Текст
                    НАУКÆЙЫ ФЕДЕРАЛОН ПАДДЗАХАДОН БЮДЖЕТОН УАГДОН УНА-ЙЫ
ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ НАУКОН ЦЕНТР ÆМÆ РЕСПУБЛИКÆ ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНИЙЫ
ХИЦАУАДЫ АБАЙТЫ ВАСОЙЫ НОМЫЛ ЦÆГАТИРЫСТОНЫ ГУМАНИТАРОН
ÆМÆСОЦИАЛОН ИРТАСÆНТЫ ИНСТИТУТ
Мамиаты Изетæ
ИРОН ЛИТЕРАТУРÆ:
1956-2000
АХУЫРГÆНÆН ПОСОБИ:
ПРОГРАММÆ ÆМÆ МЕТОДИКОН АМЫНДТЫТÆ
ЦÆГА Т ИРЫСТОНЫ ГУМАНИТАРОН ÆМÆ СОЦИАЛОН
ИРТАСÆНТЫ ИНСТИТУТЫ АСПИРАНТТÆН
Дзæуджыхъæу 2014


ББК83.3(2РСев) М22 Мамиаты И. Ирон литературæ: 1956-2000: Ахуыргæнæн пособи: программæ æмæ методикон амындтытæ. Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты аспиранттæн - Дзæуджыхъæу: ИПЦ СОИГСИ ВНЦ РАН и РСО-А, 2014. - 84 ф. ББК83.3(2РСев) © РШЦ СОИГСИ ВНЦ РАН и РСО-А, 2014 © Мамиаты И., 2014
РАЗНЫХАС Ирон литературæзонынады иууыл биноныгдæр иртæст у классикон дзырдаивад. Йæ сæвзæрд æмæ рæзты хицæндзинæдтыл дзырдæуы Ардасенты Хадзыбатыры («Очерк развития осетинской литературы: Дооктябрьский период», 1959), Джусойты Нафийы («История осетинской литературы: Дооктябрьский период», 1980-1985), Салæгаты Зояйы («От Нузальской надписи к роману: Проблемы генезиса и становления осетинской прозы», 1984) фундаменталон куыстыты, хицæн авторты сфæлдыстадон очеркты (Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Гæдиаты Цомахъ, Беджызаты Чермен æмæ ин.). Цасдæр бæрцæй бæстонгонд æрцыди XX æнусы фыццаг æмбисы литературон уавæр дæр [чингуыты: Очерк развития осетинской советской литературы (1967); Джыккайты Ш. Ирон литературæйы истори: 1917-1956. (2002); Джусойты Н. Нигер: Сфæлдыстадон очерк (1990); Джыккайты Ш. Разагъды лæгтæ: Сфæлдыстадон сурæттæ (1999) æмæ æнд.]. Фæлæ йæ дарддæры рæзты хабæрттæ, зæгъæн ис, æвæгæсæгæй баззадысты. Нæй, литературон процесс æмæ хицæн фысджыты сфæлдыстад лæмбынæг ахуыр кæм цæуид, ахæм куыстытæ. Æгæрыстæмæй абоны онг лыггонд не сты мидпериодизацийы фарстытæ. Ацы программæ æмæ методикон амындтытæ арæзт сты XX æнусы дьтккаг æмбисы ирон литературæйы историйы курсæн (1950-æм азты æмбисæй- 1990-æм азтæм). Куысты иысан: XX æнусы дыккаг æмбисы литературон процессы хиадтæ сбæлвырд кæнын, йæ эстетикон æмæ æхсæнадон мидис ын раиртасын. Куысты хсестæ: - курсы сæйраг историон-литературон, теоретикон фарстытимæ ахуырдзау фæсивæды зонгæ кæнын; - XX æнусы дыккаг æмбисы литературæйы рæзтмæ иууыл ахадгæдæр бавæрæн чи бахаста, уыцы фысджыты сфæлдыстад ахуыр кæнын; - мидпериодизаци банысан кæнын; - амынд литературон процессы фæтк æмæ уавæры фæдыл иумæйаг хатдзæгтæ скæнын, Программæ æмæ методикон амындтытæм лæвæрд цæуы уæлæмхасæн 3
æрмæг: курсмæ гæсгæ æнæмæнг зонын кæй хъæуы, уыцы иртасæн (иумæйаг æмæ сæрмагонд) куыстыты æмæ бакæсинаг аивадон текстты номхыгъд. Курсы мидпериодизаци сæвзæрдис 1956-1990-æм азты ирон литературæйы хисæрмагонд æууæлты бындурыл æмæ, бæлвырд историон-политикон цауты («тæфсты» рæстæг, «мидцоппай», рацарæзт æмæ йæ фæстæ азтæ) æндæвдад ыл бахынцгæйæ: 1) 1956-1964 азтæ; 2) 1965-1985 азтæ (химидæг дих кæны ноджы: 1965-1972 æмæ 1973-1985 азтыл); 3) 1986-2000 азтæ (химидæг дих кæны ноджы: 1986-1991 æмæ 1992-2000 азтыл). Программæйы структурæ сырæзтис иумæйаг афæлгæстытæ æмæ монографион сæргæндтæй. Афæлгæстыты æрмæг лæвæрд цæуы историон-хронологион æмæ жанрон-тематикон фæткыл. Монографион сæргæндты равæрд баст у, нырыккон литературæзонынады цы аивадон системæтæ иртасынц, уыдонимæ. Нæ хьуыдымæ гæсгæ, тыхарæзт не сты, сæ æххуысы хай хæссынц, цыцæмæй XX æнусы ирон литературæйы фæдыздæхтытæ æмæ хицæн фысджыты фæйнæхуызон æрмдзæф æххæстдæрæй разына. Программæ арæзт у ЦИГСИ-йы аспиранттæ-филологтæн, фæлæ, нæ хъуыдымæ гæсгæ, ахъаз уыдзæни ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты студенттæ æмæ Педагогон институты æмæ колледжы ахуырдзаутæн, стæй скъолайы хистæр кълæсты ирон литературæйы ахуыргæнджытæн дæр. 4
