемся»... Уырдыгæй уæртæ ме станы цур митингмæ рацыдыстæм, кæд дзы уыдтæ, уæд æй федтаис, стæй та иумæ фынгыл бадтыстæм... — Æмæ дæ уазæджы истæмæй хорз федтай? Стæй йæхи та фынгыл куыд дардта? — Цæхджын джитритæ уарзта æмæ дзы уыдон уыдысты, уый зонын. Куы марди, мæгуыр, уæд дæр, дам, цæхджын джитритæ бацагуырдта... Стæй дзы — судзаг фыджынтæ, уыдонæй никуы бахор- дта æмæ дзы, зæгьын, уадз æмæ фæхъæстæ уа. Билар нын хистæрæн сбадти, фынг тынг рæсугьд хаста, дзурынмæ дæсны, хъазæн ныхас кæнынмæ, уаглдай дæр та сидынмæ. Бынтон ирон сидтытæ йын нæ уадысты, фазлæ йæ тынг сбуц кодтам ныхасæй дæр æмæ бæркадæй дæр. Микъиттмæ кастæн æмæ иунæг сидт дæр нæ аздæхта, бæгæны æртæ литры бæрц банызта. Дæлæ нæ кæрдзинаг кадæггæнæг Таутиаты Дрис ныхъхъæддых ис æз, дам, ын мæхи къухæй хъуамæ иу арахъ бадарон. Йæ адьютант мæ чъылдыммæ алæууыд, зæгь, дам, сын æмæ йын тыххæй ма нуазын кæнæд. Зæгьын, чи йын нуазын кæны, мæхицæн дæр мын куынæ дæттынц, æцæгæй дæр мæ хъахъхъæнгæ кодтой, ахæм стыр лæджы цур ахæм стыр бон куы фæрæдион, уымæй мын тарстысты. Æмæ уымæй раст кодтой... Иу хатт мын нæ районы хицау Фидараты Мæхæмæт мæ хъусы æрбадзырдта: «Ныртæккæ сыкъа æрбахæсдзысты нозтæй йе ’мдзаг, афтæмæй, æмæ-иу æй райс, дæхи номæй йын æй балæвар кæн. Ды-иу ыл хæц, Билар та дзургæ кæндзæн». Æз уыцы сыкъайы тыххæй зыдтон, уæртæ йын æй нæ сыхаг Дагестаны скæнын кодтой, раст метры æрдæджы дæргьæн уыдис. Сыкъа куы æрбыхастой, куы йæ райстон æмæ куы сыстадтæн, стæй та Билар дæр куы сыстад, уæд æй Хрущев цæмæ бамбæрста, хуыцау йæ зонæг, æмæ, дам, ды сбад, Билар, Хæритон йæхæдæг зæгьæд. Паддзахы коммæ куыннæ бакæсдзынæ! Цастæ мæ бон уыди уырыссагау раарфæ кæнын, фæлæ бацархайдтон æмæ уæд Хрущев афтæ зæгьы, дæхæдæг, дам, дзы раздæр аназ. Сдардтон æй мæ былтыл, уæдæ цы уыдаид, мæ костюмыл дæр ма дзы æркалди æмæ абоны онг йæ хъулон нæма ссыди. Уыцы костюмын Билары руаджы уæлæ Дзæуджыхъæуы универмаджы бахуыдтой, телефонæй сæм æрдзырдта Хрущевы ссыдмæ, дам, йæхи цæттæ кæны, цыппар хатты та сæм барынмæ фæцыдтæн.;. Æз куы анызтон, уæд æй Хрущсвмæ радтон, уый дзы сахуыста æмæ йæ Плиты Иссæмæ алæвæрдта, Иссæ та йæ — Билармæ, æрмæст дзы иунæг хуыпп акодта. Уый куы фсдтон, уæд Иссæйы хъусы бадзырдтон дæхи та, зæгъын, куыд асайдтай. Хрущсв мæ ауыдта æмæ йæ цæмæ бамбæрста, нæ зонын, фæлæ мæ баййардта цы йын загьтай йæ хъусы, зæгьгæ... 186
Гъе афтæ хъазгæ худгæйæ хæлар бадт фæкодтам, цал хатты ма фæбадтаиккам, хуыцау йæ зонæг, æрмæст ын махмæ ссыд нæ фæрæстмæ, фæстæмæ цæугæйæ цавæрдæр фыдæмбæлæг йæ размæ фæцис... Куы йæ систой, уæд Хæритон дæр ферох... Биларæй та бузныг дæн, уæндыдтæн æм, раст ын-иу тымбыл къухæй йс ’стъол дæр ма æрхостон, обкомы-иу ын йæ кабинстмæ куы цыдтæн, уæд .мæ милицæйы кусджытæ никуы бауырæдтой. Уыцы аз ма мын мæ гæххæттытæ Мæскуымæ арвыстой, дыккаг Герой мын цæмæй рад- той, уый тыххæй. Уæд иу бон дæлæ сыхы зианы фынгыл бадтæн æмæ дын мæм уырдæм уæды обкомы хайады сæргълæууæг Дыгуры Никъала куы бадзурын кæнид. Рацыдтæн æм. Уый уæд мæ хъуыд- даджы фæдыл Мæскуыйы уыди, æмæ, дам, дынджыр æфсæрджын Брежнев афтæ зæгьы, мах, дам, колхозонæн дыууæ хатты Гсройы ном нал дæттæм, æвæцæгæн, Хрущевы фыддæрагæн. Афтæмæй сæ уый фæстæ йæхæдæг иууылдæр йæхи риуыл æрцауыгьта... Мæ хæлар ма куы уыдаид, уæд дзы ныхасы æрдæг дæр нæ*бахъуыдаид. —Дæ хæлар паддзах нал ис, Хæритон, фæлæ дын ’мæнæ йæ фæрцы замманайы галуантæ баззадысты, фæсарæйнаг гарнитуртæ дын дзы æрывæрдтой, гауызтæ дын æрцауыгьтой... — Худæгæй мæ марыс, Дамир... Ды мын æй дæхæдæг мæ зæрдыл куынæ æрлæууын кодтаис, уæддæр мæхицæй рох нæ уыди, ау, нæ йæ зонын адæм уый тыххæй дæр цытæ дзурынц, уый. Æз мæхицæн истæуылты куы тыхстаин, уæд абон æндæр хуызы цæрин, уæд мæ абоны зонд хъуыди. Æз та уæд нæ колхозы, Ирыстоны мæт кодтон. Иухатт- мæ Мæскуыйы Билар бæстæйы хъæууон хæдзарадæн дзуаппдæттæг Вороновмæ барвыста. Мæнæ йын нæ кæрты йас кабинет уыдис, йæ сыр’х гауызты-иу мæ къах аныгъуыл- ди. Сыстади мын, мæ размæ рацыд, æвæццæгæн, дам, дæ дæхицæн машинæ хъæуы. Мæхицæн мæ, зæгьын, ницы хъæуы, Ирыстоны цæмæй нæ фос ма фесæфой фырæххормагæй, уый тыххæй мын кæдæм хъæуы, уырдæм гæххæт радт æмæ нын холлагауадзой... Раст æй йæхи къухæй ныффыста. Билармæ йæ куы радтоы, уæд-иу куы скафыд, уыцы гыццыл лæг уæвгæйæ мæ-иу йæ хъæбысы куы фелвæста. Ды, зæгъын, Билар цин кæныс, æз та уыцы стыр Галу- антæн йæ бирæ тыргьты дзæгьæл фæдæн... . Ростовы мыл цы ми æрцыди, уый дæр дын радзурон. ^Уым дæр нартхорыгуыстгæнджытæн æмбырд уыди, æз разæй бадт фæдæн залы, уæд дын мæм Иссæ æрбацыд, мæ пъалтойыл мын иуварс ахæцыд æмæ йæ цæппузырты пъæр-пъæр ссьтд, нартхоры гагатау азгьгелыдысты. Хъыг мын нæ уыди, нæ, цытæ дзурыс, æз æй бомбæрстон: цæмæй мæ риуыл Геройы Стьалы Хрущевмæ фæзына, уый йæ фæндыд. Хатыртæ мæ ракуырдта, хæсджын, дам, дæ дæн æмæ изæры иумæ фæйнæ баназæм нæ хæдзары. Зæгьмн, Иссæ, дæ фæрныг хæдзары нын дзæбæхæй цæр, фæлæ мæ дæ кабинстмæ бауадз, дыууæ хъуыддаджы мæ ис дæумæ. Ардыгæй куы цыдтæн, уæд мын нæ колхозы хицауад ныффæдзæхстой машинæтæ, дам, дзы ракур. Уым мæм Ростовы та иу æрыгон лейтснант æрбацыд, квар- 187
тирæ йæ хъуьтд... Цыппар америкаг «Студсбскксры» нын радта, дæхицæн та, дам, дын «виллис», нæ мæ, зæгъын, хъæуы. Уыцы лсйтенант мæм уый фæстæ уырдыгæй тслсфонæй сдзырдта, арфæтæ мын кодта, фæцæуын, дам, дæм лæвæрттимæ. Зæгьын, дæ хуыцауы хатырæй, ма мæм ссу, дæуæн дæр та мæ уæд кусарт кæнын хъæуы... Мæхицæн адæммыккаг хæдзар нæ уыд, кæмæндæрты та райстон, фæлæ иухатт мæ быны дон куы бацыд, уæд æгæр дæр ма скодтон... Куыд рауади, уымæ ма хъус. Иу сихор дын мæм быдыры Фида- раты Мæхæмæт балæууыди, æз та мæ тæккæ донуадзгæйæ, мæ хаглафы фадгуытæ хæрдмæ фæлдæхт. Зæгьын, цьтдæр хабар та у. Æцæгæй дæр афтæ рауад: «Билар, дам, мæм фæсидти æмæ афтæ зæгьы Хрущевмæ, дам, авд паддзахады минæвæрттæ бацыди курди- атимæ нартхоры куыст уæм хуыздæр кæцы ран ис, уырдæм нæ арвитын кæн. Æмæ, дам, сын Хæритонæй загьтон, суазæг сæ-иу кæнут, куыд кусы, куыд цæры, уыдæттæ дæр сæ фснын фæнды. Райсом ам уыдзысты... Æз чысыл раздæр уæхимæ уыдтæн æмæ дæ хæдзар ницы ахæм у, æндæр исты æрхъуыды кæндзыстæм»... Изæры нæхимæ æрбацыдтæн æмæ мæ бинойнаг кæуы, Мæхæмæт, дам, хæдзары къуымты фæракæс-факæс кодта, уыцы æнæрвæссон хуызæй аздæхти... Дыккаг бон уазджытæ æрхæццæ сты, мæ куыстмæ мын бакасты- сты, мæ хуымтæ мын фсдтой, фæфарстой мæ, стæй мын хицау мæ хъусы бадзырдта: «Ныр та сæ уæхимæ хонæм». Хъæрæй сын æй мæ бæсты загьтой, мæнæ, дам, нын нæ Гсрой бабар кодта сымах «сæхимæ» ахонын. Уыдон сæхирдыгонау сдзолгьо-молгьо кодтой, фырцинæй сæ къухтæ стылдтой, машинæтæ рахæцыдысты æмæ «нæхимæ»... Пхалæгаты дуармæ æрхызтыстæм. Уым нæ ныццыдмæ гал ахауьтн кодтой, аджы йæ пæлъ-пæлхъ цыди. Зын мын уыди, раст дын куы зæгьон, уæд, цалдæр паддзахады сæрты мæм уынæг æрбацыдьтсты, мах та сæ сайгæ кæнæм. Æвæцæггæн, мæ тыхст мæ цæсгомыл зьтнди, партийы обкомæй дзы иу цыдæр фæтчи уыдис æмæ мæ бьтны бабырд дæхи, дам, хъæлдзæг дар. Зæгьын, куыд мæ дарын кæньтс, æххормаг куьт дæн, уæд, дзаг фынджы уæлхъусæй мæ раластат «нæхимæ», æви уæртæ быдыры астæуæй. Ацы иуæй-иу партион кусджытæм гæды ныхас зæгьын, зæрдæ бавæрын, уый фæстæ цы уьтдзæн, ууыл ма ахъуыды кæн, афтæмæй, нымад дæр нæ уьтд. Уый фæстæ цы рауад, уымæ ма кæс... Уазджытæн сæ тæлмацгæнæг чи у, уый бамбæрста кæм уыдьтстæм, уьтй, сæ хæдзар нæу, зæгьгæ, æмæ уьтнджы нæ сусæгдзинадæн æппындæр чи ницы зыдта, уыдонимæ ныхасыл схæцьтд, къахгæ сæ кодта кæй хæдзар у мæнæ цы хæдзары стæм, уымæй; Уынгæй куы раздæхт, уæд йс ’мбæлттæн сæ хъусы цьтдæртæ адзьтрдта, æвæццæгæн сайгæ сæ акодтам, уьтй, æмæ уьтдон æртьтккаг сидты фæстæ сæ бынæттæй фæтæррæст ластой, фæтæргай сты. Æз мæхæдæг дæр смæсты дæн, цайцымæн йæ тæккæ дзаг бакодтон арахъхъæй, ныццавтон æй æмæ уайтагьд мæ гæлæбутæ стахтысты. Уыцы сахат мæ нæ фæсарæйнаг 188
т^елмацгæнæг ацахста æмæ мæ фæрсы: ацы хæдзар дæу у, æви нæу. Куыд æй хъуамæ асайдтаин, зæгъын, нæу. Нæ хицауад мæ фсхъу- ыстой æмæ цъæххахст систой мæ алыварс, Билармæ, дам, ма цы цæсгомæй ракæсдзыстæм. Æз сæ мæхи уынджырдæм ратыдтон, уыдон мыл ныххæцыдысты, æз цæхæрадонырдæм — уыдон та мыл ныххæцыдысты никуыдæм, дам, дæ уадзæм. Уæ хуыцауы хатырæй, зæгъын, уазæгдонмæ дæр мæ нæ уадзут, æви цы, мæхæдæг иу кауы сæрты ахызтæн,- стæй та иннæйы æмæ Бугаты тигъыл рагæпп кодтон, нæхимæ фистæгæй хъæуы бынæй хъæуы сæрмæ фæраст дæн. Нæхимæ куы ссыдтæн, уæд ме ’фсин æрдиаг кæны: «Кæм уыдтæ, Фидараты Мæхæмæт ам уыди ныртæккæ, дæу агуырдта»... Фæдис систой. Дыккаг бон та райсомæй тслсфоны хæтæл ысзынг, зæгьын, сисут æй. Мæхæмæт та: «Мæнæ дæм ныртæккæ Биларимæ фæцæуæм». Уалынмæ йæхæдæг иунæгæй æрхæццæ. Хицауад цытæ фæдзурынц, уый нæ зоныс, зæгьын, мæ мастыл мын цæхх ма уал кæн, Мæхæмæт, мæхæдæг дæн аххосджын, дæ уазæджы кæм æрбадын кæнай, ахæм бынат дæм нырмæ ма уæд, иннæмæй та мæхинымæр, ныр Гсрой дæн, уæд мын хъуымæ æнæмæнг галуантæ уа, уæллæй, æз дьтн зæгьын, мс ’фсин нæ зæронд къуымтæ куы бафснайы, уæд цæхæртæ скалынц, уыцы галы дзидза сын ам дæр йсмынæ нæ фестадаид, нурыдзæхдонимæ тынг дзæбæх сæ хъуыры ацыдаид. Мæхæмæт ацыди, æз та хъуыды кæнын: «Цымæ мæн ацы æхцатæ кæдæм хъæуынц, кæдмæ сæ тъыссæнтæ кæндзыстæм цъын- дайы хъусы?» Бавдæлдтæн, æмæ замманайы сисамайæг ссардтон æмæ йын загьтон: «Афтæ бакæн, æмæ мæнæй хуыздæр хæдзæрттæ Иры дзыхъхъы куыд никæмæн уа, афтæ». Уый мæ бамбæрста æмæ, дам, кæд афтæ зæгьыс, уæд искуыдæмты ауайæм æмæ фснæм. Ногиры балæууыдыстæм, æз, дам, уым дзæбæх хæдзар зонын, уырдыгæй Æрындонмæ ныццавтам... Иу хæдзары амад дæр дзы мæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йын уæд загьтон: «Лæппу, мæнæ дын уæрдоны гуыффæйы дзаг æхца æмæ амайгæ кæн». Мæнæ сæ абон дæхæдæг уыныс, ницы хъуаг сты, æцæг мæм ныр та ахæм уазджытæ нал цæуы. Ацы бæстæйы афтæ у, зæронд чъсгьрс никæйы уал фæхъæуы... Уый дын, мæ къона, «Хрущевы фæрцы мын кæй самад- той», уыцы хæдзары таурæгьтæ. Цыма? 0, хæдæгæй... Ацы ног амад стыр тыргьты æмæ уæтты исты исты æрывæрын нæ хъуыди? Хъуыди! Цы чындæуа? Автобусы сбадтæн æмæ уæлæ Беслæны зæронд æфсæнвæндаджы станцæйы цур æрхызтæн, уырдæм хæстæг базæ «Росхозторджы» куырта мæ дзæбæх кæстæр æрдхорд Хæдæрцаты Измаил, Ма, дам, тыхс. Мæнæ нæм полшæйаг гарнитуртæ ис, дæуæй йæ раздæр никæмæн ратд- зынæн, йæ фæдыл цыдæр документтæ ссæуынмæ банхъæлмæ кæсæм. Æмгьуыд рæстæджы фæстæ йæ бабæрæг кодтон æмæ дын мын афтæ: «Знон нæм обкомы сскретарь æрцыди æмæ, дам, уыцы гарнитур макæмæн радт, мæхæдæг йæ исын»... Æз айтæ-уыйтæ нал фæкодтон, фаглæ обкомы балæууыдтæн æмæ хабар Биларæн рад- 189
зырдтон. Уый телефонæй уыцы обкомы секретармæ бадзырдта æмæ йæ цæст мæнмæ ныкъулы, афтæмæй йæ фæрсы: «Чи хъуамæ райса полшæйаг гарнитур раздæр, ды æви Æлбегаты Хæритон?!... Æз æй райстон, æрывæрдтам æй, уæртæ йæ дæхи цæстытæй фсн, фæлæ мæм уæд уыцы обкомы хицау фæхæрам, нывыл мæм дзыхæй нал дзырдта, цыма йын йæ бирæ бæхты рæгьæуттæ атардтон. Уымæй размæ-иу мæ чызджытæн зæрдæтæ æвæрдта: «Мæнæ ахуыр фæут æз уын баххуыс кæндзынæн». Уыдон ыл æууæндыдысты: «Дохтыр- ты скъоламæ»... Уыцы бон куы æрхæццæ, уæд æм бацыдтæн, уæдæ мын цы гæнæн уыдис, ардыгæй дæумæ «æгас цу» мын загьта. Йæ лыстæг æнгуылдз сахаты амонæгау дыууæрдæм батылдта æмæ мын хуыздæрæн афтæ: «Ацы хъуыддаджы, Хæритон, дæуæн дæ автори- тет ницы фæахъаз уыдзæни»*.. Æмæ та уæд æз дæр обкамы фыццаг секретары кабинеты скуысси дæн... Фарста ма дæм ис, Дамир? Хуыцауы хатырæй, цас мæ фæдзурын кодтай?! Æфсинтæ, исты ма æрывæрут фьшгыл... Цалынмæ къæбицæй исты хдстой, уæдмæ уал рæстæгæй спайда кæнын хъуьщи æмæ æз ме ’мбал Хосонты Земфирæйæн ныффæдзæхстон: — Æгас бинонты къам иумæ сисын хъæуы... Æцæг йæ кæстæр чызг Зариффæ уым нæ разынд, Дзæуджыхъæуы цæры, сæ дзæбæх чындзы та скъолайæ нæ равдæлд, ахуыргæнæг у. Иннæтæ уайтагъд Хæритоны алыварс амбырд сты, зыдтон æй, ацы уац чи кæса, уымæн Хæритон абон цы хуызæн у, уый фенын цымыдиссаг кæй у. Земфирæ Хæритоны уæздан лæппу Оледжы дыууæ гыццыл чызджы сæ Бабайы уæрджытæ;м сæргъæвта, цыма дыууæ рæсугьд цъиуы къалиутыл бадынц, уыйау, иннæтæй кæй худын кодта, кæмæн та йæ сæрыл схæцыд... Æз дæр æгуыст нæ уыдтæн: Майæ цæстыгагуыйау кæй хъахъхъæны, уыцы зæронд хуызистытæм кастæн, иу цалдæр дзы равзæрстон. Æрмæст уыдонмæ кæсгæйæ дæр ацы лæджы фæллойадон фæндаджы кадæг ныф- фыссæн ис. . , Фынг дæр нæм йæхимæ сидти, кæрдзындæттон Æлбегаты би- нонтæ нæ афтæмæй кæй нæ рауаддзысты, уый зыдтон. Цыхтджын уæливыхтæ, сойджын лывзæ, цæхджынтæ, курагайы кампот... — Майæ, нозт та, нозт?! Уазæг нæм ис... Æмæ мæнмæ æрбакаст, йæ мидбылты бахудт: — Мæ дохтыр чызг мын нозты хуыпп мæ хъуырмæ нæ уадзы... Кæд дæ фæрцы иу водкæ уæддæр баназин. Фæйнæ дзы куы фæдæлæ кодтам, уæд фынджы хистæр цæуылдæр аджих, хъуыдыты аныгъуылд. Хæритон. зæгъын, фынгмæ цæуыннæ æвналыс, кæннод уазджытæ дæр фысымы бафæзмдзысты. Хæритон мæм æрбакаст, хъуыдыдзаст: — Мæ зæрдыл цы æрбалæууыд, уый дын радзурон, æцæг æй фысгæ ма ныккæн... Мæнæ нæ ныртæкææ Земфирæ куыд тагъд æркъæпп кодта, мæн та иу аз уæлæ дзæуджыхъæуккаг скульптор, Санахъотæй, æртæ мæйы дæргъы уæртæ нæ зæронд табуреткæйыл 190
уырдыг лæугæйæ фæдардта нымæтхуды. Мæскуыйы, дам, мын оахæс кодтой уый. Уырдæм дæр æй аласта, хъæлæкк, фæлæ уыцы ме ’рдхорд Хрущев йæ бынаты куы нал уыд, уæд æй, æвæццæгæн, сау дæрæн ныккодтой, мæ къух иуырдæм ахаудтаид, мæ сæр та иннæрдæм атылдаид... Дæумæ гæсгæ уыдæттæ æвзарын æицон у? Æз мæ цæстытыл ауайын кодтон уыцы æгьатыр ныв, мæ фы- сыммæ нымдзаст дæн, фæндыд мæ йæ бамбарын. — Цæй, цы кæстæртæ нын ис, уыдоны Уастырджыйы хорзæх уæд!.. Нозтæй дзаг хрусталон агуывзæты дзæнæтон зæлланг нæ дыууæйы æнкъард хъуыдытæ дæр æгоммæгæс сырддонцъиутау иуварс ассырдта, цæмæй та нæм уыдон ногæй раздæхой. Кæмæ — раздæр, кæмæ та — фæстæдæр. Бадгæ сæ уæрæх тыргьты кодтам. Куы сыстадыстæм, уæд иу хъуыддаг гербалæууыд мæ зæрдыл; «Мидæгæй сын сæ уæтты куы нæма уыдтæн, уыййас дам-думтæ кæуыл цæуы, уыцы гарнитуртæ æмæ гауызтæ куы нæма федтон... Дæ кæсджытæ дæ фæрсгæ куы бакæной сæ хуыз та цавæр у, зæгъгæ, уæд цы зæгьдзынæ?» Æмæ уæд Майæйæн загьтон: — Дæ хорзæхæй, уæ галуанты мын цыбыр, фæлæ мидисджын экскурси ацараз... Бамбæрста мæ Майæ, мæн цавæр фæндыд, ахæм æргомдзырд разынд. — Мæнæ дын уый кæйдæрты дзыхы кæй тыххæй бахаудтам, партийы обкомы секретаримæ кæуыл нæ фидыдтам, уыцы полшæйаг гарнитур. Йæ ныхасы й ’аргь нæ уыд... Мæнæ дын уыдон та «нæ фæсарæйнаг» гауызтæ, ныртæккæ дæсны адæмтæм дæсгæйттæ сты ахæмтæ сæ пъолыл тыд æмæ мæ къултыл, махмæ та зыбыты дыууæ. Иу дзы нæ чындзы гауыз у, йемæ йæ æрласта, иннæ та Бабайæн Мæскуыйæ сæрмагондæй сæрвыстой, Æппæт-цæдисон хъæууон-хæдзарадон равдыстæй, кадджын лæвары хуызæн æмæ уый бын дæр колхозы сæрдар бабырыд, мæ зæрдæмæ, дам, фæцыд, æндæрæй мын æй баивут. Баба стыхсти æмæ йæ къух ауыгьта, фæлæ æз ныцъцъæх дæн, цыма дзы махæн нæ гуыбынтæ фæрыстаиккой... Ды нæм, æвæццæгæн, хуыздæр истытæ æнхъæл уыдтæ. Хъы- гагæн, мæ фыдæн йæ гæнæнтæ цас уыдысты, уыйас дзы не/спайда кодта, йе ’фсармы сæрты никуы ахызти, афтæ æнхъæл уыди æмæ йын мыггагмæ ахæм кад уыдзæни, æндæр йæ нæдæр хæдзар хъуыд, нæдæр мулк. Уыцы нартхорыл æй хуыцау скодта. Иухатт нæм обкомы секретарь Билар æмæ базарады министр æрцыдырты, нæ мæгуьтр къуымтæм нын фæкастысты, уе ’скъæппытæ æмæ, дам, уын уæ сынтæджытæ цæй æмæ аппарæм, сæ бæсты сын æндæртæ сæвæрæм. Баба не ’сразы: — Ницы хуызы, цы ис, уый ис... Мæн та йæм багæпп кæнын фæндыд: «Сразы у, сразы у». Æндæр гæнæнтæ дæр ма йын уыди. Иссæ йын «студебеккер» лæвæрдта, ахъæр ис уый, гуырдзиаг уыди, æви мæхъæлон, уый мæ ферох, 191
фæлæ æнæхъæн æртæ суткæйы нæ дуармæ фæбадт, мæнæ, дам, дын дæ къухтæм ныртæккæ сæдæ мины банымайдзынæн, æнæзонд ма у, мæнæн æй радт уыцы машинæ. Атардта йæ мæ фыд нæ дуарæй, ныртæккæ, дам, уæлæ милицæмæ сдзурдзынæн... Стæй йæм адæм ардæм-иу цыдысты, ды, дам, Гсрой дæ, Хрущсвы æрдхорд, дæ бон алцы райсын дæр у. Нæ дын зæгьын: йс ’фсармы сæрты никуы ахызти, æндæра афонмæ хъаны цард кæниккам... — Хрущсвы куы систой, Майæ, уæд та Хæритон йæхи куыд дардта? Йæхи бафæрсын мæ æрбайрох... — Цытæ дзурыс, йæхи хуызæн дæр нал уыд, тынг хъыг ын уыди, иуцасдæр йæ зæрдæйы рыст нæ банцад. Тæригьæд ын тынг кодта, йæ зæрды, дам, адæмы бафсадын уыди æмæ йæ нæ бауагътой, сæ мард сын фена, уастæн. Раздæр дзурын бирæ уарзта мæ фыд, ныр, куыд фæстæмæ, йæхимæ хъусыныл фæци, сахуыри махæй уæлдай кæй никæйы уал хъæуы, ууыл, нæдæр кæддæр стыр бынæтты чи уыд æмæ йыл æрхъæцмæ чи нæ хъæцыд, уыцы лæгты, нæдæр æгас æхсæнады. Дис<5аг сты, æвæдза, ацы хицæуттæ, æз дзы афтæ æвиппайды æрбайрохгæнгæ нæма фсдтон, мæнæ цыма махæй уыдо- ны астæу зæхх аскъуыди. Уæд, хъаймæт у, искуы тслсфонæй æрбадзур, кæннод æрбауай, арахъхъ дæр нал нуазынц, æвæццæгæн. Мæ цæсты хуынкъ суарийы аргь дæр нал сты, уæртæ мæ фыдæн тæригьæд кæнын, хатгай сæ æрымысы... Уыныс, нæ хъæстыты бын дæ куыд фæкодтон æмæ мын æгьгьæд у, зæгьгæ куыннæ дзурыс?! Æдзух мæм дæ хуызæн лæмбынæг хъусæг нæ вæййы... Æнæуи та ныл райдзаст бонтæ фылдæр акодта, æхсызгонæй сæ æрымысæм. Бабайæн Гсройы ном куы радтой, уæд нæ кæрты нæртон хъазт уыди, уæлæ паддзахадон кæфтыты ан- самбль æрцыди, мæ мад Биларимæ кафыд, æз Бызыккаты Хад- зымæтимæ, Балаты Валодя æмæ Икъаты Ссрафин фырзардæй ныффæсус сты. Дидинджытæ, алыхуызон лснтытæ... Обкомы кусд- жытæ иууылдæр ам, кусарт сын акодтам... Мæнæ ацы портрет нс ’рхъуыды кодтай? ^рущсвы портрст, махмæ йедтæмæ ма йæ кæм ссардзынæ, æгæр стыр у къулыл ауындзынмæ æмæ йæ стъолыл уымæн сæвæрдтон. Хрущсв Гсрма- нийы куы уыд, уæд æй уым цыдæр стыр нывгæнæг сныв кодта, уый та йæ Мæскуыйæ ардæм мæ фыдæн сæрмагондæй сæрвыста, пар- тийы обкомы раздæры сскретарь, мæнæ нæхи хъæуккаг Æгкацаты Валодяйæн æй бабар кодта æмæ йæ уый йæхæдæг нæхимæ æрбаласта. Хрущсв Хуымæллæгмæ куы ссьтд, уæд ма мс ’фсымæр Олег гуццыл уыди æмæ-иу æй уый быдыры астæу йæ хъæбысы кууы фелвæста, уæд здгьтон абон æгас дунс махмæ кæсы... Мæнæ нын ацы писмотæ та удлæууынæн сты, æдзух мæ сæ нымæц рох кæны. Афтæ у махмæ: хион цæсты нæ ахады, фæлæ ма мæнæ адон бакæс, комментаритæ ма сын-иу скæн... Писмотæ бирæ сты, æфснайд, æз дзы æртæ систон сæрæй æвæрд чи уыд, уыдонæй, иууылдæр дардæй æрвыст, иууылдæр уырыссагау фыст, æз дзы сымахæн фæйнæ цыбыр скъуыддзаджы ратæлмац кодтон. 192
