Текст
                    Гасанты Валери
ДЗЫРДАИВАДЫ
ДУНЕЙЫ
ф
Дзæуджыхъæу 2021


ББК 83.3(=521.323)6 ГЗО Гасанты Валери Дзырдаивады дунейы/ В. Гасанты. - Дзæуджыхъæу: Осетия-Полиграфсервис, 2021. - 255 ф. Гасанов В.А. В мире искусства слова Текст: непосредственный Дзырдаивады дунейы В книгу «В мире искусства слова» вошли очерки о жизни и творчестве представителей класси- ческой и современной осетинской литературы, ре- цензии, написанные на их поэтические и прозаиче- ские сборники, интервью автора книги с видными литературоведами и писателями Осетии. Книга адресована литературоведам, учителям осетинской словесности, студентам и школьни- кам, а так же всем любителям осетинской лите- ратуры. Автор посвятил свою книгу светлой памяти патриарха осетинской литературы, выдающе- гося ученого, литературоведа, своего наставника, незабвенного Шамиля Федоровича Джикаева © АО "Осетия-Полиграфсервис" © Гасанов В.
С&Ё&Я А сЛирс чимьшш сщын ПА^ы фищ- ны лж1, ææ æщы^шнæЬу из-щ^- ^ьщ. ирж илэиг сеæсе рузежссц/Æг, ссхаы^гощ, æлш ææшмщтс сщ- хсииш Ф^кыккаиты (Шалсилы
Иронаив дзырд - мæ удлæууæн, мæцин Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ мæ удæн æмæ зæрдæйæн ирон дзырдæй зæрдиагдæр цин ницы хæссы. Уый у мæ циныл æхсызгон равг æфтауæг, мæ сагъæстæ сурæг, бахъуаджы бон та мыл разæнгардгæнæн æмæ ныфсы базыртæ садзæг. Æхсæзаздзыдæй та мын хицон у ирон чиныг, газет «Рæстдзинад», журналтæ «Мах дуг», «Ирæф», «Фи- диуæг» æмæ «Ногдзау». Уыдоны фæрцы мын бай- гом ирон нырыккон дзырдаивады æмæ литературæ- зонынады, фольклористикæйы дуне. Фыццагдæр ам бакастæн, абон арфæгонд æмæ бузныг кæймæй дæн, литературон сфæлдыстады фæндагыл мын ныр дæр зондамонæг чи у, уыцы ахуыргæндты, фысджыты æмæ поэтты уацтæ, интервьютæ, поэтикон æмæ про- заикон уацмыстæ. Ирон дзырдаивад мæ йæхимæ куыд æхсызгон- дæрæй хуыдта, йæ алæмæты дунейы цас арфдæр æмæ бæстондæр цыдтæн, уыййас мæ тынгдæр æлвæ- стой сæхимæ Темырболаты, Иуанейы, Аксойы, Къ- остайы, Цоцкойы, Цомахъы, Æндрийы, Нафийы, Шамилы æмæ сæ аккаг фæдонты сфæлдыстады тæ- мæссæгтæ æмæ алæмæттæ цас арфдæр хъардтой мæ зæрдæмæ, уый бæрц мæ тынгдæр фæндыд сæ рухс номæн кад скæнын. Ирон дзырдаивадмæ мын фæндаг чи радта, уыцы хистæртæн бузныг зæгъыны нысанæн уæ размæ хæссын чиныг «Дзырдаивады дунейы». Бахастон æм мæ очерктæ, уацхъуыдтæ ирон лите- ратурæйы классикты, нырыккон фысджыты æмæ по- этты тыххæй, рецензитæ сæ фыст прозаикон æмæ по-
этикон чингуытыл, интервьютæ ирон литературæйы нырыккон зиууæттимæ, мысинæгтæ. Ацы чиныджы æрмæджытæ алы азты мыхуры ра- цыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны республикон газеттæ «Рæстдзинад»-ы, «Ныхас»-ы, «Стыр Ны- хас»-ы; журналтæ «Мах дуджы», «Фидиуæг»-ы. Стыр бузныг зæгъын æмæ арфæгонд дæн, ацы чи- ныг мыхуыры рауадзынмæ мæм чидæриддæр фæкаст, уыдонæй се ’ппæтæй дæр: рауагъдад «Полиграфсер- вис»-ы куыстады сæргълæууæг Хуыбиаты Валенти- нæйæ, нывæндæг Дзуццаты Камилæйæ, чиныджы редактор Колыты Иринæйæ, газет «Рæстдзинад»-ы компьютерон цехы кусджытæ Халиты Изæйæ, Ру- байты Неллийæ, Гуыцмæзты Зæринæйæ, Хъиргъуты Маринæйæ, Цопанаты Эльмæйæ, Гатиты Фатимæйæ, корректор Фæрниаты Мæдинæйæ. Царды хæрзтæн сæ дзаджджындæртæ — сæ хай! о ^. (»м»»^5>-
Нæ адæмы рухсмæ хонæг Адæм æмæ æхсæнад размæ, фидæнмæ, ахуырад æмæ чиныджы фæрцы кæй цæуынц, уый нæ фы- дæлтæ се ’рдзон æрхъуыды æмæ æнкъараг зæрдæтæй кæддæриддæр æмбæрстой. Чырыстон дин нæ адæмы ’хсæн парахат кæнын куы райдыдта, уæд нын уый уыд канд удварнон фæрæз нæ, фæлæ ма культурæ æмæ ахуырады размæцыды нысан дæр. Нæ адæмы ’хсæн чиныг æмæ ахуырады рухс фыц- цагдæр парахат кæнын чи райдыдта, йе ’нæнцой ар- хайдæй, йæ зондæй нæ дзыллæйæн ахадгæ хæрзты чи бацыд, уыцы арфæйаг адæймæгтæн сæ фыццæг- тæй иу уыд рухстауæг, поэт æмæ тæлмацгæнæг Æгъ- уызаты (Гæбæраты) Иуане. Йæ райгуырдыл æххæст кæны 245 азы. Йæ ном абоны фæлтæртæн дæр у бу- цæн мысинаг. Иуане райгуырд 1775 азы Хуссар Ирыстоны Зæл- дайы хъæуы. Уыди Гæбаратæй, Æгъуызаты кадджын мыггагвæндаджы минæвар. Хъомыл та кодта Тифлисы гуырдзиаг паддзах Иракълимæ. Куы фембаргæ, уæд æй ахуыр кæнынмæ радтой моладзандонтæй иумæ. Уым базыдта гуырдзиагау фыссын æмæ кæсын, зæр- дæргъæвд уыд иннæ наукæтæ зонынмæ дæр. 1798 азы Иуане æнтыстджынæй каст фæци дины семинар æмæ дзы райста, уыцы рæстæджы уавæртæм гæсгæ, иттæг хорз ахуырад: бындуронæй сахуыр кодта гуы- рдзиаг, уырыссаг, ирон æмæ æндæр æвзæгтæ, литера- турæ æмæ истори. Уый фæстæ куы фæци, уæд куы- ста Душеты скъолайы уырыссаг, гуырдзиаг æмæ ирон æвзæгты ахуыргæнæгæй, фæстæдæр та йæ рухстауæн архайд адарддæр кодта Тифлисы дины семинары. Гуырдзыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уæд Иуа- не службæ кодта уырыссаг æфсæддон хицаудзина- 0 ^ II (^ПШИ! §\ ^Щ^ ИИИЦШ 1М«иш) Г^ 0
ды цур, йæ бæрны йын кодтой алыхуызон ахсджи- аг хъуыддæгтæ. Уыцы азты Иуане арæх цыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хæххон æмæ быдираг хъæу- тæм, Ерыстау æмæ Мацъабел æлдæрттæ бынæттон цæрджыты ныхмæ цы алыхуызы æнæраст хъуыддæг- тæ кодтой, уыдон æвзарынмæ. Ам-иу Иуане равдыста йæ арф æмæ дардмæуынаг зонд, зæрдæхæлардзинад æмæ æмзæрдæдзинад мæгуыр, фæлæ сæрыстыр, рæ- стæй цæрæг адæмæн. XVIII æнусы кæрон — XIX æнусы райдайæны Иу- анейæн уæлдай тынгдæр рапарахат йæ рухстауæн ар- хайд. 1821 азы Тифлисы мыхуыры рацыд, гуырдзи- аг графикæйы бындурыл кæй сарæзта, уыцы ирон «Абетæ». Уымæй уæлдай ма гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзæгтæй иронмæ ратæлмац кодта дины чингуытæ. Уыдонæй æхсæз мыхуыры рацыдысты Тифлис æмæ Мæскуыйы. Иуанейы арæзт ирон «Абетæ»-йы чиныг фыст у гуырдзиаг дамгъуат хуцурийы нысæнттæй. «Абетæ»-йы чиныджы ис æрмæстдæр 19 сыфы æнæ æддаг титулон сыф. Фæлæ ирон фыссынады истори- йы йæ ахадындзинад стыр æмæ ахсджиаг у. «Абетæ»- йы иу экземпляр æфснайд у РЦИ-Аланийы Национ библиотекæйы. Фæстæдæр академик Андрей Шегрен Иуанейы арæзт «Абетæ» æмæ йæ фыст уацмыс «Æлгъуызы кадæг»-имæ лæмбынæг куы базонгæ, уæд Иуанейы зонд æмæ рухстауæн архайдæй иттæг бузныгæй баз- зад, скодта йын стыр аргъ. Иуане дæсны тæлмацгæнæг кæй уыд, уый фæ- бæрæг канд нæ литературæйы рæзтыл нæ, фæлæ сахадыдта барады хъуыддагыл дæр. Гуырдзыстоны архивы æфснайд сты, гуырдзиаг æвзагæй иронмæ кæй ратæлмац кодта, ахæм дыууæ куысты: Уанаты тæрхондоны уагæвæрд æмæ Дзауы тæрхондоны уа- гæвæрд. 0 ^ГИ ММИЯнф^^О^^Димишии^ С^ 0
1815 азы та Иуане кусын райдыдта Ирон дины къ- амисы цур тæлмацгæнæгæй. Йæ архайд уыд ахад- гæ нæ адæмæн чырыстон дины уазнысантæ амоны- ны хъуыддаджы. 1820 азы Тифлисы ирон æвзагыл мыхуыры рацыдысты Иуанейы тæлмацгондæй рай- сомы æмæ изæры куывдтыты æмбырдгæндтæ, удвар- ны рæзты Катехизис, Хуыцауы литурги. 1824 азы Мæскуыйы Иуанейы тæлмацæй рухс федтой чыры- стон дины æгъдæуттимæ баст зонæнтæ (чындзæхсæв, марды, чырыстон аргъуыды æгъдæуттæ). Гæбæраты номдзыд рухстуæг ма нæ мадæлон æвзагмæ ратæлмац кодта Евангелийы чиныг дæр. Иуане ирон дины къамисы куы куыста, уыцы азты йын лæвæрд æрцыд Сыгъдæг Аннæйы орден. Зæрдиагæй архайдта, Тифлисы дины семинары цы ирон фæсивæд ахуыр кодта, уыдоны удварны рæзтæн хуыздæр æмæ уæрæхдæр фадæттæ саразыныл. Цæ- мæй фæсивæд ирон хъæутæй семинармæ æмæ æндæр ахуырадон артдзæстытæм ист цæуой, ууыл дæр кæд- дæриддæр йæ уд хъардта. Иуане ма нæ дзыллæйæн зындгонд у, куыд кур- диатджын поэт, куыд аивадон уацмыс «Æлгъуызы кадæг»-ы автор. Гуырдзиаг æвзагыл хицæн чины- гæй мыхуыргондæй Нузалы аргъуаны йæ 1840 азы ссардта гуырдзиаг дины кусæг Иоанн Русишвили. Уый фæрцы ацы уацмыс апарахат дарддæр, æмæ йын фæци ногæй мыхуыры рауадзыны фадат дæр. Уы- рыссаг æвзагмæ йын фыццаг хатт дæлрæнхъон тæл- мац скодта ахуыргонд Моисей (Мосе) Джанашвили. Ирон æвзагыл та йæ нæ адæм бакастысты зындгонд рухстауæг Хæныкъаты Никъайы руаджы. Фæстæдæр ма йæ ирон æвзагмæ ратæлмац кæныныл зæрдиагæй бакуыста курдиатджын поэт Бестауты Гиуæрги.
Иуанейы рухстауæн архайд куыд алывæрсыг уыд, йæ адæмы хæрзæбонæн куыд бирæ хорз хъуыддæг- тæ сарæзта, уыцы æппæт хабæрттæ цæмæй абоны фæлтæртæ бæлвырддæр базоной, ууыл алы азты зæрдиагæй бацархайдтой зындгонд ахуыргæндтæ Георгий Ахвледиани, Бязырты Алыксандр, Ардасенты Хадзыбатыр, Джусойты Нафи, Бигъуылаты Барис. Йæ зонадон фыдæлты куыстыты бындурыл Иуанейы алывæрсыг рухстауæн архайд ноджыдæр ма иу хатт лæмбынæг раиртæста историон наукæты доктор, про- фессор, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Цыбырты Людвиг. Гæбæраты мыггаг сæ иумæйаг фæндæй 2015 азы майы мæйы Дзæуджыхъæуы рæсугъддæр фæзтæй иуы Иуанейæн сæвæрдтой бюст. Фæстæдæр ахæм бюст æвæрд æрцыд Цхинвалы дæр. о^^^ф^^^о
Его жизнь - для нас пример Коста Хетагуров... Его судьба — это великий подвиг во имя счастья, душевной гармонии не только своего, но и других народов, которые веками бок о бок живут не только в Осетии и на Кавказе, но и во всей России. Родился в ауле Нар и стал горячо почитаем, прежде всего, своим народом. А жизнью своей Коста еще раз подтвердил осетинскую мудрость: «Сначала полюби свой народ, а потом уже познаешь почитания и лю- бовь других наций». Коста был светочем для осетин- ского народа. Свои переживания, думы сердца за него он отразил в своей книге стихов «Ирон фандыр». Коста называют солнцем осетинского народа. И это не из-за красного словца, а потому, что так и есть. Поэт-трибун в своих произведениях (неважно, будь то в поэзии, публицистике, эпистолярном наследии) говорил о тяготах и чаяньях нации. При этом себя не считал ни пророком, ни поэтом. Вот как он писал в одном из своих стихов: «... Я не поэт... Обольщенный мечтою, Я не играю беспечно стихом... Смейся, пожалуй, над тем, что порою Сердце мне шепчет в безмолвье ночном...» Думы и чаянья поэтов для представителей разных слоев общества кажутся излишними суетливыми мыс- лями. И уже по прошествии определенного времени общество и нация в целом начинают понимать и вос- принимать служителя своих дум по-другому: «Смейся! Но только я каждое слово, Прежде чем им поделиться с тобой, Вымолвил с болью у счастья былого И оросил непритворной слезой» Коста был подлинным поборником правды. Он, как
никто другой, умел, любя, страдать за всех. Был дру- гом праведно живущих, честно зарабатывающих на жизненные блага, врагом угнетателей народа. Имен- но, для этих угнетателей строки гения звучали, как звон «поминального дня», так как они не почувство- вали огня борьбы и печали, не страдали из-за других, как истинные поэты, любя. Для этого нужно иметь только сердце, способное переживать за свой народ. А у Коста и у его собратьев по перу: Некрасова, Лермон- това, Шевченко, Демьяна Бедного,— вся жизнь была песнью страдания за народ, за его светлое будущее. Коста по праву называют планетарным поэтом. Он им стал, прежде всего, благодаря своему народу, че- рез язык, культуру, нрав, чаянья которого, познал и впитал все прекрасное русской и мировой общекуль- турной цивилизации. И когда некоторые из нас дума- ют, что родной язык и культура им будут мешать в ос- воении наук и языков других народов, пусть вспомнят о жизненном пути Коста, а также его верных после- дователей: художника, этнографа Махарбека Тугано- ва, патриарха языкознания Васо Абаева, академиков Темирболата Березова, Нафи Джусойты. Их труды были признаны российским, мировым творческим и научным сообществами. И они благодарили Создате- ля именно за то, что были рождены на земле Осетии, что им их матери пели осетинские колыбельные пес- ни, что пасли скот на родных лугах, слушали старин- ные осетинские песни и сказания на Ныхасе. Сегодня многие из нас, представителей молодого поколения, хотят знать свою родословную, ищут свои корни. В этом Коста для них служит примером: в по- эме «Хетаг» и в этнографическом очерке «Особа» он повествует о своих предках:
«Трудно сказать мне, давно ли, недавно ли Было все то: дни минувшие темны. Сам вот в десятом колене от Хетага Числюсь я — бедный, бесславный, никчемный. Род его, имя несем и поныне мы, Веру его же в сердцах избегая, Подвиги Хетага в горских преданиях Связаны с временем хана Мамая». А далее Коста говорит об Инале — о предке, сыно- вьями которого являются храбрые Биаслан, Аслан- бек, Хетаг. В очерке «Особа» мы читаем следующее: «Хетаг, по уверению его потомков, был младшим сыном кня- зя Инала, жившего за Кубаныо на притоке Болыпо- го Зеленчука. Приняв христианство, Хетаг бежал от преследования своих младших братьев в Осетию. Ме- сто его первоначального пребывания в Осетии до сих пор считается святыней». Из вышеизложенного следует полагать, что Коста знал предков своих и нам, ныне живущим, завещает тем самым о нихпомнить. И, призывая к этому, он повествует в одной из своих басен: «Царство небес- ное предкам твоим. Но ты сам тоже будь достоин их имен». Гений народа тогда гений в самом прямом смыс- ле этого слова, когда он нам дает возможность огля- нуться назад и вместе с тем не делает преград для жизни в настоящем, и призывает нас «чтить науки, искусства», «без малодушья браться за труд». Чтобы в действительности так и было, Коста не просто делал заявления высоким поэтическим словом, а был насто- ящим ревнителем просвещения. Тому же свидетель- ствует тот факт, что он первым из просветителей Кав- каза выступил против закрытия первой Осетинской
(Ольгинской) женской школы, часто устраивал поэ- тические вечера во Владикавказском коммерческом клубе, в которых участвовали лучшие представители осетинской творческой, научной интеллигенции. Да и каждая его выставка картин была ярким событием в культурной жизни Осетии и Кавказа. Поэта нередко приглашали в села республики. Коста бывал в Ольгинском, Ардоне, Тменикау, За- рамаге. Об этом свидетельствуют многие печатные источники (газеты, журналы, книги дореволюцион- ного, послереволюционного времени). Так, скажем, в романе «Одна страница сиятельной жизни» известной писательницы Ларисы Храповой говорится о том, что Коста, будучи еще 16-летним юношей, вместе с жи- телями Осетинской слободки приветствовал генерала Таучелова и был урдыгыстагом на кувде в честь окон- чания им Петербургской военной академии. Насколько знал и уважал Коста русскую культу- ру, мы можем понять по его эпистолярному наследию: письмам к «Первой леди Владикавказа» Варваре Шре- дерс, сестрам Цаликовым, Анне Поповой, супругам Смирновым и другим; также по стихам, посвященным памяти А.Н.Островского, М.Ю.Лермонтова, П.И.Чай- ковского, А.Н.Плещеева. Почему-то на эпистолерное наследие мы все еще мало обращаем свое внимание как на объект для более глубокого изучения через него мировоззрения и понимания самой жизни поэта. Вот скажем, Коста понимает бедность, как социальное яв- ление. Об этом же он пишет в одном из писем Анне Поповой: «Бедность — не порок, а честная трудовая жизнь, вернейший путь к приобретению уважения по- рядочных людей». И вот еще — о бедности в семейной жизни он пишет Анне Цаликовой: «Бедность нам не страшна, потому что интеллигентный труд двух до-
бросовестных работников всегда найдет спрос и возна- граждение». Эту же мысль поэт, только уже в поэтиче- ской интерпретации повторил в поэме «Фатима»: «Где благородный труд, там преступления нет». Много интересных материалов о Коста мы можем встретить в книге «Ирон æмбисонды хабæрттæ». Ав- тор — известный журналист, этнограф Хазби Цгоев. В притчах, связанных с именем поэта, мы видим его в более ярком обличии, а именно то, как он относит- ся к человеку, к его душевным качествам, как само общество того времени относилось к нему самому. В одной из притч читаем, что как-то Коста проходил мимо богачей, одетый в не самую лучшую одежду. Увидев поэта в таком виде, они на него не обратили внимания. Через некоторое время, когда Коста прохо- дил мимо тех самых богачей, уже в белой черкеске, то был уже почтенно поприветствован. В конце делаем вывод, что богатый смотрит не на самого человека, а на его одежду и материальное состояние. И в другой притче — были о Коста повествуется о том, как он, направляясь в горы, по дороге встретил измученную тяготами жизни женщину и отдал ей свои последние пять рублей. Несмотря на то, что Коста был нелюбим властями Терской области, о чем свидетельствовали его частые ссылки и наказания иного рода, его глубоко уважа- ли осетины-горцы. Почитание среди них его было настолько велико, что при жизни еще о нем сложи- ли песню, авторами которой являются Теба Ногаев, Бега Токаев, Кайтыко Царахов, Гадзи Дзиов. В песне говорится о том, что слово поэта, как гром звучит. И далее авторы желают Коста здравия и долгих лет жизни. После него такой чести, а именно написания песни при жизни, удостоились уже Герои Советского
Союза: Исса Плиев, Ибрагим Дзусов, Каурбек Тогу- зов и академик Васо Абаев. В завершение мне хочется пожелать представите- лям разных поколений нашего народа, чтобы мы не только словами, но и делами во благо нашей родины — Осетии были достойны его памяти! Журнал «Национальный колорит», 2019 год, №1. о ^» (»^шш%т-Шр «фшшш^-Ц-о
Йæ адæмæн кодта зæрдиаг лæггад Цæгат Кавказы æмæ суанг нæ бæстæйы йæ рухстауæн æмæ революцион архайдæй йæ ном зындгонд кæмæн у, уыцы разагъды лæгты ’хсæн уæлдай бæрæг дары Дзасохты Гиго. Нæ дзыллæ дзы, фыццаджыдæр, бузныг сты уымæй, æмæ йын кæй бантыст нæ номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадон бынтæ йæ амæлæты фæстæ бабæстон кæнын æмæ сæ хицæн чиныгæй рауадзын. Зындгонд публицист, рухстауæг, революционер Дзасохты Батчерийы фырт Гиго райгуырд 1880 азы Хъæрæсе-Черкесты Къостайы хъæуы (Лабæйы). 1895 азы каст фæци Майкъопы астæуккаг скъола. Уый фæстæ бацыд ахуыр кæнынмæ Æрыдоны дины семи- нармæ. Уыцы рæстæджы ацы ахуырадон æмæ удвар- нон артдзæст йæ бæрзонд æмвæзадæй зындгонд уыд канд Цæгат Кавказы нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы дæр. Ацы семинары фæрцы Гигойæн дæр йæ хъуы- дыкæнынад фæфидардæр, уæды рæстæджы пад- дзахы галиу æмæ æвæрццæг митæ райдыдта хуыз- дæр æмбарын æмæ сын, æхсæнады æмæ рæстдзинады тæразæй баргæйæ, æмбæлгæ аргъ кодта. Семинар каст фæуыны фæстæ Гиго ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы реалон учили- щæйы. 1901 азы Æрыдоны дины семинары разамынд ныффыста сæрмагонд куырдиат Хъазаны дины ака- демийы хицаумæ æмæ Гиго бацыд уырдæм ахуыр кæнынмæ. Йæ 1901 азы æмæ сæрмагонд зонадон номимæ (кандидат Богословия) æнтыстджынæй каст фæци. Сыздæхт Ирыстонмæ æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы ре- алон училищæйы. Уыцы аз райдыдта фыссын пу-
блицистикон æрмæджытæ Терчы облæсты газеттæм. Гиго уæндон æмæ сæрибарæй фыста паддзахы поли- тикæ адæмы зондахастыл, ахуырадыл, сылгоймагыл, фæсивæдыл, мæгуыр æвæрæз адæмæн зæхх радтыны хъуыддагыл куыд æппæрццæгæй зыны, йæ аххосæй цы хъизæмæрттæ æвзарынц, национ æвзагæн йæ ах- хосæй цы цæлхдуртæ ис, уыцы фарстатыл. Фæлæ уымæй размæ дæр, Хъазаны дины акаде- мийы ахуыр кæнгæйæ, Гиго фыста уацтæ Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы тыххæй газет «Санкт-Петер- бургские ведомости»-мæ. 1905 аз куы ралæууыд, уæд Гиго Дзæуджыхъ- æуы уадзын райдыдта социалон-демократон газет «Цæхæр». Фæлæ йын бирæ цæрæнбон нæ уыд. Йæ фыццаг номыр куыддæр рухс федта, афтæ йæ бын- дурæвæрæг ахст æрцыд. Ахæсты бадт Назраны фи- дары, стæй йæ арвыстой Пятигорскмæ, уырдыгæй та — Астраханмæ. Уæздан лæг кæмфæнды дæр бæрæг дары. Йемæ Астраханы ахæсты чи бадт, уыдон дæр сæ цæст æрæвæрдтой Гигойыл, куыд ахуыр æмæ прогрессивон хъуыдытыл хæст адæймагыл. Æмæ, рæуджыты низæй куы фæрынчын, уæд, куырдтой, цæмæй йæ аивой хуыздæр ранмæ, фæлæ сæ куы- рдиатæн дзуапп нæ уыд. Фæстæдæр æй ахастой Хъырыммæ. Уым дæр сæфт йæ хъару уæззау низы азарæй, фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ саст. 1906 азы Гигойæн фæци фадат æмæ æрцард горæт Азовы. Уым кусын райдыдта ахуыргæнæгæй гимна- зы. Йæ зонд æмæ уды фарн хорзæй сахадыдтой ацы ахуырадон артдзæсты рухстауæн уагыл, йæ ахуырад ын Гиго систа бæрзонд æмвæзадмæ. Суанг ма ард- та фадат æмæ горæты цæрджытæн касти лекцитæ царды æмæ æхсæнады алы фарстаты тыххæй. Йæ
ахуырдзауты ныййарджытæ йын аргъ кодтой йæ зондæн, йæ уæздандзинадæн, йæ мидкультурæйæн. Æмæ йæ 1910 азы Ростовмæ ацæуын куы бахъуыд, уæд ма суанг уæлдæр хицауадмæ фыстæг дæр ныф- фыстой, цæмæй Гиго баззайа гимназы ахуыргæнæгæй кусгæйæ. Дзасохты Гиго йæ адæмы раз цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдонæн сæ зынгæдæр у, нæ номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадон бынтæ йæ фæр- цы хъахъхъæд æмæ фыццагдæр бæстонгонд кæй æр- цыдысты, уый. 1909 азы Гиго рауагъта чиныг «Коста Хетагуров. Критико-биографический очерк. Стихот- ворения. Письма и воспоминания. Документы к био- графии. Портреты». Уый уыд йе стырдæр сгуыхт по- эты рухс ном æмæ ирон адæмы раз. Уымæн æмæ йæ къухы бафтыд Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон, æхсæнадон архайды тыххæй хъæздыг æрмæг æрæм- бырд кæнын. Абон дæр Къостайы цардæй бирæ цаутæ мах зонæм ацы чиныджы фæрцы. Номдзыд поэты райгуырдыл 140 азы куы сæххæст уæд, 1999 азы, Цæгат Ирыстоны культурæйы раздæры министр Дзантиаты Анатолийы хъæппæрисæй ацы чиныг фак- симилы хуызы ногæй уагъд æрцыд. Гигойæн йæ ацы удвæллойы тыххæй сæрмагондæй хъуамæ зæгъой бу- зныг нæ дуджы абоны фæлтæр дæр, уымæн æмæ уый аккаг у. 1910 азы Гиго æрцард Ростовы æмæ ам дæр кусын райдыдта гимназы ахуыргæнæгæй. Фæлæ йæ фæстæ зилынц пъæлицæ, йæ прогрессивон зондахастæй адæ- мы иумæйаг сабырад кæй халы, уыцы хъуыды сын æнцой нæ дæтты. Уымæ гæсгæ Гиго йæ цæрæн бынат аивта Курскмæ, уырдыгæй та ацыд Харьковмæ. Уым ахуыргæнæгæй фæкуыста суанг 1917 азмæ. Харьковы цæргæйæ, Гиго кодта стыр ахуырадон æмæ зонадон куыст. Каст лекцитæ царды æмæ æх-
сæнады алы фарстатыл. Йæ зондæн æмæ уды фар- нæн уыд кад æмæ аргъ. Сæвзæрстой йæ бынæттон зындгонд журнал «Наука и школа»-йы редакцион коллегийы уæнгæй. Литературæиртасджытæ куыд фыссынц, уымæ гæсгæ йæ уацау «Федор Иванович» дæр, чи зоны, æмæ ам ныффыста. 1917 азы Октябры революци куы фæуæлахиз, уæд Гиго ссыд йæ райгуырæн уæзæг Лабæмæ. Куыста, ам цы училищæ уыд, уый сæргълæууæгæй. Сæвзæр- стой йæ Баталпашинскы партион комитеты уæнгæй. Гиго кæд уыцы рæстæджы дæр бынтон æнæниз нæ уыд, уæддæр йæ уд хъардта адæмæн, фæсивæдæн хорзы цæуыныл. Сæвзæрстой йæ Лабæйы хъæуы- хицауæй дæр. Фæлæ урсгвардионты къухæй бирæ хъизæмæрттæ бавзарыны фæстæ 1918 азы 18 октя- бры Гиго амард, банцад йæ кусынæй йæ рухсхæс- сæг æнæнцой зæрдæ. Фыдæлты загъдау, хорзы фæд нæ сæфы. Дзасохты Гигойы ном цæры ирон адæмы зæрдæты. 1982 азы историон наукæты доктор, профессор Булацаты Хаз- би рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рауагъта чиныг «Гиго Дзасохов. Революционер и публицист». Рухстауæджы ном хæссы Къостайыхъæуы (Лабæйы) астæуккаг скъ- ола, йæ кæрты та йын æвæрд æрцыд бюст. Ивгъуыд æнусы 80-æм азты чиныгуадзæн «Ир»-ы рухс федтой Гигойы сфæлдыстадон бынтæ. 2011 азы та рауагъдад «Проект-пресс» ногæй хицæн чиныгæй мыхуыры рауагъта номдзыд рухстауæджы сфæлдыстадон, æх- сæнадон, революцион архайдыл дзурæг æрмæджытæ æмæ Гигойы тыххæй фыст мысинæгтæ æмæ уацтæ. Иæ рæстæджы Гигойы тыххæй мидисджын уац ныффыста номдзыд ахуыргонд æмæ поэт, æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамил. Æмæ мæ фæнды ацы æрмæг уый хъуыдытæй фæуын: «Гигойæн йæ хæс цы
уыд, уый бакодта. Уый нæм æвзæрын кæны бæлли- цтæ, ныфс нын дæтты идеалмæ тырнынæн, рæстдзи- надыл тох кæнынæн. Адæм сты адæм ахæм лæгтæй, æмæ рох ма уæд йæ сыгъдæг ном, йæ рухс фæлгонц». о > (^^2?!
Иры фарны лæг Зæрдæ æмæ зонды æгæрон рухсхæссæг хорзæх æмæ йæ райгуырæн уæзæгмæ сыгъдæг уарзт, дзыл- лæйы удварны артдзæстмæ хи уды бæркад бахæс- сынмæ æгæрон тырнындзинад. Ацы миниуджытæм гæсгæ йе ’ппæт царды фæндаг дæр чи арæзта, зæдау сыгъдæгзæрдæ уæвгæйæ, йæ адæмы зонды æмæ удварны рухсмæ чи хуыдта, нæ кадджын фыдæлты хæзнатæ: таурæгътæ, кадджытæ æмбисæндтæ, аргъ- æуттæ фæлтæртæм, фарны хуынау, чи хаста, ирон æвзаг иу адæмы æвзагæй дæр мæгуыраудæр кæй нæу, уый йе ’вæджиауы тæлмацты чи равдыста, уыцы нæртон ирон лæгау-лæгтæй иу уыд номдзыд ирон рухстауæг, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, курдиатджын тæлмацгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг Æмбалты Бицойы фырт Цоцко (Увар). Йæ рухс но- мимæ баст сты XIX æмæ XX æнусты нæ дзыллæйы царды æппæты тæхудиагдæр æмæ цинвæлыстдæр хъуыддæгтæ. Æмбалты Бицойы фырт Цоцко (йæ аргъуыды ном Увар) райгуырд 1870 азы 5 октябры Æрыдоны. Йæ бинонтæ уыдысты уыцы рæстæгмæ иттæг ахуыргонд æмæ размæцыд. Йæ фыд Бицо куыста милицæйы, уыд Дыгуры зылды хицауады цур иудадзыгон тæл- мацгæнæг. Фæлæ, Цоцкойыл авд азы куы сæххæст, уæд Бицо уæззау низы азарæй амард. Сæ хæдзар- дарæджы мæлæты фæстæ 1878 азы Цоцкойы мад Долæтхъæз (Аннæ) ныффыста куырдиат Терчы облæсты хицауадмæ, цæмæй йæм фæкæсой æхцайæ æмæ йæ сидзæр сабиты — дыууæ фырты æмæ ды- ууæ чызджы — дарынхъом уа. Фæлæ сылгоймаджы
куырдиатмæ хицауад сæ хъус не ’рдардтой, афтæмæй тухæнтæгæнгæ хъомыл кодта йæ кæстæрты. Цоцко куы фембаргæ, уæд æй ахуырмæ радтой Æрыдоны дины скъоламæ. Æмæ дзы æнтыстджынæй дыууæ азы куы фæахуыр кодта, уæд 1887 азы ба- лæвæрдта куырдиат Æрыдоны дины училищæйы раз- амындмæ, цæмæй йæ уырдæм айсой сæрибарæй хъ- усæгæй. Фæлæ ам дæр кæд йæ ахуыр æнтыстджын уыд, уæддæр æй йæ бинонты уæззау социалон уавæр- мæ гæсгæ йæ ахуыр ныууадзын бахъуыд. Фæлæ æй училищæйы разамындæй райста, дыууæ къласы дзы æнтыстджынæй каст кæй фæци, уый тыххæй æвди- сæндар. Уый фæстæ Цоцко бацыд Æрыдоны дины се- минармæ. Ам рабæрæг сты йæ бирæвæрсыг æмæ арф зонындзинæдтæ. Йæ ахуырмæ тырнындзинад æгæ- рон кæй уыд, ууыл дзурæг у, аивадон литературæйы фæсарæйнаг æмæ уырыссаг номдзыд фысджыты, по- этты æмæ философты уацмыстæ стыр цымыдисæй æмæ æхсызгонæй кæй каст, уый, семинары ахуыра- дон предметтæй та (рагон славяйнаг æвзагæй фæстæ- мæ) иста иттæг хорз барæггæнæнтæ. Историон æрмæджытæ куыд амонынц, афтæмæй Æрыдоны дины семинар йæ рæстæджы уыд Тер- чы облæсты дины æмæ рухсады зынгæдæр артдзæ- стытæй иу. Чи дзы ахуыр кодта, уыдон истой арф æмæ алывæрсыг зонындзинæдтæ. Иæ рауагъдонтæн сæ бон уыд, канд дины æмæ рухстауыны куыст кæ- нын нæ, фæлæ суанг нæ бæстæйы хуыздæр уни- верситетты æмæ институтты æнтыстджынæй ахуыр кæнын. Уыцы уагыл Цоцко дæр хызт зонад æмæ ахуырады рухс бæрзæндтæм. Чиныг ахуырады сæй- рагдæр æмæ ахъаззагдæр хæзна кæй у, уый æмбар- гæйæ, йæ дзыллæйы рухс сомбоныл æвæллайгæйæ куыста. Йæ уарзон дзыллæйы æхсæн байтыдта ахуы- с ^ (^$ 2;3 пд"~^) 1-
рады æмæ удварны, хуымæтæг ныхæстæй аргъ скæнæн кæмæн нæй, ахæм хорзæхтæ. Ирон æмæ уы- рыссаг æвзаг бындуронæй зонгæйæ, Цоцко йæ цар- ды фылдæр хай удуæлдайæ снывонд кодта ирон адæмон сфæлдыстады хæзнатæ æмбырд кæнын æмæ бæстон кæнынæн, хицæн чингуытæй æмæ сæ Цæгат Кавказы æмæ нæ бæстæйы зонадон-ахуырадон æмбы- рдгæндты уадзыны арфæйаг хъуыддагæн. Йæ ахæм архайды фæрцы, фыццаджыдæр, фыдæлты хæзнатæ: таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ, зарджытæ æну- сты тарæй фидæны фæлтæртæм раздæхта, дыккагæй та, йæ фæрцы уыцы æвæджиауы удварны хæзнатимæ зонгæ кодтой, уæды рæстæджы зонад æмæ историмæ бар чидæриддæр дардта, уыцы зындгонд ахуыргæнд- тæ, сæ бон баци ирон æвзагæн йæ æрфытæм нык- кæсын, йæ æвæджиауы хъæздыг лексикон арæзт ын рахатын, йæ аив зæлынад ын банкъарын. Уыцы ар- фæйаг архайды йе ’ххуысгæнджытæ (информатортæ) уыдысты Æрыдон æмæ Ирыстоны дзырддзæугæ- дæр хистæртæ. Йæ рæстæджы ахуыргонд фæлтæртæ Цоцкойæн стыр аргъ кæй кодтой, ууыл дзурæг у, фырбуцæн æй «Ирон Андерсен» кæй схуыдтой, уый. Адæймаджы тых æмæ хъару куыд æгæрон у, афтæ йæ фæнд зонады æрфыты ноджы бæстондæр хизын куы уа, уæд æй нæдæр рæстæг уромы, нæдæр дæрд- дзæг, нæдæр хох. Афтæ Цоцко дæр ивгъуыд æнусы райдайæны абалц кодта Парижмæ æмæ уым ахуыр кодта номдзыд ахуыргонд Максим Ковалевскийы уæлдæр æхсæнадон скъолайы. Ам цалдæр хатты хъ- уыста Владимир Ленины лекцитæм. Æмæ ам цы зо- нындзинæдтæ райста, уыдон дæр, мысайнагау, ны- вонд кодта йæ дзыллæйы рухс сомбонæн. Сæрмагонд ныхасы аккаг у, Иры номдзыд поэт Хетæгкаты Къоста æмæ Цоцкойы æхсæн цы æрд-
хæрæны хæлардзинад уыд, уый. Уымæн та фарны бындур сæвæрдтой сæ хистæртæ — Леуан æмæ Бицо. Номдзыд поэт бинонты хъуыддаг кæнынвæнд куы скодта, бинойнаджы номыл æрыдойнаг уæздандæр, чызг Хуырымты Лулуйы æрхæсдзæн, уыцы хъуы- дыйыл фидарæй куы ныллæууыд, уæд йæ фарны бон йæ фидæны бинойнагæн йæ къухылхæцæг Цоц- ко кæй уыдзæн, уый дæр ын рагацау хъуыдыгонд уыд. Уымæн æмæ зыдта, Цоцко, ирон фарны лæг, æнувыд кæй у, се ’хсæн цы ахастдзинæдтæ ис, уыдо- ныл, рæстаг æмæ æнæлазæй кæй сæххæст кæндзæн йæ арфæйаг хæс йæ хо Лулуйы раз дæр. 1897 азы Дзæуджыхъæуы цы чиныгуазджыты æх- сæнад «Ир» арæзт æрцыд, уый разæнгарддæр ар- хайджытæй уыд Цоцко. Ацы æхсæнады фæрцы ирон адæм фыццаг хатт бакастысты Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр», Къубалты Алыксандры ка- дæг «Æфхæрдты Хæсанæ», ирон адæмон таурæгъты, аргъæутты чингуытæ. Къостайы «Ирон фæндыр» Шуваловы типографи- мæ мыхуыр кæнынмæ раттыны размæ йæ къухфыст- мæ хъуамæ æркастаид цензорон комитет. Уый тыххæй хъуыд чиныджы къухфыстæн халдихтæ (къопитæ) скæнын, ома йæ сыгъдæгæй къухфыстæй рафыс- сын. Æмæ уыцы хъуыддаг фыццаджыдæр бабар кодтой Цоцкойæн. Уый цыбыр æмгъуыдмæ æмд- зæвгæты æмбырдгонды къухфыст рафыста дыууæ экземплярæй. Æмæ сæ иу æрвыст æрцыд Тбилисмæ цензурæйы комитетмæ. Уым æм, куыд цензор, афтæ æркаст номдзыд ирон рухстауæг æмæ дины кусæг Джиоты Христофор (Пора). Фæстæдæр «Ирон фæндыр» мыхуыры куы рацыд, нæ дзыллæйы ацы чиныгимæ разæнгардæй чи зонгæ кодта, номдзыд поэты уаз хъуыдытæ ныр та чиныджы хуызы кæй
рацыдысты, уый нæ адæмы монон культурæ æмæ ахуырады рæзтыл куыд хорз сахаддзæн, уый, фыц- цаджыдæр, чи банкъардта, уый уыд Цоцко. Къостайы ном æмæ фарнæн Æмбалты Цоцкойы хæдзары кæддæриддæр стыр кады бынат уыд. Йæ рæстæджы зындгонд поэт Гулуты Андрейæн Цоц- ко радзырдта, Къоста сæм Æрыдоны сæ хæдзары уазæгуаты куы уыд, уæд сæм кæй æрбацыд сæ хæ стæг куырм музыкант. Лæг Къостайы æмдзæвгæ «Додой» гитарæимæ куы зарыд, уæд æм Къоста та сабырæй хъуыста, йæ рустыл та уадысты йæ цæссыг- тæ. Лæг йæ зард куы фæци, уæд Къоста загъта: «Мæ зæрдæйы рыст нæ адæмы сæрыл æз æмдзæвгæйы равдыстон, ды та мын мæ хъуыдытæ музыкæйы рæ- сугъд æмæ зæрдæагайгæ зæлты кæй равдыстай, уый тыххæй дын — бузныг». Цоцко нæ номдзыд поэтмæ цы фыстæджытæ æр- выста, уыдон Хетæджы-фырты зæрдæйы бæрæг фæд кæй уагътой, уый зыны Цæлыккаты Юлианæмæ фы- стæджы хъуыдыты: «Один только Цоцко своей не- большой перепиской в письме к Гаппо тронул меня до слез... Какой он, действительно, славный...» 1906 азы Къоста куы æррынчын, æмæ йæ йæ хо Олгæ Лабæмæ куы аласта, уæддæр æм уырдæм рын- чынфæрсæг чи ныццыд, уыдон уыдысты йæ хуыздæр хæлæрттæ: Зæнджиаты Бæбу, Баситы Миха, Æмбал- ты Цоцко. Йæ амæлæты размæ йæ фæстаг ныхæстæ: кæрæдзи уарзгæйæ цæрут, ме ’фсымæртæ, зæгъгæ, уыдонæн загъта. Æмæ нæ нæртон поэт йе ’цæг ду- немæ куы ацыд, уæд йæ номыл йæ царды фæстаг бонтæм сау чи фæдардта, уый уыд Цоцко. Æмбалты Цоцкоимæ хорз зонгæ уыд филологон наукæты доктор, профессор Абайты Васо. Уый йæ мысинæгты куыд загъта, афтæмæй, кæд йæ царды
бирæ фæрнджын хистæртыл сæмбæлд, уæддæр се ’хсæн Æмбалты Цоцкойæн уæлдай стырдæр аргъ кодта. Йæ къух ын-иу, зæгъы, куы райстон, уæд мæ-иу фæндыд, мæ армы йæ фылдæр адарын, уы- мæн æмæ йæ зыдтон, ацы фæрныг лæг ныр мæ къух куыд æхсызгонæй исы, афтæ æхсызгонæй-иу йæ рæ- стæджы кæй райста Иры номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къостайы къух. 1907 азы Цоцкойы равзæрстой Æрыдоны хъæуы- хицауæй. Кæд ацы бæрнон бынаты бирæ рæстæг нæ бакуыста, уæддæр йæ хъæубæсты адæмæн зынгæ хæрзты бацыд. Фыццаджыдæр, бацархайдта зæхку- сæг адæмæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæны- ныл, фæсивæдæн ахуыры фадæттæ саразыныл. Цоцкойы рухстауæн архайд афтæ ахадгæ уыд, æмæ хорзæй зынд Тбилисы цæрæг не ’мтуг адæ- мы ахуырадон æмæ культурон рæзтыл. Уый йæ хъус дардта æмæ æххуыс кодта Тбилисы цæрæг ирон адæ- мы æхсæнады рæзтæн. 1910 азы ирон драматургийы бындурæвæрæг Петербурджы ирон журнал «Хуры тын» уадзын куы сфæнд кодта, уæд нæ адæмы цар- ды ацы журналæн цы стыр ахадындзинад уыдзæн, Елбыздыхъо йæ рауадзыныл куыд æнувыдæй тых- сы, уый, фыццаджыдæр, зæрдæйæ рахатыдта Цоцко. Мæнæ йæм куыд фыста йæ писмотæй иуы Елбыз- дыхъо: «Мой старший брат, мой горящий пламенный Цоцко! Боюсь я твоего пламени, оно заразительно, ис- крометно! Боюсь, ибо если заражусь, то сгорю дотла и угасну. Ведь это ты неугасаем. В тебя Осетия вложи- ла весь пыл свой, тобой она выразилась». Æмæ æцæгæй дæр Цоцкоимæ баст уыдысты Иры- стон æмæ нæ дзыллæйы ахуырадимæ, рухстауыны хъуыддагимæ баст æппæт хорзæхтæ. Сæ цырв æмæ се ’ппæт хъуыддæгты арфæйаг раздзæуæг та йæхæ- дæг кæй уыд, уый рæстæг æмæ дугтæ равдыстой.
Революцийы размæ кæд Ирыстоны ирон фарны хъуыддæгтæ царды рауадзын æнцон нæ уыд, уæд- дæр, кæй фæрцы æмæ цæй фæрцы æнтыстысты, уы- доны раззагдæр æмæ арфæйагдæр лæгтæй уыд Цоц- ко. Дæнцæгæн ма æрхæсдзыстæм иу цæвиттон. 1917 азы национ мыхуыры оргæн «Ирон газет» куы фæ- зынд, уæд йæ арфæйаг зиуы, куыд уацхæссæг, фыц- цаг балæууыд Цоцко. Йæ фæрстыл мыхуыргонд æр- цыдысты йæ уацтæ «Ирæд», «Цæмæ бæллыдыстæм», «Июны 30 бон Æрыдоны». 1917 азы Октябры революцийы ралæудыл нæ дзыллæимæ цин кодта нæ фарны лæг Æмбалты Цоц- ко. Æмбæрста, ног цард зæхкусæг адæмæн бирæ гæ- нæнтæ кæй ратдзæн, сæйрагдæр та сын сæ уавæр фæ- хуыздæр кæндзæн ахуыры хъуыддаджы. Афтæмæй, цингæнгæйæ, 1917 азы 26 апрелы фыста: «Цæмæ бæл- лыдыстæм, чъирикуывдæй цы хъуыддæгтæ агуырд- там, уымæй хайджын у ныры сахат Ирыстон дæр». Уыцы аз Цоцкойы хъæппæрисæй Æрыдоны байгом чиныгдон. Иæ бындурæвæрæг ын радта Иры нæр- тон хъæбул Хетæгкаты Къостайы ном. Ацы æхсыз- гон цауы тыххæй йæхæдæг ныффыста сæрмагонд уац «Июны 30 бон Æрыдоны». Мыхуыры та рацыд «Ирон газет»-ы. Советон цардарæзты фыццаг азты Цоцко ноджы фылдæр тыхтæ, йæ зæрдæйы æмæ зонды гæнæнтæ аразы йæ дзыллæйæн фылдæр хæрзты бацæуын- мæ. Ирыстоны хæххон æмæ быдираг хъæуты æм- бырд кæны фыдæлтыккон таурæгътæ, кадджытæ, зарджытæ æмæ æмбисæндтæ. Разæнгардæй архайы историон-филологон æхсæнады куысты. Уæд дæр æмæ, фæстæдæр ацы æхсæнадæй бæстæзонæн (ныр Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон
æмæ социалон иртасæнты институт) институт арæзт куы ’рцыд, уæд дæр Цоцко æмбырд кодта æмæ хи- цæн чингуытæй уагъта адæмон сфæлдыстады бынтæ. Суанг ма, кæй æрæмбырд кодта, уыцы æрмæджытæ æмæ ирон æвзагмæ йæхи тæлмацгонд дунеон лите- ратурæйы уацмыстæ хицæн чиныгæй 1924 азы (Бай- аты Гаппойы хъæппæрисæй) рацыдысты Берлины Гутнаты Елдзарыхъойы типографийы. Уымæй уæл- дай, Цоцко ирон æвзаджы алывæрсыг гæнæнтимæ зонгæ кодта Берлины æмæ Петербурджы паддза- хадон университетты ахуыргæндты æмæ студентты. Дисы сæ æфтыдта йæ хæдзонддзинадæй, уды фарн æмæ æцæг ирон лæджы тæхудиаг миниуджытæй. Мæнæ куыд фыста Цоцкойы тыххæй йæ мысинæгты зындгонд ахуыргонд Л. Лавров: «Хохæгты æрвыст лæджы хуызæн мæм фæкаст æмæ йæ хъавгæ бафар- стон, университетмæ йæ цы хъуыддæгтæ æрбакодтой, уымæй. Радта мын æнæнхъæлæджы дзуапп: — Æз... Æз ам иучысыл лекцитæ кæсын. Куыд базыдтон, афтæмæй хинывæзт тынæй хуыд цухъхъайы мидæг æмбæхст уыд ахуыргонд адæймаг, стыр педагог, ирон æвзаджы дæсны, адæмон сфæлды- стад æмбырдгæнæг, поэт æмæ дунейы литературæйы хæзнатæ ирон æвзагмæ тæлмацгæнæг. Хуыдтой йæ Æмбалты Цоцко. Фæстæдæр мын фадат фæцис Цоцкоимæ хæстæг- дæр базонгæ уæвынæн. Цыдтæн йæ лекцитæм, иумæ тезгъо кодтам Невайы былты, уыдтæн-иу, цы хуы- мæтæг хатæны цард, уым, бонæй-бонмæ йæ хуыздæр зыдтон. Канд зондджын æмæ мидисджын нæ, фæлæ хæдæфсарм æмæ уарзон адæймаг уыд. Студенттæ йæ уарзтой, хæларзæрдæ æмæ æдзухдæр хъæлдзæг, цардбæллон кæй уыд, уый тыххæй. Æмбалы-фыртæн бинонтæ нæ уыд. Йæ мызд-иу куы райста, уæд-иу о ^» («I ^2уц|^Ф
Ленинграды уæлдæр скъолаты æмдзæрæнтыл азылд æмæ йæ студенттыл уæрста. Куыд педагог, афтæ Цоц- койæн æмбал нæ уыд». Нæ бæстæйы номдзыд ахуыргæндтæй-æвзагир- тасджытæй Ирыстоны истори æмæ æвзагыл зæр- дæйæ чи аудыдта, уыдонæн сæ зынгæдæр уыд Всево- лод Миллер. Нæ дзыллæйæн ахадгæ хæрзты бацæуын йæ къухы кæй фæрцы бафтыд, уыцы рухстауджытæй иу уыд Æмбалты Цоцко. Академикæн зонгæ уы- дысты йæ арф зонды æмæ удварны гæнæнтæ. Æмæ Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат аразынвæнд куы скодта, уæд ын ацы хъуыддаджы цы бæрнон хæс æвæрд уыд, уый Цоцко сæххæст кодта, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз. Ленинграды ацы дзырдуат саразы- ныл Цоцко æмæ нæ иннæ разагъды лæгтæ фæкуы- стой авд азы. Æмбалы-фырт æртæтомон рауагъдмæ ахадгæ æвæрæн кæй бахаста, ууыл дзурæг сты дзы- рдуаты зонадон редактор А. Фрейманы хъуыдытæ: «Его (Цоцко) постоянному дружескому участию в ра- боте словарь в значительной мере обязан пополнени- ем, особенно в отношении фразеологии». Ивгуыд æнусы 20-æм азты нæ дзыллæйæн, уал- зыгон хурыскастау, стыр цины хос фæци, фыццаг ирон æрвылбонон адæмон газет «Рæстдзинад» мы- хуыры кæй рацыд, уый. Йæ фарны артдзæст фыццаг аразджытæй æмæ йæ фарны авдæн узджытæй Цоц- ко кæй уыд, уый баззад йе ’мдугонты мысинæгты: «Райдыдтам, — загъта Цоцко, — æмæ æрзылдта типо- графийы мыхуыргæнæн машинæйы цалх». Афтæ уый æмæ йæхи хуызæн Ирыстоны рухс сомбоныл удæй аудæг рухстауджыты фæрцы абон дæр йæ фарны къах æвæры алы ирон хæдзармæ дæр нæ уарзон га- зет «Рæстдзинад». Цы редакторты æмæ уацхæсджы- ты фæлтæртæ дзы куыста æмæ кусы, уыдон мынæг
кæнын нæ бауадздзысты, æнусы æмбисæй фылдæры размæ Цоцко, Цомахъ, Цæра, Æндри, Гино, Харлам- пи цы артдзæст ссыгътой, уый рухс-газет «Рæстдзи- над»-ы фарны рухс! Цоцко ирон æвзаг æмæ мыхуыры дзырдæн аргъ кæй кодта, йæ дзыллæйы æхсæн ын цы ахадындзи- над ис, уый кæй æмбæрста, ууыл дзурæг у, йæ фæр- цы фæсарæйнаг æмæ уырыссаг æвзагæй ирон æвзаг- мæ иттæг дæсны æмæ арæхстджынæй кæй ратæлмац кодта Шиллеры драмæтæ «Къæрныхтæ» æмæ «Виль- гельм Телль», Г. X. Андерсены, Лев Толстойы, Алек- сандр Пушкины, В. Г. Короленкойы, Михаил Лер- монтовы, А. М. Хирьяковы, Н. Языковы прозаикон æмæ поэтикон уацмыстæ. Номдзыд рухстауæджы ацы хъæугæ куыстæн нæ адæмы царды цы ахадындзинад ис, уый тыххæй про- фессор Джыккайты Шамил йæ уацтæй иуы фыста: «Цоцко уыди рухстауæг (просветитель) æмæ тæлмац дæр кодта йæ нысаны сæраппонд.Чиныгыл фæцайда- гъ кæнын хъуыди, фыццаджыдæр, рæзгæ фæлтæры, сабиты, ахуырдзауты.Уыцы кар та æмхиц у аргъæут- тæм. Уымæ гæсгæ Цоцко райдайæнты тæлмац кодта аргъæуттæ, уыдонæй скъоладзауты æргом здæхта чи- ныгмæ, уарзын сын кодта аивад, мадæлон æвзаг, иф- тонг сæ кодта аргъауы гуманистон идейæтæй. Ахæм куыстæн уыди стыр ахуырадон, культурон æмæ хъ- омыладон ахадындзинад». Адæм, стæй иумæйагæй йе ’мхъæуккæгтæ, Цоцкой- æн цы стыр аргъ кодтой, йæ зæрдæхæлардзинадæй суанг рæзгæ фæлтæрæн цас цин хаста, ууыл дзурæг сты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, æрыдой- наг Лекъты Муратæй 2010 азы 13 ноябры цы мыси- нæгтæ ныффыстон, уыдон: «Цоцкоимæ Æрыдоны иу сыхы цардыстæм. Арæх- иу æй федтон, тынг аив лæг уыд. Дардта ирон дзау- о ^. (мш §111111 ЗД-^Д«!™) <=^ °
мæттæ: цухъхъа, æгънæгджын хæдон, худ (европæйаг шляпæ æмæ костюм дæр-иу ыл уыд). Уынджы-иу фæцæйцыд кæнæ иунæгæй, кæнæ та йæ хо Дзыккы- нимæ. Кæрæдзиуыл тынг æнувыд уыдысты. Дзы- ккын мæнæн райдайæн кълæсты ахуыргæнæг уыд. Цоцко зæрдæхæлар, уæздан лæг уыд. Хъæуы йын стыр кад уыд. Æххуысагур-иу æм чи бацыд, уымæн, нæ мæ æвдæлы, зæгъгæ, дæр никуы загъта, баххуыс ын-иу кодта, кæм хъуыддагæй, кæм та ныхасæй. Иу хатт, нæ сыхæгты сывæллæттимæ уынджы хъ- ултæй (æви тыджджытæ уыдысты, нал æй хъуыды кæнын) хъазыдтæн. Уалынмæ кæсæм, æмæ Цоцко æрбацæуы. Мах æй куы федтам, уæд нæ хъазын фæуагътам, æмæ иуварс алæууыдыстæм. Уый нæ ба- фиппайдта, куы нæм æрбахæстæг, уæд нын фæлмæ- нæй афтæ зæгъы: — Цæмæн ныууагътат уæ хъазын, мæнæй бафсæр- мы кодтат? Ма тыхсут, хъазут. Цæй, иумæ ахъазæм, — загъта Цоцко, æмæ хъултæ райста. Мах дæр уæд бахъæлдзæг стæм. Ацы хабар ууыл дзурæг у, æмæ Цоцко алкæимæ дæр цæрын, фидауын кæй зыдта. Кæстæртимæ кæ- стæр уыд, хистæртимæ — хистæр. 1936 азы æз ахуыр кодтон нæ хъæуы скъолайы 5-æм къласы. Не скъола та уыд раздæры дины се- минары агъуысты. Йæ уæттæ æмæ бæстыхæйттæ — тынг райдзаст, уæрæх. Ирон æвзаг нын амыдта Зем- батты Савели (йæ рæстæджы каст фæци Æрыдоны дины семинар, куыста сауджынæй). Скъолайы нæм уыд Къостайы мысæн изæр. Æрæмбырд нæ кодтой стыр залы. Раздæр та дзы уыд, семинаристтæ Хуы- цаумæ кæм куывтой, ахæм агъуыст. Изæрмæ хуынд уыд Цоцко. Залы къæсæрæй куы æрбахызт, уæд йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Махмæ, сабитæм,
уый диссаг фæкаст (уыцы рæстæг ахæм хъуыддæгтæ парахат нал уыдысты), æмæ ныссабыр стæм. Цоцко, æнæ уæлдай ныхасæй, размæ рахызт æмæ райдыд- та дзурын Къостайы тыххæй. Йæ ныхас уыд аив, фæлмæн, зæрдæйыл дзы æмбæлд алы дзырд дæр. Дзырдта сыгъдæг æмæ нуарджын ирон æвзагыл. Йæ ныхасы хъуыды фидар кодта Къостайæн йæхи фыст æмдзæвгæтæй. Мах æй зыдтам, Цоцко номдзыд поэтимæ зонгæ кæй уыд, æмæ нын тынг æхсызгон уыд йæ ныхас (уыцы азты Къостайы сфæлдыстад хъодыгонд уыд). Æмбырды фæстæ мах нæ кълæстæм ацыдыстæм, æрмæст ма залы цалдæр ахуыргæнæджы баззад, уыдон Цоцкомæ лæвæрдтой фæрстытæ. Цоцко немыцаг æмæ францаг æвзæгтæ дæр хорз зыдта, зæгъгæ, уый æз хистæртæй бирæ хæттыты хъ- уыстон, йæ чингуытæй нæ хæдзары уыдис цалдæр. Куы йæ æрцахстой, уæд мæ фыд тынг мæсты кодта. Ирон адæмæн, зæгъы, хорздзинадæй дарддæр, куы ницы галиу ми кæны, уæд кæй бахъыгдардта. Хъуыд- даг бæлвырд кæныны тыххæй горæтмæ ссæуынмæ дæр хъавыд, фæлæ йæ амал нал фæци. Цалдæр боны фæстæ йын йæхи дæр æрцахстой». Цоцко кæд рæстæй, йæ сæрæн ницы зонгæйæ, æбуалгъ репресситы арты басыгъд, уæддæр, йæ ном цæмæй ма ферох уа, йæ удварны фæллæйттимæ фæл- тæртæ зонгæ уой, ууыл йæ рæстæджы зæрдиагæй ба- цархайдта филологон наукæты кандидат Цæллагты Валодя. Уый йын йæ уацмыстæ бæлвырд разныхас æмæ фиппайнæгтимæ 1991 азы рауагъта хицæн чины- гæй. Уый фæстæ номдзыд рухстауæджы фарны фæл- лæйттæ, йæ цард æмæ рухстауæн архайды тыххæй мидисджын æрмæджытæ æмæ мысинæгтимæ хицæн чиныджы «Удварны хæзнатæ», зæгъгæ, ахæм сæр- гондимæ бабиноныг кодта УФ-йы Фысджыты æмæ ^(^зз ■§^С) *,
Журналистты цæдисты уæнг Соттиты Риммæ. Йæ чиныг та рухс федта 2009 азы Гасситы Викторы но- мыл рауагъдадон-полиграфион куыстуаты. Цоцкойы цард æмæ арфæйаг хъуыддæгтæ абоны æмæ фидæны фæлтæртæн цæмæй арфæйагæн мыси- нагæн баззайой, уыцы хъуыддагмæ сæ удвæллой ба- хастой зындгонд историктæ Туаллæгты Æхсар æмæ Алан. Сæ монографион куыст «Цоцко Бицоевич Ам- балов» та мыхуыры рацыд 2012 азы. Æмбалты мыггаг æмæ РЦИ-Аланийы Журналист- ты цæдисы иумæйаг фæндæй, национ мыхуыры æмæ нæ адæмы удварны иумæйаг рæзтмæ аккагдæр æв- æрæн чи хæссы, уыцы ахуыргæндтæн, фысджытæн, журналисттæн ныр къорд азы дæргъы лæвæрд цæуы Цоцкойы номыл преми. Ацы хорзæх йæ рæстæджы райста зындгонд ахуыргонд æмæ рухстауæг Джык- кайты Шамил. Преми райсыны фæстæ мын цы цы- быр интервью радта, уым нæ номдзыд рухстауæджы тыххæй афтæ дзырдта: «Цоцко ирон адæмæн у фар- ны лæг. Нæ кад, нæ намыс. Мæнæн йæ преми райсын иуæй æхсызгон у, иннæмæй та — бæрнон хъуыддаг. Уымæн æмæ мах хæсджын стæм Цоцко æмæ уый хуызæн лæгты раз. Цоцко ирон адæмы кад æмæ на- мыс бæрзонд æвæрдта æмæ ууыл куыста. Къоста йæ заманы стырдæр аргъ кæмæн кодта, уыдонæй иу уыд Цоцко. Ахæм аргъ ын кодта Брытъиаты Елбыздыхъо дæр. Уый хуымæтæджы нæ уыдис. Номдзыд ахуыр- гонд Миллер йæ ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат куы арæзта, уæд агуырдта, ирон æвзаг бындуронæй æрдзон æгъдауыл чи зоны, ахæм лæгты. Æмæ уы- донæй сæ фыццаг уыд Цоцко. Уый ирон тæлмацы хъуыддагæн æвæрдта бындур. Ирыстоны ахуырады, аивады, культурæйы цыддæриддæр хорз хъуыддæг- тæ, ис уым Цоцко ныууагъта рæсугъд, арф æмæ
