Текст
                    дæ щ
см
оон
Æмдзæвгæтæ
æмæ поэмæ
Чиныгуадзæн „ИР", Орджоникидзе * 1974


С(Груз). Р82 Рехвиашвили Ш. С. Р82 Кæм дæ агурон. Æмдз. æмæ поэмæ. Пер. с груз. Орджоникидзе, «Ир», 1974. 101 ф. Рехвиашвили Ш. С. Где тебя искать? 743-73 Р М131(03)-7450~74 С(Груз). с) Издательство «Ир», 1974 г.
Мамысон æфцæгыл Ме ’взонджы бонтæ æз хæхты куыд ма мысон! — Фосхизæн сæрвæттвгл уарзтон цæуын! Байрай мæ фыдæлты уæзæг, мæ Мамысоп! Де ’фцæгыл абон кæддæрау лæууын! Уарзын дæ цъпти, дæ урсфынк æхсæрдзæнтæ, Уарзын дæ къæдзæхтыл урспакъуы мит! Цал хатты баззадтæн ам æз, æхсæвæттæ, Хъуыстон сæуæхсидыл зымты æхситт, Ацы хуыр фæндагыл ме ’взонгад атахти, Тахтп мæм ардæм Рионы къуыс-къуыс. Хохаг фыдбылызты бахауд ам цал хатты!— Ссис-иу нæ арф ннгæн зæйты хъæбыс... Хастой-иу ауылты хор дæр цæгат- бæстæй — 3
Сабитæн удхосы адджын къæбæр. Цъити-иу аскъуы’ди мæгуырты сагъæстæй, Хох-иу ’ æнкъардæй æруагъта йæ сæр! Уыйфæстæ федтон нæ фыдæлтæ ардыгæй Хурхуыз Октябры райгæ цæсгом/ Ссыгъд революци Уырысы,— йæ • арт-зынгæй Барухси дард ’быдыр, сау хох, нæ ком... Ацы фæндагыл тылд царды цалх тухиты... Ацы фæндагыл нæм амонд æрхызт: Бахудт нæм ардыгæй сомбон, нæ рухс фпдæн, Æмæ фæдæлдзæхи пе ’нусои рыст!.. , Ацыд ыл Киров æмæ Гегечкори, Ной Буачидзе, Серго дæр кæддæр! Байгом гъеуæдæй нæ дуджы истори, Дунетыл таугæ йæ тохы цæхæр!.. Мамысон, де ’фцæг æмбисондæн баззади — Адæмты æхсæн — хæларады хпд. V Абон мæ зæрдаайыл базыртæ базади,. Ауадз æй — арвыл цæргæсау тæхид! 4
* * * Æз мæхи тыххæй арæх фехъусын: «Уый поэт — лæг у, .зары амондыл...» Æз цæй поэт * дæн, фæлæ зæрдæйы . Зарын бафæнды зноныл, абоныл... Æз цæй поэт дæн, фæлæ дзыллæйæн Дæн йæ буц хъæбул, дæн йæ уарзæг фырт. Мин хатт амæлин æз йæ сæрвæлтау, Мин хатт бамбæрзид мæн мæ уазал цырт. Цыма хурыскаст федтой уаритæ Æмæ стахтысты арвмæ урс балæй, Уыйау | уарзон зæхх мæн йæ бæркадæй Зон, уæлдæр кæны Схара, Усбайæ... Æз цæй поэт дæн! Æмæ ме стихтæн Стыр поэзийы ран куыд разына?!. Фæлæ хъуыдытæ æмæ сагъæстæ Хатгай абухынц раст æрра зынгау... 5
Цæй, цы бакæнон?.. Ныр куыннæ зарон?.. Уадз мæ хъæлæсæй уат æнæ разы, Уадз фæсус æмæ саст уа, гъе>æддæр Æз æнæзаргæ нæй нæ фæразын... Зарын стъалытыл æмæ уалдзæгыл, Сауцæст чызджытыл æмæ сахъ гуырдтыл... Зарын суадæттыл æмæ денджызтыл, Урс хæхтыл æмæ рухс уæладзгуытыл... Зарын «хуымгæндыл æмæ, гутонау, Царды быдыры зарæг дардзынæн... Фарныл, амондыл, хурыл, дунейыл Зарын, зарыдтæн æмæ зардзынæн!.. Æз цæй поэт дæн, фæлæ ме ’стихтæн Фаг у царды цнн æмæбуц зæрдæ!.. Фаг у а бæстæ, фаг у ацы дуг!.. Зарæг фестадтæн æз сæ узæлдæй!.. Уадз æфхæрой мæ, уадз æппæлой мæ, Сæфон уайдзæфæй, район арфæтæй,— Æз цæн поэт дæн —- уый бæргæ зонын, Фæлæ зардзынæн цардыл афтæмæй! «
Ныййарæг мад Поэтæн йа? хуыздæр, йæ рæсугъддæр зарæг Дæу тыххæй куы вæййы, дæу тыххæн, ныййарæг. Хъæбулæп йæ улæфт, йæ хур дæр, йæ ныфс, Хъæбулæн дæ хъару, дæ уд дæр дæттыс. Ды уалдзыгон хъарм дæ, сæрддон бонты сатæг. Хæлардзинад, фарнæн ды вæйпыс йæ хъазт. Ды зæрдæйæн цин дæ, йæ зарæг, йæ хъазт. Æфхæрд лæг дæу фæрцы æдзухдæр — ныфсхаст. Ды царды фæндагыл дæ цоты фæхоныс, Дæ сабиты сагъæс, æхцондзинад зоныс. Рынчынæн дæ фæлмæн ысныхас — йæ хос, 7
Нæ рох кæны царды дæ фæллой; дæ хорз. Сæ домæг, сæ сæр дæ иæ дуджы ’ * фæлтæрæн. Ды вæййыс хйæ куырдадз сæ риуты цæхæрæн. Нæ сабырдзинады тырыса ды дæ. Дæ фæрцы —- æхсарджын хъæбатыр гуырдтæ. Салдат-иу дæу мысыд хæстон бонты - арты. Уый хъахъхъæдта знагæй нæ бæстæ, нæ бартæ^ Салдатмæ зын раны æрцыдтæ-.иу ды. Салдаты нæ хызти адзалхæссæг зды. Поэтæн йæ хуыздæр, йæ рæсугъддæр ’зарæг Дæу дыххæй куы вæййы, дæу тыххæй, ныййарæг. Нæ райгуырæн бæстæ дæу хуызы цæуы, Нæ райгуырæн бæстæ дæ уæхскыл лæууы. [1
Кæм дæ агурон? Æз дæ мæтæй судзын æмæ тайын, Æз æдзух дæуæй мæхи фæсайын... Чи федта, кæцы фæндæгтыл дæу — Зæгъ, кæм и дæ цæрæн къуым, дæ хъæу? Арф кæмтты æрзилдзынæн дæу тыххæй, - >Урс хæхтыл фæхилдзынæн дæу тыххæй, -Фæлæ дын куы ые ’ссарон дæ фæд,— 0, кæм дæ, мæ дæлимон, мæ зæд?! Бонтæ мын æнæ дæу — тар æхсæвтау, Цæстыл бады мигъæГг конд уæлæфтау,— Худгæ хурау уыд мæнæи дæ каст, Фæлæ мын цы ’рбайсæфтæ æваст? Ды æрхастай сонт зæрдæйæн катай, Ды мæнæн зыидоны ■ тухи радтай,— Уый дæр мын хæрзиуæг у дæуæй, Уымæн мын зыцаргъдæр лæвар нæй!
Искуы мæм зæрватыккпу куы ’ртæхис, Искуы мын æхцон ныхас куы зæгъис! Хурзæрин, дæ рухс тынгæ мыл тух, Дидинæг, ,мæ разы л еуу æдзух! Ш 10
Цъаора—мæ райгуырæн хъæу Цыд ацы къæдзæхбын фæндагыл Поэт Церетели æд лæдзæг. Хур хъазыд æхсæрдзæны тагыл, Ызмæлыд, фæйлыдта бæрз-æфцæч. Æрдз зарыд йæ алыварс алкæм, Уæлхохвæз — цъæх кæрдæджы таутæ. Лæвæрдтой йын рацъойнаг адæм Зæрдæйæ зæрдиаг саламтæ. Цы бæстæ, цы быдыр нæ федта — Нæй ацы къуымæп дзы рæсугъддæр. Иæ дзыллæ — сæ гуырдзæй поэттæ, Æппæтæй уæздандæр, хæрзуддæр. Зæронд лæг — хæд-зонд æмæ кадджын, Иæ хъуыды ныманын æз растыл. О, бауарзтон ацы зæхх раджы, Суанг сонтæи, мæ сабион азтхй. Æз ам федтон хурæн йæ рухс тын Фыццаг хатт мæ мады хъæбысы. //
Мæ ныхас кæд ам хъуыст, мæ худын,— Мæ фыды хæлар каст фæмысын. Куыд уарзтон ’хæмпусриу æврæгъта-, Рионийы схъиугæ фæлхъæзæн. Хъæдæхгæд —- нæ къуылдым, нæ рæгстæ, Сæ рæбын тæрк доны æнхъæвзæн... Æз ацы фæндагыл ’фæцæуын Зæронд Церетелийау арæх, Хъуыдыгæнгæ рындзыл æрлæууын,— Иæ сагъæс, мын ракæны а зæхх... Æз афтыдтæн хæстмæ кæддæрты — Мæ гуырæн хъæу алкæд уыд мемæ. 0 Цъиора — ме ’скаст, мæ зæрдæ, Мæ цин дæ, мæ уарзт д’æ дунемæ!
