Текст
                    фидиуæг
ЖУРНАЛ ЦÆУЫ
1927 АЗЫ ЯНВАРÆЙ
ДЕКАБРЬ I
АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ
ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН
ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ
ХУССАР ИРЫСТОНЫ
ХАЙАДЫ ОРГАН
ПЛИТЫ ИЛЬЯ —Æмдзæвгæтæ 3
ХАЦЫРТЫ СЕРГЕЙ — Цама (цыбыр уацау) ... 8
ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР —Æмдзæвгæтæ ... 26
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ —Хуры байзæттаг (аргъау) ... 31
КЪУСРАТЫ ЕГНАТ — Æмдзæвгæтæ 49
ГУГКАТЫ ШАМИЛ —Гуырæн бон (радзырд) ... 51
ТЕДБТЫ АВГАР — Цæрæццаг (кадæг) 57
ТЪЕХТЫ АМЫРАН — Сæгуыты лæппын (радзырдтæ) . 60
СЛАНТЫ АХМÆТ — Тыбылатæ Брытъатæм куыд æрæфты-
дысты (рагон таурæгъ) ... 65
Тыбылты Алыксандры райгуырдыл сæххæст 90 азы . . 70
Бсджызаты Чермены райгуырдыл сæххæст 80 азы ... 75
БЕДЖЫЗАТЫ ДУДАР —Мæ мысинæгтæ Беджызаты Черме-
ны тыххæй 77
Гаглойты Владимиры райгуырдыл сæххæст 50 азы . . 7&
ПУБЛИЦИСТИКÆ
БИГЪУЫЛАТЫ ИРÆ —«Бакойаг ирон драмон къорд» . 86
ХÆБÆЛАТЫ КЪОСТА — Хуссар Ирыстоны хъæуты колхо-
зонты уæлæмхас хæдзарад æмæ
куыстхъом адæмы куыстифтонг-
дзинад 88
Культурон царды хроникæ . 90
Журнал «Фидиуæджы» 1978 азы мыхуыры æрмæджытæ . 98


Ф И Д И У А Г ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИЙ ЖУРНАЛ Орган Юго-Осетинского отделения Союза писателей Грузии апзасготзо’ало СГОбЗАйОТА’ЗСГ-аЬйбЗЛ’ЗСГО ^ ьбшаб^сазалоз-зсо^обо^бо Я’ЭбБбСГО 3^3^°^°^ Ь^ЗЬАдæ пЬдæоЬ СÆИРАГ РЕДАКТОР ГАГЛОИТЫ ВЛАДИМИР РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ: БУКУЫЛТЫ АЛЫКСИ, ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН, ДЖУСОЙТЫ НАФИ, ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ, КОЗАТЫ ИСИДОР, МÆРГЪИТЫ КЪОСТА, ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бæрнон секретарь) Техредактор Куымæридтаты Офелия Корректор Болататы Ленæ Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты. Сдано в набор 15. XII. Подписано к печати 26. XII. 1978 г. Учетно-изд. листов 6,5 Формат бумаги 70x108716. Печатных листов 8,7. Заказ типографии № 2223. ЭТ 00232. Тираж 3763. Адрес типографии: гор. Цхинвали, ул. Московская, 5. Тел. 42—25, 22—24 Адрес редакции: гор. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Тел. 22—65, 22—60
плиты илья ЛÆГ Лæг — бæлццон, æдзухдæр размæ — Фидæнмæ кæсы. Тохы ’хсыст нæртон тырыса 'Ндон къухты хæссы. Лæг — уæйыг, уæхскуæзæй кусы, Цас тых æм и, цас! Йе сфæлдисæг — дун-дунейæн У йæ астæумагьз. Лæг —хæстон, йæ кард — цыргъыссад, Знаг, ныхъхъус у, цитт! Лæг — æппæт дунейы кусæг Дзыллæтæм æрсидт: — Сабыруарз фæллойы фырттæ, Скæнæм цард нывыл. Кусынæн, цæрынæн хъуамæ Дуне уа сабыр. Мах нæ хъæуы хæст! — нæ ныхас Сиу кæнæм æмткæй: Уадз, æрттивæд хур нæ сæрмæ, Тавæд нæ фæрнæй! Лæг—бæлццон, æдзухдæр размæ — Фидæнмæ кæсы. Тохы ’хсыст нæртон тырыса 'Ндон къухты хæссы. Парчы, фæхсбандоныл бадын, Уадзын мæ фæллад, æмæ Хъусын æхцонæн æхсарджын Леуахи-доны хъæрмæ. Февзæрдис ме ’мбал мæ равы, Хъазгæмхасæн мæ фæрсы: «Цæй-ма, куыд иунæгæй бадыс, Нæу дын æнæ ’мбадæй зын?»
Ленины цыртмæ ыскастæн. Загътон: — æз иунæг нæ дæн, — Хурæмном лæг и мæ фарсмæ, Мидбылты худы фæлмæн. Цыма ныхас кæны мемæ — И’ алы дзырд — адджын, зынаргъ. Уымæн у иунæг йæ фенд дæр Дуне ’мæ бæстæты аргъ. * * * Мæ сæр ысурс — зæрондырдæм фæдæн, Мæ цин, мæ уарзт — мæ зæнæджы зæнæг. Зæронды «низ» сынтæгмæ ласы мæн, — • Мæ къухмæ райстон къадзони лæдзæг. Мæхæдæг дæр — хъæбулты хицау, фыд, Мæ удæй сæ фылдæр уарзын, фæлæ Мæхи зæрдæ дæр домы цин, рæвдыд, Æмæ, сывæллонау, цæгъдын сæнттæ. Мæ мæгуыр мады алкæд мысын æз, Лæггад кæнынмæ уый хуызæн кæм уыд! Æхсæв дæр ын куынæ уыдис æрхуыст, Мыдахæрдау, адджын — йæ дзыхы дзырд. Зæрин хурау — хæрзконд æмæ хæрзуынд, Фæлмæнтæ зæрдæ, уарзæгой„нæртон. Мæ бонылæй, хъæцынхъом мыл нæ уыд, Иæ былалгъыл-иу бадт: «Дæ фæхъау фон!» Мæ дзыхмæ-иу мын хаста доны къус, Мæ къухмæ-иу мын авæрдта къæбæр. Иæ армæй-иу мын адаудта мæ рус, Иæ риумæ-иу мын балхъывта мæ сæр. Дæдтæй, йæ разæй, уый бæсты фæлтау Сæдæ хатты куы амардаин æз. Тызмæг ныхас куы зонин дзы уæдта! Мæ ралгъитын куынæ уарзта йæ цæст! Мæхæдæг дæр — хъæбулты хицау, фыд, Мæ удæй сæ фылдæр уарзын, фæлæ Мæхи зæрдæ дæр домы цин, рæвдыд, Æмæ, сывæллонау, цæгъдын сæнттæ. 1973 ХЫНЦÆГТЫ ДЗУБАЙÆН Зарæг Нæ номдзыд фысгæс Хынцæгты Дзуба, Дæ цæугæ царды дæ зæрдæ рухс уа! Æхсæвæй, бонæй æрхуыст кæмæн нæй! — Бон хур у де ’мбал, æхсæв та — ’рхуы мæй.
Фиййауы лæДзæг, дæ удау, уарзыс, Æмæ йæ фæрнæй дæ къухы дарыс. Фиййæутты фийиау, хуыздæрты хуыздæр, Æмбал кæмæн нæй — кæм и дæ хуызæн! — Хъæубæстæн — адджын, æмгæрттæн — уарзон, Цыфæнды куыстæн, зынтæн — фæразон. Сæрддон-сæрддæргъы Чысаны рæгътыл Фæллад нæ зоныс, дæ фосы фæдыл... Куынæ сæ хъауыс уæрыччы хъус дæр, Æмæ дæ уымæн куы стæм мах буц дæр. Æрвылуалдзæджы дæ фос Хъызларæй Æртæрыс дзæбæх, æнæ зианæй. Цæугæ хæзнайы уындæй, сæ цинæй Дæ цардбæл зæрдæ, уæрыккау, кафы. Дæ зарæг хъуысы дæ уарзон Ирæй, Йæ комулæфт дæ, зынг хурау, тавы. Рæсугъд хизæнтæ, дзаджджын сæрвæттæ, Рæсуг суадæттæ æмæ суæрттæ Хæххон фиййаумæ сæ тæрттæ дарынц Æмæ йын алкæд йæ фæллад сафынц. Мæ зарæг, атæх, Чысаны ’фцджытæм, Мæ бæсты атыхс Дзубайы ’фцджыты. Мæ зарæг, атæх, — Дзубайы ’мбæлттæ Æмæ хæлæрттæн фæхæсс салæмттæ! 1978 азы, июнь. ФИЙЙАУЫ ЦИН Хæххон фиййау кæны йæ уарзон зарæг, — Иæ зæрдæ йын ысрухс кодта цъæх уалдзæг! Йæ урс фосы дзуг ’нæзианæй схаста, — Сæдæ фысæй сæдæ уæрыччы райста! Фыдуаг зымæг уый арвыста Хъызлары, Ныр та бæрзонд æфцджытæм йе ’ргом дары. Иæ папитæ—фæллад, — ныддаргъ сæ фæндаг, Хæцы нæуæгдзыд кæрдæгыл сæ дæндаг. Хъусой, Мила — къуыбырхъустæ, — фиййау-куыйтæ, Къæрцхъус æмæ цырддзаст ысты, — уæйгуытæ. Цæукъа — сæ Бодз фæндагамонæг, размæ Кæсы, фæлгæсы знæт Теркæн йæ хъазтмæ. Уæрыччытæ мин-мин хъæлæсæй уасынц, Цъæх нæууытыл æхсырæфсæстæй кафынц. Фиййау æд лæдзæг цæуы йæ дзуджы фæдыл, Хъуырбаст хызыны — ’вæрд йæ хъисын фæндыр. Дайранæй Сæнамæ куы хъуысы зарæг, — Фиййауы зæрдæ рухсгæнæг — цъæх уалдзæг! 1978
ЁРЁВАНЫ Ереванджан, байрай! Бирæ уæд дæ фарн. Хурджын горæт — райдзаст, Фенддаг у дæ ран. Ардæм, худæвæрдау, Арарат зыны. Арараты дæлвæз Хусæсмаг хæссы. Ам, Давид Сасуйнаг Бады ’фсургъ бæхыл. Размæ кардæлвæстæй, Уарийау, тæхы. Ам, Хачатуряны Зæрдæйæн æхцон Музыкæйы зæлтæ Хъуысынц ’хсæв, уæд бон. Ам, Егише Чаренц Цард æмæ куыста. Ног, зæрдæмæхъарæг Зарджытæ фыста. Ам, Сатеник-нæмттæ, Уæвгæ, цас и, цас! Ам, Агуник-нæмттæ — Зæрдæты цин, уарз’т. Мах нæртон Сатана Ам ныййардта чызг? Мах рæсугъд Агуындæ Сси паддзахы чындз? Ам музейтæ цас и! Алцы дзы — бæстон. Дунейы бæстæты Хъуыстгонд у сæ ном. Фæлæ иууыл диссаг: Адæмон хæзна У æппæт бæстæйæн Мадæлон æвзаг. Арф уидæгтæ уадзы, Цъиры зæххы сой Хурмæ хи ивазы, Стыр — йæ тугвæллой. Иу хабар ма — æмæ Уымæй хуыздæр ц’ и — Сты хæлар сыхæгтæ Сомих æмæ Ир.
ГАДЖИДАУ ЙРОН ЧЫНДЗÆХСÆВЫ Адæм лæугæйæ, дыууæ удæн ракуывтой: — Чи баиу, — афтæмæй хорз амонд чи ссардта, Уыдон æмбал сæ дунейы фарн бакæнæд! Ног чындз а-хæдзармæ фарны къах бавæрæд! Гъе, Уастырджи! Кæрæдзи хурæй бафсæдæд! Зæры бонтæм хъæлдзæг, уæнгтæрогæй рацæрæнт! — Ом-мен! — Ом-мен, хуыцау! — Кæстæртæ ’мхъæлæсæй ракодтой арфæ, Æмæ сæ рæгъы куывд фехъуыстис арвмæ. 1978
ХЛЦЫРТЫ СЕРГЕИ ЦАМА Цыбыр уацау Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Цыма зæххыл ды куынæ уыдаис, уæд мын зæронды бон афтæ тынг чи барухс кодтаид мæ зæрдæ. Ды дæ Мадымайрæмы байзæддаджы тæккæ ахадгæдæртæй иу. Дæу бæсты фарн сфæлдыста, цæмæй де стыр сау рæсугъд цæстыты химæлвасæг тых хæсса цин, амонд, зæрдæхцондзинад. Рæсугъд дидинæгыл мыды- бындзытæ куыд фæтыгуыртæ кæнынц афтæ дæ алыварс фæзилдух кæ- нынц алы кары нæлгоймæгтæ. Дæумæ чи тырны, дæу фендмæ, хуры- скастау, чи фæбæллы, а-лæджыхъо дæр уыдонæй у. Мæнæн ме ’взон- джы бонты хъысмæт бирæ удхъизæмæрттæ фæкодта. Уæлыгæс, фий- йауы даргъ лæдзæг... Хæлын худ, хызын ме ’мбæлццæттæ уыдысты æдзухдæр. Гъемæ арæх, мæстыгæр, тугбадт хъоппæгдзæст ставдбæрзæй, стыр бохъуыр богъты ’хсæн фендзьдеæ, уæззау æфсондзы бын йæ бæр- зæй уæзæг кæмæн сæвæры, ахæм зæронд галы дæр. Цæй аххос у, хуы- цау йæ зонæг, фæлæ æрдыст зæронд гал, хъал богътау, сæрра вæййы, йæ азтæ кæй аивгъуыдтой æмæ ныр, кæддæры хъалтуг богъ кæй нал у, фæлæ зæронд гал, ууыл басæттын æй, æвæццæгæн, нæ фæфæнды. Уый нæ, фæлæ ма йæ сæр зулаивæй, йæ цæстытæ сæ хъузгæй рацæй- гæпп кæнынц, афтæмæй йæ цыргъ сыкъатæ хылкæнын арæзтæй фæда- ры мæлæтдзаг тохмæ. Ставдбохъуыр богътæн, чизоны, иу тъæппы фаг йеддæмæ нæу, фæлæ ахæмыл йæ тых чи хардз кæны... гæнæн ис, фæ- зына тыхджын, хылмондаг æндæр богъ æмæ, ды зæронд галимæ куы сбæндæн уай, уæд дыл æвиппайды йæхи ныццæва. Ахæм уысм цу æмæ дыууæйы ныхмæ стох кæн. Ды дæ ных сараздзынæ айнæгных тыхджын богъмæ, зæронд гал та дæ йæ цыргъ сыкъатæй фæкæндзæн тугдзæуæн- тæ. Гъе, уый зæрдыл даргæйæ, ставдбохъуыр богъ куы уына йæ алы- варс хылмондаг æндæр богъты, уæд зæронд галы хылкъахæнæй фæла- сы йæхи иуварс. Уый та зæронд галæн дæтты ’фадат хъалтуг дыгæр- дыгмæ æввахс балæууынæн. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Раст ахæм уавæры бахаудтæн æз дæр, дæуæн табу чи кæны, дæ уыцы хъамбулзæнг, цæнгдых, айнæгварс нæлгоймæгтимæ. Зæронд кæй дæн, ууыл басæттон, уый мæхицæн нæ барын. Ме стæг кæй схырыз, мæ гуыры уæз мæ зæнгтæ рæстмæ уро- мынхъом кæй нал сты, цæстыты цæхæр кæй æрмынæг æмæ ме змис кæлын кæй байдыдта, ууыл та цу æмæ ды басæтт. Уый нæ, фæлæ кæс æмæ, уæлдæр цы зæронд галы кой ракодтон, уыйау мæ тых фæлварын дæ хъалтуг лæгау-лæгтимæ. Æцæг, уыдон дæр алыхатт хъамбулзæнг, айнæгварс, къæдзæхы, топпы нæмыгау, чи ахизы, ахæмтæ нæ вæййынц. Æмæ æз та, æвæццæгæн, мæ ивгъуыды азты сæрыстырдзинадыл зæр- дæдаргæйæ, мæ гæрзтæ æрæвæрынвæнд нæма кæнын. Æз — сæрыстыр мæ ивгъуыдæй, уыдон — сæ абонæй. Раст цыма сæ чидæр дæ разы лæууы æмæ дын мæн тыххæй, йæ риу хойгæ, уайдзæфтыл схæцыд: 3
«Мыр дæу чи хæссь*, Уый йæ лæджы хъæд Мемæ бавзарæд Кæд хуыздæр у, уæд! Йе — йæ топпæй хъазт, Ие — йæ бæхыл бадт, Йе — йæ кæсгон кафт, Ие — йæ цæгъдгæ зард!» Мах нæдæр топпæй хъазыдыстæм, нæдæр бæхтыл бадтыстæм, фæ- лæ дæ цæхæрцæст лæппулæгтæй сæ иу мемæ йæ тых бавзарынвæнд кæй скодта, уый æз фæхатыдтæн йæ тохмондаг ахастæй. Гъе, мæ хæсгæмæрдтæ, уæдæ мæ худинаджы дуг æрлæууыд? Уæдæ ныр абон æз хъуамæ æрæвæрон мæ гæрзтæ æмæ мæ сæрыстырдзина- дыл къæм абада? Ныхъхъусон мæ зæрдæйы æрхæндæг хъæрзтмæ? Уæвгæ, хуыздæр истæмæ æнхъæлмæ кæсæн нæ уыд. Хъалтуг лæппу, йæ гуыры конд — сыгъдæг æргъиутæй арæзт, æлвæст, бæрзонд, астæу- нарæг, фæтæнуæхск, йæ саузачъетæ денджызы уддзæфæй æхцонзмæлд кодтой. Иæ сау цæстытæй зынджы стъæлфæнтæ тахт. Иæ сæр, хæххон хъал дзæбидырау, бæрзонд хаста. Нывгæнджытæ ма фæбæллынц ахæмы сныв кæнынмæ. Иæ æппæт гуыры конд, йæ мидахаст дзырдтой, цард дзы кæй абухы, ууыл. Мæнмæ та, æвæццæгæн, зæронды лæмæгъдзи- над сдзырдта æмæ йын мæхинымæры уайдзæф кæнын: уаих фæуай, мæ фарны кæстæр, цас лæгдзинад у зæронды хъару бавзарын? Чизоны, хæрамдзинад нæй йæ зæрдæйы, фæлæ йæ фæнды мæнæн хæларæй бамбарын кæнын: тæрсгæ ма кæн, зæронд, æз дæ къухтæй куы райсон царды тырыса, уæд æй йæ рæсугъд нысанмæ фæхæсдзы- нæн кад æмæ радæй, ды та мæм ивгъуыдæй кæсдзынæ сæрыстырæй. Чизоны, афтæ хъуыды кодта, уæд йæ цæрæнбон бирæ ахæм фар- ны кæстæрæн. Фæлæ, чи зоны, цард тох кæй у, æмæ уый та йæ удрнг- ты æгæрон тых кæй хаты, уымæ гæсгæ сфæнд кодта зæронд лæгæн йæ бон базонын кæнын. Ома, зæронд, иуварс, ма лæу цæлхдурау мæ раз- вæндагыл. Чизоны? Кæд афтæ хъуыды кодта, уæддæр æм хæрам хæс- сæн нæй. Афтæ хъуамæ уа царды æгъдау: базæронд дæ, иуварс алæуу, радт царды рохтæ æвзонгмæ. Уымæ кæд дæ фæлтæрддзинад нæй, уæд- дæр уый æвзонг æмæ тыхджын у. Иæ армы дойнаг дур батайын кæн- дзæн. Уæхстуадæй стæхдзæн, цæргæсау, бæрзонд айнæджы цъупмæ æмæ дзы сæрсæфæн арф коммæ ракæсдзæн хъал, сæрыстыр дзæби- дырау. О, фæлæ кæд чи радта барвæндæй йæ бартæ? Кæд уыд ахæм рæс- тæг æмæ адæймаг басæтта йе ’нæбон лæмæгъдзинадыл? Кæд уыдис ахæм рæстæг æмæ адæймаг зæгъа: æз базæронд дæн, ницыуал пайда уын дæн, нывæрут мæ зыгуымхæссæн тæсчъы æмæ мæ арæцугъут сæр- сæфæн коммæ. Афтæ никуы уыдис. Лæг йæ алы кары дæр фæтырны æхсардзинадмæ. Зæронды дæр фæфæнды, стъалыйау, тæхгæ-тæхын басудзын. Уый афтæ кæй у, уымæн хуыздæр æвдисæн Нарты Уырызмæ- джы фæстаг балц. Уый, дам, зæронды бон удæгасæй йæхи нывæрын кодта чырыны, бахуыдтой йын йæ сæр æмæ йæ доны барæцыгътой. Цæугæдон чырын нылласта Донбеттырты паддзахадмæ. Уырызмæг хинæй фæуæлахиз Донбеттырты паддзахыл æмæ йын йæ фæллой ра- тæрын кодта Нарты гуыппырсартæн. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Кæй нæ фæнды, Нарты Уырыз- мæгау, зæронды бон фесгуыхын, фæлæ уый стæмты къухы бафты. Ахъуыды-ма кæн, Цама, алы зæронд лæг нæхи Уырызмæгау куы сгуы- хид, алы кæстæр Батрадзау, уæд зæххы къорийыл ирон адæмæй амонд- джындæр нæ уаид. Фæлæ дзы ис къуырдбазыр кæстæртæ дæр æмæ^ мæнæ мæхуызæн æнæбон зæрæдтæ дæр. Æндæра гъенырæз зондджын хистæр куы уаин, уæд мыл цы мæгуыры бон ис, цæмæн схæцыдтæнмæ фарны кæстæримæ бонкалд митыл Сау денджызы гуылфæнты. Æн- 9
Цондæр æмæ хуыздæр нæу, дæ кæстæрæн æргомæи зæгьын: ленк кæн, мæ хур, фарнимæ денджызы арф æмæ знæт уылæнты. Мæнæн мæ уыцы кары азтæ раджы аивгъуыдтой. Æз мæнæ йæ тæнæг кæрæтты дæр, тæрсгæ-ризгæйæ, хуылыдз кæнын мæ зæронд уæнгтæ. Фæлæ ахæм хъуыды мæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Мæ æрыгон кæстæрмæ бакастæн, хылкæнынарæзт зæронд галау, æмæ йын æнæ хъыпп-сыппæй, ме ’ппæт ахастæй бамбарын кодтон, йæ гæрзтæ чи æрæвæра, ахæм’ зæрон’димæ кæй нæ фембæлдтæ, зæгъгæ, уыцы хабар. Бамбæрста мæ сæрыстыр кæстæр дæр æнæдзургæйæ æмæ дардæй йе ’лвæст уæнгтæ фæцагайд- той денджызы былмæ, тæккæ былгæрон къулдымыл, пуртийау, фес- хъиудта, лæджы æмбæрц стахт уæлдæфы, зиллакк дзы æхсырфарæз- тæй ацарæзта æмæ, йæ сæр бынмæ, афтæмæй смидæг урсбарц уылæн- ты. Исдуг нал фæзынд, денджызы уылæнтæ йæ амбæхстой сæ арф гуылфæнты, стæй, тюленау, дзæвгар æддæдæрæй сгæпп кодта. Райсо- мы хуры тынтæм йæ дзæнхъа дæндæгтæ цæхæртæ скалдтой. Цы бам- барын мын æй хъуыд — кæй мæм фæхудт. Гъе, фæлæ ма æз денджызы был лæууыдтæн, нæма аленк кодтон æмæ мыл, зæгъын, кæд уый тых- хæй худы былысчъилæй. «Нæ, зæронд — загътон мæхицæн, — теуайы уаргъ афтæ ма ныппырх уа, æмæ дзы хæрæджы уаргъ ма æрæвзæра». Æгæр раджы ма ’ркал дæ гæрзтæ. Не стыр фыдæлтæ, алантæ, нæ эрæйы размæ дыккаг æнусы Сау денджызы был æмбу кодтой. Се ’хсаргæрдты æндон зæлланг мæлæты тас æфтыдта сæ бирæ знæгтыл. Цас фæцагътой знæгтæй, фæлæ бонæй-бонмæ ихсыдысты сæхæдæгдæр. Афтæ мæм кæсы, цыма денджызы сæрмæ цы æнæнымæц бирæ чайкæ- тæ фæтæхынц, уыдон чайкæтæ не сты, фæлæ амондсыгъд нæртон чыз- джытæ æмæ зæрдæхæлд мадæлтæ. Денджыз куы схъызы, йæ тыхджын уылæнтæ æнæрынцойæ куы фæхъæрзынц, уæд йæ сæрмæ удаистæй, хъæрахстгæнгæ,. фæзиллахар кæнынц чайкæтæ. Афтæ мæм фæкæсы, цыма, уыдон уынгæг зæрдæйæ фæкæуынц сæ судзаджы мæрдтыл. . Гъей, зæронд, кæд ма дæ уæнгты ис уыцы сæрыстыр аланты туджы иунæг æртах, уæд дын денджызмæ хизгæйæ у. Уыцы хъуыдытæгæнгæ, йæ базыртæ уадиссаг базмæлын кæнын чи нал фæфæразы, ахæм зæ- ронд китау, бахызтæн денджызы уылæнтæм. О, царды хос, царддæттæг диссаджы денджыз! Мæ уæнгты æвип- пайды февзæрд æгæрон тых. Срог сты. Æрфæндыд мæ, кæсагау, цъыл- лынджытæ кæнын. Дон у хъарм. Уылæнтæ — урсбарц. Уæлгоммæ ленк кæнын. Арвы айдæн цъæхцъæхидæй зыны, æрмæст ыл урсбарц æврæгъ- тæ тыгуыртæ-тыгуыртæй срæдзæгъдтæ сты. Ныр сæм денджызы уæл- цъарæй кæсын, фæлæ сæм æрæджы хæдтæхæгыл Ирыстонæй Мæскуы- мæ тахтæн æмæ сæм кастæн уæлейæ бынмæ. Гъемæ, Кавказы хæхты сæрты тæхгæйæ, адæймаг диссагдæр цы хъуамæ фена уыцы урсурсид æврæгътæй. Урсцагъд къуымбилау, кæм стыр тыгуыртæй, кæм чысыл бындзгуытæй фæленк кæнынц арвы тыгъдады куы иуæрдæм куы — ин- нæрдæм. Куы та æнæзмæлгæ æрцауындзæг вæййынц арвы риуыл. Сабыргай хилынц скæсæнæй ныгуылæны ’рдæм абон дæр. Сабыр- гай ленк кæнын æз дæр арф денджызы уылæнты. Иуахæмы фæкастæн былгæроны ’рдæм, бамбæрстон, — дзæвгар кæй адард дæн. Фæстæмæ раздæхын мæ нæ фæндыд. Царды вазыгджын хъуыдыты афтæ арф аныгъуылдтæн æмæ мæ ферох ис, кæимæ дæр ерысæй кæй ленк кæнын, уыцы хабар. Диссаг у дун-дунейы арæзт. Зæххы къори у йæ æнæны- мæц меридианы иу стъалы. Чизоны, кæнæ чи сбæлвырд кодта æмæ уый æппæт стъалытæй зæххы йеттæмæ цард никуыуал ис. Нæу ахæм хъуы- ды бауырнинаг. Фæлæ зæххон мæлинаг цоты æнамонддзинад æндæр хъуыддаджы ис: сæ равзæрдæй фæстæмæ суанг се стыр фыдæлты фыдæлты фыдæлтæ Шимпанзе æмæ Орангутангæй райдай, сæ къух- тæм гуымир хæцæнгæрзтæ куы райстой, уæдæй фæстæмæ кæрæдзи цæгъдыны куыст кæнынц. Афтæ мæм кæсы, æмæ зæххыл адæймаджы равзæрдæй абонмæ удуæлдай тохты чи фæмард, уыдоны нымæц у мин 10
УйН хатты фылдæр, абон зæххы къорийыл чи цæры, уыдонæй. Уæдæ, цæй амондджын уыдаид адæймагады истори æмæ лæджы куырыхон зонд, мæлæтхæссæг хæцæнгæрзтæ аразыны бæсты здæхт куы уыдаид космикон тыгъдад басæттынмæ. О, уæд зæххон адæмты къухы абон уаид иууыл размæдзыддæр техникæ. Уæд зæххон адæм раджы сарæзтаиккой зæххыл дзæнæтон цард. Уæд зæххон адæймаджы куырыхон зонд раджы байгом кодтаид иннæ стъалытæм меридианон фæндæгтæ. Уæд раджы базыдтаиккам, иннæ стъалытыл ма цард ис æви нæ, уый. Афтæ мæм кæсы, цыма æн- дæр планетæтыл ис, зæххон цивилизаци æмæ йæ техникæ сæ рыджы дæр- кæмæн нæ зынынц, ахæм размæдзыд цард. «Ой, цы фæдæ, зæронд!» — мæ хъустыл ауад дæрддзæфæй мæ кæс- тæры хъæр. Æвиппайды æрбатары сты, фантазийы уацары мæ чи бап- пæрста, мæ уыцы хъуыдытæ æмæ та рахызтæн хуымæтæг зæххон цар- ды сагъæстæм. Акастæн, хъæр кæцырдыгæй æрбайхъуыст, уыцы ’рдæм. Мæ фарны кæстæр делфинау, гæрды уылæнтæ. Мæ зæрдæмæ бахъуы- зыд æрхæндæгдзинад. Мæхицæн уайдзæф кæнын: зæронд, æфсæрмы кæнын хъæуы азты кар æмæ фарнæй. О, фæлæ цæй зын у уæддæр хи удæгасæй ныгæнын. Гъемæ, Нарты Уырызмæг йе ’нæном лæппуимæ зымæджы хъызты Терк-Турчы рæгъау ратæрынмæ куыд ацыд стæры, ахæм уавæры бахаудтæн æз дæр. Æз хорз зыдтон, ерысæн рæсугъд мадзал кæй нæ равзæрстам. Фæлæ сим- ды ма бацу, бацыдтæ, уæд дзы симын хъæуы. Дæ мадимæ хъæбысæй ма рахæц. Фæлæ иугæр дæ сæрмæ æрхастай рахæцын, уæд уый дæр абырсын хъæуы. Ленк кæнæм дыууæйæ Сауденджызы уылæнты. Мæ цæхæрцæст кæстæр архайы иу-цалдæр къахдзæфы мæнæй раздæр ленк кæныныл. Куы та мæ развæндагыл, арвы ронау, зиллак дæр æркæны. Æз нæ тагъд кæнын нæдæр йæ разæй фæуыныл, нæдæр зиллактæ аразыньць Æз равзæрстон денджызы дарддæр баленк кæнын. Гъе, уымæ гæсгæ уыцы сабырæй, иугъæдонæй ленк кæнын дардæй дарддæр. Æвæц- цæгæн, фæхатыдысты, денджызгæрон цы бирæ адæм уыд, уыдон нæ ерысы хабар æмæ цымыдисæй кастысты, йе ’лхынцъ цæуыл фæуыдзæн, уымæ. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Уарзын ленк кæнын мæ сабийы бонтæй фæстæмæ. Хохаг лæппу та ленк кæнынæн цы зыдта. Кæм ын ис ахæм фадат. Сæрды тæвды нæ чысыл дæтты сæрты хидтыл ничиуал фæхизы. Афтæ стæнæг вæййынц æмæ сабитæ дæр, дурæй дурмæ гæп- пгæнгæ, бахизынц иннæ фарсмæ. Нæ куырæйттæй бирæтæ сæ зилынæй ныллæууынц, доны лæмæгъ тых сын сæ цалх азилын кæй нал фæфæ- 1 разы, уый тыххæй. Æрмæст ма фæзилынц къададæггыл арæзт чысыл- фыд куырæйттæ. Гъемæ, ахæм чысыл доны чи хъуамæ базона ленк кæ- нын? Фæлæ мæ иухатт, уæд мыл дыууадæс азы йеддæмæ нæ цыд, мæ хистæр æфсымæр акодта йемæ Каспы районмæ. Цементкъахæн мадан- ты куыста хохрæмудзæгæй. Фыццаг аз цардыстæм хохмаданы бынмæ Къуары былгæрон гуырдзиаг хъæу Кавтисхевийы. Нæ зæрдæхæлар гуырдзиаг фысымтæ сæхæдæг дæр рæвдз нæ уыдысты сугæй. Бирæ сы- вæллæтты хицауæн йæ дарæг уыдысты йæ фос. Уыд сæм дуцгæ къам- бецтæ, мæргътæ æмæ дыууæ дзæргъы æд хъыбылтæ. Иу-чысыл цæхæ- радоны зæхх. Сæйрагдæр дзы тыдтой хъæдур æмæ нартхор. Гъемæ сæм ме ’фсымæр йæ куыстуатæй каст фæйнæджы уаццæгтæй, дзулæй, уыдон та нын лæвæрдтой æхсыр, хъæдур. Зымæджы даргъ æхсæвты та-иу арæх фысымты лæг Гиви, ме ’фсымæр Уасил æмæ сыхæгты лæг- тæ бадтысты парахат фынджы фарсмæ æмæ-иу зæрдæхæларæй минас кодтой. Фынджы фидыц уыдысты хъыбылы фыд æмæ уæливыхтæ. Ссад-иу ме ’фсымæр самал кодта. Уæливыхтæ та-иу нын ме ’фсымæры бинойнаг Аннæ скодта. Зын царды азтæ уыдысты. Советон хицауадыл 11
Дæс азы нæма цыд. Хæлд хæдзарады æндидзыны азтæ. Гъемæ нæ Ць1- быркъух фысымтæ сæ къамбецты æхсырæй цы гуьщбылтæ ахстой, уы- доны, йæ сабиты дзыхæй стонгæйæ, нæ фысымты ус зæрдæхæлар Тинæ æрвыста йæ лæгæн хуыцаубæтты Тбилисы базармæ уæй кæнынмæ. Цы капеччы муртæ-иу райста, уыдонæй æлхæдта фæтæген, гæрзтæхсæн сапон, лæппутæн рæстæгæй-рæстæгмæ къоходзитæ, чызджытæн — аслам дзабыртæ. Хатт-иу йемæ æрбахаста урс-урсид дзулы буханкæ. .Стыр хæзнайау-иу æй бинонтæн æмхуызон хæйттыл алыг. кæнгæйæ, бай- уæрста. О, фæлæ-иу ногбон æхсæв, гъе æндæр ахæм исты дины бæрæг- бон ралæууыд, уæд-иу Тинæ йæ базайрæггæгтæй кæддæриддæр зæрдæ- хæларæй рахицæн кодта фынджы бæрæчетæн. Гъе æмæ-иу ахæм рæстæ- джы не ссадæйконд хыссæ æмæ Тинæйы цыхтытæйарæзт уæливыхтæ уыдысты фынджы фидыцæн йæ иу хай. Гуырдзиаг лæгтæ, сырх сæны агуывзæтæ фæрсудзгæйæ, амонæн æнгуылдзтæй сæ рихитæ фæйнæрдæм даугæйæ, адджынæн хордтой уæливыхты кæрстытæ, æппæлыдысты Ан- нæйы арæхстдзинадæй. Æз кастæн æмæ уыдтон: уыцы æппæлæн ны- хæстæ æхсызгонæй æмбæлдысты канд Аннæ æмæ ме ’фсымæры зæрдæ- йыл нæ, фæлæ зæрдæхæлар фысымтæ Тинæ æмæ Гивийы зæрдæйыл дæр. Æмæ раст уыдысты уыдон дæр. Уымæн æмæ ацы чысыл хъæуы ныртæккæ адоны йеттæмæ, æвæццæгæн, йæ фынг уæливыхтæ никæмæн рæсугъд кæнынц. Æмæ канд уый, нæ, фæлæ, чизоны, ацы хъæуы нæй æндæр ахæм хæдзар, йæ фынджы фарсмæ, хæлар бинонтау, кæмæн бадынц ирæхтæ æмæ гуырдзиæгтæ. Уый хæдзары фарн, хæдзары кад стыдта иннæ гуырдзиæгты цæсты æмæ-иу ахæм бæрæгбæтты уæлдай æхсызгондæрæй тырныдтой ардæм. Фысымты лæг та уыд хъæлдзæг ныхасгæнаг æмæ-иу мæстæй мардта йæ сыхæгты. — Ацы ирæттæ мæ бабын кодтой. Куы мæм æрцардысты, уæдæй фæстæмæ иу дзуары бон, иу ног æхсæв дæр, мæ сыхæгты къæбæр цы ад кæны, уый нал зонын. Сыхæгтæ æмбæрстой Гивийы хъазæн ныхæстæ æмæ йын дзуапп лæвæрдтой хъазæн ныхæстæй: — Гъемæ, дæ хорзæхæй, рауадз ирæтты ныр та махмæ цæрынмæ æмæ дын алыхатт дæр нæ дуæрттæ — гом. Нæ бæрæчет фынгыл кæд ахæм дзаджджын уæливыхтæ рафидауиккой махæн дæр. — Нæ, нæ, нæ, уый кой ма кæнут! Иæ хæдзары фарн ничи суры. Цы бон нæм æрбакъахдзæф кодтой, уый сыгъзæрин фестæд. Сымах уæливыхтæ уынут, фæлæ сæйраг хъуыддаг нæ зонут. — Аба, швило, — йæ цæстытæй хуртæ худт, афтæмæй мæм рæв- даугæ сдзырдта Гиви, — равдисут уæ арæхстдзинад мæнæ ацы хамас- хортæн.—Æз не ’мбæрстон дзырд «хамас»-ы нысаниуæг, фæлæ иугæр Гивийы ныхасмæ æхеызгонæй бахудтысты йæ сыхæгтæ, уæд æй рæвда- уæн дзырд фенхъæлдтон. Мах — фысымты сывæллæттæ, мæ кæстæр æфсымæр æмæ æз алæууыдыстæм иукъордæй, æрмæст нын йæ мады хъæбысы смидæг, сынты базырау къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ кæмæн уыд, уыцы Аникъо æмæ нæм уырдыгæй, карчы цъиуау, гудзиццытæ кодта. Иннæ изæрты-иу æнæ сыхæгтæй Аникъо уыд нæ хъазты цырв. Æдзухдæр гуырдзиаг чонгури уыд йæ къухы æмæ-иу лæгьстæ кодта йæ мад Тинæйæн, исты нын ацæгъд æмæ азар, зæгъгæ. Мах дæр зыд- там, æнæазаргæ йæ кæй нæ ныууадздзæн, уый æмæ-иу сæ алыварс амбырд стæм. Бахатыдыстæм-иу Тинæмæ мах дæр. Тинæ-иу райста чонгури,бирæ хатт-иу уæззау сулæфыд: — Ох, хъæбултæ, мæ куыстытæ мæ хъуырмæ сты, уæд мæ зарын- мæ æвдæлы. Фæлæ йæ нæ хъыджы бацæуын дæр нæ фæндыд, йæ къух ын бирæ цæмæйдæрты рог кодтам. Хæдзар æфснайдтам, фосы бын марзтам, мæргътæн хæринаг лæвæрдтам, йæ хистæр лæппу дыууæ дзæргъы æд хъыбылтæ хизынмæ скъæрдта. Тннæ диссаджы рæсугъд цагьта чонгурийæ. Иæ уазалдзыд хъæ- 12
лæсæй зарыд алыгъуызон æнкъард зарджытæ. Фæлæ-иу куы фæхатыд, йæ зæрдæйы æрхæндæгдзинад махыл дæр æфты, уæд-иу рахызт хъæл- дзæг мелодитæм. Махæн-иу æрбайсæфт нæ зæрдæйы æрхæндæгдзинад æмæ-иу, талынг къуыммæ хуры тын куыд ныккæса æмæ барухс уа, уыйа-иу нæ зæрдæты сфæйлыдта циндзинад. Райдыдтам-иу йемæ за- рын. Куы "та зарæг рахызтаид кафтмæ. Æз нæ зыдтон гуырдзиаг кæф- тытæ, 4>æлæ гуырдзиаг мелодимæ ирон кафты хъыллиппытыл схæцыд- тæн. Гъемæ-иу ахæм рæстæджы Аникъойы зард, кафтæн кæрон нæ уыд. Фæлæ ныр сыхæгты лæгты цур йæ арæхстдзинад равдисынæй æф- сæрмы кæны æмæ йæ мады хъæбысы дæр уымæн аныгъуылд. .Хæйрæг Гиви зоны, иугæр Аникъомæ лæгтæ хатынц, уæд уый бын- тон кæй нычъчъерппи уыдзæн æмæ Тинæйæн сæрæй ацамыдта, чонгури райс æмæ ацæгъд, зæгъгæ. Тинæ чонгури айста æмæ æхцон зæлтæ та- дысты уаты къуымты. Бахъырныдтам ын мах дæр. Æхцон зарæджы зæлтæм нал фæлæууыдысты стыртæй дæр чидæртæ æмæ йæ систой бæрзонддæр хъæлæсæй. Хæдзар æгасæйдæр зарæджы зæлтæй байдзаг. Аникъомæ хатын нал бахъуыд, фæлæ йæ фыды хъæбысы смидæг æмæ уый дæр зарын райдыдта. Зарæг рахызт кафтмæ, æмæ æппæты фыццаг йæ чысыл базырта^ чи систа, уый уыд Аникъо. Æгасæйдæр хуры тынтæ хъазыд йæ райдзаст саулагъз цæсгомыл. Дыууæ зылды сиргæ куы ацыд, уæд, стыр чызгау, мæ разы алæууыд æмæ мын йæ сæрæй ныл- лæг акуывта. Мæнмæ хардзау фæкаст, стырты цур мæм кæй æрбаха- тыд, уый. Аннæмæй та гуырдзиаг мелодимæ ирон кафт куыд кæнон, зæгъгæ, уымæй фæтыхстæн. О, фæлæ гыццыл Аникъо йæ мады хъæ- бысы куыд абырыд чысыл раздæр, æз та афтæ кæй хъæбысы абыры- даин. Нал мын уыд æндæр гæнæн æмæ рагæпп кодтон йæ размæ. Цæр- гæсы базыртау, айтыгътон мæ къабæзтæ. Ноджы хуыцау саразæд гуырдзиаг кафт æрæмысæджы. Чызг æмæ лæппу фæкафынц рæстæгæй- рæстæгмæ радгай. Гъемæ, æз тарстæн, зæгъын, чысыл Аникъо мемæ быцæу кафтыл куы схæца, уæд лекъури кафты цур æгæр бæрæгæ^ зындзæн мæ ирон гæпп кафт. Фæлæ Аыикъо быцæуыл не схæцыд. Куыддæр иу зылд акодта, афтæ æрлæууыд æмæ мын иннæтау уый дæр æмдзæгъд кодта. Мæнæн фадат фæцис мæ арæхстдзинад равдисынæн æмæ нал ауæрстон мæ къахкъухтыл. Ноджы лекъурийы мелоди Тинæ дæр фæивта æмæ йæ цагъд кæд æххæст ирон цагъды мелоди нæ уы- дис, уæддæр мын мæ рог кафты ритмæн дзæбæх дзуапп лæвæрдта. Стæй та Аникъо кафын куы райдыдта, уæд чонгурийы тæгтæй гуырд æнæхъæнæй дæр лекъурийы мелоди. Кафт фæцис æмæ нын сыхæгтæ æхсызгонæй хъæбыстæ кодтой. Уый фæстæ иу кафджыты ивтой иннæ- тæ. Куы та кафты ивтой зарджытæ. — Аба, швило, гъеныр ма рахæсс дæ чингуытæ æмæ мæ сыхæг- тæн фенын кæн дæ арæхстдзинад, — бахатыд мæм Гиви. — Æз рахас- тон уырыссаг, гуырдзиаг æмæ ирон ахуыргæнæн чингуытæ. Чингуытæ радгай истон мæ къухмæ æмæ се ’ртæйæ дæр, гом дæр сæ нæ бакодтон, афтæмæй уымæй размæ æнæкæсгæйæ кæй сахуыр кодтон, ахæм фæйнæ иу æмдзæвгæйы радзырдтон. Мæ дзырдарæхстдзинад сыхæгты бафтыд- та дисы. Цыдæр буц æмæ хæлæггæнæг цæстæй мæм кастысты. Цыма кæсын, фыссын кæй нæ зонынц, уый сыл ныр æртæфст, афтæ мæм фæ- каст. Фæлæ мæ фысымæн, æз рæвдз æмæ дзырдарæхст кæй дæн, уый нæ уыд йæ сæрыстырдзинад. Уый йæ сыхæгты раз æндæр хъуыддагæй раппæлынмæ хъавыд. Фæлæ йын æз йæ цотæн уырыссаг дамгъæтæ кæй бацамыдтон, æвæццæгæн мæм фыццаг уый тыххæй æрбахатыд. — Аба, швилебо, — ныр та сымах равдисут мæ дзæбæх сыхæгтæн, кæрдзын дзæгъæлы кæй нæ хæрут æмæ Гивийы ныфсы мæсгуытæ кæй стут, уый. Гивийы лæппутæ æмæ чызджытæ рæвдз бакастысты фæйнæ тексты гуырдзиагау дæр æмæ уырыссагау дæр. Æгæрмæгуыр, чысыл Аникъо кæд дамгъæтæ нæма зыдта, уæддæр, къæр-къæргæнгæ, радзырдта иу 13
æмдзæвгæ гуырдзиагау, иу та уырыссагау. Сыхæгтæ кæд уырыссагау не ’мбæрстой, уæддæр сывæллæтты дзырдарæхстдзинадыл сæ дисæн кæрон нал уыд. Гиви сæм сæрыстырæй бакаст æмæ сын æхсызгонæй загъта: — Мæ хæдзармæ ацы фарн æрбахастой мæ зынаргъ ир&ттæ æмæ мын сæ сымах та уæхи ’рдыгæй фæкæнынмæ хъавут. Нæ, хуыцау мæ бахизæд ахæм фыдбылызæй. Æндæр хъуыддаг у, кæд нæ сæхæдæг сфæлмæцыдысты æмæ уымæн та, æвæццæгæн, æндæр гæнæн дæр нæй, бирæ сывæллæттæ, хъæр, хъæлæба æмæ кæд нæ мæгуыр цардыл нал æрвæссынц, уæддæр сын цы мæ бон у, — ме ’фсымæры ’рдæм зæрдæ- хæларæй фæрсæджы каст бакодта Гиви. Ме ’фсымæр Уасил бадт сыхæгты хистæры уæлейæ, фысымы ба- комкоммæ. Кæд сыхæгты лæгтæй æрыгондæр уыд, уæддæр уыцы азты интеллигенцийы минæвар — кад æмæ йын цыт кодтой, хохрæмудзæг уыд Каспы бакомкоммæ цементкъахæн маданты, фæлæ йæ мæ фы- сымтæ дæр æмæ сыхæгтæ дæр инженер хуыдтой. Уасил сыкъа систа æмæ фысыммæ барджынæй бадзырдта: — Фарн дæм бадзурæд, мæ буц фысым Гиви, фæлæ иугæр мæн дæр фæрсыс, уæд мын бар радт æмæ дын дæ фарстæн радтон гаджи- дауæй дзуапп. — Хуыздæр фæндæн скæнæн нæй, — схор-хор кодтой фынджы фарс- мæ бадджытæ. — Цæй, æмæ ацы сидт рауадзæм, уæдæ, ирон æмæ гуырдзиаг "адæмты æнусон хæлардзинады тыххæй. Не стыр фыдæлтæ Цæразонты Давид-Сослан æмæ сылгоймаг паддзах Тамарæйæ райдай æмæ абоны онг гуырдзы æмæ ир цæрынц иу арвы бын сыхæгтæй, хæларæй, уар- зонæй. Сæ цæхх, сæ кæрдзын кæддæриддæр сæ кæрæдзи хæдзæртты хордтой адджынæй. Ирон хæдзары æфсинты фидыц куыд систы гуыр- дзиаг сылгоймæгтæ, афтæ гуырдзиаг хæдзæртты фарн та систы ирон сылгоймæгтæ. Дуг йæ фарны гакк æвæры нæ хæлардзинады азты цард- ыл. Æгæрмæгуыр, нæ цотыл дæр æрæрæм гуырдзиаг æмæ ирон (карг- ли æмæ оси) дзырдтæй равзæргæ нæмттæ — Картлос æмæ æндæртæ. Фæлæ мæнæ мæ зæрдæхæлар Гивийы бæркадджын фынджы фарсмæ бадгæйæ, мах, ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ, раст нæ уаиккам, нæ цæс- тытæ куы бацъынд кæниккам æмæ афтæмæй куы дзуриккам куырм хæлардзинадыл. Хæлардзинады бындур, астæумагъз у рæстдзинад. Гъе, æмæ хаттæй-хатт сымахæй дæр æмæ махæй дæр иуæй-иу хæрам адæймæгтæ, мигъы къуымбил райдзаст арвыл куыд фæзыны, афтæ фæ- зыны нæ уыцы хæлардзинады ’хсæн, фезмæнты нын нæ рæсуг æфсы- мæрон æнусты азыккон суадон. Цæй æмæ нын дунейы фарн радтæд уыйбæрц хъару, уыйбæрц лæгдзинад æмæ-иу хæрам адæймæгты змæн- тæн дæхæрыл сугтæ цы нæ калæм, фæлæ сæ-иу ихджын донæй афоныл цы ныххуыссын кæнæм. Адæм рухс фидæн æрмæстдæр уæд сараздзы- сты æмæ йыл удуæлдайæ тох кæнынхъом куы уæм. Нæ хæлардзинад, нæ рухс фидæны тыххæй, æфсымæртæ! — галы сыкъа бындзарæй афæр- сыгъта æмæ йæ иннæ къухы армыл æрдæлгом кодта. Рогæй йын асæрфта йæ былтæ, байдзаг æй кодта æмæ йæ Гивимæ балæвæрдта. — Зынаргъ Гиви, дæу хуызæн фысым æз цырагъы рухсæй дæр ни- куы ссардзынæн. Сидт дæумæ. Хæлардзинады гаджидау цыд къухæй-къухмæ æмæ йæ æхсызгонæй банызтой се ’ппæт дæр. О, æмæ та иу ахæм радон фынджы фарсмæ абадынмæ сæхи куы цæттæ кодтой мæ фысымтæ, уæд сын ме ’фсымæр ныфс бавæрдта сугæй. Быдыры цардысты нæ фысымтæ, хъæд сæм æввахс никуы уыд. Гъе, æмæ сугæй тыхст æййæфтой. Фылдæр хатт сыгътой сæнар, нарт- хоры хъæллæгътæй ма-иу фос цы хъæдтæ фæуагътой, уыдон. Гъе, та- иу стыр уарыны рæстæджы Къуары дон куы раивылд, уæд йемæ цы бæлæстæ ласта, уыдонæй-иу хусмæ кæй рапцæрста æэдæ-иу хъæубæсты 14
цæрджытæ æзфæраздæронæй кæуыл хæлæф кодтой, ахæмтæ. Мах æр- тæйæ — æз, мæ кæстæр æфсымæр Дзыбын, мæ фысымты фынддæсаз- дзыд лæппу Датикъо ацыдыстæм ме ’фсымæры куыстуатмæ. Уый нын ставд хъæды хырхæйфаст кæройнаг бæзджын æмæ даргъ фæйнæгмæ ацамыдта, телæй нын æй бабаста йæхæдæг, йе ’ннæ кæроны цæджы атъыста хъил æмæ йыл æртæйæ рахæцыдыстæм. Зынæй йæ фæрæзтам уырдыджы ласын. Цы хъæуы цардыстæм, уый уыдис Къуары цæугæ- доны тæккæ был. Гъемæ сфæнд кодтам фæйнæг уырдыгмæ доны был- мæ нылласын. Доны йæ баппардзыстæм æмæ йæ дон-дон хъæуы бын- мæ ныххæццæ кæндзыстæм, зæгъгæ. Фæнд нæм бæргæ дзæбæх уыд, фæлæ йæ сæххæст кæнын къухы нæ бафтыд. Иуафон фæйнæг дурыл йæхи скъуырдта, уылæн æй фæцæхгæрмæ кодта. Доны тыхджын уы- лæн нын мæцъис нæ къухæй атыдта æмæ дæлæ кæс, дон нын æй сабыр уылæнты уæззаугай фæласы, уырдыджы тыхæй кæй æртеу-теу кодтам, нæ уыцы фæйнæг. Доны фæрсты дæлæмæ сабыргай цæуæм нæхæдæг дæр. Уазалгомау фæззыгон бон уыд æмæ нæ алчи дæр йæ дарæс фен- парынмæ зивæг кодта. Æххæст æй хъæуы быны онг нылласа, зæгъгæ. Фæлæ ног бæллæх, фæйнæджы развæндагыл—доны зилдухæн. Фæй- нæг дзы смидæг, цалдæр хатты йæ йæхимидæг æрзылдта, стæй цыма йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, уыйау æй радыввытт кодта. Зилдухæнæй цы фыцгæ доны уылæнтæ лæбурдтой æддæмæ, уыдон тырныдтой фалæ- рдæм, гъемæ нын нæ фæйнæг фаллаг фарсмæ ласын райдыдтой. Мах не ’ртæ дæр скатайаг стæм. Фæйнæг аппæрста фаллаг фарсмæ æмæ схæцыд цавæрдæр стыр дурыл. Æнхъæл уыдыстæм, доны уылæнтæ йæ феггуырсын кæндзысты йæ бынатæй, фæлæ марадз зæгъ, рæстæг цæ- уы æмæ уый та уыцыиу ран сабыргай змæлы. Мах скатайаг стæм. Æз æмæ ме ’фсымæр ленк кæнын æппындæр нæ зыдтам. Æнæуый дæр Къуары хуызæн стыр дон фыццаг хатт федтон. Нæ Лехурайы доны та сæрдыгон нал фæфаг кæны куырæйттæ зилынæн дæр. Нæ фысымты лæппу зыдта ленк кæнын, фæлæ уазалдоны бахизынмæ йæ ныфс нæ хаста, æнæуи дæр арæх рынчынтæ кодта. Нæ худинаджы рæстæг æр- цыд, зæгъгæ, ахъуыды кодтон æз. Изæры нæ ас лæгтæ мæстæй мар- дзысты æртæ лæджы бындзæфхадæн — æртæ ускурлæппуйæн дон сæ фæйнæг байста, зæгъгæ. Сылгоймæгты, чызджыты былæсчъил худт, чыр-чырæй рагацау худинаджы азарæй сыгътæн. Æгæрмæгуыр, чысыл Аникъо дæр ныббырыд йæ мады хъæбысы æмæ нæ цыма уырдыгæй мæстæй мары. — Нæ, ацы стыр дон мæ ссæдз хатты куы аласа, уæддæр ахæм худинаджы азар мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн! — сабыргай ласын рай- дыдтон мæ дарæс. Датикъо мын дзырдта, зæгъгæ, ленк кæнын нæ зо- ныс æмæ дæ дон аласдзæн. Фæлтау цом хæдзармæ, мæ фыдæн зæгъ- дзынæн æмæ йæ уый ацы фарсмæ æрбаппардзæн. Фæлæ æз мæхи нычъ- чъерппи кодтон, нæ бакастæн коммæ. Цалынмæ, зæгъын, мах хъæу- мæ цæуæм, уырдыгæй фæстæмæ здæхæм, уæдмæ гæнæн ис æмæ йæ уы- лæнтæ сабыргай раласой дуры иувæрсты æмæ йæ уый фæстæ дон кæм амидæг кæндзæн, — хуыцау йæ зонæг. Æз равзæрстон, дон кæм фæ- фæтæндæр, ахæм лæгъз бынат, уым тæнæгдæр вæййы æмæ зулаивæй ронбасты онг цæуын райдыдтон фаллаг фарсмæ. Сыгъзæрин фæззæг уыд æмæ ахæм рæстæг дон адæймаджы буар фелхысчъытæ кæны. Но- джы æз мæ мидæггæгтæ нæ раластон, æддаг уазалы дам, хуылыдз пысул буармæ къаддæр фæуадзы. Сабыргай цæуын, хъавгæ къахдзæф- тæгæнгæ, доны иннæ фарсмæ. Донæн йе ’мбисæй фæфалæмæ дæн. Уылæнтæ мыл зына-нæзына дæлæмæ-дæлæмæ хæцыдысты. Æз кæд тæнæгдæр ран равзæрстон, уæд- дæр астæумæ доны цæуын мæн уагъта цыдæр тас. Бирæ мæ нал хъуыд кæронмæ. Бæрцæй дыууæ-æртæ метры. Уæртæ, гъе, мæ фæйнæг дæр. Фæстæмæ мын æнцондæр уыдзæн. Фæйнæгыл бæхбадт скæндзы- цæн æмæ йæ иннæ фарсмæ сабыргай баскъæрдзынæн, куыд фæндтæ 15