рухс фæд. Уый фыццаг хатт мæсыг схуыдта «Зонды мæсыг». Уымæн æмæ йæ стыр ныфс уыд ног дугæй, Цоцко афтæ хъуыды кодта: æмæ хæстыты заман фæ- цис, æмæ ралæууыд ног дуг. Цоцко нын цы хæрзтæ ныууагъта, уыдонæй мах абон хъуамæ пайда кæнын зонæм. Уыцы хуызы махыл стыр хæстæ ис. Цоцко нын цы фæдзæхста, уыцы арфæйаг хъуыддæгтæ мах хъуамæ дарддæр хæццæ кæнæм. Уымæн æмæ Цоц- ко йæхи Ирыстоны æмæ ирон дзырды фарнæн, йæ хорздзинадæн, йæ культурæ æмæ аивады рæзтæн йæ цард кæй снывонд кодта, уый хъуамæ æмбарæм. Æмæ уыцы хъуыддæгтæ Ирыстоны тыхджынæй-тыхджын- дæр куыд кæной дунейы фарн уый зæгъæд!» Цард цæуы, фæлтæр фæлтæры ивы, фæлæ Цоц- койы хуызæн разагъды лæгты номæн рохуаты тары фæуынæй тæссаг нæу. Уымæн æмæ уыдон сæ бирæ хорз хъуыддæгтæй нæ ирон адæмæй алкæй зæрдæйы дæр сæхицæн самадтой кады æмæ намысы æнусон мæсыг! с^(^^3$1*4~^ ^о
Æргом фыстæг зындгонд поэт, фыссæг, газет «Рæстдзинады» бындурæвæрæг Гæдиаты Цомахъмæ Фарн дæм бадзурæд æмæ уыцы бæсты рухс уæд дæ бынагПу Цомахъ! Фыссынц дæм газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы уацхæсджыты кæстæр фæлтæр! 1923 азы 14 мартъ- ийы газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыры рацыд стыр цин æрхаста нæ дзыллæйæн, батавта сын сæ зæрдæтæ уалдзыгон хуры хъарм тынтау. Сси сын стыр цинхæссæг, сæ сагъæстæ сурæг, хъаймæты бон ныфсдæттæг, царды хуыздæр афонтыл ныфсдарæг æууæнчы мæсыг, зæдæмсæр хæзна. Дæ иузæрдион æмхъуыдыгæнджытимæ бындур цы газетæн æрæв- æрдтат, уыцы газет «Рæстдзинад» Иры дзыллæйæн Цæгатæй Хуссармæ басгуыхт сæ царды ныфсы хос æмæ фарны тырысахæссæг, нæ дзыллæйы иугæнæг фидар зæрин рæхыс. Ирон газет уадзыны хъуыддаджы де ’мхъуыдыгæн- джытæ æмæ хæлæрттæ нæ интеллигенцийы раззаг- дæр минæвæрттæ — Брытъиаты Цæра, Къосыраты Сæрмæт, Барахъты Гино, Малиты Георги, Æмбалты Цоцко, Цомайты Харлампи, Гулуты Андрей æмæ ин- нæтæ газет «Рæстдзинад»-ы мæсыг цы фарны æгъ- дæуттыл самадтой, уый рухсæй хъомысджын æмæ цæрæццаг уыдысты æмæ сты газеты редакторты, уацхæсджыты алы фæлтæртæ хистæрæй-кæстæр- мæ. Уыдон кæддæриддæр ирон адæмон газеты фæр- стыл фыстой æмæ фыссынц Ирыстоны дзыллæйæн се ’нтыстыты тыххæй хъæууон хæдзарады, промыш- ленносты, экономикæйы, политикæйы, ахуырад æмæ наукæйы, спорты, культурæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстаты фæдыл. Сæ ныхас вæййы рæстаг æмæ цин- дзинады æнкъарæнтæй дзаг. Хуыцау бахизæд, фæлæ нæ уæзæгыл уæззау бонтæ куы скæны, уæд нæ фар- о ^~| Пм ■ I Щнш ЛД «ш§шиииищ шЛ. с^ о
ны артдзæст — газет «Рæстдзинад»-ы уацхæсджытæ се ’рмæджыты нæ адæммæ раст æмæ бæлвырд хъ- уыдытæ ма хæссой, ныфсдæттæг фидæны хуыздæр цардыл сæ ма баууæндын кæной, уый никуы вæййы!. Нæ республикæйы цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны æхсæн газет «Рæстдзинад» у фарн æмæ хæ- лардзинад тауæг фидиуæг. Нæ æхсæнад цы фыдбылызы æмæ æнæраст хъуыд- дæгтæй хъæрзы, уыдон газеты редакцийы кусæг æмæ æхсæнадон уацхæсджытæ хæссынц хурмæ, дзурынц сыл уæндонæй æмæ рæстагæй. Адæм редакцимæ цы хъæстытимæ æмæ куырдиæттимæ æрбацæуынц, уы- дон газет «Рæстдзинад» ма равзара лæмбынæг, стæй, куы бахъæуа, уæд бæрнон бынæтты бадæг хицæут- тæй бæлвырд дзуапп ма бадома, уый никуы вæййы. Афтæ уыд дæ рæстæджы, Цомахъ, афтæ у ныр дæр æмæ уыдзæн фидæны дæр. Уымæн æмæ газеты алы кусæг дæр, фыццаджыдæр, фæхъуыды кæны, йæхи цард хорз сараза, ууыл нæ, фæлæ газеткæсджыты, иу- мæйагæй нæ дзыллæйы царды амондыл. Уымæн æмæ йæ æмбары, дæ разы, Цомахъ, стæй нæ адæмы раз ныл цы бæрнон æмæ вазыгджын хæс æвæрд ис, уый. Уымæй нæ алчидæр у фæрнджын æмæ амондджын. Уыцы арфæйаг хъомыс нын ныууагътат сымах — ды æмæ де ’мхъуыдыгæнджытæ. Дæ фæстæ дзы цы фæлтæртæ куыста, уыдон æй рæсугъдæй алæвæрд- той махмæ. Æмæ йæ мах æххæст кæныныл архайæм ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй. Нæ зæрдæ дарæм, газет «Рæстдзинад»-ы мах фæстæ чи куса, уыдон дæр ын йæ фарны тырыса дæлæмæ кæй не ’руадздзысты, фæлæ йæ рæсугъдæй кæй хæсдзысты дарддæр. Æндæр хуызы кусын æмæ нæ размæ æвæрд хæ- стæм уæлæнгай цæстæй кæсын нын дæ Уаз æмæ Рухс номы фарн бар нæ дæтты! Цард ивы, ивынц йæ по- «:-.(^»»3;7 днГ) 1>
литикон æмæ æхсæнадон уавæртæ дæр. Фæлæ газет "Рæстдзинад" нæ дзыллæйы амонды сæрыл йæ тохы фæндаг нæ ивы. Алы ирон хæдзармæ дæр хаста æмæ хæссы ирондзинады, ахуырад æмæ фидæны хуыздæр цардыл æууæнчы уаз æмæ табуйаг рухс. Ды, Цомахъ, дзыллæйы дзуарау кæуыл бафæд- зæхстай, уыцы газеты алы фæлтæрты редакторты æмæ уацхæсджыты арфæйаг куыстæн алы азты æр- цыд аккаг аргъгонд. 1973 азы — орден «Кады ны- сан»-æй æмæ 2000 азы та нæ республикæйы уæлдæр æмæ кадджындæр хорзæх — Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийæ. Уыцы хорзæхтæ газе- ты кусджытыл, уацхæсджытыл хиуыл фервæссыны «гакк» нæ сæвæрдтой æмæ не ’вæрынц. Фæлæ сæ разæнгард кодтой æмæ кæнынц Иры дзыллæйы амон- дыл, сæ хорз цардыл архайыны æмæ аудыны фæнда- гыл ноджы æнувыддæр куыстмæ. Цомахъ, бар нын ратт æмæ æрхъуыды кæнæм, фæстаг цалдæр азы газет «Рæстдзинад»-ы редакцийæ цы æнувыд зиууæттæ фæхъуыд, уыдоны рухс нæмт- тæ. Уыдон сты Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусджытæ Æлборты Хетæг, Тепсыхъоты Зоя, газеты сæрмагонд уацхæссæг Хуссар Ирыстоны Ху- риты Гиви, газеты раздæры сæйраг редактор Хъесаты Валодя, нывгæнæг Зыгъуытаты Руслан, бæрнон ре- дактор Малиты Хасан, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Цомайты Ростислав. Уыдон сæ цыбыр царды, адæмы æмæ газет «Рæстдзинад»-ы хъ- æздыг азфысты ныууагътой рæсугъд фæд. Æмæ кæд- дæриддæр сæ нæмттæ уыдзысты арфæйагæй мысинаг фæлтæртæн. Никуы сæ ферох кæндзыстæм... Алы мыхуыры фæрæзæн, газет уа, журнал уа, йæ ахсджиагдæр фарста баст у тиражимæ. Уымæн æмæ Интернет бааууон кодта газеттæ æмæ журналты дæр. с ^ (^■■■Дм 3;8 |«3 ’ ^ °
Кæд ирон къонайы хъармыл, йæ фарныл дзурæм, уæд нæ зæгъын фæнды, махæн нæ куысты стыр æх- хуыс чи кæны, газет «Рæстдзинад»-ы цардхъомысыл чи ауды, уыцы фæрнджын адæймæгты тыххæй., Мах бузныг стæм Парламенты депутаттæ Дзебысаты Майрæм æмæ Уататы Зелимæй, куыстуат «Кавдоло- мит»-ы генералон директор Æгъуызарты Русланæй, Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Аланæй, Горæтгæрон районы раздæры сæргълæууæг Джиоты Георгийæ, Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутат Битарты Аликкæй, куыстуат «Севосетинэнер- го»-йы сæргълæууæг Хъæдохты Аркадийæ, Фæндæг- тыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы хицау Беккуызарты Хасанбегæй æмæ иннæтæй. Ацы ар- фæйаг лæгтæ се ’мкусджытæн, се ’взарджытæн кæд- дæриддæр рафыссынц ирон газет. Уый тыххæй нæм вæййы арфæйы фыстæджытæ дæр. Тæхуды, æмæ ацы арфæйаг адæймæгты Ирыстоны иннæ хицæуттæ æмæ амалхъомтæ дæр куы бафæзмик- кой. Æмæ-иу æвæрæз бинонтæм æмæ пенсиисджытæм нæ иунæг æрвылбонон адæмон газет "Рæстдзинад" рафыссынмæ æхцайæ куы фæкæсиккой. Тæхуды, æмæ нæ дзыллæйæн табутæ æмæ лæгъстæ кæнын куы нал хъæуид, газет «Рæстдзинад» рафыссут, зæгъ- гæ. Чи зоны, æмæ ацы фыстæг чи кæса, уыдонæй исчи зæгъа, ныртæккæ цард экономикон æгъдауæй тынг уæззау кæй у. Фæлæ, Цомахъ, ды ирон газеты сæргъы куы ’рлæууыдтæ, уыцы заман адæм ныртæк- кæйæ дзæвгар мæгуырдæр цардысты, фæлæ уæддæр сæ иунæг, мадæлон æвзагыл цæуæг газетыл уыды- сты, зæгъæн куыд нæй, афтæ æнувыд. Ныртæккæ та, цы йæ æмбæхсæм, нæ ирон адæмæй бирæтæ адзæгъ- æл сты мулчы æмæ æндæр хæзнатæ бакусыны сайд фæндагыл. Фæлæ, Хуыцауæн табу, се ’ппæт ахæмтæ
не сты! Уыдон зæрдыл куы æрлæууынц, уæд нæ зонд æмæ уд бахауы цавæрдæр æхсызгон æнкъарæнты уацары. Æмæ сæ газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусджытæ бузныг уыдзысты кæддæриддæр. Цомахъ, ды махæй хуыздæр зоныс, газет «Рæст- дзинад»-ы фарныл æфтауæг кæй уыдысты æмæ сты æхсæнадон уацхæсджытæ. Семæ æнувыдæй æмгуыст кæныныл архайы абон дæр редакци. Уыдон æрты- вæр хай æфтауынц газеты хъомысыл, зæрдæйæ йыл сты æнувыд. Цæрынц газеты æнтыстыты цинæй, сты нæ иумæйаг риссаг фарстатыл сагъæсгæнæг. Уыдон сты Кцойты Астемыр, уæлдæр къæпхæны ахуыргæн- джытæ Битарты Рая æмæ Базраты Фатимæ, зынд- гонд скульптор Дзбойты Михал, Хъахъхъæнынадон куыстуат «Юстас»-ы президент Насхъидаты Васили, дохтыртæ Джерапты Иринæ æмæ Церекаты Алан, Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм астæуккаг скъолайы директор, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Сæлбиты Иринæ, фæллойы ветерантæ Æрчъегкаты Зарæ, Фæрниаты Райæ, Зассеты Ми- сурæт, Томайты Шамил, Сокаты Азæ, зындгонд ахуыргæндтæ — историон наукæты доктор, про- фессор, ЦИПУ-йы президент Мæхæмæтты Ахуы- рбег, Уæрæсейы Федерацийы наукæты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры сæрдар, физикон-ма- тематикон наукæты доктор, профессор Къусраты Ана- толи, Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гума- нитарон æмæ социалон иртасæнты институты хайады сæргълæууæг, историон наукæты доктор, профессор Цыбырты Людвиг, ацы институты хистæр наукон ку- сæг Сатцаты Эльбрус, географион наукæты доктор, профессор Беруаты Барис, ЦИПУ-йы ирон филоло- гийы факультеты декан, филологон наукæты канди- дат Хозиты Барис, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт ар- с: С^ 40 Г^ ■> »
тист Тлаттаты Бексолтан, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусджытæ Гадзиаты-Бæлæуты Фузæ æмæ Дзугаты-Мурасты Риммæ, фысджытæ Хуыгаты Сер- гей, Ходы Камал, Дауыраты Дамир, Дзасохты Му- зафер, Хъауыраты Дауыр, Дауыраты Зоя, Соттиты Риммæ, æхсæнадон уацхæсджытæ Мамсыраты Ис- лам, Дзанæгаты-Цгъойты Булкæ, Гуылæрты Барис, мæскуыйаг Ходы Тамерлан, Уæлыгæсты Саркис æмæ иннæтæ. Стыр бузныг се ’ппæтæн дæр! Цомахъ, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыд- та, уæд газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусджытæй бирæтæ атындзыдтой тохы цæхæрмæ, чи дзы нал сы- здæхт, уыдонæн фæстæдæр редакцийы байгом кодтой номарæн къæй. Сæ рухс нæмттæ рох не сты редак- цийы кусæг абоны фæлтæрæй. Не ’ппæт дæр сæ мы- сæм сæрыстырæй. Ныртæккæ газет «Рæстдзинад» лæууы йæ 95 азы юбилейы къæсæрыл. Йæ редакцийы сæргъы æр- лæууыд, газетæн йæ куыстхъом журналисттимæ зæр- диаг лæггад бакæнынмæ йæ уд чи хъары — йæ сæй- раг редактор, филологон наукæты кандидат Битарты Маринæ. Хорз æмбары, нæ дзыллæйы, стæй газеты бындурæвæрджыты раз ыл цы бæрнон хæс æвæрд ис, уый. Æмæ йæ бирæ бæллицтæ газет «Рæстдзинад»-ы хорзæхæн æртывæр фарнимæ сæххæст уæнт! Мах та йын фидар æнцой уыдзыстæм кæддæриддæр. Нæ кадджын, буц хистæр Цомахъ, кæстæр бирæ нæ фæдзуры, æмæ нын хатыргæнæг у нæ дæргъвæтин ныхасы тыххæй. Рухсаг у... Газет "Рæстдзинад"-ы редакцийы кæстæр фæлтæры номæй Гасанты Валери, Хетæгкаты Оксансе, Касаты Аслæнбег < > СТЪ" 41- ш»Т) -4«
Ирон дзырдаивад æмæ мыхуырæн рæстаг лæггадгæнæг Ирыстоны фарн æнцайы, сыгъдæгзæрдæйæ йын лæггад чи фæкæны, бахъуаджы рæстæг ын æгъдæн- цой чи вæййы, уыцы намысджын фырттыл. Ирон дзырдаивад æмæ мыхуыры рæзтыл йæ зонд æмæ йæ курдиатæй рæстагæй чи сахадыдта, уый уыд Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, рухстауæг Гулуты Андрей. Йæ хæлæрттæ йæ уарзонæй Æндри хуыдтой. Уый уыд нæ ирон литературæйы хистæр фæлтæрæй. Йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыста, Æрыдоны семинары ахуыргæнинаг ма куы уыди, уæд. Ссардта дзы Иры нæртон хъæбул Хетæгкаты Къостайы ном: Фæзын, поэт, фæзын, У рагæй дæм нæ каст, Нæ бæстæйæн ныззар Йæ хъизæмар, йæ зынтыл, Йæ хъæбулты куыдыл, Сæ сагъæссаг хъуыдытыл, Нæ Ногбоны ыскаст Æмæ æрцыдыл, Фæзын поэт, фæзын, У рагæй дæм нæ каст! Семинары кæй ахуыр кодта Андрей, уый хорз са- хадыдта йæ курдиатыл æмæ политикон зондахасты рæзтыл. Ам æххæстæй базыдта Пушкины, Лермонто- вы, Тургеневы, Чеховы æмæ ма фæсарæйнаг фысджы- ты сфæлдыстад. Ирон литературæйы бындурæвæрæг Къостайы поэзи йæ зæрдæмæ афтæ хæстæг иста æмæ ма йын суанг йе ’мдзæвгæтæ дыгурон диалектмæ дæр ратæлмац кодта. Гулуты Андрей йæхæдæг дæр æмд- зæвгæтæ фыста дыгуронау. Сæ иуы ссардта зынд-
гонд поэт Багъæраты Созыры рухс ном. Ирдæй дзы равдыста йæ уацмысты сæйраг нысан æмæ хъуыдытæ. Æмæ фыста: Нæ мæгуртæ дин адтæнцæ Нæ уингæг бæнтти хъазар. Æнæ инон дин иссæнцæ, И бонгинтæ, и æлдар. Сæребарæ, сæребарæ Дæхуæдæг æй фæуидтай, Дæ зарти ин ду æ хъаурæ Æ тæмæнтæ фæдзурдтай! Æрыдоны семинары ахуыр кæнгæйæ, базыдта лирикон поэзийы æмæ тæлмацы жанры æууæлтæ. 1917 азы дыууынцыппараздзыд поэт ахуыр кодта Мæскуыйы коммерцион институты. Разæнгардæй архайдта студентты æхсæнадон змæлды. Фыста са- бырдзинадыл, фæллойгæнæг дзыллæты зын цардыл, сæрибардзинадыл. Йæ поэтикон хъуыдытæ уыдысты ирд æмæ æнкъарæнджын. Йæ уацмыстæ мыхуыр кодта «Вестник студенчества»-йы. Уыцы-иу рæстæг кодта кусгæ дæр. Йæ зæрдæмæ арф иста Мæскуыйы студентты змæлды революцион равг. «Цыфæнды дугивæн дæр адæмæн æрхæссы соци- алон æмæ моралон зындзинæдтæ. Мæскуыйы куыд удхар кæнынц адæм, дзулхъуаг куыд æййафынц, уый банкъардтон зæрдæйæ», — фыста Андрей йæ мыси- нæгты. Коммерцион институт кæронмæ каст нæ фæци æмæ ссыд Ирыстонмæ. Кодта литературон æмæ æх- сæнадон куыст. Фыста æмдзæвгæтæ æмæ уацтæ газет «Кермен»-мæ. 1923 азы Ирыстоны культурæ æмæ æхсæнадон цар- ды æрцыд стыр æмæ æхсызгон цау — мыхуыры ра- цыд газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыр. Уыцы рæ- стæг Андрейы редакцимæ кусынмæ æрбахуыдта газет
«Рæстдзинад»-ы редактор Гæдиаты Цомахъ. Андрейы зæрдиаг архайд газеты мидис æмæ æрмæджыты те- матикæйыл хорз сахадыдта. Куыд редакцийы лите- ратурон хайады сæргълæууæг, афтæ Андрей зæрди- агæй æххуыс кодта, сфæлдыстадон куысты фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыцы фæсивæдæн. Уагъта сын сæрмагонд литературон фарс «Размæ». Номдзыд ирон поэт, ахуыргонд æмæ публицист Гæдиаты Цомахъ стыр аргъ кодта Гулуты Андрейæн. Зæрдиагæй йыл кæй аудыдта, ууыл дзурæг у, Ленин- грады Историйы, философи æмæ литературæйы ин- ститутмæ йæ ахуыр кæнынмæ кæй арвыста, уый дæр. — Гулуты Андрейы хуызæн зондджын, зæрдæхæ- лар хистæр нæ газеты редакцийы кæй куыста, уый нæм æвзæрын кæны ноджы æнтыстджындæр сфæл- дыстадон куыстмæ тырнындзинады æнкъарæнтæ, — зæгъы газет «Рæстдзинад»-ы хайады сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы æмæ Уæрæсейы Федерацийы куль- турæйы сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, фыссæг, этнограф Цгъойты Хазби. — Нæ университеты ирон-уырыссаг хайад каст куы фæдæн æмæ газет «Рæстдзинад»-мæ кусынмæ куы æрбацыдтæн, уæд нæм нæ фысджыты хистæр фæлтæр кастысты зæххон адæмы хуызæн нæ, фæлæ уæларвон зæдтæ. Гулуты Андреймæ дæр уыцы цæстæй кастыстæм. Æрыгон журналист уыдтæн, афтæмæй мæ газет «Рæстдзинад»-ы редактор Хъа- ныхъуаты Валодя арвыста Гулуты Андреимæ аныхас кæнынмæ. Хъуыд мæ зындгонд поэт æмæ журнали- сты тыххæй йæ 80 азы бонмæ æрмæг бацæттæ кæ- нын. Ссыдтæн, Дзæуджыхъæуы кæм царди, уыр- дæм. Цæргæ та кодта иумæйаг кæрты. Бахъуыды дзы кодтон тыргъ æмæ æртæ уаты. Йæ цардæмбал мыл тынг зæрдиагæй сæмбæлдис. Андрейæн тынг æхсыз-
гон уыд, йæ 80 азы юбилей йын газеты редакци кæй æрхъуыды кодта, уый. Куыд æй зонæм, афтæмæй уый уыдис газет «Рæстдзинад»-ы бындурæвæрджытæй иу. Аныхас кодтон йемæ, фарстытæ йæм радтон. Æмæ мын мидисджын æмæ бæстон дзуаппытæ фæлæвæрд- та. Уый фæстæ æрмæг ныффыстон, æмæ газет «Рæст- дзинад»-ы рацыдис. Андрей газет «Рæстдзинад»-æн бирæ хæрзты бацыд. Йемæ ма ирон газет рауадзыныл архайдтой Брытъиаты Цæра, Барахъты Гино, Къосы- раты Сæрмæт, Малиты Георги æмæ иннæтæ. Гулуты Андрейы риуы тæлфыд поэты зæрдæ. Цы рæстæджы цард, уымæн хорз æмбæрста йæ ахаст. Йе ’мдзæвгæты ирдæй æвдыста адæмы сыгъдæгзæрдæ фæллойы нывтæ, æгъдау æмæ æфсармы, нæ æрдзы рæсугъддзинады равг. Гулуты Андрейы сфæлдыстадæн ныртæккæ ирон литературон цыды цы ахадындзинад ис, уый тыххæй йæ хъуыдытæ зæгъы ЦИПУ-йы ирон филологийы фа- культеты декан, филологон наукæты кандидат Хози- ты Барис: «Стыр ахадындзинад ис Гулуты Андрейы сфæлдыстадон æмæ рухстауæн архайдæн. Уый уыдис хæрзæгъдау адæймаг, æцæг интеллигент, цæстуарзон, сабыр лæг. Мах 1977 азы нæ университеты ирон-уы- рыссаг хайады фыццаг курсы куы ахуыр кодтам, уæд мемæ иу курсы ахуыр кодтой Хохойты Энвер, Колыты Витали, Тахъазты Валери. Æмæ Андреймæ æнæхъ- æн курсæй бацыдыстæм уазæгуаты. Кæд йæхæдæг æмæ йæ бинойнаг дæр уæд кардзыд уыдысты, уæд- дæр ныл ирон фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ æхсызго- нæй æмæ хорз сæмбæлдысты. Нæ курсы чызджытæ йын йæ фатер бафснайдтой. Уый та нын касти йæ ног æмдзæвгæтæ, йæ чингуытæ дæр нын балæвар кодта. Андрей уыдис йæ адæмы иузæрдион хъæбул. Йæ уацмысты фылдæр хай фыст сты ирон литературон о ^_ш (■«■ |ц, ^^^а§штаии^) с^ о
æвзагыл. Ома, ахызти «къуымон» патриотизмы сæр- ты. Хорз зыдта дунеон æмæ уырыссаг классикты хуыздæр уацмыстæ. Уымæ гæсгæ йæхи сфæлдыста- дон бынтæн ис стыр ахадындзинад. Нæ университеты профессор Челæхсаты Людмилæ ныффыста кандида- тон диссертаци Гулуты Андрейы сфæлдыстады фæ- дыл, хицæн чиныгæй дæр ын рацыд. Уымæй стыр æвæрæн бахаста йе сфæлдыстад иртасыны хъуыддаг- мæ. Фæлæ нырма поэты сфæлдыстадон бынтæ æнхъ- æлмæ кæсынц се ’цæг иртасæгмæ. Хицæн æмæ бæ- стон ныхасы аккаг сты йе ’мдзæвгæтæ, мысинæгтæ, критикон æмæ публицистон уацтæ». Гулуты Андрейы цардвæндаг зæрдылдарæн цаутæй тынг хъæздыг уыд. Мæскуы æмæ Ирыстоны рауагъ- дæдты йын мыхуыры рацыд дæс чиныгæй фылдæр. Сæ зынгæдæртæ сты: «В бессонные ночи», «Æмд- зæвгæтæ», «Бечыр» (поэмæ), «Уæлахизы зарджытæ», «Мæ фæззæг», «Къæпхæнтæ», "Тохы фæндæгтыл», «Диссаджы дыргъдон" æмæ æндæртæ. Ацы чингуыты ’хсæн ис ирон литературæ æмæ культурæйы зиууæт- ты тыххæй йæ мысинæгты æмбырдгонд. Уый уыд ирон литературæйы мемуарты жанры фыццаг фыст чиныг «Мæ мысинæгтæ». Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цæхæры кæд Гулуты Андрей йæ кармæ гæсгæ нæ уыд, уæддæр æй фи- дарæй уырныдта, нæ Сырх Æфсад фашистон тугд- зыхтыл кæй фæуæлахиз уыдзæн,уый. Уыцы равгыл фыста очерктæ æмæ æмдзæвгæтæ: О, мæ Ир, дæ тохы бонты фидыс ныр дæ хæстæ, Арвыл ратæхынц хæстонтæ — мах æндон цæргæстæ! Тохы бонты мах æфсадæн чи слæудзæн йæ ныхмæ...
Æцæг фæрнджын хистæр кæстæртыл аудæг вæй- йы, цæстуарзонæй сын амоны царды раст фæндаг. Йæ зæрдæйы хъармдзинад ын æххæстæй йæхиуыл чи банкъардта, уый у журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, поэт, фыссæг Дзасохты Музафер. — Гулуты Андрейы базыдтон, педагогон институты ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд. 1955 азы ме ’мд- зæвгæтæ бахастон журнал «Мах дуджы» редакцимæ, — дзырдта нын Музафер, — журналы редакцийы куыста уæд Андрей. Тынг уæздан лæг мæм фæкасти. Хæстæгдæр æй куы базыдтон, уæддæр мæ уыцы хъ- уыды нæ аивтон. Уыди уæззау зондыл хæст, хъæрæй дзурын дæр нæ зыдта. Йæ уæздандзинад æмæ æгъдау йæ алы фезмæлдæй дæр бæрæг уыди. Иу рæстæг æй æвзæрстой Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советмæ депу- татæй. Æмæ йын æууæнкджын адæймаг æз уыдтæн. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, ныртæккæ профцæдисты хæдзар кæм ис, уым уыд йæ фембæлд æвзарджыти- мæ, фæллойгæнджытимæ. Æмæ уыцы ран дзырдтон, Андрей ирон литературæмæ цы æвæрæн бахаста, цавæр адæймаг у, уый тыхххæй. Æцæгæйдæр, фарн кæмæй цыдис, ахæм лæг уыд Андрей æмæ мæ зæр- дæйы ахæмæй баззад. Курдиатджын поэт, публицист æмæ тæлмацгæнæг Гулуты Андрей бæркадджын хуынтæ бахаста ирон дзырдаивады хæзнадонмæ. Æмæ йæ ном фæлтæртæн уыдзæн хорзæн мысинаг кæддæриддæр. о ^.(—^4;7«^~) с;»
Ирыстонæн лæггадгæнæг Ирон литературæйы хæзнадон хъæздыг у нæ дзы- рды дæсныты аив уацмыстæй. Сæрмагонд, аккаг бынат дзы ис курдиатджын поэт Плиты Харитоны сфæлдыстадæн. Плиты Дауыты фырт Харитон (буцæн æй Хадо хуыдтой) райгуырд 1908 азы Хуссар Ирыстоны Ручъы хъæуы. Йæ сабийы бонты банкъардта æрд- зы рæсугъддзинад, хæххон дæттæ йын кодтой сæ зарджытæ, рæвдыдтой йын йæ æвзонг зæрдæ. Цар- ды скъола Харитонæн сси хъæубæсты Ныхас. Ам ын зæронд лæгты дзырд уыд Нарты кадджыты, æм- бисæндты, зарджыты æмæ таурæгъты алæмæты суа- донау. Мæнæ куыд равдыста йæ райгуырæн хъæуы æрдз йе ’мдзæвгæтæй иуы: Кæм нæ уыдтæн, цы рæтты-иу нæ хаттæн, Куы ’нкъард кодтон, куы та фырцинæй радтæн, Фæлæ уæддæр æз дæу, мæ Рукъ, фæмысын, Цыдæрхуызон мæхи мидæг фæтыхсын, Мæ цæстысыг фыццаг хатт ам æркалдтон, Фыццаг хатт ам мæ къух мæ мадмæ радтон, Мæн авдæны сындæггай уый фæузта, Мæ улæфтмæ мын тар æхсæвты хъуыста, Ам арвы нæрд мæнмæ фыццаг хатт фехъуыст, Æз ам федтон фыццагдæр, зæй куыд фенкъуыст. Мæнæн-иу дымгæ бадзырдта мæ хъусы, Фæлмæн узæлд уым узæлыд мæ рустыл, Дзывылдарæн куы ссардтон уым йæ ахстон, Æз гагадыргътæ уыцы ран куы тыдтон, Гыццийæн дзы мæ хызыны куы хастон. Харитон райдайæн ахуырад райста Ручъы дины скъолайы, астæуккаг ахуырад та — Цхинвалы. Уый фæстæ 1932 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы
историйы, философи æмæ литературæйы институт- мæ. Фæлæ йæ йæ царды уавæртæм гæсгæ кæронмæ каст нæ фæци. Æмæ 1936 азы сыздæхт Ирыстон- мæ. Куыста бæрнон бынæтты, журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæг»-ы редакциты, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдарæй, Хуссар Ирыстоны наукон-иртасæн институты зонадон кусæгæй, чины- гуадзæн «Ир»-ы редакторæй, газет «Рæстдзинад»-ы культурæйы хайады хицауæй. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны, стæй Мæскуыйы чиныгуадзæнты Хари- тонæн мыхуыры рацыд бирæ поэтикон æмбырдгæнд- тæ: «Цæхæртæ», «Зæрдæ», «Хуын», «Дидинæг», «Æнусон цин», «Тузар» (æмдзæвгæтæ сывæллæттæн), «Уæлахизы кадæг», «Сæлимæт», «Песня гор», «Фы- дыуæзæг» ... Плиты Харитоны æмдзæвгæтыл фыст æрцыд зæрдæмæхъаргæ, аив зарджытæ. Уыдонæн сæ зындгонддæртæ сты «Сæрдыгон изæр» æмæ «Инал». «Мæздæггаг чызджытæ». Зарæг «Сæрдыгон изæр»- мæ хъусгæйæ, нæ цæстытыл ауайы сæрдыгон мæнæу- зад быдыр. Банкъарæм дзы, фæллойгæнæг йæ куы- стæй куыд æхсызгон цин исы, уый. Æмæ куыд нæ! Адæймаг зæххыл рæстагæй куы фæллой кæна, йæ куысты бæркад алы бон дæр куы уына, фидæн ноджы рæсугъддæр кæй уыдзæн, ууыл йæ зæрдæ куы дара, уæд ын цард хæссы æгæрон амонд æмæ æхцондзи- над. «Иналы зарæг» та фыст у коммæгæс, хистæру- арз лæппу Иналыл. Уый аргъ кæны йæ хистæртæн, сæ алы куырдиатмæ, дзырдмæ дæр сын хъусы æмæ дзы йæ нанайы зæрдæ æрвылбон райы æмæ йæ кæ- стæры уыцы хæрзæгъдаудзинадыл цин кæны. Æмæ йæ алыхуызы фæрæвдауы ацæргæ ус дæр, сабийы кар æмæ зонды гæнæнтæ хатгæйæ. Зарæг у æнцонæй бахъуыдыгæнæн, аив æмæ рæсугъд. Æхсызгондзинад хæссы, алы кары чи ис, уыцы сабитæн æмæ йæ рæв- сЧ^ДЭ^ §Г^) ;,
дауæндæтты, астæуккаг скъолаты райдайæн кълæсты стыр разæнгардæй уымæн фæзарынц. Суанг ма нæ кафты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы æмæ УФ-йы адæмон артист, номдзыд композитор Гæздæнты Булаты фæрцы «Иналы зарæг» базыдтой Африкæйы дæр. Харитоны æмдзæвгæйыл фыст иннæ зарæг «Мæздæггаг чызджытæ»-йы æвдыст цæуы хор æмæ хурæфсæст мæздæггаг чызджыты куыстуарзон- дзинад, стыр цин сæ хидгуысты кæй уынынц, æп- пæт уыцы æууæлтæ. Зарæг абон дæр арæх фæзæлы радио æмæ телеуынынады эфирæй. Сæ репертуармæ йæ хæссынц, куыд профессион, афтæ хæдахуыр во- калисттæ, аивадон къордты разамонджытæ. 1972 азы чингуыты рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыд Плиты Харитоны æвзæрст уацмысты хицæн чиныг. Уый тыххæй йын (йæ мæлæты фæстæ) саккаг кодтой нæ республикæйы кадджындæр хорзæх — Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми. Плиты Харитон йæ адæмæн лæггад кодта куыд тæлмацгæнæг дæр. Ирон æвзагмæ раивта Александр Пушкины, Михаил Лермонтовы, Николай Некрасо- вы, Тарас Шевченкойы æмдзæвгæтæ. Уыдоны зыны, Плийы-фырт ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ хорз кæй зоны æмæ æнкъары, поэтикон дзырды æрдзон зæлы- над хорз кæй хаты, уый. Харитоны иууыл стырдæр, хуыздæр аивадон-по- этикон уацмыстæй иу у поэмæ «Сæлимæт». Мæнæ уый тыххæй йæ рæстæджы куыд фыста зындгонд поэт, литературæиртасæг Гаджиты Георги: «Харитон хорз сныв кодта хæххон сылгоймаджы хъысмæт ног дуджы, ног цард æмæ тохы уавæрты. Сæлимæты об- рæз æвдыст цæуы цыргъ драматикон цауты. Уымæ гæсгæ иннæтæй æххæстдæр рауад.Фæлæ кадæджы сæйраг архайæг æрмæст уынд æмæ кондæй хъæздыг
нæу. Фæлæ рæсугъд æмæ хъæздыг у йæ удыхъæдæй, йæ хъаруйæ, йæ ныфсæй. Уымæ гæсгæ та нæ Сæли- мæты трагеди æмæ маст кадæджы кæрон æнкъард хъуыдытыл нæ бафтауынц, фæлæ нын нæ зæрдæты сæвзæрын кæнынц ныфс, нæ сæры та рæсугъд хъуы- дытæ». Ирд ахорæнтæй сныв кодта Харитон чызджы мæ- лæт: Тарст цъиуау чызг дæр ныррызти, Арцау йæ сæрыхъуын сбадт, Иу сыбыртт дзыхæй нæ хъуысти, Тар ныв йæ цæстытыл уад, Зæрдæ йæ риуы фæтоны, Зæрдæ нæ уромы маст, Атахт фæдисонау донмæ, Цъус æм æдзынæг ныккаст, Абухта ивылд дон арсау, Диссаг кæлæнтæ фæци. Мæнæ Сæлимæт кæсагау, Гуылфмæ нывзылдта йæхи, Дон ын йæ дзыккутæ фасы, Уый дæр ыл марой кæны, Тар хъæдæй сидахъ ныууасы, Уыг дæр æнкъардæй кæуы. Харитон ма бирæ фæкуыста поэмæ «Уæлахизы ка- дæг»-ыл. Автор йæ уацмысы бындур снывæзта адæ- мон кадæг ^«Бадилаты балц»-ыл æнцайгæйæ. Хадо хъæбулы цæстæй кæй кæсы фыдæлты уæзæгмæ, уый зыны мæна^ ацы рæнхъытæй: Макуы дын уæд, о, мæ Ир, фæкæлæн, Тæх æнусты хурæмдзу цæргæсау, Дарын дæу, мæ бон, мæ хъуыры ’гънæгæн, Зæрдæмæ дæ фендæй рухс ныккæсы! Ды дæ туг дæ фыдгултæй куыд истай,
Уый бæрæг уыд карз тохы æрвылбон, Искæд ды цæйнæфæлтау фæриссай, Уый бæсты мæ сæр фæуæд дæ нывонд. Нæ бæстæйы историйы стырдæр æмæ æвирхъау- дæр цаутæй иу уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæст.Поэт ын зæрдæйæ банкъардта йæ зынтæ. Салдаты æнæба- сæтгæ тых равдыста мæнæ ацы рæнхъыты: Уад йæ разæй мигъты суры, Уад æврæгъты тæнтæ стигъы, Уад стонг сырдау лæбуры, Уад зырнау ныззилы тигътыл! Ныр цы уромы хæстоны, Уый бырсы хъæпæнтæ ссæндгæ, Йе стыр маст йæ риуæй тоны, Сар сæ сæр кæндзæни знæгтæн! Уæдæ хæххон æрдзы хуызтыл, нæ дæтты зæллан- ггæнгæ зарджытыл, сæ фæлгонцтыл стыр æхсыз- гонæй куыд дис кæны поэт, сæ аивдзинады уарзон чызджы сурæт куыд уыны, уый тыххæй та йæ хъуы- дытæ ранывæзта мæнæ ацы æмдзæвгæйы: Сæуæхсид арвгæрæтты ссыгъд, Æртæх та кæрдæгыл схуды, Мæ фæллад цадæггай фæлыгъд, Рæвдауынц æрдзы нывтæ уды. Къуымбилау фæлм у комыл тыгъд. Мыййаг кæд бацыдтæ ныр дисы, Сæ цинæй разылди дæ сæр, Ды мæм рæсугъддæрæй зыныс, Бæстыл хуыздæр цы ис æмбалæй... Плиты Харитоны поэзи сæрысуангæй аив ахорæнтæй нывæзт кæй у, ууыл дзурæг сты Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг Гулуты Андрейы ныхæстæ: «Хадо-иу йæ тæрныхыл йæ къух сæвæрдта, йæ цæстытæ-иу ба- с^С^5Я #^)'-:-«
цъынд кодта, афтæмæй-иу йæхимидæг дзырдта цы- дæртæ. Афтæмæй-иу агуырдта йæ фыстæн хуыздæр æмæ бæлвырддæр ныхæстæ, аивдæр поэтикон сурæт- тæ. Æмдзæвгæ-иу куы ныффыста, уæд- иу æй бакаст. йе ’мбал поэттæн. Æмæ йын-иу тынг æхсызгон уыди, исты критикон фиппайнаг ын-иу куы загътой, уæд. Афтæ, афтæ, хорз, хорз, зæгъгæ-иу лæмбынæгдæр йæ фыстмæ æркасти». Плиты Харитоны удыхъæд æххæст уыд ирон лæджы хуыздæр миниуджытæй. Уарзта кæстæр- ты, йе ’мгæртты. Мæнæ куыд фыста зындгонд поэт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Мы- ртазты Барис йе ’мсис хæлары тыххæй: «Хадо адæй- магæй уыди ахæм адæймаг: ног чындзау — уæздан, хæдæфсарм, схæссæг фыдау — цæстуарзон, сывæл- лонау — сыгъдæгзæрдæ, булæмæргъау — æнæмаст. Цæхх, кæрдзынæй та таучел басгуыхт». Æвæдза, адæймаджы удыхъæды æппæлинаг миниуджытæ куы уа, уæд йæ дзыллæйæн дæр басгуыхы рухсхæссæг æмæ амондтауæг. Мæ зæрдæ мæм æфтæ дзуры, æмæ цыма Плиты Харитон дæр уыцы удгоймæгтæй уыд. Æндæр, йæ зæххон цардæй куы хицæн кодта 1966 азы, уæд йæ фæстаг фæндагыл æрвитæн бонмæ иннæ зындгонд поэт Гæлуаты Аким мæнæ ацы рæнхъытæ нæ ныффыстаид: Дæ аив, нывæфтыд хъуыдытæ Уыдысты цызæйау нывæзт, Дæ уæлтæмæн адæмы цытæн Æрцыди минуты онг уæрст, Ды нал дæ, нæ арæхстджын барæг, Мах зæхмæ сæркъулæй кæсæм, Хæрзбон у, дæ фæрнæйдаг зарæг Фæндагсарæн немæ хæссæм... ° « ■ С"!1 1 Д;3<и#1 »у ’^ °
Раст уыди Гæлуайы-фырт, уымæн æмæ абон дæр цæры фæлтæрты зæрдæты уæздан адæймаг, курди- атджын поэт Плиты Харитоны ном. Ахæм æгъдау йæ дзыллæйæ Хадо бакуыста нæ дзырдаивады хуымы йæ зæрдиаг фæллойæ. Æмæ дзы цы бæркад райста, уымæй ныфсджын, базырджын æмæ цæхæрзæрдæ уыдзысты фидæны фæлтæртæ! с> (^^5^4^^о
Уыд ирон дзырдаивады цырагъдар Ирон дзырдаивадмæ стыр æвæрæн чи бахаста, нæ поэзийы рæзтыл йæ курдиат хорзæй кæмæн саха-' дыдта, уыцы фарны лæгтæй иу уыд зындгонд поэт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Хетæгкаты Къ- остайы номыл паддзахадон премийы лауреат Мыр- тазты Барис. Фидæны поэт райгуырд 1917 азы 1 январы Заман- хъулы. Хъæуы хистæрты Ныхас ын уыд, мадæлон æвзаджы ад кæй фæрцы æнкъардта, ахæм æвæджиа- уы бынат. Ам-иу арæх бадт æмæ кадджытæ кодта ка- дæггæнæг Мыртазты Дзамболат. Лæппу йæм-иу хъу- сынæй не ’фсæст. Уæд йæ чысыл зæрдæйы æвзæрын райдыдта фыццаг æнкъарæн аив дзырдмæ. Барис райдайæн ахуырад райста йе ’рвад, рухста- уæг Мыртазты Мыртазы скъолайы. Фæстæдæр, хъ- æуы астæуккаг скъола куы сарæзтой, уæд ын фæци йæ ахуыр адарддæр кæныны фадат. Йæ амондæн дзы директорæй сæвæрдтой номдзыд ирон фыссæг Мамсыраты Дæбейы. Лæппу уæдмæ йæхи фæлва- рын райдыдта литературæйы. Уый Дæбе æнæбафип- пайгæ нæ фæци æмæ йын зæрдиагæй æххуыс кодта. Барисы фыццаг æмдзæвгæтæ, кæд нырма фæлвых уыдысты, уæддæр Дæбейы уырныдта, ирон литера- турæйæн бирæ хæрзты кæй бацæудзæн, уый. Æмæ нæ фæрæдыд. 1937 азы Барис бацыд педагогон училищæмæ æмæ бахæлар фидæны поэттæ Цæгæраты Максимимæ, Калоты Хазбиимæ, Баситы Дзаххотт æмæ Кочыса- ты Мухарбегимæ. Ацы фæсивæды удтæ дзаг уыды- сты ахуырмæ æмæ сфæлдыстадон куыстмæ тырнын- дзинадæй. Уый хыгъд æмбæрстой, литературæйы ° ^» С^ #!»5»5н> ■у--^ °
удуæлдайæ фæллой кæнын кæй хъæуы, уый. Æмæ дзы талф-тулф куыст кæнын йæ сæрмæ ничи хаста. Се ’мдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ рæстæгæй-рæстæг- мæ мыхуыргонд цыдысты газеттæ «Рæстдзинад»-ы, «Æрыгон большевик» æмæ журнал «Мах дуджы». 1939 азы Барис сси Цæгат Ирыстоны педагогон институты студент. Ам дæр йе ’мгæрттимæ разæнгар- дæй хызт наукæ æмæ сфæлдыстады бæрзæндтæм. Æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци. 1940 азы Цæгæраты Максим, Баситы Дзаххотт, Кочысаты Мухарбег æмæ Мыртазты Барисæн мы- хуыры рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд «Мах уарзæм». Чиныгыл тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты л итерату рæу арзд жытæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Ба- рис атындзыдта тохы цæхæрмæ. Хæцыд Цæгат Кав- казаг, 4-æм Украинаг æмæ 1-æм Белорусаг фронтты. Архайдта Варшавæ æмæ Берлин знагæй ссæрибар кæныныл карз тохты. Цыфæнды зын уавæрты дæр хъуыды кодта йæ адæмыл, йæ чысыл Ирыстоны хъ- ысмæтыл, йе ’мбæлттыл. Хæсты цаутæ дзы никуы рох кодтой. «Æз, фыццаджыдæр, хъуамæ æрымысон нæ уарзон æмгар Мухарбеджы. Фыстой мæм, фæмард, зæгъгæ. Нæ зонын, цас æцæгдзинад у... Фæлæ мæн нæ уырны. Нæ мæ уырны, Мухарбеджы нал фендзынæн, уый. Тынг ыл фæрыстæн. Мæ хорз æмбал Баситы Дзах- хоттæй дæр ницы хабар хъуысы. Цымæ цы фæци?! — фыста Мамсыраты Дæбемæ. — ... Райстон «Мах дуджы» 1-аг æмæ 2-аг номыртæ. Бакастæн сæ. Æх- сызгон мын у хи дзыллæйы хъæлæс ацы дард æнак- каг Германы хъусын. Æрæджы Рейхстаджы раз иу кусæндоны ссардтон Хетæгкаты Къостайы уырыссаг æмдзæвгæты чиныг». О С^§ 5Р ■#Г^,
Ацы фыстæгæй бæлвырдæй зынынц поэты удыхъ- æды миниуджытæ. Уый раст хи фыдау, стыр аргъ кæны Дæбейæн. Æрхæндæгæй, рыстзæрдæйæ мысы йæ хæлæртты — курдиатджын поэтты. Иры нæртон хъæбул Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты чиныг æцæгæлон зæххыл кæй ссардта, уый та, адæймаджы хъуыдытыл чи æфтауы, ахæм цау у. 1946 азы Мыртазты Барис ссыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Куыста газеттæ «Рæстдзинад»-ы, «Æры- гон болыневик» æмæ нæ республикæйы паддзахадон радиойы. 1957-959 азты ахуыр кодта Мæскуыйы уæл- дæр литературон курсыты. Фæсаууонмæ каст фæци Максим Горькийы номыл литературон институт. Уый фæстæ 13 азы бакуыста чиныгуадзæн «Ир»-ы сæй- раг редакторæй. Уыд бæрнон æмæ домаг. Уæлдай тынгдæр аудыдта æрыгон поэттæ æмæ фысджытыл. Уагъта сын сæ уацмыстæ хицæн æмæ иумæйаг æмбы- рдгæндтæй. Амыдта сын сфæлдыстадон куысты су- сæгдзинæдтæ. Мыртазты Барисы æмдзæвгæты чингуытæ рухс фед- той Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй Мæскуыйы рауагъдæдты. Сæ зындгонддæртæ: «Уад», «Мæ уар- зондзинад», «Ныхасы фарн», «Дарьял», «Осетин- ский тост», «Бонрæфты», «Хæххон дидинæг», «Зем- ные дороги», «Горы — это люди», «Хæрзæмбæлæг», «Хæрзæггурæггаг», «Æвзæрст уацмыстæ», «Хотых», «Мирные бойницы» æмæ «Æмдзæвгæтæ» (ацы ды- ууæ чиныджы тыххæй райста Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми). Мыртазты Барисы курдиат райрæзт æмæ фæхъо- мысджындæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты. Уый йын сси йæ лæджыхъæды æмæ сфæлдыстадон хъ- аруйы фæлварæн заман. Уæд тынгдæр банкъардта сæрибардзинады ад:
Лæппуйæ цардмæ сонты цæстæй кастæн, Æмæ мын уыд хъæмпы халау йæ уæз. Хъæндзæргæстау куыд атахтысты азтæ, Уый рухс бонты нæ рахатыдтон æз. Куы ахаттæн лæгæвзарæн хæтæнты, Фыдыбæстæн куы басгуыхтæн салдат, Куы цыдтæн тохы кардыком фæндæгтыл, Уæд царды арфæн бамбæрстон йæ ад. Знагимæ тохы кæд поэт цыфæнды стыр зынтæ æвзары, уæддæр йæ уæззау уавæрыл нæ хъынцъым кæны. Поэты зæрдæ куыд хорз æмбæрста, раст цыма йе уæны каст, афтæ, æцæгæй дæр, уалдзæджы не стыр бæстæйыл скаст Уæлахизы æмæ сабырдзинады хур. Ныр кæд хæсты хъизæмæрттæ фесты, уæддæр сæ поэт нæ рох кæны. Цæмæй хистæрты сгуыхтытæ кæ- стæртæ дæр сæ зæрдыл дарой, куы бахъæуа, уæд та сæ райгуырæн уæзæг бахъахъхъæнынмæ цæттæ уой, уый тыххæй сын фæдзæхсы: Мæнæн мæ сæрыл азты чырс фæзынд Хæсты быдыры стыр тохы гуылфæнты. Зын у, кæстæр, фæндаг амонын, зын, Фæлæ ма царды размæ цом мæ фæдыл! Нæ балц у даргъ, æмæ дæ ма уæд рох, — Дæуæй лæгдзинад равдисын фæлгъаудзæн... Нæ размæ ис егъау, фæтæнриу хох, Куы йæм скæсай, уæд дæ худ æрхаудзæн... Æри дæ къух... Æрмæст мын у цырддзаст, Æмæ æмзондæй ног бæрзæндтæм хизæм. Мыййаг та зæй куы ракæла æваст, , Уæд хъуамæ мах йæ нæрынæй куыд ризæм! с^С^ 5^<«»^^0
Ирыстоны хæхты, нæ æрдзы рæсугъддзинадыл фыста поэт. Ирон æгъдауы æмæ намысы хъомыс та ирдæй, парахатæй равдыста æмдзæвгæтæ: «Ирон сид- ты», «Уырдыгыстæджы», «Сахъ барæджы» æмæ поэ- мæ «Æгъдауы кадæджы». Æмдзæвгæ «Уалдзæджы симд»-ы нын поэт нæ цæ- стытыл ирдæй ауайын кæны, æрдз куы райхъал вæй- йы, æмæ йæ хуызæй бæстæ цæхæр куы скалы, уыцы нывтæ: Æрдз та йе ’рттиваг пæлæзæй Зæххы бамбæрзта бæстон. Комы уалдзыгон хъæлæсæй Заргæ ралæгæрста дон. Поэтæн уалдзæг у рухсхæссæг. Йæ тынтæи раиы йæхи æмæ йæ алыварс адæмы зæрдæ дæр: Хъæлдзæг сабитæ йæ цурмæ Уайынц хъазынмæ цæрдæг, Урсцъар, худæндзастæй хурмæ Зайынц бæрзытæ рæхснæг. Æмæ уырдыгæй нæ мæргътæн Хъуысы се ’хсызгон æвзаг. Махæн амонды цырæгътæй Уалдзæг рухс кæны фæндаг. Адæймаг æрдзæн йæ афонтимæ, йæ фæзындтыти- мæ æнгом баст кæй у, уый зыны мæнæ ацы рæнхъ- ытæй: Мæнæ рог уддзæф мæ рæзты Тасгæ-уасгæйæ тæхы. «Ацы дидинæгджын фæзты Симæм», — алчидæр зæгъы. Æрдз та йе ’рттиваг пæлæзæй Бæстæ бамбæрзта бæстон. с^(^» 5^н^Г)^э
Æмæ уалдзыгон хъæлæсæй Нал и зарджытæн кæрон. Ацы дыууæ æмдзæвгæйы фыст сты æртынæм азты кæрон. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Барис нырма хæрзæвзонг кæй уыд. Царды тымыгъты йæхи нæма сфæлтæрдта. Йе ’взонг сфæлдыстадон хъæлæс у рухс, романтикон хъуыдытæй дзаг. Ирыстонмæ йæ сыгъдæг уарзт поэт æвдисы æмдзæвгæ «Мæ Ир»-ы. Æмæ фыссы: О, мæ гыццыл, мæ тыхджын Ирыстон, О, Аланты зæрдæты цæхæр. Æз дæ улæфт, дæ сидтмæ кæм хъуыстон, Уым-иу ардтон мæ зарæгæн сæр. Æз тыхст сахат фæкувын дæ цинмæ, Æз дæ салдат, дæ уырдыг стæг. Æмæ тохы нæ хæхтæй Берлинмæ, Æз дæ ныфсæй æхсаргард ысдæн! Æцæгæйдæр, Барис басгуыхт йæ бæстæйæн, йæ Ирыстонæн хъæбатыр æнæбасæтгæ тыхы хицау æвзыгъд æфсæддон. Æмæ йæ уарзт фыдæлты уæзæг- мæ æвдыста канд рæсугъд поэтикон дзырдтæй нæ, фæлæ фыдызнагимæ лæгæй-лæгмæ тохы. Æмæ ма иу æмдзæвгæ Барисы хæстон лирикæйæ. Ацы æмдзæвгæйæ та поэт фашистты бары сау калми- мæ. Советон салдаты тох та у, немыцы сæ хъоргъы чи ныммардзæн, уыцы мæлæтхæссæг битъынайау. Уайых æрбауай, мæ фæндыр! — Цъус дыл мæ зæрдæ фæхудти. Гормон, цæмæн мын ныхъхъус дæ?! Исты куынæ бадæ гоби, Рыг дыл куынæ сбадти исты.
Дæлæ ныгуылæнæй сау калм Марг таугæ махмæ ыслæсы. Фæлæ нæ тохæй æрзади Битъына калмы уæлкъæсæр. Цом та хæрзифтонгæй мах дæр Хæсты быдырмæ фæдисæй! Хæсты быдыры цæхæры Скæнæм хъæбатырдзинадыл Адæмæн ахсджиаг кадæг! Поэт кæд тохы быдыры знагимæ хæцы, уæддæр дзы рох нæу йæ уарзон чызг. Æвæры йын ныфс, тагъд знаг дæрæнгонд кæй æрцæудзæн, æмæ та сæ дыууæйы дæр уалдзæджы хур ногæй кæй тавдзæн, уымæй. Акæс-ма, сырх дидинджыты фæзы Чырс бынсæфт æрбакодта, чызгай! Æмæ дымгæ сау мигъты фæхæссы Бон-изæрмæ хæхтырдæм чыргай. Акæс-ма, нæ пæлæхсар бæласы Уад бынтон куы ныккодта лæгуын! Æз фыццагау мæйрухсмæ йæ разы Хатгай демæ фыны дæр лæууын. Акæс-ма, нæ зад рæсугъд дыргъдоны Булæмæргъæн банцади йæ зард. Уый кæм тахти иудадзыг уæндонæй, Уым æлгъыстаг сау халон æрбадт. Фæлæ, ма тæрс, тагъд æрлæудзæн уалдзæг, Уалдзæг махæн цардамæндтæ уардзæн. Поэт цæры йæ дзыллæйы цин æмæ сагъæсæй. Йæ раттæг дзыллæ сты йæ зарджыты сæйрагдæр. Иæ фы- дæлты уæзæг Ирыстоныл зарынæй не ’фсæды æмæ йæ хоны йæ амонд: Мæн кусын фæфæнды, фæфæнды мæ зарын, — Фæтырнын уæм, адæм, нæ уарзон зæххыл.
Мæ зарæгæн уе ’хсæн йæ базыртæ ссарын, Мæ зардæн йæ сагъæс — цæргæсау тæхын. Фæфæнды мæ кусын, мæн зарын фæфæнды, — Сымахыл æрзилын, мæ хæхтæ, мæ Ир, Кæд цардæн ныууадзин йæ хуымы фæтæнты Мæ гутоны иу хахх, мæ задхор æфсир. Мæн кусын фæфæнды, æз райсын мæ фæндыр, Æз дунеты цардыл фæхæссын мæ цæст Æмæ йыл куы ’рцæгъдын Кавказы бæрзæндтыл, Мæ амонд æрмæстдæр уæд вæййы æххæст! Мыртазты Барис ирон литературæйы зындгонд у, куыд национ поэзимæ ног жанртæ: фæзмæнтæ, ма- дригалтæ, дырæнхъонтæ, астрæнхъонтæ, дæсрæнхъ- онтæ бахæссæг. Йе ’мдзæвгæтæ тæлмацгонд æрцы- дысты уырыссаг æмæ нæ бæстæйы æндæр адæмты æвзæгтæм. Йæ поэзийы хæдхуыздзинадыл дзургæйæ, Кæсæг-Балхъары адæмон фыссæг Алим Кешоков Барисы рахуыдта «Ирон Расул Гамзатов». Номдзыд ирон поэт, литературæиртасæг Джыккайты Шамил та Мыртазы-фырты тыххæй йæ уацы афтæ фыста: "Ба- рис у курдиатджын поэт, йæ уацмыстæй йæ фæнды дзыллæйы зæрдæ ссарын æмæ ныр фидарæй зæгъæн ис, уый йæ къухы кæй бафтыд йе ’вæллайгæ сфæл- дыстадон куысты руаджы". Барисæн йæхи æмдзæвгæтæй бирæтæ хаст æрцы- дысты ирон литературæйы ахуыргæнæн чингуытæм, хрестоматитæм. Æрыгон фæлтæр сæ æхсызгонæй зæрдæвæрдæй ахуыр кæнынц астæуккаг скъолаты æртыккæгæм æмæ æстæм кълæсты. Зындгонд поэт æмæ хъæбатыр хæстон Мыртазты Барис кæд не ’хсæн нал ис, уæддæр йе сфæлдыстад сси нæ литературæйы хæзнадоны фидыц. Йе ’мд- зæвгæтыл та йын нæ композитортæ цы зарджытæ ныффыстой, уыдон уарзон æмæ зынаргъ сты фæл- тæртæн. о ^>п(шм1 ■^В^2«афиши1"у^ о
Стъалыйы ферттывдау... Кочысаты Мухарбег цы литературон бынтæ ныуу- агъта, уыдон кæд бирæ не сты, уæддæр дзы зыны йе ’нкъараг зæрдæ, йе сфæлдыстадон ирд курдиат, йæ кæрдаг зонд æмæ рæсугъд удыхъæд. Кочысаты Мухарбег райгуырд 1920 азы уалдзæджы тæмæны Олгинскæйы хъæуы. Йæ фыд Георги уыд паддзахы æфсады булкъон. Суанг ма йе ’фсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй Георгийы дзуар дæр райста. Йæ хæстон фæндаг хъæздыг уыд лæгдзинады цау- тæй. Хорз æй чи зыдта, уыцы адæм куыд зæгъынц, афтæмæй Георги тохы хъæбатыр æфсæддон уыд, цар- ды æмæ ирон æгъдауы та — нæртон лæг. Æфсады ссардта йæ амонд дæр. Ракуырдта уырыссаг уæздан чызг Зинаидæ Буровайы. Сылгоймаг Кочысаты хæд- зармæ куы æрбакъахдзæф кодта, уымæн йæ фыццаг бонæй йæ царды фæстаг бонмæ хорз æгъдау фæлæв- æрдта, канд Кочысатæн нæ, фæлæ ма хъæубæстæн дæр. Æрдзæй уыди фендджын æмæ зондджын сыл- гоймаг. Хорз сахуыр кодта ирон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ царды уаг. Зинæйы ма чи хъуыды кодта олгин- скæйæгтæй, уыдон куыд дзырдтой, афтæмæй бау- арзта ирон адæмы, йæ удыхъæдмæ, йæ зондахастмæ гæсгæ дзы ничи загътаид, Зинаидæ уырыссаг у, зæгъ- гæ. Зинæ æмæ Георгийæн дунемæ рантыст дыууæ хъ- æбулы. Сæ чызг Зоя уыд Ирон театры курдиатджын актрисæтæй иу, Цæгат Ирыстоны АССР-йы адæмон артисткæ, бирæ хæрзты бацыд нæ культурæйæн. Йе ’фсымæр Мухарбег цы фæцард, уымæй фылдæр куы фæцардаид, уæд цас уыдаиккой, æвæдза, нæ литера- турæйы йе сфæлдыстадон æвæрæнтæ! Мухарбег астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд бацыди Цæгат Ирыстоны педагогон техникуммæ.
Кæд уыцы азты ахуырдзаутæ бирæ хъуагдзинæд- тæ æййæфтой, уæддæр сæ зæрдæ дзаг уыд ахуыр- мæ тырнынадæй, бæстæйæн, адæмæн аккаг фырттæ суæвыны хъуыдытæй, æхсæнадæн хорзы бацæуыны æнкъарæнтæй. Мухарбег техникумы йе ’мгæртты астæу бæрæг дардта йе ’гъдауæй, йе ’фсармæй æмæ хорз ахуырæй. Уыцы рæстæг райдыдта сфæлдыста- дон куыст кæнын дæр. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæй дæр йæ поэтикон курдиат бæрæг кæй уыд, уый, фыц- цаджыдæр, рахатыдта техникумы литературон къ- орды разамонæг, номдзыд ирон фыссæг Мамсыраты Дæбе. Олгинскæйаг цæхæрцæст лæппуимæ иу курсы ахуыр кодтой, фидæны зындгонд ирон поэттæ æмæ фысджытæ Цæгæраты Максим, Чехойты Сæрæби, Хацырты Сергей, Мыртазты Барис, Багаты Лади... Уыцы рæстæгмæ, канд Мухарбегæн нæ, фæлæ ма дзырдаивады ацы суинаг дæснытæн сæ фыццаг æмд- зæвгæтæ мыхуыры цæуын райдыдтой техникумы къ- ухфыст литературон журналы æмæ республикæйы мыхуыры дзыллон фæрæзты. Мухарбег техникум каст куы фæци, уæд бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты литературон факультетмæ. Йе ’мкурсонтæм дардта æфсымæры зæрдæ. Фæлæ уæлдай хæлардæр уыд Мыртазты Барисимæ. Уый фæстæдæр йæ мысинæг- ты куыд фыста, афтæмæй, кæд йæ цардвæндагыл бирæ хорз адæмы федта, уæддæр дзы Мухарбегæй зондджындæр, хæрзæгъдаудæр æмæ æфсармджын- дæр нæ уыди. Барис -иу арæх уыд Кочысаты хæдзары Олгинскæйы. Мухарбег та-иу Заманхъулы Барисмæ фæци къуыригæйттæ уазæгуаты. Æмæ-иу дзы Бари- сы мад Хадзыгуа афтæ дзырдта: "Мухарбеджы мæхи хъæбултæй къаддæр нæ уарзтон. Уынд æмæ кондæй куыд аив уыд, афтæ уæздан уыд йе ’гъдау æмæ уагæй
дæр. Хистæрты раз-иу куы ’рлæууыд, уæд-иу сæм йæ сау хъоппæг цæстытæй комкоммæ бакæсын дæр æф- сæрмы кодта. Ныр ын йæ зарджытæ радиойæ куы фæзарынц, уæд йæ сурæт мæ цæстытыл ауайы, мæ бон сæм æнæ кæугæйæ хъусын нæ вæййы. Гæныстон фæуæнт фашисттæ, уый хуызæн лæппутæн цæрын кæй тыххæй нæ бантыст..." Мухарбег педагогон институты йæ хорз ахуыры тыххæй иста Хетæгкаты Къостайы номыл паддзаха- дон стипенди. Хорз цæстæй йæм кастысты факуль- теты ахуыргæнджытæ. Уæлдайдæр та номдзыд ирон поэт Дзанайты Иван (Нигер) æмæ фыццаг ирон сыл- гоймаг-профессор Туаты Ольгæ. Суанг ма хæсты быдырæй дæр ныффыста писмо Дзанайты Иванмæ. Хъусын ын кодта, нымад кæй у хорз æфсæддоныл, кæй йын радтой паддзахадон хæрзиуæг, бавдыстой йæ дыккаг хорзæхмæ дæр. Ахæм зæрдиаг æмæ æргом ныхæстæй дæр бæрæг у, Мухарбег йæ ахуыргæнæгæн цы стыр аргъ кодта, уый. Йæ фыццаг поэтикон чиныгæй дæр ссардта йæ зынаргъ ахуыргæнæг Нигеры ном. Мухарбег хъæбатырæй фæмард 1944 азы украинаг горæт Ямполы. 1940 азы цыппар æрыгон поэтæн: Цæгæраты Мак- симæн, Баситы Дзаххоттæн, Мыртазты Барис æмæ Мухарбегæн сæ æмдзæвгæтæ рацыдысты иумæйаг чиныг, "Мах уарзæм", зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Арвыл цы стъалытæ вæййы, уыдоны ’хсæн иу стъалы уæлдай аивдæрæй тæмæн куыд фæкалы, афтæ Му- харбеджы æмдзæвгæтæ дæр йæ хæлæртты уацмысты ’хсæн уæлдай бæрæг дарынц. Йæ хъысмæты бардуа- гæй йын ахæм ныв карст уыд, æвæццæгæн. Цæмæй тохы цæхæры æмæ сфæлдыстады йæ фæд ныууадза фæзминагæй, æмæ æрбайсæфа царды тыгъдады, йæ ■: СП в$ О : ■
курдиаты рухс та æрттива ирон литературæйы æмæ аивады. Мæнæ йæ фыццаг æмдзæвгæтæй иу — «Суадон». Йæ авторыл нæ зыны, æрыгон райдайгæ поэт кæй у. Йæ рæнхъытæй бæрæг у, поэтикон фæлгонцтæм, æрдзы фæзындтытæ ивынмæ Мухарбег дæсны кæй уыд, уый: Къæдзæхы тар фæзы риуæй Иу æвзист суадон тæдзы, Къæйтыл пырхгæнгæ ысхъиуы, Размæ згъоры, тындзы. Дыккаг строфайы та нын поэт æвдисы, суадон йæ уынæрæй æхсæвы сабырад куыд «халы», уый. Иæ фехалынмæ та йæ разæнгардгæнæг у, айнæджы ти- гъæй йæ сæр цы «фæлурс мæй» сдардта, уый. Æмæ дарддæр фыссы, цыфæнды уад, тымыгъ куы ниуа, уæддæр суадонæн, булæмæргъау, йæ зард бæрæг кæй уыдзæн æмæ кæй хъуысдзæн, уый. Æмдзæвгæ «Мæ фæндырмæ»-йы уынæм, Мухар- бег йе сфæлдыстадон фæндагыл фидарæй кæй æр- лæууыд, уый. Йæ «фæндыр уарзы», йемæ «æрвиты йæ цард», «зындзинадæн фæразы» æмæ цыфæнды уавæрты дæр йемæ «æнкъард нæ фæкæны». Фæндыр ын у æнусон цардæмбал. Поэт йæ фæндырыл ауды, хъахъхъæны йæ, ныйй- арæгау. Фæндырæн та йæхицæй домы: Уарз мæ, уарз, мæ хъисфæндыр, мыггагмæ! Æз сæрыстыр, бузныг дæн дæуæй. Æз дæу никуы ’руадздзынæн æгадмæ, Æз дæу никуы акæндзынæн уæй! Ацы æмдзæвгæ схонæн ис Мухарбегæн йæ ард- бахæрд йе сфæлдыстадон бардуаджы раз. Æмæ йыл, æцæгæйдæр, йæ цыбыр царды райдайæнæй кæронмæ сайдæй кæй нæ рацыд, поэты ном сæрыстырæй кæй хаста, уый уынæм абон дæр.