ИУМÆЙАГ АФÆЛГÆСТЫТÆ 1-аг темæ. XX æнусы 1956-1964 азты ирон литературæ (афæлгæст) Ирон культурæ æмæ литературæйы рæзт ног æхсæнадон уавæрты (Сталины культ æмæ йæ зианхæссæг фæстиуджыты фæдыл коммунистон партийы XX съезды уынаффæты фæстæ). «Тæфсты» («оттепель») цыбыр рæстæг дзырдаивад æмæ æхсæнады фæзындты. Сфæлдыстадон тыхты разæнгард хъодыгонд темæтæ æмæ идейæтæ фæлгъауынмæ. Репрессигонд фысджыты (Къубалты А., Æрнигон И., Малиты Г., Барахъты Г., Фæрнион Къ., Беджызаты Ч., Хъуылаты С. æмæ ин.) ном æмæ литературон нысаниуæг йæ бынаты сæвæрыны, се сфæлдыстадон бынтæ сын æрбæстон кæныны фæлтæрæнтæ. Ивгъуыд æмæ абоны æмбастдзинадмæ, национ царды монон уидæгтæм хъусдард, традицийæн æмбæлгæ аргъ кæнын. Æнæконфликты «теорийы» мидис æмæ фыдахадындзинад ирон литературæ æмæ аивады. Фæзминаг хъайтары фæлгонц айдагъ идеалон æууæлтæй нывæндыны фæтк, йæ фехалыны фæлтæрæнтæ. 1950-æм азты кæрон - 1960-æм азты вазыгджын литературон ситуаци. Поэзийы нысаниуæг æхсæнадон зондахасты раивды. Хистæр фæлтæры ног аивадон сгарæнтæ (Плиты Г, Гафез, Дзугаты Г, Цæрукъаты А., Мыртазты Б., Джусойты Н. æмæ ин.) Æрыгон фысджыты æнтыстджын æрбацыд литературæмæ (Дзаболаты X., Бестуаты Г., Дзуццаты Х.-М., Хъодзаты Æ., Хостыхъоты 3., Малиты В., Æлборты Х.-У, Джыккайты Ш., Ходы К. æмæ ин.). Сæ фыццаг поэтикон æмбырдгæндтæ. Поэзи 1950-æм азты поэзийы фæлтæрæнтæ иу адæймаджы культы догмæтæй цард йæ æцæг хуызты æвдисынмæ рахизæны. Лозунгон-уæлахизхæссæг интонациты, официозы ныхмæтохы æууæлтæ. Хистæр фæлтæры поэтты сфæлдыстады ногдзинад æмæ рæзты нысантæ (Плиты Г «Стихтæ», 1957; Цæрукъаты А. «Арвæрдын», 1959; Дзугаты Г «Зæрдæйы дæгъæл», 1959; Гафезы «Фыды артдзæст» æмæ æнд.). Аивадон фæлгонцад, метафорæ, абарст, стихы культурæмæ фылдæр хъусдард. Уыциу рæстæг царды размæцыд стауыны, йæ хъæнтæ йын нæ фиппайыны инерци (Хъайтыхъты Г «Уалдзыгон зарджытæ», 1958; «Хæхтæ райынц, 1960; Балаты Т. «Худынц хæхтæ», 1960; Цæгæраты Г. «Афтæ райгуырд зарæг», 1960; æмæ æнд.). 1960-æм азты поэзийы рæзт. Историон цаутæм æргомыздæхт, царды мидис 5
философон-поэтикон хуызы фæлгьауыны фæндтæ, йæ «æнусон фарстытæм» лæмбынæгдæр хъусдард. Иу адæймаджы культы азар æмæ æууæнчы темæ (Джусойты Н. поэмæ «Нырыккон сагъæс», Цæрукъаты А. æмдзæвгæтæ), рæнхъон лæджы цардвæндаг æмæ нысаниуæг историйы фыдæвзарæнты (Плиты Г. «Гаджидау»), Революци æмæ мидхæсты хъайтарты ном арыны традици. Хæсты ныхмæ дзурыны пафос (Плиты Г. «Æртхутæгдон», Дзугаты Г. «Исахъы фæринк», Цæгæраты Г. «Нæмыджы раныхас Генералон Ассамблейы» æмæ æнд.). Публицистон лирикæ. Социалон æмæ политикон тохы мотивтæ Гафезы, Джусойты Н., Дзуццаты Х.-М. æмæ иннæты æмдзæвгæты. Ирон поэтты граждайнаг позици фæсарæнты темæйы равдысты. Дунеон аивады хъомыс æмæ рæсугъддзинады æнкъарæн Цæрукъаты А. поэзийы. Сæндидзæн дуджы титантæ - поэты адæймагон идеал («Данте», «Шекспирæн», «Микеланджело» æмæ æнд.). Æмдугоны монон дуне йæ алыхуызон вазыгджын фæзилæнтимæ-йе сфæлдыстады ноджы иу ахсджиаг цæг, йæ ахадын ирон лирикæйы дарддæры рæзты. Проблемон æмæ жанрон хъæздыгдзинад, стилы хицæнхуыз астæуккаг кары фысджыты поэзийы (Джусойты Н., Козаты И., Нартыхты М. æмæ ин.). Дзаболаты X. лирикæ, трагикон хъысмæты разæнкъарæн. Сфæлдыстадон кусæджы хæс æмæ нысан, йæ удхайраг дызæрдыг («Хæс», 1960); фæткон, удон сыгъдæгдзинад æмæ уарзты темæ («Артдзæст», 1963); æмдугоны хъысмæт æмæ удыхъæды бæрзонд гуманизмы фарстытæ («Къахуынæр», 