кодтон, афтæ мæ къах аныгъуылд арф доны æмæ цыдæр малгонды ныммидæг дæн. Дон мæ сæрты акалд. Базыдтон ме сæфты уысм, фæлæ цы мæ бон уыд. Æмæ, дам, амонд нæй, уæдæ уый цы уыд. Иу стыр дурыл куыддæрты атыхстысты мæ цæнгтæ. Раст мæ уыцы уысм ныц- цавта доны уылæн æмæ мæ йæ былмæ радыввытт кодта. Æрдæг мет- рæй арфдæр нæ уыд былгæроны дон, фæлæ æз ме муд нæма æрцыд- тæн, фыртæсæй мæ дæндæгтæ къæрцц-къæрцц кодтой, сурмæ рахизыны хъару нал уыди мæ уæнгты. Уыддон: дон мæ сабыргай дæлæмæ-дæлæ- мæ ласы. Фаллагфарсæй ме ’фсымæр Дзыбын æмæ мæ фысымты лæппу Датикъо æмбæрстой хъуыддаг æмæ фæдисæй хъæр кæнын райдыдтой, дон дæ хуыдыммæ фæласы, зæгъгæ. Æз ме ’муд æрцыдтæн, мæ фæс- таг тыхтæ æрбамбырд кодтон æмæ тыхамæлттæй рахылдтæн былгæ- ронмæ. Уæлæрдæм скастæн æмæ стыр дуры фарсмæ цæхгæрæй лæу- уыд, мæхи кæй тыххæй сæфтон, уыцы фæйнæг. Æввахс æм ссыдтæн. Бæхбатт ыл скодтон, фæлæ мæ уæз уымæн бумбули, дон æй бынмæ нæ ласы. Æз æппæт дæр лыстæггай сбарстон, фæйнæгыл куы сбадон, уæд æй цы рæтты аскъæрдзынæн, уыдæттæ. Фæйнæгæн йе ставддæр кæрон фæкодтон размæ. Астæумæ æввахс ыл сбаддзынæн, зæгъгæ, уыцы хъуыдыимæ йæ фæбырын кодтон стыр дуры цурæй. Доны са- быр уылæнтæ йыл ахæцыдысты æмæ фæйнæг æнцонæй феккуырст йæ бынатæй. Æз, рагацау цы бынат равзæрстон мæхицæн, уым ыл бæхбатт акодтон æмæ доны уылæнтæ фæйнæджы куыннæ фæцæхгæр- мæ кæной, афтæ йæ зулаив сабыргай скъæрын райдыдтон иннæ фарс- мæ. Доны æмбисæй фæфалæмæ дæн æнæ фыдбылызæй, фылдæр ныфс бацыд мæ уæнгты. Дзыбын æмæ Датикъомæ мæ къух æхсызгонæй ба- тылдтон. Цыма Хъарсы фидар басастон, мæхимæ ахæм удуæлдай хъай- тар фæкастæн. Доны былгæронмæ куы ’рбацыдтæн æдфæйнæг, уæд рахызтæн. Мæцъис лæппутæм слæвæрдтон æмæ сын загътон, æз хъæуы бынмæ фæйнæгæй нал рахиздзынæн, фæлæ сымах фидар хæцут мæ- цъисыл æмæ фæйнæг донæн фæцæхгæркæнын мауал бауадзут. Фæн- дагыл ныл ахæм бæллæхæй ницыуал сæмбæлд. Дзæбæхæй ныххæццæ стæм хъæуы бынмæ: æз — фæйнæгыл, Дзыбыл æмæ Датикъо та фæй- пæджы рохтыл хæцгæйæг былгæрæтти дæлæмæ уайгæйæ. Тыхæйты йæ раппæрстам былгæронмæ. Уæдмæ нæм, Гиви хæдзары нæ уыд, фæлæ хъæуы лæгтæй чидæртæ фæзынд æмæ фæйнæг бамидæг кодтам нæ фысымты кæртмæ. Мæнæн мæ дарæс — хуылыдз, фыруазалæй мæ дæн- дæгты къæрцц-къæрцц не ’нцайы. Дзыбын æмæ Датикъо та сæ кæрæ- дзийы дзыхæй ныхас скъæфтой, царциаты диссагау, дзурынц, чысыл раздæр мæ дон куыд фæцæйласта, уыцы хабæрттæ. — Марадз, тагъддæр скъæтмæ, науæд фæрынчын уыдзынæ,— загъта мын хистæртæй чидæр. Хъæубæстæ дæр æмæ нæхиуæттæ дæр æнхъæл уыдысты æз фæ- рынчын уыдзынæн. Фæлæ нæ фæрынчын дæн. Уайтагъддæр мыл хъæ- батыр лæппуйы ном ичъийау аныхæст. Æрмæст бæлвырдæй нæ зыдтон, цæй тыххæй мæ афтæ рахуыдтой — доны фаллаг фарсмæ лæгдыхæй кæй алæгæрстон, æмæ мæ дон кæй фæцæйласта, уый тыххæй æви, уа- зал доны кæй ныллæпъа дæн æмæ кæй нæ фæрынчын дæн, æви донæн мæ фæйнæг аласын кæй нæ бауагътон, уый тыххæй. Чизоны, æртæ ха- барæн се ’ппæты тыххæй дæр. Гъе, æмæ дын æз, хъæбатыр лæппуйы номхæссæг, хъарм уалдзæ- джы кæрон ас адæмимæ Къуары донмæ згъорын райдыдтон. Мæ фы- сым хорз ленк кодта. Уый мын бацамыдта ленккæнын. — Ды, хъæбатыр лæппу дæ,—-æппæлыд мæ Гиви, — æмæ чысыл фæстæдæр ацы фурды кæсаджы цъыллинджытæ кæндзынæ. Æмæ нæ фæрæдыд нæ зæрдæхæлар фысым Гиви. Сæрд-сæрд- дæргъы хæдзары куыстытæй-иу февдæлоны фадат фæцис — доны уы- лæнты-иу смидæг дæн. Иуæрдæм — ленк, иннæрдæм — ленк, — дон мын царды хос фестад. Афтæ ныфсджынæй райдыдтон ленккæнын æмæ мыл 16
хъæубæстæ сæ цæст æрæвæрдтой. Доны бын æнæулæфгæйæ фæлæу- уын та фæрæзтон ас адæймæгтæй фылдæр. Æз цы доны зилдухæны æмæ хуыдымы не смидæг дæн, ахæм нал баззад. Доны зилдухæнтæй æддæмæ рахизын фæразынц æрмæстдæр фæлтæрд ленкгæнджытæ. Уыцы сусæгдзинад дæр мын Гиви бацамыдта, Ома доны фыцгæ уы- лæнты хъуамæ ныггæпп кæнай арфдæр, цæмæй дæ бинаг уылæнтæ семæ æддæмæ радыввытт кæной. Науæд уæллаг уылæнты сæрты æддæ- мæ агæпп кæнынмæ куы хъавай, уæд дæ уыдон та бынмæ фæласынц. Гъемæ тæппудтæ фыдбылызы дæр уымæн бахауынц, хуыдымы арфы ныххизынæй кæй фæтæрсынц. Гиви-иу йæхæдæг дæр дардæй разгъорд- та былгæронмæ, уæлдæфы-иу зиллак ацарæзта æмæ-иу хуыдымы фыцгæ уылæнты йæ сæр фæцавта. Исдуг æрбайсæфтаид уылæнты ар- фы, стæй-иу зилгæ уылæнты бынæй рагæпп кодта æддæмæ. Уый фæс- тæ мын цал æмæ цал хатты амыдта ноджыдæр хуыдыммæ ныггæпп кæныны сусæгдзинæдтæ. Иугæр ленккæнын базыдтон, уæд кæсагау, базырджын уыдтæн, Гивийы цур та—уæлдайдæр. Дардæй-иу раз- гъордтон æз дæр, уæлдæфы зиллак нæма зыдтон, фæлæ былгæрон мæ къæхтæ авæрдтон, стахтæн уæлдæфмæ æмæ мæ сæр хуыдымы фыцгæ уылæнты фæцафтон, сæ тæккæ бынты семæ, зилдухгæнгæ, абырыдтæн æмæ мæн дæр Гивиау радыввытт кодтой æддæмæ. — Хъочах, бичъо! — раппæлыд мæ Гиви. Уый фæстæ нал ныууагътон фыцгæ хуыдымтæй иу дæр æнæ ныг- гæппгæнгæ. Хорз сахуыр кодтон уæлдæфы зиллак аразын дæр. Мæ карæн лæппутæй мæнау ныфсджынæй хуыдымтæм иу дæр нæ гæпп кодта. Иу хуыцаубоны Уасил ацыд немæ йæхи найынмæ. Куы мæ федта ленккæнгæ æмæ хуыдымты цъыллынджытæ кæнынмæ куыд арæхсын, уый, уæд ын стыр æхсызгон уыд, фæлæ мæ уæддæр бафæ- дзæхста: «Æнæсгæрст хуыдымтæм, æррайау, гæппытæ гæнæн нæй. Би- рæ рæтты дзы вæййы стыр цыргъ дуртæ æмæ уæд фыдбылызы йеддæ- мæ хорзæй мацæмæ æнхъæлмæ кæс». Хорз зонд-зонæн мын фесты мæ хистæры амындтæ. Цал æнæзонгæ хуыдымы басгæрстон уый фæстæ æмæ дзы иуæй-иу рæтты, æцæгæйдæр, разынд стыр дуртæ, уыдонимæ цыргъ дуртæ дæр. Уæдæ, уæдæ, мæ удæнцой Цама! Дон æмæ ленкæнын систы мæ царды иу хай. Фондз æмæ дыууиссæдз азы ленк кæнын ныр. Уарзтон æй æвзонджы бонты, уарзын æй зæронды боны дæр. Куы фæленк кæ- нын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма æз дæр царды зилдухæнты змæ- лын, тырнын, цъымарайы цадау мыл хъуына нæ хæцы. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Мæнæ гъеныр дæр ленк кæнын Сау денджызы æхсидгæ уылæнты. Зонын, ды дард дæ, дард, фæлæ мæнмæ мæ зæрдæ афтæ дзуры, цыма дыл фалдæр арфдæр уылæнты фембæлдзынæн. Ды мæм де стыр рæсугъд цæстытæй худгæ æрбакæс- дзынæ стæй, кæсагдзауау, ацъыввыттласдзынæ мæ разæй, æхсызгон хъæрахстгæнгæ: «Цы фæдæ, зæронд! Базмæлын ма кæн дæ уæнгтæ æмæ мæ раййаф!». «Гъæй, дæ бон ныччифай, цыма, ды, денджызы фидыц кæсагдзаутау, базырджын дæ, æз та?» Ды мæм уылæнты сæрты худгæйæ кæй кæсыс, иунæг уымæй дæр мын хæссыс амонд, мæ зæронд уæнгтæн — ныфс, мæ зæрдæйæн — цин æмæ царды монц. Дæ фæлгонц куы фæуайы мæ цæс- тытыл, уæд мæ æрфæнды æнус азтæм фæцæрын. Уæд нæ зонын, циу фæллад кæнæ зындзинад. Уæд нæ хатын азты уæз æдыхау. Ды цард дæ цард. Рæсугъд цъæх арвыл — сæуæхсид. Бæрзонд хæхты дидинвæлыст сæрвæтты сæууон æртæхы алы æртахы куы ссудзы хуры тын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма уый æртæх нæ фæхуды, фæлæ мыл рацыд дæ цæс- тытæй зæй. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Мæнæн ме ’ппæт хъуыдытæ дæ- уимæ баст сты, дæуы йеддæмæ мæн ничи æндавы денджызы ацы дард ран. Мæхи йенырæй амондджындæр никуы хатын, Дæуимæ, арвы ферт- 2. «Фидиуæг» № 12, 1,7
тывдау, цы рæсугъд уысмтæ федтон, уыдон систы мæ царды иууыл ахадæндæр уысмтæ. Иу маргъ, дам, авд æвзагæй зарыди, фæлæ йæ цъиусур куы æрсырдта, уæд дзы иу æвзагæй дæр нал арæхст. Уый æмбисонд æркодта мæныл дæр, фыццаг хатт дæ куы федтон, уæд. Фæ- лæ ды дæхæдæг, Къостайы загъдау, дæлзæх мæгатæ цæуыл фæтæрхон кæнынц, уый дæр æмбарыс. Де стыр цæстыты ахасты кæй бахаудтæн, уый æнæфæхатгæ нæ фæдæ. Æмæ мыл уæд уыцы цæстыты цæхæр нык- калдтай æгасæйдæр. Æз дæ цуры, къæмдзæстыг ускурау, бамыр дæн. Ды та, цыма мын дæ химæлвасæг цæстæнгасы азар фаг нæ уыд, уыйау ма райдыдтай алыгъуызон хъæлдзæг зарджытæ æмæ худæджы кафты- тæ кæнын. Мæн æнæхъæнæйдæр бакодтай дæ уацары æмæ куырдтон хъысмæтæй, цæмæй уыцы иууыл зынаргъдæр уысмтæ ма фескъуына. Дæ цуры уыдтæн æви дæуæй иппæрд ран, ды æнæаскъуыйгæйæ зилдух кодтай мæ хъуыдыты. Æмæ иубон, не ууæндыдтæн мæ цæстытыл, не ууæндыдтæн мæ хъустыл дæр, æвзаг сфæлхатт кæна дæ дзырдтæ, уый фаг тых нæ арын мæхимæ. Уæд дæ уаздзырдтæй мæныл ракаст хур. Фæлæ мыл уæд дæ уаз дзырдтæй баталынг бæстæ дæр. Ахæм æнæн- хъæлæджы хабарæй фæсæнтдзæф - дæн, куыройы фыдау, разылд мæ сæр æмæ исдуг бамыр дæн. Де ’стыр цæстытæ сæ тæккæ дзаг уыдысты цæссыгæй æмæ мæм дæ булæмæргъы уаз хъæлæсы бæсты æрхæндæ- гæй, ныллæг хъæлæсæй æрбадзырдтай: «Зæронд, кæсын дæм, кæсын æмæ мæ алыварс, дыдын бындзау, чи гуыз-гуыз кæны, сæ дзæгъæл дзæнгæдайæ мын æнцойдзинад чи нæ дæтты, ды уыдонæй нæ дæ. Фæлæ, хъыгагæн, ды нæ дæ, мæ уаз бæл- лицты æхсæвæй-бонæй кæмæ бæллыдтæн, уый дæр. Дæхæдæг зоныс, ис мын лæг, ис мын фаззон лæппутæ. Фæлæ адæймаг ацы дунейы æв- зæргæ дæр æмæ мæлгæ дæр иунæг хатт кæны. Иунæг цапд йеддæ- мæ йын нæй. Гъемæ, хуылыдз кæлдымау, цæйнæфæлтау бирæ азты дæргъы сыф-сыфгæпгæ, фæздæг калгæ фæсудзон, фæлтау уадз иунæг бонмæ цъыбыртты сыгъд бауон. Ф^елæ уыцы иунæг бон уæд адæйма- джы æцæг бон, æцæг цард. Гъе, уымæ гæсгæ, зæронд, дæ разы ис удæ- гасæй кæуыл тайыс æмæ руайыс, уыцы æнамонд сылгоймаг. Радт мын иунæг бон цард, æцæг цард, æмæ æз цæттæ дæн демæ фæцæуынмæ арвы кæронмæ дæр. Ам мах зæрдæйæ зæрдæмæ цæрын нæ бауадздзы- сты. Стæй ды дæр абон дæ къуырма, куырм. Фæлæ дæм райсом, нæ цард куы баиу кæнæм, уæд тæхын куы райдайой цардхалæг фыстæ- джытæ мæ бирæ табугæнджыты тыххæй, æмæ мæ цъыфты змæнтын куы райдайой, уæд дæ цæсты ахадгæ нæ, фæлæ мын цъымарайы хæф- сы кад дæр нал уыдзæн. Æмæ ма уæд цы у мæ удæгас та? Дыккаг амондсыгъд... Цæй тыххæй мæ хъуамæ ныццæва бон сихорафон арв? Дæхæдæг, зоныс, ис мын лæг. Кондджын. уындджын, дæуæн фыр- тæн бæззы. Фæлæ мæ лæг, мæ лæг нæу. Уый мæ лæг уыдис нæ ба- цæрыны фыццаг бонты. Фæлæ йæм фæстæдæр хæрамхæссæг фыстæ- джытæ кæрæдзийы фæстæ тæхын куы райдыдтой æмæ мæныл алы хахуыртæ куы мысыдысты, уæд æй сæрра кæнынмæ бирæ нал хъуыд. Нæ горæты уал бæласы нæй, æз уыцы фыстæджытæм гæсгæ цал лæгыл фембæлдтæн. Цъаммар фыстæджытæ сæ кæнон бакодтой. Мæ лæджы сæр разилын кодтой, фæуазалзæрдæ мæм. Æмæ какд уый нæ, фæлæ хаттæй-хатт йæ масты рохтæ атонынц æмæ уæд фыдгул уый дæрзæг, æнæхсæст æвзагмæ байхъусæд. Æз ын сабырæй дзурын: тыхбегара дыл нæй æмæ цæрæнбонты мæ хуызæн дæлдзиныг, хæлд сылгоймагимæ дæ хъиутæ цæмæн хъуамæ хæрай. Дуне —уæрæх, ссар æндæры, мæн мæ мæгуырыл ныууадз. Афтæ æнхъæлыс, мæ ныхæстæ йæм бахъарынц. Куыннæстæй. Бынтон фыддæр уæд фæвæййы. Æвæццæгæн, дам, дæ сæфты табугæнджытæй дæ зæодæ искæуыл дарыс, æндæра, дам, нæ ахицæныл куыд уæлæхох дæ. Гъемæ цæрæм, кæрæдзи хæрæм, афтæ- мæй. Фæлæ алыхатт афтæ нæ вæййы. Алыхатт нæ хъусы хахуыргæн- джытæм, Иæ дзæбæх зæрдæ, раст зондыл куы вæййы, уæд бинонтыл, 18
йæ фаззон лæппутыл цырагъау фæтайы. Хынджшлæг дæр ма фæкæны. Мæнæ, дам, мæ лæппутæ бон уылынг рæздзысты, ^æхсæв уыдисны, тагъд алæгтæ уыдзысты æмæ сæ мады хæзгулты фæйнæрдæм куы фæ- сурой, уæд æнæхъæнæйдæр нæхицæн баззайдзæн. Æццæй, афтæ нæу, мæ лæппутæ. Сымах нарты Æхсар æмæ Æхсæртæгæй сæрæндæр уы- дзыстут. «О-о, уыцы хæзна дын куы баззайа». — фæрæхойы йæ йæ хæрам æвзагæй йæ мад дарр. Хахуыр адæмы цъаммар фыстæджытæ йын йæ зæрдæ афтæ нæ хъæстæ кæнынц, йæ мады ныхæстæ йæ æнæкардæй цас æргæвдынц. Лæджы зæрдæ фæцис дыууæ дихы. Иуæрдыгæй мад, ный- йарæг мад, йæ дзыхы комдзагæй йæ чи схаста, иннæ ’рдыгæй мах — йæ ус, йæ фаззон дыууæ фырты. Тæрæзтыл сæ фæрабар-бабар кæны æмæ сæ уæззаудæр куы ничи разыны, уæд æррайы гæпп фæкæны æмæ хæдзары хуыдуггæнæг уæлдæфæй æддæмæ алидзæгау кæны. Фæстæмæ æрбацæуы æмбисæхсæвтæм æввахс сау расыгæй, куы та цæугæ дæр нал æрбакæны. Æз æй нæ фæрсын, кæм вæййы, уымæй. Æрмæст зонын, йæ масты тыппыртæ фæрсырдыгæй кæй суадзы. Райдианы хахуырхæсс фыстæджытæм æз æмгæрон нæ цыдтæн. Лæгæн йæхи номыл уыдысты æмæсæ зæгъын, уадз æмæ йæхæдæг райхалæд, бакæсæд. Стæй сæ кæд æз дæр бакæсон, уый йæ фæнда, уæддæр мæнæ дæн. Кæд нæ, уæд цæмæн хъуамæ бакæсонискæй фыстæджытæ, сæ ныффысджытæ исты миййаг мæ хорзмæ куыннæ бæллынц. Фæлæ-иу бинонты цард æрвыл- хатт дæр уыцы фыстæджыты фæстæ кæй базмæсти, уый зæрдыл дар- гæйæ сæ æз æмбæхсын райдыдтон мæ лæгæй. Райдианы сæ хъавыдтæн куынæг кæнынмæ, фæлæ мæ цыдæр тых урæдта уыцы хабарæй.. Ме ’фсин фæхатыд, фæстаг рæстæг йæ фырт арæх æрра митæ кæй нал кæны, æхсæвыгæтты нозтджынæй кæй нал æрбацæуы, уый. Æз æнхъæл уыдтæн, уыцы хабар ын æхсызгон уыдзæн... Фæлæ, мæ хур акæн. Ныр та æфсин байдыдта зæрдæхъæрмттæ кæнын. Мæ иунæг фыртæн дам, мын цыдæр хинтæ скодтай, æндæра, дам, дæ раджы асырдтаид. Д*л, дам, мæ фыртæн йæ къахы æнгуылдзы аргъ дæр ыæ дæ. Æмæ мын цы- нæгъуызон фидистыл схæцыд. Мæнæн мæ маст атыдта, ферох кодтон, йæ чындз кæй дæн. Сыл- гоймаг хъæуæй горæтмæ кæй æрбацыд, горæттаг культурæйæ бирæ цы- дæртæ кæй нæма бамбæрста, уыдæттæ дæр ын нал ныххатыр кодтон, фæлæ йыл мæхæдæг дæр дæрзæг æвзагæй алæгæрстон. «Æ, æвзæр хо- хаг хихо! Уæдæ мæ цард фехалынмæ бæллыс?! Уæдæ ды дæр ме ’знæг- ты æмдзæхтон дæ. Се ’мдзæгъдмæ кафыс. Уæд ма фæкæс, сæрхъæн зæ- ронд, кæддæра дæ а-чызг дæ иунæг фыртæй дæ рустæ тонгæ нæ ныу- уадзид». — Æмæ йын цы дæ бон у мæ иунæг фыртæн, дæ гуыппырсар æф- сымæртæ йæ куынæ æрфæлдахдзысты, миййаг? Фесæф нæ хæдзарæй, кæйдæр дзæгъæлкъах, æмæ куыйты бын дæр амæл, махæн цы уæлдай у. Æви дуне мæ иунæг фыртыл банцад. «—Дæ гамхет фырт дæ цæсты ахады, æндæра йæ æз куыдзы хъуы- ды дæр нæ кæнын. — фыдæнæн фæфыддæр дæн æз дæр. — Цæмæн æй хъуыды кæнай, дæ бирæ хæзгултæ дæ ницы цух ныу- уадздзысты... — Зæронд, дæ амонд бахæр, хистæр дæ æмæ дæ ранмæ мæхи куыд æруадзон, æндæра дын æз уыцы дæрзæг æвзаджы тыххæй фенын кæ- нин. Фæлæ иугæр ды дæр мæ сæфтмæ бæллыс, уæд куыд дзæгъæлкъах дæн, уый дын бацамондзынæн. Гуыппырсар æфсымæртæ мын нæй æмæ фидистыл уымæн схæцыдтæ. Уæдæ дзæгъæлкъах дæн, хæтаг? Хæз- гултæ дарын? Гъемæ ам мад æмæ фыды чызг ма уæд, æз дын мæ уыцы хæзгултæй дæ фырты искæмæн куынæ агуыпп кæнын кæнон. Мæн фенамонд кодтат даё фыртимæ, уæд уадз уымæн йæ зынг ахуыссæд, ды та дæ рустæ тонгæ иунæгæй баззай, дæ удисæн бон дын дæ цæстытыл ~ фæхæцæг куыд нал уа. Уæд базондзынæ, сæрхъæн, Цама чи у, уый». 19
Æз тагъд-тагъд мæ дзаумæттæ æфснайын байдыдтон чумæданы. Ме ’фсин исдуг цавддурау лæууыд. Райдианы, æвæццæгæн, не ’ууæн- дыд мæ ацæуыныл. Фæлæ шифоньерæй сынтæгмæ зыгъгъуыттытæ кæ- ныныл схæцыдтæн мæ дарæс, æмæ мæстыйæ та афтæ мæсты уыдтæн, æмæ мыл топпы нæмыг сæмбæлд, туджы æртах нæ рахъардтаид. Куыд- дæр мæ чумæдан систон мæ къухмæ æмæ лæппутæн, «цæугæ ут мæ ра- зæй», загътон, афтæ сылгоймаг йæ сæрбæттæн йæ сæрæй ратыдта æмæ йæ мæ разы æрæппæрста, йæ зонгуытыл лæугæйæ: — Гъæ, саубон мæ куыд баййæфта, чындз, æцæг цæугæ куы кæныс. Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, ныххатыр кæн зæронд сæрхъæнæн йе ’рра ныхæстæ. М’а æнамонд кæн сабиты. Ис мад æмæ фыдæй сидзæры ном цæмæн хъуамæ хæссой? — зæронд усы æвзаг гæркъæраг фестад æмæ йыл цы бадт, уыдон лæхурдта. Раст нæ афтæмæй æрбаййæфта Сæрæби. Æфсин сыстад, йæ кæлмæрзæн систа, æмæ йын цыма, мæ дзидзи- йы цъыртт дын удхæссæг фестæд, мæ зæронд сæр дæ аххосæй æркъул кодтон, зæгъгæ, уайдзæф кодта, уыйау хæрам цæстæй бакаст Сæрæби- мæ, стæй ахызт къухнимæ. — Цы мард уæ хæдзарæй рабырыд, цы уыл æрцыд? — мады ацы- ды фæстæ мæм æрбауырдыг мæ лæг. Æз мæ чумæдан систон æмæ^цæ- уыныл ныллæуыдтæн. Уый мæ развæндагыл цæхгæр алæууыд æмæ фырмæстæй йæ хуыз аныхъуырдта, афтæмæй мæм бартхъирæн кодта: — Ард мæ хæдзары, мæ маст мæ зондыл куы фæтых уа, уæд уæ дыууæ дæр-цæрæнбонтæм фæсмонгонд кæд нæ фæуат. Дæумæ нæ дзу- рын, не ’фсин!!! — йæ цæстыты туг фæбадт, афтæмæй мыл фæбогъ кодта Сæрæби. — Мæнæн дыууæ лæгимæ цæрын мæ бон нал у, нæхимæ цæуын, — тыхамæлттæй ралæмæрстон æмæ чумæданмæ нал, фæлæ мæ фыртты цæнгтыл фæхæцыдтæн. — Цама’!!! Дæхи æрæмбар!!! — ныр та йæ скъуыд-зæл дзырдтæ топпы нæмыгау, æмбæлдысты мæныл. — Ауадз мæ, мæ развæндагыл ма лæу. Мæнæн ацы хæдзары лæг нал ис! — Куы дын дзы дыууæ лæджы ис, куы та дын дзы иу дæр нал ис, — йæ хъæлæс фæсабырдæр Сæрæбийæн. Ноджы ма къухнийæ æр- байхъуыст ме ’фсины фуртт-фуртт дæр. Мæ дыууæ фаззоны сæ Æнайы кæуын куы фехъуыстой уæд, æвæццæгæн, сæ фыды цур фæныфсджын- дæр сты, мæнæй сæ къухтæ атыдтой æмæ йæм азгъордтой. Сабиты фæ- зындæй фæтынгдæр зæронд усы кæуын. Иæ тæригъæд хъардта æмæ æлгъыста йæ хъысмæты. Сæрæби мын мæ сæр йæ риумæ балвæста æмæ ныллæг хъæлæсæй, къухнимæ куыд нæ фехъуыстаид, афтæ загъта: «Ус бирæгъ! Æз дын хæрд фæдæн, ныр та мæ мадмæ рахызтæ...» Сæрæби- йы хъæлæс кæд рæвдаугæ уыд, уæддæр æз мæхи ныддур кодтон æмæ йæ мæхицæй асхуыстон. «Ныууадз дæ гæды митæ, дысон-бонмæ дæ рæстæг кæм æрвыстай, цæугæ фæстæмæ уырдæм!». — Æз нæ, фæлæ дæуæн дæр уырдæм цæугæ у. Дæумæ æрбацыд- тæн, стæй дæ исты лæвар дæр алхæнын хъæуы. Тотыр знон ус æрхаста. Гъемæ йæ йæ къухылхæцæг фæсайдта. Цы æнæцæугæ ма мын уыдис. Дысон æмбисæхсæвмæ не ’рбахæццæ стæм, æндæра дæ æнæакæнгæ нæ фæуыдаин. Арæвдз кæн дæхи, махмæ æнхъæлмæ кæсынц. Хъаугъайæ чындзæхсæвмæ уыд мæ фæндаг. Фæлæ уый фæстæ дæр æфсинимæ нæ суадон нал срæсуг. Æргом тохы нал цыд, фæлæ сусæгæй кæй архайдта, уый хатыдтæн æппын- æдзухæй. Мæн дисы æфтыдта иу хъуыддаг: нæхимæ тæргай куы лыгъ- тæн, уæд мæ разы йæ зонгуытыл цæмæн æрхауд? Уый^та бамбæрстон фæстæдæр. Зæронд ус уыдта, мах Сæрæбиимæ рæстæгæй-рæстæгмæ кæрæдзиимæ æмуд кæй цардыстæм. Гъемæ нæ ахицæны аххос уый æфсон .фæуыдаид æмæ йын адæм нæхи дæр æмæ нæ фаззæтты тæригъæд дæр хъардтаиккой, уый йæ нæ фæндыд. Кущ 20
З&гътон, бинонты цард-зм&нтæг уыдысты уыцы æнæхайыры ^фыст&- джытæ. Гъе, уымæ гæсгæ сæ æз æмбæхсын райдыдтон Сæрæбийæ. Уы- цы хабар бафиппайдта ме ’фсин, сæ фæдыл цуан кæнын райдыдта. Æвæццæгæн-иу æз æмæ Сæрæби службæйы куы уыдыстæм, сывæллæт- тæ — рæвдауæндоны, уæд-иу уый къуымтæ змæнтынмæ фæцис. Чизоны сæ ссардта, чизоны сæ искæмæн бакæсын кодта (йæхæдæг кæсын нæ зыдта), фæлæ фыстæджытæ уыдысты сæ бынаты æмæ сыл бонæй-бон- мæ æфтыд. Мæнæн дæр сæм мæ зæрдæ æхсайдта æмæ сæ-иу сусæгæй абæрæг кодтон, сæ раны ма сты, æвй нæ, зæгъгæ. Афтæ ныл ивгъуыд- той бонтæ. Æз бирæ фæхъуыды кодтон, дарддæр сын цы бакæнон, уый тыххæй æмæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: æз фыстæджытæ куы скуы- нæг кæнон, уæд мæ намысы раз мæхи аххосджын кæндзынæн, кæд сæ зæронд ус дæр зыдта, уæд уый разы та уыдзынæн зæрдæхудт æмæ, стæй, зæгъæм, исты амæлттæй уæддæр Сæрæбийы къухтæм бафтыды- сты, уæд мæ афтæ нæ бафарстаид, кæд дæ намыс сыгъдæг у, уæд сæ цæмæн æмбæхстай мæнæй? Æппæт уыцы ныхмæлæууæг хъуыдытæ æз сбарстон лæмбынæгæй æмæ иу улæфты бон, Сæрæби хæдзары куы уыдис, уæд ын сæ йæ разы къонабастæй æрæвæрдтон. — Иугай дын сæ куы лæвæрдтаин, уæд дын, чизоны, исты фæндон рахæссыны фаг нæ уыдаиккой. Фæлæ мæм мæ зæрдæ афтæ дзуры, æмæ дын ныр фæндон рахæссынæй уæлдайы фаг дæр сты. Конверттæ уыды- сты иууылдæр æхгæд. Æз дзы иу дæр нæ байгом кодтон, зыдтон, сæ мидæг хæрзæбонæй ницы ис æмæ ма мæхи та æрвылхатт масты хай цæмæн хъуамæ кодтаин. Ныр та æнхъæлмæ кастæн фыстæджыты бай- гоммæ æмæ, мæ лæг цы аскъуыддзаг кæндзæн, уымæ. Уый конверттыл йæ цæст ахаста æмæ бафиппайдта: — Нæ хорзмæбæлджыты фыстæджытæ. Ныртæккæ сæ иууылдæр басудз. — Цæмæн сæ судзыс, мæнæ дзы ис æндæргъуызон къухфысть^тæ дæр. Ноджыдæр ма чидæртæ цымыдис кæны нæ бинонты цардмæ, — мæ хъуыды загътон æргомæй. — Цама, æртæ азы цæрæм æмæ мæм афтæ кæсы, цыма æртиссæдз азы цæрæм. Алæбон хыл, алæбон хъаугъа, лæг дзул æмæ мыд хæрынæй дæр фæлмæцы. Мæнæн ацы фыстæджытæ мæ зонд схæццæ кодтой, мæ туг схъæстæ æмæ бирæ хатт нал феууæндын, мацы фыдбылыз саразон, зæгъгæ, ууыл^ Йæ мад къухыийæ нæ ныхасмæ хъуыста. Иухатт æрбасыффыт ласта æмæ йæ фырты ныхæстæ йæ хъустыл куы ауадысты, басудз сæ, зæгъгæ, уæд æй афарста, цы судзын кæны, уымæй. — Мæнæ уыцы хæрзиуджытæ, — стъолмæ йын ацамыдта фыстæ- джытæм. — Дегæрылæй æмæ уæдта дæ хорзмæбæллæджы фыстæг дæр се ’хсæн ис, бауырдыг æм мад. Æз бамбæрстон мады фæндон, зæрдиагæй йæ кæй фæндыд, цæмæй сæ бакастаиккам æмæ æнхъæлмæ кастæн, Сæрæби йæхæдæг цы зæгь- дзæн, уымæ. — Мæ хорзмæбæллæг мæм цæмæн хъуамæ фысса фæсномыг фыс- тæджытæ. Кæд æцæг мæ хорзмæбæллæг у, уæд æрбацæуæд æмæ æрго- мæй зæгъæд, цы хъуыды кæны, уый. Кæд æм æргом зæгъыны хъару нæй, уæд уый дæр у, ме сæфтмæ чи бæллы, уыдоны æмдзæхтон æмæ мæ ахæмæн йе ’ххуыс дæр нæ хъæуы æмæ йæ уынаффæ дæр. Цы сыл бирæ дзурæм,— спичкæ систа æмæ сæ радгай тæбæгъмæ фæсыгъта. Сæ сатæгсау сыгъдæттыл æнцонæй бакæсæн уыд иугай дзырдтæ, скъуыд- дзæгтæ: Сæрæби, лæг нæ... Мæлæт... Худинаг... Хæтаг Цама... Фæлæ нын уыдон кæсын дæр нал бауагъта. Сыгъдæттæ фелвæста æмæ сæ бырондоны ныккалдта. Фæлæ фыстæджытæ уымæй нæ фæкъаддæр сты. Цыдысты æмæ цыдысты. Нæ бинонты цард дæр лæхурæг ссадæй конд 21
кæрдзынæй уæлдай кæрæдзиуыл никуы ныхæст. Йу бон — хъæрмуД, къуыри — загъд-замана. Афтæмæй мæ хъиутæ хæрын. Мæнæн табу чи кæны, йæхи мыл чи ныхасы, уыдонмæ кæсын æмæ сæ бинонтæ чи са- раза, цардæмбалæн домыны æмрæстæджы чи балæггад кæна, се ’хсæн иу ахæм нæ уынын. Æмæ иугæр ахæм нæй, уæд иннæтæ æгæр арæх дæр сты. Цы мæ бон у. Æз лæмæгъ сылгоймаг дæн. Дæрзæг ныхас мæ ту- джы нæй. Кæмæ сæ бахудай, уыдон та афтæ фенхъæлынц, цыма сæ уарзондзинадæй зæрдæхъæрмттæ кæнын. Куыднæстæй, уæдмæ мæрдты зындоны дзыназæнт ахæм рогзонд тутт сæрты ныййарджытæ. Зæронд, æз сывæллон нал дæн. Мæхæдæг фаззæтты мад дæн. Цардмæ мын ис мæхи цæстæнгас. Адæймаг ацы дунейыл уый тыххæй нæ райгуыры, цæмæй цæрæнбонтæм йæ хъиутæ фæхæра. Ахæм æна- монддзинад хорзæй ницы æрхæсдзæн мæ сабитæн дæр, уыдзысты лæ- мæгъ кæрдæджы хал дуры бын куыд рæза æмæ йæ уый куыд цъист кæна, уый хуызæн, хуыздзыд, сæртæг. Æрмæстдæр дæ бон у æмæ мын ды радтай цардамонд. Фыны дæр æнхъæл кæмæн нæ уыдтæ—уыдзы- нæн дын ахæм æмбæлццон. Мæн аххосæй дæ сæрыл иунæг урс æрду уæлдай нал фæзындзæн! — тарст сæгуытау мæм æввахс-æввахс æрба- цыдтæ, Цама. Мæ уæхсчытыл мын æрæвæрдтай дæ уæздан къухтæ, де стыр цæстытæй мæм комкоммæ кастæ. Æз бахаудтæн цъыссымы. Мæ фыны дæр æнхъæл кæмæн нæ уыдтæн, — фæхудт мæм мæ зæронды бон ахæм амонд. Фырадæргæй мæ ныхыл сурхид фæзынд. Ды мæм кастæ æмæ кастæ. Дæу фæндыд мæ мидсагъæстæ рахатын. Фæлæ ницы раха- тын уыд дæ бон. Мæ зæрдæ фестад дур, æппæт дæр бакодта зонды бар. Зонд та... цъист кодта арф хъуыдыты уæзæй. О, цард, куыд диссаг æмæ куыд вазыгджын дæ! Ныр мын йæхæ- дæг куы зæгъы, уæд фæтарстæн уыцы стыр амонды бæрндзинадæй. О, о, фæтарстæн! Фæтарстæн, дæу æгæр уарзтæй кæй уарзын, фæлæ дын, ды цы амондмæ æнхъæлмæ кæсыс, уый радтын мæ бон кæй нæу, уы- мæй. Мæнæн мæ сыкъа йæ былтæй акалд, дæуæн æрмæстдæр — йе ’мбисы онг — дзаг. Уый стыр бæрндзинад у. Æмæ йæ мæ лæмæгъ уæхсчы- тæ, зæнгтæ кæй нæ бауромдзысты, *уый зонын, фæлæ æвзаг нæ тасы йæ зæгъынмæ. Цæхæры тæвд агуры зæрдæ, фæлæ цæхæры тæвд судзы къухтæ. Афтæмæй тыхсын. Оцани бæхау, дæ разы ныххерджи дæн. Нал мын размæ аккуырсын æнтысы, нал фæстæмæ, ды та мæм дзуап- мæ æнхъæлмæ кæсыс. - — Зæронд, — рæвдаугæ мæм сдзырдтай ды æмæ мæм дæ былтæ æрбахастай хæстæг, дæ комытæф мæ цæсгомыл аныдзæвд. Дæ цæсты- тæ æгасæйдæр уыдысты монцы цæхæрæй дзаг. Цæй тынг мæ фæндыд дæу мæ риумæ нылхъивын, дæ розæгъуыз судзгæ былты ад банкъарын, фæлæ тарстæн дæ сыгъдæг зæрдæйы хæрамдзинадæй. Æрæджийау мæ хъусы сабыр сыбар-сыбурæй тадысты дæ хъæдабæйау лæгъз дзырдтæ: — Дзуаппыл батагъд кæн дын ’нæ зæгъын. Мæ куырдиат у, цæмæй йыл лæмбынæг ахъуыды кæнай, сбарай æппæт дæр. Уæдæй нырмæ цас рæстæг рацыдис, цас, мæ удæнцой Цама! Цал. æмæ цал хатты сбарстон, ахъуыды кодтон дæ фæндоныл. Мæ дзуапп, фыццаг уысм мæм куы æрбадзырдтай, дæ комытæфæй мæ куы асыгъ- тай, уæдæй фæстæмæ цæттæ уыд. Фæлæ хъуыды кæныс, Отелло Дез- демонæмæ куы бацыд æхсæвы, цæмæй йæ ныххурх кодтаид, уыцы бы- нат. Уæд Отелло цырагъ райста æмæ йе стыр масты цæджджинаджы хуыдуггæнгæйæ, кæугæмхæццæ дзырдта: «Мæ хæс у афтæ. Мæ хæс у афтæ. Кæнын æфсæрмы, о, чындздзон стъалытæ, уæ разы, йæ аххос зæгъын. Зæххæй хъуамæ куынæг æрцæуа. Нæ йын ныккалдзынæн йæ туг. Нæ йын бавн’алдзынæн йæ митæй урс- дæр, алибастрæй лæгъздæр буармæ. Фæлæ уæддæр хъуамæ амæла уый. Цæмæй фæлывд митæ ма кæна дарддæр. Афу кæнон цырагъ. Фыц- цаг уал цырагъ афу кæнон, стæй куы ’рфæсмон кæнон, уæд æй ссудз- дзынæн ногæй. Фæлæ куы ахуыссын кæнон дæ зынг, о, царциаты зы- 22 ^
Нйргь, æрттиваг, удæгас сТъалы, уæд нæ разындзæн дунетыл, дæу ма ногæй чи ссудза, ахæм Прометей дæр. Цалынмæ къутæрыл зайыс, уæдмæ цæй рæсугъд дæ, уарди! Уый фæстæ бампылы дæ фидыц. О, сыгъдæг улæфты бардуаг! Дæ разы байгомыг уыдзæн рæстдзи- нады тæрхон. У афтæ ноджыдæр дæ мæлæты фæстæ дæр. Æмæ дæ ных- хурх кæпдзынæн, уый фæстæ дæ уарзтæй сæрра уыдзынæн æз». Венециаг мавры уавæры хатыдтæн мæхи дæр. Уарзын дæ æрра лæппуйы судзгæ уарзтæй, мæ удæнцой, Цама. Гъех, тæхуды æмæ дзы цъыбыртты сыгъд бакæн. Фæлæ зонд нæ кæсы зæрдæйы коммæ. Уый карзæй рахаста дæуæн йæ тæрхон: Цæй, цы лæууыс развæдыл, цæлхдурау, Ауадз мæ, дæ хорзæхæй, цæуын. Ма мæм худ, ма, ме сæфт худгæ хурау, Арв мæнæн мæ рыст удыл кæуы. Мауал судз сæдæ сыгъд уды ногæй, Æз дæуæн нæ ратдзынæн, нæ къух. Хосдзау дасы зад уыгæрдæн рогæй, Ихдзагъд хуым та — хорæрзадæй цух. Уалдзæгау дæу мин царды рæмудзы, Амонд дæ ды, амонд æмæ фарн! Рухс цырæгътæ де ’нгасæй фæсудзы, — Залты мит мæныл дары йæ арм. Ох, цы кæнон, базырсаст цæргæсау, Нал фæразын æз, мæ хур, тæхыы. Донивылдтæй æз фæдæн зæрдæсау, Æмæ мын ды мауал кæн, ма, зын!.. Хивæнд у зонд. Зæронд кусæг, фæллад галауныффæллад. Уарзон- дзинады зилдухæнты судза, абуха, уыцы хъару нæ хаты йæхимæ. Æнус- тыæккон тулдз бæласы миниуæг куы уаид, бæргæ, лæгмæ дæр. Фæлæ тулдз азæй-азмæ цас фидардæр, æндондæр зæнг кæны, адæймаг *а уыйбæрц зæронды ’рдæм бутъро кæнын райдайы. Гъемæ дæ урс сæрæй ма хынджылæг кæн. — Зопд мæ фæдзæхсы. Бакæс-ма йын йæ лæгмæ. ’ Адæймаг æй кафетты бæсты аныхъуырдзæн. Кондджын, уындджын. Дуры хуылфæй дон ралæмардзæн. Æмæ кæд уый Цамайы æнкъарæн- тæн дзуапп нæ дæтты, уæд ды, де змискалгæ, дæ ныфс цæмæты хæс- сыс. Чизоны, ацы сахат рыстзæрдæ у, тыхст, нæ фæразы лæджы рæ- хуыст ныхæстæн æмæ æнæмбаргæ æфсины дзæгъæл фидистæн дæр. Фæ- лæ кæцы паддзахады цард у «а» æмæ «о»-йæ. Æмæ бинонты цард та чысыл паддзахад у. Сфæлтæрдзæн Цама дæр. Уæд æнцондæр^ей сараз- дзæн йæ цард. Ды та йын цæмæй æвæрыс ныфс? Зæгъæм, баиу кодтат уæ цард. Цы уæм æнхъæлмæ кæсы хорзæй? Мурдæр ницы. Ацæрдзыс- тут къуыри, мæй, афæдз дæр уæд, стæй дæм уæд тæхын райдайдзысты, Цама зæрдæхæлд цы æлгъыстаджы фыстæджытæй фæцис, уыдон. Æмæ æцæг мæгуыры бон дæуыл акæндзæн. Ды уæд æгасæйдæр масты дзæ- къул фестдзынæ. Æргом дæр дын бирæтæ бафидис кæндзысты æмæ сын цы дæ бон у? Дæхимидæг, хуылыдз кæлдымау, сыф-сыф кæндзы- нæ, æлгъитдзынæ дæ хъысмæты. Дæ хæстæджытæ, хиуæттæ, адæм зон- дзысты дæ уавæр, фæлæ дын сæ ничи батæригъæд кæндзæни. Уый нæ, фæлæ дыл бирæтæ сæ къах æркъуырдзысты. Зæгъдзысты, цæуыл хъуы- ды кодта сæрхъæн зæронд, куклайы хуызæн рæсугъд чызгимæ йæ цард куы сбаста, уæд. Цама дын загъта, лæмбынæгæй ахъуыды кæн, зæгъгæ. Æз дæр ’ дын афтæ зæгъын. Дæ карæн адæймагæн рæдийыны бар нæй. Ма фæ- рæди ды дæр. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Цæй зын у зæронд лæгæн хи лæ- мæгъдзинадыл сæттын. Уый, адæймаг удæгасæй табæты куы ныббыра, 23
укмæй уæлдай нæу. Мæ дзуапп цæттæ у, Цама. Фæлæ, Отеллойау, тæрсын. Уый тарст, Дездемонæйы зынг куы ахуыссын кæнон, æмæ мæм фæсмон куы æрцæуа, уæд ма кæм ссардзынæн зæххыл Прометейы зынг, цæмæй йæ ногæй райгас кæнон, зæгъгæ. Æз та тæрсын дæ зæр- дæйы хæрамдзинадæй. Ды мын лæвæрдтай цард. Ныр мæм дæ амонд- хæссæг цæстытæй куы ракæсой тар мигътæ, уæд мыл дымгæ сисдзæн марой, арв мыл æнæвгъауæй калдзæн йæ цæссыг. — Турчы арæнмæ фæхæццæ кæнæм! — мæ хъуыдытæ та мын фе- скъуыдта мæ кæстæр. Æз, æцæгдæр, акастæн мæ алыварс. Денджыз, цъæх-цъæхид денджыз. Былгæрæттæн сæ кой дæр нал ис. Æрмæст ма дардæй зынынц æврæгъты сныхсæг хæхты цыргъ цъуппытæ кæм — ныл- лæг, кæм та бæрзонддæр æвæрдæй. Æгæр, æгæр адард стæм былгæронæй. Мæ зæрдыл æрбалæууыд, бонраздæр мын Мыдтайы тыххæй дзырдтой йæ хæлæрттæ, йæ зæрдæ- йæ хъæрзаг у, зæгъгæ. Гъæй, зæронды бон ме сæфт куыд æрцыд, гъе. Мæ хорз кæстæр йæ зæрдæйæ хъæрзы æмæ йæ æз та былгæронæй афтæ дард ранмæ ракодтон. Ныр мын, зæгъгæ,' ам фæтыхст, уæд ын цы баххуыс кæнын мæ бон у. Æви æнæмæнг хъуамæ мæ худинаг ныхъ- хъæр уа æгас Ирыстоныл. Мæхи æнамонд сæр ма, зæгъæм, тæссаг уа- вæрты исты амæлттæй фервæзын кодтон, уæд мын нæ разагътайы лæг- гæ афтæ нæ зæгъдзысты: Зæронд хъебре, æгайтма дæхи сæр фервæ- зын кодтай, ныр Ирыстоны уæлкъуыбыр фæкæндзынæ. Цавæр лæппу- йы бабын кодтай, уый зоныс. Ирыстоны фидæны ныфсы мæсыг, фæси- вæды уарз’он раздзог, йе .гъдау, йæ лæгдзинадæй не ’ппæтæн дæр цæ- виттойнаг чи уыд. Æбуалгъ, аххосгæнæг тæссаг хъуыдытæй ныррыз- тæн æгасæйдæр. Исдуг андзыг дæн. Ферох мæ мæ уæнгты базмæлын кæнын дæр. Æмæ сæ æниу цы змæлын кодтаин. Цы у, æцæгæйдæр, мæ цард ахæм æвæджиауы кæстæры цур. Уый бабын, уæд, уадз, æз дæр ныххуыдуг .уон денджызы арф уылæнты. Уадз, мæ зæронд буар рæду- вæнт фæйнæрдæм хырхдæндаг æнæфсис кæсæгтæ. Цалдæр уысмы уы- лæнты аныгъуылдтæн. Фæлæ та ногæй диссаг. Æвиппайды мæ цыдæр ацахста æмæ мæ уылæнты сæрмæ сдавта. Мæ цæстытыл цы мигъ абадт чысыл раздæр, уый атад, мæ хъустæ ацахстой Мыдтайы тарст хъæлæс: — Дæхи æвзæр хатыс, фарны хистæр? — æмæ дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, фæлæ мын ныфсытæ æвæрыныл фæцис. — Тæрсгæ ма кæн, æз дын ам нæ дæн. Ныртæккæ дæ былгæронмæ бахæццæ кæн- дзынæн. Æз æм мæ мигъæйæхгæд цæстытæй джихæй кæсын æмæ не ууæн- дыдтæн нæдæр мæ цæстытыл, нæдæр мæ хъустыл. Мæ цуры уыд Мыд- та, хъæлдзæг, худæнæнгас, цардæфсæст. Цæй зæрдæрыст æмæ цæй цыдæр. Æгасæйдæр хурæфсæст æвзист уылæнты йе ’ппæт буары цард абухта. — Мыдта дæ? О, стыр хуыцау, мæ царды мын йенырæй стырдæр цин æмæ амонд никуы радтай. — Ме ’ндзыг уавæрæй та мæ уæнгтæм раздæхт цард. Æмæ уалдзæг зæхх куы базмæлы, бæстæ митдон куы фесты æмæ цыхцырджытæй, къададæттæй ивылд Леуахи куыд равзæ- ры, афтæ та ме ’ппæт буары дæр базмæлыд цард. Къæхты бынæй сулæфыдтæн рогæй, æхсызгонæй бакастæн Мыдтамæ æмæ йын хъазгæ- мхасæн загътон: — Дæ хуызæн кæстæртæ кæмæн ис, уыцы зæрæдтæй амæлын ни- кæй бафæнддзæн. Цæрын фæнды мæн дæр æмæ ныууадзæм Турчы арæн йæхи адыл, уым нæ цæхæрцæст арæнхъахъхъæнджытæ фаг сты, фæлæ мах ссарæм нæ денджызбылгæрæттæ! — æз рогæй аивæзтон мæ уæнгтæ, кæд мын Мыдта æххуыс кæнынмæ хъавыд, уæддæр æй æз нæ бауагътон. — Дæ тæккæ стырдæр æххуыс у былгæронмæ дзæбæхæй, æнæниз, æнæмастæй кæй цæуæм, уый. Мыдта фалæмæ, ленккæнгæйæ, куыд цъыввыттытæ ласта, мæ алы- вæрсты, фæстæмæ здæхгæйæ, афтæ нал кодта, фæлæ мæм хæрз хæс- 24
тæг цыд æмæ мæ рæстæгæй-рæстæгмæ хъавгæ фарста, мæхи куыд #а- тын, уымæй. Æвæццæгæн мын тарст ног фæдæлдонæй. Фæлæ йын æз алыхатт дæр, йæхиау, хъæлдзæгæй дзуапп лæвæрдтон. — Цæй, цæмæй фæтарстæ, æви Гæтæджы фырт Сырдон Донбет- тырты хæрæфырт нæ уыд. Фæндыд мæ, уым та куыд цæрынц, уый ба- зонын, — хъазыдтæн. Ныхас ныхасы сайдта æмæ, былгæронмæ куы æрбаленк кодтам, уæддæр донæй нæма рахызтыстæм, фæлæ дзы æрбадтыстæм астæумæ- чы онг. Мыдта мæм лæмбынæгæй каст æмæ каст. Æрæджийау йæ мид- сагъæстæ фергом кодта: — Тынг мæ фæтæрсын кодтай, Цæрай. Фæлæ ныр дæр нæма бам- бæрстон цы кодтай, уый. Былгæронмæ зæронд кæфы ленк фæкодтай. Буц, сæрыстыр дæ уыдтæн, дæ кары уыйбæрц хъару кæмæ ис. Фæлæ уым цы кодтай, уым? — Уым цы кодтон, уый нæ зонын, фæлæ æз дæуимæ бахызтæн денджызмæ. Мæ дардвæндагыл дзы ногæй райгуырдтæн, фæстæмæ æрбаздæхтæн бынтондæр æндæр лæгæй. Афтæ мæм кæсы, цыма цы уæззау къæдз-мæдзыты царды фæндагыл рацыдтæн, уымæй мын нырæй фæстæмæ бирæ фенцондæр уыдзæн цæрын. Æз дыууæ стыр фарсты алыг кодтон демæ ленк кæнгæйæ. Æмæ уыдон та сты алы адæймаджы царды дæр тæккæ ахсджиагдæр фарстытæ. Адæймаг цы алфæмблайы цæры, уым хъуамæ йæхи хата барджын фысымæй. Æдзух æз, æз ма кæна, ма дома иннæтæй хъауджыдæр йæхицæн уæлдай табутæ. — Дыккаг та цы у? — æхсызгонæй мæ афарста Мыдта. — Дыккаг та? — ферхæцыдтæн æз. — Дыккаг та... Цæй æндæр хатт дын æй зæгъдзынæн. Сыкъадзæфæй. Уæд не ’взагæн фылдæр бартæ фæдæттæм. Мыдтайы бацымыдис кодта дыккаг фарст тынгдæр æмæ мын æр- гомæй загъта: — Бахатыр кæн, Цæрай, фæлæ абон æз дæр денджызы райгуыр^п,- тæн ногæй. Абонæй рогдæр, амондджындæр мæхи никуы хатыдтæн. Абон æз дæн.денджызы уылæнты уарзондзинадæй расыг. Гъе, уымæ гæсгæ мæ фæнды, иугæр ды адæймаджы царды тæккæ ахсджиагдæрыл нымайыс дыккаг фарст дæр, уæд, цæйау акæнынц, хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс. Хуыцау йæ зонæг, мæ царды мын цæй- бæрц æххуыс фæуыдзæн, кæй алыг кодтай дæ мидхъуыдыты, дæ уыцы дыккаг фарст. — Уæдæ, бахатыр кæн, мæ фарны кæстæр, фæлæ дыккаг фарст хауы гыццыл паддзахадмæ, ома бинонты цардмæ. Арæх сымах дæр, ома кæстæртæ æмæ мах дæр, ома хистæртæ, нæ къухы цы амонд вæй- йы, уымæн аккаг аргъ кæнын нæ бафæразæм. Куыд фæзæгъынц, дæхи къухы чи ис, уый дын кæдæм ирвæзы. Гъе, уый охыл фæбæллæм искæй амондмæ, хатт дзы нæ хъуырмæ дæр аныгъуылæм. Æмæ уым фылдæр хатт амонд нæ разыны, фæлæ хъуынаæмбæрзт цъыфдзаст. Уый фæстæ ма бæргæ фæсмон фæкæнæм, нæ къухы фыдтæ ма бæргæ фæхæрæм, фæлæ ма цафон? Кæрдзын куы асæттай, уæд нал баныхæсы. Мæ дык- каг фарст кæмæ хауы комкоммæдæр, уымæн æй йæхицæн зæгъдзынæк хицæнæй, сусæгæй. Мæ хъуыдыты та февзæрд Цама. Фæнды мæ, уый куы уаид амонд- джын. Уый нæртон Сатанайау, йæ бинонты цард бавæрынмæ куы са- рæхсид. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама!... Гагра, август, 1978. 25
ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР ÆМДЗÆВГÆТÆ ИРЫСТОН — МÆ ЦИН Ирыстон — мæ цинтæн сæ ратæдзæн, Ирыстон — мæ хурджын сæурайсом Дæ хæрзтæй мыл мурдæр нæ бахæцдзæн, Дæ хъыг дын чысыл дæр куы райсон. Æрмæстдæр цæрдзынæн дæ цæрайæ, Юдифау, дæ карз ард хæрдзынæн. Бынæн мын ысхай кæн, зæрдæрайæ, Ды се ’мбис, дæ хъыгтæн, дæ зынтæн. Дæу тыххæй æппæтдæр ныббыхсдзынæн, Мæ сæрæй дын кувдзынæн иууыл. Ды ме ’нæхин уарзтæн йæ цыхцыр дæ, Тæхынæввонг зарæг — мæ риуы! КАФЫНЦ ДЕНДЖЫЗГÆРОН «СИМД» Уалдзыгон сабыр изæры Кафынц денджызгæрон «Симд» Залы къухæмдзæгъд ныззæлы, Нал цæуы мæ риуы цин. Хъазхъуыр, сауæрфыг чызджытæ Батилынц сæ цæнгтæ рог, Цыма бассивынц фыдджынтæ, Уадзынц даргъ сыкъатæм ронг. Сахъ лæппутæ сæм фæсидынц, Иумæ алæууынц къæйттæй, Стæй цæнгтæтыгъдæй æрсимынц, Бафæллайæн дæр сын нæй! Дис кæнынц сæ кафтыл адæм, Се змæлдмæ кæнынц цыбæл. Æз, мæ цин æвдисгæ, бадын, Кувын сын мæхинымæр. Баззадис нын дард фыдæлтæй, Ард бахæрдау, ацы кафт. Махæй ауагъта уидæгтæ, У ирон зæрдæйы цавд.