Алы сфæлдыстадон адæймагæн дæр афæдзы цавæрдæр афон уæлдай тынгдæр фæадджын вæййы. Мухарбегæн йæ зарджыты сæр уыд уалдзæг, æмæ зæгъы: уалдзæджы фæрцы «Бахызт та уарзонад риу-. ты», «Цинæй нæ зæрдæтæ — дзаг». Ацы афонæн йæ хъæлæс сты цъиутæ сæ хъæлдзæг зарджытæй. Уал- дзæджы фæрцы «Сабийау, худы нæ бæстæ», «Фурдау æхсиды нæ зæхх», «Быдыртæ, хъæдтæ ’мæ фæзтæ, адардтой иууылдæр цъæх». Ацы æмæ йæ иннæ æмд- зæвгæтыл композитортæ ныффыстой аив зарджытæ æмæ романстæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Мухар- бег йæхирдыгонау, æнæбафæзмгæ, зæрдиаг æмæ аив цæстæй каст цардмæ, æрдзмæ, лæппу æмæ чызджы ’хсæн ахастдзинæдтæм. Иæ лирикон æмдзæвгæты, куыд йæ иннæ уацмысты дæр иу былалгъæй загъд хъуыды дæр нæй. Се ’ппæт дæр цæуынц йæ зæр- дæйы рæбинагдæр æрфытæй. Æмдзæвгæ "Сау цæстытæ"-йы кæд зæрдæ æрхæн- дæггæнæн хъуыдытыл æмбæлæм, уæддæр уыцы æрхæндæг у рухс, уымæн æмæ лирикон хъайтар нæ ферох кæндзæн, хъæлдзæг бонтæ цы чызгимæ арвы- ста, уыдон: Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон, Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд?! Æхсæв сæ стъалытимæ барстон, Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд. Дарддæр æмдзæвгæйы автор зæгъы, чи йæ ныууа- гъта, уыцы уарзон чызджы сурæт йæ зæрдæйы кæй баззад рæсугъдæй. Тæхуды кæны, ныр йæ кæддæры уарзон йæ цæстыты хъармæй кæй тавы, уыцы лæп- пумæ. Уыцы хъуыдытæй банкъарæн ис, поэтмæ кæй уыд æнæфыдæх уарзт. Поэт йе сфæлдыстады арæхстджын нывгæнæг кæй уыд, уый ма нын æвдисы æмдзæвгæ «Изæр» дæр. Йæ с?-С^У §1Г>_;,
рæнхъыты фæлгонцтæ æмæ абарстытæ кæрæдзийыл сты æнгом баст: Рæсугъд изæр. Цъæх арвыл хъазы Сыгъзæрин мæй. Фынæй æрдзæн Йæ дзыкку фасы Йæ рухс тынтæй. Уыцы æрдзон изæрон сабырады рæсугъддзинадæн ис иунæг æвдисæн: лирикон хъайтар-поэт. Уый хъу- сы, мæргътæ къалиутыл фæндырæй куыд цæгъдынц, йæ рæзты ирд суадон хъæргæнгæ цырд куыд згъоры, уый. Æмæ æмдзæвгæйы кæрон зæгъы: Рæсугъд у ам. Æнцадгай тары Ныгъуылы æрдз. Уыцы нывтæ йын йæ зæрдыл æрлæууын кæнынц йæ уарзоны æмæ йæм дзуры, цæмæй йæм рæвдз фæ- зына. Лæгау-лæджы нæртон ныфсхастдзинадæй æххæст сты Мухарбеджы хæстон æмдзæвгæтæ. Уыцы рæнхъ- ытæ дæр сты йæ ардбахæрд йæ Фыдыбæстæйы раз: Æмæ дæ никуы ратдзынæн знагæн, зон уый ды, Фæлтау мæлæт ссардзынæн дæ сæрвæлтау хæсты, Кæнæ æмдзæвгæ "Фæстаг салам": ...Мыййаг куы фæсыкк уой мæ фæндтæ, Мæ рухс фæндаг... О, курын уæ, зынаргъ æмгæрттæ, Æз иу хъуыддаг. Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн, Куы фæуа хæст: Хæсты быдыры, зæгъ, фæмард дæн Цытимæ æз. о ^п (шш* ^■6;8^»м») с^ о
Зæгъут-иу ноджыдæр Кавказæн Салам мæнæй Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон Зæрдæбынæй. Зæрдæйæ цы цæуы, зæрдæмæ дæр уый хъары. Ацы ныхæсты æцæгдзинад уынæм Мухарбеджы сфæлды- стады. Йæ алы дзырды дæр æвæрдта йе ’нкъараг æмæ уарзæгой зæрдæйы цæхæр. Уымæн афтæ зынаргъ æмæ уарзон сты йæ уацмыстæ Ирыстоны дзыллæтæн. ■: Сш вэ О : ■
Зæххыл рæстæй куы цæрай... Алы дуджы дæр нæ адæмы фарныл уæхскуæзæй чи куыста, йæ удварныл ын бæркад чи æфтыдта, ахæм хистæртæ уыдысты сæ дзыллæйы рухс фидæныл са- гъæсгæнæг, кæстæрты та царды раст фæндагыл араз- æг. Уыдонæй уыд зындгонд ирон фыссæг, этнограф, поэт, прозаик, рублицист, рухстауæг Айларты Из- маил. Ирон дзырдаивадæн, кæстæрты хъомыладæн кæд Ирыстоны исчи бонзонгæ æмæ фырнымд, уæх- скуæз лæггад фæкодта, йæ кары æмæ азтæм гæсгæ дзырддзæугæ лæгыл хорзæй нымад уыд, уæд уый, фыццаджыдæр, Измаил. Уый хуызæн хистæртæй фæзæгъынц, йæ алы къахдзæфы, йе сныхасы, йæ хъуыдыты, йæ фысты, дам, фарн ис. Уый та амад æрцæуы цардмæ рæстаг ахасты, дардмæуынаг зонды æмæ уæздандзинады табуйаг бындуртыл... Айларты Харитоны фырт Измаил райгуырд Хус- сар Ирыстоны Хъæдысæры хъæуы. Уым каст фæци райдайæн скъола. Зын æмæ куыствæлыст уыды- сты фидæны ирон дзырдаивады дæсныйæн йæ цар- ды бонтæ. Уый хыгъд йæ зæрдæ дзаг уыд ахуырмæ тырнындзинадæй, æфсарм, намыс, фыдæлты фарны хæрзтæй. Измаил кæддæриддæр зыдта ивгъуыд цар- ды хæрзтæн аргъ кæнын, абоны æмæ фидæны цард- мæ каст лæмбынæг цæстæй, ныфс æмæ хуыздæр цар- дыл æууæнкимæ. Йæ хистæртæ Хъæдысæры хъæуæй куы ралы- гъдысты, уæд æрцардысты Цæгат Ирыстоны Киро- выхъæуы. Ам Измаил каст фæци астæуккаг скъола. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг куыста Мамы- сон æфцæджы фæндагыл. Æфцгуытыл цы фæндæг- тæ цыд, уыдонæн уыцы уæззау заман уыд стратеги-
он нысан. Æмæ дзы чи куыста, уыдоны Советон Цæдисы Уæлдæр командыгæнæг Иосиф Сталины бардзырдмæ гæсгæ хæстмæ нæ кодтой. Ам кусгæйæ, Измаил бирæ хъарутæ бахардз кодта, фæлæ йын. уæддæр, уыцы рæстæджы дзы цы цаутæ цыд, уы- дон фæахъаз сты йæ трилоги «Мамысоны æфцæгыл» фысгæйæ. Нæ адæмыл Уæлахизы хур куы скаст, уæд 1945-1949 азты Измаил куыста йæ райгуырæн хъæу Хъæдысæры скъолайы ахуыргæнæгæй. Уый фæстæ фидæны фыссæг ахуыр кæнынмæ бацыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты историон-филологон хайадмæ. Йемæ ацы хайады чи ахуыр кодта, уыцы фæсивæд кæд социалон æгъда- уæй бирæ хъуагдзинæдтæ æййæфтой, уæддæр ахуы- рады рухсмæ тырныдтой. Уæды рæстæджы сæ бон æмæ амал куыд уыд, афтæ се ’ппæт дæр сæ зæрдæтæ дзаг кодтой аивадон литературæйы, æвзагзонына- ды, историйы æмæ æндæр зонæдты хъомысæй. Уыцы ахаст хорз æмбæрстой иституты ахуыргæнджытæ дæр æмæ Измаилыл, иннæ хæрзæгъдау æмæ бонзонгæ студенттау, аудыдтой. Суанг ма йын йæ ахуыры фæ- стæ фыццаг ирон сылгоймаг-профессор Туаты Ольгæ Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты аспиран- турæмæ бацæуыны тыххæй рекомендаци дæр ныф- фыста. Фæлæ Измаил йæ царды уавæртæм гæсгæ йæ раздæры ахуыргæнæджы зæрдиаг фæндыл не сра- зы. Уæдæ йæм канд фыссæджы, публицисты, поэты курдиат нæ уыд, фæлæ хорз арæхст ныв кæнын- мæ дæр. Измаил йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йын йæ аивадон куыстытæ федта уæды рæстæджы Цæгат Ирыстоны нывгæнджыты цæдисы сæрдар Хохты Аслæнбег. Æмæ йыл уый дæр раст хи фы- дау аудыдта, суанг ма йын балæвар кодта ахорæнтæ æмæ кърандæстæ дæр. Аслæнбеджы тынг фæндыд, <: СГ* 7(1 ,Г^ 1 >
цæмæй Измаил Петербурджы аивæдты академимæ ахуыр кæнынмæ ацæуа. Фæлæ та йын ам дæр йæ царды уавæр уыцы фадат нæ радта. Йæ сабидуджы, æвзонгдзинады, педагогон институты йæ ахуыры азты тыххæй Измаил ныффыста уацау «Æвзонджы бонты мысинæгтæ». Мыхуыры рацыд 2001 азы жур- нал «Мах дуджы». Уыцы уацмыс фыццаг бакастæй у автобиографион. Фæлæ йæм лæмбынæгдæр нæ хъус куы æрдарæм, уæд дзы автор ирд æмæ бæлвырдæй æвдисы йæ фæлтæры цард, се ’взонг азтæ, сæ цинтæ æмæ сагъæстимæ. Уыимæ дзы зыны уацауы авто- ры æмæ йæ архайджыты цæстæнгас цардмæ, хæсты фæстæ нæ бæстæйы политикон, социалон-экономикон уавæрмæ, сæйрагдæр та — уæды ахуырдзау фæсивæ- ды ныфхастдзинад, алыхуызон зындзинæдты сæрты хизгæйæ, сæ зонды æмæ уды тых. Фидæны хуыздæр цардыл æууæнк. Куыд æй загътам, афтæмæй Измаил уыд бирæвæр- сыг курдиаты хицау. Æмæ уыцы курдиат æмæ рæстаг зонды миниуджытæ раргом кодта, кæстæртимæ хъ- омыладон куыст кæнгæйæ, Ирыстоны скъолаты рæз- гæ фæлтæрæн литературæйы, историйы, уырыссаг æмæ ирон æвзæгты мидис амонгæйæ, Измаил æнцад фыдæлты царды, адæмон педагогикæйы, раззагдæр рухстауджыты хъуыдытæ æмæ фæллæйттыл. Æцæг ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæг уыд нæ дзырддзæу- гæ, æгъдаухæссæг хистæр Измаил. Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, йæхæдæг уыд фæзминаг дæнцæг йæ алыварс адæмæн се ’ппæтæн дæр. Уыцы ми- ниуджытæ та йын æххуысгæнæг уыдысты сфæлды- стадон куысты дæр. Уымæн æвдисæн — йæ поэтикон, прозаикон æмæ публицистикон чингуытæ: «Гакк, гакк, куыдзы гакк», «Дадаимæ — хæхты», «Фæцæй- сырдтон сæрджын саг», «Раджы бадаг-æвæсмон»,
«Мады зæрдæ», «Фæскъæвда — хурбон», «Мамысоны æфцæгыл», «Цомут хæхтæм», «Царды хъæр», «Хуы- цауы рæстад», «Ирон фарн», «Ирон диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ»... Измаилы удыхъæды цы фæзминаг миниуджытæ уыд уыдонæн, нæ нымадæй, сæ сæйрагдæр уыд уый æмæ, цы цардарæзты рæстæджы рæзт, хъомыл код- та, ахуыры фæндагыл æрлæууыд æмæ куыста, ууыл иуæй-иутау демократийы, хъæддаг капитализмы дуджы цъыфтæ калын нæ райдыдта, мæймæбулкъау йæ хуыз нæ ивта, уый та уый æвдисæг уыд, æмæ, ив- гъуыды хорзæй цы уыд æмæ æвзæрæй цы фиппайд- та, уыдон лæмбынæг уыдта æмæ сæ раст хатдзæгтæ кæнын фæрæзта, уæды æмæ ныры царды уавæртæ хынцгæйæ. — Измаилы хуызæн раст адæймæгтыл æз мæ царды бонты бирæ нæ сæмбæлдтæн. Йемæ къорд азы бакуы- стон зынхъомылгæнæн сывæллæтты интернаты. Æмæ йын кæддæриддæр хорзæй дис кодтон йæ рæстаг удыхъæдыл. Алы хъуыддаджы дæр йæ ныхас уыд бæлвырд. Хæрзгæнæгæн арфæ кодта, рæдиагæн та — уайдзæф, йæ афоныл, йæ рæстæгыл, æнæ уæлдай цурон æмæ цæстмæхъусæй. Интернаты цы азты куы- ста, уыцы рæстæг фæзиан йæ бинойнаг. Æнцон ын кæм уыдаид, фæлæ царды зынтæй нæ фæтарст. Йæ цотæн радта æмбæлгæ ахуырад. Уыдон дæр сæ фыдау царды ацыдысты раст зонды, æфсарм æмæ намысы фæндагыл. Кæд исчи йæ цоты раз йæ хæс фæзмина- гæй бафыста, уæд уый Айларты Измаил,— дзырдта мын зынхъомылгæнæн сывæллæтты скъола-интерна- ты раздæры ахуыргæнæг Малиты Светланæ. Измаил уыд ирон царды, фыдæлты цардыуаджы энциклопедион зонды хицау. Уыцы темæйыл цы чи- ныг «Ирон фарн», æмæ публицистон уацтæ ныф-
фыста, цы телеравдыстытæ æмæ радиобакастытæ сарæзта, уыдонæй сæнусон кодта абоны æмæ фи- дæны фæлтæртæн фыдæлты рухс нæмттæ, сæ кадыл æмæ намысыл амад царды нывтæ, йе сфæлдыстадæй ныффыста Ирондзинады фарнхæссæг, табуйаг гимн нæ фыдæлты кадæн, сæ рухс нæмтты фарнæн. Ныр сæ разы æрлæудзæн æцæг дунейы æнæкъæмдзæсты- гæй, сыгъдæг цæсгом æмæ æфсармимæ. Уыдонау рæстагæй цард нæ тæригъæдджын зæххыл, æмæ сыгъдæг удтимæ уæд йæ бынат нæ фæрнджын хи- стæрæн... Газет «Стыр ныхас», 2019 аз, ноябр. о ^П (тят |||Цш11»^1>аш^
Мæ зæрдæйы арфы цæрдзæни йæ сурæт Нафи — один из вожаков крылатой стаи журавлей кавказской духовной кулыуры, аланский всадник, воплотивший в себе мудрость веков и отчаянный ры- вок горцев к постижению высот духовной культуры Алим Теппееву писатель, доктор филологических наук. Нафи... Адæймагмæ æрмæстдæр номæй куы фæд- зурынц йе ’мдугонтæ, йæ цахъхъæнтæ æмæ уыдо- нæй кæстæртæ, уæд уый уæлдай буц æмæ стыр уарзондзинады æвдисæн у. Уыцы буц æмæ уарзæгой ахасты аккаг йæ цæргæйæ сси Джусойты уæздан æмæ номдзыд Нафи. Цæргæ-цæрæнбонты, йæ хъ- ысмæты зынтæ æмæ æхсызгæттæ æвзаргæйæ, æхсит- гæнгæ нæмгуыты бын дæр йæ дзыллæйæн йæ зонды æмæ уды æрдхæрæны рухсæй стыр хæрзты чи цыд, зонады æмæ дзырдаивады æрыгон æмæ астæукар ахуыргæндтыл æмæ фысджытыл, поэттыл, схæссæг фыдау, чи аудыдта, кæм ныхасæй, кæм та бæлвы- рд хъуыддæгтæй сын стыр хæрзты чи цыд, уыцы фендджын, зонынджын, уæздан Нафи. Уый уыд, Ирыстон æцæг хъæбулы уарзтæй чи уарзта, йæ но- мыл былалгъ дзырдæй нæ, фæлæ бæлвырд нæртон хъуыддæгтæй æртывæр хæрзтæ чи æфтыдта, ахæм æцæг Нæртон æмæ байтаманы гуырд, ахуыргонд, рухстауæг, поэт, тæлмацгæнæг, драматург, фыссæг, æхсæны лæг, публицист, литературæиртасæг, лектор, разагъды лæг... 2002 азы 15 октябрь. Нæ Ирыстоны дзыллæтæ бæрæг кодтой Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон.
Куыд раздæр, афтæ уæд дæр бæрæгбоны мадзæлттæ райдыдтой Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Мады-Майрæ- мы аргъуаны кæрты Къостайы ингæныл дидинджытæ сæвæрынæй, литературон-музыкалон композицийæ, номарæн литургийæ. Æз уыцы рæстæг ахуыр кодтон Дзæуджыхъæуы Дзанайты Иваны номыл астæуккаг скъолайы дæсæм къласы. Къостайы ингæныл ди- динджытæ сæвæрынмæ не скъолайы директор, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Гæджынаты Татья- нæимæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гусаты Еленæимæ æмæ цалдæр ахуырдзауимæ ссы- дыстæм рагацау. Нæ республикæйы уæды президент Дзасохты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы раздæры мэр Пагæты Хъазыбег, Хицауады, министрадты æмæ ве- домствæты бæрнонтæ сæ ныхас ракодтой Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаджы тыххæй, зынд- гонд поэттæ Дзасохты Музафер, Ходы Камал, Хъ- одзаты Æхсар бакастысты Къостайы тыххæй сæхи фыст æмдзæвгæтæ. Мах, скъоладзаутæ, та зæрды- вæрдæй Хетæджы-фыртæн йæхи æмдзæвгæтæ ба- кастыстæм. Æмбырд куы фæци, уæд ма æз, Гусаты Еленæ æмæ Гæджынаты Татьянæ, скъоладзаутæ аргъ- уаны кæрты афæстиат стæм. Уалынмæ мæм Еленæ æрбацыд æмæ мын афтæ: «Валери, Джусойты Нафи- имæ нæ къам куы сисиккам, уæд хорз нæ уаид?». Æз ын, хорз уаид, зæгъгæ, загътон. Æмæ нæ ахуыр- гæнæг уæзданæй Нафийæ хатыр ракуырдта, дæ бон хорз ын куы загъта, уæд æм æрхатыд, цæмæй немæ къам сисыныл сразы уа. Нафи мидбылты бахудт, нæ размæ бацыд, не ’ппæтæн дæр уæзданæй салам радта æмæ немæ къам систа. Уæд фыццаг хатт лæгæй-лæг- мæ федтон, фæстæдæр мын ме сфæлдыстадон къах- дзæфтæм йæ хъус чи дардта, цин сыл чи кодта, уыцы буц æмæ уæздан хистæр — Нафийы.
Уыцы фембæлдæй та афæдз размæ, не скъолайы арæзт æрцыд олимпиадæ ирон æвзаг æмæ лите- ратурæйæ. Æз дзы архайдтон æмæ дзы бацахстон фыццаг бынат. Литературæйы фæрстытæн дзы дзу- апп дæттгæйæ, пайда кодтон Нафийы арæзт ахуыр- гæнæн чиныгæй æмæ йæ дыууæтомон «Ирон литера- турæйы истори»-йы чингуытæй. Иуæндæсæм къласы та йæ роман «Фыдæлты туг» куыд æхсызгонæй кастыстæм, суанг ма-иу æвзаджы уроктæм дæр ын йæ ацы романы чиныг куыд хастам, Ака, Бега, Темла æмæ уацмысы иннæ архайджы- ты хъæбатырдзинады цаутæй куыд сæрыстыр уы- дыстæм, уый мæ нæ рох кæны, адæмон хъæбатырты мæлæтыл нæ ахуыргæнæг Зæгъойты Дианæимæ нæ цæссыг куыд калдтам, куыд сыл хъынцъым кодтам, уый ныр дæр мæ зæрдыл дарын. Уыцы романæй, стæй ма йæ уацмыс «Сосо бадзуры»-йæ Нафи канд нæ ирон хъæбатыр фыртты лæгдзинады цаутæ не сæнусон кодта, фæлæ ныффыста гимн ирон фыдæл- тыккон зарæгæн. Уыцы уацмыстæй бæрæг у, Нафи историйæн, адæмон зарæгæн æмткæй цы аргъ кæны, уый. 2003 азы ахуыр кæнынмæ бацыдтæн Цæгат Иры- стоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультетмæ. Ам ахуыргæнгæйæ, Нафийы удвæллой бæркадимæ иу- дадзыгдæр зонгæ кодтон, кастæн ын йæ аивадон æмæ наукон чингуытæ. Иннæмæй та йæ арæх уыдтон фа- культеты куы ирон литературæйы, куы литературон сфæлдыстады, куы та ирон æмæ иумæйаг æвзагзо- нынады кафедрæты. Куы-иу мæ федта, уæд мын-иу уæзданæй салам радта, æз дæр ын-иу, кæстæрæн куыд æмбæлы, афтæ æгъдау радтон. Нафи-иу фа- культеты куы фæзынд, уæд-иу ахуыргæнджытыл,
хистæрæй-кæстæрæй, карджынæй-æрыгонæй хур ра- каст. Мах уæд кæстæр курсыты ахуыр кодтам, фæлæ Нафи хистæр курсытæн лекцитæ кæсы, зæгъгæ, уæд сæм-иу батæхуды кодтам. Фæстæдæр, хистæр курсы- ты, мах дæр уыцы амонд фæци. Æмæ-иу сæ фысгæ дæр кодтам, фæлæ-иу йæ ныхас афтæ зæрдæагайгæ уыд, æмæ нæ-иу фыссын дæр ферох. Афтæ ма-иу уыд академик Исаты Мæхæмæты лекциты рæстæг дæр. Цыппæрæм курсы та ирон нырыккон литера- турæйæ нын фæци хорз фадат йæ поэтикон æмæ прозаикон уацмыстимæ лæмбынæгдæр базонгæ уæв- ынæн. Лекциты фæстæ-иу йæ романтæ «Фыдæлты туг», «Сырдоны цæссыгтæ»-йæ фæлварæнты хорз бæрæггæнæнтæ райстам. Хистæр æмæ кæстæры ’хсæн цы хъуыддаджы аха- стытæ вæййы, уыдон не ’хсæн фенгомдæр сты, Нафи куы базыдта, йæ хорз хæлар, зындгонд поэт, Фыды- бæстæйы Стыр хæсты архайæг Мыртазты Барис мæнæн мæ мады фыды хæрз æфсымæр кæй у, уæд. Уыцы хæстæгдзинады тыххæй та йын радзырдта нæ факультеты декан, рухсы бадинаг, профессор Джык- кайты Шамил. 2005 азы Нафийæн йæ 80 азы юбилей сбæрæг код- той кадджын уавæры ЦИПУ-йы Культурæйы галу- аны. Уым ирон филологийы факультеты студент- ты номæй юбилярæн арфæ ракæныны бар мæнæн хæсгонд уыд. Мæ арфæйы ныхас фæдæн мæхи фыст æмдзæвгæйæ. Æрмæстдæр ма дзы дыууæ рæнхъы хъ- уыды кæнын: Васойау нын æнус, нæхи Нафи, фæцæр, Ирон зарæгæй фесæфæнт дæ рынтæ! Уыцы рæнхъытæ куыддæр каст фæдæн, афтæ зал нымдзæгъд кодта. Нафи сценæйы лæууыд æмæ мын уый та хъæбыс кæнынмæ фæци. Йæ цæсгоммæ йын
куы бакастæн, уæд та дзы æхсызгон мидбылхудт ба- фиппайдтон, йæ рустыл та уад цины цæссыг. Æмæ, æцæгæйдæр, Нафи уыцы изæр Дзанайты Ольгæйы зарæггæнджыты къордимæ акодта фыдæлтыккон зарджытæ. Залыбадæг адæм та йын йæ зардмæ хъ- уыстой лæугæйæ. Уый уыд рæсугъд æгъдау нæ буц хистæрæн, уæздан Нафийæн. 2008 азы университет каст куы фæдæн æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон радиойы кусын куы райдыд- тон, уæд, куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ Цхинвалы дæр Нафийыл æхсæны мадзæлтты кæм æмбæлдтæн, уым-иу мыл зæрдиагæй бацин кодта æмæ мын иу ин- тервьютæ дæр бирæ хæттыты радта. Уыдон абон дæр мæ архивы æфснайд сты. Сабыргай сæ бæстон кæ- ныныл архайын. Фæлæ дзы 2012 азы, нæ ахуыргæ- нæг Джыккайты Шамилы æвирхъау адзалыл афæдз куы рацыд, уыцы бон, Шамилы номарæн æмбырды фæстæ, ЦИПУ—йы ирон литературæйы кафедрæйы цы интервью райстон, уый мæ нæ рох кæны. Но- марæн изæры фæстæ Нафи бадт кафедрæйы. Æз уырдæм бацыдтæн. Йæ цуры мæ æрбадын кодта æмæ мæ афарста мæ цард, æмæ сфæлдыстадон хъ- уыддæгтæй. Уыцы хабæрттæ йын куы радзырдтон, уæд æм бахатыдтæн, цæмæй мын иу фарстæн дзуапп радта. Зæгъын, Нафи, ды дæ, нæ Ирыстоны буц хи- стæртæй иу, æмæ мæ фæнды базонын дæ хъуыды, нæ номдзыд лæг, Иры намысджын фырты адзалы фæстæ нын дарддæр цы гæнгæ у, куыд æмæ цæй номыл цæрæм? Нæ Ирыстоны фидæн Шамилы ад- залы фæстæ цавæрæй уыныс, зæгъгæ. Уый исдуг ницы сдзырдта, фæлæ иуцасдæры фæстæ загъта ацы ныхæстæ: «Шамил нæ дыууæ Иры амондмæ бæллыд. Æмæ нæ адæмы хъæуы йæ фæндиаг цард кæнын. Уый та цæмæй нæ бон суа, уый тыххæй та мах, йе
’мсис хæлæртты, йæ цæдисон æмхъуыдыгæнджыты, хъæуы йæ фæллæйттæ: поэтикон, прозаикон, драма- тургион, тæлмацгонд, публицистон уацмыстæ, зона- дон куыстытæ хицæн чингуытæй рауадзын. Уыцы куыст райдайын хъæуы ныр, бацархайын ууыл, цæ- мæй Шамилы иунæг фыст дæр ма фесæфа, фæлæ уа нæ дзыллæйы удварн хъæздыггæнæг. Æндæр хос нын нæй, мæ кæстæр лымæн. Кæуын дæр æгъдауыл хъæуы. Хъарæг дæр — æгъдауыл. Фæлæ Шамилы номæн цыртдзæвæнæн æппæты хуыздæр «дуртæ» сты йæхи уацмысты, йæ цард æмæ сфæлдыстадыл фыст æрмæджыты, мысинæгты чингуытæ». Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нын ацы ныхас Нафи ныууагъта фæдзæхсты хуызæн. Нафийæн йæ арæзт чиныг «Васо Абаев. Письма» мыхуыры куы ра- цыд, уæд мын æй йæ дзæбæх хо Клавæйы уылты æрбарвыста. Йæ раззаг сыфыл мын ныффыста ахæм ныхæстæ: «Мæ дзæбæх кæстæр, мæ хорз хæлар Ба- рисы кæстæр Валерæ, ныххатыр мын кæн, кæй ницы хæрзты дын бацыдтæн, уый тыххæй. Васо у нæ иу- мæйаг хистæр, нæ иумæйаг фыдæл, æмæ йын, дæ бон цас у, уый бæрц кад æмæ аргъ кæн. Дæ хорз зæрди- агæй кæй фæнды, уыцы зæронд Нафи. 8. 09. 2008». Нафийы ацы хъуыды дæр мæм кæсы фæдзæхсты хуызæн. Зæрдиагæй йæ фæндыд, æз кандидаты дис- сертаци куы бахъахъхъæдтаин, уый. Æмæ мын уæд хорзы дæр бацыдаид. Фæлæ. Нафи куыд уæздан æмæ фырнымд уыд. Æнæ уымæй дæр мын чысыл хæрзты нæ бацыд. Йæ интервыотæ мæ архивы уæл- дайджынтæй æфснайд кæй сты, уый æз нымайын стыр хæрзиуæгыл, хæзнайыл, йæ ахъаззаджы лæв- арыл мæнæн. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, Тугъанты Махар- беджы райгуырды 130 азы кадæн арæзт равдысты
Нафи Тугъаны-фырты тыххæй куыд æхсызгонæй дзырдта, уæдæ Æрыдоны Æмбалты Цоцкойы тыххæй йæ хъуыдытæ куыд аив уыдысты, уый. 2012 азы та ахуыр кæнынмæ бацыдтæн ЦИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы цур магистратурæмæ. Уым нын, куыд кафедрæйы профессор, афтæ Нафи нæ курсæн каст лекцитæ текстологийæ. Уыцы лек- цитæ дæр мæм фыст сты диктофоныл, кæд карджын уыд Нафи, уæддæр нæ лекцитæм цыд разæнгардæй. Ахуыр та кодтам, нæ бæстæйы зындгонд текстолог Соломон Рейсеры чиныгæй. Нафи дыууæ сахаты дæргъы, æнæ иу гæххæттæй, Рейсеры чиныджы цы æрмæг уыд, уымæй æртæ хатты фылдæр хай кодта йæ зонындзинæдтæй махæн магистранттæн. Йæ фæр- цы базыдтам, номдзыд филолог æмæ Абайты Васой- æн се ’хсæн цавæр ахастдзинæдтæ уыд, уый. Нафи йæхæдæг Лихачевæн кæй загъта йæ хъуыды рагон уырыссаг литературæйы цыртдзæвæн «Ныхас Игоры æфсады тыххæй»-йы фæдыл, сæйраджы-сæйрагдæр та йæ кæй баууæндын кодта, Марьяйы хъарæг ка- дæджы, уырыссаг чындзæхсæвы хъарджытимæ (Рус- ские свадебные причитания) иу кæй кæны, уыцы хъуыды. Фæстæдæр Дмитрий Лихачев Нафийы хъуыдыйæ спайда кодта, ацы кадæджы тыххæй ив- гъуыд æнусы 50-æм азты райдайæны цы ног моно- графи ныффыста, уым. Уæдæ ирон фыдæлтыккон фольклоры, нæ ирон номдзыд лæгты тыххæй дæр нын иттæг æхсызгонæй дзырдта Джусойты уæздан Нафи. Диссаг уыд, уыцы æппæт зонындзинæдтæ тауæг Нафи цас зыдта, цас ын бантыст Ирыстоны, Цæгат Кавказы, нæ бæстæйы зонад æмæ дзырдаива- ды фарнæн. Чысыл нæ фæцард, фæлæ йæ царды алы бон дæр лæвæрд уыд Ирыстоны дзырдаивад æмæ зо- нады хæрзæбонæн. Афтæмæй нæмгуыты бын дæр,
æхсæв-бон нæ зонгæйæ, фыдæбон кодта фæстагæт- тæн, абоны фæлтæрæн удварны хæзнадоны уæлейæ исгæ, бынæй ахадгæ бæркад ныууадзыны сæрапгюнд. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Нафи чысыл нæ фæцард, уыцы цæргæ-цæрæнбон ын бирæ бантыст ныффыссын, саразын Ирыстонæн хæрзты бацæуы- нæн. Фæлæ мæ зæрдæ уæддæр йæ мæлæтыл хъ- ынцъым кæны. Афтæ мæм кæсы Нафи — Хуссары, Шамил — Цæгат Ирыстоны ныр дæр ма сæрæгас куы уаиккой, уæд цас буцдæр æмæ ныфсхастдæр уаиккам! Фæлæ, иугæр нал сты, уæд сæ дыууæйæн дæр кад æмæ цыты сахат æрцыд. Æмæ нын уый цы æнтыса, уыцы хорзæх нын Хуыцауы цæст бауарзæд. 2018 азы ЦИПУ-йы профессор, УФ-йы Журналист- ты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы ахуырады сгуыхт ку- сæг Тедтойты Зинæимæ сарæзтам чиныг Нафи æмæ Шамилы царды æмæ бирæвæрсыг рухстауæн архайды тыххæй. Схуыдтам æй «Хур у мæлæтæй тыхджын- дæр». Уырдæм Нафийы тыххæй бацыд мæхи фыст æмдзæвгæ. Уымæй фæуын мæ ацы уац: Нафимæ куырдиат Уыдтæ нæ разагъдтæн сæ хуыздæр, Уыдтæ нæ хуымгæнæг, нæ пехуымпар, нæ зиууон, Демæ уыд нæ Иры зæхх цæрдхуыздæр, Æнæ дæу та кæугæ, дзыназгæ джиуы! Дæ фарнæн ныллæг кувæм нæ сæртæй, Ирон дзырд, зарæг, о куыд бирæ уарзтай, Ныр та ссудз, стъалыйау, нæ сæрмæ, Дæ фарнæй судз нæ хæрæмттæ, нæ катай, Уыцы бæстыл бафтыдысты, оххай, Шамил, Тамарæ, Мæхæмæт æмæ Зоя, Нæ фæлладыстут царды рухсыл тохæй,
Уæ зонды бæркад Ирыл ивылд сойæ! Ныр та уæ мæрдæй сидзæрхуыз куы фестæм, Фæлæ уæ кад, уæ фарн нын куы у ныфсы хос, Уалдзæг уæддæр булæмæргътæ фестут , Æртæхут-иу нæ æнкъард Ирбæстæмæ, Фенут-иу, нæ цард куыд цæуы бæсты, Нæ сомбоныл-иу кæнут тæрхæттæ, Куыд нал æвзарæм ’взæрты æмæ хæрзты, Хæссæм фылдæр хатт худинаг нæ сæрмæ! Курын дæ, нæ Ирæн номгæнæг дæ, Хуыцауы раз-иу балæуу ды рæстудæй, Ферох кæн зæххон царды мæстытæ, Дæ фарны рухс нæ батавæд зынг хурау! Журнал «Фидиуæг», 2020 азы, №1 *\- -С^% 8^4^) ^о
Цардæвдисæг уацмыстæ Ирон сылгоймаджы миниуджытæ, кад, намыс æмæ фарн кæй удыхъæды баиу сты, йæ Ирыстоны циныл зæрдæйæ чи райы, йæ мастыл та сагъæс чи кæны, афтæмæй нæ адæмы ивгъуыд æмæ ныры дуджы ца- утæ йæ уацмысты нывæфтыд дзырды фæрцы уыр- нинагæй, хæдхуызæй дзыллæтæм чи хæссы, уый у зындгонд фыссæг æмæ тæлмацгæнæг, журнал «Фи- диуæджы» прозæйы хайады редактор, РХИ-йы Жур- налистты æмæ Фысджыты цæдисты уæнг, РХИ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Наниты Асиат. Фидæны фыссæг райгуырд 1940 азы 18 январы Хуссар Ирыстоны рæсугъддæр хъæутæй иу — Цъ- иры. Ахуыр кæнынмæ бацыд сæ хъæуы райдайæн скъоламæ, астæуккаг скъола та каст фæци Захъоры хъæуы. Асиат 1959 азы кусын райдыдта сæ хъæуы библио- текæйы. Уый фæстæ йæ кусынмæ æрбахуыдтой газет «Советон Ирыстон»-мæ. Уырдыгæй ахуыр кæнынмæ ацыд Мæскуыйы полиграфион институты технологон факультетмæ, фæлæ йæ, йæ царды уавæртæм гæсгæ, кæронмæ каст нæ фæци. 1969 азы йæ кусынмæ райстой чингуыты рауагъ- дадмæ. Цалдæр азы фæстæ йæ снысан кодтой журнал «Фидиуæджы» прозæйы хайады редакторæй. Уæдæй абонмæ кусы уым. Йæ хæстæ дзы æххæст кæны бæр- нонæй, у бæлвырд æмæ бæстон адæймаг, зæрдæхæлар æмæ уæздан хистæр, цæстуарзонæй ауды æрыгон ав- тортыл. Редакцийы къæсæрæй чи бахизы, æрыгонæй, карджынæй, се ’ппæтыл дæр æхсызгонæй сæмбæлы, стæй сын сæ уацмыстыл бакусы хæдзардзинæй. Зоны ныхас кæнын автортæй алкæимæ дæр. Йæ рæсугъд зæрдæйы ахаст тынгдæр разыны, æрыгон автортæй -: О %* О : ■
литературæйы, зонады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæй йемæ чи аныхас кæны, уыцы фæси- вæд ын уайтагъд банкъарынц йæ зæрдæйы хъарм, йæ цæстуарзондзинад æмæ дзы кæддæриддæр вæййынц райгонд æмæ буц. Йæ литературон уацмыстæ фыццаг хатт рухс фед- той 1964 азы. Уæд журнал «Фидиуæджы» фæзынд йæ радзырд «Сæрвæты». Уымæй дæс азы фæстæдæр мыхуыры рацыд йæ фыццаг чиныг — радзырдты æмбырдгонд сывæллæттæн «Ацæмæзы кафт». Автор уыцы чиныг, ирон хуынау, аивæй рахаста нæ чысыл хурты размæ. Тынг æхсызгонæй йыл сæмбæлдысты чиныгкæсджытæ, хистæрæй, кæстæрæй. Уымæн æмæ, сабиты миддуне хорз зонгæйæ, сæ зонды хи- цæндзинад сын æнкъаргæйæ, Асиат аивадон æвзагæй хорз ранывæста сæ миддуне, сæ уаг æмæ цардбæл- лондзинад. Фæстæдæр та фæзындысты йæ иннæ чингуытæ: «Æмкъай», «Сидзæр», «Æгомыг», «Дыууæ гæлæ- буйы» «Æнахуыр уазæг», «Уацмыстæ», «Фыдæлты артдзæст»... Асиаты схонæн ис психологон æмæ æнкъарæнджын прозæйы дæсны. Хистæр æмæ кæстæрты æхсæн, сыл- гоймæгты æмæ нæлгоймæгты ’хсæн ахастдзинæдтæ сты йæ уацауты сæйрагдæр темæтæ. Иæ уацмысты ирдæй æвдисы горæтаг æмæ хъæууон цард. Уыцы миниуджытæй хайджын сты йæ уацаутæ: «Удыхай», «Æгомыг», «Уый ды дæ?», радзырдтæ «Æнæбонæмгъ- уыд мæлæт нæй», «Рахиз цонг», «Мæ рæсугъд хо». Уымæй уæлдай ма Асиат йæхи равдыста курдиатджын тæлмацгæнæгæй дæр. Йæ фæрцы нæ мадæлон æвза- гыл бакæсæн ис зындгонд фысджытæ Гæздæнты Гай- тойы, Тедеты Георгийы, Франц Сивкойы, Сергей Ру- блевскийы, Мегрель Дугъуйы уацмыстæ.
Æнкъараг у Асиаты зæрдæ. Уыцы миниуæг æмæ аивадон дзырд нывæндыны хæрзарæхстдзинад у йæ уацмысты хорзæхы æмæ хицæндзинады миниуæг. Фæстаг рæстæг Хуссар Ирыстоны цы цаутæ æрцыд, уыдон фыссæджы зæрдæ бацагайдтой, зæгъæн куыд нæй, афтæ. Уыцы ахаст зыны, йе ’взæрст уацмысты æмбырдгондмæ цы хицæн радзырдты цикл бацыд, уыдоны: «Ничи... ничи...», «Тугæйдзаг уæрдон», «Ма фæрæди, хъæбул!», «Æнахуыр уазæг», «Мæ хæзна», «Зынаргъ лæвар», «Дæ мады халдих»... Хуссар Ирыстоны адæм гуырдзиаг экстремистты аххосæй цæргæбонты зын æмæ тыхст уавæрты кæй цардысты, уый йæ уацмысты бæлвырд зыны. Схонæн æй ис, йæ уацмысты Ирыстоны хъæбатыр фыртты лæгдзинады цаутæ хæдхуызæй чи нывæнды, уыцы ирон курдиатджын прозаиктæй иу. Иæ хъуыдытæ раст кæй сты, уый банкъарæн æмæ бамбарæн ис, ноджы тынгдæр йæ роман-хроникæ «Фыдæлты арт- дзæст» æмæ йæ радзырдты чиныг «Æнахуыр уазæг» бакæсгæйæ. «Фыдæлты артдзæст»-ы архайд цæуы йæ сæй- раг хъайтар Адамы алыварс. Уый у, цард чи фед- та, йæ хъысмæт йæ уарзон республикæйы адæмимæ чи сбаста, ахæм фыдæбонджын лæг. Чысыл респу- бликæйы цæрджытæн сæ цард советон дуджы куыд нывыл уыд, кæрæдзи цинæй куыд цардысты, уый йæ романы равдыста иттæг дæсныйæ. Ацы уацмысы бирæ хорзæхтæн сæ иууыл сæйрагдæр у, автор Ада- мы хæствæллад адæмы цардмæ рæстаг ахасты æмæ тохдзау фæсивæды лæгдзинад кæй баиу кодта, уый. Уый та уымæн бафтыд йæ къухы, æмæ 1990-2000-æм азты быцæутæн йæхæдæг уыд æвдисæн. Йæ романы æнæ равдисгæ нæ фæци, Хуссар Ирыстон хæдбардзи- над цы бон райста, уыцы цау ирон адæмæн цы цин æрхаста, уый дæр.
Роман «Фыдæлты артдзæст» мыхуыры куы ра- цыд, уæд йæ редактор Цхуырбаты Мери афтæ фы- ста: «Роман-хроникæйы нæ абоны знæт æмæ змæст дуджы царды фоныл фидарæй баууæндæн кæуыл ис, ахæм цауты бындурыл æнцайгæйæ, Асиат æвдисы адæймаджы характерон æвæрццæг миниуджытæ, кæ- цыйæн йæ удыхъæд нæдæр асæтдзæн, нæдæр аивд- зæн, баззайдзæн, чи уыд, уымæй; æппæрццæг, кæцы уыцы цардивæнты хъуыды кæны æрмæстдæр йæхи сæрмагонд пайдайыл æмæ алцыдæр йæ сæрмæ хæс- сы. Мæнмæ гæсгæ, ацы сфæлдыстадон къахдзæф нæ сылгоймаг-фыссæджы литературон царды у ноджы иу стыр цæстæвæрæн уæлахиз». Царды цаутæ æрфыссын, кæрæдзи фæдыл хъай- тарты цардвæндаджы сюжеттæ равæрын — уый фаг нæу, цæмæй аивадон уацмыс чиныгкæсæджы зæрдæ- мæ фæндаг ссара, уый тыххæй ма сæм хъæуы фыс- сæджы арæхстджын цæстæнгасæй раст сбæрджытæ кæнын, уды æмæ зæрдæйы æнкъарæнты уылты сæ гæххæтмæ рахæссын. Уыцы хорзæхæй хайджын сты, куыд Асиатæн йе ’ппæт уацмыстæ, афтæ йæ ро- ман-хроникæ «Фыдæлты артдзæст». Мæнæ куыд фы- ста ацы уацмысы тыххæй зындгонд прозаик Джиоты Катя: «Фыссæг йæ роман-хроникæйы ирдæй равды- ста, адæймаджы зæрдæйы йæ фыдæлты артдзæстæй адджындæр кæй ницы ис, йæ царды бонтæ кæмфæн- ды ма ’рвита, уæддæр». Романы хъайтар, цалынмæ Советон Цæдис нæ ныппырх, уæдмæ куыста завод «Электровибромашинæ»-йы. Раззаг кусæг бæргæ уыд, фæлæ Советон Цæдис куы ныппырх, уæд баз- зад æгуыстæй, æмæ куыстуарзаг адæймаг йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Æгæрыстæмæй йын йæ цардæмбал бауынаффæ кодта, зæгъгæ, адæм куыд кæнынц, мах дæр афтæ бизнесыл ныллæууæм, ома,
исты товартæ асламæй æлхæнæм æмæ сæ зынаргъ- дæрæй уæй кæнæм. Фæлæ куыстуарзаг нæлгоймаг ууыл не сразы ис. Уый бæсты райдыдта боныг фыс- сын йæ царды тыххæй. Роман-хроникæйы æвдыст æрцыдысты адæймаджы характерон миниуджытæ. Мыхуырмæ цæттæ у роман «Фыдæлты артд- зæст»-ы дыккаг чиныг. Хъуамæ ацы аз рухс фена. Зæрдæхæлар, цæстуарзон адæймаг, Ирыстоны æцæг патриот, Джусойты Нафийы номыл национ ли- тературон премийы лауреат Наниты Асиатæн йæ юби- лейы фæдыл кæнæм зæрдиаг арфæ. Нæ цæст ын уар- зы æнæниздзинад, царды æмæ сфæлдыстадон куысты æнтыстджын æмæ бæркадджын архайд! 8$ О ;
Мисурханы æрдзон курдиат Æфсарм, æгъдау, намыс. Ацы æртæ хорзæхæй Хуыцау æмæ йæ зæдтæ рæдау хай кæмæн бакодтой, йæ уаздзырдæй Ирыстоны дзыллæйæн ныр цып- пор азæй фылдæр зæрдиаг æмæ биноныг лæггад чи кæны, уый у УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы раздæ- ры директор, ныр та йæ наукон кусæг Томайты Ми- сурхан. Йæ фыдæлтæ сты Куырттаты комæй, Къорайы хъæуæй рацæугæ. Йæ фыд Мысырби уыд зындгонд ирон кадæггæнæг. Дзырдаивады фарнæй уый фæрцы фæхайджын. Адæймаджы цард хатгай афтæ рауайы, æмæ йæ хъысмæт æнаххосæй баппары æнахуыр зил- духæнты. Афтæ уыд Мысырбийы цардвæндаг дæр. Фыдæвзæгты аххосæй йæ йе ’фсымæртæ æмæ мади- мæ алидзын бахъуыд Узбекистанмæ. Ацы æцæгæлон зæххыл Мисурхан федта царды хур. Фæстæдæр ын йæ бинонты реабилитаци куы скодтой, уæд æрбаз- дæхтысты Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Дзæуджыхъ- æуы. Мисурхан ахуыр кæнынмæ бацыд Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм астæуккаг скъоламæ. Раст иу бонау атахтысты ахуыры азтæ. Скъола каст куы фæци, уæд куыста республикæйы аивадон фонды керамикæ судзæн цехы, фæстæдæр та — Киров æмæ Орджоникидзейы номыл музейы. Уый фæстæ та ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты нывкæнынады хайадмæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ байгом йæ фæндаг нывкæнынады аивадмæ. Литературæмæ та æрбакъахдзæф кодта æхсæрдæ- саздзыдæй. Ардæм ын уæрæх фæндаг байгом, абон
дæр йæ литературон фыдыл кæй нымайы, уыцы зын- дгонд поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архай- æг Мыртазты Барисы руаджы. Йæ фыццаг радзырд- тæ мыхуыры куы фæзындысты 1960 азы, уæд сыл æхсызгонæй сæмбæлд ирон чиныгкæсæг. Мисурхан йæ литературон курдиат фидардæр кодта Мæскуыйы Максим Горькийы номыл литературон институты. Уырдыгæй куы ссыд, уæд та æртæ азы бакуыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы, фæстæдæр та йæ снысан кодтой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты æнæштатон наукон кусæгæй. 1972 азы Мисурхан сси Хетæгкаты Къостайы но- мыл ирон литературæйы музейы наукон кусæг. 1984 азæй та уыд йæ директор. 2019 азæй фæстæмæ та у хистæр наукон кусæг. Нæ литературæйы йæ фæрныг архайд бæрæг у, цы уацмыстæ ныффыста, уыдонæй. Алы азты рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыдысты йæ радзырдты чин- гуытæ: «Къахвæндаг», «Адæймаджы фæд», «Кадæг- гæнæг Томайты Мысырби», «Адæймагæй адæймаджы ’хсæн». Мисурханæн йæ радзырдтæ сты арфхъуыдыджын, сæ мидис амад у адæймаджы миддуне раргом кæны- ны кæнонтыл. Йæ сæйрагдæр хъуыдытæ баст сты адæймаджы зæрдæйы сагъæстимæ, йæ миддунейы цы хъуыдытæ ис, уыдонимæ. Мæнæ куыд фыста йæ прозаикон уацмысты тыххæй Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къо- стайы номыл паддзахадон премийы лауреат Мæрзой- ты Сергей: «Томайты Мисурханы радзырдтæм ис иу хорз миниуæг йæ хъайтартæ сты, йæ кары чи бацыд, царды уæз чи бавзæрста æмæ чи нæ фæтасыд, йæ миддуне сыгъдæгæй кæмæн баззад, ахæм æмбаргæ,
бонзонгæ, куырыхон хистæртæ, йæ уды хъарм æмæ рухсæй кæстæрты буц чи дары, хорз зондыл сæ чи ардауы, ахæм лæгау лæгтæ æмæ æфсармджын сыл- гоймæгтæ». Кад æмæ рады фæндагыл чи цæуы, ахæм сты йæ уацмысты хъайтартæ. Сæ фæрцы хуыздæр базонæм, цард æмæ хъысмæты иумæйагæй цы ис, æппæт уыцы æууæлтæ. Мисурханы сфæлдыстадон бынтæ кæд ахæм бирæ не сты, уæддæр йæ чысыл радзырдты не ’рвылбоны цардæй нывæст сюжеттæй бæрæг у, сæ автор хъуыды- гæнæг æмæ арæхстджын кæй у, уый. Йæ хъайтартæ сты хъуыдыгæнæг æмæ, цардмæ æргом æмæ пара- хат зæрдæйæ чи кæсы, ахæм фæрнджын удгоймæг- тæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ автор хъуыдыгæ- нæг кæй у. Йæ геройтæ сты алы дæсныйæдтыл хæст, фæлæ сæ иу кæны цардыл сагъæс. Цы хъуыддаджы сæр æрлæууыдысты, уый бæлвырд кæй зонынц, уый æвдисæг æнкъарæнджын дзырдтæй. Мæнæ куыд зæгъы йæ хæлары литературон æр- мдзæфы тыххæй УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Соттиты Риммæ: «Мисурхан кæддæриддæр хæст у йæ царды иудадзыгон сæйраг хъуыддагыл. Ауды, адæймаджы удварны бæрзæндтæм чи хоны, ирон ли- тературæйы уыцы артыл». Куыд музейы директор, афтæ Мисурханæн, йæ къухы бафтыд, ацы рухстауæн артдзæсты фонд ног æрмæджытæй фæхъæздыгдæр кæнын. Иæ принципи- алон зондахасты фæрцы йæхи æмæ йе ’мкусджыты къухы бафтыд, уæды рæстæджы нæ республикæйы культурæйæн дзуапдæттæг бæрнон адæймæгты хъ- усдардæй, музейы бæстыхай бындуронæй сцалцæг кæнын, дыууæ хатты йын йæ экспозицитæ ногтæй раивын. ° >-' (^ 8»>9Д-нв ■«) .-^ о
— Абон не ’хсæн чи нал ис, стæй, æгас чи у, уыцы фысджыты бинонтимæ æмæ хиуæттимæ фидар баст- дзинæдтæ кæй саразын, уый фæрцы сæ цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл дзурæг æрмæджытæй му- зейы æвæрæнтæ фæхъæздыгдæр кæнын, — зæгъы Мисурхан. Ацы бонты зындгонд фыссæг Томайты Мисурха- ныл 80 азы кæй сæххæст, уый кадæн литературон музейы арæзт æрцыд йæ юбилейон изæр. Уырдæм æр- бацыдысты РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады, Национ музейы, Фысджыты цæдисы разамонджытæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, библи- отекæты кусджытæ. Изæры райдайæны Мисурханы цард æмæ бирæв- æрсыг сфæлдыстадон архайды тыххæй радзырдта ли- тературон музейы хистæр наукон кусæг Цхуырбаты Сергей. Уый фæстæ юбилярæн арфæ ракодта РЦИ-А- ланийы культурæйы министр Къубалты Эльбрус. — Мисурхан, ды дæ, йæ куыст зæрдæйæ чи уарзы, ацы музейы рæзтыл кæддæриддæр зæрдæйæ чи тых- сы, дуджы алы æппæрццæг фæзындтытæй ацы куль- турæйы артдзæст чи бахъахъхъæдта, уыцы арфæйаг адæймаг. Дæу хуызæн уæздан æмæ зæрдæхæлар хи- стæртæй фидауы Ирыстон. Æмæ ма нын бирæ азты дзæбæхæй фæцæр. Нæ зæрдæтæ нын дæ литерату- рон уацмыстæй кæй рухс кæндзынæ, уый нæ уырны, — загъта Эльбрус æмæ Мисурханæн радта рæсугъд уардиты баст. Юбилярæн ма йæ литературон æмæ рухстауæн ар- хайды тыххæй сæ хъуыдытæ загътой РЦИ-Аланийы адæмон фысджытæ — Хуыгаты Сергей, Дауыраты Дамир, нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрда- ры хæдивæг Скъодтаты Эльбрус, ацы сфæлдыстадон организацийы поэзийы секцийы сæргълæууæг, УФ-
йы Фысджыты цæдисы уæнг Хохойты Энвер, чины- гуадзæн «Ир»-ы сæйраг редактор Тъехты Тамерлан, журналтæ «Мах дуг» æмæ «Ногдзау»-ы сæйраг ре- дактортæ Хетæгкаты Оксанæ æмæ Томайты Сергей,. Национ музейы хайады сæргълæууæг Козаты Петр. Ирон литературæйы музей Дзæуджыхъæуы цен- трон библиотекæимæ куыд æнгом баст у, уый йæ раныхасы ранывæста бæстæзонæн хайады сæргъ- лæууæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Дзугаты-Мурасты Риммæ. Æмæ йын нæ горæты би- блиотекæты централизацигонд системæйы разамонæг Цъæхилты Зæлинæйы номæй радта Кады грамотæ. Юбилейон изæры кæрон æппæт æрбацæуджытæн дæр зæрдиаг арфæтæ ракодтой Томайты Мисурхан æмæ ирон литературæйы музейы ныры директор, Хъ- амбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы лауреат Касаты Аслæнбег. Сæрмагондæй сæ уарзон æмкусæг æмæ буц хистæ- ры юбилеймæ ацы музейы кусджытæ бацæттæ кодтой Мисурханы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг æвди- сæг æрмæджыты цымыдисаг равдыст. о>^^9^3 «^^^о
Йæ уды цæхæр - æрттивгæ Национ литературæйы къæбицмæ дзаджджын хуынтæ чи хæссы, йæ курдиат æмæ зæрдæйы цæхæрæй йæ адæмæн стыр хæрзты чи цæуы, уыдо- æй иу у зындгонд прозаик, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Æмбалты Цоцкойы номыл премийы лауре- ат, курдиатджын тележурналист, публицист Агънаты Гæстæн. Ацы бонты уый бæрæг кæны йæ 70 азы кадджын юбилей. Ныр цыппор азæй фылдæр ирон æмæ уырыссаг чиныгкæсджытæ æхсызгонæй кæ- сынц, йæ сисы бынæй цы бирæ аив уацмыстæ ра- цæуы, уыдон. Сæ жанртæ куыд алыхуызон сты, афтæ сæ архайджыты миддунейы рæсугъддзинадæй сæхи- мæ здахынц литературæиртасджытæ æмæ фысджыты æргом. Агънаты Æмзоры фырт Гæстæн райгуырд 1943 азы 15-æм январы Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр хъæу- тæй иу — Хъарман-Сындзыхъæуы. Иæ сабидуг æн- цон нæ уыд, бавзæрста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ уæззау азты тухитæ, фæлæ сын сæттын нæ бакуымдта. Цы бинонты æмæ сыхбæсты астæу схъ- омыл, уыдон ын басгуыхтысты ирон æгъдауы, æф- сарм æмæ намысы æвæджиуы куырдадз. Сæ фæрцы фæхайджын дзырдаивадæй, национ удварн цардхъом цæмæй у, уыцы хæзнатæм æгæрон уарзты хъомысæй. Уый фæрцы йæ зæрдæйы ссыгъд æвидигæ зынг. Хъæуы астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд Гæстæн бацыд Цæгат Ирыстоны паддза- хадон педагогон институты филологон факультетмæ. Фæлæ йын æфсадмæ цæуын афон кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ каст нæ фæци. Службæ кодта Æфсæд- дон-денджызон флоты. Йæ райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс кадджынæй куы сæххæст кодта, уæд сыздæхт Ирыстонмæ. Бафæндыд æй йæ ахуыр кæронмæ ахæц-
цæ кæнын. Æмæ 1968 азы бацыд Мæскуыйы Мак- сим Горькийы номыл литературон институтмæ. Ам æвзонг, цардбæллон лæппуйы курдиаты рæзт ноджы фæпарахатдæр æмæ фæхъомысджындæр. Разæнгар-, дæй æххæст кодта йæ ахуырадон æмæ сфæлдыста- дон хæстæ, архайдта литературон семинарты æмæ изæрты. Институты йын йæ хæдбындур курдиаты тых уæлдай тынгдæр рахатыдта номдзыд уырыссаг фыссæг Сергей Залыгин. Гæстæн институт каст куы фæци, æмæ Мæскуыйы рауагъдад «Современник»-ы уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй йæ радзырдтæ хицæн чиныгæй рухс куы федтой, уæддæр ын уый ныффы- ста ныфсдæттæг разныхас. Уый фыста: «Внимание молодого писателя привлечено к событиям, а вернее, к течению повседневной жизни, ко всему тому, что происходит с его героями дома, в семье, в отношениях с родственниками, соседями, односельчанами. Но как бы ни были на первый взгляд непримеча- тельны сюжеты этих рассказов, в них неизменно при- сутствует нечто существенное: характеры людей, их внутреннее состояние. А благодаря этому, бытовая сцена, зарисовка, житейский случай уже, как бы не случайно, они достаточно ярко рисуют облик челове- ка, и по отдельному, и частному поступку мы можем судить о том, каков этот человек и какое решение он примет, когда перед ним возникают гораздо более се- рьезные испытания и задачи...». Агънаты Гæстæны сфæлдыстад хайджын у, адæй- маджы миддуне куыд арæзт у, стæй йыл æхсæнады æвæрццæг æмæ æппæрццæг миниуджытæ цас зынын- ц,ууыл æргом ныхас кæныны хорзæхæй. Хистæртæ æмæ кæстæрты ’хсæн ахастдзинæдтæ, адæм æмæ æрдзы бастдзинад, нæ Ирыстон æмæ бæстæйы исто- рийы æрцæуæг цаутæ ирдæй æвдисын æмæ чиныгкæ- сæджы арф хъуыдытыл бафтауын, æхсæнады æргом сæм раздахын. Уыдон сты йæ курдиаты сæйрагдæр 0 ^м(^ш«§Ш»^ О
миниуджытæ. Уыцы равг рахатæн ис йæ радзырдты, уацауты æмæ романты æмбырдгæндты: «Кæстæр чын- дз» (Орджоникидзе, 1968 аз); «Чындзæхсæвы размæ» (Орджоникидзе, 1971 аз); «Утро Нового года» (Москва, «Современник», 1975 год); «Æнахуыр изæр»(Орджо- никидзе, 1976 аз); «Уазæгуаты» (Орджоникидзе, 1980 аз); «Мæйы фæстаг бонтæ» (Орджоникидзе, 1984 аз,); «Фæстаг æхсæв» (Орджоникидзе, 1987 аз); «Послед- няя лошадь» (Москва, «Современник», 1988 год); «Йæ рухс ном» (Орджоникидзе, 1989 аз); «Дысоны фын» (чиныгуадзæн «Ир», 2000 аз)... Фыссæгæн йæ уацмыстыл адæм æхсызгонæй ны- хас кæнынц сæрмагонд фембæлдтыты æмæ конфе- ренциты. Литературæиртасджытæ сыл фыссынц на- укон уацтæ æмæ монографитæ. Йæ уацау «Фæстаг бæх» та хаст æрцыд астæуккаг æмæ уæлдæр скъо- латы программæтæм. Уацмысы тыххæй филологон наукæты кандидат Мамиаты Изетæ фыссы: «Фæстаг бæх»-ы Агънаты Гæстæн спайда кодта, фæстæдæр йе сфæлдыстады чи рапарахат ис, ахæм аивадон мадза- лæй: дунемæ фæйнæхуызон цæстæнгасы равдыстæй; сæ иуы бындур — эгоизм æмæ аразгæ уаг, иннæйы — адæймагуарзон æнкъарæнтæ, зæхх æмæ æрдзмæ хъæбулы уарзт, фæлтæрты бастдзинады фарн, цар- ды æцæг нысаныл сагъæс. Фыссæг сæ æвдисы цауты руаджы, сæйрагдæр та — мидæрдыгæй — хъайтары хъуыды æмæ æнкъарæнты змæлдæй. Уыимæ йæ пер- сонажты хайджын кæны æмхуызон бартæй, уыдонæй алчидæр тырны чиныгкæсæджы йæхи рæстдзинадыл баууæндын кæнынмæ. Мах хъусæм хæрам лæджы ныхас, хынцæм ын йæ «хи сраст кæныны» фæл- тæрæнтæ, йæ архайды здæхт æмæ аххосæгтæ. Фæлæ исæм æндæр—цардфæлтæрд æмæ цæстуарзон лæджы рæстдзинад». . Агънаты Гæстæн канд курдиатджын фыссæг нæу,
фæлæ ма йе ’ргом здахы ирон адæмы этнографи æмæ æгъдæуттæм дæр. Уыдоны тыххæй архивты æмæ ИрыстонЫ дзырддзæугæ хистæртæй æрæмбырд кодта бирæ мядисджьш æрмæджытæ. Уыдоны бындурыл ныффыста ахъаззаджы ахуыргæнæн чиныг «Ирон æгъдæуттæ». Мыхуыры рацыд (ирон æмæ уырыс- саг æвзэегтыл) дыууæ хатты. Хорз аргъ ын скодтой Ахуырад æмæ наукæйы министрады специалисттæ, Æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы советы уæнгтæ./Ехсызгонæй йæ кæсынц Уæрæсейы æмæ фæ- сарæнты цæрæг ирæттæ дæр. Гæстæн бирæ арфæйаг хъуыддæгтæ сарæзта, Цæгат Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы сæйраг редактор куы уыд, уæД- Иуæй йæ публицистикон равдыст «Зæр- дæйæ-зæрДæмæ>>-йы фæрцы бирæ ирон артисттæн, фысджытæн, зарæггæнджытæн, ахуыргæндтæн, дох- тыртæн, ахуыргæнджытæн уыд фадат царды сагъæс- сæг фæзындтытыл æргом ныхас кæнынæн, нæ нацийы тыхстагд#р фарстатæ лыг кæнынæн, цы гæнæнтæ ис, уый тыххæй сæ фæндтæ зæгъынæн. Иннæмæй — йæ документялон кинонывты цикл «Нæ разагъды лæг- тæ».УуыЛ сæрмагондæй наукон куыст ныффыссын дæр æмбселы. Ам Гæстæн, æппæт аивадон, наукон фæрæзт#й арæхстджынæй пайдагæнгæйæ, æхсызго- нæй дзырДта Колыты Аксойы, Гæдиаты Секъайы, Ту- гъанты Махарбеджы, Барахъты Еленæйы, Брытъиа- ты Елбыздыхъойы, Таутиаты Солæманы, Мамсыраты Темырболаты, Плиты Иссæ æмæ нæ иннæ зындгонд адæмы царД æмæ сæ арфæйаг хъуыддæгтыл. Ацы ки- нонывты тыххæй бирæ арфæтæ сæмбæлд Гæстæныл. АхъаззадЖы цæстуынгæ æрмæг сты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн æмæ рæвдауæндæт- ты хъомылгæнджытæн. АгънатЫ Гæстæн у, йæ адæмы удварны рæзтыл зæр- диагæй чи архайы, йæхицæн уæлдай кад æмæ стыр нæмттæ чи нæ домы, ахæм фыссæг æмæ публицист.
Зоны цардæн æмæ æхсæнады цаутæн аргъ кæнын, кæ- стæртæн раст зонд бацамонын, кæм хъæуы, уым сын баххуыс кæнын. Кæд нæ буц хистæр йæ 70 азы сæр- ты акаст, уæддæр æм бирæ сфæлдыстадон фæндтæ ис. Разæнгардæй архайы республикæйы æхсæнадон царды. Арæх фембæлы фæсивæдимæ. Семæ фæныхас кæны литературæйыл, ирон æгъдауыл æмæ аивадыл. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ ног уацмыстæ радзырдтæ, романтæ æмæ уацаутæ бакæсæн вæййы журнал «Мах дуг» æмæ газет «Рæстдзинад»-ы. Фарон та мыхуыры рацыд, Гæстæны сфæлдыстады тыххæй ирон æмæ уырыссаг литературæиртасджытæ цы æрмæджытæ ныффыстой, уыдоны иумæйаг æмбырдгонд «Агънаты Гæстæн. Знон æмæ абон». Сарæзта йæ филологон на- укæты кандидат, Цæгат Ирыстоны паддзахадон уни- верситеты ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис. Филологон наукæты доктор, профессор Дзуц- цаты Нинæ Гæстæны уацмысты архайджыты фæлгон- цтæ æмæ удыхъæды миниуджытæ иртасы йæ моногра- фи «Проблемы психологизма и нравственности в прозе осетинского писателя Гастана Агнаева»-йы. Уый дæр рухс федта фарон Петербурджы паддзахадон универ- ситеты рауагъдады. Уыцы æппæт æрмæджытæ æвди- сынц, Агънаты Гæстæн бирæвæрсыг курдиаты хицау кæй у, ирон литературæйы йæ уацмыстæ аккаг бынат кæй ахсынц, уый. Нæ ныхасы кæрон зæрдиаг арфæ кæнæм Агънаты Гæстæнæн. Кæддæриддæр нын йæ курдиаты цæхæрæй нæ зæрдæтæ куыд тава, уый йын нæ цæст уарзы. «; СГ* 9*8 ^Э ^
Хъуыдытæ Гæстæны сфæлдыстады тыххæй Агънаты Гæстæны прозæ нæу хиирхæфсæн, нæу дидактикон дæр, фæлæ цардуагон аив идеалтæ, фæл- мæн, эмоцион дзыхыдзырд æмæ адæймаджы удыхъæд æвдисгæйæ, свæййынц зæрдæскъæф дæр, хъомыла- дон дæр æмæ дугæвдисæг дæр. Уый ирдæй зыны йæ раградзырдты, уæлдайдæр «Гобецоны хъыбылтæ»-йы фæстæмæ. Стæй æмткæй йе сфæлдыстады. Гæстæн тынг хорз æнкъары дзырды ад. Зоны йын аргъ кæнын. Æмæ йын йæ уацмысы хъайтартæн дæр алчи аргъ кæны йæхимæ, йæ удыхъæдмæ гæсгæ. Уый, кæд бынтон æнцон базонæн нæу, уæддæр æй хаты цырддзаст чиныгкæсæг. Уымæн æмæ уыцы хъ- уыддагæн — уацмысы æвзагæн — автор ницы æвгъау кæны. Хъазиты Мелитон, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, литературæиртасæг. Художественный замысел произведений Агнаева, как правило, раскрывается с помощью последователь- ного развития, которое включает в себя противобор- ство и преобразование тем и тематических элементов. Иногда внимательному читателю кажется, что он оку- нается в хорошую симфонию и слышит звуки смыч- ковых, духовых и ударных инструментов. Однако, читая некоторые страницы, особенно написанные по- сле страшной трагедии—гибели любимого сына Уруз- мага, иногда у читателя формируется такое настрое- ние, будто его сопровождает тяжкая песня на слова К. Хетагурова «Додой» («Горе»). Нельзя читать без слез и душераздирающих переживаний книгу Гастана -; С7% 9Э ГВ :>
«Утренний луч солнца» («Ныхас мæ фыртимæ») — нерукотворный памятник Урузмагу. Ахурбек Магометов, доктор исторических наук, профессор. Гæстæны зонын, уæртæ ма Мæскуыйы литинститу- ты куы ахуыр кодта Кокайты Тотрадз æмæ Хаджеты Таймуразимæ, уæдæй фæстæмæ. Зонын æй фыдæбо- нуарзаг лæппуйæ. Къостайы иу æмдзæвгæйы ис ахæм стауæн ныхас: «Уарзтон нæ хæхты фыдæбон». Гæстæн уарзта нæ литературæ йе сфæлдыстадон æвзонгады рæстæг, уарзы ныр дæр, дæсны кусæгыл куыд æм- бæлы, афтæ. Гъе, æмæ мæ фæндиаг уæд—ноджы йын фылдæр æмæ хуыздæр æнтысæд кусын— фæлдисын нæ аивады фарнæн! Кусæд æнæниз æмæ уæнгрогæй! Йæ аив дзырд та уæд базырджын, тæхынхъом— фи- дæнмæ, æнусты сæрты! Джусойты Нафи, филологон наукæты доктор. Агънаты Гæстæны аивадон уацмыстæн сæ мы- хуырон сыфты нымæц сæдæйæ фæфылдæр. Уыдо- ныл адæймаг йæ цæст куы ахæссы, уæд йæ размæ слæууынц хæххон æрдзы нывтæ: радзырдтæ фестынц къуылдымтæ, уацаутæ — рæгътæ æмæ айнæджытæ, романтæ — къæдзæхтæ. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ чиныгкæсæджы цæстæнгас æрцахсы авторы фæлгонц дæр: фыццаг — дæрддзæфмæ, уый фæстæ — хæстæг- мæ. Кæм хъавгæ, кæм ныфсджынæй цæуы уæлæмæ. Иунæг нæу бæлццон йæ фæндагыл: чи дзы дзæвгар адард, чи дзы дзæвгар баззад. Фæлæ никæй фæзмы — нæдæр раззæгты, нæдæр — фæстæгты. Цæмæн? о ^ (С^+ЛфО §11?) ,^о
Уый зоны æрмæстдæр фæндаггон йæхæдæг. Махæн та нæ бон у æрмæстдæр уымæн йæ къахайст æмæ йе ’рмдзæфы куырмæлхынцъытæ халын. Хорз æмæ, къ- уылдымæй къæдзæхтæм цы къухвæллой ныууадзы,. уыдон фадат раттынц уыцы къуыбылойæн йæ кæрон ссарынæн. Дарддæр та— дæ хъару æмæ дæхæдæг. Куыд хуыздæр сарæхсай, афтæ аивдæрæй равдисд- зынæ фæндаггоны цард æмæ сфæлдыстад, тугвæл- лой æмæ удвæллой куыст. Зындоны хуызæн уæззау у йæ фæндаг бæлццон лæгæн: иугæр хæрдгæнæны æрлæууыдтæ, уæд дыл бахæцдзæн æндзыгад. Хъæуы æрмæстдæр размæ цæуын... Хозиты Барис, Филологон наукæты кандидат. Очень трогательна и драматична повесть Гастана Агнаева «Последняя лошадь». Она, естественно, не только и не столько об отношении к «братьям нашим меныпим». Она — об отношениях между людьми, меж- ду «темными» в смысле грамоты, но по-настоящему культурными деревенскими стариками, привыкшими жить по совести и уму, этакими культурными недоум- ками, современными «интеллигентами» с дипломами, но без подлинного образования ума и сердца. Она о том, что и командовать в современном селе нужно грамотно — значит, с пониманием прежде всего психо- логии людей, с точным учетом всех особенностей это- го, так называемого «человеческого фактора». Очень своевременная и нужная повесть. Валерий Ганичев, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы сæрдар. Газет «Стыр ныхас», 2012 азы, январ. О ^ I (шшям ф ||| 1Ц/Д^Дммци^С^ О
Бузныг, Иринæ! Зæххы риуы, бæркады номыл иу хоры нæмыг чи аппарста, уый дæр дзæгъæлы нæ фæцард. Фæлæ адæймаджы йæ удварны рухсæй хайджын чи кæны, æмæ йæ зæрдæйы хорзæхæй дзыллæйы зæрдæтæм фæндаг чи ары, уымæн æцæг фæрнджын удгоймаг аргъ æмæ кад куыд нæ хъуамæ кæна! Ахæм кады аккагыл æз кæддæриддæр нымайын, фыццаджы- дæр, йæ рæсугъд, фæлмæн æмæ æнкъараг зæрдæйы æввæрццæг миниуджыты фæрцы, Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Журналистты æмæ Фысджыты цæ- дисты уæнг, публицист, журналист, тæлмацгæнæг Гуырдзыбеты Иринæйы. Æрæджы йын йæ кадджын юбилей сбæрæг кодтой Национ наукон бибиотекæйы. (Кад æмæ радæй дзы кусы ныр бирæ азты). Фидарæй мæ бон зæгъын у, кæд мæ риуы сфæлдыстадон куы- стмæ тырнындзинад ис, уæд уыцы табуйаг артыл уд- цырыны зынг æфтауæг уыд Иринæйы кадджын æмæ намысджын фыд, æхсарджын хæстон лæг, номдзыд ирон композитор, æхсæнадон архайæг, УСФСР-йы аивæдты сгуыхт архайæг Гуырдзыбеты Георги (Зауы- рбег). Уый та цы хуызы? Цæвиттон, æз ахуыр код- тон, Дзæуджыхъæуы Дзанайты Иваны номыл 1-æм астæуккаг скъолайы. Уым мын цы ахуыргæнджытæ уыд, уыдонимæ абон зæрдæрайгæйæ æрхъуыды кæ- нын нæ музыкалон аивады ахуыргæнæг Хъараты Олипиадæйы (рухсаг уæд). Уый-иу нын йæ урок- ты ирон, уырыссаг композиторты фыст зарджытæ арæх зарыд. Искуы-иу хатт дзы-иу фасарæйнаг во- калон композицитæ дæр фæци. Цыппæрæм къласæй та нын алы урокмæ дæр хаста Гуырдзыбеты Геор- гийы фыст зарджыты чиныг «Горы родные». Æмæ-
иу нын зæрдиагæй амыдта ацы æмбырдгондæй сæй- рагдæр «Ирон вальс», «Чызгаймæ», «Песня о родном городе» «Бæрæгбоны зарæг» (Георгийæн йæхи фыст симды мотивыл) Олимпиадæмæ уыд суанг ирон, уы- рыссаг поэтты æмдзæвгæтæм музыкæ æрхъуыды кæ- ныны курдиат. Æз абоны онг зæрдывæрдæй зонын, нæртон Къостайы «Азар»-мæ цы рæсугъд музыкæ æрхъуыды кодта, уый. Йæ фæрцы, зарæг цы у, му- зыкæйæн нæ царды цы стыр ахадындзинад ис, уый кæй бамбæрстон, уый мæм кæсы стыр хæрзиуæгау зынаргъ æмæ кадджын. Фыццаг хатт йæ фæрцы ба- зыдтон, ирон фыдæлтыккон хъæбатырты зарæг цы у, уый дæр. Скъолайы, 9-æм майы бæрæгбоны изæ- ры, не скъолайы зарæггæнæг фæсивæдимæ акодтон Иры номдзыд хъæбул Плиты Иссæйы зарæг. Цæмæй æнхъæл уыдтæн, æмæ, скъолайы цы ирон номдзыд композитор Гуырдзыбеты Георгийы уацмыстæ ахуыр кæнын, уый хæдзарвæндагæй, йæ цотæй искæимæ базонгæ уыдзынæн, сæхæдæг мын мæ фыццаг сфæл- дыстадон къахдзæфты æххуысгæнæг кæй уыдзысты. Фæлæ мæ Дунесфæлдисæг ме сфæлдыстадон фæнда- гыл Иринæйы кæй амбæлын кодта, йæ сыгъдæг æмæ æргом зæрдæйы рухсæй хайджын кæй дæн, уыцы хæрзтæн аргъ нæй. Скъола каст нæма фæдæн, афтæ йын балхæдтон йе ’мдзæвгæты чиныг «Струны време- ни» (ныртæккæ дæр мæхимæ ис, мæ библиотекæйы!). Уыцы цауæй чысыл рæстæг рацыд, афтæ дын Сы- вæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны лите- ратурон уазæгуаты сæргълæууæг, УФ-йы ахуырады кадджын кусæг Симæ Мурадова, сфæнд кодта Ири- нæйы æрбахонын. Тынг хъарм æмæ хорз фембæлд ра- уад. Зындгонд поэт немæ ныхас кодта сфæлдыстадон куысты сусæгдзинæдтыл, аивады, культурæйы, лите- ратурæйы ахадындзинадыл, каст нын йе ’мдзæвгæтæ. о ^-1 («■ иЩигДЦЗ|Е§ша^) .^ о
Мах дæр уæдæ Иринæйы не сфæлдыстадон фыццаг къахдзæфты фæстиуджытимæ базонгæ кодтам æх- сызгонæй. Нæ хистæр æмсис хæлар не ’ппæтæн дæр арфæ ракодта. Загъта, поэзийы, аивады сæйрагдæр æргом æмæ сыгъдæгзæрдæйæ уæлтых куыст кæнын кæй хъæуы, уый. Фембæлды кæрон æм нæ литера- турон уазæгуаты уæнгтæй, уæздан æмæ æфсæрмдза- стæй, хæстæгдæр нæхи байстам æз æмæ Хуыгаты Алыксандр. Уый нæм мидбылты бахудт. Аныхас код- та немæ базонгæ уæвыны нысанимæ. Иринæ йæ ны- хас куы фæци, уæд æм радтон, автограф æрæвæрыны тыххай, йæхи æмдзæвгæты чиныг «Струны времени». Уый дзы стыр æхсызгонæй ныффыста мæнæ ацы ар- фæйы ныхæстæ-фæдзæхсæнтæ: «Молодому и талант- ливому поэту Валерию Гасанову! Пиши, публикуй, читай стихи, с ними жить легче». Уыдон уыдысты Иринæйы фыццаг фæдзæхсæнтæ мæнæн — райдай- гæ авторæн. Уый фæстæ ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты куы ахуыр кодтон, уæд ноджы арæхдæр æмбæлын райдыдтон Иринæимæ. 2005 азы мын иро- нæй уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта ме ’мдзæвгæ номдзыд ирон композитор, фольклорист, ахуыргонд Æлборты Феликсы тыххæй. Уымæй мын ракодта æнæнхъæлæджы стыр лæвар. Уый уыд уырыссаг æвзагмæ мæхи фыст æмдзæвгæтæй фыцццаг тæл- мацгонд уацмыс. Æз уæд ахуыр кодтон ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты æртыккаг курсы. Фæ- стæдæр ацы тæлмацгонд текстыл иттæг аив музыкæ ныффыста номдзыд композиторы курдиатджындæр ахуыргæнинаг, рухстауæг Дзаттиаты Уаккайы чызг Зæлинæ. Иринæйы уыцы лæваримæ æз архайдтон Æлборты Феликсы райгуырдыл 70 азы сæххæсты мысæн изæры. Уый арæзт арцыд нæ Республикон паддзахадон филармонийы. Уым базонгæ дæн Ири-
нæйы цардæмбал, УФ-йы сгуыхт геолог, æцæг ирон лæг, бирæвæрсыг æмæ арф зонындзинæдты хицау Цогойты Олегимæ (рухсаг уæд). Мемæ уæзданæй (филармонийы аив тыргъы), куыд ныхас кодта, уый ма мæ цæстытыл уайы. Уый уыд цæугæ энциклопеди. Æмæ нын нæ ныхасы фæстæ йæхи къамисæнæй ма мæ къам дæр систа Цæгат Ирыстоны адæмон артист- кæ Маринæ Ядых æмæ зындгонд фæндырдзæгъдæг, мæ хорз хæлар Дзуццаты Сосланимæ. Æз мæ хъысмæтæй бузныг дæн, Иринæйы хуызæн фæрнджын, зæрдæйæ хъæздыг, зонд æмæ курдиатæй хайджын адæймагимæ зонгæ кæй дæн, уымæй. Ни- куы ницæмæй мын фæриссын кодта мæ зæрдæ. Не ’хсæн ис хъарм, фæлмæн ахастдзинæдтæ. Ие ’ххуыс мæ кæм бахъæуы, уым кæддæриддæр вæййы мæ фарсмæ. Æз йæ курдиаты ахадындзинадыл мæ ацы æрмæджы æрныхас кæныны хæс мæхимæ нæ исын. Фæлæ йæ æргомæй зæгъын: Иринæ цы хъуыддаджы сæр æрлæууа, уым вæййы фарн! Йæ поэтикон, пу- блицистикон хотых — фыссæн сис — Ирыстонæн у бахъуыды бон — фæдисон, рухс тыхтæ цæмæй хæрам тыхтыл фæуæлахиз уой, уымæ сидæг дзæнгæрæг, зæллангхъæлæс фидиуæг! Йæ фыд Георгиимæ (За- уырбегимæ) цы зарджытæ ныффыста, уыдонæй та уæдæ хæстæг лæууы йæ миддунейы аивдзинадæй номдзыд советон композитор Александрæ Пахмуто- вайы æмæ зындгонд уырыссаг поэт Николай Добро- нравовы сфæлдыстадон æрмдзæфмæ. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, æмæ Иринæ йæ цард æмæ сфæлдыста- дон фæндæгтæ бары, йе ’мсис хæлæрттæ Юлия Дру- нина æмæ Хостыхъоты Зинæйы зонд æмæ сфæлды- стадон куысты бæрцбарæнтæй. Кæддæриддæр аргъ кодта æмæ кæны сæ ирд курдиатæн, зондæн æмæ рухс нæмттæн. Сæ дыууæйы дæр мысы йе сфæлды-
стады азфысты, ныффыста сыл зæрдæмæхъаргæ æмд- зæвгæтæ. Уыдон райхъуыстысты йæ юбилейон изæры дæр, стæй сæ фæкæсы гæнæн ын кæм вæййы, уыцы аивадон изæрты. Æмæ ма, Иринæйы удыхъæды фæзминаг ми- ниуджыты тыххæй дзургæйæ, зæгъдзынæн уый, æмæ мæ хорз хистæр-хæлар бирæ рæстæг фæкуыста пар- тион æмæ хицауадон бæрнон бынæтты. Фæлæ йæ ни- куы ферох, йæ адæмы раз ыл цы арфæйаг, фæлæ зын хæс æвæрд ис, уый. Иæ уд, йæ цæст æвæрæз адæймагæн хорзы бацæуын, курдиатджын кæстæрыл бацин кæнын, йæ фыццаг сфæлдыстадон фæлварæн- ты йын баххуыс кæнын. Æмæ йын ноджы фылдæр æнтысæд! Мæ ныхас та фæуыдзынæн, Гуырдзыбеты Ири- нæйæн арфæйы хуызы цы æмдзæвгæ ныффыстон, уымæй: Гуырдзыбеты Иринæйæн Ды курдиат рахастай гуырдзæй, Æмæ йæ Ирыл хорзæй тауыс, Дæ дзырдмæ фау æрхæссæн нæй, Кæныс фæлитойтыл уæлахиз! Дæ фыд Зауырбег, мад Сусаннæ, Æфсымæр Леониды фаг, Рæсугъд дзырдтæ, зæгъ, кæм арæм, Нывæстой Иры хурвæндаг, Уæдæ цы зарджытæ ныффыстай,— Фæлтæртæ сæ рæсугъдæй зарынц, Дæхæдæг бирæ азты, Ирæ, Дæ уд нæ амондыл куы хъарыс, Дæ цардæмбал уæздан Олегæн Иæ куыст фæзминаг уыд, бæгуыдæр, .: О «<?в О -: >
Схастат диссаджы хъæбултæ, Цæдисон басгуыхтысты хурæн! Дæ тæлмацтæм, дæ поэзимæ Æппындæр ничи ’рхæсдзæн фау, Хæссыс поэты ном цытимæ, Æмæ дыл ауды Хуыцау! о±*^+А$7ш^^4*
Йæ ном цæры адæмы зæрдæты Зарæджы цин... Цы ма уа уымæй æхсызгондæр æмæ зынаргъдæр удæн æмæ зæрдæйæн, уыцы рухс æмæ табуйаг æнкъарæн йæ царды бонты тырысайау кад æмæ радимæ чи хаста, уый уыд Цæгат Ирысто- ны адæмон поэт, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг Чеджемты Æхсар. Чи йæ зыдта æмæ йын йæ курдиатæн аргъ чи кодта, уыдон æй хион- хуызæй, уарзонæй хуыдтой «Нæхи Æхсар». Ахæмтæ та иугæйттæ нæ, фæлæ сæдæгæйттæ уыдысты. Иры- стоны, æвæццæгæн, ахæм хæххон æмæ быдираг хъæу нæ баззад, Æхсар кæм нæ уыд, уымы ацæргæ адæмæй фыдæлтыккон зарæг, кадæг, таурæгъ кæнæ цагъд кæмæй нæ ныффыста. Уыцы æвæджиауы хæзнатæ уæрæх дзыллæтæм хаста йæ радиобакасты- ты: «Хурзæрин», «Æрхъуыды кæнæм, æрымысæм», «Къонайы хъарм», «Фыдæлты фарн — Ирыстоны зæрдæ» æмæ æндæрты.Цал æмæ цал хатты райхъ- уыст йæ фæлмæн хъæлæс радиойæ, цал æмæ цал хатты æрхаста адæмæн циндзинад йæ аив ирон дзы- рдæй, йæ хæдхуыз уацмыстæй. «Æхсар радиойæ куы фæдзуры, уæд мæ цыфæнды ахсджиаг куыст дæр ныууадзын æмæ йæм лæмбынæг байхъусын». Ахæм ныхæстæ бирæтæй фехъусæн уыд.Ирыстонмæ йæ сыгъдæг уарзт Æхсарæн райдыдта йæ райгуырæн уæзæг Заманхъулæй.Ам ын алы дур, къуыбыр æмæ кæрдæджы хал дæр адджын æмæ зынаргъ уыд.Йæ уæгъд рæстæг-иу хъæумæ куы ныфтыд, йе ’мхъæук- кæгтимæ-иу куы аныхас кодта, уæд ын-иу уый йæ удæн уыд, бæрæгбонау, стыр æхсызгон. Айрох дзы- иу сты царды сагъæстæ æмæ тыхстаг хъуыддæгтæ. Ацы фæрныг хъæуæй рацыд зындгонд поэт, Фыды- бæстæйы Стыр хæсты ветеран Мыртазты Барис. Йе
сфæлдыстады тыххæй йын Æхсар бирæ радиобака- стытæ сарæзта. Уæдæ йæ райгуырæн бонты Барисыл газет «Рæстдзинад»-мæ аив уац æнæ бацæттæгæнгæ никуы фæци.Æмæ куыд нæ. Кæстæр хистæрæн аргъ. кæнын куы зона, рæсугъд æгъдау ын куы дæтта, уæд ма уымæй хуыздæр цы уа.Æхсар уыцы миниуджытæ адæммæ рæсугъдæй кæй хаста, уымæн æвдисæн уыд дзæнæты бадинаг Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг Хуытыгаты Хъазыбег. — Чеджемты Æхсаримæ æз рагæй зонгæ уыдтæн,— дзырдта нын Хъазыбег.—Хæрзæрыгæттæй мах базон- гæ стæм Цæгат Ирыстоны радиойы, æмæ не ’хсæн уыди тынг хорз ахастдзинæдтæ. Кæд уый мæнæй хистæр уыди, уæддæр зыдта алкæмæн дæр кад кæ- нын. Хистæрты ’хсæн уыди хорз лæггадгæнæг кæ- стæр, кæстæрты ’хсæн та — цæстуарзон, зæрдæхæ- лар хистæр. Æмæ йæ мах дæр, æвæццæгæн, уымæн уарзтам. Æфсымæр загътон æз уымæй. Æмæ царды- стæм, куыд дыууæ хорз æмгары. Фæлæ хъысмæт йæ- хионтæ кæны, Æхсар куы æррынчын, уæддæр ма, йæ тыхтæ æмæ гæнæнтæ цас амыдтой, уый бæрц фыста йæ Ирыстонæн, йæ адæмæн. Æз зонын, цас куыста адæмон сфæлдыстады хæзнатæ биноныг æмæ бæстон кæныныл, цал æмæ цал рæсугъд зарæджы ныффы- ста, уыдонæн нымæц дæр нæй. Æхсар Ирыстоны разагъды лæгты ’хсæн ахсы зынгæ бынат. Æмæ ра- цæудзæн бирæ рæстæг, уæддæр æй нæ адæм хъуыды кæндзысты. Уымæн æмæ æцæг поэтæн нæй мæлæт. Чеджемты Æхсар ирон литературæмæ æрбакъах- дзæф кодта ивгъуыд æнусы æхсайæм азты. Фæлæ æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, Заманхъулы астæук- каг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Æрыгонæй йæ уд æмæ зæрдæйы æрфыты ссыгъд курдиаты зынг,
равзæрд уарзондзинад æрдзмæ, райгуырæн уæзæг- мæ, нæ адæмы æнусон хæзнатæм, ныййарæг мадмæ. Йæ зæрдæйы бæркады æвдисæндартæ прозаикон æмæ поэтикон уацмысты æмбырдгæндтæ: «Стъалы- ты æхсæрдзæн», «Цом хурагур», «Мæ дунейы рухс» «Урс нымæт», «Дæ ном», «Царды мæсыг», «Æртху- рон», «Ирон зарæг», «Чегем», «Æрвдидинæг». Ацы чингуытæй сæ алкæцы дæр хицæн фæндаг ссардта адæмы зæрдæмæ, бацагайдта сын сæ зонд æмæ удтæ. Чеджемты Æхсаримæ суанг йæ студентон азтæй хæларæй чи цард, уыдонæй иу у газет «Рæстдзи- над»-ы бæрнон редактор, Хетæгкаты Къостайы но- мыл паддзахадон премийы лауреат, Уæрæсейы Феде- рацийы культурæйы сгуыхт кусæг, фыссæг, этнограф Цгъойты Хазби. — Æз Æхсары базыдтон студентæй, куыд ирон æгъдауджын, зæрдæхæлар лæппу. Цы ног æмдзæв- гæтæ-иу ныффыста, уыдон дæр мын-иу арæх касти. Æз æфсады фæстæ Ирыстонмæ куы æрыздæхтæн, уæд Æхсары æрæййæфтон, йæ литературон фæнда- гыл фидар къахдзæфтæ чи кодта,ахæм поэтæй. Æмæ нæ дзырдаивады бирæ кæй сарæзта, уый тыххæй фи- дарæй мæ бон зæгъын у. Зæгъæм, йæ æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ. Куы сæ фехъусын, уæд зæрдæйыл цыдæр æнахуыр цин сæмбæлы, ис сын æндæр азæлд, сæхи æндæвдад адæймаджы æнкъарæнты дунейыл. Дæсны музыкант музыкалон инструментæй дæс- ны куыд фæцæгъды, раст афтæ Æхсары зарджыты ныхæстæ сæ хъуыдытæй кæрæдзийы мидæг сты æн- гом баст æмæ иттæг аив, нуарджын. Зæрдæмæ дæр уымæн хъарынц, алкæмæн дæр сты уарзон. Афтæ мæм кæсы Æхсарæн зарджытæн æмдзæвгæтæ фыс- сыны хъуыддаджы цас бантысти, уыйас ын лите- ратурæйы никæцы жанры бантыст, — дзырдта нын
Хазби. — Кæддæр Æхсар йæхæдæг дæр афтæ загъта, æз, зæгъы мæ бынат ссардтон ирон зарæджы аивады. Æмæ уый æцæгæй дæр афтæ у... Райгуырæн бæстæйæн æмæ ныййарæг мадæн иу цæсгом æмæ иу зæрдæ ис.Нæй сын кæрæдзийæ фæ- хицæнгæнæн, нæдæр балхæнæн.Сывæллон дæр мады фæрцы рацæуы царды уæрæх фæндагмæ. Уый йын йæ зæрдæ фæхайджын кæны райгуырæн уæзæгыл аудыны æмæ адæмы уарзыны хъомысæй. — Кæстæр хистæрыл куыд хъуамæ ауда æмæ узæ- ла, уый Ирыстоны поэттæй Æхсары хуызæн ирдæй æмæ парахатæй ничи равдыста, — зæгъы Æхсары хорз хæлар, ирон аивад æмæ культурæйæн стыр ар- гъгæнæг, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Уата- ты Зелим. —Хъыгагæн, Æхсары хуызæн лæгтæ бирæ нæй. Ахæм бон нæ вæййы, æмæ йæ кæд не ’рхъуыды кæнын, йæ чингуытæ йын кæд нæ райсын тæрхæгæй æмæ сæм кæд не ’ркæсын.Йæ ныхæстæ дæр ын арæх æрхъуыды кæнын.Дæ ныййарджыты куыд уарзай, дæ зæхх куыд уарзай, уыцы æнкъарæнтæ йæ зæр- дæйæ цыдысты кæддæриддæр. Уый цыдæр æнахуыр уарзтæй уарзта йæ Ирыстон, йæ ирон адæмы. Иуахæ- мы йæ афтæ дæр бафарстон, зæгъын, Æхсар, уыцы рæсугъд æнкъарæнджын æмдзæвгæтæ дæ зæрдæйы куыд райгуырынц.Адæймаг сæ, зæгъын, куы фехъ- усы, уæд афтæ фæхъуыды кæны, цыма комкоммæ уымæ хауынц. Æмæ мын афтæ зæгъы: «Зелим, афтæ иу афон райхъал вæййын æмæ мын уыцы хъуыдытæ Хуыцау ныккалы». Афтæ мæм кæсы, цыма Æхсары Дунесфæлдисæг, музæ хъулон уарзт кодтой.Æмæ йын уымæн афтæ бирæ æнтысти сфæлдыстадон куысты. Абон нын Æхсар нæ фаг кæны. Уый бæрæг у нæ аивадыл. Адæм æй бирæ уарзтой æмæ уарзынц ныр дæр. Нæ йæ рох кæнынц. Зæххы къорийыл кæм-
дæриддæр ирон адæм ис, уыдон ын йе ’мдзæвгæтыл фыст зарджытæм хъусынц, аргъ сын кæнынц зæр- диагæй.Цæмæй царды ма фæцудæм, кæстæртæ раст хъомылгонд цæуой, уый тыххæй нæ хъæуы Æхса- ры хуызæн лæгтæ.Циндзинæдты дæр-иу арæх уыд- тæн йемæ. Æмæ-иу кæстæры кафгæ куы федта, уæд ын-иу уыд тынг æхсызгон. Æмæ мын-иу цинхуызæй афтæ: «Кæс-ма, Зелим, чи загъта, нæ фæсивæд нæ бæззынц? Уæдæ ма сæм акæс. Уыдон Ирыстоны æцæг ныфсытæ не сты». Хорз, æгъдауджын фæсивæ- ды-иу куы федта, уæд сæм-иу бацыдаид, арфæ сын ракодтаид, афтæ кæрæдзиуыл æмæ не ’гъдауыл хæ- цут, зæгъгæ, сын-иу загътаид. Суанг маиу фырцинæй йæ цæстысыгтæ æркалдысты. Ахæм цаутæ уынгæй- æ-иу Æхсар сæрыстырæй йæ сæр систа, бирæ-иу æй нал хъуыди ракафынмæ дæр. Æхсаримæ-иу фынгыл бадын дæр лæджы зæрдæйæн тынг æхсызгон уыд. Фыдæлтыккон царды хабæрттæ-иу кодта, таурæгътæ дзырдта. Фæсивæдæн фæдзæхсын, цæмæй Æхсары уацмыстæ арæхдæр кæсой, уый Ирыстонмæ цы зæр- дæ дардта, йæ адæмы куыд уарзта, ууыл куыд ахуыр кæной, уый мæ тынг фæнды. Поэт, композитор æмæ зарæггæнæг. Ацы æртæ адæймаджы сфæлдыстадон тыгъдады фæрнджын зиу куы скæной, æрмæстдæр уæд райгуырынц зæрдæа- гайгæ зарджытæ æмæ аивадон уацмыстæ. Чеджемты Æхсар иузæрдионæй кæимæ фæкуыста, уыцы компо- зитортæ æмæ фæндырдзæгъдджытæ, зарæггæнджытæ бирæ сты. Сæ-иу РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткæ, курдиатджын музыкант æмæ зарæггæнæг Сечына- ты Альбинæ. Уый нын йæ хистæр хæлары тыххæй афтæ радзырдта: «Лæгæн йæ фæллой адæмы зæрдæ- мæ куы хæццæ кæна, уæд уый у уæларвæй ракургæ хорзæх.Уыцы хорзæх æмæ амондæй хайджын уыд
Ирыстоны адæмон поэт Чеджемты Æхсар.Уый хуы- зæн сфæлдыстадон кусджыты нæмттæн рохгæнæн нæй. Литературæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы фæсивæдæн Æхсары хуызæн поэт хъуамæ уа дæнцæг, куыд хъæуы фыссын сæрмагондæй зарæгæн æмдзæвгæтæ, уыцы хъуыддаджы. Æз мæхæдæг му- зыкæ фыссын зарджытæн. Æмæ алы æмдзæвгæ уы- мæн нæ бæззы. Зæгъæм, Æхсар мæм-иу æмдзæвгæ куы ’рбахаста, уæд-иу кæрæдзи афтæ хорз бамбæр- стам, æмæ-иу нæ иумæйаг куыст фæрæстмæ. Рауад дзы-иу зарæг. Æз æй æмбæрстон, зарæгæн-иу æмд- зæвгæ æнцонтæй нæ фыста, хъуыди-иу æй рæстæг, стæй йæ хъуыдытæ раргом кæныны тыххæй дзырдаи- вады хæзнадоны аккаг ныхæстæ ссарын. Æмæ-иу сæ бирæ «хъизæмары» фæстæ уæддæр ссардта. Мæнæ нæ иумæйаг зарæг «Мæ фыд», зæгъгæ, уымæн мын цæмæй æмдзæвгæ ныффыстаид, уымæ æз дыууæ азы фенхъæлмæ кастæн. Иæ ахæм сфæлдыстадон куысты уаг æвдисы зарæджы æмдзæвгæтæ-иу цалынмæ йæ зæрдæйы æрфыты нæ бахсыстаид, нæ сæ сæрттивын кодтаид, уæдмæ сæ композиторæн не ’вдыста». Зындгонд ирон поэт Чеджемты Æхсар кæд цалдæр азы размæ фæхъуыд не ’хсæнæй, уæддæр йæ рухс ном цæры йæ аив зарджыты æмæ лæггад кæнынæй кæмæн нæ бафсæст, йæ уыцы зынаргъ æмæ уарзон Иры адæмы зæрдæты. Уымæй стырдæр хорзæх та по- эты хъæугæ дæр никуы кодта. Фидарæй зæгъæн ис: йæ зарджытæй ссардта йæ дзыллæйы зæрдæ! о^С^^ЛАЗ^^Ио
Йæ адæмы иузæрдион хъæбул Адæмы удварнæн ахъазгæнæг, тых ыл æфтауæг сты йæ разагъды лæгтæ. Дзыллæйы ’хсæн цас сæ хъуыды кæрдагдæр уа, сæ зондмæ, сæ ныхасмæ цас лæмбынæгдæр хъусой, уый бæрц сæ мидуавæр æмæ сæ царды уаг уыдзысты бæллиццагдæр. Ирысто- ны кæддæриддæр уыд ахæм разагъды лæгтæ æмæ ныр дæр ис. Уыдонæн сæ зынгæдæртæй иу у газет «Рæстдзинад»-ы хайады сæргълæууæг, УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, УФ-йы Жур- налистты æмæ Фысджыты цæдисты уæнг, зындгонд прозаик, этнограф, публицист Цгъойты Хазби. Уый сыгъдæгзæрдæйæ ныр фæндзай азы биноныг лæг- гад кæны национ мыхуырæн æмæ ирон дзырдæн. Прозæйы, этнографийы, журналистикæйы цы хорзд- зинæдтæ сарæзта, уыцы удварны бынтæ сты ахадгæ. Хазби райгуырд 1940 азы 10 октябры Хуссар Ирыстоны Цгъойты хъæуы. Фæстæдæр йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Ногхъæуы. Хазби ам каст фæци астæуккаг скъола. Уый фæстæ æртæ азы бакуыста хъæуы колхозы æмæ завод «Электроцинк»-ы. 1962 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон ин- ституты филологон факультеты уырыссаг-ирон хай- адмæ. Иу афæдз дзы куы ацахуыр кодта, афтæ йæм фæсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Нæ бæ- стæйы раз йæ хæс фæзминагæй куы сæххæст кодта, уæд ссыд Ирыстонмæ æмæ дарддæр ахуыр кодта пе- дагогон институты. Ам иу рæстæг йемæ ахуыр код- той, йæхиау фæстæдæр нæ адæмы удварнæн стыр хæрзты бацæуынæй зæрдæ дарæн кæуыл уыдзæн,
ахæм фæсивæд: зындгонд поэт Уалыты Лаврент, журналисттæ æмæ фысджытæ Дауыраты Дамир, Ба- гаты Аврам, Хæныкъаты Ростик, Цомартаты Изæт- бег, Агънаты Гæстæн, Цæгат Ирыстоны Горæтгæ- рон районы газет «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Дзебойты Регинæ, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Гæджынаты Та- тьянæ, педагогон наукæты кандидат, ЦИПУ-йы до- цент Безаты Фаризæ, Раздзоджы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Цомартаты Дунетхан ... — Уыцы рæстæджы студенттæм уыд иу зонд: ак- каг уæлдæр ахуырад райсын æмæ адæмæн, Иры- стонæн хорзы бацæуын. Романтикæ æмæ зонынд- зинæдтæм тырнындзинад уыдысты не ’взонг царды сæйрагдæр æмбæлццæттæ. 1937 азы зындгонд поэт Хозиты Яков æмæ йæ курсы иннæ студенттæ схы- зтысты Мады хохмæ. Уыцы хабар мах курсы лæппу- тæ æмæ чызджытæ куы базыдтой, уæд нæ бафæндыд уыцы сгуыхтдзинад дыккаг хатт равдисын, фæлæ нæ фæнд царды нæ рацыд, — дзырдта Хазби. — Фæлæ уæддæр ме ’мкурсонтæй царды фæндагæн йæ галиуварс ничи ацыд, се ’ппæт дæр дзы ссардтой ак- каг бынат. 1970 азы Хазби æнтыстджынæй каст фæци ЦИПУ-йы (уæдмæ пединститут сси университет) филологон факультеты уырыссаг-ирон хайад. Æмæ йæ уыцы аз кусынмæ æрбахуыдтой газет «Рæстд- зинад»-ы редакцимæ. Ие сфæлдыстадон архайды фыццаг бонæй фæстæмæ Хазби йæхи равдыста зæр- дæргъæвд æмæ куыстуарзаг уацхæссæгæй. — Газеты «Рæстдзинад»-ы редакцимæ кусынмæ куы ’рбацыдтæн, уæд йæ сæйраг редактор уыд Хъа- ныхъуаты Валодя. Йæ куыст хорз зыдта, уыд домаг, «; С^§ цд^-В^»
фæлæ цæстуарзон. Æз æй кæддæриддæр сæрысты- рæй дзурдзынæн: мæн газеты куысты сфæлдыстадон сусæгдзинæдтыл сахуыр кодта Валодя, кæд мæ абон журналистикæйы дæсны рауад, уæд æрмæстдæр уый руаджы. Æз дзы уый тыххæй бузныг дæн, —дзырдта Хазби. Газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг уыд кæстæр ли- тературон кусæг, фæстæдæр æй снысан кодтой бæр- нон нымæрдары хæдивæгæй, стæй та уыд нымæрдар. 1983-2003 азты Хазби куыста газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторы хæдивæгæй. Фæлæ газеты уæды сæйраг редактор, фæлтæрдджын журналист æмæ фыссæг Хъесаты Валодя йæ хæдивæгыл афтæ тынг æууæндыд, æмæ йæ иуахæмы афæдзы дæргъы ны- ууагъта йæхи бæсты сæйраг редакторы бынаты. Уыцы рæстæг газеты куыст фæтыхджындæр æмæ фæахадгæдæр. Хазби, сæйраг редакторы бынаты кусгæйæ, кæйдæртау йæхи гуылы бы арт æндзарын- мæ нæ февнæлдта, фæлæ бацархайдта ууыл, цæмæй газет нывæндæг цехы компыотертæ ногтæй раивой, редакцийæн лæвæрд æрцæуа ног хæдтулгæ, йæ тых æмæ æрхъуыды цас амыдтой, уый бæрц йæ зæрдиаг архайд хорзæй фæзынд газеты тиражыл дæр Журналистмæ сфæлдыстадон хъуыддаджы ног æрхъуыды куы нæ уа, газеты кусгæйæ уæлдай- дæр, уæд размæ нæ ацæудзæн. Хазби бахызта йæхи уыцы знаггадхæссæг æнкъарæнтæ æмæ фæзындæй. Йæ зæрдиаг сфæлдыстадон архайд, куыдфæстæмæ хорзæй фæзынд æмæ абон дæр зыны газет «Рæст- дзинад»-ы æрмæджыты хæрзхъæддзинад æмæ те- матикæйыл. Фыццагдæр уый фæндæй газеты фæ- зындысты тематикон фæрстæ: «Нæ Иры фæсивæд», «Æнцойбоны фарс». (Ныртæккæ дæр сæ æхсызго- нæй кæсынц адæм. Сæ удæнцойдзинад æмæ æхсыз-
гон равгæн сæ цæттæ кæнынц газеты хистæр уа- цхæсджытæ Гæбуаты Галинæ æмæ Гасанты Валери). Цæмæй «Æнцойбоны фарс» ногæй райгуыра, ууыл Хазбийы фæстæ иттæг зæрдиагæй æмæ разæнгардæй бацархайдта газет «Рæстдзинад»-ы раздæры сæрма- гонд уацхæссæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Журналистты æмæ Фысджыты цæ- дисты уæнг, зындгонд фыссæг æмæ публицист, зæр- дæхæлар æмæ цæстуарзон хистæр Черчесты Хъасбо- лат. Уыдонæй уæлдай Хазбийæн йæ очерктæ, уацтæ, рецензитæ, æхсæнады ныртæккæйы уавæры тыххæй йæ аналитикон æрмæджытæ дæр адæм æхсызгонæй фæкæсынц. Фæсивæды хъомылады, нæ фыдæлты цардыуаг æмæ æгъдæутты фæдыл цал æмæ цал ми- дисджын æрмæджы бацæттæ кодта, ныры дуджы не ’гъдау куыд растдæр æмæ рæсугъддæр æххæстгæнгæ у, уыцы фæрстытимæ дæр æм газеткæсджытæ куы æрбадзурынц уæддæр сын ратты бæстон дзуаппытæ, стæй ма не ’гъдау æмæ не ’взаджы рæзты фæдыл бирæ мидисджын æрмæг бакæсæн вæййы йæ тема- тикон фарс «Æлутон»-ы. Ацы тематикон фарс адæм æхсызгонæй кæсынц ныр ссæдз азæй фылдæр. Йе ’рмæджытæ хорз ахъаз сты ирон æвзаг æмæ литера- турæйы ахуыргæнджытæн, студенттæн, аспиранттæн æмæ скъоладзаутæн, рæвдауæндæтты хъомылгæн- джытæн, ныййарджытæн. Суанг ма Ирыстоны скъ- олаты, уæлдæр ахуырады артдзæстыты ахæм ахуы- ргæнджытæ ис, æмæ тематикон фарс «Æлутон»-æн йæ алы рауагъд дæр хицæн папкæйы чи бавæры. Бирæ ныхас кæнæм, нæ бæрæгбæттæ кæцы афон æмæ рæстæг растдæр кæнгæ сты, ууыл дæр. Æмæ уыцы хъуыддагæн Хазби дæтты дзуапп, æрвылаз цы «Ирон бæрæгбæтты къæлиндар» бацæттæ кæны, уымæй. Уыцы куыст къорд азы кæны. Уый размæ
та къæлиндар арæзта Ирыстоны дзырддзæугæ хи- стæртæй иу, сгуыхт ахуыргæнæг Хозиты Федыр. Æмæ йын йæ арфæйаг хъуыддаг Хазби ныр ссæдз азæй фылдæр æххæст кæны æнтыстджынæй. Уымæн та йын фадат дæтты, фыдæлты æгъдæуттæ, дунемба- рынад хорз кæй зоны, уыцы хорзæх. Æнæ рæдыд ничи у, гæнæн ис, æмæ Хазби дæр, йæ къæлиндар аразгæйæ, цавæрдæр комы, кæнæ хъæуы бæрæгбон фæнысан кæнын айрох кæна, фæлæ иумæйагæй та йæ арæзт къæлиндарæн ис ахадгæ нысан нæ адæмы нырыккон царды æмæ культурæйы. Хазби, куыд журналист, афтæ иртасæг, хъуыды- гæнæг кæй у, адæмон сфæлдыстад, æгъдæуттæ, фы- дæлты ивгъуыд цард æй кæддæриддæр цымыдис кæй кодта, йæхимæ йæ æхсызгонæй кæй æлвæста, биноныг æмæ бæстонæй æй кæй ахуыр кодта æмæ кæны абон дæр, ууыл дзурæг у Ирон мифологийы æмæ цардыуаджы дзырдуат «Арвы дуар». Зæрдиа- гæй йыл фæкуыста фондз азæй фылдæр. Йæ араз- гæйæ иу æмæ дыууæ ахуыргонды чингуытæ нæ ба- каст, бирæ дзырддзæугæ лæгтимæ ныхас кодта, нæ республикæйы архивты бадгæйæ дæр иу æмæ дыууæ боны нæ арвыста. Цы бирæ цымыдисаг æрмæг æм æрæмбырд, уый бæлвырд фæткмæ гæсгæ равæрдта, лæмбынæг æй, уырзæй æвзарæгау, февзæрста æмæ уыцы стыр хъæздыгдзинад бавæрдта, абон дæр æмæ ма æнусты сæрты дæр нæ дзыллæ æхсызгонæй кæмæй пайда кæндзысты, нæ фыдæлты ивгъуыд зонынæн сын стыр ахъаз чи у, уыцы чиныг «Арвы дуар»-ы. Фыццаг хатт рацыд 2006 азы рауагъдад «Ир»-ы. Æмæ йыл сæ зæрдиаг ныхас загътой, йæ ахадындзи- над ын банысан кодтой нæ зонады æмæ дзырдаивады дæснытæ: Джусойты Нафи, Цыбырты Людвиг, Дзасо- хты Музафер, Харебаты Батрадз, Сакъиты Эльбрус. Бæстон ныхасы нысанæн дзырдуатæн презентацитæ
арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы Национ наукон библио- текæйы, Алагиры, Октябрыхъæуы, Æрыдоны чиныг- дæтты. Дзырдуат бацагуырдтой суанг Америкæйы æмæ Турчы цæрæг ирæттæ, йæ электронон хуыз ын. бахастой Интернеты тыгъдадмæ дæр. 2007 азы та йæ авторæн саккаг кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми. Цалдæр азы размæ та Хазбийы арæзт Мифологон дзырдуат ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл рауадзыны уынаффæ рахаста Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл социалон æмæ гуманитарон иртасæнты инсти- туты ахуыргæндты совет. Æмæ сæ фæнд сæххæст код- той. Чиныг мыхуыры рацыд дыккаг хатт 2017 азы. Уымæй афæдз фæстæдæр ацы дзырдуат æххæст- дæрæй уагъд æрцыд полиграфион куыстуат «Осе- тия-полиграфсервис»-ы дæр. Хазби, газет «Рæстдзинад»-ы кусгæйæ, бирæ æр- мæджытæ ныффыста ирон æвзаджы истори æмæ йæ абоны рæзтыл. Уыцы уацтæй дæр арæзт æрцыд хи- цæн чиныг «Не ’взаг — нæ истори æвдисæг, нæ фидæн аразæг». Уый дæр у стыр æххуыс ахуыргæнджытæн æмæ ахуыргæндтæн, студенттæн æмæ аспиранттæн, скъоладзаутæн. Чи йæ бакæса, уыдон ноджы хуы- здæр банкъардзысты, не ’взагæн цы арф æмæ стыр истори ис, йæ уидæгтæ куыд арф, йæ дзырдты бай- бынтæ куыд бæзнаг æмæ цымыдисаг сты, стæй йæ ахуыр кæнын, кæстæртæн æй æнæмæнгæй уарзын кæнын кæй хъæуы, уый. Уымæн æмæ, æнæ мадæ- лон æвзаг зонгæйæ, поэты загъдау, уыдзыстæм куырм æмæ къуырма. Амынд чингуытæй уæлдай ма Хазбийæн мыхуы- ры рацыд æндæр прозаикон æмæ публицистон чин- гуытæ: «Дæ зæрдæ — де ’вдисæн», «Ирон æмбисонды хабæрттæ», «Цæвæг марæджы не ’взæрста», «Геро- дот», «Не ’гъдау — нæ гакк», «Царды мæсыг», «Фыды 0 ^" ■ (^тт § 1г1,9Щ[ «^) С^ о
фарн», «Мæ зæгъинæгтæ», «Ирон царды æгъдæут- тæ», «Зæритау», «Уæлахизы сидзæртæ». Уыдонæй уæлдай ма бацæттæ кодта æмæ хицæн чиныгæй ра- уагъта номдзыд ирон рухстауæг æмæ тæлмацгæнæг Æмбалты Цоцкойы аргъæуттæ. Хазбийы архайд журналистикæйы æмæ мыхуыры рæзты ахадгæ æмæ алывæрсыг кæй у, ууыл дзурæг у, уый дæр æмæ къорд азы кæй уыд ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты ахуыргæнæг æмæ пад- дзахадон фæлварæнты къамисы уæнг, газеттæ «Фы- дыбæстæ» æмæ «Стыр Ныхас»-ы фыццаг сæйраг редактор. Ирон мыхуыры рæзтмæ ахадгæ æвæрæн кæй ба- хаста, уый тыххæй йын саккаг кодтой Æмбалты Цоцкойы æмæ Колыты Аксойы номыл премитæ. Куыд æмкусæг, афтæ Хазби у уæздан æмæ зæр- дæхæлар хистæр, газет «Рæстдзинад»-ы уацхæсджы- ты астæуккаг æмæ кæстæр фæлтæртæн у сæ цæсту- арзон зондамонæг. Цыфæнды æнæвдæлонæй дæр æй йæ кусæнуаты куы баййафай, исты фарстимæ йæм куы бацæуай, уæддæр йæхи куыст фæуадзы æмæ нæ фæрстытæн лæмбынæг дзуаппытæ ратты. Иннæ ахæм, циндзинады, кæнæ хъыджы рæстæг вæййы æгъдаудæттæг. Куы бахъæуы, уæд зоны ныфсытæ авæрын, кæд йæ амал вæййы, уæд бæлвырд хъуыдда- гæй баххуыс кæнынмæ дæр йæ разæй никæй уадзы. Хазби, дæ юбилейы фæдыл айс нæ зæрдиаг ар- фæтæ. Кæддæриддæр нæ дæ цæсты рухсæй, дæ арф зонындзинæдтæй куыд рæвдауай, уыцы хорзæх дын фидар æнæниздзинадимæ Хуыцау æмæ йе сконд зæд- тæ балæвар кæнæнт! Журнал «Фидиуæг», 2020 азы, №4 : 0120 О ;
Томайты Адæйы сфæлдыстадон æрмдзæф Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы азфы- сты æмæ нæ адæмы зæрдæты йæ ном æнусмæ мыси- нагæн кæмæн баззад, йæ арф зонындзинæдтæй, йæ курдиат æмæ зæрдæйы рæдау ахастæй йæ дзыллæй- æн стыр хæрзты чи бацыд, уыцы арфæйаг адæймæг- тæй иу уыд УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, тележурналист æмæ публицист Томай- ты Адæ. 1 Уынд æмæ конды, миддунейы æмæ профессиона- лон курдиаты иудзинад. Уыдон уыдысты йæ удыхъæ- ды сæйрагдæр æмæ раппæлинагдæр миниуджытæ. 40 азæй фылдæр зæрдиаг æмæ биноныг лæггад фæкодта Ирыстоны адæмæн. Уал азмæ йæ бон баци дæсгай аивадон æмæ ахуырадон, литературон равдыстытæ бацæттæ кæнын. Фидæны зындгонд журналист райгуырд 1940 азы 2 сентябры Узбекистаны, горæт Ферганайы. Йæ фыд Барис (Бимболат) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыц- цаг бон ацыд нæ бæстæ немыцаг лæгсырдтæй бахъ- ахъхъæнынмæ æмæ 1942 азы Смоленскы бынмæ хъæбатырæй фæмард. Адæйы мад Тамарæ (Санаты чызг) уыд Ирыстоны зындгонд рухстауæг, УСФСР- йы сгуыхт ахуыргæнæг, Ленины ордены кавалер. Адæ ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы 3-æм астæуккаг скъоламæ. Хистæр кълæсты куы ахуыр кодта, уæд рабæрæг литературæмæ йæ уарзондзинад. Уыцы азты скъолайы къулы газеты рæстæгæй-рæстæг- мæ мыхуыргонд цыдысты йæ уацхъуыдтæ, радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ. Ацы ахуырадон артдзæсты бынæт- тон радио куы сарæзтой, уæд Адæ ссис йæ уацхæссæг æмæ диктор. 1958 азы скъола æнтыстджынæй каст
фæуыны фæстæ Адæ бацыд Мæскуыйы М. В. Ломо- носовы номыл паддзахадон университеты журнали- стикæйы факультетмæ. Райста дзы тележурналисты дæсныйад. Уæлдæр скъолайы ахуыры рæстæг уыд, Мæскуыйы чи ахуыр кодта, уыцы ирон фæсивæдæй арæзт хореографион ансамбл «Осса»-йы кафæг. Йæ разамонæг та уыд фидæны курдиатджын хореограф Тотойты Хъазыбег. Аивадон къорды уæнгтæ сæ кур- диат æвдыстой нæ бæстæйы сæйраг горæты концер- тон фæзты. Суанг ма 1961 азы Ирон литературæ æмæ аивады декадæйы рæстæг сæрмагонд концерт радтой Колоннæты залы. Мæскуы æмæ нæ бæстæйы æндæр горæттæй декадæйы цы уазджытæ уыд, уыдон ирон фæсивæды курдиатæн стыр аргъ кæй скодтой, уым уыд Адæйы сгуыхт дæр. 1963 азы Адæ университет каст куы фæци æмæ Ирыстонмæ куы ссыди, уæдæй йæ царды фæстаг бонтæм фæкуыста Цæгат Ирыстоны телеуынынад «Алани»-йы. Адæмы зæрдæтæм фæндаг ссардтой йæ телевизион ахадгæ проекттæ «Фæсивæды телевизион клуб», «Мы в ответе за юность», «Актуалон камерæ». Ацы проекттæй æртæ равдыстой Æппæтцæдисон цен- трон телеуынынадæй. Йæ равдыстыты уазджытæ-иу кæддæриддæр уыдысты алы кары æмæ алы дæсный- æдтыл хæст адæм. Се ’ппæтимæ дæр Адæ эфиры ны- хас кодта æргом æмæ зæрдæхæларæй, йæ равдысты- ты алы архайæг царды цы куыстыл хæст у, уымæй уæлдай ма йæ зæрдæйы цы курдиат æмæ арæхстдзи- нады зынг судзы, æппæт уыцы миниуджытæ-иу афтæ арæхстджынæй рахаста адæмы размæ, æмæ-иу, чи йæм касти, уыцы адæймагæн дæр уарзон æмæ зынар- гъ ссис. Рацарæзты азты адæймаджы рæсугъд ми- ниуджытæм фаг æргом здæхт куы нал уыд, уæд Адæ
йæ рухстауæн архайд ноджы фæпарахатдæр кодта. 90-æм азты паддзахадон телерадиокомпани «Ала- ни»-йы эфиры фæзындысты æмæ адæмæн уарзон си- сты йæ проекттæ «Престиж», «Святая верность даро- ванию», «Автограф». Иæ фæрцы номдзыд уырыссаг поэт Пушкины æмæ Иры уарзон хъæбул Хетæгкаты Къостайы юбилейтæм нæ интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæ — журналисттæ, артисттæ, зарæггæн- джытæ — кастысты ацы æрдхæрæны дзырдаивады дæсныты æмдзæвгæтæ, зарыдысты сæ ныхæстыл фыст романстæ, куыд уырыссаг, афтæ ирон æвзагыл дæр. Куыд ирон сылгоймаг æмæ профессионалон те- лежурналист, афтæ Адæ уыд стыр мидкультурæйы хицау, зыдта æгъдауыл ныхас кæнын эфиры бæрнон бынæтты кусæг хицауады минæвæрттимæ, хистæр, астæуккаг кары æмæ кæстæр фæсивæдимæ дæр. Йæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæй рæдау хай кодта, те- лежурналистикæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыцы суинаг курдиатджын фæсивæдæн. — Ивгъуыд азты нæ республикæйы Журналист- ты цæдисы уыд хорз хъæппæрис. Уыцы организа- ци-иу сæрмагондæй бацархайдта ууыл, цæмæй кур- диатджын фæсивæд журналистикæйы дæсныйад райсой Мæскуыйы æмæ Бетъырбухы паддзахадон университетты. Афтæ, 60-æм азты профессионалон журналистикæйæ хорз, фидар зонындзинæдтæ чи райста, уыдон уыдысты æртæ — Цæллагты Валодя, Салхъазанты Фатимæ æмæ Томайты Адæ, — дзырдта мын газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор, литера- турæиртасæг, культуролог Хозиты Барис — Ирысто- ны паддзахадон телеуынынады дзы фыццагдæр Адæ райдыдта кусын. Йæ равдыстытæ се ’ппæт дæр уыды- сты бæрзонд профессионалон æмвæзадыл арæзт. Æз 0 ^Г. (\шт фиГ23дф™^) С^ 0
дæр йæ дыууæ равдысты («Престиж» æмæ «Святая верность дарованию»), куыд уазæг, афтæ архайдтон. Йемæ эфиры тынг æнцон кусæн уыди. Равдыстытæ фыст куы фестæм, уæд мын иу хатт афтæ зæгъы: «Кæд дæм мæ равдыстытæм исты фиппаинæгтæ ис, уæд мын сæ зæгъ». Æз ын сæ загътон. Раст зæгъ- ын хъæуы, комкоммæ йе сфæлдыстадон куыстмæ нæ, фæлæ равдыстыты оператортæм хаудысты, фæлæ сæ уæддæр цыбыр рæстæгмæ сраст кæнын кодта. Уæдæ йæ равдыстытæ адæмы зæрдæмæ куыд тынг цæуынц, уый уыдтон, æмæ йын мæ хъуыды загътон, цæмæй, сæрмагондæй телеравдыст «Престиж»-ы цы кадджын уазджытæ вæййы, уыдоны интервьютæй сæйрагдæр- тыл кæй нымайы, уыдонæй хицæн чиныг сараза. Æмæ мæ фæндоныл сразы. Ныр уыцы чиныгæй æх- сызгонæй пайда кæнынц, куыд фæлтæрдджын, афтæ суинаг журналисттæ æмæ культурологтæ. Æмæ ма Адæйæн йæ миддунейы рæсугъддзинады тыххæй дзурæг иу хабары тыххæй æнæ зæгъгæ нæй. ЦИПУ-йы жур- налистикæйы кафедрæйы сæргъы куы æрлæууыд- тæн, уæд уырдæм кусынмæ кæй æрбахонæм, зæгъгæ, ирон филологийы факультеты раздæры декан Къо- майты Риммæимæ куы ахъуыды кодтам, уæд, фыц- цаджы-фыццагдæр, нæ зæрдыл чи æрлæууыд, уыцы фæлтæрдджын журналисттæй сæ иу уыд Адæ. Йемæ фæныхас кодтам, фæлæ Адæ кафедрæйы кусынмæ не сразы, телеуынынады æмæ сфæлдыстадон хъуыд- даджы йæ размæ бирæ хæстæ кæй лæууыд, уымæ гæсгæ. Фæлæ, уыйхыгъд, йæ бирæвæрсыг зонын- дзинæдтæй рæдауæй хай кодта, телеуынынады-иу практикæйы чи уыд, уыцы суинаг журналисттæн. Ирыстоны тележурналистикæйы, мæнæ телехид кæй хонынц, уыцы жанры дæр фыццагдæр Адæ архайын райдыдта. Нæ бæстæйы алы горæтты не ’мбæстæгтæй
цы зындгонд адæм цæры, уыдон-иу ахæм хуызы зон- гæ кодта се ’нтыстытимæ æмæ сгуыхтдзинæдтимæ. Куыд поэт æмæ сывæллæттæн фыст радзырдты ав- тор, афтæ йæ уацмыстыл дæр зынд, йæ Ирыстон, йæ адæмы кæй уарзы, хорзы бацæуынмæ сын зæрдиагæй кæй тырны, уыцы æвæджиауы равг æмæ хъуыды. Иæ цардæмбал Кцойты Валодя дæр уыд курди- атджын нывгæнæг. Йæ аивадон куыстытæ æфснайд сты Ирыстоны музейты æмæ хицæн адæймæгты æв- æрæнты. Йæ проектмæ гæсгæ йæ рæстæджы Даге- станы арæзт æрцыд номдзыд поэт Гамзат Цадасайы музей. Адæ æмæ Валодя схъомыл кодтой фæзминаг цот. Сæ лæппу Азæмæт у курдиатджын нывгæнæг. Чызг Дзерассæ та — нæ бæстæйы æмæ нæ республикæйы хуыздæр журналисттæй иу. Адæ кæд фылдæр уырыссаг æвзагыл арæзта йæ равдыстытæ, уæддæр йæ зæрдæйы фидар бынат уыд йæ мадæлон æвзагæн. Хорз æй кæй зыдта æмæ йыл æдæрсгæ кæй дзырдта, ууыл дзурæг у уый, æмæ иронау сæрмагонд равдыстытæ кæй сарæзта нæ аи- вады æмæ литературæйы зиууæттæ — Гæбуты Зо- яйыл, Гуыриаты Розæйыл, Хæмыцаты Албегыл. Уырыссагау-иу цы равдыстытæ амыдта, уым-иу йæ архайджытæй искæй иронау йæ хъуыдытæ раргом кæнын куы фæндыд, уæддæр-иу æй нæ къуылымпы кодта. Адæ канд дæсны журналист нæ уыд, фæлæ ма фы- ста зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, аива- дон-публицистикон очерктæ. Адæм-иу ын сæ æхсыз- гонæй кастысты нæ республикæйы æмæ ма суанг нæ бæстæйы центрон газеттæ æмæ журналты дæр. Алы азты республикæйы паддзахадон рауагъдад «Ир»-ы æмæ Гасситы Викторы номыл полиграфион
куыстуаты рацыдысты йæ поэтикон, прозаикон æмæ публицистон чингуытæ: «Дыккаг уарзт», «Мæ хæлар ахуыргæнæг», «Тигрята шагают за облака», «Æууæн- дын дыл, удцырын», «Послушайте», «Благослови», «Ночной клавесин», «Дева — Осень», «Моя эфирная зона»... Томайты Адæ журналистикæмæ æмæ аивадон ли- тературæмæ аккаг æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йын саккаг кодтой РЦИ-Аланийы адæмон поэты, Гæз- дæнты Æфсымæртæ æмæ Æмбалты Цоцкойы номыл премитæ, Советон Цæдисы телеуынынад æмæ ради- ойы отличникы кадджын нæмттæ. Адæ уыд УФ-йы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисты уæнг, УФ- йы æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг. Ирыстоны фыццаг профессионалон тележурналист, курдиатджын поэт, прозаик æмæ публицист, цæстуар- зон хистæр, фæлмæн ныййарæг æмæ нана. Томайты Адæ кæд не ’хсæн нал ис, уæддæр, йæ фæстæ цы сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта, уыдоны фæрцы йæ ном рохуаты никуы уыдзæн... 0 ^П (тшт Ди1Дй
Шамил, куыд тынг нæ хъæуыс абон Ирыстоны зæххыл аст азы размæ цы бæллæх æрцыд — нæ фарны лæг, номдзыд ахуыргонд, кур- диатджын поэт, драматург, зынгзæрдæ публицист, трибун, литературон критик, профессор Джыккай- ты Шамилы æвирхъау адзал, уый ныр дæр ма ду- дгæ хъæдгомæй дуды йæ ахуыргæнинæгты зæрдæ- ты. Ацы аз ын хъуамæ бæрæг кодтаиккам йæ 80 азы юбилей. Иæ амæй размæйы юбилейтæй-иу ра- уад ирон аив дзырды, удварны, культурæйы æмæ зонады æцæг бæрæгбонтæ. Фыццаджыдæр, йæхæ- дæг лæууыд уыцы юбилейты цырагъау æмæ йæ бирæ уазджытæн, ЦИПУ-йы ахуыргæндты, разамынды стыр коллективæн, йæ алы азты студенттæн, ирон филологийы факультеты ахуыргæнджытæн уæз- дан æмæ рæсугъд мидбылхудтæй æгъдау лæвæрдта. Афтæ уыд йæ фæстаг юбилейон цыты изæр дæс азы размæ, уæд ын Иры дзыллæ бæрæг кодтой йæ 70 азы юбилей. Уæд ЦИПУ-йы ЮНЕСКО-йы залы уыд ахуыргæндты советы кадджын рабадт. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон æмæ зонадон, педагогон интеллигенцийы минæвæрттæ сæ иу иннæ мæй кадджындæр, сæ иу иннæмæй дзырддзæугæдæр Шамилæн сæ алчидæр кодта æгъдау æмæ кад. Йæ бæрæгбонæй нæ фарны лæг Шамил, куыд йе ’ппæт цардæй дæр, афтæ басгуыхт нæ дзыллæйы иугæнæг. Ныр йæ æвирхъау адзалæй цас фылдæр рæстæг цæуы, уый бæрц æй мæ зæрдæ æнкъары, куыд тынг нæ хъæуы абон. Уый та уымæн, æмæ Ирмæ дыууæр- дыгæй цы дзырдæппарæнтæ кæнынц, уыдонæн Ша- милæй хуыздæр дзуапп ничи радтаид. Ныр та нæ хъулгъа Рейхæн лæггадгæнæгыл банымадтой, суанг ма сæрмагонд чиныг дæр рауагътой. Ныртæккæйы
Уæрæсейы ахуыргæндтæй сæ иуæй-иутæн æхца ба- фид, æндæр дын хæлары сызнаг кæнынæй дæр нæ бацауæрддзысты, знагæй та дын скæндзысты хæлар. Ахæм провокацион фæзындтыты ныхмæ дзурынц нæ ирон ахуыргæндтæ: Бзарты Руслан, Дзидзойты Валери, Дзугаты Къоста... Уый — о, фæлæ ма, тæ- худы, сæ фарсмæ Шамил куы æрбалæууыдаид, уæд ацы хъуыддаджы йе ’мхъуыдыгæнджытæ дæр ныфсджындæр уаиккой. Æз æй хорз хъуыды кæнын, Шамил дæр æмæ Тахъазты Харум дæр сæ лекциты рæстæг махæн иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтой, немыц сæхи ариæг- тæ кæй хонынц, астыл сæхи кæй нымайынц, уыцы хъуыдыйæн раджы дæр æмæ ныр дæр мæнг бындур кæй ис, уый. Æндæраз Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон ака- демион театры сæвæрдтой Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ «Уæрæседзау». Архайдтой дзы фылдæр театры æрыгон курдиатджын артисттæ. Спектаклы режис- сер-æвæрæг уыд РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Черчесты Дианæ. Спектаклы равдыстыты рæстæг театры залы адæмæй къухбакæнæн нæ уыд. Ирон дзырдæн аргъ чи кæны, йæ ирондзинадæй сæрыстыр чи у, уыдонæн ацы спектакл цин æрхаста. Фæлæ не ’хсæнады минæвæрттæй кæмæндæртæн спектакл æх- сызгон нæ уыд. Æмæ бирæ быцæу фæкодтой, Ирон театры артистты сагъæссаг хъуыдытыл бафтыдтой. Шамил Елбыздыхъойы тыххæй цы уацтæ ныффы- ста, уыдоны æргомæй зæгъы: «Пьесæ «Уæрæседзау» фыст у, йæхи культурæйыл былысчъил чи кæны, æн- дæр адæмы (уырысы) культурæ чи нæ райсы, лакейы зонды уацары чи бахауд, уыцы æрыгон лæппуйы тыххæй». 2011 азы мартъийы, Елбыздыхъойы юби- лейы агъоммæ мын Шамил цы интервью радта, уым 0 ^.и(^М«ф|Х2Д С^ О
загъта ацы хъуыдытæ. Баззадысты мæ архивы, æмæ сæм хъаугъа ракъахджыты куы байхъусын кодтон, уæд кæддæр-уæддæр æрсабыр сты. Никуы мæ ферох уыдзæн, 2011 азы февралы Национ музей ЦИПУ-йы Культурæйы галуаны цы равдыст сарæзта, уый. Аивады артдзæсты фойейы адæмы размæ рахаста курдиатджын æрмдæсны Мо- урауты Сосланы къухтæй конд фыдæлтыккон ирон музыкалон уадынгæрзтæ (Кокойты Тæтæрхъаны термин). Равдыстмæ чи саккаг кодта, уыдонимæ уыд Шамил. Фæсивæд куыд разæнгардæй архайынц фы- дæлты культурæйы хæзнатæ абоны царды, фæлтæр- ты ’хсæн парахат кæныныл, ууыл иттæг зæрдиагæй бацин кодта нæ рухсы бадинаг ахуыргæнæг Шамил. Фæсивæд куыд зарынц, фыдæлты уадынгæрзтыл куыд цæгъдынц, уымæй йæ зæрдæ куыд рухс кæны, уый бæрæг уыд йæ цæстыты æхсызгон цæхæр æрт- тывдæй æмæ зæрдæбын хъуыдытæй. Уый йæ раны- хасы загъта: «Нæ фыдæлтæ нын ныууагътой рæсугъд æмæ хъæздыг культурæ. Æмæ уый зонын, фыдæлты нæмттæн кад кæнын махæн нæ хæс у. Цас нæ куль- турæ фылдæр æмæ хуыздæр зонæм, уыйас уыдзы- стæм рæсугъддæр, амондджындæр, фæрнджындæр. Нæ фыдæлты музыкалон инструменттæ чи аразы, уыдонæн сыгъзæрин къухтæ ис, æмæ сын Хуыцау арфæ ракæнæд. Сæ къухтæй æрмæстдæр фæнды- ртæ куыд аразой, Дунескæнæг сын ахæм арфæ ракæ- нæд. Уе ’ппæт дæр зонут, дыууадæстæнон фæндыр куыд равзæрдис, уый. Сырдоныл æрцыд стыр тра- геди. Æмæ йæ сывæллæтты зæрдæйы тæгтæй æмæ стджытæй сарæзта дыууадæстæнон фæндыр. Уымæн ис символон нысаниуæг. Фæндыр равзæры зæр- дæйæ, адæймаджы арф æнкъарæнтæй. Нарты Сосла- нæн йæ уарзон амардис. Æмæ дзæппазы бадт, афтæ- мæй йæ уарзоны сæрыхъуынтæй цалдæр æрдуйы
ратыдта æмæ сæ сарæзта хъисынфæндыр. Куыд уы- нут, афтæмæй, хъисынфæндыр равзæрди уарзонд- зинадæй. Æмæ не ’ппæтыл дæр цины бонтæ куыд кæна. кæрæдзи уарзгæйæ куыд цæрæм, уыцы амонд нæ уæд». Цас фылдæр рæстæг цæуы Шамилы адзалæй, уый бæрц йæ зонд æмæ курдиаты æгæрондзинадыл арæх- дæр фæхъуыды кæнын. Хорз мæ зæрдыл лæууы, фыццаг курсы æппæты фыццаг мæ зачетты чиныджы йæ предмет — ирон адæмон сфæлдыстадæй ме ’мбæлт- тæй æппæты разæй мæнæн «5» куыд сæвæрдта, уый. Цас кæрдаг æмæ арф зонды хицау уыд, æвæдза. Йæ лекцитæй нæ иу дæр алидзыны фæнд никуы скодта. Куы сæ каст (æнæ иу гæххæтты гæбазæй), уæд та- иу не ’ппæт дæр æнæхъæнæй цæстытæ æмæ хъустæ фестадыстæм. Раст уыцы рæстæг бындз куы фæцæй- тахтаид, уæд йæ базырты уынæр дæр райхъуыстаид, афтæ сабыр уагыл каст Шамил æлывæрсыг зонын- дзинæдтæй æххæст, бæрзонд зонадон æмæ методи- кон уагыл арæзт лекцитæ. Афтæ лæмбынæгæй сæ-иу амыдта, æмæ æппæты лæмæгъдæр студент дæр сæ фæлварæнты рæстæг хорз бæрæггæнæн ма райстаид, уымæн æнæуæвгæ нæ уыд. Куыд ирон филологийы факультеты декан, афтæ йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд æрыгон авторты ли- тературон къорд. Йæ æрбадтыты фæткыл бакуыстам æртæйæ — Шамил, профессор Тахъазты Харум æмæ æз. Нæ æмбырдтæ арæзтам мæй дыууæ хатты. Фæлæ нæ æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацтæ чи фыста, уы- дон — Дойаты Луизæ, Фидараты Регинæ, Хъоцыты Тамарæ, Гæгкуыты Зæлинæ, Æлборты Азæ, Куын- дыхаты Алинæ, Джериаты Аланæмæ-иу исты фарст куы уыд сфæлдыстады уагыл, уæд-иу нæ курдиа- тыл дыууæ никуы загъта. Кæддæриддæр студенттыл узæлыд йæхи хъæбултау. Æууæндыд сæ алкæуыл
дæр, æмæ йын мах дæр йе ’ууæнк никуы ницæмæй фæсайдтам. Архайдтам зонадон æмæ литературон къордты. Нæ зонадон уацтæ æмæ аивадон уацмы- стæ мыхуыргонд цыдысты газеттæ «Смена», «Стыр ныхас», «Рæстдзинад», «Слово»-йы, журналтæ «Мах дуг» æмæ «Хæххон дымгæ»-йы, факультеты литера- турон-аивадон, зонадон фидиуæг «Ныфс»-ы. Ацы æмæ ма бирæ æндæр хорз хъуыддæгтæ, факультеты ахуыры бæрзонд æмæ бæстон уагæй уæлдай, цыды- сты нæ зондамонæг хистæр Джыккайты Шамилы зондæй æмæ зæрдæйæ. Раст хи хъæбултау ныл кæй узæлыдис, ууыл ма дзуры иу цæвиттон: искæй-иу нæ, чызгæй, лæппуйæ æнкъардæй федта, уæд-иу нæ ба- фарстаид, цы хабар ныл æрцыд, уымæй. Æмæ-иу йæ бон куы уыд, уæд-иу кæм ныхасæй, кæнæ хъуыдда- гæй ма баххуыс кодтаид, уымæн æнæ уæвгæ нæ уыд. Махæй-иу исчи æнæраст хъуыддаг куы бакодтаид, ахуыры уа. царды, уæддæр нæ-иу никуы æфхæрдта. Йæ кусæн уатмæ-иу нæ бакодтаид æмæ-иу, дæ аипп цæй мидæг ис, уый дын бамбарын кодтаид. Суанг ма лæмбынæг каст студентты уæлæдарæсмæ дæр. Иу хатт райсомæй лекцитæм тагъд кодтон, афтæмæй мыл факультеты тыргъы амбæлд. Æз æй куы федтон, уæд æрлæууыдтæн, дæ бон хорз ын загътон. Уый сæрæй къæхтæм йæ цæстæнгас ахаста æмæ бафиппайдта, мæ костюмы пиджакы дзыппыты æвзæгтæ мидæмæ кæй бахаудтысты. Уый сæ араст кодта æмæ мын йæ сæры акуывдæй дарддæр лекцитæм ацæуыны фадат радта. Йæхæдæг зондæй, удæй, кондæй, уындæй куыд аив уыдис, уыцы уаг алы ахуыргæнæгæн æмæ студентæн дæр хæссын кæй æмбæлы, уый нын, фыццаджыдæр, йæхи дæнцæгæй амыдта. Алчидæр нæ Шамилы мид- культурæйы æмвæзадмæ тырныдта. Йæхæдæг дæр уыцы уаг æмбæрста, æмæ дзы алчидæр уыд райгонд. 2007 азы сæрды нæ хæдзары мæхи уаты чиныг ка- .: ОшО : >
стæн. Уалынмæ дын телефоны дзæнгæрæг фæцыд. Хæтæл куы систон, уæд дын дзы нæ уарзон ахуыр- гæнæджы хъæлæс райхъуыст. Фæфарста мæ мæ би- нонты хабæрттæй, мæхи цардæй. Уый фæстæ мын афтæ: «Валерæ, ды хъуамæ детективтæ дæр фыссай. Æмæ дын ныр цы зæгъон, уый дæ уыдон фысгæйæ бахъæудзæн. Хабар та афтæ у, æмæ Мидхъуыддæг- ты министрады хайæдтæй иуы хъæуы, уырыссагæй иронмæ сын юридикон гæххæтт чи ратæлмац кæн- дзæн, ахæм адæймаг. Æмæ мæм куы æрхатыдысты, уæд сын дæуæй загътон. Æмæ, дæ хорзæхæй, ныртæ- ккæ дæм иу чидæр бацæудзæн, æмæ йемæ машинæйы сбад, æмæ дæ кæдæм баласа, уым, кæм дын бацамо- на, уыцы гæххæттытæ райс æмæ сæ тæлмац кæнын райдай». Æз Шамилы ныхасыл дыууæ нал загътон, афтæ- мæй дыууæ мæйы æмæ æрдæг фæтæлмац кодтон уыцы гæххæттытæ. Зынгомау, фæлæ цымыдисаг куыст уыди. Æмæ йæ зæрдиагæй сæххæст кодтон. Фæззæджы ахуырмæ куы рацыдтæн, уæд мын Ша- мил æхсызгонæй арфæ ракодта æмæ мын загъта бузныг, йæ курдиат ын кæй сæххæст кодтон, афтæ- мæй Мидхъуыддæгты министрады кусджыты тыхст уавæр кæй фæрог кодтон, уый тыххæй. Мæнмæ гæсгæ, ахæм хæслæвæрд мæнæн кæй бабар кодта, уый ууыл дзурæг у, æмæ мыл кæй æууæндыд. Ин- нæмæй та, куыд æцæг рухстауæг, ахуыр, зонынджын лæг, мах не ’ппæты царды фурды хорз ленк кæнын- мæ кæй цæттæ кодта, ууыл. Мæ дипломон куыст дæр фыстон Шамилы арæх- стджын цæстдардæй. Æвзæрстон дзы зындгонд поэт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Хетæгкаты Къ- остайы номыл паддзахадон премийы лауреат Мыр- тазты Барисы сфæлдыстадон дунейы миниуджытæ. Ахæм хуызы дипломон куыст уæды рæстæгмæ кæй
ничима ныффыста Шамилы студенттæй, уымæ гæсгæ мын зынгомау кæй уыдзæн йæ фыссын, уый йæхæ- дæг дæр æмбæрста æмæ мын кæцыдæр бæлвырд сæргæндты, Барисы сфæлдыстад хуыздæр бамба- рыны тыххæй, кодта ахадгæ æххуыс. Цас фылдæр рæстæг архайдтон мæ дипломон куыстыл, уый бæрц Шамил тынгдæр цин кодта темæ æвзарыны рæстæг мæ хивæнддзинадыл. Иннæмæй та йе ’ууæнк мæ- ныл тыхджындæр кодта. Йæ хъахъхъæныны рæстæг куы ’рцыд, уæд уыцы бон мæ дипломы рецензент, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор, УФ-йы куль- турæйы сгуыхт кусæг Хозиты Барис æмæ Шамил иртасæн куысты æмæ сæрмагондæй мæн тыххæй цы цæстуарзон ныхæстæ фæкодтой, уыдоныл ныр дæр куы ахъуыды кæнын, уæд мæ уд арвы цъуппыл цыма вæййы, афæ мæм фæкæсы. Мæ хъысмæтæй бузныг дæн, Шамилы хуызæн адæймаг мæ царды кæй уыд æмæ ис, уымæй. Æр- мæст мæхимæ стыр аххос хæссын, афоныл æм куыд нæ байхъуыстон æмæ филологийæ ахуыргон- ды къæпхæн кæй нæ бахъхъахъæдтон, уымæй. Уыцы хъуыддаджы мын кæй ницы бантыст, уый тыххæй мæрдтæм хатыр курын нæ фарны лæг Джыккайты Шамилæй. Æмæ не ’ппæтыл уыцы дунейæ хæрзау- дæн куыд кæна, уый мæ зæрдиагæй фæнды. Йæ ном цæмæй ма ферох уа, ууыл чидæриддæр архайдта æмæ архайы, уыдон та цардæй бафсæдæнт. Журнал «Фидиуæг», 2020 аз, №1 #
Бирæвæрсыг курдиат Адæймаджы зæрдæ хицæн стыр дуне кæй у, йæ уд æмæ зонд та йæ райгуырæн уæзæджы æрдз, хистæр- ты фарныл кæй æнцой кæны, уый йæ царды æмæ йæ алывæрсыг сфæлдыстадон архайдæй чи равдыста, уыцы дзырдаивады дæснытæй иу уыд курдиатджын поэт, прозаик, драматург, нывгæнæг, публицист, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Гæдиаты Цомахъы номыл премийы лауреат Чеджемты Зæ- кæриайы фырт Геор. Чеджемы-фырты чи зыдта, уыцы хæлæрттæ йæ бахъуыды кодтой уæздан, фæлмæнзæрдæ, хиуылхæст, æцæг ирон лæгæй. Йæ уды æппæт мидыскондæй дæр Геор йæхи сфæлдыстадон куыстæн нывондæн кæй хаста, афтæ куы зæгъон, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Уы- мæн дзы йæ зæрдæйы арфæй, æрттигъау, æрттывта йæ бирæвæрсыг курдиат. Æмæ йæ йæ дзыллæйæн йæ царды фæстаг бонтæм йæ уды кувæндоны кувæггагау арфæйагæй æмæ рæдауæй лæвар кодта. Геор райгуырд 1940 азы Заманхъулы. Ацы хъæу- бæсты цæрджытæн аивадмæ уарзт Хуыцауæй лæвæрд у. Кафынмæ, зарынмæ сæ разæй никæй ауадздзы- сты. Георæн дæр йæ ныййарджытæ — фыд Зæкæриа, мад Верычкæ уыдысты, хъæубæсты уæзданæй, хи фæллойæ цæрын чи фæрæзта, ахæм куыстуарзаг хистæртæ. Сæ лæппу Геормæ нывгæнæджы курди- ат фæхæццæ йæ фыдæй. Уый хъæубæсты нымад уыд дæсны цыртытæгæнæгыл. Уæдæ йын дзырдаи- вады дунемæ та фæндаг бакодтой хъæуы хистæртæ. Сæ боны куыстыты фæстæ-иу æрæмбырд сты, æмæ- иу, Къостайы загъдау, сæ хорз кадджытæн, сæ хорз зарджытæн кæрон кæм уыди. Чысыл Геор та сæм хъ- уЬынæй не ’фсæст.