7. МÆСКУЫЙЫ ТИМИРЯЗЕВЫ НОМЫЛ МУЗЕЙЫ ХАЙАДЫ ХИЦАУ æмб. ФОНОВА: Зынаргь Хæритон Æндрийы фырт! Бар >мын радт, æнæзонгæ адæймагæн, мæ дис æмæ дын мæ зæрдæбын арфæ зæгьын. Мæнмæ гæсгæ, дæуæй амондджындæр адæймаг нæй, йæ бæстæйæн афтæ лæггад чи кæны. / Мæн, музейы кусæджы, фæнды махмæ чи цæуы, уыцы мингай адæймæгтæн равдисын ды уæлæ кæмдæр ирон колхозы цы диссаджы нартхор æрзайын кодтай, уый. Кæд дын зын нæу, уæд ма мын 2-3 /качаны æрырвит, стæй дæ хуызист. Уый уаид аргь кæмæн нæй, ахæм цæстуынгæ æрмæг нартхоры куыст пропагандæ кæныны хъу- ыддаджы... " х . 2. КУРГАН-ТЮБЕЙЫ ЦÆРДЖЫТÆ ЦÆЛЛАГГАТЫ ГРИГОРИЙ, 4 х ЦОППОЙТЫ АЛИХАН ÆМÆ ГАСИТЫ ДАБАН: Нæ зынаргъ хъæуккаг! ^ Мах нæхи Ирыстонæй дард стæм, фæлæ йын йæ хабæрттæм нæ хъус дарæм, сæрыстыр ын стæм йе ’нтыстытæй, нæ цæст ирон адæмæн уарзы, цæмæй йæ быдырты зайа фылдæр нартхоры тыллæджытæ. Кад æмæ Намыс Æлбегаты Хæритонæн!.. 3. ЛЕНИНГРАД ЛИЛИЯ МЕРКУРЬЕВА: Газет «Правда»-йы бакастæн Цæгат Кавказы нартхор- кустгæнджыты æмбырды тыххæй æмæ дзы æнæнхъæлæджы сæмбæлдтæн зонгæ мыггагыл, уыимæ ном æмæ фыды ном дæр — зонгæ. Бахатыр мын кæнут, фæлæ ма. чысыл æрыгондæр куы уыдтаен, уæд мын уыдис иу хæлар Æлбегаты Хæритон, кæд уый ды дæ, уæд дын тынг, тынг, тынг арфæтæ кæнын Социалистон Фæллойы Геройы ном кæй райстай, уый тыххæй. Ау, æмæ нартхоры куысрт райдыдтай? Каед ды мæ уыцы зонгæ дæ, уæд мæ дæ хорздзи- над зæрдиагæй фæнды. ~~. Иу цалдæр рæнхъы мæм куы ныффыссис æмæ мын дæ къам куы рарвитис, уымæ бæллын. Тынг æнхъæлмæ кæсдзынæн... Бакастæн иннæ писмотæ дæр, комментаритæ сæм нæ хъæуы, сæхæдæг æппæтыл дзурæг сты... эпилог Бузныг мæ ацы уац мын чидæриддæр бакаст, уыдонæн. Цы дзы зæгьынмæ хъавыдтæн? Æппæты фыццаг дзуапп радтинаг уыдтæн Хæритонйей мæ чи фæфæрсы, уыцы цымыдис адæмæн. Кæд мын æххæст дзуапп нæ Р^уад, уæд — хатыр. Дыккагæй та уайдзæф зæгьын мæ, хъæуккыджы ном æмæ кадæй йæ рæстаеджы сæхицæн хъарм бынæттæ æмæ сæ фæтæн риутыл зæлланггæнаг хæрзиуджытæ æрцауындзынмæ сусæг фæндтæ чи кодта, стæй фыдæнхъæл куы фесты, уæд Хæритоныл къахæй чи ахæцыд, кæддæры уыцы бæрнон 13 Д.Х. Дауров 193
кусджытæн. Стæй журналисттæн. Хæритон йæ намысы цъуппыл ,, куы бадт, уæд сæ пъеротæ цыргьæй ^астой, Хæритоны уырдыгæй райстой æмæ уыдон дæр кæмдæр æрныгьуылдысты. Сеппæтмæ нæ хауы ацы уайдзæф, алчидæр дзы йæхи базондзæн. Нæ Геройы бинойнаг, мидбылты худаг, мын уыцы уæзданæй афтæ: «Цы нæм-иу уыди, уый-иу сын сЗе цуры авæрдтон, цалынйæ фысгæ кодтой, уæдмæ, мæнæ цыма нæхи бинонтæй уыдысты»... Чи зоны, уæды партион кусджытæ æмæ журналисттæ мемæ бынтон ма сразы уой, уый сæхи бар у, фæлæ сæм æз байхъусин, сæ мысинæггæ сын ныффыссин. Рæстдзинады охыл. Рæстдзинад зæгьын" та никуы байрæджы вæййы цасфæнды азтæ куы рацæуы, уæддæр, уымæн нæ абоны рæстæг йæхæдæг ирд æвдисæн. Æмæ мæ сæйрагдæр зæгьинаг. Цы хуызæн фæллойгæнæг уыдис Хæритон? Ис нæхи ирон хъæздыг дзырдуаты дзæбæх дзырдтæ равзарæн: хорз, зæрдиаг, хъазуатон, ч раззаг, æппæты раззагдæр, хъæппæрисджын æмæ афтæ дарддæр. Хæстæг дæр æм нæ цæуынц. Мæнæ уырысмæ ис хорз дзырд, æппæтыл дзурæг, иугæр æй загьтай, уæД йæ бынаты ис: «Великий». Гъе ахæм Нартхоры. гуыстгæнæг уйди мæ хъæуккаг. Æз ын барæй не скодтон йæ зæххыты фæзуат æмæ йæ нартхоры тоннæты нымæцы кой: Хрущев алкæмæ нæ цыди. Уыцы ссыдæй алцыдæр загьта. Æмæ ахæмæй баззайдзæн кæйдæрты фæнд4-ма фæнда, уæддæр. Уæд хуымы аста^у Хрущевы зæрдæ нартхоры уындæй куы барухс, уæд хъæууон-хæдзарадон институты профессор Саламаты Алымбегмæ бакаст æмæ мидбылты худгæйæ загьта: , — Ды профессор дæ, Хæритон та нартхоры куысты дыууæ хатты профессор у... Бæстæйы сæргьлæууæджы уыцы ныхæстæ уæдæй нырмæ адæм дзыхæй дзыхмæ исынц, хортауæджы фыдæбоны аргь æвдисæг сты. Ис ма ныртæккæ ахæмтæ? Махмæ, Хуымæллæджы, нæй, стæй сæм куыд кæсын, афтæмæй тагьд рæстæджы нал уыдзæн. Исчи зæгьдзæн — уæд заман ахæм уыд. Чи зоны. Фæлæ ма дзы ис æндæр хъуыддаг дæр: адæймагæн йæхи удыхъæд. Стæй Хæритоны хуызæн гуырдтæ æдзух нæ гуырынц. Уый зæххы куысты уæлтæмæны сыгь- ди, уый йæхимæ цы хъарутæ æнкъардта, уыдон равдисынмæ тыр- ныдта.' Æмæ йын бантыст. Мах дзыч Хуымæллæджы сæрыстыр стæм, кæд ын æппыныдзухдæр ды ахæм дæ^ ды ахæм уыдтæ, зæгьгæ, нæ дзурæм, уæддæр. Йæхæдæг нæ æмбары. Мæ цардхъуаг æмгар-æфсымæр Къорийы фырт рухсаг уæд, уый-иу нæ иннæ хæлар Зыгьуытаты Сер’геимæ арæх стох сты, кæй хъæу кадджындæр æмæ хъуыст- гонддæр у, ууыл, зæгьгæ. Сергей-иу йæ сæр бæрзæндты хаста /ныр дæр хæссы/ Ног Бæтæхъойыхъæуы сæм хæсты æртæ Геройы кæй ис, уымæй. Уæд-иу, мæгуыр, Къорийы фырт цы ма загьтаид, уый куы нал ардта, уæд-иу ныхъхъæддых: «Хуымагллæг хæцæг адæм не •сты, Хуымæллæг хортауджытæ сты... Стæй фæлæу, фæлæу, Уæрæсейы паддзах кæцы хъæуыл барвæссыд, кæцы хъæумæ нæ 194
фæзивæг кодта ссæуынмæ ^æлæ Мæскуыйæ?! Хуымæллæгмæ ссыди, Хуымæлл æгмæ»... Кæд, мæнæ нæм хæрз хæстæг чи æрбаци, уыцы ног XXI æнусы къæсæрæй бахизон, æмæ ма дзы, хуыцауы фæндæй, мæ зынаргь бинонтæ, мæ дзæбæх къабæзтæ æмæ мæ иузæрдион хæлæрттимæ ацæрон, уæд-иу мæ нæ цæрæццаг кæстæрт&, мыййаг, куы бафæрсой, фæстейы чи баззад, уыцы тызмæг æнусы та нæ райгу- ырæн къона Ирыстоны царды æппæтæй стырдæр цаутæ цавæртæ уыдысты, зæгъгæ, уæд-иу мæ дзуапп æнæмæнг райдайдзынæн афтæ: — Зынгæ цаутæ нæ иунæг къона-Ирыстоны царды цалдæр уыдис... Сæ иу — уæды Сбветон Цæдисы Коммунистон партийы Центрон Комитеты Генералон Секретарь, уыцы егьау бæстæйы Министрты Советы Сæрдар Никитæ Хрущейы ссыд нæ хуыздæр нартхорыгуыстгæнæг Социалистон Фæллойы Герой хуымæллæггаг Æлбегаты Хæритонмæ... Куыд ссыди, уымæн æз мæхæдæг æвдисæн уыдтæн. Хуымажег колхозоны урс-урсид нымæтхуд æмæ нæ егьау /уæды егьау/ бæстæйы сæргьлæууæджы хъæмпын шляпæ фæрсæй-фæрстæм руд- зынджы уæлвæйнæгыд,æвæрд уыдысты, Цæлыччы тæлфаг,дымгæтæ та сын æнусон быдираг Гимн цагьтой. Æмæ цæгьдынц. * Нæ дæм хъуысы, мæ зынаргь кæсæг? ( Мæнæн уæдæй нырмæ мæ хъусты зæлы. . Стæй мæ зæрдæйы, банцайæн ын макуы уа! ч АВТОРÆЙ. Мæ ацы уацау æрдæгфыст уыди, афтæмæй дзы хицæн скъуыддзæгтæ радтон районы æмæ республикæйы газеттæм. Хæритон сæ йæхæдæг федта, æхсызгон ын уыди, арфæтæ мын кодта æмæ йын æз зæрдæ бавæрдтон, зæгьын, кæронмæ йæ фыст куы фæуон, уæд æй хицæн чиныгæй рауадзыныл бацархайдзынæн æмæ йæ фыццаг экземпляр мæхи къухфыстимæ дæуæн дæтдзынæн. Фæлæ йæ, абон райсомы фæхъхъау кæнгæйæ цалынмæ фыстон, уæдмæх Хæритоны рынчын зæрдæ нал бафæрæзта... Никуы мæ ферох уыдзысты йæ амæлæн æмæ йæ ныгæнæн бонтæ: дыууæ боны дæр лыстæг къæвда фемæхст, сыхбæстæйы кæстæриуæггæнæг лæппутæ кæмдæр хуынчъытæ пъалаткæ ссард- той, уынджы нарæг рæбын йæ райтыгьтой, бирæ адæм дзы нæ уыд æмæ се ’мбисæй фылдæр уырдæм балыгьдысты, иннæтæ ныддонласт сты. Æгьдау сæ æрцахста, цы гæнæн ис. Хъуыды ма кæнут, ацы уацауы астæумæ хæстæг’æй куы фыс- стон, иу ахæм хъуынтъыз бон Хæритон æмар мæнæн мæхи фыдыф- сымæр Микъала уæлæсыхæй иумæ зианæй æрцæйцыдысты æмæ йæ Хæритон сæхимæ бахуыдта, иумæ, дам, фæйнæ арахъхъы баназæм. Мæнæ цы дзырдта ныр уыцы Микъала уæлмæрдты хистæрты номæй: —? Хæритон æмæ йæ зæххытæ дон бирæ уарзтой !æмæ, кæсут, Хуыцау дæр ын æй хæлар кæны... Цы кад ын скодтой уыцы бонты? Уыцы уæлмæрды ма чи ис, уыдонæй нæдæр хуыздæр, нæдæр цауддæр, ницæмæй хицæн кодта. 195
* ’ - \ Æгæр-мæгуыр ын йæ бирæ хæрзиуджытæ дæр, мæнæ куыд вæййы, афтæ нæ рахастой йæ фæс’таг фæндагыл. Кæд сын къæвдайæ фæтарстысты? " , Мæнæ ма Билар куы лæууыд республикæйы сæргьы, уæд амард зилгæйаг зындгонд звеновод, æмæ уæд уыцы б>он Ирыстоны хицауад иууылдæр уымæн йæ чырыны уæлхъусмæ бацыдысты. Хæритонмæ та æрцыдысты æрмæст дыууæйæ, рухсаг зæгьынмае, хистмæ дæр нал фаелæууыдысты, дæлдæр хицауад, сæ дæлæ хъæугæрон Туацъæмæ рагацау цæттæгонд фынгмаЬ аскъæфтой^ уым карз нозт аназ æмæ йæ фæдыл суадоны уазал дон ахуыпп кæн. Буцдзинады аипп нæй, фæзæгьынц. Чидæр хъæппæрисдзинад равдыста, хъæумæ машинæ рарвыста æмæ Æлбегаты зианы æфсиниуæггæнджытæй плов раку- ырдтой, уырдæм æй нылластой. ( Æз, уым чи уыди, уыдонæй кæйдæрты, фарстон, зæгьын, Хæритонæн дзы рухсаг загьтой æви нæ. Иу дæр чсй нал хъуыды, кодта: кæнæ, дам,4 загьтой, кæнæ — нæ... Хуымæллæг, 1992-1993 азтæ. / 196
СИРИЙЫ ИРÆТТÆ
О0О00О00000ОО0О000ОО00000000000000000 ИС СИРИЙЫ ИРÆТТÆ... . ксенæ æхсызгон мысинæгтæ, æнæазым хинымæры хъуыдытсе, иалдæр монолоджы, фиппаинæгтæ æмæ цыбыр эпиЛог ÆНÆВАРЫ РАЗНЫХАС уыддæр дард Сиримæ цæуын, уый сбæрæг ис, ме ’мбæлттæ дæр сбæлвырд сты — нæ республикæйы жур- налистты Цæдисы секретарь Гокъоты Хадзымурат æмæ газет «Социалистическая Осетия»-ый редакторы хæдивæг ^Орий Семибратов — уæд мæхицæн иу фæнд скарстон: ацы хатт фыссæн сис мæ къухмæ нæ райсдзынæн, уыдон хистæртæ сты, балцы хабæрттæ ныффыссыны бар уыдонмæ хауы, уыдон республи- кон газеттæм се ’рмæг куы радтой, уæд æй æгас Ирыстон дæр бакæсдзысты æмæ уæд æз дæр къæмдзæстыг нæ уыдзынæн нæхи, Рахизфарсы районы фæллойгæнджыты раз. Фæлæ фаронæй нырмæ бонтæ рацыд, ме ’мбæлттæ та хъусæй лæууынц, мæн та мæ зæрдæ иу ран нал уадзы: «Фыццагхатт ахæм дард фæндагыл ацыдтæ, æвæджиауы адæмыл дзы сæмбæлдтæ, рæсугьд æнкъарæнты уацары дзы бахаудтæ, афтæмæй сæ гæххæтты ,хай нæ кæныс. Иры дзыллæты раз дæхи уайсадæг скодтай. Ау, уæд цавæр журналист дæ ды?» Стæй ма иу хъуыдаг: абоны онг æфсæрмы кæнын ирæттæй. Уымы ирæттæй. ’ . Æмæ уæд æз дæр цалдæр боны размæ мæхи сыгьдæг гæххæттыл ныффæдзæхстон... ТÆВД КЬУЫРИ УАЦИЛЛАЙЫ ВОНТЫ РАЗМÆ Мæ цин æмбæхсын мæ бон нæ уыд, цæмæй йæ бирæтæ зоной, уый мæ фæндыд æмæ-иу мæ фæрсгæ куы ничи кодта, уæддæр-иу мæхæдæг мæ дард. балцы тыххæй радзырдтон. Иу дæр дзы ахæм нæ рззынд, хæлæг мæм чи нæ бакодта, æхсызгон кæмæн нæ уыд, сёппæтмæ дæр уыд уыцыиу фарста: ’ — Æмæ уымы ирæттæм нгр бацæудзынæ? Уыцы фарстайы уыди - æгæрон цымыдисдзинад, стæй æнæсæххæстгæнгæ кæмæн нæ уыди, ахæм фæдзæхст: «Æнæмæнг не ’мзæххонтæм бацу, фен сæ, куы раздæхай, уæд мын дæ хабæрттæ I 198
фæкæндзынæ»... Нæ аэропорты ,хицау, хъæлдзæг, хъазæнны^ас уарзаг Хъæрджынты Мураты курдиат та мын домæны хуызæн уыд: «Мæ хæлар, раздæры тæхæг Къаболаты Солтан уым, .Дамаскы нæ минæварады кусы. Ссар ма-иу æй...» Æз ын мæ сæры акуывдæй мæ разыдзинад куы равдыстон, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Уырдæм тæхдзынæ, уый раздæр куы базыдтаин, уæд цалдæр боны размæ ардыгæй уыцырдыгон Æлбегты дзæбæх лæппу атахт. < Загътаин ын, æмæ дæ размæ рацыдаид. Уæлдай æхсызгон дæр мын уыди иу хъуыддаг: сеппæтдæр равды- стой нæ ирон рæдаудзинад: уазæгуты куы цæуай, уæд афтидæй нæ — исты лæвæрдтæ алас демæ. Æмæ ^ын амыдтой: «Къостайы къамтæ сæ хъæудзысты, ирон чингуытыл тынг бацин кæндзысты». Уый мæхæдæг дæр зыдтон æмæ чумæдан алыхуызон лæвæрттæй байдзаг. ^ V ’ Мæ разæй уыцы дард бæстæйы чи уыд, иу ахæмы мæхæдæг бирæ фæрафæрс-бафæрс кодтон, цымыдиссаг мынуыд алцыдæр, фæлæ йæ дзуæппытæй мде зæрдæ нæ барухс: йæ балцы сæр кæйдæр бæстæмæ æрмæстдæр исты балхæнынмæ кæмæн уыд, ахæм разынд. Стыр сæрыстырæй мын загьта: — Ахæм хъулæттæ рудзынгæмбæрзæнтæ дзы æрбаластон, æмæ мæ фырццнæй мæ ус йæ хъæбыстæй амардта... Мæхинымæр, кæмæн — цы... ч , Дард балцы цæуын, уый хæрзæггурæггагау мæ мадæн зæгьыны тыхæй ныууадтæн хъæумæ дæр.Æхсызгон ын уыд, фæлæ уайтагьд катай фæзынд йæ фæллад цæстыты, рафæрс-бафæрс мæ систа чи мæ - æрвиты, уымæй, стæй мембæлттæ цал æмæ читæ сты, хæдтæхæджы æви поезды сбаддзыстæм æмæ ма бирæ цæмæйдæрты. Æрæджиау нæ дыууæ дæр "æрымысыдыстæм цалдйср азы размæ республикæйы радиойы сирцйаг ирон Æлбегтæй /йæ ном нæ дыууæйæ дæр зыбыты рох фæци/ иу уацхæссæджы фарстатæн цы зæрдæбын дзуæппытæ лæвæрдта, уый. Мæнæ афтæ куы загьта, «æз Ирыстойы бæлæсты дæр бирæ уарзын, алкæцыйы дæр дзы мæ хъæбысы акæнин», зæгьгæ, уæдмæ мады зæрдæ суынгæг... Нæ ацæуынмæ ма цалдæр боны хъуыдис, афтæ боныхъæд цыдæр хуызæн аивта, хур зæххыл атылди. Чидæр ма йæ мæнау бафиппай- дта æмæ мын зæрдæ бавæрдта: — Уациллайы боны размæ афтæ вæййы алы дз дæр... Мæнæн та æндæр хуызы дзырдта мæ зæрдæ, уый Иры æрдзы бардуаг базыдта тæвд бæстæмæ цæуын, уый, æмæ нæ балцмæ цæттæ кæны. Бузныг, æрдз! , ^ Ирыстоны тæвд нын Мæскуыйы уазал раивта* Сæрды бæстастæу! Бынæттон цæрджытæ сæхæдæг дæр дис кодтой: «Цыдæр’кодта нæ боныхъæд... Æвæццæгæн æм рацарæзт нæма бахъардта»... Уыдоны хъазæн ныхæстæ æмæ нæхи цыбырдыс .хæдæттæ уазалы ныхмæ мисхал дæр ницы давтой. Æрмæст-иу схъарм стæм нæ егьау бæстæйы Журналистты Цæдисы бирæуæладзыгон хæдзары: уымæн йæ тæлфаг æмæ дзырдмондаг кусджыты комытæф æмæ хъарм ныхæстæй. 1 199
Уыдонæн сæ хæс цы у, мызд цæй тыххæй исынц, уый зыдтам, нæхи хæс дæр нын æмбаррстгонд уыд æмæ сæм !лæмбынæг хъуыстам. Мах атахт æмæ а?рбатахтæн уымы кусджытæй дзуапп чи лæвæрдта, уый цыма цæргæбонты худгæ дæр никуы бакодта, афтæ йæхи дардта, бирæ зондамонæн дзы райхъуыс^т, стæй æрæджиау загъта: — Уым Сирийы нæ бæстæйы цы рацарæзт цæуы, уый тыххæй бирæтæ зонынц, - бирæты зæрдæмæ нæ цæуы. Æмæ уый сæхи хъуыддаг у... Рафарс-бафæрс уæ кæд сисой, уæд ма тыхсут, уæндонæй куыд зонут, афтæ дзуапп дæттут, куы фæрæдиат, уæддæр уын уæ тæлмацгæнæг уæ ныхæстæ йæхирдыгонау сраст кæндзæн. Фæлæ уæ алы ныхасыл дæр хъуыды кæнут... , Нæ катайгæнæг зæрдæтæ нын чъгсыл чи барухс кодта, ахæм адæймаг дæр разынд нæ фысымтæм — Александр Сергеевич Алек- сеев, иронхиахс, Тотратр чызджы нын Мæскуыйы балæууын кодта. Æвиппайды æнæбары худт бакодта æмææрымысыд хæндыджы цыхт, булчъы сыфты мондаггæнæг тæф æмæ Олгинскæйы йæ каисты карз арахъ. Йæ уыцы мысинаг махæн не ’ртæйæн дæр цæмæндæр æхсызгон уыд, нæ мидбылты йæм бахудтыстæм. Нæ мæскуыйаг сиахс йæхи хионхуыз дардта, цыма нæ рагæй зыдта, бæрæг уыд, нæ алы курдиатæн ^æр ньщ дзуапп кæй ратдзæн, уый. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ æз мæхинымæры фæбузныг дæн нæ олгинскæйаг хойæ, æвæццæгæн ын ирон сылгоймагæн куыд æмбæлы, афтæ лæггад кæны, бауарзын ын кодта Ирыстоны, ирон адæмы, м’ах фенд дæр ын уымæн æхсызгон уч ч Нæ фембæлды рæстæг кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд Александр Сергейы-фырт сыстад æмæ йæ армытьæпæнтæ кæрæдзиуыл ныццавта: ;* , ч \ — Ам МæСкуыйы æргьæвсгæ кæнут, фæлæ уым æгæр тæвд дæр ма суыдзыстут... Æнхъгелдæн раздæр цалдæр боны Дамаскы фæуыдзыстут, стæй уæ бæстæйы иннæ горæттæм дæр аласыдзысты. Фæндагьш уын§фыццаг æнуд уыдзæн,! фæлæ-иу, уæ хорзæхæй, бафæразут, разæй уæм рæсугьд гораеттæ æмæ рæсугьд цард æнхъæлмæ кæсдзысты! Цы бæркадджын фынгтæ æрывæрынц, уый та ?! Цы дзы бафиппайдтон, уый уын зæгъон? Ирон фынджы фæткæй сæм цыдæр бæлвырд хæццæ кæны... Æцæг дæргьвæтин сидтытæ нæ кæньшц. Мах уым куы уыдыстæм, уæд Хъесаты Валодя даргь сидтытæ кæныныл афæлвæрдта, фæлæ-иу æй æрдæгыл уæзданæй бауырæдтой. Фæлæ ардæм куы æрбацыдысты сæхæдæг, уæд нæртон хистæр басгуыхт Валодя, ирон фынджы тызмæг æмæ уæздан уагæвæрдæй сын.сæ зæрдæтæ басаста, иу сидт дæр нæ аздæхтой.,. Ныр сымахæй исдзысты сæ «маст» æмæ цæттæ ут... . Мах æртæйæ дæр, кæй зæгьын æй хъæуы, цæттæ ’уьщыстæм, фаеЛæ дæс боны дæргьы цы бирæ дзадджын фынгтыл бадтыстæм, уым æрмæстдæр зыбыты иунæг хатт æрывæрдæуыди карз нозт. Уый тыххæй бакæсдзыстут фæстæдæр, ныр та уал стæм Мæксуыйы, цæрæм уазæгуат «Алтай»-ы, райсомæй йзæрмæ дзы хъуысы æрмæст мæстджын ныхас æмæ бустæ, фылдæр уæтты цæрынц Бакуыйы ’ ’ 200
змæстытæй чи ралыгьд, уыцы сомихаг бинонтæ,. нæ сын фаг кæны „ хуыссæнгæрзтæ, бандæттæ, мах дæр аоропортмæ атæхыны размæ уазал доны скодтам сапоны фынк нæхи ныддасынмæ, тæвд дон дзы иу угеладзыджы дæр нæй. Домодедово-2-йы нын , тызмæгдзаст лæппутæ нæ, фæсарæйнаг паспо^рттæ æмæ билеттæм куы ницы фау æрхастой, хæдтæхæгмæ кæм фенхъæлмæ кæсынц, уыцы сæрмагонд залмæ куы бахаудтам, ; ме ’мбæлттæ сæхи æнахуыр фæлмæн бандæттыл куы æруагьтой, уæд æз та иуварсырдыгæй цы дуканитæ.уыд æрттиваг æвгтимæ, уыдом уынынмæ ацыдтæн. Æмæ дзы цы нæ уыд, мæнæ уырыссагау куыд фæзæгьынц: «Аж глаза разбежались...» Дисы мæ æфтыдтой дзаумайы; уæлæдарæсы, уаздайдæр та карз нозтыты хуыздæртæ алыхуызон æрттиваг æвгты. Схъиуæццаг пор- тийау иу^сьуыды.кæцæидæр рагæппкодта: «Ардæ^ мæ дзæбæх сыхаг Дулаты Жорæйы рауадз, уæд дзы уый бæргæ базонид æвзарын». Фæлæ нæхи, нæ фæстæ чи баззад, уыцы дуканиты æмæ буфетты , мæгуыр тæрхæджытæ мæ цæстытыл куы ауадысты, уæд мæм уым лæууын нал цьщи, уæллаг уæладзыгмæ газеттæ агурæг схызтæн. Асинтыл мбисмæ нæма .схæццæ дæн, афтæ мæм Хадзымурат йæ къух фæтылдта, ныртæккæ лидзæгау кæцæй ракодтон, уыцы дуканитырдæм мын йæ цæрдæг къухæй ацамыдта, ома цом фенæм сæ. Нæ йæ зыдта мæ дзæбæх хистæр хæлар æз дзы йæ разæй кæй уыдтæн, уый. Æз æм уæлейæ бынмæ æрдæгхудт бакодтон: — Цал хатты хъуамæ срисса дæумæ гæсгæ мæ зæрдæ?.. , Уый мæм ныдджих, бамбæрста мæ, стæй йæ къух ауыгьта. Мæныл нæ... % Куы раздæхт, уæд мæм нымдзаст æнæдзургæйæ, стæй æрæджиау йæ сæр батылдта: , , — Æгайтма уреддæр фæсарæйнæгтæн исты нæ бон уæй кæнын у... Мах та нæхи Уастырджи фæнд&раст фæкæнæд! Сахаты бæрц рацыдаид, афтæ та ногæй, ныр æртæйæ дæр, бæлццæтты бардуагмæ ногæй скуывтам. Уæлдæфы, хæдтæхæджы къæлæтджын бандæттыл. Дæс километры б^ерзæндыл нын нарæгастæу цъæхдзаст стюардессæ æхсæв^римæ æртæхуызы ноз-, тытæ рахаста — гуырдзиаг хус сæн, Кока-Кола æмæ фæткъуытæй \ лæмæрст дон. Хадзымурат æмæ Юрий фыццаг нозт равзæрстой, æз цæмæндæр — фæстаг мæ комы хусдзинад ассурынмæ. Фæлæ^Хад- зымурат Уастырджимæ куы бакуывта, уæд æз дæр æрфæсмон код- тон, баурæдтон стюардессæйы. Уыцы бæрзонд ран мæлæты уæздан вæййынц уыдон дæр! Уайтагьд æртæ агуывзæйы зæлланг райхъу- ыст. Нæ фарсмæ цы хъулæттæ дзаумаджын монголтæ бадти, уыдоны æрдæщъындцæстыты дисы суадæттæ райгуырд, стæй уайтагьд бай- сыстысты, нæ бакуывды нысаниуæгæн ницы бамбæрстой. Нæ цæст алы бæлццонæн дæр рæсугьд фæндаг уарзы, фæлæ нæ Куывды Сæр никæмæн р^тдзыстæм, Нæхи Уастырджц Нæхи Уастырджи у. Æддейы хæдтæхæджы рудзынгæй ницы зынд, стæй æнæнхъа&лæджы нæ фарсмæ æрбаленк кодта егьау мæй, ныфсæвæрæг бæлццонау 201 . /
