Текст
                    Я&с&срстм Щузсфер
Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ кæстæр кары сывæллæттæн
^■и*ип^с&&сем,р(сР' (^джонитсмдз&’’/дгб


д Дз-16 Дзасохты М. С. Дз-16 Бехъаны мугæ. Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ кæстæр кары сывæллæттæн. Орджоникидзе, «Ир», 1978. 92ф. нывт. 70802-98 АЛ „0 Д 49-78 Д М131(03)—78 © Издательство «Ир», 1978 г.
ДЗИУЫ БÆХ бон Алихан хъæдмæ куы рараст, уæд йæ раз- мæ рауад йæ фырты æхсæзаздзыд лæппу Дзиу æмæ йæ фæдыл ныхъхъæр кодта: — Баба, бæх мын-иу слас!.. — Хорз, хорз, бабайы хур,— зæрдæ йын бавæрдта Алихан.— Æз дын ахæм бæх сласдзынæн, æмæ дæм ин- нæтæ хæлæг куыд кæной. Зæронд лæг æмбары, Дзиуы цавæр бæх хъæуы, уый, æмæ йæ фæрсгæ дæр уымæн нæ бакодта. 3
Иыр мæнæ фæстæмæ раздæхт æмæ йæхинымæр хъуыдытæ кæны, уæрдоны бадгæйæ: «Афонмæ Дзиу хæрзаг тынг æнхъæлмæ кæсы. Æмæ фыдæнхъæл нæ фæуыдзæн. Замманай уисбæх ын ракодтон æхсæры къутæрты». Алихан сугты сæр æрысгæрста, æмæ рæхснæг тала- йыл йæ къух куы андзæвыд, уæд бæхы рохтыл æрбахæ- цыд æмæ йыл схъæр кодта: — Иуа, тагъддæр фезмæл, кæннод ныл баталынг уыдзæн. Бæх йæ цыд фæрæвдздæр кодта. Хъæугæронæй иу- дзæвгар суадысты. Алихан кæсы, æмæ Дзиу уынгты тъæбæрттæй æртæхы. Зæронд лæг æй нæ базыдта, ца- лынмæ йæ цурмæ æрхæццæ, уæдмæ. — Æз дæ тутайы сæрæй федтон æмæ дæ размæ æр- тахтæн. Бæх мын сластай? — афарста Дзиу, йæхæдæг уæрдоны алыварс æрзылди. — Сластон, сластон, бабайы карк,— бози суджы кæрон фæфидар кæнгæйæ дзуапп радта Алихан.— Уæр- донмæ уал схиз, стæй нæхимæ куы схæццæ уæм, уæд дæ бæхы дæр райсдзынæ. — Ныртæккæ мын æй ратт,— лæгъстæмæ фæци Дзиу.— Æз ыл дугъы ауайон, кæддæра дæ мæ фæстæ нæ фæуадзин. Зæронд лæг æхсæруис сугты æхсæнæй раласта æмæ йæ лæппумæ æрлæвæрдта. Дзиу рæхснæг тала йæ дыууæ къахы æхсæн акодта, йæ рахиз къухы цыма ехс уыд, уыйхуызæн дзы февзы- ста æмæ йæ бынатæй фæцагайдта. Цалынмæ Алихан сæхимæ хæццæ кодта, уæдмæ Дзиу уынджы цалдæр зылды æркодта. Тыхулæфтгæнгæ зæронд лæджы цур æрлæууыд æмæ касти, Алихан уæрдон куыд æвдæлон кодта, уымæ. — Бафæлладтæ, бабайы карк? — йæ уæрджыты рыг ацæгъдгæйæ бафарста Алихан. — Хъазмæхæмæтты онг ныххæццæ дæн мæ бæхыл æмæ та уырдыгæй æнæрлæугæйæ ардæм стахтæн,— 4
цыма стыр хъæбатырдзинад равдыста, уыйхуызæн дзуапп радта Дзиу. — Ахæм бæх дын сластон! — раппæлыд йæ лæва- рæй зæронд лæг.— Ныр дæ сыхы лæппутæй иу дæр нал аййафдзæн. — Æз дзы мæ разæй никæй ауадздзынæн,— фæ- ныфсджындæр Дзиу. Алихан рæвдаугæ цæстæй каст сывæллонмæ. Æх- сызгон ын уыд, йæ лæвар лæппуйы зæрдæмæ кæй фæ- цыд, уый. — Баба, дугъы уайгæйæ мæ бæх фæллайгæ цæуыл- нæ кæны?—бафарста Дзиу.— Хъазмæхæмæтты цурмæ дыууæ хатты куы ныттæхын, уæд мæ лæф-лæф ссæуы, æмæ та сабыргай цæуын байдайын. Мæ бæх та уыцы иухуызонæй баззайы. Алихан йæ кусын фæуагъта, лæппуйы йæхимæ æр- бахуыдта, йæ сæрыхъуынтæ йын рæвдаугæ иуырдæм цалдæр хатты асæрфта. — Бабайы карк,— загъта зæронд лæг,— фæллайгæ кæуыл нæ кæндзынæ, ахæм бæхтæ дæр ис. Хъуамæ дзы искæцыйыл дæхæдæг дæр сбадай. — Æмæ кæм сты уыцы бæхтæ? — афарста лæппу. — Бирæ рæтты сты уыдон,— дзуапп радта Али- хан.— Зæххыл цæугæ кæнынц, уæлдæфы — тæхгæ, ден- джызы та — ленк. Иуы ном дзы хуины машинæ, ин- нæйы — хæдтæхæг, æртыккаджы та — нау. Уыцы бæх- тæ æнцонæй атæхынц хæхтæ æмæ быдырты сæрты, сæ фæстæ фæуадзынц денджызтæ æмæ фурдтæ, згъорынц уæлвæзтæ æмæ кæмтты. Дзиу хъуыдыты аныгъуылд...
ТАГЪД ДОН ФУРДЫ НЕ ’ЙЙАФЫ æдæ мæ цъында цы фæуыда- ид? — кæуынхъæлæсæй дзуры Алмахситт. — Кæй цæмæн бахъуыд дæ цъында! — раздæхти йæм йæ мад Хъаллæ.— Кæд та дын искуыдæм бахауд. Сынтæджы бын-ма йæ фен. Цал хатты дын загътон, изæрæй куы хуыссай, уæд дæ дзау- мæттæ дзæбæх æфснай, зæгъгæ?! — Æмæ сæ нæ бафснайдтон?! Дысон дыууæйы дæр бандоны къахыл æрцауыгътон, æмæ дзы иу цыдæр фæци. — Рацагур æй. Уым искуы уыдзæн. — Æвæццæгæн æй исчи сугтимæ пецы баппæрста,— бынтондæр стыхсти лæппу. — Арт куы нæма скодтам, уæд дын æй цавæр пецы баппæрстæуыд? — тызмæгæй йæм сдзырдта Хъаллæ. Алмахситт къулмæ сахатмæ скаст, æмæ йæ цæсгом анцъылдтæ: — Цалынмæ уый агурон, уæдмæ мын скъоламæ байрæджы уыдзæн. — Уый тыххæй чысыл раздæр стын фæхъæуы рай- сомæй,— йæ уайдзæф та йæм æрбаппæрста Хъаллæ.— Ды æмбисбонмæ фæхуыссыс. Æмæ куы дæ чиныг бай- рох вæййы, куы — дæ тетрад, ныр та дæ цъында фе- сæфт... Хъаллæ йæхæдæг дæр уаты къуымты æрзылди, фæ- лæ куы ницы ссардта, уæд шифанерæй дзыхъхъынног цъындатæ райста. 6
— Гъа, æмæ та-иу адон дæр ныйиугай кæн,— загъ- та мад æмæ Алмахситты цур æрлæууыд. Лæппу цъындатæ райста æмæ сæ йæ къахыл бары. — Дæ зæронд цъында уал ралас, æмæ сæ дæ уæлæ скæн, æндæр сын афтæмæй цы базондзынæ,— загъта Хъаллæ æмæ йæ фырты раз дзуццæджы æрбадт. Алмахситт йæ цъында ласынмæ фæци. Куыддæр ыл дæлæмæ æрхæцыд, афтæ йе ’нгуылдзтæ андзыг сты. Иæ цæсгом асырх... Иæ дыууæ цъындайы дæр разын- дысты иу къахыл...
ХЪАЗАНТЕМЫРЫ ФЫН хæм бон нæ вæййы, æмæ Хъа- зантемыр Таймуразыл ма сæм- бæла. Иуæй, æмгæрттæ сты, ин- нæмæй, фæрсæй-фæрстæм цæ- рынц, æртыккагæйта—иукъла- сы ахуыр кæнынц. Ныртæккæ скъоламæ нæ цæуынц æмæ фыццаджы хуызæн арæх нал æмбæлынц. Хъазантемыр сæ кæртæй куы рахизьт, уæд æп- пæты фыццаг Таймуразты хæдзарыл ахæссы йæ цæст. Мæнæ та сæм ныр дæр йæхи хæстæг байста. Таймура- зы фыдымад Дзангуассæйы сугсæттæны лыстытæ æм- бырдгæнгæ баййæфта. Кулдуары цур æрлæууыд. Зæ- ронд ус æй куы ауыдта, уæд ма йын цы базонын хъуыд, Таймуразы кæй агуры. — Хъæугæронмæ уæрыччытæ фескъæры,— йæ ас- тæу сраст кæнгæйæ сдзырдта Дзангуассæ. Хъазантемыр æваст фæцæуæг. Зæронд ус йæ фæ- дыл адзырдта: — Кæдæм фæлидзыс, ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. — Æз дæр нæ рæуæд скъæрын,— афсон кодта Хъа- зантемыр. — Таймуразæн-иу зæгъ, æмæ ма бафæстиат уа, йæ фыд æм æнхъæлмæ кæсы. Хъазантемыр ма, «хорз», зæгъгæ, дзуапп раттын ба- фæрæзта æмæ къахвæндагыл ныййарц. Таймуразы суадоны цур баййæфта. Уæрыччытæ Куыройыдоны фале куы фесты, уæд фæстæмæ рацæй- здæхынмæ хъавыд, фæлæ йæ Хъазантемыр фæурæдта; 8
— Цы дын зæгъынмæ хъавыдтæн, уый зоныс? — Цы? — уыцы цымыдисæй йæ афарста Таймураз. — Цом мемæ. — Кæдæм? — Кæсаг ахсынмæ. — Абон? — Ныртæккæ!.. — Нæ мæ ’вдæлы. — Цæуылнæ? — Нæхимæ мæ цæуын хъæуы. Хъазантемыр уый æнхъæл нæ уыди. Стæй йæ уырн- гæ дæр нæма кодта, нæ йын сразы уыдзæн, уый, æмæ йæ ныхас фæфæлмæндæр: — Фæйнæ дыууæ халæй къаддæр не ’рцахсдзы- стæм. Æз ахæм ран зонын, æмæ дзы кæсагæн ныккæ- нæн дæр нæй... — Абон мын фадат нæй. — Уæдмæ сæ æндæр исчи æрцахсдзæн. Фæлтау цом, фæстæмæ тагъд æрбаздæхдзыстæм... — Ныхас дæ куыннæ уырны,— йæ ныхмæ хъæд- дыхдæр фæлæууыд Таймураз.— Афонмæ дæр мæ нæ- химæ кæд агурынц, уæддæр бæрæг нæй. Цæй, æз цæ- уон,— æмæ сæхимæ араст. Хъазантемыры уæддæр нæма уырныдта. Афтæ йæм каст, цыма иуафон æрлæудзæн, фæстæмæ разилдзæн, Хъазантемыр ма йын иу хатт зæгъдзæн, æмæ æппын- фæстаг сразы уыдзæн йе ’мбалы фæндоныл. Фæлæ рæстæг цыди, æмæ Таймураз дарддæрæй-дарддæр код- та. Хъазантемыры маст тынгæй-тынгдæр фыхт. Афтæ- мæй йын куы аирвæза, уымæй фæтарст æмæ йæ фæ- дыл адзырдта: — Нæуæндаг! Æвæццæгæн, калмæй фæтарстæ! Таймураз ын ницы дзуапп радта. Хъазантемыр æй мæстæй мардта: — Нæуæндаг, нæуæндаг, Сындзкъутæртыл дæ фæндаг! 9
Лæппу цыма ницы фехъуыста, уыйхуызæн æнцад къахдзæфтæй размæ цыди. Хъазантемыр та йæ фæдыл адзырдта: — Нæуæндаг, нæуæндаг, Хæфсы дзыхы дæ дæндаг! Ацы хатт дæр та йын дзуапдæттæг нæ фæци, æмæ ноджы тынгдæр ныхъхъæр кодта: — Дæ фындзы бын — гаппар, Дæ хай ардæм раппар, Дæхи былæй аппар! Уымæй арфдæр æмбæхст æм ницы вæййы. Дыууæ лæппуйы быцæу тæккæ бæрзонддæр къæпхæнмæ куы схизы, уæд ын Хъазантемыр афтæ фæфидис кæны. Бынтон гыццылтæ ма куы уыдысты, уæд ын æй кæддæр загъта, æмæ йыл Таймураз ’мæсты кæй кæны, уый хорз зоны. Æмæ та йын æй ныр дæр йæ фæдыл лæдзæ- гау ауагъта, фæлæ йæм, æнхъæлдæн, нал бахæццæ, æндæр Таймураз афтæ æнæмæтæй нæ цыдаид. Уæдмæ къуыбырыл фæуырдыгмæ кодта, æмæ йын Куыройыдо- ны хæл-хæл йæ хъустæ ахгæдта. Фæстаг ныхæстæй Хъазантемыры маст ссыди. Кæд сæ хъусгæ ничи фæкодта, уæддæр ын дзæвгар фенцон- дæр. Цыфæндыйæ дæр хъуамæ кæсаг ахсынмæ ацæуа. Знон йæ фыдимæ хосгæрсты уыди. Фæстæмæ цæугæ- йæ федта уыцы стыр мал. Фыды цур ницы суæндыд, Æнæуи дæр æм мæсты у йæ фыдуаг æмæ хивæнд ми- ты тыххæй. Скъоламæ цыппар азы йедтæмæ нæма цæ- уы. ФæнДзæймæгтæм тыххæй-фыдтæй схызт. Хъазан- темыры ныййарджытæй арæхдæр никæмæ сидтысты ахуыргæнджытæ. Ныр дæр нæма ныууагъта йæ митæ. Куы Къæдзæхрæбынмæ найынмæ ацæуы. Уый та Æр- джынарæджы ис. Куы сæ сыхæгты фæткъуытæм ба- хъуызы. Афтæмæй сæхи цæхæрадоны та дыргъæн нык- кæнæн нæй. Куы сæ чысыл къæбыла æмæ стыр гæдыйы сæ къæхтæй кæрæдзимæ синагæй бабæтты, æцæ хъæ- рæй бæстæ байдзаг кæнынц. 10
Ныр та æнæфæрсгæйæ кæсаг ахсынмæ араст. Хъæ- уæй цыппар километры æддæдæр. Иунæгæй. Ныллæг къутæртæ кæм зайы, уыцы тагмæ бахæц- цæ. Фæндаджы алыварс цъыхыры йедтæмæ ницуал уыдта. Иæ риуы цыдæр тас сæвзæрд. Ноджы къахвæн- даг бынтон æрбанарæг. Иæ къæхты бын-иу къæцæл куы фæсаст, уæд-иу йæ уд ауад. Гæрзæхсæн-иу йæ къа- хыл атыхст. Размæ-иу фæцæйхауд. Тæппуд кæд Таймуразы рахуыдта, уæддæр калмæй йæхæдæг тынгдæр йедтæмæ къаддæр нæ тæрсы. Цыма алы къудзийы бын дæр сау калм йæхи хурмæ тавта, афтæ йæм каст. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, æрыскъæф- тæ агургæйæ-иу æмхуызонæй куыд дзырдтой, уый. Ныхæстæ фырадæргæй æваст æрхъуыды кæнын йæ бон нæ баци. Иуцасдæр ма ауад, стæй тагъд-тагъд дзу- рынмæ фæци: — Калм, дæ кой нæ кæнын, Мæ кой ма кæн, Дæ кой авд дæлдзæх. Къохы кæронмæ куы рахæццæ, уæд сулæфыд. Иæ сурхид йæ къæхты бынæй акалд. Иæ лæф-лæф ссыди. Фæстæмæ акаст æмæ йæхицæй фефсæрмы, бон-сихор- •афон цæмæй фæтарстæн, зæгъгæ. Уайтагъд фæхъæбатыр. Иæ хид æрсæрфта. Хæрын- къайæ æхсæры къутæры лæдзæг ракодта æмæ дзы цы- ма æппындæр тас никуы бацыд, уыйхуызæн йæ фæнда- гыл æхситтæй заргæ араст. Цадмæ æрбахæццæ. Зноны кæсæгтæ та сæ зæрдæ- йы дзæбæхæн ленк кодтой доны уæлцъар. Хъазанте- мыр былгæронмæ куы бахæстæг вæййы, уæд уыдон æм- хуызонæй малы арфы смидæг вæййынц. Иуцасдæр рæстæг нал разыцынц. Лæппу хæмпæлты æрæмбæхсг. Æмæ та кæсæгтæ дæр иугай-дыгай сæхи уæлæмæ исын райдайынц. Цыма Хъазантемыры мæстæй фæмарынц, уыйхуызæн хаттæй-хатт уæлдæфмæ дæр сгæпп кæ- нынц, æмæ та дæсгай зиллæччытæ кæрæдзийы сургæ 11
дынджырæй-дынджырдæргæнгæ фæйнæрдæм фæцæй- лидзынц. Хъазантемыр йæ бынатæй ф^сты. Иæ аууонæй кæ- сæгтæ фæтæрсынц æмæ та æмбæхсынмæ фæвæййынц. Лæппу катай кæны. Куыдæй сæ æрцахса. Æнгуыр нæй, хыз нæй, къуту нæй. Ууыл раздæр куыннæ ахъуы- ды кодта. Цыфæндыйæ дæр дзы æнæрцахсгæ нæй. Йæ хæлафы къæхтæ уæлиау стылдта. Иæ хæдон ра- ласта, йæ дыстæ æмæ йын йæ хъуыр бабаста æмæ мал- мæ фæцæуы. Цалдæр къахдзæфы бакодта æмæ астæумæ аны- гъуылд. Доны бын цъымара разынд. Йæ къæхтæ сто- нын нал комынц. Тыххæйты ма иу къахдзæф акодта æмæ размæ бахауд. Иудзæвгар фæхъуырдухæн кодта, стæй куыддæртæй фæстæмæ рахызт. Дон сызмæст, æмæ дзы кæсаг дæр нал зынд. Йæ хæлаф æмæ хæдон счъизи сты. Абон сæ фыццаг хатт скодта. Иæ мад ын сæ бæргæ нæ уагъта, скъоламæ цæуынмæ йын сæ бахуыдта, фæлæ та ацы хатт дæр йæ- хи фæнд атардта. Ныр сæ бынсæфт фæкодта. Доны сæ цалдæр хатты ранхъæвзта æмæ сæ хурмæ байтыд- та. Иæхæдæг аууон ран æрбадт æмæ хъуыдыты. аиы- гъуылд... Афонмæ йæ сæхимæ агурынц. Таймуразмæ та суа- даиккой фæрсынмæ. Уый сын хабæрттæ радзырдтаид. Ныр сæхимæ куы фестид. Æвæдза, Таймураз амонд- джын у. Сæ хæдзары æнцад бады. Кæнæ та уынджы æнæмæтæй хъазы. Хæцгæ дæр æм ничй кæндзæн. Агу- рын дæр æй нæ хъæуы. Йæ дзаумæттæ дæр не счъизи сты. Фæсмон дæр ницæуыл кæны. Уый та... Иæ бынатæй фестад. Йæ дзаумæттæм бауад. Кæм фæхусбын сты, уым сæ чъизи уæлдай бæрæгдæр уыд. Хуыздæр сæ аудайын хъуыд. Донмæ та сæ фæхæссы. Ныуудæста сæ . Ногæй та сæ байтыдта. Катай кæны. Иæ цуры урс дидинæг ратыдта æмæ нымайы: — Хæцдзæн, нæ хæцдзæн, 12
Хæцдзæн, нæ хæцдзæн... Сыфтæ куыд къаддæр кæнынц, афтæ сындæгдæрæй хъуысы йæ ныхас: — Хæцдзæн, нæ хæцдзæн, Хæцдзæн, нæ хæцдзæн... Дидинæджы чъирийыл ма иу сыф куы аззад, уæд Хъазантемыр æнæбары даргъ айвазгæйæ сдзырдта: — Хæц-дз-æ-н... Уæд та ма йæ иу хатт афæлварид. Цалдæр диди- нæджы ратыдта, аууон ран йæ фарсыл æрхуыссыд æмæ сабыргай райдыдта: — Хæц-дзæн, нæ хæц-дзæн, Хæц-дзæн, нæ хæц-дзæн... Сыфтæ куы «хæцдзæн»-ыл фæвæййынц, куы — «нæ хæцдзæн»-ыл. Æппынфæстаг нымайынæй бафæллад. Дидинджы- ты сыфтæй ма æнæтынд чи баззад, уыдон иуварс хæм- пæлтæм мæсты æхст фæкодта æмæ арф ныуулæфгæйæ загъта: — Адоныл дæр æууæнк нæй. Куы иуырдæм дзу- рынц, куы — иннæрдæм. Хур мигъты аууон фæци, æмæ йæ тынтæ тынг нал æндæвтой. — Афтæмæй мæ дзаумæттæ тагъд нæ бахус уыдзы- сты,— бахъуыр-хъуыр кодта лæппу йæхинымæр æмæ йæ иннæ фарсыл æрхуыссыд. Ацы хатт йæ къух йæ сæры бын бакодта æмæ, йæ цæстыты акомкоммæ цы хæмпæлтæ уыдис, уыдонмæ æнæзмæлгæйæ каст. Уæр- тæ дзы иуы хъæдыл мæлдзыг фæхилы. Иуцасдæр х&рдмæ суайы æмæ та фæстæмæ фездæхы, цыма, кæ- цæй рацыд, уымæн ферохæй тæрсы. «Цымæ кæдæм цæуы,— йæхинымæр ахъуыды кодта Хъазантемыр.— Цалынмæ йæ цъупмæ схæццæ уа, уæдмæ йæм æнæ кæсгæ нæй. Каеддæра уыйфæстæ та Цы кæнид...» Фæлæ лæппуйæн уый фенын нал бантыст. Мæл- дзыг æмбисмæ дæр нæма схæццæ, афтæ йæ цæстыхау- 14
тæ кæрæдзиуыл андæгъдысты æмæ йæ хуыссæг йæ бы- ны æркодта. Æвиппайды февзæрди тархъæды. Кæцæйдæр æм æрбахъæрчындæуыд: — Нæуæндаг, нæуæндаг, Сындзкъутæртыл дæ фæндаг... Хъазантемыр алырдæм акæстытæ кодта, фæлæ йæ цæст куы ницæуыл æрхæцыд, уæд дарддæр араст. Ба- хæццæ ставд тулдз бæласы цурмæ. Æваст æрбата- лынг. Хæрдмæскаст æмæ ауыдта дынджыр сау цæргæ- сы. Уый йæ фæтæн базыртæ уыцы пакайæ æрбахаста. Арв иууылдæр йæ фæстæ бакодта. Бæласы ставддæр цонгыл æрбадт. Иæ базыртæ æрбамбырд кодта æмæ дзæвгар фæрухсдæр. Иучысыл йæ улæфт суагъта, стæй та йæ’базыртæ фæпака сты, æмæ нæууыл æрбадт. Куыддæр йæ къæхтæ зæххыл андзæвдысты, афтæ ус фестади. Йæ уæлæ хъулон кæлмæрзæн, даргъ къабаиы дзыппæй зынынц тетрæдтæ æмæ къраидæстæ. — Дис ма кæн, лæппу,— загъта зæронд ус Хъазан- темыры хуыздзыд цæсгоммæ кæсгæйæ,— фæлæ-ма мын зæгъ, чи дæ æмæ кæдæм цæуыс? — Æз... Æз...— фырадæргæй цы загътаид, уый нал зыдта Хъазантемыр,— æз Уырызмæджы лæппу дæн Дзыбыртт. — Æгъгъæд у! Фыццаджыдæр, ды Бексолтаны лæппу дæ. Дæ ном хуины Хъазантемыр. Цæугæ та ра- кодтай кæсаг ахсынмæ. Бамбæрстай? Лæппу фегуыппæг. Иæ бынаты чйæ цыма садзгæ ныччындæуыд, уыйхуызæн æнæзмæлгæйæ лæууыд æмæ йæ къæхты бынмæ каст. — Ардыгæй фæстæмæ ма гæдыныхæстæ искуы ра- кæндзынæ? — бафарста йæ зæронд ус. Хъазантемыр йæ сæр «нæ» зæгъгæ, фæрсырдæм батылдта. — Дæумæ дзурын, дæумæ! Дæ дзых цы ныххуыд- тай? — Нал!.. 15