«Симд» нæ намысы мæсЫг у, «Симд» — нæ кæфтыты бæрзæнд. У йæ гуырц сыгъдæг, цæссыгау, Уадз, хæххон æгъдау хæссæд! Уый фæлтæрæй цыд фæлтæрмæ, Иуæй иннæ дугмæ ’фтыд. Афтæ хистæр хорз кæстæрмæ Радты кувæггаг куывды... Ахъардта нæ уæнгты ’ртахгай, Дардыл у бæрæг йæ фæд. «Симд» æгас дуне цы кафа, Иры уыцы амонд уæд! * * * Нæ Иры хæхтæ! Бирæ уæд уæ фарн. Ныллæг уын кувын, моллайау, мæ сæрæй. Уæ цъуппытыл зымæг цæнгæт дæр сæлы,, Уæддæр уын дардмæ банкъарын уæ хъарм. Ис уыцы хъарм мæ тугдадзинты рагæй, Æхсыримæ йæ бануæзтон кæддæр. Уæ цин, уæ рухсæй кæд мæ зæрдæ дзаг у, Уæ уарзт мæнæн нæ фаг кæны уæддæр! КÆСЫН «МОАБИТЫ ТЕТРАД»! Нæ зонын, ныр цалæм хатт кастæн Дæ хæстон рæнхъытæ, Джалиль? Бæгъатыртау, чингуытæй растынц, Фæстæмæ нæ фæкæнынц чъил! Рæнхъытæ, рæнхъытæ... Мæнмæ та Дæ туджы æртæхтæ кæсынц. Дæ фæстæ ысуагътой фæлмæн тауг Фæхъусын дæ уды хъæрзын. Зынынц мæм дæ уды къæрттытæ, Лæджыгъæдыл дзурынц æргом. Фæсудзынц, æнусон æртытау, Æмхуызон æхсæв æмæ бон! Фыстай сæ дæ адзалы размæ, Цыфыддæр рыстытæ быхсгæ, Куы арф сагъæсгæнгæ, куы хъазгæ, Куы уарзон æмбæлттыл тыхсгæ. Моабитæн-иу барызт йæ бындур, Куы-иу кастæ де стихтæ, уæд. Уыдысты, хъæбултау, дæ бындар, Нæ фесæфтис никуы сæ фæд. Дæхицæн дæ хъысмæт æндæр уыд, Дæ фæндтыл рæхыстæ уыд баст. Фыдадзалы рæстæг куы ’рлæууыд,— Дæ хъару фæдывæр æваст. 27
Уыд удхор мæйгард æмæ хивæнД, Дæ фæстæ йæ хорз хай фæци: Дæ марæггаг райста хæрзиуæг, Фæуæлдæр ын кодтой йæ чин. Дæ кой нын нæ фесæфт дзæгъæл ран, Нæ аскъуыд дæ хъуыдыты таг. Кæй фæсудзы де стих цæхæрау, У уый дæр лæджыгъæдæн фаг. Лæг тохы гуылфæны фæлтæры, Уыд де стыр фæлварæн зындон. Дæ кады ном хъуыст уыд Тæтæры, Ныр та дын — дунейыл зындгонд. Нæ зонын, ныр цалæм хатт кастæн Дæ хæстон рæнхъытæ, Джалиль. Бæгъатыртау, чингуытæй растынц, Фæстæмæ нæ фæкæнынц чъил! * * * Ау, уæ бæрзæндыл хæхтæ, Дис цæуылнæ кæнон? Урс, къæбæлдзыг æврæгътæн Смах лæмарут сæ дон. Куы фæлæуут æдзæмæй, Куы фæкæнут ныхас. Ирд, цъæх арвыл ныдзæвут, Хурæрттывдмæ — уæ каст. Нæй уын тасæн, гæнахау, Стут, хъандзалау, æмдынг. Гъех, куы лæууин сымахау, Уарзон Ирæн уырдыг, Уæд йæ иу хай мæ хæсæн Фыст æрцæуид мæнæн. О, кæннæуæд йæ уæзæй Æз уыргæфтыд фæдæн! * * * Хæлæг кæнын дæ фæллоймæ, хуымтауæг, Дæттынц дæ къухтæ царды хос зæххыл. Дæ хоры нæмыг мæры арф ныххауы, Иæ тау ысуадзы уый фæстæ цъæхæй. Мæнæн та арæх ме стихтæ, цæкуытау, Ныкъкъуркъа вæййынц, тауинагæн—цауд. Тæхудыйаг, дæ тыд хоры нæмгуытау, Куы суадзиккой мæ конд хуымы цъæх тау! * * * Нæ цæугæдæттæн ахизын сæ сæрты, Куы фæивылынц рагуалдзæг, уæддæр. Бæрзонд хæхтæм ысфардæг вæййын сæрды, Цæргæсбадæнтæй райхъуысы мæ хъæр.
Мæ развæдыл ызнæт вулкан куы стона, Иæ сæрты уæд æз ахиздзынæн рог. Цъæх æврæгътæм ысбырсдзынæн, хæстонау, Кæндзынæн дугъ æрдзынарæджы онг. Мæ бон — æппæт фæндвидарæй ныссæттын, Фæлæ мæм тынг зын иу хъуыддаг кæсы: Фыдæлты фарнæн ахизын йæ сæрты... Мæ ныфс æз уымæ никуы дæр хæссын, Бæрзонддæр хох у, фидардæр мæсыг! * * * Куыд фæбæллы уæззау цæф хæстон донмæ Æнтæф рæстæг, фыдыуæзæгæй дард, Фæбæллын афтæ талынг æхсæв бонмæ, Æнусау мæм зымæг фæкæсы даргъ. Куы’ фенын æз сæуæхсиды цæхæртæ Сæумæрайсом бæрзонд хæхты сæрмæ, Уæд хуры фарсмæ абады мæ зæрдæ, Æрдз райхъал вæййы гакк-гуччы хъæрмæ. Æз боны ’рбарухс, Хуры тынтæ уарзын, Мæ хуыссæнæй фæгæпп ласын дæрдæг. Зынг хуры тынтæ бахуыйын мæ базыл, Æхсæв фæкæнынц, дидинтау, хæрздæф. Куыд фæбæллы уæззау цæф хæстон донмæ Æнтæф рæстæг, фыдыуæзæгæй дард, Фæбæллын афтæ талынг æхсæв бонмæ, Мæ мидсагъæсты боны рухс æрцард! * * * Ирон лæгæн цыргъ æхсаргард, цыргъ хъама Æнус-æнус йæ ныфсы таг уыдысты, Уыдысты сыл йæ фæндийæгтæ амад, Йæ барты сæрыл тохмæ-иу куы сыстад. Хæцгæ-хæцын-иу никуы кодтой тасгæ, ч Иæ бындур-иу ын никуы уагътой зилын, Хуыздæр æндон-иу бахсысти Дамаскы, Хуыздæр хъаматæ арæзтой нæ Иры! * * * Хуры тынтæй йæ фæдджитæ Байдзаг кодта Сæна, Уазал мигъы сæмпæрчъи та Комы судзы сæнар. Назбæлæстыл æрцауындзæг: Баззад мигъты быныл. Райдзаст хурбон йæ сау æндæрг Комæй-коммæ зыны! МУЗÆ НАЛ КÆНЫ МЕМÆ ЦÆДИС... Музæ нал кæны мемæ цæдис, Хъазы ногæй мæ бæллицтæй, хъулау, Æз ныхъхъæр кæнон хъуамæ фæдис, Ме ’рдæм, чи зоны, ахсæв фæкъул уа. 29
Мидхъуырдухæнты малы тыхсын, Бадын ме стъолы фарсмæ, цæнгбастау. У мын иу рæнхъ ныффысын дæр зын, Дардвæндагыл мæ уæлтæмæн бастад. Курын музæйæ ахæм æххуыс: Иунæг хатт мæм йæ мидбыл фæхудæд, Ног та банкъарон амондджын уысм, Науæд байсæфтис йе ’нцой мæ удæн. Музæ, Музæ! Дæ хорзæх мæ уæд, Суадз мæ зæрдæйы ногæй дæ цъæх тау. Уадз, мæ сисы бырынкъыл лæууæнт Арф хъуыдытæ, чернилæйы ’ртæхтау! * * * Нæ фæнды мæн бырын, уызынау, Цæргæсау мæ фæнды тæхын, Бæрзонд арвæй мæм хорз куыд зына Æппæт дæр райсомы цъæхыл! Нæ фæнды мæн фæрсылæй бадын, Бæласау мæ лæууын фæнды. Мæ лæмæгъ, бадгæйæ, фæхатын, Лæугæйæ, банкъарын мæ тых! Нæ фæнды мæн, æмæ фæдисы Æз адæмы ’хсæн уон фæстаг. Мæ къух æнæсæрæнтыл исын, Лæгæй куыд никуы уон хъæстаг! ■ Нæ фæнды мæн цæрын æдзытæй, Нæдæр мæ кад хъæуы уæлдай. Бæстыл куынæ уа уæз мæ дзырдæн, — Æдзæмæй баддзынæн фæлтау! ÆРГОМ НЫХАС ÆМБАЛИМÆ Цæмæй кæнай æппæтæй хицæн, Гъе, уый адыл, æндæр ма куыд?.. Дæ доклад райдайыс дæхицæй, Дæхицæй райдайыс дæ куывд. Дæ зæрдыл дар цыргъзонд æмбисонд: «Нæ бийынц иунæг михыл кау». Цæйбæрцфæнды бæрзонд дæ сисæд, Уæддæр дæм разындзæнис фау. Уæдæ æгæр дæхиуыл ма тай, Æппæлынтæн дын нæй бындур. Дæ къухæй уал нын исты байтау, Ыстæй тыллæгæрзадыл дзур!
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ ХУРЫ БАЙЗÆТТАГ Аргъау АРХАИДЖЫ Т Æ С æ г у и — æвдисон саг. Д з æ б о — дзæбидыры сæныкк. Æ р с о й — хъуынджын арс. Б а з ы р — сæрыстыр цæргæс. Тæгубег — тæрхъус. Кæрæфби — къуыбырхъус бирæгъ. Б а т у з æ — мадæл хæфс. Б а ч ъ е — йæ лæппын. X у р — дунейы мад. Бонвæрнон — йæ фырт. X а л о н — дзырдхæссæг. Фыдæхъыз — залиаг калм. Куыйтæ, бирæгътæ, сырддон сæныччытæ. Сæгуийæн йге иу фарсыл æхсаргард, иннæуыл хъама. Иæ сыйыл — кæсæнцæстытæ. ФЫЦЦАГАКТ Хъуысы тымбыл кафты цагъд, æмдзæгъд, æрстохы фæхъæртæ. Æмбæрзæны рæз- ты Тæгубег, йæ хъамайы сæрыл хæцы, афтæмæй заргæ æрбацæуы. Т æ г у б е г. Æз — Тæгубег — хъæбатыр, Хъазты фидыц, мæгуыр лæг. Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, Ма мыл худæд уæ зæрдæ! (Заргæ-заргæ фæцæуы.) Сценæ байгом. Хъæдгæрон фæз. Иæ фаллаг кæрон, дардгомау обауы бынæй, зы- ны лæгæтмæ бахизæн. Хъазты фæзы чысыл фалдæр — суадон. Лæууынц фæсивæд. Сæгуи дæрддзæф ран бæласы бындзæфхадыл бады. Сæ чегъыре Тæгубегæн йæ къухы ехс, афтæмæй зилæнтæ систа. Тæгубег æмæ чызгтæрхъус тымбыл кафт кæнынц, ин- иæтæ — æмдзæгъд. Рæсугъд тæппытæ хæфс чызджыты рæгъы уæллаг фарс фæнды- рæй цæгъды. Царгæронæй зыны хур. Иæ зæрин дзыккутæ æрзæбул сты. Тæгубег (фæндырдзæгъдæджы цурмæ, сиргæ, бацыд). Нæ хойы хай, иннæ цагъд, иннæ! (Хонгæ кафтмæ рахызтысты. Тæгубег, кафгæ- йæ, зары:) О, барст æрбауай, нæ тыллæджы куывд, нæ тыллæджы куывд! Нæ кафаг лæппу мæгуыр лæджы фырт, мæгуыр лæджы фырт! Кафт фæфæуы. Кафджытæ фæстæмæ сæ бынæттæм фæсирынц. Лæппу фæсивæ- дæй сын чидæр зары: Фæцæуынц сиргæ, фæцæуынц сиргæ, Сæ амонд иумæ, сæ амонд иумæ, 31
Æрсой, узгæ-узгæ, хъæды дзыхæй æрбазынд. Хъазты кæрон æрлæууыд. Æ р с о й. Фарн уæ хъазты, фæсивæд, æмæ уæ бæрæгбоны хорзæх уæд! Алырдыгæй хъæлæстæ: «Æрсойы кафт, Æрсойы!» (Æрсой бæзджын худы.) Ха-ха-ха! Стыр бузныг. Æз æрыгонæй дæр кафынмæ рæвдз нæ уыдтæн. Уæ рынтæ ахæрон, уадзут мæ, фæси- вæд! Æмхъæлæсæй: «Æрсойы кафт, Æрсойы! Кураем дæ, курæм, дæ хорзæхæй!» Сæгуи (сыстад). Æрсой, ма фæзивæг кæн. Фæсивæды хъыджы ма бацу. Иу кафт саккаг кæн. (Йæхи æмдзæгъд кæнынмæ æрцæттæ кодта). Æрсой (йæ цæст сыл ахаста). Гъо, гъо, гъо! Уæдæ кæд гæнæн нал ис, уæд — фæндыр. Фæндырдзæгъдæг сыстад. Сыстадыстьг иннæтæ дæр. Æрбацыд Сæгуи дæр. Сы- тынг рог цагъд, къæрццæмдзæгъд. Æрсой йæ хъамайы сæрыл фæхæцыд æмæ лæпп- лæппгæнгæ, йæхи айста. Фæстагмæ афтæ срог æмæ йыл цæст нал хæцыд. Куы йæ иу сЬарсыл фæфæлдæхы, куы асæрбихъуырой кæны. Æмдзæгъд нæры. Æрсой æрæджиау хъазты астæу æрлæууыд. Иæ ныхы хид сæрфы. Фæндыр фемыр, Æ р с о й (уæззау улæфы, худы). Ха-ха-ха! Хуыцау уын ма уæд, фæ- сивæд! Сæрра мæ кодтат. Сæгуи. Бæдæйнаг, Æрсой, бæдæйнаг! Ау, уыцы дисаджы кафт нын цы хæлæг кодтай, уаих фæуай! Еныр ма ацы фæсивæды чепенайыл куы (Ьæифтонг кæнис. Æрсой (бæзджын та фæхудт). Ха-ха-ха! Чепена мæхæдæг дæр бирæ уарзын рагæй.нырмæ. (Бахызт чызджыты размæ æмæ сæ щимæ дæларм-уæларм æрхæцыдысты. Иннæтæ дæр сæ . бафæзмыдтой. Чепе- найы рæхыс сабыргай разилы. Ой, чепена, чепена, Ой, чепена, чепогълы. Ой, чепена чи не ’ркафа, Уымæн йæ хъуг амæла, Уьтмæн йæ ус алидза. Икъа-икъагæнгæ цæуынц. Чидæртæ сæ къæхтæ æруагътой. Тæгубег сыл ехсæй ралæууыд. Ой, уæдæ, чепена, Хъусыл хæцынæй чепена, Ой рæйдæ, чепена, Дзуццæг бадынæй чепена. Æрæвнæлдтой сæ рæттæм. Чидæртæ не ’вналынц. Чегъыре та сыл ехсæй æрлæу- уыд. Æрсой дарддæр зары. Ой, уæдæ, чепена, Залмы сыфæй уæ худтæ, Ой, уæдæ, чепена, Т æрхъусты мыггаг — тæппудтæ! Т æ г у б е г (Æрсойы зæнгтыл ралæууыд æмæ зары:) Ой, рæйдæ чепена, Мусы астæу æмбырд хор. Ой, рæйдæ, чепена, Æрсыты мыггаг æмбыдхор! Æ р сой (æнцад алзеууыд). Хо-хо-хо! Хо-хо-хо! 32
Уæлæ арвыл æрвгæлæн, — Нæ чегъыре нæ бæззы, Цæй æмæ йæ æрнæмæм! Тæгубегыл алырдыгæй æрбакалдысты. Цæвынц æй. Æрсой йæ хæрдмæ сæхста. Уый цъæхснаг ныххудт æмæ сæ сæрты асæррæтт ласта. Иууылдæр ныххудтысты. Хъæдгæронæй æрбацæуы Дзæбо æнкъардæй. Сæгуийы раз æрлæууыд сæргуы- ^ырæй. С æ г у и. Цы хабар у, мæ чысыл хур? Цы дæ хъæуы? Д зæбо (хъазгæйæ). Ме-е, ме-е! Мæн ницы хъæуы Æз, æз ма уе ^ппæтæн дæр хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдтæн. Абон хицæн кæнын сы- махæй дæр æмæ а-дунейæ дæр. Хорзæй баззайут. Мæ фæстæ цæрынæй бафсæдут. . С æ г у и (йæ сæрыл ын йæ арм æрæвæрдта. Фæрсæджы каст кæны иннæтæм). Цы ’рцыди, уагæры?.. Æрсой (размæ ралæууыд). Цытджын Сæгуи! Ды ам нæ уыдтæ æмæ хабар уымæн нæ зоныс. Дзæбойæн знон йæ хал схаудта. Уый Фыдæхъызы радон амæттаг у. Куы йæ зоныс, алы мæй дæр ын иу чызг кæнæ иу лæппу фервитæм. Афонмæ æнхъæлмæ кæсы йæ хъалонмæ. Иууылдæр ныхъхъус сты. Зæхмæ кæсынц, чызджытæй чидæртæ кæуы, сæ цæс- сыг сæрфынц. Дчя^бо (йæ сæрыл бæрзонд схæцыд). Фæлæуут-ма, цы нынкъард стут? Уæ хъазт цæмæн æрурæдтат? Мæнæн мæ хал схаудта. Дыууæ мæйы размæ та мæ иунæг хо фæцис Фыдæхъызы амæттаг. Абон мæ зæронд мад æмæ фыды кæугæ ныууагътон. Уæ хорзæхæй, сæ фæста- джы балц-иу сæ æгъдауыл арвитут. Арф ингæнтæ-иу сын скъахут. (Сæгуимæ скаст.) Дада, зæгъ сын æмæ сæ хъазт сног кæной. Хæрзбон! Æз цæуын. Тæппуд мæ ма æнхъæлут! (Йæ къах айста.) Сæгуи (уромы йæ йæ къух фæдардæй). Фæлæу-ма уал, мæ хур! (Фæсивæдмæ.) Кæдмæ худинаджы æфсондз хæсдзыстæм?! Фыдæхъыз нын фыдæй фыртмæ нæ уарзон хъæбулты кæдмæ ныхъхъуырдзæн?! Ау, мах бирæ куы стæм, уый та иу. Науæд дзы цы дарæм, цы?! (Йæ хъама райхæлдта æмæ йæ дæтты Дзæбомæ.) Мæнæ дын хотых. Тох, æрмæст- дæр тох! (Уый йæ йæ фарсыл бæтты.) Базыр (йæ мидбынат фæтæррæст ласта). Æгъгъæд ын фæуæд! Ныр æндæр замантæ æрбалæууыдысты. Тыхæн тых йæ хуыздæр хос. Нал ын фидæм хъалон æмæ фæпи. Æрсой (йæ дзæмбы сдардта). Абон æм йæ амæттаг куынæуал сæмбæла, уæд æнæмæнг йæ сау лæгæтæй рабырдзæн. Сæр нæ бахъуыд, лæджы сæр! Тох! Æрмæстдæр æхсарджын тох! Батузæ (размæ рагæпп ласта). Ой, ахъуыды кæнут, уæ нывонд фон. Нæ фыдæлтæ цал хатты стох кодтой, фæлæ-иу сæ иуы бæсты дæсгæйттæй аныхъуырдта. Абон дæр ’та тæрсын, миййаг... Сæгуи (хæцы йæ карды сæрыл). Кæд йæ ныхмæ нæ фæлæууæм атæппæтæй, уæд нæ уадз æмæ аныхъуырæд хистæрæй, кæстæрæй. Фыд- вæдæй æвæд хуыздæр у. Æрсой (зæхх æрцавта йæ дзæмбыйæ). Нæ, Батузæ, нæ! Æгъ- гъæд! Тох. æпмæстдæр тох! Хæсты быдыры дызæрдыг кæнын тæппуды нысан у. Махæн нæ сагъæс, нæ бæллиц у уæлахиз æмæ йæ райсдзыс- тæм. Дæлдзæх фæуæд дызæрдыг! Æмхъæлæсæй: «Тох, æхсарджын тох! Дæлдзæх фод дызæрдыг!» Сæгуи, Ард бахæрæм, ард! Æмхъæлæсæй: «Ард хæрæм!» Знаджы ныхмæ тохы нæ чи фæтæрса, уый æлгъыст фæуæд йæхæ- дæг дæр æмæ йæ байзæттаг дæр. Æмхъæлæсæй: «Æлгъыст фæуæд, фыдæлгъыст!» (Сæгуи йæ муцъийыдзаг сыджыт систа.) Ард хæрæм, мæнæ нæ рай- гуырæн уæзæджы сау сыджытæй, нæ фыдгулы мæлæтдзаг тохы кæй ныссæтдзыстæм, ууыл. 3. «Фидиуæг» № 12. 33
Се ’ппæт дæр сæ армы систой сыджытæй! Иууылдæр æй се ’взагыл ададрдтой. Æвиппайды хъæды дзыхæй æрбасæррæтт ласта Кæрæфби. Иæ дæларм ,ис фысы агъд. Се ’хсæн цæгьдæджы мидæг сси. К æ р æ ф б и (ниуæгау). У-у-у! Мæн уæ бæрæгбонмæ цæуылнæ фæ- хуыдтат? Æви мын афтидармæй æрбацæуын æнхъæл уыдыстут?! (Иæ хуын чегъыремæ дæтты. Уый йæ куыд фæцæйиста, афтæ йæм Кæрæф- би фæкъæпп кодта. Чегъыре асæррæтт ласта, агъд иуæрдæм нынтъых- та.) Тæгубег (йæ хъамайы сæрыл фæхæцыд). Фитт! Гъе, уымæн дæм нæ фæдзырдтам, гъе, Кæрæфби! Дæ цæрæнбонты зыд æмæ кæрæф дæ. Де ссыртæ тугæйдзаг сты. Æууæнк дыл нæй. Ам чемæ кафай, уы- мæ дæр де ссыр ма фæдарай, фæлхæст, уый гæнæн нæй. Алчи дæ йæхи хизы. К æ р æ ф б и. Банцай, тæппуд! Дæхицæн тæрс æндæр макæмæн. Сæгуи (йæ кард фæстæмæ фесхуыста). Фæлæуут-ма! Чи цы у, уый зонæм. Ныртæккæ ард куы бахордтам нæ иумæйаг хъуыддагыл. Нæ кæрæдзимæ быцæуы сæр нæ ницæмæн хъæуы. Уынут, æризæр. Фы- дæхъызмæ йæ амæттаг куынæуал сæмбæла, уæд рабырсдзæн. Афтæ æдзæттæйæ нæ куы æрбаййафа, уæд бабын уыдзыстæм. Кзррæфби, цæугæ кæн не знаджы лæгæтгæронмæ. Куыддæр разына, афтæ нæм хабар кæн. К æ р æ ф б и. Цæуын! Уæ зæрдæ мыл дарут! Куыддæр фæзына, афтæ ам дæн тымбылцъæгæй. Фæлæ демæ Хъилхъус!.. (Тæгубегмæ бавзыста) Т æгу б ег (йæ хъама фелвæста). Фæлæу-ма, абырæг! Æз дæ ныртæккæ!.. Æрсой (ацахста Тæгубеджы). Гъо-гъо-гъо! Уæ масты фæдыл-иу ма цæут! (Йæ хъæбысы йæ фелвæста æмæ йæ зæххы æрсадзæгау кодг та.) * - - Кæ р æ ф б и (йæ дæндæгты къæрцц фæцыд). Дæ амонд басудзæд! Адон цур *дæ куыд аскъуыдтæ кæнон?! Æндæра дæ æз æд хъама аны- хъуырин, æвзæр къабускахор! (Фæцæуы лыстæг сиргæ.) Тæгубег (йæ фæстæ адзырдта). Гъæй кæн, гъæй! Æниу нæ зо- нын! Иæ хъустыл та искуыцæй сæгъы мехъ куы ауайа, уæд не ’ппæты дæр ныууæй кæндзæн?.. (Йæ сæр æнæразыйы тылд бакодта.) Паузæ. Æрбайхъуыст Каэрæфбийы дæргъвæтин ниуд: «У-у-у!» Иууылдæр ай- хъуыстой. "~ Сæгуи (йæ кæсæнцæстытæй афæлгæсыд). Уый фæдисы хъæр у. Не знаг, æвæццæгæн, рассæнды. (Фæсивæдмæ.) Цæугæ ут, æмæ уæртæ хъæды дзыхы аууон ран хæстæввонгæй лæуут. Мах, уæ хистæртæ, кæ- ронмæ алыг кæнæм нæ тохы хабар. Ахсæв кæнæ уый, кæнæ — мах! Хъæлæстæ: «Раст у, раст! Мах цæттæ стæм хæцынмæ дæр æмæ мæлынмæ дæр!» Фæсивæд къордтæ-къордтæй аивылдысты. Батузæ (йæ фырт Бачъейы фæурæдта). Лæппу, ды уал ам фæ- лæу, хъæугæ нæ кæндзынæ. Хистæртæ бæласы бындзæфхады алыварс æрбалæууыдысты. Семæ ис Дзæбо дæр. Сæгу и (йæ цæст сыл ахаста). Му-у-у! Рæхджы æхсæв йæ сау ба- зыртæ æрытаудзæн. Не знаг афонмæ лæгæтæй разынд. Афтæмæй нæ тохы уынаффæ кæронмæ лыг нæма у. Базыр (бындзæфхадмæ сгæпп ласта). Хъохъ! Уый нырма фы- нæй уыдзæн. Чи зоны, æмбисæхсæвты ралæса. Æз Кæрæфбийы ниудыл не ’ууæндын. Уый йæ цæрæнбонты афтæ ахуыр у. (Æрхызт.). Сæгуи. Базыр! Фыдæхъыз бирæгъты кæстæртæй дæр бирæты бабын кодта æмæ Кæрæфби хъуамæ ма фæсайа. Нæ тох иумæ, у, иумæ æмæ не знаг дæр иу у. Б а з ы р. Уый раст у. Мæн ма мæ фыдис бырынкъ æмæ мæ цыргъ ныхтæ уæдæ цæмæн хъæуынц?! 34
Æрсой. Хо-хо! Æниу мæн мæнæ ацы уæззау дзæмбытæ? (Йæ дзæмбы сдардта.) Æз æй уæнгцъæлтæ фæкæндзынæн. Куыддæр йæ сау лæгæтæй чысыл разына, афтæ йыл нæхи ныццæвдзыстæм. Науæд та нæ искæйты бабын кæндзæн. Т æ г у б е г (уый дæр бындзæфхадыл алæууыд). Фитт! Раст нæ зæ- гъут! Фыдæхъыз тохы куыддæр фæтыхса, афтæ йæ лæгæты фæстæмæ смидæг уыдзæн. Мах хæлиудзыхæй аззайдзыстæм. Фæлтау æххæстæй куы ралæса, уæд æм алырдыгæй балæбурдзыстæм. ■ - Сæгуи. Тæгубег раст у! Уадз æмæ йæ лæгæтæй раиппæрд уа. Искæйты, дам, нæ бабын кæндзæн. Æмæ хæст æнæ зиæнттæй кæд вæй- йы?! Б а з ы р. Хъохъ! Уый афтæ фод, фæлæ, комкоммæ сисгæйæ, нæ то- хы архайд куыд уыдзæн, куыд? (Иууылдæр айхъус сты.) Сæгуи. Фыдæхъыз куыддæр йæ лæгæтæй фæиппæрд уа, афтæ йын Базыр хъуамæ йæ сæрыл абада. Акъаха йын йæ зынг цæстытæ. Уыдон судзгæ фаттæ кæуыл аныдзæвынц, уый уайтагъд андзыг вæй- йы. Æрсой йæ дæрæн кæндзæн йæ дзæккор дзæмбыйæ. Афтæ йæ не ’ннæ хæстонтæ дæр цæвдзысты алырдыгæй. Æрмæст нæ уынаффæ у бынтон сусæг. Хъуамæ йæ æцæгæлонæй мачи зона. Се ’ппæт дæр фæйнæрдæм айхъуыстой. Базыр æвиппайды сæ фаллаг фарс наз бæласмæ йæхи баппæрста. Уырдыгмæ атахти сау Халон. Базыр (мæстыйæ æрбаздæхт). Нæ ныхæстæ нын, æвæццæгæн, иууылдæр фехъуыста æмæ нымудзынмæ атахт. Хъæлæстæ: «Фехъуыста, фехъуыста! Тагъддæр æй скуынæг кæнын хъæуы». Сæгуи. Му-у-у1 Æмæ ма йæ кæм ссардзыстæм? Цæмæй зоны, цы ’рбаци?.. Базыр. Æз ныртæккæ йæ фæдыл бафтдзынæн. Уый кæд дзырд- хæссæг у, уæд æнæмæнг уыдзæн Фыдæхъызы лæгæтмæ æввахс. Мæхи уым æраууон кæндзынæн æмæ куы фæзына, уæд мын сар йæ сæр кæны! С æ г у и. Раст зæгъыс! Тæхгæ кæн, цалынмæ нæ банымыгъта, уæд- мæ. (Базыр атындзыдта.) * Тæгубег. Фитт! Фитт! О, æмæ халон мах цæмæн хъуамæ баны- мудза?.. Фыдæхъыз ын тæккæ фарон йæ фондз лæппыны æд ахстон куы аныхъуырдта. Æрсой. Гъо-гъо-гъо! Халонæн фыдæй нырмæ йæ туджы ис ны- мудзын, дзырд хæссын. Фæлæ йын кæд нæ бантысид. Базыр сæрæн, цæхæрцæст у, Кæрæфби лæнк-лæнкгæнгæ æрбахæццæ. Кæрæфби. У-у-у! Фыдæхъызæн йæ сæр иу зынд фæкодта лæгæ- тæй æмæ та фæстæмæ амбæхст. Æз ма йæм фенхъæлмæ кастæн. Æрæг- мæ дæр уæм уымæн æздæхтæн. Сæгуи. Уæдæ уым Базыр æмæ Халоныл дæ цæст никуы схæцыд? Кæрфби. Нæ, цытджын хистæр! Æз æрмæст дæр лæгæты рахц-- зæнмæ кастæн. Сæгуи. Хорз! Цæугæ кæн дæлæ хъæды дзыхмæ æмæ нæ хæстон- тæн бафæдзæхс, цæмæй алы уысм дæр хæстæввонг ой. (Кæрæфбы атын- дзыдта). Б а туз æ (къодахмæ сгæпп ласта). Цытджын Сæгуи! Мæнмæ гæс- гæ, хъахъхъæнæг æрвитын хъæуы. Не знаг йæ лæгæтæй куы фæхицæн уа, уæд нæм чи фæфæдис кæна, ахæм. Сæгуи (исдуг айхъус). Уый чи æмбæлы, ахæм фæнд у. Фæлæ кæй арвитæм? Батузæ. Хъуа-хъуа! Уæ фарн бирæ уæд, фæлæ мæнæ мах лæп- пу цырддзаст æмæ къæрццхъус у. (Бачъе размæ рахызти.) Сæгуи. Му-у-у! Бузныг, Батузæ, фæлæ дæ фыртæн йæхи дæр фæнды? Иæ ныфс хæссы? Б а ч ъ е. Стыр кадыл æй нымайын мæхицæн. Цæттæ дæн хæцын- мæ дæр æмæ мæлынмæ дæр. (Хæцы йæ цыбыр хъамайы сæрыл.) 35
Батузæ (йæ фыртмæ). Лæппу, Куыддæр Фыдæхъыз разына, афтæ йæ цæстыты джебогъ рухсытæй дæхи хиз. Махмæ-иу æвæстиатæй ныффæдис кæн. Цæугæ ныр! Фæндараст фæу!.. Тæгубог (уый дæр къодахмæ сгæпп кодта). Цытджын хисдæр, мæнмæ гæсгæ иу разысгапæг фаг нæ уыдзæн, уæлдайдæр Бачъе нырма æрыгон у. Нæ фыдгулы æвиппайды куы ауына, уæд йæ чысыл зæрдæ миййаг... (Се ’ппæт дæр айхъцс сты.) Сæгуи. О, ахæм рæстæджы дыууæ иуыл нымад сты, иу та ни- цæуыл. Кæй ма арвитæм? Дзæбо (Сæгуимæ скаст). Мæн арвитут. Æппындæр ницæмæй тæрсын. (Сæгуи ницы дзуры.) Т æ г у б е г. Кæд мæ аккагыл нымайут, уæд æз цæттæ дæн. Æп- пæлгæ нæ кæнын, фæлæ сарæхсдзынæн. Уæлæрвты маргъ куы фæцæй- тæхы, дæлдзæхты мæлдзыг куы фæцæйбыры, уæд дæр сæ базонын сæ фыццаг фезмæлдæй. Сæгуи (йæ уæхсгыл йын хæларæй æрхæцыд). Хорз! Фæндараст! Нæ зæрдæ дыл дарæм. Ды, Дзæбо, уыдзынæ æдзухдæр мæ цуры. Т æ г у б е г (заргæ фæцæуы).. Ой, тох ныккодта, тох, Хъæбатыр Тæгубег! (Йæ риу хойы, йæ рихи здухы.) Фæзынди та Кæрæфби. Сæгуимæ æввахс балæууыд. Йæ дæндæгты къæрцц фæ- цыд. К æ р æ ф б и. Нæ фæсивæд хæстæввонгæй лæууынц. Æнхъæлмæ кæсынц фæдисы фæхъæрмæ. (Бакаст æм, йæ былтæ астæрдта.) С æ г V и (йæ карды сæрыл æрхæцыд тызмæгæй). Хорз! (Йæ кæсæн~ цæстытæй аæгæтмæ фæлгæсы.) Батузæ. Цытджын Сæгуи! Алкæмæн дæр йæ тохы бынат баца- мыдтай. Æз æмæ Кæрæфби та цы ми кæндзыстæм? Сæгуи. Фыдæхъыз йæ лæг?етæй дзæвгар куы раиппæрд уа, уæд ды æмæ Кæрæфби л’æгæты размæ бахæссут битъынатæ. Не знаг хуры тынæй куыл тярргьт, асЬтя* йæ удхæссæг у битъьшайы тæф дæп. Æрсой. Гъо-гъо! Раст у. Мах тох куы самайæм, куы фæтæрса, уæд фæстæмæ, йæ лæгæтмæ лидзыныл фæуыдзæн. Кæд æй битъынаты тæф фæуромид. К æ р æ ф б и (йæхи фесхъæл кодта). Уый ницы фæнд у. Куы фæ- тæрса, уæд битъынатæ йеддæ нал фæхъуыды кæндзæн. Æ р с о й. Æмæ дæм уæдæ цы фæнд ис? Б а з ы р. Хъохъ! Лæгæтмæ бахизæны сис самайæм, куы радард уа, уæд. Фæстæмæ йын балæсæн куыннæуал уа. Сæгуи. Нæ, уый ницы! Кæддæр, дам ын нæ фыдæлтæ ахæм ми бакодтой, фæлæ сис йæ дымæгæй ныххафта æмæ базгъæлæнтæ. Уæл- дай ныхас нал! Алчи уæ йæ хæстон бынатмæ цæугæ! Дзæбо, куыд дын загътон, афтæ. Ды уыдзынæ æдзухдæр мæ цумагæнæн. (Сæгуи æмæ Дзæбойы йеддæмæ иннæтæ ацыдысты.) Æмбæрзæн ДЫККАГАКТ ФЫЦЦАГ НЫВ Мæйрухс. Сценæйы кæрон иу рæсугъд хæдзар. Иæ фарсмæ каубыд. Тæгубег æр- басиры. Куы иуæрдæм ахъахъхъæны, куы иннæрдæм. Æрлæууыд. Тæгубег. Ау, Фыдæхъыз нæма рабырыдаид нырма? Иæ амæт- таджы нæ агуры, æви? Цом, лæгæтмæ æввахс атындзон. Сæгуи мæнмæ æнхъæлмæ кæсдзæн. (Рауайы. Хæдзары къулгæрон цæхгæр фæлæууыд. Смуды.) Фитт, фитт! Уый цæй карз тæф у? (Æввахсдæр бацыд къул- гæронмæ. Иу ранмæ æркаст. Смуды та. Йæ рихи адаудта.) Фитт! Зам- 36
манайы хъарм æнтыд! (Нысмыста йæм.) Ха-ха-ха! Æлдаратæ, æвæц- цæгæн, арахъхъ рауагътой. Цæй, мæхи дзы хорз фенон. Æмæ куы фæ- расыг он? Мæ хæстон хæс! Сæгуи мын цы зæгъдзæн? Сабыр у нæ хис- тæр, фæлæ ахæм заманы йæ бон у, æмæ мыл йæ кард æрсæрфа. Алæ, уанцон расыг нæу? Фыдæхъыз дæр мын кæдæм ирвæзы! (Æргуыбыр æмæ æнтыд стæрын райдыдта. Стæм хатт йæ рихи адауы. Йæ хъама- йыл фæстæмæ фæхæцыд.) Хи-хи-хи» Куыд хорз у. Фæхъæлдзæг дæн. (Чысыл фæцудыдта.) Æнхъæлдæн, мæ сæры бацыд! Кæдæм бацыд? Мæ чысыл сæры. Æмæ уым магъз куы ис, уæд ма дзы бынат ис, цымæ? Æмæ дзы, чизоны, магъз нæй. (Залмæ.) Сымах æй нæ зонут, ис дзы магъз? (Фæцудыата.) ли-хи-хш А,гъгъæд у. Æгъгъæд! (Каугæрæтты, цуттытæгæнгæ, фæцæуы.) Т æ г у б е г (зары.) - Багъæц, багъæц Фыдæхъыз, Вафæлвар-ма, æрбахъуыз, А-лæппу дыл йæ хъама Хорз бавзара хъуамæ. (Фæцуды.) Гъей, æмæ мæнæй уый, цæугæ! Хъуамæ Фыдæхъызы ссарой. Мæнæ йын ацы хъамайæ... (Фелвæста йæ хъама.) Иæ сæр акъуырон. Бахæссон æй Сæгуимæ, кæддæра ма мæм Кæрæфби дзурын суæндид Фæзынд Кæрæфби. Æнцад алæууыд. Фæлгæсы. Кæрæфби (Тæгубегмæ). Гъа, гъа! Ныр та ма мын кæдæм ир- вæздзынæ, Зылындзæст! Æтт, ды кæмæ лæбурдтай, кæ?! (Иæхи йæм баппæрста. Тæгубег асæррæтт ласта. Кæрæфби йæ феййафы. Гъаныр æй ацахса, афтæ Тæгубег цæхгæр фæстæмæ фæзылд. Кæрæфби фæ- тыхст, нал фæцарæхст. Уæдмæ Тæгубег кйуы зыхъхъыры фæмидæг. Кæрæфби йæ фæдыл, фæлæ дзы ныффидар. Йæ гæндзæхтæ цæгъдрь. Нал фæстæмæ комы, нал размæ. Тæгубег æм фездæхт). Тæгубег (йæ разы æрлæууыд. Хъыллиппытæ кæны). Ха-ха-ха! Фитт! Гъы, куыд у, къуыбырхъус?! (Йе ’взаг æм фелвасы. Æркафы). ^Лæнгард, Сæгуи дæ куы арвыста, уæд ды ам, дзæгъæл быдыры, цы хæ- тыс?! Æви та сæгъы мехъхъ дæ хъустыл искуыцæй ауад? Ха-ха-ха! (Зары). Ой, Кæрæфби, Кæрæфби, Мауал-иу кæн кæрæф ми. Кæрæфби (схъырны). У-у-у. Хъæр-ма кæн, æдылы. Æлдараты куыйтæ нæ фехъусдзысты æмæ уæд райгæ у дæ тæппудæй. Æз ма, чи- зоны... Тæгубег. Фитт! Фитт! Æз куыйтæй нæ тæрсын. Мæ хæлæрттæ сты, фæлæ дæуæн уайтагъд дæ хъуын ацæгъддзысты, бецау! Ха-ха-ха! Ды кæд афтæ хъæбатыр дæ, уæд Фыдæхъызмæ Дзæбойы бæсты бацу. Æниу, цæй хæлттæ феппарæм, цæй?! Дæ разæй знаджы амæттаг ча хъуамæ фæуа?.. Кæ р æ ф б и (стæлфыд). У-у-у! Т æ г у б е г. Не ’ппæт дæр дæ бæргæ фервæзиккам, фæлхæст! Кæ р æ ф б и (скæуæгау кодта). Ау-у-у. Ма хъæр кæн, дæ хорзæ- хæй. Фæлтау мæнæ кауы уистыл уæлæмæ схæц æмæ нæ дыууæ дæр нæ- хи хъæдмæ айсæм. Фыдæхъыз дæр ныр уым уыдзæн, кæд ралæстис, уæд. Тæгубег. Ха-ха-ха! Æз демæ хъæдмæ?! Мæлæты æууæнкджын! Кæрæфби (алырдæм ахъахъхъæдта. Ныллæг хъæлæсæй). Æу- у-у. Ард дын хæрын мæ намысæй. Тæгубег (залмæ дзуры). Ха-ха-ха! Бирæгъ ард хæры йæ намы- сæй. Диссаг уæм нæ кæсы, мæнæ хорз адæм?! Кæ р æ ф б и (йæ сæр ныттылдта). Æу-у-у! Куы ма аирвæзин, уæд дын æз бæргæ дæ хъилхъустæ... Тæгубег (йæ разы скафы. Чысыл фæцуды). Фитт, Фитт! Ныр- 37
тæккæ дæм куыйтæ сысмуддзысты. Уыдон дæ бафæрсдзысты, ам цы ми кæныс, уымæй. Æз Фыдæхъызы марынмæ цæуын. Хорзæй баззай! (Йæ къух æм тилы. Фæцæуы.) К æ р æ ф б и. Гъей диссæгтæ, гъе! Тæппуд Хъилхъус Фыдæхъызы марынмæ фæцæуы?! (Йæ сæр нынкъуыста.) Т æ г у б е г (фæстæмæ фæзылд. Йæ хъама фелвæста). Фæлæу-ма, фæлæу! Æз дын дæ сæр ахауын кæнон, налат! (Æрбатындзы, цуттытæ- гæнгæ. Цæхгæр фæлæууыд.) Нæ, мæ хъама де ’взæр туджы куыд сту- лон. Уадз æмæ дæ куыйтæ ныскъуыдтæ кæной, кæнæ дын сæ хицæуттæ дæ астæу асæттой. (Фæстæмæ раздæхт. Цæуы цудтытæгæнгæ. Зары.) Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, Æз хъæбатыр тæрхъус дæн. Бирæгъ фæзын мæ хъæрмæ, — Аскъуынон дын дæ хъустæ. К æ р æ ф б и (стæлфыд, кæугæйæ). Æу-у-у. (Йæ дæндæгты къæс- къæс цæуы.) Т æ г у б е г (фæцæуы заргæ). Ой, уæрæйдæ, уе стæн, Алчи тæрсы, мæ алчи. Арс мæ цуры куы фестид, — Атонин ын йæ уачъи. Æрсой æвиппайды йæ фаллаг фарс хъæдæй æрбакаст. Æрсой (ныххудтис). Ха-ха-ха! Æй, бæдæйнаг, Тæгубег! Дæ хор- зæхæй, ацы хатт ма мæ ныууадз. Ма мын атон мæ уачъи. Мæнæ мæ нæ хæстонтæ Сæгуимæ рарвыстой. Тæгубег (ацудыдта). Дæ амонд у æмæ лæгъстæмæ фæдæ, æн- дæра дæ мæнæ афтæ аскъуыдтæ кодтаин. (Йæ къухтæ кæрæдзиуыл куыд атыхта, афтæ зæххыл сæмбæлд.) Æрс’ой. Гъо-гъо-гъо! Ничи йæм кæсы, ничи! Æвæццæгæн, расыг у. Тæхуды, дæ зæрдæйæ иу къæрут. (Фæстæмæ аздæхти, фæаууон.) Т æ г у б е г (цæды, цух-мухтæгæнгæ. Наз бæласы бынмæ бахæц- цæ, фæйнæрдæм ’акæстытæ кодта.) Ардыгæй райсоммæ ам фæфынæй кæндзынæн. Фыдæхъызæн дæр ма ахсæв цы мæ бон у?! Кæд исты ха- бар уа, уæд Бачъе... (Хуыссæг ыл тых кæны. Назбæласы бын згъæлæн- тæ размæста æмæ æрхуыссыд.) Х-х-х! (Йæ хуыр-хуыр цæуы) Æваст æрбайхъуыст куыйты рæйын. Кæрæфбимæ сæхи раппæрстой. К æ р æ ф б и (хъæлæсыдзаг нынниудта). Æу-у-у! (Йæхи куыд ари- уыгъта кауы зыхъхъырæй, афтæ йæм куыйтæй иу фæлæбурдта æмæ йын йæ дымæг атыдта. Кæрæфби цыппæрвадæй хъæды смидæг. Æрба- сиры. Бæласы бын Тæгубеджы ауыдта. Цæхгæр фæлæууыд.) Гъе-гъе! Ныр мын сар дæ сæр кæны! Кæдæм ма мын ирвæздзынæ. (Йæ дæндæг- ты къæрцц фæцыд. Йæ дымæгмæ фæстæмæ фæзылд, фæлæ дзы ницыуал уыд æмæ цъилау тымбыл ныззылд.) Æу-у-у! (Баввахс назы бынмæ. Тæгуыбеджы хуыр-хуыр йæм райхъуыст, стæм хатт — йæ зарын дæр.) Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, • Æз хъæбатыр тæрхъус дæн. Бирæгъ, фæзын мæ хъæрмæ, — Атонон дын дæ хъустæ. Кæрæфби (йæ хæдцурмæ багæпп ласта.) Гъæтт! Мæнæ дæн, мæнæ! Фæзындтæн дæм. Ныр мын нал аирвæздзынæ. Дæу тыххæй баз- задтæн æнæ дымæг. Тæгубег (хъæрзгæ, рабадти). Охх, охх, мæлын... (Кæрæфбимæ скаст.) Бахæр мæ. Цæмæ ма мæм кæсыс? Кæрæфби (йæ дæндæгты къæрцц фæцыд). Цæмæй мæлыс, Хъилхъус? Тæгу бег (хъæрзгæйæ). Дæ бырынкъ ма мæм æввахс æрдар. Æз дæм баулæфон. (Кæрæфби йæм йæ дзых æрдардта. Æвиппайды йæ фæстæмæ аскъæфта.) 38
Кæрæфби (тутæ кæны). Пу-пу! Æгъ! Уый цæй хъылмайы тæф кæныс, уагæры? Оу, мæ зæрдæ схауы. Тæгубег. Æмæ дын уæдæ мæнг дзурын?! Цыдæр марг арахъхъ- ^æццæ æнтыд бастæрдтон æмæ сæфын. Мæ зонд фæхæццæ. Мæ сæр зилы. Омын. (Ауæлхъ кзены.) К æ р æ ф б и. Уый, æвæдза, зондæй уыйбæрц арæзт, никуы уыдтæ. Нæ фæлæ, мæнæй дæр уымæн хынджылæг ыскъæрдтай æмæ расыг уыдтæ? Тæгубег (дисгæнгæйæ). Уанцон нæу? Ау, дæу мæстæй мардтон? Фæлтау дзыхъмард куы фæуыдаин. Не ’ппæты æхсар æмæ фидыц ды куы дæ. К æ р æ ф б и. Канд мæстæй мæ нæ мардтай, нæ! Мæнæ мын мæ дымæг дæр атонын кодтай Æлдараты куыйтæн. Фæлæ ныр куыд? • Т æ г у б е г. Куыд? Дæ бар дæн, æмæ дæ куыд фæнды, афтæ. Фæ- лæ мæ расыгæй куы бахæрай, уæд дын æнæмæлгæ нæй æмæ тæригъæд дæ. Дæ хуызæн сахъ бирæгъ. (Ныуулæфыд.) Оу, мæлын, нана. Уæлхъ, уæлхъ! К æ р æ ф б и. Уæдæ дæм цы фæнд и? (Йæ дæндæгты къæпп та фзе- цыд.) Т æ г у б е г. Цы, цы, уæртæ чысыл фалдæр дæхи æруадз æмæ мæн хъахъхъæн. Æз ардыгæй райсоммæ ам фынæй кæндзынæн. Мæ расыг æрцæудзæн. Арахъхъы тæф нал кæндзынæн æмæ мæ уæд бахæр. На- уæд ахæм хуызы мæ дзидзайæ фæхъæстæ дæ, уæд дын æнæмæлгæ нæй. Уый дæр æррайæ. К æ р æ ф б и (йæ дымæг агургæ та тымбыл æрзылд). Хорз. Зон æй, æз дæуæй мæ цæст нал райсдзынæн. Мæнæ лидзынвæнд скодтай, уæд... Т æ г у б е г. Æмæ ма цæмæ лидзын? Цы уæлдай ма мын у? (Йæ раздæры бынаты йæхи æруагъта. Кзерæфби та чысыл æддæдæр æр- хуыссыд. Тæгубегæн йæ хуыр-хуыр райхъуыст.) Кæрæфби (йæ сæр фæхъил кодта). Ма фæхуыдуг уа. Уæд æй ацу æмæ хæдмæлæй хæр. Нæ фæлæ, цы хъылмайы тæф кæны! (Зал- мæ.) Арахъхъ чи нуазы, уыдон, æвæдза, бынтон сæфт сты. Тæригъæд не сты сæ бинонтæ кæнæ се ’мкусджытæ, уыдонмæ чи фесмуды. (Æр- хуыссыд та.) Уæртæ иу æндæр бирæгъ æрбасиры. Тæгубеджы хуыр-хуыр куы айхъуыста, уæд æм фæкомкоммæ. Бирæгъ (цингæнгæ). О, о! Уæртæ мæ лæппынтæн цы аходæн ссардтон? Куыд тарф фынæй кæны, мæгуырæг. Æз æй’ ныртæккæ... К æ р æ ф б и (мæстыйæ). Æз дæ саходæн кæндзынæн! Æвзæр дзæ- гъæлхæтæг! Бирæгъ (фæзылдис æм). Ды та чи дæ, чи! Банцай, фæлхæст! Бакæс-ма йæм, бакæс. Иæ фыркæрæфæй йын йæ дымæг дæр атындæ- уыд. Кæрæфби (йæхи йæм раскъæрдта). Фæлæу, æз дæ ныртæккæ!.. {Кæрæдзиуыл сæхи ныщавтой. Хъуысы сæ хъуыргъуындæг. Куы сæ иу фæбынæй вæййы, куы — се ’ннæ. Сæ хъуын бындзыггай згъæлы. Фæс- тагмæ ныффæлладысты. Кæрæдзиуыл ма æнæбары бахауынц. Уæдмæ сæ дыууæ дæр ныддæргъ сты. Нал змæлынц.) Æрбабон. Тæгубег райхъал. Йæхи аивæзта. Йæ алварс афæлгæсыд. Тæгубег (кæсы бирæгътæм. Иæ сæр батылдта). Фитт! Дыууæ бирæгъы марды. (Йæ сæр та бынкъуыста.) Худинаг мын нæу, худинаг! Тæрхъус хъуамæ афтæ баназа?! (Ныззарыд.) Гъей, гъей, мæнæй уый, фæуæд дын сау марг, — Арахъхъдзуан ма хизыс къæсæрæй! Ацы бирæгъты куыд кодтон сау мард, Гъе, уый бынтондæр фæхауд мæ сæрæй. 39