иуцасдæр не ’мтахт фæкодта, худти нæм, цыдæр разæнгарддзинад гуырын кодта зæрдæты. Фæлæ хæдтæхæг цас ныллæгдæр уагьта йæхи, уый хыгьд мæй та фæстейы зади,. цыма йæ зонгæ кодта ныртæккæ æрбаддзыстæм, уый, ныр ньтн ницыуал у тас. Йæ бæсты нæм бынæй Сирийы сæйраг горæты "ссыгъдысты мингай рухсытæ, сæхимæ нæм сидтысты. Мæхинымæр: «Адон дæр цымæ Ильичы фæрцы сты ам, мæлæты/иухуызон сты?!» Уыцы афон нæм Дамаскы аэропорты æнхъæлмæ кастысты æртæйæ. Цæмæй нæ базыдтой уый бæрц адæмы æхсæн, ууыл абон дæр ма дис кæнын, фæлæ нæм комкоммæ мидбылты худгæ æрбацыдысты. Цæмæй фæстæдæр сæ кой бæстон мауал скæнон, стæй сæ сымах дæр тагьддæр хæстæгдæр базонат, уый тыххæй ч хицæнæй радзурдзынæн сæ алкæйы тыххæй дæр. Сæ хистæр Абдел Салам Фалхутт, бæрзонд, фæтæнуæхск лæппу- лæг, чысыл дзураг, фæлæ арæх мидбылты худаг уыдис Сирийы сæйраг газеттæй иу «Тишраны» редакторы, бæстæйй журналистты Цæдисы сæрдары /йæ ус уырысса^, секретарь-машинисткæ та йын ирон чызг Æлбегтæй/ æфсымæр. Рагацау уын æй зæгьын: нæ балц кæй фæрæстмæ, разыйæ йæ кæй баззадыстæм уым^чи райгуырди, уыцы хæлардзинадæй, уымæн стыр ахъаз, фæци Абу-Гасан. Махæй афтæ хуыдтам цыбырæй йæхи фæндонмæ гæсгæ. Кæнæ йын йе ’фсымæр мах тыххæй кæй бафæдзæхста, уый зæрдиагæй’æххæст ’ кодта, кæнæ та йæ удыхъæд ахæм уыд, фæлæ разынд тынг хæларзæрдæ адæймаг. Цыма йын стыр æхсызгондзинад хастой мах курдиæттæ æххæст кæнын, уыййау нын дзы иу дæр æнæдзуаппæй нæ ныууагьта. Аэропорты «фæстæмæ тæхгæйæ кæрæдзийæн хæрзбоны хъæбыстæ куы ныккодтам, хæдтæхджы нæ улæфт куы æрынцад, уæд æз цæмæндæр ныууылæфыдтæн æмæ чысыл æнкъард хъæлæсæй загътон: — Амæй фæстæмæйы царды нын Абу-Гасан нал фаг кæндзæн... Хадзымурат дæр æмæ Юрий дæр мемæ сразы сты, ныр куы сæмбæлæм, уæд та уыцы уысм^æрымысæм æмæ нæ хъуыды нæма аивтам: «Бузныг, Абу-Гасан, амондджынæй цæр дæ уазæгуарзон бæстæйы, ды бирæ сарæзтай, цæмæй дард Иры минæвæрттæ зæрдæхъæлдзæгæй раздæхой сæ райгуырæн къонамæ!» Иннæ Анис Харбæ уыд, журналист, тæлмацгæнæг, æрыгон Л^еппу, цалдæр азыразмæ каст фæци Ленинграды университет.’Хорз зоны уырыссаг æвзаг, тæлмацгæнгæйæ-иу исты дзырдыл куы стыхст, уæд-иу йæ хъоппæг цæстытæ хæрдмæ ныццавта, йæ амонæн æнгуылдз-иу нын цыма афтæ фæдзæхста: «Чысыл бахъæцут, ныртæккæ мæм уæларвæй æрхаудЗæн»... Мах бæстæйы ахуыр кодта, уый куы базыдтам, уæд нæ кæмæйдæр фæстæдæр куыд сбæрæг, афтæмæй иу æнæрхъуыды фарста схаудта: V , , — Æмæ уæд Цæдис нæ мысыс, нæ бæллыс уырдæм ногæй ацæуынмæ? \ 202
Анис иуварсырдæм чысыл аджих, стæй йæхи æндæр ныхæстыл адардта. Уыцы фарста махæй не ’ртæйæ дæр ферох, уымæй та — нæ. Æмæ фæстæдæр, хæстæгдæр куы базонгæ стæм, кæрæдзийæн нæ хъуыдытæ æргомæй дзурын куы райдьтдтам, уæд Ленинграды æмдзæрæны æвзæр уавæртæй куы рахъаст кодта, Волгограды редак- цитæй иуы фæсарæйнаг студентты практикæмæ æбæрнон цæстæй кæй кæсынц, уый куы рафаудтз, ныртæккæ Мæскуыйы бахæрынмæ кæй ницы ис, уыл куы смæсты, уæд æй бамбæрстам нæ фыццаг фембæлды нын ненæрхъуыды фарстайæн дзуапп цæуыннæ радта, уый. Сыгьтой нын пысырайау уыцы уайдзæфтæ нæ хъустæ æмæ нæ зæрдæтæ, фæлæ нæ егьау бæстæйы арторитсты фарс рахæцыныл нæ иу дæр нæ бафæлвæрдта — уый дзæгьæлы уыдаид, нæхæдæг къаддæр нæ зонæм бирæ хъуыддæгтæ не ’дзæллагдзинады, растдæр зæгьгæйæ та нæ æбæрнондзинады тыххæй. Фæлæ Анис уæддæр фæстагмæ йа^ хорз хæлæртты æмæ уырыссаг цъæхдзаст чызджыты æхсызгонæй куы æрымысыд, Есенины зæлланггæнаг рæнхъытæ бæрзыты тыххæй куы бакаст, уæд нæ удтæ,æрынцадысты: «Куыд банхъæлдтам; афтæ æвзæр не ’стæм, бынтон ныл нæ систа йæ къух»... Хатгай хæрз чысыл фæхъæуы мидбылхудт райгурынмæ, зæрдæйы уæлтæмæны арт ссудзынмæ! Ноджы ма нын йæ курдиат куы загьта, мæ ахсæн риссы, уымæн Ирыстоны хос кæнынц æмæ мын дзы иу рарвитут, зæгьгæ,Хадзымурат ын зæрдæ куй бавæрдта, уæд бынтондæр схæлæрттæ стæм. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ йæм æз писмо ныффыссинаг дæн, бафæрсин æй йæ дарддæры цардæй, йе ’нæниздзинадæй, йе фсин уæд æнхъæлцау уыд, афонмæ йын ныйй- ардта, лæппу йæ фæндыд, иррн ном, дам, ыл æвæрдзынæн сымах тыххæй, цы бацис цымæ... . Не ртыккаг æмбæлæг нæхи æмзæххон разынд, уырыссаг Валодя Филиппов. Нæ Иры стырдæр лæгтæй иу Дзасохты Алыксандыр ам нæ бæстæйы минæварæй куы уыд, уæд иумæ куыстой. Æмæ йын ныр не ’мзæххонæй æрвыст зæрдиаг саламттæ куы радтам, уæд йе ’хсызгондзинад йæ цъæх цæстытæй уалдзыгон ивылд донау рабыр- ста, йæ мидбылхудт нал æмæ над æнцад. Цы дæс боны фестæм Сирийы, уыцы дæс боны дæргьы Валодя, нæ •бæстæйы пресс-атташейьгкусæг, уьщ нæ уæлхъус, афтæ зæгьæн ис, æмæ йын цас не ’мбæлд, йæхæс дзы цас нæ домдта, уыййас стыр кæстæриуæщзинад нын фæкодта. Æцæгаглон, а^нæзонгæ бæстæйы чи уыд, æрмæст мæ уый бамбардзаён, ахæм адæймаг, Валодяйæ зæгьын, лæгæн цас ныфс вæййы, уый. Æрæджиау æм бамбæрстам мах: ый Дзасохты Алыксандыры стыр автрритет узæлыд махыл. Йæхæдæг ам нал ис, йæ фарн та баззад. Уый уæлдай ирддæрæй рабæрæг фæстæдæр ацы бæстæйы информацийы мйнистр, амы егьаудæр газетты редактор- тимæ, хуымæтæг адæмимæ куы фембагдцыхггæм, уæд. Ирыстонæй стæм, уый-иучкуы базыдтой, уæд-иу уыцы цымыдисæй, æнæмæнг мидбылты худгæйæ, фарстой Алыксандырæй. ИннЬетæн нæ зонын, фаглæ-иу мæнæн мæ зæрдæйы стыр цин æрбынатони. Æмæ куыннæ: дард бахтæйы Ирон лæгæй æппæлынц!.. 203
Аэропорты нæм нæ размæ ракодтой æртæ машинæйы, æртæ «мерседесы», алкæмæн дæр, дам, хицæн хъуамæ уа /уымæй рай- дыдтой фæстæдæр дæр ма уын кæй кой ракæндзынæн, уыцы буцд- зинадымитæ/. Хинымæры хъуыды: /кæцæйдæр рагæпп кодта, хонæг æм ничи арвыста/: «Махмæ, цы нæ вæййы, куы æрбацæуой адон дæр мæнæ мах хуызæн уазæгуаты, уæд сын мах та цы ракæниккам сæ разма$, цавæр машинæтæ? Кæмæй ракуриккам, кæмæн уаиккам лæгьстæйаг цьшæ?..» Мах Юрий Семибратовимæ иу машинæйы фæстаг бадæныл нæхи ауагьтам, разæй, шофыры фарсмæ та сбадт нæ тæлмацгæнæп Анис. Дамаск æхсæвыгон рæсугьддæр у, æви боныгон, зæгъгæ’йæ, куы бафарстон, уæд мæм уый фæстæмæ разылд æмæ зæрдиаг мидбыл- худт кодтой йæ сау цæстытæ: У — Дамаск æхсæвыгон дæр æмæ боныгон дæр рæсугъд у... Йæ райгуырæн къона зæрдæбынæй чи нæ уарзы, уый афтæ никуы зæгьдзæн... Дыккаг бон нæ суанг сихормæ ничи бахъыгдæрдта, зыдтой йæ фæллад стæм, уый. Стæй та дысоны адæм æртæйæ дæр фæзындысты, уазæгдоны ’рестораны нæ хорз ф’едтой æмæ нын сæ хъуыды загьтой: ’ — Зынаргь уазджытæ нын стут æмæ уын нырæй фæстæмæ мах цы зæгьæм, уый кæнут... ’ Цы гæнæн ма нын уыд. Æмæ сæ фæдыл Дамаскы уынгты араст стæм. Æппæтыфыццаг нæ бахуыдтой сæ Националон музеймæ. Ардæм æппæты фыцаг.цæмæн, уый нын зын бамбарæн нæ уыд: нæ фысымты фæндыд, цæмæй сын мах сæ цардыуаг рæвддæр бам- барæм, уый. Уымæй сæрыстыр кæй сты, уый уым рабæрæг. Музейы хицау, н’ыллæджытæ, къæсхуыртæ ас лæг кæцæй стæм, уый куы базыдта, уæд фырцинæй цъил фестад, тагьд-тагьд дзураг, «Советон Цæдисæй хуыздæр музейты куыст æвæрд иунæг бæстæйы дæр нæу, махæн дæр тынг æххуыс кæнынц’, æрæджы. Мæскуыйæ æрбаздæхтæн, æз æппæты раззаг рæнхъы бадт фæдæн, æгасæй дæр хъустæ æмæ цæстытæ фестадтæн дунейон койференциты». Ма йæ уром, уæд дзырдтаид æмæ дзырдтаид. Экскурсоводтæй никæуыл баууæндыд, йæхæдæг тæлмацгæнæджы разæй цыд æмæ йæхимæ цымыдиссагдæр цы касти, уыдæтты тыххæй ныхæсты дзад- джджындæртæ агуырдта. Куыд æрбахауд ардæм^æппæты фыццаг арæзт^ чиныг йраббаг æвзагыл, Дохтыры æппæтыфыццаг кусæнгæрзтæ, зæхкусæджы * дзаумæттæ, хæцæнгæрзтæ... ’ Иæхæдæгдæр фæхудт, мах дæр зæрдиагæй. фæхудтын кодта сæрыстыр кæмæй уыд, иу ахæм цауæй. Йу немыцаг хилдасæг, дам, ам уæвгæйæ уазлдай бирæ фæлæууыд сирийаг сылгоймаджы скуль- птурæйы цур, йæ сæрыхъуынты æнахуыр æвæрд йæ зæрæмæ фæцыд, йæ хуыз ын алырдыгæйты цалдæр хатты систа, ныв дæр æй скодта. Иуцасдæры фæстæ дзы музеймæ æрбацыд арфæйы фыстæг: «... Сылгоймæгтæ иууылдæр мæнмæ ныххæррæтт кодтой, уæ му- 204
.. зейы уыцы сылгоймаджы дзыккуты æвæрд сæ бынтон срæсугьд кæны»... Чидæр нæ йæ куы афарста ам та нæлгоймæгтæ кæй дзыккуты æвæрд фæзмынц, зæгьгæ, уæд нын залы кæрон егьау портретмæ ацамыдта — базыдтам æй, уый та уыд Хафез Асад. Чысыл раздæр - уазæгдонæй уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд нæ тæккæ размæ фæци. стыр хæдзары дыууæ уæладзыджы æхсæн егьау ныв: Хафез Асад æмæ Насер сирийаг тырысайы хъæдыл фидар ныххæцыдысты. Дыууæ хуызы уд бамбарын нывгæнæджы ^ хъуыдыйæн: иуæй иннæмæ дæтты ды йæ уæндонæй дарддæр ахæсс, зæгьгæ, кæнæ та ацы тырыса мах никæмæн ратдзыстæм, уый сæрибары тырыса у. Дыууæ хъуыдыйы дæр фæзминаг сты, арфæйаг. Ацы бæстæйы сæргьлæууæджы нывтæ æмæ хуызистыта! тынг арæх уыдысты горæты алы рæтты — ’ хæдзартты къултыл, хиды бынхъæдты ’фæтæн фæрстыл, машинæты фæстаг æвгтыл, дуканийы манекены фарсмæ, светофоры сæрмæ... Алы ран дæр фæлмæн йæ мидбылты худы. Афтаёмæй йæ æппыныдзух цæмæн æвдисынц, зæгьгæ, барæй цалдæр хатты бафарстон, алыхуызон дзуæппытæ райсын æнхъæл уыдтæн, фæлæ иууылдæр иу цыхас кодтой: — Мидбылхудт хæлардзинад æвдисæг у, уарзондзинадыл дзуры, зымæгон артау йæхмæ ’лвасы, адæймаджы фæллад цæстытæн æнцойдзинад хæссæг, ныфс дæтæг у... Мах нæ Президенты æндæр ^ хуызы хъуамæ, макуы фенæм. Æрмæст иунæг ран ис йæ ныв æнæхудгæйæ — Дамаскы егьаудæр аргьуаны. Уый йæхи афтæ бафæндыд... п • Хинымæры хъуыдытæ: «Махæн та нæ бæстæйы раздæры хицау- адæн æдзух тызмæг цæстæнгас уыд, вазыгджын хуыз сын... Æцæг Горбачев арæх худти, фæлæ цы давы?» Фæстæмæ нæхи бæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд уайтагьд Мæскуыйы уæрæх уьшгты æвиппайды æрбатыхстæм дыууæрдæм æнæхъуаджы тындзгæ адЬемæй, хуыцау йæ зонæг кæдæм тагьд кæнынц, куы дæ иу бак’ьуырьк куы иннæ. Æмæ та мæ цæстытыл ауадысты Дамаскы нарæг уынгтæ — ам адæмы тагьд-тагъд цæугæ фенæн ис æрмæст райсомæй раджы — сæ куыстмæ. Уымæй фæстæмæ амы цæрджыты алы къахдзæф, алы фсзмæлды ис удæнцойдзинад, уæлдайдæр фæскуыст. Мæнæ дæлдæр цы рæнхъытæ бакæсат, уыдоны хай фыст æрцыд Сирийы егьаудæр горæттæй иу\Халеппойы, уым сын мæнæ ахæм сæргонд дæр ма радтон: «Халеппойы уазæгдоны фыст бокыгæй скъуьщздзæгтæ». Мæнæ дзы иу: «Суанг фæсæмбисæхсæвтæм горæт нæ фынæй кæны. Дуканигæс лæппутæ сæ дуканиты фæтæн рудзгу- ытыл æддейы æфсæйнаг æмбæрзæнтæ æрыппарынц, бынæй сæ гуыдырæй сæхгæнынц. Стæй алы уынджы дæр борыцъæхтæм му- зыкæйы заглтæ нал байцайынц, мах хуызæн, цъæлхъæр нæ, ам сæ ничи тыхсы. Фæлæ базарад уыцы афон горæты уынгты нæ банцайы. \ Гыццыл лæппутæ фаглладуадзæн фæзы алы къуымты уæй кæнынц дæттæ^цъæх нартхæрттæ фы^æй, резинæ цæлхытыл ласгæ 205
уæрдæттæ газы пецимæ — дзидзайы сыр-сыр хъуысы. Æцæг боны- гон куыд хъæр кæнынц, æлхæнджытæм сæхимæ куыд хъæрæй сидынц, афтæ нæ — æрмæст къухы уæздан змæлдæй, лæгьстæйаг цæстæнгасæй. * Уыцы фа^зы цы адæм æрымбырд ис, уыдон кæрæдзийы удхнцойдзинад хъахъхъæнынц. Тынг хъæрæй ныхас дзы нæ фсхъусдзынæ, къордтæ-къордтæ бадынц, цæуылдæр уæздан худынц, зæрдиаг ныхас сыл бацайдагь. Бирæ (дзы ис зыбыты иунæгæй хъуыдыты чи аныгьуылд, ахæмтæ дæр.' Цыма æппындæр никæйы уынынц, ницьд хъусынц, æрмæст сæхи мидхъуыдыты уаца1 ры сты, удæнцойдзинад сæ æрцард. ’Ох, куьтд нæ фаг кæны уый махæн ам мæхи бæстæйы, æдзух цæуылдæрты мæт кæнæм, ^цæулдæрты — катай. Æмæ æниу уый ц,ас диссаг у -райсом цы уыдзæн, уый куы нæ зонæй, райсомæй дæ ныфс куы на? уа, уæд афтæ вæййы. Иу лæджы, дам, фарстой, афтæ бир&, дам, цæй руаджы фæцардтæ. Уый,.дам, афтæ: «Æз никуы никæдæм тагьд кодтон». Загьтой мын æй кæцы бæстæйаг уыд, уый, æцæг мæ æрбайрох, фæлæ махæй кæй нæ уыдис, уый гуырысхойаг нæу. Балкъонæймæмидæ^æкъах нæхæссы, хуыссæгмæмхæстæгнæ цæуы. Уæлдай цымыдиссагдæр мын уыд фæзы чысыл лæппутæ æмæ чызджытæ фылдæрæй-фылдæр куыд кодтой, уый. Хадзьшурат æмæ Юримæ дæр бадзырдтон, дæлæ ма зæгьын, кæсут, куыд дзæбæх хъазынц. Кæрæдзийы къухтыл-иу ныххæцыдыссты, стæй та-иу феуæгьд кодтой, фæстæрдæм-иу азгъордтой. Нæ балкъоны хæд бынмæ 13-14-аздзыд гомсæр лæппу къухæй тулгæ хъæдын уæрдоны рæтæнгьтæ асвальтыл æрывæрдта, йæ нарæг гуыффæ йын фегом кодта æмæ электрон цырæгьты рухсмæ ферттывтой æрттиваг чысьтл асыччытæ. Сæ хуылфы æнгузы, æхсынæны, насы æмæ ма махæн æнæзонгæ чи уьщ, ахæм дыргьты мыггæгтæ. Уæлдай арæхдæр æм æлхæнынмæ цыдысты йæхи карæнтаё, къухыдзæгтæй-иу сæ сæ дзыхты бакалдтой æмæ та-иу фæзы алы къуымты ахæлиу сты. Мах æртæйæ дæр æдзæмæй цас фæлæууыдыстæм, хуыцау йæ зонæг, фæлæ раздæр Мураты хъæлæс райхъуыст: ^ — Сæ ныййарджытæ сын истæмæй куы тæрсиккой, уæд сыл ацафонмæ ам æууæндынц? Сывæллæттæй загьта, йæхинымæры хъуыдытæ йын хъæрæй ра- уадысты. * — Афонмæ Дзæуджыхъæуы уынгты та цъиуызмæлæг дæр нал ис. Кæд ма дзы расыг лæгыл сæмбæлæй... Дис æви катай кодта Юрий, уый нæ4бамбæрстон. Æз та æнæнхъæлæджы мæ мидбылты бахудтæн. Мæ цæстытыл ауад Беслæны иæм редакцимæ цы бæзæрхыгтæ нæлгоймаг æрбацыд, уый. Мæ сыхæгтæм, дам, хъæргæнаг уасæг и, милицæмæ сыл ба^съаст кодтам, фæлæ сæ ничима фæзынд, ды та нæ депутат дæ, мæ хъæлæс дыл радтон... Мæ сахатмæ æркастæн — уыд æхсæвы дыккæгæм сахат. Халеп- пойы сæйраг уынгтæн та фынæй кæнын сæ зæрды нæма уьтд, музыкæйы цъæхснаг зæлтæ, æнкъард зарæджы ныхæстæ фæззыгон 206
сыфтæртау згьæлыдысты, удæнцойдзинад хастой, дард хъуыдытыл æфтыдтой, цæстытыл уадысты Ирыстон, зонгæ цæсгæмттæ. Цæмæндæр мыл кæцæйдæр æрхаудтой мæ хæлар Зыгьуытаты Сер- гей мын Дзæуджыхъæуы аэропорты кæй загьта, уыцы ныхæстæ: «Искуы куы вæййын, уæд къуырийы фæстæ æнæмæнг тыхсын байдайын... Цыфæндыйæ дæр нæхицæй хуыздæр никуы у...» Мæ хæлар ацы хатт дæр раст у æмæ æз дæр хатыр уымæн нæ курын нæ уазæгуарзон Халеппойæ ме ’нафоны райдзаст хъуыдыты тыххæй... Федтам æнæр горæт дæр. Æнкъард горæт. Æдзæрæг горæт. Уæвгæ бынон æдзæрæг нæу. Уый уынгты æхсæвæй-бонæй хæлд хæдзæртты алы тæригьæд къуым дæр басгары дзæгьæлдзуаг дымгæ, куы ныххуды, куы та ныккæрзы. Къостайы Фатимæйау. Цалдæр мæллæг сæгьмæ нæ къæхты уьшæр нымады дæр нæу, сæ рыгæйдзаг бырынчъытæ ивазынц дæлæмæдзыд къутæры сындзджын къали- утæм. Дурцæнды фарсмæ дыууæ бур куыдзы мах ауынгæйæ дзыхълæуд æркодтрй, ныккастысты нæм, æвæццæгæн æй нæма зыдтой сæ хæлæрттæ, æви се ’знæЬтæ стæм, уый. Куы сæ адард стæм,^уæд ма сæм æз фæстæмæ ракастæн. Дыууæ куыдзы дæр фæндаджы астæу балæууыдысты, нæ къахвæдтæм нын смыстой. Уыцы горæт, растдæр зæгьгæйæ та раздæры горæт, Эль-Кунейтра у. Æвдайæм азты райдиан ардæм æрбабырстой сæ сыхаг израилаг тыхгæнджытæ. Уыдоны æгьатырдзинад æмæ амы цæрджыты хъæбатырдзинад ныхæй ныхмæ æрлæууыдысты. Знаг нæ ауæрста халыныл, судзыныл, стигьыныл. Уæлдай дæр та йæ бон куы базыдта, уæд. Срæмыгьтой æппæт хæдзæртты дæр, аргьуанты, скъолаты. Зыбы- ты иунæг хæдзар ма дзы аирвæзт æнæхъæнæй-музей дзы сарæзтой ныр. Хæдд горæт æнæхъæнæй дæр музей у гом арвы бын. Сæ бон æй саразын уыд, фæлæ йæ барæй нæ сарæзтой. Уадз æмæ сирийаг фидæны фæлтаёртæ зоной сæивгьуыд. Махмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Сталинград къаддæр хæлд нæ уыд,.фæлæ дзы зыбыты иунæг , хæлд хæдзар йедтæмæ * нæ ныууагьтам знаджы фы!дмитæн < æвдисæндарæн, уый дæр куыд æмбæлы, афтæ хъахъхъæд нæ цæуы. Æмæ ма уымæн дæр ныббыхсæн ис, фаалæ дзы куыд æмбæлы, афтæ пайда нæ кæнæм фæсивæдимæ хъомыладон куысты. Ам та кæуын цæуы адæймагмæ, зæрдæйы райгуырц маст æмæ уынондзинад знагмæ, фæнда дæ æви дæ нæ фæнда, уæддæр дæ цæстытыл ауайынц амы раздæры амондджЬш адæм, сæ мидбылхудт. Уыцы нывтæ куы атайынц, уæд æнæбафиппайгæ нæ фæуыдзынæ дæ бакомкоммæ æртонут-мæ, зæгьгæ, чи хъæр кæны, уццы урссæр дидинджытæ, ныр уал æмæ уал азы сабиты уынæр чи нал хъусы, уыцы футболон фæз йе ’нæкарст бур кæрдæгимæ. Йæ раздæры цæрджытæй йын иуимæ сæмбæлдыстæм. Æнæхъæлæджы. Тæвд бон уыди æмæ нын фысымтæ фæтæригьæд кодтой, хæлд аргьуаны аууон уазал дуртыл æрбадтыстæм. Уалынмæ нæ уæлхъус алæууыд иу ацæргæ æнæзонгæ зæронд лæг. Дурын йæ къухы. Базыдтам æй — дон нын æрбахаста. Бахудти нæм, йæ галиу 207
къухы егьаудæр æнгуылдз хæрдмæ фæхъил кодта, ома, аназут, æвæджиауы дон у. Æхсызгон ньтн уьщ, зæрдиагæй йæ нæ былтьтл сдардтам, нæ фæллад ньтн æцæгæйдæр фæсырдта, негшæты номæй йын нæ хистæр Хадзымурат æцæг ирон куырыхон лæджы арфæтæ фæкодта уырыссагау^ фæлæ йæ фæстаг ныхæстæ иронау загьта: «Донарæхæн фæцæр, хорз лæг». Нæ тæлмæцгæнæг Анис дæр сæ, кæй зæгьын æй хъæуы, нæ бамбæрста, фæлæ йьтн сæ Хадзымурат ратæлмац кодта, уый та йæ — зæронд лæгæн. Нæ хæрзгæнæг раздæрау хæлар мидбылхудт равдыста, йæ егьаудæр æнгуьтлдз. та хæрднæ фæхъил код^а, ома хорз ирон арфæ у. Базонгæ стæм. Йæ мыггаг æмæ йын йæ ном гæххæтты гæбазьтл афыстон: «Махамед Хаин». Мах фæрсгæ, уый — дзуапп дæтгæ. Йе ’ппæт раныхас та цыбырæй мæнæ ахæм уьтд: —Мæхæдæг дæр æмæ мæ бинонтæ дæр Дамаскы кæрон цæ^æм. Фаглæ ардæм æнæруайгæ нæ фæвæййын. Зæрдæ мæ рахоны. Йæ коммæ ма бакæс, æмæ куы аскъуьша, уæд та? Дæлæ дæлдæр мæ райгуырæн хæдзар уыд, йæ къултæ ма баззадьтсты. Мæхи сæм нылвасын, мæ рустæ авæрын, ць^дæр тых мьтн радтынц... Знагæн сæ нæ радтам, нæ йын бакуымдтам сæттын... Нæ фæдыл ма’ бирæ фæкаст, æнкъард; мæгуырхуыз зæхкусæг. Нæ уыцы боны балц кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, ногæй та музеймæ бацыдьтстæк, ам бæлццæттæ сæрмагонд альбомы сæ фип- паинæггæ ныффыссынц. Ма’х размæ дзы цы фыстытæ уыд, уьщонæй иу рафыстон: «Мы, делегация ГИТИСа им. Луначарского, Москва, СССР, посетили город Эль-Кунейстра. 13 мая 1990 года. Мы потря- сены увиденным. Единственное желание любого, кто был здесь, это — мир, свобода, покой и счастье. Дружба СССР и Сирии будет крепкой и, нерушимой...» , Мах дæр дзы ньтффыстам. Хадзымурат æмæ Юрий уырыссагау, æз . — сыгъдæг иронау. ’ Хъæугæ дзырдтæ ссардтон ме ’нæуынондзинад равдисынмæ цардхалджытæм ^— æлгъыстау, мæ сæрыстырдзинад хъæбатыр, сæрибауарзаг сирийаг адæмæн — зарæгау. Фысгæ фыссыны мæ иу æхсызгон хъуыды цух нал уагьта: «Ардæм куы нæ æрцыдаикам, уæд нæ балц æххæст балц нæ уыдаид»; Уый мæ абон дæр фидарæй уырны. «Мерседес»'-ты матортæ нæма скуыстой, нæ цæстæнгас та горæтыл ахастам. Нæ алыварс уыд æдзæм, æрмæст Хадзымураты уæззау ныууылæфт æмæ мæхи зæрдæйы гуыпп-гуыпп азæлыд, стæй ма Хафез Асады мидбылхудт фæлмæн къæвдайау лæдæрсти нæ цæстытыл, цыдæр ныфс лæвæрдта, сидти цардмæ, сырдта иуварс нæ алкæйы æнкъард хъуыдытæ... ^ Уыдыстæм ма ноджыдæр иу горгеты, Хамæйы. Халеппомæ цæугæйæ йæм фæзылдыстæм. Йæ уынгты æрзилынмæ нын фадат нæ уыд, мæ зæрдыл æй бадардтон зæрдиаг худт æмæ дзы нæхи кæй æрымысыдтæн, уымæй. Тæккæ сихортыл нæ «мерседес»-тæ уьтцы горæты ресторантæй иуы цур æрлæууыдысты, доны бьтл. Дæргьæй-^æргьмæ стъолтæ 208