— Уый лæджы ныхас у. Æрмæст æй хъуамæ æх- хæст дæр скæнай. Зæронд ус йæ дзыппæй систа тетрад æмæ кърандас æмæ сæ Хъазантемырмæ бадаргæйæ загъта: — Мæнæ дын уый тыххæй мæ лæвар. — Бузныг! — раарфæ кодта лæппу. — Æрмæст дæ мæ ныхæстæ ма ферох уæнт. — Хорз, — бынтон фæхъæлдзæгхуыз, афтæмæй дзуапп радта Хъазантемыр. — Цом ныр уæхимæ,— дзуры йæм ус.— Агурынц дæ. Æз дæ хъæды кæронмæ ахæццæ кæндзынæн. Лæппу æнæбары сразы усы фæндоныл æмæ зивæг- гæнгæ йæ фæдыл араст. Гурæй-гурмæ цæуынц нарæг къахвæндагыл. — Цæмæн мæм мæсты кæныс? — йæ цыд нæ фæса- быр кæнгæйæ бафарста зæронд ус. — Чи? — Ды! — Æппындæр нæ. — Лидзынмæ та цæмæн хъавыс? — фæстæмæ нæ ракæсгæйæ та бафарста ус. Хъазантемыр бынтондæр скатай. Йæ лæдзæг фыр- тæссæй йæ къухæй æрхауд. Адæргæй йæ сисын дæр нал бауæндыд. — Цытæ мыл мысыс? — тыххæй-фыдæй ма уыцы ныхæстæ йæ дзыхæй сирвæзтысты. — Афтæ куы бадзырдтам, гæдыныхас нал зæгъдзы- нæ, зæгъгæ. — Нæ кæнын гæдыныхæстæ. Ард дын хæрын... — Æгъгъæд!— йæ бынаты æрлæугæйæ загъта ус.— Равдис-ма уæдæ дæ тетрад. Хъазантемыр тетрад йæ ронæй фелвæста æмæ йæм æй радта. Ус æй рафæлдæхта æмæ, фыццаг фарсыл фыстытæ кæм уыд, уырдæм ацамонгæйæ загъта: — Бакæс-ма йæ. Лæппу тагъд-тагъд акаст: «Ацы зæронд чъебре та мæ размæ кæцæй фæци? Мæ фæндтæ мын фехæлдта. 16
Афонмæ æнæхъæн хал кæсæгтæ æрцахстаин. Ныртæк- кæ мæ уынгæ дæр нал акæндзæн...» — Адон мæ фыстытæ не сты,— æххæст каст дæр нæма фæци, афтæмæй скæуæгау кодта лæппу.— Мæн æфсон æй ма кæн... — Æрсабыр у,— бахгæдта тетрад зæронд ус.— Аф- тæ ничи зæгъы, æмæ сæ ды ныффыстай. Уыдон иууыл- дæр кърандасы куыстытæ сты. Æрдæбон дын кæй рад- тон, уыцы кърандасмæ ахæм миниуæг ис: цыдæрид- дæр ахъуыды кæнай, уый тетрады афыссы. Хъазантемыр ахæм диссæгтæ никуыма фехъуыста. Æцæгæй дæр, цыдæриддæр ахъуыды кодта, уыдон иу- уылдæр тетрад равдыста. — Цæмæн æй сæттыс? — бауайдзæф та кодта зæ- ронд ус Хъазантемырæн. — Кæй? — Кърандас! Æви сæттын нæ комы, уый нæ зоныс?! Зæронд ус тетрадмæ æркаст æмæ та йын равдыс- та, йæ хъуыдытæ кæм фыст уыдысты, уыцы бынат. — Цом дарддæр, фæлæ ма дын иу хатт зæгъын: ма- куал макæй афæлив. Бамбæрстай? — О. — Фыдуаг митæ дæр нал кæндзынæ? — Нал! — Æвзæр бæрæггæнæнтæ дæр нал исдзынæ? — Нал! — Дæ мад æмæ дæ фыдмæ дæр хъусдзынæ? — О. Æдзухдæр кæндзынæн, дзыцца æмæ бæппу цыдæриддæр зæгъой, уый. Куыддæр уыцы ныхæстæ сдзырдта, афтæ йæ фынæ- йæ фехъал. Йæ уæлхъус лæууыдысты йæ мад æмæ йæ фыд. Гыццыл дарддæр æм уайдзæфгæнæджы каст код- та Таймураз. Чысыл йе ’муд куы ’рцыд, уæд йæ мадыл ныттыхст æмæ кæуынхъæлæсæй загъта: — Афтæ никуал бакæндзынæн, дзыцца!.. 2 Бехъаны мугæ 17
ХЪАЙЛА ест уæлæмæ, байрæджы нын уыдзæн! — сдзырдта Римæ йæ чызг Фатимæйы сынтæджы уæлхъус æрлæугæйæ.— Афон- мæ де ’мбæлттæ æрдæгвæнда- гыл сты, æмæ æппæты фæстæ куы бацæуæм, уæд фæхудинаг уыдзыстæм... Фатимæйы алыбон дæр хъал кæнын бахъæуы. Сы- вæллæтты цæхæрадонмæ æрæджы цæуын райдыдта æмæ нæма фæцахуыр. Мад æмæ чызг æрвылрайсом дæр сбыцæу вæййынц. Фатимæмæ ма фынæй кæнын фæцæуы, Римæ та йæ куыстмæ байрæджыйæ фæтæрсы æмæ йæ уымæ гæсгæ йемæ раздæр ахоны. — Рауай-ма, рауай, мæ гыццыл карк,— чызджы нæвæндондзинад ницæмæ даргæйæ сдзырдта Римæ æмæ йын йæ къухыл рахæцыд.— Дæхи ахс æмæ ахо- дæн хæргæ. — Фатимæ йæхи ныхсадта æмæ æнæбарыгомау фынджы уæлхъус æрбадт. — Замдоанайы хъæбынтæ æхсырысæртимæ,— загъ- та Римæ æмæ фынгыл йæ тæф калгæ тæбæгъ æрæвæрд- та.— Суанг ма дзы мард дæр ахæрдзæн... — Мæн хъæбынтæ нæ хъæуы,— уыцы тæргайхуы- зæй дзуапп радта Фатимæ. — Уæд та дын мæнæ лывзæ. — Лывзæ дæр мæ нæ хъæуы... — Уæд та пырындзы кас. — Уый дæр мæ нæ хъæуы... 18
— Уæдæ ма дын цы радтон, цæттæ мæм æндæр куы ницы ис, уæд?! — Æйчытæ мæ хъæуы... — Айк хæрæн дын нæй, уый нæма фехъуыстай?!— йæхи фæтызмæг кодта Римæ. — Цæуылнæ? — Дохтыр дын æй нæ уадзы æмæ уымæн! Айфыц- цаджы хуызæн та дзы дæ буар рафаддзæн... — Уæдæ æз æппындæр ницы хæрын!.. Фатимæйьь фыд Хъазыбег йæ бинойнаг æмæ йæ чызгæй къаддæр тыхст нæ уыд. Æрдæгдаст уыдаид, афтæ йæ электрон тыхæй кусгæ сæрдасæн фехæлд. Ие- мæ иудзæвгар фæцархайдта, фæлæ йын дзы ницы ра- уайдзæн, уый куы бамбæрста, уæд фæстæмæ разылд æмæ Фатимæмæ дзуры: — Куыд кæсын, афтæмæй дæумæ хæрын нæ цæуы, æндæр дæхицæн уыйбæрц лæгъстæтæ нæ агурис! Уый- бæсты ма уæртæ Майрæмтæй сæрдасæн æрбадав. Чызгæн мæлæты æхсызгон уыд: уайтагъд дуары æдде фæци. Фæстæмæ æнкъардæй æрбаздæхт. — Рæвдздæр æй радав, мæ куыстмæ мын æрæджы кæны,— чызджы æрбацыд бамбаргæйæ сдзырдта Хъазыбег. — Нæй сæм... — Уый та куыд «нæй» у? Чызг ницы дзуапп радта. — Чи дын загъта? — фæрсы та йæ Хъазыбег. — Аминæт... — Марадз, Майрæмæн йæхицæн зæгъ, æвæццæгæн, кæм æвæрд ис, уый Аминæт нæ зоны. Фатимæ та фæстæмæ фæзылд. Ноджы æнкъарддæ- рæй та ныр æрбаздæхт. — Нæй сæм...— æрдæбоны хуызæн дзуапп та рад- та Фатимæ. — Оу, мæнæ диссæгтæ! Абоны онг мæ куы никуы ницы бамбæхстой, уæд мын сæ сæрдасæн кæдæй ныр- мæ хæлæг кæнын райдыдтой?! — бынтондæр стыхсти 19
Хъазыбег.— Ис сæм, уый куы нæ зонин, уæддæр ма иу... Хъазыбегæн йæхи цæугæ æрцыди. Дуары дзæнгæ- рæгмæ йæм Майрæм ракаст. — Дæ сæрдасæн-ма мын авæр,— загъта Хъазыбег æмæ йæ рыхагæй хатыр ракуырдта, афтæ раджы сæ кæй батыхсын кодта, уый тыххæй.— Мæхион нал кусы. — Æгайтма дæ хъæуы,— сдзырдта Майрæм æмæ мидæмæ фæраст. — Чызг дын, æвæццæгæн, дзæбæх нæ бамбарын кодта, æндæр æй æрдæбон бæргæ æрбарвыстон,— сдзырдта Хъазыбег сæрдасæн исгæйæ. Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ Майрæмы бинойнаг 20
Аминæт тыргътæм рауад æмæ Хъазыбегæн салам рат- тыны фæстæ сдзырдта: — Фатимæ нæм æцæгæй дæр дыууæ хатты æрбахос- та, фæлæ сæрдасæны тыххæй иу ныхас дæр не скодта. Фыццаг мын афтæ зæгъы, айк, дам, мæ хъæуы, уый- фæстæ та мæ хъайла агуырдта, æмæ нæм дзы, хъыга- гæн, иу дæр нæ разынд. Мæхимæ ма мæсты дæр сдæн, знон базары куы уыдтæн, уæд æйчытæ цæуылнæ бал- хæдтон, зæгъгæ. Къафеттæ йын бæргæ лæвæрдтон, фæ- лæ мын сæ нæ бакуымдта. Хъазыбегæй йæ маст æрбайрох, стæй æнæбары ба- худгæйæ сдзырдта: — Гъер уый ницы у! Райсомсарæй йæ мадимæ ууыл тох кæнынц, айк хæрын дын дохтыр нæ уадзы, зæгъгæ. Ныр ма уымæ исчи бакæсæд! Сымахмæ цæугæ- йæ дæр, æвæццæгæн, йæ зæрдæ айкимæ дзырдта, æмæ- иу дзы сæрдасæн æрбайрох. Майрæм æмæ Аминæтыл худæг бахæцыд.
АЛЫ КУЫСТÆН — РАД... уыддæр фæстаг урокæй дзæн- гæрæг уыди, афтæ Арысби Хъайтыхъойы хъусы бадзырд- та: — Цæуæм? — Цæуæм! —йæ сæр ра- зыйы тылд,бакодта Хъайтыхъо. Дыууæ лæппуйы ахуыргæнæгæн «хæрзбон» зæгъы- ны фæстæ сæ дзаумæттæ амбырд кодтой æмæ къласæй цæугæйæ æппæты разæй фесты. Уынджы дæр сæ тагъд цæуынæй нæ банцадысты, цыма исты стыр хъуыддаг- мæ æрæджы кодтой, уыйхуызæн. Арысбиты хæдзармæ æрбаввахс сты. Сæ комкоммæ бур-бурид дынджырхъусджын куыдз æрцæйтахт. Хъайтыхъо кауы рæбын февзæрд æмæ дыууæ дуры фелвæста. — Ма тæрс! — фæдзырдта йæм Арысби.— Мæ цу- ры дын ницы кæндзæн. Кулдуарæй куы фæмидæг сты, æмæ куыдз æдде куы аззад, уæд Хъайтыхъо йе ’муд æрцыд, Арысби та йæ тæрхъустæй æппæлынмæ фæци. — Куы ныззайой, уæд дын дзы дыууæ лæппыны ратдзынæн,— йе ’мбалы зæрдæ алхæдта Арысби. Уалынмæ фæзындысты тæрхъустæ. — Цаехæрадоны хызтысты,— загъта Арысби.— Ба- фсæстысты æмæ улæфынмæ цæуынц. Лæппутæ дзæвгар бафæстиат сты тæрхъусты цур. — Цом æмæ гудайæ хъазæм,— афæнд кодта Арысби. 22
— Æмæ дæм лæдзджытæ ис? — Ис. Хъæугæрон лæппутæн хъазын бацайдагъ. Хуры айыгуылдмæ бирæ нал хъуыд, афтæ кæрæдзийæ фæ- хицæн сты. — Ацафонмæ кæм уыдтæ? — бафарста Хъайтыхъо- йы цæ мад Хандзериффæ, сæхимæ куы ’рбацыд, уæд. — Арысбитæм. — Æмæ сæм цы куыстай? — Иæ тæрхъустæ мын уынын кодта. — Абондæргъы кæй уыдтай, уыдон цавæр тæрхъус- тæ уыдысты? — Стæй ма хъæугæрон дæр уыдыстæм. — Уым та дын цы баззад? — Гудайæ хъазыдыстæм... — Дæ уроктæ дæр дын гуда æмæ тæрхъустæ скæн- дзысты? — йæ маст тынгдæр рафыхт Хандзериффæ- йæн.— Ныртæккæ дæ дзаумæттæ аив, дæхи ныхс, хæ- ринаг бахæр æмæ чингуытæ райс. Цалынмæ дæ урок- тæ сахуыр кæнай, уæдмæ иу къахдзæф дæр макæдæм- уал акæн. Бамбæрстай? — Хорз,— дзуапп радта лæппу æмæ хæдзармæ фæ- раст. Чысыл фæстæдæр тыргътæм æд чингуытæ раздæхт. «Раздæр уал «Каемæн цы?» сахуыр кæндзынæн». Æмдзæвгæ кæронмæ нæма фæвæййы, афтæ лæппу йæ бандонæй фесты æмæ кауы сæрты æддæмæ акæсы. Уынджы сыхы лæппутæ æрæмбырд сты æмæ портийæ хъазынц. Хъайтыхъо йæ кæсын фæуадзы. Бæргæ йæ фæнды уырдæм ацæуын, фæлæ йæ мадæй нæ уæнды. Фæстæмæ нæвæндонæй йæ бынаты æрбады æмæ та кæ- сын байдайы: «Алы куыстæн — рад. Дзидзидайæн — мад. Хорз фиййауæн — фос; Бирæ фосæн — хос». 23
Уынджы хъазт йæ тæккæ тынджы бацыд. Хъайты- хъо та сцыбæл. — Дзыцца,— дзуры йæ мадмæ. — Цы кæныс? — фаллаг уатæй æд цъылын рауад Хандзериффæ. — Иучысыл ахъазон? Ныртæккæ æрбацæудзынæн. — Æз дын цы загътон, уый дæ ферох? — Сыхы лæппутæ иууылдæр уым сты. — Уыдон дæу хуызæн абондæргъы дзæгъæл ра- зил-базил нæ кæнынц. Раздæр сæ уроктæ сахуыр код- той, æмæ уыйфæстæ ацыдысты хъазыимæ. Хъайтыхъо йæхи нынцъылдтæ кодта æмæ та ногæй чиныг райста. Сывæллæттæ хъазынæй бафæлладысты. Сæ хъæлæ- ба нал хъуысы. Хъайтыхъо æддæмæ акаст. Æцæгæй дæр уынджы ничиуал уыд. Æрмæст ма бандоныл йæ кæстæр æфсымæр Солтанбег бадт æмæ лæдзæджы фындзæй зæххыл хæххытæ кодта. Хъайтыхъо та кæсын райдыдта. Солтанбегмæ æмдзæвгæ мæлæты хорз фæкаст. Æр- дæбонсарæй йæ сывæллæтты хъæрæй нæ хъуыста. Ныр, Хъайтыхъо йæ куыннæ бафиппайа, афтæ каурæбынмæ хæстæгдæр æрбацыд æмæ хъусы. «Алы куыстæн — рад. Дзидзидайæн — мад»,— сдзырдта Хъайтыхъойы фæстæ Солтанбег. «Хорз фиййауæн — фос; Бирæ фосæн — хос»,— дзырдта дарддæр лæппу. Æмæ афтæ цалдæр хатты. Мæнæ та Хъайтыхъо æмдзæвгæ бакаст. Ацы хатт Солтанбег кулдуар фегом кодта æмæ æнæкъуызгæйæ райдыдта: «Алы куыстæн — рад. Дзидзидайæн — мад. Хорз фиййауæн — фос; Бирæ фосæн — хос. Хоры кæндæн — зад, Хоры хæрдæн— кад. 24
Сонт рæдыдæн — барс^т. Хорз зæрдæйæн — уарзт. Рагон мастæн — тад; Загъдкъахæгæн — над. Магусайæн— цæф; Цырд лæппуйæн — кæф!..» Хъайтыхъо фефсæрмы. Чысыл ма бахъæуа йæ чи- ныг йæ къухæй ма ’рхауа. Æрдæбонсарæй цы æмдзæв- гæ ахуыр кæны, уый йæ кæстæр æфсымæр йæхицæй раздæр базыдта. Хандзериффæ йæ мидбылты бахудт. — Авдаздзыд Солтанбег дæ дзæбæх куы амбылдта. Цы кæсыс, ууыл хъуыды кæнын хъæуы. Дæуæн та дæ зæрдæ æндæр кæмдæр ис... Хъайтыхъо æрæнкъард. Хандзернффæ Солтанбе- джы къухыл хæцгæйæ уатмæ бацыд. Хъайтыхъо ма иу- дзæвгар æнæдзургæйæ алæууыд, стæй дарддæр æм- дзæвгæ ахуыр кæнып райдыдта. Æртæ хатты ма йæ лæмбынæг куы бакаст, уæд дуар фегом кодта æмæ йæ мады цурмæ батахт: — Дзыцца, базыдтон æй, базыдтон æй! — æмæ æм- дзæвгæ кæрæй-кæронмæ æнæ чиныгмæ кæсгæйæ ра- дзырдта. — Уый æндæр хъуыддаг у! — загъта Хандзериф- фæ.— Алцæмæ дæр зæрдæ раттын хъæуы. Дæуæн та абондæргъы дæ хъуыдытæ æндæр кæмдæр уыдысты. Афтæмæй сæрмæ ницы цæуы. Стæй дæ æмдзæвгæ йæ- хæдæг куы ахуыр кæны, алы куыстæн дæр рад ис, зæгъгæ. Хъазынæн дæр афон ис, хæрынæн дæр æмæ ахуырæн дæр. Хъуамæ дзы иу иннæйы рæстæг ма иса. Дæуæн та абон хи ирхæфсын фæсæйрагдæр. Дæ урок- тæ фесты, уæд дæ хæдзармæ ссу. Хæринаг бахæр, дæ- хи иучысыл истæуылты аирхæфс æмæ дæ уроктæ са- хуыр кæн, стæй хъазынмæ ацу.
ПЫЛЫ КЪÆДЗИЛ адджери зæххыл нал хæцы. Абон хуыцаубон у, æмæ йæ фыд Елдзарыхъо сæхимæ ис. Сырддонмæ ацæуынæй йын зæрдæ бавæрдта, æмæ ууыл у йæ цин. — Арс дæр дзы уыдзæн? — афарста Бадджери йæ фыды, сæхицæй куы рараст сты, уæд. — Уыдзæн, уыдзæн. Арс дæр, домбай дæр, теуа дæр,— дзуапп радта Елдзарыхъо æмæ йæ фырты къу- хыл хæцгæйæ йæ цыд фæтагъддæр кодта. — Æмæ кæрæдзийы нæ бахæрдзысты? — цæхгæр- мæ уынджы куы фæзылдысты, уæд та афарста Бад- джери. — Алкæмæн дæр дзы хицæн бынат ис. Ныртæккæ йæ дæхæдæг фендзынæ,— загъта Елдзарыхъо. Сырддоны уыдис бирæ адæм. Бадджериитæ æппæ- ты фыццаг бацыдысты рувасы цурмæ. — Цы даргъ къæдзил ын ис! — ныддис кодта лæп- пу æмæ йæ фыды къухыл дарддæр ахæцыд. Федтой домбæйтты, бирæгъты, жирафты, страусты, зебрæты, кæфхъуындары... Алкæмæ дæр дзы цымыди- сæй каст Бадджери, фæлæ уæддæр æппæты тынгдæр пылыл дис кодта. Иæ цурмæ куы бахæццæ сты, уæд Бадджери хъæрæй сдзырдта: — Уæртæ-ма, уæртæ-ма, пылæн та йæ къæдзил ра- зæй ис!.. — Уый къæдзил нæу,— бамбарын кодта фыд. — Уæдæ? 27
— Хæтæлфындз. — Æмæ йæ цæмæн хъæуы? — Дон нуазынæн, стæй... Уыцы рæстæг пылы цурмæ бацыд æрыгон лæппу. Иууылдæр æй куыд хъусой, афтæмæй загъта: — Уæ хорзæхæй, иучысыл æддæдæр алæуут, кæн- нод ын ныртæккæ холлаг дæтдзыстæм, æмæ йæ уе ’ппæт нæ фендзыстут. Адæм иу-цалдæр санчъехы фæфæстæмæ кодтой æмæ пылæй сæ цæстытæ нал истой. Уæдмæ чъылды- мырдыгæй дуар байгом, æмæ сырддоны кусджытæ цал- дæрæй хæссын райдыдтой алыхуызон холлæгтæ. Пыл йæ залмысыфы хуызæн хъустæ цалдæр хатты базмæлып кодта, йæ хæтæлфындзы кæрон дæлæмæ æрæппæрста, холлагыл æй æрбатыхта æмæ йæ йæ дзыхмæ сдавта. Хæрд æй куы фæци, уæд та зæхмæ ногæй æрæвнæлдта. Утæппæт холлæгтæ цыбыр рæстæгмæ иууылдæр хæрд фесты. — Бамбæрстай, хæтæлфындз æй цæмæн хъæуы, уый? — афарста Елдзарыхъо йæ фырты. Сæхимæ куы ’рбацыдысты, уæд сырддоны кой йед- тæмæ æндæр кой нал уыди. Бадджери цал æмæ цал хатты радзырдта йæ мадæн пылы тыххæй. Куы загъ- та: нæ цармæ хизæн асин йе ’рагъмæ нæ сæххæсдзæн, куы — нæ фыстæ, сæгътæ æмæ хъуг иумæ цы бахæрой, уымæй фылдæр бахордта, куы та — нæ бæгæныфыцæн аджы дзаг дон банызта... Дыккаг бон Бадджери скъоламæ иннæ хæттытæй раздæр æрцыд. Ие ’мбæлттæй къласы цалдæры ный- йæфта, æмæ уыдонæн кодта зноны хабæрттæ. Уай- тагъд сыл рæстæг аивгъуыдта. Ныццагъта дзæнгæрæг. Райдыдта урок. — Ныр та сахуыр кæндзыстæм ног æрмæг,— загъ- та ахуыргæнæг, скъоладзауты хæдзармæ куыстæй фарст куы фæци, уæд.— Дамгъуаты «0»-йы фæстæ цæ- уы дамгъæ «П». Сывæллæттæ хъусынц зæрдиагæй. 28
— Чи зæгъдзæн, дамгъæ «П»-йæ чи райдайы ахæм дзырд? — бафарста ахуыргæнæг. Иукъордæй сæ къухтæ сдардтой. — Будзи,— ахуыргæнæг йæ къухæй ацамыдта, раз- заг партæйыд чи бадт, уыцы саухил лæппумæ. — Пыл,— йæ бынатæй фестад æмæ дзуапп радта лæппу. Стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Уырыссагау та хуины «беби». Йæ къæдзил ис разырдыгæй. — Фыццаг фарстæн раст дзуапп радтай,— загъта ахуыргæнæг,— фæлæ уыйфæстæ фæрæдыдтæ. Чи зæгъ- дзæн: кæм фæрæдыди? Ацы хатт Бадджери йедтæмæ йæ къух ничиуал сдардта. — Зæгъ-ма, Бадджери. — Уырыссагау пыл хуины «слон»,— загъта лæп- пу,— стæй йæ къæдзил фæстæрдыгæй ис. Разырдыгæй чи ис, уый та хуины хæтæлфындз. Уымæй пыл фæнуа- зы дон, йæ дзыхмæ дзы фæдæтты хæринаг. — Раст загътай, Бадджери, сбад. — Будзи, кæм фехъуыстай, пыл уырыссагау «беби» хуины, уый? — бафарста ахуыргæнæг. — Мæ хистæр æфсымæр Гæгуыдийы чиныджы йæ бакастæн. — Æмæ дзы куыд фыст уыди? — Слон Беби. — А-а-а,— йæ мидбылты бахудт ахуыргæнæг.— Уый пылæн йæ ном афтæ хуынди. «Беби», зæгъгæ. Иронау та у «пыл Беби». Зæгъæм, «лæппу Будзи» куыд у, афтæ. Ныр æй бамбæрстай? — Бамбæрстон,— æфсæрмхуызæй дзуапп радта Бу- дзи. — Иууылдæр æй бамбæрстат? — ахуыргæнæг йæ цæст ахаста къласыл. — Бамбæрстам,— æмдзыхæй дзуапп радтой сывæл- лæттæ. Æппæты тынгдæр та райхъуыст Бадджерийы хъæлæс.