Цом ныр Фыдæхъызы лæгæтмæ мæхи байсон. Сæгуи мæнмæ æн- хъæлмæ кæсдзæн. (Ацыд.) Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Сценæ. Къуылдым. Иæ быны сау дары Фыдæхъызы лæгæты бахизæн. Йæ сæрыл. бæласы саджилæй зыны Базыр. Лæгæты бакомкоммæ къуыбырыл бады Бачъе. Бæрзонд къæйдуры фæстæ зыны Тæгубег. Сценæйы фаллаг кæрон обауыл лæууы Сæгуи, йæ карды сæрыл хæцы, афтæмæй. Иæ фарсмæ — Дзæбо. Батузæ (йæ дæлармы битъынатæ æрбахæссы). Цытджын Сæгуи, адон лæгæтмæ хæрз æввахс æрæвæрон? С æ г.у и. Нæ! Дæлæ уал сæ дарддæр æрæвæр, сæ тæф лæгæты дуармæ куыннæ хæццæ кæна. Ныр, æвæццæгæн, не знаг тагъд зын- дзæн æмæ сæ куы бафиппайа, уæд фæстæмæ йæ лæгæты амбæхсдзæн. Нæ фæлæ дын Кæрæфби кæм ис? Демæ йæ куы рарвыстон? Батузæ. Дысон дæуæй куы рацыдыстæм, уæд мын хъæдгæрон æрбайсæфт. Мæ цæст дæр æй нал ауыдта. Д з æ б о. Диссаг у, Фыдæхъыз куыд æрæгмæ зыны? Кæд ын Ха- лон исты фехъусын кодта... Сæгуи. Му-у-у! Нæ мæ уырны. Базыр йæ хæдфæстæ куы атахт, Уæвгæ, цы бæрæг ис? Фыдгæнæг хин æмæ кæлæн у. Фенæм. (Батузæ- мæ) Ды уал цæугæ! Битъынатæ ноджы дæр æрбахæсс. (Батузæ ацыд.) Ды, Дзæбо, æппынæдзух мæ цуры лæуу. Тох куы сцырын уа, уæд мæ цумайæн хъæудзынæ. Дзæбо (йæхи фесхъæл кодта). Ме-е! Иттæг хорз! Æз кæддæрид. цæттæ дæн. Æвиппайды Халон лæгæты хæдсæрмæ февзæрд. Алырдæм ахъахъхъæдта, стæй йæ сæр бынмæ æрдардта æмæ дзуры. Халон (ныллæг хъæлæсæй). Хъуахъ-хъуахъ! Уæ, Фыдæхъыз^ Фыдæхъыз! (Ницы дзуапп æм хъуысы. Чысыл дæлдæр æртæррæст код~ та.) Хъуахъ! Фыдæхъыз, уæ Фыдæхъыз! Хъæлæс лæгæтæй: «Ш-ш-ш, ш-ш-ш! 'Чи дæ, цы дæ хъæуы, уæдæ?». (Халон ноджы дæлдæр æруад). Æз дæн, æз. Дæ хæрзгæнæг — ХалонГ Ф ы д æ х ъ ы з. Ш-ш-ш! Æмæ дæ цы хъæуы, сау халон? X а л о н. Хъуахъ! Де знæгтæ дыл хъулатæ райдыдтой. Марынвæнд дын ныккодтой, марынвæнд. Ф ы дæхъыз (хъæрдæрæй). Ш-ш-ш! Чи сты, чи?! Кæд мæм бырс- дзысты? Халон (ноджыдæр дæлдæр æруад. Алырдæм ахъахъхъæдта). Сырдтæ, сырдтæ. Дæ хъалондартæ. Марынмæ дæ хъавынц тæккæ ах- сæв. Фыдæхъыз (мæстыйæ). Ш-ш-ш! Уæдæ мын мæ хъалон дæр уы- мавн нал æрбарвыстой?! Фæлæу, æз сын фенын кæндзынæн. Базыр бæласы саджилæй рагæпп ласта. Халоны ацахста. Уайтагъд æй, йæ сау пакъуыкалгæ, Сæгуийы размæ баскъæфта. Б а з ы р (Халоны зæххыл æртъæпп кодта. Уый фыртæссæй ныххæ- бщц). Мæнæ, гъе, нæ нымудзæг. Раст æй йæ фыдракæнды уæлхъус баййæфтон. Сæгуи (мæстыйæ). Фыдæхъызæн исты загъта? Б а з ы р. Хъыгагæн, о! Бадзырдта йæм. С æ г у и. Цы йæм бадзырдта? Б а з ы р Де знæгтæ, дам, дæ марынвæнд ныккодтой. С æ г у и. Æмæ уæд Фыдæхъыз? Б а з ы р. Фæстагмæ сусæгæй дзырдтой æмæ, кæронмæ се ’хсæн цы ныхас уыд, уый æххæст нæ фехъуыстон, фæлæ йæ Фыдæхъыз мæстыйæ бафарста: Чи, дам, сты? Уæдмæ Халоны ацахстон æмæ æнæдзырдыбон фæцис. 40
X а л о н (Сæгуимæ скаст). Æгонгæй, кадджын пехуымпар. Раст нæ зæгъы. Æз нымудзгæ нæ кодтон. С æ г у и (мæстыйæ. Йæ карды сæрыл æрхæцыд). Уæдæ йæм сусæ- гæй цæмæн бахæццæ дæ? Мæнгард? Халон (фыртæсæй йыл къæзынæг бахæцыд). Хъуахъ, хъуахъ, хъуахъ! Æз æй сайгæ кодтон. Цæмæй тагъддæр-р ралæ-са-а æмæ йæ ным-м-ма-рæм. Базыр (æввахс æм балæууыд). Хъуахъ, хæдмæлхор! Уæдæ нæм абондæргъы нæ тæрхоны бынаты æмбæхст ранæй уый тыххæй хъуыстай, нæ?! Халон (Йе ’мгубаччы æрзылд). Хъуахъ-хъуахъ! Æз, æз-з, æз уæ хъахъхъæнгæ кодтон. (Æвиппайды стахт, фæлæ йæ Базыр ацахста). • Базыр. У-у. мæнгард! Аирвæзынмæ ма хъавыс?! С æ г у и (йæ кард фелвæста. А-ныр æй æрриуыгъа, афтæ фæ-лæу- уыд). Нæ! Уый æхсаргардæй марыны аккаг нæу. Ардыгæй йæ адде кæ- нут æмæ йæ уæртæ хъæдгæрон... (Базыр æм фæлæбурдта æмæ йæ бæлæсты ’рдæм ахæр-хæр кодта. Фæаууон сты. Сæгуи йæ кард йæ кæрддзæмы ныхсуыста. Дыууæрдæм рацу-бацу кæны. Фæзынд Базыр.) Базыр (Сæгуимæ). Хъохъ! Фæцис! Иæ сау пакъуы йын уæлла- гон дымгæ аскъæфта. Сæгуи (Дзæбомæ). Не знаг ныр тагъд зындзæнис. Уайгæ кæн нæ хæстонтæм æмæ сæ бафæдзæхс. Куыд бадзырдтам, афтæ. Цалынмæ Фыдæхъыз лæгæтæй раиппæрд уа, уæдмæ йæм бырсæн нæй. Дзæбо (йæ сины сæртыл фæхæцыд). Ныртæккæ тæхын! (Аз- гъордта.) Б а з ы р. Цытджын Сæгуи, æмæ цæмæй базондзыстæм бырсыны рæстæг? Сæгуи. Му-у-у! Ды дæр уырдæм ацу æмæ мæм дæ хъус дар. Куыддæр ме ’хсаргард хæрдмæ, сдарон, афтæ лæуут абырсынæввонгæй. Уый фæстæ Дзæбо фæдисы сыкъайæ куы ныццæгъда, уæд бырсгæ. (Арвмæ скаст.) Æвæццæгæн, æхсæвæй бирæ рауад. Уæлæ Хуры фырт Бонвæрнон кæйонг сфардæг! (Базыр ацыд, Сæгуи та дыууæрдæм /Ль цу-бацу кæны.) , Д з æ б о (тагъд-тагъд æрбахæццæ. Йæ фарсыл сыкъа размæ æрба- зылдта). Се ’ппæт дæр цæттæ сты. Æнхъæлмæ кæсынц фæдисы хъæр- мæ. Æвиппайды лæгæты ’рдыгæй райхъуыст дæргъвæтин æхситт — ш-ш-ш! Дыууæ тæмæн рухсы таджы, судзгæ джебогътау, æхсæвы риуы аныхстысгы. Бачъе (ныхъхъæр кодта). Фæдис, фæдис, фæдис! Фыдæхъызы цæсты фат ыл аныдзæвд æмæ къодахы сæрæй расхъиудта. Æдзæм- мард фæци. Тæгубег къæйдуры фæстейы чысыл ракаст æмæ уайтагъд амбæхст. Фы- дæхъызæн лæгæты дуарæй йæ сæр разынд.) Фыдæхъыз (йæ сæрыл бæрзонд схæцыд). Чи куыдз, чи хæрæг бауæндыд мæнмæ?! Чи мæ кæны марынвæнд? Æргом-ма рацæуæд мæ ныхмæ! (Ныхситт кодта хъæрæй). Тагъд мæ хъалон мын. (Йæ дзых аивæзта, йæ саджил æвзаг раласта. Цъыфдзастæй хæфсытæ гæпп-гæпп кæнынц йæ размæ, хъæдгæронæй дзæбидыр æмæ сычъийы сæныччытæ. Тæгубег сæ размæ хъамалвæстæй рабырста.). Тæгубег (мæстыйæ). Фит! Фитт! Тагъд фæстæмæ, тæппудтæ. Кæдæм тæхут барвæндæй йæ дзыхмæ. Æгъгъæд! Фæци йæ тыхы дуг. Ахсæв кæнæ — уый, кæнæ — мах! Фыдæхъыз. Ш-ш-ш! Чи у, чи, уыцы æнамонд? Мæ амæттаг мын мæ дзыхæй чи æлвасы? Алæ-ма, æз æй ныртæккæ фæнык фестын кæ- нон. (Йæ цæстытæ ферттывтой. Тæгубег къæйы фæстæ амбæхст. Калм уæдмæ лæгæтæй фæхицæн.) Тæгубег. Ралæс, ралæс! Ахсæв ма дæ фæстаг балц у! Æз дæ æрдумæ дæр нæ дарын. Ф ы д æ х ъ ы з. Ш-ш-ш! Багъæц уæдæ! Æз мæхæдæг азилон хъæдты 41
ты æмæ фæзты. Цы фæци, мæ ныхмæ чи дзырдта, уыцы хъæбатыр? Æр- гом-ма рацæуæд, æргом! (Йæ сæр разил-базил кæны.) Тæгубег (фæскъæйæ). Мæнæ дæн, мæнæ! Мах дæ ныртæккæ... Стæй дæм уæдмæ хур дæр æрындавдзæн æмæ сау фæнык фестдзынæ. Ф ы д æ х ъ ы з (йæ сæрыл бæрзонд схæцыд). Ш-ш-ш! Æз ахсæв зæх- хыл къахылдзог нал ныууадздзынæн. Хуримæ дæр бафидаудзынæн. Ныр- онг дæр уæм барæй лæмæгъ лæууыдтæн. (Йæ сæрыл ноджы бæрзонддæр схæцыд. Йæ рухсы зынг фаттæ арвмæ фæцарæзта). Уæлæ уый Хуры фырт Бонвæрнон нæу?! Фæхъахъхъæнут ма йæм! (Бонвæрнон, æцæгæй- дæр, таркæнын райдыдта. Фæстагмæ бынтондæр банымæг.) Сæгу и (йе ’хсаргард фелвæста. Æрттивгæ йæ бæрзонд сдардта). Цы фестут?! Размæ! Д з æ б о (йæ фæдисы сыкъайæ ныццагъта). Д-у-ду-т, ду-ду-т! (Хæс- тонтæ рагуылф кодтой. Бйзыр — сæ разæй, Æрсой — сæ фзестæ.) Æ р с о й (Фыдæхъызы æккой абадт къæдзилырдыгæй. Цæвы йæ. Ин- нæтæ дæр йæ фæтæн чъылдыммæ скалдысты). Гъо-гъо! Налат! С æ гу и(кардæлвæстæй). Гъе, гъе, Æрсой! Дæ уæззау дзæмбытæ ма дæ цæмæн хъæуынц! Базыр, цæмæн ма дæ хъæуынц де ’нгуыр бы- рынкъ æмæ дæ фыдис ныхтæ?! Иæ марг цæстытæм ын хъав. Фыдæхъыз исдугмæ андзыгау, стæй йæхи фæкъæдз кодта. Хъуысы йæ мæсты æхситт: «ш-ш-ш!» Æрсой (йæ дзæмбы дæлæмæ-уæлæмæ кæны). Гъо, гъо, гъо! Фыдæхъыз йæ дымæгæй дыууæрдæм" риуыгъы. Æрсой фæстæмæ асæррæтт кæны æмæ йыл нæ аныдзæвы. Б а з ы р (калмæн йæ сæры астæу æрфидар. Йæ бырынкъæй йæ æр- къуыры, фæлæ йæ цæстытыл нæ ныдзæвы). Хъохъ! Æз дæ ныртæккæ... Кæдмæ афтæ фæтилдзынæ дæ марг сæр, кæ?! Т æ г у б е г (йæ хъамайæ йæ цъыччытæ кæны æмæ та фæрсырдæм æстæррæт ласы). Фитт! Фæлæу, ныр мын нал аирвæздзынæ! Фыдæхъыз хъæдгæронмæ бахæццæ. Тыхсы. Куы иу къутæр ассæнды, куы — иннæ. С æ гу и(фæлгæсы йæ командон обауæй). Гъе-гъе! Ахъаззаг æй -стыхсын кодтой. Афтæ, афтæ, Æрсой! Уæртæ йын цы митæ кæны, уæртæ! Иæ къулæг дзæмбы куыд хорз басгуыхти! Д з æ б о (лæгъстæйæ). Дæ хорзæхæй, алæ-ма, æз дæр сæм афæлгæ- сон. (Кæсæнцæстытæ райста. Фæлгæсы). У-у, налат! Уæртæ йæ дымæгæй куыд риуыгъы! Фæлæ махуæттæ читт дæр нæ кæнынц. (Фæаууон сты къутæрты). Сæгуи (кæсæнцæстытæ исы). Цом уал мах лæгæты ’рдæм. Уым нын чи ис, уыдон та афонмæ цы фесты (Ацыдысты.). Сценæ фæталынг. Паузæ. Ногæй срухс. Сæгуи æмæ Дзæбо бахæццæ сты. Лæгæт- гæрон Батузæ цæссыгкалгæ бады. Иæ разы Бачъейы мард уæлгоммæ. Батузæ (сыстад, скасти сæм æрхæндæгæй). Бабын дæн, бабын. Мæ иунæг хъæбул æдзардæй мæрдтæм мæ разæй фæбалц. Мæнæ-ма йæм æркæсут йæ мæрдон хуызмæ, фынæйы æнгæс нæу, саубон мыл æркæна. С æ г у и. Рухссаг уæд, рухссаг. Нæ иумиаг хъуыддаджы сæрыл йе ’взонг цард нывондæн æрхаста. Д зæбо (кæуынхъæлæсæй). Ме-е! Рухссаг уæд?! Хъæбатырæй фæ- мард. Æртæ хатты ма нæм фæдис ныхъхъæр кодта. Батузæ (йæ цæссыгтæ сæрфы). Фыдæхъызы цæстыты марг фæт- тæ æппæты фыццаг уый æрыгон зæрдæйы аныхстысты. Уас ын, мæ фæрс- тæ фехæлой. Не ’ннæ хæстонты мæрттæ æз уæртæ уырдæм, лæнкаумæ бахастон. Цом, ме ’намонд хъæбулы дæр уыдонимæ бавæрæм. С æ г у и (сæргуыбырæй). Рухссаг уæд. Д з æ б о. Рухссаг уæд! (Зиан систой \æмæ йæ ахастой. Фæстæмæ æрбаздæхтысты.) Сæгуи (арвмæ скаст). Нæ, фæлæ уæм диссаг нæ кæсы?.. Мæнмæ гæсгæ, цыдæр бæллæх æрцыд. 42
Б ату з æ. Ома цы? С æ г у и. Ау, куыд æрæгмæ бон кæны? Ацы ’хсæв мыл æнæхъæн афæдзы бæрц цæмæн ныцци?! Мæй ма дыдзы рухс кæны, фæлæ нал стъа- лытæ ис, нал — Бонвæрнон. Дзæбо (хъæдæрдæм фемдзаст). Ме-е, цытджын хистæр! Уæртæ Базыр æрбацæуы æмæ уый исты хабар зондзæн. Б а ту з æ. Хъру, хъру. Æмæ цы бæллæх хъуамæ уа? Бонвæрноныл исты æрцыдаид æмæ Хуры зæхмæ кæсынмæ нал æвдæлы, ома?.. Æвиппайды æрбайхъуыст уады уынæр. Бæлæсты къæс-къæс, сыртты ниуын. Иууылдæр айхъус сты. Уæдмæ Базыр æрбахæццæ. С æ гу и (джихауæй). Му-у! Уый цæй хъæлæба у? Цы хабар у? Б а з ы р. Сæфты хабар, сæфты! Æз ацы æбуалгъ ми раджы фæха- тыдтæн. Ме ’мбæлтты уал тохы цæхæры фæуагътон æмæ уæларвм стах- тæн. •Дзæбо (цымыдисæй). Æмæ, æмæ?.. Б а з ы р. Æмæ базыдтон ахæм хабар: дысон Бонвæрноныл Фыдæ- хъызы цæстыты зынг фæттæ ауадысты æмæ батар. Хур саутæ скодта. Иæ фыртмæ иронвæндаг кæыы. Тилы.йæ габæзтæ æмæ уад сыстад. Сæфы дуне, сæлы зæхх. Цæрæгойтæ æмбу кæнынц. С æ г у и (хъæдæрдæм кæсы). Цы баци не знаг? Цы фесты нæ хæс- тонтæ? Дзæбо, азгъор-ма, æмæ бæрæг æрбахæсс. (Уый ацыд.). Базыр, цы бацис уæ тох? Б а зъ1 р. Хъохъ! Фыдæхъызæн йæ дыууæ цæсты дæр акъахтон. Уæ- ларвмæ дæр уый фæстæ стахтæн. Ныр саугуырмæй куы иу бæласыл йæхи скъуыры, куы — иннæуыл. Фæлæ Хур йæ саутæ куынæ сиса, уæд не знаг дæр нырма зын марæн у. Дунейыл хъаймæты дуг ныккæндзæн. Б атузæ. Хъру, хъру! Цом æмæ Хурæн балæгъстæ кæнæм, цæмæй йæ саутæ сиса. Йæ разы зоныгуыл æрлæууæм. Науæд нын тынг зын у знаджы нысæттын. Б а з ы р. Раст у, раст! Цом æмæ йын балæгъстæ кæнæм. Йæ разы сæркъулæй æрлæууæм. Кæд нæ фефсæрмы уаид. Æрбахæццæ Дзæбо, йæ фæстæ — Æрсой æмæ Тæгубег. С æ г у и. Дзурут тагъддæр, куыд сты хъуыддæгтæ? Æ р с о й. Не знагæн алы рæттæй йæ туг лæдæрсы. НыдздзæллгГг. Фæлæ йыл Хуры судзгæ тынтæ куынæ амбæлой, уæд тагъд нæ амæлдзæн. Мæн нæ хæстонтæ рарвыстой, цытджын хистæр, дæу фæрсынмæ. Мæнæ ма Тæгубег дæр мемæ фæраст. Б а з ы р. Бирæ дзурын нал хъæуы. Цом æмæ Хурæн ныттабу кæнæм. Б а т у з æ. Уæздан Сæгуи, фыццаг уал-иу ын тæфæрфæзтæ ракæнут, стæй йын балæгъстæ кæнут æмæ йæ саутæ сиса. С æ гу и. Му-у! Нæ, мæнæн цæуæн нæй. Не ’мбæлтты иунæгæй куыд ныууадзон? Дзæбойы йеддæмæ уе ’ппæт дæр ацæут. Мæнæ уын Базыр — фæндагамонæг. Хурæн-иу нæ тохы хабар бæстон радзурут. Уый куынæ ракæса, уæд нæ нырма бирæ туг ныккалын бахъæудзæн. Фæндараст фæут. Б а т у з æ. Хъру, хъру! Цæй, æз дæр ам лæууон. С æ г у и. Нæ! Ды дæр Хурау ногзианджын дæ. Дæуæй тынгдæр фе- фсæрмы уыдзæн,фæлæ'цæугæ! Æ р с о й. О, æмæ уæларвмæ куыд схизæм, куыд? (Иууылдæр айхъус сты.) Б а т у з æ (арвмæ скаст, йæ къухтæ йæм сдардта). О, Хурты-хурзæ- рин! мæнæ дæм дæ иузæрдыг хъæбултæ тæфæрфæс кæнынмæ цæуынц •æмæ сæм дæ сыгъзæрин арм æрдар. Слас сæ дæхимæ. Æвиппайды арвы роны æрдынæг ферттывта. Иæ зæрин кæрон бæлццæттыл æр- тыхст. С æ г у и. О, бузныг, Хурзæрин! (Ие ’мбæлттæм.) Цæугæ ут ныр. Уый та уын уæларвмæ зæрин фæндаг. Фæндараст! Æ м б æ р з’æ н 43
ÆРТЫККАГ АКТ ФЫЦЦАГ НЫВ Хуры галуан. Ие ’рттиваг кулдуар — уæрæх тыгъд, йæ уæлæ сау тымбыл къоппæй къуысы фыдохы мелоди. Æрсойтæ сæ хъаматæ сластой æмæ сæ дуаргæрон æрсагътой. Сæ худтæ систой, афтæмæй фæцæуынц, сæ разæй Базыр. Кæсынц: хæдзары дуар дæр — гом. Галуанæн йæ сæр — æргьæу, йæ къултæ — авг. Уæлтæрхæг хæрдгæхау гауызыл уæлгоммæ æвæрд у Ьонвæрноны мард. Иæ мад Хурыл — саутæ, афтæмæй бады йæ фарсмæ. Иæ зæрин дзыккутæ йæ уæхсчытыл калд. Уазджыты фенгæйæ сыстад. Б а з ы р (базыртыгъдæй йæ иу къахыл Хуры раз лæууы). Хъохъ! Ныппар нын, бæсты фарн æмæ дунейы рухс, æрæгмæ дæм кæй фæзын- дыстæм, де стыр фыдохы райдианы дæ цуры кæй нæ фестæм, уый. Æз. федтон, Бонвæрнонмæ Фыдæхъыз йæ марг цæстыты фæттæ куыд фæ- царæзта, уый. Дæ ахсджиаг зианыл æппæт мæргътæ дæр кæуынц, сæ пакъуы тонынц. Хъæлæсджын булæмæргъ йæ зарын хъарæгæй раивта, йæ базыры систæй йæ цæссыг сæрфы. Махыл; мæргътæ æмæ сырдтыл дæр хуыздæр бон нæй. Бæсты фыдбылыз Фыдæхъызимæ тохы нæ туг лæсæн-' тæ кæны. Ды нын куынæ баххуыс кæнай, уæд ын ницы тых арæм. Дæ саутæ сис, æндæра бæстæ цъити фестдзæн. (Базыр йæ цæссыг сæрфгæ, фæстæмæ ралæууыд.) Æрсой (Хуры размæ, узгæ-узгæ, бахызт. Ныккуыдта). Гъо, гъо„ гъо! (Йæ сæр йæ дыууæ дзæмбыйæ цæвы.) Æппæт æрсытæ сæ лæгæтты къултыл сæ сæртæ фæхостой. Се ’мбу кæмтты æмæ хæхты нал цæуы. Сæрыстыр сæгтæ сæ богъ-богъæй нал æнцайынц. Хъæбулы маст æрсытæ дæр нæ уромынц. Фæлæ ма ныр цы гæнæн ис, гъа! Амард æмæ, дам, асастæн хос нал вæййы. Дуне иууылдæр дæ хъæбултæ, ды — сæ мад. Сис дæ саутæ, курæм дæ. (Фæстæмæ ралæууыд. Хур лæууы сæргуыбы- рæй.) Т æ г у б е г (йæ хъустæ æрæппæрста. Бацыд Хуры размæ). О, дуне- йы рухс æмæ бæсты фарн! (Йæ къухтæ йæ риуыл дзуарæвæрд акодта.) Дæ судзгæ маст мах дæр судзы æмæ уырауы. Хæларзæрдæ тæрхъустæ сæ тæнæг рихиты æрдутæ тонынц. Æгæрыстæмæй, кæрæф бирæгътæ дæр ниуынц. Дæ саутæ сис. Дæ рухс цæстæй рафæлгæс. Нæ иумæййаг знаджы сау фæнык фестын кæн. (Фæстæмæ ралæууыд. Хур æрбадти.) Æрбайхъуыст дæргъвæтин богъ-богъ. Зæрдæхалæн ниуд. Хур йæ бынатæй фестад. X у р (дисгæнгæ). Уый цы у, уæдæ? (Йæ бынаты æрбадт. Йæ цæсгом йе ’рттæй амбæрзта.) Æ р с о й (размæ ралæууыд). Уый дунейы цæрæгойтæ æмæ зайæгой- тæ сæлынц æмæ ниуынц. Æмбу кæнынц Бонвæрноны зианыл. Курынц> цæмæй дæ саутæ сисай. Æрбайхъуыст уадæмдых бæзджын æхситт — ш-ш-ш! X у р (йæ цæнгтæ байтыгъта). Уый ма та цы у? Æви дуне фæиннæр- дæм? Æ р с о й (йæ сæрыл бæрзонд схæцыд) Гъо, гъо! Уый Фыдæхъызы мæсты æхситт у. Æвæццæгæн æй нæ хæстонтæ тынгдæр баййардтой. Б а т у з æ (Хуры размæ багæпп-гæпп кодта). О, дунейы мад, бæстæ куы ныссæла, къахылдзæуæг куынæуал уа, уæд ма дæ царддæттæг хъарм тынтæ кæй хъæуынц?! Сæумæрайсом ма дæ фæлмæн мидбылбахудтмæ чи ’нхъæлмæ кæсдзæн? (Хур æм æввахсдæр ракъахдзæф кодта.) Мæнæн дæр мæ иунæг хъæбул тæккæ дысон фæмард Фыдæхъызимæ тохы. Мæ ныфсы мæсыг ракалди. Зæрондæй æнæныгæнæг баззадтæн. X у р. Оууæу, гъе! Рухссаг уæд, рухссаг, дæ хъæбул! Б а ту з æ (дарддæр дзуры). Æмæ цы лæппу уыд, цы! Æппæлынмæ мын æй ма айс, фæлæ уыдис хъоппæгцæст, даргъкъабаз, зæллангхъуыр. Науæд йæ чъылдымы налхъуыт, налмас тæппытæ! Арвы стъалытæ цы уыдысты сæ цуры?! (Хур гæзæмæ йæ мидбылты фæхудт. Минæвæртты цæсгæмттæ фæрухс сты.) Дæ мидбылты ма худ, ма, дунейы мад! Алкæ- мæн дæр йæ хъæбул хъæбул у. 44
Б а з ы’р. Хæфсæн дæр йæ хъæбул уарзон у. Т æ г у б е г. Хæфсæн дæр йæ лæппын — хуры тын. Хур (йæ цæнгтæ байтыгъта). 0, дуне! Хæфсæн дæр йæ лæппын — хуры тьтн. Мæн æмæ Батуз?°йы бабын кодта Фьтдæхъыз. Ныр кæд тыгъд быдыры ис, уæд нал аирвæздзæн (Æвиппайды йæ саутæ æркалдта. Ныц- цæхæр калдта. Бонвæрон йæ мидбынат базмæлыдис. Рабадт. Рагæпп ласта). Бонвæрнон (йæ узенгтæ айвæзта. Йæ зæрин сæры хил фæстæмæ адаудта). О, ме скæнæг! Цæй тарф фынæй бадæн! (йæ мадыл атыхст). Мæ д^æбæх Нана, цæуьтлнæ мæ райхъал кодтай? Æви та мæ дæ цæст ттæ уарзта? Хур. Мæ иунæг хъæбул! Фьтнæй нæ, фæлæ мард уыдтæ. маод, Фы- дæхъызы кæлæнтæй. Мæнæ бæсты хæрзæджытæ дæ зианмæ фæзындыс- тьт, ’сæ сæртæ фæхостой. Бонвæрнон (йæ сæрæй сын ныллæг акуывта, стæй сын радгай сæкъухтæ райста). Бузньтг, мæ иузæрдыг хæлæрттæ. Ахсæв та уын арвы дъæхæй урсбазыр арфæтæ æрвитдзынæн. Хур (уый дæр, тæмæнтæкалгæ, сæ размæ æрбахызт). Бузньтг, уæ уæздан лæггадæй. (Батузæйæн йæ къцх исы.) Дæхи мауал æфхæр. Дæ фырты удхæссæг ттыо æвыдæй нал фæиæудзæнис. (Иннæтæм.) Æрмæст æй лæгæтмæ мауал бауадзуг. Бонвæрнон. Нана, уæздан уазджытæ нæм ис. Баввæрсæнт ныл æмæ нын нæ цæхх, нæ кæрдзынæй саходæнт. Хур (йæ мидбылты фæлмæн фæхцдт). Уæ, дагнывонд æрбауон, мæ хъæбул! Раст зæгъыс, раст’ Фьтнг æрæвæр. Æз ныртæккæ къæбицмæ. (Æрсой йæ размæ фæци.) Æрсой (йæ дзæмбытæ айтыгъта). Гъо, гъо! Нæ, дæ фарны стæн! Мах нииьт хъæуы. Нæугæ кæнæм. Не ’мбæлттæм нæ зæрдæ æхсайьт. Афонмæ цы баисты. • Хур. Ма тыхсут! Ныртæккæ уæ ауадздзынæн. Уæдта, мæнæ мæ хъæбул кæй райгас, уый тыххæй... Б а з ы р (размæ ралæууыд, йæ базыртæ айтыгъта). О, уый гæнæн ис. Афтæ лæугæйæ, иу ныуазæнæй акувæм. Хур. Хорз, мæ буц уазджытæ, хорз! (Къæбицмæ Фæуад æмæ сыгъ- зæрин куысси мыдронгæй йе дзагæй рахаста. Дæтты йæ Базырмæ.) Б а з ы р. Нæ, мæ мады хай! Мæнæ йæ Æрсоймæ авæр. Æ р с о й (исы йæ, худы). Ха-ха-ха! Мæ адджинагуарзаг мын зонынц æмæ йæ алыхатт мæнмæ ныццауазынц. Цæй уæдæ, дунейы фарн æмæ бæстьт хъарм, — Хур дæ кады нуазæн бирæ уæд. Дæ хъæбул йæ къахьт алгъæй дæр макуыуал схъæрзæд. Дунейыл сЬыдæвзарæк чи кæны, уы- дон æнустæм бабын уæнт. Ацы нуазæн та мæнæн — хæлар\(Куыддæр ыл йæ былтæм схæцыд, афтæ куысси æйтты зарæг ныккодта. Æрсой джихæй аззад, стæй йæ æриста æмæ йæм нымдзаст.) Гъо, гъо, гъо! Мæнæ диссаг! Кæцæй зарьт, дæ хорзæхæй? Бонвæрнон (мидбылхудгæ). Куьтсси чи сарæзта, уый йын йæ заоæджы зæлтæ дæр йемæ бавæрдта. Уæдæ куыд? Зæххыл цьт ронг сæн баназут, уым Нанайы зæрдæйы хъарм нæ вæййы, æви? Уæдæ цæмæй ба- хъæлдзæг вæйут (Худы.) Æ о с о й (сдардта та йæ йæ дзыхыл. Ногæй ныззарыд кцысси. Æрис- та йæ). Оу, мæнæ алæмæт! (Радта йæ Хурмæ. Уый та къæбицмæ фæцæ- уæг. Базыр йæ размæ фæлæууæг.) Б а з ы р. Нæ, нæ, дæ хорзæхæй. Махæй ничи нуазы (Амоны йе Умбæлттæм.) Мæнæ Батузæ сылгоймаг у, иннæмæй — мæрдджын. Тæгу- бег та нырма æрыгон у. Фæрныг фæут. Хæрзбонтæ раут. X у р (Æрсойы размæ балæууыд.) Мæнæ ацы куысси æгæр дæ зæрдæ- мæ фæцыд, лæвар дын æй кæнын. (Æрсой йæ айста æмæ йæ йæ ронбас- тыл æрцауыгъта. Хур йе тарæй систа тымбыл кæсæн.) Мæнæ уый та лæ- 45
вар кæнын уе ’ппæтæн. Чердæмфæнды йæ адарут, йæ акомкоммæ,' æвзист синагау, рухсы таг айтынг уыдзæн. Уый уын уæхимæ фæндаг амондзæн. Уæ ныццæуынмæ ма кæд уе знаг æгас уа, уæд æм æй ныддарут. Сау фæ- нык фестдзæн. Цæйг ныр фæндараст! Мæ хъæбул, ды сæ уæлæ Уазы къуыпмæ ахизын кæн. Бонвæрнон. Нана, уый мæ бар уадз, фæлæ афтæ æххормагæй ардыгæй сæхимæ бастайдзысты. Ху р. О, о,! Мæ зæрдиаг! (Къæбицмæ бауад. Урс-урсид тæбæгъы ра- хаста сырхæгънæджы хуызæттæ.) Адонæй фæйнæ сисут æмæ сæ бахæ- рут. Æгас къуыри уыдзыстут сойнуæзтау. (Алчи дæр дзы систа. Уый фæстæ сын Хур сæ къухтæ райста. Батузæйы та йæ хъæбысы акодта.) Фидар лæуу, мæ хойы хай! Минæвæрттæ рараст сты. Бонвæрнон сæ разæй. Кулдуармæ рахæццæ сты. Дуары гæр цы къопп уыд, уырдыгæй ныр та хъæлдзæг зарджытæ хъуысы. Нæлгоймæгтæ сæ хъаматæ систой æмæ сæ кæрддзæмты нытътъыстой. Сценæ чысыл фæталынг. Паузæ. Ногæй срухс. Минæвæрттæ рацæуынц. Хъуысы цъиуты цъыбар-цъыбур. Дуне худы, райы. Сæ хъустыл та ауад æвирхъау æхситт: — «Ш-ш-ш!» Б а з ы р. Хъохъ! Фыдæхъызмæ, æвæццæгæн, Хур ныккомкоммæ æмæ ма удисæджы æхситт кæны. (Æдзынæг алæууыд.) Хъусут, хъусут мæргъ- ты уадындз — булæмæргъмæ. (Се ’ппæтдæр хъусыныл фесты.) Ахæм кæ- лæнгæнæг хъæлæс ма дзы уа?! Уый æрдзы фæндыр у, гъе! Æ р с о й. Гъо-гъо-гъо! Цæуæм, цæуæм! Афонмæ не ’мбæлттæ цы баисты? (Зары:) О, Фыдæхъыз, Фыдæхъыз, Абон æрцыд дæ кæрон, Абон дæуæн мæлæн бон! Бонвæрнон. Диссаджы зараг дæ, Æрсой! Мæ мады цур к’уыннæ азарыдтæ? Æ р с о й. Гъо, гъо, гъо! Хуры аккаг зарæг кæм ис, кæ?! (Йæ размæ акаст.) Мæнæ уый Уазы Къуыпп нæу? Бонвæрнон. О, уый у. Фæлæ ма уæ цæй дарддæр афæндараст кæнон. Б а з ы р. Нæ, нæ, дæ рынтæ ахæрон, аздæх! Арфæтæ-иу ракæн дæ сыгъзæрин мадæн. * Бонвæрнон ацыд, Базыр кæсæн сæ развæдмæ адардта. Рухсы таг нырттывта сæ разæй .Фæраст ыл сты. Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Се ’ппæт дæр лæууынц обауы сæр. Сæгуи кæсæнцæстытæй хъæдæрдæм фæлгæсы. Æрсой (Сæгуимæ). Æм-м-м! Дæ хорзæхæй, мах фæстæ цы баис- тут? Цы фæцис не знаг, кæм сты нæ хæстонтæ? Сæгуи (йæ кæсæнцæстытæ æриста). Фыдæхъыз саугуырмæй йæхи раппар-баппар кæны, аууæттæм йæхи ласы. Чысыл раздæр Дзæбойы арвыстон æмæ бæстон хабар хæсдзæн. Æ р с о й (йе ’мбæлттæм бакаст). Цом мах дæр тохы быдырмæ. Ам, Сæгуийы цур, ницæмæн хъæуæм. Батузæ. Хъру,хъру, чысыл-ма багæдзæ кæнæм хабархæссæджы фæзындмæ. Дзæбо хъæды дзыхæй æргæпп ласта. Дзæбо (хъæлдзæгæй). Ме-е! Не знагæн раздæрау йæ бон нал у, йæхи къæдзтæ кæнын. Тыхамæлттæй ма йæ лæгæты ’рдæм тындзы. С æ г у и. Нæ хæстонтæ та? Д з æ б о. Чысыл фæстæдæр сæ фендзыстæм. Фыдæхъызы чъылды- мыл кафынц æмæ зарынц. Иæ фæстаг тыхтæ йын сæттынц. Æ р с о й. Гъо-гъо-гъо! Цом, цом! Мах ма ам цы ми кæнæм?! (Ацæ- уынмæ хъавынц. Зары:) 46
Ой, Фыдæхъыз, Фыдæхъыз Афтæ тыхджын цы хъæрзыс? Æз Æрсойты Æрсой дæн, А-лæппу дæ æрхойдзæн. Ме стыр дзæмбы уæззау у, Ме ’ррпуыгъдæк ныссау у! Сæгуи (Æрсойы фарсыл куыссимæ фемдзаст). Уый та дын цы хæцæнгарз у? Æ р с о й (æркаст æм). Уый мын Хуры лæвар у. С æ г у и. Æмæ цæмæн хъæуы? Æрсой. Чысыл фæстæдæр æй базондзынæ. (Ацыд узгæ-узгæ. Йæ фæдыл Базыр æмæ Тæгу дæр ацыдысты.) Сæгуи (кæсæнцæстытæй фæлгæсы). Нæй, нæма зынынц. (Дзæбо- мæ) Уæдæ куыд æрæгмæ хæццæ кæнынц? . Д з æ б о. Цытджын хистæр! Куы дын загътон, Фыдæхъызæн йæ хъа- ру бынтон асаст. Хæрз сабыргай ма хилы. С æ г у и. Цом мах дæр сæ размæ. Ам ма цы аразæм?! • Д з æ б о (скаст æм). Бахатыр кæн. Чысыл-ма мæм дæ кæсæнцæсты- тæ авæр. (Райста сæ. Куы иу ранмæ фæуайы, куы — иннæмæ. Афтæмæй фæлгæсы. Æвиппайды æдзынæг алæууыд, стæй скафыд.) Дæлæ, гъе, æр- балæсы, æрбалæсы уæнгцъæлтæй. Сæгуи (райста кæсæнцæстытæ. Кæсы). Кæс-ма, кæс! Æй, бæдæй- наг Æрсой, бæдæйнаг! Дæлæ йын цы митæ кæны! Фыдæхъыз дзæбæх æрбазынд. Хæстонтæ куы йе ’ккой февзæрынц, куы — йæ алварс. Уый йæ сæр куы дурыл бацæвы, куы бæласы бындзæфхадыл. Б а т у з æ. У-у-у, æлгъыстаг! Æрбалæсы мæ хъæбулы удхæссæг. О, бæрзонд Хурзæрин. (Йæ габæзтæ хæрдмæ сдардта.) Мæ тæригъæдæй йæ сау фæнык фестын кæн. С æ гу и (фæлгæсы). Рауадз æй, рауадз! Уый ма йæ фæстаг балц у. Кæсут, Хуры тынтæ йæм куыд ныззылдысты. (Фыдæхъыз ма хатт йæ къуди фæкъæдз кæны.) Æрбаввахс! Уый æвæццæгæн, йæ лæгæтмæ тын- дзы. (Хъуысы Æрсойы зарын:) Ой, Фыдæхъыз, куырм уæйыг, * Рабыр, ралæс, цæрдæгдæр. У дæ фæндаг æнæрыг, Хур, æрæндав, цæхæрдæр. Кафы йæ алыварс, куы йæ разæй, куы йæ фæстæ. Фыдæхъыз битъынатæм æрбахæц- цæ, йæ сæр фæхъил кодта. Цæхгæр фæстæмæ фæзылд. Йæхи, уæрдæхау, аздыхта> хæрдмæ фæхауд. Иæ дымæгæй Æрсойы рариуыгъта. Уый зæххыл фæуæлгоммæ. Æрсой (æрзылд, стыныл архайы) Хо-хо-хо! Æнхъæлдæн, мæзæнг мын асаста, гъо-гъо-гъо! Риссы! Б а з ы р (кæсæн йæ тарæй фелвæста. Фыдæхъызмæ йæ фæцарæзта). Багъæц, ныр багъæц, налат! Рухсы цæхæр фат ыл куы ауад, уæд’йæ астæу хæрдмæ скъæлæт. Иу хатт ма ных- ситт кодта — Ш-ш-ш, стæй бынтон ныддæргъ. Иæ саджил æвзаг раласта. Хæстонтæ йæ алварс кафынц. Сæгуиитæ дæр æрбацыдысты. С æ гу и (кæсы Æрсойы дзæмбымæ). Му-у-у! Алæ-ма, тынгдын фæ- цæф? (Сгары йæ.) Æ р с о й (базмæлыдис). Гъо-гъо-гъо! Риссы, риссы! Т æ гу б е г (йæ разы алæууыд). Ма тæрс, куыдз къуылыхæй нæ мæ- лы. Уаих фæуай, арс куы дæ, уæд цавæр рыст у? Мæнæн иухатт Æлда- раты куыдз мæ зæнг бынтон стыдта, фæлæ мæ цæст дæр нæ фæны- къуылдтон. Уæд ды куыд тæппуд дæ? Æви арс нæ дæ? (Æрсоймæ стыр лæдзæг радтой, слæууыд йæ къахыл.) Æ р с о й (худы). Ха-ха-ха! Тæгубег, кæд дын дæ зæнг атыдтой, уæд ма дын фæстæмæ куыд баныхæст, куыд, мæнгард? Тæгубег (æркаст йæ раззаг къахмæ). Уыныс, мæнæ? Ныхасгæ нæ, фæлæ разадис. Æмбарыс! А-сахъ гуырдæн ахæмтæ арсы хъуыны мæлдзыг. (Иæ рихи аздыхта.) 47
Æрсой (Худы). Ха-ха-ха, Тæгубег! Дзых дыл ис, дзых, дæ мард фесæфа, æндæра... Фыдæхъыз (базмæлыдис та. Райхъуыст йе ’хситт). Ш-ш-ш! Б а ту з æ. О, Хурзæрин! Мæнæ мæ хъæбулы удхæссæг нырма æгас у, æгас, Бæстæ тынгдæр ныррухс — ныххур. Базыр хæрз æввахс бацыд Фыдæхъызмæ æмæ йæм кæсæн сарæзта. Уый цадæггай цъæх пиллон суагъта. Уый фенгæйæ, Æрсой размæ ралæууыд, Зары: Ой, уæлахиз, уæлахиз, Хур нæм худы бæрзондæй, — Арвитæм ын нæ арфæ. Тæгу, ардæм æрбахиз Æмæ иумæ æркафæм, — Æз Æрсойты Æрсой дæн! Тæгубег рагæпп ласта. Кафынц се ’ппæт дæр, Сæгуийы йеддæмæ, зарынц, хæрдмæ хауынц. Тæгубег Æрсойы æккой абадти. Уый афтæмæй цалдæр зылды æркодта, стæй йæ фехста. Æ р с о й (зары.) Æз Æрсойты Æрсой дæн, Æккой бадын нæ уарзын, Æз тыхмитæй нæ хъазын. Хур, нæ мад дæ, нæ хур дæ, Мах дæ чысыл хъæбултæ, Фехъуысæд дæм нæ зарын. Хъазт ’рсабыр. Сæгуи размæ ралæууыд. Р1æ сæрыл бæрзонд схæцыд. Сæгу и. Рухссаг уæнт, ацы стыр тохы не ’мбæлттæй чи фæмард, уыдон! Сё ’ппæт дæр. Рухссаг уæнт, рухссаг! (Сæ сæртæ æркъуыл код- той). С æ г у и. Сæ кад уæлæуыл баззайæд! Се ’ппæт дæр. Баззайæд, баззайæд! Æрсой фæсобау суадонмæ бауад. Иæ куыссийыдзаг дон æрбахаста. Æрсой (йе ’мбæлттæм). Рухс зæгъæм ацы иæссыгрæсуг суадоны донæй нæ зынгхуыст æмбæлттæн. А-ма, Сæгуи! Сæгуи (райста куысси). 'Рухссаг уæнт! Сæ ном уæлæуыл базза- йæд! (Æркалдта дзы чысыл. стæй йæ йæ былтæм схаста. Куыссийæ рай- хъуыст æнкъард зæрдæагайæг мелоди. Сæгуи йæ æрдæгнозтæй æриста, джихæй йæм кæсы.) Æ р с о й. Уый Хуры лæвар у, гъе! Циныл цин фæкæны, хъыгыл — хъыг. Æрис-ма йæ ныр ардæм (Райста йæ, йæ дзыхыл æй сдардта. Рай- хъуыст дзы зарæг:) Ой, зæххон дзыллæ уæлахиз, Хур нæм бахудти бæрзондæй. Мæнæ не стыр цинмæ рахиз Ацы амонджын бæрæгбон, — Мах дæ байзæттаг, дæ фæдон (Æриста куысси. Зарæг банцад.) С æ г у и (раздæр ралæууыд. Иннæтæ дæр йæ алварс атыгуыр сты. Дзурынц иумæ:) Басыгъд сау ызнаг æнусмæ, Дуне райгуырдис нæуæгæй. Мæргътæ, хъæлдзæгæй сæрибар Зарын райдыдтой зæллангæй. Дæттæ арф кæмтты ныфсджынæй Уайынц денджызмæ фынккалгæ. Уый у амонды ыстыр бон, Уый у рухсдзинад æнæнтау, Уый у не ’ппæты ыстыр цин. 1977
КЪУСРАТЫ ЕГНАТ ÆМДЗÆВГÆТÆ КÆЛМХÆРД КÆРДО Цъæх кæрдоты астæу, Сымах та дзурут рагæй: Бæласы сæрæй, «Ралæууа фæззæг.» — Кæлмхæрд кæрдо каст ’мæ 'Ппæлыди хъæрæй: Мæнæ æз — уæ карæн, Срæгъæд дæн, бæззын. — Цæй, цы стут мæ цуры, — Сæрды тæккæ арæн, — Ницæйаг, хъылма, — Адджын тæф хæссын. Гага-дыргътæм дзуры, — Стут хæрз цъæх нырма. Уæд кæцæйдæр дымгæ ’Виппайды фæзынд. Хъуамæ хорзад цардæй Бæласæн йæ бынмæ Раскъæфай цæрдæг, Не ’ппæлой æртылд Æмæ уым нымбыд... КÆФХЪУЫНДАРЫ ЦÆССЫГТÆ Доныбыл кæфхъуындар саурагъ кæсагæй Бакодта аходæн абон хæрзадæн. Каст æм иæ лæппын æдзынæг, фæрсæгау... Стæй уæд ныффæрæзта уайдзæф йæ мадæн: — Уыцы кæсагмæ-иу алыбон кастæн, Зæрдæмæ тынг цыд йæ архайд, йæ фезмæлд Æмæ йын тызмæг уылæнтæй кæд тарстæн, Гъе, уæддæр бабын дæ азарæй, фесæфт... — Зонын, мæ чысыл хур, — мад æм уæд дзуры, — Ды дæ тæригъæд кæнынмæ мæ халдих. Кæсаг куы .хордтон, уыдтæ уæд мæ цуры, Федтай, мæ цæссыг фырмæстæй куыд калди?.. ХИНÆЙДЗГ АРС Алхатт чи фæхатдзæн алцы, Тæрхъус бандоныл йæ цуры Уый гæнæн кæм ис? Сабыргай æрбадт. Арс æнæбилетæй балцы Арс æм, мидбылхудгæ, дзуры: Поездыл цыдис. — Билет мæнмæ радт, 4. «Фидиуæг» № 12. 49
Уый æвæрынмæ уыдзæнис Мæнæ ам, мæнмæ. Стæй мæ цуры чи уæнддзæни Дзурын дæр дæумæ? Сразы тæрхъус дæр, цы кæна, Исты фæнд кæндзæн. Исчи дзы билет куы ’рфæрса, — «Арсмæ дзур» — зæгъдзæн. Уалынмæ фæзындис рувас, Билеттæ уыны. Арс æм дзуры: — Уайгæ иуварс, Саубон дыл кæны! Рувас фыртæсæй ныррызти, Куры дзы хатыр. Тæрхъус худæгæй ныддымсти, Цæстытæ — дзагъыр. ТÆРККЪÆВДАЙЫ ФÆРЦЫ Иу сæрдыгон æхсæв мæ ногфыст æмдзæвгæ^ дыргъдоны баззад. Тæрккъæвда æрцыд, афтæ? йæ ныхсадта, æмæ дзы ницыуал1 равзарæн уыд..- Автор. Сæрдыгон тæрккъæвда мын ме стих ныхсадта. «Цæй зарæг ис уымæй, æвæццæгæн, загъта, — Иæ цуры бæлæстæ нæ ризынц æд сыфтæр, Нæ сæм хъары зарæг, бæрæг у, æппындæр. Æндæр’ у мæ зарæг — нæргæхъæлæс, фидар. Быдыртæ ’мæ хæхты лæгæрды — сæрибар. Уый къалабæлæсты æд уидаг æнкъусы, Иæ диссаджы зæлтæм æгас дуне хъусы. Гъай-гъайдæр, кæд зарыс, уæд дардыл куыд нæра,, Кæннæуæд хуыздæр у бынтондæр куыннæ уа!» — Дæ бонæй уай, къæвда, æрвон тых — æгæрон,. Дæуимæ мæ хъару, мæ тыхтæ куыд барон? Æрмæст кæд цы зарæг ныхсадтай, — йæ бæсты Хуыздæр зарæг уымæй ныззарон нæ- бæсты, — Тæрккъæвдайы фæрцы уыдзæнис æрмæстдæр!:.. Бахызт домбай уый хæдфæстæ* Билеттæ уынæг.. Арс уæд фелвæста* йæ хъустæш Тæрхъусы цæрдæг. Рудзынгæй йæ ’ддæмæ айста Æмæ йыл хæцыд. Домбай дзы билет æрфарста; — Равдыста йæм цырд. — Уым дæ дзæмбы та цы дарыс, — Домбай йæ фæрсы,— Искæмæй кæд исты давыс,,— Зулмæ йæм кæсы. Тæрхъусы феуæгъд кодта барæщ, Де знагыл — йæ бон! — Ард хæрын хуыцау, дзуарæй,, Ницы мæм ис, зон...