1967); царды ныхмæлæудтæ æмæ лæджы намысыл сагъæс («Уацамонгæ», 1974). Бестауты Г. этикон-эстетикон идеал, цин æмæ масты æнусон темæ («Царды цин», 1962, «Æхсæв æмæ бон» 1966). Поэты хигъæдон сфæлдыстадон æрмдзæф, романтикон символикæ æмæ реалистон уынынады æмиу. Хистæр фысджыты фæлтæрддзинады æндæвдад поэтикон процессы рæзтыл, классикон литературæйы хъомысджын традицитæ. Лирикæйы чингуытæ: Асаты Р. «Æнæрæнцой зæрдæ» (1961); Гафез «Уацмыстæ» (1955), «Тулдзы къох» (1956); Гæлуаты А «Æфцæг» (1960), «Бæлццæттæ» (1964); Джусойты Н. «Лирикæ» (1955), «Æз райгуырдтæн хохы» (1960), «Зын кары» (1962); Дзугаты Г. «Зæрдæйы дæгъæл» (1959); Мыртазты Б. «Мæ Иры ныфсæй» (1961); Плиты Г. «Стихтæ» (1959); Тетцойти Т. «Мæ уарзт æмæ мæ маст» (1963); Хъазбегти Хъ. «Фæлтæрты намыс» (1960); Цæрукъаты А. «Арвырдын» (1959); Чеджемты Æ. «Стъалыты æхсæрдзæн» (1965); Чехойты С. «Къæсæр» (1964) æмæ æнд. Ног фæлтæры лирикты уæрæх поэтикон авнæлд æмæ ирд сфæлдыстадон æрмдзæф, сæ тох æхсæнадон хъæндзинæдты ныхмæ, сфæлдыстадон хæдбарадыл, аразгæ цæлхдуртæ сæ цардвæндаджы. Рæстдзинад æмæ æфсармы, адæмæн лæггад кæныны идейæтæ, равзæрд нысанмæ тырныны пафос, намысон ориентаци. Сæ хисæрмагонд поэтикон хъæлæс. 6
Лирикæйы фыццаг чингуытæ: Æлборты Х.-У. «Фæдисон» (1964); Бахъаты Н. «Уалдзыгон райсомтæ» (1960), «Æнæрæнцой мелоди» (1963); Бестауты Г. «Уадтымыгъ» (1958), «Царды цин» (1962), «Æхсæв æмæ бон» (1966); Гаджиты Г «Æхсæрдзæн» (1956), «Æмгары зæрдæ» (1965); Джыккайты Ш. «Æфсарм» (1964); Дзаболаты X. «Хæс» (1960), «Артдзæст» (1963); Дзасохты М. «Фыды фарн» (1964); Дзуццаты Х.-М. «Романтикæ» (1959), «Къæвдайы кафт» (1962); Козаты И. «Арвæрттывд» (1960); Малиты В. «Фат æмæ æрдын» (1963); Плиты Ф. «Æрдзы зарæг» (1965); Сифирон (Тедеты Рюрик) «Уадындз» (1961); Тыджыты Ю. «Терчы уылæнтæ» (1964); Харебаты Л. «Æхсæрдзæн» (1959), Ходы К. «Бонвæрнон» (1962), «Цæхх æмæ кæрдзын» (1966); Хостыхъоты 3. «Сæууон æртæх» (1967); Хъодалаты Г. «Бæлццон» (1964); Хъодзаты Æ. «Æхсар» (1965); Чеджемты Æ. «Стъалыты æхсæрдзæн» (1965); æмæ æнд. Лиро-эпикон жанрты уавæр 1950-1960-æм азты. Хæсты мидисы райхæлд, героикон сгуыхты æмæ æбарвæндæй уацары темæ. Цæгæраты Г. «Сæуæхсид», Нартыхты М. «Зонгæ къахвæндæгтæ», Мæргъиты Къ. поэмæтæ; Цырыхаты М. «Æнусты æхсидав». Фольклорон стиль æмæ хъуыдыкæнынады инерцийæ схицæн уæвынмæ тырнæн. Гафезы кадджыты аивадон æууæлтæ, сæ хигъæдон композицион нывæст. Балладæйы жанры рæзт æмæ иртасæн миниуджытæ (æндыгъд сюжет, драматикон ситуацитæ, лиризм, философон хъуыдыйы тæлфт, адæмон лиро-эпикон традицитимæ бастдзинад), йæ æнтыстытæ æмæ къуыхцытæ (Епхиты Т. «Цы мын дзырдта тулдз бæлас», Плиты Г. «Иунæг», «Авд цухъхъайы», Цæрукъаты А. «Балладæ авд æфсымæрыл» æмæ æнд.). Прозæ Æхсæнады социалон-намысон ныхмæдзыдтæ рахатыны фæлварæнтæ 1950-æм азты дыккаг æмбисы - 1960-æм азты райдианы. Хæстæг ивгъуыды хъæндзинæдты равдыст Гæбулты М. уацауы («Тагъд дон фурды не ’ййафы»), детективон жанры æууæлтæ. Колхозон хъæуы проблемæтæ, æмдугоны хъысмæт æмæ психологийы равдыст зæронд æмæ ноджы ’хсæн ныхмæлæуды бындурыл. Социологион схемæ «нырмæ афтæ уыд- ныр афтæ сси» - йы алы хуызтæ романы жанры [Мамсыраты Д. «Адæм адæм сты» (1960), Æгъуызарты Æ. «Хурхæтæны» (1964), Гафез «Уæ бонтæ хорз, адæм!» (1966) æмæ æнд.]. Дзадтиаты Т «Хæххон стъалы» куыд романы жанрон рæзты ног къæпхæн. Фыссæджы æнтыстытæ æмæ къуыхцытæ, литературон фæлгонц æмæ йæ историон прототипы фарст лыггæнгæйæ. Уацауы жанры уавæр. Йæ бынат æмæ нысаниуæг дуджы ныхмæдзыдтæ æмæ адæймаджы миддунейы равдысты. Æппæрццæг хьайтары проблемæ, бар æмæ бæрны ’хсæн æмахастыты фарст, намысон-этикон проблематикæ [Хацырты С. 7