БУЦ НÆМТТÆ жимара кæцы ран ис, уый зо нут? Дæргъæвсы комы. Уы- мæй фалдæр хъæу нал ис. Комы тæккæ рæбын æрæнцад. Урс-урсид цъититы æмбуар. Хур бон дзы рухсæн ныккæ- нæн нал вæййы. Канд цъититæ нæ ферттивынц. Цæхæр калынц æхсæрдзæнтæ, къæдзæхты уæхсчытæ, Астæу- доны уылæнтæ, æртæхæвæрд къуылдымтæ... Кæд дæ дзæбидыр кæнæ сæгуыт фенын фæнда, уæд демæ би- нокль райс, æмæ йæ хохы цъуппытыл ахæсс. Хъуамæ сыл сæмбæлай, уымæн æмæ та сбирæ сты. Стæй бы- нæттон цæрджытæй дæр афтæ тынг нал тæрсынц. Цуан кæнын сыл куынæуал уадзынц, уæдæй фæстæмæ хъæу- мæ хæстæгæй-хæстæгдæр цæуын райдыдтой. Годзекка ам райгуырд. Уæлæ хъæуы сæр цы æр- дæгхæлд мæсыг ис, уый йæ цæгаты уыдис. Æнæхъæн комыл хъуыстгонд уыдысты сæ къæбæрдæттонæй. Сæ цурты æрцæуын никуы никæй бауагътой. Сæхимæ-иу æй бахуыдтой, хорз-иу æй федтой. Годзеккайы æвзон- джы бонтæ дæр уым аивгъуыдтой. Уырдыгæй ацыдис чындзы. Сæ;сыхæгты лæппу йæ ракуырдта... Куыд раджы уыдысты уыцы хабæрттæ. Годзеккайы азтæ базæронд кодтой, фæлæ ма зноны хуызæн -йæ зæрдыл лæууынц. Иæ хæдзары куыстытæ куы бакæ- ны, æмæ йын æнцад бадыны фадат куы фæвæййы, уæд сæ арæх æрымысы. Бирæ азтæ йыл рацыд, фæлæ нырма сæрæн у, иунæгæй цæрыны ныфс ма йæм ис. Æх- хуысмæ никуы никæмæ ма фæдзырдта. Иæ фырт Асæхмæт горæты цæры æмæ йæ хъуаг ницæмæй уа- 30
дзы. Арæх æм æруайы, фæлæ горæтæй хъæумæ хæ- дзар дарын зын у. Уæвгæ, Годзекка ницæмæй тыхст у. Горæтæгтæн ма йæхæдæг дæр аххуыс кæны. Куы йæ æхсæзаздзыд фыртыфырт Ханджерийæн ногдыгъд æхсыр (дуканийы æхсыр дæр æхсыр у!?) аласы, куы инджын цыхт (гыццыл лæппуйæн æндæр мацы ратт), куы та дзаджджын гуыл (буцдæрæн). Ноджы сæ хъæумæ автобус цæуын райдыдта, æмæ фæстæмæ фæ- зилы. Уым дæр æй бæргæ фæуромынц, фæлæ йын уыцы фадæттæ кæм ис! Иæ фосмæ йын чи базилдзæн. Семæ цæрын та нæ комы: хъæуы йæм хуыздæр кæсы. Абон дæр та фæстæмæ фæзилыны зондæй рацыд. Ноджы мæлæты тагъд æрхæццæ: йæ хъуыдыты æгæр дард адзæгъæл. Автобус Асæхмæтты цурмæ бахæццæ. Йæ æрлæууæн бынат дарддæр у, фæлæ та зонгæ шофыр зæронд усы тыххæй баурæдта*. Годзеккайы лæф-лæф ссыд. Æртыккаг уæладзы- джы йæ уæргътæ æрæвæрдта æмæ дуары дзæнгæрæг нылхъывта. Бæстæ цин æмæ худтæй байдзаг. — Куыд æрæгмæ цыдтæ, дыдта? — бафарста Хан- джери, зæронд усæн æппынæрæджиау æрбадын куы бантыст, уæд.— Æз дæм æнхъæлмæ кастæн, уый нæ зыдтай?!. Годзеккайæн йæхи дæр бæргæ фæндыд раздæр ра- цæуын, фæлæ дзы сабат æмæ хуыцаубонæй раздæр хæ- дзары никæй сæййафдзæн æмæ нырмæ уымæн баззад, йæ фыртыфыртæн та загъта: — Джимара кæцы ран ис, уый зоныс? — Ды кæм цæрыс, уыцы Джимара? — О, мæ цæстыгагуы, æз кæм цæрын, стæй Гаги’ кæм райгуырд, уыцы Джимара. Годзекка йæ фырты сывæллонæй фæстæмæ Гаги хо- ны. Стырæй дæр æм уыцы номæй дзурын нæ ныууагъ- та. Раджы заман цоты хистæрмæ мад йæ номæй нæ дзырдта. Ныййарджытæй-иу алчидæр йæ фыццаг сы- 31
вæллоныл фырбуцæй йæхи ном сæвæрдта. Фылдæр хæттыты-иу мады ном фæуæлахиз, æмæ-иу æй адæм дæр афтæ хонын райдыдтой. Ханджери йæ фыдымады ныхæстæм алы хатт дæр йæ мидбылты бахуды. Ныр дæр та йæ «Гаги», зæгъгæ, сфæзмыдта æмæ ныххудти. — Цæуыл бакъæцæл дæ? — фæрсы йæ зæронд ус. — Афтæ йæ цæмæн хоныс? — Куыд? — Исты дын, æцæгæй, гыццыл гаги у? — Мæнæн кæдфæндыдæр гаги у, мæ цæстыгагуы. Гыццылæй йыл сæвæрдтон уыцы ном. Уæд ма дæуæй къаддæр уыди. Къахæй дæр нæма уади, дзургæ дæр нæма кодта. Лæппу хинæйдзаг худт бакодта, цыма афтæ зæ- гъынмæ хъавыди, папæ мæнæй къаннæгдæр куы ни- куы уыд, уæд кæй сайыс, зæгъгæ. — Уæдæ йæ иннæтæ Гаги цæуылнæ хонынц? — Уымæн æмæ æрмæстдæр мæнæн Гаги у,— дзуапп радта Годзекка, стæй Ханджерийы афарста: — Нæ фæлæ мæм ды дæхæдæг «дыдта»-йæ цæмæн дзурыс? — Уæдæ? — Мæ номæй. — Æмæ дæ ном исты «Дыдта» нæу? — Нæу. — Куыннæ? — Куыннæ вæййы, афтæ. Мæ ном Годзекка хуины. — Уæдæ дæ папæ афтæ цæуылнæ хоны, стæй мамæ дæр?.. — Уымæн æмæ уыдонмæ дæр афтæ хуыздæр кæсы. Дыдта мæ Гаги схуыдта. Гыццыл лæппуййе. Æмæ ма дыдтатыл ноджыдæр иу бафтыд. Ныр мах цал стæм, уый зоныс? Бирæ. Алы хъæуы дæр, алы сыхы дæр. Ирыстоны зын ссарæн у, дыдта цы хæдзары нæй. Гыц- цыл сывæллæттæй бирæтæ сæ мадæлты дыдтатæ хо- 32
нынц. Чындз дæр мæм Гагимæ гæсгæ афтæ дзурын рай- дыдта. Хаиджеримæ та фыдымады фæстаг пыхæстæ ног фарст февзæрын кодтоп: — Уæд мамæйы та «чындз» цæмæн хоныс? — Уæдæ? — Мамæ. — Дæумæ гæсгæ йæ ном афтæ хуипы? — Уæдæ? — Дунетхан. — Ды пæм уыцы номæй цæуылпæ дзурыс? — Нæ зонын, мæ цæстыгагуы. Куы иæ æрхастам, уæдæй фæстæмæ йыл «Чындз»-æй сахуыр дæн. Æрдæбонсарæй Дунетхан йæ фырт æмæ йе ’фсины ныхæстæм æнæдзургæйæ йæ хъус дардта, фæлæ Хан- джери зæронд усы æгæр куы бакъуымы кодта, уæд хæ- ринаггæнæнæй рауад: — Уыцы хуызæнæй ма дæхи пом цы хуины, уый зæгъ? — Дыдтыл,— фæцырд лæппу. — Раст нæ зæгъыс. — Цæуылнæ? — Уымæн æмæ дæ ном Ханджери хуины. Дыдты- лæй та дæм æрмæстдæр нæхимæ дзурынц. Лæппу зæронд усы хъæбысы базмамыд æмæ пæм хæрдмæ скаст, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: раст куы нæ дзуры, уæд ын исты цæуылнæ зæгъыс? — Афтæ, афтæ, мæ цæстыгагуы,— йæ фыртыфыр- ты сæр лæгъз æрфасгæйæ сдзырдта Годзекка,— уарзон адæм кæрæдзийы уарзон нæмттæй фæхоиынц. Уымæн бирæ ис Ирыстоны нанатæ æмæ гыццнтæ, бæппутæ æмæ дзыццатæ, бабатæ æмæ дадатæ, дыдтатйе æмæ га- гитæ, гæбултæ æмæ гыгытæ... 3 Бехъаны мугæ
РЫНЧЫНФÆРСÆГ одзеккайы уазал бацыд. Ацы бабызты фæстæ ратæх-батæ- хæй йæ сæрæн нал у. Куыд- дæр уынгмæ аирвæзынц, афтæ сын сæ дымгæ дæр нал ауын- дзынæ. Кæцы ран сæ æрæййа- фа, уым сæ айк а^рæппарынц. Астæудонмæ баирвæзæнт, æндæр хъæуы бын балæудзысты, æмæ сын уæд хæдзар бацагурынæй мауал тæрс. Æндæризæр Годзекка йæ фæстæ сæ кулдуар мæнг æхгæд æрбакодта, æмæ бабызтæ зыхъхъырыл иугай- дыгай федде сты. Æрæджиау ма йæ бæргæ базыдта, фæлæ бабызты нал раййæфта. Цалынмæ уыдон фæдыл зылди, уæдмæ хъæуы сæрмæ кæцæйдæр дондыппыр мигътæ æрбамбырд сты, æмæ æваст къæвда ныккалд- та. Бынтондæр ныддонласт, афтæмæй æрбаздæхт. Йæ къæхтæ ма тæвд доны бæргæ нывæрдта, фæлæ дзы, æвæццæгæн, уазал тынг ахъардта, æмæ дыккаг райсом йæ бон сыстын нал баци. Сыхæгты цæрæнбон бирæ. Иæ алыварс æрбамбырд сты. Дохтырмæ йын фæдзырдтой. Йæ фосмæ йын ба- зылдысты, хæдзары куыстытæ бакодтой. Æртыккаг бон фæссихор Годзеккаты дуармæ рог машинæ æрлæууыд. Рахызтысты дзы Асæхмæт æмæ Дунетхан, Ханджери дæр семæ. Годзеккайы æвастæй сыхæгтæ йæ фыртмæ фæхабар кодтой, кæннод сæ зæ- ронд ус нæ бауагътаид, горæтæгтæ та загъд самадта- иккой, тилифонæй нæм куыннæ сдзырдтат, зæгъгæ. Асæхмæт æмæ Дунетхан рынчыны алыварс зилынц. Годзекка хъæрзы: 34
— Уауу, мæлын!..— зæронд усæй цыфæнды куы сриссы, уæддæр ын уыцы ныхæстæ æнæсдзургæ нæ вæййы. Ханджери дуаргæрон лæууы æмæ йæ фыдымадмæ уыцы æпкъардæй кæсы. — Тыхсгæ ма кæн, дыдта,— зæрдæтæ йын æвæры Асæхмæт.— Ницы дын уыдзæн... Годзекка йæм йæ сæр разылдта æмæ йæ фыртмæ дзуры: — Уыи æз æнæ дæу зæгъгæйæ дæр зонын. — Уæдæ афтæ тыпг цæмæн хъæрзыс? — Хъæрзын хъæуы. Уæд мæ низ тагъддæр али- дзы,— дзуапп радта Годзекка æмæ та ногæй иыхъ- хъæрзыдта: «Уауу, мæлын!..» Ханджерийæн цыма йæ каст уыцы ныхæстæм уыд, уыйхуызæн æваст йæ былтæ фæзылын сты, æмæ хъæ- рæй ныккуыдта. Дунетхан æмæ йæ Асæхмæт сабыр кæнынмæ фесты, фæлæ йын ницы сæ бон уыд. — Цæуыл кæуыс, мæ цæстыгагуы? — йæ хуыссæны рабадыныл ацархайгæйæ йæм хъæрзгæйæ сдзырдта Годзекка. — Æз дæр дæу хуызæн куы базæронд уон...—æрæ- джиау сфæрæзта Ханджери. — О зæронды бонмæ мын æнæнизæй фæцæрай... — Æмæ куы фæрынчын уон...— дарддæр дзырдта лæппу. — Нæ фæрынчын уыдзынæ, мæ къона... — Æмæ куы мæлон... Асæхмæт æмæ Дунетхан ныххудтысты. Зæронд ус æртæ боны фæстæ сыстад. Асæхмæтитæ та йæм фæскуыст æруадысты. Ханджери дæр семæ. Лæппу йæ фыдымады дзæбæхæй куы ’рæййæфта, уæд ыл дардæй йæхи баппæрста. —Цæй, куыду, мæ рахиз цæст, мæлынæй ма тæрсыс? Ханджери фефсæрмы æмæ зæронд усы хъæбысы йæ сæр арфдæр амбæхста.
ДЫДТАЙЫ ДЖИМАРАЙЫ уæй-иу горæтаг ирæттæ æф- сæрмы дæр ницæмæи кæ- нынц,— йæ тæккæ хылмæ та бахæццæ Годзекка. — Сæ цот иронау дзурын нæ зонынц. Ис- кæмæн æй йæ цæстмæ куы бадарай, уæд дын йæ сывæллоны сæрыл æнæрахæцгæ нæ фæуыдзæн: «Æмбаргæ алцыдæр кæны...» Уæд уыдон ныхæстæ сты! Алцы чи æмбары, уый дзурын дæр зонид... Асæхмæт æмæ Дунетхан уыцы ныхæстæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстой. Ныр дæр та йæм æнцад хъусынц. Хуымæтæджы сæ нæ райдыдта. Æппæты дис- сагдæр, йæ ныхас цæмæ æрцæудзæн, уый у. — Мæнæ нæхи Дыдтылы райсæм,— дзырдта дард- дæр Годзекка.— Ды йæм иронау дзурыс, уыи дып уы- рыссагау дзуапп дæтты. Хуыцау хорз, æмæ йæ æрдæг- цъæррæмыхстытæй бамбарын, æндæр мæ тæлмацгæ- нæг æххуырсын нæ бахъæуид? Уæддæр ма ныр фæдæс- ныдæр. — Омæ, дыдта, ныронг уырыссагау дæр хуыздæр нæ дзырдта. — Уымæй дæхи не сраст кæндзынæ,— фæстæмæ йæм фæзылди Годзекка.— Хъуамæ ирон лæджы фырт иронау дзура, уыйфæстæ канд уырыссаг нæ, фæлæ ма кæд ноджыдæр цалдæр æвзаджы ахуыр кæны, уæддæр йæ бар йæхи у. Дæ фыд-иу дзæгъæлы загъта, лæг цал æвзаджы зона, уал адæймаджы у, зæгъгæ. Раджы-иу ирон адæм сæ сывæллæтты сæ уырыссаг хæлæрттæм аевзаг зонынмæ хуымæтæджы лæвæрдтой?!. 37
Асæхмæт æмæ Дунетхан хорз æмбарынц зæронд усы. Иннæбон Хъырыммæ цæуынц улæфынмæ. Хан- джерийы дæр семæ ласынц, уый куы базыдта, уæд го- рæты æрбалæууыд. — Сымах кæдæм цæут, уый уæ бар уæхи у, фæлæ Дыдтылы ам уадзут. — Хурхæй дæ амардзæн, дыдта,—сдзырдта йæм Асæхмæт,— æндæр нæхи зæрды дæр бæргæ уыд. — Уæхи зæрды куы уыдаид, уæд уæм афтæ дард нæ дæн, истыхуызы мын фехъусын кодтаиккат. — Ноджы фæстаг рæстæг æппындæр коммæ нал кæсы,— загъта Асæхмæт æмæ йæ фыртмæ зулмæ ба- каст. — Мæ бар æй уадзут. Хъæбулæй хъæбулы хъæбул адджындæр у, куы фæзæгъынц, æви мыл æй не ’ууæн- дут? — Нæ зонын, дыдта, дæ фæндыл дыууæ зæгъын мæ бон нæу,— æппынфæстаг сразы Асæхмæт,— фæлæ дзы куы стыхсай... — Уымæй мын ма тæригъæд кæнут. Джимарайаг сывæллæттимæ иу мæй куы ацæра, уæд иронау æз æмæ дæуæй хуыздæр дзурдзæн. Стæй йæ уæнгты хъару ба- цæудзæн. Мæ фыдгулы лæппу ма хуырх æмæ кæрдзы- ны хъæстæ ма фæуа, йæ къахы сындз ма фæныхса, уи- сын бæхыл дугъы ма ауайа... Уыцы ныхæстæ сæм мæлæты тынг бахъардтой. Ны- ры хуызæн сæ никуыма æрфæндыд сæ лæппуйы хъæу- мæ арвитын. Уадз æмæ хæххон сывæллæттимæ йæхи аирхæфса, стæй кæд иронау дæр хуыздæр базонид, æмæ сын зæронд усимæ дзурын фенцондæр уаид. Ханджери хъуыддаг куы бамбæрста, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Уайтагъд йæхи рæвдз кæнынмæ фæци, Асæхмæт æмæ Дунетхан куыддæр фæстæмæ сыз- дæхтысты, афтæ хохы балæууыдысты. Æнæхъæн мæй Ханджери æмæ Годзеккайы нæма федтой. Цыма сæ Го- дзекка зонгæ кодта, уыйхуызæн сæ размæ рауад. Цин- тæ, хъæбыстæй бæстæ байдзаг. 38
— Дыдтылы дæр ныртæккæ ардæм хъæуы,— сы- вæллонмæ сæ зæрдæ кæй æхсайы, уый æмбаргæйæ, сдзырдта Годзекка.— Бонсауизæрмæ йын мидæмæ æр- бацæуæн нæй. Уалынмæ хæдзары фæскъулæй сывæллæтты хъæ- лæба райхъуыст: — Ханджери, диди суда!.. — Ханджери, папæ приехал!.. — Ханджери, бабушка зовут!.. Сывæллæттæ кæрæдзийы фæдыл дугъы рауадысты. Ханджери — сæ разæй. Иæхи комкоммæ Дунетханмæ сарæзта. — Цæй, куыд у, иронау базыдтай? — бафарста Асæхмæт йæ фырты, мидæмæ куы бацыдысты, уæд. — Цытæ дзурыс! — йæ бæсты дзуапп радта зæронд ус.— Иронауæн нæ зонын, фæлæ иæ сыхы сывæллæт- тæ Дыдтылмæ гæсгæ иууылдæр уырыссагау дзурын райдыдтой... Правда, Дыдтыл? — чысыл лæппумæ фæ- зилгæйæ афарста Годзекка.