ГУГКАТЫ ШАМИЛ ГУЫРÆН БОН Радзырд Ды нæ зоныс сæрæй Мæн куыд уарзта мæ мадг Йе мæ авдæны хъæдыл Æхсæв бонмæ куыд тад. Нигер Мæдинæт тыхстхуызæй зилы къуымты. Хатт æй æрбайрох вæййы, цы агуры, цы йæ фæхъæуы, уый дæр æмæ та йæхи ’рдæм дæр фæвæййы. «Дæлзæх фæу, дæлзæх, кæд цы зæрдæ дæ!». Рæстæгæй-рæстæгмæ æр- кæсы йæ цонгылбаст къаннæг сахатмæ. Иæхи æмæ Исламы дзаумæт- тæй байдза’г сты дыууæ чумæданы. Хаттæй-хатт ма сæ уæлæнгай аз- мæнты, цы бафснайдта æмæ ма йæ æрæвæрын цы хъæуы, уый бæрæг кæныны тыххæй. Сывæллæттæн æй цы бахъæудзæн, уыдон дæр цæттæ сты, фæлæ рæстæг, рæстæг... Сылгоймаг та акаст рудзынгæй æмæ йæ маст ноджы æхсидын райдыдта. Рагæй бæллы æнæхъæр, æнæхъинц йæ бинонтимæ тымбылæй балцы ацæуынмæ, фæлæ кæм... Иæхимидæг мæс- ты кæнгæйæ, сывæллæтты дæр райдыдта æхсойын. Лæппумæ бал^ты цæуыны цинæй схуыст ныхæстæ хъаргæ дæр нæ кодтой, æрмæст ма æнхъæлмæ каст, кæд араст уыдзысты, уымæ. Чызгæн-иу, мады тар- дзæгъдæнмæ хъусгæйæ, йе ’рфгуытæ фелхынцъ сты, фæлладуадзæн хæ- дзармæ цæуынц, уый дæр æй нал æндæвта. Рæхджы йе ’хсæз азы йæ- хи фæуыдзысты æмæ кæд скъоламæ нæма цæуы, уæддæр æмбаргæ у, тызмæг ахастытæ æмæ йын масты ныхасæй зындæр ницы вæййы. Ныр дæр бады къуымы диваныл æмæ куы мадмæ бакæсы тызмæгæй, куы та хæлæггæнгæ йæ кæстæр æфсымæрмæ, уый йæхи хъæлдзæг кæй дард- та, уымæ гæсгæ. «Кæдæй-уæдæй нын бантыст æнæхъæн бинонтæй иумæ. фæлладуадзæн хæдзармæ ацæуынæн сæрфат скæнын æмæ йын æнты- сы, æнтысы, — Мæдинæт Исламы хæдон мæсты ’ппæрст бакодта чумæ- данмæ æмæ, йæхи чызджы фарсмæ диваныл æрæппаргæйæ, æркаст сахатмæ. — Æвæццæгæн та йæ хъуыддæгтæ ныддæлæ-уæлæ сты, æндæ- ра кæм ис абондæргъы». Рæстæг тæхы. Сылгоймаг фестад, фæлæ ма цы ацараза, уымæн ницыуал зоны. Телефоны фæдзура, фæлæ йæм уый дæр рог ми фæкас- тис æмæ та бауад рудзынджы фарсмæ. Фарон дæр, раст ацы ран æн- хъæлмæ кæсгæйæ, баззад. Ислам уæддæр нæ фæзынд афоныл. Дыккаг бон сын æрбарвыста машинæ æмæ сæ уый ныххæццæ кодта поезды станцмæ. Иæхи нæ равдæлд. Мæдинæт иунæгæй сывæллæттимæ дыу- уæрдæм фæндагыл, бынаты улæфгæ нæ, фæлæ фыдæбоны хай фæцис æмæ, фæстæмæ æрыздæхгæйæ, иу мæйы бæрц Исламмæ рæстмæ дзур- гæ дæр нал скодта. Исламæн та уæд сентябры улæфæн хæдзармæ цæй цæуæн уыд, тæккæ куыстыты рæстæджы æмæ йæ машинæ дæр нæ рав- дæлд. Райкомы секретары та кæм æвдæлы отпусчы цæуынмæ, цалын- мæ хъæууонхæдзарадон ахсджиаг куыстытæ фæуой, уæдмæ. Уымæ гæсгæ ацы хатт Мæдинæт дæр баззад ноябры мæймæ. Рынчындоны 51
медицинон хойæ кусы æмæ йæ рад баивта æндæр сылгоймагæй, ома, кæд Ислам сæрды нæ разы кæны фурды был йæ улæфты рæстæг арви- тыныл йæ бинонтимæ, уæд ноябры та цы ’фсон скæндзæн. Хатын æм раджы райдыдта, афæдзы æмбисæй фæстæмæ, æмæ йæ сразы кодта. Чизони, йæ коммæ уый бæрц нæ бакастаид, фæлæ йыл сардыдта йе "’мкусджыты дæр æмæ йæм уæд уыдон дæр æрхатыдысты. НоджЫ сын уайдзæфтыл куы схæцы, ома уымæн дæр ис бинонтæ, хæдзар, кæд дзы рох сты, уæддæр æмæ уæ кæд уе ’мгар, уæ кусæджы хорздзинад фæн- ды, уæд ын хъуамæ бауынаффæ кæниккат, цæмæй сæ иууылдæр куыс- тыл ма баива. Ацы уайдзæфтæ нæ ферох сты Исламы æмбæлттæйæмæ нæ сразы кодтой отпуск райсыныл. Мæдинæт тыхстæй рауай-бауай кæны хæдзары къуымты: æвæццæ- гæн та йæ фæнд аивта, æндæра кæм и, — йæ сæрæй нал хицæн кодта лцы хъуыды æмæ æлгъитын райдыдта йæ амондыскæнæджы, йæ гуы- рæн боны. Уалынмæ кæртæй æрбайхъуыст машинæйы уынæр. Ислам тагъд-тагъд бацыд хæдзармæ, зыдта сылгоймаджы зæрдæ- йы хатт æмæ’уайдзæфтæй хи бахизæгау йæхæдæг бацыд дзургæ: — Цæттæ стут? Ныр цæуынафон у, науæд нын поездмæ байрæджы уыдзæы, — загъта æмæ дыууæ чумæданы хæцæнты атъыста йе ’нгуылдз- тæ. Цалынмæ кæртæй здæхт, уæдмæ срæвдз сты сывæллæттæ дæр æмæ * бинонтæ сæ царды фыццаг хатт æмбырдæй ацыдысты балцы сæ фæл- лад уадзынмæ фурды былмæ. Машинæ ахызт горæтæй. Бæлццæттæ цыдысты æнæдзургæйæ. Уы- цы уавæрæй æппæты тынгдæр тыхсти Мæдинæт. Ныр дæр æй нæма уырны, йæ балц кæронмæ зæрдæйы фæндиаг ацæудзæнис, уый æмæ бады алыгъуызон хъуыдытимæ. Ислам йæ хъæмпын худ æрæвæрдта йæ уæрджытыл, къухмæрзæн систа йæ дзыппæй æмæ йæ рауагъта йæ ногæлвыд бæрзæйыл, цалдæр хатты йæ аныхæста бæрзонд ныхыл, къæсхуыр нуарджын уадултыл æмæ йæ фæстæмæ æвæргæйæ афарста шофыры: — Нæ байрæджы кæндзыстæм? Шофыр сахатмæ дæр не ’ркаст, афтæмæй машинæ уыцы иугъæ- дон скъæргæ дзуапп радта: «Йæ тæккæ афоныл уыдзыстæм станцы, цы пайда у уым дæр æнæхъуаджы æнхъæлмæ кæсын». Мæдинæт каст Исламы къæбутмæ, сау бæзджын сæрыхъуынтыл æрзылдысты йæ даргъæлвæст æрвгъуыз цæстытæ, ныртæккæ ацы тым- был сæр цæуыл хъуыды кæны, уый бæрæггæнæгау. Кæй зæгъын æй хъæуы, Ислам фæныфсджын шофыры уæзбын дзуаппæй æмæ йæхины- мæры Мæдинæты цæстмæ бадардта, ома кæсыс, дзæгъæлы мæсты код- тай. Сылгоймаг бамбæрста Исламы хъуыды, фæлæ дын кæм бауадз- дзæн йæхи зылыны бынаты æрæвæрын. Цалынмæ поезды сбада, уæд- мæ дæр æй нæ уырны, афтæ тымбылæй бынатмæ ныххæццæ уыдзысты, уый. Ислам нал тыхст йæ фæндаджы мæтæй. Бюройы хабæрттæ йæ нырма уæгъд не ’суагътой, афтæ йæм каст, цыма адæмы æнæхицауæй фæуагъта æмæ йæ сæр æфснайынмæ фæци. Нырма цас куыст ис, бы- дырты, фермæты. Зымæг дæр æрхæццæ, цæттæ йæм хъæуы. Райкомы ^рдыгæй дæр æмбæлон æххуыс кæй нæй, уый Ислам бæргæ хаты фæлæ йæхи нæ саста критикæгæнджыты цæстмæ, Фаг тох нæ цæуы цоппай- гæнджытæ, магусæйæ цæлуарзджыты ныхмæ дæр. Цы нæ хъуыды аленк кодта Исламы сæры æмæ йæм фегуырд ахæм зонд, зæгъгæ, йын ныр- тæккæ фадат фæцис, уæд раздæхид фæстæмæ æмæ йæ отпускта аргъæ- вид зымæджы рæстæгмæ. Фæлæ иугæр афтæ рауад, уæдта дзы нал ис гæнæн, фæллад уадзын дæр дзы хъæуы, рæстæг халæттæ нæ бахорд- той, науæд адæймаджы хъарутæ дæр æвидигæ кæм сты, зонынц ихси- йын, сысын æмæ дзы уæд налдæр куыст уыдзæн, налдæр отпуск. Дыккаг уæладзыг. Хицæн хатæн — цыппар адæймаджы фаг. Ван- нæ, хъарм æмæ уазал донимæ. Фурды тæккæ был^ Дæхи анай æмæ та 52
дæ фатермæ бахиз. Бинонтæ дзы сбон кодтой фыццаг æхсæв. Дзуарба- дæн дын зæгъон. Фынæй кæн, цас дæ фæнды, уый бæрц. Ма дæ куыст- мæ тагъд кæнын хъæуа, ма дæ хæринаг аразыны мæт уа — алцæмæй дæр сæрибар. Æниу фæлладуадзæн хæдзары сæ дыууæ дæр арæх вæййынц, фæлæ сæ йæ фадæттæ ныры хуызæн никуы барæвдыдтой. Аходæнафон цыппарæй бадынц иу фынджы фарсмæ. Царды бирæ аудинæгтæ, вазыгджын фарстытæ рæстæгмæ аззадысты рохуаты, мæнæ нырма сæ фыццаг узæлд кæмæн банкъардтой, уыцы хæрзиуджыты ци- нæй. Æнæхъæн бинонтæн уырдыг лæууы адæймаджы номæн стыр кад аразьшы æнкъарынад. Фæззыгон хуры тынтæ сæ хуссайраг узæлдæй рæвдауынц цинæйдзаг зæрдæйы æмæ адæймаджы миддунейы гуыры„ зæлдагыл цæуæгау, арфæйаг фæлмæн ныхас. Мæдинæт хæринаджы къус базылдта Исламы размæ æмæ хæдза- рæй куы рараст сты, уæдæй нырмæ йæм нырма фыццаг хатт бакаст мидбылхудгæ. Иæ дыууæ русы та гæзæмæ фæдзыхъ сты, лыстæг къæ- лæт æрфгуытæ сæхимидæг скафæгау кодтой æмæ ацы фæстаг рæстæ- джы куыд фæцайдагъ, афтæ та йæ даргъгомау амонæн æнгуылдз ра- уагъта гæзæмæ схъæл роцъойы хъæбысы, стæй бавдæлд йæ сывæллæт- тæм æмæ сæ ныхасæй уæгъд нал суагъта, цалынмæ хæрд фесты, уæд- мæ. Рацыдис цалдæр боны. Мæдинæт ам дæр йæхимæ айста боны ре- жим: цыдысты концерттæм, тезгъо кæнынмæ, иудзырдæй, сæ рæстæг æрвыстой сæхи фæндиаг. Сылгоймаг йæхимæ каст уæлдай амондджын, ацы хатт йæ бæллиц кæй сæххæст, уый тыххæй. Æниу æй бирæ тых бахъуыд бахардз кæнын, цалдæр азы тох кæны Исламимæ, фæлæ уæд- дæр фæуæлахиз. Мæнæ йæ зæгъгæ стыр хъуыддаджы тыххæй дæр ба- хъуыд улæфт æндæр хатмæ аргъæвын, уæддæр не сразы уаид, йæ би- нонты ацы хатт æмбырдæй кæй федта, уымæ гæсгæ. Иууыл тынгдæр йæ зæрдæ дзырдта Исламимæ. Миййаг æм искуыцæй тел куы фæзына, цы нæ вæййьь, хицауады бæрнон кусæг салдатæй уæлдай нæу, уæд та ацы зынаргъ дыууæ боны ныкъаппа-къуппа уыдзысты æмæ та фарсыл дæр нæ бахæцдзысты. Посты хайадмæ дæр бауад æмæ дзы иу сылгвй- маджи’мæ баныхас кодта, зæгъгæ, уазæгдоны уыцы фатеры Исламы номыл тел куы фæзына, уæд æй æппæты фыццаг æз куыд райсон, афтæ. Мæдинæт уыдис тынг амондджын. Æдыхст, æнæмæтæй æрвыста йæ бинонтимæ йæ улæфты рæстæг. — Æвæдза, хорз рæстæг æрвитæм, — изæрыгон, палмæ бæласы бын бандоныл бадгæйæ, Ислам бадзырдта Мæдинæты хъусы. — Ды та иууыл æнæвдæлон вæййыс. Куыст, куыст, куыст, ацы дзырд бафты дæ дзыхы æмæ дæ æхсæв фынæйæ дæр уæгъд нæ уадзы. — Æнæниз адæймаг хъуамæ истытæ архайа, уæдæ дæ цы фæнды. Æнæкусгæйæ нын чи цы ратдзæнис. Адæймаг куысты фæрцы адæймаг у, æндæра ма афонмæ дæр маймули уаид. — Уый раст у, фæлæ кусын дæр зонын хъæуы, цæмæй адæймагæй ма ферох уой царды иннæ домындзинæдтæ æмæ дзы, мæнæ кæй ном нæ дзурæм, уый ма рауайа. Ислам тыхджын ныххудт Мæдинæты ныхасыл, тынг диссаг æм фæ- каст ахæм цыргъ ныхас. — Цыфæнды куы феста, уæддæр мын ацы дзуарбадæнæй иу мæй- мæ къахавæрæн никуыдæм ис. Ды дæ нæртон Сатана æмæ дæм хъус- дзынæн нырæй фæстæмæ ноджы тынгдæр. Зымæгон дæр мæгуырау не сты фæлладуадзæн хæдзæрттæ, фæлæ дзы уæддæр хур æмæ фурдæн æмбал нæй, сæ мад амæла. Мæ отпусчы рæстæг никуыуал аргъæвдзы- нæн декабрмæ. Алы аз дæр хъуамæ цæуон æрмæст сымахимæ фурды былмæ. Ацы ныхæстæм хъусгæйæ Мæдинæтыл ракаст ноджыдæр иу хур æмæ ныр йæ ныфс бахаста æртæ боны фæстæ иæ гуырæн бон банысан кæныныл ахъуыды кæнынмæ дæр, Фæнд бамбарын кодта Исламæн Ч’
Уымæн уæлдай æхсызгон уыдис, ахæм цау æвдæлон рæстæгмæ кæй æр- хаудта, уый, стæй дзаг фынджы фарсмæ абадын дæр кæм уыдаид мæгуырау æмæ ма бузныгдæр фæцис йæ цардæмбалæй. Уыцы бон бинонтæ сыстадысты раздæр. Мæдинæты гуырæнбон рестораны нысан кæнинаг уыдысты, фæлæ сæ фæнд аивтой^ ома хицæн ’фатер нын ис, никæй хъыг дарæм, ничи нæ хъыг дары æмæ уым арви- тæм нæ рæстæг. Иæхæдæг базонгæ дыууæ сылгоймаджимæ, Исламæн .дæр фæзынд хæлæрттæ, иу дзырдæй, сæ дыууæ сывæллонимæ уыдысты æхсæз адæймаджы бæрц æмæ уый мæгуырау кампани хъуамæ ма уа. Уымæй къаддæр нæ бæззы æмæ уымæй фылдæрмæ дæр бæллын нæ хьæуы. Уæдмæ Мæдинæт йæхæдæг дæр цыдæртæ алхæдта, фæлæ ма иу номхыгъд фæсагъта Исламы къухты дæр æмæ йæ арвыста базармæ. Дзæвгар ауайын æм хъуыдис автобусыл, иу 30 минутæй фылдæр, фæ- лæ æвдæлон адæймагæн æнцон сты бархи балцытæ æмæ цыд æнæ- мæтæй, нæ тагъд кодтой йæхæдæг дæр, стæй йæ хъуыдытæ дæр. Хатт- ну æнæзонгæ адæмыл йæ цæст ахаста æмæ-иу уæд бынтон фæбузныг йæхицæй, ома, кæсыс, цас дзыллæтæ æрвитынц сæ улæфты рæстæг, æвæццæгæн, æппæты фыццаг хъæуы нæниздзинадыл аудын, цæмæй адæймаг уа куыстæн дæр æмæ фæллад уадзынæн дæр. Уый тыххæй паддзахад ницы хæлæг кæны, ницы ауæрды йæ фæллойгæнджытæн хорздзинадæй. Уыдонимæ ис Ислам дæр, пайда кæны йе стыр бартæй æмæ йын уырдыг лæууынц транспортæй, адæмæй. Æниу зымæгон дæр раст афтæ вæййы, фæлæ дзы уæддæр ацы афонæн æмбал нæй, йæ иу бон дæр æнæхъæн мæйы аргъ у. Иу бон фесæфтай, нæ дзы базыдтай пайда кæнын, уæд æгас мæйы хæрзиуджытыл дæ къух ауигъ. Сыгъзæ- рины хуызæн рæстæг. Хур, хъарм, денджыз, бæркад — парахат. Ислам автобусæй æрхызт тæккæ вокзалы раз. Уырдыгæй бирæ нал хъуыд фистæгæй базармæ бауайын. Вокзалы агъуысты ныхыл йæ цæстытæ андæгъдысты электроны сырх рухсæй фыст егъау нымæцыл — 20 ноябрь. Исдуг аджих, цæуьГлдæр ахъуыды кодта, стæй йæ зæрдæ йæ бынаты ноджы тынгдæр базмæлыд. 22 ноябры та — йæ мады гуы- рæн бон. Цымæ цæуылнæ æрлæууыдаид ацы хатт йæ зæрдыл? Цымæ æгæр нæ бахауд æхцондзинады уацары? Æрвылаз дæр мады гуырæн бон иумæ æрымысынц. Иæ фыды хæдзармæ ма фæхоны йæ хæлæртты дæр, йе ’мкусджыты æмæ мад та цалдæр азы февзонгдæр вæййы. Чизо- ны та ныр дæр æнхъæлмæ кæсдзæн йæ хъæбулы фæзындмæ, чизоны та афонмæ йæ мæллæг къухтæй сарæзта йæ хъæбулы æрцыдмæ сау бæгæны дæр, йæ комы комдзæгтæй та базылд æрмахуыр кусæрттагмæ. Уыдон йæ гуырæн боны æфсон схæлар кæны йæ хъæбулы æмгæрттæн. Исламы йæ къæхтæ бахастой вокзалы агъуыстмæ. Поезды ацыд- мæ ма баззад æрдæг сахат. Иннæ уыцы афонмæ нал ис транспорт, цы ми бакæна? Ныртæккæ йæм æнхъæлмæ кæсынц йе ’мкъай, йæ сабитæ, -æнхъæлмæ йæм кæсдзæн ныййарæг дæр. Бæргæ ма йын куы бантысид уазæгдонмæ баздæхын, уæд Мæдинæты уайдзæфтæ дæр бауромид, аф- тæмæй сбадид поезды, науæд æй кæм агурдзысты æмæ фыдæбоны хай фæуыдзæн сылгоймаг. Бирæ хъуыды кæнынæн нæ уыд рæстæг. Ислам бауад вокзалы посты хайадмæ, дзуры телефонæй, фæлæ нæ уыд дзуапп- дæттæг — «Æвæццæгæн, уынгмæ ахызтысты». Раздæхт уырдыгæй. Цы- ми бакæна? Рауай-бауай кæны вокзалы перроныл, куы та фæмидæг вæййы агъуысты, базармæ цы хызын рахаста, уый йæ къухы тилгæ. Нал ын уыдис гæнæн, бауадис та посты хайадмæ æмæ телтææрвитæн бланкыл ныффыста: «Æнæнхъæлæджы фæфæнд кодтон Æхсæрджын- мæ. Зындзынæн уæм фондз боны æмгъуыдмæ». Гæххæт балæвæрдта. Раздæхт. «Æндæргъуызон фыссæн ын нæ уыд. Тел куы райсой, уæд ахъуыды кæндзысты, ома фембæлд цахæмдæр хабархæссæгыл йæ Райгуырæн хъæуæй æмæ ууыл ахицæн уыдзæн сæ тыхстдзинад». Ислам телæй куы фервæзт, уæд, уæззау уаргъ аппарæгау, рог су- 54
лæфыд. Билетмæ куы ’ркаст, уæд та йæм афтæ фæкаст, цыма йын лæг- даинады бирæ миниуджытæ ирвæзгæ фæцæйкодтой, фæлæ ма æнæн- хъæлæджы йæ къухы<бафтыдысты. Цæуы поезд. Ислам бады æмæ кæсы рудзынгæй. Кæй фæцæуæг, З^ымæй раст бакодта, æви нæ, уый æххæстæй нæма равзæрста, фæлæ йын чысыл кæй фенцондæр, уый хатыд зæрдæ, æнкъардтой йæ уæнг- тæ, æрмæст ма йыл уæз кодта, хабар бинонтæ кæй нæ зонынц, уыцы ядæт. Ислам бирæ хæттыты ацыд ацы фæндагыл ацы поездыл. Иæ зæр- дыл лæууынц алы станц, алы æрлæууæн дæр. Советон Æфсады рæн- хъытæм ,дæр ацы фæндагыл афæндараст æмæ йын æгас хæдзар дæр уый ссарын кодта. Æцæг ын иу ран нал феххуыс. Æниу дзы фæсмой- наг ницæмæй фæци, фæлæ уæддæр адæймаг хъуамæ йæ дзырды хицау уа. Иæ мад æмæ йæм йæ уарзон чызг цыдæриддæр фыстæджытæ фæ- •фыстой дыууæ.азы дæргъы, уыдон ма æрæфснайдта æмæ йын йе гмбæлт- тæ загътой фæндараот. Иæ нуарджын хæрзконд уæнгтыл аив фидыд- той æфсæддоны райстбавæрд уæлæдарæс. Риу йе ’дзаг уыди алыгъуы- зон значоктæй, пагæттыл хистæр сержанты нысæнттæ. Чизоны йæм >раздæр тел куы радтаид, уæд йæ размæ дæр рацыдаид станцмæ, фæлæ йæ нæ банымадта æнæмæнгхъæуæгыл. «Отпуск нæу, фæци службæйы æмгъуыд æмæ ма йæ цы тыхсын кæнон талф-тулфы хъуыддæгтæй», — загъта йæхицæн. Бахæццæ, йæ уарзон чызг цы горæты цард, уырдæм бонæй. Уым поезд дзæвгар афæстиат вæййы, æрхызтис дзы Ислам дæр. Станц дыууæ азы размæ цы хуызæн уыдис, уымæй ницы аивта. Иæ алы нывæфтыд, йæ алы цæджындз дæр æм каст цахæмдæр хионы хуызæн æмæ йæ зæрдæ ради цинæй. «Бæргæ йыл фæцин кæниккой, йæхицæн дæр æх- сызгон уаид, фæлæ мад уæддæр мад у», — загъта йæхицæн æмæ фæс- тæмæ схызт вагонмæ. Иннæ станцæй ма йæ сæ хъæумæ хъуыд маши-» нæйы иу фондз километры бауайын, фæлæ нал фембæлд транспортыл æмæ изæрдалынгты бахæццæ фистæгæй. Исламы нал равдæлд иу къуырийы бæрц. Хæдзары куыстытæй фыл- даер цы вæййы, æмæ йын ноджы бонæй-бонмæ.дывæр кодтой. Раласта йе ’фсæддон дарæс æмæ æгасæй аныгъуылд царды фæндты. Иубон Ислам йæхи рацарæзта: —Нана, абæрæг кæнон уыцы адæмы дæр, æндæра мæ хъаст кæн- дзысты. Мад фембæрста.йæ хъæбулы æмæ йæ мидбылты бахудт: — Абæрæг кæн, мæ хъæбул, абæрæг, ныронг дæр дыл æмбæлдис, <стæй йæ мæнæн дæр тагъддæр куы фенын кæнис, уæд мæ царды бæл- -лицтæй сæххæст уаид иу, мæхи хонин бынтон амондджын. — Хорз, хорз, Нана, уый тыххæй дæ хъыджы нæ бацæудзынæн,— даыхас хъазыны ’рдæм здахгæйæ, Ислам атындзыдта. Ислам бахоста кулдуар. Чызг рауад йæ размæ. Исдуг йæхиуыл ^фæхæцыд, ома службæйы куы уыд, уæд ахæм дарæсы кæцæй фæцис, Ч1тæй йыл уæддæр бацин кодта. Уый дæр дзуапп лæвæрдта чызджы фарстытæн æфсæрмдзæстыгæй. — Кæд æрцыдтæ? —.Иу.къуырийы размæ. —.Йу къуырийы размæ зæгъыс? в — О, мæ мадмæ уыдтæн, нырдæр мæхи тыхæй февдæлон кодтон, ;уый йедтæмæ мын куыстытæй къах атилæн дæр нæй. Чызгæн раздæр йæ зæрды уыд Исламæн мидæмæ рахиз зæгъын, фæлæ ныр цыма фæуазал, йæхиуыл фæхæцыд, стæй иу къахдзæф алæу? уыд фæстæмæ. —Дæ мад лæм æнхъæлмæ кæсдзæн,—загъта сæрбæрзондæй, хи^» 55
нæйдзаг мидбылты худгæйæ æмæ фæаууон сæнæфсиры къутæрты фæс- тæ. Ислам лæугæйæ баззад. Иæ хæдуæлвæд нæ фембæрста æнæнхъæ- лæджы хабар. Иæ хъустыл азæлыд Нанайы фæдзæхст: «Мæнæн дæр æй фенын кæн æмæ мæхи хонон бынтон амондджын». Иудзæвгар ма; алæууыд стæй аздæхт æмæ, къуыдыртæласæгау, ацыд уæззау къахдзæф- тæй. Чызг ма уый фæстæ, хатыртæ кургæйæ, ныффыста цалдæр фыстæ- джы, фæлæ Исламы уазал зæрдæ нал батавтой. Уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæг рацыдис. Мæнæ та Ислам бахæццæ уыцы станцмæ. Бирæ фæрæсугъддæр. Дæргъмæ ма йæм бафтыд но- джыдæр дыууæ ахæмы. Раст Райгуырæн горæты хуызæн, ницы йын дзы ис .æцæгæлон, алцы дæр дзы йæ зæрдæйæн адджын у, фæлæ йæм дзы рахизын зын касти. Кæддæр ын уазал цæстæнгасæй йæ зæрдæйыя уазалдон кæм бакалдтой, уыцы бон ын æрмæст йе ’нкъарæнтыл ныу- уагьта гæзæмæ сау стъæлф. Иæ мадæн исты лæвар ам хъуамæ бал- хæдтаид, фæлæ йæ аргтжрта иннæ станцмæ, магазин гомæй баййаф- дзæн, кæд ууыл тынг йæ зæрдæ нæ дардта, уæддæр. Поезд та анкъуыст. Горæт фæстийæ аззад. Бирæ цæуын æй нал бахъуыд. Бахæццæ хæрз изæрæй. Вагонæй тагъд-тагъд æрхызт æмæ* комкоммæ фæраст магазины ’рдæм. Уый разындн бæстон æхгæд. Лæг хорзау нал фæцис. Магазины раз ма цы цалдæр адæймаджы лæууыд^ уыдон афарста тыхстгъуызæй: — Раджы сæхгæдта? Кæдæм ацыд? — Ислам къухæй ацамыдта ма- газины ’рдæм. — Уæртæ фæцæуы, — дзуапп радта иу ацæргæ лæг. Ислам атындзыдта йæ фæстæ. — Де зæр хорз! — Арфæгонд у! — Æгайтма дæ уæддæр ам æрбаййæфтон, æндæра мын куы аир- вæзтаис,.уæд... — Цы хабар у? — Цыдæр алхæнинаг дæн.~' — Куыст фæцис, — цæхгæр дзуапп радта магазины кусæг æмæ фæ- цæуæг. — Дæ хорзæхæй, — Йслам æй фæурæдта. — Цы дæ хъæуы, уый мын зæгъ, уæдта нæм нæй. — Уым дын æй зæгъдзынæн, мæн чи хъæуы, ахæм дæм мацы дзау- ма разына, уый гæнæн нæй. — Мæнæ диссаджы адæймаг, цы дæ хъæуы, уый сусæггаг у? — Мæн хъæуы иу хорз лæвар, зæххыл дæуæн дæр, мæнæн дæр, ал- кæмæн дæр иууыл зынаргъдæр адæймагæн. — Иу цыбыр ныхасæй, мадæн, — магазингæс бахудти йæ мидбыл- ты æмæ бынтон хионы цæстæй бакаст Исламмæ. — Растдæр афтæ. — Уый тыххæй дын, мæ хæлар, мæ куыстмæ здæхгæ нæ, фæлæ æм- бисæхсæв дæр сыстдзынæн. Ныр Ислам хæрхæмбæлд фæцис йæ зонгæ шофырыл. Уый йæ ба- лæууын кодта йæ хъæуы, фæлæ йæхæдæг уайтагъд фездæхт. Æвæц- цæгæн чи куыд тагъддæр цæуы, афтæ тынгдæр тындзы. Исламæн фембæлджытæ салам радтой. Бахæццæ сæ кæрты дуар- мæ. Куыдз æй базыдта, йæ размæ рауад цингæнгæ, фæлæ йæ мадыл цæст не схæцыд. Уайтагъд хæдзары фæмидæг. Зæронд ус фæллад- гъуызæй йæхи æруагъта сынтæгыл. — Нана, де зæр хорз, цы кæньгс,. рынчын дæ? Зæронд ус Исламы куыддæр ауыдта, афтæ базмæлыд, хъуамæ рæвдз фестадаид, фæлæ йæ уæнгтæ йæ коммæ нæ бакастысты. Ислам ыл схæцыд. — Абондæргъы дæм фенхъæлмæ кастæн æмæ^ куы нæ зындтæ, уæд 56
æз дæр мæнæ чысыл раздæр мæхи æруагътон ацы ран, Мæ зæрдæ дæм* æхсайдта, ацафон, зæгъын, ардæм цæуаг куы у, уæд ныр кæм уыдзæн? — Ныр дæр мæнæ дæн, Нана, мæнæ, сыст уæлæмæ, дæуыл зæронды. ном нæ фидауы, де ’ртæ кæрдзыны фынгыл æрæвæр, цæттæ дын уы- дзысты æмæ абадæм дыууæйæ. — Дыууæйæ уанцон нæу, искæмæ ма фæдзурæм. — Нæ, ничи нæ хъæуы, Нана, ацы хатт та дыууæйæ иумæ зæгъæм мæнæ ацы уæзæгыл хуыцауæн нæ зæрдиаг ныхæстæ. Зæронд ус фынгыл æрæвæрдта æртæ кæрдзыны, æнæхъæн карк, фыхæй, авджыдзаг арахъхъ æмæ дыууæйæ æрбадтысты фынджы фарс- мæ. — Нана, сыст æмæ лæугæйæ зæгъæм нæ зæрдæйы бæллицтæ, — загьта Ислам æмæ, Мæдинæты гуырæн бонмæ продукттæ хæссынæн цы хызын рахаста, уырдыгæй систа стыр кæлмæрзæн æмæ йæ æрбатыхта мады уæхсчытыл, йæхæдæг ын æрхæцыд йæ цонгыл æмæ йæ æрбадын кодта. — Нана, ды зоныс, абон фыццагæз кæй^ракувын, уый? — Зонын, мæ хъæбул, — буцæй базмæлыдысты сылгоймаджы был- тæ, — зонын, фæлæ дæ бинонтæ, дæ сабитæ куыд сты, ардæм сæ куын- никуыуал æрбакодтай, сывæллæттæ ам бирæ уарзынц. — Уыдон дæр дзæбæх сты, дæ зæрдæ сæм ма ’хсайæд, фæлæ мæ мын ды ноджыдæр иу ахæм фæцæр, мæ дзæбæх Нана! Мæнæн абон стыр бон у, Нанайы райгуырæн бон æмæ мын дæ номæй алкæйы ный- йарæг дæр рæвдыд уæд царды хæрзиуджытæй. Мачи ферох кæнæд ный- йарæджы гуырæн бон. Уæд цард кæны рæсугъд, цæрын та у æнцондæр.. ш ш ш ТЕДЕТЫ АВГАР ЦÆРÆЦЦЛГ Кадæг 1977 азы Белоруссы картоф æфснайыны рæстæджы комбай- ны транспортерыл февзæрд, хæсты рæстæгæй фæстæмæ сыджы- ты бын чи уыд, ахæм сармадзаны згæхæрд нæмыг. Нал уыд. фæстиатгæнæн. Фæскомцæдисон Михаил Мороз æй фелвæс- та, фæцæй йæ хаста адагмæ, фæлæ йыл фехæлд æмæ бабыю йе ’мбæлтты сæрвæлтау. Хъайтары схорзæхджын кодтой* Сырх Стъалыйы орденæй. I Зæххыл æвирхъаудæр фыдхæст Дæсгай азты размæ ныххуыссыд... Ныррыхы абон дæр æрмæст, Хæссы йæ маргæйдзаг фыдбылыз, Цæуы æппынæдзух йæ хъыззы. Æмæ лæбуры знæтæй хатт,— Уый, мара зæгъ, кæд й’ ахуыр уадзы.... Кæддæр цы бомбæтæ ныссагъд Нæ зæххы, ’фтаувшц уыдон тасы Ныр мах, кæнынц нæ цард æнад... Сæрдыгон хурбоны æмбисы Тæрккъæвда. ’нхъæл куыд:нæ уа’лæг^, Æнамонд æм раст афтæ ’рхъуызы 5Г
Æмæ та ’рцæуы стæй мæ хъустыл: Фæмард æнæхъыгдар цæрæг, — Уыраугæ згъæлы цæссыг рустыл, Нырхæндæг зæрдæ—маст уæззау: Кæйдæр бындур цæмæн нынкъуысыд, Цæмæн скодта чидæр сау, Бæсты фарн, зæгъ, цæуыл ныхъхъус дæ!? Кæд уый дæ фæндæй у, миййаг? Кæд нæ, — дæ тæрхоны-иу куы хæссис, Рæстаг дзыллæты цардыуаг Нывыл куыд уа æмæ æнæрис — Нæ зæрдæтæн сæ фæндиаг... II Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй Фынддæс азы куы рацыд раст, Уæд райгуырд белоруссаг къæсы Кæстæр, фæрныг бинонтæн, рæзт... Фæндыд æй ахуыргæнæг суæвын, Æрмæстдæр а-зæххыл æмæ Цыдысты хъуыддæгтæ — куыд бæллыд Иæ сæнтты рагбонтæй нырмæ. Сæ хъæуы астазон куы бакаст, Иæ мад, йæ фыдæн загъта уæд Иæ хъуыды, стæй Оршамæ араст Æмæ уым техникуЪшæ уад. Уыдис цæвиттойнаг йæ ахуыр, Æмбæлттæн та — сæ уд, сæ дзæцц. Æмгæртты уарзынмæ æнахуыр, Зыдта æгъдау, æппæтæн бæрц. Уæнгты кондæй куыд уыд æнæлаз, Зæрдæйæ дæр, гъе, афтæ раст. Зынты нæ кодта ратас-батас, Фæлæ-иу сæм æргом ныккаст. Цæй зондджын цæстæнгас æвдыста Æрыгонæй, цæй лæггаг уыд! Иæ ном, Лаврентиау*, ныффыста Нæ зæрдæты цæрæццаг гуырд! III Уыд 77-æм аз, сентябрь, (Фæззæг — æххуыс кæныны рад)... Ныууагътой фæсивæд сæ ахуыр — Æфснайдтой быдырты бæркад. Хæстарыд Белоруссы зæххыл Тæрккъæвда кодта сау лæсæн... Дзотты Лаврентийы кой кæнын.
«Фæуарът афтæ раст нæ хæхты — Æддæмæ нал вæййы кæсæн. Фæлæ сæрбахъуыды сахаты, Зæгъынц, фæстæлæууæн — сахъат; Лæгау-лæг фæнычы нæ бады, Вæййы æхсæнадæн фæхъхъау. IV Æстдæсаздзыд фæскомцæдисон Студент Мороз Михаил уæд Колхоз «Прогресс»-мæ ’рцыд фæдисы, Уыдис хъазуаты куысты лæуд. Уым йе ’мкурсонтимæ, бæдæйнаг, Картофисæн комбайнæй мæр Фæлдæхтой, зад тыллæг гагагай Æвзæрстой цардбæллон фæлтæр... Фæлæ, æнамонддзинад, мæнæ Дæлзæхæй ’згæ нæмыг ысхауд Æмæ йæ транспортер уæлæмæ Фæласы уигъæнæрдæм... тагъд, Хæлдзæни, нал дзы ис ирвæзæн Æвыдæй, Михаил кæсы — Цæрдæг æй фелвæста йæ уырзтыл Æмæ йæ адагмæ хæссы... Æрмæст ма цалдæр къахдзæф, цалдæр, Стæй йæ дæлдзинæджы хай Мороз фæкæндзæн: тагъддæр, тагъддæр! ...Ныхъхъус у, лгъыст нæмыг, ныууай. Æмæ æвзонг лæппуйæн бауадз Иæ фæндтæ райхалын. Æрхуд Дæхиуыл, кæд лæууыдтæ уал аз Æмыр, уæд бафæраз хуыдуг... Фæлæ йын амонд хъæуы уымæн, Кæм дæ, дунескæнæг, фæзын Мороз Михаилæн æххуысмæ, Фæрог кæн лæппуйæн йæ зын... V Хуыцау зæххон лæгъстæ нæ хъусы, — Фыднæмыг фехæлдис æваст Фæскомцæдисоны хъæбысы Æмæ йæм саудар хур æркаст. Гъе, афтæ басгуыхти сæрæнтæй Бережциаг лæппу, бецау. Æндæрты бахызта мæлæтæй, Иæхицæн аскъуыди йæ цард. 59
Цæмæй уæлæуыл суа æнусон, Сæууон стъалыйау, сæууон, Фæлтæрты хона-иу йæ рухсмæ, Цæрæццаг — фидæнмæ бæлццон! VI ...Фæндыд æй ахуыргæнæг суæвын Æмæ йæ бæллиц «сæххæст» ныр: Мороз нын равдыста: куыд хъæуы Зæххыл лæгау-лæгæй цæрын. Январь, 1978. ♦ ♦ ♦ ТЪЕХТЫ АМЫРАН СÆГУЫТЫ АÆППЫН радзырд Хосгæрдæн. Иурайсом Бидыр раджы сыстад, йæ кусæн дарæс скод- та, рагъæнæй цæвæг райста, æссонæй йæ адаудта æмæ йæ йе уæхскыл бавæрдта. — Кæдæм цæуыс, кæ, мæнæ лæг, æд цæвæг? — бафарста йæ йæ ус Магда. • — Уæлæ хъæдрæбын уыгæрдæны хос хъуамæ ныккæрдон. — Баба, мæн дæр ма демæ акæн, — йæ размæ æрбазгъордта йæ фыртМурат. — Нырма æгæр раджы у, >ъæбул, фæлæ мæм мæнæ æмбисбон дæ мад сихор куы хæсса, уæд-иу йемæ рацу. — Хорз, баба, хорз, — сцин кодта Мурат. Бидыр ацыдис. Магда та йæ хæдзарон митæм æрæвнæлдта. Мурат дæр кæртæй уæрыччыты рауагъта æмæ сæ хъæуы фаллаг фарс цъæх нæумæ баскъæрдта. Райсомы æртæхгæрдæгыл уæрыччытæ зыдæй хи- зын райдыдтой, стæй куы стæвд сты, уæд бæласы бынмæ бацыдысты æмæ уым нырривæд сты... Уæдмæ сихорафон дæр ссис æмæ йæ мадимæ ацыдис, Бидыр хос кæм карста, уырдæм. Пæлæхсар æнгуз бæласы бын аууоны æрбадтысты. Бидыр сихор хæрынмæ æрæвнæлдта. Мурат йæ фыды цæвæг систа, фæлвæрдта хос ракæрдыныл, фæлæ цæвæджы хъæд даргъ кæй уыд, уый йæ хъыг дард- та æмæ не ’рæхсти. Уый фæхатыд лæппу æмæ йæ фыды фæрсы: — Баба, цымæ мæ аккаг чысыл цæвджытæ нæ уæй кæнынц? — Нæй, нæ уæй кæнынц, — йæ мидбыл бахудтис Бидыр, — нскуы куы сдынджыр уай, уæд ды дæр сæрибарæй кæрддзынæ мæнæ ацы цæ- вæгæй... Мурат цæвæг хъавгæ зæххыл æрæвæрдта æмæ хъæды ’рдæм бацыд. Кæсы фæйнæрдæм. Æвиппайды иу къутæры бынмæ фæкомкоммæ. Уæр- тæ йæм иу тæрхъус йæ цæстытæ ныццавта æмæ йæм æдзынæг кæсы. Мурат йæ бынаты цæхгæр фæзылд, æмæ йæ тых, йæ бонæй ралыгъд йæ ныййарджытæм. Мад æмæ йæ фыд тарстхуызæй куы ауыдтой, уæд æй Бидыр аф- арста: — Цы кодтай, цы, Мурат, цæмæн афтæ тагъд лыгъдтæ, истæмæй фæтарстæ? 60
— Нæ, тæрсгæ ницæмæй фæкодтон, баба, фæлæ уæлæуым иу къу- тæры бын тæрхъус хуыссы, æмæ мæ куы федта, уæд мæм касти æмæ касти. — Æмæ тæрхъус тæппуд куы у, уæд куыннæ алыгъд, — загъта йын фыд. — Цом, фен æй ды дæр, баба. Нырма дæр уым ис. Бидыр сыстад æмæ Муратимæ ацыдысты. Куы бахæццæ сты, тæр- хъус кæм уыд, уырдæм, уæд ын Мурат къухæй ацамыдта, уæртæ, гъе, уыцы тæрхъус, зæгъгæ. Ъидыр æй куы ауыдта, уæд бахудтис: — Уый тæрхъус нæу — сæгуыты лæппын у. Хæстæг æм бацыдысты æмæ йæ Бидыр йæ хъæбысмæ систа. Сæгуыты лæппын ныууасыд. ’ — Ма тæрс, ма, мæгуыр дæ бон, мах дын ницы кæндзыстæм, цыма сæгуыты лæппын дзурын зыдта, уыйау йемæ ныхас кодта Бидыр. — Баба, ацы сæгуыты лæппынæн йæ хъустæ нæ рæуæды хъусты хуызæн куы сты. — О, æнгæстæ сты, мæ хъæбул. — Баба, æмæ йæ мад та кæм ис? — бафарста йæ Мурат. — Мæ а, чизоны, йæхи аирхæфста, чизоны йæ исчи амардта, кæнæ йæ сырдтæй исчи бахордта. Ахæссæм æй нæхимæ, æндæра йæ ам би- рæгъ куы æрæййафа, уæд æй бахæрдзæн. — Ахæссæм æй, баба, тæригъд у, æз æм зилдзынæн. Фыд æмæ фырт рахастой сæгуыты лæппыны, Бидыр хос кæм карс- та, уырдæм. Магда сæгуыты лæппыны куы ауыдта, уæд сæ афарста: — Кæм æй æрцахстат? Бидыр сæгуыты лæппын Магдайы раз æрæврдта. — Мæнæ Мурат тæрхъус кæй хуыдта, уый у, ахæссут æй æмæ йын æхсыр бадарут. — Æмæ уый æнæ мадæй махмæ фæцæрдзæн? — афарста йæ Магда. — Фæцæрдзæн, нана, ахæссæм æй, уæдта йæ мад гас нал у, уæд æй бирæгъ бахæрдзæн, — лæгъстæгæнæгау ын загъта Мурат. — Хорз, ахæссæм æй, — сразы мад æмæ Муратимæ рахастой сæ- гуыты лæппыны. Хæдзармæ куы æрхæццæ сты, уæд ын Магда авджы æхсыр ныккодта, сывæдæг ыл басагъта æмæ сæгуыты лæппын, цыма, æрмахуыр уыд, уыйау æ& цъирын райдыдта. Рацыд цалдæр боны. Мурат тыргъы лæууыд æмæ йæм сæгуыты лæппын кауы сæрты багæпп кодта, йæхи йыл асæрфта, стæй йæм йæ цæстытæ ныццавта. Мурат дæр æм æргуыбыр кодта, йе рагъ ын фæл- мæн адаудта æмæ иумæ хъазын райдыдтой. Схæлар сты Мурат æмæ сæгуыты лæппын. Æнæ кæрæдзи нал фæрæзтой. Мурат ын йæ хъуырыл бабаста чысыл гæрзæй рон, зæгъгæ, хъæд- мæ куы алидза, уæд ын æндæртимæ ма фæивддзаг уа, стæй йæ агурын дæр æнцондæр уыдзæн. Иурайсом, Мурат ма фынæй кодта, афтæ сæгуыты лæппын кæдæм- дæр ацыд. Бинонтæ стыхстысты, уæдæ цы фæуыдаид, зæгъгæ. Бидыр æй æнæхъæн бон суанг изæрмæ хъæды фæцагуырдта. Уалынмæ сæгуыты .лæппын йæхæдæг æрцыд. — Уæ, хæтæг, кæм уыдтæ абондæргъы, кæАм фесæфтæ? Фæлæу, æз дæ фыстимæ бакæндзынæн æмæ дын фыр фенын кæндзæн, хъæдмæ куыд ацæуын хъæуы, уый... — цымæ сæгуыты лæппын дзурын зыдта, уыйау .æм хæцыд Магда. Муратæн та фырцинæй йæ цæстытæ доны зылдысты... Цалдæр боны фæстæ рауарыд мит, бæлæсты къалиутæ æртасыды- *сты. Сæгуыты лæппыны нал фæндыд хъæдмæ ацæуын. Ныр Мурат æнхъæлмæ каст уалдзæгмæ. Уалдзæг куы ’рбалæууа, ^æд сæгуыты лæппыны хъæды ауадздзæн æмæ йæхи хатдзæн сæрибарæй. Фæлæ-иу, чизоны, æрымыса, хæринаг ын кæм дардтой, уыцы кæрт .æмæ хæдзар æмæ-иу Муратмæ уазæгуаты æрцæуа. 61
САУАЖЫН ÆМÆ ХЪЫРГЪАН Аргъау Мæгуыр лæгæн уыдис æртæ лæппуйы: Сайнæт, Быттыр æмæ Хъыр- гъан. Уыдон цардысты тынг мæгуыр. Кæрдзын сын бахæрынæн нæ уыд, дон — баназынæн. Иубон Сайнæт йæ фыд æмæ йе ’фсымæртæн афтæ зæгъы: — Æз хъуамæ фæцæуон æмæ искуы искæмæ æххуырсты ныллæууон, кæд иу-чысыл исты пайда æрбахæссин. — Хорз, сразы сты фыд æмæ æфсымæртæ. Дыккаг бон Сайнæт араст йæ балцы. Цъус фæцыд, бирæ, уæддæр дын ыл иуран фæндагыл сауджын фембæлд æмæ йæ афарста: — Кæдæм цæуыс, лæппу? Сайнæт æм æнкъардæй бакаст: — Мах стæм æртæ ’фсымæры, хæрз чысылтæ ма куы уыдыстæм,, уæд нæ мад амард, баззадыстæм сидзæрæй нæ фыды æвджид. Фыд дæр у рынчын, йæ бон кусын нæу æмæ цæрæм тынг мæгуыр. Гъеу æмæ искæ- мæ æххуырсты хъуамæ ныллæууон. Сауджын æм йæ мидбылты бахудтис æмæ йын афтæ зæгъы: — Уæдæ æз æххуырст агурæг куы цæуын, мæнмæ нæ ныллæудзьг- нæ? Сайнæт ахъуыды кодта, стæй Сауджынмæ бакаст. —* Ныллæудзынæн дæм, фæлæ мæ куыст цы уыдзæ’н? — Мæнæн ис сæгъты дзуг æмæ уыдон хиздзынæ. — Хорз, — сразы Сайнæт æмæ араст Сауджыны фæстæ. Бахæццæ сты Сауджыны хæдзармæ, æхсæвæр ын бахæрын кодта, стæй йæ сæгъ- донмæ арвыста. Райсом Сайнæт сыстад, йæ дарæс скодта, сæгъты рауагъта Сауджын йæ размæ бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Лæппу, ацы сæгъты дзуг аскъæр дæлæ æртæ фæндаджы астæу- мæ, уым цал цæуæг адæймаджы уынай, уал дзы аргæвд, стæй сæгъты изæры æнæхъæнæй æрбаскъæр. Æнæхъæнæй сæ куынæ æрбаскъæрай, уæд дын де ’рагъæй саджил гæрз хъуамæ рауадзон. Мæ ныхас дæм мий- йаг кæд диссаг нæ фæкаст, лæппу? — афарста йæ сауджын. — Нæ, ницы диссаг мæм фæкаст, сауджын, — дзуапп ын радта лæппу. Сайнæт сæгъты æртæ фæндаджы цурмæ ныскъæрдта. Кæсы, æмæ адæм æнæрынцойæ цæуынц æмæ цæуынц, Сайнæт йæхинымæр ахъуьь ды кодта: «Ай æппæт бæлццæттæн ацы сæгъты куы фергæвдон, уæд ма сæ изæры æнæхъæнæй куыд хъуамæ баскъæрон?» Бонизæрмæ Сайнæт сæгъты сæрвæты фæхызта, иу дæр дзы нæ ар- гæвста, афтæмæй сæ изæры баскъæрдта йæ фысыммæ. Сауджын йæ размæ рауад æмæ йæ афарста: — Лæппу, дæ сæгътæй цалы аргæвстай? — Иуы дæр нæ, куы дзы аргæвстаин, уæд ма сæ æнæхъæнæй æр- баскъæрдтаин? Сауджын бацыд æмæ Сайнæтæн йе ’рагъæй саджил гæрз рауагъ- та, афтæмæй йæ расырдта сæхимæ. Сайнæт кæугæ ацыд сæхимæ æмæ алцы дæр радзырдта йæ фыд æмæ йе ’фсымæртæн. Уæд дын Сайнæты кæстæр æфсымæр Бытъыр афтæ: Уыцы Сауджынмæ æз хъуамæ ацæуон, кæддæра йын цы ми бакæ- нон. Дыккаг бон Бытъыр Сауджынмæ бацыд æмæ та Сауджын уымæн дæр йе рагъæй саджил гæрз рауагъта, афтæмæй йæ рарвыста. 62
Уæд кæстæр æфсымæр Хъыргъан тынг смæсты æмæ йе ’фсымæр- тæн бауайдзæф кодта: — Ацæут, æвзæртæ, уæ иу дæр ницы сарæзта æмæ уе ’ннæ дæр. Уæ- дæ ма мæнмæ фæкæсут... Дыккаг бон Хъыргъан араст æмæ Сауджынмæ бацыд. Сауджын æй афарста: — Кæй агурыс, лæппу? — Агургæ никæй кæнын, æз искæйон хъуамæ ныллæууон æмæ ни- кæй зоныс, æххуырст кæй хъæуы, ахæм лæг? Сауджын бахудтис: Æмæ мæнæ æз æххуырст цырагъы рухсæй куы агурын, мæнмæ ныл- лæу, æрмæст дын куыд зæгъон, афтæ кæн. — Хорз, афтæ кæндзынæн, фæлæ мæ куыст цы уыдзæн? — Мæнæн ис сæгъты дзуг æмæ уыдон хиздзынæ. — Райсомы Хъыргъан сæгъты дзуг куы рауагъта, уæд æм Сауджыя бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Ацы сæгъты дзуг аскъæр дæлæ æртæ фæндаджы астæумæ æмæ дзы цал бæлццоны цæуа, уал æргæвд æмæ сæ изæры æнæхъæнæй æр- баскъæр. Куынæ сæ æрбаскъæрай, уæд дын де ’рагъæй саджил гæра рауадздзынæн. Мæ ныхас дæм кæд диссаг нæ фæкаст, лæппу? Хъыргъан ныххудтис æмæ йын афтæ: — Нæ, Сауджын, ницы диссаг мæм фæкаст. Хъыргъан сæгъты дзуг ныскъæрдта æртæ фæндаджы цурмæ, æмæ* цал бæлццоны цыд фæндæгтыл, уалы дзы æргæвста. Изæрмæ йын иууылдæр æргæвст фесты, стæй йæ къобала-лæдзæг йе уæхскыл бап- пæрста æмæ афтæмæй Сауджыны дуармæ балæууыд. Сауджын æй бафарста: — Цы бадæ, лæппу, дæ сæгъты дзуг кæм ис? Хъыргъан ныххудтис: — Цæй сæгъты дзуг ма агурыс? Куыд мын загътай, афтæ бакед- тон — иууылдæр сæ аргæвстон, æрмæст ма мын фондз бæлццонæн не сфаг сты. Сауджын йæ цæсгом сæнцъылдта æмæ зæхмæ ныккаст. — Мæ митæ дæм кæд диссаг нæ фæкастысты, Сауджын? — йæ мидг былхудгæ йæ афарста Хъыргъан. — Нæ, ницы диссаг мæм фæкастысты, — иæхи нæ басаста Сауджын. Изæры кæрдзын хæрыныл куы ’рбадтысты, уæд Сауджыны сывæл- лон йе ’рдиагæй нал æнцад. Сауджын рамæсты æмæ Хъыргъанæн афтæ зæгъы: — Марадз, æххуырст, уыцы сывæллоны дуармæ акæн æмæ йæ ныкъкъæрттытæ кæн. Хъыргъан сывæллоны дуармæ акодта, кард систа æмæ йæ ныкъ- къæрттытæ кодта. Систа йæ æмæ йæ пецы фарсмæ бахаста. — Уый цы ми бакодтай? — йæ сæрыл балæууыд Сауджын. — Афтæ мын нæ загътай, акæн æй дуармæ æмæ йæ ныкъкъæртты- тæ кæн. Æз дæр æй акодтон æмæ йæ ныкъкъæрттытæ кодтон. Мæ митæ дæм кæд диссаг нæ фæкастысты, Сауджын? — Нæ, ницы диссаг мæм фæкастысты, — арф ныуулæфгæйæ, загъг- та Сауджын. Дыккаг бон Хъыргъанæн афтæ зæгъы: — Марадз, лæппу, гутонгæрзтæ рацæттæ кæн æмæ хуымкæнынмæ^ ацæуæм. Хъыргъан гутонгæрзтæ ацæттæ кодта æмæ араст сты хуымкæнынмæ: Хæрды дзæвгар куы суадысты, уæд Сауджын дзыхълæуд фæкодта æмæ Хъыргъанæн афтæ: — Лæппу, дыууæ тæбынджы ферох кодтай, тагъд фæстæмæ уайгæ æмæ сæ рахæсс. 63'