Сæумæрайсом хæхбæсты Хур æрбакалдта йæ тынтæ# Стыр бæстытæй, стыр æргъæмттæй. Хæхты цъуппытыл, рæбынтыл Ног цъар акодта æргъæутæй. Кæмттæй тардзинад фæлыгъди... Зым ыстахт цæхæр уæлдæфмæ. Бæрзыл доны ’ртах ыссыгъди, Æмæ ’рттивгæ рахауд тæрфмæ. 'Дымгæ, уыга:рдæн фæплаугæ, Хи ныццæвы рæгътыл, тигътыл. Дпдинджыты хæрздæф таугæ, Асуй вæййы хъæды хихтыл... Мæргъты, араугæ хъæлæстæ... Хурыл у сæ зард, æнæмæнг! Уаиккам къуырма, хæхбæстæ, Æз æнæ дæу, ды æнæ мæн! @
Горæт Орджоникидзе Иры сæйраг горæт, райгондæй ды Кадджын лæджы ном хæссыс. Алкæддæр зарын дæуыл мæн фæнды, Акæп дын, æммыст, хъæбыс. Мах дын ысгуыхт лæджы фарнхæссæг пом Уæгъды нæ радтам, нæ, зон,— Скодтам фашистты бырстæн ам кæрон, Фестад сын а зæхх,зыцдон. Уалдзыгоп Теркæн нæ уылæитæ цырд Размæ куыд æхсынц сæхи, Сомбонмæ афтæ куы уаид дæ цыд, Хъарыс ды ууыл ,дæхи. Иры сæйраг горæт, уарзын æз тынг Де .’сдзырд, дæ бахудт, дæ зард, Уарзын, Ильичы цырæгътæн сæ зынг Хæхтыл куы ферттивы дард. 14
Тезгьо фæкæнын дæ парчы изæр, Ссæуы дзы уæнгты фæллад, Хъуысы дзы уарзæтты хъæлдзæг уынæр, Фенын дзы къахфындзтыл кафт. Горæт, мæ горæт, рæсугъд дæ, рæсугъд! Размæ æдзухдæр лæгæрд! Алкæд дæр азæ’лæд фæзтыл дæ худт, Мин азты цæр æмæ цæр! Ш 15
Боржом ’ - Боржом, Боржом! Ды дидинæджы бастау, Æрттпвыс ам, бæрзопд рæгъты æхсæн. Дæ сæрмæ арв — æргъæу тæбæгъау, тастæй, Лæвæрд æврæгътæ— базырты хуыз^æп. Хуыдтой-иу дæ «дзæнæты бæстæ^ ,' рагæй, Ам уæлдæф! ароматау, у фæлмæн. Къуары дон ам, хънсфæндыры тагау, Каэны йæ зарæг сатæгдзæф кæмттæн. Рæхснæг иæзытæ сагъæсхуыз чызджытау, Лæууыиц дзыгуыртæй къардиуы ,сармæ. Дæ хъæбысмæ цы дзыллæты æрхуыдтай, Ды уыдонæн, æвдадзы хосау, дæ. Хæрзбон уал уГ Кæпын рæстæгмæ хпцæн, 16 " ,
Фæлæ мæ зæрдæ ’баззайдзæнис ам. Ды дæ мæнæн æвзонг азты бæллиццау, ’ Æмæ мын айс мæ зæрдæйы салам! @ 2 Кæм дæ аг^рон 17
Уымæн уарзыи царды уалдзæг Цардæн у йæ бæрзæндтæм зын хизæн, Уый цæфтимæ тох кæнын — зындæр. Æз мæхи сæ пе ’мбæхсын, Нæ хизын, Нæй мын сæ иппæрдгæнæн уæддæр. Уарзын сæ, фæбæллын сæм, мæ уды Карз митæй фæрæвдауы хъысмæт. Куы фæиæры ’хсæрдзæпау мæ худьш, Куы хæссын æнусон уаргъау мæт., Дунейыл узæлгæйæ фæлгæсын, Барын ыи йæ дæргъ æмæ йæ уæрх, Æмæ йыл фæтæнбазыр цæргæсæн Уарзт æмæ ыстыр диссæгтæ — хæрх. Цас федтон æз дндинджытæ? Цал хуыз? Зæрдæ ради, фаэндæгтыл фæллад. Мæп хъысмæт кæй фæтухы йæ цалхыл, 1 Уымæн мын у царды бон хæрзад. Царды хæс зын хæссæн у, зыдтон æй, Уый мæ хай æнусбонтæм фæци. 18
Уымæн дардтои ме ’ппæт царД ЗЫНД0НБ1, Уа цæмæй йæ фæстаг кæрон цин. Фæлæ мæм куынæуал сидой фæзтæ, Рог уддзæф куы нал дауа мæ рус,— Нæй, уæддæр мæ бæллнцтæ мæ фæстæ Дардзысты кæйдæр фæндагмæ рухс. Æмæ кæд м<æ зарæджы зæрдæйы Ног цардæн ыстъалытæ нæ уыд, Гъеуæддæр йæ бæрзæндтæм бырсгæйт Ссардзæни уæлхох бынат мæ уд. ч II 19
Фаалкæ Фиалкæ, фиалкæ,— уый дидиыæг у. Дæуæн та дæ зæрдæ — æрнæг зæхх, зæрæстон, Мæ бон æй нæ’баци’хуым кæнын, йе тауын. Дæу тыххæй æз бирæ фыдæбон æвзæрстон. Ныр дæр ма æз мæты дæу тыххæй ныххауын. Мæ сæрыл æрбадтпс æнæстангæ халас. Цæй тыххæй дæ уарзтон, цæй тыххæй, æз ал’аз? Фиалкæ, фиалкæ,— уый дидинæг у... Дæуæн та раст ихау хъæбæр у дæ зæрдæ. Хæххон мæсыг — рагон/ фыдæлтыккбн фндар. 1 У йе ’схнзæн уымæн,— цъæх айнæг къæсæртæ, Нæ басæтдзæн ничн уый адæмæй иу дæр. 29
Дæ; фыдæхæй ме ’взаг пылвæ’стон, ныббастон. Гогонав,1 цæй тыххæй, цæй тыххæй дæ уарзтон? Фиалкæ, фиалкæ,—уый дндинæг у... Тъыфыл мит æруарыд дæ даргъбыд дзыккутыл.:. Дæу кадæн кæддæрау ныр нал зарынц 4 мæргътæ. Бар нал дарыс абон кæддæры ’ лæппуйыл — Мæ цæсты дæ уындæй нæ судзы цырæгътæ. - Нæ худы кæддæрау сæууон хур дæ ныхæй... Цæй тыххæй дæ уарзтон, зæгъ-ма мыи, цæй тыххæй! 1 1, Гогонав — чызгай (гуырдзиагау).
Вазыртсе мыл базад Р ухс дуне, дæ хуыз фенынмæ Мазргътæ дæр фæбæлльшц, Де ’скондыл æнæ заргæйæ Дуртæ дæр нæ лæууынц. Хæхты сæрмæ хурныгуылды Акъул ис фых лауыз... Цъититыл ч йæ фæстаг балцæй Баптыгъд и сырх гауыз. А изæр мын æрдзыл зарæг Цардамонд æрхæсдзæн: Калы мыл йæ уымæл дымгæ Палхъуытæй æхсæрдзæн... ’ Айтынг ысты даргъ рæхыстау Урс хæхтæ рæдзæгъдтæй; Кафын мæ куы æрфæндыди Сыфтæрты æмдзæгъдмæ. «Цæй кæм дæ, цæмæн байрæджы,— Дзуры та мæм суадон,— Ме ’рттиваг цæппузыртæ дын Къæйты бын ныууагътон». Хъæдæй-ма фæстаг цъыбырттæй 22
Мæргъты зарын хъуысы, Басабыр мæ райгуырæн хъæу Сау хохы хъæбысы. Уасджыты зард. Куиты рæйын... Цæугæ дæтты ’хсидын... Саг кæмдæр -йæ тæлтæг родмæ ’Хсыр дæйынмæ сиды... Уарзæгой, гуырдзиаг зæрдæ, Де ’ппæт цпн, дæ ныфсæн, А хæхты рæсугъддзинæдтæн Нæу сæ бон ныффыссын! ® \ 23
Важа Пшаеелайы фæстаг ныхао Мæ райгуырæн хæхтæй мын Дидинджытæ ’рхæссут, Тамары хур кæй кодта Рагæй дæр -хъæбыс. Цъæх цилы пака сыфтæй М ’алыварс нымбæрзут, Цæмæй сыл фенон æз Чаргалийæн Ггæ хуыз. Æрхæссут мын Мтацминдайы донæй Гуыбынджын хъусыны, йе лалымы уæд та... Мæнæн уый — хос, ч Кæд сулæфин æнцонæй, Шотайы уадындз мæн Кæд уыцырдæм хуыдта. I Цы кæнон æз?.. Цæмæн риссы мæ зæрдæ?.. Мæ рну тæлфы, Æхгæд вулкапау, раст. *4
Мæн уырны, Вæ фидæны тыхджын фæлтæртæ Мæ ном хæсдзысты семæ Зæрдæрухсæй, æд уарзт... Уадз айсæфон, Уадз атайон фæлм митау, Уадз ахуыссон зынгау,— Æгъатыр у мæлæт... Уыдзæн мæрдты дæр, о, Сæурайсомы" æхсидау Мæ райгуырæн бæстæйыл Иудадзыг мæ мæт... Æрмæстдæр ну фæндон: Уæ кæуын-иу ныууадзут,— Цы гæнæн ис, Бæргæ зын у мæлын,— Мæ сау ингæныл-иу Хæххон донæй æртадзут, Хæххон дидинджытæ^иу Байтаут мæныл!
Æхсæв Цъиорайы хъæды Æндзарын бæрзы хихтæй арт... Мæ бадæн — цилæхгæд æрдуз. Мæ сæрты стъалы атахт дард, ! Иæ фæстæ, урс æндахау,— рухс. Æмбæхсы арвы риуыл мæй, Йæ цæсгом тар мигъæй — æмбæрзт, Дæлæуæз, къардиуы быиæй Æрттивы машинæйы цæст. Æрцахста бæлæсты хуы’ссæг, Тæхы сæм рог уддзæф, тырны, Æмæ сын афтæмæй сындæг Йæ зарæг «а-ло-лай» кæны. Мæ быны цъалатæй — лыстæн, У арв та цъолоби хъæццул. Æз хъæдмæ уазæгуаты дæн, , Æз хæхты — иудадзыг хъæбул. Сындзпихи дидинджыты тæф — Мæнæн æвдадзы хос æргом... 26
0 байрай, Цъиорайы ’хсæв. 0 байрай, Цъиорайы ком... Æрмынæг арты цæхæр. Бон Чысылгай, цадæггай фæцъæх... Дæ фæхъхъау, Цъиора, фæуон — Нæ фыдæлты æнусон зæхх! @ 27
Сау цæстытæ, сау æрфгуытæ, Цæсгом — мидбылхудт, .мæйдзаст. ’ Хъуырыл нæй налхъуыт фæрдгуытæ, Астæу рон, гæрз ронæй баст. Даргъ дзыккуты быд бæстон тыхт Сты æфсæддон худы бын... Маст, зæрдæйы маст — йæ хотых, Хаста не ’знæгтæн фыдрын. - & Хæсты арт куы ссыгъди дардыл, Уæд йæ сонт ’фæндтæй фæцух — Ауыгъта уый йе ’нцой цардыл Тохы бон йæ къух. Ныр йæ тухитæй, йæ мæтæй Райгуырæны хæс фыста. Цæф æфсæддоны мæлæтæй Стыр зын фадæтты хызта. Арæх мысыди нæ хæхтæ Улæфты рæстæг, бæргæ...