уацаутæ «Хæзна» (1955), «Алæмæт» (1967); Букуылты А. «Царды уалдзæджы» (1960), «Хæхты дидинæг» (1962), «Фарны уалдзæг» (1965); Мæрзойты С «Ирон хæсмæ тындзæн нæй» (1962), Дзесты К. «Мæт» (1964)]. Ивгьуыд æмæ абоны бастдзинад, фæсивæды фæлгонцтæ, сæ хъуыдытæ æмæ тырнæнтæ, хъомыладон фарстытæ [Нартыхты М. «Æрмкъухтæ» (1962); Бицъоты Г. «Цæргæс тæхгæйæ фидауы» (1962); Токаты А. «Катя» (1959), Букуылты А. «Зæрдæйы хæс», «Былкъахыр амонд» æмæ æнд.]. Мидхæсты темæ ирон уацауы. Йæ æнтыстытæ æмæ къуыхцытæ (Дзанайты С. «Хадзымæт», Цæгæраты М. «Сау хохы фыййау» æмæ æнд.). Радзырды жанры авнæлæнты рауæрæх, йæ æнтыстытæ æмæ къуылымпытæ; йæ проблематикæйы фæхъæздыг, аивадон психологизмы æууæлтæ. Хицæн адæймаджы культы фæстиуджыты равдыст (æууæнксæфты драматизм, «адæймагмæ потенциалон знаджы цæстæй кæсын» (Нафи), дзырдхæссын, мæнгæвдисæн кæнын, нымудзын æмæ а. д.) Цоциты Р. «Фиддæн». Æмдугоны миддуне Хацырты С. («Æцæг хæлар», «Сæнæфсиры тау» æмæ æнд.), Гафезы («Хæхты хъæбысы» æмæ æнд.), Мæрзойты С. æмæ ин. сфæлдыстады. Сатирæ æмæ юморы фæрæзтæ царды хъæндзинæдтæ хурмæ хæссыны хъуыддаджы (Дзесты К., Мамсыраты Д., Сечъынаты Л., Цæгæраты М., Мæрзойты С, Къæбысты У Фæрниаты Дз. радзырдты). Психологизмы æууæлтæ æрыгон прозаикты уацмысты (Булкъаты М. «Нæмыгдзæф фæндыр», «Удæгас обелиск», Жажиты А. «Фæндаггæрон», «Тæрс бæласы бын», Гуыцмæзты А. «Æхсæвидар», Нартыхты М. æмæ ин. радзырдтæ). Бæдоаты Хъ., Голоты В., Цырыхаты М. очеркистикæ. Драматурги Абоны дугыл фыст драмон уацмысты кадавар нымæц 1950-æм азты æмбисы - 1960-æм азты райдайæны куыд «æнæконфликты» теорийы фæстиуæг. Уый ссадвæдыл социалон-психологион драмæйы фæсвæд бынат æмæ æмткæй ирон драматургийы фæстæзад уавæр. Дидактизмы, царды фæзындтæ иллюстраци кæныны æууæлтæ, аивадон стереотиптæ характертæ æмæ сæ архайды рацарæзты. Драматургты ног фæлтæр (Хуыбецты Р., Хъайттаты С, Темыраты Д., Гаглойты В. æмæ ин.). Фæсивæды цард, фæллойы энтузиазм æмæ зианхæссæг æгъдæуттимæ тохы фарстытæ Туаты Д., Хуыбецты Р. æмæ ин. сфæлдыстады. «Кондадон» темæ. Ног хъайтар ссарыны фæлтæрæнтæ зæронд схемæйы («прогрессивон зондыл хæст адæймаг - консерватор») фæлгæты (Токаты А. «Базырджынтæ» (1962), Хуыбецты Р. «Райгуырæн хæхты» æмæ æнд.). Уавæр фæхуыздæр кæныны тенденци. Уарзондзинады æмæ цардыуагон коллизиты куырмæлхынцъытæ (Токаты А. «Заретæ»). «Цот» æмæ «ныййарджыты» æмахастыты драматизм Хъайттаты С 8
пьесæты, мелодраматизм, архайды цымыдисаг фæзилæнтæ сюжеты ранывæсты. Жанры психологион мидисы фæарфад. Ног конфликтон ситуацитæ Плиты Г. драмæ «Æууæнк» - ы (1961). Репресситæ баййафæг адæмы æнкъарæн; æууæнк æмæ цæсгомы, гуманизм æмæ фыдаудæны проблемæтæ. Темæйы нысаниуæг æхсæнады моралон æнæниздзинад йæ бынаты сæвæрыны хъуыддаджы. Æхсæнадон-социалон ныхмæдзыдты хæрзвæткон мидисмæ арфдæр цæстæнгас. Гомгæрцц идеологион ныхмæлæудты раивд сæрибар барæвзæрсты проблемæйæ. Фæллой æмæ намысы иудзинады, адæмы фарн æмæ бæрны темæ (Темыраты Д. «Туджы аргьæй» (1966) æмæ æнд.). Революци æмæ мидхæсты темæ Хуыбецгы Р. («Сау чызг»), Темыраты Д. («Мухтар»), Туаты Д. («Дыууæ фырты») æмæ ин. сфæлдыстады. Жанры æмæ стилы ног формæтæ агурын. Лирикон драмæйы хуыз. Хæсты ныхмæ тохы пафос Гаглойты В. драмæ «Уарзондзинады кадæг» - ы (1963), йæ бæрзонд эмоцион тых æмæ психологизм, йæ сюжеты легендарон ахаст. Комедион жанры рæзты фæндæгтæ. Дуг æмæ адæймаджы удысконды хъæндзинæдтæ хурмæ хæссыны традици цыргъ сатирæйы фæрæзтæй, йæ ног æууæлтæ. Комизмы хъæздыг гæнæнтæ Дзесты К. иуактон пьесæты («Тæрных», «Фырнымд чындз» æмæ æнд.). Хацырты С. пьесæты актуалон проблематикæ («Тулгæ дур», «Ичъи», «Дудар æмæ йæ хæлæрттæ»). Уыциу