Хъыргъан хæдзармæ ныздæхт æмæ Сауджыны ус æмæ чызгæн аф- тæ зæгъы: — Сауджын мæ сымахмæ рарвыста, мæ ус æмæ, дам, мæ чызгæн цыфæнды кæн. Сауджыны ус фæмæсты æмæ йыл йæ хъæлæсыдзаг фæхъæр кодта: — Уый цытæ уæндыс мæ цуры, кæйдæр хæрæджы лæппын, тагъд *фесæф мæ разæй! Хъыргъан дуармæ рагæпп кодта æмæ йæм мидæмæ бадзырдта: — Æз цы аххосджын дæн? Дæхи хъусæй байхъус, кæддæра Сау- джын цы зæгъы. Æмæ ныхъхъæр кодта Сауджынмæ: — Сауджын! Дыууæйы дæр? Сауджын афтæ æнхъæлдта, тæбынгтæй йын зæгъы æмæ йæм ныхъ- >-ъæр кодта: — Дыууæйы дæр, дыууæйы! Хъыргъан бацыд, иу стыр лæдзæг сис.та, ус æмæ чызгмæ аздæхта .æмæ сæ сцъæхтæ кодта фырнадæй, стæй тæбынгтæ ахаста æмæ ацыд хуымкæнынмæ. Изæры сауджын æмæ Хъыргъан куы ’рцыдысты, уæд ус Сауджы- нæн радзырдта, се ’ххуырст сæ куыд фæнадта, уый. Хъыргъан Сауджынмæ бакаст æмæ йæ афарста: — Диссаг дæм кæд нæ фæкастысты мæ митæ, Сауджын? Сауджын та зæхмæ ныккаст æмæ йын афтæ: — Нæ, ницы диссаг мæм фæзындысты. Æхсæвы куы схуыссыдысты, уæд Хъыргъан фынæйæфсон скодта, хъусы æмæ Сауджын йæ усæн афтæ зæгъы: — Ацы æххуырст нæ бынысæфт кæндзæни, фæлæ нæ дзаумæттæ иу чырыны бафснай æмæ æмæхсæвæджы исчердæм афардæг уæм. Сауджын æмæ йæ ус куы афынæй сты, уæд Хъыргъан сыстад, чы- рынæй сын сæ дзаумæттæ систа, æндæр ранмæ сæ бахаста, йæхæдæг чырыны ныббырыд æмæ йæхиуыл дуар æрæхгæдта. Æмбисæхсæв Сауджыны ус сыстад, йæ дарæс скодта, стæй Сау- джынмæ бацыд æмæ йын сусæгæй йæ хъусы дзуры: — Уæлæмæ сыст, ныр æмбисæхсæв у æмæ-нæхи айсæм. Сауджын дæр фæгæпп кодта, чырын йе уæхскыл авæрдта æмæ сæ <фæндагыл ныллæууыдысты. Цъус фæцыдысты, бирæ, уæддæр дын ба- хæццæ сты иу стыр хъæумæ. Уым сæм куыйтæ ралæбурдтой, суынгæг сæ кодтой. Хъуыргъан Сауджынмæ æрдзырдта: — Уæлдæр мыл схæц, Сауджын, куыйтæ мыл ма фæхæцæт. Сауджын фыртæсæй йæ бынаты бандзыгау, стæй йæ усмæ бакаст -æмæ йын афтæ зæгъы: — Уый та нæ фыдбылызы не ’ккой куы хæссæм, æвæццæгæн нæ, мæрдты бæсты дæр нал ныууадздзæн? Уырдыгæй та дын цæуынтæ байдыдтой æмæ иу бæрзонд къæдзæхы •сæрмæ бахæццæ сты. Чырын къæдзæхы сæр æрæвæрдтой, стæй чысыл фæстæдæр Сауджын йæ усы хъусы ныллæг хъæлæсæй бадзырдта: — Ацы фыдбылыз куы афынæй уа, уæд-иу мæ райхъал кæн æмæ йæ мæнæ къæдзæхæй аппарон. Уыцы ныхæстæ та къæрццхъус Хъыргъан фехъуыста, куыддæр Сауджын.æмæ йæ ус бафынæй сты, афтæ сыстад чырынæй, Сауджыны усы дзы нывæрдта, фидар æй ныхгæдта, стæй йæхæдæг Сауджыны фарсмæ æрхуыссыд æмæ усы хъæлæсæй сдзырдта: — Уæлæмæ сыст, бафынæй ис æмæ йæ аппар. Сауджын хуыссæгхъæлдзæгæй фæгæпп кодта, чырын фелвæста æмæ йæ къæдзæхæй аппæрста. Ус’ ма комæй цалдæр цъæхахсты фæкод- та, стæй бамыр ис йæ хъæлæс. Сауджын уый куы базыдта, йæ усы аппæрста, уæд йæ сæрыл ба- лæууыд. Хъыргъан æй афарста: ■64
— Диссаг дæм кæд нæ фæзындысты мæ митæ, Сауджын? — Куыннæ мæм фæкастысты диссаг, бынсæфт мæ фæкодтай æмæ... Хъуыргъан Сауджынæн йе ’рагъæй саджил гæрз рауагъта æмæ йын ^афтæ зæгъы: — Уый уал дын, ме ’фсымæрты рагъæй цы саджил гæрзытæ рауагъ- тай, уыдон тыххæй. Ды сайæгой æмæ адæмы тугцъир дæ, тæригъæд нæ .зоныс, мах фыдæбонæй мæлæм, дæуæн та адæмы тугæй дæ фæллой бæстыл дæр нал цæуынц. Сауджын йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ Хъуыргъанæн лæгъстæ райдыдта: — Маргæ мæ ма акæн, фæрæдыдтæн æмæ мын æй ныббар, мæ фæл- люй иууылдæр дæу фæуæнт. — Маргæ дæ кæнын, æдзæсгом, маргæ. Хъыргъан æй фелвæста æмæ йæ йæ усы фæстæ къæдзæхæй арæцыгъта. Йæхæдæг раздæхт фæстæмæ, Сауджыны фæллойыл ахæцыд, сæхимæ сæ нылласта æмæ сæ, хъæуы мæгуыртыл байуæрста. $ Ф • СЛАНТЫ АХМÆТ ТЫБЫААТÆ БРЫТЪАТÆМ КУЫД ÆРÆФТЫДЫСТЫ Рагон таурæгъ Æхсæрджыны хъæуы адæм изæры куыстæй куы ’рцыдысты, уæд улæфгæ дæр нæма ’ркодтой, афтæ æлдары æрвыст лæг уым бамидæг. Ныхасмæ сæм фæсидти æмæ сын дзуры? — Нæ цытджын æлдар мæ сымахмæ рарвыста, цæмæй уын фехъу- сын кæнон йæ бардзырд: Райсом, дам, уæ кусынмæ мачи ацæуæд. Чи ацæуа кæнæ йæ фос хизынмæ чи ауадза, уый иваргонд æрцæудзæн аст сомы æмæ дæс ехсы цæфæй. Нæ фехъуыстон — мачи зæгъæд,—сом. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, адæм базмæлыдысты, бахъуыр-хъуыр кодтой алырдыгæй. Базыдтой та сæ хуыцауы цæф, фæлæ цы сæ бон уыд, æлдары дзырд арвы цæфау уыд. * * * Райсом хур йæ сыгъзæрин тынтæ æрнывæста хохæй коммæ. Кæд фос уадзынафонæй раджы ахысти, уæддæр Æхсæрджыны хъæуы фос кæртыты лæууыдысты дуарæхгæдæй, æмæ сæ богъ-богъ хъуысти. Фæ- лæ сæ фосы хизынмæ ауадзын ничи уæндыди æлдары тасæй. Хъæу уыдис сабыр, æгуыппæг. Цæрджыты цæстытыл уадысты развæлгъау æлдары æбуалгъы митæ æмæ сагъæсты ныгъуылдысты. Æрæджиау сæм фæзынди æлдар йæ фæсдзæуинтимæ. Фæсдзæуин- тæй иутæ хъæуы алыварс æртыхстысты, цæмæй адæм æмæ фосæй хъæ- уæй æддæмæ макæй ауадзой. Иннæтæ хъæумæ бацыдысты æмæ хъалон исын райдыдтой. Хæдзари-хæдзар зилынц æмæ кæмæ цы æййафынц æхцайæ, царвæй, цыхтæй, къуымбилæй, фосæй, хорæй — æмбырд сæ кæнынц иу ранмæ. Хъалон æмбырд куы фесты æмæ кæрæф æлдар куы акаст йæ зыд цæстытæй, уыйæппæт фос æмæ фæллоймæ, уæд йæ зæрдæ цины хъыдзы ^- «Фидиуæг» № 12. 65
скодта. Фæстагмæ номхыгъды гæххæтт систой, æркастысты йæм æмæ> Тыбылаты Исламбег нæма бафыста æлдары хъалон. Æлдар рафæрс- бафæрс систа адæмы: Чи у? Кæм и? Цы фæци? — Уæлæ уыгæрдæны хос ссивынц Исламбег æмæ йæ ус, — чи йæ зыдта хъæуæй, уыдон дзуапп радтой. Æлдар йæ фæсдзæуинæн: — Ацу æмæ йæ ныртæккæ куыд æркæнай, афтæ, — бардзырд радта. Æниу Исламбег йæхæдæг дæр уыдта, уыгæрдæнæй хъæуы цытæ цæуы, уый, фæлæ йæ ныфс нæ хаста хъæумæ. Ныр æм чапар куы ссыди, уæд ма йын цы гæнæн уыдис. Иæ халамæрзæн уылæны фæстæ ’рсагъта, йæ рон, йæхъама ’рбабаста йæ астæуыл æмæ рараст æлдары æрвыст лæ- джимæ. Иæ ус Сугъарон дæр, йæ лæгæн тæрсгæйæ, уыгæрдæны нал фæ- лæууыд, йæ фæдыл æрцыди хъæумæ. Исламбег хъæумæ куы ’рхæццæ,. уæд æм æлдар хъæртæ æмæ æртхъирæнтæ райдыдта: — Æвзæр цагъайраг! Ды ма æгас хъæуы уæлдай кæдæм аирвæзын- мæ хъавыс, æви нæ зоныс, мæртты куы уай, уæддæр дæ кæй ссардзы- нæн, уьтй. Æлдар æввахс балæууыд Исламбегмæ æмæ ехс æрцъыккæввонг уæлдæфы зæбулæй аззади. Хъæубæстæ базыдтой хабар æнæ фыдбылыа кæй нæ ахицæн уыдзæн, æмæ Исламбеджы фарс рахæцыдысты. Загътой æлдарæн, лæг дысон уыгæрдæны кæй уыди æмæ æлдары æрбацыды хабар кæй нæ зыдта, уый. Уыдон фæрцы лæг ехсы цæфтæй фервæзти, фæлæ уæддæр йæ хъалон æрдомдта æлдар: — Цæугæ, æвзæр сæмпæрчъи æмæ мын тагъд мæ хъалон рахæсс. Исламбеджы хæдзары разынд æгасæйдæр æхсæз сомы, æнæхъæн афæдз сæ фембырд кодта хъалоны тыххæй, фæлæ йын æлдар куыд бам- барын кодта, афтæмæй йæ авд сомы фидын хъуыди. «Нæ мын æй ных- хатыр кæндзæн уыцы кæрæф æлдар», — басагъæс кодта. Исдуг хъуы-, дыты ацыд, стæй сыхæгтыл азылди æмæ сæ алкæмæн дæр балæгъстæ кодта, цæмæй йын сæ исчи иу сом хæс радтаид. Исламбег исдуг асагъæс кодта, стæй фæрасти Тугъанты’Темырболатмæ. Цæвиттон уыцы хъæуы,, уымæй хъæздыгдæр æмæ дзырддзæугæдæр лæг нæ уыди. Иннæ хъæз- ныджытау, зыд æмæ кæрæф нæ уыд, фæлæ хæларзæрдæ, цæстуарзон, тæригъæдгæнаг лæг. Исламбег ын йы тыхстдзинад куы бамбарын код- та, уæд ын фæтæригъæд кодта, — йæ усмæ фæдзырдта, иу сом ын ра- хæссын кодта æмæ йын æй радта. Иæ хидкалгæ куыддæр уынджы фæзилæнæй æрбазынд, афтæ йыл æлдар фæбогъ кодта: — Æ, уæртæ саухъус хæрæг! Кæм фесæфтæ, кæдмæ дæм æнхъæл- мæ кæсон?! Ехс фæхъил кодта æмæ йæм бæх фæтæры. Исламбег исдуг фергъуыйау, стæй йæ мидбынаты дзыхълæуд фæкодта, хъама йæ кæрц- цæмæй фæцъортт ласта. — Рауай-ма, рауай, уæртæ тугцъир, æмæ дын æз, хъалон куыд фидын хъæуы, уый бацамонон! Фæлæ йыл уайтагъд æлдары фæсдзæ- уинтæ амбырд сты æмæ йын йæ хъама йæ къухтæй срæдывтой. Æлдар ма йæ уæлбæхæй иу цалдæр цæфы фæкодта ехсæй, стæй йæ фæсдзæ- уинтæй дыууæйæн бардзырд радта: — Акæнут æй æмæ йæ мæ бацыдмæ фидары бакæнут. Уыдон дæр æй араст кодтой. Хъæуæй чысыл куы рауадысты, уæд Исламбег скъуылых, йæ рахис къах зæхмæ куы æруадзы, уæд фесхъиуы æмæ сдæдæй-дæдæй кæны. ’ — Дæ хорзæхæй, цы дыл æрцыд, цы чипп-чипп кæныс, — фæхъæр ыл кодта, йæ фæстæ цы лæг цыди, уый. — Мæ рагон низ та сагайдта æмæ мæлын, мæ къах мæ æрлæууын нал уадзы, — дзуапп ын радта Исламбег. Фæлæ йæ уый тыххæй кæм ныууагътаиккой. Бирæ куы фæцыдысты, уæд иуран дæлвæндаг, хъæды кæрон, лæбырдтæм куы ’рхæццæ сты, уæд Исламбег, йæ разæй цы лæг цыди, уый иудзæвгар куы адард, уæд цæхгæр фæстæмæ фæзылд æмæ цæстыфæныкъуылдмæ, йæ фæстæ цы хъахъхъæнæг уыд, уый нарæг 66
фæндаджы астæу тæккæ сæрсæфæны сæрмæ йæ сынæгæй асхуыста... Уый æнхъæл нæ уыд, æмæ сæрбпхъуырæйттæгæнгæ сæрсæфæнмæ атахт! Исламбег уæлвæндагмæ сгæпп ласта, æмæ уадид тар хъæды æрбайсæфт! Разæй цы лæт цыди, уый фæстæмæ фæкаст, йæ фæдыл цæугæ куы пикрй ауыдта, уæд фергъуыйау æмæ фæстæмæ фæзылди. Бакæсæн зæнгмæ куы бахæццæ, уæд уырдыгæй акаст. Куы’никæй ауыдта, уæд фæстæмæ фездæхт. Æцæгдæр, æгас бон-изæрмæ фæрахау-бахау кодта, фæцагуырдта сæ. Иæ зæрдæ кæдæм æхсайдта, иуран дæр дзы æнæ бас- ’ гаргæ нал фæци, фæлæ кæм цы хъуамæ ссардтаид? Куы бафæллад, уæд дæлæуæз хъæды лæбырды тæккæ фарсмæ иу чысыл лæгуыны ’йæхи дурыл æруагъта. Иæ худ систа æмæ йæ ныхы хид асæрфта. Æмæ та хъуыдыты аны- гъуылди... «Цы ма саразон, кæм ма сæ бацагурон? Уыдон куыннæ сса- рон, уæд мæнæн дæр хъæумæ цæуæн нал ис. Æлдар мæ удæгас нал ныууадздзæн». Уыцы рæстæджы йæ уæлейæ, йе ’мбæхсæн бынатæй, Ис- ламбег ауыдта. Ракаст æмæ йæм фæхъуызы сабыр, æнæ къæрццæй, Иу стыр дур — йæ къухы, хъуамæ йын дзы йæ фæскъæбут фæцæф кæ- на æмæ йæ йе ’мбалы фæндагыл арвита. Ныххæццæ йæм ис. Дур бæрзонд систа, ныццæвынмæ йæ куыд хъа- вын, афтæ лæг фæстæмæ фæкасти. Куы йæ ауыдта, уæд фæсæррæтт- ласта йæ бадæнæй, топп æм фæцарæзта, фæлæ йын фехсыны фадат нал радта. Исламбег ыл уайтагъд йæхи ныццавта. Фæныхæй-ныхмæ сты. Фæстагмæ йæ Исламбег ныххурх кодта. Иугæр топп йæ къухы куы бафтыд Исламбегæн, уæд лæджы мард лæбырдмæ баласта æмæ йæ йе ’мбалы фæндагыл арвыста. Иæ авд сомы дæр йæхицæн баззадысты. Куы рталынги, уæд аууæтты-аууæтты сæхимæ бафардæг. Хæдза- ры йæ бинонтæн йæ хабæрттæ радзырдта. Йæ ус Сугъаронæн ма афæ- дзæхста, цæмæй йын а-дыууæ боны цы бантыса, уый сæ фосæй æрба- уæйтæ кæна. Исчи дæ куы фæрса, цæмæн сæ уæй кæныс, уæд ын зæгъ- дзынæ, мæ лæг ахст у, хос чи ’ркæрда, уый мын нæй æмæ сæ зымæджы цæмæй схæсдзынæн. Йæхæдæг фестад, йæ хотыхтæ райста æмæ хъæд- мæ афардæг. Сугъарон дæр кæмæндæрты æрдæг æргътæ, йеттыл æрба- уæйтæ кодта йæ фосы. Æрталыкг. Адæмы змæлд æрсабыр, схуыссыдысты. Æрдзы сабыр- дзинад ма хæлдта уыджы æнæсæрфат уасын æмæ цæугæдоны сæр-сæр. Исламбег хъæдæй æрцыди. Йæ бинонты цæуынæввонгæй цæттæйæ æр- рæййæфта æмæ араст сты мæйдары, хуыснæгау, æнæ къæрццæй. Хуры фæстаг тынтæ ма хæхты бæрзæндыл ныдзæвдысты. Ныгуы- лæны цыма арт сивæрзт, уыйау сырх-сырхид адардта. Цъитнтæй раулæ- фыд уазал уæлдæф, хъомрæгъæуттæ æмæ фосы дзугтæ æмбырд рай- дыдтой се ’хсæв бынæттæм. Исламбег æрæнцад йæ бинонтимæ хъæуы кæрон. Иу хæдзары раз иу бурхил, бæрзондгомау лæг дурыл бады æмæ æрчъиаг нæмы йæ къухты ’хсæн. Исламбег æм хæстæг бацыди: — Де ’зæр хорз, зæгъгæ, йын загъта. Бурхил лæг дæр фестад йæ бадæнæй. Æрчъиаг дурыл авæрдта, йæ? къухтæ цухъхъайы фæдджийæ асæрфта æмæ йын æгас цу загъта. Æрбадтысты фæрсæй-фæрстæм. — Бахатыр кæн, хорз лæг, бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ ай цы хъæу у? — бафарста йæ Исламбег. — Ай Стыр Гнугъ хуыйны, мæ хул. — О, фæлæ дæхæдæг та кæмæй дæ, хорз лæг? — афарста йæ Ис- ламбег. — Мæхæдæг Хуыбиаты Тæтæрхъан дæн, — дзуапп радта зæронд лæг. Бафæрсын аипп ма уæд, дард фæндагыл кæй рацыдтæ, бæрæг у. Чи дæ, гъе, кæцон дæ? 67
— Æз дæн захъайаг Тотыраты Ирбег, — йæ° ном басусæг кодта Исламбег, — уæртæ уыдон та мæ бинонтæ сты, йæ къухæй ацамыдта, Лæ бинонтæ кæм бадтысты, уырдæм. — Цардагур хæтын, ме ’фсымæр, фæлæ йыл никуы хæст кæнын. Тæтæрхъæн фестад йæ бынатæй. — Уазæг, уæртæ дæ бинонтæм дæр фæдзур æмæ хæдзармæ ахизæм. — Хæдзарæй райгонд у, Тæтæрхъан, фæрнæй дзы фæцæр, фæлæ искуы лæгыл тæдзынæг кæм нæ цæуа, ахæм уат куы ссарин рæстæгмæ, пскæй хъыг дарын хорз нæу. — Цæмæн уый зæгъыс, мæ хуры чысыл. Дæ фыдгулы хъыгдарæг мауал уæд. — О, фæлæ мах æгæр бирæ стæм, æгас бинонтæ. — Хуыцау уæ ноджыдæр бабирæ кæнæд, ссæдзæй фылдæр нæ уы- дзыстут æмæ рацæут, мæнæ уын фысым. Хæдзары аныхас кæндзыстæм. Хæдзармæ сæ бакодта Тæтæрхъан. Æхсæвы сыл хорз бациы кодтой. Райсомы сын йæхи хæдзары иу( къуым радта æмæ сæм йæ хъус дардта, цас йæ бон уыд, уыйас. Исламбег, Гуынугъгом хæларзæрдæ, цæстуар- зон, æууæнкджын адæм кæй сты, уый куы базыдта, уæд сын йæхи рар- гом кодта. Радзырдта сын, æлдары фæсдзæуинтæй дыууæйы куыд амардта, æлдармæ хъама куыд систа. Цæргæ та Цæгат Иры Æхсæр- джыны хъæуы кæй кодта. йе ’цæг ном æмæ сын мыггаг дæр загъта. Арæх-иу дзырдта йæ бинонтæн: сыгъзæрин адæмы астæумæ ’рхаудтæн. Адон лæджы фæцудын никуы бауадздзысты. Цыбырдзыр- дæй, Исламбег æмæ йæ бинонтæ Гнугъгомæй дарддæр фæцæуынвæнд никуыдæмуал скодтой. Фæлæ туг зынаргъ у. Иубон Исламбег кæмæй- дæр фехъуыста, Урстуалты Дыккаг Ерманы Тыбылатæ кæй цæрынц, уый. Кæйдæрты афæрстытæ кодта, кæуылты сæм цæуын хъæуы, уы- мæй. Æмæ сæм иубон араст. Изæры сæ фæскуыст ныхасы бадгæ бай- йæфта. Салам сын радта. Рафæрс-бафæрс, æмæ бæстон базонгæ сты. Ницы сын басусæг кодта Исла^бег дæр, æппæт дæр сын радзырдта. Куыд рабæрæг, афтæмæй Исламбеджы фыдæлтæ уырдыгæй алидзгæ уыдысты. Куыннæ йыл бацин кодтаиккой, зæрдæйæ дæр æмæ кæрдзы- нæй дæр, уæлдай тынгдæр та фæцыд сæ зæрдæмæ, æлдары фæсдзæуин- ты кæй амардта, уый тыххæй. Куы цыди, уæд ын æмдзыхæй загътой: — Æркæн дæ бинонты, æмæ мæнæ дæ хотæ æмæ де ’фсымæрты ас- тæу цæр. Цы нæ бон уа, уымæй -дæм нæ хъус дардзыстæм. Нæ туг, не стæг дæ. Нæхи дæ нæ бамбæхсдзыстæм. Исламбегæн тынг йæ зæрдæмæ фæцыдысты йе ’рвадæлты ныфсæвæрæн ныхæстæ æмæ сæ фæбузныг. Ацыд æмæ дыккаг бон йæ бинонты Тыбылаты хъæуьт бамидæг кодта. Гнугъгомæн хæрзбон кæнгæйæ, ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Уæ уазæгуарзондзинад æмæ уæ хæларзæрдæ цæстæнгас æз ни- куы ферох кæндзынæн. Уыдондæр бæргæ нæ фæндыд Исламбеджы рацыд, фæлæ иугæр йе ’рвадæлтæм лыгъд, уæд ын сæ «ма ацу!» зæгъгæ, ничи загъта. Ис- ламбег йе ’рвадæлты æххуысæй сарæзта хæдзар. Йæ ног хæдзары куы ’рцард, уæд, йе ’рвадæлтæй кæмæн цы йæ бон уыд, уымæй йын æххуыс кодта: чи йын фыс радта, чи сæгъ, чи род, чи уæрыкк, ти та йæм хой- раг æмæ урссагæй фæкаст. Чысыл куы фæхæцыд, цæрдзыстæм, зæгъ- гæ, куы загъта, уæд Исламбегыл ног фыдбылыз сæмбæлд. Мæнгæй нæ акæнынц: æлдары хъыджы хуыцауы хъыджы бацæуы- нæй карздæр у, зæгъгæ. Нæ ныббарста æлдар йе ’фхæрд. Цалдæр азы рацыд æмæ уæддæр фæхæст Исламбеджы фæдыл. Хъузæттæ йæ фæдыл алы коммæ дæр фервыста æмæ йæ ссардта. Афтæмæй йæм иубон куы фæзынид. Мыггаджы лæгтæй бынаты ничи уыд, æмæ Исламбеджы сæрыл чи рахæцыдаид. Æлдаримæ та — чапарты æнæхъæн æфсад. Сæ ныхмæ цы йæ бон уыд иунæг Исламбегæн. 68
Фæлæ Исламбег æгаддзинад йæ сæрмæ не ’рхаста. Иунæгæй сæ ныхмæ æрлæууыд, æлдары фæсдзæуинтæй цалдæры агæрах кодта, стæй йæм нæмыг куынæуал баззад, уæд кардæлвæстæй смидæг йе знæгты æхсæн. Дыууæйы ма дзы барæхуыста, фæлæ йын йæхи дæр скъуыхтæ кодтой. Уыцы æвирхъау тохы Исламбегæн йæ ус Сугъарон дæр уыди йæ фарсмæ. Ие знæгтæй уый дæр дыууæйы сагойæ барæ- хуыста, фæлæ æртыккаджы кард йæ сæры фарсыл æруади æмæ зæххыл æрфæлдæхти. Æлдар Исламбеджы дыууæ фаззон чысыл лæппуйы æрцахста, риф- тæгты сæ нывæрдта æмæ сæ бæхыл афардæг ласта. Ахуыбатмæ куы ныххæццæ æлдар, уæд ыл Сланты Ростъом фем- бæлд. Кæмдæр бæлцуаты уыд. Ростъом дæр æлдары ’мсæр лæг уыд. Æрурæдта йæ, кæрæдзийæн салам радтой, стæй Ростъом сабитæм ба- кæстытæ кодта æмæ æлдары афарста. — Кæцæй хæссыс ацы сабиты? — Мæ хъалонмæ сæ кæмæйдæр байстон, — дзуапп ын радта æлдар- — Цас дæ дардта, адон кæмæй байстай, уый хъалон? — Авд сомы, — дзуаип та йын радта æлдар. Ростъом йæ дзыпмæ нывнæлдта, авд сомы дзы систа æмæ сææлдар- мæ дæдты. — А, æмæ сæ мæнæн радт. Æлдар уæлдай ницыуал сдзырдта, æхца райста æмæ йæм бузны- джы цæстæй бакаст. Ростъом æлдары бæхæй сабиты райста æмæ сæ йæхи бæхыл бавæрдта. — Мæ хордзентæ-иу мын рæстæгыл сæмбæлын кæн, — афæдзæх- ста йæ æлдар. Ростъом та йæ дзыпмæ нывнæлдта, æртын копеччы дзы систа. — Гъа, уый та дын дæ хордзентæ, — науæд æз Брытъатæй дæ хор- дзенты тыххæй кæцæй фæцæудзынæн, — зæгъгæ. Æмæ сæ алчи дæр йæ фæндагыл арасти. Ростъом хъомыл кодта фаззæтты. Нæмттæ дæр сыл йæхæдæг сæ- вæрдта. Сæ мад æмæ сæм сæ фыд цы нæмттæй дзырдтой, уыдон ферох сты. Цырд, æнæзивæг сывæллæттæ уыдысты, фæлæ куы фæхъомыл сты, уæлыгæс цæуынхъом куы фесты, уæд хистæр лæппу Маир мард фæцис Ростъомы æфсымæр Ларсийы къухæй. Иубон Ларси цуанæй куы ’рцыди, уæд йæ хотых сæрфта æмæ йыл куыддæр æгъдауæй фæирвæзти. Бирæ ма йыл фæмаст, фæсагъæс кодта, хист дæр ын йæхæдæг сарæзта, фæлæ ма дзы цы рауади. Ростъомæн дæр хъыг куынæ уыдаид уыцы хабар, фæлæ цы сарæз- таид, барæй нæ уыди, æнæбары хъуыддаг уыд æмæ йæ маст нынньь хъуырдта. Кæстæр фаззон Батойы схъомыл кодтой Ростъомитæ. Ус ын æрхастой. Уый фæстæ Дæллаг Брытъатмæ æрлыгъди æмæ уым фæцарди йæ амæлæты бонмæ. Йæ байзæттаджы байзæттаг ныр дæр сты æмæ цæрынц.
ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДРЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 90 АЗЫ «ХУЫЗАÆРТÆЙ ИУ» Канд æрдзæй цы ныхыфыст рахаста, уый хъомысæй нæ, фæлæ ма йæ царды реалон фадæттæ куыд самыдтой, кæцырдæм ын скодтой йæ фæндæгтæ, уыдонæй кæнгæ ра- зынд йæ хъысмæт Тыбылты Алыксандрæн. Афтæ ахъуыдыгæнæн ис: куынæ æрæй- йæфтаид Октябры революци, куынæ фед- таид йæхи цæстæй, йæ адæм ног историон фæндагыл кæй ныллæууыдысты, уый, уæд цыхуызæн уыдаид йæхи цард — куыстаид иннæ дæсгай æмæ сæдæгай адæймæгтау уый дæр, цардæй йыл цы хæс уыд, уый æххæст кæныныл. Æниу, мах уырны, уæддæр нæ уыдаид æгъуыз, æнæзынгæ: ахуыргæнæджы куыстæй дарддæр йæ къух куы ницæмæ фæ- кодтаид, уæддæр стыр ном ныууагътаид йæ адæмы зæрдæйы, фæлæ уымæн абарæн ни- цы хуызы уыдаид, абон Алыксандр цы у, нæ культурæйы цы бынат ахсы, уыимæ. Ты- былты Алыксандр, куыд ирон культурæйы зынгæ архайæг, баст у Октябры революци- йы фæуæлахизимæ, уый йын сныв кодта йæ хъысмæт кæрæй-кæронмæ, уый фæрцы ба- зыдта йæхи дæр, раргом кодта йæ уды по- тенциалон хъарутæ, фадат ын радта йæ алы- фарсон курдиатæй, йæ куырыхон зондæй йæ адæмæн балæггад кæнынæн. Хатт вæййы афтæ, æмæ иу исчи зæгъы объективонæй раст ныхас, хъæугæ чи кæны, ахæм хъуыды. Фæлæ, гъе, йæ цæфыл нæ фæвæййы, гъе, та æндæр цыдæр аххосæгтæм гæсгæ, æнæбафиппайгæ, æнæфæстиуæгæй баззайы, мæнæ æнæниз хоры нæмыг мæрыл куыд нæ бафты æмæ тау куыд не суадзы, афтæ. Тыбылты Алыксандр уыд 22-30-æм азты Ирыстоны культурон царды бæстас- тæу, йæ тæккæ гуылфæны æмæ ахадгæ уыд нæ ныхас, аргъ уыд йæ дзырдæн. Стæм къа- 70
<баз баззад нæ адæмы духовон-культурон дарды, Алыксандр йæ барджын ныхас кæм нæ загъта, дзырдта хъуыддагзонгæ æмæ зæрдæрисгæ, ахæм ныхас та йæ нысаныл æнæсæмбæлгæ нæ фæвæййы. Абон дæр куы ’ркæсæм, нæ мадæлон æв- заг, нæ иумæйаг литературон æвзаджы тых- хаей Алыксандр ды уацтæ ныффыста, уы- донмæ, цы тохтæ, цы быцæуты фæци, уы- дæттæ куы базонæм, уæд ныл дис æфты йæ арф зонд æмæ хæрзуд хъуыдытæй, нæ цæс- ты раз сысты сыгъдæгзæрдæ, рæстæвзарæг адæймаджы фæлгонц, уыцы лæг йæ удæн хæлар ницы кодта æнæ иумæйаг хæрзæбон, æнæ мадæлон æвзаг, æнæ Ирыстоны амонд; -абон даер йæ рæнхъыты бынæй, йæ дзырд- ты ’хсæнæй хъус ахсы йæ ризгæ хъæлæсы мыртæ, йæ тыхст улæфт, йæ зæрдæйы ри- уыгъд: «Цæмæй нæ къахыл слæууæм, уы- мæн йæ сæйраг амæлттæй сæ иу у не ’взаг Не ’взаджы ’руаджы райхъал уыдзæн нæ. зонд, æрмæст уый фæрцы, æнæфæрисгæйæ, бауыдзыстæм хайджын сæрибары æрхæсгæ хæзнатæй». Алыксандр тынг хорз зыдта, арф æмбæрста, мадæлон æвзагæн цы стыр хъо- мыладон нысаниуæг ис, уый, мадæлон æв- загыл цы зонындзинæдтæ æмæ зонд райса лæг, уыдон къайны фидарæй хъауджыдæр не -сты, мадæлон æвзаг адæймаджы кæны удæй рæсугъд æмæ лæгуарзон, зондæй — хъæздыг. Алыксандр йæ литературон æмæ ’хсæна- дон уацты цы алыгъуызон фарстытæ æвæрд- та, уыдонæй йын нæ уыд чысылтæ æмæ стыртæ, Ирыстоны ног, культурон арæзта- дыл дзырд кæм цыд, уым æппæт дæр ны- мадта хъæуæгыл, ахсджиагыл, хорз хъуыд- тæгтæй йæ фæндыд æгъдау скæнын. Алыксандр цардбарæг (йæхи термин у — Æ. X.) лæг уыд, йæ алыварс каст æмæ уыд- та, кæд ныронг рæстæг уæззаугай цыд, кæд 125-аздзь1д ирон чиныг цы рæстæг рацыд, уый æмбæрц не сырæзт, уæд уымæн уыд йæхи аххосæгтæ, ныр та^ зæгъы «цард фур- дау размæ тындзы» æмæ нæ фезмæлын хъæуы, ныронг нæ къухы цы нæ бафтыд, уый ныр хъуамæ бафта, лыстæг хъуыддæг- тыл ма хъуамæ ныххиутæ уæм, фæлæ нæ тыхтæ æрбамбырд кæнæм æмæ иу зондыл хæстæй аразæм нæ хъуыддаг. «Нырæй фæс- тæмæ хъуамæ афтæ хорз бакусæм, æмæ нæ чиныджы хъуыддаг рæхджы сæдæ хатты фæхуыздæр кæнæм. Ис нæм тыхтæ, стыр сты нæ фадæттæ. Хъæуы æрмæст кусын!» — дзырдта уый. Гъе, уымæн уыд афтæ зæрдæ- знæт иумæйаг литературон æвзаг, иумæйаг графикæ æмæ æндæр иумæйаг организацион фарстытæ æрбæстон кæныныл дзур’гæйæ. Ацы фарстытæ сæ иу бакастæй куыд хуы- ,мæтæг æмæ æнцонæмбарæн зынынц, афтæ ’нæу се ’цæг мидис,' алчи сæ иугъуызон не ^мбæрста. Сæ аскъуыддзаг кæнынмæ бирæ- тæ дардтой къуындæг ахаст, къуымон, мыг- тагон зондыл хæст уыдысты. Алыксандр касти дарддæр, барста раст, уый равдыста рæстæг. 20-æм азты не ’хсæнады культурон арæз- тады раз цы ахсджиаг проблемæтæ лæууыд, уыдонæн сæ тæккæ хъаймагдæр уыдысты зæронд æмæ ноджы кæрæдзимæ ахастытæ. Баргæ-фæлгьаугæ зондæй саргъ кæнын хъуыд ивгъуыды бынтæн, саразын сæ хъуыд ног цардарæзтадæн лæггад кæнынмæ, æр- мæстдæр афтæмæй уыд аразæн ног культу- рæйæн. Гъе, фæлæ ацы фарстытæ разын- дысты æппæты вазыгджындæр æмæ се скъуыддзаг кæнын арæх сайдта иттæг карз быцæутæ. Алыксандр, нæ интеллигенцийы иннæ ми- нæвæрттимæ иумæ, ацы куыстмæ æрæв- нæлдта счъилдысæй. Цыфæндыйæ дæр æрæмбырд кæнын æмæ мыхуыры рауадзын хъуыд нæ адæмы сфæлдыстады хуыздæр æмæ зынгæдæр цыртдзæвæнтæ, нæ класси- кты сфæлдыстад. Иæ тыхтыл нæ ауæрста Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад æрбæс- тон кæныны, уын алы хахуыргæнджыты мæнгæфхæрдæй бахизыны хъуыддаджы: «Махыл ис стыр хæс Къостайы раз: хъуа- мæ йæ базонæм, æмæ йыл уæд алы хъинон ныхас нал уыдзæн?» — фыста 1929 азы. Ныффыста цалдæр уацы. Мæнмæ гæсгæ ит- тæг ахадгæ у йæ фæстагдæр уац «Ирон ли- тературæйы бындурæвæрæг» — мыхуыр уыд «Фидиуæджы» 1936 азы 5—6-æм номыры. Къаннæг уац, фæлæ — проблемон, тезисты хуызы цы хъуыдытæ зæгъы, уыдон сты арф, алыфарсонæй бацамыдтой Къостайы ныса- ниуæг ног заманы ирон адæмы культурон царды, сты фидар бындур поэты сфæлдыс- тад дарддæр ахуыр кæнынæн. Стыр у критикы лæггад Брытъиаты Ел- быздыхъойы сфæлдыстадæн раст аргъ скæ- ныны дæр, бирæ бакуыста, йæ уацмыстæ цæмæй рухс феной, уый тыххæй. Иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста нæ театры бындур- æвæрæджы стыр лæгæдтыл нæ культурæйы раз, хуыдта йæ «сæрибары фидиуæг». Уæл- дай стыр аргъ кодта йæ трагеди «Амыран»- æн: «Арф у йæ хъуыды, хæрзконд æмæ дæсны — йæ арæзт, рæсугъд — йæ нывтæ, хъæздыг æмæ тыхджын — йе ’взаг». Æппæт адæттæ Алыксандрæн хæднысан нæ уыдысты миййаг, уыдон домдта рæстæг, домдта сæ тагъдрæзгæ ирон адæмы куль- турон цард, цыдæриддæр нæм ивгъуыд за- манты культурæйы хæзнайæ уыд, уыдон иыр æхгæд дуæртты æвæрынæн не ’нтысынц, хъуамæ сæ базоной адæм, сæ зонд сæ срухс кæной, схъæздыг сæ кæной сæ уд. Алыксандр хорз æмбæрста, литературæ иутæ æмæ дыууæтæй аразгæ кæй нæу, уадз æмæ стыр курдиаты хицау фестæнт, уæд- дæр. Æгæрыстæмæй Къостайы бон дæр нæу иунæгæй уый бакæнын. Уый тыххæй хъæ- уынц бирæты, æнæхъæн фæлтæрты скæнгæ традицитæ. Уыдон та, уыцы традицитæ, фæткæн нæ баззайдзысты, интенсивонæй куынæ цæуа литературон процесс, литера- турæйæ куынæ улæфой дзыллæтæ сæхæдæг, уæд. Æргомæй зæгъын хъæуы, махмæ нырма дæр сгуыхаг не сты уыцы традицитæ. Нæ литературæйыл дæ цæст куы рахæссай, уæд дзы фендзынæ цъæтæнгæс (спиралообраз- ный) хаххы бæсты скъуыдтæ-скъуыдтæ хахх. Ирон фыссæг, стыр уа — чысыл, кусы, фыссы, фæлдисы уацмыстæ, æмæ куы фæ- вæййы йæ цард, уæд йæ фæдылцæуæг уы- мæй нæ райдайы, фæлæ, цыма æрцæуы æн- дæр кæцæйдæр, афтæ зыны, йæхицæн фæ- кусы уый дæр, æмæ та^ацæуы, фылдæр хатт 71
кæрæдзийыл не сæмбæлынц, афтæмæй... Ацы хабар цæмæн афтæ у, уымæн дзуапп иу дзырдæй нæ ратдзынæ, фæлæ æз уæддæр æнхъæлын, æмæ йæ сæйраг аххосæгтæй иу у, нæ литературон процесс интенсивонæй кæй нæ цæуы, уый. Ам уæлдай стырдæр хæс ис нæ аивадон-литературон критикæйыл. Уый хъуамæ рухс кæнид нæ литературон хæдзары алы къуымтæ, агурид иу кæнæ ин- нæ процессы, иу кæнæ иннæ фæзынды ’хсæн бастдзинад, амонид, иртасид, иу кæнид фактты. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ бæрцæй критикы хи индивидуалон миниу- джытæй кæнгæ у æмæ нæу иудадзыг йæ ли- тературон-теоретикон цæттæдзинадæй араз- гæ. Ам критик-академикæн уый нæ ба’н- тысдзæн, цæйбæрц бантыса критик-органи- заторæн. Номхуьгндæй ахæм уыд йæ рæстæ- джы нæ литературæйы Тыбылты Алык- сандр, æппæтмæ хъусдарæг, æппæтыл аудæг, йæ сæрмæ хаста цыдæриддæр литературæ- йы сæраппонд. Æз нæ зæгъын уый; æмæ йæм нæ уыд къуыхцытæ, нæ уыд йæ хъуы- дыты æнæраст бынæттæ. Уыдон уыдыста, æмæ уыдысты объективонæй, абон уæлдай бæрæгдæрæй зынынц, фæлæ 20—30-æм аз- ты уый нæ литературæйæн, æмткæй нæ культурæйы рæзтæн, цы хæрзты бацыд практиконæй дæр æмæ теоретиконæй дæр, уыдо,н сты сыгъзæрин дамгъæтæй фыст, æмæ сæ ма фенай, уый гæнæн нæй, куы дæ фæнда, уæд. Алыксандр раст сывæллонау цин кодта нæ фысджыты, нæ литературæйы алы мис- хал æнтыстыл дæр æмæ йын-иу уайтагъд- дæр агуырдта бынат иумæйаг литературон процессы, кæд æмæ йын уым бынат нæ ра- зындаид, уæд хъыг кодта, раст цыма йæхи рафæлдисгæ уацмыс нæ фесгуыхт, афтæ. Тынг цырддзастæй каст, тæккæ бахъуыды сахат царды цы хъæуы, уымæ. Куыд бай- рад, Зæнджиаты Бæбу уырыссаг литерату- рæйæ цы уацмыстæ раивта, уыдонæй, фæлæ «Челкаш», «Хъазахъ», уыдон, зæгъы, ныр- тæккæ афтæ æхсызгон нæ хъæуынц, «искуы нæ уыдонмæ дæр æрæвдæлдзæн», фæлæ уал нырма раивын хъæуы, революцион дугæн дзуапп чи дæтты, ахæмтæ. Тынг карз уыд йæ ныхас, бахъуыды са- хат, мадæлон æвзагыл фыст уацмыстæм æн- хъæлмæ цы адæм каст, уыдон-иу фыдæн- хъæл кæмæй фесты, йæ мадæлон æвзаг-иу чи ферох кодта æмæ æндæр æвзагыл чи фыста, уыцы фысджытæн, æмæ канд уый тыххæй дæр нæ, фæлæ: «нæ фысджытæ сæхи куы аиртасынц сæ райгуырæн бæстæй, сæ райгуырæн æвзагæй, уæд рагон уæигау сæ тых асæтты æмæ зарын нал сарæхсынц... хъуыддаг канд курдиаты мидæг нæй, фæлæ нæ поэттæн никуы бауыдзæн сæ бон æцæ- гæлон æвзаджы лæмбынæг бамбарын». Ахæм фысджыты æнхъæлцау, кæй зæгъын æй хъæуьц стыр æмæ размæцыд литерату- рæтæ никуы уыдысты; уыдон уым бирæ ни- цы сахадыдтаиккой, фæлæ сæм сæ мадæлон æвзаг, сæ чысыл æмæ æвзонг литературæ та æнхъæлмæ каст. Стыр хъусдард здæхта Алыксандр лите- ратурон фæсивæдмæ. Зындгонд у, куыд æх- сызгонæй сæмбæлд Хъуылаты Созырыхъо- йы, Фæрниаты Къостайы æмæ Дзесты Куы- дзæджы фыццаг уацмыстыл. Радзырд «Æф- сæн уæиг» фыццаг хатт «Фидиуæджы» куьг ныммыхуыр, уæд йæ хæдфæстæ критик фыс- та: «Царды ног æууæлтæ раст фæфиппайын æнцон хъуыддаг нæу, уымæн хъæуы дæсны фыссæг, уымæн хъæуы стыр курдиат. Ахæм курдиатæй æххæст у Хъуылаты Созыры- хъо». Фæлæ фыццаг уацмысæй æвзонг фыссæ- джы курдиаты æууæлтæ раиртас, уымæн дæр хъуыд æвзыгъд критичы фæлгъауæг- уынаг цæст. Æнæмæнгдæр, 20—30-æм азты æвзонг ирон фысджытæ амондджын уыдыс- ты, литературæйы ахæм хистæр зондамонæг кæмæн уыд. Уый-иу тæккæ афоныл фæха- тыд сæ алы æнтыст, сæ алы къуыхцы дæр. Уыцы азты стыр бынæутæ цыд Фæрнион Къостайы сфæлдыстады алварс. Алыксандр уымæн^ никуы басусæг кодта йæ хъæндзи- нæдтæ, фæлæ йæ æнæхъуаджы гуымир æф- хæрдæй дæр хызта, «æвæрын хъæуы ног фысджыты», — уыд йæ фæдзæхст. Цы цъус æвзонг фысджытæ нæм ис, уыдон дæр ныр- ма суинаг æмæ тыхджын æвæринаг сты. Афтæмæй ныр уыдон æнæвгъау хæфтытæ райдай æмæ дымгæмæ ныддар, уæд нæ ли- тературон фронтыл иу фæдисон дæр нал баззайдзæн». Уый у, литературæйы интерестæй чи цард, йæхи сæрмагонд уды хъуыдтæгтау сæ йæ зæрдæмæ арф чи иста, мадæлон литера- турæйы абон æмæ сомыл сагъæс чи кодта^ ахæм адæймаджы ’ зæрдæйы ныхас. Алык- сандры авторитет, уый æмбаргæ ахаст бй- рæ бæрцæй хорзæй æндæвта 20-æм азты кæрон æмæ 30-æм азты райдиан, Ирыстоны литературон фронты вульгарон демократиз- мы принциптæй цы карзбыцæутæ цыдис, уыдоныл, кæд уыцы заман йæхиуыл дæр цасдæр бæрцæй пролеткульт æнæбандæвгæ нæ фæцис, уæддæр. Нæ критикы сфæлдыс- тадыл уый, пролеткульты æндæвдад, хауы уæлдæр банысангонд периодмæ. Хъыгаг ха- бар у, фæлæ дзы диссагæй дæр ницы ис: Алыксандр æппæтæй дæр уыд йæ дуджы хъæбул æмæ йыл уыцы дуг йæ фæд ма ныууагътаид, уый гæнæн нæ уыд. Вазыгджын уыдысты йæ цæстæнгæстæ Гæдиаты Цомахъы сфæлдыстадмæ, уæлдай- дæр та банысангонд рæстæджы Куыд «Фидиуæджы» къухдариуæггæнæг кусджытæ, афтæ æмткæй «Фидиуæг» йæхæ- дæг дæр, уыцы заман тынг æнувыд уыдыс- ты пролеткульты догмæтыл. Уый фæбæрæг, драмæ «Ос-Бæгъатыр» мыхуыркæнгæйæ,- уымæн редакци цы фиппаинаг сарæзта («Фидиуæг», 1929, № 3) ууыл, зæгъгæ «Цо- махъ ахызт историон рæстдзинады сæрты». Ацы фиппаинаг кæрæй-кæронмæ райста Алыксандр, растыл æй банымадта, фæкарз- дæр кæныны тыххæй ма йæм ноджы йæхн- цæй дæр бафтыдта, æмæ йæ æрæвæрдта Цомахъы ныхмæ. Быцæу цæхгæр ахаста, фæлæ критик раст нæ раиртæста, иуæрды- гæй драмæйы апп суанг йæ райдайæнæй æмæ иннæрдыгæй та Ос-Бæгъатыр — Гæба- йы фæлгонцы вазыгджындзинад, «паддзахы, Ос-Бæгъатыры, кусæг адæмы фæтæг скод- та», зæгъгæ, пролеткульты ^позицитæй ба- цыд историон темæйæн аргъ кæнынмæ, раз- вæлгъау ыл сдызæрдыг, æрмæстдæр исто- 72
рион кæй уыд, уымæ гæсгæ, æмæ йæ уый æркодта рæдыд хатдзæгмæ. Цомахъæн йæхи дæр, куыд автор, афтæ бахъуыд дискуссийы хайад райсын æмæ йæ рæс(тдзинад æнæкъæзгæйæ сбæлвырд кæ- нын. Ацы фарсты фæдыл Алыксандр фæстæ- дæр йæ хъуыдытæм бахаста бæрæг коррек- тивæтæ, фæлæ сæ кæронмæ уæддæр нæ аиу- варс кодта (кæс Цомахъы тыххæй уац, «Фи- диуæг» 1931, № 8—9). Ам Алыксандр лæм- бынæг анализ сарæзта фыссæджы сфæлдыс- тадæн, стыр аргъ ын кæны, хоны йæ «хуы- здæртæй иу», бацамыдта йæ зынгæдæр уацмыстæ — «Ос-Бæгъатыр», Амондмæцæу- джытæ» æмæ «Фыдæлты намыс»-ы ’хсæн идейон-историон бастдзинад, зæгъгæ, уы-' дон’ сты, фыссæг рагæй кæуыл хъуыды кодта, уыцы трилогийы хæйттæ. Уацау «Фыдæлты намыс»-ы идейон-аивадон хæрзхъæддзинæдтæ банысан кæнгæйæ, зæ- гъы: «Уыцы таурæгъæй ирон пролетарон литературæ асины къахыл уæлдæр схызт». Пролеткульты æндæвдад критикыл фæ- зынд, нæ литературæйы æндæр фысджытæ æмæ уацмыстæн аргъкæнгæйæ дæр. Уацмысæн бæрзонд идейон-аивадон кри- теритæй чи аргъ кодта, эстетикон аивдзи- нæдтæ дзы чи домдта, уый дæр иу хатт уыд, æмæ «Кружковщинæ» æмæ «Цехов- щинæйы» фæдыл адзæгъæл, литературæ- мæ сидт ног фæдисонтæм кусджытæ æмæ колхозонтæй, афтæ йæм фæкаст, цыма фыс- джытæ æмæ нывгæнджытæ радтæн ис ад- министративон æгъдауæй, æрсидтытæй. Вульгарон социологизмы домæнтæй аргъ кæны къорд ног ирон адæмон зарæгæн. Аф- тæмæй йын «Ирон адæмон зарджытæ цух уыдысты аив фæлгæнцтæй, нæ уыдысты рæ- сугъд фæлыст эпитеттæй, метафорæтæй», «Иумæйаг ныхæстæ» йæм фæкастысты «Бо- тазы зарæг»-æй æмбисонды рæнхъытæ: «Дзæбидыры сæныкк цъитийыл баззад Дæ иунæг тугисæг дзидзийыл баззад». Уыйхыгъд аив рæнхъытыл нымайы: «Бацæуæм колхозмæ, Ратæрæм къулæкты. Бакæнæм мæгуырты, Фесафæм нæ зын цард» æмæ афтæ дарддæр. Адонæй критик райгæйæ зæгъы; «Атыд- той нæ зæронд къуплетты агъуд æмаэ æрба- хæстæг сты литературон стихмæ. Сæфы зæ- ронд «адæмон» зарæг æмæ рæзы нæ проле- тарон литературæ». Афтæмæй алы хатт, «со- циалон апп» агургæйæ, Алыксандры ба- хъуыд дыккаг бынаты эстетикон хæрзхъæд- дзинад æрæвæрын. Фæлæ мах, критикы сфæлдыстадон куыс- тæн аргъкæнгæйæ, раст хатдзæгмæ не ’рцæудзыстæм, факттæн историзмы цæст- æнгасæй куынæ аргъ кæнæм, уæд. Алык- сандрæн уыцы рæдыдтытæ уыдысты рæстæ- джы æрхæсгæ, не сты йе сфæлдыстадæн характерон æмæ уыдонмæ гæсгæ ницы хуы- ’зы ис аргъгæнæн нæ профессионалон кри- тикы куыст æмæ фæллойæн. Ис Алыксанд- ры уацты ахæм хъуыдытæ дæр загъд, ахæм формулæтæ, йæхæдæг дæр, æвæццæгæн, кæ- ронмæ бæстон кæуыл нæ ахъуыды кодта, наивон чи у. Зæгъæм: «Цас поэтикон уац- мыс хуымæтæгдæр уа, æнцондæр æмбарæн уа, уыйас хуыздæр вæййы». Хуымæтæджы силлогизм сайд хатдзæгимæ: хуымæтæгдæр æмæ æнцондæр æмбарыны фæндагыл кæ- ронмæ куы ацæуæм (сидгæ та, уæвгæ, уыр- дæм кæны), уæд хъуамæ æрцæуæм, бамба- ринаг кæм ницыуал баззайдзæн, ахæм хуы- мæтæгдзинадмæ. Ацы фарст вазыгджын аи- вадон-эстетикон проблемæ у, æмæ йæ афтæ хуьшæтæггопдæй нæ хъæуы æвæрын. Хатт йæ хъуыды нæ раргом кæны кæрон- мæ, цыдæр йæ зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ цæмæн, уый нæ райхалы. Зæгъæм. «Дактилимæ рагæй нæ арæхсыд Къоста, фæлæ уæддæр йæ «Хетæджы» уыцы уæз- зау дактилæй ныффыста, афтæмæй тынг уæззау æмæ æнахуыр куыддæр рауадис «Хетæджы» æвзаг». Фарст: уæддæр куыд рауадис? Дзуапп: æна- хуыр куыддæр. Фæлæ уымæй цæй дзуапп ис. Æниу кæцы хатт нæ арæхстис Къоста дактилимæ, йæ хуыздæр æмдзæвгæтæ уы- мæй куы ныффыста, уæд. Чи зæгъдзæн, «До- дой», «Салдат», «Ныстуан», «Фесæф», æмæ бирæ æндæртæ уæззау сты, се ’взаг «куыд- дæр рауад»? Ноджыдæр ма ис ахæмтæ æрхæссæн Алыксандры уацтæй, фæлæ дзырд ууыл дæр нæу, кæмæ нæ вæййынц уыдон та. Хабар уый мидæг ис, æмæ Алыксандры рæстæджы ирон аивадон литературон кри- тикæ фыццаг къахдзæфтæ кодта, æз зæ- гъин — фидар, фæлæ уæддæр — фыццаг. Критикæ та аивады тæккæ вазыгджындæр къабаз у, æниу æй къабаз дæр куыд ис схо- нæн, кæд æмæ ахуыр кæны, амоны амвады æппæт къабæзты æмрæзт, уыдон нормæтæ, у æмткæй аивады зонад, ивгæ, змæлгæ зо- над. Уæд, Советон Хицаудзинады фыццаг азты, канд Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн Цæдисы дæр литературон критикæйы иде- йон-эстетикон принциптæ нæма уыдысты куыстгонд, уымæн æмæ нæма уыд йæ тыхы ног дуне, ног адæймаджы социалон-хæрз- вæткон удыхъæдæвдисæг литературæ йæхæ- дæг дæр. Фылдæр тых, фылдæр рæстæг хардз цыдис организацион фарстытыл, лите- ратурон тыхты сконсолидаци кæныныл. Уы- мæ гæсгæ 20—30-æм азты литературон кри- тикæ фылдæр иумæйаг литературон æмæ ор- ганизацион фарстытæ æвзарыныл, скъуыд- дзагкæныныл уыд. Тыбылты Алыксандры литературон-критикоп бынтæ — уымæн хорз- æвдисæн. Ис афтæ зæгъæн, æмæ Алыксанд- дры критикон уацтæн сæ сæйраг тых, сæ нысаниуæг ис сæ публицистондзинады, уы- мæн банымайæн ис сæ хорздзинадыл, дзу- рынц, сæ рæстæджы литературон царды объективон азфыст кæй сты, ууыл. Тыбылты Алыксандр кæд иудадзыг лите- ратурон процессы ныгъуылд уыд, ’уæддæр уый размæ афтæ никуы хъуыды кодта, зæгь- гæ, æз æнæмæнг дæр хъуамæ кæнон лите- ратурон куыст, хъуамæ уон критик. Æмæ йæм йæхи дæр сæрмагондæй никуы цæттæ кодта. Фæлæ йæ царды фадæттæ афтæ са- мыдтой, ирон культурæйыл, ирон литерату- рæйыл афтæ цæрццу кодта, æмæ сæр куы бахъуыд, уæд сæ тæккæ гуылфæнæй йæхи нæ атыдта, уый нæ фæлæ ма сын æнæхъæ- нæй йæхи нывондæн æрхаста. 7*