Хæст, æвирхъау хæст! Гæрæхтæ, > Рызт йæ сасрмæ арв, нæргæ. Терчы хъæр йæ хъустыл уади, Хъазыд цæстытыл. нæ арв, Фæлæ та-иу бомбæ ’рхауди,— Быдыртæ фæйлыдта арф. О, хæстон хо-дохтыр минты Артæй рахаста хæсты!.. Зилдух систой «Мессершмиттæ» Арвыл сау мигъты бæсты. Калдтой бомбæтæ фæд-фæдыл, Бæстæ батар и бынтон. Не ’взонг дохтыр-хо мæлæтыл Сæмбæлд иуахæм фыдбон.... Тннæ нал,сыстад фæстæмæ — Бацп удыскъуыд, зынгхуыст. Нал æрцыд хæххон бæстæмæ Къарги гого — Къуары чызг. Щ
Мæ фыды хъуыдытæ Хæххон хъæу ног æрфынæй и, Нæ хуыссы фыд нырма. Уый сагъæстæн фæбынæй и: «Уæдæ кæм и Шалва? Кæм ысгы ме ’ннæ фырттæ та? Æгас ысты цымæ? Куыннæ хъусынц мæ дзырдтæ та? Куыннæ зьшынц хъæмæ?..» . Р1æ цæстысыгтæ нал лæууынц, Æрынкъард та м,æ фыд. Иæ маст йæ хъуыры нал цæуы. Куыд ын фæразы, куыд? Дæлдæр иыххау, фыдбоны хæст! Куыд’ нал дын ис фæуæн? Кæд разындзæни боны цæст? Кæроп уыдзæн зынтæн? Æнхъæлмæ кæсы амондмæ, Иæ фыртты ног уындзæн: 30
Ис алцæмæн дæр афонтæ, Уæлахиз дæр уыдзæн. Æмæ та ацыд сагъæсты Йæ фыртты мæтæй фыд. Иæ цæстыл уайы: карз хæстмæ Сæ алчидæр куыд цыд. \Ш 31
Санахшо Ногæн та æрцыдтæн æз дæ цурмæ, Санахшо, хæххон суадон — чысыл. , Калыс та æвзист тæмæнтæ хурмæ - Урс къæдзæхы урсдзæнхъа чысыл... Цал хатты дæу федтон-ну мæ фыны! У дæ фæндаг кардæй лыг æрхау. Арв йæ цъæх хыз байтыдта дæ быиыл, Æмæ йыл мæ сонт -зæрдæ æрхауд. Басастон та абон дæр мæ дойны... Ам фыдæлты, рагæтты зæхх и... Дардбæстаг фæндаггонау æмбойны, Æз дæ былыл ауагътон мæхи. У дæ .фæндаг дурджынтæ, зынцæуæн, Фæлæ зарыс ал’ афон уæддæр. Хастан ды нæ быдырæн, нæ хъæуæн Царды хостæ раджы дæр, ныр дæр!
Сагомела Сагомела, Сагомела,! Бузныг, бузныг даэн мæ цардæй. Дæу мæ фыд зырнæй æрзылдта, Хафта авгæй, къахта сартæй. Дымгæ комы сæрмæ хъазы, Калы уыгæрдæи тæмæнтæ. Æз мæ цыргъ цæвæгæй дасын Хуссары тæссар тъæпæнтæ. Сагомела, Сагомела, Басæтт, басæтт мын мæ донны, Æз æнæ сымах, нæ хæхтæ, Баунн царæфтыд æмбойны. Ам кæддæр мæ фыд фæрæтæй Хоста хъæд, цыди нæ зарæг. Авдæны уæлхъус мæ мæтæй Тад мæ мад, мæ буц ныййарæг. 1 Сагомела —’донхæссæн дзаума. 3 Кжм дæ агурон
Сагомела, Сагомела, Ис æлутон нозт даз мидæг. Уымæй иу хуыпп — фестыи уарп. Свæййы зæрдæ размæ сидæг. Пасисмтайы1 цур .нуазин Æз æвдадзы хос дæ былæй. Азты уаргъы бын нæ тасин, Уаин хызт фыдсон, фыдрынæн. Ш Пасисмта — хохы ном. 34
Хосгæрдæг Бонцъæхтыл фæхъуысы къохæп Мæргъты уаст, цъыбар-цъыбур. Уæд нæма скæсы фæсхохæн, Рухс тæмæитæ калгæ, хур. Афтæ рагацау æд цæвæг Рагъмæ сфардæг вæййын æз. Уддзæф фезгъоры хæрзгаенæг, Акувы йæ сæрæй бæрз. Цæвæг райсомы æртæхы Уис, æхситгæнгæ, хæссы. Кæрдæг иуырдæм фæлдæхы, Кæрдæг уадздзæгтæй хуыссы. Цæстыл дпссаг ныв фæуайы. Уый зæрдæрухс у мæнæн — Уыцы даргъ уистæ — чызгайы Даргъ дзыккубыдты хуызæн. Уардитæп сæ уынд, сæ тæфæн — Риуы амонд æмæ уарзт, Арвмæ раисомы уæлдæфы Стæхы зарæг мухамбаз! @
Дзул Дæу, мæиæу, хуры тынтæ узыиц, Нæ зæххы бæркадæй ныннæрстæ. Дæуæй дæн, хортауæг, æз бузныг. Цæмæн дын бафидои дæ хæрзтæ? Зæхмæ цы уарзондзинад дарыс, Уый хоры стыр денджызæй сыстад. ÆБæццæгæн, гъеуымæн зарыс,— Дæ хуымы, райгæйæ, кæй куыстай? Уынын æз, комбайны гуыр-гуырмæ Куыд хуыссыпц карст æфсиртæ зæххыл. Уæнгрог сырддонцънуты дзыгуыртæ Дæ хуыммæ цннгæнгæ куыд тæхынц. , Фæзæгъынц: дзул тых у æфсæдтæн, Кæнынц дзы царды бонтæ даргъдæр. Ис дзулы тæфæй дæр æфсæдæн, Æвзонг саби дзы рæзы тагъддæр. 36
Фæлæ иæм магуса куы хъава, Мæ риу уæд атондзæи фырмæстæй. Æз æм ныхъхъæр кæндзынæн: «Ма ’внал!»— Уый хъуамæ кусæг хæра ’рмæстдæр. 37
Уазæгуаты (И р о н хæларæн) Г уырдзыстоны фæндæгтыл Ды дард балцы цыдтæ, Къарагомы бæрзæндтыл Зæрдæрухсæй зылдтæ. Æхсæрдзæнты сыр-сырмæ Уым хур ыссыгъта арт, Æхсæрдзæнты æхсырмæ Ыстынг йæ зæрии уард. Йæ сæрмæ зилдух систа Егъау цырддзаст цæргæс, Цыма бæсты хуыз иста, Цыма уыд хæхтæи гæс. Гуылф-гуылфгæпгæ дæ размæ Рионы стыр дон тахт. Еблагъуæйы ныхасмæ Æмгæрттæм уадтæ тагьд. 1 Чиорийы дыл сæмбæлд Дæ рагбонты лымæн, Дæ зæрдæйыл та сæмбæлд Иæ бацины уылæн. 38
Бæркадджын фынгыл уагътат Ыстад сæнтæ сырхæй, Уым гаджидæуттæ уагътат Хæларады тыххæн. Дæ ирон зарæг хъуысти Гуырдзыйæгты æхсæн... Тæхудиаг уыдыстут Æфсымæрты хуызæн! Ш 39
Хæххон сылгоймаг Мæ зæрдыл та æрлæууыдис мæ мад, Дæу фенгæйæ, тæ хохбæстаг сылгоймаг. Дæуау-иу уый дæр суг хæссынмæ уад. Цыд куыроймæ къæссаимæ дæ коймаг. Хыссæйæдзаг — йæ раздарæн, йæ къух... Уыдыстæм мах йæ дарппæгтæ астæй... Нæ мæгуыр къуым нæ кодта иу бон цух Æмбæхст- хъынцъымæй, катай æмæ ч мастæй. Пырдта къуымбил, стæй уæфта тын- сæхъис, Ерджен нын-иу хъæзгæрдæгæй ысбыдта. Зымæгон бон нын хурзæрин уыдис, Æмæ нæ хурау тавта ’мæ рæвдыдта. Нæ урс хæхтæм-иу сагъæсгæнгæ каст, Сæ сæрмæ арп цъæх дардта уæд бæрзондæй, 40
Фыдæлты зæхх — йæ цин æмæ йæ уарзт. Ныууагьта нын йæ зæрдæйæ, йæ зондæй. Йæ даргъ фæндæгтыл ахуыдта мæн цард... Цыма мæ мад ныр дæр лæууы мæ фарсмæ. «Нæ дзыллæты раз ма фæсай дæ ард!»— Фæхъусын æз ныййарæджы ныхасмæ. @ 41
Хорхæссæг Сырд дæр æххормагæн нæ быхсы. Йæ хъиутæ бахæры фыдæй. Цæргæс æрвон тыгъдад нæ мысы, Куы мæла хæхты ’хсæн сыдæй. О, цал хатты-иу Рацъгом барызт, Цыдис ыл стонг сабиты хъæр... Æмæ, дам, Картвели куы рахызт Цæгатмæ хорагур кæддæр. Иæ ус дæр йемæ уыд, йæ фырт дæр... Фæстæмæ здæхтысты — хъæмæ. Æмæ сыл æфцæгыл цыфыддæр Рынхæсс уад сыстади уæдмæ. Уый фехсы митхъæпæнтæ арвмæ, Ыскодта хох-дуртæй йæ хъазт. Мæгуыр бинонты комы арфмæ Зыстæй фæцæйкалы æваст. Ыстоны къæссаты бæстытæ, Ныппырх сæ хоры мур,— сæ цин... 42
Фæтар вæййынц фæлмаст цæстытæ, Сæ фæндаг миты бын фæцн... — Хуыцау нæ тæригъæд фæхæсса!— Ныккæуы ус зæрдæуынгæг. Æиæбын æрх... Зынтæй æд къæсса Иæ сæрты багæпп кодта лæг... Æвирхъау зилдухы фæаууон. — Цæй, тагъддæр! — райхъуысти нæ дзырд. — Ныззылд мæ сау бындур. Цы ма уон? — Нынниудта ус, — Кæм и нæ фырт?.. Ныссабыр уад-тымыгъ... Сæгъдзармхуд Мад къахы салд миты бынæй. Чысыл къæссагондæн йæ агъуд — Йæ мидæг хоры гага нæй. Ныккæуы мад. Дзыназы коммæ: — Мæ уд — мæ фырты мын æри! Ныххауы къавдзæхыл дæлгоммæ, Ныххойьг сау къæйтыл йæхи... Фæцыд æнус... Йæ хъыг, йæ зынтæ Фæдзуры диссагау нæ хох. О рагон сау дуджы фыдфынтæ, Куы не ’стут абон дæр ма рох! 43
цæстыл фæуайы Уæлгоммæ хуыссыди гуырдзиаг хæстон йæ тугкалд ыскъуыдтæ фæлысты. Æнусмæ йыл батар, æнусмæ йæ бон... Иæ гæрзтæ йæ фарсмæ зындысты. Æвæццæгæн, риуы нылхынцъ и йæ маст, Нæ хæхтæм кæй не ’рцæудзæн, уымæй. Кæй нал фендзæн рæгътыл дзæбидырты хъазт, Кæд уый тыххæй баззад æрхуымæй. Æнхъæлмæ йæм касти нæ фыдæлты зæхх... Ныййарæджы буц фырт куыд уарзта! Уæлахизы куывды уæлахизы рæгъ Уый фынгтыл йæ къухмæ нæ райста. Уæлгоммæ хуыссыди. Тызмæгæй æдзух Фæуайы мæ бæстаг мæ цæстыл:
Æхсаргарды хъæдыл ныффидар йæ къух... Иæ былтыл — æрдæгзагъд ныхæстæ... Уæззау хæсты бонты мысинаг — фæсвæд... Æвирхъау зынты заман адард. О, саударæг усы цæстыты сæ фæд Гъеуæддæр... гъеуæддæр куы баззад... О, мауал æрцæуæд нæ зæххыл ’ фыдгæнд! Рох ма уæнт æдзард удтæ абон. Æнцой дуг — нæ бæллиц, нæ сагъæс, нæ фæнд. Уый махæн нæ цард у, нæ амонд! Ш 45
Комбайнеры зарæг Бахудт хурзæрпн сæумæ, Æмæ сæрттывта нæ хъæу. Æз дæумæ цыдтæн, дæумæ, 0 мæ сызгъæрин маонæу! Чи дæм зылди, чи, мæ бон, Ие цы ’ртах æхсадта дæу? У мæ зæрдæйæн æнцон, ’ О мæ царддæттæг мæнæу! Цин уыл кæнын, цнн, æз ныр, Уæ нæ сызгъæрин фæзтæ! — У нæ тых уæ фæрцы стыр, Фидар — Райгуырæн бæстæ! Систон къухмæ дæу, нæмыг, Аба кодтон æз дæуæн! Барухс и мæ зæрдæ тынг; Хъуыды скъæфы, маргъау, мæн. О сæнæфсиры фæзтæ, О нæ диссаджы дыргъдон!., 46