БИТТОТÆ иттойæн йе ’цæг ном Хъулон- цъиу хуины, фæлæ ма уый бирæтæй рох дæр фæци. Цæ- мæн, зæгъгæ, куы бафæрсат, уæд уымæн, æмæ йæм иууыл- цæр «Битто»-йæ дзурынц. Мæргътæ дæр, сырдтæ дæр, хилджытæ дæр. Битто та йыл сæвæрдтой, æдзухдæр «битто-битто» кæй кæны, уый тыххæй, уæлдайдæр та заргæйæ. Бæласы къали- уыл абада, доны былмæ æртæха, йе ’мбæлттыл цин кæ- на — кæддæриддæр йæ «битто» йæ разæй фæвæййы. Ноджы йыл хъæды цæрджытæ дæр сахуыр сты, æмæ дзы кæй цурмæ æртæхы, уыдон æм хъусыныл фæвæй- йынц. Дыууæ мадæл Биттойы лæппынтæ ацы азы хуызæн тагъд никуыма айрæзтысты. Уый хуры руаджы уыд. Куыддæр уалдзæг ралæууыд, афтæ йæ зынг цæстæй зæхх базмæлын кодта. Фыццаг æм миттæ хъусынмæ* нæ хъавыдысты, уæлдайдæр, аууон рæтты зымæг-зы- мæджы дæргъы дымгæ цы хъæпæнтæ фæцамадта, уы- дон, фæлæ куыдфæстæмæ сæ тых сæттын райдыдта, æмæ кæуынмæ фесты. Куыд фылдæр куыдтой, афтæ бонæй-бонмæ сæ асæй хауди. Æрæджиау иууылдæр дон фестадысты æмæ зæххы ахъардтой, сæ бынаты цъæх-цъæхид кæрдæг сзынди. Хъæды бæлæстыл та сыфтæртæ разади. Дыууæ Биттойы цинæн кæрон нал уыд. Сыфтæртæ тагъддæр куы айрæзиккой, уæд уыдон дæр ахстон ара- зынмæ бавналиккой. Иннæ мæргътæ дæр афтæ фæкæ- нынц. Алчидæр архайы, цæмæй йын йæ ахстон мачи 40
базона. Фæлæ та бæлæстæ дæр сыфтæр калын иу афок нæ райдыдтой. Биттотæ акаци бæлас равзæрстой ахстонæн. Æнæ- хъæн Къобосты хъæды иу акаци бæлас йедтæмæ нæ уыд. Хæрдмæ бæрзонд фæцыд. Суанг ма тулдз бæ- лæсты сæрты дæр акаст. Биттотæн рагацау бæрæг- гоид уыд, ахстон аразын кæм райдайдзысты, уыцы бы- нат: тæккæ цъуппыл æртæ къалиуы кæм фæсаджил сты, уыцы ран. Кæд сæм иннæтæ хæлæгæй нæ амæлой. Чи дзы тулдз бæласмæ атахт, чи фæрвмæ, чи та æхсæры къу- тæрыл фæци ахстон аразынмæ. Биттотæ акаци бæлас хуымæтæджы нæ равзæрстой. Ставд бæлас дымгæмæ къаддæр змæлы. Сындзытæ йыл бирæ кæй ис, уый та уæлдай хуыздæр — миййаг хъæуæй ардæм лæппутæ куы рафтой, уæд æм схизын ничи бауæнддзæн, уæдæ йæм мæргътæ дæр арæх нæ тæхдзысты. Ноджы ма иу хорздзинад ис акацимæ—йæ рæсугъд урс-урсид ди- динджытæ — сæ тæф æнæхъæн хъæдыл апырх вæййы. Æппæт уыдæтты тыххæй равзæрстой Биттотæ акаци бæлас. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ акаци уалдзæджы æр- цыдыл нæма æууæндыд æмæ йæ сыфтæртæ калынмæ нæма хъавыд. Хур бонæй-бон тынгдæр куы æндæвта, стæй иннæ бæлæсты сыфтæртæ дæр стырдæрæй-стыр- дæр куы кодтой, уæд акацимæ дæр хъарын райдыдта, зымæгæй тас кæй нал у, уый, æмæ йæ къуыбæрттæй сыфтæ сæ цъæх-цъæхид сæртæ сдардтой. Бонæй-бонмæ рæзгæ цыдысты. Фæстагмæ дзы къалиу бæрæг нал уыд — бæлас иууылдæр сыфтæр фестад. Ныр кæсгæ ницæмæуал уыд. Биттотæ рæвдз февнæлдтой. Иннæ мæргътæй алкæмæн йæ ахстон æрдæгарæзт уыд, æмæ сæ баййафын хъуыд. Цалдæр бонмæ ахстон ацæттæ. Биттотæ ма йæ уæддæр рæсугъдтæ кодтой. Хъуамæ сæ лæппынтæ кæм фæзыной, уыцы хæдзар фидар дæр уа æмæ аив дæр. Рацыд ма иуцасдæр рæстæг, æмæ æмдымбыл ахс- тоны кæрæдзийы фæдыл фæзынд фондз кæрдæгхуыз- 41
цъæх урсбын айчы. Мадæл Битто ахстонæй æддæмæ нал хызт, кæд ма-иу искуы-иу хатт дон нуазынмæ атахт, æндæр. Уыцы рæстæг-иу тагъд-тагъд йæхи ис- тæмæйты афсæста æмæ та-иу фæстæмæ йæ ахстоны ба- лæууыд. Æйчытæн ныууазалæй тарст. Куы ныууазал уыдаиккой, уæд та дзы цъиутæ нал рацыдаид. Фыд-Битто йæ иунæгæй нæ уагъта. Уæлдайдæр фæстаг рæстæг. Уый дæр æмбæрста, тагъд лæппынтæ сæ цыргъ бырынчъытæй æйчытæ кæй рахуынкъ кæи- дзысты, уый, æмæ ахстоны цурæй дард нал тахт. Уалынмæ æйчытæ змæлын райдыдтой. Мад-Бит- то-иу йæхи арæхстгай аиуварс кодта æмæ-иу сæм æр- каст. Фондз лæппыны дæр сæ æйчытæй рахызтысты. Биттоты цинæн кæрон нал уыд. Бонизæрмæ сын хол- лаг хастой æмæ хастой. Куыд рæзгæ цыдысты, афтæ сын сæ ахстон къуындæг кæнын райдыдта. Мадæл Бит- тотæ æмбæрстой, тагъд сæхæдæг тæхын кæй райдап- дзысты, фæлæ сæ фыдуаг митæ кæнын нæ уагътой. Мад-Битто-иу сын арæх дзырдта, цæмæй сæхи хъахъ- хъæной. Уæлдай фыдуагдæр та уыди, æппæты фыццаг т^æ айкæй чи рахызт, уыцы Морæ Битто. Иууылдæр æм- луызон уыдысты, фæлæ ацы Битто иннæтæн тардæр уыд, æмæ йæ мадæл Биттотæ Морæ хуыдтон. Иубон лæппынтæ ахстоны иунæгæй баззадысгы. Цалынмæ мадæл Биттотæ фæстæмæ здæхтысты, уæд- мæ Морæ Битто нал фæлæууыд æмæ ахстонæй рахызт. Йæ къахы лыстæг æнгуылдзтæй къалиуыл фидар ных- хæцыд. Иу хатт бынмæ æркаст æмæ, чысыл ма бахъа*- уа, йæ сæр ма разила. Иннæ лæппынтæ йæм цымыди- сæй кастысты. Морæ Биттойы зыр-зыр куы ’рцыд, уæд йæ базыртæ фæхъил кодта æмæ æндæр къалиуыл лбадт. Иннæтæ йæм хæлæгæй мардысты. Уыдон дæр «сæ ахстонæй ратахтысты. Морæ Биттойау сæ тас куы ’рцыд, уæд йæ фарсмæ абадтысты æмæ зарыныл фе- сты. Уалынмæ мадæл Биттотæ дæр æрбатахтысты. Ахс- тон афтидæй ауынгæйæ тынг фæтарстысты, фæлæ лæппынтæ сæрæгас куы разындысты, уæд сæхæдæг 42
дæр зарын райдыдтой. Гыццыл Биттотæ суанг изæр- мæ сæ ратæх-батæхæй нæ банцадысты. Куы-иу иу къа- лиуыл абадтысты, куы — иннæуыл. Уыимæ зарыдысты æнæрынцойæ. Сæ сыхæгтæ дæр ма сыл æрæмбырд сты. Сырддонцъиутæ æмæ сыл дзылытæ сæ цæст æраевæрд- той. Цæуыл цин кæнынц, уый уайтæккæ дæр бамбæр- стой: чысыл Биттотæ тæхын куы райдайынц, уæд сæ зарынæй нал фенцайынц. Сæрдыгон бонтæ кæрæдзийы фæдыл атахтысты. Фæззæг æрбацæйхæццæ кодта. Уый мадæл Биттотæ æмбæрстой æмæ фыццаджы хуызæн хъæлдзæг нал уы- дысты. Лæппынтæм та нымады дæр ницы уыд. Сæ рæ- сугъд зарын алы рæттæй хъуысти. Фæлæ фæззæг куыд хæстæгдæр кодта, афтæ уыдон хъæлæс дæр мынæгдæ- рæй хъуысти. Сыфтæртæ дæр сæ хуыз ивын райдыд- той. Лæппын Биттотæ бæлæсты сыфтæ æндæрхуызонæй никуы федтой, æмæ сæм афтæ каст, цыма æдзухдæр цъæх-цъæхид уыдзысты. Морæ Биттомæ та, цыма сæ ахстон бур кæнын райдыдта, афтæ фæкаст. Мад ын ба- цамыдта, уый дæм сыфтæрты тыххæй бур кæсы, зæгъ- гæ. Фæззæг ралæууыд. Сыфтæртæ бурæй-бурдæр код- той æмæ радыгай зæхмæ хаудысты. Акацийы къалиу- тæ æддæмæ зынын райдыдтой. Морæ Битто дон нуазы- нæй æрбацæйтахт, æмæ къалиуты æхсæн сæ ахстон ауынгæйæ йæ зæрдæ барыст. Хъыг ын уыд, сæ цæрæн бынат æддæмæ зынын кæй райдыдта, уый, армæ йæ ма- ды фарсмæ абадгæйæ сдзырдта: — Афтæмæй нæ ахстон бынтондæр байгом уыдзæн. Мад йæ сæр раздæр иуырдæм азылдта, уыйфæстæ та — иннæрдæм, æмæ йæм иууылдæр куыд лæмбынæг хъусынц, уый куы ауыдта, уæд йæ цыргъ бырынкъ йæ дыууæ къахы астæу къалиуыл ахафгæйæ сдзырдта: — Ахстонæй та ма цы кæнут? Сымахйас Биттотæй ахстоны ничиуал фæбады. Дыууæйæ дзы зынтæй куы бацæудзыстут, уæд дзы фондзæй æрбынат кæнынмæ хъавут? 43
— Тагъд, æвæццæгæн, сыфтæ иууылдæр азгъæл- дзысты, æмæ-иу нæ цъиусуртæ дардмæ дæр ауындзы- сты,— уыцы æнкъардхуызæй дарддæр дзырдта Морæ Битто. — Æмæ сымах уымæй æвзæрдæр уынут? — бафар- ста мад.— Уый, не ’ппæт иумæ цæйас стæм, уымæй дæр стырдæр куы у, уæд уый зындæр уынæн у? Кæсут, æмæ йæ куыддæр ауынат, афтæ — æмбæхсгæ. Цъиусуртæ æмæ хъæрццыгъатæ æнцон сайæн сты. Лыстæг къудзи- ты абыр, цъыхырыты амбæхс, æмæ дæ нал ссардзы- сты. Уыдонæн сæ базыртæ фæтæн сты, æмæ ахæм рæг- ты тæхын нæ уарзынц. Фæззæджы бонтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, бæ- лæсты сыфтæ та къаддæрæй-къаддæр. Биттоты цъиу- тæ сæ мад æмæ сæ фыдыйæстæ систы. Сæ æддаг бакаст дæр уыдоны хуызæн хъулон сси. Æрмæст ма Морæйæн йæ дæллаг хъуырæй гуыбыны онг иннæтæй морæдæр уыд. Бæлæстæн иуæй-иутæй фæстæмæ сæ сыфтæ æрыз- гъæлдысты. Акаци бæлас бынтондæр сбæгънæг. Гæды- бæлæсты цъуппытыл ма сыфтæртæй гыццыл бецык- гæндтæ аззад. Тулдз бæлас ма уæддæр уыцы æнæхъæ- нæй лæууыд. Кæд йæ сыфтæртæ бур-бурид афæлдæх- тысты, уæддæр къалиутыл фидар хæцыдысты, æмæ дзы дæлæмæ хауыны фæнд никæмæ уыд. Биттотæ-иу хъæды сæрты æрныгъуыл-æрныгъуылгæнгæ куы фæ- цæйтахтысты, уæд-иу тулдз бæлас ауынгæйæ, цыма дзырд бакодтой, уыйхуызæн æмхуызонæй æрбадтысты æмæ сыфтæ мондагæй цъыбар-цъыбурыл фесты. Сæ зарæг фыццаджы хуызæн* нал хъуыст. Сæрды цъæхс- нагдæр хъæлæсæй зарыдысты. Æвæццæгæн, доны фæз- мыдтой. Уымæн дæр ацафон йæ хæл-хæл æрмынæг вæййы. Бæстæ ныссабыр. Искуы-иу хатт дымгæ кæцæйдæр фæзыны æмæ хус хæмпæлты хъусы цыдæртæ дзургæ ацæуы æмæ та уайтагъд æрбайсæфы. Мæргътæн дæр сæ фылдæр уыцы æнæуынæрæй æрвиты рæстæг. Бирæ- 44
тæ дзы хуссармæ атахтысты. Уыдонæн се ’гъдау ахæм у. Уазалæй тæрсгæйæ хъарм бæстæм абалц кæнынц. Уый мадæл Биттотæ йедтæмæ лæппынтæ цæмæй зо- нынц. Биттотæ хъæды сæрмæ стахтысты æмæ сæ ных Стыр донмæ сарæзтой. Хърихъуппытæ сæхи кæм æх- садтой, уырдыгæй чысыл дарддæр æрбадтысты. Битто- тæ дон нуазыныл фесты. Уалынмæ тæккæ дынджыр- дæр Хърихъупп йæ базыртæ айтыгъта æмæ стахт. Йæ фæдыл — иннæтæ дæр. Доны сæрмæ ма иу-цалдæр зылды æркодтой æмæ, стыр Хърихъупп сæ разæй, аф- тæмæй уæлдæфы ныххал сты. Морæ Битто сæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Уый зæрдæйæ ма фæстæмæ æрбад- дзысты. Уыдон та сæхи уæлдæрæй-уæлдæр истой æмæ дардæй-дарддæр кодтой. — Хърихъуппытæ кæдæм фæтæхынц? — бафарста йæ мады. — Хъарм бæстæм,— дзуапп радта мад. — Хъарм бæстæм? — ныддис кодтой лæппынтæ. — Æмæ уый та кæм ис? — бафарста Морæ Битто æмæ, та арвмæ скаст. — Хæхтæ æмæ денджызты фæстæ. — Мах дæр атæхæм семæ,— ныхас кæрæдзийы дзы- хæй исгæйæ сдзырдтой лæппынтæ. — Кæдæм? — Хъарм бæстæм. — Цæмæн? — Уæдæ хърихъуппытæ цæмæн тæхынц? — Уыдон зымæджы басийынæй тæрсынц. — Ахæм дынджыртæн тæссаг кæм у, уым мах нæ басидзыстæм? Мад ницуал сдзырдта. Доны былæй стахт æмæ кæрз бæласы къалцуыл абадт. Иннæтæ дæр — йæ фæ- дыл. Мад-Битто, сæ бакомкоммæ цы къалиу уыд, ууыл абадт, цæмæй йæ иууылдæр уыной, уый тыххæй, æмæ загъта: — Махæн нæ фыдæлтæ дæр уазалæй никуы фæ- 45
тарстысты, æмæ мах дæр хъуамæ ма фæтæрсæм. Кæм райгуырай, уымæй хуыздæр бæстæ нæй. Сымах нырма бирæ нæма рацардыстут, фæлæ уæ фыды карæн куы суат,—мад-Битто фыд-Биттомæ йæ сæрæй ацамыдта,— мæн бæрц азтæ уыл куы рацæуа, уæд бамбардзыстут, фыццаг хатт цы бæласы къалиуыл абадтæ, цы суадо- нæй банызтай, уыдон куыд адджын сты, уый. Хъри- хъуппытæ, сауцъиутæ æмæ уæрццытæн та уæлдай нæу. Иутæ дзы ам райгуырдысты, иннæтæ хъарм бæстæйы. Ардыгæй куы фæтæхынц, уæд сæ, æвæццæгæн, фале чи райгуыры, уыдон фæхонынц сæ фæдыл, ацырдæм цæу- гæйæ та, ам чи райгуыры, уыдон. Мах та иууылдæр иу ран райгуырдыстæм, æмæ нын ардыгæй тæхæн никæ- дæм ис. Лæппын Биттотæм бахъардтой сæ мады ныхæстæ æмæ сæ уæдæй фæстæмæ хуссармæ тæхыны кой ничи- уал скодта. Бон-изæрмæ Къобосты хъæды зылдысты æмæ холлаг амал кодтой. Иузаман мæлæты тынг фæ- уазал. Цалдæр боны йæ сæлфынæгæй нæ банцад. Уый- фæстæ хур ракаст, фæлæ йæ тынты хъарм нал уыд. Бындзытæ æмæ сасчъытæй иуыл дæр цæст нал хæцыд. Морæ Битто йæ мадæн йæ хъаст ракодта: — Айсæфт бындзытæн сæ фæд, Битто-битто-битто! Мах цæмæй цæрдзыстæм уæд? Битто-битто-битто! Мад-Битто цалдæр хатты йæ бынаты фезмæлыд, цыма стæхынмæ хъавыд, уыйхуызæн, æмæ дзуапп рад- та: — Стут нырма сымах лæппынтæ, Бнтты-битто, битты-бнтто! Мацæуыл тыхсут æппындæр, Бнтты-битто, битты-битто! Стæй йæ къæхтæй йæхи къалиуæй фесхуыста. Йæ фæдыл стахтысты иннæтæ дæр. Къобосты хъæды дæл- лаг кæрон Бехъаны цады был ныллæг пæлæхсар къу- тæртыл æрбадтысты. 46
— Сындзытæ уæ ма фæныхсæнт, — дзуры сæм мад.— Арæхстгай æвналут. Какон хæрынæн хорз у, фæлæйæ къалиутæ судзинты хуызæн сты, æмæ дзы уæ цæстытæ хъахъхъæнут. Мадæл Биттомæ хæстæгдæр цы какон уыд, уый йæ бырынкъæй æрцавта. Иннæтæ дæр уыцы каконмæ фæ- лæбурдтой. — Иууылдæр ардæм цы фестут? — дзуры сæм мад.— Бæстæ какон куы у. Кæцыфæндымæ дæр æвна- лут. — Мæнæ цы адджын у! — ныддис кодта Морæ Бит- то, каконы дыргъæй ахæргæйæ.— Адон нын æнæхъæн зымæгваг уыдзысты. Мад уыцы ныхæстæм йæ хæрын фæуагъта. — Æмæ мах йедтæмæ хъæды цæрæг нæй! Алкæй дæр хæрын хъæуы. Кæдмæ сфаг уой, уæдмæ иумæ хæрдзыстæм. Æрдæгхæрдтытæй сæ ма уадзут, кæннод ахæм мæргътæ ис, æмæ искæй уæлд&йттыл чи не ’рвæс- сы. Уадз æмæ дзы алкæмæ дæр æрхауа. Алыбон дæр-иу Биттотæ сæхи хорз федтой. Дон йуа- зын-иу сæм арæх æрцыд, æмæ-иу уæд Бехъаны цады былмæ сæхи ныйистой. Рæстæг цыд. Хъæд ноджы фæафтиддæр. Мæргътæй хуссармæ тæхинаг чи уыд, уыдон сæхи раджы айстой. Хъæды чи баззад, уыдон та кæрæдзиуыл арæхдæр æм- бæлын райдыдтой. Кæм дон нуазгæйæ, кæм холлаг агургæйæ. Цæмæдæр гæсгæ сын-иу кæрæдзийы уынд æхсызгон уыд. Цъиусуртæ æмæ хъæрццыгъатæм лыс- тæг цъиутæй хæстæг чи цыд, фæлæ-иу дзылытæ, сырд- донцъиутæ кæнæ митмитгæнджытимæ арæх баиу сты. Какæттæ къаддæрæй-къаддæр кодтой, стæй дзы Биттотæ хъыг кæнын дæр райдыдтой. Иуахæмы та Мо- рæ Битто йæ мады дæлбазыр ныззарыд: ^- Какæттæ куы фæуой хæрд, Битто-битто-битлч^ Мах цы фæуыдзыстæм уæд? Битто-битто-битто! 48
Мад-Битто йæ бынаты базмæлыд: — Ма тыхсут, мæ буц лæппынтæ, Битты-битто, битты-битто! Хъуаг нæ уыдзыстут æппындæр! Битты-битто, битты-битто! Иæ базыртæ базмæлыдысты, æмæ уæлдæфмæ стахт. Иуцчсдæр фæтахтысты, стæй, дыууæ кæрз бæласы æх- сæн цы сырхсыфтæрджын къудзитæ уыд, уыдоныл æр- бадтысты. Лæппын Биттотæ сыфтæртæ кæй фенхъæлд- той, уыдон разындысты тыртыйы лыстæгцупалджын дыргътæ. — Мæнæ цы туаг сты!— иу сырх нæмыг дзы ахæр- гæйæ, ныддис кодта лæппын Битто. Иннæтæ дæр дзы федтой. Сæ зæрдæмæ фæцыдысты. Уæлдайдæр адджын каконы фæстæ. Иудзæвгар та тыртыйæ фæцардысты. Куы сын фæ- цæйфæуд кодта, уæд лæппынтæй иу йæ мады цур абадт: — Тырты нын фæвæййы тынд, Битто-битто-бидто! Уæд цæуылнæ кæнæм зыд? Битто-битто-битто! Мадæл Битто йын дзуапп радта: — Ды нырма, мæ хур, лæппын дæ, Битты-битто, битты-билто! Макуы-иу кæн зыд æппындæр! Битты-битто, битты-битто! Йæ базыртæ сцагъта æмæ йæ хъæбултæ æмæ сæ фыдимæ сæ фæстæ зылын-мылын фæд уадзгæйæ атах- тысты. Ацы хатт æй æгæр бирæ зилын бахъуыд. Æрæ- джиау, йæ сыфтæртæ бынтон кæмæн нæма азгъæлды- сты, уыцы бæласыл æрбадтысты. Куыд рабæрæг, аф- тæмæй уыдон сыфтæртæ нæ уыдысты, фæлæ мугæтæ. Биттотæ æмхуызонæй дæр хæрынмæ февнæлдтой. — Мæнæ цы хорз у! — загъта иу. — Мыдæй цы кæныс! — загъта иннæ. — Каконæй адджындæр! — загъта æртыккаг. 4 Бехъаны мугæ 49
Дзæвгар рæстæг сæ хæринаджы мæт нал уыд. Алы- бон дæр адджын дыргътæ кæй хордтой, уымæ гæсгæ сæ зæрдæ фæстæмæ туаг æрцагуырдта. Мад-Битто сын куыддæр сæ фæнд бамбæрста, афтæ сæ æрбахуыдта мыртгæйы бæласмæ. Уый æгæр адджын дæр нæ уыди æмæ æгæр туаг дæр. Биттотæ йæ иннæ цъиутимæ хорд- той æнæ загъд, æнæ хъæлæбайæ, фæлæ сын уый дæр бирæйы фаг не сси. Зымæгæй дзæвгар рацыд. Хъæд миты бын фæци. Æхсæвыгæтты-иу тынг схъызыд. Доны былгæрæттæ ныйих сты. Катайы бацыдысты канд Биттотæ нæ, фæлæ мит-митгæнджытæ, дзылытæ, суанг ма гæркъæрæгтæ æмæ халæттæ дæр. Биттотæ ма фæстаг хатт æртахтысты мыртгæйы къутæрмæ. Мадæл Биттотæм дзы ницуал æрхауд. Цы иугай нæмгуытыл ма дзы фæхæст сты, уымæй лæппын- тæ дæр нæ бафсæстысты. Мад-Биттойы зæрдыл æрлæу- уыд, Урсдоны был цы кæркмисындзæг зад, уый, æмæ фыд-Биттоимæ йæ хъæбулты уырдæм ахуыдта. Кæркмисындзæджы къутæртæ митæй нал зындыс- ты. — Ацафон кæркмисындзæгæй хуыздæр ницы ис,— сдзырдта мад-Битто æмæ дзы иу нæмыг ахордта. Хæ- рынмæ бавнæлдта фыд-Битто дæр. Лæппынтæ та сæм дардæй кастысты. Морæ Битто бауасыд: — Кæркмисындзæг басыд тынг, Битто-битто-битто! Уæд куыннæ кæнон æз хъыг! Битто-битто-битто! Мад-Битто хъæлдзæгæй базарыд: — Ды нырма бынтон лæппын дæ, Битты-битто, битты-битто! Митæй йын нæу тас æппындæр, Битты-битто, битты-битто. Лæппын биттотæ Мад-Биттомæ байхъуыстой. Фæй- нæ гагайы куы ахордтой, уæд сæ фырцинæй алчидæр цалдæр цъыллинджы фæкодта, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, мæнæ цы диссаджы хæринаг ис, зæгъгæ. 50
— Кæркмисындзæгыл цалынмæ уазал сæмбæла,— сдзырдта мад-Битто,— уæдмæ йæ ад йæхимæ не ’рцæ- уы. — Æз та афтæ æнхъæлдтон,— йæхи растгæнæгау сдзырдта Морæ Битто,— басыд æмæ хæрынмæ нал бæззы. Сæхи хорз федтой Биттотæ. Афтæ.сæм фæкаст, цы- ма какон, тырты, мыртгæ æмæ мугæйы дыргътæ сæм- хæццæчындæуыд æмæ уыдонæй кæркмисындзæг са- рæзтæуыд. Туаг у, зæгъгæ, дæр уымæн ничи дзырдта, æгæр адджын у, зæгъгæ, дæр ничи загъта. Фæлæ та кæркмисындзæг дæр фæцæйфæуд кодта. Фæцæйфæуд кодта зымæг йæхæдæг дæр. Хъæды æвæрæнтæ ихсийын райдыдтой, уалдзæг та нæма цыд, афтæмæй йын афон уыд. Катайы бацыдысты мадæл Биттотæ. Рагацау куыд хъуыды кодтой, хъуыддаг афтæ нæ рауад. Куыддæр- иу сæ лæппынтæй фæхицæн сты, афтæ æргомæй дзырд- той кæрæдзийæн сæ сагъæстæ. Лæппынтæ æнæуи дæр тарст уыдысты, æмæ сын уый тыххæй ницы хъæр кодтой. Æрæджиау Æхсæрæджы æрымысыдысты. Уы- мæ бирæ æвæрæнтæ вæййы. Йæ æхсæртæ цасфæнды куы фæлæууой, уæддæр сын ницы тас у. Мадæл Биттотæ сæ хъæбултимæ Урсдонæй Къобос- ты хъæдмæ атахтысты. Æхсæрæджы ахстон цы Тулдз бæласы мæрайы уыд, уый къалиуыл æрбадтысты æмæ æмхуызонæй базарыдысты: — Битто-битто-битт! Тагъддæр атай, мит! Æхсæрæджы хъустыл ауадысты Биттоты зарæджы зæлтæ. Æви йæм кæсгæ афтæ фæкодта, уæддæр нæ зо- ны. Уалынмæ та но^æй æрбайхъуыстысты, бирæ хæт- тыты кæй фехъуыста, æмæ афтæ тынг кæй бауарзта, уыцы зарæджы мыртæ: — Битты-битто, битты-битто! Тагъд фæзындзæн хъæды митдон! Æхсæрæг йæ лыстæнæй фестад æмæ йæ хуыккомæй 51
ракаст. Биттоты йæ акомкоммæ къалиуыл бадгæ куы федта, уæд ын мæлæты æхсызгон уыд. Биттотæ Æхсæ- рæджы ауынгæйæ сæхи зæхмæ рауагътой. Уайтагъд сæ лыстæг къæхтæй хус сыфтæртыл скафыдысты. Æхсæ- рæг сæ бирæ уарзта. Сæ хуыз дæр рæсугъд кæй уыд æмæ сæ зарæг дæр, уый тыххæй. Иуæй-иуты хуызæн бæстæ сæ сæрыл нæ сисынц. Æхсæвыцъæхæй йын йæ хуыссæг нæ фæсурынц. Кæд фæзарынц, уæддæр сабыр- гай, фæлæ зæрдиагæй. Æхсæрæгæн ма цы бамбарын хъуыд, Биттотæн æх- хормаг кæй уыд æмæ йæ быны сыфтæртæ уый тыххæй кæй змæнтынц. Мадæл Биттотæ æнхъæлдтой, æхсæрты цъæрттимæ аппы муртæ дæр разындзæн, зæгъгæ, фæлæ дзы уымæй размæ чидæртæ азылд, æмæ ницæуылуал фæхæст сты. Уæдмæ Æхсæрæг йæ хæдзары смидæг æмæ фæстæ- мæ фæзылд, йæ дзæмбыты цалдæр æхсæры радавта, афтæмæй. Йæ цыргъ дæндæгтæй сæ къæппытæ кæнын райдыдта. Хус сыфтæртыл хауын райдыдтой æхсæры цъæрттæ, æхсæры муртæ дæр-иу дзы фæци. Биттотæ сæ-иу рауыгътой. Афтæ суанг уалдзæджы æрцыдмæ Æхсæрæджы хардзæй фæцардысты. Сæ зарæг та тын- гæй-тынгдæр хъуысын райдыдта. Уалдзæджы æрцыд Æхсæрæджы дæр уырнын райдыдта. Биттоты зыланг «битт-битт» ын йæ цæстытыл уайын кодта сыфтæр- джын къалиутæ æмæ цъæх-цъæхид кæрдæг. Ахæм ран та, куыд хъæды иннæ цæрджытæн, афтæ Æхсæрæгæн дæр æнцондæр цæрæн у. Иуæй йын йæхи æмбæхсын æн- цондæр уыдзæн, иннæмæй та йе ’вæрæнтæ ихспйын рай- дыдтой, æмæ йæ хæринаджы мæт дæр уыйас нал уы- дзæн. Хур тынгдæр кæдæм каст, уымыты кæрдæг йæ сæр сдардта. Биттоты цинæн кæрон нал уыд. Иннæ мæргъ- ты хуызæн уыдон дæр зарыдысты, цин кодтой уалдзæ- джы ралæудыл, хуры тынтыл. Иурæстæджы Биттотæ Бехъанæй æрбацæйтахтыс- 52
ты. Морæ Битто иннæтæй уæлдæрты тахт æмæ, æвæц- цæгæн, хърихъуппыты раздæр уымæн ауыдта. — Хърихъуппытæ, хърихъуппытæ! — ныхъхъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг. Биттотæ иууылдæр, Морæ Битто кæцырдæм аца- мыдта, уыцырдæм акастысты. Æцæгæй дæр хърихъуп- пытæ фæззæджы хуызæн кæрæдзийы фæдыл ныххал сты, афтæмæй ныллæджыты æрцæйтахтысты. Ацы хатт цыма фылдæр уыдысты. Чи зоны æмæ сыл, хъарм бæс- тæйы цы цот рауагътой, уыдон дæр бафтыдысты. — Уалдзæг ралæууыд! — хърихъуппытæ кæм æр- бадтысты, уыцы ран бæласыл æрбадгæйæ загъта Мад- Битто.— Мæргътæ хъарм бæстæйæ здæхын куы райда- йынц, уæд уалдзæг æцæгæй ралæууы. Лæппын Биттотæ сæхицæй уыдысты сæрыстыр, зын- дзинæдтæй кæй нæ фæтарстысты æмæ сæ райгуырæн бæстæ кæй нæ ныууагътой, уымæй.