Алыксандры литературон уацтæ ирбнау ярон критикæйы фыццаг къахдзæф кæй код- той, уый сыл зыны бирæ хъуыддæгты ’рды- гæй. Нæма уыд дырыс литсратурон терми- нологи, уымæ гæсгæ конкретон литературон м’идисхæссæг терминты бæсты арæх пайда кодта иумæйаг дзырдтæй. Хатт-иу барæй дæр йæ ныхас уыцы хуымæтæджы ранывæз- та ,раст цыма критикон уац нæ фыста, фæ- лæ аивадон уацмыс. Р1е ’взаг та диссаджы фидыцджын у, ирон æззаджы хъæздыг дзырдæвæрæнтæ стæм фыссæг зыдтаид уый хуызæн. Дыууиссæдз азæй фылдæр рацыд, Алык- сандр культы азарæй куы бабын, уæдæй фæстæмæ, фæлæ цы бирæ хæрзиуджыты ба- цыд нæ адæмæн, уыдон нырма дæр æххæс- тæй нæ зонæм. Пæ литературон, историон, æвзагзонынадон æмæ æндæр фæллæйттæ æххæстæй æмæ æмбæлон æгъдауæй нæма рахастам адæмы размæ æмæ сын нæма саргъ кодтам. 1964 азы йын цы иунæг чи-_ ныг рацыд, уырдæм бахауд æрмæстдæр йæ уацмысты иу хай. Чиныг æнæуый дæр би- рæ цæмæйдæрты уыд фæхуыздæрхъуаг, нæ йæм фæцис цæстфæдарæг æмæ æдзæллагæй рацыд: къорд уацы средакцичындæуыд, хи- цæн уацтæй аппæрстæуыд æнæхъæн хæйт- тæ. Ахæм хуызы нæй литературон бынтæн уадзæн, уыдонмæ гæсгæ нæй фыссæджы сфæлдыстадæн аргъгæнæн. Тыбылты Алыксандр 20 азы дæргъы уыд Ирыстоны культурон царды бæстастæу уый куыст, уый архайдимæ æнгом баст у ирон адæмы духовон æмæ культурон цардæй æнæхъæн заман — революцийы фæуæлахи- зы, æндидзыны æмæ социализмы фæуæлахи- зы заман, æмæ уый бынтæ æххæстæй, тек- стологон æгьдауæй куыстгондæй куы рацæ- уой, уæд сын уыдзæн стыр культурон æмæ æхсæнадон нысаниуæг, уымæи мах фæхъæз- дыг кæндзыстæм нæхи æмбарынад нæ адæ- мы ивгъуыд æмæ хæстæг ивгъуыд царды фæлтæрддзинадæй. Уæдæ æрæвналæм ацы хъуыддагмæ, сраст кæнæм, нæ критикы уац- мыстæ мыхуыр кæнгæйæ, цы рæдыдтытæ æруагъдæуыд, уыдон. Уый уыдзæн нæ куль- турæйы, нæ мадæлон литературæйы стыр куыст чи бакодта, уыцы адæймагæн нæ чы- сыл лæггад. ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР
БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕНЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 80 АЗЫ РЕВОЛЮЦИОН АУДЖЫ НЫВГÆНÆГ Ирыстоны алæмæтаг къуымтæй иу — Урс- туалтæ, Едысы хъæу. Ам 1898 азы Беджы- заты Леуаны фырт Дауытæн райгуырд лæп- пу — фидæны фыссæг Чермен. Иæ эстетикон-аивадон рæзты нывæрзæн ,уыдысты ирон хъæздыг фольклор æмæ ма- дæлон литературæ. Тынг æнувыд сыл уыд Чермен. Æмæ Калакмæ ахуырмæ куы аф- тыд (дины семинар, 1914—1917), 1915 азы. 17-аздзыдæй, æмдзæвгæтæ фыссын куы бай- дыдта, уæд ыл æгасæйдæр цыдис ирон тра- Дицийы бар. Калачы ахуыр кæнгæйæ, стæй ирон пол- чы службæ кæнгæйæ (1917—1918), Ручъы парторганизацийы сæрдарæй кусгæйæ 0918—1920), Хуссар Ирыстоны революци- ■он змæлды активон хайад исгæйæ, Чермен йе ’мдзæвгæтæ кæддæриддæр нывонд кодта йæ райгуырæн къуымæн. 1920 азы меньшевикты ныхмæ растæг æмæ меньшевикты азарæй басудзæг ирон мæгуыр адæмимæ Чермен ныууагъта йæ фыды уæ- зæг æмæ ахызт Цæгат Ирыстонмæ, куыста Хъæдгæроны районы парторганизацийы Зæрдарæй. Уæд (1920—1921) Дз,æуджы- хъæуы цыдис Ирон коммунистты газет «Кермен». Уым Чермен ныммыхуыр кодта йæ тæлмац «Кусæг дунейы зарæг (Интерна- ционал)» æмæ æмдзæвгæ «Цагъары фæнд- тæ». Уыдон сты Чермены фыццаг мыхуыр уацмыстæ. Æмдзæвгæтæ чермен фыста, сæйраджы- дæр, йе ’взонджы бонты, 1915 азæй 1921 азмæ .Иумæ сæ æрæмбырд кодта, ногæй ма сыл бакуыста æмæ сæ 1933 азы рауагъта хицæн чиныгæй («Кард æлвæстæй»), Тынг сыл зыны Къоста, Секъа, Кьубалты Алык- сандр æмæ Цомахъы æндæвдад. Хæдбар, хæдбындур не сты. Фæлæ уæддæр раст æв- дисынц Ирыстоны рёволюцион растады ■75
цаутæ, схонæн сын ис уæды азты лирикон- публицистон документтæ. Ирон хæххон царды зынвадат, хъизæмарæн æмдзæвгæты ис сагъæсаг, æнкъард хуыз. Тохмæ кæм сыстадысты адæм, уым Чермен свæййы ора- тор-трибун, йæ интонаци у тызмæг æмæ карз, драматикон æмæ æнæнцой. Æмдзæв- гæты сæрæй кæронмæ цæуьг иу лейтмоти- вон фæлгонц—уад. Уый у революци, адæмы тохы нысан. Уад баст у йæ фидиуæг Ленин- ны номимæ. Уыдон — уад æмæ Ленин — сты æмткæй .Чермены сфæлдыстады сæйраг, по- этикон фæлгонцтæ. Чиныг «Кард æлвæс- тæй»-ы цæсгæвæрæн у Ленины тыххæй æм- дзæвгæ — «Иу ном» (1920). Ирон поэзийы фыццаг æмдзæвгæ Ленины тыххæй. Æнæ риторикæ, æнæ тудт фæхъæртæ. Æмдзæвгæ у арф психологон-реалистон, характерон Ирыстоны ивгæ дугæн. Хуссар Ирыстоны Советон хицауад бæс- тон куы ’рфидар, уæд Чермен йæхи сæры- суангæй снывонд кодта партион æмæ æхсæ- надон куыстæн. 1921—1923 азты уыд Цхин- валы ревкомы сæрдары хæднвæг, 1923— 1925 азты — Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы ны- мæрдар, 1924—1926 азты — газет «Хурзæ- рин»-ы редактор. Чермен æпиæт йæ зонд, йæ арæхст скодта уымæ, цæмæй зæронд Ирыстоны сыгъдæттыл сырæзтаид ног со- циалистон Ирыстон. Иæ публицистон уацты Чермен дзырдта царды судзæгтыл: ирæд æмæ хисты ныхмæ, сылгоймаджы барты сæрыл, Хъæууон хæдзарад æмæ сæудæдже- рад, ирон мыхуыр æмæ национ культурæ размæ ракæныныл. ■ Иæ публицистикæйæн æцæгæлон нæу аив-фæлгонцон афыст,^фæлæ йын æмткæй характерон у иумæйаг газеты æвзаг. Иæ хъару цæуы проблемæты цыргъ- дзинадæй, æмбæстагон, уæндон, æргом рæст- дзинады пафосæй. Черменмæ литературои курдиат кæй уыд, ууыл дзырдтой йе ’мдзæвгæтæ æмæ йаз публицистикæ. Курдиат архайдта йæхи рар- гом кæныныл æмæ йæ уый тыххæй хъуыдис ахуырдзинад, иннæ адæмты аивадон фæл- тæрддзинад базонын. Æмæ 1926 азы Чер- мен ацыдис Мæскуымæ, журналистикæйы институтмæ. Уым базонгæ уырыссаг æмæ дунейон культурæимæ, тынг схæлар Слова- кийы литературæйы социалистон реализмы бындурæвæрæг Илемницкий Петеримæ æмæ уый дæр æнæфæзынгæ нæ фæци Чермены эстетикон рæзтыл. Мæскуыйы Чермен ныф- фыста чысыл очерк-этюд «Абон — Октябры бæрæгбон!» Сырх фæзы хоны Сырх ныхас. Метафорон фæлгонцæн йæ бындур у ирон, национ, йæ нысаниуæг та — æппæтадæмон, интернацион. Ацы чысыл этюд бæлвырдæй равдыста Чермены курдиаты реалистон- фæлгонцон миниуæг. Курдиат базыдта йæ- хи, баууæндыд йæхиуыл æмæ 1928 азæй байдыдта йæ бæркадджын заман. Чермены фыццаг егъау прозæйон уацмыс у 1920-æм азты бонæг («Ссыгъди цард» æмæ «Басыгъд цард»). Ие ’мдзæвгæтимæ иу у сæ темæ, сæ рæстæг, се ’рмæг. Фæлæ сæ аивадон ахадындзинадæй кæрæдзимæ дард лæууынц. Бонæджы Чермен æрвонг зондæй, æндыгъд зæрдæйæ анализ кæны уавæрæн. Бонæг у рæстæджы уылæн, йе змæст, йæ рæсуг, йе знæт, йæ гуырысхотæ, йæ хъуыр- духæн. Уыцы уылæн хæссы алцыдæр: хæс- гыты афыстытæ, реалистон хæххои пейзаж, историон ассоциацитæ-экскурстæ, юморон хабæрттæ, докладтæй скъуыддзæгтæ, газет- тæй цитаттæ, политикон фыстæджытæ, дзыллæйы портреттæ. Æмæ æппæт уыдон идейон-композицнон æгъдауæй иумæ бæтты Хуссар Ирыстоны трагикон хъысмæт æмæ авторæн йæхи фæлгонц — æнувыд револю- ционер, ког типы адæймаг, коммуписты фæз- минаг фæлгонц. Уымæй цæугæ "у бонæджы реалистон лиризм — куы фæлмæн-цардуа- гон, куы хъуыдыгæнæг-нртасæг, куы уæл- монц-патетикон. Бонæджы аивадон уатыл фыст сты Чер- мены очерктæ «Ногир абон» (1930), «Кол- хæдзарад», «Хурзæрин» (1930), «Ихдзагъд» (1935). Ирон хъæуты нывтæ, иумæйаг’куыс- ты поэзи, классон тохы ног цардарæзты ныхмæдзыдтæ, алыхуызон адæймæгты- ха- рактеристикæтæ — адон нæ цæсты раз сы- стынц рельефонæй æмæ авторы удцæсгомы фæрцы цард уынæм бирæ фарсонæй, хуыз- джынæй, парахатæй. Чермены уынынадæй, кинойау, ис уæрæх авнæлд. Уый йын хатт бар нæ лæвæрдта, цард æмæ адæймæгты æвдисгæйæ, арфмæ бацæуынæн, фæлæ æмт- кæй хицон уыд йæ эпикон-реалистон кур- днатæн. Цахæм цæрдхъом хъарунæ ныл æрбау- лæфы колхозтæ аразыны дуг æнæфæуд ро- ман «Æндæр фæндаг нæй», зæгъгæ, уый райдайæнæй! Чермен алцы дæр фыссы лæм- бынæг, бæлвырд, раст: адæймæгты цайдагъ- тæ, се змæлд, сæ ныхас, æрдзы фæзындтæ. Реалистон дзаджджын фыссынад бацыд йæ тыхы. Хъæздыджытæ æмæ мæгуырты цар- ды Чермен арæхстджынæй фæлгъауы, мыг- гагон-национ æгъдæуттæ æмæ социалон- класон тырнындзинæдты ’хсæн цы ахастытæ уыд, уыдон. Уыцы темæйыл ма амад у уацау «Би- рæгътæ» (1934) дæр. Уацау у дыууæ зонд- ахасты быцæу — традицион цард æмæ йæ чи халы, уый быцæу, хъæздыг Бадила æмæ мæгуыр Бибойы быцæу. Бибо разы нал у Бадилайы сырдон эксплуататорон æгъдауыл æмæ кæд Бадила тыхджын у, уæддæр ын Бибо ком нал дæтты, æххуырсты лæдзæг æм хæсса ,уымæй йæ удхæссæг федта. Советон хицауады руаджы Бибо фæуæлахиз Бади- лайыл, цæрæнбонты се ’хсæн цы карз бы-. цæу-конфликт уыд, уый ахицæн’ Бибойы пайдайæн. Зæронд æмæ ног, традици æмæ новатор- дзинад — ацы проблемæйыл дзуры Черме- ны гуырахстджындæр уацмыс «Мæсгуытæ дзурынц» (1934). Чермен ныхæй-ныхмæ æрæвæрдта дыууæ дуджы, дыууæ дунеæм- барынады, дыууæ аивадон стилы. Баймæт — зæронд царды сагъæсдон, ивгъуыд аива’ды минæвар. Чермен — ног дуджы фыссæг, реа- листон литературæйы минæвар. Фæлæ се ’хсæн нæй хæрамдзинад. Баймæты таурæгъ- тæй мах базонæм Мæсгуыты бæстæйы рагон истори. Уым сæйраг у æгъдау æмæ адæй- маг. Æгъдау кæм адæймаджы ныхмæ у, кæм та — йæ фарс. Æгъдау æмæ классон дихдзинæдтæ — уый дæр ирдæй зыны Бай- мæты таурæгъты. Цы уыди нæ фыдæлты истори — æрмæст романтикон хъæбатырдзи- 7в
яад æви æрмæст са.удалынг хъизæмар? Чер- :мен бæлвырд кæны: алцыдæр уыдис, уыдис дард, — вазыгджын, бирæкъабазджын. Баймæты аивад —• Ирыстоны ивгъуыд заман. Абон хъæуы, абонимæ баст у. Абон ьш ис фæдон — Чермены реалистон аивад. Дзæгъæлы нæу, Баймæт тынг кæй не ’мба- ры æрыгон студентты ныхас, фæлæ сæ уæд- дæр уарзы, уыдоп дæр æй уарзынц, Бай- мæты ныхас сын стыр хæзна у. Чермены контрастон-реалистон уынынад- райгуырдысты иттæг хорз радзырдтæ «Æртæ фæкасты» (1935) æмæ «Уад асаста гæды бæлас» (1936). Алыхуызон, кæрæдзи- мæ дардлæууæг предметтæ æмæ деталтæ ассоциацийы хуызы раргом кæнынц сæ ми- дис, райсынц иумæйаггонд-символон ныса- ниуæг. Чермен йæ литературон-аивадон куыст иугæндзон баста литературон-æхсæ- надон куыстимæ. Уыд газет «Большевикон аквад»-ы редактор, хирауагъдады хистæр, фысджыты цæдисы сæрдар, журнал «Фиди- уæджы» редактор. Йæ литературон-крити- кон уацты Чермен тох кодта нæ къласикон бынтæн аккаг аргъ скæныныл, нырыккон фысджыты сфæлдыстадон куыстæн амыд- уад 1отпТИОН"анвадон Ф^ндæгтæ. Чермен Гактш ИР°Н ФысД«ь.ты фыццаг съез- кодта ипп„ °Рганиза«игæнджытæй, фидар кодта ирон фысджыты сфæлдыстадон баст- таИ.ææД^,7ЫрДЗИ?Г æмæ абхазаг ФысД*ы- Шæ тæ™я, Лæ.гæн-лæгмæ фембæлдтытæй, чвтя к^п?Ц æ" дæР- ЧеРмен йæхæдæг ра- Ник\я пЯ РД- уацмысы Фирдоуси, Островский т1й мк я°ЛаС *К1б æмæ æндæР Фысджы" п^";.1 Ы уыд Сов"он фысджыты Æп- пæ.цæдисон 1-аг съезды делегат. Ие ’ппæт литературон æмæ æхсæнадон уагахастæй Чермен кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр бæрзонд дардта ирон литературæны ном, ирон адæмы кад. Чермен фыста, иууыл хуыздæр цы зыдта, ууыл, æмæ куыд зыдта, афтæ. Æмæ кæд бирæ нæ ацард, 1937 азы 39-аздзыдæй æнæ- азымæй фæци иу адæймаджы культы амæт- таг, интенсивон литературон куыст кодта æрмæст 8 азы бæрц.уæддæр нын цы реа- листон-аивадон бынтæ ныууагъта, уыдон ирон литературæйы историйы ахсынц ахъаз- заг бынат, никуы сæм скæрдæг уыдзæн ирон чиныгкæсæг дзыллæты фæндаг. ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ МÆ МЫСИНÆГТÆ БЕДЖЫЗЛТЫ ЧЕРМЕНЫ ТЫХХÆЙ Чеме! Афтæ хуыдтой нæ хæхбæсты Чер- мены, кæнæ ма йæ хатт Епрем дæр хуыд- той, фæлæ уыцы ном рох байдыдта, æмæ Чермен кæнæ Чемейæ дзырдтой адæм Бе- джызаты Дауыты фырт Черменмæ. Чермен уыд уарзæгой æмæ хæлар адæй- маг, раджы бацыди адæмы царды мæт йæ зæрдæйы æмæ революцион тохы фæндагыл дæр уымæн ныллæууыд. Иу æмæ йæ дыууæ хатты миййаг нæ агуырдтой меныпевиктæ æмæ паддзахы фæсдзæуинтæ, фæлæ сæ къухты не ’фтыд. Чермен уыд астæуккагцæрæг бинонтæй рацæугæ. Иæ фыд Дауытмæ уыди ахуыра- дæй æрмæстдæр иунæг кълас. Уыцьт кълас дæр каст фæци Дзауы дины скъолайы, уыр- дæм та цыд Хуыцъейы хъæуæй Пæррæста- ты Сауитæй. Цæвиттон, Сауи хæлар уыд Дауыты фыд Леуанимæ, фæлæ Леуан ахст куы ’рцыд, уæд Дауыт ныууагъта йæ ахуыр æмæ Едысмæ аздæхти йæ фыды хæдзармæ, кодта уым хæдзары куыст æмæ йын. бинон- тæ æрхастой Абайты Тоццæйы. Тоццæ æмæ Дауытæн фæзынд зæнæг, уыцы нымæцы Чермен дæр. Æз ам нæ дзурдзынæн Черме- ны алы хабæрттыл, зæгъдзынæн, куыдæй йæ зыдтон, уый тыххæй. Чермен иудадзыгдæр цыд галифе хæла- фы, цырыхъхъыты, сæракæй курткæйы, фæ- лæ йын уыд ирон дарæс дæр: цухъхъа, хъа- ма, æвзист аргъæвæгджын рон, куырæт, уæлдзарм худ, басыллыхъ, сау бæрцытимæ ■алдымбыд хæрдгæ бос. Чермен хъæубæсты йæ хæрзæгъдауы тых- хæй алкæмæн дæр æфсымæры хуызæн уыд, æууæндыдысты йыл æмæ сын уый дæр се ууæнкк никуы фæсайдта. Нæ бæстæйы райдыдтой колхозтæ аразын. Чермен йæхæдæг дæр уыди уыцы хъуыдда- джы лæуд. Иуахæмы йæ хистæр æфсымæр Герасæн афтæ зæгъы: — Ды ахуыргæнæг дæ. Нæ хъæуы цæр- джытæй ахæм хæдзæрттæ ис, æмæ мыст кæм æрзила, уый бæрц зæхх дæр æм нæй, ахæм адæмтæ тагъддæр сразы уыдзысты колхозмæ бацæуыныл, семæ аныхас кæн æмæ сараз колхоз, æппæты сæрæй дæхи ба- фысс колхозмæцæуджыты номхыгъды. Герас ныфс бавæрдта йе ’фсымæрæн. Уæд Чермен та къуыдаргоммæ фæцыд, колхозтæ аразыны тыххæй. Герас куыста ахуыргæ- нæгæй, куы Ходзы, куы Ерманы, куы Бры- тъаты, куы Тлийы, куы Челиаты, фæстаг хатт та сæхи хъæу Едысы. Уыд революцийы хайадисæг, куыста Саша Гегечкорийы къор- ды Хурныгуылæн Гуырдзыстоны. Уый дæр баст уыдис, Черменау, болылевиктимæ. Мæ- нæ куыд фыссы йæ чысыл очеркы Гаглойты Цуцукк Герасы тыххæй: «...Мæ рагон зонгæ, мæ хæлар, рагæй, цал- дæр азы нал федтам кæрæдзи. Диссаг, куыд фендæр йæ хуыз!.. Цæхæрцæст, хæстмондаг партизанæй йæ федтон 1918 азы Чъребайы фронты. Бæгуы нæ фидыдта, нæ, уый йæ балимæ Сырх тырысайы бын... цæхæртæ калдтой йæ гæрзтæ, фæтæн, бæрзонд риуыл 77
æмæ нарæг астæуыл æртты’втой сæрак хъа- таратæ...» О, раст зæгъы Цуцукк Чермены хистæр æфсымæр Герасæй. Герас сарæзта сæ хъæ- уы колхоз хъæуы мæгуыртимæ. Бахаста колхозмæ, цы зæхх, цы муртæ йæм уыд, уы- дон: дыууæ галы æмæ гутон, 3 хъуджы æмæ 30 фысы, тауинаг. Хъæубæстæй бирæты уырнгæ дæр нæ кодта колхоз саразыны ха- бар æмæ-иу дзырдтой: «Сæ фæллой дзæ- гъæлы сафынц». Фæлæ иннæрдыгæй та мæгуырдæр цæрджытæ æмбæрстой, Чермен раст кæй дзырдта. Бирæ уарзта Чермен ирон кафт æмæ зард, 1935 азы Цхинвалы ирон кафт æмæ зардмæ æркаст куы уыдис, уæд Чермен Урстуалты æрæмбырд кодта хуыздæр зарæггæнджыты æмæ кафæг фæ- сивæды. Мæ зæрдыл ма лæууы, иу сæрды Чермен æмæ йæ кæстæр æфсымæр Уасо, уыдонимæ иумæ Тугъанты Махарбег, Гæззаты Лади, Уанеты Шакро, Санахъоты Ладо, Гаглой- ты Рутен уыдысты Едысы. Уæд æмбырд кодтой адæмон сфæлдыстад. Чермены фыд Дауыт сæ райста зæрдиагæй. Се ’ппæты каст дæр уыд, Чермены фыды фыд зынгæ таурæгъгæнæг Леуанмæ. Леуан уыд хиуыл- хæцгæ, дзырдарæхст, фæлмæн ныхас чи код- та ,ахæм- адæймаг, Гаглойты Рутен æй афарста, зæгъгæ, ног рæстæг дæ зæрдæмæ куыд цæуы. Уый загъта: — Ницы зонын, дæ рын бахæрон, æз цæрдтæй мæрдтæм хæстæгдæр дæн. Сымах ахуыргонд стут, æз та — æнахуыр дæн æмæ къуырма. Цыдæр хорз царды кой кæнут, мæнæ йæ- лæппутæ дæр фæдзурынц æмæ уын бантысæд. Адæм мæ рæстæгау кæрæ- дзи топпыкæсæн æмæ карды комæй мауал агурæнт, æмæ уын мæ ’зæронд сæр дæр уый фестæд! Иу æндæр сæрды та Чермен уыд Едысы. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы, хъæубæстæй йæм бирæтæ ног хабæрттæ базоныны тых- хæй æрбацыдысты æмæ уыцы рæстæджы мæ мад ведрайыдзаг дон æрбацæйхаста. Чер- мен æй ауыдта æмæ афтæ зæгъы, чи йæм æрбацыди, уыдонæн: — Чысыл фæлæуут! Ауади æмæ мæ мады къухæй ведра райс- та æмæ йæ хæдзармæ бахаста. Чермены æрвад Лексо йын афтæ: — Цæмæн фыдæбон кæныс, чындз у æмæ ведра æрбахастаид йæхæдæг. Чермен ын ахæм дзуапп радта: — Сылгоймаг у æфхæрд адæймаг. Мæнæ мах, акæсут-ма — 4 æфсымæры, чындзæн æртæ сабийы, стæй мæ фыд æмæ мæ фыды фыд, фараст удгоймаджы, се ’ппæтæн хæ- ринаг кæнын, се ’ппæтæн дарæс хуыйын æмæ ма хæдзары зылд — иууыл уыцы иу удгоймагмæ кæсынц. Сылгоймаг тынг тæри- гъæд у. Æфсæрмы хъуамæ кæна, фæлæ ма дзурын, уайсадын уыдæттæ ницы сты. Уый дæр райгуырд цæрынæн æмæ йын аргъ хъæ- Уы- — Раст у-Чеме, фæлæ уæддæр ды нæлгои- маг дæ... — Гъе ’мæ, нæлгоймаг та тыхджындæр у æмæ хъуамæ æххуыс кæна æнæбондæрæн. Тынг аргъ кодта Чёрмен сылгоймагæн, афтæ никуы уыд æмæ-иу алы бацыдæн дæр сыхæгты сылгоймæгты мацæмæй барæвдыд- таид. Чермен иу сæрды Едысы уыдис æмæ ньь хас кодта Мамиты Тасоимæ. Æз Чермены фыды фыд Леуанæн кастæн Къубалты Алыксандры кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ». Каст куы фæдæн, уæд мæ Тасо афарста: — Лæппу, се ’гасы куынæ загътай, 9 адæймагæй фылдæр куы уыдысты. Уыцы рæстæджы Чермен Тасойы афарста: — Ау, æмæ ма исчи уыди уыцы хъуыд- даджы? — Уыди, уыди, Чеме^, — зæгъы Таср,— æз æй лыгъды заманы Æрыдоны фехъуыс- тон. Уæд Чермен систа йæ бонæг æмæ зæгъы: — Радзур-ма йæ, куыд æй фехъуыстай, уый. Тасо райдыдта дзурын Хæсанæйы тау- рæгъ. Уый фыст æрцыд (уыцы таурæгъы иу экземпляр радтон филологон зонæдты доктор Джусойты Нафимæ — Б. Д.). Дис- саг >:æм уый фæкасти, æмæ Тасо чиныг кæ- сын нæ зыдта Леуанау, фæлæ таурæгъ у Къубалы фырты фыст Хæсанæйы кадæджы хуызæн, æмæ зын зæгъæ’н у, Къубалы фырт æй йæхæдæг æрымысыди, æви йæ адæмон таурæгъæй рацарæзта. Чермен «Мæсгуытæ дзурынц» ныффыста йæ фыды фыд Леуаны таурæгътæй æмæ сæ литературон арæзт скодта, раст мæм афтæ кæсы Хæсанæйы ха- бар дæр. Чермен афтæ зæгъы Тасойæн: — Ацы таурæгъ ныффыссæг у Къубал- тæй иу лæппу æмæ йæм æй æз ныффысдзы- нæн. Бæлвырд нæ зонын, ныффыста æви нæ, Чермен Къубалы фыртмæ уый. Чизоны, ныффыста, фæлæ Чермен æмæ Алыксандр гоймаджы культы заманы бабын сты æмæ ницы æвдисæндар ис уый тыххæй. Чермены адæм зыдтой æнæхин лæгæй хæлар адæймагæй, рæстылдзæуæгæй. Зæнæгæй йын ницы баззади, нæ йæ фыц- цаг бинонтæ Салагашвили Оляйæ, нæ йæ дыккаг бинонтæ Чередниченко Варварæйæ. Нæ хъæуы скъола куы арæзтой, уæд йæ аразджытæй иу ирон уыд, дыууæ гуырдзи- йæгтæ æмæ æхсæз та — уырыссæгтæ. Скъо- ла саразын æмæ йæ тагъддæр скъолайæн радтыныл Чермен тынг архайдта. Цæмæй скъолааразджытæ ма алыгъдаиккой, уый тыххæй Чермен йæ фыд Дауитæн загъта æмæ сын уый цæрынæн йæ хæдзары хатæн- тæй иу радта. Скъолааразджытæ, цалынмæ сæ куыст фесты, уæдмæ цардысты Чермены фыды хæдзары. Чермены фыд сын ницы хæ- лæг кодта, йæ къух цас амыдта, уымæй сын хæринаг дæр лæвæрдта. Уыцы хъуыддаджы скъолааразджытæ тынг бузныг уыдысты Чермен æмæ йæ фыд Дауытæй., Ахæм уыдис Чермен. Йæ куыст æмæ ар- хайд рæзгæ фæлтæрæн сты цæвиттойнаг æмæ зæрдылдаринаг. ; БЕДЖЫЗАТЫ ДУДАР 78
ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМЙРЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 50 АЗЫ ^Лщту+уФ^^Лу^ЛщЛщтщ* Зынаргъ Владимир Михаилы фырт! Зæрдиаг арфæ кæнæм дæуæн, зынгæ ирон драматург æмæ прозаи- кæн, æхсæнадон архайæгæн, дæ райгуырдыл фæндзай азы сæххæсты цытджын бон. Дæ уацмыстæ, царды сæрыл тохы пафосæй се ’мыдзаг чи у, уыдон популярон сты канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæтцæдисон чиныгкæсджы- ты ’хсæн дæр. Ды сфæлдыстай бирæ пъесæтæ, радзырдтæ, уацаутæ, ро- мантæ, очерктæ, литературон-критикон уацтæ. Дæ драматикон уацмыс- тæ «Æнæбасæттон адæм», «Зæлинæ», «Сыгъзæрин фæткъуы», «Иунæ- джы кадæг», «Уарзондзинады кадæг» æмæ æндæртæ æвæрд цыдысты 79
æмæ цæуынц ныр дæр куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны театрты сценæтыл, героикон драмæ «Ныййарæджы кадæг» та æнтысгæйæ æр- зылд нæ бæстæйы бирæ театрты. Чиныгкæсджытæ бауарзтой дæ прозаи- кон уацмыстæ: «Зæрдæйы сагъæстæ», «Адæмæн зæхх у сæ дарæг», «Гъе, мардзæ, исчи!», Дæ «амонды тыххæй». Сфæлдыстадон куыстæй дарддæр ма ды разамынд кæныс журнал «Фидиуæгæн» æмæ йын цæстуарзонæй дæттыс дæ хъарутæ æмæ рæстæг. Фæнды нæ дæуæн, зынаргъ Владимир Михаилы фырт, ног сфæлдыс- гадон æнтыстытæ! ССР Цæдисы Фысджыты Цæдисы правленийы секретариат, Гуырдзиаг литературæйы совет е Нæ зынаргъ æмбал, Валодя! Гуырдзыстоны фысджыты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайад æмæ дын журнал «Фидиуæджы» редакци зæрдиаг арфæ кæнынц, дæ рай-_ гуырдыл 50 азы кæй сæххæст,.уый тыххæй. Ныр 30 азы бæрц ды цæстуарзонæй лæггад кæныс дæ адæмæн дзырдаивады руаджы, æнтыстджынæй архайыс ирон советон литерату- рæйы рæзтыл. Дæ романтæ: «Лæ амонды тыххæй», «Гъе, мардзæ, ис- чи», «Адæмæн зæхх у сæ дарæг», уацаутæ: «Алæмæты гæххæтт», «Нæ бахуси,хæрисбæлас», «Къæвда уарыд», Драмæтæ:«3алинæ», «Уарзон- дзинады кадæг», «Сыгъзæрин фæткъуы», «Ныййарæджы кадæг», «Иунæ- джы кадæг» «Зæххон хуыцæуттæ», «Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд» æмæ дæ бирæ аив фыст радзырдтæ, публицистон уацмыстæй дзæвгар фæхъæздыгдæр кодтой нæ литературæ, уыдон уæрæх фæндаг ссардтой чиныгкæсджыты зæрдæмæ. Бирæ азты дæргъы бæрнон бынæтты кусгæйæ, ды дæхи равдыстай арæхстджын æмæ æвæллайгæ къухдариуæггæнæгæй, уыимæ иумæ ды кæныс ахадæн æхсæнадон куыст дæр. Нæ зæрдæ дын зæгъы бирæ азты æнæниздзинад æмæ ног стыр сфæлдыстадон æнтыстытæ. Гуырдзыстоны Фысджыты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайад, журнал «Фидиуæджы» редакци ЗÆРДÆБЫН АРФÆ Фæндзай азы сæххæст Гаглойты Владимиры райгуырдыл, фæндза- йæм азы æрбалæууыд фысджыты рæнхъыты. Гъе, æмæ кæд афтæ бирæ бауарзта нымæц «фæндзай», уæд, æппын къаддæр, фæцæрæд æртæ- цыппар хатты фæндзай азтæ. Уый канд мæ арфæ нæу — уый у, йæ би- рæ пьесæтæ йын чи федта, йæ бирæ радзырдтæ, уацаутæ æмæ романтæ йын чи бакаст, уыдон арфæ. Ахуыргæнæг арæх фæфæрсы йе скъоладзауты: «Цы зæгъынмæ хъавыд автор йæ уацмысы?» Мах дæр уый куы бафæзмиккам æмæ куы бафæрсиккам: цы зæгъинаг у фыссæг æмæ цæмæ бæллы, цы хотых райста, уымæй архайгæйæ, уæд нын Владимир дзуапп радтид йæхæдæг: «Ницæмæ бæллын, æрмæстдæр адæмы амондджындæр цардæй дард- дæр!» Чизоны, исчи зæгъа — Ау! фыссæг æрмæст адæмы мæт кæны? Нæ, йæхи дæр нæ рох кæны. «Искæй амондджынæй куы фенын, уæд амондджындæр вæййын мæхæдæг дæр» — афтæ зæгъы Владимирæн йæ иу уацауы хъайтар. 80
.Амондджын адæймаг уарзæгой ма уа, уый никæд вæййы. Владимир :зоны уарзын. Чиныгкæсæг иттæг æхсызгонæй æмæ цымыдисæй бакæсы Мурат æмæ Мæдинæты, Тузар æмæ Азауханы, Дзанг æмæ Агуындæйы æыгъдæг уарзондзинады цаутæ. Уæдæ уарзондзинад, лæджы ном æмæ цæсгом чи чъизи кæны, уыдон уарзæгой адæймагæн æнæуынон ма уой, уый дæр никæд вæййы. Рагон Солымтæ æмæ нырыккон Сæрмæттæ йæ удхæссæг сты фыссæгæн æмæ ахæм æнæуынон æнкъарæнтæ æвзæрын кæнынц чиныгкæсджытæм дæ,р. Дардыл анхъæвзта Владимиры сфæлдыстад. Революцийы агъоммæ :йе стырдæр бæллиц афтæ кæмæн уыд: «Тæхуды, искуы æфсæстæй куы бафынæй уаин...» — уыцы рæстæгæй абоны цардмæ йæ уацмысты ми- дæг адæмы царды зынгæдæ,р цаутæй бынат чи не ссардта, ахæм нал баззад. Ирон адæмы цардæй, уæлдайдæр та фыд заманы дугæй, Владимир лхæм хæрзхъæд нывтæ æмæ хуызджын фæлгæнцтæ сарæзта, æмæ нæ .литературæйы æрцахстой ахсджиаг бынат. Фæндзай аздзыды æмбискар фæхонынц. Бирæ бантыст Владими- рæн уыцы азты. Дыккаг æмбисы дын, Валодя, ноджы фылдæр бан- .тысæд! «Дæ лмонды тыххæй!» Нæ литературæйы амонды тыххæй! ДЗЕСТЫ КУЫДЗÆГ АГУРЫН ÆМÆ СГАРЫНЫ ФÆНДАГЫЛ Гаглойты Владидимир —■ ирон зынгæ прозаик æмæ драматург, йæ литературон куыст райдыдта фæндзайæм азты райдианы. Фыццаг фыс- та радзырдтæ, стæй йæ дæсныйад куыд бæрзонддæр кодта, афтæ бав- нæлдта литературæйы зындæр æмæ вазыгджындæр жанртæм — уацахр тæ, пьесæтæ æмæ романтæ фыссынмæ. Ныр Гаглоиы фырты уацау «Адæмæн зæхх у сæ дарæг», йæ гуы- рахстджын романтæ «Дæ амонды тыххæй» æмæ «Гъе, мардзæ, исчи!» систы ирон литературæйы зынгæ бавæрд æмæ чиныгкæсджыты зы- наргъдæр уацмыстæ. Владимиры фыццаг пьесæ «Æнæбасæтгæ адæм» Къостайы номыл ладдзахадон театры æвæрд æрцыд 1952 азы. Уæдæй фæстæмæ автор ■сфæлдыста дæс драмикон уацмысæй фылдæр. Уыдон аивдæртæ сты «Зæлинæ», «Ныййарæджы кадæг», «Иунæджы кадæг», «Уарзондзинады кадæг», «Зæххон хуыцæуттæ», «Нæ фехъуыстон ма зæгъ» æмæ æндæр- тæ. Ацы пьесæтæ æвæрд æрцыдысты канд Хуссар Ирыстоны драмон театры сценæйыл нæ, фæлæ Цæгат Ирыстоны драмон театры сценæйыл дæр. Фаг у зæгъынæн уый, æмæ йæ драмæ «Иунæджы кадæг» ныр фынд- дæс азæй фылдæр цæуы ацы драмон театры. Йæ иннæ драмæ «Ныййа- рæджы кадæг» та бацыд æппæтцæдисон репертуармæ. Гаглойты Владимир йе ’сфæлдыстадон куысты лæууы агурын æмæ сгарыны фæндагыл. Уый у фыссæг-нывгæнæджы иууыл хуыздæр мини- уæг. Владимир цардæй фæисы иууыл цыргъдæр, æндыгъддæр фæзынд- тæ, адæймаджы кæрæдзимæ ахастытæ æмæ конфликттæ карздæр æмæ уæззаудæр кæм вæййынц, ахæмтæ. Уыцы социалон æмæ психологон ных- мæдзыдтæ та иууыл карздæр уыдысты адæмон революцийы, Мидхæсты, стæй Фыдыбæстæйон хæсты азты. Ацы тематыл фыст сты Владимиры сæйрагдæр прозаикон æмæ драматикон уацмыстæ. Уыдон систы нæ фыссæджы сфæлдыстады аивдæр, нывæфтыддæр æмæ хуыздæр уац- мыстæ. Гаглойты Владимир ныртæккæ ис йе сфæлдыстады хурхæтæны. Бирæ азты дæргъы уы’д бæрнон бынæтты: — рауагъдады сæйраг редак- 6. «Фидиуæг» № 12. »1Г
тор, ныр та— журнал «Фидиуæджы» сæйраг редактор, фæлæ уæддæр йæхимæ ары фаг тыхтæ, бæрзонддæр кæны йе сфæлдыстадон дæсныйа& æмæ зæрдиагæй кусы ирон литературæйы. Ныфс нæ ис, Гаглойты Владимир йæ 50 азы фæстæ кæй сфæлдис- дзæн бирæ ног аивадон уацмыстæ чиныгкæсджытæн æмæ сценæуарз- джытæн. ГАФЕ& ÆНУВЫД ÆМÆ ХÆЛАР КУСÆГ Гаглойты Владимир ирон аив дзырдæн лæггад кæны 30 азы. Уый стыр куысты æнæхъæн фæлтæр у. Æмæ уыцы куыстæй фыссæг йæхи- цæн скодта «кад æмæ сæр». Бирæ уацмыстæ ис Валодяйы номыл — афтæ йæ хонæм хæлары æвзагæй — нæ литературæйы, фæЛæ сæйраг сты йæ романтæ («Адæмæн зæхх у сæ дарæг», «Æй, джиди, исчи!», «Дæ амонды тыххæй») æмæ- драмæтæ («Уарзондзинады кадæг», «Ныййарæджы кадæг», «Иунæджы кадæг», «Зæххон хуыцæуттæ»), стæй йæ новеллæтæ. Æмæ сыл дæ цæст æмткæй куы ахæссай, уæд бæрæгæй сыстдзæн дæ разы фыссæджы сæй- раг хъуыды æхсæнады рæзт æмæ адæймаджы удыхъæды ивæнты тых- хæй. Фыссæг нæ адæмы царды фæзындтæ дардыл уыны — XX æнусы, цард æмæ удивæн æнусы фæлгæтты. Æмæ æхсæны царды размæцыд" бæтты социалон-сæрибаргæнæг тохыл, цард революцион æгъдауæй ра- ногкæныны процессыл. Уый бæрæгæй зыны йæ романты дæр æмæ йæ драмæты дæр. Се ’ппæт дæр кæрæдзийыл фидар баст сты иу сæйраг хъуыдыйæ, фыссæджы курдиаты оæйраг -пафосæй: амонд ссарæн ис æр- мæст удуæлдай тохы сæрибар æмæ рæстдзинады сæрыл! Цæуылфæнды ма фысса, кæцыфæнды историон дуджы цаутæ ма уой йæ уацмысы фæлгъауæн объект, уæддæр ацы хъуыды у йæ фæнд- агамонæг, йæ сæйраг дзуринаг. Æмæ йыл дзуры куы романтикон аивады мадзæлттæй, куы фæлгъауæг, аналитикон дзырдаивады фæрæзтæй.. Алыхатт йæхи фæндиаг нæ рауайынц уацмыстæ, вæийы цухдзинæдтæ- сæ аивадон нывæзты, уæлæнгай фæлтæрмæ сæ мидисы сконды, фæлæ^ йын уæддæр бантысы царды удæгас нывтæ æмæ адæймаджы удыхъæ- ды хъулæттæ равдисыны руаджы йæ сæйраг хъуыды чиныгкæсæджы; зæрдæмæ ныдздзурын. Валодяйы аивад хуызджын у, йе сфæлдыстадон фантази — базыр-.- джын. Шæхæдæг та у аивады æнувыд кусæг. Уый канд курдиаты сти- хион тыхæй нæ архайы, фæлæ тындзы йæ куыстагыл æрвылбон: бæр- зонддæр кæны йæ дæсныйад, арфдæр — йæ идейон-нывæфтыд мидис уацмысæй-уацмысмæ. Уый та у зæрдиаг кусæджы фыццаг бæрæггæнæн.. Валодя ме умгар у, иу рæстæджы æрцыдыстæм кусынмæ æвзонг лæппутæй ирон литературæйы уæрæх, фæлæ кусæгцух быдырмæ. Æмæ- йæ фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ уыд æнувыд кусæг, хæларзæрдæ æмгар, литературæйы хæрзæбон йæхи номæй фылдæр чи уарзы, уæлдæр- чи ’вæры, ахæм. Уыдон та сты æцæг литераторы хуыздæр миниуджытæ. Валодяйы курдиат ныртæккæ бацыд йæ тыхы æппæтæй дæр. Ныр- мæ цы сарæзта, уымæй — бузныг, фæлæ хорз æмæ аивæн кæрон нæй — ноджы йæм бæрзонддæр аивадмæ кæсæм æнхъæлмæ. Бæлццон лæг у — райгæ цæуæд аивады зынвадат æмæ æмхæрд фæндæгтыл! Уарзы сфæл- дыстадон агурæнтæ — ссарæд налхъуыт-налмас хæзнатæ нæ аивадæнГ Зоны искæй æнтыстытыл цин кæнын. Райгонд уæ& йæ зæрдæ йæхш куыстæй дæр æмæ нæ дзырдаивады иумæйаг рæзтæй дæр! НАФИ 82:
ФЫССÆДЖЫ ХУРХÆТÆН Гаглойты Валодя ирон драматурги æмæ сценикон аивадмæ æрбахас- та йæхи хъудыйы халбыд, йæхи æрмдзæф. Курдиатджын драматургæн йæ фыццаг фæлтæрæнты («Зæлинæ», «Сыгъзæрин фæткъуы») канд йе урдзон фадæттæ, йæ арæхстдзинад нæ фæбæрæг сты, фæлæ ма иттæг ирдæй разынд йæ партион æмæ æм- бæстагон цæстæнгас цардмæ, рæстæгмæ, адæймагмæ. Йæ алы уацмысы дæр фенæн ис адæймаджы байтаман æууæлтæ лирикон æмæ романти- кон тынныеæзтæй; дæлвæз, козбау æмæ ницæййаг æнкъарæнтæ æмæ бæллицтæ рахæссы хурныхасмæ æгъатыр сатирикон арцы фындзыл. Ирон драматурги æмæ сценикон аивады тæккæ ахсджиагдæр æмæ разагъды уæлтæмæндæрыл нымад цæуынц героикон-романтикон дра- мæтæ æмæ спектаклтæ. Ардæм, мæимæ гæсгæ, тынг стыр æвæрæн ба- хаста Гаглойы фырт. Уымæн йæ къухы бафтыд, нæ дуджы хъæбатыры фæлгонц нывгæнгæйæ, дарддæр героикон-романтикон хъайтары сурæт райрæзын кæнын, уый хъуыдыты æмæ æнкъарæнты дзæвгар фæмидис- джындæр кæнын, эмоцион æгъдауæй фæарфдæр, фæцæрдхъомдæр кæ- нын. Тынг стыр у Гаглойты Валодяйы драматургийы аудындзинад ирон режиссурæ æмæ актеры дæсныйады райрæзтæн. Драмæтæ «Уарзондзи- нады кадæг», «Иунæджы кадæг», «Ныййарæджы кадæг» æмæ «Зæххон хуыцæуттæ» бар радтой Ирыстоны театрты архайджытæн бирæ алыхуы- зон фæлгæнцтæ саразынæн. Ацы уацмысты сценæйыл æвæргæйæ æмæ хъазгæйæ, уыдонæн дзæвгар фæсæвджындæр, фæмидисджындæр сты се сфæлдыстадон авналæнтæ. Уæдæ уæндонæй зæгъæн ис, ирон æрыгон артисттæй бирæтæн сæ курдиат, сæ арæхстдзинад фыццаг хатт раргом Гаглойы фырты уацмысты сæйраг ролтæ æххæст кæнгæйæ. Гаглойты Валодя бацыд йæ лæджы кары, схызт аивады бæрзонд æфцæгмæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ардыгæй хуыздæр уыны нæ рæстæджы адæймаджы, тынгдæр æм хъуысы адæймаджы уæиг зæрдæ æмæ тыхджын хъуыдыйы куыст. Мæн уый æууæндын кæны, йæ дард- дæры æнтыстытæ кæй уыдзысты ноджы аивдæр æмæ мидисджындæр, ууыл. Мæ хæлар лæг, дæ сыгъдæгзæрдæ, дæ рæсугъд хъуыдытæй фæлыст хъайтартæн аивады «бардуаг» ахæм амонд раттæд, адæмы ухсæн сын цы стыр кад æмæ намыс ис, уый сæ цот ноджы бæрзонддæр куыд си^ сой. Уадз æмæ хъæрдæрæй хъуыса нæ дуджы хъæбатыры номарæн за- рæг. БÆЦИАТЫ АГУЫДЗ ÆГЪУЫСТАДЖЫ КУРДИАТ Фæндзай азы сæххæст зынгæ фыссæг Гаглойты Михайы фырт Вла- димирыл. Сæрыстырæй æмбæлæм нæ зынаргъ хæлары 50 азы юбиле- йыл. Куыд ирон чиныгкæсджытæ, афтæ не стыр Райгуырæн бæстæйы æфсымæрон адæмтæй дæр бирæтæ стыр цымыдисæй кæсынц сæхи æв- загыл тæлмацгондæй Гаглойты Владимиры уацмыстæ. у <, Стыр фыдыбæстæйон хæсты фæстæ, 50-æм азты, æвзыгъдæй чи райста йæ къухмæ фыссæджы сис, уыцы фæлтæрæй у Владимир, уæдæй ардæм цы уацмыстæ ныффыста, нæ зынаргъ фыссæг, уыдонæн ирон со- ветон литературæйы ис сæхи сæрмагонд бынат. Нæ курдиатджын фыссæг Владимиры цард æмæ сфæлдыстадыл дзургæйæ, мæ зæрдыл æрлæууынц Д. И. Писаревы ныхæстæ: «Наивыс- шее счастье, доступное человеку, состоит в том, чтобы влюбиться в та- 83;
кую идею, которой можно посвятить без остатка все свои силы, всю свою жизнъ.» Йæ литературон куысты раст ахæм фæндагыл лæуд у Владимир дæр. Фыссæджы сис чи райсы, уымæн царды вазыгджын фæндæгтыл цæуын æмæ уыдон реалонæй æвдисынæн хъæуы стыр кур- диат, дæсныйад, граждайнаг бæрндзинад, хъæздыг миддуне, куыстуар- зондзинад. Æппæт ранымайгæ бæрæггæнæнтæй æххæст у нæ юбиляр. Литературон, аивадон æмæ æхсæнадон куысты рæсугъд æмæ вазыг- джын фæндагыл лæуд у æппынæдзух. Владимирæн йæ цард, йе ’рвыл- боны архайд баст сты æдзухдæр сфæлдыстадон уæлтæмæныл, нæ адæ- мы абон æмæ сомбоны хъысмæтыл. Уымæн ын кæсынц йæ уацмыстæ цымыдисæй чиныгкæсджытæ, уымæн у зынаргъ нæ хæдæфсарм куыст- уарзаг фыссæг Владимир нæ адæмæн. Владимир у не ’мбæстаг адæмты * духовон зæрдæйы æнкъарæнтæ арф æвдисæг. Нæ райгуырæн бæстæ земæ не ’мбæстаг адæмы ивгъуыд æмæ ныры дуджы царды нывтæ, цаутæ æвдисы хæрзконд фæлгæнцты прозæ æмæ драматургийы жанр- ты. Ирон советон литературæйы драмон уацмысты хуыздæртыл ныма- йæм Владимиры уацмыстæ: драмæ «Зæххон хуыцæуттæ», лирикон дра- мæ «Зæлинæ» «Иунæджы кадæг», комеди «Нæ фехъуыстон ма зæгъ». драмæ «Уарзондзинады кадæг», героикон трагеди «Ныййарæджы ка- дæг» æмæ æндæртæ. Ацы уацмысты æвдыст сты, нæ адæмы арф патрио- тизм, сомбоны рæсугъд царды тыххæй æппæт йæ цард чи нывонд кæ- ны, рæстдзинадыл чи лæууы, адæмæн æппæт йæ цард æмæ йæ архай- дæй цæвиттойнаг чи у, эгоистон хъуыдыты ныхмæ карз тох чи кæны, ахæм фæлгæнцтæ. Ирыстоны театры сценæтыл, æмæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ æфсымæрон адæмты театрты дæр стыр æнтыст ис Владими- ры пьесæтæн. Трагеди «Ныййарæджы кадæг» æвдисынц Рязаны пад- дзахадон драмон театры. Зындгонд куыд у, афтæмæй йыл тынг бирæ уацтæ фыстой театры дæснытæ: «Æгъуыстаджы курдиатджын драма- тург у Гаглойты В. М. Æгъуыстаджы трагеди у «Ныййарæджы кадæг», арф æнкъарæнты æвзæрын кæны адæймаджы зæрдæйы. Ахæм уацмыс- тæ сты æнусон». Сæрыстыр стæм Владимирæн йæ прозаикон уацмыстæй дæр. Вла- димиры курдиат тынгдæр фæбæрæг мæнæ ахæм уацмысты: романтæ «Гъе, мардзæ, исчи», «Дæ амонды тыххæй»; уацаутæ «Адæмæн зæхх у сæ дарæг», «Къæвда уарыд», радзырдты æмбырдгонд «Зæрдæйы са- гъæстæ» æмæ бирæ æндæрты. Хатт чиныгкæсæг, æвæццæгæн, ахъуыды кæны, зæгъгæ, Гаглойты Владимиры уацмыстæй хуыздæр кæцытæ сты, йæ романтæ æви драмон уацмыстæ. Æмæ æрцæуы ахæм хатдзæгмæ: дыууæ жанры дæр ын æнтысы хорз уацмыстæ фыссын. Владимиры ро- манты мидис арф æндавы зæрдæмæ, фыст сты лæгъз литерйтурон æв- загæй, стилистикон дыркъуымдзинадæй хызт сты, Владимиры уацмыс- ты æвзаджы хийæдтæ æнгом баст вæййынц алыхйтт дæр сæ фæлгæнц- ты миниуджытыл. Владимирæн, куыд йæ драмон, афтæ йæ прозаикон уацмыстæ дæр лопулярон сты æфсымæрон адæмты ’хсæн. Зæгъæм, йæ роман уырыс- >саг æвзагыл «Пробуждение» цымыдисæй кæсынц чиныгкæсджытæ нæ Дæдисы алы рæтты. Владимир канд драмон æмæ прозаикон жанрты яæ, фæлæ арæхсы публицистон æмæ сывæллæтты уацмыстæ фыссынмæ. Мæ зынаргъ Владимир, дæ бирæ литературон æнтыстытæй, дæ кад, (дæ адæймагдзинадæй адæмæн уарзон дæ æмæ нæ фидарæй уырны ны- рæй фæстæмæ ноджы стырдæр хæрзиуджытæ кæй ракæндзынæ ирон чиныгкæсæгæн, уæрæхдæр дуæрттæ кæй бакæндзынæ де сфæлдыстадон ног æнтыстытæй нæ бирæ национ хæзнадонмæ. НИГА «4