фæтæнсыф тута бæлæсты бын. Куыддæр æрбадтыстæм, афтæ иу морæ гæдийы лæппын кæцæйдæр рауад, Хадзымураты къæхты бын абырыд лæгьстæмæ. Хадзымурат æй йæ хъæбысмæ систа, йæ гыц- цыл сæр ын фæлмæн æрлæгьзытæ кодта, бæрæг уыд йæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый. — Уæд та йæ мæ чызджытæн аласин?! — йæ мидбылхудт ссыгъд Хадзымуратæн, — Цы хъыгдары, и? Сирийаг гæды Ирыстоны!... —Æмæ дыл нæ фæхуддзысты? Уыцы хъæздыг бæстæйæ æндæр хуыздæр мацы æрбалас, зæгьгæ, куы ныддис кæной, уæд та? — фæцырд æм Юрий. Уый не ’ртæйæн дæр худæджы хос фæци, нæ тæлмацгæнæг Анис мæ дæр бахæццæ. Куы æрынцадыстæм, уæд мембæлттæ чысыл фалдæр хъамылты астæу ауындзгæ хидыл къада куырæйтæ уынæг ацыдысты, æз та тута бæлæстæм ныдджих дæн, Ху- ымæллæджы мæ кæрт ауад мæ цæстытыл, нæ зæронд тута бæлас, афонмæ йæ гагатæ згъæлынц, кæрчытæ æмæ сæм къæйных сырд- донцъиутæ лæбурынц. Мæ мад куы сæ иутыл схъæр кæны, куы сæ иннæтыл, уæздандзинад сæ домьт... Зæрдæ хъæмæ æхсаин райдыдта, фæлæ дзы æнкъарддзинад бирæ нæ фæстаид кодта* уымæн æмæ йæ зыдта: разæй йæм æхсызгон фембæлдтытæ æнхъæлмæ кастытысты. Не ’мзæххонтимæ. Дыккаг хай ИРÆТТÆ: «НÆ ФЫДÆЛТÆ МАХÆЙ ÆНАМОНДДÆР УЫДЫСТЫ»... Эль-Кунейстрæйæ Дамаскмæ нæ сатæг уазæгдонмæ куы æрбаздæхтыстæм, уæд нæм нæ пресс-атташейы кусæг Валодя Фил- липов хæрзæггурæггаг фæци: — Дамасчы ирæттæ уын уе ’рбацыд базыдтой, ныр сæм æнхъæлмæ кæсут... Куыдæй йæ базыдтой, ууыл мах гуырысхо нæ кодтам. Уæлдæр куыд загьтон, афтæмæй амы стьтрдæр газеттæй иу «Тишрин»-ы редакторы секретартæй иу у ирон чызг, Æлбегтæй. Къæсхуыртæ, рæсугьд, хæрзконд чызг. Фæстæдæр.ирæттæ иумæ мах фенынмæ Æлбегты Азæмæты хæдзармæ куы æрымбырд сты, уæд> йæхицæй хуьшæтæджы хъал уыд, ома, æз сын базыдтон фыццаг се ’рбацыд, æз сæ федтон раздæр, æз уæм фæхабар кодтон. Ардæм Ирыстонæй чи æрбацæуьт, уьтдоны фенынмæ куыд тынг фенхъæлмæ кæсынц, уый хуымæтæг ныхæстæй зын равдисæн у.Нæ фембæлдтытæ кæрæдзийы фæдыл куыд уыдысты, афтæ сæ фыссын. 1. КÆЙ БАХЬУЫДЫСТÆМ ФЫЦЦАГ... Изæрырдæм нæ фæллад суадзæм, зæгьгæ, куыд загьтам, афтæ ньтн нæ дуар уæздан æрбахостæуьтд æмæ мидæмæ æрбакаст уазæгдоны кусджытæй-иу боцъоджын ас лæг. Йæ къухты змæлдæй 14 Д.Х. Дпуров 209
йæ бамбарстам: йæ фæдыл ацæуын хъæуы, бынæй нæ чидæр агуры. Мæ зæрдæ ныссæххæт кодта: не ’мзæххонтæ сты. Цыппар нæлгоймаджы разындысты, æцæг ирæттæ — нæ. Базонгæ стæм: Шараф Абазов, дохтыр, абхазаг, амы æхсæнад «Фыдыбæстæ»-йы сæрдар, Амин Арслан, цæцæйнаг, ныртæккæ пенсиисæг, зæххыгуыстгæнæг, Марвин Четал, инженер, æрæджы Майкопы фыццагхатт куыд уыди, куыд та ацæудзæн, уый тыххæй зæрдиагæй дзырдта, æмæ Бибарс Хенцерух, хадзиг, бастдзинады хайады кусæг. Уыдонæн сæ цæстытæм бакæсынæй диссагдæр ницы уыд. Цымы- дисдзинад æмæ цины уылæнтæ дзы сæвдылдысты, тыхджындæр, кæнæ дзы зæрдиагдæр кæцы уыдис, уый зын равзарæн уыд. Сæхи тыххæй сеппæты бæсты Шараф нæ тæлмацгæнæг Анисæн /йæ хæдзармæ йæм телефонæй бадзырдтам, хъазæн, ньтхас дæр ма зат^та, ома, мын мс ’рыгон усы фарсмæ абадын дæр нал бантыст/ иугай-дыгай хъуы- дыйæдтæ дзырдта, фгелæ йын сæ æз цыбыр монологау ныффыстон фæстæмæ нæ цæрæн уалтæм куы раздæхтыстæм, уæд. — Махæн дыууæ райгуырæн бæстæйы ис — уым, Цæгат Кавказы, стæй ам — Сири. Цæгат Кавказ уый нæ фыццаг райгу- ырæн бæстæ у, Сири та нæ дыккаг... Фыдæлты зæхх чи нæ уарзы, уый цæрыны аккаг нæу, уый хуыцауæй дæр æлгъыст у. Ам райгу- ырдыстæм мах, ам сты нæ хистæрты уæлмæрдтæ, ам ис нæ кæстæрты фидæн. Ацы фæстаг ныхæстæ уымæн зæгъын, æмæ нал æууæндæм искуыма нæ фыдæлты къонамæ афтдзыстæм, уыуыл. Ницы хъуаг стæм, дзæбæх адæмы æхсæн цæрæм, афтæмæй та нæ фæллад зæрдæты æрцард ис сдзæбæхгæнæн кæмæн нал ис, ахæм мæт: «Цæмæн фæхаудтам зынджы стъæлфæнтау нæ райгырæн къонайæ?» Афтæ ма банхъæлут æмæ ам æнæбары цард кæнæм. Уæдæмæ нæ бон зонæм, æмæ нæ амы цард цы домы, уый иу адæмæй дæр æвзæрдæр нæ кæнæм. Кусгæ — уæд кусæгау, хæцгæ — уæд хæцæгау. Нæ рагфыдæлтау. Иу æмæ дыууæйæ нæ ныккалдтой сæ туг не ’мзæххонтæй Сирийы зæххы сæрраппонд; Иунæг гæды ныхас дæр нæма загьтон, ныр дæр нæ зæгьын: иуæй дæр æдзæллагдæр нæ разындысты тохы быдыры амы цæцæйнæгтæ, чсркесæгтæ, ирæттæ... Сымах размæ ам чи уьтд, уыдон дæр нæ фарстой, зонын æй, сьтмах дæр нæ фæрсдзыстут: «Куьщ цæрынц иумæ Цæгат Кавказæй ардæм чи æрбафтыд, уыцы адæм?» Тынг хæларæй! Зыны дæр æмæ цины дæр кæрæдзийы æнæмæнг агурæм. Иу нæ чи кæны, фидар нæ чи бæтты кæрæдзиуыл, ахæм æхсæнад дæр сарæзтæм: йæ ном та «Фыдыбæстæ». Æвзæр ном ын æрхъуыды кодтам?.. Уæдæ цы ис лæгæн уымæй зынаргь дæр?!. Шараф цас фылдæр дзырдта, уыййас мах та хъуыдыдзастæй хъуыдыдзастдæр кодтам; æнкъардæй æнкъарддæр, сæрыстьтрæй сæрыстырдæр. «ДÆ РЛЙСОМ ХОРЗ, СОЛТАН!...» Нæ гьтццыл делегацийæн Мæскуымæ, стæй та Сирийæ куы раздæхæм, уæд Мæскуыйæ Ирыстонмæ хæдтæхæгмæ билеттæ 210
балхæнын маенæн баргонд уыдис. Нæхи аэропорты хицау, æдзух дæр баххуысмæ цæттæ чи у, уыцы Хъæрджынты Мурат мæ сарæзтæ: дыууæрдæм дæр мын билеттæ радта, тæхгæ-нæргæ Уастырджийы æвджид мæ бакодта, стæй уæлдæр кыд фыстон, афтæ мын йæхи фæдзæхст дæр загьта: — Мæнæ дын мæ визиткæ æмæ йæ Дамаскы мæ хæлар Къаболты Солтаны къухтæм радт. Дс ’фсымæр дын, зæгь, æй æрбарвыста. Мæ зæрдæйы уымæй дæлдæр æвæрд нæу... Мæ дзæбæх хистæр хæлары курдиат куыннæ хъуамæ сæххæст кодтаиц, стæй æз цæвæр ирон уыдаин, чи мæ бамбæрстаид, ам, кæйдæр зæххыл кусæг ирон адæймаджы куы нæ федтаин, уæд, мæхæдæг æй мæхицæн дæр нæ ныббарстаин. Дыккаг бон нæ балцы сæрмагонд прграммæмæ гæсгæ ацыдыстæм нæ бæстæйæн ам, Сирийы цы минæварад ис, уый бæстыхæйттæ фенынмæ, йæ кусджытимæ йын фембæлынмæ. Нæ ’мзæххоны бахты ам нæ бæстæйы минæвар чи у, уый йæхæдæг рынчын разынди, фæлæ нæ йæ хæдиваг Сергей Яковлев лæмбынæг фæфарста нæ балцы сæйраг нысанæй, Дзасохты Алыксандырæй фæдзырдта нын цы хъæуы, цы нæ хъæуы кæнын, дзурын... Æз цы уыдтæн, уымæй иуыл цæстытæ æмæ хъустæ фестадтæн, мæ даглæвзаг та иу цымыдис фарста рауай-бауай кодта: «Ам, Дамасчы, не ’мзæхон Къаболты Солтан кусы. Ничи.уæ йæ зоны, куыдæй йæ ис ссарæн?» Зыдтой йæ, телефонæй йæм адзырдтой: — Мæнæ дæ чидæр агуры... Хæтæл мæхимæ куы райстон, уæд æй зыдтон Солтанæн æнæнхъæлæджы æхсызгондзинад цы æрхæсдзæн, уый. Сыгьдæг иронау ын зæрдиагæй салам радтон: — Дæ райсомтæ хорз, Солтан! Йæ дзуапп* бафæстиат, æрмæст мæм хъуысыд йæ улæфын, æрæджиау райхъуыст йæ зырзыргæнæг цины хъæлæс: — Дæхиуыл дæр хорз райсомтæ кæнæд! Уый дæр сыгьдæг иронау, стæй мæ фарстаты бын фæкодта: чи дæ, чи ма ис демæ, кæдмæ уыдзыстут ам, ныртæккæ кæцыран стут... Æхсæз-авд минуты фæстæ нæм æрбахæццæ. Искуыма дард зæххыл ирон лæгыл фембæлд æхсызгон нæ вæййы?! Фæныхæстæ * кодтам, мах æй фæфарст чи у, цы у, кæцон у... Ахæм рæстæг куыд вæййы, афтæ. Солтан хъæдгæройнаг у, ам фæцис астæуыккаг скъола, мæнæн мæхи хуызæн: ме ’мгæрттæй бирæтау уый дæр н<е хъуьтды кæны йæ фыды, фæмард ын Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, суанг мд сæм йæ къам дæр ма нæ баззад. Солтан йе ’дзард фыды нырмæ ницæмæй ма фæкъæмдзæстыг кодта, рæсугьд фæндаг равзæрста царды: ссис тæхæг-фæлварæг. Æхсарджынты професси, тæссаг професси. Йæхæдæг нын ницы схæр кодта, фæлæ нын æй Мурат радзырдта: дыууæ хатты ног хæдтæджытæ фæлваргæйæ бахауд цардæй мæлæты æхсæн, бахъуыдис-иу æй хæдтæхæг ныууадзын. Бæргæ æмбæлы нæ зынаргъ «Рæстдзинад»-æн Солтаны ткххæй хицæн очерк ныффыс- 211
сын. Цæй, кæд уымæн дæр та рæстæг æрцæуид, амал ссариккам Ирыстоны кад, уæвгæ æрмæст Ирыстоны цæмæн, æгас Совстон Цæдисы кад ам, дард зæххыл, тырысайау чи хæссы, уыцы ирон лæппу-лæджы тыххæй арфæйы ныхæстæ зæгъын. — Гæнæн æмæ мын амал куы вæййы, — йæ цæстытæй цин хъардта, афтæмæй нын дзырдта Сотан, —уæд нæхимæ æнæацæугæ нæ вæййын... Мæнæ нырма цæлдæр боны размæ æрбаздæхтæн, мæ сыхбæстыл æрзылдтæн, Мураты фсдтон, мæ ахуыргæнæг Бурснины бабæрæг кодтон, мæ лæппуйы лæппу Валсриккимæ Хстæджы бæрæгбоны уыдыстæм, хъæрæй дзы иумæ «оммен» фæкодтам, кувæггаг дæр ма нæм æрхаудта. Зæрдиагæй дзы фæкуывтам... Хъæдгæройнаг æцæгæйдæр сидьтн æмæ кувынма^ кæи æрæхсьт, дард бæстæйы дзы ирон фынджьт æгъдæуттæ кæй нæ фсрх сты, уый нæ бауырныдта æртыккаг æви цыппæрæм бон изæрæй: сæхимæ нæ ахуьтдта. Нæ размæ къæсæрмæ рауад йæ лæппуйы лæппу тæлфаг æмæ цæрдæг Валерик, базонгæ стæм Солтаны бинойнаг уæздан æмæ мидбьтлты худаг Валяимæ, фæцин ньтн кодта нæ лæвæрдтыл — Къостайы къам æмæ «Ирон фæндыр»-ыл, æвæджиауы дзадджьтн фынгтæ нын ацарæзта, фæбадтыстæм, гаджидæуттæ фæуагътам. ФИППАИНАГ. Мæ зынаргькæсæг, кæд ма йæ хъуьтды кæньтс, уæд дын мæ фыстыты фыццаг хайы зæрдæ бавæрдтон нæ балцы рæстæг нозты хъæстæ кæм фестæм, уый зæгььтн. Солтанатæм! Солтан нын æрывæрдта йæ ирон хæдзарьт нæртон фьтнгыл уьтрыссаг водкæ, амырыкаг виски, сирийаг алыхуызон сæнтæ... Дæрпьвæтин бадтæн ньтн амал нæ уьтд, фæлæ уæддæр ссардтам стьтр Хуыцауы ном, нæ кæрæдзийы, нæ уарзон æмгæрттьт, нæ цардбæллон кæстæрты ныфæдзæхстам Фæндагсар Уастьтрджийыл, сæрмагонд сидт рауагьтам дьтууæ бæстæйы хæлардзинады тьтххæй... Уымæй размæ дæр, стæм уымæй фæстæмæ дæр нæ.фысымтæ, сирийаг журналисттæ, сæ хæринæгты хуыздæртьш нæ бацауæрстой, мæнæ аргьæутты куьтд вæййы, уыййау фынгтæ тасыдьтсты, æрмæст дзы карз нозт нæ уыди. Нæ нуазынц Сирийы! Æмæ хуымæтæджы сæрыстыр сты уымæй. Уымæн сты ам хæрз чысьтл фьтдуаг митæ, фыдракæндзинæдтæ, тыхмитæ, дæвдтытæ. Мæнæ уæ чысыл дгелдæр кæимæ базонгæ кæндзынæн, уьтцы Æлбегты Азæмæт дæр уьтмæн афтæ загьта: «Æниу дæ цæрæнуаты дуæрттæ гомæй куы ныууадзис иу мæйы бæрц, уæддæр æм исчи бацæуид». Мæ зæрдьтл æрбалæууьщ нæ балцы размæ нæ республикæйы телеуыньтнад кæй стынг кодта, уьтцы æнахуыр хъусынгæнинаг: «Кооператив Дарьял-ын уьтн уæ фæндонмæ гæсгæ сараздзæн ахæм гуьтдыртæ, кæцытæ уæхи йедтæмæ гом кæнын ничи базондзæн. Хæдзаркъахджытьтл унгæнджы бон акодта... Тагьддæр тындзут Дарьял-мæ». Мæ зæрды йæ уыдис Азæмæтæн радзурын, фæлæ йын æй фæстаг уьтсм нал схъæр кодтон, куыд æй бамбардзæн, хуыцау йæ зонæг, йæхи цæсты чи æфтауы... 212
Мæскуымæ куы раздæхтыстæм æмæ метромæ æрдæгталынг ныууайæны дыууæ даргьсæрыхъуынджын лæппу-лæжы сæны дæргьæццон авг радыгай сæ зыр-зьтргæнаг былтыл куы сдардтой, уæд мæнæн та нæ фысымты фынгтыл парахатæй æвæрд чи уьтд, уыцы хæлар «Кока-Кола»-йьт æхсьтзгон сыр-сыр ауад мæ хъустыл, æхсæрдзæны зарæгау дзы зæльтд æмæ зæльтд... Иудзырдæй, ме ’мбæлттæн нæ зоньтн, фæлæ мæнæн уыцы изæр Дамасчы мыггагмæйы рæсугьд мысинагæй баззайдзæни мæ зæрдæйы. Канд нæхи хъæдгæройнаг ироны тьтххæй нæ. Дьтууæ дзæнæтон фембæлды ма нын уьтдис уыцы изæр... «ÆМБИСОНД ÆРБАУАЙ ЦÆЛОЙТÆН СÆ РÆСУГЪД»... Къаболты рæсугьд æмæ нæртон æфсин Валяйæн дæ бæркад бирæ, зæгьгæ, куы раарфæ кодтам, тæлфаг æмæ цæрдæг ирон гыццьтл лæппу Валерик нын йæ фæлмæн армытъæпæнæй нæ дæрзæг ар- мытъæпæнтæ къæсæрьтл куы æрцавта, уæд нæ Солтан йæхи рог машинæйы раласта, Дамасчы бæстастæу нæ бирæ уæладзыгон уазагдоны цур раргьæвта. Бузныг, Къаболтæ, ацы кæйдæр зæххыл уæм махæй хиндæр уазæг макуы бафтæд. Уазæгдоны холлы нæ цæрæнбынаты дæгьæлтæ исынмæ куы бацьтдьтстæм, уæд мæхиуыл кæйдæр цæстæнгасы узæлд банкъард- тон. Фæстаердæм разылдтæн æмæ федтон: иуварсæй нæм къаглæтджын бандоньтл бадгæйæ касти иу ацæргæ нæлгоймаг. Уайтагьддæр мæ зæрдæ фæкъæпп кодта: «Кæд ирон у, миййаг?» Цымæ нæ йæхæдæг бизыдта? Уæвгæ нæ иумæ дæр ироны æнгæсæй ницы уыдис, Юрий — уырыссагхуыз, æз æмæ Хадзымурат та урсцъар. Нæ цæрæнуаты нын æрбадын нæма бантыст, афтæ чидæр дуар æрбахоста, байгоми æмæ нæм мидæмæ æрбахьтзт бьтнæй холлы ккелæтджыныл бадæг, — Ам иронау бафæрсæн ис?... Йæ фæллад сау цæстытæ худтысты, йæ тымбыл цæсгом рухсæй рухсдæр кодта. Уый уыдис Æлбегты Азæмæт, Ирыстоны нын бирæ кæмæй феппæльщысты, нæ республикæйы радиойы чи дзырдта тту цалдæр азы размæ, бирæты йæ зæрдæбын ныхасæй чи фæкæуын кодта, мæ мад ьтн йæ ард «æз Ирыстонæн йæ алы бæлас, йæ алы къутæр дæр бирæ уарзын», зæгьгæ, йæ зæрдыл кæмæн бададта, ам, Сирийы ирæтты кæрæдзиуьтл чи бæттьт, мадæлон æвзæг сьтн рох кæнын чи нæ уадзы, уыцы уæздан лæг. АЗÆМÆТЫ МОПОДОГ: —... Ам, Дамасчы, 8-9 ирон мыггаджы цæрьт: Æлбегтæ 10-11, хæдзары, Кодзыртæ — 3, Бæройтæ — 1, Абысалтæ -1, Хъуыбадтæ — 1, Хъæбæлойтæ, сæ хистæр Сейфудин тынг æнæфæразгæ у, сты ма дзы Махъотæ, Цæрикъатæ, Темыратæ, цыколайаг Батьтртæ.... 213
Нæ цин дæр — иумæ, нæ зын дæр. Æрæджы нæ иу æвæджиауы лæг фæхъуыд, Анднан Кучихæ. Бирæ йыл фæкуыдтон, сыгьдæг ирон лæг уыди. Йæ фыдæлты зæхмæ тырныдта æмæ йын дзы ницы рауад, ам ус ракурын дæр нæ бакуымдта æмæ зыбыты иунæгæй фæцард, йæ иунæг хо дæр æй ныууагьта, Амырыкмæ йын ацыд. Ирыстоны йын ис хæстæджытæ, æз сæм писмо арвыстон, фæлæ мын æнæдзуаппæй кæмдæр баззад, куы бацæуай, уæд ма сын-иу зæгь, куыннæ йæ зæгь, фехъуыстат, æз ма йæ «Рæстдзинад»-ы фæрстыл дæр куы фыстон. Цалдæр мæйы размæ ардæм Ирыстонæй туристтæ æрбахауд, мæн бацагуырдтой æмæ сæ уæд æз ирон уæлмæрдмæ ахуыдтон. Уырны дæ: æз куыд куыдтон, уыдон дæр афтæ... Раст уын куы зæгьон, уæд мах ам æвзæр нæ цæрæм, мæгуыртæ дæр нæм нæй, хъæздгуытæ дæр нæм нæй. Фæлæ цыфæнды куы фæуа, уæддæр адæймаг йе ’мтуг адæмы æхсæн куы нæ цæра, уæд уый цардыл нымад нæу... Мæнæн та мæ фыд дæр ам райгуырд, мæхæдæг дæр ам, мæ зæрдæ та нæхимæ, Ирыстонмæ æхсайы. Цы у уый? Туг, туг йæхиуæттæ домы, бирæ цæуылдæрты разы нæу. Фæлæ уын раст куы зæгьон, уæд нæ фыдæдтæ махæй æнамонддæр разындысты. Уыдон сæ къона Ир нæ федтой, уымæ бæлгæйæ ацы- дысты цардæй, махæн та кæмæндæрты йæ фыдæлты зæхх фенын бантыст, æхсгæ уад æм уæддæр бакæнæм. Хурæн йе ’нæнымæц тынтæй иу йедтæмæ нæ хауы мæ зæрдæмæ, цыма ме ’уæхсджытыл къæдзæхы йас уæзæгтæ хæцынц бынмæ, æхсæрдæс æмæ мыл дыу- уиссæдз азы йедтæмæ нæма цæуы, æз та мæхи æстайаздзыдæй æнкъарын. Куы уын загътон, æвзæр нæ цæрæм ам, фæлæ нæ уæддæр хæрдмæ нæ уадзынц, нæ бартæ Сеппæт нæхи не сты, уæлдайдæр сæ партийы уæнг куы нæ уай, уæд. Зонынц æй кæцон стæм, уый. Ахæм уавæрты цыфæнды хъæздыг, цыфæнды адас цард дæр ад нæ фæкæны... Кæддæр советон адæм Гитлеримæ куы хæцыдысты, уæд ардæм, Сиримæ, лидзджытæ бирæ уыд, гадзра- хатæйдзæуджытæ, мæхæдæг дзы цалдæры лæгæй лæгмæ зонын, цæцæйнæгтæ, кæсæг, ирæттæ дæр. Хадзырæт, зæгьгæ дзы, иу ирон бæрзонд лæг ам æрбынатон ис. Æдзухдæр-иу æй æнкъардæй байй- афтон. Уæд та мын иу афтæ: «Ма мæ фæрс цы кæнын, уымæй». Иухатт та мын афтæ загьта: «Фæсмоны хъуыдытæ æппыныдзухдæр мæ зæрдæйы сау-сауид кæлмытау кæрæдзиуыл стыхстысты, мæ туг мын цъирынц... Цы фæнды мæгуыр куы уай, дзул æмæ дын хъæдындз йедтæмæ куы ницы уа бахæрынмæ, уæддæр дæ фыды уæзæгыл амæл. Æндæр ницæмæ уал бæллын, фæлæ мын дзы, æвæццæгæн, ницы рауайдзæн»... Æцæг дæр ын дзы ницы рауад. Чидæр ын бафидис кодта йæ гадзырахатдзинад, ардыгæй Амырыкмæ алыгьд æмæ мæм æрæджы фрхъуст амарди, дам. Уыцы дæргьæй-дæргьмæ лæг æцæгæлон ингæны ныггыццылтæ уыдаид. Кæд цыфæнды уыди, уæддæр æй æз æрымысын, ныттæригьæд ын кæнын æмæ мæм куыд фæкæсы, уый уын зæгьон: цыма мах дæр гадзырахатæйдзæуджытæ стæм, уæлдайдæр мæнæ нæ ирон æвзаг кæй рох кæнæм, уый тыххæй. Ам 214
ма, Дамасчы, кæд 4-5 ироны сæ фыдæлты æвзаг зонынц, уæд хорз. Сæфынц ирæттæ, сæфынц. Сывæллон тынгдæр йæ мадимæ у баст, уый йæм йæхи æвзагæй фæдзуры, нæ нæлгоймæгтæ та арæхдæр сирийаг чызджыты курынц. Æмæ сеппæт ме’ фсины хуызæн нæ рауайынц. Уый мæ мадимæ ссæдз азы фæцард æмæ сахуыр иронау. Æз мæхæдæг францаг, немыцаг æвзæгтæ зонын, фæлæ уыцы адæмæн сё ’хсæн куы нæ цæрай, уæд цы фæнды æвзаг дæр ферох уыдзæн. Ам та кæимæ ис иронау дзурæн? Уымæ гæсгæ англисагау дæсны дæр дæн, араббаг æвзагыл та ахуыр кæнын фæсивæды бынæттон институты. Хæлæг сæм бакæнын сæ размæ æвзагзонæн сахат куы рацæуын, уæд. Эхх, зæгьын, дæ кæстæртæ афтæ ма ахуыр кæнæд сæ мад^елон æвзаг. Мæ лæппу Ленинграды институты ахуыр кæны. Иронау æппындæр нæ зыдта, стæй дын мæм иухатт уырдыгæй ардæм телефонæй куы æрбадзурид. Сыгьдæг иронау! Хуымæтæджы æхсызгон мын уыд. Куыд базыдтон, афтæмæй уым йемæ ирон лæппутæ царди, Хуссар Иры- стонæй æмæ, дам, мæм, ныхъхъæддых сты нæхи æвзагæй базон, мах дын æххуыс кæндзыстæм. Дæ лæппу дæм иронау куы сдзура, уæд уымæн аргь ис?! Уæвгæ Ирыстоны дæр куыд бамбæрстон, афтæмæй бирæтæ сæхи атигь кодтой сæ мадгелон æвзагыл. Куы ма уын æй загьтон: алы ироны æрбацыд дæр нын бæрæгбон вæййы. Фæлæ нæ хатгай фыдæнхъæл дæр фæкæнынц. Зындгонд къамисæг Хетæгкаты Валодяйæн сæрмагонд равдыст уыди ам, мах дæр та цырд фа^лæууыдыстæм, равдысты разамонджытæй йæ ракуырдтам, нæ культурон центрмæ йæ æрбахуыдтæм, уайтагьд æм æрбамбырдысты цæцæйнæггæ, кæсгалтæ, иралтæ. Æз æм мæхæдæг бацыдтæн ныхасмæ æмæ мын хуымæтæджы хъыг уыдис иронау иу ныхас дæр куы нæ зыдта, уæд. Мæхæдæг фыццагхатт мæ фыдæлты зæххьтл мæ къах куы æрывæрдтон, уæд сæрмагондæй йæ сæйраг горæты Сабырдзинады проспектмæ ацыдтæн, зæгьын, адæмы æхсæн фæуон. Хъусын сæм, æмæ мæнæ диссаг: сæ фылдæр уырыссагау къæр-къæр кæнынц. Æз та загьтон иууылдæр сыгьдæг иронау дзурдзысты æмæ кæдæй- уæдæй мæ фыдæлты æвзаджы цъæхснаг зæлтæм хъусынæц бафсæддзынæн. Фæлæ уым уазæгдон «Интуристы» цур æрыгон мад йæ тæлфаг сывæллоныл куы фæтъæлланг кодта гуыбындз^æл дæ хуылфы, зæгьгæ, уæд загьтон: ме ’рбацыд бынтон дзæгьæлы нæ фæцис, ирон æвзагæн сæфынæй тас нæу. Иу хъуыддагæй ма барухси мæ зæрдæ: чингуыты дуканийы балхæдтон «Ирон æмбисæндтæ». Æвæдза, куыд диссаджы зондджын адæм уыдысты нæ фыдæлтæ, кæуылты хъуыды кодтой! Ныр мæ хæдзары сæдæ ирон чинджы ис, фæлæ мын ацы чиныг æппæтæй зынаргьдæр у... Стæй Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæт’æ. Мæнæ ма байхъусут: «Лæгæн зынаргь куыннæ вæййынц йæ бинонтæ, йæ мад, лæгæн зынаргь куынæ вæййы йæ рæзгæ бонты цард, фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, фæуæн æмбал кæм ис, дæуæй зæрдæйæн адджындæр зæгь-ма мын, чи у, чи?!» Уæвгæ йæ сымах, журналисттæ, мæнæй æвзæрдæр нæ зондзыстут. Мæ зæрдæ йæм суынгæг вæййы. Ирыстоны-иу 215 .