Ахуыр кæнынмæ бацыд хъæуы астæуккаг скъ- оламæ. Ам райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын дæр. Хистæр кълæсты ахуыр кæнгæйæ, йе ’мдзæвгæтæ арæхæй-арæхдæр цæуын райдыдтой районы газеты. Иæ зæрдæйы арфы дзырдаивадæй уæлдай нывгæ- нæджы курдиаты зынг кæй сыгъд, уымæ гæсгæ Геор астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон учили- щæмæ. Ам ын уыд æппæт фадæттæ дæр, цæмæй йæ курдиат, куыд фыссæг, поэт æмæ нывгæнæг, афтæ æх- сида. Йе ’мдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ арæхæй-арæх- дæр цæуын райдыдтой училищæйы литературон къ- орды къухфыст журнал æмæ газет «Рæстдзинад»-ы. Училищæ æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ Геор йæ фыццаг къахдзæфтæ акодта, куыд нывгæнæг, афтæ Æрыдоны районы газет «Коммунизммæ фæн- даджы» редакцийы. Ам канд йæ нывтæ нæ мыхуыр кодта, фæлæ ма йын йе ’мдзæвгæтæ, сывæллæттæн фыст радзырдтæ адæм æхсызгонæй кастысты. 1964-1969 азты Геор ахуыр кодта Мæскуыйы по- лиграфион институты. Райста дзы полиграфион ны- вгæнæджы дæсныйад. Æмæ кусын райдыдта сывæл- лæтты журнал «Ногдзау»-ы аивадон редакторæй. Фæстæдæр ссис чиныгуадзæн «Ир»-ы аивадон ре- дактор. Йæ зæрдæйы уаг куыд цæстуарзон, фæлмæн, рæдау уыд, афтæ йæ конд нывтыл, йæ сисы бынæй цы уацмыстæ рацыд, уыдоныл се ’ппæтыл дæр зынд, сæ автор нываивады æмæ литературæйы ихсыд фор- мæтæ агурыны фæндагыл кæй нæ цæуы, уый. Ца- лынмæ, цæуыл æмæ кæуыл фыссы, уыцы дзырдаива- дон æмæ нываивадон сурæттæ йæ зæрдæйы арфы нæ бахсыста, уæдмæ сæ-иу адæмы рæгъмæ нæ рахаста. Геор уыд УФ-йы, Фысджыты æмæ Нывгæнджы- ты цæдисты уæнг. Мыхуыры йын рацыд æстдæс чи- о ^-ц (■■ тшиДмшгДООдфиии ■ ■■») сг^ о
ныгæй фылдæр: «Хазби кафын зоны», «Чичи æмæ Бечи», «Æрдæгфыст писмо», «Цины хабар», «Ска- чите, олени», «Бæбу мигъагур куыд ацыд», «Чичи зарджытæ куыд фыста», «Тæнæгбазыр, авдхуызон», «Зæххы зарæг», «Зæринæг», «Дзегуындæ», «Арвы бæлæстæ», «Цола», «Фыдæлты хæзна». Йæ зæр- дæйы уагæй куыд фæлмæн уыд, афтæ йæ уацмыстæ дæр сты фæлмæн æмæ парахат, рухс æнкъарæнтæй дзаг. Цæрæгойты дуне, æрдз, адæм, йæ уацмысты архайджытæ се ’ппæт дæр сты сыгъдæгзæрдæ. Æмæ уымæ гæсгæ чиныгкæсджыты зæрдæтæ, йæ уацмы- стæ кæсгæйæ, байдзаг вæййынц сыгъдæг, æрвыгау, ирд тæлмæнтæй. Геор цы чингуытæ ныффыста, уыдонæн нывтæ скодта йæхæдæг. Цалдæр хатты йæ нывтæй аивгонд чингуытæ систы Æппæтцæдисон равдыстыты уæла- хиздзаутæ. Йæ чиныг «Арвы бæлæстæ» мыхуыры куы рацыд, уæд ын хуыздæр банкъардтам йæ хæдхуыз поэтикон курдиат. Ам нын йæхи равдыста поэт-философæй, поэт-хъуыдыгæнæгæй. Царды æмæ æхсæнады цау- тыл уæлæнгæйтты чи нæ фыссы, фæлæ сыл хигъæ- дон зарæг чи снывæнды, ахæм поэтæй. Мæнæ куыд зæгъы йе ’мдзæвгæ «О, Ирыстон»-ы: Кæд æз дæ хъыджы бонты зарон, Мæ сæры арвы цъæх хæссон; Кæд æз дæ цины бон æнкъард уон, Уæд ме сæфт ралæууыд, уый зон; Æмæ мæлдзыджы сæфтыл Рагацау кæуон... Ирыстоныл бирæ поэттæ ныффыстой зæрдæагайгæ æмдзæвгæтæ, фæлæ дзы Геор йæ райгуырæн уæзæгыл йæ зарæг цы хуызы систа, афтæ иу поэты бон дæр
нæ баци, Ирыстоныл зæрдæагайгæ, сæрмагонд ныса- ниуæгмæ чи амоны, ахæм хъуыдытæ дзы равдыста. Кæд Ирæн йæ цины бон æнкъард уа, йæ хъыджы рæ- стæг та цин кæна, уæд йæхи поэтыл нæ, фæлæ адæй- магыл дæр нал нымайы, фæлæ йæхи хоны, уайсахат йæ сæфт кæмæн æрцыд, ахæм мæлдзыг. Зæххыл адæймагæн цард чи ратты, дунейы рухс ын чи фенын кæны, уый у мад. Фыццагдæр уый баузæлы хъæбулыл, фыццагдæр саби уымæй фехъ- усы мадæлон æвзагыл авдæны зарæг, фыццагдæр ын уый ракæны аргъау, ныййарæджы хъæбысæй акæны фыццаг къахдзæфтæ зæххыл. Ныййарæджы зæрдæ, уæларвон зæдау, сыгъдæг у, фæлæ йæ хъару куыд бирæ æмæ æнæбасæтгæ у, ууыл дис кæны поэт æмæ фыссы: Мин-мин фыдæбоны Нæ басастой Ныййарæджы. Æвæццæгæн ыл Уымæн сарæзтой Мин-мин зарæджы. Йæ иннæ æмдзæвгæйы дæр Геор дарддæр хæццæ кæны ныййарæджы темæ. Ацы æмдзæвгæйы та йæ зарæг нывæнды не ’ппæты рухсгæнæг «Хуры мады зарæг». Æмæ йæ фæхайджын кодта зæххон ныйй- арæджы мæты миниуджытæй, тæригъæдгæнаг зæр- дæйы æнкъарæнтæй: Хур æрныгуылди, æрфынæй, — Оххай, арвыл бафæллад. Мад æй бамбæрзта сырх тынæй, Стæй йæ дæлфæдтæм æрбадт. Арвæй хур ныгуылынмæ куы фæхъавы, уæд йæ фæстæ цы сырххуыз фæд уадзы, уый поэт æвдисы,
куыд хуры сырх æмбæрзæн, афтæ. Æмæ дарддæр зæгъы: Хуры бур дзыккутæ базыл Мад рæвдаугæ-хъавгæ фасы: "Хорз фынтæ — дæ хай! А-ло-лай! Ацы æмдзæвгæйы поэт хурæн дæтты сабийы æп- пæт миниуджытæ. Æмæ йыл йæ мад узæлгæ дарддæр зары: Абонсарæй арвыл зилыс, — Адæмæн дæ хъарм æрвитыс, Ды мæ замманай Хуры хай Дарддæр поэт нымайы хуры æппæт æууæлтæ: абон- сарæй арвыл зилæг, адæмæн хъарм æрвитæг. Æмæ йæ мад хоны «замманай хуры хай», Арвæй Зæхмæ хъарм тынуафæг, рухсæй алкæй рæвдауæг. Æмæ йын арфæ кæны: "Рухсæй мын цæрай, А-ло-лай! Кæронбæттæ- ны автор аргъ кæны Хур-мады фыдæбонæн æмæ йын, арфæгæнæгау, зæгъы: Мад æй бамбæрзта сырх тынæй, Мад, сыгъзæрин фестай, Мад! Поэт Чеджемты Геормæ мады темæ арæх æмбæлы. Æмдзæвгæ «Мады арфæтæ», зæгъгæ, уымæй поэт ары йæ мад Верычкæйы ном æмæ фыссы: Ацыди нæ Мад, Ацыди тынг дард, Æмæ цæры махыл мæтгæнгæйæ, Йæ уидæгтæ мысгæйæ. Загътон æрбаздæхдзæн иу бон, — Нæ кæрты зонгæцыд æрбакæндзæн...
Мадæн хъæбул кæддæриддæр саби у, кæддæрид- дæр ыл мæт æмæ сагъæс фæкæны, мæрдты бæстæй дæр ыл йæ мæтгæнаг зæрдæйæ кæй фæауды, уый фе- нæн ис ацы æмдзæвгæйы. Куы йæ кæсай, уæд адæй- маг банкъары, Геор чиныгкæсæгимæ ам дæр æмны- хасгæнæг кæй у: Фæлæ уый бæрц никуы ныффæстиат. Æнхъæлмæ йæм кæсæм Мæй, афæдз, æртæ азы, авд азы... Нæй, нæ фæстæмæ йæ зæрдæйы уидæгтæм. Ацы æмдзæвгæйы фæстаг рæнхъы «дард ацæуæг мад» цы ныфсæвæрæнтæ фæкæны, уый баст у афæд- зы афонты рæсугъддæр — уалдзæгимæ. Уалдзæджы кæрдæджы халы, дидинджыты фæлгонцы, хуры хъ- армы поэт уыны мады сурæт, æнкъары йын йæ уды хъарм, исы сæ салæмттæ — мады арфæтæ. Ирыстоны ахæм сфæлдыстадон кусæг нæй, Къо- стайы номыл йæ дзырдаивады хуын чи нæ бацæттæ кодта. Георы поэтикон сфæлдыстад уыцы хъуыдый- æн у ноджыдæр ма иу ахъаззаджы æвдисæн. Мæнæ куыд зæгъы, цытджын поэты номæй чиныгкæсæгмæ кæм дзуры, уыцы æмдзæвгæ «Къостайы катай»-ы: Æз сæрибар дæн, сæрибар! — Амонд цин æмæ зæххæй, Æз мæхи бар дæн, мæхи бар — Иузæрдиуæттæ мын нæй. Царды фæлтæрддзинад куыд равдыста, афтæ амондджын вæййы, æцæгæй сæрибар чи у, уыцы адæймаг. Нæ номдзыд поэт Къостайы дæр уыд иу сагъæс æрмæстдæр — йæ адæмыл мæт. Йæ зæрдæ сыл куыд риссы, уый дарддæр уынæм æмдзæвгæйы:
Арвыл стъалытæ нымайын, — Уый цæй диссаджы куыст у! Арæх Терчы былмæ уайын, — Зæрдæ сагъæстæй рыст у. Ирыстоны стырдæр цæугæдон Терк у поэты лы- мæн, уымæн фæзæгъы йæ хъуыдытæ æмæ сагъæстæ. Æмæ номдзыд поэты уыдонæй ссæрибар кæны ацы цæугæдон. Кæронбæттæны та дзы не ’мдугон æмхъ- уыдыгæнæг поэт Геор куры, цæмæй йын йæхи «ала- са» æмæ йæ цъæх уылæнтæн радта. Георы хæдбындур философон, æнæбафæзмгæ поэ- тикон æрмдзæф нæм ирдæй зыны йæ иннæ æмдзæв- гæты: «Мад æмæ фырты ныхас иу райдзаст райсом», «Горæтаг зымæгон ныв», «Бæстæзонæн музейы», «Заманхъулмæ фæндагыл цæугæйæ», «Урс бæлæсты сагъæс», «Уалдзæджы зæрдæ», «Фæззыгон æнкъард фын», «Цард æмæ уадындз». Йæ фыдæлты ивгъуыд трагикон цаутæ, нæ адæмы ныфсхастдзинад, знаджы ныхмæ тохмæ дæр заргæйæ кæй цæуынц, уыцы хъ- уыдытæ нын поэт равдыста æмдзæвгæ «Задæлесчы Нанайы хъарæджы». Уый бæрц трагикон нывтæ дзы ис, æмæ сын суанг сæ азæлд хæхтæ дæр нæ уромынц, суанг уыдонæн дæр нæ райхалы йæ зæрдæйы æлхынцъ: Хæхтæ! Æз уæм нал райхалдзынæн мæ зæрдæйы æлхынцъ! — Сымах æрбауагътат нæ сатæг кæмттæм залиаг калмы. Уый фæстæ йæ Задæлесчы Нанайæн йæ дзырд у хъæдтæм. Кæронбæттæны зæгъы, кæй йын баззад, «Зæронд уæрццау, хæхты астæу зæрæстон хуымы кæуыны хъуыддаг». Мæнæ куыд зæгъы йæ хæлары поэтикон сфæл- дыстады тыххæй зындгонд фыссæг, Хетæгкаты Къо-
стайы номыл паддзахадон премийы лауреат, рауагъ- дад «Ир»-ы раздæры редактор Цомартаты Изæтбег: «... Геормæ рахатыдтон иу бæллиццаг миниуæг. Бирæ нæ фыста, стæй нын нæ дуæрттæ йæ ныхæй нæ саста, йæ уацмыстыл-иу бирæ азты фæкуыста, стæй-иу нын сæ æфсæрмхуызæй æрбахаста. Афтæмæй мæм кæд- дæр-никæд йе ’мдзæвгæтæ æрбахаудтой. Мæ зæрдæ- мæ фæцыдысты æмæ сæ хицæн чиныгæй рауагътон. Иу фыссæг иннæ фыссæджы уацмыстæй хорз зæгъа, уый арæх нæ уыдтон, æмæ мæ дисы бафтыдта, фысджытæ æмæ дзы поэттæ æнæиухъуагæй куыд æп- пæлыдысты, уый. Чи йын йæ аив æвзагæй æппæлы- ди, чи та йæ ног поэтикон фæлгонцæй, фæлæ йыл, хъыгагæн, иу уацхъуыд дæр нæ бакастæн...» Дарддæр Изæтбег Георы тыххæй йæ уацы зæгъы, курдиатджын поэт æмæ фыссæгæн йе сфæлдыстадмæ хуызæнæн критикон, литературæзонынадон цæстæн- гасæй каст кæй нæма æрцыд, уый. Абон дæр фыс- сæджы сфæлдыстад æнхъæлмæ кæсы йæ иртасæгмæ. Ивгъуыд æнусы 80-æм азты Ирон театры сценæйы æвæрд æрцыд Чеджемты Георы комеди «Цола». Йæ режиссер-æвæрæг — РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Бекъойты Розæ. Сæйраг фæлгонц — Цо- лайы сурæт аразæг дзы уыд Цæгат Ирыстоны адæ- мон артист Цæргæсты Дзамболат. Уымæй уæлдай ма дзы зæрдæагайгæ сурæттæ сарæзтой адæмæн уарзон артисттæ Уыртаты Верæ, Икъаты Бертæ, Галазты Земфирæ, Хъантемыраты Терезæ,Медойты Светла- нæ, Брытъиаты Риммæ, Хъулаты Верæ, Бирæгъты Къоста, Гæгойты Шота, Беккуызарты Аслан æмæ ин- нæтæ. Ссæдз азæй фылдæр ацы спектакл фæцыд нæ те- атры сценæйы. Йæ архайджыты хъæлдзæг равг, йæ сæйраг рол саразæг Цæргæсты Дзамболаты цыргъ
æмæ кæрдаг зонд уыдысты ацы спектаклæн йæ цырв. Йæ алы равдысты рæстæг дæр, куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны театрты залы адæмæй къухбакæ- нæн нæ уыд. Æрæджы та ногæй æвæрд æрцыд ацы спектакл Ирон театры. Ныр та дзы сæйраг — Цо- лайы сурæт аразæг уыд Цæгат Ирыстоны сгуыхт ар- тист Дзанайты Эльбрус. Театры астæуккаг æмæ кæ- стæр фæлтæр дæр, сæ хистæртау, се сфæлдыстадон хъарутыл нæ бацауæрстой æмæ та ирон театрдзаутæн сарæзтой спектаклы алы равдыстæй дæр ног цинхæс- сæг бæрæгбон. Уыцы пьесæйæ уæлдай ма Геор аивадуарзджытæн балæвар кодта пьесæтæ «Цолайы чындзæхсæв» æмæ «Чери». Ацы уацмыстæ дæр сæхи сæрмагонд бынат æрцахстой ирон литературæйы. Чеджемты Геор йæ адæмæн, куыд фыссæг, поэт, драматург, канд афтæ стыр æмæ ахадгæ хæрзты нæ бацыд, фæлæ ма йæм иртасæджы хигъæдон курдиат кæй уыд, уый базондзыстут, æрæджы йын рауагъ- дад «Ир»-ы цы чиныг, «Фыдæлты хæзна», зæгъгæ, рацыд, уый куы бакæсат, уæд. Хаст æм æрцыдысты, автор Нарты кадджыты, таурæгъты, аргъæутты, нæ фыдæлты цардыл дзурæг æрмæджытæ иртасгæйæ, цы хатдзæгтæм æрцыд, æмæ сæ бындурыл цы æвæд- жиауы цымыдисаг æрмæджытæ ныффыста, уыдон. Ацы чиныгмæ тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ касты- сты æвзагиртасджытæ, историктæ, литературæир- тасджытæ, фысджытæ, ахуыргæнджытæ, библи- отекæты кусджытæ, аспиранттæ, студенттæ. Йæ саразæг æмæ редактор РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Дзуццаты Зæлинæ бакодта стыр ар- фæйаг куыст Георы ном æмæ ирон адæмы раз, цæ- мæй ацы чиныг аивадон æгъдауæй æмæ мидисæй хæрзцæттæйæ æмæ биноныгæй рухс фена, ууыл. Кæд 0 ^ГИ (■«■■ фиДДДдфимиш) 1_^ 0
не ’хсæн нал ис Геор, уæддæр ын йæ ном ацы æмæ йæ иннæ чингуыты фæрцы дæр цæмæй нæ зæрдыл дарæм, мысæм æй, уый аккаг у. Йе сфæлдыстадон хъ- уыдыйæ, йæ миддунейы, йæ зæрдæйы, арвæрдынау, цы курдиæттæ баиу сты, уый æвдисæг хуынтæ — йæ чингуытæ — уыдзысты ирон адæмæн цæрæнбонты дæр æхсызгонæй кæсинаг, йæ ном та уыдзæн мыг- гагмæ мысинаг, райгуырæн уæзæгæн, адæмæн куыд лæггад кæнын хъæуы, уыцы зонды хосæн. Чеджемты Георы сфæлдыстадон фæндагыл мæ ныхас фæуыдзынæн, йæ амæлæты фæстæ цы æмд- зæвгæ ныффыстон, уымæй: О, сау зæхмæ цы нæртон гуырд фæцæуы, Уый уарзта Ир, ныййарæг мадау,бирæ, Ирон дзырдæн цырагъдарæй фæлæууыд, Алæмæт уыд йæ рухс курдиат, йæ лирæ! Йæхицæн уый уæлдай хæрзтæ нæ домдта, Фæлитойтыл, дымысдæртыл нæ зарыд, Афæдз цухæй-иу чингуытæ нæ уагъта, Уымæн уыд табуйагдæр йæ зарæг, Уæдæ уыд диссаг, кæстæрты куыд уарзта, Рæстаг царды хъæр амыдта сын хорзæй, Заманхъулæн йæ уд йæ армы хаста, Сæрыстыр уыд йæ хорз фыдæлты номæй, Æрæнцайдзæн ныр Арыхъхъы къуыбыртыл, Сæууон дымгæ йын фарны гимн зардзæн, Рохуаты сæг не ’рбаддзæн йæ дзырдыл, Йæ рухс ном ын фæстаг ирон дæр ардзæн... о ^ (^^Л43^^) ^ э
Цæстуарзон хистæр æмæ курдиатджын фыссæг Адæймаджы зæрдæйы курдиаты, æфсармы, намы- сы æмæ уды рæсугъддзинады аивдæр миниуджытæ зиуцæдис куы скæной, уæд сфæлдыстадон кусæгæн, фæнды фыссæг уа, фæнды поэт, нывгæнæг, музы- кант, дзыллæйы зæрдæмæ йæхи сæрмагонд фæн- даг æнæссаргæ нæй. Уый, царды æнусæй-æнусмæ чи фидар кодта, ахæм уагæвæрд æмæ хæрзиуæг у. Иæ къухы кæмæн бафты, уымæн æнцонхæссæн нæ вæй- йы, фæлæ уыцы адæймаг вæййы æцæг амондджын, уæлтæмæны базыртæ йæ фæхæссынц иу æнтыстæй иннæмæ, сфæлдыстадон куыст кæныны хъомыс та йын фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Æмæ уыцы ар- фæйаг адæймæгтæм хауы зындгонд журналист, кур- диатджын фыссæг, газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт ку- сæг, УФ-йы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг, Æмбалты Цоцкойы номыл премийы лауреат Черчесты Хъасболат. Ацы бонты уый бæрæг кæны йæ 70 азы юбилей. Ирон литературæйы æмæ журна- листикæйы Хъасболат кæны зæрдиаг сфæлдыстадон куыст ныр 30 азæй фылдæр. Йе сфæлдыстадон хорд- зен дзаг у, æцæг фыссæг æмæ журналистæн куыд æмбæлы, ахæм сфæлдыстадон бæркадæй: уацаутæй, радзырдтæй, новеллæтæй, очерктæй, эссетæй æмæ уацтæй. Сæ алкæцыйы дæр Хъасболат æвæры йæ зæрдæйы цæхæр æмæ йæ рæдау, фæлмæн зæрдæйы къæртт. Уымæн йæ уацмысты алы дзырд дæр вæййы йæ уды рæбын æхсыст, зæлдагау — аив, хæрдгæбы- дау — рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ. Йæ алы фыст рæнхъы дæр зыны, йæ райгуырæн хъæубæстæ, йæ
Ирыстон, йæ адæмы, æрдз цас тыхджын æмæ æгæ- рон уарзт кæны, уый. Уымæн æмæ зоны, йæ адæ- мы раз ыл цы арфæйаг æмæ бæрнон хæс æвæрд ис, уый. Кæд йæ хæссын æнцон нæу, уæддæр, Хъасболат царды цы фæндаг равзæрста, ууыл иу уысмы бæрц дæр æрфæсмон кæна, уыцы зонд æм никуы æрцыд. Æмæ йæ æххæст кæны, йæхицæн уæлдай хорзæхтæ нæ домгæйæ, бонзонгæйæ æмæ уæзданæй.... Черчесты Хъайтыхъойы фырт Хъасболат райгуырд Ирыстоны дæрддзæф, фæлæ кадджындæр хъæутæй иу — Ставд-Дурты. Хъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта ЦИПУ-йы филологон факультеты. Æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци. 1978 азæй фæстæмæ Хъасболат кусы газет «Рæстд- зинад»-ы редакцийы. Йе сфæлдыстадон фæндаг дзы райдыдта кадджынæй. Фыццаг уыд уацхæссæг, фæ- стæдæр культурæйы хайады сæргълæууæг, ныр та у сæрмагонд уацхæссæг. Газет «Рæстдзинад»-ы редак- ци Хъасболатæн канд йæ кусæн бынат нæу, фæлæ 30 азæй фылдæр сыгъдæгзæрдæйæ йæ уарзон ирон адæмæн дзуары лæгау лæггад кæм кæны, дзыллæ- мæ йе сфæлдыстадон куысты бæркад цæй фæрцы хæццæ кæны, уыцы рухс, уаз æмæ табуйаг кувæн- дон. Нæуæдз азы размæ Иры фарны лæгтæ Цомахъ, Гино, Сæрмæт, Цæра, Георги, Андрей цы фарны мæсыг самадтой, уый йæхи сæрмагонд аив дзæнхъа дуртæй сфидауын кодта нæ абоны юбиляр Черчесты Хъасболат. Газеты йын цы очерктæ, уацтæ, радзы- рдтæ рацæуы, уыдонæй сæ алкæцыдæр вæййы фыст æнцонæмбарæн æвзагæй, мидисæй æмæ хъуыдыйæ вæййынц аив æмæ зæрдæмæдзæугæ. Сæ алкæцыдæр газеткæсæджы зæрдæ бацагайы йæхирдыгонау, бата- вы йын йæ зæрдæ æмæ уды рæбинагдæр æвæрæнтæ, *10 •* ^ АЛШ^ ’ V о ^. (■« §11.145^1^^^9^ »
ныууадзы дзы сæрмагонд аив фæд. Уый афтæ кæй у, уымæн хорз æвдисæн, Хъасболаты æрмæджыты фæ- дыл æрвылбондæр редакцимæ газеткæсджытæй цы арфæйы фыстæджытæ æмæ телефоны дзæнгæрджытæ вæййы куыд хистæр, астæуккаг кары адæмæй, уыдон Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Хъасболаты сфæлдыста- дон æрмдзæфы уаз рухс тавы дзыллæйы зæрдæтæ, суры сын сæ сагъæстæ, дæтты сын ныфс æмæ хуыз- дæр цардыл, фидæныл æппæтвæрсыгæй æууæндыны æгæрон хъару. Уыимæ, уыцы зæрдиаг арфæтæ кур- диатджын фыссæгæн æмæ прозаикæн хиуыл фервæс- сыны æфсон никуы фесты. Фæлæ йын басгуыхтысты ноджы стырдæр сфæлдыстадон уæлахизтæм разæн- гардгæнæг тырысатæ. Афтæмæй ныр дзæвгар азты дæргъы Хъасболат йæ адæмæн стыр хæрзты цæуы, куыд курдиатджын журналист æмæ фыссæг. Хорз гайлаг родæй бæрæг куыд вæййы, раст афтæ Хъасболатæн йæ фыццаг æрмæджытæ: уацхъуыдтæ, чысыл радзырдтæ Кировы районы газет «Размæ»-йы куы фæзындысты, уæд сыл тынг æхсызгонæй сæм- бæлдысты газеткæсджытæ, сæ авторы сыгъдæг уды æмæ æнкъараг зæрдæйы равг сæ ирдæй разынд. Або- ны реалон цард æвдисгæйæ дæр уыцы принциптыл лæуд у Хъасболат. Æхсæнады галиу митæ йын йæ зæрдæ фæриссын кæнынц, æмæ та йæ хъуыдытæ бакæны урс гæххæтты бар. Фыссæджы фыццаг ли- тературон фæлварæнтæ ирон прозæйы зæрингуырд- тæй стыр цин кæмæн æрхастой, æмæ æрыгон авторæн йе сфæлдыстадон фæндагыл зæрдиагæй фæндарасты ныхас чи загъта, уыдон уыдысты Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддза- хадон премийы лауреат Цæгæраты Максим æмæ зын- дгонд фыссæг, ирон документалон прозæйы зæрин- гуырд, РЦИ-Аланийы æмæ УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Дауыраты Дамир.
— Æз ма йæ хорз хъуыды кæнын, Ставд-Дурты хъæуы скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау Черчесты Хъасболат йе ’мдзæвгæтæ Кировы районы газет «Раз- мæ»-мæ куыд æрбахаста, уый. Мах редакцийы иу уаты бадтыстæм Ходы Камалимæ — дзырдта нын æх- сызгонæй Дамир, — нæ кусæн уаты къæсæрыл æф- сæрмхуызæй æрлæууыд, йæ къухы йæ фыстытæ, афтæмæй. Мах ын æхсызгонæй «мидæмæ рацу» за- гътам. Кæцæй у æмæ чи у, уый нын куы бамбарын кодта, уæд ын йæ фыстытæ райстон. Хорз æй хъ- уыды кæнын: æмдзæвгæтæ уыдысты. Æркастæн ын сæм. Рахатыдтон сын, фыццаджыдæр, сæ аивдзинад, сæ автор кæд æрыгон уыд, уæддæр сæ зынди йæхи хæдхуыз аив æрмдзæф, стæй йæ уайтагъд рахатыд- тон, Хъасболат ирон æвзаг уыцы кары дæр хорз кæй зыдта, стæй йе сфæлдыстадон куысты фыццаг къах- дзæфтæй дæр бæрæг уыд, дзырдаивады йæхи сæр- магонд фæндаг кæй ссардзæн, уый. Фыццаг хатт ын йе ’мдзæвгæтæ газет «Размæ»-йы куы ныммыхуыр кодтам, уæддæр фырнымдæй йæ зæрдæйы цы цин уыд, уый тынг уæзданæй равдыста. Уый фæстæ нæм редакцимæ йæ уацмыстæ куыд арæхдæр хаста, уы- мæй ирдæй рахатæн уыдис, йæ курдиат бонæй-бон кæй рæзыд æмæ фидардæр кæй кодта. Уый та нысан кæны, Хъасболат йæ курдиаты рæзтыл зæрдиагæй кæй кусы абон дæр. Æмæ йын уымæн афтæ бирæ æн- тысы сфæлдыстадон куысты. Фыццаг фембæлдæй йæ мæхицæн раст хи хъæбулау садджын кодтон, уæдæй фæстæмæ йæм мæ хъус дарын æмæ дзы фæсмонгонд никуы ницæмæй фæдæн. Йæхæдæг мын аргъ кæны, нымайы мæ йæ литературон фыдыл, æмæ дзы æз дæр дæн ныфсджын, буц æмæ сæрыстыр. Йæ 70 азы юби- лейы йын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ сфæлдыстадон куысты!
Алы фыссæгæн дæр йæ уацмыстæ сты, ныйй- арджытæн сæ хъæбултæ куыд адджын сты, раст афтæ. Уыцы хуызы Хъасболаты сфæлдыстадæн куы аргъ кæнæм, уæд йæ уацмысты номхыгъд мæгуырауæй нæ зыны. Зæгъæм, йæ радзырдты фыццаг стыр цикл мыхуыры рацыд æрыгон фысджыты прозаикон уац- мысты æмбырдгонд «Судз, ме стъалы»-йы, (1979 аз), фæстæдæр журнал «Мах дуджы» (1987 азы 7-æм но- мыры) рацыд йæ радзырд «Ныббар мын, Ладимхан». Уæдæ йæ уацау «Мæлæтæй тыхджындæр»-ы аивæй æмæ уырнинагæй бæстон æрфыста, фæндаггон фыд- былызы аххосæй йе ’нæнидзинад тынг кæмæн фæцу- дыдта, цардмæ раздæхыныл, æнæниз адæмы æмрæн- хъ æрлæууыны фæндагыл бирæ зындзинæдтæ чи бавзæрста, фæлæ сæ сæрты ахизын, цардмæ фыдæх зæрдæ нæ бадаргæйæ, чи базыдта, æмæ абон йæ зæр- дæйы хорзæхæй, дзыппы бæркадæй фæкæсынхъуаг адæмæн, рынчынтæн, сывæллæттæн бирæ хæрзты чи цæуы, уыцы Хуыцауыуарзон адæймаг, æцæг ирон лæг Лалыты Левы тыххæй. Уацмыс фыццаг хатт мы- хуыры рацыд хицæн чиныгæй 1998 азы Хуссар Иры- стоны рауагъдад «Ирыстон»-ы. Цалдæр азы фæстæ та рухс федта уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй, йæ сæргонд «Сильнее смерти». Ратæлмац æй кодта зынд- гонд журналист Хæмыцаты Морис. Цыбыр рæстæгмæ чиныгæн дуканиты ссарæн нал уыд, æхсызгонæй йæ æлхæдтой æмæ йæ кастысты Ирыстоны дыууæ хайы чиныгкæсджытæ дæр. Уацау «Мæлæтæй тыхджын- дæр»-ы автор цы уырнинаг фæлгонцтæ равдыста, уыдон дзурынц уацмысы сæйраг архайæг — Лалыты Левы цардбæллондзинад, йæ уды æмæ йæ зæрдæйы сыгъдæг равгыл. Лалыты Левы Ирыстоны уарзонæй «Ирон Алексей Моресьев» хуымæтæджы нæ хонынц. Иæ хъысмæты тыххæй фыст уацмыс-уацау «Мæ- лæтæй тыхджындæр» æнæдызæрдыгæй æрæвæрæн
ис Борис Полевойы уацау «Повесть о настоящем че- ловеке»-йы æмæ Николай Островскийы роман «Куыд æхсыстис æндон»-ы фарсмæ. Уый та у, фыццаджы- дæр, йæ автор Черчесты Хъасболаты ахъаззаджы. сфæлдыстадон æнтыст. Хорз уаид, уацау «Мæлæтæй тыхджындæр» хаст куы ’рцæуид ирон литературæйы ахуыргæнæн чингуытæм. Нæ Ахуырады министрад, ахуыргæнæн чингуыты æмæ программæты автортæ уыцы фарстайыл куы ахъуыды кæниккой, уæд або- ны ахуырдзаутæн ракæниккой, сæ уды равгыл æмæ хъомыладыл хорзæй чи сахадид, ахæм ахъаззаджы лæвар. Фыссæг Черчесты Хъасболатæн йæ радзырдты æмæ уацауты æмбырдгонд «Хурамонд» дæр схонæн ис ирон литературон царды зынгæ фæзынд. Чиныг мыхуыры рацыд рауагъдад «Ир»-ы 2006 азы. Æмбы- рдгонд цыбыр рæстæгмæ нал уыд ссарæн чингуыты дуканиты тæрхæджытыл. Автор æм бахаста, не ’хсæ- нады æппæрццæг фæзындтытыл аивæй кæм худы, ахæм радзырдтæ æмæ царды бирæ фарстатыл сæ ар- хайджытæ сагъæсгæнæг кæм сты, ахæм уацмыстæ. Чиныг «Хурамонд»-ы тыххæй йæ рæстæджы бирæ уацтæ рацыд. Зæгъæм, мæнæ сæ иуы куыд фыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, фæллойы ве- теран Дреты Тæтæри: «Черчесты Хъасболаты радзы- рдты æмæ уацауты чиныг «Хурамонд» у диссаджы хуызы фыст. Адæймаг æй æхсызгонæй кæсы, уымæн æмæ йæ уацмыстæ сты æнцонæмбарæн. Уый та уы- мæн, æмæ адæймаджы æрвылбоны цардæй ист ны- втæ æвдисынц, нæ фыдæлты æгъдæуттæ, мадæлон æвзаджы рæсугъддзинад. Хуыцауыл æмæ æрдзыл æууæнк, ирон æфсарм сты йæ сæйраг идейæтæ». Куыд Хъасболаты уацау «Мæлæтæй тыхджын- дæр» æмæ чиныг «Хурамонд»,афтæ йæ иннæ чин- О ^1М|(«Н1ДИ11 Ди1Д"^^11М1111м) 1-^ О
гуытæ «Солтанбек Таболов: «Жизнь богаче наших представлений» (Дзæуджыхъæу, 2012 аз), «Средний Урух: дорогой жизни» (Дзæуджыхъæу, 2013 аз), уа- цау «Кæрцæй хæдон хæстæгдæр» (журнал «Ирæф», 2013, №3) ссардтой аккаг æмæ зынгæ бынат ирон журналистикæйы æмæ дзырдаивады къæбицы. Сæ алкæцыйæн дæр дзы ис йæхи рæсугъд фæндаг чи- ныгкæсджыты зæрдæтæм. Хъасболат цыфæнды жан- ры дæр уацмыс куы фæфыссы, уæддæр йæ хъуы- дыйы вæййы æрмæстдæр цаутæ æмæ архайджыты хъысмæттыл æрдзурыны нысан нæ, фæлæ йæ сæй- рагдæр фæфæнды йæ архайджыты рæсугъд миддуне чиныгкæсджытæ æмæ газеткæсджытæн, дзырдаива- ды æппæт гæнæнтæй арæхстджынæй пайдагæнгæйæ, аивæй æмæ уырнинагæй равдисын, бауарзын сын сæ кæнын. Æмæ йын уыцы хъуыддаг кæй æнтысы, уый Хъасболат йæ куыстхъомдзинадæй æмæ ирон дзыр- дыл æнувыд уæвыны нысанæй раджы равдыста. Черчесты Хъасболат канд курдиатджын фыссæг, публицист æмæ журналист нæу. Уый ма у, сфæлды- стадон куыст кæнынмæ чи фæтырны, уыцы кæстæр- тыл æппæтвæрсыгæй аудæг цæстуарзон хистæр. Мæ ацы ныхæстæн æвдисæн — газет «Рæстдзинад»-ы ре- дакцимæ ЦИПУ-йы журналистикæйы факультетæй практикæмæ цы фæсивæд æрбацæуы, уыдон ыл куыд æнувыд сты, уый. Уымæн æмæ сын йæ бирæв- æрсыг зонындзинæдтæ, йæ сфæлдыстадон куысты фæлтæрддзинад никуы бавгъау кодта, уыцы зондыл хæст у абон дæр. Йæ зæрдæйы фарнæй хайджын чи фæци, уыцы фæсивæд систы зындгонд журналист- тæ. Кусынц нæ бæстæйы æмæ Ирыстоны дзыллон ха- бархæссæг фæрæзты: газетты, журналты, радио æмæ телеуынынады редакциты. Йæ зонды рухсæй кæй ба- тавта, уыдонæй иу у газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг
редактор Битарты Маринæ. Уый абон æхсызгонæй æрымысы газет «Рæстдзинад»-ы студентæй йæ прак- тикæйы рæстæг. Æмæ зæрдиагæй бузныг фæзæгъы йæ профессионалон фæлтæрддзинадæй йын рæда- уæй хайгæнæг Хъасболатæн! Æз дæр хайджын дæн Черчесты Хъасболаты зæр- дæйы ахаст æмæ цæстуарзондзинады рухсæй. Цæвит- тон, фыццаг хатт 1998 азы газет «Рæстдзинад»-мæ мæ уац куы æрбахастон (ныффыстон æй зындгонд ирон поэт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Хетæгка- ты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Мыртазты Барисы цард æмæ сфæлдыстадыл), уæд мыл фыццаг редакцийы тыргъы амбæлд газет «Рæст- дзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг, РЦИ-Аланийы Журналистты цæдисы сæрдары хæдивæг Хацырты Еленæ. Тыргъы лæугæ мæ куы федта, уæд мæм фæл- мæн бахудт æмæ мæ бафарста, цæмæ æрбацыдтæн æмæ цы æрмæг æрбахастон, уымæй. Æз ын мæхи бацамыдтон, ме ’рбацыды сæр цæй фæдыл у, уый йын куы бамбарын кодтон, уæд мæ редакцийы даргъ тыргъы иу кусæн уаты дуары цур æрлæууын код- та, фыст ыл уыд: «Культурæйы хайады сæргълæууæг Черчесты Хъасболат». Сылгоймаг дуар бахоста æмæ фæлмæнæй сдзырдта: «Хъасболат, мæнæ ма ракæс, ацы æрыгон лæппу дæумæ æрбацыд». Хъасболат уыцы ныхæстæ куыддæр айхъуыста, афтæ йæ кусæн уаты дуар уæрæх байтыгъта æмæ æхсызгонæй сдзы- рдта: «Уазæг, Хуыцауы уазæг! Мидæмæ рахизут!» Еленæ мæ мидæмæ бакодта, Хъасболат мын мæ къ- уых райста, базонгæ стæм, ме ’рбацыды сæр ын куы бамбарын кодтон, уæд æхсызгонæй йæ мидбылты ба- худт æмæ загъта: «Æри-ма де ’рмæг, ма ’фсæрмы кæн. Æгайттæр ма дæ мадæлон æвзагыл фыссыныл архай- ыс. Ма тыхс, æркæсдзынæн æм æмæ дын æй газеты
рауадзыныл бацархайдзынæн». Уыцы фембæлд уыд Ног азы размæ. Цыбыр рæстæгмæ ме ’рмæг «Йæ ном баззад цæргæйæ» мыхуыры рацыд газет «Рæстдзи- над»-ы (1999 азы 5 январы). Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ уацхъуыд тынг редакци кæнинаг уыд, фæлæ мын Хъасболат мæ уыцы рæдыд мæ цæстмæ никуы ба- дардта. Фæлæ мæ ноджы зæрдиагдæр сфæлдыста- дон куыстмæ разæнгард кодта æмæ кæны абон дæр. Афтæмæй арæхæй-арæхдæр газет «Рæстдзинад»-ы цæуын райдыдтой мæ уацхъуыдтæ æмæ æмдзæвгæтæ. Редакцимæ цас арæхдæр цыдтæн, уый бæрц мын йæ кусджыты æхсæн Хъасболаты руаджы фæзынд бирæ зонгæтæ æмæ хистæр хæлæрттæ: Малиты Хасан, Цо- майты Ростислав, Æлборты Хетæг, Тепсыхъоты Зоя, Абайты Эдуард (Хъасболаты куы базыдтон, уæд Эду- ардимæ бадгæ дæр иу уаты кодтой), Цгъойты Хазби, Абайты Арбилянæ. 2000 азы Сывæллæтты æмæ фæсивæды сфæлды- стады республикон галуаны байгом ирондзинады ка- бинет. Йæ сæргъы æрлæууыд Ирыстоны намысджын сылгоймæгтæй иу, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Сæлбиты Иринæ. Уый йæ алыварс æрбамбырд кодта ирон дзырдаивадыл, культурæйыл, литературæйыл æнувыд фæсивæды. Сарæзта сæ дыууæ сфæлдыста- дон иугонды: «Аив дзурæм иронау» æмæ литературон клуб «Малусæг». Уæд иугæндтæм цы фæсивæд цыд, уыдоны Иринæ ахуыр кодта иронау аив дзурын æмæ литературон сфæлдыстадон куыст кæныныл. Нæ ли- тературон клубы уæнгтæ архайдтой алыхуызон кон- курсты, бæрæгбæтты æмæ сфæлдыстадон изæрты, куыд галуанæн йæхи мидæг, афтæ республикæйы районты дæр æмæ Дзæуджыхъæуы. Нæ литературон клубы куыстыл, зæгъæн ис, æмæ тынг сахадыдта газет «Рæстдзинад». Сæрмагондæй ныл редакцийæ йæ арм
дардта Черчесты Хъасболат.Йæ фæрцы махæй бирæ- ты фыццаг литературон фæлварæнтæ: æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, новеллæтæ арæхæй-арæхдæр зынын рай- дыдтой газеты фæрстыл. Цалдæр хатты Хъасболат сæрмагонд фæрстæ дæр бацæттæ кодта «Литературон клуб «Малусæг» — газет «Рæстдзинад»-ы уазæг». Иннæ ахæм, нæ литературон клуб «Малусæг»-иу ирондзинадыл дзурæг изæр кæнæ фембæлд бацæттæ кодта, зæгъгæ, уæд-иу уыцы цауыл кæнæ йæхæдæг ныффыстаид бæстон мидисджын æрмæг, кæнæ та иу уыцы хъуыддаг Сæлбиты Иринæйы хъусдардæй нæ клубы уæнгтæй искæй бар бакодтаид. Æмæ-иу нæ ар- хайдыл дзурæг уац газеты куы фæзынд, кæнæ нæ-иу искæй æмдзæвгæ мыхуыры куы рацыд, уæд-иу, мах куыд цин кодтам, уымæй фылдæр та не ’нтыстытæй радысты Хъасболат æмæ Сæлбиты Иринæйы зæр- дæтæ. Нæ юбиляры цæстуарзондзинадыл ма дзурæг ахæм хабар дæр. Газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг но- мыры рацыдыл 80 азы сæххæсты бонмæ редакци рауагъта сæрмагонд чиныг «Цардайдæн». Куыд йæ редколлегийы уæнг, афтæ Хъасболат ацы чиныгмæ бахассыны тыххæй Сæлбиты Иринæйæ ракуырдта, цæмæй уый бæстон æрмæг ныффысса литературон клуб «Малусæджы» архайды тыххæй. Нæ уæздан ахуыргæнæг цыбыр рæстæгмæ Хъасболаты фæндон сæххæст кодта. Æмæ литературон клубы уæнгты къ- амтимæ уыцы уац, «Æрыгæтты æрмдзæф», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ бацыд чиныгмæ. Æмæ абон дæр уыцы гуырахстджын чиныгмæ куы ’ркæсын, уæд мæ миднымæр кæддæриддæр арфæ фæкæнын Хъасбо- латæн. Ныртæккæ мæ бон фидарæй зæгъын у: кæд мæ къухы литературон сфæлдыстады хъуыддаджы исты бафтыд, уæд уый, фыццаджыдæр, Хъасболаты хуызæн цæстуарзон, уæздан хистæрты фæрцы. о ^: ^шт I Д^Д 0,О^»^<^ о
Абон кусын газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы уа- цхæссæгæй. Æмæ сæрыстыр дæн, мæ фарсмæ кæй ис Хъасболаты хуызæн хистæр. Йе ’ххуыс мæ кæм бахъæуы, уым мын ма баххуыс кæна, йæ бирæвæр- сыг зонындзинæдтæй мын ма бахай кæна, уый никуы вæййы! Ахæм уарзæгой, узæлгæ цæстæй кæсы Хъ- асболат редакцийы иннæ журналисттæм дæр. Уыцы хуызы ма дзы бузныг æмæ арфæйаг сты редакцийы кусæг кæстæр фæлтæр — уацхæсджытæ Хетæгкаты Оксанæ æмæ Касаты Аслæнбег. Ацы æрмæг цæттæ кæнгæйæ мын фадат фæци, Черчесты Хъасболаты сыхæгтæй иу — Мушкомбарян Артуримæ аныхас кæныны фадат. Æмæ мын уый афтæ радзырдта: «Хъасболат у нæ сыхы хуыздæр хи- стæртæй иу. Цины уа, зианы рæстæг уа кæддæрид- дæр вæййы не ’ххуысгæнæг, нæ зондамонæг. Зоны нæ алкæмæн дæр аргъ кæнын, кæм уынаффæйæ, кæм та бæлвырд хъуыддагæй нын кæддæриддæр баххуыс кæны. Уæдæ йæ уæздандзинад æмæ ирондзинадæй та не ’ппæты дæр рагæй дæр æхсызгон дисы æфта- уы. Ис ын рæсугъд æмæ фæзминаг бинонтæ. Йæ би- нойнаг Людмилæ, йæ лæппу Витали, чызг Виктория — се ’ппæт дæр сты сæ хистæрау фæзминаг, лæггад- гæнæг æмæ рæсугъд æгъдауыл хæст. Ахæм хъуыд- даг нæ вæййы сыхы, æмæ дзы Черчесты бинонтæ ма балæууой, рæсугъд æгъдау ма радтой. Æмæ ма уы- мæй хуыздæр æмæ арфæйагдæр цы уа. Сæ дадайы ныфсытæ æмæ удлæууæнтæ сты йæ чызг Виктори- яйы дыууæ сагсур кæстæры Арсалан æмæ Зауырбег. Кæддæриддæр сын сæ нæмттæ дæр куы фæзæгъы Хъасболат, уæддæр йæ цæстытæ байдзаг вæййынц æхсызгон цинæй, йæ цæсгом та хурвæлыст авæййы. Мах сæрыстыр стæм, Хъасболаты хуызæн зæрдæхæ- лар, фендджын, уæздан сыхаг нын кæй ис, уымæй.
Йæ 70 азы юбилейы йын нæ сыхы номæй арфæ кæ- нæм. Йæ бинонтимæ, сыхбæстæимæ, йæ къабæзтимæ ныр куыд уарзон æмæ адджын цард кæны, афтæ ма не ’хсæн бирæ азты куыд фæцæра, уый йын нæ цæст уарзы!» Зындгонд фыссæг, журналист, газет «Рæстдзи- над»-ы æнувыд зиууон, Уæрæсейы Федерацийы Журналистты цæдисы премийы лауреат, нæ респу- бликæйы кадджындæр хорзæх — «Ирыстоны намы- сæн»-ы майданхæссæг, цæстуарзон хистæр Черчесты Хъасболат акаст йæ 70 азы фарны мæсыджы бæрзæн- дæй. Фæлæ нырма йæ фæлмæн, æнкъараг зæрдæйы Ирыстоны дзырдаивады фарны номыл цы фæндтæ æмбæхст ис, уыдон ын куыд сæххæст уой, уый йын нæ цæст уарзы! ° > ■ С« »■! ^5-^-^ц-о
Поэзийы ногдзинадмæ хонæг Тар æхсæв арвыл стъалытæ куыд фæтыбар-тыбур кæнынц, боны рухс хуры цалхы тынтæй куыд ирд æмæ рæсугъд у, афтæ алы сфæлдыстадон кусæг дæр цин æмæ цавæрдæр æнахуыр æхцон æнкъарæнтæ фæхæссы адæмы зæрдæтæм. Чи йæ уды цæхæрæй æрдзы рæсугъддзинадыл фæзары, чи адæймагæй адæймаджы ’хсæн уарзты номыл цы ахастдзинæдтæ вæййы, уыдон сæвæры йе сфæлдыстады сæйрагдæр ратæдзæнты бындуры. УФ-йы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисты уæнг, зындгонд ирон поэт, га- зет «Рæстдзинад»-ы хистæр уацхæссæг, Хуссар Иры- стоны Джусойты Нафийы номыл национ литерату- рон премийы лауреат Абайты Эдуард та йæ æппæт дзырдаивадон курдиаты хъомысæй дзыллæмæ хæс- сы фыдæлтæ, норст цæхæрау, ивгъуыды цъассыты, фæлтæртæн кæй фембæхстой дзырдты хуызы, уыцы æвæджиауы хорзæхтæ. Абайы-фыртæн йе сфæлды- стадон хæдхуыздзинады миниуджытыл æрдзурыны размæ уал афæлгæсдзыстæм йæ царды фæндагыл. Абайты Алыксандры фырт Эдуард райгуырд 1953 азы Цæгат Ирыстоны Ногиры. Хъæуы астæуккаг скъ- ола каст куы фæци, уæд дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд ЦИПУ-йы филологон факультетмæ. Эдуард ам аныгъуылд, скъолайы ахуыры рæстæг фыццаг фæл- варæнтæ кæм кодта, уыцы сфæлдыстадон куысты гуылфæнты. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ уыцы азты мы- хуыргонд цыдысты газет «Педагогическая смена»-йы. Сфæлдыстадон æххуысы номыл ыл йæ арм дардта номдзыд рухстауæг, ахуыргонд æмæ поэт Джыккайты Шамил. Уæдæ æрыгон поэт литературæйы йæхи аив фæндаг кæй ссардзæн, уæздан, хиуылхæст æмæ фы- фЛ 5$Щшшшш^ с^ о
рнымдæй ирон дзырдаивады хуымы йæ дзывыр кæй æрсадздзæн, азæй-азмæ та йæ ауæдзы хахх бæрæг кæй дардзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодта зындгонд поэт, хъуыдыгæнæг æмæ трибун. Университет каст куы фæци Эдуард, уæд æм æр- сидтысты æфсады рæнхъытæм. Йæ хæс нæ бæ- стæйы раз æххæст кодта намысджынæй Сомихы æмæ Камчаткæйы. 1987 азæй фæстæмæ Эдуардæн йæ цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг æнгом баст у га- зет «Рæстдзинад»-имæ. Йæ фыст æрмæджыты (сæ ас цас-фæнды ма уæд!) вæййы стыр æмæ арф хъуыды. Эдуард, куыд поэт æмæ публицист, у хъуыдыгæнæг. Уыимæ, цы æрмæг рацæуы йæ фыссæн сисы бынæй, уый фысгæйæ бахауы æнахуыр зæххон сагъæсты уацары. Æмдзæвгæ кæнæ уац фысгæйæ цы хъуыды кæны, уый фæзæгъы фыдæлты аив æвзагæй рæсу- гъд. Уымæй та хъуыдытыл бафтауы газеткæсджыты хистæрæй-кæстæрæй. Æрдз æмæ адæймаг алы рæ- стæджыты хæлар æмæ æмхъуыдыгæнджытæ кæй уыдысты, ныр та кæрæдзийæ кæй адард сты, кæрæд- зийæн фылдæр хатт знæгтæ кæй фестынц (тынгдæр ацы хъуыддаджы аххос адæймагмæ фылдæр хауы!), поэт тыхсы уыцы фарстатыл æмæ, зæгъы, адæймаг æрдзæн фæстæмæ йæ лымæн куы суаид, уæд йæ уды нал дарид фыдæх æмæ масты марг. Йæ æмдзæвгæтæй иуы кæсæм: Æууæндын къæдзæхбын суæртты сыгъдæгыл, Æууæндын уæлхох уыгæрдæнты кæрдæгыл. Æмбарын зымæгон æз бирæгъы катай, Бæрзондæй хи цъиусур куы рауадзы фатау. Æмбарын, æрдзы сконды какон дæр хорз у, Æууæндын, рынчынæн та калмы марг хос у, Фыдæлты хæлд мæсыджы дур дæр мын хъарм у,
Мæ зæрдæмæ уымæй дæр адджынад хъары. Æз не ’мбарын, адæймагæй куыд ис бирæгъ, Куыд вæййы цæстысындз кæрæдзийæн бирæ, Йæ дæлæвзаг, калмау, йæ марг чи фæдары, Стæй дурæй уæлдай та кæмæ ницы хъары... Философон фарстытæ нын поэт æвæры нæ раз- мæ. Фæнды йæ, цæмæй сыл арф ныхъхъуыды кæ- нæм æмæ царды æмæ æхсæнады хорзмæ уæд та чысыл исты аивыныл бацархайæм. Афтæ куы нæ уа, уæд царды денджыз лакъон кæны, царды быдыры та уардиты бæсты сындзкъутæртæ æмæ хæмпæлгæрдæг зайы: Адджынимæ туаг — Зæрдæисгæдæр, Тыгуырдурты бын Мын мур ницы уыд. Фæхæцыд мыл бындз, Сдæн удисыныл... Мæ фадхъулмæты Уыд сау денджыз та, Фæластай мæ ды, Ныр уарыны æртах ... Адджынимæ туаг Зæрдæисгæдæр. Маст. Цин ын — æнтуан — Зæрдæрисгæдæр... Алы азты Абайты Эдуарды æмдзæвгæтæ рацы- дысты хицæн чингуытæй: «Кæрдæгдзон къæвдатæ», «Донгуырæн», «Цæххы тæпп». Уымæй уæлдай йе ’мдзæвгæтæ рæстæгæй рæстæгмæ мыхуыргонд æр- цæуынц журналтæ «Мах дуджы», «Фидиуæджы», газет «Рæстдзинад»-ы. Хаст ын æрцыдысты, зын- дгонд поэт Хъодзаты Æхсар 2012 азы цы антологи
сарæзта «Ирыстоны поэзи», зæгъгæ, уырдæм. Ирысто- ны дзырдаивады дæснытæй Эдуарды сфæлдыстадон æрмдзæфы тыххæй йæ рæстæджы æмбæлгæ ныхас чи загъта, уыдонæн сæ фыццагдæр уыд Хъодзаты Æхсар. Уый 1989 азы чиныг «Поэзийы бон»-ы фы- ста: «Космосон нау нæ, фæлæ хуымæтæджы хæдтул- гæ дæр чи никуы федта, ахæм рагон ирон куырыхон лæджы æвзагæй ракæнæн ис абоны æрыгон лæппуйы сагъæстæ. Уый мæ уæлдай тынгдæр бауырныдта, Абайты Эдуарды æмдзæвгæтæ куы бакастæн, уæд. Нейтрон æмæ лазеры æнусы ирон адæмæй рохуаты бирæ дзырдтæ баззад, иу дзырдуаты дæр сын ссарæн нал ис. Уыдон нæртон æфсургътау заманты сау нык- кæнды æнæхицауæй, зылдхъуагæй «схъæддаг сты», сæхицæн агурынц аккаг барджытæ. Мæнмæ гæсгæ, уыцы барджытæй иу у Абайты лæппу: «сапонæхсад, айкæвдылд, сæ акодта», æмæ йын æвæджиуы дугъ- æттæ басгуыхтысты. ... Æнцонкæсæн, æнцонæмбарæн не сты Эдуарды уацмыстæ. Фæлæ, чи загъта поэзийæ «мылытæ йед- дæмæ дæндæгтæ кæуыл нæма ис, ахæм æнахъом са- бийы хойраг у!» Кæддæр иннæ зындгонд поэт та афтæ фыста: «Поэт уæвын кæй нæ фæфæнды, фæлæ ногæй исты зæгъ». Уыцы хуызы куы акæсæм Абайы-фырты сфæлды- стадмæ, уæд дзы рахатдзыстæм, йæ дзырдаивадыл кæй зынынц йæ хъæздыг миддунейы, фыдæлтыккон æцæг æгъдауы, равджы, æрвыгау ирд æмæ суадонау сыгъдæг уды æмæ зæрдæйы, намысы, кады æууæл- тæ. Абайы-фырт, кæйдæрау, сфæлдыстадон дунейы цы дуæрттæ ис, уыдон тыхсаст нæ бакодта æмæ нæ кæны. Фæлæ йæ къæсæрæй бахызт иууыл сыгъдæг- дæр æмæ рæстагдæр хъуыдытимæ, мæнæ моладзан, æппæты табуйагдæр кувæндоны къæсæрæй куыд ба-
хизы, раст афтæ. Æмæ дзы цы архайы, уый уæз- дан, рæсугъдæй. Йæ уды фарнæй адæмы рæгъмæ цы чингуытæ рахæссы, уыдонæн уымæн ис дзыллæты зæрдæтæм сæхи сæрмагонд фæндаг. Кæдфæнды дæр поэт цæуы цардыл сагъæсты фæндагыл. Æнæ уыдо- нæй йын сфæлдыстады монцы ад бамбарæн нæй: Сагъæстæ, сагъæстæ, Бахаудтæн у ахæсты! Суйтæ къуыбылой мын халын нæ комы. Нахъинон тындтытæ, Нахъинон скъуыдтытæ... Фæлæ æнæ райдиан кæрон цы зоны? Сагъæстæ, сагъæстæ, Бахаудтæн у ахæсты! Ногæй та агурын, агурын райдай... Нахъинон тындтытæ, Нахъинон скъуыдтытæ. Цардæн йæ кæронæй разыны райдиан... Абайты Эдуарды поэзийы арæх фенæм фидар баст- дзинад ивгъуыд æмæ ныры дуджы æхсæн. Уый фæр- цы та нæ бон æмæ поэтæн йæхи бон дæр акæсын у фидæнмæ: Нæртон хъæзтытæй уал нæ хъазут, Æрцындзы бын темантæ ласут. Нæ иу кæнут арв æмæ зæхх, Ныр ма уал мын дæргъ æмæ уæрх. Сымах мын æрцыдыстут Нартæй, Æхсæртæг, Ацæмæз, Æхсар. Æхсæртæг мын — цирхъ, Æхсар та уарт у. О залым, дæ сæр кæны сар!... О райс-иу, Ацæмæз, дæ уадындз, У фидиуæг уадындз хæсты. Уæ сæрмæ бæсты зæдтæ бадынц Æмæ уын æххуысгæнæг сты.