БЫЦÆУ аукуыдзæн хъæды зилынæй хуыздæр мацы ратт. Уæвгæ, хъæдгæсæн æндæр цы куыст ис! Цы нæ бæлас, цы нæ къу^- дзийы цур æрлæудзæн. Цы нæ кæрдæгмæ æргуыбыр кæн- дзæн. Иууылдæр ын зонгæ сты. Алкæй уынд дæр ын дзы æхсызгон вæййы. Алчидæр ын дзы цыдæр цин- дзинад æрхæссы. Ацы бон йæ зæрдæ уæлдай хъæлдзæгдæр у. Æвæц- цæгæн, сугтæ кæнгæ кæй никæуыл фæхæст, уый тых- хæй. Кæд, чи зоны, хъæлæрдзыйы къутæрыл кæй ам- бæлд, уымæн. Гагадыргътæй уымæй фылдæр ницы уар- зы. Æнæхъæн Сау хъæды хъæлæрдзыйы бæлæстæй йын ацы къутæрæй адджындæр нæй. Хуссарварс кæй рæзы, цæттæ дæр уымæн афтæ тагъд свæййы. Алы ацафон дæр æм Саукуыдз æрба- цæуы. Ныр дæр та йæ йæ тæккæ рæгъæдæй æрбаййæф- та. Ноджы хуымæтæджы бæркадджын у. Уыйас бирæ дæр дзы нæ бахордта, афтæмæй уайтагъд афсæст. Рæсуг Суадоны цур йæхи уæлгоммæ ауагъта, æмæ цыма арв фыццаг хатт уыны, уыйхуызæн æм кæсынæй нал æфсæст. «Зæрватыччытæ сæхи мæлæты уæлæуæз- мæ систой,— йæхинымæр хъуыдыты ацыд.— Райсом дæр та рæстæг хорз уыдзæн. Зæрватыччытæ бæрзæнд- ты куы фæтæхынц, уæд хур бонмæ æнхъæлмæ кæс...» Иæ цæстæнгас бæлæсты цъуппытыл андзæвыд. Иæ галиу фарсыл æрхуыссыд æмæ Суадонмæ фæкомком- мæ. Афтæ йæм фæкаст, цыма Суадон адæймаджы æв- 54
загæй дзуры. Хæстæгдæр æм бацыд æмæ йæ былгæрон -æрбадт. Суадон схъуыр-хъуыр кодта. Иæ сыгъдæгбын змис базмæлыд: — Уæд та-ма мын ды зæгъ,— сыхъуыст Суадоны бынæй адæймаджы æвзагæй, æмæ фыцгæ æртæхтæ до- ны уæлцъар цæппузыртау скафыдысты. Саукуыдз дисы бацыд. Уæдæ мæ кæд мæ хъустæ фæсайдтой, зæгъгæ, цырдгомау фестад, Суадонмæ ба- уад, йæ дыууæ армытъæпæны дзаг йæ цæсгомыл дон скалдта. Куыддæр уазал дон йæ буарыл аныдзæвыд, афтæ йæ тас фæцыдæр, æмæ цыма Суадонимæ рагæй зонгæ уыд, уыйхуызæн æй афарста: — Цы дын зæгъон, цы? — Суадон цæмæн хуинын, уый. — Ууыл та цы тыхсыс! Æз дын æй ныртæккæ зæгъ- дзынæн. Иннæтæн дæр афтæ æнцон зонæн куы уаид сæ номы равзæрд,— загъта Саукуыдз æмæ арæхстгай ду- рыл æрбадт. — Ды зæххы бын кæй равзæрдтæ, уый дын мæ амонын нæ хъæуы. Иу ранмæ калдтæ æмæ калдтæ, стæй æрæджиау афтæ сбирæ дæ, æмæ дын дæ райгуы- рæн бæстæ фаг нал уыд. Дæ бæттæнтæ атыдтай æмæ зæххы бынæй фемæхстæ. Раздæр чысыл уыдтæ. Фæ- лæ дын адæймаг дæ фæндæгтæ фæуæрæхдæр кодта: Арфдæр дæ ракъахта, æмæ дæ гуырæн ноджы тынгдæр фемæхст. Дæ мад дæ тынг бирæ уарзта. Бæргæ йæ фæи- дыди, æдзухдæр йæ цуры куы цардаис, уый, фæлæ дын -æндæр гæнæн кæй нæ уыд, уый æмбæрста æмæ ма дын фæстагмæ скуывта: «О сыгъдæг Донбеттыр, дæ фæ- дзæхст, де уазæг æй бакæн! Цæмæй искуы суа дон, ууыл бацархай! Уæдæ цы суа дон, цы суа дон!..» — Æмæ исты æз дон нæ дæн?— схъуыр-хъуыр та кодта йе змисбынæй Суадон. — Ды ахæм дон нæ дæ, мæ хур. Дон фæтæн æмæ арф вæййы. Дæуæн та дæ бон искуы айсæфын дæр у, фæлæ зæххыл ахæм дæттæ ис, æмæ æхсæвæй-бонæй цæугæ чи кæны, йæ иу уылæн дæр дæуæй цалдæр хат- 55
ты стырдæр кæмæн у. Æмæ дын дæ мад дæр дæтты бар- дуагмæ уымæн куывта, цæмæй ахæм дон суай. Дæхи дæр дын уымæ гæсгæ «Суадон» хонын райдыдтой. Саукуыдзæн йæ дзуапп йæхи зæрдæмæ дæр фæцыд, æмæ йæ мидбылты бахудт. Уалынмæ йæ русыл цыдæр андзæвыд, хæрдмæ скаст, æмæ Дурвæткъуыйы къалиу йæхи æриваз-æриваз кæны. — Уæд мæн та Дурвæткъуы цæмæн хонынц? — ба- сыбар-сыбур кодтой йæ сыфтæртæ. Саукуыдз та дисы бацыд. — Фæткъуы кæй дæн, уый тыххæй ницы зæгъын, фæлæ ма мæм Дур та чи бафтыдта? Искуы ма Дур ди- диыæг фæкалы, сыфтæртæ йыл фæзайы, уидæгтæ йын вæййы? Уæдæ йыл дыргътæ кæй нæ зайы, уый тыххæй та дзурын дæр нал хъæуы, уымæн æмæ уый алкæмæн дæр æмбæрстгонд у. Мæ дыргъты хуызæн дыргътæ та алы бæласыл нæ зайы. Кæннод æй цыма дæхæдæг нæ зоныс... Саукуыдзы зæрдыл æрбалæууыд, æппæты фыццаг Дурвæткъуыйы къудзийыл куы фембæлд, уыцы бон. Урс-урсид дидинæг акалдта. Диссаг æм фæкаст, ахæм сындзæхгæд къалиутыл æмбисонды рæсугъд дидин- джытæ куыд æрзад, уый. Æрæгвæззæг та Дурвæткъуыйы цурмæ бафтыд. Иæ дыргътæ тарбын сырхæй æрттывтой, цыма афтæ дзырд- той: «Фен-ма, кæддæра дæ зæрдæмæ нæ фæцæуиккам». Æмæ дзы æцæгæй дæр иу цупал ратыдта. Æгæр егъау æппытæ йын уыди, фæлæ уæддæр йæ зæрдæмæ фæцы- дысты. Цалдæр армыдзаджы дзы сæхимæ æрбахаста. Иæ чызджы цинæн кæрон нал уыд, адонæй, дам, æз дæуæн хос скæндзынæн, æмæ дæ зæрдæ нал рис- дзæн. Саукуыдзы уæд йæ зæрдæ хъыгдардта. Иæ чызг та дохтыр у. Æмæ йын æцæгæй дæр хостæ куы скæнид. Ноджы йын æххуыс дæр мæлæты хорз фесты. Уæдæй фæ’ртæмæ алы фæззæг дæр дурвæткъуытæ æрцæттæ кæ- ны æмæ дзы кæм цайдон сфыцы, кæм та сæ хусгондæй фæхæры. 56
Цалынмæ уыцы хабæрттæ мысыди, уæдмæ йæ га- лиуварс Саунæмыджы къутæр базмæлыд: — Мæ уавæр ноджы æвзæрдæр у. Адæм мæм иу- уылдæр Саунæмыгæй дзурынц. Сау кæй дæн, ууыл дыууæ нæ зæгъын; фæлæ мæ Нæмыг кæй хонынц, мар- гæ мæ уый кæны. Афтæ смæсты вæййын, æмæ арды- гæй, æппындæр дæ кæм нæ зонынц, ахæм ранмæ фæ- лидз. Кзед мын уым хуыздæр ном раттиккой, стæй кæд мæ кад дæр фæфылдæр уаид. Уæдæ адæмæн æз хор- зæй кæй фæдæн, æрмæст уый тыххæй дæр мын мæ ном аивын æмбæлди. Искæмæн йæ хъуыртæ срыстысты, йæ гуыбынæй схъæрзыдта, уæд ын мæнмæ æнæ фæзынгæ нæй. Уæдæ уазал кæй бацæуы, уый дæр мæ цайæ адзæ- бæх вæййы. Стæй каид мæ дыргътæ не сты хос, фæ- лæ ма мæ сыфтæ дæр. Адæм мæ æд къалиутæ дзæгъæ- лы не ’ртонынц. Аууон ран мæ æрцауындзынц æмæ мæ зымæг-зымæджы дæргъы къалиугай фæхæссынц. Уæд- дæр мæм Саунæмыгæй дзурынц. Æмæ куы зæгъын: Сау хонын мæхи уадзын, Нæмыгимæ дæр сразы уаин, æппынфæстаг. Фæлæ цæмæн? Цы мын ис Нæмыгимæ иумæйагæй! Нæмыг адæймаджы маргæ кæны, æз та— дзæбæх... Саунæмыг ма цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ Гæ- дыбæлас йæ разæй фæци: — Æз та ма цы зæгъон, Гæдыбæлас кæй рахуыд- той?! Уæд кæмæн цы кодтон мæ гæдыдзинадæй? Кæй асайдтон, кæуыл хинæй рацыдтæн? Бæлас мæ хонынц уый раст у, фæлæ ма дзы Гæды та кæцырдыгæй фæкод- той? Чызджыты рæсугъддæры мæныл куы фæбарынц, мæ хуызæн рæхснæг æй куы фæхонынЦ, уæд мын адæ- мы мыггаг ном цæуылнæ радтой? Æви æцæгæй дæр гæ- ды чи у, уыдон нæ уынынц? Цымæ искуы искæуыл гадзрахатæй рацыдтæн? Мæ быны никуы никæй нык- кодтон, искæй æххуысæй хæрдмæ сбырыныл никуы бацархайдтон, искæй хаймæ никуы бабæллыдтæн. Уæ- дæ мæнæй фылдæр йæ ныййарæг зæхх чи уарзы, ахæм бæлас дæр бирæ нæ зонын. Уидаг дæр мыл нæ вæййы, 57
къалиу дæр мæ нæ хъæуы. Æрмæстдæр зæххыл хæст куы бафæразын, уæд мæ ничиуал фæхицæн кæны, уай- тагъд мæ туг бацæуы, сыфтæр калынмæ фæвæййын. Зæххы мæ михы бæсты куы ныссадзынц, уæддæр уи- даг æмæ къалиу фестын, цыбыр рæстæгмæ мæ бæлас рауайы. Уæд мæ Гæды цæмæн хонынц? Уагæры иуæй- иуты хуызæн æцæгæй хинæмæ кæлæн куы уаин. Уæв-„ гæ, ахæмтæн сæ хъуыддаг хуыздæр цæуы. Мæнæ Хуы- мæллæг райсæм. Каейдæрты æххуыссæй йæ къæхтыл слæууы. Куы сцæттæ вæййы, уæд дзы цавæрдæр ноз- тытæ скæнынц æмæ, уымæй размæ йæ къæхтыл фидар чи фæлæууы, уыдон дæр ма дыдæгътæ кæнын райда- йынц. Бирæ хæттыты сын мæхæдæг æнцой фæлæууын. Уæддæр æм кæсут? Тынг æнæмастæй цæры. Иу уай- дзæф дæр æм никæцырдыгæй хауы. Иууылдæр æй ны- майынц. Аргъ ын кæнынц. Иæ кад хъæды арæнтæй дæр ахызт. йæ номыл ма суанг хъæу дæр фæзынди: «Хуы- мæллæг»... Уæдмæ Суадоны был абадт Сырддонцъиу. Йæ гыц- цыл базыртæ доны уæлцъар æрхоста, стæй йæхй ба- цагътаæмæ сдзырдта: — Базыртæ кæуылдæриддæр ис, уыдонæй мæнæй æвзæрдæр ном никæуыл ис. Сырд- дон- цъиу! Цымæ æндæр номы аккаг нæ уыдтæн?! Сырд дæр ма у, Дон дæр ма у, афтæмæй дæ иууылдæр Сырд дæр хонæнт æмæ Дон дæр. Мæ ном æртæ хайæ арæзт у, æмæ йæ фыццаг дыууæ хайы мæнмæ ницы бар дарынц. Цъиу дæн, æмæ мæм афтæмæй куы дзуриккой, уæд иу ныхас дæр не скæнин. Æви мæ митæ сырды митæ сты?! Иуæй- иу хатт холлаг агургæйæ æгæр къæйных вæййын, Зæр- ватыччы ахстон бацахсыныл дæр ацархайын, Бæлоны хай дæр аскъæфын, æмæ уый тыххæй сырд фестадтæн? Уагæры ма Цæргæсы хуызæн куы лæбурин, Уарийау куы скъæфин, Цъиусурау кæрчыты къубæлттæ куы тонин... Кæннод зæрватыччытæ æмæ дзывылдæрттау сасчытæ куы ахсин. Уæвгæ, искуы-иу хатт ахæм митæ 58
дæр акæнын, фæлæ уыдоны хуызæн бонсауизæрмæ сæ фæдыл нæ зилын. Кæннод мæ райгуырæн бæстæйыл куыд æнувыд дæн, уый та! Зымæгæн йæ кой-йæ хъæр дæр — нæма, аф- тæмæй иуæй-иутау мæ сæр мæ базырты æхсæн куы нæ атъыссын æмæ хъарм бæстæм куы нæ афардæг вæййын. Цыфæнды уазал рæстæг дæр мæ ахстон никуы ныууа- дзын æмæ хъармдæр бынат никуы бацагурын. Æрдæ- бон цы зæрватыччытæ æмæ дзывылдæртты кой кодтон, уыдон алы фæззæг дæр хуссармæ атæхынц. Стæй канд уыдон нæ. Уæрццытæ, сауцъиутæ, хърихъуппытæ... Æмæ сæ нымад чи фæуыдзæн?! 59
— Мæн та Назгæрдæг чи рахуыдта? — сдзырдта Саукуыдзы къæхты бынæй Назгæрдæг. Кæрдæг дæн^ фæлæ Наз нæ дæн... — Хъæд дæн, фæлæ Фат нæ дæн,— Саунæмыджы сæ’рты æрбадзырдта Фатхъæд. Фæрстытæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Саукуыдз дзы дзуапп кæмæн лæвæрдтаид, уый нал зыдта. Иæ нымæтхуд фелвæста æмæ дзы йæ цæсгомыл дон скалд- та. Ногæй та дзы ныфс бацыд. — Байхъусут-ма,— сдзырдта, йæ алыварс чи æрæм- бырд, уыдонмæ. Бæласæй, къутаедэæй, кæрдæгæй, мар- гъæй — иууылдæр сæ хъæлæбайæ фенцадысты. Æр- мæст ма Суадоны лыстæг фыцын хъуыст. Саукуыдз æм къахæгау ныккаст, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, адон иууылдæр дæу аххос сты, йæ ном йæ зæрдæмæ кæмæн нæ цæуы, уыдон мыл ды æрæмбырд кодтай, зæгъгæ. — Хъусут мæм? — йæ алыварс йæ цæст ахæсгæйæ сдзырдта Саукуыдз. — Хъусæм, хъусæм! — æмдзыхæй дзуапп радтой хъæды цæрджытæ. — Уæдæ афтæ: сымах иууылдæр хъаст кæнут уæ нæмттæй. Æнæуи уæ йæхи æвзæр ничи хоны, стæй уын раст куы зæгъон, уæд уæ адæм дæр цаудæй никæй зо- нынц. Алчидæр уæ йæ бынаты хорз у. Адæмæн дæр æххуыс стут, хъæды дæр хъæут. Æнæ кæрæдзи уын цæ- рын зын уаид. Гъе æрмæст уæ нæмттæ уæ зæрдæмæ нæ цæуынц, æмæ уыцы чысыл хъуыддагыл дзæгъæлы мæсты кæнут. Ном фæкæсыны тыххæй у, æмæ дæ цы- фæнды дæр хонæнт: хорз ном дыл куы уа æмæ куы ни- цæмæн бæззай, уæд хуыздæр у? — Нæу! — æмхуызонæй та райхъуыст сæ дзуапп. — Æвзæр йæхи кой фæкæны,— дзырдта дарддæр Саукуыдз, — æмæ уын æз дæр мæхи кой ракæнон. Æз ащ>1 дунейыл авд æмæ æртиссæдз азы цæрын æмæ мæ цы номæй хонынц, уый зонут? — Нæ зонæм! 60
— Саукуыдз мæ хонынц*, мæ хуртæ. — Уый та цавæр Куыдз у? — схор-хор кодтой йæ алыварс. — Æмæ-ма мæм иууылдæр дзæбæх æрбакæсут.— Саукуыдз йæ мидбынаты сабыргай æрзылд,— кæддæра мæ сæр дæр, мæ рихитæ дæр æмæ ме ’рфгуытæ дæр урс-урсид не сты. Уæдæ мæм, мæхимæ гæсгæ, Куыдзы хуызæнæй дæр ницы ис. Уæддæр мæ, куы райгуырд- тæн, уыцы бонæй фæстæмæ Саукуыдз хонынц. Æмæ цы! Æппындæр æй ницæмæ дарын. Тынг хорз ном мæм кæсы. Саукуыдз мæ кæй хонынц, уый тыххæй мæм фæсмон никуыма æрцыд, стæй хорз нæмттыл нымад чи у, уыдонмæ дæр никуы бабæллыдтæн. Лæг йæ хъуыд- дæгтæй лæг вæййы, хорз номæй адæймаг никуыма скад- джын. Хъæды цæрджытæй иу ныхас дæр никæмæйуал схауд. Æвæццæгæн, Саукуыдзы ныхæстæ се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыдысты. ...Хъæдгæс йæ бынаты базмæлыд. Арвмæ скаст. Хур ныгуылæнырдæм дзæвгар акъул. Ацафон хъуамæ хъæдæй рацæуæн фæндаджы былмæ араст уа, цæмæй хъæды зæрдæхудты мачи бацæуа, иу бæлас акалын дæр макæмæн бантыса! Саукуыдз тагъдгомау фестад. Йæхи æрцагъта, йæ нымæтхуд адзæбæхтæ кодта æмæ нарæг къахвæнда- гыл уæззау къахдзæфтæй дæлæмæ араст. Суадоны цур бадгаейæ йæ цæстытыл цы нывтæ ауад, уыдонæй йæ зæрдæ барухс. Æхсызгон ын уыд, хъæды цæрджытимæ æнæдзургæйæ дæр кæрæдзи хорз кæй æмбарынц, уый.