кæстæрты ацы рæнхъытæй фарстон, æмæ йæ нæ зыдтой. Домын сæ хъæуы. Иу хæдзары уазæгуаты уыдтæн æмæ мæм сæ гыццыл чызг æдзух уырыссаг дзырдта. Уæд æз бавдæлдтæн, æмæ йæ асайдтон, зæгьын, зыбыты иунæг ныхас дæр уырыссагау не ’мбарын. Æмæ цы æнхъæл стут?! Æрцардтæн... Сывæллон йæхи æвзагыл куы дзура, уæд ма уымæй рæсугьддæр зæлтæ цы ис фсхъусæн?!. Цы ма дзы нæ фæцыд мæ зæрдæмæ Ирыстоны, уый дæр уын зæгьдзынæн: уагьд уыстытæ уæм æгæр бирæ ис, замманайы сыл- гоймæгтæ. Ирон сылгоймагæй рæсугьддæр ницы скодта хуыцау. Ам, Сирийы дæр, ис уагьд уыстытæ, фæлæ уыййас нæй. Ам зын у ус атæрын. Æнæгьдау куы уа, хæтаг куы разына, уæд уый æндæр хъуыддаг у. Алкæмæ дæр ис хъуагдзинæдтæ, дæхимæ дæр-иу æркæс... Стæй нозт. Æгæр бирæ нуазынц Ирыстоны! Ам афтæ нæу, ам худийаг у расыг кæнын. Ирыстонмæ куы бацæуын, фынгыл куы æрбадын, уæд тыхнуазæнтæй фæтыхсын, æгæр сæ сарæх кæнынц. Æз та фенынмæ, хъусынмæ ныццæуын, фæлæ расыгæй та цы уындзынæ æмæ цы хъусдзынæ. Ноджыдæр ма уын æй иу хатт зæгьын: мæнæ ирон туристтæ ардæм куы æрбафтынц, уæд та нæ мондæгтæ суадзæм, стæй куы аздæхынц, уæд та уыдоны мысгæйæ фæцæрæм, уыдоны кой фæкæнæм, цалынмæ иннæ ирæттæ не ’рбацæуынц, уæдмæ. Мæнæ сымах куы ацæуат, уæддæр та афтæ уыдзæн»... Уыцы æхсæв уазæгдоны бирæ нал фестæм. Азæмæт йæ раныхасы цалдæр хатты амы ирæтты хистæр Хъуыбадты Сулейманы кой куы скодта, уæд мах бафæндыд йæ фенын. Азæмæт æм уыцы афон телефонæй бадзырдта, цæмæндæр араббагау дзырдтой, стæй нын Азæмæт бамбарын кодта: «Чысыд æнæфæразгæ хæссы, стæй, дам, æнæдаст дæн, æфсæрмы уæ кæны. Кæд, дам, сæ фæнды, уæд сæхæдæг ардæм рацæуæд, уæдмæ йæхимæ дæр базилдзæн»... Мах бацин кодтам, уымæн æмæ та дыккаг бон æндæр горæтмæ хъуамæ цыдаиккам, æцæг нæ раздæхт нæхæдæгдæр нæ зыдтам. Дамасчы рухс уынгты уыцы афон фистæгæй арастыстæм. Цæмæндæр афтæ рауад æмæ нарæг тротуарыл мах Азæмæтимæ разæй цыд фестæм, фæрстæй-фæрстæм. Фарста мæ Мæскуыйы хабæрттæ, Дзасохты Алыксандыры ног куыстæй, Ирыстоны ра- царæзт куыд цæуы, уыдæттæй. Æз куыд арæхстæн, афтæ йын дзуапп лæвæрдтон. —Мах ам рацарæзты тыххæй арæх дзурæм, —æрбакаст мæм Азæмæт, —Горбачевæй ам иутæ æппæлынц, иннæтæ-фауынц. Мæнмæ та афтæ кæсы: Горбачев хъæбæрæхгæд хæдзары хицау ссис, рухс æм бауадзын хъуыд, фæцардхуыз æй кæнын. Ай бавдæлд, æмæ уыцы иумæ дуæрттæ бакодта, рудзгуытæ ныттыгъта. Уый раст нæу. Раздæруалæй бакæнын хъуыди дуар, стæй та рудзгуытæ. Сæ иу уал раздæр, иннæтæ дæр кæрæдзийы фæдыл. Талф-тулф митæ нембæлы ахæм стыр паддзахады. Цы дзы рауад ныр та? Дымгæ дзы алыр- дыгæйты сыххуытт кæны... Мах Ирыстоныл мæт кæнæм... Уый та Мæскуыйæ бирæ аразгæ у. Куыд зæгьут? 216
Хадзымураты дзуапп нæ бафæстиат, радзырдта йын нæ респуб- ликæйы ног хицауады хъуыддæгтæ, адæмы разæнгарддзинады тыххæй. Азæмæт цусдуг ныхъхъус, фæлæ æнæнхъæлæджы йæ зарьш райхъуысти: —Æмбисонд æрбауай, Цæлойтæн сæ рæсугьд, гьей. Мæ уд мын фæхаста Дæ бакаст, дæ бахудт... Æз мæ мидбынаты сагьдауæй баззадтæн, фæстейы мæ Хадзыму- рат дæр æрбаййæфта, уыцы æнæдзургæйæ кæрæдзимæ бака- стыстæм, Дис, Цин æмæ Сæрыстырдзинæдæй байдзаг сты нæ цæстытæ. Зæлыдысты ирон лирикон зарæджы уæздан ныхæстæ кæйдæр горæты, стаудтой æнæсайд уарзондзинады, дыууæ уды сыгьдæг æнкъарæнты... Уæдмæ, æвæццæгæн, Азæмæт банкъардта йæ фарсмæ нал цæуын, уый, æмæ йæ зарæг æрдæгыл аскъуыдта, фæси^мæ нæм ракæст, нæ цурмæ æрцыдис. Нæ уавæр нын куы бамбæрста, уæд зæхмæ нымдзаст: —Мæ зæрдæ хъæлдзæг куы вæййы, уæд ацы зарæг азарын... Иу ссæдз азы размæ мын æрбарвыстой йæ пластинкæ, баи> сыди, уæддæр та йæ ногæй сæвæрым, мæ цæстытыл хæхтæ ауайынц,ирон уæздан сылгоймæгтæ, æвæццæгæн ахæм уыдис Цаглойты рæсугьд дæр... Æз ын кастæн йæ сау цæстытæм æмæ æндæр дис ницæуыл. кодтон: цымæ цæмæй бахъæлдзæг ис Азæмæты зæрдæ ахсæв та? Кæд мах уындæй, кæд иронау дзурынæй йæ мондæгтæ сæй суагьта, уымæй, æви сæ дыууæйæ дæр?.. Æртæ амондджын ирон лæджы цыдысты Дамасчы рухс уынгты цыппæрæм иронмæ. Цымæ цы зæгьдзæн уый та йæ амонды тыххæй? ХЬУЫБАДТЫ СУЛЕЙМАН: ШЕ ’РВАДÆЛТÆ СУАДАДЖЫ ДÆР ЦÆРЫНЦ...» Цыбыр фиппаинаг. Хъуыбадты Сулейман, Дамасчы цæрæг ирæтты хистæр, кадджындæр, номдзыддæр. Цæуы йьтл æстай азмæ æввахс. Каст фæци хæстон-инжснерон академи, æфсады райста булкъоны цин, стæй рацыд кусынмæ полицæмæ, уыд Сирийы мид- хъуыддæгты министры хæдивæг. Дыккаг дунейон хæсты рæстæг францаг æфсæдтимæ хæцыд немыцы ныхмæ, фæцис æртæ цæфы, райста фараст хæрзиуæджы. Ныффыста цалдæр чиныджы хæстон- политикон темæтыл. Бирæ зонæг, бирæ фенæг. Æрдæгталынг нарæг уынджы дыккаг уæладзыгмæ Азæмæт нæ разæй схызт, морæ фæлыст дуарыл мидæмæ бахæцыд, дуар гом разынди æмæ нæ размæ рацыд Сулейман^йæхæдæг. Бæрзонд, къæсхуыртæ, низæфхæрд, йæ мæллæг рустæЧфæлурс цикъæйы хуызæн. Цалдæр уаты сæрты æппæтæй æххæсК уат у, зæгьгæ, кæмæй фæзæгьынц, ахæм æндæр уатмæ бахызтшстæм, фæлмæн къæлæтджын бандæттыл нæхи æруагьтам. Кæрæ^зимæ фарстатæ 217
радтыны хъæппæрис фысымты кæй у, уый зьтдтам æмæ Сулейман бирæ нæ бафæстиат: цæй фæдьтл æрбафтыдыстæм ардæм, куьтд цæры Ирыстон, уæхи ма мын бацамонут... Хадзымурат ын йæ мыккаг куы загьта, уæд та уæлдай тынгдæр бацин кодта, сыгьдæг дыгуронау дзурынмæ рахызт, хатгай-иу ын, æвæццæгæн, дзырдтæ нал фаг кодта, араббагау-иу сæ Азæмæтæн загьта, уый та-иу махæн-иронау. Мæнæ дæлдæр цы монолог бакæсат /кæд нæ зивæг кæнут, уæд/, уый дæр Сулрйман дыгурор&у дзырдта, уый йын стыр цин кæй хæссы, уый бæрæг уыд йæ фæллад цæстытыл. СУЛЕЙМАНЫ МОНОЛОГ. Кæд æмæ кæд æрбафтыдыстæм ардæм! Уый уæхæдæг мæнæй æвзæрдæр нæ зондзыстут, бирæ фыстой уый , тыххæй. Махæн на^ - фыдæлтæ сæ хистæр Тазреты фæдыл Туркмæ, стæй та Сиримæ æрыфтыдысты, баззадысты ам. Мæ фыд дæр. Ам ын куыд дзурынц, афтæмæй æвзæр нæ уыд, æвзæр цæстæй йæм нæ кастысты, бирæ хæлæрттæ дзы скодта. Ныртæккæ ацы бæстæйы нæ мыггагæй æртæ хæдзары йедтæмæ нæй, иу ссæдзы бæрц та Турчы сты, мæнæ сæм Азæмæт цæуыны фæнд кæны, ме ’гасæй ма йын куы бантысид, мæхицæн мæ къæхтæ мæ коммæ нал кæсынц. Уым, сымахмæ Ирыстоны, ме ’рвадæлтæ Суададжы дæр цæрынц, уырдæм мæ уæрджытыл дæр фæбырин. Куы нæ мын бантыса, уæд-иу мæ фæстæ Хуйцауæн зæгьут иу æнæраст хъуыддаг та, зæгь, скодтой. Никуы уыдтæн Ирыстоны, фæлæ æппыныдзух мæ цæстытыл уайы, йæ хæхт&, йæ бæлæстæ. Нæ мыггаджы бирæ хорз лæгтæ уыди, уыдон-иу гыццылæй нæ фыдæлты зæххы кой арæх кодтой, уæлдай дæр мæ фыдыфсымæр Хусейн. Уый мын бирæ * æмдзæвгæтæ фæдзырдта дыгуыронау, фæлæ мæ ферох сты, иу ма ^дзы зонын. Иууылдæр нæ хауæ\таг цардыл, нæ хъысмæтыл: Мæ зæрдыл ма лæууы Мæ райгуырæн бон: Æмбырдæй — уыстытæ, Æз се ’хсæн куыдтон. Дзырдтой кæрæдзимæ: —Цы кæны сывæллон? Æз мæ мьптаджы ФьщбонТæ уыдтон. Сæрибарæй ма чи бакусы, Чи ма скæны хæдзар! Кæмæндæр æххуырст у Мæ иунæг ,бындар. Афтæмæй æфхæрдæй, Æгуыдзæг цæры. Цымæ афтæ Кæдмæ уыдзыстæм? Нæ тугыл змæст кæрдзын ; Кæдмæ хæрдзыстæм?.. Æз æй мæ фæстагæттæн æдзухдæр фæдзæхсын: «Йæ райгуырæн бæстæ чи ныууадза, уый сæфт у. Фидар хæцут Ирыстоныл, 218
мæкуыдæм дзы лидзут. Хъахъхъæнут уе ’взаг, йе взаг чи нæ зоны, уый адæймаг дæр нæу»... Ноджы цыбырдæр фиппаинаг Сулейманы дыууæ лæппуйы Кемал æмæ Шамир ныртæккæ цæрынц æмæ кусынц Аравийы, йæ чызг Амал ссис францаг æвзаджы ахуыргæнæг, смой кодта æмæ цæрынмæ алыгьд Канадæмæ. Уæдмæ рæстæг дæр йæ куыст кодта, æмбисæхсæв сси, Сулейма- ны æфсин, ныллæджытæ цингæнаг æфсин /араббаг сылгоймаг/ нын нæ цуры фынг авæрдта, фæлæ мах уыдтам хæдзары хицауæн бирæ бадæн нæй, уый æмæ дзы хатыр ракуырдтам. Суанг уæладзыгмæ бацæуæны онг ма рацыд Сулейман нæ фæдыл, нæ алкæйы дæр зæрдиагæй йæхимæ æрбалхъывта. Асинтыл бынмæ куы æрхызтыстæм, уæд мæ цыдæр тых фæстæмæ акæсын кодта: зæронд лæг ма лæууыд уым, йæ кæсæнцæстытыл рахиз къухæй хæрдмæ схæцыд, галиу къухæй йæ хъулон халаты дысæй йæ цæстытæ асæрфта. Хид ын систы, æви йын цæссыгтæ уыдысты уый мæм нæ зынди. Дамасчы æрдæгрухс æмæ афтид уынгты фæстæмæ Азæмæтимæ раздæхтыстæм. Тигьыл кæм цæрæм, уыцы уынгмæ куы фæзылдыстæм, уæд нæ фæндагамонæг æрлæууыди, мах дæр ба- урæдта: —Иу курдиат мæм ис. Уæ хорзæхæй, Суадагмæ иу фæцæуын ма фæзивæг кæнут, уым Хъуыбадты Муратæн зæгьут Дамасчы, зæгь, уæ хистæр Сулейманы фæлмæст зæрдæ бынтондæр. нал бæззы... Йæхæдæг æй бамбардзæн Мурат цы йын зæгьынмæ хъа- вын, уый... Ам æцæгæлон адæмы æхсæн цы фæнды стыр лæг куы суай, уæддæр зæрондæй уæддæр зæрондæй никæйы уал фæхъæуыс... Стæй та Ирыстоны коймæ рахызтыстæм, Азæмæт йæ сæр катайы тылд бакодта: —А-фæстаг цалдæр азы йæм ацæуын мæ къухы нал æфты, афтæмæй та йын алыхатт фæстæмæ здæхгæйæ афтæ фæзæгьын: «Хорзæй баззай, Ир!..» Мæнæ Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтæ цы чыныджы сты, уый сæргонд дæр афтæ у. Уыцы чиныг у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы ирон фысджыты уацмыстæй аравзт, мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта поэт Хъодзаты Æхсар, йæ сæргонд та у æдзард поэт Калоты Хазбийы прозаикон: æмдзæвгæйы рæнхъмæ гæсгæ æвæрд — «Прозæй баззай, Ир». Исты йын хъуьщы кæныс йе ’мдзæвгæтæй, Дамир?.. Дард Дамасчы сæйраг уынгтæй иуы æз уæздан сирийаг ироц лæгæн зæрдиагæй радзырдтон Мухарбеджы «Сау цæстйтæ». Æз уарзтон сау цæстьшё, уарзтон, Рæсугьддæр уыдонæй кæм уыд. Æхсæв сæ стъалытимæ барстон, Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд... Азæмæт ^æнафоны такситы рухсытæ кæм схъиудтой, уыцы фæндагмæ ныдджих, дард хъуыдыты анагьуылд, стæй мæ афарста: 219
—Мухарбегмæ ма иу æмдзæвгæ ис — «Хъæмæ». Уьтй цавæр дзырд у? . Æз ын æй загьтон. Уый та йæ сæр батылдта: —Кæс-ма, уымæн у æнкъард æмдзæвгæ æнæхъæнæй дæр. Нырмæ никуыуал ферох уыдзæнис... Уæдмæ бынтон æнафон сси, Азæмæты фистæгæй сæхимæ дæрддзæфмæ цæуын хъуьтд. Æз дæр æмæ йын Хадзымурат дæр ацы изæры æнæферохгæнгæ фембæлдтыты тьтхæй зæрдæбын арфæтæ ракодтам, фæлæ дзы нæ иннæ курдиат дæр нæ бамбæхстам. Уæвгæ йæ куыннæ загьтаиккам, кæд æмæ адæймагæн æдзух ахæм фадæттæ.нæ вæййы, æдзух Сиримæ чи æфтдзæни. —Æфсæрмы дæ кæнæм. Азæмæт, фæлæ ма иннæ ирæтты дæр куы фениккам... Æцæг та нæ райсом балцы ласынц нæ фысьтмтæ. Хорз уаид, куы раздæхæм, уæд... Азæмæт йæ мидбылты бахудт æмæ йæ сæр разыйы тылд бакодта; —Уый уын мæ быгьдуан... Иу уысм ничи ницыуал дзырдта, стæй та Азæмæт фæразæй: —Дзырд: «быгьдуан»... Ирон æвзаг мæгуьтр уымæн у, æмæ йын йе ’ппæт дзырдтæй нæ пайда кæнæм. Ирыстоны уæвгæйæ уыцьт хъуыст кодтон, фæлæ ацы дзырд æппындæр никæмæй фехъуыстон. Афтæмæй та куыд рæсугъд у?! Адæймаджы бирæ цæуылдæрты домы... ИРÆТТÆ ÆРЫМБЫРД СТЫ... Азæмæты хæдзары. Йæхæдæг нæм æрбацыд хæдзары хицау уазæгдоны цурмæ, йæхæдæг нын уыдис фæндагамонæг, стæй ныха- скъахæгдæр. Фыццаг къахдзæфтæ куы акодтам, уæд цьтма æппæт дунейы æфсармдæр уый бацыди, цыма нæ истæмæй аххосджын у, уыййау бакодта: —Сеппæтмæ телефонæй нæ бахаудтæн. Дыууæйæ дзы æнæфæразгæ хæссынц, цыппарæй та Франц æмæ Канадæмæ ацы- дысты балцы... Иннæты фендзыстут. Федтам сæ. Æрмæст уыцы фенды тыххæй дæр, стæй нæм куыд тынг æнхъæлмæ кастысты, куы тьтнг ныл бацин кодтой, æрмæст • уыдæтты тыххæй фистæгæй æрбацæуæн дæр уьтдис ацы бæстæмæ. Фæрстытæ, фæрстытæ, фæрстытæ... Цы хабæрттæ ис Ирыстоны, цыма аирвæзт абоны онг нæ фьщæлты æгьдæуттæй, цы хуызы ссардæуа нæ чызджытæн ирон фæндьтр... Кæйдæр уæззау цæстæнгас та банкъардтон мæхиуыл, цьтдæр æбæрæг тых мæ уыцырдæм азылдта, рæбинаг къулæй мæм ком- коммæ нымдзаст...Къоста. Фæстæдæр мæ Азæмæт йæ цин нæ бамбæхсдзæн: «Уыцы портрет мын Ирыстоны лæвар у!» Афтæ мæмæ каст, цыма йæ сау хъоппæг цæстытæ æрмæстдæр мæныл æрывæрдта, Къоста, æрмæстдæр мæнæн фæдзæхста: «Хъысмæтæй æлгьыст ирæттæй мацы басусæг кæн, нæ дзьтрдуаты рæсугъдтæ сын ссар, Ирыстон сын ноджыдæр ма бауарзын кæн»... 220
Уат йе «дзаг уыд фаглмæндзырд хистæртæ, уæздан лæппутæ æмæ чызджытæй, сеппæтимæ дæр базонгæ стæм, æцæг иу хъуыддагæй фæрæдыдтæн: журналисты блокнот сисын мæм аив нæ фæкаст æмæ ма ныр бæргæ фæсмон кæнын, кæмæндæрты дзы сæ нæмттæ æмæ сæ мыггæгтæ фсрох сты, фæлæ дзы мæ зæрдыл кæй бадардтон, уыдонæн сæ фыссын, мыййаг сæм мæ чиныг куы бахауаг уæд сын уадз æмæ зæрдылдарæн лæварау уа, иннæтæ та мын хатыр бакæнæд. Æдзухдæр мæ цæстытыл уайдзæн,мæ зæрдыл хорз бадардтон амы хистæр сылгоймæг Сахирæ мын сæ куьщ амыдта чи куыд бадти кæнæ лæууыди уаты галиуырдыгæй рахизырдæм, уый: — Мæнæ мæ фарсмæ цы сылгоймаг бады, уый ацы хæдзары æфсин у, Азæмæты бинойнаг Омаймæ, чызгæй араббаг у, чындзæй та-мах, иронау сыгьдæг дзуры, йс ’фсин æй сахуыр кодта. Махмæ, ам, хорз чындзыл нымад у (иууылдæр худтысты æмæ æмдзæгьæд кодтой), мæнæ уый та сæ чызг Риммæ, унивсрситсты францаг æвзаг дæтты, арæх вæййы фæсарæнты, уæртæ дуарыл чи банцой кодта, уыцы чызг та Иас у, Азæмæты æфсымæры чызг, газет «Тишрин»-ы редакторы секретарь, уьтй нын фехъусын кодта сымах нæм кæй æрбацьтдыстут, уьтцы хорз хабар, хæрзæггурæггаг рамбылдта, йæ фарсмæ уый та Ахмæт у, аэропорты кусæг, ус ын нæма ис/æрмæст .ирон чызг агуры къайæн, Ирыстонмæ, дам, цæуын амондагурæг, Дзæуджыхъæуæй, дам, æй æрбаласдзынæн ( иууьтлдæр схор-хор кодтой, æмдзæгьд )... Æз мæхæдæг та Сæхирæ дæн, бирæ азты уыдтæн сывæллæттæн ахуыргæнæг, мæ чьтзг æмæ мæ лæппу уæлдæр скъолаты ахуьтр кæнынц. Мæхæдæг сæ фыдимæ хæдзаргæстæ стæм, æнхъæлмæ кæсæм Ирыстонмæ нæ чи ахондзæн, уымæ. Уæ зæрдыл нæ бадардзыстут?.. Бадардзыстæм. Нæ нæ ферох æмхуызонæй нын кæй бабар код- той, уыцьт фæдзæхст дæр: — Ам, Сирийьт, фæйнæ цалдæргай азтæ фæкуыстой хистæр инженер Саламаты Чермен, ныртæккæ Дзæуджыхъæуы цæры æмæ кусы, стæй аразæг Гугкаты Валодя. Дыууæ дæр нæртон лæгтæ, æгьдауджын, Ирон адæм кæрæдзиуыл куьтд хъуамæ хæцой, куыд аудой, уый уыцы дыууæ ирыстойнаджы равдыстой. Тынг æххуыстæ нын фестьт, фæйнæ фондз-æхсæз лæппуйы та ахуырмæ арвыстой алы бæстæтæм, ныр сæ лæгтæ рауади... Иуд- зырдæй, сæхæдæг нæ цы мысынц, уьтй нæ зонæм, фæлæ сæ мах тьтнг бузныгæй баззадыстæм, мæнæ бафæрс, арæх сæ æрымысæм, нæ номæй сын-иу æгас Ирыстоны астæу стыр арфæтæ ракæнут... Мах сын зæрдæ бавæрдтам, нæ зынаргь «Рæстдзинад»-ы руаджьт уьтй дæр нæ къухы бафтдзæн. Сæ уыцы фæдзæхст нын нæ фысымтæ фьтнджы уæлхъус загьтой, нал бацауæрстæй Æлбегтæ сæ бæркадыл, уæгьд бынат нал баззад дæргьæй-дæргьмæ стъолыл, иууылдæр махæн кодтой кæстæриуæг, арæхдæр хъуысыдысты мæнæ ацы дзырдтæ: «Ахæрут ма, мæнæ ма ацы хай райс»... Ахæм уавæры хæрыныл нæ ауæрстам, фæлæ мæнæн цымыдиссагдæр уыд фынджы уæлхъус ирон æгьдæуттæ 221