рæстæджы ирон сценæмæ уæлæнгай темæты раивылд, тутт худтæй хи ирхæфсыны тыхджын тенденци. Водевилы жанры характерон æууæлтæ ирон драматургийы. Гротеск, æнæпайда худæджы уавæртæ, архайды комизмы æддаг хуызтæ, арф хъуыдыйы кадавар æмæ а. д. Сюжеты «кæмдæр ма йыл сæмбæлдтæн» - ы æнкъарæн, аивадон штампы фырарæх (Мæхъиты Л. «Æгæр цæхджын дойны кæны»,1963; Хуыгаты Г. «Мæ усы лæг»,1965; «Мæ усы мад», 1968; Гаджиты Г. «Нæ усгур алыгъд», Хъариаты Т. «Уарзын зын у», Плиты Г. «Цæуыл худут?» æмæ æнд.) Сывæллæты литературæ. Йæ рæзты хицæндзинæдтæ, æнтыстытæ æмæ цухдзинадтæ. Хъомыладон-ахуырадон фарстытæ, сабийы каримæ сæ бæтгæйæ. Æргом дидактикæ æмæ цымыдисаг æрхъуыды, жанры алы хуызтæ. Адæмон сфæлдыстадимæ бастдзинад. Бæдоаты Хъ., Дзесты К., Дзугаты Г., Мамсыраты Д., Бесаты Т, Тохты И, Сечъынаты Л. æмæ ин. радзырдтæ æмæ аргъæуттæ. Плиты И., Баситы М., Хъайтыхъты Г., Цæгæраты Г. æмæ ин. æмдзæвгæты чингуытæ. Стихтæй фыст аргьау (Дзугаты Г. «Дзæргъ æмæ бирæгъы аргъау»; Дарчиты Д. «Гæмæт», Цæрукъаты А. уацмыстæ). Туаты Д. пьесæ-аргъæуттæ («Ногдзауты аргъау», кæнæ: «Сызгъæринкоцораджынтæ»). Æрыгон фæлтæры фыццаг уацмыстæ (Цæрукъаты В., Уырымты П., Дзуццаты Х.-М., Чеджемты Г). Гаглойты В. радзырты цикл «Цæмæн куыдта хæххон суадон?» Зонадон-критикон хъуыдыйы рæзт ног æхсæнадон уавæрты. Ахуыргæндты къорд (Ардасенты X., Джусойты Н., Дзуццаты Х.-М., Мæрзойты С. æмæ ин.), 9
сæ хьомысджын архайд литературæиртасыны алы къабæзты. Монографитæ æмæ гуырахстджын уацтæ хицæн фысджытыл (Хетæгкаты Къ., Гæдиаты С.} Гæдиаты Ц., Коцойты А., Беджызаты Ч. сфæлдыстадон сурæттæ). Цæугæ литературон процессы æууæлтæ иртасыны куыст. Ирон дзырдаивадæн мадæлон æвзаджы фæлгæты аргъ кæныны традици. Октябры агъоммæ ирон литературæйы рæзты фæдыл концептуалон хатдзæгтæ скæныны райдиан фæлтæрæн (Х.Н. Ардасенов. Очерк развития осетинской литературы, 1959). 10
2-аг темæ. XX æнусы 1965-1985 азты ирон литературæ (афæлгæст) Æхсæнадон рæзты ивдцзинæдтæ, демократион принциптæ рох кæныны æууæлтæ, 1970-æм азты райдайæнмæ паддзахадон уагдæтты, æхсæнадон-социалон структурæйы алы къабæзты иугуыр бюрократизаци. Литературæйы сæрмагонд нысаниуæг социалон-политикон «мидцоппайы» заманы.Дзырдаивад-æхсæнадыхизонынадысæйрагформæ,йæэтикон-философон æмæ национ-историон агурæнтæ æвдисæг тых. Национ «зæрдылдарды» ахсджиаг фарст (йæ историон, культурон, намысон аспекттæ). Официалон эстетикæйы ныхмæлæуд «æндæр хуызы хъуыдыгæнджытæм». Абстрактон гуманизмы, ныры дуджы проблемæтæй «ивгъуыды тармæ» лидзыны фаутæ сæм хæссын. 1981 азы октябры цаутæ Ирыстоны, сæ æхсæнадон, моралон-психологион зæлынад æмæ фæстиуджытæ. Культурæ æмæ литературæйы уавæр. Адæймаджы (литературон хьайтары) концепцийы бындурон ивддзинæтæ, национ-этикон æмæ æппæтадæмон æууæлтæм фылдæр хъусдард. Æмдугоны миддуне - литературæйы сæйраг объект, удварны хæзнатæ бавæрыны хъуыды. Поэзи 1960-1870-æм азты поэзи куыд ирон культурæйы историйы ахъаззаг фæзынд. Жанрон æмæ стилы мидысгарæнтæ. Гуманистон социалон-философон æмæ фæткон-намысон пробематикæйы актуалондзинад. Сфæлдыстадон хæдбарады домæн. Литературон быцæутæ поэзийы мидис æмæ нысаны фæдыл, мидныхмæлæуд («консерватортæ - новатортæ»). Идеологион диктаты ног хуызтæ. «Æхсайæмазонты» абстракционизм æмæ формализмæй (верлибры ныхмæ тох) зылын кæнын. Историзм æмæ фольклоризммæ æппæрццæг цæстæнгас. Мадæлои æвзаджы, фыдæлты æгъдау æмæ культурон хæзнаты проблемæ нацийы хъысмæтимæ, йæ абон æмæ фидæнимæ бастæй. Æмдугоны миддуне куыд поэзийы обьект, йæ удыхъæды этикон-эстетикон арæнты уæрæхдæр равдыст. Æрдзон дуне æмæ адæмы царды бастдзинад (сæ æмиудзинад æмæ ныхмæвæрд æууæлтæ). Фæллойы темæйы философон зæлынад. Куыст куыд адæмы иугæнæг, удсыгъдæггæнæг фæрæз (Дзугаты Г. «Зæрдамон» (1967), Джусойты Н. «Сабыр ныхæстæ», 1973; Балаты Т. «Зæрдæйы хъарм», 1978; Тохты И. «Æфсиртæ», 1976 æмæ æнд.). Фыдызæхх, Иры æрдз, æнкъарæнты æгæрон дуне Гаджиты Г (1932-1985) 11