КЪОБОСТЫ ХЪÆД ÆМÆ БАСИЛЫ ХЪÆД рджынарæджы Елхоты гæ- мæхтæй куы фæуæле уай æмæ Кæрдзыны рагъæй куы ракæ- сай, уæд дæ цæст бирæ цæуыл- дæрты æрхæцдзæн. Æппæты фыццаг дæ цæстæнгас йæхимæ аздахдзæн Терк. Иудзæвгар афæстиат уыдзынæ Бе- хъаны цадыл. Уыйфæстæ бахиздзынæ Хъæууатмæ, йæ дæргъ дæр æмæ йæ уæрх дæр цалдæр километры кæ- мæн у, уыцы уæлкъуыбырмæ. Кæддæр, дам, ам джер- мецыккæгтæ цардысты, фæлæ сыл низ сыстад, æмæ фæ- цагъды сты. Æгас ма дзы чи баззад, уыдон, ныртæккæ Джермецыкк кæм ис, уым æрцардысты, сæ раздæры цæрæнбынат та «Хъæууат» схуыдтой. Гъе æмæ уыцы Хъæууатмæ куы схизай, уæд дæм рахизырдыгæй разын- дзæн Басилы хъæд, йæ галиуварсырдыгæй та, раст Бе- хъаны цады тæккæ æмбуар, фендзынæ Къобосты хъæ- ды райдайæн. Басилы хъæд æмæ Къобосты хъæд кæрæдзимæ хæстæг сты, кæд ма сæ астæу ноджыдæр иу хъæд — Даргъ Хуымтæ, зæгъгæ, кæй хонынц, уый ис, уæддæр. Афтæмæн та сæм хъауджыдæрдзинæдтæ дзæвгар ис. Басилы хъæд Джермецыччы рæгътæм хæстæгдæр у, дымгæтæй аууон ран. Иæ зæхх — уымæл æмæ æлыг- бын. Уымæ гæсгæ дзы фылдæр, дон бирæ чи уарзы, ахæм бæлæстæ зайы, уæлдайдæр та хæристæ, гæдыбæ- лæстæ, фæрвытæ. Бынтон æндæр зæххыл æрæнцад Къобосты хъæд. Хæрис æмæ дзы фæрв тынг стæм сты. Фылдæр æх- 62
сæр, тулдз, фатхъæд, дзæлв, сывылдз. Хъæздыг у хъæд- даг дыргътæй. Уыдон кæм уой, уым та алыхуызон сырд- тæ æмæ мæргътæн æнæ уæвгæ нæй. Басилы хъæды рæзты Урсдон кæлы. Суадоныл дзы никуы сæмбæлдзынæ. Къобосты хъæды та æрмæст- дæр суадæттæ ис. Саумæр зæххæй бирæ рæттæй схъардта цæссыджы хуызæн сыгъдæг дон. Чысыл^ суа- дæттæй рауайы стырдæр суадæттæ, стæй уыдон баиу вæййынц æмæ æмхуызонæй дæр сæ фæндаг Бехъанмæ дарынц. Уым кæрæдзиуыл дзæвгар фæцин кæныны фæстæ Теркыл бафтынц. Дыууæ хъæды кæрæдзи куы нæ фæуынынц, уæд са- быр вæййынц, фæлæ сæ арæх Дымгæ кæрæдзиуыл сар- дауы. Уый ардауæг къæбылайау Даргъ Хуымтыл йæхи ахафы, йæ бæлæстæ йын бынмæ æртасын кæны, æмæ та Къобосты хъæд æмæ Басилы хъæды æхсæн бы- цæу стынг вæййы. Хаттæй-хатт сын хъаугъамæ дæр ахизы. Абонрайсом мæлæты дзæбæх райдыдта сæ дыууæ- йæн дæр. Уалдзæг кæй æрбахæццæ кæны, ууыл цин кодтой. Къобосты хъæды фылдæр фæндырдзæгъдджы- тæ ис: хъулонцъиутæ, гæркъæрæгтæ, сырддонцъиутæ,— æмæ се ’ппæты нымад чи фæуыдзæн! Алкæмæн дæр дзы йæхи зарæг ис. Æмæ æмхуызонæй дæр бавнæлдтой. Чи — бæласыл бадгæйæ, чи — зæххыл, чи та — тæхгæ- тæхын. Фæсте зайынмæ нæ хъавынц Басилы хъæды зарæг- гæнджытæ дæр. Уалдзæджы æрцыд сын къаддæр æх- сызгон нæу. Иузаман сæм Дымгæ хъусыныл фæци. Суанг ма уымæ дæр бахъардта, Уалдзæг кæй æрбахæс- тæг, æмæ хъæды цæрджытæ ууыл кæй цин кæнынц. Дымгæйæн та йæ хуыздæр цин хыл вæййы. Æмæ та йæ ныр дæр равдыста. Иæ пехцелбарц бæхы рохтæ æрбакъуырдта æмæ йæ Даргъ Хуымтæм фездæхта. Иæ сыф-сыфмæ дыууæ хъæды мæргътæ сæ зарынæй фенцадысты. Даргъ Хуымты бæлæсты.къалиутæ зæххы онг æртасыдысты, 63
æмæ Басилы хъæды бæлæстæ Къобосты хъæды бæлæс- ты дзæбæх уынын райдыдтой. — Цы мæм ныккастæ,—сдзырдта Басилы хъæд,— нсты.мæ фыццаг хатт уыныс? — Дæ уынд мын æхсызгон у æмæ дæм кæсын,— дзуапп радта Къобосты хъæд. — О, ды сыхæгты куыд бирæ уарзыс, уымæй!.. — Тынг дзæбæх дæр сæ уарзын. — Уæд дæ рæзты искæй цæуын уадзис. — Уый мын мæхимæ никæй уадзынц цæуын. — Чи дæм нæ уадзы? — Хъахъхъæнджытæ. — Цавæр хъахъхъæнджытæ? — Хъæдгæстæ. — Уымæй раст зæгъыс. Æнæбон чи вæййы, уымæн хъалагъуртæ сæвæрынц. Уæдæ мæн цæуылнæ исчи хъахъхъæны! Ды та! Ацал-ауал азы дæм кæсын, æмæ дæ æнæгæсæй никуыма федтон. — Дзурыс, фæлæ дæ ныхæстæ дæхи ныхмæ кæй сты, уый æмбарыс? — Цæмæн? — Уымæн æмæ хъахъхъæнгæ хæзнатæ фæкæнынц, æмæ мын гæстæ дæр уыма^н сæвæрдтой. Дæу хуызæн мæ зæххыл дæр Фæрв æмæ Хæрис йедтæмæ куы ницы заид, уæд мæ фæрсты дæр ничи ауаид, фæлæ Тулдз æмæ Фатхъæд, Дзæлв æмæ Сывылдз, Æхсæр æмæ Сус- хъæд адæмы цæсты дæ бæлæстæй кадджындæр с’ты æмæ мæ хъахъхъæнгæ дæр уымæн кæнынц. Дæу хуы- зæн мæ дзæгъæл куы ныууадзой, уæд æз Къобосты хъæд нал хуиндзынæн, фæлæ Цъыхырыджын. — Ды ныхас иннæрдæм ма здах, фæлæ дæхимæ хæстæг кæй никæй уадзыс, ууыл басæтт. Дæ дон дæр дæхи хуызаен у. Уый æмæ дын Урсдон. Цынæ кзесагыл дзы сæмбæлдзынæ: хуыдзых æмæ сардзан, балгæсаг æмæ тъепа... Суадонмæ та балер йедтæмæ æввахс ничи цæуы. — Уый дæ уд зоны,— йæ бæрзонддæр Тулдз бæлас 64
батилгæйæ сдзырдта Къобосты хъæд.— Хæстæг бæр- гæ æрбацæуиккат, фæлæ уыйбæрц ныфс кæмæ ис?! Ба- лерау дæ гьепатæ æмæ кæлмгæсæгтæ ихы хуызæн уа- зал доны куыннæ бафæраздзысты. Уыдон хъæрмус*г Урсдоны сахуыр сты æмæ балерты фарсмæ фидаугæ дæр не скæндзысты. — Ды цыфæндыйæ дæр фыд-зæрдæ дæ. Уый дæ тар хуызыл дæр бæрæг у. Дæ талынг къуымты бирæгъты дæр уымæн бамбæхсыс,— дзуры дарддæр Басилы хъæд. — Бирæгътæ дæр хъæды фембæхсынц. Дæ хуызæн къохы сæхи кæм хъуамæ бааууон кæной! — дзуапп ын радта Къобосты хъæд. — Кæд та мæ бæлæстæ дæ бæлæетæй къаддæр сты!.. — Æвзæр дынджыр кæны. Хæрис кæнæ Фæрв цы- фæнды дынджыр куы уой, уæддæр кæй хъæуынц? Æр- зил-ма Бæрæгъуыны уынгты дæр æмæ Джермецыччы уынгты дæр, кæддæра дзы Хæрис æмæ Фæрвæй конд дзаума бирæ хæдзары ссарис. — Дæумæ байхъус. уæд мæ бæлæстæ æппындæр ни- цæмæн бæззынц. — Тынг хорз сты. Хæрисæй сывæллæттæ еæхицæн æхситгæнæнтæ саразынц, йæ цъæх сыфтæ та иын дзы- гытæ ахæрынц. Уæдæ Фæрвæй дæр ницы зæгъдзынæ. Йæ цъар ын астигъынц æмæ дзы ахорæн саразынц... Къобосты хъæд куыд æнæрвæссонæй дзуры, уымæ хъусын йæ бон куынæуал уыд, уæд æй дарддæр дзурын нал бауагъта: — Уагæры ма дæм сындзæй бацæуæн куы уаид... — Сындзытæ дæр хъæугæ кæнынц. Сындзытæ Ка- кон æмæ Уагъылыйыл зайынц, æмæ сæ уый тыххæй ра- фауынмæ хъавыс? Иннæ ахæм Мугæ æмæ Дурвæткъуы. Сындзытæ сæ дзæгъæл цæуæгæй хъахъхъæнынц. Дæу бæлæсты хуызæн знаджы раз сæ зонгуытыл куы нæ ’рлæууынц. — Чи дын загъта? 5 Бехъапы мугæ 65
— Мæхиуыл цæстытæ нæй! Дæ Фæрв дæр æмæ Хæ- рис дæр тæппуд сты. Цыфæнды гыццыл фæрæты раз дæр баризынц.Урсдон дæр сæ дард нæ ацыд. Куыддæр ыл Зымæг йæ уазал къæхтæй бауайы, афтæ цъеигæ их фесты. Кæмдæр ма зæххы бын йæ тыхулæфт фæхъуы- сы. Уалдзæг æм’ æххуысмæ куы нæ фæзынид, уæд-иу æм бæрæг уаид. — Дæ Суадон та Уалдзæг æмæ Сæрдæн цы ’мба- ры? Уыцы къуырмайæ цæуы æмæ цæуы. — Уæдæ исчи Урсдоны хуызæн у! Йæ митæн ын ни- чи ницы бамбардзæн. Зымæг æм доны хуызæнæй ни- цуал вæййы, Уалдзæг та стæфсы. Æмæ алырдæм гæп- пытæ байдайы. Йæ донвæд йæ фаг нал вæййы æмæ йæ былгæрæттæй акæлы. Сусæны мæй та баруайы. Афтæ тынг байсысы, æмæ кæрдæджы бынæй нал фæзыны, йæ мынæг хъæлæс ын хъус нал фæахсы. — Ды сæрдæй-зымæгæй уыцы иухуызонæй кæлыс, æмæ дзы цы рамбылдтай? — Уымæй адæмы афæрсын хъæуы. — Æмæ мын цы зæгъдзысты? — Уыдон дын зæгъдзысты, сæ куыройы фыдтæ сын æхсæвæй-бонæй æнæрынцойæ кæй зилын æмæ сæ кæр- дзынхъуаг кæй никуыма ныууагътон. Урсдоныл искуы куырой саразгæ федтай? Стæй йыл нæ фендзынæ. Уы- мæн æмæ куы бынтон бахуыскъ вæййы, куы та бæстæ йæ разæй ахæссы. Стæй мæ хъуамæ ды дæхæдæг дæр бузныг уаис, дæ цæрджытæн дын кæй æххуыс кæнын, уый тыххæй. — Уагæры сын цытæ фæдæ? — Урсдон куы байсысы, уæд дæ мæргътæ арæхдæр кæдæм фæтæхынц? Къобосты хъæдмæ. Уæдæ зымæгон куы ныссæлы, уæддæр — афтæ. Сусæны мæй Урсдон афтæ хъæрмуст вæййы, æмæ дзы никæй дойны басæт- дзæн. Зымæгон та дзы фыруазалæй схуыпгæнæн нæ вæййы. Гъе æмæ дæ мæргътæ махмæ фæтæхынц дон нуазынмæ. Уæвгæ, дæ хъæды мæргътæ уыйас бирæ дæр нæй. Къобосты хъæды цы хуыргæрчытæ æмæ фазантæ 66
ие, уыдон ды дæ цæстыкæронæй дæр никуы фендзынæ. Уыдон Басилы хъæды цæрын сæ сæрмæ хæсгæ дæр не ’ркæндзысты. Стæй сæ цымæ даргæ та цæмæй кæнис? Йе дæм кæрдо куы нæ зайы, йе мугæ, йе адæмы мыг- гаг гагадыргъ. — Ау, мæ гæнгæлытæн ныккæнæн куы нæ ис, уæдæ мæ кæрдæг та каконæй бæрзонддæр куы зайы... Тæр- хъустæ дзы хизынæй куы нæ ’фсæдынц... — Æгайтма йыл дæхæдæг сæттыс, тæрхъусты бы- нат кæй дæ, ууыл. Тæрхъус Къобосты хъæдмæ уæндгæ дæр не ’рбакæндзæн. Мæ бирæгътæ æмæ йын рувæстæ бацамониккой... Дымгæйæн цыма исчи стыр хорздзинад ракодта, уыйхуызæн схъæлдзæг. Дыууæ хъæды кæрæдзиуыл сардауынæй хуыздæр ын мацы ратт. Фæлæ æгæр-æгæр куы кодтой, уæд фæтарст, сæ быцæу хъаугъамæ куы ахиза, уымæй, æмæ йæ бæхы рохтыл æрбахæцыд. Даргъ Хуымты бæлæстæ сæ фыццаг хуыз райстой, æмæ Басилы хъæд æмæ Къобосты хъæд кæрæдзи нал уыд- той. Цъиутæ та зарынмæ бавнæлдтой. Хуры тынтæ бæ- лæсты гом хихты æхсæнты зæхмæ хæрзæггурæггаг згъордтой. Фароны сыфтæрты æхсæнæй сæ тамако- здыхт сыфтæ сдардтой давæттæ. Малусæджы урс-ур- сид æмæ æрвхуызцъæх дидинджытæ хурмæ сæ æртти- ваг цæстытæй ныккастысты, цыма сын искуыдæм куы алидза, уымæй тарстысты, уыйхуызæн. Дондзаст хуыр сæ фæтæн сыфтæй бамбæрзтой хъæндæлытæ. Æхсæры къутæртæ куы базмæлынц, уæд сæ дæргъæццон хъус- цæджыты рыг акæлы. Тагъд Уалдзæг йæ минмырон хъæлæсæй ныззардзæн, æмæ Зымæгæн йæ фæд дæр нал аззайдзæн. Æрдæбонсарæй Даргъ Хуымтæ æнæдзургæйæ хъуыстой сæ сыхæгты быцæумæ. Ахæм амондджын рæстæг кæрæдзимæ знæтæй кæй дзырдтой, уый сæ зæр- дæмæ нæ фæцыд æмæ сæ бафидауынвæнд скодтой: — Ныр алыхатт кæрæдзимæ цы фæвæййут? — загъ- 67
той Даргъ Хуымтæ. — Адæм нæ куы уарзынц, уæд нæ- хæдæг нæхи цæуылнæ уарзæм?! Къобосты хъæд æмæ Басилы хъæд сæ бæлæсты къа- лиутæ Даргъ Хуымтæм æрбахæстæгдæр кодтой æмæ- йæм лæмбынæгæй хъусынц. — Бæрæгъуыйнæгтæ дæр æмæ джермецыккæгтæ дæр арæх фæзæгъынц, ацы æртæ хъæды нæ куынæ уаиккой, уæд къæвда арæх нал уарид, æмæ хорæрзадыл æвзæ- рырдæм фæзынид, зæгъгæ. — Уæллæй, уымæй раст зæгъынц, — йемæ сразы Къобосты хъæд.— Раздæр Бæрæгъуыны хъæуы сæрмæ æйтт-зæгъгæ хъæд уыди. Фæлæ йæ фарсмæ адæм куы ’рцардысты, уæд æй ныццагътой, æмæ сыл уыйфæстæ бирæ хæттыты хус азтæ скодта. — Адæм махæй зондджындæр сты, — дзырдтой дарддæр Даргъ Хуымтæ, — кæд иуæй-иу хатт æнæр- хъуыды митæ фæкæнынц, уæддæр. Хъæд зæххы рæу- джытæ хуымæтæджы не схуыдтой. — Рæуджытæ, зæгъыс? — бадис кодта Басилы хъæд. — О, о, рæуджытæ, — дзуапп радтой Даргъ Хуым- тæ. — Адæм æмæ иннæ цæрæгойтæ кæмæй улæфынц, ахæм рæуджытæ. Куыд сбæрæг, афтæмæй хъæд æрвыл- бон дæр «раулæфы» килограммтæ нæ, фæлæ тоннæтæ туаггуыр. Æнæ уыцы туаггуырæй та зæххыл иунæг змæ- лæгæн дæр нæй цæрæн. — Уæдæ æз та афтæ фехъуыстон, махæн та, дам, æнæ æвзалытуаггуырæй цæрæн нæй, — загъта Къобос- ты хъæд. — Уый та, дам, цæрæгойтæ раулæфынц. — Тынг раст! — загътой Даргъ Хуымтæ. — Æмæ хъуамæ кæрæдзиуыл аудæм. Цæрæгойтæ — хъæдыл, хъæд — цæрæгойтыл. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, цæрæгойтæ — цæрæгойтыл, хъæд — хъæдыл.
ЗАГЪДКЪАХÆГ цы Дымгæйæ диссагдæр нæй. Зæххыл цыдæриддæр цæрæ- гойæ дæр æмæ зайæгойæ дæр ис, уыдонæн Хур йедтæмæ ма- цы ратт. Иæ хъарм тынтæм сыл базыртæ базайы. Чи дидп- нæг æфтауынмæ фæвæййы, кæмæ худын æмæ зарын фæцæуы, чи йæ уæлæ ног дарæс кæнынмæ бавналы. Дымгæ та йæ къабæзтæ æруадзы, йæ бæхы къæдзæхы тигъмæ цыбыр бабæтты æмæ хуыссынмæ фæвæипы. Ныр æртыккаг бон æддæмæ нал кæсы. Хуры тыи- тæм быитондæр ныууæнгмард. Рæстæгæй-рæстæгмæ арвыл йæ цæст ахæссы, æмæ та йæм цъæх-цъæхидæи куы разыны, уæд фæстæмæ йæ дæргъæй-дæргъмæ хъæццулы бын æрæмбæхсы. Æхсæвыгæтты йæ лыстæнæй рахилы. Дардмæ цæ- уыны ныфс æм нæ разыны.Хъæды кæронмæ йæхи бай- сы, доны сæрты азгъоры æмæ та фæстæмæ æрбаздæхы. Дысон уæлдай уæнгрогдæр уыд. Йæ зæрдæ хъазын æрцагуырдта. Абон дæр уыцы хъæлдзæгæй райхъал. Иæ хъæццул иуварс фехста æмæ хæрдмæ скаст. Кæр- дзыны рæгъты сæрмæ иу дондыппыр мигъ ауыдта. Хуы- мæтæджы æхсызгон ын уыд. Иæ бæхы феуæгъд кодта, йæхи йыл баппæрста æмæ йæ йæ разæй аиста. Арвгæрæттыл æрзылд. Цалынмæ йын æмбæлттæ ссардта, уæдмæ нæ ныууагъта. Уайтагъд бæстæ сæм- тъеры. Æврæгътæ æмæ мигътæ æддæг-мидæг ауады- сты. Арвæй иу цъæх гæбаз нал зынд. Иууылдæр сау- хъулон фестад. Уарын ныккалдта. Дымгæ Æрджына- рæджы дыууæрдæм дугъ систа. 69
Арвæрттывд цæстыты ныхсы. Райхъуыст гæрæхтæ. Арв Ефсы обауы дæллаг фарс хуыскъ Кæрдо бæлас æрцавта. Ссыгъди. Дымгæйæн дын ахæм хорз авæрай. Арты базыртыл фæхæцыд æмæ сæ бæлæстыл ныц- цавта. Никæуыл дзы фæхæцыд. К/ьæвдайы цыхцыр- джытæ Хъæды фарс фесты æмæ йæм Арты хæстæг нæ бауагътой. Дымгæ ма цалдæр фæлтæрæны скодта, фæ- лæ æнæхъæн Астæуыккаг комы дæр Къæвда Дымгæ æмæ Артæй тыхджындæр разынд. Æндæр гæнæн нал уыд, æмæ Артимæ Фаллаг коммæ сæхи айстой. Ирд Суадоны былгæрон ацал-ауал азы хæларæй цардысты Тæрс æмæ Фатхъæд. Кæд Суадон уыдонæй бирæ къаддæр уыд, уæддæр сын сæ райгуырд зноны хуызæн хъуыды кодта. Дыууæ талайы дæр рагуалдзæг фæзындысты. Иу — Суадоны рахизфарс, иннæ та — йæ галиуварс. Суадон йæ дыууæ гыццыл хъæбулæн сабыргай зарыд. Дон- хъуаг сæ никуы ныууагъта. Талатæ йын сæ фæлмæн сыфтæртæй салам лæвæрдтой, Суадон та сæ йæ уылæн- тæй буц кодта. Бонтæ цыдысты. Афæдз афæдзы ивта. Суадон уыцы иухуызонæй лæууыди, талатæ та бæлæстæ кодтой. Сæ алыварс цы къудзитæ æмæ цъыхырытæ уыд, уыдон сæм хæлæгæй мардысты. Æгæр фæтæн æмæ бæрзонд куы цыдысты, уæд сæм хæлæг кæнын райдыдтой æппæ- ты стырдæр бæлæстæ дæр, уымæн æмæ сæ сæрты акас- тысты. Æрæджиау æнæхъæн стыр хъæды фидауц си- сты. Уыдонæй бæрзонддæр æмæ рæсугъддæр бæлас æр- тæ комы нал уыд. Æппæты рæсугъддæр мæргътæ сæ ахстæттæ Тæрс æмæ Фатхъæды къалиутыл арæзтой, тæккæ мæлгъæвзагдæр цъиутæ ардæм тахтысты сæ хъæлдзæг зарджытæ кæнынмæ. Суадонæн дæр æхсыз- гон куыннæ уыдаид йæ хъæбулты афтæ амондджынæй уынын. Ныр сæм мæнæ фыдбылыз цыппæрвадæй æрбабырс- та. Хъæды цыфыддæр знæгтæй иу — Арт Дымгæимæ уæлдай тæссагдæр у. Иæхимидæг батыхст. Йæ уы- 70
лæнтæ дзæвгар фæфылдæр сты. Фатхъæд æмæ Тæрсы къалиутæ Дымгæйы бын хъæрзынц. — Уæхи хъахъхъæнут, — сдзырдта сæм Суадон. Æмæ та йæ зæрдæ ноджы тынгдæр срыст. Арвы нæрын хæстæгдæрæй æрбайхъуыст. Тæрс æмæ Фатхъæды сыфтæртыл фыркатайæ сыф-сыф бахæцыд, хаттæй-хатт-иу ставд къалиуты хъæрзын райхъуыст. Дымгæйы футтытæ тынгæй-тынгдæр кодтой. Къалиуты- иу сæттынмæ бирæ нал хъуыд, фæлæ уæддæр фидар лæууыдысты. Арты æвзæгтæ Суадонмæ балæбурдтой, фæлæ сæ уый йæхимæ æмгæрон не ’рбауагъта, йæ уа- зал ирд æртæхтæ йын йе ’взаджы кæрæттæ арæдыв- той. Арты цъыс-цъыс ссыд. Фырмæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ йæхи Тæрсыл ныццавта: — Ды та мын кæдæм ирвæздзынæ! Суадон тыхсы. Арвæй йæ цæст нал исы. Мигътæ æрбацæуынц. «Тагъддæр уарын куы ныккалид!» — сдзырдта йæхинымæр. Тæрс йæхи ныхъхъæддых кодта, цыма йæм Арты æвзæгтæ нымады дæр не сты, уыйхуызæн. Арты маст та тынгæй-тынгдæр фыхти. Ставд зæнгæй йæ бон куы базыдта, уæд къалиутæм сирвæзыныл ацархайдта... — Уæхиуыл схæцут! — сдзырдта сæм Суадон. Уыдон дæр сæхи уæлдæр систой. Арты æвзæгтæ сæ уды быцъынæг тыдтой къалиутæм сирвæзыныл, фæлæ сын дзы ницы рауад, æмæ уæд Фатхъæдмæ фесты. — Цæмæй мæ тæрсут, æз уæ батавынмæ хъавын, сымах та уæ гæндзæхтæ тилут, — йæ мæлгъæвзаг суагъта Арт. — Ма йæм хъус, сайгæ дæ кæны,— дзуры йæм бы- нæй Суадон. Артæн йæ хинæй куы ницы рауайа, уымæй фæтарст, æмæ Фатхъæдыл алырдыгæй атыхст. Ноджы йæ къа- лиутæ дæлиауæй зайын райдыдтой, æмæ сæ Арт уай- тæккæ дæр ацахста. Суадоны цæссыгтæ фемæхстысты. Иæ уæлцъарыл- иу фæцыдæр сты. 71
— Къæвда, тагъддæр ныккал, науæд мæ хъæбул- тæ сæфынц! — ныхъхъæр кодта Суадон. Мигътæ хъæды сæрмæ æрбацæйхæццæ кодтой. Иу- гай æртæхтæ хауын райдыдта, фæлæ Фатхъæды къа- лиутæ дæр иу иннæйы фæдыл сыгъдысты. Артæн дзæв- гар фенцондæр. Фатхъæды къалиутæй Тæрсмæ дæр баххæссыд, æмæ уый дæр схæцыд. Уарын фæтынгдæр. Доны æндæхтæ ставдæй-ставд- дæр кодтой, æмæ та Арты цъыс-цъыс цæуын райдыдта. Æрæджиау лидзынмæ фæци, фæлæ йын йæхи бамбæх- сыны фадат нал фæци: Суадонæй чысыл æддæдæр йæ уд систа. Суадон сулæфыд. Фатхъæды буар кæд тынг ду- дыдта, уæддæр йæ дынджырдæр къалиутæ æнæхъæнæй баззадысты, Тæрсæй та æрмæстдæр дыууæ къалиуы фæхъыгдард. Къæвдайы æртæхтæ сыгъд къалиутыл згъордтои, æмæ сæ рыст къаддæр кодта. — Ма тæрсут, адзæбæх уыдзыстут, — зæрдæтæ сын æвæры Суадон. — Ацы арт цæрæнбонты дæр Хъæды ныхмæ афтæ хæцы, фæлæ йын ме ’рвад Къæвда кæддæ- риддæр йæ фаг фæвæййы. Æрдæбон æй уæхæдæг фед- тат, йæ гæндзæхтæ куыд батылдта, уый... Дымгæ йæ ниуынæй фенцад. Суадоны ныхæстæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. — Арты аххос та уын фæуæд! — сдзырдта Дымгæ. — Уæдæ кæй аххос у? - - бафарста йæ Суадон. — Бæлæстæн сæхи аххос. Комкоммæ та Фатхъæдьт аххос. — Сау æвзалы æз фæцæйкодтон, азымджын дæр ма æз дæн? — сдзырдта Фатхъæд. — Ды дæ, ды! — ноджы хъæддыхдæрæй сдзырдта Дымгæ. — Арты хъæбысы скуыси вæййыс æмæ уайтæк- кæ дæр ссудзыс. Иннæты дæр фыдбылызы бафтауыс. Дæхæдæг хуылыдз куы вæййыс, дæ алыварс бæлæстæ та — хус, уæддæр судзынмæ се ’ппæты разæй фæвæй- йыс æмæ æндзарæны хуызæн иннæтыл дæр Арт бафта- уыс. 72