кæнынц, æви нæ кæнынц, уый, мæхи сыгьдæг иронау, кувынмæ сцæттæ кодтон, сидтытæ мæ мидхъудыты цал æмæ цал хатты ранымадтон. Фыдæнхъæл фæдæн. Тымбыл фæйнæгыл Азæмæты æфсымæры чызг Иас йæ даргь рæсугьд къухты чъиритæ куы рацай- хаста, уæд загьтон: «Ныртæккæ сæ Азæмæт кувгæ кæндзæн: «оммен хуыцау» ын зæгьын хъæудзæн. Фæлæ сæ фынгьтл куы æрывæрдта æмæ рагацау кардæй лыг куы разындысты, уæд мын хуымæтæджы зын уыдис, мæхинымæр бакатай кодтон: «Цы бакуыстат, скувын уал сæ хъуыди...» Ницыуал сæм баззад не гьдæуттæй, кæдæм кæсыс, Азæмæт?» Фынджы хистæр мæ миддунейы цы фæдис райгуырд, уый не’мбæрста, æвæццæгæн æм йæ агуывзæйы «Кока-Колæ»-йы цъæхснаг сыр-сырæй нæ фехъуысти. Нæ фысымты миниуджытæй иу уæлдай тынгдæр фæцыд мæ зæрдæмæ: алчидæр сæ архайдта Ирыстоны тыххæй исты радзу- рынмæ, цы дзы зоны, кæд дзы уыдис фыццаг хатт, кæм сæмбæлди уымы ирæттыл, цавæр зæрдылдаринаг лæвæрттæ йæм ис уыр- дыгæй... Æз сæ æмбæрстон: уыцы чысыл мысинæгтæй мынæг кæнынц сæ зæрдæты сагьæс, æвдисынц се ’нæкæрон тырнындзинад сæ фыдæлты зæхх фенынмæ. ПАТЫРТЫ НАСРЕДИНЫ МОНОЛОГ: — Мæхи уал уын бацамонон... Цæрын ам, Дамасчы, кусын инженер-механикæй арæзтадон организацийы. Ис мын бинойнаг Хайфа, стæй æртæ лæппуйы — Тамби, Анзор æмæ Инал. Бафип- пайдтат нæмттæ? Уый Ирыстоны кæй уыдтæн, уымæн ирд æвдисæн у. Уый та куыд рауади? Сири æмæ Советон Цæдисы ахæстдзинæдтæ раздæр хорз нæ уыдысты, фæлæ 1964 азы цыдæр бастдзинад фæзындис, дыууæ бæстæйы адæмтæ кæрæдзимæ цæуын райдыдтой. Æз дæр уыцы аз Мæскуыйы Лумумбæйы номыл университетмæ бахаудтæн. Фыццаг каникулты куы æрбацыдтæн, уæд мæ мæ фыд йæ цуры æрбадын кодта: «Лæппу, бынтон фæхæстæг дæ дæ фыдæлты зæхмæ. Æз мæ фыды фæдзæхст нæ сæххæст кодтон. Уый мын гыццылæй загьта: «Дæ зæрдыл бадар мæнæ ацы дзырдтæ: «Ирыстон, Цыкола хъæу, Батырты База.» Æз искуы куы нал уон, уæддæр-иу дæ фыдæлты зæхмæ бафт, æрзоныгыл-иу кан, ссар-иу де ’фсымæрты...» Мæнæн цынæ бантыст, уый ды бакæн»... Фæстæмæ Мæскуымæ куы раздæхтæн, уæд иу бон Ленинградмæ поезды фæцæйцыдтæн, купемæ нæм иу сылгоймаг æрбахызт æмæ йæ уайтагæддæр мæ зæрдæ базыдта: амæн æнæ ирон уæвгæ хос нæй. Цæргæ, дам, Налцыччы кæнын, фæлæ, дам, уæвгæйæ та Цыколайæ дæн. Æмæ, зæгьын, уым Батырты Базайы нæ зоныс. Куыннæ, дам, æй зонын, мæ баба куы у, уæд. Федтат, амондæй куыд у, уый?! Ме ’ннæ æрвадæлтимæ дæр мæ базонгæ кодта, уæгьд мæ.нал суагьтой, дыууæ хатты Цыколайы балæууыдтæн. Уырны- дæ, Ирыстоны зæххыл куы æрлæууыдтæн, уæд мæ зæрдæ рацæйхаудта, уымæй размæ кæм уыди, уый зонгæ дæр нæ кодтон. Мæ зонгуытыл 222
æрлæууыдтæн, мæ ных зæххыл авæрдтон, ме ’рвадæлтæ мæм фæлæбурдтой, мæ цæнгтыл мын фæхæцыдыстьт, фæлæ мæ куы бамбæрстой, уæд ме мкуыд фæкодтой... Цыма мыл æнæхъæн Цыкола дæр æрымбырд, афтæ мæм касти, алчидæр мæ сæхимæ хуьтдта, фыдджынтæ æмæ нæртон бæгæныйæ мæ мондæгтæ суагътон. Хистæртæ æндæр ницы дзырдтой: кæс ма, бынтондæр ироны хуызæн у. Уый ма мын Мæскуыйы дæр загьтой. Метройы мæм иу салдат бирæ фæкаст, бамбæрстон æй цыдæр йæ зæрды ис, уый, стæй мæ уæддæр бафарста: «Бахатыр кæн, ирон лæппу нæ дæ?» Хъæбьтс дæр ма йьтн акодтон. Стæй та Ашхабады... Нæ къорды студенттимæ уырдæм къуьтри балцьт ацьтдьтстæм, не ’мбæлттæ.иууылдæр негртæ, мах та дыууæ сирийаджы, æз ирон, иннæ та араббаг. Уьтцы горæтьт æдзухдæр иу рестораны хордтам. Дыккаг бон иу хъуыддаг бафиппайдтон: дыууæ ас сылгоймаджы, рестораны кусджытæ, мæнмæ цьтдæр лæмбынæг кастьтсты. Афтæ цалдæр боны, стæй мæ сæ иу бауырæдта, чи, дам, дæ. Зæгьын, ирон дæн, сирийаг ирон. Æмæ -иу куы ньтддис кодтой мах, дам, дæ фыццаг бон дæр базадтам ацы сау лæппуты æхсæвн дæ куьт федтам, уæд, тынг мыл фæцинтæ кодтой. Æрмæст уый тыххæй дæр æз æрдзæй бузныг дæр, сæрыстыр дæн. Æппæты разæй та Мæскуыйы ирæтты базьтдтон, сæ хистæр Берозты Темырболат æмæ йæ бинойнаг Азæйæн сæхи лæппуйьт хуызæн уыдтæн, мæ зæрдæйы фаг уым бафсæстæн ирон хæринæгтæй, зымæгон-фыдджынтæй, сæрдыгон — цæхæраджынтæй. Мæнæ цьтмæ нæхимæ уыдыстæм, афтæ æнкъардтам нæхи уьтцы стыр горæты. Иухатт мæ низ æрцахста, æнæ операцийæ нæ аирвæзтаин. Темболаты руаджы фервæзтæн. Ахæм хорздзинадæн куыд ис ферохгæнæн? Кæд Березтæм искуы бахауат, уæд ма сын-иу, уæ хорзæхæй, раарфæ кæнут. Цæугæ кæнут, уый зонын æмæ ма уын иу хъуыддаг фæдзæхсын. Батыртæй искæуыл куы сæмбæлат, уæд-иу ын зæгьут: мæ уидæггæ, зæгь, стут, æз уæ ссардтон, мæ фьщы фæдзæхсг сæххæст, хуры æрттиваг тынтæй бабастон амы æмæ уымы Батырты зæрдæтæ. Уым куы уыдтæн ’ фæстаг хатт, уæд дзы нæ мыггагæн куывд уьтдис. Æртæ фондзссæдз адаеймаджы дзы æрымбырд. Æндæр ницæмæ бгеллын, иухатт ма ахæм куывдмæ бахау, дæ хоты æмæ де ’фсымæрты цæсгæмттæм фæкæс дæ зæрдæйы фаг, симды та бацу... Мах дæр ахæм куывд кæндзыстæм, Турчы Батыртæм дæр æрвитдзыстæм, Цыколамæ дæр... АЗÆМÆТЫ ПИСМО ИРЫСТОПМÆ... Фæстаг бон дæр та нæм фæндараст зæгьынмæ Азæмæт æрбацыд, уæздан æмæ фæлмæнзæрдæ Азæмæт. Неппæты номæй та йын Хадзымурат арфæйы ныхас загьта, бирæ та фæныхас кодтам, ца- лынмæ Абу-Гасан йæ «мерседес»-тæ не рбатардта, уæдмæ. Уазæгдоны къæсæрыл Азæмæт йæ дзыппмæ нывнæлдта, цыппæртигьон гæххæтт дзы систа: 223
— Мæнæ мын ацы писмо Ирыстоныл сæмбæлын кæн, Дамир... Сусæггагæй дзы ницы ис. Æз æй хæдтæхæджы райхæлдтон. Сымах дæр æй бакæсут ку- ыддæриддæр уьтд, афтæмæй, иу дзырд дæр ын дзьг нæ аивтон, ницы йæм бафтыдтон, æрмæст дзы цалдæр къæдзыджы æвæрын бахъуыд: «Дæ бон хорз, мæ Ирыстон!» Зæрдæбынæй дын салæмттæ æрвитын. Æрæджы дæ раздæхтæн нæхимæ, фæлæ мæ зæрдæ та уым баззад, æвæццæгæн мын базыртæ куы разаид, уæд та дæм фæстæмæ раздæхин æмæ та дæ уынгтьт, дæ къæраты ногæй æрзилин. Уымæн дын зæгьын, уьтй, аемæ дæ уарзын* Райгуырæн бæстæйæ зынаргьдæр нæй, æдзухдæр дæ мысын, дæ кой куы фæкæнæм, уæд мæ зæрдæ барухс вæййы, схъæлдзæг вæййы. Бирæ хæттыты мæхинымæр фæдзурын: «Æз Ирыстоны афтæ цæмæн уарзын?» Æвæццæгæн, мадæлон æвзагæй кæй дзурын, «Ирон фæндыр» иронау кæй кæсын, ирон зарджытæ мæ зæрдæмæ кæй хъарынц, уьтй тыххæй, æз Ирыстонимæ мæ амæлæтмæ баст дæн, æдзухдæр ууыл хъуьтды кæнын. « Æз иронау куы нæ зыдтаин, уæд мæ зæрдыл дæр не рлæууид. Ирыстоны цы ирон адæмтæ цæрынц, уьтдон иубон Къостайы æвзагæй куы нал дзурой, уæд æнцонтæй фæхицæн уыдзысты мадæлон зæххæй. Фæстаг хатт куы уыдтæн Ирыстоны, уæд уьтнгты æрзылдтæн, зæгьын, мадæлон æвзагьтл ныхас фехъусон адæмьт дзыхæй, фæлæ никуы æмæ ницы. Дзæуджыхъæуы стыр уынджы мæ хъустыл ауади ирон ныхæстæ, акастæн æмæ федтон цалдæр адæймаджы, хъæутæй чи ссьтд, ахæмтæ сæ фæллад уагьтой. Уьтдон дæр иу бон сæ фæстаг балцы куы ацæуой, уæд^ма Къостайы æвзагæй чи дзуры, ахæм нал уыдзæн. Адæймаг йæ мадæлон æвзагæй куы нал дзура, уæд æм хъару дæр нал уьтдзæн зæгььтнмæ: «Æз ирон дæн». Цы взагæй ма бакæсдзæн «Ирон фæндыр», кæмæн æй ныффыста Къоста? Мах мадæлон зæххæй чи фæхицæн æмæ дзæгьæлæй чи цæры фæсаранты, уьтдон не ’взаг нал зонæм æмæ Цы адæмы æхсæн цæрæм, уыдоны æвзагæй дзурæм, се ’гъдæуттæ сын райстам, сæ историимæ сын баст стæм. Махæм нæ зынг ахуыссыди, нæ амонд ахæм у, фæлæ Терчы былыл цы адæм цæрьтнц, уым чи райгуырди, уым чи схъомыли, уыдон се ’взагæй ма дзурæнт, уы& куыд раст у? Афтæ фæзæгьынц: «Мадæлон æвзагæй чи нæ дзуры, уый йæ райгуырæн бæстæ нæ уарзы, уый æцæг амонд никуы ссардзæн». Гыццыл адæм се ’взагыл хъæбæр куы нæ хæцой , уæд стыр цуайнаджы атайдзысты... Хуыцау нæ уымæй, бахизæд. Дамаск. 17.10.1989 аз. Æлбегты Азæмæт.» Ньтрма ныр фæкомкоммæ дæн писмо цы бон, цы мæй æмæ цьт аз фыст æрцыдис, уымæ. Æвæццæгæн æй сьтмах дæр бафиппайдтат, зынаргь чиныгкæсджытæ. Цæмæн æй фæдардта фыетæй уый бæрц рæстæг йæхимæ? Кæд къонверты æдасдзинадыл не ’ууæндыдис æмæ 224
Ирыстонæй искæйы бацыдмæ æнхъæлмæ каст, цæмæй йæ уый «Рæстдзинад»-ьтл сæмбæлын кæна? 3. ХУЫЦЛУБОНЫ ЛТЛХТЫСТÆМ, ХУЫЦЛУБОПЫ ÆРБЛТЛХТЫСТÆМ... Хинымæры хъуыдытæ (Мæскуыйы сын ныффыстон сæ иу хай, Ирыстоны ма сыл бафтыдтон). 1. Кæдæм тагьд кæнынц цымæ ацы мæскуыйæгтæ? Куы дæ сæ иу скъуырдзæн, куы сæ иннæ. Сæ куыстмæ, æмæ уæд нæ цардьтл бæрæг нæ уаид? Дуканитæм, æмæ дзы кæйдæр загъдау, боныгон цырагьы рухсмæ куы ницы ссардзынæ. Иу даргь сæрыхъуынджын лæппуйы хъазæн ныхас мæ зæрдыл бадарын хъæуы: унивсрмаджы дуары цур лæууыд, æмæ мидæмæ чи æрбацæйцыд, уыцы къæсхуыртæ сылгоймагæн афтæ: «Ардыгæй ахæссæн ницы ис, ардæм нæхи исты хæссын хъæуы». Чи йын бамбæрста йæ хъæзæн ныхас, уыдон æм мæнау бахудтысты... 2. ГУМ-ы цур. Мæ цæст дарын мидæмæ чи гуьтлф кæны, уыцы адæммæ. Иу хъуыддаг æвиппайды бафиппайдтон: размæ исты æнхъæлæй чи бырсы, уыдон æй искуы-иу йедтæмæ рахиздырдыгæй Сьтрх Фæз æмæ Кремлырдæм йæ сæр ничи азилы. Цæуыннæ цымæ? Æз та дзы мæ цæстытæ нæ исьтн. Æцæг мæ иу хъуыддаг ферох: мидæмæ ГУМ-мæ куы фæцæйцыдтæн (афтидæй дзы раздæхтæн), уæд цымæ мæхæдæг уыцырдæм акастæн?.. 3. Карл Марксы номьтл проспекты райдиан æнæдаст, боцъоджын, хæмпæлсæр лæппутæ алыхуызон инструменттæй (сæ фæрстыл бæгьнæг сылгоймæгты ньтвтæ) хъыллист цагъд кæнынц, сæ размæ ихсьтд чумæданы сæр кефиры афтид къопп. Цæуджытæй сын дзы чи абази ньшпары, чи сом, цалынмæ сæ цуры лæууыдтæн, уæдмæ дзы иу расыг лæг æртæ сомы ныппæрста, фæцудыдта æмæ ахауд. Уыдон сæ цагьд нæ ныууагьтой, иннæ цæуджытæн лæгъстæйаг уьтдысты... Æниу иугай мæгуыргуртæ цас ис Мæскуыйы? Дуканиты цур, мет- ромæ æрдæгплынг ныууайæнты. Мæ зæрдæ сриссы сæ уьтндмæ, нал фæллæууын æмæ та дзыпмæ нывналын, мæ лыстæг æхцатæ иууылдæр уыдоныл фæвæййынц. Дамасчы æз иунæг мæгуыргуыр дæр нæ федтон... Ирыстоны дæр нæй. Проспекты Сырх Фæзмæ бахызтыстæм,. раст уыцы сахат хъахъхъæнæг салдæттæ кæрæдзийы ивтой, адæм сыл сæ цæстытæ æрывæрдтой. Уалынмæ кæцæйдæр цалдæр урс-урсид баглоны æрбатахт, Ленины Мавзолейы тарбын лæгьз дуртыл æрбадтысты, урс стьæлфытау бандзыг сты, бынмæ ныдгрких сты, сæ сæрмæ та Кремлы æрттиваг цъуппыл фæйлыдта сырх-сырхид тырыса. Мæ п,æстытыл ауад Дамасчы нæ бæстæйы минæварды бæстыхай, уæлæ уьщы тырысайы халдих уьтм дæр хурмæ тыбар-тыбур кæны, сабырдзинадыл зарæгау зæлы йæ сæр-сæр. Æмæ мæ зæрдыл æрбалæууьтд, арæх кæй фехъу- сьтн, уьщы ныхас: «Цы фæнды мæгуырæй дæр нын хæст ма уал уæд»... Фæстæмæ нæхи Ирыстонмæ куы сыздæхтыстæм, уымæн йæ дыккаг бон мæ зонгæтæй иуьтл амбæлдтæн, кæрæдзиуыл бацин кодтам, стæй не ’хсæн рауад мæнæ ахæм цыбыр диалог: 15 Д.Х. Дауров 225
— Æмæ демæ та цы ’рбаластай, демæ? Æз æй бамбæрстон цы дзуаппмæ мæм æнхъæлмæ кæсы, уый. — Мемæ?.. Рæсугъд мысинæгтæ æмæ уыцырдыгон дидинæг. Уый ныддис кодта: — Ау, æмæ рæсугьд мысинæггæ æмæ хус дидинæгæй фæцæринаг дæ? Æгæр æрæгмæ йын дзуапп куы лæвæрдтон уæд мыл къух ауыгь та æмæ ацыд. Æз æй фæдыл бирæ фæкæстæн æмæ йæ...мæхинымæры сраст « кодтон, бамбæрстон ын йæ уайдзæф. Æцæгæйдæр хъæздыг фæсарæнмæ ацу æмæ дзы мацы балхæн?! Раст зæгъгæйæ нын Сирийы журналистты Цæдис стыр лæвæрттæ скодта, æмбисонды æрттиваг стьолæмбæрзæнтæ, чи сæ федта, уыдон иу хатдзæгмæ æрцыдысты: æрмахт уыцы лæвары тыххæй дæр ацæуæн уьтдис ахæм балцьт. Æнæ лæварæй нæ нæ рауагьтой нæхй ирæттæ дæр. Фа^гæ ныхас, кæй ницы балхæдтам, ууыл цæуы. Дамасчы нарæг уынгты стыр хæдзæрттæн сæ фыццаг уæладзгуытæ иууылдæр дуканитæ сты — дзаумайы, хæринаджы, хъуымацы, сызгьæрины, æвзисты... Æхца дæм куы уа, уæд-табуафси, кæйдæр загьдау, цъиуы æхсырæй фæстæмæ дзы — алцыдæр. Махæн та нæ дзыппыты дымгæ хъазыди. Цæрдæг гыццыл лæппутæ-иу алы тигьыл дæр нæ размæ æрлæууыдысты, нæ къæхтæм нын кастысты, нæ иуæн йæ рыгæйдзаг дзабыртæ æдзух сæрфинаг уыдысты. Бæргæ, фæлæ сын цæмæй бафьтстаид, уый нæ уыди. Ме ’мбæлттæн нæ зонын, фа^лæ æз мæхимæ тьтнг æгад æркастæн, нырма йæ ныр бамбæрстон, раздæр-иу советон адæймаджы фæсарæнтæм цæуылнæ уагьтой, уый: амы цард ма феной, дуканиты хъæздыг . тæрхæджытæм ма бахæлæг кæной. Ньтр уадзынц, фгслæ мамæлайьт комдзаджы фаг æхцатимæ. Амбæлдысты ныл ростоваг туристтæ дæр. Иу мын дзы хъаст кодта: «Мсмæ фондз водкæйы, дыууæ сахаты, хилдасæны раластон, зæгьын, ауæй сæ кæндзынæн æмæ дзы исты балхæндзынæн мæ чызгæн. Никæйы хъæуынц, япойнаг æмæ сæм канадæйаг дзаумæттæ сты кадджын, мах уæттыл нал æрвæссынц. Кæд сæ фæстæмæ аласон?» Фæлæ мах æрбахъæздыг стæм. Дамасчы нæ бæстæйæ чи кусы, уырдæм рæстæгмæ чи бацæуы, уыдонæн сæрмагонд дуканитæ ис, асламдæрæй нын уæй кæнынц, æвæццæгæн нын нæ дзыппыты уавæр фæзонынц, æмæ уымæн. Фæстаг бон нæ нæ минæварады кусæг уырдæм аласта, нæ капеч- чытæ схардз кæнынмæ. Мах Хадзымуратимæ нæхи æвзагыл куы сдзырдтам, уæд нæм фæстæмæ фæзылд иу æрыгон рæсугъд сылгой- маг, йæ цæстыты æнакæррн дис æмæ æхсызгондзинад: — Ирæттæ стут? Зæгьын, ирæттæ стæм. Йемæ цы дыууæ нæлгоймаджы уьтд, уыдон дæр нал бацин кодтой. Разындысты Черчесты Таня æмæ йæ къай Сергей, стæй сæ фысым Æлбегты Бахадин, Азæмæты æфсымæр, Дзæуджыхъæуæй сæ æрбахуыдта, сæхи «Москвич»-æй æрбацыдысты Турчы сæрты, фæстæмæ дæр та афтæ хъуамæ рацы- даиккой Ирыстонмæ. Бахадин нæ æфсармы бафтыдта: йæ дзьтпмæ 226
нывнæлдта æмæ нын фæйнæ 300 лиры байуæрста. Нæ сæ куымдтам, фæлæ Бахадин ныхъхъæддых мæ зæрдæхудты, дам, ма бацæут, ныртæккæ, дам, мæ дзыппы фылдæр нæ разынд, æндæра, уын уыдон дæр нæ бахæлæг кодтаин, мæлæты стыр æхцатæ куы нæ сты, мыййаг. Амы стыр æргьтæм гæсгæ, уый æцæгæй дæр афтæ у, фæлæ ма цæмæй уыцы дуканийы афæстиат уыдаиккам, уымæн стыр ахъаз фесты. Нæ иуы зæрдæмæ дзы хъуырыл ауындзгæ æвзист кулонтæ фæцыдысты, мæ чызджытæм, дам, афтидæй куыд бацæуон, цы сын зæгьдзынæн, истæмæ мæм æнхъаглмæ кæсдзысты. Æртæ кулоны фаг ын нæ кодтой, 45 фондз лиры ма йæ хъуыд, мах ын сыл Юриимæ æфтыдтам, фæлæ махæй нæ куымдта, уæхи дæр, дам, исты балхæнын хъæуы, йæ хъуыны стыхстис. Фервæзын æй кодта нæ таглмацгæнæг: — Паддзахадон дукани нæу, уæйгæнæгæн йæхи дукани у æмæ бафæлварæм йемæ абазар кæнын, кæд нын сæ уыцы æхцатæй радтид... Бафæлвæрдта араббаг æвзагыл, абазар кодта, фæрæстмæ ис. Уæйгæнæг, рихиджын, тымбылдзæсгом, нæхи æмгар нæлгоймаг, æртæ кулоны æрттиваг гæххæтты батыхта, нæ размæ нын сæ рахаста, æцæг загьта: — Куыд зонæм, афтæмæй нæм Уæрæсейæ чи æрбацæуы, уыдонмæ æхца фаг никуы вæййы, фæлæ уын æдзухдæр нæ зæрдæтæ гом, мах, сирийæгтæ, нæ дыууæ бæстæйы ахастдзинæдтæн стыр аргь кæнæм... Æппæт уыдæтгæ лæмбынæг уымæн фыссын, цæмæй йæ зонат хатгай фæсарæнты бæлццон лæг цы уавæрты бахауы, уый. Æнæуи та æппæт уыдæттæ сæ койы аргь дæр несты. Мах æлхæнынмæ нæ ацыдыстæм, махæн нæ балцы сæр Хæлардзинад уыдис, ссардтам æй. Нæ хистæр дзырдарæхст Гокъоты Хадзымурат стыр уырыссаг æвзагыл дзургæйæ ирон куырыхон лæг басгуыхт, стыр ныхас фæкодтам, стыр фæндæттæ бахастам дыууæ бæстæйы, тынгдæр та Ир æмæ Сирийы журналистты Цæдисты бастдзинæдтæ цæмæй фидардæр кæной æмæ мах руаджы нæ адæмтæ дæр кæрæдзийы хуыздæр æмбарой, уый тыххæй. Уыцы хъуыддаджы мах нæ хæс сæххæст кодтам, уырдæм ацæуынмæ ныл чи баууæндыд респуб- ликæйы уыцы журналисттæн та ма æз иухатт мæхи номæй арфæ кæнын лæгæй-лæгмæ. Афтæ мæ чи фæрста демæ та цы ’рбаластай, зæгьгæ, мæ уыцы цымыдис хæларæн та æцæгæй, æнæхинæй загьтон балцы цæмæй æрбахъæздыг дæн, уый, рæсугьд мысинæгтæ ’ фæндагыл цæстыгагуыйау кæй хъахъхъæдтон, уыцы фæлмæнсыф Дидинæгæй. Уыцы мысинæгтæ цалынмæ мæхæдæг уон, уæдмæ уыдзысты мæ уды рæбинагдæр æвæрæнты, азæй-азмæ мын зынаргъæй-зынаргьдæр кæндзысты, адджынæй адджындæр. Дидинæг та... Хъуыды ма кæнут, уаглдæр уын кæй фыстон, уыцы хæлд горæт Эль-Ку- нейтрæйы тыххæй, уый, сирийаг адæмы знаджы æгьатырдзинадæн æнусон цыртдзæвæн у. Кæройнаг пырх хæдзæртты цур, æппæтæн хъуыстгонд «голландийаг бæрзæндтæй» сирийаг арæнты астæу æз фæкомкоммæ дæн тæвд дымгæмæ чи змæлыди, уыцы лыстæгзæнг дидинæгмæ. Мæ къух æм куы баивæзтон, уæд мын, нæ фембæлды 227