Мæ сыст дæр мын нæ амардзæн ничи Сымахæй, сыствидис куыйтæ! Æртæ нæртон суинаг фæринчы... Хъару та æнæ ныфс у æрдæг. Уæ быны, мыййаг, зæхх куы ’нкъуыса, Уæд зонут, зæхх не ’нкъуысы, рындз, Мæ фырттæ хæцынц уым хъæбысæй, Хъæбысæй мæ фырттæ хæцынц... Ам поэт равдыста йæ ахаст нæ фыдæлтæ Нартæм, сæ дуг æмæ сæ лæгдзинады миниуджытæм. Се ’хсар æмæ намысы фæндагыл, йæ фыртты номæй, æфтауы йæхи цæхæрцæст кæстæрты. Эдуарды поэзи куыд нуарджын у, афтæ хæдхуыз хъуыдытæй хъæздыг, æнцонæмбарæн æвзагæй фыст сты йæ публицистикон уацтæ. Йæ æмдзæвгæтæ хъуы- дыгæнгæйæ куыд хæссы нæ размæ, афтæ йæ уацты дæр æнкъарæм цыдæр æнахуыр . удсыгъдæггæнæн тавс. Абайы-фырт арæхдæр фæфыссы фыдæлты цар- дыл, хистæр æмæ кæстæрты æхсæн бастдзинæдтыл, мадæлон æвзаджы рæзты гæнæнтыл, йæ æвæджиауы хæзнатæ йын бахъахъхъæныныл. .. Уæдæ йын газе- ты, кæнæ журналы хицæн адæймæгты тыххæй очерк куы рацæуы, уæддæр дзы алчидæр банкъары йæ ав- торы зæрдæйы цæхæр. Цы рахатæн ис ацы аргъгæнæн хъуыдыты фæрцы Эдуардмæ. Фыццаджыдæр, царды йæ удыхъæдæй куыд уæздан, фырнымд æмæ бон- зонгæ у, раст сфæлдыстады дæр уыцы хуызы кæны зæрдиаг фæллой. Поэзийы у, н фæивддзаггæнæн кæ- мæн нæй, ахæм фæндагыл фидар къахдзæфтæгæнæг, фыдæлты рох дзырдтæ аивады æвзагæй ног хуызы ранывæндæг, дзыллæтæм сæ парахатæй хæссæг. Пу- блицистикæйы арф хъуыдыгæнæг, царды дæнцæгтыл кæмæн æнцайынц йæ уацтæ, æппæты фыццаг адæй- маджы миддуне аивадон публицистикæйы æвзагæй
равдисынмæ иттæг дæсны чи у, уымæ гæсгæ, Эдуарды сфæлдыстад у иртасинаг, æвзаринаг, куыд лингвист- тæ, афтæ литературæиртасджытæ æмæ фольклорист- тæ дзы ссардзысты, дарддæры куысты сæ æнæмæн- гæй чи бахъæудзæн, ахæм æрмæг. Абайты Эдуарды удыхъæды миниуджытæн стыр аргъ чи кæны, ахæмтæ нæ дзырдаивады дæсныты ’хсæн бирæ ис. Уыдонæй иу у РЦИ-Аланийы куль- турæйы сгуыхт кусæг, поэт, ПТРК «Алани»-йы редак- тор Къадзаты Станислав. Мæнæ нын куыд радзырдта йе ’мсис хæлары тыххæй: «Арт кæм судзы, фарн дæр уым ис. Æмæ нæ адæмы удварныл дзургæйæ, махæн æппæты табуйагдæр зьшг у не ’взаг. У норст цæхæр нæ мадæлон æвзаг — Йæ тавс, йæ хъомыс мин-мин азы фаг. Афтæмæй абон ирон æвзаг чи цæрæццаг кæны, уыдон цæрæццзаг кæнынц нæ дзыллæйы, нæ фидæн. Æмæ уыцы зиууæтты ’хсæн бæрæг дары Абайты поэ- ты æрмдзæф. Эдуард цæстмæ æмæ æнхъæлæй, «мæхи равдисыны охыл» нæ архайы, фæлæ йæ уды фæрнæй кæны тæккæ ахъаззагдæр хъуыддаг. Æнæуи царды Эдуард ног чындзау у æфсæрмыгæнаг, фæлæ поэзийы та — ныфсхаст, нæрæмон. Цæй фæрцы куы бафæр- сат, уæд дзырдæфсады фæрцы. О, Абайы-фыртæн нæ мадæлон æвзаджы дзырдтæ сты стъалытау æмæ сын сæ удирдгæнæг рухс тауы махыл дæр. «Дай каждому слову явиться», — фæдзæхста Сергей Аверенцев, æмæ нын Эдуард цал æмæ цал дзырды раздæхта! «Æвзаг дзырдтæй хъæздыг кæй у, ацы æмбисонды æцæгдзи- над нын куыд дзæбæх равдыстой Хъайтыхъты Азæ- мæт, Айларты Измаил, Хъодзаты Æхсар æмæ Абайты Эдуарды хуызæн фысджытæ. О, Абайы-фыртæн æрми сты нæ нæртон æвзаджы æвæрæнтæ æмæ сæ йæ бон у нывæфтыд ныхас кæ- нын. Мæнæ уын цалдæр хъуыдыйады йе ’мзæвгæтæй: «Митфæлдзæгъдæн митхъæпæнтæ ’вæры,
Пирæнгæмттæ ’ппарыс цыма ды...» «Гомхъуыр каркау бахъав-бахъав кодтон, У лæгæн та базыртæ йæ ныфс...» «Дæ авдæны тъæпæнтæ дын куы суадзын, Уæд дидинæгау райхæлыс мæ разы...» «Ды нарты фæткъуыйау мæ цæхæрадоны, Æрттивыс æрвыгау — æлутоны хос...» Афтæ Эдуарды алы уацмысы хурæргомæй зыны национ колорит. Цæстыты раз цардæгасæй слæууынц æрдзы æмæ хъæууон царды нывтæ. Нæ поэт дзырдæн уыны йæ байбынтæ, йæ фæлгъуызтæ: Нæ уромы тæбын æндах де ’лхуый , Цонгыл та фæфæуд кæны дæ цонг, Фæлæ ма, бындар фæуай, дæ цæнгтæ Ды , ды гыцци, куыд уромыс, уый зæгъ?.. Ахæм æнæнхъæлæджы фæзилæн куыд нæ хъуамæ ныццæва зæрдæйы кæрон! Абайты Эдуардæн мæнæ ацы рæнхъытæ дæр уымæн ныффыстон: Царды цинтæй —расыг, Цъитийау —æвронг, Ды нæ царды балцы— Хуры рахиз цонг. Зæдтæн дæр фæзминаг, Сты дæ тавс, дæ уаз, Де стихты зæриндаг, Удæн у æвдадз». Зындгонд поэты зæрдæбын хъуыдытæм, поэт Абайты Эдуарды тыххæй ма бафтауыны охыл зæгъд- зыстæм уый, æмæ йыл ацы аз кæй сæххæст 65 азы. Уый фæдыл ын нæ цæст уарзы цæрдхъомæй, æнæ- низæй сфæлдыстады бæрзонддæр рындзтæм схизы- ны амонд! о ^ (^шф 163
Уыд зæрдæхæлар адæймаг Йæ æрдзон сфæлдыстадон курдиаты ирд æмæ хæдхуыз цæхæрæй нæ дзыллæйæн цæстуарзонæй кæстæриуæг чи фæкодта, уыцы фысджытæй иу уыд Хъауыраты (Дзиойты) Дауыр. Газет «Рæстдзинад», журналтæ «Мах дуг» æмæ «Ногдзау» иудадзыгдæр чи каст æмæ кæсы, уыцы адæмæн хистæрæй, кæстæрæй йæ ном зонгæ уыд, уымæн æмæ кастысты йæ цыргъ- зонд хъæлдзæг хабæрттæ, фæлгонцджын радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, мидисджын публицистон уацтæ. Æрæджы Дауыр ацыд ацы дунейæ, æмæ, ирон дзырдæн аргъ чи кæны, уыцы адæм, йæ бирæ хæ- лæрттæ æмæ зонгæтæн йæ адзал æрхаста зæрдæ- рыст, уымæн æмæ уыд æргомдзырд, сыгъдæгзæрдæ, æнæхин, æнæмаст, æцæг ирон лæг. Дауыр райгуырд 1942 азы 8 апрелы Заманхъулы. Дзырдаивадмæ уарзт æмæ сфæлдыстадон курдиат æм фæхæццæ йæ фыд, зындгонд адæмон зарæггæ- нæг æмæ хъæубæсты нымад лæг Дзиойты Хъауыр- бегæй. Уый æрдзæй рахаста цыргъзонддзинад æмæ зарæгæн ныхæстæ æмæ мелоди æрхъуыды кæныны курдиат. Зарæггæнæг хистæртæ-иу сæ хæдзары фы- дæлтыккон кæнæ сæхи фыст зарджытæ куы зарыды- сты, уæд сæм-иу Дауыр лæмбынæг хъуыста. Йæ афон куы æрцыд, уæд бацыд сæ хъæуы астæуккаг скъоламæ. Хъæууон цард, йæ адæм, фы- дæлтыккон дуджы хабæрттæн нæ культурæ æмæ ду- нембарынады цы ахадындзинад ис, уый йе ’взонгæй фæстæмæ арф банкъардта. Скъолайы ахуыргæнгæйæ йæ æмдзæвгæтæ æмæ уацхъуыдтæ мыхуыры цыды- сты районы газеты, «Рæстдзинад»-ы. Скъола каст куы фæци, уæд къамисæгæй кусын райдыдта районы газет «Размæ»-йы редакцийы. Ам
рæстæгæй-рæстæгмæ мыхуыры цыдысты йæ юмори- стон радзырдтæ æмæ публицистон уацтæ. Сфæлдыстадон куыст дзы бирæ зонындзинæд- тæ, уды æмæ зæрдæйы цæхæр кæй домы, уый зон- гæйæ, Дауыр фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы Максим Горькийы номыл литературон институтмæ. Æмæ уым дæр йе ’гъдауæй, зæрдæхæ- лардзинадæй æмæ курдиатæй йæхи базонын код- та ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн. Фæлварæнты рæстæг-иу Дауыр Ирыстонæй нæ бæстæйы сæйраг горæтмæ куы ныццыд, уæд-иу, уыцы рæстæг уым цы ирон фæсивæд — абоны зындгонд фысджытæ æмæ поэттæ ахуыр кодтой, уыдонæн-иу йæ фенд уыд æхсызгон. Дауыр поэзи, прозæ, публицистикæйы цы уды бæркад ныууагъта, уый фæрцы нæ бон зæгъын у: йæ уацмысты фæрцы ноджы ирддæрæй равдыста не ’взаджы, нæ адæмы удыхъæды хуыздæр, æнкъ- арæнджындæр, зæрдæагайгæдæр, фæзминагдæр ми- ниуджытæ. Хъæууон цард, æрдз, цæрæгойты, зайæгойты дуне, хистæртæ æмæ кæстæрты удыхъæды æппæт ми- ниуджытæ хæдхуызæй æмæ ирдæй цы уацмысты ранывæста, уыдон-иу уайтагъд фæндаг ссардтой адæ- мы зæрдæтæм. Алы азты рауагъдад «Ир»-ы Дауырæн цы чин- гуытæ рацыд, уыдон сты: «Бускайы аргъау», «Цъ- иувæдис», «Сырдоны фæдонтæ», «Хæлынбарæг», «Гакк-гукк», «Кæрчигло». Йе ’мдзæвгæтæн сæ хуыз- дæрты цикл хаст æрцыд чиныг-антологи «Ирыстоны поэзи»-мæ. Йæ юмористон радзырдтæ канд чингуы- ты, газеттæ æмæ журналты мыхуыргонд нæ цыды- сты, фæлæ ма арæх зæлыдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон радио «Аланыстон»-ы дæр. Сывæллæт- 0 ^ » {■«■ |§|1|1 К5|Р^ЦИММ^) 1^ 0
тæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдонæй æхсызгонæй пайда кæнынц нæ республикæйы рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ æмæ райдайæн кълæсты ахуыр- гæнджытæ. Йæ ирд сфæлдыстадон æрмдзæф æмæ йæ дзыл- лæйæн ноджы фылдæр хæрзты бацæуыны хорзæхæй фыст æрцыд, йæ царды фæстаг бонтæм кæуыл фæ- куыста æмæ мыхуырмæ кæй бацæттæ кодта, уыцы уацау «Туджы хæс». Дауыр канд курдиатджын поэт, прозаик æмæ пу- блицист нæ уыд. Уый ма хорз арæхст къамтæ исын- мæ дæр. Уыдоны дæр æвдыста хъæууон адæмы, Ирыстоны сфæлдыстадон интеллигенци æмæ сабиты цард. Ивгъуыд æнусы 70-æм азты систа номдзыд ка- дæггæнæг Таутиаты Дрисы къам сæ хъæуы сабитимæ æмæ йæ ныммыхуыр кодта газет «Рæстдзинад»-ы. Уым æй зындгонд ахуыргонд Мæхæмæтты Æхсар- бег куы федта, уæд йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, æмæ йæ æхсызгонæй бахаста йæ чиныг «Культура и быт осетин»-мæ. Уыцы чиныгæй та йæ дунейы зын- дгонд журнал "Курьер ЮНЕСКО " рамыхуыр код- та. Уымæй уæлдай, Заманхъулы цæрæг 136-аздзыд Зæнджиаты Серийы цард æмæ фæллойадон фæнда- гыл дзурæг йæ къамтæй арæзт репортаж та æвдыст æрцыд нæ бæстæйы Центрон телеуынынады равды- стыты цикл «Долгожители Советского Союза»-йы. Бирæ хæрзты ма бацыдаид нæ дзыллæйæн Хъ- ауыраты Дауыр, уæззау низы аххосæй йæ адзал не ’хсæнæй куы нæ атыдтаид, уæд. Фæлæ йæ фæстæ цы ахадгæ литературон бынтæ ныууагъта, уыдоны фæрцы йæ курдиаты рухсæн мæлæн нæй. .^^зда
РЕЦЕНЗИТÆ
Ис ын иу Хуыцау - Рæстдзинад Ирон литературæйы зæрдиагдæр зиууæттæй иу у зындгонд фыссæг, публицист, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг Цомартаты Изæтбег. Уый 50 азы дæргъы уæхскуæзæй кусы нæ дзырдаивад æмæ культурæйы рæзтыл. Цардмæ кæсы æрвонг цæ- стæй æмæ рæстаг зæрдæйæ. Нæ литературæйы стыр бынат æрцахстой йæ роман «Зынгхуыст бæллицтæ» (дыууæ томæй), йæ уацаутæ «Æрæджиауы хорзæх», «Æрдуйæ хид», «Нымæтын ехс», «Кæлæддзаг хæд- зар», «Хур йæхи найы» æмæ «Цъæхдзаст донычызг». Йæ ног чиныг «Хурмæзилæг»-мæ цы радзырдтæ бахаста, уыдон дæр ахъаззаджы лæвар сты ирон дзыллæйæн. Автор дзы лæмбынæг æрдзырдта, адæй- магæн йе ’гъдау, йе ’фсарм æмæ йæ намыс чи бæрæг кæны, уыцы æнусон фарстатыл. Уыимæ сæ сюжеттæ æмæ цаутæ иударон æмæ ихсыд не сты. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ Изæтбег цæуы æнæсгæрст æвæд фæндагыл. Йæ хъуыды адæмы рæгъмæ рахæссы- нæн иудадзыгдæр агуры ног гæнæнтæ, ног аивадон фæрæзтæ æмæ сæ сфæлдыстадон «хъизæмар» бавзар- гæйæ, кæддæриддæр ссары. Цомарты-фырт йæ хъайтарты æнæцæстыахадгæ хуымæтæг царды уавæрты не ’вдисы. Ахæм къуы- рцдзæвæны сæ сæвæры, цæмæй сæ алкæцыдæр уы- рнинагдæрæй æмæ ирддæрæй разына. Уый фæрцы йын бантысы рæстагæй (æрмæстдæр рæстагæй!) рав- дисын нæ дуг æмæ не ’хсæнад. Адæймаджы æмæ ’хсæнады аиппытæ æмæ къуыхцытæм фыссæг кæсы цурон нæ, фæлæ критикон цæстæй. Уый у æцæг фыссæджы бæрнон хæс, æмæ йæ æххæст кæны сыгъ- дæгзæрдæйæ.
Изæтбег у нывгæнæг. Адæймаджы удыхъæды ми- ниуджытæ, куыд æвæрццæгтæ, афтæ æппæрццæгтæ дæр, чиныгкæсджыты размæ хæссы тæразыл бар- гæйæ, арæхстджынæй. Хъайтарты архайд æмæ ца- утæ кæрæдзи фæдыл равæрын уадиссаг нæу. Æмæ уыцы ’нцон фæндагыл нæ цæуы, зæрдæцъæхгæнæн сыдывд хъуыдытыл нæ не ’фтауы, фæлæ нын йæ уацмысты архайджыты цардыуаг раргом кæны æп- пæтвæрсыгæй. Йæ хъайтартæн сæ равг æмæ сæ цæ- стæнгас царды уавæртæм гæсгæ куыд ивынц, уый нын равдисы сæ мидхъуырдухæнты æмæ цымыди- саг цауты фæрцы. Æмæ уацмысы кæрон мах фенæм, цæмæ ’рцæуынц, уый. Автор йæхæдæг йæ хъайтар- ты тыххæй цæттæ хатдзæгтæ не скæны, йæхи сагъæ- сты уацары нæ нæ баппары, уымæн æмæ хорз зоны, уый чиныгкæсæджы тыхсын цы бакæна, æндæр ын ницы пайда фæуыдзæн. Сæ фæлгонцтæ сын аива- дон ирд ахорæнтæй сныв кæны, нæ цæстыты раз цардæгасæй æмæ уырнинагæй куыд слæууой, афтæ. Æмæ нæхи ахæм хуызы банкъарæм, цыма семæ æму- лæфт, æмсагъæс, æмцин кæнæм. Уыдоны тыххæй дæр кæронбæттæн хатдзæг никуы скæны, уыцы ахсд- жиаг хъуыддаг дæр нын бакæны нæ бар. Уымæн æмæ йæхæдæг хъуыдыгæнæг у æмæ хъуыды кæныныл æфтауы мах дæр. Фыссæг адæймаджы удыхъæд иртасы тынг лæм- бынæг. Йæ зæрдæйы алы дадзины дæр цы сагъæс æмæ тыхстдзинад ис, уый цалынмæ йе ’ппæт буарæй дæр нæ банкъары æмæ йæ йе сфæлдыстадон куыр- дадзы арæхстджын, дæсны зæрингуырдау нæ бахси- ды, уæдмæ йæ уацмыс адæмы рæгъмæ нæ рахæссы. Уымæн æмæ йыл чиныгкæсджыты раз цы стыр хæс æвæрд ис, уый хорз æнкъары. Цалдæр азы размæ нæ республикæйы газеттæй иуы йæ юбилейон интер-
выойы уымæн загъта: «Фыссæг чиныгкæсæджы раз хъуамæ йæхи ’нкъара, цыма дингæнæг у æмæ дзу- ары нывы раз лæууы, афтæ». Йæ уацмысты ’взаг у æцæг ирон. Æдзухдæр сæ бынаты вæййынц фыдæлтыккон æмбисæндтæ æмæ адæмон фразеологизмтæ. Прозæйы дæсны иттæг хорз æнкъары йæ мадæлон æвзаг, уымæ гæсгæ йын алы дзырд дæр зынаргъ æмæ адджын у. Кæсы йæм ау- дæджы, узæлæджы цæстæй. Уæрæсейы адæмон ар- тист Павел Ядых зындгонд композитор Æлборты Феликсы тыххæй афтæ загъта: «Он парит над каждой нотой, облюбовывая каждую из них в своих произве- дениях». Ацы ныхæстæ ахæссæн ис Изæтбегмæ дæр. Уый ирон æвзаджы алы дзырд дæр уырзæй сгарæгау равзары, йæ зæрдæйы уидæгтæй йæ банкъары æмæ йæ, кæм фæхъæуы, уым ’ бавæры табуйаг дзуары мысайнаг æвæрæгау. Йæ алы уацмыс дæр агайы зæрдæ, уымæн æмæ дзы алчидæр фены йæхи, йе ’мдугоны, йæ хæлары, йæ тугхæстæджы. Сæйрагдæр та дзы банкъары, æх- сæнад адæймаджы зонд куыд аивы, растдæр зæгъ- гæйæ та йын йæ удыхъæд æгъатырæй куыд «æрца- майы», уый. Ис ахæм æмбисонд: «Хуыцау адæймаджы сфæлды- ста йæхи нывы карстмæ гæсгæ». Кæд æцæгдæр афтæ у, уæд хъуамæ адæймаг ацы зæххыл фыдæхæн ма рантыстаид, фæлæ хорздзинадæн. Æвзæрдзинад кæ- нын хъуамæ йæ фæсонæрхæджы дæр ма уаид. Мæ зæрдыл æрлæууыдысты уырыссаг номдзыд фыссæг Антон Чеховы ныхæстæ: «Человек хорош и прекра- сен, пока его не разбили, не обманули и не растоп- тали». Уыцы хуызы Изæтбеджы уацмысты уынæм, куыд зондæй, зæрдæйæ хъæздыг æмæ ныфсджын, афтæ зæрдæсаст æмæ ссæст адæймæгты. ,: С* 130 О : ■
«Хæхтыл мæйы тынтæ уарыд»-ы нын равдыста, ро- мантикон, зондылхæст уæвгæйæ, патриархалон æгъ- дæуттыл хæцæг бинонты чызджы чи бауарзта, ахæм лæппуйы. Уынатæйы хъæздыг фыд у мæгуыр Бола- ты ныхмæ. Йæ хъæбулы амондмæ кæсы ’хцайы цæ- стæй. Иæ чызджы дæтты бонджын лæджы фыртæн. Болат цæттæ у сæ амонд бахъахъхъæнынмæ, фæлæ, цы уавæрты бахауд, уыдон уымæй тыхджындæр сты. Мæнæ йын куыд ныв кæны автор йæ хъысмæт: «Чызг ыл тарстхуызæй йæ цæнгтæ атыхта, стæй дзы йæхи атыдта, æмæ лæппу иунæгæй аззади. Комæй ма йæм сыхъуысти йæ уарзоны зæрдæскъуынæн цъæ- хахст, стæй бæстæ бамыр и, æмæ йыл дуне баталынг и. Лæгтæ йæ сæ къæхтæй хойгæ нарæг къахвæнда- гыл хъæумæ куыд рахæр-хæр кодтой, уый дæр нал бамбæрста. Сæ хъаматæй йæ куы скæрдæнтæ код- таиккой, уæддæр дзы туджы ’ртах нæ рахъардтаид, уымæн æмæ дурæй уæлдай ницыуал æнкъардта. Йе ’муд æрцыди ахæстоны. Уынатæйы мæлæт ыл кæй ныххуырстой, уый куы базыдта, уæд ма йæ бæллæх- тыл иу бæллæх бафтыди, æмæ йæ зæрдæ бынтондæр амарди». Фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæрæдзийы ивынц, мулчы сæрыл уарзæтты цард фехалынмæ цæттæ чи у, ахæм хистæртæ. Сæ фæнд дыууæ кæстæры бæллиц- цаг амондмæ не ’ркæны, фæлæ цæргæбонты удхар- мæ æмæ хъизæмайраг сагъæстæм. Уымæ гæсгæ, ацы темæ зæронд нæ кæны. Болат фыдæх адæмы азарæй цынæхуызон зындзи- нæдтæ бавзæрста, ахæм ын нал баззади, фæлæ цард йæхионтæ домы, æмæ ’рхаста бинойнаг. Ис ын фырт, цæры дард ран. Уазал цæстæй кæсы йæ мадæлон æвзагмæ (раст ныры дуджы иуæй-иу ирæттау!), нæ йыл ахуыр кæны йæ фырты дæр. Уæлдай йын нæу,
райсом йæ кæстæр кæм æмæ цы бæстæйы цæрдзæн, йæхи кæй артмæ тавдзæн, йæ фыдæлты къæс раууат æви райдзаст уыдзæн, уый. Уыцы уавæрыл сагъæс кодтой ирон дзырды зæрингуырдтæ: Къоста, Секъа, Арсен æмæ Елбыздыхъо. Сагъæс ыл кæны Изæтбег дæр. Фыссæг тынг дæсныйæ ’вдисы, æрдз æмæ йæ уа- цмысты сæйраг архайджытæ кæрæдзиуыл куыд æн- гом баст сты, уый: «Хур æрныгуылди, æмæ уæлар- вон нывгæнæг бæстæ милайæ ахорынмæ бавнæлдта. Цыма зæххæн æнæ ’хсæвгæсæй исты тас у, уыйау арвы риуыл урс тæнæг къуымбилы ’нгæс мæйы ’ндæрг сындæггай рабалц кодта. Болат йæхиуыл схæцыди æмæ йæ фæллад цæстæнгас хæхтыл ахаста. Афтæ йæм кæсы, цыма се ’мсæр у. Æнæ уыдон æй иу боны цард дæр нæ хъæуы». Хъысмæт йæ судзгæ куырдад- зы кæй бахсыста æмæ фидар хæхтау æнæфæцудгæ чи у, ахæм лæджы сурæт нын йе ’ппæт фæзминаг миниуджытимæ нæ размæ рахаста автор. Æмæ ам нæ бон зæгъын у Болатæн йæхи ныхæстæ: «Цæргæ, уæд æрмæстдæр цæргæсы цардæй». Цомарты-фырт йæ радзырдты алы абзац, алы хъ- уыдыйад дæр аразы, сæ архайджыты цард равдисы- нæн æппæтæй тынгдæр чи фæахъаз уыдзæн, ахæм бæлвырд, æлвæст хъуыдытæй. Сæ сюжетты нывæзт æмæ сæ хъайтарты архайд лæмæгъгæнгæ нæ цæуынц, фæлæ рæзынц дзырдæй-дзырдмæ, хъуыдыйадæй-хъ- уыдыйадмæ. Уымæй та уацмыс кæны мидисджын- дæр, нуарджындæр, аивдæр æмæ хъæздыгдæр. Йæ радзырдтæ йын цас фылдæр æмæ дарддæр фæкæ- сæм, уыйас нæ сæхимæ фелвасынц тынгæй-тынгдæр, æмæ сæ ’рдæгкастæй ныууадзын нæ цæст нæ фæу- арзы. Уымæн æмæ дзы нæ вæййы, уацмысы хъуы- ды раргом кæнынæн æххуыс чи нæу, ахæм дзæгъæл
хъуыдытæ, диалогтæ, нæхъæугæ фæлгонцтæ. Иуæй- иу фысджыты уацмысты (куыд дунеон, афтæ уырыс- саг æмæ ирон литературæйы дæр) ахæм цаутæ арæх вæййы. Уацмыс цæуыл фæуыдзæн, уый чиныгкæсæг рагацау фæзоны æмæ даргъ æнæуд ныхасæй сфæл- мæцы. Изæтбег йæхи уыцы «низæй» бахизыны тыххæй йæ алы уацмыс дæр рæстæгæй-рæстæгмæ бакæсы ссæдзгай хæттыты æмæ йæ ссыгъдæг кæны уæлдай дзырдтæй. «Æндæрджы» нын нæ размæ æрæвæрдта, йæ зæрдæ кæуыл риссы æмæ бæстон ахъуыды кæнын кæуыл æмбæлы, ахæм фарста. Динæ у алцæмæй æххæст чызг, хуртæ æмæ дзы мæйтæ кæсынц, фæлæ зæххон нæу. Фаг аргъ не скодта, йæхицæй йæ фыл- дæр чи уарзта, уыцы диссаджы хæрзæгъдау, æмбар- гæ, уæздан лæппу Дауийæн. Уымæй уæлдай ма йыл уыди бирæ дзурджытæ, æмæ уыдоны дæр фæстæ- мæ æнæ дзуаппæй аздæхта. Афтæ зæгъæн ис: йæ амонд ын йæ зæрдæйы дуæрттæ хоста, фæлæ йæ былысчъилтæгæнгæ йæхицæй фæсырдта. Æрмæст æхсæвыгæтты йæ уаты сæнттæ цагъта æмæ йæхицæн митæй мæсгуытæ амадта. Æмæ ма йын баззад иу фæрæз — йæ цæстылуайгæ усгуры, уæларвæй æру- адзгæ аргъауы хъайтары æндæргимæ ныхас кæнын. Фæсмон ма кæны, йæхицæн ахæм тæрхон кæй ра- хаста, ууыл, фæлæ æрæджиауы фæсмонæй цы уайы? Йе ’нæрвæссондзинады азарæй йæ цард фехæлдта. Айчы къæмтæ агурæгау иудзырдонæй иуæхстон ра- зынди æмæ, йæхи цы цъысыммæ батардта, уырдыгæй рацæуæн нал и. Алчидæр нæ цал æмæ цал зоны, хуыздæрæй-хуы- здæрмæ ’нхъæлмæ кæсгæйæ, иунæгæй чи баззад, ахæм чызг æмæ лæппуйы. Ирон адæмæн уый сси хæ- цгæ низы хуызæн ,æмæ дзы хъæуы фервæзын, науæд
наци йæ боныфыддæртæм æрцæудзæн. Ацы фарста Изæтбеджы тыхсын кæны хæрз æрыгонæй фæстæ- мæ. Уымæ гæсгæ, бирæ азты дæргъы йæ радзырд фæахадгæдæр кæныныл куыста ногæй æмæ ногæй. Фыссæг йæ чиныгкæсджыты раз стыр бæрнонд- зинад кæй æнкъардта, уый бæрæг уыди йæ фыццаг къахдзæфтæй дæр. Коммунистон партийы бозтæй нæ тæрсгæйæ, кæддæриддæр æргом кодта «партийы хъæбулты» фæлитой митæ. Бирæтæ та партийыл æмæ йæ «фæтæгтыл» одæтæ æмæ æппæлæн прозаи- кон уацмыстæ фыстой æмæ цардæй къæртт æппæр- стой. Изæтбег уыцы сайд фæндагыл нæ ацыди, кæд йе сфæлдыстадон балц зын æмæ фылдæр хатт карды комыл цæуæгау уыди, уæддæр. «Хурмæзилæджы» нын нæ размæ рахаста, йæ агъ- уд сырх, йæ гуырдзон апп та урс кæмæн у, ахæм мæнгард дæлимоны. Алмасхан чысылæй тынг рæсу- гъд уыди. Йæ цæсгом æрттывта, сæрдыгон райдзаст бон хурмæзилæг куыд ферттивы, афтæ. Йæ ныйй- арджытæ йæ буцахуыр скодтой. Йæ фыд, раздæры бонджын мыггаджы фæдон, йæ фырты сæры уадзы иу хъуыды, цæмæй мæгуыртæй йæхи дард ласа æмæ хæстæг лæууа, царды сой чи нуазы, уыцы би- нонты кæстæртæм. Алмасхан ахуырмæ рæвдз нæ уыди, фæлæ-иу, чингуыты цы хъуыдытæ бакасти, уыдон йæ зæрдыл бадардта æмæ сæ адæмæн ахæм хуызы дзырдта, цыма йæхи уыдысты. Демагогийы фæрæзтæй пайдагæнгæйæ, фæлитой дингæнæгау сайдта адæмы æмæ хызтис иу дзаджджын бынатæй иннæмæ. Хъуыды кодта ’рмæстдæр йæ цард æмæ йæ уды хорздзинадыл. Адæм æм мисхалы бæрц дæр нымад нæ уыдысты. Йæ ныййарджытæ дзы цæргæбонты арæзтой хиуарзон, æмæ сын фæстагмæ сæхиуыл дæр нал æрвæссыд. Алмасхан мардта 0 ^. (^Ш^Щ^Ш^Ш^) 1^-0
нæ культурæйы æмæ не ’гъдæутты уидæгтæ. Ирон æвзаг нымадта, коммунизммæ фæндагыл цæугæйæ нæ адæмы чи хъыгдары, ахæм фæстæзад æвзагыл. «Иæ цард æнæ партийæ, æхсæнтæ доны ад кæмæн кодта, социализмы сæраппонд алы бон дæр йæ уд рд- тынмæ чи тырныдта, уый хæйрæджыты ’хсæв бафы- нæй и, æнафонтæм йæ хуыссæны фæрафт-бафт кодта æмæ райсомы хуры зæлдаг тынтимæ хъæддаг капи- тализмы фарсхæцæгæй райхъал и». Æмæ ’ппæлын райдыдта (уый дæр адæмы цæстмæ, йæхи пайдай- æн), уæнгæл ын чи уыди, уыцы ’взагæй, не ’гъдæут- тæй æмæ нæ культурæйæ. Æхцайæ ’фсис нал зыдта. Бирæ мулк æрæмбырд кодта, фæлæ дзы уд ферох, уд! Æрмæст бирæгъау лæбурдта (бирæгъ уыди йæ уарзон сырд). Йæ уд хъардта фылдæр бынтæ скæны- ныл æмæ фылдæр хæзгултæ барæвдауыныл. Йæ цот дæр аслам монцты фæдыл адзæгъæл сты. Йæ фы- ртæй наркоман рауади æмæ нæдæр æгæстæй у, нæ- дæр мæрдтæй. Йæ хæлд чызг кæй фæдыл афардæг и, уый зонгæ дæр нæ кæны. Ахæм чъизи мæнгард фæлитойтæ адæмы сæргъы куы лæууой, уæд демократийыл æмæ социалон рæст- дзинадыл цы хуызы дзурæн ис? Уыцы хъуыддæгтыл сагъæс кæны Изæтбег æмæ нæ йæ сыгъдæг зæрдæйæ фыст уацмысты фæрцы хоны рæстдзинады фæндагыл. «Гæдыбындар»-ы та нын æвдисы, йæ дыууæ фы- рты гуырдзы æмæ хъулгъаимæ хæсты кæмæн бабын сты, ахæм цардæфхæрд мады. Иæ зæнæгæй куы бав- дæлон и, уæдæй фæстæмæ йын йæ цард нал садджын и, уымæн æмæ йæ зæрдæ уыдоныл лæууыди. Ныр ма йын баззади иунæг балцвæндаг — йæ кæстæр хъ- æбулы уæлмæрд (хистæрæн йæ мард дæр нал ссард- та). Йæ фырттæ уыдысты хорз лæппутæ, ахуыр æмæ фæллойы дæр раззæгтæ. Сæ ныййарæджы зæрдæ ни- куы ницæмæй фæриссын кодтой. Æмæ, семæ ныхас
кæнгæйæ, йæхимæ фæдæтты уыцы-иу фарст: «Кæд мæ лæппутæ сæ адæмы сæрибарыл тохы хъ- æбатырæй фæмард сты, уæд æз мæ бонтæ мæгуы- ры хъиутæ хæргæйæ цæмæн æрвитын? Мæ чындз йæ тархъæнджын чызгæн хостæн æхца бакусыны тыххæй йæ буар цæмæн уæй кæны?» Мæгуыр мадæн йæ бындар иунæг сау гæды кæй у, уымæй нын автор зæгъынмæ хъавы: уæ фæйнæ- фарс чи цæры, уыдонмæ къæрцхъусдæрæй кæсут, кæрæдзийæн аргъ кæнут, кæстæртыл аудут, хистæр- тыл узæлут, уæ чысыл райгуырæн бæстæ уарзут æмæ йæ хъахъхъæнут, науæд æвæстаг æмæ æбæрæг уы- дзæн уæ фидæн... Цомарты-фырты сфæлдыстадыл нæ цæст уæрæх- дæр куы ахæссæм, уæд дзы бафиппайдзыстæм иу характерон æууæл — фыссæг царды лыстæг хабæрт- тæм йе ’ргом никуы аздахы, цыфæнды цымыдисаг куы вæййынц, уæддæр. Бирæ сагъæсты фæстæ йæ уацмысы сæвæры, йæ адæмæн ахсджиагыл кæй фæ- нымайы, ахæм ахадгæ фарста. Цæмæй йæ раиртасай, уый тыххæй йæ кæсын фæхъæуы тынг лæмбынæг. Дæнцæгæн райсæн и «Хур йæхи найы». Фыццаг ба- кастæй афтæ зыны, цыма дзы ’рмæстдæр скъолайы цард æвдисы, фæлæ йæм бæстондæр куы ’ркæсай, уæд, æнæмæнг, фендзынæ æнæхъæн бæстæйы æнæ- сæрфат царды фæтк, партийы генералон секретар æмæ йæ бирæ дымысдæрты, стæй канд уыдоны — нæ, фæлæ ма иннæ «паддзæхты» æмæ «паддзахгæндты» дæр. Удскъуынæн сагъæстыл дæ бафтаудзæн, йæ сæ- рызонд кæмæн фæлыгъди æмæ йæ дзыхы ныхас кæ- мæн нал бады, цы дзуры, уый чи нал æмбары æмæ кусынæн нæ, фæлæ цæуынæн дæр чи нал у, уыцы ’рдæгмард зæронд лæг хицауы къæлæтджыны афтæ бирæ цæмæн бады, уый.
«Кæлæддзаг хæдзар»-ы хурмæ хæссы газеты ре- дакцийы кусджыты зæрдæхæццæгæнæн митæ, фæлæ, текстыл бæстондæр куы ахъуыды кæнай, уæд æрцæу- дзынæ ахæм хатдзæгмæ: журналисттæ цы хæдзары кусынц, уый у социализмы гæнах. Йæ архитектортæ йæ сарæзтой сæдæгай азтæн, фæлæ æвдай азмæ змисæй конд къæсау æрызгъæлди. Цæмæн? Уымæн æмæ баззади, уацмысы цы гæлхæрд адæм архайы, уыдоны ’вджид. Ахæм хиваст хицæуттæ æмæ æба- рвæнд цагъайрæгтæ бæстæ халгæ цы фæкæной, æн- дæр ын хорзæй ницы фæуыдзысты. Ам æрымысæн и зондджын лæджы ныхæстæ: «Революцию подготав- ливают гении, совершают ее фанатики, а плодами ее пользуются подонки»... Фадат аразæг у. Ацы ’мбисондæн царды фидар бындур кæй ис, уый ирдæй зыны Изæтбеджы рад- зырдты. Заретæ «Рæхысы цæгты» сыгъдæгзæр- дæ адæймаг у, æвзæрдзинад скæнын йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы ’рцыдаид, фæлæ дзы йæ уынгæг царды уавæртæ сарæзтой давæг. Æгъдауæвæрæг ын йæ мæгуырдзинад уыны æмæ йын тæригъæд кæны, фæлæ дзы уæддæр æртхъирæнты фæрцы дзæвгар æхцатæ домы, уымæн æмæ йын хуыздæр гæнæн нæй. Цæмæй йын дохтыр йæ фыртæн операци скæна, уый тыххæй йын хъуамæ стыр гæртам радта. Хъуыддæг- тæ рæхысы цæгтау кæрæдзиуыл хъæддых баст сты, æмæ дзы хи ратонæн нæй, сыгъдæгæй баззайæн та дзы æппындæр нæй... «Фыццаг фембæлд»-ы сюжет хæрз хуымæтæг у. Дыууæ лæппуйы кæрты æвæрынц гæрæн. Иу раза- монæг æй аразын кæны, иннæ — халын, иу æй ногæй аразын кæны, иннæ та — ногæй халын. Сæ цуры ис, хус чи нæ кæны, ахæм цъымара. Кæрт йæ тæккæ дзаг у алыхуызон бырæттæй. «Æнæсæр хицæуттæ хъарм
бынæтты æнæмæтæй кæм бадынц æмæ æнæпайда æдылы уынаффæтæ кæм хæссынц, уым адæмы цард размæ куыд хъуамæ ацæуа, стæй сæ цъымара куыд хъуамæ бахус уа?» Автор нæм комкоммæ ацы фарст нæ дæтты, фæлæ, йæ радзырд кæсгæйæ, мах хъусæм æмæ дзы нæхицæн хатдзæгтæ кæнæм. Сагъæстыл ма нæ ’фтауы, æрыгон сыгъдæгзæрдæ лæппу уыцы цъымарайы кæй ныссæдздзæн æмæ дзы йæхи сласын кæй нал бафæраздзæн, уый дæр... «Бæллицтæ уæйгæнæг» дæр хуымæтæг радзырд у, фæлæ йын йæ сæйраг архайæг, гæдывад аферист Уæзданы ныхæстæм куы байхъусай, уæд зæрдæбы- нæй ныккæрздзынæ: — Нырма хъæуты æнæхин адæм бирæ ис. Кæд сæ уавæртæм гæсгæ уым цæргæйæ баззадысты, уæддæр сæ зæрдæ горæтмæ ’хсайы, æмæ сæ æз мæхиуыл сар- дауын. Горæты хорз фатермæ асламæй чи нæ бабæл- дзæн? Æмæ æнæсæр бындзытау мæ хызы бахауынц. Сæ сой сын куы рацъирын, уæд, сæ къухы кæй ницы бафтдзæн, уый бамбарынц æмæ сæргуыбыр уæнтæхъ- илæй ацæуынц... Цалынмæ мæгуыр адæм æнæхæд- зар уой, уæдмæ агурдзысты бæллицтæ уæйгæнджы- ты, æнæхæдзар та æдзухдæр уыдзысты, уымæн æмæ фæлывд бæстæйы цæрынц... — Хуыцау дæ раст фæндагыл саразæд, — загъта йын, кæй æхцатæ асайдта, уый, æмæ йæ Уæздан аи- вæй фелхыскъ кодта: — Мæнæн зылын фæндагыл цæугæйæ дæр æвзæр цард нæй, фæлæ мæгуыр уый у, раст фæндагыл цæу- гæйæ, ’взæр цард чи кæны... Фыссæг нын æппæрццæг хъайтарты фæлгонцтæ ’рмæст бахудыны кæнæ бауайдзæф кæныны тыххæй не ’вдисы. Иæ сурæтты фæрцы нæ зондахасты уад- зы уымæй арфдæр хъуыды: «Демократи цы ’хсæна-
ды нæ уа, уым рæстдзинадæн уæвæн нæй. Цæмæй дзы демократи уа, уый тыххæй та уæлæмæ ’ргъæвын хъæуы æдылыныхджынты æмæ цъаммар цæстфæл- дахджыты нæ, фæлæ раст адæмы, зондджынты æмæ курдиатджынты». Цомарты-фырт ма йæ чиныгмæ бахаста: «Йæ зæ- дыхай», «Намыс», «Дуры гуыбынæй гуырд», «Фæй- нæхуызон зæрдæйы», «Æнахуыр цæдис», «Кæйдæр сывæллон», «Бирæгъ — фысдзармы», «Бæсты бикъ, комы дæгъæл» æмæ æндæр радзырдтæ. Ацы уацмы- сты дæр ис царды рæстдзинад, социалон æмæ мо- нон фарстатæ ’ргомгæнæг фæлгонцтæ. Ам мæ зæрды ’рхæссын и, нæ номдзыд поэт, драматург Плиты Гри- сы ’мдзæвгæты рæнхъытæй Изæтбегмæ æппæтæй тынгдæр чи хауы, уый: ис мын иу Хуыцау — Рæст- дзинад. Йæ радзырдты чиныг «Хурмæзилæг»-æй нæ дзырдаивады хæзнадон зынгæ кæй фæхъæздыгдæр кодта, уый дызæрдыггаг нæу. Æмæ йын Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми кæй ратдзысты, уый мæ уырны, уымæн æмæ уыцы кадджын хæр- зиуæджы аккаг у! 0 ^ > (\шт Д|1Шг1*у"дкф| мннЛ) |_^ о
Йæ уды рухсæй райгуыргæ зарджытæ Поэт... Цы нысанæн райгуыры зæххыл, цавæр сты йæ фæндтæ, йæ хъуыдытæ æмæ бæллицтæ? Ацы фарстæн дзуапп агуырдтой дунейы æмæ абон дæр агурынц зындгонд философтæ. Фæлæ бæлвырд у иу хъуыддаг: уый у дзыллæйы æмæ æхсæнады ри- стæ æргомгæнæг. Йæ мастыл — сагъæсгæнæг, йæ ци- ныл — цингæнæг. Ирыстоны дзырдаивады дæснытæй уыцы нысанмæ фидарæй тындзы æмæ йæ адæмæн йæ уды хорзæхæй цыппор азæй фылдæр зæрдиаг лæггад кæны Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны куль- турæйы сгуыхт архайæг, чиныгуадзæн «Ир»-ы сæй- раг редактор, зындгонд поэт, зарæгфыссæг Кокайты Тотрадз. Уый райгуырд Тырсыгомы чысыл, фæлæ æрдзы фидыц æмæ бæркадæй хъæздыг хъæу Четырсы. Ар- дыгæй йын байгом сты царды уæрæх фæндæгтæ. Йæ фæрцы банкъардта æмæ бауарзта нæ рæсугъд æрдз, хæхтæ æмæ фыдæлты удварны хæзнатæ. Кæд йæ бинонтимæ фæстæдæр Цæгат Ирыстонмæ ралыгъд, уæддæр ын ацы ком зынаргъ æмæ адджын у абон дæр. Куыд баззадтæ рохы фыдæлты къæсæр, Тырсыгомы астæу — фыдæлты зæххыл. Кæд дардмæ фæхастон дæуæй æз мæ сæр, Уæддæр дæм мæ фынты æдзухæй ыздæхын. Мæ сабийы бонтæ æз арвыстон ам, — Ныр дæр ма сæ цинæй мæ зæрдæ фæтайы, Ныр дæр ма æрымысын цынайы хъарм, Ныр дæр ма мæ цæстытыл Рагъыдзуар уайы... Æцæг поэт-гражданины райгуырæн уæзæгмæ уарзт кæны куыстхъом æмæ цардхъом. Йæ тавсæй уый цæуы сфæлдыстады иу æнтыстæй иннæмæ. Тотрад-
зæн йæ уды арфы цы хъуыды равзæры, уый цалын- мæ йæ зæрдæйы цæхæры нæ бахсида, арæхстгай йæм дæсны зæрингуырдау йæ хъуыдыйы арфы нæ базила, нæ йæ сæрттивын кæна, уæдмæ йæ адæмы рæгъмæ. нæ хæссы. Ахæм уаг домы стыр тых æмæ фæразон- дзинад. Уый кæд æнцон нæу, уæддæр йæ зæрдиаг куысты бæркад ирон литературæйы у ахадгæ æмæ бæллиццаг. Мыхуыры цы чингуытæ рацыд Тотрадзæн, уыдо- нæй сæ алкæцы дæр йæхи бынат ссардта адæмы зæр- дæйы. Сæ зындгонддæртæ сты «Нывæфтыд фæндæг- тæ», «Уалдзæджы къæсæрыл», «Æрвон райсомтæ», «Мæ дзуар», «Æрвгæнæн»... Хæрзæрæджы та поэтæн мыхуыры рацыд, нæ композитортæ йын зарджытæ цы æмдзæвгæтыл сарæзтой, уыдоны æмбырдгонд. Схуыдта йæ «Уды куывд». Райдайы филологон на- укæты кандидат, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæ- дисы сæрдар, поэт, литературæиртасæг Хъазиты Ме- литоны разныхасæй. Уый фыссы: «Кокайты Тотрадз йæ зарджытæ æмдзæвгæты хуызы кæй хæссы чиныг- кæсæджы размæ, уый арфæйаг хъуыддаг у. Алы уа- цмысæн дæр сæ ис йæхи мидмелоди, æмæ чиныгкæ- сæгæн фадат уыдзæн, нæ поэт сæ йæхæдæг цы хуызы зары, афтæ зарынæн. Уый у йæ уды уаз куывд, йæ зæрдæйы зæлланггæнаг зарæг, уыимæ, дзырды уæз чи æмбары, дзырды ад чи æнкъары, дзырды хорзæн аргъгæнæг чи у, уыдон алкæй уды зарæг — дæ уд æмæ мæ уды зарæг». Тотрадз цардмæ, иуæй-иутау, уæлæнгæйтты нæ кæсы. Æрмæст мæнæн хорз уа, зæгъгæ, ууыл нæ архайы. Фæлæ йæ алы цау дæр йæ зæрдæйы арфы ныууадзы куы æхсызгон, куы та сагъæсы мастхæс- сæг æнкъарæнтæ. Уыдон фæстæдæр аив цæгау хæр- зарæзтæй рахæссы йе ’мдзæвгæты. Цæмæй сæ хорз 0 ^-1 (тшшш (§И|101^И8МШ^ С^ 0
зарæг рауайа æмæ адæмы зæрдæмæ фæцæуа, уый тыххæй дæр поэтæн йæ алы дзырд дæр лыстæг са- сирæй луарæгау вæййы æвзаргæ. Поэты ног чингуыты æмæ Тотрадзы сфæлдыстады иннæ æвæрццæг миниуджыты тыххæй дзуры поэт, Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг, Цæгат Ирысто- ны культурæйы сгуыхт кусæг Касаты Батрадз: «То- традз у курдиатджын поэт. Фæлæ æрмæст курдиатæй ницы саразæн ис, адæймаг йæхиуыл куы нæ куса, уæд. Æмæ Тотрадз, адæмы раз ыл цы хæс ис, уый æнкъары, æмæ нæ литературæйы дыргъдоны цы мы- ггаг байтауы, уый дæтты хъæздыг æмæ ахадгæ тыл- лæг. Цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон хъарынц адæмы зæрдæмæ, уымæн æмæ райгуырынц йæ сы- гъдæг уды рæстаг, уаз хъизæмарæй. Йæ уацмыстæ сты сыгъдæг ирон нуарджын, фæлæ æнцонæмбарæн æвзагыл фыст. Тотрадз æрмæст поэт нæу, фæлæ ма у диссаджы хорз тæлмацгæнæг дæр. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Шекспиры æмæ йын йæ сонеттæ ан- глисаг, уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл рауагъта хи- цæн чиныгæй. Æрæджыдæр та рухс федта, Мике- ланджелойы сонеттæй кæй ратæлмац кодта, уыдоны æмбырдгонд. Чиныг æддаг бакастæй куыд аив рауад, афтæ йæ тæлмацтæм дæр фау æрхæссæн нæй. Поэт иттæг хорз равдыста æмæ рахатыдта Микеландже- лойы сонетты арф хъуыды æмæ нын сæ рæсугъдæй рахаста нæ размæ. Тотрадзы курдиат иу чиныгæй ин- нæмæ рæзгæ кæй кæны, уымæн хорз æвдисæн — йæ иннæ ног чиныг «Уды куывд» дæр. Ирыстоны зарæг- гæнджытæ йын йæ æмдзæвгæтыл арæзт зарджытæ зæрдиагæй цæмæн фæзарынц? Уымæн æмæ сæ цы зæлд ис, уыимæ иу сты сæ зонды хъуыдытæ æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ. Поэт, композитор æмæ зарæг- гæнæг кæрæдзийы куы бамбарынц, уæд дзы рауайы
æцæг зарæг. Æмæ ахæмтæ сты Тотрадзы уацмыстæ». Поэты æмдзæвгæтæй зарæджы аккаг чи сси, уы- дон сты цыппорæй фылдæр. Се ’хсæн ис райгуырæн бæстæйы, ныййарæг мады, нæ хъæбатыр фыртты лæгдзинады цаутæ ирдæй чи æвдисы, ахæмтæ. Уæдæ Тотрадз у, ныртæккæ цы лирикон зарджытæ ис, уы- донæн сæ хуыздæрты автортæй иу. Æхсызгонæй сæ фæзарынц, куыд профессионалон, афтæ хæдахуыр зарæггæнджытæ. Кæд ын ацы жанры дæр бирæ æн- тысы, уæддæр Тотрадз талф-тулфæй никуы кусы йæ тексттыл. Ирон æвзаг хорз кæй зоны æмæ дзы арæхстджынæй кæй пайда кæны, уыцы хорз миниуæг зыны йæ алы æмдзæвгæйыл дæр. Иу зарæджы ныхæ- стæ дзы иннæйы хуызæн нæ вæййынц. Сæ хъуыдытæ кæрæдзийы нæ фæлхат кæнынц. Сты фæлгонцджын, æнкъарæнтæй хъæздыг æмæ æнцонæмбарæн. Æр- мæст сæ сæргæндтæ дæр сын куы райсæм, уæддæр сæ уыцы миниуджытæ бæрæг сты: «Дыууæ уды», «Мады-Майрæм», «Мæйрухс изæртæ», «Цины фем- бæлд», «Фæндыр», «Ме скаст, мæ бæллиц», «Хуримæ барын дæ ном», «Бæргæ...», «Ногæй мын рухс фæн- даг амон», «Дæумæ у мæ каст», «Зæрдæйы уарзты кæлæн», «Хуры чызг дæ», «Ирæй Ирмæ», «Ирæн — сæрибар», «Уды хъæр» æмæ бирæ æндæртæ. Тотрадзы курдиаты цæхæр кæй сфæлдыстады фæндаг рухс кæны, уыцы композитортæ бирæ сты, сæ иу — Уæрæсейы адæмон артист, зындгонд фæн- дырдзæгъдæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзаха- дон премийы лауреат Гæздæнты Булат мæнæ куыд зæгъы Тотрадзы бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй: «Тотрадзимæ бирæ зарджытæ сарæзтон. У æцæг ирон дзырды дæсны. Йе ’мдзæвгæты тыххæй йæм цыфæн- ды фарст ма радт, уæддæр дын æй æнцонтæй рар- гом кæндзæн. Зарæг саразыны тыххæй цы æмдзæвгæ
равзарын, уым, зæгъæм, иу дзырд, кæнæ рæнхъ мæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуы, уæд æй аивы. Дæнцæгæн йæ уацмыстæй æрхæсдзынæн цалдæр: Мæ ивгъуыдмæ цæуын зынггур, Мæ ивгъуыд аззад тары.. Кæнæ: Ды мæ хурты хур, Уалдзæджы фидиуæг рухс цæсгом малусæг, Цинтæ æрхæссыс мæнæн. Ды дæ мæ малусæг, Ды дæ мæ буц уалдзæг, Худыс мæм, худыс фæлмæн. Зæрдæ та ног цинæй, Ног зарæг амоны, Аргъау та фестади цард. Зон æй, мæ удлæууæн, Ног цины амондæй, Иумæ кæй цæудзыстæм дард. Тотрадзы æмдзæвгæты композицион арæзт у бæл- вырд. Сæ хъуыды тыхджынæй-тыхджындæр кæны: Мæ цин, мæ сагъæс дæумæ фæхæссын, Æнамондæй дæр дæуæн фæтæрсын. Æрмæст ды зоныс мæ сусæг катай: Мæ риу кæй судзы фыруарзты артæй. Уарзын дæ, Уарзын. Сауæрфыг чызгай. Курын дæ: Разын Мæ сæфт хуры хай. Æдзухдæр дæумæ у, дæумæ у, Дæумæ у мæ каст, Мæ сæфт хуры хай Сауæрфыг чызгай, с; О 184 О ;,
Барæвдау мæ уарзт. Тотрадз зарæгæн æмдзæвгæ куы фæфыссы, уæд фæхъуыды кæны ууыл, цæмæй зарæггæнæгæн дæр йæ дзырдтæ æнцонзарæн уой. Æмæ ма стыхса. Уым ис йæ курдиаты æмæ зæрдæйы ахасты стыр хорзæх. Нæ хъæбатыр фырттыл æмæ номдзыд лæгтыл То- традз цы æмдзæвгæтæ ныффыста æмæ дзы аив мело- дитæ кæуыл сарæзтой, уыцы уацмыстæ дæр хайджын сты адæмон зарæджы æууæлтæй. Сæ алкæцы дæр дзы арф хизы зæрдæмæ, бацагайы йын йæ ахсджиа- гдæр тæгтæ». Нæ зын æмæ гæлиртæ дуджы алцыдæр уæййаг æмæ базайраг сси. Уыцы зианхæссæг ахаст, хъыга- гæн, зыны уарзты табуйаг æнкъарæныл. Йæ уæз ын æхцайы бæрц æмæ цъæхсæр галуанты бæрзæндæй, стæй фæсарæйнаг машинæты аргъæй барæн кæй нæй, уый ферох адæмæй. Уыцы ахаст та кæстæрты амондджын цардмæ нæ кæны, фæлæ сæ ардауы ас- лам монцты сайд фæндагыл. Иæ цъысымæй æвзонг удтæ бахизынæн стыр ахъаз сты Кокайты Тотрадзы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ. — Кокайты Тотрадзы ныхæстыл фыст зарджытæй мæ репертуары ис дыууиссæдзæй фылдæр, — зæгъы Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, зындгонд зарæг- гæнæг Гæбуты Жаннæ, — йæ курдиатæн ын стыр аргъ куы нæ кæнин, уæд ын йе ’рмдзæф мæ зæрдæ- мæ афтæ хæстæг нæ айстаин. Тотрадзы æмдзæвгæтæ фыццаг бакастæй кæд хуымæтæг сты, уæддæр зæр- дæ афтæ бацагайынц, æмæ сыл адæймаг дис фæкæ- ны. Кæддæриддæр дзы вæййы стыр æмæ арф хъуы- дытæ. Цæмæй зарæг банкъарон, уымæн мын поэты мидхъуыды æххуысгæнæг вæййы. Иннæмæй та йæ зарджытæ зæрдæагайгæ сты сæ музыкæйы фæрцы дæр. Тотрадзимæ тынг æнцон кусæн у. Уымæн æмæ о ^п («и п§ш1о5д#тмш1ш) с^ о
канд йæхи фæндыл нæ цæуы, фæлæ бахынцы мæ фиппаинæгтæ дæр. Тотрадз иттæг хорз зоны сфæл- дыстадон куысты домæнтæ, уый фæрцы та нæ иу- мæйаг удвæллой фæрæстмæ вæййы. Сфæлдыстады цæхæрæй хайджын адæймаг цыфæнды курдиатджын ма уæд, уæддæр йæ хъуы- дытæ раргом кæнынæн ног гæнæнтæ куы нæ агура, стырдæр нысантæм куы нæ тырна, уæд йæ удцыры- ны зынг мынæг кæны. Фæлæ Тотрадз поэзийы æн- цон фæндæгтæ æмæ гæнæнтæ никуы агуырдта, стæй ныр дæр уыцы хъуыды йæхимæ æмгæрон дæр нæ уадзы. Уый хыгъд ын стыр æхсызгондзинад æрхæс- сы, зарæджы жанрты æндæр хуызты йæхи кæй фæл- вары, уый. Афтæ рауад дзæнæты бадинаг, номдзыд композитор Æлборты Феликсимæ Тотрадз Хуссар Ирыстоны гимныл куы куыста, уæд. Æмæ сæ удуæл- дай фыдæбон нæ фæдзæгъæл — хорз тыллæг радта. «Кады зарæг», афтæ рахуыдтой сæ уацмыс компо- зитор æмæ поэт. Ирдæй дзы равдыстой ирон адæмы фæразондзинад, æхсар æмæ намыс. Йæ фыццаг зæл- тæй дæр адæймаджы зæрдæйы гуырынц сæрысты- рдзинады æнкъарæнтæ. Уыдон афтæ тыхджын сты, æмæ фырцинæй цæстытæ доны разилынц. Куыд ног паддзахады символ, афтæ гимнæн стыр аргъ чи скод- та, уый уыд Хуссар Ирыстоны фыццаг президент, историон наукæты доктор, профессор Цыбырты Люд- виг. «Ног арæзт республикæйæн гимн ныффыссыны тыххæй сæрмагондæй конкурс сарæзтам, — зæгъы уый, — бирæ проекттæ нæм нæ уыд, фæлæ уыдоны ’хсæн дæр паддзахады сæйраг символы æппæт до- мæнтæн хуыздæр дзуапп лæвæрдта Кокайты Тотрадз æмæ Æлборты Феликсы фыст «Кады зарæг». Уый у се сфæлдыстады иумæйаг ахъаззаджы æнтыст. Гим- нæн хорз аргъ скодтой уæрæсейаг специалисттæ дæр.