ХÆДÆФСАРМ КУРДИАТ Фыссæг у дзыллæйы лæг, дзуры æмæ фыссы уыдон номæй, уыдо- нæн. Уымæ гæсгæ алы курдиатджын нывгæнæджы зæрдæйы цагъд æм- иу вæййы йæ адæмы архайды, се ’рвылбоны царды тугдадзины куыс- тимæ. Зындгонд драматург æмæ прозаик Гаглойты Владимиры ахадæн сфæлдыстад дæр æвзæры, цы адæмæн æй фыссы, уыдон æхсидгæ цар- ды- æнæбын донгуырæнæй. Валодяйы (афтæ йæ хонæм фырбуцæй) драмон уацмыстæ, суанг уартæ йæ фыццаг пьесæ «Зæлинæ»-йæ мæнæ фæстаг заманты кæй сф&лдыста, уыцы «Зæххон хуыцæуттæ»-йы онг театрдзауты сæхимæ уымæн афтæ арæх хонынц æмæ сæ уыдон бавзарынц, сæ зæрдæ сын æхсызгонæй чи бацагайы, ахæм æнкъарæнтæ. Ацы драмæтæ Ирыстоны арæнтæй дæр уымæн ахизынц æмæ сты царды æцæгдзинадæй ист, арæхстджын аивадон фæрæзтæй ранывæзт. Гаглойы фырты драмон æмæ прозаикон уацмысты архайджытæ сæйраджыдæр сты не ’мрæстæгонтæ. Мах сæ зонæм, уарзæм сæ, кæмæ та сæм мæсты кæнæм. Авторы сфæлдыстадон архайды æвæрццаг миниу- джытæй иу уый у, æмæ, фыццаджыдæр, йæ архайджыты миддунейы хорзæй цы вæййы, уый раст æмæ ирдæй дзыллæйы размæ рахæссын кæй фæразы. Ие ’вæрццаг хъайтартæ, йæхиау, сты хæдæфсарм, худ- гæбыл, хæларзæрдæ. Валодя нæм абон йæ фæндзай азы бæрзæндæй ракаст рухсдзæс- гом æмæ дзагармæй. Ныртæккæ ис йæ тæккæ хурхæтæны, йæ бæллиц- цаг курдиаты дидинрафтыды тæмæны æмæ йын кæд журналы сæйраг редакторы зын, фæлæ кадджын куыст йæ рæстæгæй бирæ кайы, уæддæр æм мах æнхъæлмæ кæсæм йе сфæлдыстадон фæндагыл ног æмæ ног сгуыхтдзинæдтæм æмæ нæ уый уырнгæ дæр кæны фидарæй. Бантысæд дын, нæ хæлар, иузæрдыг æмбал! ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ
^^&шцжтм^щ БИГЪУЫЛАТЫ ИРÆ «БЛКОЙАГ ИРОН АРЛМОН КЪОРА» Ивгъуыд æнусы кæрон æмæ не ’нусы рай- дианы Ирыстоны уæззау экономикон уавæр кæй сæвзæрд, уый аххосæй ирон фæллой- гæнджытæй бирæтæ сæ Райгуырæн бæстæ уагътой æмæ куыстагур цыдысты дард рæт- тæм. Хуыздæр бон нæ уыд иптеллиге:-г;ийы æмæ æнд.), бонгуыстгæнджытæ æмæ канто- рæйы службæгæнджытæ. Афтæ ма дзы цар- дис интеллигенцийы минæвæрттæ дæр, ном- хуындæй та драматург Брытъиаты Елбыз- дыхъо (Бакомæ йæ ахастой 1906 азы йæ революцион архайды тыххæй), дохтыр Цæ- минæвæрттыл дæр æмæ-иу сæхи айстой сæу- дæджерадон центртæм. Уыцы заманы Бако уыдис егъау бирæна- цион сæудæджерадон горæт. Уымæ гæсгæ ирæттæ дæр къордгæйттæй сæхи æппæрс- той уырдæм куыстæнхъæл. Фыццаг уырыссаг революцийы рæстæджы Бако æмæ йæ районты цардис бирæ ирæт- тæ. Уыдонæн сæ фылдæр хай уыдысты кус- джытæ, куыд Хуссар Ирæй, афтæ Цæгат Ирæй дæр (Козаты Разден, Гаглойты Гри- гол, Илья, Цхуырбаты Уасо, Плиты Илья лыккаты Д. Т., поэт Токаты А., Хъуы- бадты У. Б., Цæголты Г., хæдахуыр поэт Сиукъаты Габо æмæ æндæртæ. Уыцы рæстæджы Бакойы арæзт цыдысты национ хæрзаудæг æхсæнадтæ æмæ къорд- тæ. Уыдон ’хсæн фæзынд ирон хæрзаудæг æхсæнад дæр æмæ официалон æгъдауæй хуынд «Бакойаг ирон къорд». 1906 азы 27 августы Техникон æхсæнады бæстыхайы ауагъдæуыд, Бако æмæ йæ ал- фæмблайы чи цард, уыцы ирæтты иумæйаг æмбырд сЭкономикон æмæ хæрзвæткон до- 86
^ынддзинæдты» фарстыл æруынаффæ кæны- ны фæдыл. Иумæйаг æмбырд уынаффæ рахаста Ба- койы хæрзиуæгон нысанæн «Бакойы ирон къорды» æхсæнад сорганизаци кæныны тых- хæй. Къорды бындурæвæрджытæ Терчы облас- ты Владикавказы окруджы Æрыдоны .хьæуккæгтæ: Хъуылаты Клименты фырт Къоста æмæ Есиаты Никъалайы фырт Ха- ;ритон 1906 азы 10 сентябры Бакойы губер- ^натормæ балæвæрдтой куырдиат «Бакойаг ирон къорды» уставы проекты дыууæ эк- :земпляримæ. Уыцы куырдиатыл дыууæ зæ- тъæг нæ разынд. Афтæмæй, 10 октябры фæс- тæмæ Техникон æхсæнады бæстыхайы ауагъдæуыд æмбырд, Бакойы æмæ йæ ал- фæмблай чи цард, уыцы ирæттæн. Æмбырд расидт «Бакойаг ирон къорды» æхсæнад .æмæ йын сæвзæрста правлени. Къорды нысан уыд ирæтты материалон ,æмæ хæрзвæткон уавæрæн фæрæзтæ амал кæнын. Къорды уæнгтæн нæ уыд кæройнаг ны- мæц, кæй фæндыд, уыдонæн се ’ппæтæн дæр .æмхуызон бартæ рардæуыд æхсæнады скон- лы уæвынæн, сæ царды уавæры æмвæзад .æмæ сын, цы диныл хæст уыдысты, уымæ ничи каст, стæй Цæгаткавказаг уыдаид æви, Хуссайраг, уый дæр уæлдай нæ уыд. Къор- ды уæнгтæ дих кодтой цытджынтыл, æцæг .архайджытыл æмæ ерысгæнджытыл. Цыт- джын уæнгтыл нымад цыдысты, къорды хæрзиуæгæн уыцы иурæстæджы иууыл къатдæр 250 сомы чи рауæлдай кодта, уыи- мæ йын цæстæвæрæн ахъаз чи фæци æмæ уыцы бынатмæ къорды уæнгты иумæйаг æм- бырд кæй раразмæ кодта, ахæмтæ. Къорды æцæг уæнгтыл нымад цыдысты, æрвылаз дæр къорды кассæмæ 12 сомæй къаддæр чи нæ хаста, науæд та уыцы иу- рæстæджы 100 сомы чи бафыста, ахæмтæ. Æцæг уæнджы ном та лæвæрдæуыд къорды уæнгты иумæйаг æмбырды уынаффæйы бын- дурыл. Къорды ерысгæнджытæ та уыдысты, æр- вылаз дæр 12 сомæй дæлæмæ, фæлæ 6 со- мæй къаддæр чи нæ фыста, стæй ма æцæг уæнгтæн чи æххуыс кодта, уыдон дæр. Æгуыст ирæттæн бар лæвæрд цыдис къорды уæнгтæм сæхи ныффыстаиккой æнæ- аргъæй, цалынмæ куыстыл ныххæцыдаик- тсой, уæдмæ. Къорды уæнгтæй-иу исчи æртæ мæйы дæргъы’йæ фиддонтæ куынæ бафыста, кæ- нæ-иу дыууæ мæйы дæргъы йæхимæ райс- гæ хæстæ куынæ сæххæст кодта, уæд-иу æй ’ ацух кодтой къордæй. Къорды фæрæзтæ конд уыдысты уæнгон фиддонтæй, къорды уæнгты алыгъуызон лæ- вæрттæй, спектаклтæ, кæфтытæ, изæртæ, ли- тературон æмæ публикæйон кæстытæ, лек- цитæ æмæ æндæр ахæмтæ цы ’фтиæгтæ ис- той, уыдонæй Къорды хъуыддæгтæ аразæг уыдис прав- лени ахæм скондæй: сæрдар, нымæрдар, къазнадар æмæ къорды цыппар уæнджы. Правленийы уæнгтæ се ’ппæт дæр къорды яæрзиуæгæн куыстой æнæаргъæй. Правлени .æмбырдтæ арæзта бахъуыды рæстæджы, 4>æлæ мæй иу хаттæй фылдæр нæ. Правле- нийы уынаффæтæ хаст цыдысты журналмæ æмбырды хайадрайсæг æппæт уæнгты къух- бафыстимæ. Правленийы сæрдар-иу æрсидтис иннæ уæнгтæм правленийы кæнæ иумæйаг æм- бырдмæ, къухдариуæг кодта, куыд правле- нийы æмбырдтæн, афтæ, къорды иумæйаг устав куыд æххæст цыд, уымæ дæр дардта йæ хъус, къордæй цыдæриддæр хъуыдда- джы гæххæттытæ цыд, уыдоныл фыста йæ къух. Кæд-иу миййаг сæрдар фæрынчын, уæд-иу уый бартæ æмæ’хæстæ лæвæрд цы- дысты правленийы уæнгтæй иумæ, иннæты æмвæндонæй. Правленийы нымæрдарæн хæс уыдис къорды хъуыддагкæнынад, арæзта правле- ни æмæ иумæйаг æмбырдты суагъæтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Къазнæдар иста, къордмæ цы уæнгон фиддонтæ æмæ лæвæрдтæ цыдис, уыдон, арæзта æппæт æхцайон операцитæ. Къорды иумæйаг æмбырдтæ уыдысты ра- дон æмæ æнæрадон. Цы бон, цы сахат, цы бынаты æмæ цæй фæдыл хъуамæ уагъд цы- даиккой ахуыртæ, æппæт уыдæттæ-иу рага- цау хъуамае фехъусын кодтаид правлени Бакойы губернатор æмæ къорды уæнгтæн. Къорд комкоммæдæр уыдис мидхъуыд- дæгты Министрады бæрн. Къордæн уыдис йæхи мыхуыр йæ номхуындимæ æмæ æвæрд уыдис правленийы сæрдар кæнæ уый хæди- вæгмæ. Къорды архайд æмæ æфтиæгты тыххæй æрвылаз дæр лæмбынæг афæдзон хыгъдтæ лæвæрд цыдысты дыууæ экземплярæй — иу губернаторæн, иннæ та Кавказы наместни- кæн. Къорд арæзта нзæртæ, цыран æвæрд цы- дысты пьесæтæ (номхуындæй Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ) каст сæ цыдис æм- дзæвгæтæ, кафыдысты ирон кæфтытæ, æв- дыстой-иу цардон нывтæ æмæ афтæ дард- дæр. Изæрты организацнкæныны хъуыдда- джы активон хайад истой Гамазон, Галайы фырт, Шанайы фырт, Битийы фырт æмæ æндæртæ. 1909 азы газет «Каспи» йæ 229 номыры хъусын кодта: «Драмæ «Хазби», кæцыйы равдыстой нрæттæ сæхи мадæлон æвзагыл, у райдайæг æвзонг драматург, Петербур- джы психоневрологон институты студент Брытъиаты Е. фыст. Автор курдиатджын штрихтæй ныв кæны, уырыссæгтæ Кавказ басæттынмæ куы ’рæвнæлдтой, уыцы тохы тугхъулон эпизодтæй иу. Ирд æвдыст у адæмон хъайтар Хазбийы фæлгонц, кæцы йæхимæ айста, ирвæзæн кæ- мæй нал уыд, уыцы æлдариуæгады ныхмæ фæстаг ныхмæфæлæуд сорганизаци кæнын æмæ уымæн къухдариуæгады хæс. Дырысæй æвдыст цæуынц ирон адæмы цардон хиæд- тæ, рæсугъд ныв цæуынц сæрибаруарзаг хæххон адæмы æндыгъд зæрдæхатт, кæцы- тæ домбæйттау хæцыдысты сæ хæдбардзи- нады сæрыл, ныфсджын цæргæстау, хъахъ- хъæдтой сæ æвадат хæххон ахстæттæ. Хаз- бийы æхсидгæ тохвæдисмæ йæ алыварс æр- тыгуыр сты цъуснымæц цæхæрцæст лæппу- тæ... Бабын, фæстагмæ ма цы чысыл хæс- тонты къорд баззад, уый, фæмардысты сæ сæрыстыр разæнгардгæнджытæ...» 87
Сæйраг ролы — Хазбийы ролы — стыр ра- зæнгардæй хъазыд Елбыздыхъо йæхæдæг. 1909 азы къорды нымадæуыд 128 уæн- джы. Уыцы рæстæджы къорды сæрдар уы- дис Цæлыккаты Д. Т., къазнæдар та — Ко- кайы фырт. Къорды уæнгтæ уыдысты кусджытæ, бы- нæттон ахуыргæнæндæтты студенттæ, Бако Советон Цæдисы Коммунистон парти æмæ Советон хицауад кæддæриддæр уæлдай лæмбынæг хъусдард здæхтой фæллойадон ресурстæй æххæстдæрæй спайда кæнынмæ. Цы экономикон мадзæлттæ исынц, уыдон фæрцы æхсæнадон кондады æндæр æмæ æн- дæр сферæты планбæрцоиæй ивы- æмæ хуыз- дæр кæны куыстхъом адæмы куыстифтонг- дзинады структурæ. Социалистон аграрон ахастыты, партийы ленинон аграрон политикæйы дарддæры рæзт æмткæй баст у фæллойадон ресурсты раст радихкæнын æмæ уыдонæй эффекти- вонæй спайда кæныныл. Ацы фарст уæлдай актуалондæр кæны абон, уымæн æмæ нæ бæстæ экономикон æгъдауæй куыд рæзы æмæ адæмон хæдзарады зонадон-техникон прогрессы темптæ куыд тынгдæр кæнынц, афтæ къаддæр кæны хъæууон фæллойгæн- джыты бæрц. Уымæ гæсгæ ныртæккæ хъæ- уы цы потенциалон тыхтæ ис, уыдонæй спайдакæнын хъæуы адæмон хæдзарады æн- дæр къабæзты нæ, фæлæ комкоммæ хъæу- уонхæдзарадон куыстуæтты, — колхозты, совхозты, æхсæнхæдзарадон куыстуæтты æмæ уæлæмхас хæдзарæдты... 1975 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ССР Цæ- дисы адæмæй хъæууонхæдзарадон куыстыл ифтыгъд чи у, уыдонæй 15,4 милуаны ку- сынц колхозон кондады — ома сæ 58,3 про- центы Уый та ууыл дзурæг у, æмæ размæ- дзыд социализмы рæстæджы дæр нырма колхозтæ сты, æхсæнады куыстхъом фæл- лойгæнæг адæм кæм кусой, ахæм сæйраг материалон базæ. Уыимæ иумæ, хъæууон адæм кæм кусой, ахæм ахсджиаг сферæйыл нымад у уæлæ- мхас хæдзарад дæр. Колхозтæ, совхозтæ, æхсæнхæдзарадон æмæ æндæр хъæууонхæ- дзарадон куыстуæттæ нырма нæ уадзынц æмæ йæ алфæмблаш чи; цард, ирон интел^ лигенцийы уыпы минæвæрттæ. Æхсæнадæн егъау материалон æххуыс кодта Лиза-Ханум Ханбийы чызг Мухтаро*- ва (Тугъанты Махарбеджы фыды ’фсымæры чызг) — хъæздыг нефты сæудæджер Мухта^ ровы ус. уый бæрц хъæууонхæдзарадон продукци». цæмæй ифтонг кæной æхсæнады домындзи- нæдтæ. Уымæ гæсгæ уæлæмхас хæдзарæдтæ- хъæуынц объективон æгъдауæй, уыдон про- дукци ифтонг’ кæндзæнис, фæллойгæнджы- тæ ма хъуаг цæмæй æййафой, уый. Куыд æппæт Гуырдзыстоны Республикæ- йы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр хъуаг æй- йафынц кусæг тыхæй, уæлдайдæр та- ахæм: ахсджиаг периодты, куыд, зæгъæм, рувæнты æмæ тыллæг æфснайыны рæстæджы. Ахæм- уавæр та æрцыдис адæмон хæдзарады зо- надон-техникон революцийы фæстиуæгæн. 1959—70 азты цæрджыты сфыст куыд фе- нын кодта, афæтæмæй стыр ивындзинæдтæ* æрцыд Гуырдзыстоны хъæууон фæллойгæн- джыты структурæйы, уыцы нымæцы Хус- сар Ирыстоны дæр. Æмткæй республикæйы банысангонд рæстæджы хъæууон фæллой- гæнджыты нымæц фæкъаддæр 10866 адæй- маджы. Фæкъаддæр сты куыстхъом адæм. дæр — 8225 удгоймаджы. Ахæм ивындзинæдтæ областы хъæууон цæрджыты ’хсæн кæй цæуы, уый баст у сæудæджерад æмæ адæмон хæдзарады æн- дæр къабæзты рæзтимæ, стæй хъæууон- фæллойгæнджытæ горæтмæ кæй ивылынц,. уыимæ дæр. Зæгъæм, банысангонд рæстæ- джы дæргъы нæ областы центр Цхинвальг цæрджыты нымæц фæфылдæр 40 проценты,. рай|центрты та: — Дзауы — 120 проценты, Ленингоры—21 проценты. Фæлæ кæд горæты цæрджыты процент цыфæнды тынг сырæзт, уæддæр^ Хуссар* Ирыстоны адæмæй хъæууои хæдзарады куыста 1970 азы — 64 проценты, уый та, иумæйаг республикон процентимæ абаргæ- йæ, у 11,8 проценты фылдæр. Хуссар Ирыстоны автономон областы куыстыл ифтыгъд адæмы структурæйы дæр> ФОО ХÆБÆЛАТЫ КЪОСТА ХУССАР ИРЫСТОНЫ ХЪÆУТЬГ КОЛХОЗОНТЬГ № ЛÆМХАС ХÆДЗАРАД ÆМÆ КУЫСТХЪОМ АрМЫ КУЫСТИФТОНГДЗИНАД 88
йе ’хсæнадон къордтæм гæсгæ æрцыд зынгæ ивындзинæдтæ. Зæгъæм, 1959—70 азты куыстыл ифтыгъд адæмæй кусджыты хайон уæз 17,7 процентæй схызт 48,4 процентмæ, службæгæнджыты — 17^-æщ 25 процентмæ, колхозонты хайон уæз та фæкъаддæр 65-æй 25.8 ироцентмæ. Ивындзинæдтæ æрцыд хъæууон хæдзара- ды кусджыты мидструктурæйы дæр. Кæд æмæ областы хъæууонхæдзарадон кусджы- ты хайон уæз 1959 азы уыд 8,8 проценты, уæд уыцы бæрæггæнæн 1970 азы та схызт 44.9 процентмæ, номхуындæй: нæлгоймæг- тæ —. 11,7-æй 46,6-мæ, сылгоймæгтæ — 5,8- æй 41,5-мæ; уыцы бæрæггæнæнтæ службæ- гæнджыты ’хсæн та сты афтæ: 10,5 æмæ 13,5; уыцы нымæцы: нæлгоймæгтæ—10,3 æмæ 12,9, сылгоймæгтæ—10,7 æмæ 14,1 про- центы; колхозонты ’хсæн уыцы бæрæггæ- нæн у 80,6 æмæ 40,8, уыцы нымæцы: нæл- гоймæгтæ — 77,9 æмæ 40,1, сылгоймæгтæ — 83,4 æмæ 41,5 проценты. Хъæууон цæрджыты ’хсæн хъæууонхæ- дзарадон кусджыты бæрцы фæфылдæр æмæ колхозонты фæкъаддæр сæйраджыдæр баст у, бирæ колхозтæй совхозтæ арæзт кæй æр- цыд, уыимæ. Хуссар Ирыстоны хъæуты цæрæг адæм фæллойадон куысты хайад куыд исынц, уы- мæн анализ саразгæйæ, ис ахæм хатдзæг скæ- нæн, æмæ уæвæг фæллойадон ресурстæй мак- сималон æгъдауæй пайдагонд нæ цæуы. Би- рæ колхозонтæ сæ рæстæджы фылдæр хай æрвитынц сæ уæлæмхас хæдзарæдты кус- гæйæ æмæ не ’ххæст кæнынц куыстбонты минимум дæр. Зæгъæм, статистикон бæрæг- гæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй 1970— 75-æм азты областы куыстхъом колхозонты хайон уæз фæкъаддæр 94,3-æй 90,4 про- центмæ. Уыимæ иумæ, фæфылдæр, чи нæ кусы, уыцы куыстхъом колхозонты хайон уæз 5,7-æй 9,6 процентмæ, ома — 3,9 про- центы; уыдонæй нæлгоймæгтæ—19,2-æй 25,4 процентмæ, ома — 6,2 проценты. Колхозон кондады кустхъом нæлгоймæг- ты активондзинад кæй фæкъаддæр, уымæн йæ аххосæгтæ алыгъуызæттæ сты, сæ сæй- рагдæр у, — колхозонты бæрæг хай арæх областæн æмæ республикæйæн æддæмæ кæй ацæуынц бакусынмæ, уый. Афтæмæй кол- хозты нал фæфаг кæны кусæг тых, уæл- дайдæр та хъæууонхæдзарадон куыстытæ сæ тæккæ тæмæны куы вæййынц, уæд. Фæстаг азты æхсæнадон кондады сыл- гоймæгты куыстадон активондзинад фæ- тыхджындæр. Уый та у, хъæуты сывæллæт- ты хъомылгæнæн уагдæттæ æмæ цардуагон лæггæдты уагдæттæ кæй фæфылдæр сты, ;уый фæстиуæгæн. Фæлæ уæддæр йæ бон ’кусын кæмæн у, афтæмæй æхсæнадон кон- дады хайад чи нæ исы, уыцы сылгоймæгты бæрц нырма у стыр. Уый 1975 азы уыд 74,6 проценты. Сылгоймæгтæ æхсæнадон конда- дон куысты активон хайад кæй нæ исынц, уый уымæн афтæ у, æмæ сæ не ’вдæлы сæхи уæлæмхас хæдзарæдтæй стæй ма хъæуты сывæллæтты хъомылгæнæн уагдæттæ æмæ цардуагон объекттæ фаг кæй нæй, уый ах- хосæй дæр. Колхозонты куыстадон активондзинады зынгæ ивындзинæдтæ æрцыд областы район- ты ’хсæн дæр. Зæгъæм, куыстхъом колхо-- зонты нымæц Цхинвалы районы 1960 азæй 1975 азмæ фæкъаддæр* 69,8 проценты, Дза- уы —85,9, Ленингоры —81,5, Знауыры — 77,4 проценты. Фæкъаддæр, кусгæ чи кæны,. уыцы къолхозонты иумæйаг афæдзон бæрц дæр: Цхинвалы районы 66, Дзауы — 81,2, Ленингоры — 79,5 æмæ Знауыры та 80,2 проценты. Ацы процесс баст у, сæйраджыдæр, иуæй- ну колхозтæй совхозтæ арæзт кæй æрцыд, стæй адæм хъæутæй горæтмæ кæй цæуынц, уый фæстиуæгимæ. Областы колхозонты куыстадон активон- дзинады æмвæзад ныллæг кæй у, уый ма» зыны уымæй. дæр, æмæ нæм иу адæймаджы куыстбонты нымæц ныллæгдæр у æппæт- цæдисон бæрæггæнæнæй. Гъе, уымæ гæсгæ- ныллæг у махмæ колхозæй райсгæ æфтиаг, фылдæр ныфс æвæрæм уæлæмхас хæдзара- дæй. Зæгьæм, 1960—75 азты, статистикон бæ- рæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй об- ласты иу лæджы бакæнгæ куыстбонты ны- мæц афæдздæргъы фæкъаддæр 224-æй 160- мæ, ома — 64 куыстбоны; уыцы нымæцы Цхинвалы районы — 211-æй 118-мæ, ома — 93 куыстбоны, Дзауы —224-æй 218-мæ, ома — 6, Ленингоры — 223-æй 201-мæ, ома— 22, Знауыры —225-æй 221-мæ, ома — 4 куыстбоны. 1970 азы Хуссар Ирыстоны автономон областы уæлæмхас хæдзарады куыстой 1274 адæймаджы, уыцы нымæцы 436 — кусджы- тæ, 55 — службæгæнджытæ æмæ 779 та — колхозонтæ, уыдонæй 684 уыдысты нæлгбй- мæгтæ. Экономисттæ куыд банымадтой, афтæ- мæи уæлæмхас хæдзарады фылдæр рæстæг кусынц сылгоймæгтæ, уыдон фæстæ та æв- зонг фæсивæд æмæ пенсиисджытæ. Ацы хъуыды махмæ æххæст раст нæ кæсы, уы- мæн æмæ нæлгоймæгтæ къаддæр рæстæг нæ хардз кæнынц сæ уæлæмхас хæдзарæдты кусгæйæ. Уый баст у хæдзарады хуыз æмæ нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы фæллойадон куысты традицийыл. Зæгъæм, кæд æмæ уæ- лæмхас хæдзарад у дыргъдон кæнæ сæн- дон, уæд уым нæлгоймæгтæ хардз кæнынц фылдæр рæстæг. Кæд æмæ уæлæмхас хæ- дзарад фылдæр ахсы халсары куыст кæнæ- маргъдард, уæд та уым фылдæр кусынц сылгоймæгтæ. Афтæ, æмæ фылдæр физикон тых цы хæ- дзарадон къабæзтæ домынц, уым фылдæр> кусынц нæлгоймæгтæ, къаддæр тых чи до- мы, уым та — сылгоймæгтæ. Уæлæмхас хæдзарæдты бæрæг куысты хай æххæст кæнынц æвзонг фæсивæд. Уымæй. иуæй рæзы куыстахадындзинады гуырахст, иннæмæй та куыстхъом колхозонтæ ссæри- бар вæййынц уæлæмхас хæдзарадæй æмæ фылдæр рæстæг хардз кæнынц æхсæнадон кондады. Уыимæ иумæ, æвзонг фæсивæд уæлæмхас хæдзарады цайдагъ кæнынц куыстыл; уый сын ахъаз кæны сæ физикон æмæ духовон рæзтæн. Уæлæмхас хæдзарады куысты ма уыдо- нæй дарддæр кусынц пенсиисджытæ æмæ инвалидтæ дæр, афтæмæй; сæ> хайбавæрд 8»
гхæссынц фæллойады рæзтмæ æмæ хъæууон- ’хæдзарадон продуктты кокдадмæ, ноджы ма дзæбæх кæнынц се ’нæниздзинад дæр. Афтæ æмæ фæллойадон ресурстæй хъæу- ;уон уавæрты пайда цæуы æхсæнадон хæ- ,дзарады, æмæ иннæрдыгæй та уæлæмхас хæдзарады. А фæстаг у фæллойадон резерв- "тæй иайдакæныны, æцæгæйдæр, уæлæмхас базæ, сæйраджыдæр, æхсæнадон кондады -кæмæй нæ пайда кæнынц, ахæм. Колхозы .цæвиттойнаг Уагæвæрды арæнты уæлæмхас хæдзарад ахъаз кæны фæллойадон ресурс- тæй рационалон æгъдауæй сиайдакæнынæн. .Хъæууонхæдзарадон куыстыты сезонондзи- лтд нырма стыр кæй у, уымæ гæсгæ колхо- * * * 1978 азы 21-æм февралы уыд литературон йзæр Н. К-Крупскаяйы номыл областон биб- лиотекæйы. Изæры темæ уыд: Стыр Фыды- бæстæйон хæсты фæмардуæвæг æрыгон фысджыты рухс ном ссарын. Се сфæлдыс- тад. Изæр бакодта æмæ цыбыр разныхас загъ- та Мæргъиты Къоста. Уый фæстæ сæ мысинæгтæ радзырдтой æмæ сæхи æмæ фæмардуæвæг æрыгон поэт- ты æмдзæвгæтæ бакастысты Асаты Реуаз, Букуылты Алыкси, Цоциты Резо, Нига, Плиты Илья, Гæбулты Мелитон, Харебаты Леонид. 1978 ’азы 26-æм майы Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры уыд стыр гуырдзиаг фыссæг æмæ æхсæнадоп архайæг Илья Чъавчъава- дзейы райгуырдыл 140 азы сæххæсты юби- лейон изæр, Изæр бацæуæн ныхасæй байгом кодта облæххæсткомы сæрдары хæдивæг Къæбул- ты Тамарæ. И. Чъавчъавадзейы цард æмæ сфæлдыста- ды тыххæй доклад сарæзта Гуырдзыстоны фысджыты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайа- ды бæрнон секретарь Мæргъиты Къоста. Уый фæстæ раныхас кодтой æмæ æмдзæв- гæтæ кастысты Дзугаты Георги, Асаты Ре уаз, гуырдзиаг поэттæ Гиви Гегечкъори, Тедо Бекишвили, Джансугъ Чарквиани, до- цент Нодар Месхрикъадзе, Харебаты Лео- нид. 1978 азы 9 июны ХИЗИИ-йы æмбырдгæ- -нæн залы уыд Хъороты Хъазбеджы рай- гуырдыл 70 азы сæххæсты юбилейон изæр. >90 зонтæ сæ куыстыл æппынæдзух ифтыгъд нæ вæййынц, афтæмæй сын фадат ис сæ рæстæг дзæгъæлы ма сафынæн. Уыимæ иу- мæ, уæлæмхас хæдзарад нырма дæр у, хæ- дзары æфсинтæ, æвзонг фæсивæд, зæрæдтæ æмæ инвалидтæ фæллойадон куыстæй пай- да кæм хæссой, ахæм мадзал. Уымæн фадат дæтты, уыцы хæдзарæдтæ цæрæнуæттæм хæстæг кæй сты, уый дæр. Уæдæ уæлæмхас хæдзарæдтæ фадат дæт- тынц, æхсæнадон кондады цы фæллойадон ресурстæн нæй архайыны фадат, уыдонæй спайдакæнынæн, сты хъæууонхæдзарадон продуктты кондады уæлæмхас материалон базæ. Изæр цыбыр разныхасæй байгом кодта ГФЦ Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон сек- ретарь Мæргъиты Къоста. Хъазбеджы цард æмæ сфæлдыстады тых- хæй доклад сарæзта Дзугаты Георги. Уый фæстæ сæ мысинæгтæ радзырдтой Гаглойты Никъала, Цоциты Резо, Джусой- ты Нафи, Дзаттиаты Гиуæрги, Æлборты Хадвы-Умар ын бакаст йе ’мдзæвгæ, Пли- ты Илья бакаст Хъазбеджы номыл фыст æмдзæвгæ. Юбилейон изæры раныхас кодта Хъороты Хъазбеджы идæдз — Цæбиты Зиыæ. 1978 азы апрелы ХИЗИИ-йы æмбырдгæ- нæн залы уыд зынгæ ирон литературæирта- сæг æмæ критик Бекъойты Гиуæргийы рай- гуырдыл 100 азы сæххæсты юбилейон изæр, Гиуæргийы цард æмæ сфæлдыстады тых- хæй доклад сарæзта поэт Æлборты Хадзы- Умар. Доклады фæстæ сæ мысииæпæ радзырд- той Гафез, Бекъойты Днмитр æмæ Дзугаты Георги. * * * 1978 азы 16-æм июны Дзауы культурæйы хæдзары уыд стыр литературон изæр. Изæр байгом кодта партийы райкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргъ- лæууæг Джиоты Заирæ. Областы фысджыты организацийы куыс- ты тыххæй цыбыр ныхас загъта фысджыты хайады бæрнон секретарь Мæргъиты Къос- та. Уый фæстæ сæ уаымыстæ бакастысты Хъазиты Мелитон, Æлборты Хадзы-Умар, Миндиашвили Серю, Къæбысты Зауыр, Ба- хъаты Нугзар, Асаты Реуаз, Плиты Илья æмæ Дзугаты Георги. 111 КУЛЬТУРОН ЦЛРДЫ ХРОННКÆ
* * * Ленингоры районы уагъд æрцыдысты поэ- зийы бонтæ. 22-æм июны партийы райкомы æмбырд- тæнæн залы поэзийы изæр байгом кодта партийы райкомы фыццаг секретарь Оди- швили Нугзар. .Областы фысджыты организацийы куыс- тыл цыбырæй æрдзырдта йæ къухдариуæг- гæнæг Мæргъиты Къоста. Изæры се ’мдзæвгæтæ бакастысты Мин- диашвлли Серго, Дзугаты Георги, Хъазиты Мел)итон, -Æлборты Хадзы-Умар, Пухаты Алыксандр, Асаты Реуаз. Изæры ма уыдыс- ты Гаглойты Владимир æмæ Козаты Хазби. Изæры размæ фысджытæ уыдысты Оди- швили Нугзармæ æмæ сын уый æрдзырдта ■районы фæллойгæнджыты куысты æнтысты- тыл. Дыккаг бон 23-æм июны та Дзугаты Ге- <орги, Джусойты Нафи æмæ Мæргъиты Зчъоста фембæлдысты Цъинагары хъæусо- .веты фæллойгæнджытимæ, культурæйы хæ- дзары поэзийы изæры бакастысты се ’мдзæв- гæтæ. Фæстæдæр поэзийы ахæм изæр уагъд æр- цыд Захъоры хъæусоветы. Уым та фæллой- гæнджытæ æмæ скъоладзаутимæ фембæл- дысты æмæ хъæусоветы клубы раныхас код- той æмæ сæ уацмыстæ бакастысты Дзуга- ты Георги, Гаглойты Владимир, Æлборты Хадзы-Умар æмæ Хаджеты Таймураз. 1978 азы 29—30 июиы Тбилисы ГФЦ Аивадон тæлмацы æмæ литературон æм- бастдзинæдты Сæйраг редакцион коллеги яуагъта æмбырд-фембæлд: «Ирон литера- турæ гуырдзиаг æвзагыл». Фембæлд байгом кодта коллегийы сæрдар Отар Нодия. «Ирон поэзи гуырдзиаг æвза- гыл» — ахæм доклад сарæзта Гиви Нишниа- нидзе. «Ирон прозæ гуырдзиаг æвзагыл» — ахæм доклад та — Зезва Медуашвили. Уа- лыты Маргаритæ йæ доклады дзырдта, ирон лоэзийы уацмыстæ гуырдзиаг æвзагмæ куыд тæлмац сты, ууыл. Фембæлды дыууæ боны дæргъы раныхас тсодтой: ирон фысджытæй — Мæргъиты •Къоста, Джусойтьт Нафи, Асаты Реуаз, Гаг- .лойты’ Владимир, Малиты Уасо, Цæрукъа- ты Алыксандр, Джыгкайты Шамил, рауагъ- дад «Ирыстоны» директор Бесаты Герсан. Ирон фысджытæй ма фембæлды уыдыс- ты: Дзаттиаты Гиуæрги, Дзугаты Георги, Пухаты Алыксандр, Æлборты Хадзы-Умар, Хъодзаты Æхсар, Миндиашвили Серго, Ха- ребаты Леонид. Гуырдзиаг фысджытæй дзы раныхас код- той: Абашидзе Григол, Думбадзе Нодар, Чаркъвиани Джансугь, Рижинашвили Уша- нги, Ананиашвили Элызбар, Агиашвили Ни- тсъа, Миминошвили Роман. Раныхас ма дзы кодта филологон зонæдты доктор Тедеты Оля., Фембæлды фæстæ уыд литературон изæр- концерт. Изæры ирон поэттæй се ’мдзæвгæ- тæ æмæ тæлмацтæ бакастысты Дзугаты Георги, Асаты Реуаз, Æлборты Хадзы-Умар, Малиты Уасо æмæ Миндиашвили Серго. 1978 азы 28 июлы ХИЗИИ-йы æмбырдгæ- нæн залы уыд æмбырд ГФЦ Аивадон тæл- мацы хъуыддæгты æмæ литературон æм- бастдзинæдты Сæйраг редакцион коллеги æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты фем- бæлд. Фембæлды темæ уыд: «Гуырдзиаг аив ли- тературæ ирон æвзагыл». Фембæлды нысаныл æрдзырдта Нодия Отар. Гуырдзиаг аив литературæ ирон æвзагмæ куыд тæлмац у, ууыл æмæ тæлмацы фарс- тытыл æрдзырдта Мæргъиты Къоста. Уый фæстæ раныхас кодтой æмæ ирон æвзагмæ гуырдзиаг чингуыты тæлмацы гъæ- дыл дзырдтой Дзугаты Георги, Æлборты Хадзы-Умар, Асаты Реуаз, Джусойты Нафи. Фембæлды ма раныхас кодтой: Къусра- швили Амиран, Рижанашвили Ушанги æмæ Элиозишвили Мераб. * * * 26 октябры ХИЗИИ-йы æмбырдгæнæн залы уыд Плиты Харитоныл 70 азы сæххæс- ты юбилейон изæр. Изæр цыбыр разныхасæй байгом кодта Мæргъиты Къоста. Харитоны цард æмæ сфæлдыстады тых- хæй доклад сарæзта Дзугаты Георги. Уый фæстæ сæ мысинæгтæ радзырдтой Гафез, Нига, Саулохты Хъырым. Ие ’мдзæв- гæтæ йын бакастысты Пухаты Алыксандр æмæ Гæгойты Шота. * * * 29 октябры Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры агъуысты уыд стыр литературон изæр. Гуырдзыстоны со- ветон литературæйы бонты охыл цхинвай- лæгты уазджытæ уыдысты уыцы бонты хай- адисджытæ. Литературон изæр байгом кодта партийы обкомы фыццаг секретарь Санахъоты Фе- ликс. Уый фæстæ изæры рйныхас кодтой æмæ се ’мдзæвгæтæ кастысты Мæргъиты Къоста, Тельпугов Виктор, Жуков Владимир, Кост- юрин Диомид, Амлинский Владимир, Чар- къвиани Джансугъ, Телеукэ Виктор, Дзу- гаты Георги, Джусойты Нафи, Пухаты Алыксандр, Æлборты Хадзы Умар, Бахъаты Нугзар, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъазиты Мелитон, Асаты Реуаз. Уазджыты иу къорд уыд Кърозы, иннæ къорд та — Арцеуы. 20-æм сентябры ирон фысджыты иу къорд — Дзугаты Георги, Гаглойты Влади- мир æмæ Æлборты Хадзы-Умар уыдысты Транскавказы сосæ фæндаджы Ручъы æф- цæджы туннеларазджытæм. Фысджытæ фед- той туннелы арæзтад, ныхас кодтой кус- 91
джытимæ. Уый фæстæ хъæуы астæуккаг скъолайы сарæзтой литературон изæр æмæ дзы бакастысты сæ уацмыстæ. * * * 14-æм октябры уагъд æрцыд поэзийы тра- дицион бон. Фысджытæ, горæт Цхинвалы фæллойгæнджытæ — студенттæ, скъоладзау- тæ æрæмбырд сты Хетæгкаты Къостайы цырты размæ æмæ дзы уагъд æрцыд ми- тинг. Митинг цыбыр разныхасимæ байгом код- та Мæргъиты Къоста. Уый фæстæ раныхас кодтой æмæ се ’мдзæвгæтæ бакастысты Дзугаты Георги, Джусойты Нафи, Плиты Илья, Хацырты Сергей, Æлборты Хадзы-Умар, мæскуыйаг поэт Семернин Вадим, Пухаты Алыксандр. Октябры фыццаг æмбисы ма поэзийы — Къостайы бонты охыл литературон изæртæ уагъд æрцыдысты Цхинвалы районы Къос- тайы хъæуы, Арцеуы хъæуы æмæ æндæр рæтты. Изæрты раныхас кодтой æмæ сæ уацмысты бакастысты Дзугаты Георги, Джусойтц Нафи, Æлборты Хадзы-Умар,' Хаджеты Таймураз, Хъазиты Мелитон æмæ æнд. * * * 21-æм октябры Дзауы районы Уанелы хъæуы байгом Хетæгкаты Къостайы цырт. Цырты байгом кæныны охыл цы митинг уыд, уый байгом кодта партийы райкомы секретарь Санахъоты Сослан: Уци фæстæ митинджы раныхас кодтой Гаглойты Никъала, Дзугаты Георги, Мæр- гъиты Къоста, Джусойты Нафи, районы ин- теллигенцийы номæй—Джиоты Павел. Уый фæстæ уыд концерт. * * * 27 ноябры ХИЗИИ-йы æмбырдгæнæн за- лы уыд Фæрнион Къостайы райгуырдьш 70 азы сæххæсты юбилейон изæр. Юбилейон изæры Къостайы цард æмæ- сфæлдыстады тыххæй доклад сарæзта Джу- сойты Нафи. Уый фæстæ сæ мысинæгтæ радзырдтой Нига, Плиты Илья, Дзугаты Георги. 30-æм ноябры Лагодехы районы Арешпе- раны хъæуы культурæйы хæдзары уагъд æрцыд стыр литературон изæр. Изæры областы фысджыты организацийы куыст æмæ ирон аив литературæйы абоны уавæрыл дзырдта Мæргъиты Къоста. Уый фæстæ раныхас кодтой æмæ сæ уац- мыстæ бакастысты Асаты Реуаз, Гаглойты Владимир, Бахъаты Нугзар, Æлборты Ха- дзы-Умар, Хъазиты Мелитон. 1-æм декабры ма уæлдæр банысангонд фысджыты хайадистæй ахæм литературон изæр уыд Ахметæйы районы Аргохы хъæуы клубы дæр. Фысджытыл алы ран дæр æмбæлдысты зæрдæхæларæй-
ЖУРНАЛ «ФИДИЩЖЫ» 1978 АЗЫ МЫХУЫР ÆРМÆДЖЫТÆ РОМАНТÆ, УАЦАУТÆ, ПЬЕСÆТÆ Булкъаты Михал — Дæ фыдæлтæ рухсаг (романæй скъуыддзаг) —5. Бязырты Димитр — Æнæнхъæлæджы фембæлд (уацау) — 1. Гаглойты Владимир — Лыгъд (романæй скъуыддзаг) — 9. Гаглойты Никъала — Хохæй цæргæс ратахт (уацау) — 4. Гафез — Æхсæвбадæны (уацау) — 6, 7. Гæбæраты Фаризæт — Зæринæйы амонд (романæй скъуыддзаг) —7. Гæгойты Шота — Цæрын зонын хъæуы (дыууæнывон комеди) — 11. Гуыцмæзты Михал — Æууæнк (уацау) — 8. Дзугаты Георги — Хуры байзæттаг (пьесæ — аргъау) — 12. Жажиты Анатъоли — Рахæсс тæрхон дæ туджджынæн (уацауæй скъуыддзаг) —11. Наниты Асиат — Удыхай (уацауæй скъуыддзаг) — 3. Санахъоты Георги — Тъатъейы хабæрттæ (интермеди) — 5. Тедеты Садул — Уарзоны туг (уацауæй скъуыддзаг) — 10. Хацырты Сергей — Цама (чысыл уацау) — 12. Хуыгаты Уасил — Сусæг маст (чысыл уацау) — 10. Хъазиты Мелитон — Алмас (уацау) — 2, 3. Четиты Рубен — Æфсымæртæ (иуактон пъесæ) — 5. РАДЗЫРДТÆ, АРГЪÆУТТÆ, ТАУРÆГЪТÆ Беджызаты Дудар — Саг рæстылдзæуæг — 4 Букуылты Алыкси — Радзырдтæ — 6., Бирæгъы дæндæгтæ — 8. Бязырты Роланд — Хæйрæджы дзаума — 7. Гæбулты Мелитон — Радзырдтæ — 4, 8. Гугкаты Шамил — Уазæг æмæ фысым — 2.. Гуырæн бон — 12. Гуыцмæзты Алеш — Чи адавта марды? — 1. Дриаты Еленæ — Хæлæрттæ — 7. Дзабиты Зарбег— Телевизор — аххосджын — 7. Дзидздзойты Азæ — Хъоппæга — 7. Дзугаты Георги — Хинæйдзаг — 8. Джиоты Алыксандр — Æмæ уæд пыл фестад бындз — 1. Козаты Исидор — Радзырдтæ — 10. Куприн А. — Радзырдтæ (Мæргъиты Лианæйы тæлмац) — 7. Къæбысты Зауыр — Донычызг — 4. Миндиашвили Серго — Куыройы фæндагыл — 5., Экзотикон аргъау — 6. Плиты Илья — Бæласы хъаст — 3. Санахъоты Уасо — Æртæ æмæхсты — 2. Скифирон — Гаглойты Сала æмæ абырджытæ — 1; Дамбаца — 9. Сланты Ахмæт — Тыбылатæ Брытъатæм куыд æрыфтыдысты? — 12. Тедеты Герас — Зæронды сæнттæ — 6. Тедеты Валя — Афтид зæрдæ — 3. Тедеты Руслан — Фын — 7. 93
Тъехты Амыран — Стыр лæппу у, Къоли — 8.„ Радзырдтæ — 12. Уанеты Валери — Радзырдтæ — 7. Фæрниаты Дзибуш — Аксинæ — 3. Хуриты Гиви — О, дæлæ устытæ — 7. Хъодалаты Герсан — Цы нæ вæййы!.. — 1. Хъазиты Мелитон — Уый лæг ма уæд — 8. Хъайттаты Сергей — Æфсымæр æмæ хо — 10- Цæгæраты Максим — Зæронд куырой — 2. Цоциты Резо — Этюдтæ — 2, Радзырдтæ — 12. Чеджемты Æхсар — Болат æмæ Зæринæ — 6. ÆМДЗÆВГÆТÆ Гуырдзыстоны ССР паддзахадон гимн (Бестауты Г. тæлмац) — 6> Авагимов Валери — Мæнмæ цæмæндæр... (Плиты Ф. тæлмац) — 7. Асаты Реуаз — Æмдзæвгæтæ — 2, 9. Æлборты Хадзы-Умар — Æмдзæвгæтæ — 5., Еныр æз... — 8. Бахъаты Нугзар — Æмдзæвгæтæ — 6, 11. Бестауты Гиуæрги — Æмдзæвгæтæ — 4. Гасситы Моисей — Æмдзæвгæтæ — 7. Гæгойты Шота — Хъ’æбулы мад — 7. Гæззаты Иван — Сыфтæртæ — 7. Гæззаты Лианæ — Æстдæс уалдзæджы — 7. Гобозты Валери — Æмдзæвгæтæ — 7. Гуыцмæзты Валери — Æз ахсæв æдыхст дæн — 7. Гуыцмæзты Мери — Æмдзæвгæтæ — 7. Дыгъуызты Тенгиз — Сæрдыгон райсом — 7. Дзидздзойты Юри — Мад — 7. Джиоты Джетæ — Æмдзæвгæтæ — 3. Икъаты Владимир —Æмдзæвгæтæ — 4. 11., Иубонон гæлæбу — 8. Козаты Владимир —Æмдзæвгæтæ — 3. Козаты Илас — Æмдзæвгæтæ — 7. Козаты Исидор — Æмдзæвгæтæ — 4. Кокайты Тотрадз — Æмдзæвгæтæ — 7. Къоберидзе Вахтанг — Æмдзæвгæтæ (Хъодалаты Г. тæлмац) —9. Къусраты Егнат—Æмдзæвгæтæ— 1, 12. Мамиты Гига — Æмдзæвгæтæ — 8. Мæргъиты Къоста — Æмдзæвгæтæ — 3, 9. Нафи — Æмдзæвгæтæ — 2, 10. Наниты Шалва — Æмдзæвгæтæ — 7. Нига — Сабимæ — 8. Плиты Илья—Æмдзæвгæтæ — 5, 12., Хъазæнтæ—8. Плиты Феликс — Æмдзæвгæтæ — 10. Плиты Леонид — Дидинæг æмæ уарзт — 7. Пухаты Алыксандр — Æмдзæвгæтæ — 7, 12. Тедеты Авгар — Æмдзæвгæтæ — 1. Харебаты Леонид — Æмдзæвгæтæ — 5, 10., Зæрватыкк æмæ Гаги — & Хацырты Сергей — Æмдзæвгæтæ — 6., Ленин — 8. Хаджеты Таймураз — Æмдзæвгæтæ — 8. Хацырты Отар — Уалдзæг — 7. Хæбæлаты Гурген — Хæрзбон... — 7. Хостыхъоты Зинæ — Æмдзæвгæтæ — 3. Хуыгаты Уасил — Æмдзæвгæтæ — 3. Хъодалаты Герсан — Æмдзæвгæтæ — 2, &, Уыциу-уыциутæ — 8. Цхуырбаты Павел — Мæн фæндыди — 7. Цæрукъаты Алыксандр — Æмдзæвгæтæ — 11.. Чъавчъавадзе Илья — Æмдзæвгæтæ — 5. Я4
ПОЭМÆТÆ Æлборты Хадзы-Умар — Белоруссы иу къаннæг уæзæг/ 11 Дзугаты Георги —Аджимушкай — 1. Тедеты Авгар — Цæрæццаг — 12. О Ч Е Р К Т Æ ’ Букуылты Алыкси — Истори кæттагыл — 4. Виленчик Юрий— Хæст æмæ фæллойы ветеран — 1. Гаглойты Сардион — Хæстон намысы фæндæгтыл — 9. Дзесты Куыдзæг — Ног хъæу — Тарск — 11. Къæбысты Зауыр — Авдæны æрфынæй бинонты кæстæр — 10. Нартыхты Григол — Арцеуæгтæ — 8. Тедеты Авгар — Ивгъуыд мысинæгтæ — 6. КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ Æлборты Хадзы-Умар — Нæ фыццаг литературæиртасæг æмæ критик — 3., «Хуыздæр- тæй иу» — 12. Багаты Симон — Дыууæ фембæлды Цомахъимæ — 5. Беджызаты Дудар — Мæ мысинæгтæ Чермены тыххæй — 12. Бигъуылаты Ирæ—Бакойаг ирон аивадон къорд— 12. Букуылты Алыкси — Уырзæй æвзарæгау — 5. Булкъаты Клавдия — Цы мын загътой авд цухъхъайы? — 2. Бязырты Алыксандр — Нарты эпосы истори — 1. — 9. Виноградов Виталий — Бирæ азты æвæллайгæ куысты фæстиуæг — 3. Гаглойты Владимир — Арфæйаджы курдиат — 5. Газзашвили Георги — Товарты рæзт—11. Гатыгкоты Гиви — Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты Хуссар Ирыстоны партион ор- ганизацийы тох Кавказ знагæй бахъахъхъæныны сæраппонд — 9. Дзассохты Никъала — Куырттатаг поэт — 1. Дзаттиаты Таймураз — Хуссар Ирыстоны колхозтæ æмæ совхозты кондады концен- траци æмæ йæ экономикон эффективондзинад — 5. Дзесты Куыдзæг — Мæ ахуыргæнджытæ— 10. Дзуццаты Хадзы-Мурат — Адæймаг æмæ поэтау — 2., Мамсыраты Темырболаты реализмы тыххæй — 5., Сыгъдæг, рæсугъд, зæрдæскъæф — 6., Революцийы нывгæнæг — 12. Зæрдиаг арфæ — 2. Козаты Хазби — «...Зæрдæ дуæрттæ нæ дары» — 1 Культурон царды хроникæ — 12 Куымæридтаты Александр — Архивон арæзтады фæдыл ленинон декреты 60 азы бонмæ — 7. Куымæридтаты Офелия — «Ирон чиныг» — ирон чиныгахуырады фыццаг къахдзæф—3.. Къæбысты Рутен — Ахсджиаг зонадон куыст — 4. Мæхæмæтты Ахуырбег — Хуры зæрин тынтæ —9. Плиты Илья — Æхсарджын Мате— I. Плиты Муссæ — Бæхы дзаумæтты терминологи ирон æвзаджы — 6. Тедеты Герас — Ирон æвзагзонынады ног монографион куыст—4. Тедеты Земфирæт — Революцийы агъоммæйы ирон библиографийы иуæй-иу хийæдты тыххæй — 3. Тогошвили Георги — Чи уыд Дауыт Сослан Багратион Вахуштимæ гæсгæ — 7. Тедтойты Зинæ — Л. Н. Толстой æмæ Ирыстон — 9. Тъехты Дауыт — «Кавказы адæмты хъæуы зæххы хæдкъухдариуæгад» — 10. Тъехты Федыр — Ныхасы хæйтты фарст ирон æвзагзонынады.— 5. 95
Харебаты Федыр — Цæбиты Яйнæйыл сæххæст 70 азы — 9. -Хæбæлаты Къоста — Хуссар Ирыстоны колхозты уæлæмхас хæдзарад æмæ куыстхъом адæмы куыстифтонгдзинад — 12. Хуыдæлты Темырсолтан — Ирон партизаны хъæбатырдзинад — 4. .Цхуырбаты Замирæ—Вахушти Багратион æмæ Хуссар Ирыстоны топоними—11. Хуырымты Тамарæ—Адæмон фæлхасады товарты гъæд æмæ сæ ассортимент—11. Хъæцмæзты Илья — Хуссар Ирыстоны областон партион организацийы архайд æстæм Æмæ фарастæм фондзазонты хæслæвæрдтæ æнтысгæйæ сæххæст кæныны хъуыддаджы — 11. Хъуылымбегты Алыксандр — Хуссар Ирыстоны революцион организаци «Зæхкусджы- ты гарзджын цæдис» — 10. Цотъниашвили Автандил — Ирон литературæ æмæ культурæйы фарстытæ гуырдзиаг советон энциклопедийы — 4. Доциты Алан — Балц: ^организаци æмæ æгъдæутты нормæтæ — 2. Цоциты Къæдзæхмæт — 1904—1905 азы ирон хæдархайгæ театр — 9. ПЫСЫРАЙЫ ТÆППÆЛТТÆ—1., 6. НÆ КАЛЕНДАРЬ Æппæтылæххæссæг курдиат — 4. .Гаглойты Владимирыл сæххæст 50 азы —12. Гаглойты Зинæ — Зынгæ ахуыргонд — 11. Ирыстоны номдзыд чызг — 5. Йæ рухс ном — мысинаг — 10. .Мæргъиты Къоста — Нæ дуджы зарæггæнæг — 11. Нонешвили Иосиф—4. »Пухаты Алыксандр — Ныр дæр зæлланг кæны йæ хъæлæс — 6. Хъороты Хъазбег (йæ райгуырды 70 азы бонмæ.) — 7. НЕКРОЛОГТÆ Богазты Умар — 5. Бестауты Гиуæрги — 8. Санахъоты У. М. — 10. ^2?