райдиан не ’рбацыдыл чи бацин кодта, хъуккаг лæппу дæн, зæгъгæ, сæрыстырæй чи загъта, уыцы æрыгон лсйтенант Мулхам Слайби аххуыс кодта: сындзтелтыл хæрдмæ схæцыд, куы йæ феуæгъд кодта, уæд йе згæтæ фæндаджы рыгау æрызгъæлдысты. Æз дидинæг мæ армытъæпæны авджид бакодтон, йæ тæвд сыфтæ райсомы хурмæ нæхи гыццыл тырысатау цæхæртæ скалдтой, мæ цæсгомы рухсыл мын рухс бафтыдтой. Стæй мæ зæрдæйы рухсыл. Уымы фæндæгтыл ме ’мбæлццон чи уыд, уыцы блокноты галиу дзыппы йæ хъавгæ сæвæрдтон, уым ис ныр дæр, арæх æм æркæсын æмæ та мæ цæстытыл ауайынц зæрдæхæлар æмæ сæрибаруарзаг сирийаг адæм, быдираг арты цæхæры стъæлфæнтау уырдæм чи асхъиудта, уыцы сагьæсхуыз ,ирæттæ, махыл æрхъæцмæ чи нæ хъæцыд, уырдыгæй ардæм нын ирон æвзæг хъахъхъæнут, зæгъгæ, чи фæдзæхсы, Дамас- чы нарæг уынгты Цæлойты рæсугьды зарæг чи ныззары, уыцы Æлбегты Азæмæт, ме рвадæлтæ Суададжы цæрынц, зæгътæ, æнкъардæй чи загьта, æз æй куыд бамбæрстон, афтæмæй Ирыстоны зæххыл амæлынмæ чи бæллы, уыцы ирон Стыр лæг Хъуыбадты Сулейман, йæ фæдзæхст чи сæххæст кодта, мæ фырттыл дыгурон нæмттæ сæвæрдтон, зæгъгæ, чи æппæлыд, уындæй æцæг ироны хуызæн дæн, зæгъгæ, сæрыстыр чи у, уыцы дзæбæх лæппу Насрс- дин, мах æрбацыд æппæты фыццаг чи базыдта, хæрзæггураггаг чи рамбылдта, йæ лыстæг даргъ цæнгтыл нын чъиритæ чи рахаста, уыцы рæсугьд чызг Йас... Амæй фæстæмæ сын Хуыцаумæ кувд- зынæн, Уастырджийыл сæ фæдзæхсдзынæн Хетæджы къохьт... Æртыккаг хай * ÆЛБЕГТЫ АЗÆЫÆТЫ ДЫУУÆ ФÆДЗÆХСТЫ... Лæгæй лæгмæ мын сæ зæгьта мæ дзæбæх сирийаг ирон хистæр Азæмæт, мæнæ цыма йæхи лæппуйæн фæдзæхста, уыййау. Йæ сау цæстыты, мæ фæллад зæрдæмæ дæр бахызт. Йæ фыццаг фæдзæхст мын хъуыды ма кæныс, мæ зынаргь чиныгкæсæг, æнуд æмбисæхсæв загьта, Дамасчы ирæтты карджындæр æмæ кадджындæр Хъуыбадты Сулейманы йæ фæрныг хæдзары кæугæйæ куы ныууагътам æмæ уазæгдоны цур куы æрлæууыдыстæм, уæд: — Уæ хорзæхæй, Суадагмæ фæцæуын-иу ма фæзивæг кæнут, уым Хъуыбадты Муратæн зæгьут Дамасчы, зæгь, уæ мыггаджы хистæр Сулейманы низ тынг хъыгдары. Ацы аз, мæгуыр, Иры- стонмæ фæцæуынмæ хъавыд, фæлæ, зæгь, йæ зæрдæ бынтондæр нал бæззы... Йæхæдæг æй бамбардзæн Мурат цы зæгьынмæ хъавын, уый. Ам æцæгæлон адæмы æхсæн цы фæнды стыр лæг куы суай, уæддæр зæрондæй никæйыуал фæхъæуыс. Никæйы... Уыцы ныхæстæн, адæймаджы трагеди æвдисæг ныхæстæм, мæ зæрдæ æвиппайды суынгæг, фæлæ мæ тыхст бирæ нæ ахаста, кæцæйдæр мыл удæнцойхæссæг хъуыдытæ уалдзыгон бæласы ди- динджытау фæлмæн æнæуынæрæй æрызгьæлдысты: «Ардæм 228
цæугæйæ цæмæй тарстæ, Дамир, уый фæдзæгъæл. Æцæгæлон бæстæйы дæр нæ ирон рæсугьд удыхъæд сæфт нæу: хистæрыл ауыдындзинад дард Дамасчы æмæ Дзæуджыхъæуы дæр æмхуызон у. Мыггагмæ нын цæр, нæ ирондзинад.» Уыцы хъуыдыты фæстæ нæдæр ме ’мбæлттæ Юрий æмæ Хадзы- мурат, нæдæр Азæмæт йæхæдæг нæ бамбæрстой цæмæн æй æрбахъæбыс кодтон, уый. Мæнæ йæхæдæг ардæм куы æрбацæуа, зæрдæ мын бавæрдта, иу бон уæм зындзынæн, зæгьгæ, уæд ын æй зæгъдзынæн. х Ирыстонмæ куы раздæхтæн, мæ мысинæгтæ дзурынæй мæ мондæгтæ куы суагьтон, уæд æртыккаг æви цыппæрæм бон ма- шинæйы сбадтæн æмæ дæлæ Суадагмæ фæраст дæн, фснон æй, зæгьын, цавæр Мурат у, уый, уал, паддзахады фалейы афтæ тынг ныфсджын кæмæй сты, афтæ тынг кæуыл æууæндынц. Уыцы хохрæбын хъæума цас хæстæгдæр кодтон, уыййас мæ зæрдæ та йæхи тынгæй-тынгдæр къултыл хоста, мæхимæ хæрзæггурæггаг хæссæг æркастæн: «Цин кæнут, суадаггаг Хъуыбадтæ, æз уын уæ мыггаджы хуыздæр лæгтæй иуы сымахæй раздæр фсдтон, йемæ бадтæн, ныхас кодтон, сымах мысы, сымахыл йæхи фæдзæхсы...» Алæмæты æрдзон хъæбысы æрынцади ацы хъæу, уыцы хурдзаст райсом та уæлдай рæсугьддæр уыди, цæрдæг къададоны сæр-сæр æмæ мæргъты цъыбар-цъыбур мæ хъуыдытыл æфтьгДтой:« Дзæгьæлы нæ бæллы ардæм Сулейман, йæхи загьдау, «куы нæ мын бантыса, уæд-иу мæ фæстæ Хуыцауæн зæгъут иу æнæраст хъуыддаг та зæгъ, скодтай», дзæгъæлы йæ нæ фæнды ам амæлын». Æмæ та мæ цæстытыл ауад йæ хуыз: бæрзонд, къæсхуыртæ, низæфхæрд. Мæ буц, мæ кадджын, мæ дзырддзæугæ хистæр Сулейман мын ардыгæй уырдæмты стыр хатыр бакæнæд, фæлæ мæхицæн дæр æнæнхъæлæджы мæ цæстытыл ауади йæ ныгæнæн бон ам, йæ фыдæлты зæххыл. Æгас Иры дзыллæ уырдыг слæууыд, Мæскуыйæ ардæм хицауиуæг кæнынмæ, ирон æгьдæутты хурхыл хæцынмæ дæс Одинцовы куы сæрвитиккой, уæддæр нын нæ мæрддзыгойты нæ бауромиккой, Суададжы райдзаст уынгты тæфæрфæсгæнæг дзыллæтæй байдзаг уаиккой, хъæуы урсзачъе хистæр ирон хъæздыг дзырдуаты рæсугьддæр æмæ æнкъарддæр дзырдтæ зæгьыныл архаид чырыны уæлхъус, хъарæггæнаг усы зæрдæхалæн ныхастæм йæ цæссыг ничиуал уромид. Дамасчы бæстæзонæн музейы нæм цымыдисæй рав- дыстой иу æхгæд дурын: йæ хуылфы, дам, цæссыггæ ис, иу стыр лæджы зианы сæ æрымбырд кодтой. Уыцы æгьдау махмæ куы уаид, уæд цымæ цал дурыны бахъæуид Сулейманы ныгæнæн бон! Æнтæфбон дыв-дывгæнæг къогьотæй куыд стыхсай æмæ сæ куыд ассурай, афтæ ассырдтон æз дæр ацы æнкъард хъуыдытæ æмæ мæ цæстытыл ауайын кодтон æндæр ныв: Сулейман Хъуыбадты Мураты хæдзары дуармæ доны сæр арæзт бандоныл бады, æрæмбырд ыл сты хистæрæй-кæстæрæй æма2 сын уый фæдзæхсы: — Йæ райгуырæн бæстæ чи ныууагьта, уый сæфт у. Фидар хæцут Ирыстоныл... 229
Фыдæлтыкъонайы рухс, фыдыуæзæджьг уæлдæф ын йæхицæн æвдадзы хос фестиккой, йæ низтæ йын фæсуриккой, цард ыл ныддаргь уаид. Бæргæ, хуыцау куы зæгьид. . Мæ бацыд Суадагæн æнæнхъæлШджы уыд. Мурат æмæ йæ уæздан бинойнаг раздæр тынг бацин кодтой Сирийы коймæ, стæй æвиппайды æрынкъард сты Азæмæты фæдзæхст сын куы загьтон, Сулейманы цы уавæры ныууагьтон, уый сын куы радзырдтон, уæд. Муратæн, ныллæджытæ, фæтæнуæхск лæппулæгæн йæ хуыз фæцыд, йæ сæр ныллæг æруагьта, арф ныууылæфыдис: — Диссаг у, æвæдза, кæдæй нырмæ æхсайы йæ зæрдæ ардæм æмæ йын дзы ницы уайы. Стыр бынæтты куыста, бирæ зоны æмæ, дам, ын уымы хицауад цæлхдуртæ æвæрынц. Къорд азы размæ йæ куысты фæдыл дæлæ Мæскуыйы дæр дыууæ хатты уыди, фæлæ йын бар нæ радтой ардæм суайынмæ. Уагæры цæмæй тæрсынц? Уæддæр ма йæхицæн дæр æмæ махæн дæр йæ писмойы зæрдæтæ æвæры рæхсджы мæ уырдæм хъæуы, зæгьгæ. Бакæсын дæ йæ фæнды?.. Сулейманы фыццаг писмо Мрыстонмæ: — Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргь æфсымæртæ æмæ хотæ! Райстон уын уæ писмо æмæ мын тынг æхсызгон уыди дзæбæх æмæ æнæниз кæй цæрут, уый. Уæ писмо уын куы бакастæн, уæд мæ зæрдæ бахъæлдзæги, æмæ уый диссаг нæу, ме ’мтуг, мæ бæззон, мæ кадджын мыггагæй мæм æрбацыдис уыцы писмо. Мæ зынаргь æфсымæртæ, мæнæн ме ’стыр бæллиц у сымах фенын æмæ сфæнд кодтон ног ацы уалдзæджы майы мæйы сымахмæ ацæуын, кæд Хуыцау зæгьа, уæд. Æлбегты Азæмæт тагьд Ирыстонмæ цæуинаг у мæ разæй æмæ уын уый радзурдзæн куыд цæудзынæн, кæуылты æмæ цас. Цæрут амондджынæй æмæ æнæнизæй. Уе ’фсымæр Хьуыбадты Сулейман. 3 август 1989 аз, — Хуыцау та ацы хатт дæр нæ загьта, цæмæй йæ фыдæлты зæххыл сæмбæла, уый... Катай кодтон, кæд ыл исты фæрцыдис, мыййаг, зæгьгæ, ноджы уырдыгæй чи æрбаздæхт, ахæм мын уыцы æнæмæтхуызæй куы загьта цыма, дам, амардис, зæгьгæ, уæд бын- тон дæр скатай дæн. Фæлæ мæ тарст дзæгьæлы рауад. Æлбегты Азæмæт нæм Дзæуджыхъæуæй æрцыд уымæй чысыл фæстæдæр, йæ салæмттæ æмæ нын йæ лæвæрттæ æрласта. Æмæ уæд æрынцадыстæм... Ныр мæм Азæмæт иугæр ахæм фæдзæхст æрбарвыста, уæд, æвæццæгæн, чи никуыма уыд, ахæм зын уавæры ис не ’рвад. Æнæ ацæугæ йæм нæй! Ныртæккæ мæхицæн амал нæй, фæлæ уал мæ чызг Тамарæ нæ базивæг кæндзæн. Цы йæ фæндьг, уый сбæлвырд кæнæм, стæй дарддæр хъæддыхæй архайдзыстæм. Ау, Горбачев фидарæй куы загъта нæ арæнтæ алкæмæн дæр гом сты, зæгьгæ, уæд уыцы мæгуыр ирон лæджы куыннæ æрбауаддзысты? 230
Мураты хистæр чызг, зæрдæмæдзæугæ, мидбылты худаг, къæсхуыртæ, Дзæуджыхъæуы 4-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ лите- ратурæйы ахуыргæнæг Тамарæ æцæгæйдæр абалц кодта уыцы дард фæндагыл. Мæнæ мын цы радзардта йæхæдæг куы разддехти, уæд: — Тынг мыл бацин кодта, раст цыма йæхи чызг уыдтæн, йæ риумæ мын мæ сæр нылвæста, йæ зæрдæ суынгæг... Дыгуронау дзырдта, æз та йын иронау дзуапп лæвæрдтон æмæ ныфсæрмытæ дæн, ныссырх дæн, къуыхцытæ кодтон. Уый мын мæ уавæр бамбæрста, æрсабыр мæ кодта, æз, дам, дарддæр дæр дыгуронау дзурдзынæн, ды та иронау, исты кæрæдзийы нс ’мбарæм. Бирæ цыдæртæ йæ фæндыд зонын Ирыстоны тыххæй. Бæрæг у, стыр ахуыргонд æмæ стыр интеллекты хицау кæй у, уый... Ирыстонмæ ацæуыны тыххæй та баныхас кодтам, афтæ: Сулей- ман Ереванмæ хæдтæхæджы æрбатæхдзæн, мах та йæ размæ ацæудзыстæм машинæты. Кæд нæ дзæбæх фæндтæй исты рауайа, Дамир, уæд дæм æз телефонæй ныддзурдзынæн æмæ иумæ фæбаддзыстæм... Хицау нæ разынд йæ дзырдтæн Хъуыбадты уæздан чызг. Йæхи аххосæй нæ: Сулейманы та ныкъуылымпытæ йæ кодтой дыууæ хъуыддаджы: бынæттон хицауад æмæ йæ низ. Мæнмæ дæр фехъуыст уый, мæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ хабæрттæ бæлвырддæр базоны- ны тыххæй бацагуырдтон Тамарæйы, уый йæ рæсугьд хо Фæрниаты Ирæ æмæ йæ дзæбæх сиахс Гришатæм вæййы уазæгуаты. Æцæг ирон хæдзарау мыл бацин кодтой, Ирæ нæртон æфсин басгуыхти, уайтагьд æмбисонды картофджынтæ фынгыл авæрдта, йæ царвыл дæр нæ бацауæрста. Нæ сидтытæ куы фесты, уæ бæркæдтыл ацы мæгуыр заман бонæй-бонмæ æфтæд, мæнæй хиндæр уазæг уæм макуы æрбафтæд, зæгьгæ, сын куы раарфæ кодтон, æвæццæгæн уымæ æнхъæлмæ каст æппæтзонаг Тамарæ, фаллаг уатæй мын цалдæр боны размæ Сулейманæй цы æнкъард писмо райстой, уый. рахаста: — Мурат, ме фсымæр. Хатыр, стыр хатыр мын бакæн кæй та уæ фæсайдтон, уый тыххæй... Нæ фæразын, мæ зæрдамлæ рæхойы, мæ зæнгты туг нал цæуы, тынг мын риссынц, хосты руаджы ма цæрын. Тынг мæ фæндыди сымахмæ ацæуын, фæлæ мæ бон нал у, Мурат. Мæ фæндтæ бирæ уыдысты Ирыстоны тыххæй. Фæлæ, æвæццæгæн, мæ къухы ницыуал бафтдзæн. Мæ зæрдиаг салæмттæ æрвитын уеппæтæн дæр гыццылæй стырæй, кæд уæ нæ федтон, уæддæр мæ уд та уемæ ис... Хæрзбонтæ ут. Уе фсымæр Сулейман. Кæсут, «фенынмæ уал» нæ, фæлæ, дам, «хæрзбонтæ ут». Ау, йе ’нусон бæллиццыл йæ къух систа,ау йе нахайыры низ ыл фæтых ис? 0, Хуыцау, хатырæй йын фæуæд. Æдзух рæстытæ нæ кæныс, мæгуыры мæгуырдæр бынатмæ батæрыс, Иры зæхх дæр æм æнхъæлмæ каст, мыггагмæйы фысым ын хъуамæ суыдаид. 231
Къæхты бынæй сæрмæ ныррызтæн, æрæджыты мæ мæ зæрдæ афтæ ннкуыуал срæхуыста, кæуын мæм æрцыд. Æнæнхъæлæджы, мæхи дæр та нæ фæндыдис, афтæмæй та мæ цæстытыл ауадис Сулейманы ныгæнæн бон уым, Дамасчы. Азæмæт та йæ базондзæн фыццаг, уый уыдзæн хъæргæнæг, фæлæ сеппæтмæ нæ фехъуысдзæн зианы хабар, кæмæн йæ.телефон нæ кусдзæн ирæттæй, чи та балцы уыдзæн фæсарæнты. Нымад адæм дзы æрымбырд уыдзæн, нымад цæссыгтæ йыл æрхаудзæн. Горæты кæрон ын бур-бурид зæххы ингæн скъахдзысты æххуырст адæм... Æмæ баззайдзæн замманайы лæг Азæмæт зыбыты иунæгæй, йæхæдæг хистæры бынатмæ бацæудзæн, æнгом удзæн ирон адæмыл, кæрæдзиуыл сæ бæтдзæн, Хъуыбадты Сулейманы бæллицц йæхи бæллиц суыдзæн, дзæгьæлы мын нæ загьта уым Дамасчы æрдæгрухс уынджы Цæлойты рæсугьды зарæг куы систа æмæ йæ зæрдæ куы бахъæлдзæг, уæд: «Раздæр уал мæ цотæй исчи ацæудзæн Иры- стонмæ цæрынмæ, стæй та — мæхæдæг...» Ныр та йæ дыккаг фæдзæхсты тыххæй: «ХУЫМÆЛЛÆДЖЫ МЫН МЕ РВАД ХÆРИТОН КУСАРТ АКОДТА... МÆ САЛÆМТТÆ ЙЫЛ СÆМБÆЛЫН КÆН» Æлбегаты Агойы фырт Хæритон мæнæн ’мæ хъæуккаг у, мæ сыхаг. Хуымæллæг сæрыстыр кæмæй у, Хуымæллæг кадджын кæй руаджы у, йæ уыцы хъæбултæй иу. Кæд раджы афтыд горæтмæ, стыр бынæтты куыста, уæддæр йæ фыдыуæзæг рох нæ кæны, иугæр хъæуы зиан ис æмæ йæ фехъуыста, зæгьгæ, уæд ын æнæрцæугæ нæй. Уый тыххæй йын хъæубæстæ уæлдай фылдæр аргь кæнынц. Æрæджы республикæйы радиокомитет сæрмагонд бакаст сарæзта ацы хъæуы тыххæй, йæ хуыздæр лæгты йын номæй номмæ раны- мадта уацхæссæг. Дыккаг бон сæм чидæр слæбурдта Харитоны кой, дам, дзы цæуыннæ скодтат. Фарон Дыгургомы хъæутæй иуы уазæгуаты уыдтæн, минæвар, æмæ фынджы хистæр куы базыдта кæцæй стæм, уый, уæд сæрмагонд сидт рауагьта Хуымæллæджы хъæубæсты тыххæй, йæ фыццаг арфæ та нын ахæм уьтд: «Хуыцау уый зæгьæд, æмæ ма уæ хъæу нæ Ирыстонæн Æлбегаты Агойы фырт Хæритоны хуызæн лæппутæ куыд радта». Йæ хъæу чи уарзы, уымæн уый æхсызгон куыннæ уьтдзæн, мах дæр ын зæрдиагæй «оммен Хуыцау» загьтам. Гье æмæ уыцы Харитонмæ рарвыста нæ сирийаг ирон Азæмæт йæ зæрдæбын арфæтæ. Суададжы мæ хæс æххæстыл куы банымад- тон, уæд та Дзæуджыхъæуы сабыр уынгтæй иуы бахостон мæ хъæуккаджы дуар. Ам ноджы æнæнхъæлæджы дæр уьтд мс ’рбацыд, кæрæдзиуыл цинтæ куы фестæм, уæд не ’хсæн рауад мæнæ ахæм диалог: — Хуыцауы хатырæй, Дамир, кæцæй фæдæ, цы хуьтцау дæ æрбахаста махмæ? — Балцы уыдтæн æмæ мын мемæ зæрдæбын салæмттæ рарвы- стой, Харитонмæ, дам-иу, сæ радт. 232
* — Балцы зæгьыс? Дард балцы? — Дард. Сирийы. Ды дзы дæхæдæг дæр уыдтæ. — Диссаджы адæймаг дæ, Дамир, — къухтæ кæрæдзиуыл ныц- цавта Харитон. — Кæд уырдæм цьтдтæ, уæд мын куыннагзагьтай, уым ме ’рвадæлтæй бирæ цæры, дæ размæ рацыдаиккой. Ардыгæй уырдæм чи бахауы, уыдоны Азæмæт æнæмæнг сбуц кæны. Мыййаг æй нæ федтай? — Федтон, Хæритон, федтон. Уый мьш бафæдзæхста дæумæ æрбацæуын, салæмттæ дæм æрвыста, тынг дыл тыхсынц, бæрæг у тынг бирæ дæ уарзынц, уый. Хæритоны фæрцы, дам, базыдтам, нæ фыдæлты зæхх. Хæритон исдуг хъуыдыты аныгьуылд, стæй уæзбынæй, сæрыстырæй загъта: — Уый мæ хуызы Ирыстоныл тыхсынц, Ирыстоны уарзынц. Мæнæ дын уымæн ирд æвдисæн, уым кæимæ базонгæ дæн, уыцы ирæттæн сæ писмотæ, бакæс уал, стæй дын æз мæ хабæрттæ ракæндзынæн... Æмæ мын уайтагьд мæ цуры писмоты рагь авæрдта. Æз дзы иуцалдæр систон, мæнæ дзы сымахæн дæр алкæцыйæ фæйнæ цыбыр скъуыддзаджы рафыстон... — Дæ бонтæ хорз уæнт, Хæритон. Не рвад Азæмæт Ирыстонæй фæстæмæ ардæм куы раздæхти, уæд æнкъардæй фæхабар кодта ды æнæфæразгæ кæй дæ æмæ рынчын- доны кæй хуыссыс, уый. Тынг хъыг нын уыди, уæдæй абонмæ нæ зæрдæтæ демæ дзурынц. Уæдæй фæстæмæ мах ам Хуыцауæн дуа кæнæм, цæмæй ды фсрвæзай дæ низæй æмæ дæ хæдзармæ куыд раздæхай. Мæнæ мæ цуры лæууынц æмæ дæ фæрсынц Нана, Бахаддин, Салахиддин. Нæ бон куы уаид, уæд дæм неппæтдæр фæрсæг фæцæуиккам, дæ цуры фæбадиккам, дæ фæрцы та ногæй Ирыстон фениккам. Фæлæ нын бахатыр кæн, Хæритон, хабæрттæ дæхæдæг зоныс, ды æмбаргæ дæ. Цæр нын æнæнизæй, хъæлдзæгæй, амондджынæй. 27 август 1986 аз. Азæмæт. П / Нæ зынаргь æфсымæр, Хæритон. Ног азы тыххæй дын арфæтæ æрвитæм, æнæниздзинад æмæ хъæлдзæгдзинад æрхæссæд дæуæн æмæ Ирыстонæн. Хæритон, дæ зæрдыл лæууæд: махæн дæуæй зынаргьдæр æфсымæр Ирыстоны нæй æмæ ноджы нæ уыдзæни. Ды махæн нæ Ирыстон дæ, Ирыстон та ды дæ. Хъусыс, Ир нæ зæрдыл нæ куы æрлæууы, уæд фыццаг ды ауайыс нæ цæстытыл. Кæд дын бафидд- зыстæм цымæ дæ хорздзинæдтæ? 5 январы 1987 азы. Бахаддин. 233
III Ме ’фсымæр Хæритон, мæ хотæ Мишурæт, Райæ, Варя æмæ чындз Райæ. ...Æрæгмæ уæм куы фæфыссын, уæд афтæ ма æнхъселут æмæ уæ ферох кæнын. Нæ! Ирыстонмæ цæуæн æнцон уы уаид, уæд æм алыбон дæр тæхиккам, фæлæ заман цьтдæр хуьтзæн ссис, хæдтæхæгмæ билет тынг зынаргь ссис^ Мæ бинойнаг Умаймæ æдзух уæ кой кæны, цыма йæ ^æгат стут, уьтйау. Бахаддин уын æй нæ хъæр кæны, фæлæ йæ куыст ныууагьта, йæ цæстыты цъæх дон фæзынди, йæ хъуыддаг куыд уьтдзæн, уымæн ничи ницы зоны. Катай кæны, мæгуыр, йæхæдæг дæр, Ирыстоны хæхтæм, дам, ма дзаг цæстæй кæд акæсдзынæн... 5 февралы 1987 аз. Азæмæт. ( IV ... Махæн, æвæдза, нæ фыдæлтæ стьтр рæдьтд æругьтой ардæм кæй ралыгьдысты, уымæй. Надзир хорз бакодта Ирыстоны цæргæ кæй баззади, уымæй. Цалдæр къуырийы раЗмæ Ирыстонæй туристтæ уыд, аЬмæ æппæты разæй де ’нæниздзйнадæй бафарстам, стæй та Райæйы писмо райстам æмæ уæд нæ зæрдæтæ гьтццыл фæрухсдæр сты. Бахаддинæн йæ уынд бонæй бон цауддæр кæны, августы мæйы Цалахиддинимæ Ирыстонмд? цæуинаг сты операци кæнынмæ, кæд, дам, мын мадаглон зæхх баххуыс кæнид... Мæнæ йæ бинойнаг Умаимæ мæ уæлхъус лæууы æмæ мæ курьт мæ салæмттæ, дам, арвит Хæритоны бинойнаг Райæмæ, йæ хотæм, хицæнæй Беллæ æмæ йæ лæгæн, дæ сыхæгты мын иугай-иугай бафæрс, кæд æй сæ нæмттæ ферох сты, уæддæр сын сæ рæсугьд цæсгæмттæ нæ ферох кодта. 7 июны 1988 аз. Азæмæт, Умаимæ. V Нæ зынаргъ æмæ цытджын æфсымæр! ...Махæн тынг хъыг у тагьд кæй ’нæ дзæбæх кæньтс, уьтй. На- найæн, Абдурахманæн, Салахиддинæн, Надирæйæн, Сатрæйæн, уæлдайдæр та мæнæн. Нæ зæрдæтæ тынг тыхсынц, дæу хуызæн цытджын æфсымæрæн цæмæй баххуыс кæнæм, ууыл. Кæд искуы исты хос зоныс дæуæн чи баххуыс кæна ахæм, уæд нын æй бацамон æмæ йæ мах æрбаласдзыстæм. Кæд дæ фæсарæнтæм ласьтн бахъæуа, кæмдæриддæр куы уа ацы дунейы цъарыл, уæддæр мах дæу тыххæй ницæуыл бацауæрддзыстæм. Мах фæнды, цæмæй дæ ньтфс тыхд- жындæр уа æмæ та кæрæдзиуыл ногæй сæмбæлæм. 20 июны 1988 аз. Ахмæт. 234