Ахæм хуызы ма нын ног уацмыстæ куыд ныффысса, уый йын мæ цæст уарзы». Курдиатджын поэт æмæ тæлмацгæнæг Кокайты То- традз йæ ног чиныг «Уды куывд» æмæ Микеландже- лойы сонетты мадæлон æвзагмæ аив тæлмацтæй ирон чиныгкæсæгæн æмæ аивадуарзджытæн ракодта ног ахъаззаджы лæвæрттæ. Æмæ нын нæ зæрдæйы бæр- кадыл ног тыхтæ кæй бафтаудзысты, стæй сæ авторы удвæллойæн республикæйы кадджындæр хæрзиуæг — Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон лремийæ аргъ кæй скæндзысты, уый нæ уырны. Уымæн æмæ уый аккаг у. о ^л (^мми ДиЖоЖюфшюш) с^ о
Сонеты дæсны Поэты цард æнцон нæу, фæлæ уый цæры дзыр- ды цин æмæ амондæй. Ацы æрдхæрæны хорзæхтæй æххæстæй хайджын чи фæци æмæ нæ литературæйы дæллаг галау уæхскуæзæй чи фыдæбон кæны, уый у зындгонд ирон поэт, тæлмацгæнæг æмæ драматург, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Кокайты Тотрадз. Уый ирон литературæмæ æрбакъахдзæф кодта ивгъуыд æнусы æхсайæм азты, æмæ дзы йæ фæллой у ахадгæ. Йе ’мдзæвгæйы алы дзырд дæр вæййы йæ зæрдæйы арфы æхсыст, дзæн- хъа дурау æрттивгæ. Иæ алы чиныджы рацыдыл дæр ын литературон æхсæнад æмæ чиныгкæсджытæ ит- тæг разæнгардæй сæмбæлынц. Ранымайдзыстæм сæ: «Нывæфтыд фæндæгтæ», «Уалдзæджы къæсæрыл», «Æрвон райсомтæ», «Мæ дзуар»... Æдæппæтæй фараст æмбырдгонды. Фараст дзаджджын гуыдыны ирон литературæйы хæзнадоны. Тотрадзы æмдзæвгæтæ бæрзонд аивадон—литературон æмвæзадыл фыст кæй сты, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ йæ æмдзæвгæтыл фыст кæй цæуынц аив зарджытæ. Сæ репертуармæ сæ хæссынц куыд професионалон, афтæ хæдахуыр музыканттæ, зæлынц радио æмæ телеуынынадæй. Уæдæ Тотрадз Хуссар Ирыстоны гимны ныхæсты ав- тор кæй у, уый бæрæг кæны, поэт йе сфæлдыстадон куысты ацы формæйы дæр æнтыстджын кæй у, уый. Уымæй уæлдай ма Тотрадз мадæлон æвзагмæ ратæл- мац кодта номдзыд поэттæ Шекспир æмæ Микелан- джелойы сонеттæ. Æрæджы та Тотрадз нæ чиныгкæсджытæн ракод- та ног лæвар. Рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыд йæ сонеты æмбырдгонд.Чиныг райдайы «Сонет хурæн», 0 ^-1 (шиш 1§и100æ#5ММиш^^^
зæгъгæ, уымæй. Царддæттæг символ — хуры нын æв- дисы автор куыд арвы бардуаг: Арвы бардуаг—хуры цæст цъæх арвыл,— Кувын дæм сыгъдæгзæрдæйæ æз, Мæн мæ цин, мæ сау зынты хъæуыс, Алкæд дæм ме ’ргомзæрдæ тавын. Ацы сонеты хурæн ис символон нысан. Йе знæгтæ та сты сау мигътæ. Хурхортæ дæ ахæрынмæ хъавынц,— Дæ алывæрсты сау мигътæй тæхынц, Алкæд дæм гæппæввонгæй лæууынц,— Се ссыртæ дæм сау къæдзæхтыл дауынц. Фæлæ ды уæддæр дæ хæрзтæ тауыс, Алцыппæтдæр батавынмæ хъавыс, Нæй дæ цин, дæ рухс тынтæн кæрон. Арты бардуаг—хуры цæст, дæ номæн, Кувдзынæн æз сусæгæй-æргомæй, Ацы зæххыл цалынмæ цæрон. Сонет «Удсыгъдæггæнæг куывд»-ы автор зæгъы æргом йæ ныхас. Йæ алы хъуыддаджы дæр йæхи стыр Хуыцауыл кæй фæдзæхста, уый. Йæ хорзæх ын дæтты цæрын æмæ фæллой кæныны уазтых. Дуне- скæнæгмæ цы удирдгæнæг хæрзтæ ис, уыдонæй дзы куры æууæнк æмæ зæгъы: Мæ сабыр цард Дæуæн нывонд, Хуыцау! Æнæ донæй мæ доны былæй ма здах. Кæд никуы уыдтæн царды цыды раззаг, Уæддæр нæ уыдтæн ницæййагæй цауд. Дæумæ кувгæйæ, арвыстон мæ цард. Æнæ дæу мын нæ уыд мæ къæбæр адджын, Æнæуынгæ!-уыдтæ мæ цæсты кадджын, Дæ номæй кодтон сомы, хордтон ард. Бæрзонд Хуыцау! — Æнæкæрон — дæ хæрзтæ, — Мæнæн дзы радт Ды удлæууæн æууæнк,
Цæмæй дзы сурон дун—дунейы мæнг, Цæмæй цæрæм Дæ дæлбазыр æдæрсгæ,— Лæгмæ лæджы фырт мауал иса къух, Фыддугты карзæй мауал хъæрза туг. Хуымгæнæг — зæхх рæвдауæг æмæ поэт — адæмы зæрдæтæм рæсугъддзинад хæссæг! Се ’хсæн цавæр- дæр æнæуынгæ бастдзинад ис. Цавæр? Уый та базон- дзыстут мæнæ ацы рæнхъытæй. Ам æмбæлæм сонеты дыккаг строфайы аллитерацийыл дæр: Хуымон лæг уалдзыгон хуымгæнды Æппары хорнæмгуытæ хъавгæ. Йæ уæлмонц сагъæстæ , йæ фæндты Кæны ныййарæг зæххæн арфæ. Хуымон лæг развæлгъау нæ зоны, Фæззæг йæ хорыкæнд цы ратдзæн, Уæддæр — зæххы сойæ йæ сомы, Уæддæр — зæххы сойæ йæ ард дæр. Поэт,хуымон лæгау, йæ дзырдтæ Иæ дзыллæйы зæрдæйы тауы, Фæлæ, цы суадздзысты —нæ зоны. Йæ ныхмæ рацæуæнт йæ дзыллæ, Уæддæр йæ дзыллæйы ыстауы, Йæ дзыллæйæ фæкæны сомы. Адæймаджы бæрзонд ном кадджын цы хъуыддæг- тæ кæнынц—лæгдзинад, рæстуд уæвын, уыдоныл æмæ йæ намысыл поэт къæм абадын кæй никуы бауагъта, комдзог сыл кæй никуы рацыд, уыцы æнкъарæнтæ нын æвдисы мæнæ ацы рæнхъыты: Нæ сахуыр дæн æнæмæтæй цæрын,— Мæ уды сконд мын уый амал нæ дæтты. Мæ цæстæнгас куы ’рзилы арвгæрæтты, Нындзыг вæййы уæд дун—дунейы рын. Бæрзонд арвау нæ базыдтон нæрын, Хъысмæты фарн мæ амондыл кæм бæтты,
Уым царды цыд мæн нал фехсдзæн йæ сæрты. Нæ дæ уырны? Дæ номæй ард хæрын. Мæ ныхмæ сыстæнт паддзæхтæ, хуыцæуттæ, Æз — адæймаг — зæххон царды æфсин, Зынгау дæумæ фæхæсдзынæн мæ цин. Ды, иунæг ды, мæ зæрдæйы быцæу дæ. Мæ рухс бæллиц, дæ ныфсæй дæн хæдзонд, Дæ фæрцы лæууын а зæххыл бæрзонд. Ирон литературæйы сонеты жанры арфæйаг фæл- лой бакодтой Токаты Алихан, Мыртазты Барис, Джы- ккайты Шамил, Хъодзаты Æхсар. Уыдоны сфæлды- стады астæу Кокайты Тотрадзы фыст сонеттæ сæхи сæрмагонд бынат кæй æрцахсдзысты, æмæ сын лите- ратурæиртасджытæ, стæй нæ чиныгкæсджытæ аккаг аргъ кæй скæндзысты, уый дызæрдыггаг нæу. Тотрадзы ног чиныг мидисæй æмæ бакастæй аив рауад. Нывтæ йын скодта автор йæхæдæг. Йæ æддаг цъарыл та ис авторы хо, дзæнæтыбадинаг Кокайты Евгениайы конд ныв. о-^^^фг19/1^^^
Ахуыргонды ног æнтыст Ирон фарныл зæрдæйæ чи тыхсы, нæ дзырдаива- ды зиууæтты сфæлдыстадон бынтæ бæстон кæныныл æмæ сæ ирон адæмы æхсæн парахат кæныныл, кæ- стæртæн сæ уарзын кæныныл цыппор азæй фылдæр уæхскуæзæй чи куыста æмæ кусы, уый у филологон наукæты кандидат, ЦИПУ-йы ирон литературæйы ка- федрæйы раздæры сæргълæууæг, доцент, РЦИ-Ала- нийы ахуырады сгуыхт кусæг Хъантемыраты Римæ. Уый, нæ сæйраг университеты ирон филологийы фа- культеты кусгæйæ, цы рухстауæн æмæ иртасæн куыст фæкодта, уый фæзминаг у, цы фæлтæртæ дзы кусд- зæн фидæны дæр, уыдонæн се ’ппæтæн дæр. Римæ ирон литературæйы историйы, нæ фысджыты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цал æмæ цал мидисджын лекцийы бакаст, уыдонæн кæрон дæр нæй. Иæ фæр- цы нæ дзырдаивады хæзнатæ уарзон æмæ зынаргъ цы æрыгон фæлтæрæн систы, уыдоны нымæц та дæсгæйттæй нæ, сæдæгæйттæй нымайгæ у. Уæдæ, ЦИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы сæргъ- лæууæг куы уыд, уæд йæ хъæппæрисæй бæрзонд зо- надон æмвæзадыл арæзт æрцыдысты Æппæтуæрæсе- он, республикон наукон-практикон конференцитæ. Уыдон уыдысты ирон чиныджы рацыдыл дыууæ сæдæ азы сæххæсты кадæн, ирон драматургийы бын- дурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы, фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболаты æмæ фыссæг-публицист Хъаныхъуаты Иналы номыл. Ацы наукон форумты архайдтой, куыд зындгонд литера- турæиртасджытæ, афтæ, нырма уыцы хъуыддаджы фыццаг фæлварæнтæ чи кæны, уыцы аспиранттæ æмæ студенттæ дæр. .: О *92 О ;
Иннæ ахæм, Хъантемыраты Римæ стыр куыст ба- кодта, астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыр- гæнджытæн сæ куысты æмæ ахуыры асджиаг чи сты, уыцы чингуытæ: "Литературон-критикон уацты æм- бырдгонд" дыууæ томæй бацæттæ кæныныл æмæ мы- хуыры рауадзыныл (ацы чингуытæ систы библиогра- фион хæзна, библиотекæтæй фæстæмæ сын чингуыты дуканиты тæрхæджытыл ссарæн нал ис). Уымæй уæл- дай у ирон литературæйæ 3-аг æмæ 10-æм кълæсты ахуыргæнæн чингуытæ æмæ хрестоматиты автор-са- разæг. Уæдæ ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы номыл канд наукон-прак- тикон конференци саразыныл нæ бацархайдта, фæлæ ма бацæттæ кодта, номдзыд ирон драматурджы цард, сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайд бæлвырдæй æвдыст кæм æрцыдысты, ахæм сæрмагонд фотоаль- бом. Ныридæгæн уый мыхуыры рацыд дыууæ хат- ты. Æхсызгонæй дзы пайда кæнынц, куыд астæуккаг скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæн- джытæ, афтæ ЦИПУ-йы æмæ ЦИПИ-йы ирон фило- логийы факультетты ахуыргæндтæ, аспиранттæ æмæ студенттæ. Фотоальбомæй уæлдай Римæ æрæмбырд кодта, Елбыздыхъойы тыххæй газетты, журналтæ æмæ æн- дæр мыхуыры фæрæзты цы æрмæджытæ уыд, уы- дон, æмæ сæ рауагъта хицæн гуырахстджын чиныг, «Ныхас Елбыздыхъойы сфæлдыстадыл», зæгъгæ, ахæм иумæйаг сæргондимæ. Уый дæр сси агургæ æмæ æнæаргæ хъæугæ чиныг ахуыргæнджытæн, сту- денттæ æмæ скъоладзаутæн. Уымæй уæлдай ма нын Римæ фыццаг базонын код- та зындгонд рухстауæг, фыссæг, драматургдæлмац- гæнæг, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг Мамытты Стефаны ном, йæ царды, рухстауæн æмæ сфæлдыста-
дон архайдыл фыццаг Римæ ныффыста мидисджын уац, стæй, Стефанæн бирæ азты дæргъы архивты цы сфæлдыстадон бынтæ уыд, революцийы размæ Иры- стоны газеттæ æмæ журналты йын цы æрмæг рацыд, уыдон Римæ ссардта æмæ сæ бæстонæй рауагъта хи- цæн чиныг, «Косе», зæгъгæ, ахæм иумæйаг номимæ. Ахуыргондæн йæ ацы удвæллой дæр рухс федта 2005 æмæ 2013 азты. Хъантемыраты Римæ йæхи сæрмагонд æвæрæн бахаста ирон сывæллæтты литературæ иртасыны хъ- уыддагмæ. Уыцы фарстатыл ныффыста къорд ми- дисджын уацы, филологон наукæты кандидат Уалыты Татьянæимæ бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта ирон сывæллæтты литературæйы хрестомати. Æдзухдæр архайы сфæлдыстадон æмæ зонадон æгъдауæй йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл. Ахæм хуызы кæсы Хъантемыраты Римæ, йæ адæмы æмæ фæсивæды раз ыл цы арфæйаг хæс æвæрд ис, уымæ. Йæ куыст кæд æнцон нæу, уæддæр æй кодта æмæ кæны бæстон æмæ арæхстгай. Талф-тулфæй кæй афыста, кæнæ уæлæнгæйтты кæуыл акуыста, ахæм æм иунæг мыхуыргонд рæнхъ, кæнæ чиныг дæр нæй. Йæ алы куыст дæр у зæрдиаг, бæстон æмæ удуæлдай. Ивгъуыд æнусы 70-æм азтæй та Хъантемыраты Римæ зæрдиагæй архайдта, ирон адæмæй, фæсарæн- ты цæргæйæ, сфæлдыстадон куыст чи кодта æмæ кæны, уыдоны æрмæджытæ æмбырд кæныныл. Уы- дон агуырдта архивты æмæ алы азты уагъд респу- бликон газеттæ æмæ журналты, стæй хицæн авторты æмбырдгæндты. Йæ ацы куыстæн дæр ис хорз фæ- стиуæг. Цы иртасæнтæ скодта, уыдоны бындурыл фæсарæйнаг ирон литературæйæ ныффыста къорд наукон уацы æмæ ЦИПУ-йы ирон филологийы фа- культеты студенттæн æмæ магистранттæн сæрмагонд
лекциты курс. Римæ нын куыд радзырдта, афтæмæй фæсарæнты цæрæг ирæтты сфæлдыстадон бынтæ æрæмбырд кæныныл йæ рæстæджы тынг зæрдиагæй бацархайдта дзæнæты бадинаг поэт Цæрукъаты Вало- дя. Уый суанг Турчы дæр уыд не ’мтуг æфсымæрты сфæлдыстадон бынтæ æрæмбырд кæныны нысанимæ. Уырдыгæй Ирыстонмæ сласта бирæ æрмæг, мыхуыр- мæ сæ бацæттæ кодта, сæмбæлын сæ кодта чингуыты рауагъдадыл, фæлæ йæ удвæллой, стыр хъыгагæн, фесæфт. Уыцы хабарыл Римæ тынг фæхъыг кодта, бирæ фæагуырдта Валодяйы бацæттæгонд чиныджы къухфыст, фæлæ йæ къухы ницы бафтыд. Рæстæг æмæ уавæртæ афтæ равдыстой, æмæ уыцы куыст ногæй бакæнын бахъуыд Хъантемыраты Ри- мæйы. Æмæ мæнæ йæ бирæ зæрдиаг куысты фæллой æрæджы рухс федта. Рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры ра- цыд йæ арæзт чиныг «Ныхас фыдыбæстæимæ». Чи- ныг йæ саразæг адих кодта фондз хайыл, Фыццаг хайы — 1860-æм азты Туркмæ афтæг Мамсыраты Темырболаты иуæндæс æмдзæвгæйы, Хъаныхъуаты Иналы радзырд-мысинæгтæ æмæ очерк; дыккаджы — XX æнусы дыууынæм азты ирон интеллигенцийæ фæсарæнтæм чи ацыд æмæ уым сфæлдыстадон куыст чи кодта, уыдоны уацмыстæ; æртыккаджы — абон Турчы чи цæры, уыдоны сфæлдыстадон фæлварæнтæ æмæ цыппæрæм хайы — Туркмæ лидзæг ирон адæ- мы зарджытæ сæ трагикон хъысмæтыл. Чиныгмæ цы тексттæ хаст æрцыд, уыдоны мидис æмæ хъуыдымæ æвнæлд не ’рцыд, сæ орфографийæ уæлдай. Темырболаты, Ахмæты, Иналы уацмыстæй уæл- дай ма чиныгмæ хаст æрцыдысты Дзантиаты Дзам- болаты, Хъази-Ханы, Бадты Муаммары, Мамсыраты Мазаффары, Пухаты Хайруллайы, Сæбæтхъуаты Ра- мазаны, Тхостаты Елхъаны, Хоситы Бурханы, Цъ-
æхилты Яхъяйы, Бады Елхъаны æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Ног чиныг хорз сфидыдта фæсарæнты цæрæг ирæт- ты ивгъуыд æмæ нырыккон цард æвдисæг къамтæй. Ног чиныджы фæндзæм хайы та бакæсæн ис, фæсарæнты цæрæг ирæтты цардыл, хъысмæтыл, се сфæлдыстадон бынтыл нæ фысджытæ, историктæ æмæ литературæиртасджытæ: Хетæгкаты Къоста, Джусойты Нафи, Джыккайты Шамил, Берозты Ба- традз,Уарзиаты Вилен,Мзокты Аслæнбег, Хъодзаты Æхсар, Хъантемыраты Римæ цы наукон уацтæ ныф- фыстой, уыдон. Ног чиныг «Ныхас фыдыбæстæимæ» чи бакæса, уый æнæ бафиппайгæ нæ фæуыдзæн, дард бæстæты не ’мтуг æфсымæртæ сæ фыст уацмысты алы рæн- хъы дæр сæ фыдæлты зæхмæ æгæрон æмæ табуй- аг уарзт кæй æвдисынц, уый. Уыимæ, сæ уацмысты хъуыдытæ уæлæнгæйтты загъд æмæ нывæст не сты, фæлæ цæуынц зæрдæ æмæ уды æрфытæй. Фæсарæнты цæрæг ирон адæмы сфæлдыстадæй нырма бирæ уацмыстæ сты рабæрæг кæнинаг æмæ архивты агуринаг, бæстон иртасинаг. Ног чиныгмæ цы уацмыстæ бацыд, уыдон, куыд загътам, афтæмæй чиныгаразæг Хъантемыраты Римæ фембырд кодта мургай, хал халыл æвæрæгау. Йæ уыцы арфæйаг куысты йын æххуысгæнджытæ дæр уыд. Зæгъæм, Хоситы Бурхан, Тхостаты Елхъан æмæ зындгонд журналист Сæбæтхъуаты Фатимæ. Фатимæ Туркæй Ирыстонмæ æрбаласта йе ’рвад, Турчы цæрæг Сæ- бæтхъуаты Рамазаны фыст æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ, уыцы бæстæйы цæрæг ирон ацæргæ адæмæй цы адæмон сфæлдыстады уацмыстæ фембырд кодта, уы- дон. Фатимæйы уыцы арфæйаг хъуыддаджы фæрцы ног чиныгмæ хаст æрцыд Рамазаны уацмыстæн сæ
зынгæдæр хай. Æмæ йын чиныгаразæг уый тыххæй зæгъы бузныг. Ног чиныг «Ныхас фыдыбæстæимæ»-йы редактор у Дзуццаты Зæлинæ. Иæ тираж — 300 экземпляры. Æнæмæнг, стыр ахъаз фæуыдзæн ахуыргæндтæн, ахуыргæнджытæн, студенттæн, аспиранттæн æмæ скъоладзаутæн, стæй, ирон аив дзырд зæрдæйæ чи æнкъары, уыдонæн се ’ппæтæн дæр. Хъантемыраты Римæ, чиныг «Ныхас фыдыбæстæимæ» аразгæйæ, цы стыр æмæ зæрдиаг куыст бакодта, уый ахуыр- гæндты æрыгон фæлтæры фæсарæнты цæрæг ирон адæмы сфæлдыстад иртасынмæ, ног нæмттæ дзы ра- бæрæг кæнынмæ кæй сразæнгард кæндзæн, уый нæ уырны. <: СПУ^Т^ :»
Арфæйаг удвæллой Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæ нæ дзыллæйы ’хсæн ирондзинад тауыны хъуыддаджы цы æвæджиа- уы хорз куыст кæны, уый зындгонд у. Ам цы бæстæзо- нæн хайад ис, уый сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы куль- турæйы сгуыхт кусæг Дзугаты-Мурасты Риммæ арæх саразы библиотекæйы литературон уазæгуаты ирон фысджыты юбилейтæм литературон изæртæ, фем- бæлдтытæ, чиныгкæсджыты конференцитæ. Уыдоны бæстон ныхас фæцæуы ирон фысджыты сфæлдыста- дыл, нæ литературæйы рæзты ахсджиаг фарстатыл, нæ культурæ, æвзаг æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæ- ныныл. Уыцы изæртæй æмæ фембæлдтытæй рауайы ирон дзырдаивады æцæг бæрæгбæттæ. Хицæн ныхасы аккаг у, библиотекæйы бæстæзо- нæн хайады кусджытæ ирон фысджыты цард æмæ сфæлдыстад иртасыны хъуыддагмæ, уыдоны тыххæй уацтæ фыссынмæ, библиографион амонæнтæ, буклет- тæ æмæ ма суанг чингуытæ уадзынмæ дæр кæй арæх- сынц æмæ сæ фыдæбонæн хорз фæстиуджытæ кæй вæййы, уый дæр. Рæстæгæй-рæстæгмæ хайады сæр- гълæууæг Дзугаты-Мурасты Риммæйы мидисджын уацтæ ирон фысджыты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бакæсæн вæййы газеттæ «Рæстдзинад», «Се- верная Осетия», «Стыр ныхас», «Владикавказ», Æры- доны районы газет «Рухс»-ы. Нæ дзырдаивады дæснытæй Риммæ мидисджын чингуытæ, библиографион амонæнтæ æмæ буклеттæ ра- уагъта Гаджиты Георгийыл, Айларты Измаилыл, Куы- дзæгты Валодяйыл, Туаты Сергейыл, Абайты Амырха- ныл, Тедеты Георгийыл, Къадзаты Станиславыл. Æрæджы та йын рауагъдад «Литера»-йы рацыд чиныг зындгонд ирон поэт, тæлмацгæнæг Хозиты
Яковы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Риммæ йæ бирæ азты зæрдиаг удвæллойæн радта рæсугъд ном — «Зæрдæйы уидæгты поэзи». Чиныг райдайы йæ аразæджы разныхасæй. Уый фæстæ дзы бакæсæн ис Яковы ныййарджыты, йæ хæдзарвæндаджы тыххæй бæлвырд мидисджын ха- бæрттæ, поэты фыст уацтæ Къостайы, Владимир Маяковскийы, Джимиты Георгийы, Боциты Бароны, уыцы рæстæджы ирон литературæйы тыххæй. Яков цы рæстæджы цард æмæ фыста, уый ирдæй зыны йе ’мдзæвгæтæ æмæ эпиграммæты. Уыдонæй цалдæр бакæсæн ис ацы чиныджы. Уымæй уæлдай ма чиныг хорз сфидыдта ирон фысджыты хъуыдытæй, мыси- нæгтæй æдзард поэты тыххæй. Уыдон та ирдæй æв- дисынц, Яковы удыхъæд куыд хорз уыд, Ирыстонæн æй цы бирæ хæрзты бацауын фæндыд, стæй абон йе сфæлдыстадæн нæ литературон рæзты цы аха- дындзинад ис, уый. Уыцы æрмæджыты автортæ сты Мамсыраты Дæбе, Багаты Лади, Куыдзæгты Валодя, Яковы хо Оля, Тедеты Георги, Хозиты Барис, Къад- заты Станислав... Мурасты Риммæ йæ арæзт чиныгмæ бахаста, йæ рæстæджы Яков дунеон æмæ уырыссаг литера- турæйы классикты сфæлдыстадæй ирон æвзагмæ цы уацмыстæ ратæлмац кодта, уыдонæй дæр цалдæр. Ис ма дзы поэты тыххæй номарæн æмдзæвгæтæ. Ацы чиныг аразгæйæ, Риммæйы фарсмæ æрбалæууыд йе ’мкусæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Хуытъиаты-Айларты Зоя. Уый сарæзта Яковы уац- мысты, стæй йе сфæлдыстады тыххæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны газетты æмæ журналты мыхуыр- гонд æрмæджыты библиографион номхыгъд. Æмæ афтæмæй хаст æрцыд чиныгмæ. Ног чиныг «Зæрдæйы уидæгты поэзи» хорз сфи- дыдта Яковы цард æмæ сфæлдыстадон архайдыл с *г (^ЛЦВ §^) ^»
дзурæг къамтæй, стæй йæ уацмысты къухфыстыты къопитæй. Цы æрмæджытæ дзы ис, уыдонæй бирæтæ мыхуыры фыццаг хатт кæй цæуынц, ^ый тыгдæр ба- цымыдис кæндзæн чиныгкæсджыты. Иæ тираж у 200 экземпляры. Хорз ахъаз фæуыдзæн Хозиты Яковы сфæлдыстад иртасджытæн, ирон æвзаг æмæ литера- турæйы ахуыргæнджытæн, аспиранттæ æмæ студент- тæн. Йæ саразæгæн та нæ цаст уарзы ног сфæлдыста- дон æнтыстытæ. Сæрмагонд арфæйы аккаг у Челдыты Руслан — Яковы хистæр хо Оляйы лæппу. Цæсты гагуыйау бахъахъхъæдта, поэты сфæлдыстадон бынтæй ма цы баззад, уыцы æрмæджытæ. Чиныгаразæг ма бузныг зæгъы Хозиты Барисæн, Хозиты Таймуразы биной- наг Лидæйæн, Хозиты Алынбегæн, Тедеты-Хозиты Зæирæйæн, Цæлыккаты-Хозиты Асиатæн æмæ Хози- ты Махарæн.
Цъæхдзаст изæрты хъарм Чиныгуадзæн «Ир» литературæуарзджыты удвар- нæн ныр 95 азы стыр хæрзты цæуы. Дыууæминæм азты райдайæны та уадзын райдыдта хицæн чин- гуытæй нæ зындгонд поэтты æмæ прозаикты уац- мыстæ «Ирон поэзи» æмæ «Ирон прозæ»-йы серийы. Нырмæ дзы рухс федтой Цæгæраты Максимы, Бе- саты Тазейы, Гуырдзыбеты Блашкайы, Багъæраты Созыры, Токаты Алиханы, Къубалты Алыксандры, Плиты Грисы, Бестауты Гиуæргийы, Хостыхъоты Зи- нæйы, Гаджиты Георгийы, Хъодзаты Æхсары, Ходы Камалы сфæлдыстадон бынтæ. Фæлтæр рæзы, цард ивы, фæлæ нæ дзыллæ хъу- амæ зоной, уæлдайдæр фæсивæд, мадæлон æвзагæн, литературæйæн йæ курдиатæй стыр хæрзты чи бацыд, стыр хъомыладон, эстетикон нысаниуæг кæй сфæл- дыстадæн ис, йæ уацмысты царды цаутæ, фæлтæр- ты зондахаст чи æргом кодта, афтæмæй нæ удварны иумæйаг рæзтыл чи аудыдта, уыцы фысджытæ æмæ поэтты уацмыстæ. Ацы фидар æгъдау нæ халынц ра- уагъдады ныры разамынд æмæ кусджытæ дæр. Уый афтæ кæй у, уымæн хорз æвдисæн, æрæджы ам сери «Ирон поэзи»-йы мыхуыры кæй рацыд ны- рыккон ирон литературæйы классик, Цæгат Ирысто- ны адæмон поэт Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ- ты æмбырдгонд «Цъæхдзаст изæртæ». Чиныг сарæзта æмæ йын разныхас ныффыста рауагъдад «Ир»-ы сæй- раг редактор, филологон наукæты кандидат, Алыксан- дры сфæлдыстадмæ, фыццагдæр, зонадон цæстæй чи æркаст æмæ йын литературæ иртасыны уагыл аккаг аргъ чи скодта, уый — Тъехты Тамерлан. Поэттæ бирæ уыд æмæ ис, фæлæ дзы зынгæ фæд литературæйæ ног хъуыды зæгъджытæ, сфæлдыстадон æрыгон
фæлтæрæн фарны фæндагамонджытæ æрмæстдæр иуæй-иутæ вæййынц. Уыцы хорзæхтæй фæхайджын Алыксандр. Йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Арвæрдын» сси ивгъуыд æнусы 60-æм азты литературон фæлтæ- ры курдиатджын минæвæрттæн сæхи сæрмагонд фæн- даг ссарынæн, поэтикон «Æз» сфæлдыстадон дунейы æрфидар кæнынæн. Фæстæдæр, Джыккайты Шамил сæрыстырæй зæгъдзæн: «Мæ рæстæджы литературон фæлтæр рацыдысты Цæрукъаты Алыксандры «Арвæр- дын»-æй». Уыцы хъуыдымæ æрцæудзыстут, Алыксан- дры æвзæрст æмдзæвгæты чиныг "Цъæхдзаст изæртæ" кæсгæйæ дæр. Йæ саразæг йæ разныхасы дис кæны Алыксандры философон поэзийы фæлгъуызты алы- вæрсыгд зинады л. Мæнæ æркæсæм йæ уыцы поэтикон равджы фыст æмдзæвгæ «Зæрдæйы фæндæгтæм»: Зæрдæйы фæндæгтæ — Хурнывæст сырх тæгтæ. Уарзт, рæстад, фыдæхы Барæг сыл фæтæхы. Ацы рæнхъыты^ нын поэт æвдисы адæймаджы барæджы хуызы. Йæ царды фæндагыл цы бавзары «Уарзт», «Рæстад», «Фыдæх». Ацы удмидæгон утæх- сæнтæ æмæ фæзындтытæ адæймаджы зæрдæ кæ- нынц фæразон, хурнывæст сырх тæгтæй хайджын. Дарддæр та поэт рахизы «Удæртау сырх тæгтæм», «Хизынц доныл, артыл», «Судзин хидыл», «Кардыл». Æмæ, æппынфæстаг, свæййынц: Се ’мдзæуæг — хъысмæтæн Цард æмæ мæлæтæн. Æмдзæвгæ «Талынг мылазы» та нын Алыксандр æвдисы æрдзы фæзындтытæ æмæ адæймаджы архайд уыцы æрдзон тыгъдады. Æмæ нын нæ цæстытыл ау- айын кæны ацы ныв: Талынг мылаз сæумæйы рухсмæ тади, Рæхцыд ма зæхх йæ урспакъуы фынты.
Ныууарыд мит, уырагæрфæн æрбадти... Уыдтон: цæхгæрмæ рафæд кодтай ды. Дарддæр поэтæн йæ зæрдæйы сусæг æнкъарæнтæ — поэтикон дзырднывæстæй баст æрцæуынц саурæ- сугъд чызгимæ: Уыдтон: ныззылдтæ донисæн æрхытæм, Фæаууон дæ сыхæгты фæскау. Æз та лæгæрстон хъæууынгты дæргъырдæм, Нæ фæдтæ фесты дзуарæвæрд сынкау. Æмдзæвгæйы кæрон нын автор æмбарын кæны йæ уарзон чызгимæ рагон фембæлд — адджын æмæ рухс мысинаг йæ зæрдæйы къæсæрыл «зыны мысалгъæй дзуаркъахтау ныр дæр!» Алыксандр канд стыр поэтикон курдиаты хицау нæ уыд, фæлæ ма хорз зыдта æмæ æмбæрста, цы дуджы цард, уый комулæфт. Йæ миддуне æмæ зонд дунеон культурæ æмæ цивилизациты зонæнтæй æххæст хъ- æздыг кæй уыд, номдзыд философты æмæ нывгæн- джыты цардвæндагæн æмæ удварнон сгуыхтæн йæ поэзийы бынат кæй уыд, уый зыны йæ æмдзæвгæты — «Леонардо да Винчийы автопортрет», «Ныхас Ми- келанджелоимæ», «Гераклиты æндæрг», «Анахарсис Гречы». Ацы æмæ æндæр сфæлдыстадон жанрты фыст уа- цмыстæ бакæсæн ис Алыксандры æвзæрст уацмысты æмбырдгонд «Цъæхдзаст изæртæ»-йы. Йæ саразæг зæрдиагæй кæй бакуыста нæ литературæйы классикы поэтикон уацмысты чиныгыл, уый бæрæг у. Æмдзæв- гæтæ дзы дихгонд æрцыдысты хицæн циклтыл, стæй æмбырдгонды æвæрд сты хронологимæ гæсгæ. Номдзыд ирон поэт Цæрукъаты Алыксандры æмд- зæвгæты чиныг «Цъæхдзаст изæртæ», æнæмæнгæй, стыр æмæ æхсызгон лæвар у, ирон нуарджын дзыр- даивад ма зæрдæйæ æнкъарынхъом чи у, уыдонæн.
ИНТЕРВЬЮТÆ
Царды фæндæгтæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы хæзнадонмæ йæ зæрдиаг куыстæй аив æвæрæн бахаста зындгонд ирон фыссæг, публицист, тæлмацгæнæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Баситы Афанасийы (Симоны) фырт Михал. 50 азæй фылдæр лæггад кæны ирон аив дзырдæн, нæ дзыллæйæн. Хæстон лæгдзинады æв- дисæнтæ: ордентæ, майдантæй уæлдай хорзæхджын у нæ республикæйы уæлдæр хæрзиуæг — майдан «Ирыстоны намысæн»-æй. Нæ буц хистæр йæ кары бацыд. Фæлæ тæхуди- аг сты йæ зæрдæйы рæсугъддзинад, йæ диссаджы удыхъæд, йæ раныхасы æмбисонды хъæздыг, аив æмæ хæдбындур мадæлон æвзаг, ирон хæрзконд адæймаджы æууæлтæ! Æмæ куыд нæ хона йæхи амондджын ахæм адæй- маг, нæ Иры разагъды лæгты зонд æмæ уды хъар- мæй йæ царды мидæг чи фæхайджын! Æрыгон лæппу уæвгæйæ сын сæ алы ныхас дæр, стыр хæзнайау, йæ зæрдæйы арфы бавæрдта æмæ уыцы алæмæты мыси- нæгтæ абон лæвар кæны махæн, йæ кæстæртæн. Æрæджы йемæ фембæлдыстæм, æмæ нæм рауад ахæм ныхас. — Михал, цавæр уыдысты дæ фыццаг къах- дзæфтæ литературон, сфæлдыстадон куысты? — Фыццаджыдæр, мæ тырнындзинад сфæлдыста- дон куыстмæ райдыдта аивадон литературæмæ уар- зондзинадæй. Литературæ та мын бауарзын кодта мæ фыд. Уыди ахуыргонд лæг, каст фæци Æрыдо- ны дины семинар 1897 азы фыццаг рауагъдонтимæ. Ахуыргæнæндоны кæд дины кусджыты цæттæ код-
той, уæддæр равзæрста ахуыргæнæджы дæсныйад. Цалдæр азы бакуыста Тибы скъолайы, фæлæ ма йæ фæндыд дарддæр ахуыр кæнын, æмæ нæ хъæуккаг, алагираг лæппутæ Хъæрджынты Савели (Уæрæсейы адæмон артисткæ Хъæрджынты Варяйы фыд) æмæ Сохиты Дрисимæ ацыд Швейцаримæ æмæ æнты- стджынæй каст фæци Берны университет, райста ин- женеры дæсныйад. Фæстæдæр та ахуыр кодта Харь- ковы университеты ветеринарон хайады. Ирыстонмæ куы ссыд, уæд куыста ветеринарæй быдираг æмæ хо- хаг хъæуты. Мæ фыд стыр аргъ кодта Хетæгкаты Къостайæн. Йе ’мдзæвгæтæ йын зыдта æнæчиныгæй. Мах бирæ сывæллæттæ уыдыстæм (фондз хойы æмæ дыууæ æфсымæры). Чысыл куы фембаргæдæр стæм, уæд нæ зонгæ кодта нæ генион поэты сфæлдыстадимæ. Уыцы рæстæг банкъардтон не ’взаджы рæсугъддзинад. Скъолайы ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд уым та ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг уыд зындгонд рухстауæг, æхсæнадон кусæг, тæлмацгæнæг Зæнджиаты Бæбу. Тынг зондджын, фендджын лæг уыд, йæ адæмыл æнувыд. Бирæ хæрзты бацыд Иры- стонæн Советон хицауады рæстæг. Аргъуантæ куы хæлдтой, уæд зæрдиагæй бацархайдта, цæмæй Алаги- ры аргъуан хæлд ма ’рцæуа, хъахъхъæд дзы æрцæуой Хетæгкаты Къостайы къухæй конд зæдты, дзуæртты нывтæ. 1929 азы аргъуаны бæстыхайы сарæзта Æрдз- зонæн музей. Цымыдисаг æрмæгæй (уый у сæрмагонд ныхасы аккаг) йæ саив кодта, мæхицæн та мын бахæс кодта экспонаттæн æмбарынгæнæн фыстытæ саразын. Литературон куыстмæ дæр мæ Зæнджиаты Бæбу сразæнгард кодта. Хабар та афтæ рауад. Цæвиттон, мæ хистæр хо нæ хæдзармæ (Алагиры ма цардыстæм уæд) æрбахаста П. П. Ершовы фыст аргъау «Ко-
нек-горбунок». Æз æй тынг цымыдисæй бакастæн, мæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, æмæ мæ бафæндыд уацмыс ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын. Райдыдтон ыл кусын. Иу сæргонд дзы куы стæлмац кодтон, уæд æй Бæбуйæн равдыстон. Баййæфтон æй æмдзæвгæ фысгæ (диссаг мæм фæкаст, уæдмæ æз, æмдзæвгæтæ дæр кæй фыста, уый нæ зыдтон). Æмдзæвгæ фысгæй- æ-иу аивæй, кърандасæй ритм нысангæнгæйæ, дзы- рдта мæнæ ацы рæнхъытæ: Хъазынц сывæллæттæ ихыл, Хъулты къæрцц цæуы. Мит-митгæнаг бады хихыл Æмæ хъарæгæй кæуы. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй æмдзæвгæ хуынд «Зымæгон ныв». Уаты æрбахизæны мæ куы ауыдта, уæд бацин кодта. Мидæмæ рахиз, зæгъгæ, мын за- гъта. Лæмбынæг мæ фæфарста нæ хæдзар, бинонты хабæрттæй. Уый фæстæ йын радзырдтон, цы хъуыд- даджы фæдыл æм æрбацыдтæн, уый. Мæ фыст мын райста. Кæсгæ, кæсын та мæм-иу цыдæр цинхуы- зæй скаст. Каст куы фæци, уæд афтæ зæгъы: «Мæ мадыфсымæр (Баситы хæрæфырт уыдис), дæ куыст дарддæр ахæццæ кæн, мæ фиппаинæгтыл куы баку- сай, уæд дын хорз рауайдзæн». Мæ ахуыргæнæджы фæдзæхстытæ куы сæххæст кодтон, уæд æй бахастон Фысджыты цæдисмæ. Кон- сультантæй дзы уæд куыста зындгонд ирон поэт Гулуты Андрей. Мæ тæлмац мын куы бакаст, уæд мын афтæ, зæгъгæ, мæнæ дзы цалдæр фиппаинаджы скодтон, æмæ сыл куы бакусай, уæд æй чингуыты рауагъдадмæ радт. Сæйраг редакторæй дзы куыста Берозты Аслæмбег. Мæ тæлмац хицæн чиныгæй ра- цыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ, 1953 азы. — Аргъау «Къуыпрагъ æфсургъ» ирон æвзагмæ тæлмац кæнын куы райдыдтай, уæд дыл 14 азы йеддæмæ нæ цыд. Æнцон дæм каст ацы хъуыддаг?
— Æвæццæгæн, йæ оригиналон текст мæ зæрдæмæ афтæ тынг кæй фæцыд, уымæ гæсгæ уыцы рæстæг ууыл нæ хъуыды кодтон. Ныр ыл мæхæдæг дæр дис кæнын. Ацы хъуыддаджы мын мæ хистæрты цæсту- арзон ныхас æмæ æххуыс тынг фæахъаз сты. Сæ фæрцы мæ куыст фæцыд адæмы зæрдæмæ. Тæлмацы текстыл бæстонæй бакуыстон, афтæмæй йæ дыккаг хатт рауагъдадмæ бацæттæ кодтон. Диссаджы аив æмæ цымыдисаг нывтæ чиныгæн сарæзта рухсыба- динаг Хъуылаты Галинæ. Рæсугъд фæлгонцгондæй чиныг рацыди фарон, 2007 азы. — Дæхи фыст прозаикон уацмысты тыххæй та цы зæгъдзынæ? — Мæ радзырдтæ æмæ новеллæтты фыццаг æм- бырдгонд хуынд «Лæгæй — лæгмæ» (Орджоникидзе: Ир, 1964 аз). Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг цы тугкалæн хæстыты уыдтæн, цы æвирхъау цаутæ федтон, мæ хæстон æмбæлттыл цы радзырдтæ фæ- фыстон, уыдон мыхуыры рацыдысты ацы чиныджы. Уацау «Хæдзарвæндаг» (Орджоникидзе: Ир, 1971 аз) — мæ дыккаг чиныг, фыст у советон адæмы цар- дыл, сабырдзинад, уарзт, уды сыгъдæгдзинадыл... Советон хицаудзинады фыццаг азты Ирыстоны цы историон цаутæ æрцыд, ног цард нæ зæххыл куыд фидар кодта, уый тыххæй ныффыстон чиныг «Æр- фæны фæд» (Орджоникидзе: Ир, 1978 аз). Хæстон мысинæгты бындурыл ныффыстон дыууæ уацауы: «Тохы зарæг» æмæ «Зæрдæты дугъ». Иумæй- аг чиныгæй рацыдысты мыхуыры 1983 азы. Удыхъæды сыгъдæгдзинады, моралон хæзнаты, удхъомысы хæрзты фарстатыл фыст уыд мæ уацау «Зноны рухс». Æхсæнады, бинонты, фæсивæды цар- дæн наркотиктæ, хъæбæр нозт цы зиан хæссынц, уый тыххæй фыст у мæ иннæ повесть «Рын» (дыууæ уац- мысы дæр чиныгæй рацыдысты 1989 азы).
Рæстæгæй-рæстæгмæ мæ радзырдтæ, очерктæ, ли- тературон-критикон уацтæ вæййынц журнал «Мах Дуг»-ы. 1941-1945 азты нæ хæстонтæй немыцмæ уа- цары чи бахауд, уыдоны хъизæмайраг царды хабæрт- тыл фæрыст мæ зæрдæ. Уыдоны тыххæй та рацыд мæ уацау «Фыдвæд, фыдномы тымыгъты» (журнал «Мах дуг», 2003 аз, №№ 5, 8). — Кæм дæ æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст? — Уыцы бонты советон хæстонтæ мæлæтимæ фæр- сæй-фæрсмæ цыдысты, фæлæ уæддæр Уæлахиз нæ къухы бафтыд. 1939 азы мæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Службæ кодтон Дард Хурыскæсæны Æфсæнвæндæгты сæрмагонд хидаразæн æфсæд- дон батальоны. Фæстæдææр мæ арвыстой Иркут- скы авиацион-техникон училищæмæ. Каст æй куы фæдæн, уæд кусынмæ ацыдтæн Омскмæ, æфсæддон тæхджыты авиацион училищæмæ. Уалынмæ райдыд- та Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Омскы нæ хæстонтæй сарæзтой сæрмагонд полкъ, арвыстой нæ фронтмæ Харьковы бынмæ. Куйбышевы горæты та арæзтой, нæмыг кæм нæ хызт, ахæм хæдтæхджытæ. Цалдæр дзы райстæм нæ авиацион полкъæн. Хæцыдыстæм Воронежы, Сталинграды, Украинаг 3-аг, 1-аг фронт- ты. 1945 азы Берлинмæ ма нæ 50 километры хъуыд, афтæ мæ къах уæззау цæф фæци, æмæ бахаудтæн го- спитæлмæ. Мæ дохтыр — одессæйаг сылгоймаг. Тынг лæмбынæг мæм каст, бæстон мæ-иу фарста ме ’нæ- низдзинадæй. Иуахæмы йын афтæ зæгъын: «Нæхи- мæ мæ Уæрæсемæ арвитут». Уый не сразы, дæ цæф нæма байгас, зæгъгæ, æмæ дын рафыссæн нæма ис. Дæ къахы стæг тынг хъыгдард у. Дæ ацыдыл фæсмон кæндзынæ, æмæ мæм байхъус. Æз йæ ныхæстыл не сразы дæн, мæхи фæнд атардтон, æмæ мæ рафыстой. Дыууæ къуырийы фæдæн полынæйаг горæт Ченста-
ховы госпитæлы. Уым фембæлдтæн ирон лæппуйыл, йæ мыггаг Дойатæй. Уыд медицинон службæйы лей- тенант, кæрæдзийыл тынг бацин кодтам. Æз нæхи- мæ авд азы нæ уыдтæн æмæ йæ лæмбынæг фарстон Ирыстоны царды хабæрттæй. Дойы-фырт мын æхсыз- гонæй радзырдта, Ирон театры кæй равдыстой Дза- найты Иван æмæ Епхиты Тæтæрийы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Къоста». Сæйраг ролы дзы хъазыд Цæгат Ирыстоны адæмон артист Таутиаты Солæман. Мæ райгуырæн зæхх тынг мысыдтæн, æмæ-иу лæп- пуйы ныхæстæм мæ цæссыг мæ рустыл æруад. Уый фæстæ ма фæдæн Мæскуыйы, Калинины госпитæл- ты. Мæ цæф куы байгас, уæд ссыдтæн Ирыстонмæ (цыд мыл 26 азы). — Хæсты фæстæ дæ цард, де сфæлдыстадон фæн- даг цæмæй райдыдта? — 1948 азы кусын райдыдтон Алагиры районы газет «Раздзог»-ы редакцийы. Цалдæр азы дзы акуыстон, стæй мæ раивтой газет «Æрыгон 6олыиевик»-ы редак- цимæ (абон газет «Слово»). Бирæ рæстæг дзы нæ ба- куыстон, афтæмæй мæ раивтой газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ (уыцы рæстæджы дзы сæйраг редакторæй куыста Челæхсаты Аслæнджери, дæсны журналисттæ Мыстулаты Дзантемыр, Æгъуызарты Геор, Бæдоаты Алисолтан, Хуымарты Хъамболат, Гагкайты Дзибис, Бутаты Тотырбег, Цъæхилты Женя, Андиаты Мæхæ- мæт). Куыстон журнал «Мах дуг»-ы (прозæ, драма- турги æмæ поэзийы хайады сæргълæууæгæй), альма- нах «Литературная Осетия»-йы бæрнон секретарæй. — Дæ фыд хæларæй цард зындгонд революцио- нер, публицист, зынгæ æхсæнадон кусæг Дзасохты Гигоимæ. Сæ хæлардзинады тыххæй ма нын бæл- вырддæр радзур... — Мæ фыд Гигоимæ хæларæй цард, стæй нын хæ- стæг дæр æййæфта (йæ бинойнаг уыд Баситы Габейы чызг Мария, дохтыр). Ныр цы хæдзары цæрын (иу
рæстæг дзы царди Гиго йæ бинонтимæ), уый у Га- бейы, уыдонæй йæ балхæдтам мах. Гиго ахуыр код- та Æрыдоны дины семинары, стæй Хъазаны дины академийы. Бабæстон кодта Къостайы литературон бынтæ, уыд йæ фыццаг биограф. Уыдис ын иунæг фырт Барис, хъæбатырæй фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Уый размæ куыста газет «Социалисти- ческая Осетия»-йы партион хайады сæргълæууæгæй. Баззад ын чызг Эммæ, уымæн та — лæппу, цæры Мæскуыйы. Куыд нæ хæстæг, афтæ Гиго мæ фыдæн балæвар кодта йæхи къам мæнæ ацы ныхæстимæ: «Зынаргъ Симонайæн. Дзасохты Гиго, 1903 аз». Фæнды ма мæ иу цымыдисаг цау радзурын, мæ хистæртæй йæ фехъуыстон. Цæвиттон, нæ разагъды лæгтæ Æмбалты Цоцко æмæ Зæнджиаты Бæбу ацыдысты Лабæмæ, Къоста- мæ рынчынфæрсæг. Иæ уатмæ йын куы бахызты- сты, уæд сæ фендмæ йæ зæрдæ æрбауынгæг æмæ йæ сынтæджы зынтæй рабадт. Æмбæрста йæ, фæстаг хатт ма сæ кæй уыны, æмæ йæ цæссыг нал баурæд- та... Уазджыты зæрдæтæ дæр суынгæг сты, ныфсытæ йын æвæрдтой. Къоста йæхи фæхъæлдзæг кодта, йæ уазджытæй фæбузныг, кæй йæ бабæрæг кодтой, уый тыххæй. Йæ хо Олгъа сæ тынг бабуц кодта. Иннæ хабар та афтæ уыд. 1907 азы Баситы Миха (хæсты хъæбатыр, ахуыргæнæг Баситы Чабæханы фыд) æмæ Æмбалты Цоцко уыдысты уазæгуаты зын- дгонд уырыссаг фыссæг Лев Толстоймæ Ясная По- лянæйы. Уый сыл тынг бацин кодта, сбуц сæ кодта. Фынгыл сын йæ бинойнаг Софья Андреевнæ æрæв- æрдта нозт, хуыргаркæй конд лывзæ. Ирон лæгтæ йæм кæй æрцыдысты, ууыл тынг дис кодта фыссæг, уæ зæрдыл та куыд æрлæууыдтæн, зæгъгæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй Л.Н. Толстой фæстаджырдæм сæхицæй ацыди. Поезды æррынчын, с^ (^1§г2ф1 <Г~^)ц-*
æмæ йын йæ дзыппы цы æфсæнвæндаджы билет ссардтой, уым фыст уыди: «Конечная остановка — станция «Владикавказ». Банхъæлæн уыдис, уазæгу- аты йæм кæддæр цы дыууæ ирон лæджы уыдысты, уыдон фенын æй кæй фæндыд. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, Зæнджиаты Бæбу Тол- стойы роман «Воскресение» ирон æвзагмæ куыд тæл- мац кодта, уый. Хъыгагæн, тæлмацы текст фесæфт, куы йæ æрцахстой, уæд. Ирыстонæн бирæ хæрзты бацыд Бæбу. Зæрдиагæй йæ фæндыд кæстæрты ахуыр кæнын. Цъæйы сана- торийы арæзтадыл дæр бафыдæбон кодта, адæмæн сарæзта фадæттæ, цæмæй дзы тархъæнæй рынчынтæ сæхи дзæбæх кæной. — Æмбалты Цоцкойы лæгæй-лæгмæ зыдтай. Цавæр адæймагæй баззадис дæ зæрдæйы? — Ирон лæг, йæ фæлгонц, йе ’гъдау æмæ уаг цавæр хъуамæ уой, уый æз базыдтон Цоцкойы номимæ. Уый- иу уыдис Ленинграды (В. Ф. Миллер æй аласта, ирон æрмæгæй йын æххуыс кодта йæ диссаджы «Ирон-уы- рыссаг-немыцаг дзырдуат» аразынмæ). Стæй В. Ф. Миллер куы нал уыди, уæд та йын йæ куыстытæ дарддæр кодта. Ленинградæй-иу куы ссыди Цоцко, уæд-иу Æры- донмæ ныццыд фыццаг, дыккаг бон та-иу Алагирмæ ссыди. Нæ размæ-иу къулрæбын бандоныл æрбадт (махæй гыццыл уæлдæр царди Зæнджиаты Бæбу) æмæ-иу кæнæ мæн, кæнæ ме ’фсымæры арвыста, цу-ма Бæбуйæн зæгъ, Цоцко дæм æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ (ныр, дам, мæхæдæг хæдзармæ куы бацæу- он, уæд бинонтæ фынджы æгъдау кæндзысты, æмæ сæ нæ тыхсын кæнын). Фæлæ йæм-иу Бæбу рацы- ди, фæцинтæ-иу кодтой кæрæдзиуыл, стæй-иу æй уæддæр сæхимæ ахуыдта. Æмæ уæд Бæбуимæ иумæ кæнæ иунæгæй Нармæ ныццыдис. Цоцко-иу йæ дза-
быртæ раласта æмæ цъындаты бацыдис Леуаны хæд- зармæ — ахæм нымд, ахæм аргъ кодта Къостайæн. Сау ыл дардта æмæ йæ хил нал ныддаста суанг йæ амæлыны онг. — Дæ хæлæрттæй арæхдæр кæй æрымысыс? — Стыр хъыгагæн, бирæтæ дзы се ’цæг дунемæ ацы- дысты. Фæлæ уыдонæй арæх æрхъуыды кæнын Ар- дасенты Хадзыбатыры. Уый, куыд фыссæг дæр æмæ критик дæр, уыд махæн не ’ппæтæй бирæ фендджын- дæр, фæлтæрдджындæр (уæд «Мах дуджы» куы- стон), уыд цæстуарзон, æрхъуыдыджын. Йæхи та, раст цыма не ’мгар уыди, афтæ дардта. Стыр хъыга- гæн, хæрзæрыгонæй ацыд не ’хсæнæй Хадзыбатыр. Ахæм лæгтæ хъуамæ бирæ цæрой. Тынг хæларæй цардыстæм Гиреев Девлетимæ. Куыста ЦИПУ-йы ахуыргæнæгæй, фæлæ уыцы-иу рæстæг уыдис аль- манах «Литературная Осетия»-йы редактор дæр. Æнæууылд ныхас схауа йæ дзыхæй — никуы! Ахæм æгъдауджын æмæ æфсæрмдзæст уыди Девлет. Стæй балымæн стæм бинонтæй дæр. Цæрынхъуагæй мæрд- тæм бацыд. Мæ зæрдæ йыл тынг фæрыст. Баззад ын чызг æмæ лæппу. Чызг мæ æрæджы бабарæг кодта. Токаты Асæх уыди мæ цæсты кадджын хистæр, фыссæг, ирон лæг, цæстуарзон адæймаг. Кæрæдзийы æмбæрстам. Лымæнæй цардыстæм Цæголты Василиимæ, сфæл- дыстадон æгъдауæй кæрæдзийæн ахъаз кодтам. Тынг æхсызгон мын у, йæ фырт Олег дæр литературон, сфæлдыстадон куыст кæй кæны. Арæх фæныхас кæ- нæм йемæ. Нæ мæ рох кæны ме ’рвылбоны царды дæр, уæлдайдæр та — бæрæгбæтты. Мæ зæрдæмæ хæстæг уыдис курдиатджын поэт æмæ литературон критик Гаджиты Георги. — Ирон литературæ, æвзаг абон цы уавæры сты? — Сæ уавæр бынтон бæллиццаг нæу. Йæ аххосаг та о ^и (мш! шфш^ЛЛя^втш^с^ о
уый мидæг ис, æмæ мадæлтæ сæ сывæллæттæм нæхи æвзагыл нæ дзурынц. Æрыгон фæлтæрæй бирæтæ фæсарæйнаг æвзæгтæ хуыздæр зонынц сæхи ’взагæй. Сфæлдыстадон куыст чи кæны æрыгæттæй, уыдонæн сæ фылдæр уырыссагау фыссынц. Æз сæ ныхмæ нæ дæн, фæлæ мæм ацы хъуыддаг раст нæ кæсы. Цæ- мæн? Уымæн æмæ национ литературæ хъуамæ рæзгæ кæна, афтæ куы нæ уа, уæд та мæлгæ кæны. Цæмæй рæзты фæндагыл уа, уымæн та фæахъаз уыдзысты рæзгæ фæлтæр, нæхи æвзагыл чи фыссы, ахæм кур- диатджын поэттæ, прозаиктæ... Бузныг, Михал! Нæ фæззæг кæддæриддæр бæркадджыи вæййы Ирыстоны номдзыд адæмы райгуырæн бонтæй. Не ’рмæджы хьайтар дæр, ирон аив дзырды зæрин- гуырдтæй иу, Баситы Михал райгуырд 15 октя- бры, Иры номдзыд хьæбул Хетæгкаты Кьостаи- мæ баиу йæ райгуырæн бон. Райс нын нæ зæрдиаг арфæтæ, нæ буц хистæр! Нæ зынаргь Михал! Дæ зонды бæркад, дæ зæрдæйы хьарм макуы байсысæнт. Ирон адæмы зæрдæтæм цинхæссæг дæ дæ аив уацмыстæй æмæ æнæнизæй, зæрдæрух- сæй дæ сæдæ азы рындзæй сæрбæрзондæй, уæнгро- гæй акæс! Ныхас ныффыстой Хæллаты Азæ æмæ Гасанты Валери, «Владикавказ», № 77 2008 азы, 10 октябръ. <: 02М
Хъуамæ алы ирон хæдзарæй дæр хъуыса ирон дзырд Нæ дзырдаивады къæбицмæ стыр æмæ бæр- кадджын хуынтæ чи хæссы, йæ зæрдæйы табуйаг хорзæхæй Иры дзыллæйæн лæггад чи кæны, уый у зындгонд фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, жур- нал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Дзасохты Музафер. Æрæджы йемæ не ’хсæн рауад ахæм ныхас: — Дæумæ гæсгæ, цы у къонайы хъарм? — Къонайы хъармæн стыр нысаниуæг уыдис нæ фыдæлтæм. Хистæр-иу фæлмæн ныхас кодта йæ кæ- стæримæ, уæд æм-иу мæ къонайæ дзырдта. Мæ къона акæнай, цу-ма, мæ къона, уыцы хъуыддаг мын сараз. Къона уыдис нæ фыдæлты артдзæст. Хъарм кæцæй цыди, бинонтæ-иу сæхи кæдæм тавтой, уыцы бынат. Æмæ-иу къонайæ фæздæг куы нал калди, уæд уыцы хæдзар уыд æнамонд, æлгъыст хæдзар. Къонайæ рухс куы кæла, арт дзы куы судза, уæд уый дзурæг у бинонты амондыл. — Цæмæй нæ Иры къона хъарм уа, уый тыххæй цы бакæнын хъæуы? — Алы дугæн дæр йæхи цæлхдуртæ вæййы. Цæ- мæй фидæнмæ нæ фæндаг лæгъз уа, уый тыххæй йын йæ цæлхдуртæ асыгъдæг кæнын хъæуы. Махæн та нæ цæлхдуртæ асæй стырдæр сты, бæрцæй — фыл- дæр. Цæмæй нæ Иры къона хъарм уа, уый тыххæй хъуамæ алы ирон хæдзарæй дæр хъуыса ирон дзырд. Уым та ирон фарн нæ бамынæг уыдзæн, ирон фарн цы бындуртыл æнцайы, уыдон фидар уыдзысты. Цæмæй нæ къона, чи дзы цæры, уыдоны тава, уый тыххæй хъуамæ æппæты фыццаг зона йе ’взаг. Мах
Хуыцауыуарзон адæм стæм. Уымæн æмæ нын балæв- ар кодта хъæздыг æвзаг, æгъдæуттæ, нæ диссаджы Нарты кадджытæ. Æз æй алы хатт дæр фæзæгъын, махæн цы диссаджы эпос ис, уый æндæр адæммæ куы уаид, уæд дзы сæрыстыр уаиккой. Абон та йæ нæ кæстæртæ нæ зонынц, хъыгагæн. Æз æй алкæддæр фæзæгъын, Нарты кадджытæ хъуамæ ахуырдзаутæ скъолаты ахуыр кæниккой, иннæ предметтæ куыд ахуыр кæнынц, афтæ. 1946 азы Нарты кадджытæ хицæн чиныгæй куы рацыдысты, уæд сыл ирон адæм тынг фæхæлоф кодтой, стыр хæзнайау сæ æлхæдтой æмæ сæ кастысты сæ кæстæртæн. Нарты кадджытæ лæг куы фæкæсы, уæд æм афтæ фæкæсы, цыма ны- ртæккæйы дуджы цæрынц нарты хъæбатыртæ. Уыцы хæзнатимæ сабитæ рагбонты куы нæ базонгæ уой, уæд сын уый фæстæ зындæр вæййы. Стыр хъыга- гæн, ныртæккæ фæлтæртимæ бастдзинад фехæлди. Æмæ уый фæстæмæ йæ гаччы куы сбадид, уæд æй фæлтæртæм адæттиккам. — Дæхæдæг та уыцы хъуыддагыл куыд архайыс? — Ирон æвзаг цæмæй нæ сомбонмæ адæттæм, ууыл нæ журнал «Ногдзау»-ы кусджытæ зæрдиагæй архайынц. Ацы журнал кæстæртæ сæхи æвзагыл кæсынц. Махæн та йæ рæстæджы ахæм журнал нæ уыдис. Мах цыфæнды ирон ныхасыл дæр цин код- там, уæлдайдæр мыхуыргонд ныхасыл. Уымæн æмæ ирон чиныг нæ, фæлæ, цæуыл фыстаиккам, ахæм гæххæтт дæр нын нæ фаг кодта. Æз ма йæ хорз хъ- уыды кæнын, иухатт мæм æрбахауд брошюрæ «Куыд æрзайын кодтам нартхоры хъæздыг тыллæг?» Йæ ав- тор уыд Социалистон Фæллойы Хъæбатыр Четойты Барис. Æмæ йæ æхсызгонæй кастæн. Ныртæккæйы кæстæртæ та фæхицæн сты сæ ирон æвзагæй. Ны- ронг-иу афтæ дзурын нæ бон уыдис, ныййарджытæ 0 ^З ^МмфгДфбдфиММ^ И-^ 0
сæ кæстæртæм иронау дзурæнт, зæгъгæ, фæлæ ныр ныййарджытæ дæр ирон æвзаг нал зонынц. Фæлтæр- тимæ бастдзинад кæй фехæлди, уый стыр зиан æр- хаста нæ абонæн. Ноджы стырдæр зиан та æрхæсд- зæн нæ фидæнæн. — Ды, куыд сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор, афтæ ма зæгъ, ныртæккæ ирон сывæллæтты литературæ цы уавæры ис? — Иумæйагæй ирон литературæ цы уавæры ис, уыцы уавæры бахауд сывæллæтты литературæ дæр. Сывæллæттæн ма мæнæ иу цалдæрæй фыссынц æмæ бирæ фæцæрæнт. Фæлæ тынг зын зæгъæн у, цы уавæры уыдзæн фидæны, уый. Уый тыххæй æмæ, иронау чи фыссы, уыдоны нымæц къаддæрæй-къад- дæр кæны. Нæ фысджытæ та сæ фылдæр сты хи- стæр фæлтæры минæвæрттæ. Нæй дзы, фондз æмæ ссæдз азы, æртын азы кæуыл цæуы, ахæм æрыгæт- тæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ æппындæр куы нæ уал фыссой иронау, уымæй тынг тæссаг у. Сывæл- лæтты æмæ хистæрты литературæ æмхуызон æгуыд- зæг уавæры ис. — Цæмæй къуырцдзæвæнæй раирвæза ирон сы- вæллæтты литературæ, уый тыххæй цы бакæнын хъæуы? — Æппæты фыццаг йæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ скъолаты æппæт предметтæ нал ахуыр кæнынц иронау. Мæ фæлтæр æмæ мæнæй хистæртæ æппæт предметтæ дæр ахуыр кодтам æстæм къласы онг иронау. Уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæй фæ- стæмæ. Суанг ма Советон Цæдисы Конституци мах æвдæм къласы ахуыр кодтам иронау. Ныртæккæ та Конституци нæ, фæлæ Уæрæсейы гимн дæр нал ахуыр кæнынц скъолаты. Ахæм диссаг никуы фед- тон. Æмæ мæнæ исты спортивон ерысты рæстæг гимн 0 ^11. (шпим Ди2у7«Я§ М») I ^ 0
куыд фæзарынц, уый мæм диссаг кæсы. Æвæццæгæн æй сæрмагондæй сахуыр кæнынц. Уæрæсейы Ахуы- рады министрад уыцы хъуыддагмæ йе ’ргом куыд нæ здахы, уый мæм диссаг кæсы. Скъоладзау куыд нæ хъуамæ ахуыр кæна æмæ зона Уæрæсейы гимн æмæ Конституци дæр?! Сывæллон æхсæз, авд азы онг йæ бинонты ’хсæн иронау фæдзуры. Куыддæр скъоламæ бацæуы, афтæ йæ ирон æвзагæй фæиппæрд кæнынц, æмæ æппæт предметтæ дæр, ирон æвзагæй фæстæмæ ахуыр кæны уырыссагау. Уырдыгæй цæуы алцыдæр. Зæгъæм, æз мæхæдæг авд къласы фæдæн нæ хъæуы — Красногоры. Астæуккаг скъола нæм нæма уыдис, æмæ Николаевскæйы станицæмæ цыдыстæм нæ хъ- æуæй. Уым æз ирон æвзаг нал фехъуыстон. Ныртæ- ккæ ма уырыссаг скъолаты ахуырдзауты дæр иронау дзурын кæнынц, фæлæ сæ хъуыддагæй ницы уайы. Фæсарæйнаг æвзæгтæ та хорз зонынц. Иронау дæр ахуыр кæнынц, фæлæ дзы иу дæр йæ мадæлон æвзаг нывыл нæ зоны. Афтæ хъуамæ ма уа! Фæлæ хъуамæ зона, цы æвзаг ахуыр кодта, уый. — Дæ зæрдæ цы зæгъы Ирыстоны дзыллæйæн, нæ кæстæртæн? — Ирыстон цæмæй фæрнджын уа, ууыл архайæнт се ’ппæт дæр. Не ’взагыл куы нæ уал дзурæм, не ’гъ- дæуттæ куы сæмхæццæтæ кæнæм, уæд ма чи уыдзы- стæм?! Къоста хуымæтæджы нæ фыста: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?» Ныртæккæ уыцы ныхæстæ, мæнмæ гæсгæ, тынгдæр ахадынц. Стæй ма дзы иу хъ- уыддаг та уый ис, æмæ нæ фæсивæд сæ тыхы куы ба- цæуынц, уæд дунейы алы кæрæтты апырх вæййынц. Къоста та фыста: «Иугай ныййистæм, ныууагътам нæ бæстæ, — Фос дæр ма афтæ ныппырх кæны сырд»... Æмæ Къостайы рæстæджы сæ нымæц бирæ нæ уыди, стæй, кæд цыдысты, уæд — Америкæмæ, Канадæмæ.
Уыдон уыдысты дæсгæйттæ, сæдæгæйттæ. Ныр та мингæйттæй цæуынц. Æмæ, ардыгæй чи ацæуы, уы- донæй Ирыстонæн пайда нал вæййы. Уымæн æмæ сæ цот свæййынц, цы бæстæйы цæрынц, уыцы æвзагыл дзурджытæ. Мах та ацы ран къаддæрæй-къаддæр кæндзыстæм, æндæр æвзагыл чи дзуры, уыдоны ны- мæц та кæндзæни фылдæрæй-фылдæр. Кæй фæнда, уый йæ райгуырæн уæзæгыл дæр куыст ссардзæни. Зын у нæ фæсивæдæн, æмбарын сæ, фæлæ дæ фы- дыуæзæгæй дæхи æнæхай кæн, уый раст нæу. Ацы фарстатæ сты нæ алкæмæн дæр хъуыдыйаг. — Бузныг, Музафер. о>(^^2г19 »11Г),^о
Агънаты Гæстæн: «Фыссæг - царды рæстдзинадыл тохгæнæг» Царды æмæ æхсæнады цы цаутæ цæуы, уыдон сты дуджы æмæ адæмы удыхъæд æвдисæг. Рæ- стæджы айдæны адæмы, нæ дзыллæйы цæсгом куыд зыны, уый та æвдисы аивадон литературæ. Уымæ гæсгæ, йæ рæзт сæйрагдæр кæуыл æнцайы уыдон сты фысджытæ æмæ поэттæ. Ирыстоны литерату- рон процессы змæлдæн дзуапдæттæг у сæйрагдæр нæ республикæйы Фысджыты цæдис. Фарон, 28 но- ябры, уыд йæ уæнгты радон съезд. Æмæ уым ацы сфæлдыстадон организацийы ног сæрдарæй æвзæрст æрцыд РЦИ-Аланийы адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Агъ- наты Гæстæн. Иæ бæрнон куысты, фыццаджыдæр, йæ размæ цавæр хæстæ æвæры, уый базоныны тыххæй æрæджы йемæ фембæлд газет «Рæстдзинад»-ы уа- цхæссæг Гасанты Валери. Æмæ се ’хсæн рауад ахæм ныхас: — Гæстæн, дæ ног куысты бынаты дæ размæ, фыццаджыдæр, цавæр хæстæ æвæрыс? — Ацы бынат у иттæг бæрнон. Цы хæстæ мыл ис, уыдон та сты нæ адæмы удварны рæзтимæ æмæ ирон литературæйы цардхъомысимæ баст. Куы кусай, куы змæлай, уæд алы ран дæр ис бирæ саразинаг хъуыд- дæгтæ. Куы нæ архайай, уæд та дæ куыстæй æнтыст- мæ ма æнхъæлмæ кæс. Хъыгагæн, фыссæгæн, фæстаг рæстæг куыд нæ бæстæйы. афтæ Ирыстоны дæр фаг аргъ нал уыд. Уæвгæ та хъуамæ фыссæгæн уа стыр кад. Уымæн æмæ уый у адæмы хъæлæс, рæстдзина- ды тырысахæссæг, адæмы сæрвæлтау хъуамæ цæттæ уа йæ цард радтынмæ дæр. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта,
уæд тохы быдырмæ цы ирон фысджытæ æмæ поэт- тæ ацыдысты, уыдон уыдысты сæдæйæ фылдæр. Сæ фылдæр сæ къонатыл нал сæмбæлдысты. Фыссæг алы ран дæр у раздзæуæг, тырысахæссæг. Фæстаг рæстæг нæ Цæдисы куыст бынтон нывыл уагыл æв- æрд нæ уыд. Уыцы уавæры бахаудыстæм нæхæдæг нæхи аххосæй. Уымæн æмæ йе сраст кæнын дæр нæ- химæ кæсы. Нæ хъæлæс куы нæ хъуыса, размæ куы нæ цæуæм, уæд куыд? Æнцад бад æмæ фысс, уый дæр æвзæр нæу, фæлæ фыссæгыл ма ис йæ адæмы раз бæрн дæр. Зæгъæм, Иры нæртон хъæбул Къоста, гениалон поэт кæй уыд, канд уымæй не сси æнусмæ мысинаг, фæлæ йæ дзыллæйы сæрыл тохæй дæр. Йе сфæлдыстад сæрысуангæй уыд йæ цардимæ нæ дзыл- лæиæн нывонд. Йæ ном не ’хсæн кадджын, Хуыцауы æмсæр уымæн у. Æмæ мæ зæрдиагæй фæнды, цæмæй нæ дзырдаивады зиууæттæ абон дæр цæуой йæ зон- ды æмæ рухс хъуыдыты фæндагыл. Фыссæджы хъæлæс цæмæй адæммæ хъуыса, уый аразгæ у нæ бæстæйы, нæ республикæйы разамын- дæй. Дзырдаивады дæснытæм цы цæстæнгас дарынц, уымæй. Æмæ мæнæн мæ бон зæгъын у, ацы бынаты кусын куы райдыдтон, уæдæй фæстæмæ нæ респу- бликæйы Хицауад нæ Цæдисмæ йе ’ргом тынг рап- пæлинагæй раздæхта. Æххуыс нын кæнынц, сæ бон цæмæй у, уымæй алцæмæй дæр. Æз сæ уый тыххæй тынг разы дæн. Бузныг сын. Мæнмæ афтæ кæсы, нæ республикæйы разамынд æмæ мах фысджытæ, кæрæдзи куы æмбарæм, уæд нæ адæмы размæцыдыл дæр хуыздæр æмæ хъомысджындæрæй архайдзы- стæм. — Кæд ацы бæрнон бынаты бирæ рæстæг нæма кусыс, уæддæр нырмæ дæ къухы цы бафтыд, уый тыххæй ма радзур. — Мах нæ Цæдисы равзæрстам правленийы уæнгты.