— Цымæ кæд кæуыл бафтыдтон Арт? — Тæккæ абон-ма райсæм. Тæрс дæ фарсмæ лæу- уыд. Арты йæхимæ хæстæг не ’рбауагъта, ды та уай- тагъд йæ фарс фæдæ. Дæхæдæг ссыгъдтæ, уый дæм æгъгъæд нæ фæкаст, фæлæ ма Тæрсы дæр фæцæйсæф- тай. Адæм хуымæтæджы фæзæгъынц, Фатхъæды хуы- лыдз Тæрсы хусæн æндзарæн, зæгъгæ?.. Æрдæбонсарæй Суадон йæхиуыл тыххæй хæцыд, фæлæ Дымгæйы фæстаг ныхæстæм йæхи нал баурæдта: — Ныр дзæгъæлы цы къуыззитт кæныс, адон иу- уылдæр дæ бæллæхтæ куы сты, уæд?! Астæуыккаг ко- мæй Арты ардæм чи ’рбахуыдта? Æнæхъæн хъæды йæ чи ныппырх кодта? Мæ хъæбултыл æй чи сардыдта? Иууылдæр ды! Артыл къæхтæ æмæ къухтæ нæй, цæс- тытæ дæр — афтæ. Фæлæ йæ ды дæ разæй айсыс æмæ бæлæстыл арт бафтауыс. Фатхъæды фыдгой та дзæ- гъæлы кæныс. Мæ хъæбулты дын кæрæдзиуыл сарда- уын нæ бантысдзæн. Чи дзы цы у, уый æз дæуæй хуыз- дæр зонын. Фатхъæд Артæн мæнгæфсондæр у, æмæ йын йæ лæмæгъдзинад йæ цæстмæ цæмæн хъуамæ да- рæм! Æнæхъаруйæн-иу баххуыс кæнын фæхъæуы, ды та ма йæ ныхмæ дзурыс. Æви судзынмæ йæ былы- цъæрттæ фæхæры!.. — Æз адæмæй цы фехъуыстон, уый зæгъын, — ин- нæрдæм фæци Дымгæ. — Адæм дæр Хъæдмæ æндæр цæстæй кæсын рай- дыдтой, — дзырдта дарддæр Дымгæ. — Тынгдæр æй хъахъхъæнынц. Мах Хъæдгæс иу бæлас акалыны тых- хæй дæр загъд-замана куы сисы. Цалынмæ аххосджын æфхæрд æрцæуы, уæдмæ йæ нæ ныууадзы. Стæй Фат- хъæды хуылыдз Тæрсы хусæн æндзарæнæн нал хъæу- дзæн, уымæн æмæ йæ хъæдгæс ардыгæй удæгасæй ала- сын никæмæнуал бауадздзæн, хус Фатхъæдæй та æн- дзарæнтæ, цæйбæрц сæ фæнды, уыйбæрц дæр кæнæнт. Бæлæстæ дæ хуызæн æнæсæрфат ратæх-батæх нæ кæ- нынц. Цалынмæ æгас вæййынц, уæдмæ адæймагæн, стæй канд адæймагæн нæ, бирæ хæрзты бацæуынц. 73
УАЛДЗÆДЖЫ КОМЫТÆФ æззæджы бонтæй бирæ нал баззад. Цыппурс сæумæрайсом фесты æмæ та уыдон нымайы- ныл фæвæййы. Ноджы мæлæты даргъ дæр ныйисты. Сæ кæрон нал æмæ нал хæццæ кæны. — Райсом куы райхъал уон, — дзуры йæхицæн,— уæд ма мæ æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн иу, дыууæ, æртæ... — Зæронд йæ галиу къухы æнгуылдзтæ йæ ра- хиз къухæй фæрсæй-фæрстæм армытъæпæныл æвæргæ дæуы,— цыппар, фондз боны. — Цыма æнгуылдзтæ фæстæмæ куы рараст уой, уымæй фæтарст, уыйх’уызæн сыл рахиз къухæй фидар ныххæцыд æмæ хъуыдыты ацыд. Уæд та Фæззæгмæ лæбурджытæ арвитид. Нæ, уый бæсты уал йæ лæггадгæнджытæм фæдзурдзæн. Ахæм заман Дымгæйæ сæрæндæр ничи вæййы, фæлæ уый дæр кæмдæр бафынæй, йæ хъæр, йæ цъист никæцæйуал хъуысы. Цыппурс йæ бынаты базмæлыд. Иæ сæр æмæ зачъеты чырс æрцæгъдгæйæ сдзырдта: — Каем стут, иу змæлæг дæр уæ куынæуал ис!.. Дымгæ йæ уайтæккæ дæр базыдта, уымæ кæй дзу- ры. Пыхсбыны йæ сыбар-сыбур ссыд, æмæ уайтагъд Зæронды цур æрбалæууыд. — Дзырдтай мæм? — Дзырдтон дæм, дзырдтон! Кæм та дзæгъæлдзу кодтай? Кæм сты иннæтæ та? Дымгæ ныффæлурс, фыртæссæй змæлын дæр нал уæнды. 74
— Дæумæ нæ дзурын? Хæрдмæ фæхауд. Сындæггай йæхи айсынмæ хъа- выд, фæлæ йæ Цыппурс бамбæрста. — Хæстæгдæр-ма æрбацу, — фæфæлмæндæр Зæ- ронды хъæлæс. — Зымæг кæй ралæууы, уый дæ цæмæн рох кæны?.. Фондз боны фæстæ дуне иууылдæр нæ къухты уыдзæн, уый æмбарыс?.. Цыппурсмæ йæхи уавæр дæр хорз нал фæкаст. Æр- дæбонсарæй бадгæйæ кæй дзырдта, уый йæм хардзау æркаст, æмæ уыцы цæрдæгхуызæй йæ ихынкъах бандо- нæй фестад æмæ Дымгæмæ дзуры: — Марадз-ма, мæ чырс мын æрцæгъд. Дымгæ цалдæр хатты йæ алыварс æрзылд, æмæ йыл цæстыфæныкъуылдмæ иу уæлдай мур дæр нал аз- зад. Цыппурс лæгæтæй рацыд. Р1æ алыварс йæ цæст ахæсгæйæ сдзырдта: — Цы уавæры ис быру? Дымгæ ацы быруйы хъуыддагмæ тынг рæвдз у. Алы аз дæр æй ногæй аразын фæхъæуы, æмæ йæ цæттæдзи- нады тыххæй йæхæдæг дзуапп фæдæтты. Зæронд дзы иу зыхъхъыр, кæнæ иу гом бынат дæр ссардта, зæгъ- гæ — бæстæ йæ сæрыл сисы. Знонизæрмæ Дымгæ кæм нæ балæууыд, ахæм нал баззад. Иуæндæс æмæ ссæдз ставд быцæуы æвæрд кæ- мæ ис, уыцы быруйыл æй зилын бахъуыд. Иу быцæ- уæй иннæйы æхсæн цыппар æмæ ссæдз михы сагъд, уы- доныл мингай уистæ быд. Алы быцæу, алы михы фи- дардзинадмæ дæр дзы дзæбæх æркæсын хъуыд. Æмæ бафæллад. Иучысыл йæхи æруагъта æмæ дын уый йæ фæлладуагъд. Зæронд та йæм фæдзырдта. — Ницы йын у,— дзуапп радта Дымгæ. — Ома, куыд «ницы йын у»? Зæронд Дымгæйы ныхæстыл ахуыр у. Цыдæр хъуаг- дзинæдтæ ма дзы кæй бафиппайдта, уый уайтæккæ дæр базыдта. — Иуæй-иу ран быцæутæ мæнгæфсон сагъд сты, михтæй дæр, змæлгæ чи кæны, ахæмтæ ис. 75
Цыппурс йæ лæдзæг райста æмæ йæ зæххыл æрцав- та. Цалдæр дихы фæци. Иæ маст рафыхт: — Уый уын уæ митæ!.. — сдзырдта лæдзæджы сæс- тæгтæм æркæсгæйæ. — Фæхудинаг мæ кæндзыстут. Мæ лæдзæг дæр æддæг-уæлæ куы нæ хæцы, уæд ма уæ бы- цæутæ та цы уыдзысты!.. Дымгæ лæгæты фæмидæг æмæ тæккæ рæбинагдæр къуымæй айнæгцъæх ставд лæдзæг радавта. Цыппурс та уымæй дæр зæхх нытътъæпп кодта, фæлæ ацы хатт нал асаст. — Ныртæккæ-ма ардæм фæдзур Дон, Их, Тымыгъ, Мит, Уад æмæ Хъызтмæ. Дымгæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ фæцагайдта. Цы- быр рæстæгмæ Хъæды къуымты æрзылд æмæ сæ Цып- пурсы цур æрбалæууын кодта. Зæронд сыл уайдзæф- гæнæгау йæ цæст æрхаста. Донмæ фæкомкоммæ: — Зымæджы ралæууынмæ ма цал боны баззад? Доны уæлцъар анцъылдтæ. Иæ хъуыдытæ сæмхæц- цæ сты. Хъызт ын йæ хъусы бадзырдта: — Фараст... Зæронд æй айхъуыста. — Фараст, зæгъыс? — О, — фæцырд Хъызт. — Уæдæ уымæн афтæ æнæмæтæй бадут уæ дыууæ дæр? — тынгæй-тынгдæр мæсты кæны Цыппурс. — Фондз боны йедтæмæ иал баззад, Дада,— сдзырдта Мит, цыма, йе ’мбæлттæ раст кæй нæ загъ- той, уым исты аххосджын у, уыйхуызæн. — Дæ хъуыддаг раст,— фæбузныг дзы Цыппурс.— Æрмæстдæр ма фондз боны, æмæ дуне иууылдæр мах уыдзæн. Хъæдтæ æмæ быдыртæ, хæхтæ æмæ дæлвæз- тæ... Иууылдæр митын дарæсы уыдзысты, тымыгъы хъæлæсæй зардзысты, уадын бæхтыл уайдзысты, ихын фæндæгтыл згъордзысты... Зæронд та йæ цæстæнгас Доныл æрæвæрдта: — Ды та нырма райвæз-байвæз кæныс!.. Иууылдæр мæнмæ хъусут. Æз цы зæгъон, уый уæм Дымгæ хæццæ 76
кæндзæн. «Дон» дæ ном хуины, фæлæ дæ мах заман уый хъуамæ ферох уа. Мах доныл уыйас тыхст не стæм. Их у нæ дарæг дæр æмæ нæ ныфс дæр. Нæ быцæутæ дæр, нæ уистæ дæр, нæ михтæ дæр — иууылдæр ихæй конд сты, æмæ хъуамæ мах пайдайæн кусай. Хæстæг- дæр æртæ мæйы Хъызт уыдзæн дæ хицау, æмæ дын цы- дæриддæр зæгъа, уый кæн. Бамбæрстай? — О, — сдзырдта Дон, æмæ йæ уæлцъарыл цалдæр тымбыл зиллаччы кæрæдзийы хуылфы базмæлыды- сты. — Ныр та цомут, æмæ нæ быруйы уавæрмæ лыстæг- дæр æркæсæм. Бон-изæрмæ сæ зæххытыл фæзылдысты. Цыппурс дзы Дымгæйæ фылдæр аиппытæ ссардта. Быцæутæ кæ- рæдзимæ æмхуызон дард æвæрд нæ разындысты, ра- нæй-рæтты тæлмытæ уыдысты зылын-мылынтæ, кауы сæр митæй хорз æмбæрзт нæ разынд. Изæрæй та лæгæты цур æрæмбырд сты. — Ацы бонты уæ хъæддыхдæр фæлæууын бахъæу- дзæн,— сдзырдта къæлæтджыныл йæхи æруадзгæйæ Цыппурс. — Нæ Урсбоцъо фыд Зымæг нæм бæрæггæ- нæг цы сахат фæзындзæн, уый зын зæгъæн у. Дымгæ Тымыгъы хъусы цыдæртæ дзуры. Салдбо- цъо Дада йæм фæкомкоммæ: — Дымгæ, цы зæгъыс? Дымгæ фæхъус. Иуцасдæр æнæуынæрæй аззад, стæй Цыппурсы цур алæууыд: — Фæззæгмæ лæбурджытæ не ’рвитæм?.. Дада йæ зачъетæ адаудта: — Уый мæхи зæрды дæр уыди, фæлæ цалынмæ нæ быруйы цæттæдзинад нæ федтон, уæдмæ мæ ныфс нæ бахастон. Ахсæв ма уæ алчидæр дзæбæх бакусæд. Хъызт, Дон кæцырандæриддæр ис, уæлдайдæр та бы- румæ хæстæг, уым æй Их фестын кæн. Мит, кауы сæр ма зæрдæхсаинаг кæм у, уым æм базил. Уад æмæ Ты- мыгъ, кæрæдзийы къухтыл ныххæцут, быруйы фæрс- тыл иу уæлдай зыльш уис дæр куыннæуал зына, ууыл 77
бацархайут, иунæг зыхъхъыр, иунæг гом бынат дæр дзы мауал ныууадзут. Зæронд йæ бынатæй сыстад. Дымгæ йын Лæгæты дуар байгом кодта. Цыппурс ма къæсæргæрон фæстæ- мæ ракаст: — Цæугæут ныр. Ахсæв-бонмæ иу минут дæр дзæ- гъæл бадт ма фæкæнут. Дыккаг бон райсомæй Зæронд æхсæвыцъæхæй йæ къæхтыл лæууыд. Ацы хатт Дымгæмæ дзурын нал ба- хъуыд. Йæхæдæг æм фæраздæр. — Куыд сты нæ хабæрттæ? — Тынг хорз! — дзуапп радта Дымгæ. — Нæ быру æндоны хуызæн фидарæй лæууы. Кæцырдыгæй йыл мæ- хи нæ рауагътон, ахæм нал баззад, фæлæ дзы иу хуын- чъы алæсын дæр мæ бон нал баци. — Лæбурджытæ кæй арвитæм? — бафарста Урс- боцъо Дада. — Мæнмæ гæсгæ, Миты... — Иунæгæй ницы бакæндзæн,— хъуыдыты аны- гъуылгæйæ сдзырдта Зæронд. — Æмæ æз дæр иунæгæй нæ зæгъын. — Уæдæ йын кæй арвитæм йемæ? — Кæнæ Тымыгъы, кæнæ Уады. — Тымыгъ цыма тынгдæр сарæхсдзæн, афтæ мæм кæсы. — Æз ныртæккæ уымæ дæр æмæ Митмæ дæр фæ- дзурдзынæн. — Тымыгъ-иу йæ æхситгæнæн дæр йемæ рахæс- сæд, — йæ фæдыл ма адзырдта Салдбоцъо. — Æвæццæгæн æй бамбæрстат, цæмæн уæм фæ- дзырдтон, уый, — загъта Цыппурс, Мит æмæ Тымыгъ куы фæзындысты, уæд. — Фæззæгмæ уæ лæбурæг æр- витын,—дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст Цыппурс.— Уэдз æмæ цырддæр февнала, кæннод та йæ хор æмæ йæ иннæ бæркад æрдæгæфснæйдтытæй баззайдзысты. Мах фыдæй йыл куы ницы æрцæуы, уæддæр аххос Зы- мæджы æккой баппары. 78
— Мах ын ныртæккæ бацамондзыстæм! — йæ æх- ситгæнæны ныффутт кодта Тымыгъ. Цыппурс æй фæурæдта: — Тагъд ма кæн. Фæззæг дæр Афæдзы хъæбул у, æмæ хъуамæ цардæй исты фена. Æрмæст йæ зарæг иуæй-иу хатт ныддæргъвæтин вæййы, æмæ уый мæ зæр- дæмæ нæ цæуы. Цыппурс йæ лæдзæг мусонджы фарсмæ фæбыцæу кодта, йæ къахфындзтыл слæууыд æмæ къухаууонæй акæсгæйæ сдзырдта: — Далæ-ма уымæ акæс... Иæ мидбылты худгæйæ йæхицæн куыд зары... Зымæг йæ фæсонæрхæджы дæр нæй.-Ницæмæ нæ дары, æмæ йыл уæхи ауадзут. Уадз æмæ бамбара, ацы зæххыл ма уымæй дарддæр змæл- джытæ кæй ис. Æрмæст кæрæдзийæ ма фæхицæн ут, кæннод иугæйттæй афтæ тæссаг нæ уыдзыстут. Фыдми- йæ мацы бакæнут. Хуымтыл азилут, быдыртыл уæхи ауадзут, æмæ сын æрмæст уый дæр фаг уыдзæн, цæмæй рæвдздæр февналой, æмæ быдырты æнæфснайдæй ма- цы баззайа. Тымыгъ Миты мингай гæлæбутæ йæ базыртыл авæрдта æмæ Фæззæгмæ фæцагайдта. Изæрæй æнафон æрбаздæхтысты. Цыпнурс сæ сæ фæллад уадзынмæ арвыста. Дымгæ ма йæ цуры æнæзмæлгæйæ лæууыд. Зæ- рондмæ йæ лæгæтмæ цæуыны зонд куы иæ уыд, уæд ма йын цы бамбарын хъуыд, йæ зæрды ма цыдæр зæгъын кæй ис. — Табу хуыцауæн, сæ хортæ иууылдæр æфснайд фесты. Ныр сыл ауæрдын нал хъæуы,— загъта ихбо- цъо Дада æмæ Дымгæмæ баздæхт: — Нырчæккæ Хъыз- ты ам æрбалæууын кæн. Дымгæ йæ бæхыл абадт. Фæстæмæ дыууæйæ æрбалæууыдысты. — Æнцад бадынæй нæма сфæлмæцыдтæ? — фæр- сы Хъызты. 79
— Æз цæттæ дæн цыфæнды куыстмæ дæр, — йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд Хъызтæн. — Ахсæв дæ дæ тыхтæ фæлварын бахъæудзæн. Цыппурс йæ зачъетæ æрдаудта, æмæ йæм мæлæты хъæбæр фæкастысты. Хъызт сæм æгæр хæстæг кæй æр- балæууыд, уый сыл уайтæккæ дæр фæзынди. — Фæззæг кæм цæры, уый ма хъуыды кæныс? — бафарста Цыппурс. — Тынг дзæбæх. — Уæдæ бавдæл, æмæ уырдæм ныффардæг у. Уæл- вæзæй, дæлвæзæй, хохæй, быдырæй дзы иуы дæр ма фе- рох кæн. Дæ уазал комытæф сыл ауадз. Уадз æмæ нæ стъæлфой. — Уый дын мæ быгъдуан,— йæ базыртæ фæпака кæнгæйæ дзуапп радта Хъызт. — Райсом раджы фæстæмæ ам куыд уай, афтæ. Уы- мæй фылдæр рæстæг дзы нæма хъæуыс. — Хорз, — сдзырдта Хъызт æмæ Фæззæгыл йæхи айтыгъта. Цыппурс æхсæв-бонмæ йæ хуыссæны рафт-бафт фæ- кодта. Марадз-зæгъай, кæд æм хуыссæг æмгæрон æр- цыди. Куыддæр арвгæрон зына-нæзына фæрухс, афтæ лæгæты дуар йæ фæдыл ахгæдта. Иæ алыварс Хъызты фæдтæ мæлæты тынг зындысты. Иæ цæст кæйонг æх- хæсти, уым иууылдæр ныссалд. Дымгæ Цыппурсы ауыдта æмæ йæм аивæй йæхи байста. Цыппурсы зæр- дæмæ фæцыд, афтæ раджы кæй сыстад, уый, фæлæ дзургæ ницы скодта. — Хъызты фæдтæй бæстæ куы байдзаг, уæд йæхæ- дæг кæм ис? — бафарста Зæронд. — Æви цæугæ дæр нæма акодта? — Мах Тымыгъимæ йемæ æмбисвæндагмæ фæцы- дыстæм..Иæхи афтæ тызмæгæй равдыста, æмæ йæ уа- зал махмæ дæр æрбахæццæ. — Æгæр æрæгмæ цæуы, — Фæззæджы зæхмæ йæ цæстæнгас саразгæйæ загъта Цыппурс. — Фæлæ, æн- хъæлдæн, дæлæ ссæуы. 80
Дымгæ йæ къæдзилыл алæууыд æмæ фæндагмæ акаст. — Уый у! — бацин кодта Дымгæ æмæ йæ размæ фæцагайдта. — Æз æй ныртæккæ ам æрбалæууын кæн- дзынæн. Дымгæ уайтæккæ дæр фæллад Хъызты цур балæу- уыд, æмæ йæ йæ фæсарц авæрдта. — Куыд æрæгмæ цыдтæ?—бафарста йæ Цыппурс, йæ цурмæ куы схæццæ сты, уæд. — Иучысыл афæстиат дæн,—дзуапп радта Хъызт.— Адæммæ тынг смæсты дæн. Бирæтæ сæ фос скъæты ба- кæныны бæсты кæрты ныууагътой. Кæмæндæрты та ма суанг быдыры дæр баззадысты, æмæ сæ цалынмæ сæ бынæттыл сæмбæлын кодтон, уæдмæ мæхиуыл фæ- хæцыдтæн, кæннод басыдаиккой. Уæдæ сырдтæ дæр мæгуыр сты. Йæ хуыккоммæ дард чи уыд, уыдоныл хъавгæ мæхи ауагътон, æмæ афоныл сæ хæдзæрттæ ба- цагуырдтой, стæй уыйфæстæ мæ хъару æвдисынмæ фæ- дæн. — Гъемæ тынг раст бакодтай, — раппæлыди дзы Цыппурс. — Æнæхатырдзинад тыхджыны нысан нæу. — Фæлæ тынгдæр кæрдоты тыххæй бафæстиат дæн, — дзырдта дарддæр Хъызт.— Иу дыргъдоны уый- бæрц бур-бурид кæрдотæ уыд, æмæ сæм кæд кæсыныл нæ фæдæн. Мæ цæст сæм хæстæг бацæуын нæ уарзта. Хæдзары алыварс разил-базил систон, фæлæ мæ дзы хъуыды дæр ничи кодта. Уæд цавæр у, дæ бæлæстæ æлæмы хуызæн æрзайæнт, æмæ сæ афоныл ма бафснай. Ноджы ма мидæгæй бинонты зарын дæр куы нæ хъуыс- таид. Стæй сæ тæккæ фындзы бын кæй дæн, уый дæр куы нæ зыдтаиккой. Тынг сæм смæсты дæн. Бæлæстыл мæхи атыхтон, æмæ дæ балгъитæг афтæ. Се ’мбисæй фылдæр басыд. — Афтæ сын хъуыди, — йæ боцъойыл йæ къух æр- уагъта Цыппурс. — Хорзæй чи не ’мбара, уыимæ ахæм æвзагæй дзурын хъæуы. Ацу ныр, баулæф. Куыддæр дæ фæллад ссæуа, афтæ ног ныббырстмæ дæхи цæттæ дар. С Бсхьаны мугæ 81
Цыппурс йæ лæгæтмæ бацыди. Цалдæр боны æддæ- мæ нал ракаст, уымæн æмæ йæ зæрдæ ницæмæуал æх- сайдта. Зымæджы фыццаг бон йæ бæрæгбоны дарæс скодта, йæ рæсугъддæр лæдзæг йæ къухы райста æмæ уынгмæ рахызт. Иæ зæрдæ бахъæлдзæг. Дон их фе- стади, Дымгæ — сыф-сыф, Уад — къуыззитт, Мит — фæлдзæгъдæн, Тымыгъ — зилдух. Цыппурсмæ уазæг- уаты æрцыди Зымæг йæхæдæг. Дыууæйæ фæзылдысты сæ зæххытыл æмæ фырбуцæй сæ цъенгæих зачъетæ даудтой. — Бузныг, мæ хъæбул, — загъта рæвдаугæ хъæлæ- сæй Зымæг. — Мæ зæрдæ мын барухс кодтай, мæ цæс- тыты дзаг дæ ракастæн. Хæрзцæттæйæ сæмбæлдтæ дæ рæстæгыл. Иннæ азты-иу дæм аиппытæ уыд, фæлæ ныр зæрдиагæй бакуыстай. Дæ дæлбартæ дæр дæм хорз хъуыстрй. Мæ номæй-иу сын арфæ ракæн... Иуæндæс æмæ ссæдз боны фæцыди йæ салд къæх- тæй Цыппурс салд зæххыл, стæй йæ бартæ Тъæнджы мæймæ радта. — Æппæты фыццаг бацархай фидар кау с’бийы- ныл, — фæдзæхста йæ кæстæр æфсымæрæн Цыппурс.— Иуæндæс æмæ йæм ссæдз стыр быцæуы сæвæр, раст дæ бонтæ цæйбæрц сты, уыйбæрц, быцæуæй быцæуы æхсæн та цыппар æмæ ссæдз михы ныссадз, уал сахаты ис алы боны дæр. Уистæ дæ дзæвгар фылдæр бахъæу- дзæн, фæлæ уыдоны нымæц дæр зындгонд у — цыппор цыппар мины æхсæз сæдæ цыппор — уал минуты у дæ цæрæнбон. Иу къаддæр дæр нæ æмæ иу фылдæр дæр. Мæнæ дын Дымгæ дæр феххуыс кæндзæн. Аивгъуыдта та Тъæнджы мæй дæр. Æртхъирæнтæ- гæнæн мæй йæ хистæр æфсымæрты ныфсæй уæндон уæвгæйæ къæрццытæ кæнынмæ бавнæлдта. Адæмы йæ разæй айсы: «Æз уын афтæ бакæндзынæн, æз уын ин- нæрдæм фæуыдзынæн!» Сырдты скъуымбил кæны: «Чи куыдз, чи хæрæг, йæ хуыккомæй æддæмæ кæсын чи ба- уæндыд!..» Æппæты тынгдæр та сывæллæттæм æвзиды: 82
«Иæхи хъуыдыйы дæр ма уæ исчи ракæсæд, кæддæра йын æз цы митæ бакæнин!..» Рæстæг куыд фылдæр цыди, афтæ йæ ныхæстæ йæ хъуыддæгтимæ нал иу кодтой. Уад æмæ йæм Тымыгъ фыццагау нал хъуыстой, Хъызт æмæ Дымгæ йæ коммæ нал кастысты. Дон æмæ Мит та бынтон æддæг-мидæг ауадысты. Чи дзы кæцы уыд, уый равзарæн нал уыд. Дон Митимæ куы балымæн вæййы, уæд дзы Ихмæ ны- хасы бар нал фæхауы. Сæ дзырд кæрæдзиуыл куынæ- уал бадт, уæд сæ Æртхъирæнтæгæнæн мæй йæ лæгæты цурмæ æрæмбырд кодта. Æмæ ма йын æрæмбырд кæ- нын дæр æнцонæй куы бакуымдтаиккой. Алы æфсæнт- тæ йын кодтой. Чи загъта: рынчын дæн, кæмæн нæ сæр рыст, кæуыл хуыфæг бахæцыд. Æппынæрæджиау уæд- дæр æрæмбырд сты. — Фæхудинаг мæ кодтат, — райдыдта Æртхъи- рæнтæгæнæн мæй. — Хынджылæггаг мæ сарæзтат! Æд- дæмæ ракæсын мæ цæсгом нал хъæцы. Адæм мыл ху- дын райдыдтой. Хиппæлой мæ хонынц. Суанг ма мын ном дæр æрхъуыды кодтой—Æртхъирæнтæгæнæн мæй. Сырдтæ мæ ницæмæуал дарынц, сывæллæттæн худæ- джы хос фестадтæн... Йæ дæлбартæ аххосджынтау лæууыдысты. — Сымахæй та иумæ дæр нæ хъары. — Хъаргæ нæм бæргæ кæны, — куы ничи ницы дзырдта, уæд æппынфæстаг загъта Дымгæ, — фæлæ цы нæ бон у... — Куыд «цы нæ бон у»? Мæ хистæр æфсымæртæн дзæбæх куы лæггад кодтат, уæд уыл ныр цы ’рцыди? — Иууылдæр быруйы аххос у. — Цавæр быруйы? — Уалдзæгæй мах æхсæн цы быру ис, уыцы быру- йы аххос. — Цыппурсæн дæр æмæ Тъæнджы мæйæн дæр раст ахæм бырутæ уыдис! — Бынтон ахæмтæ нæ уыдысты. — Куыннæ уыдысты? 83
— Уыдонæн сæм иуæндæс æмæ ссæдзгай быцæутæ арæзт уыд, махæн та йæм аст æмæ ссæдз йедтæмæ нæй. Æнæбыцæу кау афæлдæхы æмæ нæм ууылты Уалдзæг сыффытт кæны. — Æмæ мын æй ныронг цæуылнæ загътай? — мæс- тыхуызæй фæхъæр кодта Æртхъирæнтæгæнæн мæй.— Æз Зымæгмæ бацыдаин æмæ ма дзы уыцы æртæ быцæ- уы ракуырдтаин. — Мах æм бирæ фæцыдыстæм, æмæ нын дзы ницы рауад. Æрмæст ма нын иу хъуыддагæй феххуыс: алы цыппар азæй цыппар азмæ дæр нын нæ быцæутыл иу бафтауы, æмæ дæ размæ цы Æртхъирæнтæгæнæп мæй- тæ царди, уыдонæн тынг æххуыс фæвæййы. Иу быцæу фылдæр сæ кæмæ æрхауы, уый кау даргъдæр рауайы, æмæ нæм Уалдзæгæй къаддæр æрбахæццæ вæййы, æмæ уый тыххæй махæн дæр фылдæр бантысы. Дымгæйы ныхæстæ Æртхъирæнтæгæнæн мæимæ тынг бахъардтой. Ноджы быруйыл куы æрзылд, уæд йæхи цæстытæй федта, цалдæр кулдуарыйас дзы гомæй кæй лæууыд. Уыцы ран йæхи бон дæр бирæ лæууып нæ баци. Кæд дзы Уалдзæгæй галы комытæфы бæрц йед- тæмæ нæ калди, уæддæр ын тынг тых кодта. Фæстæмæ лæгæты цурмæ æрбацыдысты. — Уæдæ ныр цы чындæуа?.. — сагъæсы бацыд Æртхъирæнтæгæнæн мæй. — Зымæгмæ цæуынæй ницы пайда ис, — загъта Дымгæ.— Дæу размæ дæр æм сæ хъаст бирæтæбахас- той, фæлæ дзы никæмæн баххуыс кодта, уымæн æмæ быцæутæ* иууылдæр рагацау уæрст æрцыдысты. — Ехх! — ныхъхъæрзæгау кодта Æртхъирæнтæгæ- нæн мæй. — Мæнмæ Уалдзæгæй галы комытæфы бæрц куы нæ фæхæццæ уыдаид, уæд дуне иууылдæр их фес- тын кодтаин!..