VI Дзæбæхæй раздæхтыстæм Ирыстонæй нæхимæ, нæ бинонты дæр дзæбæхæй ныййæфтам, ныр алы бон уæ кой кæнæм, нæ цæстытыл уайут. Уæ лæвæрттæ бирæ; сбуц нæ кодтат фаг. Бузныг, Хæритон, Райæ, Мишурæт, уæ хæлардзинад, уæ уарзондзинад мах ныр нику- ыуал ферох кæндзыстæм. Мах сымахæй ницы агурæм, иунæг хъу- ыддæг йедтæмæ: Хæритонмæ уæ цæст дарут, нæ алы ацыды дæр æй дзæбæхай куыд уынæм, афтæ. Кæд мах сымахæй дард цæрæм æмæ нæ уынæм, уæддæр махæй рох никуы уыдзыстут, мах бынаты уæ макуы мачи бахауæд. Цы гæнæн ис, нæ хъысмæт ахæм у, Иры- стонæй фæхицæн стæм æмæ царды ад нæ зонæм. Сымах бæрæг кæнын дæр æнцон нал у, æвæццæгæн, мæ бæллицтæм гæсгæ мæ бон куы уаид, уæд уæм ныртæккæ атæхин. Мах нырма цæрæм, фæлæ райсом куьтд уыдзæн, уый нæ зонæм... Фæлæ мæ уырны: иу бон та Умаимæ Ирыстонмæ фæзындзыстæм, нæ кæрæдзийы та фендзыстæм, Хæритон та домбайы хуызæн æнæниз уыдзæн... 20 февралы 1990 азы. Азæмæт. *** « Иннæ писмоты дæр афтæ: Ирыстон, Ирыстон, Ирыстон, Хæритон, Хæритон, Хæритон... Æмæ уый, æвæццæгæн, раст у, уымæн æмæ сирийаг ныртæккæйы ирæттæ сæ хистæрты фæдзæхст йæ руаджы сæххæст кодтой, федтой сæ рагфыдæлты зæхх, кæддæр чи аскъуыд, царды уыцы æндах фидар баст æрцыди æмæ йæ ныр ницавæр тых райхалдзæн. ХÆРИТОНÆН ЙÆХИ ЫОПОЛОГ — Дардыл дзурæн дæр ис, цыбыртæй дæр, фæлæ мын куыд рауайа, уымæ уал байхъус... Уым, Сирийы, ирæттæ ис, уый æппæты фыццаг базыдта уæртæ Чъребайы педагогон институты уæды директор Цыбырты Людвиг, иу ссæдз азы размæ, чи зоны, чысыл раздæр. Сæрмагондæй мæ ссардта, уыцы сæрыстыр хуызæй мын раппæлыд де ’рвадæлтимæ, дам, дын Сирийы базонгæ дæн, дæ кой дæр нæм рауад, сæ хистæр Азæмал* мæ ирон чингуытæ куырдта æмæ йын арвыстон, æппалы разæй Къостайы уацмыстæ. Æхсызгон мын куыннæ уыдис, ау, ирон нæ дæн, дард баэтæйы дæр ме ’рвадæлтæ кæй цæрынц, уый. Уырны дæ, Дамир, уæдæй фæстæмæ цыдæр кодтон, уымæй размæ мæхим*е кæй нæ фиппайдтон, ахæм цымыдисдзинад мыл фæтых, зæгьын, æз хъуамæ базонын ме ’мзæххонтæ уырдæм цы Зсуызы афтыдысты, уый, бæллиц дæр мæм фæзьщц, искуы сæ, зæгьын, куы бабæрæг кæнин... Хæбæрттæ куыд цыдысты, уымæ ма афтæ кæс. Иу райсом мæ куысты бадын æмæ телефон ныззыланг кодта. Систон æй, æмæ, дам, дæм Интуристæй дзурæм, туристон балцы де ’рвадæлтæ уæртæ дард 235
Сирийæ Ирыстонмæ æрбацьщьтсты æмæ, дам, дæу бацагуьтрдтой фыццаг. Дæ цæстытыл м’а ауайæд куьтд æхсызгон мын уьтдис, уый. Уайтагьд уым балæууыдтæн, фæхъæбьтстæ кодтам кæрæдзийæн, мах, дам, дæ фæсаууонмæ зонæм. Уыдысты æртæйæ — Албсгты Бахадин, йæ бинойнаг æмæ йс фсьтмæр Абдурахман. Сæ балц Дамаскæй райдыдта Туркмæ, Туркæй — Гуьтрдзьтмæ, Гуьтрдзыйæ та Дайраны комыл Дзæуджыхъæумæ. Уьтдон нæм æрбакъæртт код- той уæд æппæты фыццаг фæндаг, ме рвадæлтæ. Уыцы бон сæ, кæй зæгьын æй хъæуы, уазæгдоны нæ ныууагьтон, нæхимæ сæ ракодтоц, æппындæр ницæуыл бацауæрстам, мæнæ нæ адæм куьтд фæзæгьынц, уыйау сæ цармæ скæсын кодтам. Дьтккаг бон та сæ хæхтæм аластам æмæ уыдонмæ бакæсынæй диссагдæр ницы уьтдис, куыд цин, куьтд дис кодтой, ууьтл. Иудзьтрдæй, ца- лынмæ ам фесты, уæдмæ мæ хæлæртты дæр, мæхи æрвадæлты дæр тухæнæй амардтон уазджытæм дзæбæх фæкæсут, зæгъгæ, ссппæты дæр сæ къахьтл слæууын кодтон, хъæстагай нæ нæ ацыдыстьт. Уьщонæн фæндараст загьтам, рæстæг рацьтди æмæ дын сæ иу бон хуьтнды гæххæт куьт райсин — кæимæ, дам, фæндьт, уыдонимæ æртæйæ рацæут. Мæхи чьтзг æмæ мæ хойы чызгимæ Дамасчы аэропорты æрхызтыстæм, уæдæ цьт уьтдаид, фæлæ нæ размæ ниичи рацьтд. Сахат æнхъæлмæ кæсæм, дыккаг, æртыккаг... Фæстæдæр куыд сбæрæг, афтæмæй Мæскуыйæ ме ’рвадæлтæм цы тсл ньтццав- там, уый райстой, мах сæм дыууæ къуырийы куы фсстæм, уый фæстæ. Цы чындæуа ацы бæстæйы, зæгъгæ, мæ хъуьтны стыхстæн, уæд æй загьтон æвзаг чи нæ зоньт, уый маринаг у, зæгьгæ. Хуьтцау хорз æмæ мæм Азæмæты телефон уьщи, иу æрьтгон лæппумæ йæ гобийы хуызæн равдыстон, мæ къух дæр стылдтон, зæгььтн, адзур ма мын телефонæй. Хуыцауы æлгььтст æмбаргæ лæппу разынд, уайтагьд йæхи æвзагæй кæдæмдæр адзырдта æмæ нæм уæд хæтæл радта — Азæмæт уыди. Уайтагьд нæм Бахадин æрбахæццæ. Æнæхъæн авд къуыриийы дзы фсстæм, куыд бæрзонд бынаты æвæрд сæм уьщаиккам, уьтй дæр дын дзурьтн нæ хъæуьт, æрмæст мæ сæ тæвд мардта, ахæм тæвд ранмæ фьтццаг хатт бахаудтæн, фæлæ цæмæн нæ бафæраздзынæ дæхи адæмы астæу. Уьтрдæм иугæр куы цæуай, уæд октябры, кæнæ ноябры цæуьтн хъæуы. Ирæттæ иууылдæр мах уынæг цыдысты, мах уыдыстæм фьтццаг, ардæм афтæ дæргьвагтин рæстæгмæ чи æрбацыд, уьтдон, алцьтдæр сæ зонын фæндьщ Ирыстоны тыххæй, Куындыхаты Муссæйы æлгьыстой, уьтй, дам, нын расайдта нæ фыдгелты ардæм. Ссæдз азы размæ дæр ма ирæттæ æмæ иннæ кавказаг адæмтæ Сирийы дæллаг кæрон цардыстьт хицæн хъæутæ æмæ горæт Эль-Кунейтрæйы, фæлæ сæм, дæхæдæг дæр æй куы федтай, израилæгтæ ныббырстой, горæт зæххы æмхуызон скодтой æмæ уæд ирæттæ Дамаскмæ ралыгьдьтсты. Бирæтимæ дзы базонгæ дæн — ме ’рвадæлтимæ ссппæтимæ дæр ногæй-зæрондæй, Кодзыртимæ,> Хъаныхъуатимæ, Абысалтимæ... Хъæбæлотæ мæ сæхимæ ахуыдтой, кусарт мьтн акодтой æмæ Ирьт- стонмæ куы æрбаздæхтæн, уæд æй уæды партийы обкомы фьтццаг 236
сскретарь Хъæбæлоты Биларæн дзырдтон, зæгьын, дс рвадæлтæ мæ афтæ сбуц кодтой, зæгъгæ, æмæ сæ хуымæтæджы хъал уьтди, фæлæ йын куы радзырдтон не ’гьдау рох кæнын райдыдтой, кусарты сæрæн æрмæст йе ’рдæг æрывæрдтой, зæгьгæ, æмæ-иу куы ныкка- тай кодта. Уый, дам, кæсгон æгьдау у. Назхи ирон æгьдау дзы сæфынмæ хъавы, Азæмæт ма йæ, мæгуыр, йæ тых йæ бонæй хъахъхъæны, фæстæмæ йыл хæцы, фæлæ Азæмæт дæр кæдмæ фаг уыдзæн. Мæнæн мæхи бон цас баци, уьтййас сын ирон æгьдæуттæ æвдыстон — фынгыл мæ хистæрæн сбадын кодтой æмæ дæлæ мæ куырыхон хъæуккаг хистæр Кокайты Саламджсрийæ цы базыдтон, уыдон равдисыныл бацархайдтон, зæгьын, ирон фынгыл алы сидтæн дæр хъомыладон нысан ис, уæлдæй тынгдæр сæ зæрдæмæ фæцыд тæхгæ-нæргæ Уастырджийы сидт, зæгьын, хуыцау зæгьæд æмæ уын куыд баххуыс кæна уæ фыдæлты зæхмæ фæстæмæ раздæхынмæ...Физонджытæ кæнын дæр сын бацамыдтон, мæхæдæг сæ фыхтон, кæд мын хъæугæ уавæртæ æмæ æцæг физонджытæн цытæ хъæуы, уьтдон нæ уьтди, уæддæр. Тынг сæ зæрдæмæ фæцыдысты, ныр дæр ма йæ æрымысынц Хæритоны физонджытæ, дам, Сирийы æмбисондæн баззадысты. Хъазт дæр уьтдон æрмæст кæсгон цагьд æмæ кæсгон кафт кæнынц æмæ мæм хардзау æркаст, афтæ ма мæм, зæгьын, кæсут, мæ хæрæфырты къухыл рахæцьтдтæн æмæ — иу мæ къахфындзтæ куы æрсагьтон, уæд ма мæ тæккæ лæппуйæ уьтдтæн... Зæгьтон сын афтæ: «Амæй фæстæмæ æрмæстдæр ирон æгьдау!» Мæнæ ныр куы æрбацæуынц, уæд та сæ афæрсын: «Цæй куьщ у, мæ фæдзæх’ст мын нæ ферох кодтат?» Се ’уæхсчъытыл æнæбары хæцт скæнынц æмæ йæ æз æрæджиау равзæрстон: «Æцæгæлон адæмы æхсæн куьт цæрай, уæд сæ мæнæ мах цытæ домæм, уыдон æххæст кæньтн цыфæнды тынг куы фæнда, уæддæр сæ цыма мæнæ сусæгæй кæньтнц, афтæ уайы. Хи уæддæр та хи у. Æнхъæлыс, уæдæ цæмæн афтæ тьтрнынц ардæм?!» Уыцы заман рæстæг йæхæдæг дæр æвзæр уыди. Фондз азæй фондз азмæ йедтæмæ хонын нæ уагътой, алы дамгъæмæ дæр æдасдзинады комитеты кусджытæ ссæдз хаттьт кастысты. Мæнæ Бахадин фыццаг хатт куы æрбацыд æмæ сæ æз æнæ искæйы бафæрсгæйæ нæхимæ куы ракодтон, уæд дын телефоны зæлланг куы райхъуысид, систон æй æмæ уыцы сусæг кусджытæй.иу разынд, мæ зонгæ, тæлмацгæнæг, дам, дæ нæ хъæуьт, уый йьтн æфсон уьтди, уыдонмæ чи куьтста, иу ахæмы мæм æрбарвьтстой. Уæд махмæ цæй сусæг ныхас хъуамæ уьтдаид?! Уьтй фæстæ æз мæхæдæг ДамаскЫ уæйгæйæ хъæрæй кæмдæр мæ курдиат загътон, зæгьын,.Хъуыбадты Сулейманимæ бæргæ фембæлин, уый уæд ацьт паддзахады стырдæр лæгтæй иу уьтди. Уыцы ныхас мæхицæй рох дæр ма фæци, фæлæ дын мæм иу бон мæ цæрæн бынатмæ дьтууæ нæхиуон булкъоньгкуы æрбацæуиккой, иумæйаг ныхæстæ, иумæйаг фæрстытæ мæ акодтой, стæй мын æй комкоммæ бакъæрцц кодтой: «Хъуыбадты Сулейма- нимæ фембæлыньтл фæлваргæ дæр ма бакæн. Æмæ кæйдæр бæстæйы цы дæ бон у?! Уæддæр ьтл сæмбæлдтæн. Азæмæтимæ 237
уынджы фæцæйцыдыстæм æмæ дын мæ æвиппайды Азæмæт куы басхоид: «Уæлæ Сулейман æрцæуы!» Æз сагьдауæй баззадтæн, фæлæ мын бантыст йæ фенын. Йæ кары чи бацыд, ахæм бæрзонд, хæрзконд, æлвæст лæг. Азæмæт нæ базонгæ кодта. Сулейман мæ сыгьдæг дыгуронау фарста мæ зæрдæмæ куыд цæуы ам, куыд у Ирыстон, ноджы цæмæйдæрты ма, фæлæ мæнæн мæ цæстытыл уадысты æнæхуыр дыууæ булкъоны, зьтдтон æй исчи нæ фæдьтл зилы, исчи нæ хъахъхъæны, уьтй, æмæ стыхстæн. Æвæццæгæн мьтн Сулейман дæр мæ уавæр бамбæрста, йæ мидбылты мæм бахудт, Ирыстонæн-иу мæ номæй салæмттæ радт, зæгьгæ, ма мьтн ныффæдзæхста æмæ нæ иувæрсты аивгьуыдта. Æрæджиау æй æрцахста мæ сæр: æнæмæнг Сулейманæн йæхи дæр тьтнг фæндыди йæ фыдаглты зæххæй чи æрбацыди, уьтцы ирон лæджы фснын, йæ цæстытæм ын бакæсын, уыцырдыгон ирæттæ та хуызæй цавæр стьт, уый базонын, истæмæйты йæафæрсын æмæ Азæмæмтимæ баныхас кодтой æнæнхъæлæджы фембæлд саразын, куьтд ничи ницæуыл фæгуырысхо уа, афтæ. Тынг мæ фæндыди уæд ногæй фсмбæлын, фæныхæс кæнын, уымы ирон адæм’ы хъысмæтьт тьтххæй йæм цьт фæндтæ ис, уый базонын æмæ дыккак хатт Дамаскмæ куьт ацьтдтæн, уæд ууыл зæрдиагæй архайдтон, фа^лæ дзы ~ицы рауади. Хæстæг æм никæйы уагьтой цалынмæ стьтр бынат ахста, уæдмæ... Уыцы хабæрттæ махмæ æнцондæр лыггæнæн уыдысты. Азæмæт махмæ фыццаг хатт куы æрбæцыд, мæнæ дьтн афтæ куы загъта Хæритон мæ йæ райгуырæн хъæу Хуымæллæгмæ аласта æмæ мын йæ фыды хæдзары кусарт акодта, зæгьгæ, уæд æм стьтр фæндтæ уыди. Æз иу райсом раджы телефоны хæтæл систон æмæ Хъæбæлоты Билармæ бадзырдтон, зæгььтн, зынаргь уазæг ис Иры- стоны, Сирийæ, уыцы ирон адæмы де ххуыс хъæуьт, мæнæ дæм сæ минæваримæ фæцæуæм, кæд дæ чысьтл æвдæлы, уæд. Рацæут, дам. Азæмæт бацин кодта, уæдæ цьт уьтдаид æмæ йьтн афтæ зæгььтн, кæд дæм балæваргæнинаг ис фалейæ ласт, уæд -иу ма фефсæрмы кæн. Йæ дзыппытæ басгæрста, мæгуыр, æмæ йын дзы рæсугъд ручкæ разынд, фæлæ, дам, ыл барвæсдзæн. Зæгьын, барвæсдзæн. Бацин ныл кодта Ирыстоны хицау, Азæмæтæн æз куыд загьтон, афтæ бакодта æмæ уымæн æхсызгон уыди. Æцæг иу хъуыддаг Азæмæты зæрдæмæ нæ фæцыд — обкомы секретары кабинетмæ, цалынмæ мах уым уыдыстæм, уæдмæ цьщысты æмæ цыдысты æндæр адæм дæр, районты хицæуттæ, цыдæр æнæзонгæ инæлæрттæ æмæ йын уæд иу заман Азæмæт комкоммæ загьта: «Бахатыр кæн, Билар, тынг æнæвдæлон дæ, уьш уынын, фæлæ мын мæ иунæг курдиатмæ байхъус. Сæфынц фале нæ ирон адæмы æвзаг, нæ культурæ, не ’гъдæуттæ æмæ нæм фæкæсут. Дæлæ кæсæг куьтд бакодтой, афтæ бакæнæн нæй? Уыдон сæ институтмæ ахуьтрмæ райстой Сирийы чи цæры, уыцы кæсгон лæппуты æмæ чызджыты къорды...» Билар, Азæмæт цалдæр паддзахады сæрты кæй æрбахаста, йæ зæрдæйы арфы чи райгуырд, уыци курдиат сырх-сырхид чер- нилæйæ бæзджынцъар блокноты ныффыста, зæрдæ йын бавæрдта, 238
фæлæ хъуыддагæй ницы сарæзта. Кæнæ дзы рох фæци йæ ныхас, кæнæ та йæ сæххæст кæнын йæ къухы нал бафтьтд, æвæццæгæн, æй октябры мæйы змæстытæ бахъыгдæрдтой. Нымад бонтæ ма уыд рс- спубликæйы сæргьы Билар. Уый фæстæ дзы чи уыд, уый та хъæугæ ницы кодта. Кæд мæнæ ныр... АЗÆМÆТЫ ЛÆППУ ДЗÆУДЖЫХЬÆУЫ ЧЫИДЗÆХСÆВ СКОДТА... Иу райсом раджы мæ хæд^ары телефоны дзæнгæрæгмæ хæтæл систон. Æлбегаты Хæритоны та йæ бæзджын хъа^лæсæй базыдтон. — Æхсызгон хабар фехъусын дæ фæнды? — ахæм уыдысты йæ фыццаг ныхæстæ, — ме ’рвад Азæмæты лæппу Айманд Дамасчы нарæг уынгтыл йæ къух систа æмæ йæ фыдæлты зæхмæ æрбацыд, мæнæ Дзæуджыхъæуы æрцарди. Йæ фыд Азæмæты бæллиц сæххæст. Чындзæхсæв дæр ма скодта... Хъуыды ма кæныс, мæ зынаргь чиныгкæсæг, Азæмасты монолог? Уым йæ ацы фыртæй афтæ куы загьта: «Мæ лæппу Лснинграды институты ахуыр кæны. Иронау æппындæр нæ зыдта, стæй дын мæм иухатт уырдыгæй ардæм телефонæй куы æрбадзурид. Сыгьдæг иронау! Хуымæтæджы æхсызгон мын уыди. Куыд базыдтон, афтæмæй уым йемæ ирон лæппутæ царди, Хуссар Ирыстон&й æмæ, дам, ныхъхъæддых сты нæхи æвзагæй базон, мах дын аххуыс кæндзыстæм. Дæ лæппу, дæм, иронау куы сдзура, уæд уымæн аргь ис?!» — Æмæ дзы нæ уыдтæ? Нæ йын раарфæ кодтай? — мæхи нал баурæдтон æз дæр. — Куыннæ?! — ныддис кодта Хæритон, — замманайы къуы- дайраг чызг ракуырдта, уыдон та цотгæнаг сты æмæ, зæгьын, хуыцау зæгъæд, æмæ уын æртæ сау лæппуйы æмæ æртæ цъæхдзаст чызджы куыд райгуыра. Æвзæр сын загьтог?.. Цæй, æмæ сæ иу изæр бабæрæг кæнæм... — Æнæмæнг, Хæритон, æнæмæнг, кæддæриддæр зæгьай, уыцы бон... Телефоны хæтæл куы æрывæрдтон, уæд мæ цыдæр тых мæ фыссæн стъолы цурмæ бакодта, йæ уæззау лагъз ын раластон æмæ мемæ дард балцы чи уыд, мæ уыцы зæронд блокнот рафæлдæхтон, уым сирийаг ирæттæ раздæр кæм цардысты, уыцы хаглддзаг горæт Эль-Кунейтрæйы цур сындзтелты астæу уацары цы сырх дидинæг уыдис, æз кæй æртыдтон, мемæ кæй æрбаластон, уымæн йæ хус сыфтæм бавнæлдтон. Мемæ йæ æнæхæсгæ нæй Дзæуджыхъæумæ, уадз æмæ йæ феной. Ног чындзмæ афтид армимæ нæ фæцæуынц. Дæлæ Ху- ымæллæгмæ ныууайдзынæн, мæхæдæг кæй ныссагьтон, мæхæдæг кæмæ зилын, уыцы дидинджыты ставддæртæй иу хъæбысы дзаг æртондзынæн. Уыдон амондджын зæххыл æрзадысты... Дамасчы нæ горæты егьаудæр аргьуантæй иумæ куы бакодтой, уæд æппæты рæбынæй фæкомкоммæ дæн æнахуыр рæсугьд залмæ, йæ’бацæуæны иу къулæй иннæ къулмæ æнахуыр сырх лснтæ ивæзт, ома мачи йæм цæуа. Мæ цымыдисдзинад мыл фæтых æмæ та нæ 239
тæлмацгæнæг уæздан Анис Харбæйы бафарстон, зæгьын, уæртæ иннæ залтæ ламазгæнæг адæмæй се ’мдзаг куы сты, ацы зал афтид цæмæн у. ^ — Уый нæ бæстæйы сæргьлæууæг Хафез Асады сæрмагонд зал * у, хуыцаумæ дуа г<цы ран фæкæны. Уæртæ йын йæ нывмæ кæсыс... Ацы чиныджы фыццаг сæргонды йæ куы фыстон: «Бæстæйы сæргьлæууæджы нывтæ æмæ хуызистытæ тынг арæх уыдысты горæты алы рæтты: хæдзæртты къултыл, хиды бынхъæдты фæтæн фæрстыл, машинæты фæстаг æвгтыл, дуканиты манекены фарсмæ, светофоры сæрмæ... Алыран дæр фæлмæн йæ мидбылты худы. Æрмæст иунæг ран ис йæ ныв æнæхудгæйæ — Дамасчы сгьаудæр аргьуаны. Уый йæхи афтæ бафæндыд...» Æз раздæр мæ мидбылты бахудтæн æмæ нæ хæрзгæнæг Абу-Га- санмæ бауæндыдтæн, зæгьын, бауадз мæ уырдæм, мæ къах дзы æрывæрон, мæхинымæр, искуы афтæ куыд зæгъон, уæртæ Сирййы хицауæн аргьуаны цы зал ис, уым æз дæр уыдтæн, зæгьгæ. Зæрдæхæлар Абу-Гасан сразы ис. Фæлæ Хафез Асады нывы бынмæ хъæдын къæлæтджын бандонмæ куы фæкомкоммæ дæн, уæд та ногæй хъæугæ чи кодта, ахæм къæйныхдзинад равдыстон æмæ дзы бæстон æрбадтæн, йе рттиваг хæцæнтыл ын мæ тæвд ар- мытъæпæнтæ æруагьтон æмæ Стыр Хуыцаумæ скуывтон. Уынгмæ куы рахызтæн, уæд мæ Абу-Гасан фæстейы æрбаййæфта, йе нгуылдзтæ мын ме уæхсджытыл æруагьта æмæ хъазæн ныхас загьта: — Ныр дæ паддзах æнæ рауайгæ нæй... Уый Асады бандон у. Мæхинымæр: «Ницæмæн мæ хъæуы, уæхицæн æй уадзут, фæлтау мæ куывд Хуыцаумæ фехъуысæд: мæнæ ардæм зынджы стъæлфæнтау чи расхъиудта, уыцы ирæттæн амонд раттæд, фыдæлты къонайы рухс сын макуы ахуыссæд, фыдæлты зæххыл сæ фæстæмæ бахæцын кæнæд...» Æлбегтæм Харитонимæ куы ссæуон, уæд дзы нæ дзæбæх ирон æгьдау куыд амоны, афтæ мысайнаг ратдзынæн æмæ та ам дæр Стыр Хуыцаумæ зæрдиагæй скувдзынæн, ацы хæдзары æрыгон бинонтæн дзы амонд курдзынæн. Мæ куывдтытæ та цæуаг сты. Дæуæн дæр æм кувын, мæ иунæг, мæ къона Ирьтстон! цывыр эпилог Ацы хатт&й дарддæр никуы уыд мæ балц райгуырæн къæсæрæй. Ацы хаттæй тынгдæр никуы æнкъуысыди мæ зæрдæ, уæлдайдæр та фæстæмæ здæхгæйæ. Цæмæн цымæ? Ацы фарстайæн диссаджы дзуапп и, æнусон дзуапп. Эх, Ирыстон, Ирыстон, чысыл дæ, фæлæ дæ Стыр Хур тавы, уымæн æмæ дæхицæн дæр Стыр Зæрдæ ис. Фæлмæн æмæ Уарзæгой Зæрдæ... Дамаск-Мæскуы-Хуымæллæг. 240