Семæ кусæм бæлвырд фæткмæ гæсгæ, цæмæй нæ ор- ганизацийы куыст йæ уагыл сæвæрæм. Нæ дзырдаи- вады дæснытæй бирæтæн алы аз дæр вæййы юбилей- тæ. Мах хъуамæ нæ литературæйы раздæры зиууæтты æмæ абон нæ поэттæй æмæ фысджытæй не ’хсæн чи ис, уыдоны хъуыды кæнæм. Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз бæрæг кæндзыстæм Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы юбилей. Мах амондджын адæм стæм, уый хуызæн фарнтауæг лæг нæм кæй уыди, уымæй Нæ алыварс цы адæмтæ ис, уыдонæй нæм бирæтæ хæлæг дæр ма кæнынц. Уымæн æмæ махæн ис тырыса, стъалы, Хуыцауы æмсæр — Къоста. Æмæ ацы аз, уыимæ дарддæр дæр, нæ архайды сæйраг мад- зæлттæ баст уыдзысты йæ фарнимæ. Мæн фæндид, цæмæй мæйы, кæнæ къуырийы бонтæй иу схонæм Къ- остайы номæй. Æмæ уыцы бон, хорз уаид, æмæ скъо- латы, уæлдæр æмæ астæуккаг ахуырады ардзæстыты арæзт цæуой Къостайы номимæ, цæмæй сфæлдыста- димæ баст алыхуызон мадзæлттæ. Уыдоны фæрцы та ноджы лæмбынæгдæр (канд йæ номарæн æмæ юби- лейон бонты нæ, фæлæ) ахуыр кæниккам йæ гениалон сфæлдыстадон бынтæ, уый фæрцы та нæ бон уаид, йæ адæмæн Къоста цы хæрзты цыд, цы хуызы йæ фæндыд ирон адæмы уынын, уый хуыздæр æмæ ар- фдæр бамбарын. Ацы кадджын юбилейы фæдыл æз ныхас кодтон Уæрæсейы Фысджыты цæдисы сæрдар Николай Ивановимæ. Цæмæй юбилейон мадзæлтты рæстæг нæ бæстæйы Фысджыты цæдисы разамынд, йæ уæнгтæ Ирыстонмæ ссæуой, æмæ немæ архайой нæ номдзыд поэты номарæн мадзæлтты. Ныридæгæн уал Мæскуымæ арвыстам нæ Цæдисы куысты пълан. Уыдон æм æркастысты. Æмæ дзы цы хæстæ сæвæрд- там нæ размæ, уыдон банымадтой хорзыл. Уымæй уæлдай, нырмæ сæм нæ куысты тыххæй цы æрмæг
æрвитæм, уый æвæрынц сæ сайты дæр. Фæнды нæ Николай Ивановимæ баныхас кæнын, цæмæй уый та нæ фæндон рахæсса Мæскуыйы хицауады размæ Къостайæн нæ бæстæйы сæйраг горæты фæзтæй иуы цыртдзæвæн сæвæрыны тыххæй. Бакусдзыстæм ма йемæ ууыл, цæмæй поэты райгуырды 160 азы юбилей бæрæггонд æрцæуа Цæгат Кавказы республикæты дæр. Мæскуыйы нæ поэтæн цыртдзæвæн сæвæрынæн та нæ æхца æмбырд кæныны тыххæй, мæнмæ гæсгæ, хъæуысæрмагонд фонд саразын. Уырдæм нæ Цæди- сы разамынд дæр цæттæ у йæ мызды цавæрдæр хай æрвитыныл. Къостайы юбилей нæ æнæмæнгæй, хъ- æудзæн Хуссар Ирыстоны цæрджытимæ, интеллиген- цийы минæвæрттимæ, фæсивæдимæ сбæрæг кæнын. Уымæн æмæ нын Къоста у иумæйаг, нæ иугæнæг, нæ фарны лæг. Сæрмагондæй юбилей кадджынæй сбæрæг кæныны тыххæй ныридæгæн арæзт æрцыд организацион комитет. Йæ разамонæг у РЦИ-Ала- нийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Йемæ иумæ ацы комитеты уæнгтæ кусынц, цæмæй Къостайы но- марæн мадзæлттæ ацæуой нывыл, уæрæхæй, куыд нæ республикæйы, афтæ Мæскуыйы дæр. Мæнмæ гæсгæ, хорз уаид, æмæ уæдмæ Къостайы уацмысты чингуытæ ногæй рауадзыныл дæр куы ба- цархаиккам. Аив æмæ рæсугъд куыд уой, афтæмæй дзы лæвар кæнын нæ бон куыд уа, юбилеймæ нæм цы бирæ уазджытæ ссæуа, уыдонæн, стæй ма нæ адæ- мæн дæр. Ныртæккæ нæм скъолаты, уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты цы фембæлдтытæ æмæ тематикон изæртæ вæййы, уыдон сты Къостайы но- мимæ, йæ юбилейимæ баст. Къостайы 160 азы юбилейæ уæлдай ма ацы аз сæ юбилейон райгуырæн бонтæ сты ирон фысджытæй æмæ поэттæй иуæндæс æмæ ссæдзæн. Не ’хсæн сæ чи нал ис æмæ абон æгас чи у, уыцы фысджытæн, по- о ^ (С^223; »^ Ц-о
эттæн-юбиляртæн сæ цард æмæ сфæлдыстадыл ны- хас цæудзæн сæрмагонд литературон изæрты, фем- бæлдтыты рæстæг, радио, газеттæ, журналты... Архайæм, не ’хсæн чи нал ис, уыцы зындгонд ирон фысджытæ цы хъæуты райгуырдысты, уым сын сæ ном сæнусон кæныныл. Уымæ гæсгæ æрæджы уыдыстæм фыссæг Бицъоты Грисы райгуырæн хъæу — Ставд-Дурты. Ныхас кодтам хъæуы бынæт- тон хиуынаффæйады администрацийы разамынди- мæ, цæмæй се ’мхъæуккаг фыссæджы ном радтой Ставд-Дурты уынгтæй иуæн. Афтæ ма ныхас кодтам Заманхъулы хъæуы бынæттон хиуынаффæйады ад- министрацийы разамындимæ дæр, цæмæй уыдон та бацархайой ацы хъæуæй рацæуæг Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Чеджемты Æхсары æмæ йе ’фсымæр, поэт, публицист, драматург Георы ном сæнусон кæ- ныныл дæр. Ахæм хуызы ныридæгæн кад скодтам нæ иннæ зындгонд поэттæ Цæрукъаты Алыксандрæн (йæ райгуырæн Хъарман-Сындзыхъæуы йæ номыл ис уынг), Дзаболаты Хазбийæн (кæм райгуырд, уым — Ногхъæуы Культурæйы хæдзарæн радтой йæ ном). Нæ дзырдаивады дæснытæн сæ амæлæты фæстæ сæ нæмттæ кад æмæ рады бынаты æвæрыныл дарддæр дæр кусдзыстæм. — Ирон литературон сфæлдыстады нырма фыц- цаг къахдзæфтæ кæныныл чи архайы, уыцы рай- дайгæ фысджытæ æмæ поэттимæ та цавæр куыст кæндзыстут? — Æрыгон автортæн, фысджытæн, поэттæн се ’сфæлдыстадон куысты рæзтæн æххуыс кæнын кæд- дæриддæр нæхицæн стыр хæсыл нымайæм. Уымæн æмæ нæ литературæйы фидæн уыдоны къухты ис. Æмæ сæ хъæуы раст фæндагыл аразын, æххуыс сын кæнын. Цæмæй литературæ бауарзой, йæ жанрты || * I ми ДиД^С*1иД| "Л ■ *"
сæхи фæлварой æдæрсгæйæ. Уыцы нысанимæ нæ цæдисы ис æрыгон авторты секци. Йæ разамонæг у зындгонд поэт, газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уа- цхæссæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Касаты Батрадз. Йæ фыццаг æмбырды секцийы уæнгтæ æрныхас код- той æрыгон поэттæ Габолаты Зауыр æмæ Баситы Зæ- линæйы сфæлдыстадыл. Литературон-аивадон хуы- зы, критикон цæстæнгасæй секцийы сæрдар Касаты Батрадз æркаст сын сæ алкæй æмдзæвгæтæм дæр. Цæстуарзонæй сын бацамыдта сæ хорздзинæдтæ æмæ аиппытæ. Уæдæ, республикæйы районты цы курдиатджын фæсивæд ис, уыдонмæ сфæлдыстадон куыст кæны- ны, литературæйы теорийы сусæгдзинæдтæ сын амо- ныны тыххæй сарæзтам республикæйы районты газетты редакциты цур æрыгон авторты иугæндтæ. Сæ уæнгтимæ та кусдзысты, куыд редакциты, афтæ Фысджыты цæдисæй æрвыст минæвæрттæ. Ахæм фембæлд ныридæгæн æрыгон автортимæ уыд Горæт- гæрон районы газет «Фидиуæджы» редакцийы. Йæ саразыныл тынг зæрдиагæй махимæ иумæ бацар- хайдта районы газет «Фидиуæджы» сæйраг редактор, УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт ку- сæг Дзебойты Регинæ. Фембæлдмæ цы æрыгон ав- тортæ, райдайгæ поэттæ æмæ фысджытæ æрбацыд, уыдонæн цымыдисаг ныхас уыд литературон-сфæл- дыстадон куысты тыххæй нæ Цæдисы минæвæрт- тимæ, зындгонд фысджытæ æмæ поэттимæ. Ахæм фембæлдтытæ ма араздзыстæм республикæйы æппæт районты газетты редакциты дæр. Æхсызгонæй ма мæ бафиппайын фæнды уый дæр, æмæ рæхджы, Кæ- сæг-Балхъары уырыссаг æвзагыл цы альманах цæуы «Литературная Кабардино-Балкария», уым мыхуы-
ры рацæудзысты не ’рыгон фысджытæ æмæ поэттæй цалдæры уацмыстæ. Мидисджын разныхас сæм ныф- фыста филологон наукæты кандидат, чиныгуадзæн «Ир»-ы сæйраг редактор Тъехты Тамерлан. Уымæй уæлдай ма бацæттæ кодтам æрыгон автортæн сæ по- этикон, прозаикон, драматургон уацмысты иумæйаг æмбырдгонд. Разныхас ын ныффыста æмæ дзы чи- ныгмæ хаст алы авторы уацмысы тыххæй бæлвыр- дæй æрдзырдта филологон наукæты кандидат, УФ- йы æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Хозиты Барис. Æрыгон фыссæг кæнæ поэт, литературæйы тео- рийы фарстатæ цæй мидæг сты, уый куы нæ зона, йе ’мсис хæлæрттæй йын æххуысгæнæг куы нæ уа, уæд йæ ныфс асæтты. Уый тыххæй та хъæуы, цæ- мæй æрыгон поэт кæнæ фыссæгмæ уа сæрмагонд ахуырад. Уый тыххæй та Мæскуыйы ис А.М. Горь- кийы номыл литературон институт. Уый кæддæрид- дæр уыдис фысджыты, поэтты сфæлдыстадон æр- мдзæф æхсидæг артдзæст. Ахуыр дзы кодтой йæ рæстæджы Ирыстонæй бирæ дзырдаивады суинаг дæснытæ. Фæстаг ссæдз азæй фылдæр уырдæм нæ республикæйæ ничи ацыд ахуырмæ. Ацы институт- мæ райдайгæ автортæн фæндаг ногæй байгом кæны- ныл дæр бацархайдзыстæм. Кæй фæнда æрыгон ав- тортæй уым ахуырад райсын, уыдонæн цæттæ стæм баххуыс кæнынмæ. Уæдæ Дзæуджыхъæуы дæр ис цалдæр литературон иугонды æрыгон автортæн, æмæ уыдонимæ дæр Цæдисы уæнгтæ кусдзысты, амондзы- стæм сын литературон сфæлдыстады сусæгдзинæдтæ. — Нæ Фысджыты цæдисæн бæстæйы æмном ор- ганизациимæ дарддæр йæ бастдзинæдтæ фидар кæ- ныныл цы хуызы архайдзынæ? — Нæ бæстæйы Фысджыты цæдисимæ нын ис хорз
ахастдзинæдтæ. Зæгъæм, искуыдæм районтæм сфæл- дыстадон балцы куы фæцæуæм, уæддæр нын хъæу- ты æмæ районты цæрджытимæ цы фембæлдтытæ вæййы, уыдоны тыххæй æрмæг арвитæм Уæрæсейы фысджыты цæдисы сайтмæ. Æмæ нæ куыст Интер- неты фæрцы дæр зонгæ у дзыллæтæн. Алы мæй дæр нæ фысджытæ æмæ поэттæ, æхсæнадон ар- хайджытæ культурæ æмæ аивады кусджытимæ иумæ цæуынц республикæйы хъæутæм. Уым æмбæлынц сæ цæрджытæй алы кары минæвæрттимæ, бакæсæм сын сæ уацмыстæ, ныхас фæкæнæм царды æмæ æхсæ- нады, ирон æгъдæуттимæ баст фарстатыл, ирон ли- тературæйы рæзтыл, фысджыты уацмыстыл. Уыцы балцытæ аразæм РЦИ-Аланийы Культурæйы мини- страдимæ. Зæгъæм, мартъийы ахæм фембæлд сараз- дзыстæм Джызæлы. Ныридæгæн æм нæхи цæттæ кæнæм Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæй- ады администрацийы культурæйы хайады хицау Ту- аты Мæдинæйы лæмбынæг хъусдардæй. Ахæм фем- бæлдтыты фæрцы адæм æмæ дзырдаивады дæснытæ, аивады кусджытæ кæрæдзимæ æнгомдæр кæнынц, кæрæдзийы хуыздæр æмбарынц. Афтæ куы уа, уæд та цæрын дæр æнцондæр уыдзæн. Уæдæ нын ныридæгæн фидар бастдзинæдтæ ис Кæсæг-Балхъары Фысджыты цæдисимæ. Æрæджы йæ сæрдар Муталиб Беппаевимæ иумæ фембæлды- сты уыцы республикæйы сфæлдыстадон интелиген- цийы минæвæрттимæ. Фæнды нæ, цæмæй, кæсгон æмæ балхъайраг æвзагыл дзы цы журналтæ цæуы, уыдоны нæ ирон фысджытæ æмæ поэттæн сæ уа- цмыстæ ныммыхуыр кæнын (сæхи æвзæгтæм тæл- мацгондæй). Мах та ацы сыхаг регионы фысджыты уацмыстæ ныммыхуыр кæндзыстæм ирон æвзагмæ тæлмацгондæй журнал «Мах дуджы» . Уыцы хуызы ^^»227 О : •
ма нæ зæрды ис, Цæгат Кавказы иннæ республикæты Фысджыты цæдистимæ дæр хæлар ахастдзинæдтæ æмæ сфæлдыстадон æмгуыстад сног кæнын. — Хуссар Ирыстоны Фысджыты Цæдисимæ та уе ’мгуыстад цы хуызы араздзыстут? — Ирыстоны национ литературæ иу куыд у, хи- цæнгæнæн ын куыд нæй, раст афтæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны фысджытæн дæр сæ хæстæ, нæ дзыллæйы фарнæн, сты иумæйаг — ирон адæмы иу- дзинадыл архайын, ирон æвзаг æмæ литературæйы рæзтыл кусын. Рæхджы нæ фæнды Цхинвалы фем- бæлын сæ Фысджыты цæдисы уæнгтимæ, интелли- генцийы æндæр минæвæрттимæ, æрныхас кæнын ирон чиныджы ныртæккæйы уавæрыл. Уымæй уæл- дай ма нæм Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисимæ ис иумæйаг куысты бирæ фæндтæ, æмæ сæ æххæст кæныныл архайдзыстæм. Нæ зæрды ис, Хуссар Иры- стоны Фысджыты цæдисы сæрдар, фыссæг, поэт, ахуыргонд, филологон наукæты кандидат Хъазиты Мелитонæн йæ 70 азы юбилей сбæрæг кæнын. Кæд ын уыцы юбилей хъуамæ фарон сбæрæг кодтаик- кам, фæлæ бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ, уый къухы нæ бафтыд, уæддæр ацы аз Мелитонæн — нæ ли- тературæйы, зонады æвæллайгæ зиууонæн-æгъдау радтæм. Ахæм хуызы ма кад кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны дзырдаивады иннæ дæснытæн. — Фысджыты цæдисы цур арæзт æрцыд ау- дæг совет. Йæ размæ цавæр хæстæ сæвæрдта, уый тыххæй ма нын радзур. — Ацы советы уæнгтæ сты нæ республикæйы кадджындæр адæм. Сæ ныхасы уæз кæмæн ис, сæ хъуыддæгты та фарн, ахæмтæ. Йæ сæрдар у Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты хайады сæргълæууæг,
историон наукæты доктор, профессор Хетæгкаты Къ- остайы номыл паддзахадон премийы лауреат Цыбыр- ты Людвиг, ЦИПУ-йы президент, историон наукæты доктор, профессор, академик Мæхæмæтты Ахуырбег, инæлартæ Баситы Будзи, Сихъоты Сослан, амалхъ- омтæ Агънаты Георги, Мæрзойты Тамерлан, Цыбы- рты Кахабер, Казаты Димитри, Лалыты Лев, Уататы Зелим, Æгъуызарты Руслан, РЦИ-Аланийы Хицауа- ды сæйраг консультант Бигъуылаты Людмилæ. Уы- донæй алчидæр архайы, цæмæй Ирыстоны адæм уой фæрныг æмæ цардхъом. Ныридæгæн нæ Цæди- сæн баххуыс кодтой бирæ цæмæйдæрты. Бузныг се ’ппæтæн дæр. — Кæдфæнды дæр нæ республикæйы литерату- рон-аивадон журналтæ уыдысты Фысджыты Цæ- дисы бæрны. Ныр аззадысты æрмæстдæр РЦИ-А- ланийы мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты æвджид. Уый дæм бынтон раст кæсы? — Литературон журналтæ кæдфæнды дæр уыды- сты Фысджыты цæдисы оргæнтæ. Сæ сæйраг редак- торты дæр сын уыцы Цæдис æвзæрста, уыдоны ны- хасмæ гæсгæ-иу æй сæвæрдтой, журналты редакциты чи куыста, уыдон дæр. Фысджыты цæдисимæ уыды- сты æнгом баст. Уæвгæ ныр дæр нæ ирон фысджы- ты, поэтты уацмыстæ мыхуыр кæнынц. Фæлæ афтæ уайы, цыма литературон журналтæм фысджытæ ницы бар дарынц, кæрæдзимæ дард сты. Цæмæн афтæ у? Уымæн æмæ журналтæн Фысджыты цæдис æхца нæ дæтты, уыцы хъомыс æм нæй. Фæлæ мыхуыры цæуынц республикæйы мыхуыры æмæ дзыллон ком- муникациты комитеты финансон æххуысы руаджы, уымæ гæсгæ редакцитæ сты сæ бæрны. Уый хъуа- мæ афтæ уа. Фæлæ хорз уаид, литературон журнал- ты редакцитæ Фысджыты цæдисы бæрны дæр куы 0 ^14 (ми §|229я§1 1Иу' ^-О
уаиккой. Уымæн æмæ дзы мыхуыр кæнынц ирон фысджыты уацмыстæ. Редакциты кусджыты сфæл- дыстадон тæлфт комкоммæ баст у нæ литературæимæ аивадимæ, нæ культурæимæ. Æмæ нæ Цæдис, мы- хуыры республикон комитет, журналты редакцитæ хъуамæ уой иумæ æнгом. Иумæ хъуамæ лыг кæнæм нæ литературæйы, журналты хъысмæтимæ баст фар- статæ. Уæд нæ куысты бæркад дæр уыдзæн, стæй кад дæр. — Фысджытæ, поэттæ сæ ног уацмыстæ фыццаг адæмы рæгъмæ рахæссынц литературон журнал- ты æмæ периодикон мыхуыры фæрцы. Уый фæ- стæ сæ фæндаг цæуы чиныгуадзæнмæ. Кæд абон Ирыстоны бирæ хирауагъдæдтæ ис, уæддæр рагæй — æрæгмæ ирон фыссæджы уацмыстæ чингуытæй уадзыны хъуыддагыл зæрдиагдæрæй, биноныг- дæрæй архайдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон рауагъдад «Ир». Уымæ гæсгæ уын йемæ цавæр ног бастдзинæдтæ ис, цавæр сфæлдыстадон фæнд- тæ уадздзыстут царды? — Рауагъдад «Ир»-ы кусын райдыдтой ног раза- монджытæ. Йæ директор у зындгонд журналист, мыхуыры къабазы фæлтæрдджын кусæг Таутиаты Хъазыбег, сæйраг редактор — филологон наукæты кандидат, УФ-йы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг Тъехты Тамерлан. Кæрæдзи хорз зо- нæм, цалдæр хатты сæмбæлдыстæм, ныхас кодтам ирон чиныджы хъысмæтыл, йæ абоны бынат æмæ уавæрыл æхсæнады. Ныр иумæйаг тыхтæй нæ бон архайын уыдзæн, суанг республикæйы Хицауады æмвæзадыл, цæмæй ирон чиныджы уавæр фæхуыз- дæр уа, хæццæ кæна библиотекæтæм, хъæуты æмæ районты цæрджытæм, уæлдæр æмæ астæуккаг скъ- олатæм. Фыссæг уацмыстæ куы фысса, чингуытæй
сæ куы уадза, фæлæ адæммæ куы нæ хæццæ кæной, уæд чиныг мард у, фыссæджы архайд, йæ тухæн — дзæгъæлы. Уымæ гæсгæ, рауагъдад «Ир»-ы цы чингуытæ цæуа нæ литературæйы классиктæн, нæ дуджы поэттæ æмæ фысджытæн, уыдонæн сæрмагон- дæй Фысджыты цæдисы араздзыстæм, руагъдадимæ иумæ. презенацитæ, чиныгкæсджыты конференцитæ, диспуттæ ног чингуыты фæдыл. Уыцы фембæлдтытæ фæнд кæнæм, куыд Фысджыты цæдисæн йæхи ми- дæг, афтæ библиотекæты дæр аразын. Ахæм хуызы нæ фæнды ирон чиныджы рухс фидæныл архайын. Паддзахадон чи нæу, уыцы рауагъдæдты цы чин- гуытæ рацæуы, уыдон фылдæр хатт аивадон литера- турæмæ ницы бар фæдарынц. Аивадон литературæйы кæцыфæнды уацмыс дæр чиныгæй рацæуыны агъом- мæ хъуамæ цæуа æвзæрст æхсæнадон-сфæлдыстадон уагыл. Алы фыст æрмæг чиныгæй рауадзынмæ кæй нæ бæззы, уый рæстæг равдыста. Уый хъуамæ дзуапп дæтта адæймаджы аивадон-эстетикон, этикон, удвар- ны домæнтæн. Хона йæ рухсмæ, æууæндын æй кæна царды бæллиццаг фидæныл, адæймаг та алы дæр чиныгæй хъуамæ иса удæнцойдзинад, хъæздыгдæр кæна йæ уд, зонд æмæ зæрдæ. Чиныг у хотых, æмæ дзы хъæуы раст пайда кæнын адæймаджы удварн æмæ миддуне хъæздыгдæр кæныны хъуыддаджы. — Дæ арфæтæ Ирыстоны дзырдаивады дæс- нытæн, чиныгкæсджытан, рухсадон артдзæстыты минæвæрттæн цавæр уыдзысты? — Цы куыст кæнæм, уый баст у библиотекæти- мæ, хъæуты æмæ горæтты рухсадон артдзæстыти- мæ, ахуырады æмæ наукæйы, культурæйы, Национ ахастдзинæдты министрадимæ. Уымæ гæсгæ дарддæр дæр архайдзыстæм нæ литературæйы, не ’взаджы, нæ дзыллæйы удварны иумæйаг рæзтыл. Ныр та мæ буз- ^^»23,10 : ■
ныг зæгъын фæнды сæрмагондæй нæ республикæйы Хицауадæн, нæ Фысджыты цæдисы цур иудадзыг ку- сæг аудæг советы уæнгтæн. Мæнмæ гæсгæ, дарддæр дæр куы архайæм, уæд, нæ размæ цы хæстæ сæв- æрдтам æмæ æвæрæм, уыдон царды рауадзын нын бантысдзæн. — Бузныг, Гæстæн! о ^=1 (^м §|2о2)
Къонайы фарн æгъдауæй цæуы Литературæиртасæг, публицист Хозиты Ба- рисыл сæххæст 60 азы. Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университетыл цалдæр мæйы размæ сæххæст 95 азы. Уый ссис стыр фарны бæрæгбон канд, чи дзы кусы, уыдонæн нæ, фæлæ æгас адæмæн дæр. Нæ рухсад æмæ ахуырады артдзæсты фыццаг къ- ахдзæфтæ акодтой нæ разагъды лæгтæ, дзырдаива- ды дæснытæ, ахуырады сæрхъуызойтæ æмæ æхсæ- надон архайджытæ. Рагæй-æрæгмæ дæр нæ сæйраг университет æмæ газет «Рæстдзинад»-ы журналистты ’хсæн уыдис фидар бастдзинæдтæ. Ирыстоны фарны сæраппонд иу æмæ дыууæ хъуыддагæн амидингæнæг нæ уыдысты газет æмæ университеты кусджытæ. Фи- дарæй нæ уырны, канд абон нæ, фæлæ фидæны дæр афтæ кæй уыдзæн, уый. ЦИПУ-йы фæстаг азты конд æрцыдысты бирæ хорз хъуыддæгтæ. Уыдон цард æмæ уæлдæр ахуырады тыгъдады ауагътой фидар уидæгтæ. Абон университет дæр æмæ æгас Ирыстон дæр сæрыстыр кæмæй у, уыцы ахуырадон къабазыл нымад цæуы ирон филологийы факультет. Фæстаг фондз азы йын разамынд дæтты Уæрæсейы Федера- цийы культурæйы сгуыхт архайæг, доцент, филоло- гон наукæты кандидат Хозиты Барис. Æрæджы йæ æрбахуыдтам нæ редакцимæ, æмæ дзуапп радта нæ уацхæссæджы цалдæр фарстæн. — Барис, зындгонд куыд у, афтæмæй ирон фи- лологийы факультет нæ дзыллæйæн хуымæтæджы ахуырадон кусæндонæй бирæ фылдæр у, æмæ нæ ныхас дæр иучысыл уæрæхдæр рауайдзæнис. Уæв- фга&ОЛ*#
гæ, ирондзинады артдзæстæн йæ хæстæ дæр уæрæх- дæр кæй сты, уый дызæрдыггаг никуы уыдис, æмæ дæ уымæ гæсгæ бафæрсынмæ хъавын: уыцы æппæт хъуыддæгтыл куыд æххæссут? — Нæ факультетыл цалдæр мæйы фæстæ сæххæст уыдзæн 90 азы. Уыцы стыр бæрæгбонмæ цæугæйæ, азфысты сыфтыл мæ цæст куы ахæссын, уæд дисы бацæуын: цал фæлтæры дзы куыста, цас адæм дзы ахуыр кодта. Уыимæ, цыфæнды уæззау фæлварæнтæ куы лæвæрдта, уæддæр йæ хæстæ ивгæ никуы код- той. Ирон хайад кæнæ-иу факультеты сæргъы чи лæууыдис, уыдон се ’ппæт дæр æнкъардтой уыцы стыр бæрны уæз. Афтæ уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ Дзанайты Иван æмæ Багаты Никъа- лайы рæстæджы, афтæ уыд фæсхæсты Туаты Уæл- гъайы дуджы, афтæ уыд Тахъазты Харумы, Гуыри- аты Тамерланы, Цæллагты Владимиры, Къомайты Риммæйы, Тахъазты Валерийы æмæ Джыккайты Шамилы заман дæр. Афтæ у ныр дæр, æмæ афтæ уыдзæн, факультеты сæргъы чифæнды куы ’рлæууа, уæддæр. Пушкин хуымæтæджы нæ фыста, традици паддзахæдты уд кæй у, уый. Махæн дæр нæ куыры- хон хистæртæй цы хорз æгъдæуттæ æмæ традицитæ баззад, уыдон зынаргъ сты, уымæн æмæ нæ «къо- найы рæхыс» уымæй у фидар. Уымæ гæсгæ, абон мæ фарсмæ чи кусы, уыдонимæ иумæ нæ иумæйаг хат- дзæг ахам у: æвналæн сæм нæй, бафтауæн ис! Уый афтæ у, фæлæ царды мидис бирæвæрсыг у, æмæ ис- тæмæй куы батыхсæм, уæд та, куыд хуыздæр бакæ- нæм, уымæй бафæрсæм на буц хистæртæ Джусойты Нафи, Тахъазты Харум, Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ Хъантемыраты Римæйы. Хæрз æрæджы дæр ма нын ахæм зондамонæг уыдис Гуыриаты Тамерлан (рухсаг уæд). Цыфæнды хъуыддаджы дæр нæ фарсмæ æрба-
лæууынц нæ рауагъдонтæ. Æдзухдæр æнкъарæм нæ университеты разамынды æххуыс дæр. . — Иугæр дæхæдæг къонайы кой скодтай, уæд ма нын æй фæбæлвырддæр кæн, къонайы хъарм куыд æмбарыс, уый. — Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæм иу рæ- стæг бакувынц бынæттæн. Сæрызæд, Сафа æмæ Бынаты хицаумæ. Сæрызæд хъахъхъæны адæймагæн йæ уд, Бынаты хицау — бынæттæ. Сафа та — къо- найы бæркад, къонайы хъарм æмæ фарн. Уыдонæн сæ сæйрагдæр у къонайы бардуаг. Æмæ нæ къонайы алыварс амондджын бинонтæ фылдæр куыд уа, ахæм амонд нæ уæд. Къона æмæ къонайы рæхыс ирон адæмæн сты уаз нысантæ. Царды уаг рæстмæ чи æрвиты, ахæм нысантæ. Къонайы алыварс хъуамæ цæрой рæстуд адæм, цæстуарзон адæм, раст зонд кæмæ ис, ахæмтæ. Æмæ сын уæд Хуыцау дæр сæ куывд исдзæнис, сæ амонды хай дæр сæхи уыдзæ- нис. — Цæмæй нæ Иры къона хъарм æмæ райдзаст уа, уый тыххæй цы хъæуы? — Цæмæй на Иры къона хъарм уа, уый тыххæй хъуамæ ирон адæм кæрæдзи æмбарой. Лыстæг хъуыд- дæгтыл сæ тыхтæ ма хардз кæной, фæлæ, нæ нацийы размæ цы сæйраг хæстæ, хъуыдытæ ис, уыдон æххæст кæной. Абоны заман нæ къона у дыууæ дихы. Уыцы дихтæ хъæуы баныхасын. Дыууæ Ирыстоны абон уа, райсом, уæддæр хъуамæ баиу уой, æндæр гæнæн нын нæй. Æмæ уыцы хъуыддагыл хъуамæ куса алы ирон дæр. Уымæн æмæ уыцы фарста у нæ национ хъуы- дыйæн йæ ахсджиагдæр хай. Махæй уæлдай йæ ничи алыг кæндзæн. Дунейы нæ алыварс цы цаутæ цæуы, уыдон глобализацийы аххосæй æрцыдысты. Куы акæсæм, уæд пырхгонд æрцыдысты Цæгат Африкæ, о ^ (^3^235 §1Г) ,ц-о
Астæуккаг Ази, Сири, Афганистан... Нал дзы адæм бæрæг ис, нал — паддзахад. Æмæ адæм кæрæдзи ма- рыныл систы. Мах та, нæ фыдæлты руаджы раджы баиу стæм Уæрæсеимæ, æмæ нæ адæм дæр хъуамæ баиу уой. Уымæй ахсджиагдæр фарста нæй. Плиты Грис кæддæр раст загъта, фыццагдæр, дам, хъуамæ баиу уæм зæрдæтæй, удæй, стæй уæд арæнтæ афтæ вазыгджын нал уыдзысты. Æрæджы Хуссар Ирысто- ны Президент Тыбылты Леонид рахаста уынаффæ, цæмæй Хуссар Ирыстон дæр хуыйна Аланыстон. Уый у иу вазыгджын къахдзæф. Дыккагæй та — хъуамæ баиу уæм. Æмæ хуыйнæм Республикæ Ирыстон-Ала- ныстон. Æмæ нын уæд нæ алыварс адæм дæр фыл- дæр аргъ кæндзысты. Дыууæ Ирыстоны Фысджыты цæдистæ баиу сты. Афтæ не ’ппæт дæр хъуамæ хæст уæм иудзинады зондыл. — Дæхæдæг та ууыл куыд архайыс? — Раздæр дæр, университеты аивæдты факульте- ты деканæй ма куы куыстон, уæддæр-иу дзырдтон, Ирыстон Цæгат æма Хуссарыл ма дих кæнут, уымæн æмæ нæ адæм иу сты, зæгъгæ. Æмæ, куыннæ, лæппу курдиатджын куы уа, уæд Ирыстонæн йæ кæцы хайæ у, уый сæйраг нæу. Нæ студенттæ-нывгæнджытæн, актертæн сæ фылдæр хай уыд Хуссар Ирыстонæй. Уыцы азты чи схъомыл ис, уыцы фæсивæд ныртæ- ккæ Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны Ныв- гæнджыты цæдистæн дæр сты сæ 60 проценты. Иры- стон никуыдæм æрвыста лæппуты, чызджыты, æхца сыл нæ хардз кодтой, фæлæ мæнæ нæхи университе- ты фæрцы райстой уæлдæр ахуырад. Уыцы рæстæг нæ ректор уыд Мæхæмæтты Ахуырбег. Уый бирæ хъарутæ бахардз кодта, цæмæй аивæдты факультет уа. Æмæ йын абон дæр уый тыххæй бузныг зæгъ- ын. Махæн дæр æхсызгон куыннæ вæййы, дардæй о ^ I (штт |Д36^ИМ1») С=^ О
нæ нæ раздæры студенттæ куы базонынц æмæ нын арфæтæ куы фæкæнынц, уæд. Нæ бон цы уыди, уы- мæй сын æххуыс кодтам, æрвыстам сæ алыхуызон равдыстытæм. Хæрз æрæджы та ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Куыдзойты Анжелæимæ уыдыстæм Хуссар Ирыстоны паддзахадон универси- теты ирон филологийы факультеты æмæ баныхас код- там, цæмæй дыууæ факультеты ахуыргонд советтæ иумæйаг æмбырдтæ аразой, уый тыххæй. Уæд кæрæд- зимæ хæстæгдæр уыдзыстæм, ирзонынадыл чи кусы, уыдон хъуамæ кæрæдзимæ æввахсдæр уой. Уæд сæ куысты фæрæзтæ дæр фылдæр кæндзысты. Зæгъæм, Хуссары куы аразой ирон æвзаджы чиныг, уæд хъу- амæ Цæгаты та кусой литературæйы чиныгыл. Уый фæдыл скæнæн ис иумæйаг редакцитæ, цæмæй иу- мæйаг куыст хуыздæр цæуа. Зæгъæм, Тахъазты Ха- рум æмæ Гæбæраты Никъала иумæ цалдæр чиныджы ныффыстой ирон æвзагæй. Мамиаты Изетæ æмæ Хъ- азиты Мелитон та сарæзтой ахуыргæнæн чингуытæ ирон литературæйæ. Уыцы дæнцæгтæ хъуамæ суой, йæ пайда фылдæр кæмæн уа, ахæм хъуыддæгты сæрæвæрæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы адæймаг дæр, цы бынаты ис, уым куы архайа, уæд йæ къухы фылдæр бафтдзæнис. Махмæ нæ факультеты ис сту- денттæ Хуссар Ирыстонæй дæр. Ис нæм уырдыгæй æртæ аспиранты. Уыдон дæр сæ ахуыр куы фæуой, диссертацитæ куы бахъахъхъæной, уæд ацæудзысты æмæ кусдзысты Ирыстоны хорздзинадæн. — Ирон æвзаджы уавæр нæ литературæйы рæзтыл куыд ахады? — Нæ мадæлон æвзаджы уавæр тынг ахады нæ литературæйы рæзтыл. Уымæн æмæ уыдон кæрæдзи- имæ сты æнгом баст. Æвзаг у алцæмæндæр йæ рахæ- 0 * и (««II мп^23^^^^™) С^ О
цæн. Уыцы хъуыддаджы фæдыл мах, ирон факультет, тынг бирæ кусæм Ахуырад æмæ наукæйы министра- димæ. Уæдæ нæ республикæйы Сæргълæууæджы цур цы къамис ис ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй, уым дæр тынг хорз хъуыддæгтæ арæзт цæуы. Огъуа- ты Алан ма Ахуырад амæ наукæйы министрады сæр- гъы куы лæууыдис, уæд фæндон бахастам, цæмæй сбæлвырд кæнæм, республикæйы рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæн ирон æвзаг амоныны уавæр куыд у, уый. Мах бабæрæг кодтам цыппар районы æмæ се ’ппæтæй дæр нæ зæрдæтæ барухс сты. Урокты дæр уыдыстæм, сабитимæ дæр ныхас кодтам. Зæгъæм, Æрыдоны суанг уырыссаг сывæллæттæй дæр бирæтæ дзурынц иронау. Уыцы хъуыддаг мах кодтам Парламентимæ, сæр- магондæй та йæ раздæры сæйраг консультант Каса- ты Батрадзимæ. Ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй та арæзт æрцыд конкурс рæвдауæн- дæтты хъомылгæнинæгты ’хсæн. Уыдон ерыс кодтой ирон поэтты æмдзæвгæтæ аив кæсынæй, ирон æвза- гыл спектаклæй скъуыддзаг хуыздæр равдисынæй. Сæ уындæй мæ цæстытæ цинæй байдзаг сты. Уыцы куыст нæ зæрды ис кæронмæ ахæццæ кæнын. Хъуамæ нæ республикæйы æппæт рæвдауæндæтты дæр сывæллон хъуса йæ хъомылгæнæгæй ирон ныхас. Мæнмæ гæсгæ, алы ирон ахуыргæнæг уым кусынмæ нæ бæззы. Фæлæ дзы хъуамæ кусой нæ университеты педагогон факультеты райдайæн ахуырады хайады рауагъдонтæ. Уыдон профессионалон æгъдауæй сты цæттæгонд. Æмæ уæд нæ куысты бæркад уыдзæнис. Фæсивæдон парламент дæр расидтысты тынг хорз конкурс æрыгон поэтты æхсæн. Хæрз æрæджы йын бахыгътам йæ бæрæггæнæнтæ. Мæнмæ гæсгæ, тынг хорз рауадысты. Бузныг ма зæгъын хъæуы нæ ре-
спубликайы Культурæйы министрадæн, Хъамберди- аты Мысосты номыл преми кæй сног кодтой, уый тыххæй. Лæвæрд цæуы æрыгон автортæн. Райстой уал æй прозаик Хъæлыцты Таймураз, поэттæ Баситы Зæлинæ, Аслæмырзаты Дзерассæ æмæ Дудайты Чер- мен. Хъуамæ ацы сфæлдыстадон фæсивæд ист æр- цæуой Уæрæсейы Фысджыты цæдисмæ. Уымæй уæл- дай ма мыхуырмæ цæттæ у, иронау чи фыссы, уыцы райдайгæ поэтты æмæ фысджыты уацмысты иумæйаг æмбырдгонд. Бацæттæ йæ кодта Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Агънаты Гæстæн. Чиныг хъуамæ рæхджы рухс фена. — Ацы аз Цæгат Ирыстоны паддзахадон уни- верситеты ирон филологийы факультетыл æххæст кæны 90 азы. Дæумæ гæсгæ, куыд сахадыдта фа- культеты рухсадон архайд, Иры къона цæмæй хъ- арм уа, ууыл? — Нæ факультетæн йæ бындурæвæрджытæ уы- дысты Ирыстоны номдзыд лæгтæ Æлборты Барысби, Гæдиаты Цомахъ æмæ иннæтæ. Фæрнджын адæм. Сæ фарнæй къона хъарм кæны. Æцæгæй дæр, ирон филологийы факультет сси ирон уæлдæр ахуырады къона. Ацы ран ирон къонайы алыварс сæхи бахъ- арм кодтой дæсгай фæлтæртæ. Æмæ кæд мах абон нæ сæр бæрзæндты хæссæм нæ фысджытæй, уæд уыдо- нæн сæ хуыздæртæ ахуыр кодтой мах факультеты. Ам цы адæм куыстой, уыдон сæ тыхтыл на ауæр- стой, сæ бон цы уыди, уымæй æххуыс кодтой сту- денттæн. Ирон æвзаджы патриарх Багаты Никъала уыдис нæ факультеты фыццаг рауагъдонтæй. Тынг бацархайдта, цæмæй курдиатджын фæсивæд цæуой мах факультетмæ. Зæгъдзынæн ма иу æнæзындгонд цауы тыххæй. Цæвиттон, ирон литерæтурæйы клас-
сик Дзанайты Иван (Нигер) ахуыр кодта Саратовы университеты. Фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæци. Ссыд Ирыстонмæ, кусын райдыдта, фæлæ йæ фæн- дыд уæлдæр ахуырад æххæстæй райсын. Æмæ бацы- ди педагогон институты (ныры университеты) лите- ратурон факультетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци, сахуыр кодта наукон-иртасæн институты аспи- рантурæйы дæр. Фæстæдæр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ, уыд фондз азы дæргъы нæ факультеты декан. Ирон филологийы факультет куы байгом, уæд уый уыд стыр цины хабар, уымæн æмæ фæсивæдæн фа- дат фæци сæ мадæлон æвзагыл уæлдæр ахуырад рай- сынæн. Цы фæлтæртæ дзы ахуыр кодта, уыдонæй алчидæр бахаста йæ зонды хай, цæмæй нæ факультет размæ рацыдаид, уый тыххæй. Мах дæр сæ фæл- тæрддзинадыл ахуыр кæнæм фæсивæды, кæсæм сын сæ чингуытæ. Стæм сæ буц æмæ райгонд. — Бузныг, Барис. ц * I Г |§1^1^1Уи§||
Нæ амонд нæ иудзинады ис! Адæймаг, æхсæнад, дзыллон мыхуыры фæрæзтæ... Уыдон сты кæрæдзиимæ, цæгтау, æнгом баст. Сæ фæрцы, царды айдæнмæ кæсæгау, фенæм æмæ ба- зонæм дугты, рæстæджыты уагахаст. Цардархайды къабæзтæ: наукæ, политикæ, экономикæ, ахуырад, культурæ, хъæууон хæдзарад, промышленност адæ- мы царды иумæйаг хорзæхыл куыд зындысты æмæ зынынц, сæ рæзтæн цы гæнæнтæ æмæ фадæттæ уыдзæн фидæны, уый та æвдисынц се ’рмæджыты журналисттæ. Бетъырбухы паддзахадон университе- ты дунеон журналистикæйы кафедрæйы профессор, УФ-йы æрдззонæн академийы уæнг-уацхæссæг, фи- лологон наукæты доктор Тахъазты Валери æрæджы уыд газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы уазæг. Æхсæ- нады цард, зонад, журналистикæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы абоны уавæрыл йемæ ныхас кæны га- зеты хистæр уацхæссæг Гасанты Валери: — Журналистикæ дæ царды сæйрагдæр нысанæн цæмæ гæсгæ равзæрстай? — Лескены астæуккаг скъолайы куы ахуыр код- тон, уæд нын иуахæмы фембæлд уыд хъæбатыр хæ- стон, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Хъараты Мæхæмæты хоимæ (йæ ном ын нал хъуыды кæнын). Уый тохы быдыры цы лæгдзинад равдыста, уый тыххæй йæ бавдыстой Советон Цæдисы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалымæ, фæлæ йæ цавæрдæр æбæл- вырд аххосæгтæм гæсгæ нæ райста. Йæ хо нын фем- бæлды рæстæг цы фæдзырдта, уыдон мæ зæрдæйы афтæ арф ныххызтысты, æмæ мæ бафæндыд мæ хъ- уыдытæ гæххæтмæ рахæссын. Куы сæ ныффыстон, уæд сæ равдыстон нæ къласы разамонæг Цориты Темболаты чызг Алетæмæ. Уый сæ куы бакаст, уæд
загъта, цæмæй мæ фыст ахæссон районы газет «Ле- нинон»-ы (ныр хуыйны «Ирæф») редакцимæ. Мæ зондамонæджы коммæ бакастæн, редакцимæ мæ фы- стытæ бахастон, цалдæр боны фæстæ нæ фембæлды тыххæй мæ чысыл уац рацыд. Уæдæй фæстæмæ мæ уацхъуыдтæ нæ хъæуы цард æмæ фæзминаг адæй- мæгты тыххæй цæуын райдыдтой мыхуыры. Суанг ма мын редакцийы кусджытæ сæхæдæг бæлвырд те- мæтыл æрмæг бацæттæ кæныны тыххæй сæрмагонд хæслæвæрдтæ дæр кодтой. Уый фæрцы æз хуыз- дæр базыдтон, мæ хъæу Лескены колхозы фæллой- гæнджыты хъазуатон куыст куыд цыд, хæдзарад паддзахады раз йæ хæстæ куыд æххæст кæны, уый. Суанг ма-иу быдырмæ, бригадæтæм дæр ацыдтæн æрмæг фыссынмæ. Газеты-иу мæ уацхъуыды бын- мæ мæ мыггаг куы бакастæн, уæд-иу мын уыд тынг æхсызгон. Уымæй уæлдай ма мын мæ фыды куы фарстой, уый чи у, зæгъгæ, уæд сын уый фырнымд, фæлæ сæрыстырдзинады равгимæ, мæ фырт, зæгъгæ, дзырдта. Уæд бамбæрстон, журналистикæ диссаджы дæсныйад кæй у, æмæ дзы æнтыстджынæй, зæр- диагæй сфæлдыстадон куыст кæнæн кæй ис, уый. Фæлæ, районы газетмæ цы æрмæджытæ фыстон, уы- дон, афтæ зæгъон, æмæ мын сæ алкæцыдæр мыхуыр кодтой, уæд раст нæ уыдзынæн. Фæлæ ме ’рмæг га- зеты кæй нæ рацæудзæн, уый тыххæй дæр мæм-иу редакцийæ хъæумæ фыстæг куы сæрвыстой, уæддæр мын тынг æхсызгон уыд. Зæгъын хъæуы, æмæ бирæ фыстон. Уæды рæстæджы уыдтæн Ирыстоны æппæты æрыгондæр уацхæссæг. Мæ фæсномыгтæ та уыдысты «Æригон» (ныр афтæ мæ къух æвæрын ме студентты фæлварæнты документты) æмæ «Тазретти». Студент куы сдæн, уæд та фыссын райдыдтон газет «Рæстд- зинад»-мæ.
— Журналист хъуамæ уа объективон цæстæн- гас æмæ рæстаг хъуыдытыл хæст, фæлæ ныртæк- кæ цыма дзыллон мыхуыры фæрæзты рæстдзинад тæссаг уавæры бахауд, афтæ дæм нæ кæсы? — Советон Цæдис куы фехæлд, капитализмы дуг куы ралæууыд, уæд нæ журналисттæм фæзынд, амæй размæ æрмæстдæр фæсарæнты дзыллон мы- хуыры фæрæзты минæвæрттæн цы куысты хæрзиуæг уыд зонгæ, уый: ног хабар æвæстиатæй фыссын, мы- хуыр кæнын, хъусын кæнын. Уый иуæрдыгæй хорз у, иннæмæй та — æвзæр. Фæлæ ахæм куысты уагæй «æвзæр» дзурынц æрмæстдæр Хæдбар Паддзахæдты Цæдисы бæстæты. Уый дзурæг у нырма советон цар- дарæзты æндæвдадыл. Фæсарæнты та æндæр у уавæр, уым дзыллон ха- бархæссæг фæрæзты ’хсæн цæуы конкуренци. Æмæ, фылдæр кæмæ кæсынц, хъусынц, кæй кæсынц, уыцы дзыллон мыхуыры фæрæз у «уæлахиздзау». Уым ал- цыдæр уæййаг кæй у, уымæ гæсгæ æвæстиатæй ар- хайын уыдонæн хорз у, цас тагъддæр мыхуыры ра- цæуа уацхъуыд, хабар, кæнæ æндæр æрмæг, уыйас æй цымыдисагдæрæй кæсынц адæм. Кæд фæразæй дæ, уæд дæ уæлахиздзау! Мах та нæ бæстæйы нæма схызтыстæм, журналистикæйæ цæмæй æхца кусæм, уыцы æмвæзадмæ. Фæсарæнты худинаг нæу бафæр- сын: «Цас у дæ аргъ?» Цы æрцыд нæ бæстæйы жур- налистикæйы? Раст зæгъын хъæуы, советон дуджы дзырдæн йæ тых, йæ ахадындзинад фылдæр уыд. Ныр та æрцыд къæссавæлдæхт: куыд хицаудзина- ды, афтæ экономикæйы дæр. Ныртæккæ кæд æва- стдзинад æмæ рæстаг хъуыдыйы ’хсæн ис «быцæу», уæддæр рæстдзинад уæлахиз кæны. Раздæр, сове- тон цардарæзты рæстæг, уыд цензурæ, фæлæ уæд- дæр фылдæр гæнæнтæ уыд рæстдзинад зæгъынæн,
куыстуæтты хицæуттæ, организациты разамонджытæ аргъ кодтой газетты дзырдæн, уыд æфсарм дæр æмæ тасдзинад дæр. Хъуыды йæ кæнын, иуахæмы хъуа- мæ æрмæг ныффыстаин нæ заводтæй иуы архайды тыххæй. Заводы разамынд-иу куы базыдтой, уацхæс- сæг сæм æрцæудзæн, уый, уæд-иу мæй раздæр сæхи бацæттæ кодтой йе ’рбацыдмæ. — Журналист алы темæйыл дæр куы фысса, куы дзура, уæд æй уый хъыгдаргæ кæны, æви йын æх- хуыс у? — Æрæджы ЦИПУ-йы журналистикæйы факуль- теты студенттæн кастæн лекци. Мæ ныхасы уыд ахæм хъуыды: ныртæккæ не ’мсис хæлæртты хъысмæт ахæм у, æмæ уый хъуамæ уа журналист дæр æмæ тракторист, дохтыр æмæ тынуафæг дæр. Редакцимæ кусынмæ æрбацыдтæ, уæд хъуамæ æххæст кæнай йæ разамынды æппæт хæслæвæрдтæ дæр. Уый мидæг ис журналисты алывæрсыгад. Уæрæсейы журналист хъуамæ, уа арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæд- ты хицау. Зæгъæм, Швецийы, кæнæ Германы афтæ нæу. Уым цардархайды алы фарстæн дæр редакцийы кусджытæй алчидæр хицæнæй дзуапп дæтты. Фæлæ, кæд зондджын дæ, ис дын ном, уæд дын ис кад æмæ аргъ дæр. Дæ бон у газеты редакцийы размæ дæхи домæнтæ æвæрын. Уæд агурдзысты газет дæ фыст æрмæджытимæ дæр. Æмæ æхца кусдзынæ. Зæгъæм, политиктæ трибунæйæ куы ныхас кæной, се ’хсæн журналист куы уа, уæд уымæн йæ хъуыдыкæнынад уыдзæн арфдæр, йæ зонд — кæрдагдæр. — Æхсæнады ныртæккæ ис, Интернет мыхуыр æмæ телеуынынад йæ аууон кæй бакæндзæн, ахæм ныхас. Ды та куыд хъуыды кæныс, уыдзæн афтæ? — Æнæмæнг, афтæ у. Ныртæккæ социалон хызты ныхмæ журналистикæйæн зын фæлæууæн у. Бло-
гертæ кæй хонынц, уыдон, æнцад сæ хæдзары бад- гæйæ, алыхуызы æрмæг социалон хызты æвæргæйæ, фылдæр æхца кусынц журналисттæй. Ныртæккæ уыдоны æрмæджытыл фылдæр æууæн-. дынц адæм. Абон æппæт дунейы дæр сæйрагдæр цæстæнгас здæхт цæуы фæсивæдмæ. Уыдон сты раз- мæцыддæр, активондæр, журналтæ æмæ газеттæ чи кæсы, уыцы кардзыд адæмæй. Уымæ гæсгæ фылдæр информаци ис Интернеты социалон хызты. Сæрма- гондæй ма зæгъдзынæн газетты тыххæй. 1992 азы уыд социалон иртасæнтæ, уыдоны фыстой: газет кæд- дæр — уæддæр амæлдзæн. Бирæ газеттæ æрцыдысты æхгæд, фæлæ ма абон цы газеттæ ис, уыдон та цæ- рынц субсидиты фæрцы. — Журналистикæйæ наукон куыстмæ та де ’ргом куыд аздæхтай? — Раздæр мæ фæндыд мæ хъарутæ æрмæст- дæр практикон журналистикæйы æвдисын. Наукæ- мæ цæуын мæ хъуыдыйы дæр никуы уыд. Фæлæ, Ленинграды паддзахадон университеты журнали- стикæйы факультеты ахуыр кæнгæйæ (газет «Рæст- дзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барисимæ иумæ ахуыр кодтам), бæлвырддæр та, ацы факультет каст куы фæдæн, уæд ме ’мкурсон Хозиты Барисимæ ны- хасы, нæ иннæ æмбал Сабир Мамедов нын загъта, кæй ис фадат аспирантурæмæ бацæуынæн. Ирыстон- мæ куы ссыдыстæм, уæд нын, аспирантурæмæ цавæр гæххæттытæ хъуыд, уыдон бацæттæ кодтой. Уыцы хъуыддаджы ныл цæстуарзонæй аудыдта æмæ нын стыр хæрзты бацыд Галазты Æхсарбег. Куыд фæстæ- мæ мæ наукон архайды ме ’ргом фылдæр здæхтон дунеон политикæйы фарстытæм, стæй Хæдбар Пад- дзахæдты Цæдисы бæстæтæм. Гæнæн ис, æмæ ног азы райдайæны рухс фена мæ ног фыст монографи
«Дзыллон информацийы фæрæзты нырыккон уавæр Хæдбар Паддзахæдты Цæдисы бæстæты». Уыцы по- литикон ауæдз мын ме ’ргом аздахын кодта дунеон ахуырадон программæтæм дæр. Алы бæстæты уæв- гæйæ, канд ацы фарстытæ хынцыныл нæ архайд- тон, фæлæ ма наукон архайд дæр кодтон, фыстон. Журналистикæйæн æнæ политикæ уæвæн нæй. Ны- ртæккæ фыст фæдæн ног чиныг «Дзыллон инфор- мацийы фæрæзты нырыккон уавæр æмæ сæ рæзты гæнæнтæ». Ныридæгæн æй радтон типографимæ. Рох мæ нæу, мæ докторон диссертаци цы темæйыл фыст уыд, уый дæр: «Журналистикæ æмæ литерату- рон процесс Ирыстоны». Мæ наукон куыстыты æх- сæн ис, нырма мыхуыргонд чи нæма уыд, ахæмтæ дæр. Ныртæккæ ЦИПУ-йы журналистикæйы фа- культеты кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Тед- тойты Зинаидæ кусы ахуыргæнæн чиныг «Ирыстоны журналистикæйы истори» саразыныл. Ныридæгæн дзы мыхуыры рацыд иу том. Дыккаг лæвæрд у типо- графимæ. Ныртæккæ национ республикæты ахæм хуызы ахуыргæнæн чингуытæ стæм хатт фæзыны. Уымæ гæсгæ стыр бузныг дæн, зындгонд ахуыр- гонд, рухстауæг, Ирыстоны журналистты бирæ фæл- тæртæ схъомылгæнæг, чиныджы зонадон редактор Мæхæмæтты Ахуырбегæй. Æз бирæ республикæты вæййын, æмæ, уыдонимæ абаргæйæ, ахæм чингуытæ уадзыны хъуыддаг махмæ, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз, бæрзонд æмвæзадыл æвæрд у. — Дæ царды æмæ зонадон архайды дын рухс фæндагамонæг уыдис филологон наукæты доктор, æхсæнадон архайæг, журналистикæйы къабазы ирæттæй фыццагдæр профессоры ном чи райста, уый — Булацаты Хазби. Цавæр адæймагæй баззад дæ зæрдæйы?
— Бетъырбухы паддзахадон университеты журна- листикæйы факультеты бирæ ахуыргæндтæ куыста, фæлæ дзы иууыл арæхдæр кæй æрымысынц, уыдо- нæй ахæм кад æрхауд æрмæстдæр Булацаты Хазби- мæ. Мах ацы университетмæ куы цыдыстæм Хозиты Барисимæ, уæд æй нæма зыдтам. Уый уыдис алцæ- мæй дæр: æгъдау, æфсарм, зонд æмæ уды хæрзтæй, йæ алыварс чи уыд, уыцы адæммæ хæстæг. Никуы йæ федтон мæстджынæй, æлхынцъæрфыгæй. Йæ уæздан мидбылхудт, йæ рухсхæссæг фæлгонц мæ абон дæр нæ рох кæнынц. Нæ факультеты бирæ адæмыхæттытæ ахуыр кодтой, æмæ се ’ппæтмæ дæр Хазби каст фыды цæстæй. Ныртæккæ йæ номыл æрвылаз дæр арæзт цæуынц наукон конференцитæ. Алцыдæр æнкъардта зæрдæйæ, уæлдайдæр та йæ зæрдæ рыст, рæстдзинады ныхмæ-иу исчи куы цыд, уæд. Ныртæккæ дæр Интернеты хызты, æндæр ин- формацион фæрæзты Хазбийы тыххæй æрмæг куы фæзыны (йе йæ раздæры студенттæ фæсарæнтæй, йе нæхи бæстæйæ, уæлдай нæу), нæ университеты студенттæ уыцы æрмæг арæх фæкæсынц, стæй йын йæ зонадон фæллæйттæй пайда кæнынц стыр æхсыз- гонæй. Иу хатт ма йæ зæгъын: ахæм кады аккаг бирæ зындгонд ахуыргæндтæ не свæййынц. Хазби та йæ цыбыр царды лæгау лæгæй фæцард, æмæ йын йæ амæлæты фæстæ дæр йæ ном мысынц æхсызгонæй, рухс зæрдæйы уагимæ. Хорз æй хъуыды кæнын, цардæй куы ахицæн, йæ фæстаг фæндагыл æй куы æрвыстам, уæд Дзæуджыхъæумæ сæ зынаргъ ахуы- ргæнæгæн, æмкусæгæн, зындгонд ахуыргондæн, йæ адæмы æцæг патриотæн фæстаг æгъдау радтынмæ цас зындгонд адæм ссыд Ленинградæй, Мæскуыйæ æмæ æндæр горæттæй. Хазбийы кадæй мах, йæ раздæры студенттæ, абон дæр стæм ныфсджын æмæ
разæнгард царды æмæ куысты. Йæ зианы бон уыцы дзыллæйы æхсæн раныхас кодта йæ ахуыргæнæг, уырыссаг журналистикæйы патриарх Алексей Бе- режной. Уый, Бетъырбухы Хазбийы табæты уæлхъус дзургæйæ, цæссыг калгæйæ дзырдта, Хазби, зæгъы, канд ме студент нæ уыд, фæлæ ма мæ хорз æмбал дæр. Æцæг ирон уæздан лæг Булацаты Хазбийæн ма, йæ ахæрæты фæндагыл æрвитгæйæ, рæсугъд æгъ- дау радтой Ленинграды паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты номдзыд ахуыргæндтæ Петр Карасев, Эдуард Летенков. Хазбимæ кæсгæйæ, адæймагмæ цыд цæрын æмæ адæмæн æрмæстдæр хорзы цæуын. Æвæццæгæн, ахæм хорз адæм уыцы бæстæйы дæр хъæуынц... — Булацаты Хазби ныффыста монографион чи- ныг Ирыстоны номдзыд рухстауæг, Къостайы био- граф, революционер, публицист, журналист Дза- сохты Гигойы тыххæй. Уыцы куыст уыд фыццаг номдзыд рухстауæгыл. Фæлæ, цæмæй нæхимæ, Ирыстоны, хицæн чиныгæй рацæуа, уый тыххæй йæ бахъуыд уæды рæстæджы республикæйы пар- тийы обкомы разамындимæ тох кæнын. Чиныгæн рауагъдадмæ йæ фæндаг се ’нцонтæй нæ уыд. Уый афтæ кæй уыд æцæгæй, уый тыххæй ис бæлвырд æрмæджытæ? — Уыцы рæстæг ахæм чиныг рауадзын стыр горæ- ты зын уыд. Хазби та йæ монографи æрласта Иры- стонмæ, фæндыд æй, цæмæй Ирыстоны иузæрдион хъæбул Дзасохты Гигойы тыххæй Дзæуджыхъæуы рацæуа. Фæлæ бынтон афтæ нæ рауад. Йæ моногра- фи афоныл кæй нæ рацыд, уый уыд уый аххосæй, æмæ йын республикæйы разамынд, интеллигенцийы минæвæрттæ хæлæг кодтой йæ зондмæ, йæ зæрдæйы хорзæхтæм. Йæ адзалыл рæстæгæй раздæр кæй сæм-
бæлд, уыцы хабар дæр уыд уый æвдисæн. Ацы хъуы- дытæ æз уый тыххæй нæ зæгъын, æмæ мæ адæмы нæ уарзын. Нæ! Фæлæ мæ фæнды, цæмæй, нæ уды æмæ зæрдæйы, зонды уыцы æппæрццæг миниуджытæ фе- сафæм, уымæн æмæ нын хæссынц сусæг-æргом зна- ггад. Уыцы знаггадхæссæг миниуджытæй куы нæ фервæзæм, уæд нæ фидæн уыдзæн æгъуыз, æбæрæг. Дарддæр афтæ куы уа, уæд не ’взаг, нæ культурæ, æгъдау нал зондзыстæм. Фæлæ ма мысдзыстæм, кæд- дæр нæ фыдæлтæ цы кад æмæ радыл цæрæг уыды- сты, уый. — Валери, нæ Иры номдзыд хъæбул Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон фæндагæн, йе сфæлды- стадон æмæ граждайнаг сгуыхтæн та цавæр аргъ кæныс? — Къоста гени кæй уыд, уый амонын, мæнмæ гæсгæ, никæмæн хъæуы. Фæлæ йæ цæмæй хуыздæр зонæм, уый тыххæй йын æрмæстдæр йе сфæлды- стадмæ кæс, уый раст нæу. Уымæн æмæ генитæ сæ зæххон царды мах хуызæн не сты. Къоста дæр уыд ахæм. Мæнмæ гæсгæ, уый, куыд адæймаг, æнкъараг зæрдæйы хицау, йе ’мдзæвгæтæй, прозаикон, публи- цистон, драмон уацмыстæй уæлдай, иууыл хуыздæр æвдыст æрцыд йæхи æмæ йæм йæ хæлæрттæ, зон- гæтæ, æмхъуыдыгæнджытæ цы фыстæджытæ фы- стой, стæй, йæхæдæг цы писмотæ фыста, уыдонæй. Хъæуы сæ лæмбынæг кæсын, ахуыр сæ кæнын, фæ- сивæды цæстæнгас сæм здахын. Уыдоны фæрцы нæ бон бауыдзæн канд генион поэтæн йæхимæ нæ, фæлæ, йæ алыварс цы адæм уыд (уæлдайдæр Байаты Гаппо, Джиоты Пора), уыдоны цардмæ æмæ рухста- уæн архайдмæ цæстæнгас, хъуыды фæхуыздæр, ирд- дæрæй сын сæ фæлгонцтæ æнусты фæлмæй разынын кæнын. Мæнмæ гæсгæ, ирон литературæйы цы уа-
цмыстæ уыд æмæ ис, уыдоны дæр, нæ фысджыты царды хабæрттимæ иумæ, сбæлвырд кæнын æмæ фæ- сивæды ахуыр кæнын. — Нæ литературæйы, наукæйы æнувыд зиууæт- ты тыххæй, сæрмагондæй, Джусойты Нафи æмæ Джыккайты Шамил ирон адæмæн цы хæрзты ба- цыдысты, уый тыххæй та цы хъуыды кæныс? — Джыккайты Шамил уыд йæ дзыллæйы иузæр- дион хъæбул. Зондджын, фендджын, уæздан, хæрзæгъдау, бæрзонд монон культурæйы хицау. Нæ цæстæнгастæ царды фарстытæм уыдысты алыхуы- зон, хаттгай-иу йемæ хъуыддаджы быцæуныхас дæр кодтон. Фæлæ йæ зонадон сгуыхт, йе сфæлдыстадон æнтыстытæ, уæлдайдæр драматургийы йын цы бан- тыст, уыдонæн кæддæриддæр кæндзынæн стыр аргъ. Мæнмæ гæсгæ, йæ адзал ахæм æвирхъау хуызы кæй рауад, уый дæр дзурæг у, мах нæ хуыздæртæн аккаг аргъ кæй никуы кодтам, кæй сæ нæ хъахъхъæдтам, сæ зонд нын сенæн сен кæй нæу, уыцы æппæрццæг миниуджытыл. Джусойты Нафи уыдис тынг цымыдисаг æмны- хасгæнæг. Царды, наукæйы, литературæйы вазыгджын фарстытыл дзырдта кæддæриддæр хуымæтæг æвза- гæй, уыцы хуызы сæ æмбарын дæр кодта. Йæ проза- икон уацмыстæй мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæ- цыд чиныг «Дæттæ рæстмæ нæ кæлынц». Нафи уыд бирæвæрсыг зонындзинæдтæ æмæ курдиаты хицау. Йæ наукон сгуыхтыты стырдæр æмæ ахадгæдæр, мæнмæ гæсгæ, у «Ирон литературæйы истори» (ды- ууæ томæй), ацы куыстæй Нафи йæхицæн йæ цар- дæгасæй самадта удæгас цыртдзæвæн. Уыцы хъуыды йын йæхицæн дæр загътон. Нафийы æз абарин æвза- гзонынады пехуымпар Абайты Васоимæ. Уый æмсæр сты йе сгуыхтытæ нæ дзыллæйы раз. Акæсæм-ма, йæ
зонадон, литературон куыстытæ кæуылты æмæ цæй- бæрц сты, уымæ! Æз раздæр дæр æмæ ныр дæр дис кæнын, куыд бантыст иу лæгæн уый бæрц ныффыс- сын. Уый у стыр лæгдзинад æмæ сгуыхт. Нафи уыд. лæгдзинадæй, цæстуарзондзинадæй æххæст, ахæмæй баззад мæ зæрдæйы. — Дæ хæстæ Бетъырбухы паддзахадон универ- ситет æмæ Хъырымы цавæр сты ныридæгæн? — Бетъырбухы паддзахадон университет у, ахуыр кæм кодтон, æнтыстджынæй каст кæй фæдæн, уыцы артдзæст. Уымæй уæлдай ма дзы куыстон дунеон журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй. Æх- сæз азы та уыдтæн журналистикæйы факультеты де- каны хæдивæг. Мæ наукон, административон архайд Хæдбар Паддзахæдты Цæдисы бæстæтимæ баст кæй у, уый мын радта фадат Хъырымы кусынæн дæр. Иæ рæстæджы горæт Симферополы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг куы уыдтæн, уæд дзы байгом код- тон, автономон, коммерцион чи нæу, ахæм организаци — Журналистикæйы академи. Ныртæккæ уый æн- тыстджынæй кусы. Хъырымы кæддæриддæр мæхи æнкъардтон, куыд райгуырæн уæзæгыл цæрæг, афтæ. Уæвгæ дзы бирæ ис нæ фыдæлтæ-алантимæ баст историон зæрдылдарæн бынæттæ дæр. — Цавæрæй уыныс нæ адæмы иумæйаг фидæн? — Ныртæккæ нæ республикæйы сæргъы лæууы Битарты Вячеслав. Йæ рæстæджы стыр куыстуат чи сарæзта, хи амалхъомад чи райрæзын кодта, ахæм лæг. Чи куыд, уый нæ зонын, фæлæ йæм æз ницы аипп арын. Мæнмæ гæсгæ, уыцы хуызы не ’ппæты дæр хъæуы йæ фарсмæ æрбалæууын æмæ Ирыстоны иумæйаг фидæныл æмвæндæй, æмзондæй архайын. Уæд ирон адæмæн сæ фидæн уыдзæн рухс æмæ бæл- лиццаг! о-> (^»251 Г^) 1 >
— Бузныг, Валери, де ’ргом æмæ зæрдæбын ны- хасæй. Дæ царды, зонадон, рухстауæн куысты дæм цы бæллицтæ ис, уыдон дын хорзæй сæххæст уæнт! с ^. ^^^г252<
СÆРГÆНДТÆ Ирон аив дзырд — мæ удлæууæн, мæ цин 4 Уацтæ 6 Нæ адæмы рухсмæ хонæг 7 Его жизнь — для нас пример 11 Йæ адæмæн кодта зæрдиаг лæггад 17 Иры фарны лæг 22 Æргом фыстæг зындгонд поэт, фыссæг, газет «Рæст- дзинады» бындурæвæрæг Гæдиаты Цомахъмæ 36 Ирон дзырдаивад æмæ мыхуырæн рæстаг лæггадгæ- нæг 42 Ирыстонæн лæггадгæнæг 48 Уыд ирон дзырдаивады цырагъдар 55 Стъалыйы ферттывдау 63 Зæххыл рæстæй куы цæрай 70 Мæ зæрдæйы арфы цæрдзæни йæ сурæт 75 Цардæвдисæг уацмыстæ 84 Мисурханы æрдзон курдиат 89 Йæ уды цæхæр— æрттивгæ 94 Хъуыдытæ Гæстæны сфæлдыстады тыххæй 99 Бузныг Иринæ! 102 Йæ ном цæры адæм зæрдæты 108 Йæ адæмы иузæрдион хъæбул 114 Томайты Адæйы сфæлдыстадон æрмдзæф 121 Шамил, куыд тынг нæ хъæуыс абон 127 Бирæвæрсыг курдиат 134 Цæстуарзон хистæр æмæ курдиатджын фыссæг....144 Поэзийы ногдзинадмæ хонæг 156 Уыд зæрдæхæлар адæймаг 164 Рецензитæ 167 Ис ын иу Хуыцау — Рæстдзинад 168 Йæ уды рухсæй райгуыргæ зарджытæ 180 Сонеты дæсны 188
Ахуыргонды ног æнтыст 192 Арфæйаг удвæллой 198 Цъæхдзаст изæрты хъарм 201 Интервьютæ 204 Царды фæндæгтæ 205 Хъуамæ алы ирон хæдзарæй дæр хъуыса ирон дзырд 215 Агънаты Гæстæн: «Фыссæг — царды рæстдзинадыл тохгæнæг» 220 Къонайы фарн æгъдауæй цæуы 233 Нæ амонд нæ иудзинады ис! 241 м * I Г ■■ 1М|ф|^1 йл^
^ (^7"»255
ВллЕрий Анвлрович Гасанов В МИРЕ ИСКУССТВА САОВА Редактор И.Н. Колиева Корректор М.Б. Фарниева Компыотерная верстка К.Т. Дзуцева Сдано 9.03.2021 г. Подписано в печать 22.04.2021 г. Формат 60x84 1/16. Бумага офсетная 80 г/м. Гариитура шрифта «АЕ КийгазЬоу». Печать офсетная. Уч.-изд. 14.88 л. П.л. 16. Тираж 100 экз. Зак. №231 Отпечатано в АО «Осетия-Полиграфсервис» Россия, РСО-Алания. Владикавказ, 362015, пр. Коста, 11.