МЫСТЫ ТÆРИГЪÆД Цæллспы Ладейæн хсæвы тарæи фæссихæрттæм хъæды фæхаттыстæм. Цуанон фистæгæй цæуынæй фылдæр цы кæны, фæлæ уыцы бон тынг бафæлладыстæм. Ноджы сыр- ды мыггагæй ницæуыл сæм- бæлдыстæм, æмæ-ма ныл уый дæр æртæфсти. Фæззæг фæци, афтæмæй ’зымæг кæмдæр ныффæс- тиат. Цыма йæ уызыны къæхтыл сæвæрдæуыд, уыиау нал æмæ нал хæццæ кодта. Хуры дæр ма æндæр цы хъуыди. Кæд æм фыццаджы тых нал уыд, уæддæр кæ- сыныл нæ ауæрста. Хъæды бæлæсты бирæ сыфтæртæй алкæмæн дæр хицæн ахорæн ссардта æмæ сæ æрхауы- ны размæ цæстуарзонæй сахуырста. Нæ фæллад къæхтæ нæ тæгæры бынæй нал ахастой. Иæ ныллæгдæр къалиутыл нæ топпытæ æрцауыгътам, нæхæдæг æхсæркъутæрты цур хъамылæй æмбæрзт фахсмæ бацыдыстæм. Нæ дзаумæттæ иу ран æрæвæрдтам, уæдæ цы уыда- ид, æмæ нæ алчи йæ хордзен халынмæ фæци. Фæсхæрд фæхъæлдзæгдæр стæм. Æз ницы дзырдтон, фæлæ ме ’мбæлтты ныхасмæ мæ хъус дардтон, æмæ-иу иннæты хуызæн, ныхас цавæр уыд, уымæ гæсгæ куы мæ мид- былты бахудтæн, куы та-иу мæ дыууæ æрфыджы кæрæ- дзимæ æрбацæйцыдысты. Уалынмæ мæ хъустыл цыдæр сыбар-сыбур ауад. Аи- вæй, уынæр кæцæй райхъуыст, уыцырдæм фæкастæн æмæ тæгæры бын мыст ауыдтон. Æваст сыфтæрты æх- сæн фæцыдæр. Иуцасдæры фæстæ та ногæй йæ сыбар- 85
сыбурмæ фæкастæн. Уыцы тагъд-тагъдæй хуынчъы фæ- мидæг. Æрдæбон дæр, æвæццæгæн, уырдыгæй схызт, æз æй нæ федтон, æндæр. Ногæй та ныхасгæнæгмæ хъусыныл фæдæн, фæлæ мæ мыст дæр рох нæ уыд. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу фæс- тæмæ фæкастæн. Мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн, уæ- ле ма йæ цы хъуыддаг ис, йæ хъарм бынатæй йæ цы сы- стын кодта æмæ, ацафон миты хъæпæнтæ кæм вæййы, уым дугъ цы систа, зæгъгæ. Ме ’мбæлттæй йæ ничи бафиппайдта, æмæ йæм бын- тондæр ме ’ргом раздæхтон. Нæ ныхæстыл фæцахуыр, æви йæ æддæмæ æхсызгон хъуыддæгтæ хуыдтой — нæ зонын, фæлæ та иуафон хуынчъы был фæзынд. Дыууæ- рдæм цалдæр хатты йæ цæстæнгас фехста, иннæты æх- сæн мæнмæ фæкомкоммæ, йæ цæстыты æрттывд мыл уысмы бæрц афæстиат, стæй фæстæмæ хуынчъы фæми- дæг. Цалынмæ уыцы змæлдтытæм кастæн, уæдмæ мæ улæфт ныуурæдтон, цыма мæ улæфтæй фæтарстаид, уыйхуызæн. Мæ риуыдзаг æххæст нæма сулæфыдтæн, афтæ та мыст фæстæмæ фæзылд. Ацы хатт йæ лыстæг къæхтэей сыфтæртыл мæлæты дард азгъордта. Цымы- дисдзинад мыл фæуæлахиз. Мæ бынатæй сыстадтæн æмæ хуынчъы цурмæ бацыдтæн. Мæ дзабыры фындзæй йæ акъахтон, фæлæ уыцы гомæй аззад. Абондæргъы мемæ хъæды къуымты кæй фæрахæсс-бахæсс кодтон, уыцы лæдзæг радавтон æмæ йæ уымæй къахын райдыд- тон. Зæхх æнахуыр фæлмæн разынд. Иучысыл акъа- хыны фæстæ лæдзæджы бырынкъ сыфтæрты бауад. Иу- цалдæр дзы йемæ дæр сдавта. Мæ -зонгуытыл æрбадтæн æмæ арæхстгай æвналын райдыдтон. Лæдзæг нарæг хуынкъæй цыдæр мæрагонд- мæ ныххæццæ. Йæ ныццæуæн ын фæуæрæхдæр код- тон, æмæ дзы æхсæры кæри куы разынид. Уыцы бæстон æвæрд уыдысты. Сæ быны — сыфтæртæй лыстæн. — Диссæгтæй цы кæнут! — адæммæ ме ’ргом дæр нæ раздæхтон, афтæмæй мæхицæн дзурæгау загътон æз. 86
Цуанæттæй м^е ныронг хъуыды дæр ничи кодта, фæ- лæ мæ армыдзаг бур-саухъулон æндон æхсæртæ куы фелвæстон, уæд цыппарæй дæр мæ цуры алæууыды- сты. — Æхсæртæ? — Чи сæ баныгæдта? — Æхсæрæг ын æнæ уæвгæ нæй... Фæрстытæ сарæх сты. Цымыдисдзинад йæ тыхы ба- цыд. Æз æхсæртæ мæ худы æвгæнынмæ фæдæн. Йе ’мбисы бæрц уыдысты. Фæстæмæ нæ алчи йæ бынаты æрбадти, æмæ та ныхæстыл фестæм. Æрмæст ныр иууылдæр уыдысты цæрæгойты тыххæй. Зымæгмæ дзы кæмæн цавæр æвæ- рæнтæ вæййы, йæхи йæм чи куыд бацæттæ кæны, чи цы фылдæр уарзы æмæ афтæ дарддæр. Мæ хъустыл та зонгæ сыр-сыр ауад. Мысты уайтæк- кæ дæр ауыдтон. Уыцы фæдисонæй тахт. Йæ хуынчъы бынат нал ссардта, фæлæ ногкъахт сыджытыл суад, йæ ахстоны цур йæ фæстæгтыл алæууыд æмæ йе ’вæрæнтæ фæлдæхтæй куы ауыдта, уæд йæ къæхтæй йæ цæсты- тыл ралæууыд. Иæ тæригъæддаг цъист-цъист рай- хъуыст. Мæ буар ныррызт. Ахæм æвирхъау ныв фенын æн- хъæл ницыхуызы уыдтæн. Мыст ма иудзæвгар уырдыг алæууыд, стæй æрхауд æмæ, æхсæртæ кæм уыдысты, уыцы сыфтæртæм ныттылд. Цалдæр хатты ма ихæнриз скодта, стæй йе ’змæлынæй банцад. Иуцасдæр мæ бынатæй фезмæлынхъом нал уыдтæн. Цыдæр азым мын ме уæнгтæ нылхъывта, æмае цавдду- рау фæдæн. Æрæджиау уæддæр сыстадтæн. Мысты систон æмæ йæм æдзынæг ныккастæн. Дыууæ цæсты дæр къахт разындысты. Йæ зымæджы хардзæй куы ба- вдæлон, уæд, æвæццæгæн, йæхи мардыл банымадта, æмæ сыдæй мæлынмæ дæр нал банхъæлмæ каст, фæлæ йæхæдæг йæхицæн тæрхон рахаста... Æвгъайуаг хъуыддаг. Мысты зæрдæхудты бацæуын дæр тæригъæд у...
БЕХЪАНЫ МУГÆ ымæг Хуры йæхимæ бæрзон- дæй кæсын нæ уадзы. Хурæн та уымæй æнаддæр нæй. Ца- лынмæ Зæхх Зымæджы бар вæййы, уæдмæ йæм йæ цæсты- дзагæй никуы ракæсы. Арвы кæрæтты дзы фæлидзы. Куыддæр Хъызты тых басæтты, афтæ сындæггай йæхи бæрзонддæрæй- бæрзонддæрмæ исын райдайы æмæ фæстагмæ арвы цъуппыл балæууы. Иæ тынтæ фырцинæй хъæдтæ, быдыртæ æмæ уæлвæз- тæй атонын нал фæкомынц. Бæстæ бур-бурид афæлдæхы. Фæззæджы сызгъæри- нимæ дæр уымæн фæбарынц. Зехъойы комы та фадззæг йæ тæмæны бацыд, афтæмæй йæм Хур йæ цæст ны- къулын дæр нæма райдыдта: кæсы æмæ йæм кæсы. Кæрдæгæй, хъамылæй, сыфтæрæй — иууылдæр сыз- гъæриндоны сæвдылдысты. Гагадыргътæй та алкæмæн дæр хицæн хуыз ис. Уагъылы æмæ Мыртгæ сырх-сыр- хид æрттивынц, Дурвæткъуы у тугхъулон, Какон—тар- цъæх, Мугæ — морæ... Ацы хъæды Мугæ иннæ дыргътæй арæхдæр нæу, фæлæ йын уæддæр йæхицæй æппæлынæй хуыздæр ма- цы ратт. Искуыцæй уадымс фæзынæд, æндæр ын за- рæг йæ хъусы æнæбацæгъдгæ нæ фæвæййы. Уæлдай гæппæввонгдæрæй та Дымгæмæ лæууы, уымæн æмæ зо- ны, уый йын йæ зарæджы ныхæстæ дарддæрмæ кæйг ахæсдзæн. Абон Хур Зæххыл атылд. Хæмпæлтимæ къуыбылец- цытæ систа, къалиуты æхсæнæй ферттивы, сыфтæрти- мæ хъазынæй нал æфсæды. Уадымсæн Хуры тынты 88
уындæй йæ зæрдæ бахъæлдзæг. Йæ фæлмæн базыртæ батылдта, æмæ сæ пæр-пæр куы иу ранæй ссæуы, куы— иннæ ранæй. Уадымс иунæгæй цæуын ахуыр нæу. Фыл- дæр хæттыты йæ фæстæ æрбалæууы Дымгæ. Мæнæ та ныртæккæ дæр бæлæсты цъуппытыл разылд. Стæй сын- дæггай йæхи дæлдæр æруагъта. Куыддæр йæ сыбар- сыбур Мугæйы хъустыл æрцыд, афтæ йæ къуда сыфтæ фæхъил кодта æмæ ныззарыд: Мæнæй рæсугъддæр, гъей! Мæнæй хæрзаддæр, гъей! Дæлвæз-уæлвæзты, гъей, гъей! Нæма уыд Мугæ, о-о-й! Вæййын æрвылаз, гъей! Æлæмæй заддæр, гъей! Мæ тыллæг алкæд, гъей, гъей! Ыскъунйы тугыл, о-о-й! Дымгæ зарæджы ныхæстæ йæ разæй айста æмæ ко- мы дæлæмæ афардæг. Цады сæрмæ райхъуыстысты, уырдыгæй Бехъанмæ фæцагайдтой. Зехъойы Дымгæйьт фæндаг æдзухдæр ауылты вæййы. Бехъаны Мугæ ацы зарæг иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыста, фæлæ йæ ныхмæ никуы ницы загъта: хиппæлоимæ фæнды дзур, фæнды ма. Стæй, йæхæдæг цы у, æмæ Зехъойы Мугæ цы у, уый дæр хорз æмбæрста. Хуры сырх зиллакк Джермецыччы рагъыл æрæн- цад. Раст уыцы афон Бехъаны хъæдæй ратылд Зæронд Хъæддзауы уæрдон. Дымгæ фæсте кодта, æмæ бæхæн йæ уаргъ ласын бæлвырд фенцондæр. Куыддæр фæн- даг Бæрæгъуынмæ азылд, афтæ Зæроид лæг бæхы йæ- хи бар ауагъта æмæ базарыд: Бехъаны Мугæ, ой, ой! Кæрдойыйас у, гъей! Æппæлойы дзых, ой, ой! Кæфойыйас у, гъей! Дымгæ дисы бацыд. Ацал-ауал азы зарæг Зехъо- йы Мугæ йедтæмæ никæуыл фехъуцста. Ноджы ма йæм 89
афтæ дæр фæкаст, цыма Зæронд лæг уыцы зарæгæн дзуапп лæвæрдта. Дымгæ Хъæддзауы разæй фæци æмæ йæ бæхы ныхмæ æрлæууыд. — Нуа! — бæхæн размæ куы ницуал æнтыст, уæд сдзырдта лæг æмæ йын йæ рохтæ фæд-фæдыл цалдæр хатты æрбацавта. — Цы дыл æрцыд?! — Бахатыр кæн, хорз лæг, — сдзырдта Дымгæ. — Уый æз æрлæууыдтæн йæ размæ. Ныр та Хъæддзау дисы бацыд: Дымгæйы ныхмæ йæ бæхы афтæ æдыхæй никуыма федта. — Дæ зарæгæй дæ бафæрсынмæ хъавын, — загъта Дымгæ, бæх размæ цæуыныл куы нал фæлвæрдта, уæд. — Цавæр зарæгæй? — цымыдисхуызæй бафарста Зæронд. — Ныртæккæ кæй кодтон, уымæй? — О! — Цы кæны? — Дæхæдæг æй æрымысыдтæ? — Нæ. — Уæдæ? — Нæ фыдæлты фыдæлтæ дæр æй зарыдысты,— йæ урс рихиты бын бахудгæйæ дзуапп радта Зæронд лæг.— Мæнæ ды фыццаг хатт Зехъойы Мугæйы зарæг ардæм куы ’рхастай, раст гъеуый фæстæ райгуырд ацы зарæг. — Уæдæ йæ æз цæуылнæ искуы фехъуыстон? — Нæ зонын. Уымæй дæу бафæрсын хъæуы. Æр- гом дын куы зæгъон, уæд де стырдæр аиппытæй иу у, тынгдæр чи фæхъæр кæны, уый фарс кæй рахæцыс. Хатгай та ныллæг хъæлæсæй зарæгмæ лæмбынæгдæр хъусын фæхъæуы. Афтæ куы нæ уа, уæд æдзухдæр дзыхджын бæхджынæй агæпп ласы, мадзурайы та фис- тæгæй цæуын бахъæуы. Дымгæйы бон иуцасдæр сдзурын ницуал баци. Зæ- ронд лæджы ныхæстæ дзы иннæрдæм ахызтысты. Æп- пæтк тынгдæр та йæ сагъæсы бафтыдта, йæхи сраст кæнын йæ бон кæй ницæмæй уыдис. Æппынæрæджиау бафарста: 90
— Уæдæ Бехъаны Мугæ Зехъойы Мугæйæ хуыз- дæр у? — Уæдæ куыд æнхъæлдтай? Бирæ хуыздæр. Искуы- ма хорзы йæхицæй æппæлгæ федтай?!. Хъуамæ дæ ин- нæтæ æппæлой. Мæнæ Бе^ъаны Мугæйæ куыд æппæ- лынц, афтæ. Дымгæ Хъæддзауы фæндагæй иуварс ацыд. Бæ- хæн йæ фæндаг куы суæгъд, уæд йæ уæззау уаргъыл ахæцыд. — Хорзæй баззай! — радзырдта ма фæстæмæ Дым- гæмæ æмæ та йæ зарæг ноджы хъæрдæрæй ныззарыд: Бехъаны Мугæ, ой ой! Кæрдойыйас у, гъей! Æппæлойы дзых, ой, ой! Кæфойыйас у, гъей! Дымгæ айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ зарæджы йæ разæй айста æмæ Зехъомæ йæ фæндаг сарæзта. Ко- мы нарæджы йæ тахтыл ноджы бафтыдта. Абондæргъы бæрзондæй цы зарæг хъуыст, уый æрмынæг. Дымгæ къуыбырмæ куы схæццæ, уæд зарæг бынтон ныссабыр. — Цы ныхъхъус дæ? — фæрсы бæласы Дымгæ. Мугæйы сыфтæрты хуыз фæцыд, йæ къалиутыл зыр- зыр бахæцыд. Зехъойы Мугæйы хъустыл Бехъаны Му- гæйы кой бирæ хæттыты æрцыд. Адæм-иу йæ дыргътæ тонгæйæ дæр арæх афтæ дзураг уыдысты: «Уæддæр дзы Бехъаны Мугæйæн æмбал нæй!..» Уыцы ныхæстæ-иу Зехъойы Мугæйæн йæ тъæнгтæ ацагътой. Æмæ уæд йæхæдæг йæхиуыл зарæг æрымы- сыд. Æнхъæлдта, Бехъаны Мугæйы кад уымæй фæ- къаддæр уыдзæн... Дымгæйæн дзуапдæттæг куы нæ уыди, уæд та Бе- хъанмæ фæцагайдта æмæ зæронд лæджы зарæгимæ фæстæмæ Зехъойы къуылдымы æрбалæууыд. Зарæджы ныхæстæ азæлыдысты æнæхъæн комыл.
СÆРГÆ НДТÆ Дзиуы бæх . • Тагъд дон фурды не ’ййафы Хъазантемыры фын Хъайла Алы куыстæн — рад... Пылы къæдзил Буц нæмттæ .... Рынчынфæрсæг Дыдтайы Джимарайы Биттотæ Бьгцæу Къобосты хъæд æмæ Басилы хъæд Загъдкъахæг Уалдзæджы комытæф Мысты тæригъæд .... Бехъаны мугæ 6 8 18 22 27 30 34 37 40 54 62 69 74 85 88 МУЗАФЕР СОЗЫРИКОЕВИЧ ДЗАСОХОВ Беканская мушмула Рассказы и сказки для детей младшего школьного воэраста Редактор В. Г. М а л и е в Художник А. А. Кануков Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректоры 3. У. Дзуцева, Т. А. Кайтукова Фотограф В. В. П о д ц ы к и н Хроморетушер Л. М. Татулова ИБ № 275 Сдано в набор 2-111-1978 г. Подписано к печати 13-1Х-1978 г. Формат бума- ги 60Х84'/|Я. Печ. л. 5,75. Усл.-п. л. 5,38. Учетно-изд. листов 4.2. Тиранс 1000 экз. Заказ М 5377. Изд. № 1§. Цена 45 коп. Бум. офс. № 1. Издательство „ИР* Управления по делам издательств, полиграфии и книж - ной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникндзе, ул. Димит- роаа, 2. Книжная тнпография Управления по делам издательств, полигра- фии и книжной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.