0 нæ Райгуырæн бæстæ, Нæй дын, нæй, мæ хур, кæрой. Фенын суадон, уайы тагъд*— - Байсысæн ныр уымæи нæй!— Худы, рæзы алкæм цард. Зарьш хъæлдзæгæй, фæрнæй! I У мæ зæрдæйæн æпцон, Ме ’мбал райгуырæн бæстаг! — Уæртæ стыр колхозон гон Бур мæнæуæй дзаг у, дзаг! II 47
Руставелийы æнæмæлгæ чиныг Кæддæр-иу ныл, къæвдайау, туджы зæй ныууарыд... Нæ мæсгуытæм фыдгулы не ’руагътам æввахс... Дæ хъуыдыты фæндаг дын срухс кодта Тамарæ... Ыссис нын хотыхау дæ алдымбыд ныхас. Æцæгæлон бæстæты райгуырæн хох мысыд Гуырдзиаг лæг, Руади уацары фыдтæй. Иæ зæрдæ-иу тæлфыди Калачы хъæбысы, Иæ бæллиц-иу фжцардхъом де ’рдхæрæ’Н дзырдæй. Хæсты бонты, куы хауди дур фæрчытæ, Æфхæрд удмæ уæд тахти, заргæйæ, дæ уарзт. ~48
Сывæллон дæр йæ буд мады фæлмæп уæрджытыл Уыдис дæ зондæй рагацау ныфсхаст. Амыранау ыссыгътай сау кæмтты цырен арт. Хæлардзинад æрхастай — хурзæрпны тын! Ныр аст æнусы рацыд... А зæххыл нæ фенад Дæ уацмыс дзыллæтæн æгæрон арвы бын! Зыны дæр, цины дæр уыдтæ æдзух нæ фарсмæ, Дæ рухс номæй фæлыгъди сау æхсæвы ’ тар, Ныр дæр ма сидыс стыр фидæнмæ, размæ, Фылдæргæнгæ цæуы дæ чнныджы æхсар. Ызгъордзæн Терк, Ызгъордзæни Арагвæ, Тæхдзæни рæстæг уад-бæхыл ныр дæр. Зæххыл цæрдзаан дæ рæсугъд дзырд, дæ арфæ, Æнусты калдзæн де ’стъалы цæхæр! 11 4 Кæм дæ агурон 49
Хæлардзинад (Дайраны комы Ир æмæ Гуырдзыйы фысЬжыты фембæлды тыххæй) Терк кæм ыхсы стыр къæйтæп сæ фæрстæ. Урс фынккалгæ, абухгæ, зыдæй, Рагъы сæр бæрзонд хæхтæн сæ фæстæ Даргъ цъити цы ран кæны фыназй, Терчыбыл цы ран айтынг рæсугъдæй Фисынхæхты хъæбысы Дайран,— Иры æмæ Гуырдзыйы хъæбултæ Фембæлдысты уыцы сатæг ран. Адджын пъатæ... арфæтæ... салæмттæ... Дуне — райгонд хурæфсæст сæрдæй. Арауынц бæрзæфцæг æмæ кæмттæ Фæндыр æмæ зурнайы зæлтæй... Хорз æфсин нуазæнтæ æркæны, Цинаен нал уыд зæрдæты быхсæн. Рауадзынц та Иры сау бæгæны, Аназынц та къахетаг сырх сæн. Рахиз цонг, æфсымæр у гуырдзиаг, Нæй йæ уарзт, йæ бæллицтæн кæрон. 50
Йе ’ууæнкæй бæллиццаг у, бæллиццаг, ’ Адæмты ’хсæн рагæй дæр ирон. Зарыиц иумæ, хъазыиц æмæ кафынц, Хъуысы дард къæрццæмдзæгъды уыиæр. Карз тохы дæр алкæддæр фæкалынц Се ’хсаргæрдтæ иухуызоп цæхæр. Фембæлдысты хæхты гуырд цæргæстæ, Иудзинадыл райдыдтой пыхас. Атыхсынц кæрæдзиуыл сæ цæнгтæ Иузæрдыг æфсымæртау æваст. 11 51
) Мохеуæгты бæстæ Гочийы фыдыбæстæ, рæсугъд дæ! Уарзонау ды адджын дæ мæнæн. Схастой хæхтæ арвæмбæрц сæ худтæ, Уыдои сæрмæ — цæргæсты тæхæн. Уарзып æз дæ саг фиййæутты, уарзын,— Уыдонæй цæхæрзæрдæдæр нæй! Ахæм гуырдтæй чн пæ уыдзæн разы,— Зарыиц рæгътыл амондджыи, фæрнæй! Иу æмæ дыууæ хатты сæ сæртæ Уыдон тохты не ’скодтой нывонд Райгуырæн Гуырдзыстопы сæрвæлтау, Истой-иу хæххоны кад бæрзопд. Ыæй зæххыл сæ чызджытæй рæсугъддæр, Худгæ хурау хъæлдзæгæй сæ каст. Ссивгæ сæ куы фенис ды, тæхуды, Бауарзис дзы цалдæры ды раст! §2
Терк Дайрапы дурты ’хсæн кæм хъазы, Турбннтæн кæм фембырд кæны тых, Й’ амондæй уым мохсуаг у разы, Фидæнмæ уым сарæзта йæ ных. Ш *9
Гуырдзааг скъолайы Къухæмдзæгъдæй залы цар нызмæлыд, Адæмæй уым къух бакæнæи нæй. Чи ис уым? Кæй цииæн хауынц арвмæ. Цардбæллон гуырдзиæгтæ фæрнæй?! Уый Къоста — Кавказы хæхты Стъалы Гуырдзиæгты скъоламæ фæзынд. Алчи дæр æм, хурфенæгау, касти, Алчи дæр йæ уыпыпмæ бæллыд. Ирд цæстæпгас... Сау рихи, фæтæн пых, 'Вдисы цæсгом арф хъуыды, йæ мæт, Уыд йæ уæлæ урс цухъхъа, басылыхъхъ, Уыд нæ рнуы адæмы хъысмæт. Райдыдта ныхас кæиын хæларæй, Хæхтæ йæм æрыхъуыстой æваст: — Тагъд уыдзæп пæ рухс бæллиц — | сæрнбар, Атопдзыстæм пе уæнгтæн сæ баст. 9*
Лрв куы нæра, дёпджызтæ куы ’нхъизой, Знаг куы уа цыфæнды карз, уæддæр Адæмтæ æмзæрдæйæ куы сыстой, Уæд сæ тыхæн пикуы ис сæттæн. Хæхтæ скъуииыиц сидзæргæсты ниудмæ, Судзы нын сæ хъарм цæссыг нæ зæхх. Сыстут тохмæ! Не ’знæгты, цæхæрау, Басудздзæни адæмы фыдæх. Гас цæуæд хæлардзинад, рæстдзинад, Кад нæ домбай адæмы тыхæн! — Уæд Къостамæ бауади Хъипиани, Апъа кодта уый фæтæн ныхæн.' Гуырдзы уæд нымдзæгъд кодтоп тыхджындæр, Фестад цард фæскъæвда хурбон уæд. Уыцы бон гуырдзиæгты зæрдæйы Баззад арф хæлардзинады фæд. Ш 55
л Ныр дæр ма æихъæлмæ кæсыи Б а г аты М-сен Нæ упс-бæхтыл уынгты цыппæрвадæй згъордтам, Хнд тæрныхæй калди... Къах дурдзæндыл рыст. Фæндаджы хæдбыл-иу æрбадтыстæм къордæй, Нæ улæфт-иу уагьтам, Ыæ худын-ну хъуыст... Æмæ та-иу ногæй мах уадыстæм дугъы, Гæппытæ-иу кодтам уæд кауы сæрты. Мæ къæцæл-пу хатгай æрхауди мæ къухæй — Æрыгонæп бафтыд мæ зæрдæ мæтыл. Æнхъæлцау бои разылд... Хæст банцад... Мæ фыдæн Уыд йе ’рцыдмæ алкæд мæ бæллиц, мæ каст. Иæ агурæг быдыртыл, хæхтыл | фæцыдтæн, Мæ риуы ыстымбыл мæ катай, мæ хъаст. Уæд иухатт æрцæйцыд хæстон лæг нæ уынгты, 56
Салам нын лæвæрдта, Иæ мидбылты худт. Æвæццæгæн уый у, — кæй уыдтон мæ фынты, Фырцинæй ысхæццæ мæ хъуырмæ мæ уд. Мæ сагъæсты маргъау уæлвонгты æз тахтæн, Æз кастæн йæ фæдыл... Уый сабыргай цыд... Мæхинымæр загътон: «Кæд баздæха махмæ,— Æпæмæнг уыдзæни мæ дарæг, мæ фыд». Æнафопы митау мæ чысыл ныфс атад — Нæ фæкаст «æ къæсмæ фæндаггон салдат. Иæ фæндагыл цадæг бынтондæр куы г , адард... Мæ цæссыг мæ рустыл цæппузыртæн калд. Фæцыдысты азтæ... Мæхæдæг ныр абон Мæ сабиты уæлхъус фыды ном хæссын. Мæ кæддæры мæтæй мæн не ’ндавы амонд: Мæ фыды æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсын1 ® 67
Саакадзейы фæдзæхШ М æ рапгуырæн бæстæн мæ зæрдæ тæлфыд. Мæ бон мыл фыдгæндæй, фыдæхæй æфтыд: Мæ фыдæлты зæххы рæсугъддæр нывæн Уыд алкæд мæ сагъæс, мæ бæллнц мæнæн. Мæ райгуырæп хæхтæн — сæ бæрны мæ цард. Мæ райгуырæн бæстæн æз бахордтон ард. Сæ уарзт мын æдзухдæр — хæстон хотых, уарг. Æлвæстæй æз хастон мæ къухы , ’ мæ кард. 1 Мæ хъæбул Пааты куыд уарзтон уæд æз! Уый тохы нывондæн куы ’рхастон уæд æз. 58
Ныгуылгæ цыдысты мæ хуры тынтæ. Мæ зынтыл æфтыди сæдæгай зынтæ. Мæ тæрныхмæ касти фыдгулы нæмыг. Ыæхионтæй иутæн мæ кой уыди хъыг. Мæ домбгй зæрдæйæ нæ зыдтон хæрам. Рæстдзинадыл дардтон æдзухдæр мæ арм. Æнæбары Туркмæ æрцыди мæ балц. Кæйдæр зæххыл ме ’нцой — мæ кард æмæ арц. Нæ адæмы тухн мæм ардæм дæр хъуыст. Уыдис мæ гъеуæддæр нæ фидæнæй ныфс. О ме ’фсымæр, ме ’мбал, мæ хæстои хæлар. Мæнæп у, зон, ацы егъау сы1 лæвар. Мæ туджы хъæстæйæ æрцыдис æлхæд, У ме ’хсардзинадæн уый тохы лæвæрд. 1 Георги Саакадзейæн йæ хъæбатырдзинады тых- хæй цы сызгъæринæфтыд сыкъа балæвар кодтой æцæгæлон бæсты, уый ма абон дæр ис Гуырдзы- стоны. 09
Нæ рухстау Тамары æрдхæрæн зæххæн Хъæбыс каэнын не ’сси мæ фадат мæнæн. 0 ме ’фсымæр, ме ’мбал, ды фест-иу цæргæс, 0? ацы егъау сы ды уырдæм фæхæсс. Къахетаг сырх сæнæй уый недзаг куыд уа. Уадз, хæхтыл мæ номæй уый знлгæ цæуа!.. Ш $0
Хæрзбон, хæхтæ! (П о э м æ) Тесселы герой Георги Рехвиа- шоили æмсе йе ’мбæлтптæн. I Логоры бæрзонд ’цъуппыл цæргæс æрбадти, Иæ аууонæй фестъæлфт дзæбидырты дзуг. Цæф сæгуыт кæдæмдæр фырадæргæй уади,— Сæрсæфæны тнгъыл ныппырхи йæ туг. Æхсæрдзæн лæбуры æтомыг къæдзæхтæм, Йæ урс фынк фæйнæрдæм нырхгæшгæ кæлы. Бæ фæхæццæ сæгуыт æвдадзы æртæхтæм, Мæгуьгрæг, æрхауди, къæйдуртыл мæлы. Æхсæрдзæн, тызмæг дон Рионийæн радзур, Дæ къуывдæг цæуæнты цы бавзæрстай ды, 61
Ныттыхс ыл дæ хойау, йæ зарæг ын ракур, Зæгъ-иу ьш: æнусмæ дæу йемæ фæнды. Чнорæ — нæ былгæрои, хуры бæстæйау, Йæ райдзаст хæдзæрттæ — хæххон лæджы цин. Ам уазæгæн дзаджджын фынг саразы ’фсин. Ам къахф,æндаг схызти бæрзонд рындзмæ стайау. Æртæхы чызджы уарзтау уддзæф уæлхохæй, Сæрвæты сырх дидин куыд нæ уа. æнкъард, Н,æ сабиты хъахъхъæнут, хæхтæ, фыдохæй, Уадз зæлæд æдзухдæр нæ сабиты зард. Гоги сæ ф’æхоны экскурсийы дардмæ, Кæм исынд сæ хихтыл цъæх нæзытæ арв. Уым уæнгуытæ рахизынц аргъæуттæй цардмæ, -Уым уæйгуыты амбæхсы пвгъуыды тарф.