поэзийы (æмб. «Гутон æмæ стъалытæ», 1982). Хæст æмæ амонды рагон темæ. Сылгоймаг-мад, хо, цардæмбалы хьæздыг миддунейы равдыст Хостыхъоты 3. лирикæйы («Æрвгьуыз сагъæстæ», 1971; «Уарзондзинады монолог», 1975; «Æмæ цагъта дзæнгæрджытæ уалдзæг», 1981). Тетцойти Т. (1922-2010) поэзийы сæйраг мотивтæ. Хохаг доны фæлгонц - æнæнцайгæ змæлды, цæлхдуртыл уæлахизы символ («Хуæнхаг дон»); хъазуатон цард æмæ мæлæты пафо с («Ци л æхъу æн адтæн...»); раст æмæ æнæрастыл («Денгиз», «Зæхмæ» («Сабийæй нин адгин авдæнау...»), хæс æмæ фæразондзинадыл («Ку адтайдæ мæ зæрдæ æндон...») хъуыдытæ. Райгуырæн къуымыл рухс зарæг («Мæ гъæуи», «Сурх Дигорæ», «Сау цилауи»). Удварныл кусын («Кæлæ мæбæл æвæлхаттæй...») Дуг æмæ адæймаджы æнтыстытæ. Космосы тыгъдад айгæрдыны темæ (Мыртазты Б. «Гагаринимæ атахтис ирон дæр...», Тетцойти Т. поэзийы («Космос»), Гаджиты Г. «Сæйраг конструктор», Дзуццаты Х.-М. «Планетæйы цæрджытæ», «Хæдтæхæджы тæхæм..», Дзасохты М. «Арвы дуар фегом...» æмæ æнд.). 1980-æм азты поэзийы агурæнтæ. Историон процесс аивадон хуызы бамбарын æмæ равдисынмæ тырнæн, патриотон æмæ интернацион мотивтæ. Зæххон цард æмæ космосы ’хсæн бастдзинады темæ. Адæймаг куыд планетарон дунейы астæуккаг цæджындз Дзуццаты Х.-М. лирикæйы. Лæджы царды философи, фыдæлты «тохвæллад уæзæгмæ» уарзты, æрдз æмæ адæймаджы иудзинады мотивтæ Ходы К. поэзийы. Хъысмæты дывæрццыгдзинадыл сагъæс Малиты В. æмдзæвгæты. Скифироны (Тедеты Рюрикы) (1938-1991) поэзийы сæйраг темæтæ æмæ мотивтæ, жанрон æмæ стилы хицæнхуыз. Иры адæм, æрдз æмæ историйы поэтикон фæлгонц, семæ зæрдæйы тæгтæй бастдзинад («Кæд Чырыстийæн лидзæн ис...», «Куыдфæнды ахуыссæд мæ зынг...» æмæ æнд.). Ныййарæг мады сурæт, йæ ацыдыл судзгæ хьыг («Дæ мæлæн бон...», «Æваст дæ хъæлæс ауайы мæ хъустыл...», «Æвжпайды», «Талынг æхсæв...»», «Цæрдзынæн - æндæр мæ цы бон ис?..»). Поэтикон фæлхатæн æмæ градаци куыд лирикон геройы утæхсæн æвдисыны фæрæзтæ. Гуманизм æмæ раст зæрдыуагæй къахыр æхсæнады нывтæ («Уазæг, дард фæндæгтыл «басгуыхтæ...», «Сонт лæппуйы ратон-батон систой...» æмæ æнд.,), «æрæджиау зонды» фæсмон («Мæ зонгæтæ мæрдтæм цæуынц мæ разæй...»). Лирикон геройы мидхъуырдухæнтæ, йæ сидзæры уавæр «бæрæгбоны фынгыл» («Фæци мæ уалдзæг...», «Æнæхонгæ уазæг» æмæ æнд.). Хъысмæты хæрзаудæныл дызæрдыг («Мæйдар æхсæв мæ скъæфы поезд...», «Хæрзбон, хæрзбон, хæрзбонтæ/..»), фæлæ - хи нæртондзинадыл æууæндыны пафос, «къæйных» домæнты барджын зæлынад («Ратт мын, Уырызмæг, дæ хойы...», «Куы схуыссай...»). Цард æмæ мæлæтыл хъуыдытæ («Кæмæн у амæлын æнцон?..» æмæ æнд.). Цард æмæ сфæлдыстады концепци ирон поэзийы. Рæстæг æмæ аивады 12
мотивтæ Цæрукъаты А. лирикæйы, сæ арф философон-намысон мидис. Поэзийы ахсджиаг æууæлтæ Тетцойты Т. нымадæй - рæстдзырд æмæ бадг хъуыды, зæрдæагайæг æнæсайд æнкъарæнтæ («Мæ гьудитæ ’ма мæ фæндтæ...»); сфæлдыстадон авналæнты уавæрæй æнæразы («Цума æндзæвгæ дæр нæбал...»); поэты иунæгдзинад («Бæрзæ»). Сфæлдыстадон куысты уæз æмæ бæрныл сагъæс Ходы К. æмдзæвгæты. Поэт-тохгæнæджы хъысмæт Хъодзаты Æ., Джыккайты Ш. поэтикон уацмысты. Интгшон лирикæйы мидисы фæхъæздыг, йæ жанрон хуызты райрæзт. Номхæссæн æнувыддзинады мотив Тетцойти Т сфæлдыстады, йæ бирæ фæзилæнтæ лиризм æмæ юморы фæлгæсæнæй («Бæх æма силгоймагбæл æууæнкæ нæййес...», «Айнæг хонх», «Куд сабур дæ, куд æнцад дæ...», «Цæмæн фæдтæн уотæ æнæхъарæ...», «Дæумæ бабæй уарзтидзагæй...», «Фæлмæнæй донæхсинцъæ ку ’ркъолæ ’й...» «Æрмæст еунæг силгоймагмæ...», «Гъазти»,); æнæдзуапп уарзты цин æмæ маст (цикл «Æнæрадех уарзт», æмдз. «Билгон», «Ма мæ уарзæ æппун...»,); æрдз-нымд уарзты æвдисæн æмæ йыл аудæг(«Уе ’нцад бæласæйдзаг гъæуунги...», «Уæ къæрæзгитæн сæ рази...»); фыццаг уарзты рухс мысинаг («Бæтман»); уарзты цæлхдуртæ («Базудтонцæ дæ бийнонтæ...»), йæ ивæнтæ æмæ фæливæнтæ («Йе ’ной унгæг æй дуйне...», «Стур базари фæдздзæгъæл æй...», «Уарзондзийнадæ»); йæ сусæг уайдзæфтæ æмæ бустæ («Дæ уарзт мин ци ’й...», «Ду дæ тухгин...», «Уотæ сау дæн?...»); уарзт - бæллиц («Ци кæнон ма, куд цæрон ма?..», «Æдта ци рохс æма ци бæлдæ!..»). Уæлмонц уарзты мотив Малиты В. æмдзæвгæты. Сылгоймагæн табу кæныны пафос Бестауты Г. сфæлдыстады. «Нæфæтчиаг» уарзты тæваг поэты удыл, йæ намыс-цæлхдуртæ Хъодаяаты Г æмдзæвгæты. Сæрнывонд уарзты зæххон цинтæ æмæ хъыг Джыккайты Ш. поэзийы. Уарзонæй фæхицæны маст æмæ рыст Кокайты Т. æмдзæвгæты («Æнусон хур мæн нал тавы, æнхъæлдæн...», «Урс...», «Дæ цæстытæй кæм бамбæхсон мæхи?..»). Уарзт - аивады, поэзийы гуырæн Цæрукъаты А. лирикæйы. Адæмы историон хъысмæтыл, ирон дзыхыдзырды сомбоныл сагъæс (Дарчиты Д. «Хæс», Джусойты Н. «Æгъуыссæг хъуыдытæ», Хъодзаты Æ æмдз. цикл «Хæхты симфони», Кокайты Т «Сагъæс сомбоныл», Годжыцаты-Челдыты Н. «Цæстсайæн науыл цины тынтæйтайгæ...» æмæ æнд.). Традици æмæ ногдзинады фарстытæ. Классикон поэзийы фæлтæрддзинадмæ сфæлдыстадон ахаст (Хъодзаты Æ. цикл «Дæрддзæф рухсытæ», Джусойты Н. æмдз. «Фæззыгон фантази» æмæ æнд., Малиты В. «Мæ фыдмæ»), Мадæлон æвзагыл сагъæс, йæ æвидийгæ тых æмæ аивдзинадæн табу кæныны пафос Дзуццаты Х.-М., Хъодзаты Æ., Джыккайты Ш. æмæ ин. сфæлдыстады. Ирон æгъдауы уæз æмæ фарн (Плиты Г. æмдзæвгæты цикл «Хохаг хъæу», Мыртазты Б. сонетты цикл «Æгъдауы кадæг»). Фæлтæрты бастдзинад Цæрукъаты А. поэзийы («Ныхас авдæны сывæллонимæ»). Ирыстоны «арт-лæгты» сурæттæ Хъодзаты Æ., 13
Джыккайты Ш. æмæ ин. сфæлдыстады. Идеал æмæ æцæгдзинады ’хсæн дæрддзæджы æнкъарæн, материалон цыбæлтæ удон бæрзонд тырнæнтæм ныхмæвæрдæй. Историон фæлгонцтæ æмæ цаутæм æргом здахын - абоны дуджы ахсджиаг фарстытæ æвæрыны фæрæз Цæрукъаты А., Джыккайты Ш., Хъодзаты Æ. æмæ иннæ фысджыты сфæлдыстады. Аллегори æмæ фæсномыг ныхас - поэзийы ахсджиаг фæрæзтæ. Лиршæйы чингуытæ: Асаты Р. «Мæ Ирыстон» (1967); «Хуртуан» (197); Æлборты Х.-У. «Мæзæрдæйы хуызтæ» (1968), «Уидæгты зарæг» (1975), «Бæрзонд къæвда» (1981); Бабочити Р. «Фиди фарнæ» (1981); Балаты Т. Байриай!» (1967); Бахъаты Н. «Фыдæлты къахвæндæгтæ» (197); Гафез «Цардбæллон» (1974), «Фыды артдзæст» (1983); Гæлуаты А. «Зæрдæдарæн» (1978); Гулуты А. «Мæ фæззыгон най» (1969), «Мæ фæндаг» (1979); Дарчиты Д. «Лæггад» (1968), «Мæ сагъæстæ» (1981); Джусойты Н. «Æнæном чиныг» (1967), «Сабыр ныхæстæ» (1972); Джыккайты Ш. «Цæф сæгуыты маст» (1969), «Амраны зæрдæ» (1973) «Сагъадахъ» (1980); Дзаболаты X. «Къахуынæр» (1967); Дзасохты М. «Ракæндзынæн дын мæ зарæг» (1968), «Зæххы уæз» (1975), «Иры дзыхъхъ» (1984); Дзуццаты Х.-М. «Фæдисы æртытæ» (1967), «Равзаргæтæ» (1970), «Азты æфсарм» (1979), «Азæй- азмæ» (1982); Козаты И. «Æгъуыссæджы сагъæстæ» (1981); Мыртазты Б. «Бонрæфты» (1966), «Æгъдау» (1971); Нартыхты М. «Уацмыстæ» (1968); Пжты Г. «Авд цухъхъайы» (1967); Плиты Ф. «Хурхæтæн» (1986); Пухаты А. «Хæхты мидбылхудт» (1968), «Сæрдыгон къæвдатæ» (1974); Ситохаты С. «Ацы гомдуар дунейы» (1972); «Фæдзæхст» (1980); Скифирон «Лирикæ» (1973), Лирикæ-2» (1980); Тедеты Е. «Цæрæнбоны зарæг» (1968), «Фарн уæм бадзурæд» (1972), «Фæдзæхст дуне» (1979), «Урс доны былыл сау фæрдыг» (1982); Тетцойти