Уæд хъæуыл Мзекала фæдисхъæр ныккæны: — 0, хъаймæты сау азар! Райдыдта хæст!.. Фыдгул нын нæ фæндтæ цæрдудæй ныгæны, Мæлæтмæ цæттæ стæм,— цытимæ æрмæст! Æрра куитау хæхтæм лæбурынц фашисттæ, Мæтыхтау нæ бæстæйы сæрмæ тæхынц. Адзалы хæцæнгарз нæ адæммæ систой, Лæг чи у — тагъд фезмæл! Фæдисмæ фæтындз! Ныррызтысты хæхтæ тæссаг уацæй. Зæрдæ Цæф сæгуытау фестъæлфт, æгæрон — . йæ маст. Кæстæртæм фæдзырдтой сæдаздзыд зæрæдтæ: «Уæ сыгъдæг фæндагсар — сæ фæндæгтæ раст, Цæугæут æмæ нæм æрхæссут уæлахиз, Фыдыбæсты номыл куыд хорз у мæлыи. О бæсты фарн! Адæмы сау рынæй бахиз. 63
0 бæсты фарн! Ма уадз нæ мæсыг кæлын!» Сæ ахуыргæнæджы ныхæстæм фæстаг хатт Сывæллæттæ скъолайы сабыр хъуыстой: «Æрцыди лæгдзинад æвдисыны сахат,— Уæ фидæны бонтæ æнæмигъ куыд уой». * * # Хæрзбон ут, мæ хæхтæ! Мæ райгуырæн хæхтæ, Хæрзбон у, хъæубæстæ— мæ сæнтты тæмæн. Кæд тугцæссыг калой сымахыл æврæгътæ,— Дыууæ хатты амæлын бахъæудзæн мæн. Æнкъардæй мын ма зар мæ дард балцыл, уадымс, Кæйдæр къæхтæй ма тæрс, мæ фыдæлты зæхх, Мæ зæрдæ! Кæуындзаст æрхæндæгæй ма дымс, О ма фæзын цæсты тъыфылтыл, æртæх.
Æрмæстдæр егъау маст мæ риуы æхсидæд, Æрмæстдæр егъау уарзт мæ риуы цæрæд, Æмæ мæм мæрдтæм дæр фæстаг тохмæ сидæд, Мæ сæрмæ уæлахнзы зардау нæрæд! Мæ саби дуг баззад нæ хæхты % хъæбысы, Уый тавта нæ фиййæутты артмæ йæхи. Мæ зæрдæ цы домы, мæ зæрдæ цы мысы, Кæд искуы уый сабитæн уддзæф зæгъид. Кæцæйдæр-ну булæмаргъ сабыр æхсæвты Куыд зарыд къуыззиттæй æпахуыр фынтыл, Акакийы диссаджы чингуыты сыфты Ныттыхсти фьгдæлты кад хуры тынтыл. Нæ хæхтæ! Зæгъут-ма, куыд бамбæхсон абон Хъæбулау сымахмæ мæ уарзондзинад? Нæ урссæр къаздзæхтæ! Куы /нал фенат амонд, Уæд зонут: дзæгъæлы ныййардта мæн маД. 5 Кæм дæ агуроп 65
Хæрзбон ут, мæ хæхтæ! Мæ райгуырæн хæхтæ, Хæрзбон у, хъæубæстæ,— мæ сæнтты тæмæн, Кæд тугцæссыг калой сымахыл æврæгътæ,— Дыууæ хатты амæльгн бахъæудзæн мæн. II Ыссыгъди та боныцъæх арвыл æнкъардæй. Уæззаудæр нæй мады цæссыгæй зæххыл, Фыццагдæр хатт хохаг куы сбадти бæхыл, Гъеуæдæй фæстæмæ йæ лæгдзинад цардæй Нæ фæхицæн, никуы. Фыдгулмæ йæхи Нæ ратдзæн цагъарæй нæ <ратдзæн ’ уацарæй. Лæджы кадæй тохы дæ хæстæ куы барай, Дæ уæнгты уæд, зон æй, æгæрон тых и. Иæ хъæбулы ’рвнты Чиорæ зын балцы,
П,æ хæхтæ йын радтой æнæхуысгæ ныфс. Хъæубæсты зæрдæйæн куыд зынаргъ у алцы! Ныккæны йын уддзæф фæстаджы хъæбыс... Æрцыди тæссаг рын нæ уарзон бæстæмæ, Лæбуры Мæскуымæ æиæхатыр сырд. Нæрыди зæрдæты «æ партийы дзырд: «Хъæбатыр хæстоптæ! Цæуæн нæй фæстæмæ!» «Атакæ!»— фæцыдп Гогпйæп йæ хъæр, Зæхх фестъæлфт хæстонты хъæлæсты æмнæрдæй, Нæ мадæлты хъарæг, мæ сабиты ’фхæрдæй Лæджы хъару кодта дывæр. Æбуалгъ хæст фæйлауы, ’ уьгнæргъы, æмбухы, Зæхх судзы, зæхх туджы лæсæнтæй ысмал. Хъæд удисæг фæздæг йæ хъæбысы тухы, Ам барджынæй зилы æвирхъау адзал. 67
Гогийы цæстытыл æвиппайды ’рхауди Æнæхъæн арв сауæй^ тæссаг уаргъау раст. Фæдисы йæм хæхтæй фæлмæн уддзæф уади, Иæ цæстыл ма ауад æхсæрдзæнты хъазт. Йæ хъустыл ма ауади сабиты зарæг... Уæйгуытау нæзытæ цъæх арвмæ кæсынц. Уьш чи у? Уый чи у? Кæдæм тæхы барæг? / Æмтьерыйæ мигьтæ кæдæмдæр лæсынц... Стæй дуне Гогпйыл æхсæвау ныттари Мæрдырохы бæстæ... æнæфын мæйдар... Дæлгоммæ хуыссыди йæ туджы цæф уари, Ыыссалди хъызт зымæджы миты йæ буар. Гуырдзиаг фæзæгъы: æфсымæрдзинадæн У раздахын мæрдтæй æмбалы йæ бон- Æфсымæрдзинадæн тыхджын у нæ адæм... Гогимæ фæзынди хъæбатыр ирон.
Фæхæссы йæ йе ’ккой... Фæхæссы... О, <рæлæ... Ныууасы кæцæйдæр фыдбылызы уыг. Фашистты '«рданг хъæдæй æрбазынди дæлæ, Ирон зæрдæ скъахта фыдгулы нæмыг. Æрчъицы Гоги дæр... Иæ æмбалы риуыл Æрхауди йæ русæй йæ судзгæ цæссыг.., Уад бирæгъты балау тæссаг хъæды ниуы, Уад йемæ мæлæтдзаг фæлдзæгъдæн хæссы. Фæтæхдзæни сау хабар сау сынтау хæхтæм, Уым саударæг судзгæ цæссыгтæй кæудзæн. Ирон чызг ын иухатт йæ фæндон нæ загъта, Ныр афтнд ингæнмæ æрвылбон цæудзæн. О чи сдзæбæх кæндзæн йæ зæрдæйы ристæ? Гуырдзиаг лæг ироныл тымыгъы кæуы... Уæзласæнмæ ’ппарынц Гогийы фашнсттæ Фæласынц æй дардмæ... Уыджы уаст цæуы.. 69
III Тилзиты мæрдон лагерь. Тугуарæн бонтæ... Уацайрæгты хънзæмар... Судзгæ фыдæх... Знаг судзы сырхзынг арцæй удтæ, фæсонтæ, Йæ уæлæ нæ уромы стæгдарты зæхх. Ирон лæг, уырыссаг, гуырдзиаг, украинаг — Зындоны сæ дну кодта иу хъысмæт ам. Сæ зæрдæты нал баззад мисхал дæр цинаг, Сæ упдаг сын скъуыны фыдгулы хæрам. Фæлæ сын пæй басæттæи! Зонынц: ис разæи Сæ бæллпц — уæлахиз, æнæфыдæх цард... Иæ зонгуытыл чи ’рлæууа мардæй, æгасæй — Уыдзæни, уыдзæпи мыггагмæ æгад! — Нæ сæрмæ æбуалгъ мæлæт сау сынтау знлы, Æмбæлттæ... Мах фервæзьш кæндзæн нæ тох —
Йæ сусæг фæэд дзуры лымд Цамалашвили,— Æмбæлттæ! Уæ нысан уæ ма кæнæд рох. Пыффæнд кодтои иумæ нпцисттæм ныббырсын, Куы схуда сæуæхсид скæсæнæй, уæд. — Иæ сæрмæ уæ мачи æрхæссæд фæтæрсын, Æмбæлттæ! Фыдвæдæй хуыздæр у æва^д! Иæ рызтæй, йæ сау хъыгæй зæрдæ куы дуда, Уæд тохы мæлæтæн нæ фæтæрсы лæг... Фæлæ уыди се ’хсæн æнамонд Иудæ, Куывта уыи фашнсттæн йæ сæрæй ныллæг. Пыууæй кодта ахстыты сусæг фæнд знагæи... Æрæнцади ишугæ æнамонд æхсæв Хъæбатыр уацайрæгты буарыл мæрддзагæн,— Æрурæдта фидар зæрдæты æмцæф. Ахст Цамалашвили — æвзыгъд капитаны Æркодтой сæдæаздзыд тулдзы бынмæ. 71
Йæхи зын хæстонмæ нæ вæййы нымады, КуьГ кæса дзыллæты зынмæ. Иæ цурæй тæрхъусау уæигæнæг куы лидзы, Йæ маст ыл скалдта йæ æлгъыст — дзырдæй!» «Мæнгард Шарашидзе! Тæппуд Шарашидзе, Цæмæн дæ ныййардта гуырдзиаг мад фыртæн?! Уæлзæххæн-дæлдзæхæй дæу исчи куы ссара, Дæ цардраттæг авдæн æлгъитдзæни уæд.— , Æруагътой сæ сæртæ Тетлуида1 мæ’ Шхара2— Дæ сау ном æнусмæ дæр фидиссаг уæд!..» Кæронмæ нæ фæци йæ пыхас хъæбатыр, Æрхауди фашистты .нæмыгæй æваст. О хæхтæ! Уæ фыртыл æнусон хур батар, Ингæнмæ фæхаста иæ зæрдæйы маст. ’ Тетлунда, Шхара2—хæхты нæмттæ Ныгуылæн Гуырдзыны. 72
, Æвæццæгæн, бафтыд иæ сагъæс æврæгътыл: Кæдæмдæр фæкæсыпц, фæмысынц цыдæр... О хæхтæ! Уæ цæссыг уæ айнæг къæдзæхтыл Æнæфæугæ рисау нæ бахус ныр дæр. IV Цъæх сакъадах Тессель1 уынæргъы, кæуы... Ам Картлийы сахъ фыртты удхарæй марынц, Сæ хурхмæ сын знæгтæ адзалы ■кард дарынц, Ам лагерæй удты фæстаг хъæрзт цæуы. Хæстонты риу удхапраг сагъæс рæмудзы, Куыд сæ фæнды тохы быдыры мæлын! Фæлæ сыи сæ зæрдæтæ уацар, мæт оудзы... Æрцæуинаг боптæм кæй бон у бæллын, Гъеуымæн нæ амæлдзæн рухс ныфс йæ риуы, Мæлæты цырæгътæ мыххуыссын кæндзæн. 1 Тессель — сакъадах Голланднйы. 73
Сыпдзтелæхгæд лагеры емынæ ниуы, Иæхимидæг баруад йæ фидыц æрдзæн... О диссагГ Æрбацæуьшц царм æмæ стджытæ, Лæджы хуызæн иал у, йæ цæстытæ къахт, Йæ хæдоны скъуыдтæй йæ мæллæг фæрсчытæ Фæзынынц, йæ ныхæй йæ туджы пырх тагъд. Куыд лæууы йæ къæхтыл? ■ Цы тых ыл ысхæцы! Цы бæллиц ма баззад йæ зæрдæпы, цы? Уый тохы фашисттимæ стайау куы хæцыд, Ныр мæпæ дывыдон зындоны фыцы. \ Уæд Райгуыраан бæстæн æнæ мигъ йæ фидæн,— Æндæр сагъæс ацы хъæбатырмæ нæй. Р1æ бæрзоид хæс ам дæр кæронмæ куы фиды, Нæ фæтарст фыдгулы æвирхъау фыдæй: , — Æрдз æмæ дзыллæтæй, лæгхортæ, цы давтат Уый маргау фæуыдзæн уæ фарсæй. 74
Та&рсут!— " Нæ фæци йæ ныхас. Фашист æй ныццавта, Æрхаудн... Бæгъатырау снста йæ уд. / * * * Фæтæрынц фашнсттæ уацайраг Гуырдзиæгты, Мæлæтау сæм дарынц хæцæнгæрзты дзых. О хæхтæ, уæ хъæбулты зæрдæйы тæгты, Куыд бауагътат ахæм æнæсæгтæ тых.' Раст стæгдартау ахсг адæм фæндæгтыл хнлынц, Кæй боп у, ’кæй бон у сæ зынмæ . кæсынг’! Сæ хæдсæрмæ сынтытæ холы’ ’нхъæл зилынц, Фыдгултæ лæмæгъдæрты топпæй æхсынц... Уæд пу ахст лæгъстæгæнгæ дзуры фашистмæ. — Мæп т’чысыл бауадз æрулæфын ам. 75
Фргщ бахудт... «Æрулæф;— йæ дамбаца систа,— Мæ хотых дын ратдзæнн аккаг салам!» Æвирхъау гæрæхтæ... Æнамонд æрхауди Фæцыди фæстаг хъæр: «0 тугхор сырдтæ!..» Фашистты цæстытыл мæлæты бон уади, Фæстейæ сæ дзыллæты тæрхон сырдта.~ Фæндæгтæ... æнамонд фæндæгтæ дзыназынц, Рыст адæмы къахвæдтæй стæппæлттæ зæхх. Фыдæлты зæхх дард у, ис разæй та сау рыпдз, Рыгимæ ысхæццæ сæ туджы æртæх. Гогимæ æвиппайды сусæгæй ’рбауад Æрыгон сылгоймаг, дæтты йын къæбæр. Æмæ та гуырдзиаджы цæстытыл ауад Иæ зæронд ныййарæг, фыдæлты къæсæр. Фæлæ йæ лæгмарæг æрбауыдта дардæн. Голлаидиаг зæххæн йæ сусæг лæвар —
Йæ раттæджы мæрдтæм куы барвыста цардæй,— Йæ хур ыл æнусмæ ныттар. Уацайрæгты риуы егъау маст æхсиды, 0 тугисты амонд! Цы фæдæ, кæм дæР Йæ фырттæм фыдыбæстæ ног тохтæм сиды, Мæлынмæ хъæбатыр цæргæстæ — цæттæ. * * * Тæссаг сахат райхъуыст Шалвайæн йæ хъæлæс: — Æмбæлттæ! Нæй махæн æиæ ныфс цæрæн, Цы кæнгæ у дарддæр, цы домы нæ фæрæз? Нæ хæцæнгарз райсæм хъуыддаджы — сæрæн! Нæхи хæргæ пугай зындоны куы мæлæм, Уæд адæмы худинаг баййафдзæн мах. Хæдбармæ æрмæстдæр нæ сæнтты куы бæллæм, Уæд уымæй нæ ньгккæлдзæн знæгты гæнах. 77
Мах иу уавæр сбаста æгъатыр рæхыстæй, Нæ иудзинад фестдзæн хъысмæтæй у уæлдæр. Цæйнæфæлтау искуы фæцæрæм æлгъыстæй, Сæдæ хатты амæлын тохы — хуыздæр. Æнæ тохæй зæрдæ куырм лæгау нæ ары, Йæ рæсугъд нысанмæ нæ рæсугъд фæндаг. Æнæтохæй адæймаг баззайы тары, Æгъатыр пъæззы йын ныссæтты йæ уаг... Фæллад адæм хъусынц Шалвайы пыхæстæм. Сæ зæрдæ сæм дзуры: нæма фæци цард. Сæ хъуыдытæ атæхынц райгуырæн бæстæм, Сæ риуты ссудзы фæстаг тохы арт. . Æвзыгъд Гужабидзе йæ бæстагмæ дзуры: — Хæрын дын, мæ хæлар, нæ урс хæхтæй ард. Иæ кæрддзæмы никуы уыдзæни мæ кард, Мах цалыимæ фепæм уæлахизы хуры.
— Иæ нысан хæстæг у, мæ хæлæрттæ! — загъта Иæ хæстон æмбæлттæн Шалва,— Кæсынц нæм æнхъæлмæ нæ райгуырæн хæхтæ,— Уадз зæрдæты алкæд егъау ныфс тæлфа. Мах Гитлер йæ хинæй æлхæнынмæ хъавы, Мах Лондонмæ аппардзæп стигъынмæ тагъд. Ау, цардхæссæг хур нæ гъе уый тыххæй тавы, Цæмæй ньш фыдгæнды ныппара нæ кад^ Нæ, никуы! Æмцæдисон ’фсæдтæн сæ ныхмæ Мах искуы куы сисæм нæ кьух, Уæд уыйфæстæ хойраг куы схæссæм •нæ’ дзыхмæ — Сыгъдæг марг нын фестæд! Къæрцхъус ут æдзух! V Æлгъыст æмæ саугуырм æхсæвы хъуырдухæн... 79
Кæйдæр буар та судзынц нацисттæ зынгæй. Ис асæттæн стджытæ, нс бæрзæнтæ здухæн, Зæрдæйæн та басæттæн нæй. Мæйдары ныгъуылынц Тесселы быдыртæ, Ныссабыр фашистты хæстон гарнизон. Уацайрæгты удтыл — æфсæйнаг гуыдыртæ, Сæ рафтауын ахсæв кæй бон у, кæй бон? Гуырдзиаджы зæрдæ егъау маст рæмудзы, Бæллиццаг мипутмæ æнхъæлмæ кæсы. Г1æ цæстыты арфы ныфсы цæхæр судзы. «Цæттæ стут?»— æмбæлтты фæстаг хатт фаэрсы. Æвиппайды арвмæ фæтахти ракетæ, Ныррызти Голландийы тугахуырст зæхх! Фæйлаугæ цъæх денджыз йæ былгæрон федта: Йæ фæстæгтыл слæууыд фæдисоны бæх. Стæй фестади бæстæ тæссаг хъæрахст тары
Æхсынц пулеметтæй... гранаттæй хæцынц... Æгас лагерь сыстад... æнæсцухæй уары Зды къæвда зæххыл. 1 Фашнсттæ мæлынц. 1 Æндонфндар Гоги хъалагъуры риуы Ныссагъта йæ фæринк кард фистоны онг, Мæйдары рыст зæрдæты судзгæ маст сюу и, Уæззау тохы ’змæлды зæронд дæр ысног. Хъайтар Гоги баппары штабмæ гранатæ, Уæларвмæ фæтахти фашисттæн сæ рыг. Шалва йæм фæхудти: цы мад дæ ныййардта, " Уый ма фенæд а зæххыл хъыг! Мæлæтдзаг тох самадтой ахст адæм. Зæрдæ Уæлахизы монцæй цыренкалгæ сыгъд. Фæйлаугæ цъæх денджыз — лæджы ныфсы зæйтæ, Йæ мæлæты тасæй æлгъаг фыдгул лыгъд. 6 Кæм дæ агурон 81
Хæстонтæ ныппырх кодтой знагæн йæ фидар, Сæхи туджы кодтой фашисттæ хуыдуг. Уæлахизæн: Ваша!— ныхъхъæр кодта ^ ! чидæр, Æрцыди бæллиццаг сæрибары дуг! Сырх тырыса Тесселы сæрмæ фæйлауы, Ысулæфыд рнуы дзаг дзыллæ æваст. Æфхæрд сакъадахыл зæрии хур ыскаст, Йæ тынтæ йыл, хоры мыггæгтау, куы тауы. VI Æрнзæр и. Сау мигътæ зæххыл лæсынц, Адзалы тымыгъæй цъæх арвы риу ссаутæ. Хæстонтæ мæлæты’ цæстытæм кæсыпц, Сæ удтыл æнцайыпц æвирхъаудæр цаутæл О, астсæдæ стайæн сæ .кады кой цыд, Фашисттæп сæ ундæгтæ скьуыдтой цъæх арты, Сæхицæп хъæбатыр тох равзæр’стой царды, Зыдтоп, цну хæстопы æпæмæлгæ цыт,
Лоладзе — æвзонг капитан — уæд фæдзырдта Гогимæ: «О, хъус-ма, æфсымæр, дæуæн Нæй ацы тæссаг сахат афтæ лæууæн,— Куы ныи байсой лскуы нæ тырыса сырдтæ, Уæд фесæфт «æ иамыс фыдыбæсты раз. Иæ зонгуытыл никуы æрлæудзæн хъæбатыр, Фыдгулæй нæ курдзæн мæлæты цур / хатыр... Дæ зыи балцы демæ æндæрты дæр райс: Давид Гавашели æмæ Мачаидзе, Дæхæдæг сæ зоныс, куыд ысты, цы сты, Сæ цурæй фыдызнаг* мæрдхъусау фæлидзы... У стайау æвзыгъд Каркашадзе хæсты. Гъеуыдон райс демæ фæндаггон æмбалæн, Ды Англисмæ ахæсс, æргъомау, нæ мæт. Нæ туг мах фыдыбæсты амондыл^ калæм, Æмæ нын нæ’ иысан нæ байсдзæн’ мæлæт. 83
Дæуæи æз фæкодтон мæ зæрдæйы сагъæс, Куыд вæййы, цы вæййы .. куы нал фенæм мах, Мæ фæстаг салам уæд нæ хæхбæстæм ахæсс, Мæ ныййарæг мадæн фæстаг хæрзбон зæгъ. Фæндараст, рсæлæрттæ, фæндараст, æмгæрттæ, Уæ риуы уадз царды егъау тых тæлфа, Уадз адæмы амондæн судза уæ зæрдæ!»— Гъе афтæ куы зæгъы Гогийæи Шалва. , Хæстонтæ кæрæдзиуыл хотау ныттыхсынц, Сæ цæстыты хаутыл цæстысыджы фæд... Хъæбатыр цæрлæстæ сæхиуыл .нæ тыхсынц, Сæ райгуырæн бæстæ —сæ катай, сæ мæт. VII Нау денджызы рагъыл, фæндаггæнгæ, уайы, Хъус ахсы рæстæггай йæ моторы хъæр.
Йæ ’фæстæ цъæх .быдыр фæйлыд хуымау зайы, Æвирхъау былгæрон ныр баззад кæмдæр... Цыннар сахъ лæппуйы æхсæиæй уа,ч бонæй Зæрдæтæ æвæрыпц кæрæдзийæн, иыфс... Тæхуды, о, форвæз лæгсафæн зындонæй, Тæхуды, сæрибар быдырты хъæбыс! Фæлæ сыл тыхджын уад æиæихъæлгæ рацыд, Æхсныфау сьш фехсы хæппулты сæ нау. Лама.ншы допкъубал йæ кæрон сæ балцæн О, ма суæд, о, ма суæд... табу дын, хуыцау.- Дзæгъæл сæфт кæьдзысты сæ сагъæс, сæ фæндтæ, Сæ фыдæлты зæххæй уьщзысты бынцух. Нау исьшц сæ уæлных аагъатыр уылæнтæ, Сæ кæрæдзи уæлæ куы самайынц дугъ. Адзал сæм лæбурдта æхсæвæй уа, бонæй... 85
Фæстагмæ ныхъхъус и æвирхъау тымыгъ... Фыдæнхъæл та фесты: тыгъд арвы кæронæй Æрбатæхы «Мессер», хæссы сæм йæ ных... Хæссы сæм йæ сау риу, æрбазылд сæ сæрты, Ыыккаддта сыл нхау мæлæтхæсс ызды. Æмбæхсгæ фæкуыси бæзджын мигъты ’хсæнты, Æмæ та сæм ногæй æрбацыд хæсты. Г1æ «æмгуытæ суадысты доныл, пырхгæнгæ Нау мндбынат базмæлы, иуварс фæкъул. Фæзылди фæстæмæ, фæднсы хъæргæнгæ, Цæсткъахæг халонау, лæбурæг фыдгул. Ысдардтон æхсæнад «Сырх Дзуары» тырыса Мачаидзе йе ’мбæлттæм ногæй æрхатт: — Ныззарæм, æмбæлттæ! «Лале, лале» хъуыса Ламаншы фæтæнты зынбоны сахат!
Æрбатахти ногæй ызнаджы хæдтæхæг. Хъæбатырты ’зарæг æрбаскъуыд æваст... Йæ нæмгуытæ згъалы уæлвонгæй фыдгæнæг, Фæхуынкъ кодтой науæн æнæнхъæл йæ фарс... Дон мндæмæ бакалд, куы фестад цыхцырæг, Раст къобаг суарау куы кæны сыр-сыр... Давид дурын окъæфы, æрытон Оæгуылæг Æддæмæ дон калын уый байдыдта ныр. Ыскатай и лæппу... Дон бакалди ногæй Уыд иауæн, æиæмæнг, фæдæлдопæп тас. Цæстыфæныкъуылдмæ хуыпкъ ахгæдта Гогп, Зæгæлтæй ныл ахуыдта зесты гæбаз. Фæцæуы та катер, цъæх денджызы дарддæр Йæ рнуæй фæнпæрдæм уылæитæ гæрдгæ. Сæ худын та райхъуыст, .ныннæрыд сæ за’рд дæр, Кæрæдзнйæнч цинæн хъæбыстæгæигæ. Ламаншы донкъубал уынæргъыд йæ мæстæй, $7
Дæрддзæфæй æрттывта рæсугъд . Ьонвæрнон. Æрбазьшди Лоодан тæнæг мигъы ’мбæрзтæй, Фыдæхсæв æрбатар, æрб’арухс, æрбои. Æнхъæлдтой, бæллиццаг уыдзæни сæ фембæлд, Зæрдæ сын æвæрдтой фæсденджыз бæргæ: — Хæлары воххуыс уын фæуыдзыстæм — немæ Куы баззайат дарддæр нæ зæххыл цæргæ. Æхцайæ, хæдзарæй — æппæт дæр, цы хъæуы... — Нæ фысым, дæ фæндон — бынтондæр дзæгъæл: Къуары тызмæг дон сыдзмыдзы нæ цæуы... Гадзрахатцæуджытæ сты махæн уæнгæл. Тамары бæстæйæн, Шотайы къæдзæхтæн, Æхцайыл уæйгæнæн, куынпæ ’мбарут, нæй! $9
Фæлтау мах быхсдзыстæм цыфæнды бæллæхтæн, Фæлтау ныл нæ бонтæ фæхæтæнт фыдæй. Ныууагьтам дард Тесселы бирæ æмбæлттæ, Кæсынц нæм æнхъæлмæ, хъæуы сып æххуыс. 0? уыцы æлгъыст ран сæ тугæй ысмалтæ, Гъеуæддæр нæ басаст зындоны сæ (Ныфс. Нæ хъæуы мах уе ’хца, хæлардзинад махæн — Цыфæнды хæзнайæ зынаргъдæр, хуыздæр. Кæрæдзи зæрдæтæ цæмæн хъæуы къахьш,— Æгады цъыфдзастмæ иæ уадзæм нæ сæр!-^~ Гъе, афтæ сæм Гоги мæстыгæрæй дзуры, .Гъестæй сæм йæ чъылдым фæзылдта æваст. Уым лондойнаг булкъоп æрлæууыд сæ цуры, /Емæ сæм гуырысхогæнгæиæ нымдзаст; 89
VIII Æхгæд дуæрттæ дарынц нæ лидзæг æмбæлттыл, ’Хъалагъуртæ зильгац сæ алы фæрсты. О, уыдонæй алчи у разы мæлæтыл Раст ацы æнæрай бынаты бæсты. — Фыдæнхъæл куы фестæм...— дзырдтон уын æз раздæр,— Æцæгæлон бæсты æгъдынцой кæм ис?.. Фæндæгтыл мах федтам’ фыдбылыз дæр, тас дæр, Фæлæ мыл нæ фысымтæ бафтыдтон дис. — Æмбарæм дæ, Гоги, зæгъыс та рæстытæ. Нæ бирæ фыдæбон æгæр у, æгæр. — Цæй, ферох уал кæпут уæ судзгæ мæстытæ, Ыссардзыстæм првæзт фæстагмæ уæддæр. Нæ уыдыстæм тохы мах никæд тæппудтæ, Лæмæгъ гуырд фæвæййы фылдæр хатт æвæд. 90
Уыдзьтсты сæрибяр нæ хæстдомд лæппутæ, Кæд Черчнллы æххуыс фæхæццæ уа, уæд. - Хъæуы нæ ныббыхсын, æз дарын, мæ зæрдæ — Зæрдæйæ уыдысты фыдæлтæ хъайтар. Мах ничи ыскæндзæн йæ дæлбар, æмгæрттæ, Мах ничи ыскæндзæн цæрдудæй цагъар!— Фæци та йæ иыхас хæххон лæипу — рацъон, Йæ мидбынат иуран нæ кæныГ æнцой. Фыдгултæм йæ рохтæ уæлæуыл нæ ратдзæн, Æлгъы хос ьш уаид мæрдты дæр сæ кой. IX Æрлæууыди уалдзæг. Хъуынайæдзаг дуæрттæн Сæууон хуры рухсмæ сæ халас æртад. Кæс, хъалагъур æхстытæм бацыди, ’ уæртæ, Ныхасгæнгæ семæ, хæрзæввахс æрбадт: 91.
— Зæгъут-ма, цы ран и уæ фыдæлты къона, Цы адæмы хаттæй, цы бæстæйæ стут? Кæсут мæм кавказаг цæхæрцæст хæххонтау, Фæлæ ыын гъеуæддæр бæлвырдæй зæгъут. — Гуырдзиæгтæ. Дзур нын, дæхæдæг та чи дæ? Цæуылдæр фæкæныс, мах хатæм, æнкъард, Фыдтæгæиæг махæн куынæ сты нæ митæ... — Æз — польшæйаг. Ласта тыхы дон мæн дард. — Цы хуызы æрхаудтал ды уырдыгæй ардæмг’ Æнæ Фыдыбæстæ куыд фæразыс, зæгъ? Ызнагæн Варшавæ æнцонæн куыд радтай.'1 Куыд ныууагътай афтæ æнцонæй дæ зæхх?.. — Æз ралыгъдтæн знагæй, мæ цыппæртыл хилгæ, Зындоны фыдудхар æвирхъау зынтæй. 92
Мæ ауыпдзæн баззад, йæ сау бæндæн тилгæ... Цыппар азы рацыд, мæ хуртæ, уæдæй... Мæ рахау-бахауæн нæ ардтоп кæрон дæр, Æцæгæлон бæсты та амонд кæм уыд/ Цæссыгкалгæ мысын æхсæв дæр, æз бон дæр, Мæ ныййарæг зæххы фыдæбон, рæвдыд. Æмбæлттæ, уæ бæллиц, уæ сагъæс æмбарын, Уæ фыдæлты бæстыл æдзухдæр — уæ мæт. Фæнды мæ сымахимæ м’амонд ыссарын, Кæнæ та ыссарьш фæстаг бон *мæлæт. — Нæ базынд фæхорз уæд, ой, курæм дæ:, ахæсс Нæ минæварадмæ æхсызгон ныстуан. Уым фронты хабæрттæй лæмбынæгдæр бафæрс, Стæй ацы пакет сæм ныууадздзынæ, Ян. Нæ хæлардзинад-иу ысуадзæд цъæ^х тала... Æнусмæ дæр де ’ххуыс нæ зæрдыл лæудзæн. 93
Сом тохы бон зæххæн йæ сау рЫг куы скала, Нæ иумæйаг знагыл уæд саубон кæндзæн... Лоладзе нæ раздзæуæг, алкæд æнхъæлмæ Нæ фæзыпдмæ дардæй æнхъæлмæ кæсы. Уым, Тесселы, абухынц мигътæ йæ сæрмæ, Уым дымгæ æфсæйнаг сæлфынæг хæссы. * * * Фæивгъуыдта се ’мгъуыд... «Цы мып кæпы Яи та, 'Нæ хъуыддагыл кусы} йе асайдта мах?»— Лæппуты зæрдæтæм гуырысхо ныххаудта, Ыскъуийгæ фæцæуы сæ ныфсы æндах. Гæр, дзæгъæлы рауади уыйбæрц фыдæбон, Гæр, ахстæй сыл згъордзæн сæ зынаргъ рæстæп’ 94
Гæр, фурды гуылфæиы сæ рухс хур фæдæлдои? Гæр, нал сæм æрхиздзæн сæ амонд хæстæг:' Æрынкъард и Гогн...' йæ хъуыдыты атахт Йæ зынаргъ æмбæлттæм... Уыны сын сæ зын, Йæ цæстытыл ахъазы туджы сакъадах, Иæ хъустæ æрцахсынц уынæргъын, ( хъæрзын. Нæ, Гоги, дæ удæн уæлдай тухи ма кæн, Зæгъ: л’охы æмбæлттæ, хъæддыхдæр лæуут! Æнаэнхъæлгæ мæнæ сæ уæззау дуар байгом, Æрбахызти минæвар, мндбылты худт... Фæкодта хъæбыстæ кавказæгтæп радгай, Æруагъта-иу уæхскыл йæ къухтæ фæлмæн. Хæствæллад лæппутæн æрбайсæфт сæ катай, Сæ цæсгæмттæ фырцинæй калдтой тæмæн. 9д
Уырыссаг лæджы уындаей барухси зæрдæ, Фæдæлдзæх гуырысхо, æрбайсæфти тас. Фæндагыл цæугæйæ сын кодта хабæрттæ, Гъестæй уæд куы загъта йæ сусæг ныхас: — Уæ хъуыддаг æмбæхстой бритайнаг гæдытæ,# Пæ мын æй хъæр кодтои æрæджыйы онг... — Мах — бузныг, ды афоныл махмæ фæзындтæ, Цыфæнды хæомæ дæр — мах фестынæввонг. Сæ хъару сæхимæ æрыздæхт ^ хæстонтæн, Цин сисы йæ базыртыл арвмæ лæджы. — Нымад ысты энагæн йæ рæстæг, йæ бонтæ, Иæ сау ингæн Гитлер уындзæни рæхджы. Æз домдзынæн: Черчилль æфсæдтæ куыд ратта, Стæп Тсссельмæ тагъддæр фæцæуой цæмæй. 99
Кавд афонмæ знаг уым йæ бомбæтæ ’ркалдта... Цæй, тагъддæр, цæй, тагъддæр! Æмгъуыдгæнæн нæй! Уæд иубон та Гоги куы фæрсы: — Кæд уыдзæн, Кæд ма кæндзæн Черчнлль æцæгæй æххуыс? Вæййы ма мæнгард лæг фæлывдæй йæ хуызæи. Цæмæн ма дзы ’вæрдтам иæхицæн та ныфс? Фæлтау нæ нæ мæлæт куы ссардтаид тохы, Æвирхъау сакъадах — нæ фæстаг лæууæн. Зыны боп мыууагътай мах Тессслы рохы,— Æмбæлтты дзырд уайы мæ хъустыл мæнæн. — Мæ зынаргъ Георги,— уæд минæвар цадæг Гуырдзиадэкы уæхскыл æруагъта йæ къух,— 7 Кæм дæ агурон 97
У премьеры бынат бæрзонд æмæ сатæг, Йæ дзырдыл кæронмæ нæ лæууы æдзух." Тыхдзырд кæнын йемæ нæу махæн нæ фадат, Сæ зæххыл нын уыйбæрц кæм дæттынц фæндаг? Сæ цæстмæ куы дарæм сæ гæды ми алхатт, Уæд исты фыдбылыз куы скæной, миййаг. — Нæ зыпаргъ минæвар, æнцой бон нæ зонын, Æз ме ’мбæлтты мæтæй æгъуыссæг фæдæн. Сæ зын раны катайæ тайын фыдбоны, Сæ уæззау хъысмæт мын æгæр у фыдæн. Хæст банцад. Ныппырхи фæйнæрдæм йæ фæздæг, Æрхуыссыд сындæггай йæ удхæссæг арт. 98
Сармадзанты богъ-богъ уæззау бои, фыд рæстæг Йæ къахы бьгн барджынæн ассæста цард... Хæстон дæр æрцыди сæхимæ фæлладæй, Æфсæн танчы бæсты ныр трактор — йæ бæх. Йæ дзыллæйы астæу æрынцадлымадæй, Рæвдауы йæ мадау йæ фыдæлты зæхх. Хæствæйлыд быдыр та ысуадздзæни ног тау, Иæ хъæдгæмттæ стухдзæн цъæхæвзар хуымтæй. Кæрæдзпмæ адæм æрбацæуынц хорздзау, Хай исынц кæрæдзи хъынцъымтæй, зынтæй. Цæуыл тыхсы Гоги та, афтæ мæтъæлæй Чысыл сабиты раз цæмæн у йæ каст? Цæуылнæ ныззары йæ уасæн хæтæлæй, Кæд иуцъус æрбауид мæрдырох йæ маст!., Уый рагæй дæр уарзта тæнæгбазыр уарди, Уыд дидннæг уымæн сывæллонæнгæс... 99
Хæххон ахуыргæнæг цы бæллицтæй царди, Гъеуыдонæй бирæ ныххурх кодта хæст... Чысыл сабн уынджы фæуайы æд чиныг, Уый Гоги йæ урокæй абон фæрсдзæн. Хæстоп лæджы зæрдæ ныгъуылдзæни дины, Фæлæ та цæуылдæр... ,цæуылдæр тыхсдзæн... Æвирхъау сакъадах куыд ферох уа, уастæн^.. Æхсæз сæдæ удæн сæ ингæн ысси. Æхсæз сæдæ мадæн сæ амонд фæхаста... -Кæуынæй æфхæрынц ныр дæр ма сæхи.*. Нынкъард вæййы Гоги... йæхимæ ныхъхъусы, Æрымысы Тесселыл йе ’мбæлтты сæфт. Æркæлынц æртахгай йæ цæссыгтæ русыл, Сæ хъыгæй æнусмæ йæ зæрдæ фæцæф... @
Чиныджы ис; Мамысон æфцæгыл — Цæрукъаты А. тæл- мац. «Æз мæхи тыххæй арæх фехъусын...» Скифироны тæлмац, Ныййарæг мад — Цæрукъаты А. тæлмац. Кæм дæ агурон—Цæрукъаты А. тæлмац. Цъиора—мæ райгуырæн хъæу—Цæрукъа- ты А. тæлмац. Сæумæрайсом хæхбæсты —Цæрукъаты я. тæлмац. Горæт Орджоникидзе — Коцты Т. тæлмац. Боржом — Хъодзаты Æ, тæлмац. Уымæн уарзын царды уалдзæг — Теде- ты Е. тæлмац. Фиалкæ — Цæрукъаты А. тæлмац. Базыртæ мыл базад — Тедеты Е. тæлмац. Важа Пшавелайы фæстаг ныхас — Цæру- къаты А. тæлмац. Æхсæв Цъиорайы хъæды — Цæрукъаты л. тæлмац. Типæ — Цæрукъаты А% тæлмац. Мæ фыды хъуыдытæ — Цæгæраты Г. тæл- мац.
32 33 35 36 38 40 42 44 46 48 50 52 54 56 58 61 Санахшо — Цæрукъаты А. тæлмсщ. Сагомела — Цæрукъаты А. тæлмац. Хосгæрдæг — Цæрукъаты А. тæлмац. Дзул — Цæгæраты Г. тæлмац. Уазæгуаты — Мыртазты Б, тæлмац. Хæххон сылгоймаг — Цæрукъаты А. тæл- > мац. Хорхæссæг — Цæрукъаты А. тæлмац. Мæ цæстыл фæуайы — Цæрукъагы А. тæлмац. Комбайнеры зарæг — Хъайтыхъты Г. тæл- мац. Руставелийы æ-нæмæлгæ чиныг — Цæрукъа- ты А. тæлмац. Хæлардзинад — Тедеты Е. тæлмац, Мохеуæгты бæстæ — Коцты Т. тæлмац. Гуырдзиаг скъолайы — Тедеты Е. тæлмац. Ныр дæр ма æнхъæлмæ кæсып — Цæру- къаты А. тæлмац. Саакадзейы фæдзæхст — Цæрукъаты А. тæлмац. Хæрзбон, хæхтæ (поэмæ)—Малиты В. æмæ Цæрукъаты А. тæлмац.
Шалва Семенович Рехвиашвили Где тебя искать Стихи и поэма (на осетинском языке) Редактор С. 3. X у г а е в Художник Ю. Б. Ф у р с о в Художественпый редактор У. К. К а н у к о в Технический редактор Ю. В. Гр е ч и ш’к и н а Корректоры Л. М. Е л к а н о в а, М. Г. Г а д з а л о в а Наборщик В. В. Келехсаева Печатник 3. Г, Каргиева
Сдано в набор 20-1Х-1973 г. Подписаио к печати 18-ХП-1973 г. Формат бумаги 60Х901/32. Печ. л. 3,25. Учетио-изд. листов 2,27. Тираж 1000 экз. Заказ № 3134. Изд. № 73. Цсна 23 коп. Бум. тип. № 1. ЕИ02372. Киижпое издагсльство Унравлепия по делам нзда- тельств. иолиграфни н книжпой торговли Совега Ми- ннстров СО АССР, г. Орджоиикидзе, ул. Димнтрова, 2. Кнпжная тнпография Управлення по делам пздательств, полиграфии и книжиой торговли Совета Министров СО АССР. г. Орджоннкидзе, ул. Тельмапа, 16.