Т «Мæ рæстзæрдæ æууæнкæ» (1974), «Уарзт æма лæгдзийнадæ» (1977), «Хуæнхаг дон» (1983); Тохты И. «Дæ бирæ дзæбæхтæ» (1969), «Азтæ» (1980); Тыджыты Ю. «Айнæг» (1968), «Азæлд» (1972), «Цæргæсы базыртæ» (1977); Уалыты Л. «Зæрдæйы уадындз» (1983); Ходы К. «Цæхх æмæ кæрдзын» (1966), «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц» (1970), «Кар» (1974), «Ном» (1979); Хостыхъоты 3. «Сæууон æртæх» (1967), «Æрвгъуыз сагъæстæ» (1970), «Уарзондзинады монолог» (1975), «Æмæ цагъта дзæнгæрджытæ уалдзæг» (1981); Хуыгаты С. «Мæ сыхæгты номæй» (1968), «Фæндаджы мæт» (1976); Хъазбегти Хъ. «Фарны дуг» (1977); Хъодалаты Г. «Ирон зæрдæ» (1968), «Æвронг зарæг» (1971), «Худы уæз» (1974), «Лæгдзырагъ» (1977), «Табуафси» (1980), «Æртвæдис (1983), «Куырыхон» (1986); Хъодзаты Æ. «Адæмы хъæр» (1969), «Сау æхсон» (1973), «Удæвдз» (1978); Цæрукъаты А. «Цыма лæууын æз кувæндоны раз» (1968), «Фыдæй фыртмæ» (1978), «Зæрдæйы фæндæгтæ» (1984); Цырыхаты М. «Кæмтты рухс» (1969), «Фæндæгты зарджытæ» (1979); Чеджемты Æ. «Мæ дунейы рухс» (1975), «Цом хурагур» (1982); Чехойты С. «Айдæн» (1968). Ирон поэзийы дарддæры сфæлдыстадон сгарæнтæ æнæтрадицион поэтикон 14
уынынад æмæ стихарæзты хуызты (сонет, газель, верлибр). Цыргь эпиграммæ æмæ фæзмæнтæ (пародитæ) Мыртазты Б. («Цырагъдар», «Бонрæфты»), Хъайтыхъты Г., Ходы К., Дзасохты М. æмæ ин. уацмысты. Сфæлдыстадон ног фæлтæр. Æрыгон авторты аивадон агурæнтæ, сæ поэзийы проблемон-идейон бирæхуызад. Лирикæйы чингуытæ: Гаджиты Г. «Гутон æмæ стъалытæ» (1982); Кокайты Т. «Нывæфтыд фæндæгтæ» (1974), «Уалдзæджы къæсæрыл» (1978); Миндиашвили С. «Ныхас хуримæ» (1966); Уалыты Л. «Мæ хъуытазмыр уалдзæг» (1974), «Зæрдæйы уадындз» (1983); Хаджеты Т «Фараст барæджы» (1973), «Хъысмæт æмæ зарæг» (1977), «Æхсондуры хъæлæс» (1980); «Зæйраскъуыды уынæр» (1983); Хæмыцаты А. «Хæрзæггурæггаг» (1980), «Бонивайæнты» (1982), Чеджемты Г. «Мæ дунейы рухс» (1975), «Цом хурагур» (1981). 1970-1980-æм азты поэмæйы рæзты фæндæгтæ. Дуджы социалон-философон мидисы равдыст, историон фæлтæрддзинад бахынцыны фæндтæ. Жанрон æмæ стилы хицæндзинæдтæ. Трагедион поэмæ, йæ нысаниуæг æмæ бынат литературон процессы. Рæстæджы трагикон ныхмæдзыдтыл лиро-философон сагъæс. Адæмон сфæлдыстады традицитæ Плиты Г, Джусойты Н., Мыртазты Б. æмæ ин. кадджыты. Ивгъуыдыл фыст поэмæты намысон-этикон æмæ социалон- историон зæлынад. Къостайы фæлгонц ирон поэмæйы (Джусойты Н., Дзугаты Г. æмæ ин.). Поэт-тохгæнæджы трагикон хъысмæт, фыдæх æмæ æбузн рæстæджы фæлгонц Тетцойты Т поэмæты («Поэт æмæ рæстæг», «Борæмæлгъæ ’ма цæргæс»), рæстдзинад æххæстæй нæ дзурыны фæтк. Революцион сгуыхты бæрзонд пафос Джусойты Н. поэмæты, Козаты И. «Знауры» - ы. Малиты В. лиро-философон эпопей «Æнусæй-æнусмæ» (1967). Лæгдзинад æмæ намысы, фыдыуæзæгыл æнувыды проблемæ хæсты темæйыл фыст уацмысты (Дарчиты Д. «Чабæхан», Гафезы «Зарæг цæрæнбоныл» æмæ æнд.). Реалистон стилы романтизмы æууæлтæ. Джыккайты Ш. поэмæты лирикон герой, арф психологизм йæ мидхъуырдухæнты равдысты. Уарзты темæ Малиты В. («Пея», 1966. «Роксана», 1970), Нартыхты М. æмæ ин. сфæлдыстады, йæ намысон-этикон проблематикæ. Лирикон геройы «æз» - ы мидбыцæу, хорз æмæ фыды ’хсæн æнусон тох адæймаджы зæрдæйы (Малиты В. «Поезды», Æлборты Х.-У. поэмæтæ). Прозæ Эпикон традициты дарддæры рæзт. Романы жанрон-проблемон арæнты рауæрæх. Фыдыбæстæйы хæсты темæйы ног фæзилæнтæ. Дзугаты Г. роман «Карды комыл» (1966) - фашистон концлагерты æвирхъаудзинад æмæ цæрдудæй зындонмæ бахауæг адæмы удфидары равдыст; алы нациты минæвæртты ’хсæн æнæфæцудгæ хæлардзинады, зындзинæдтыл уæлæхизы темæ. Цаутæ уæрæх нывæндыны традици (Дзадтиаты Т «Æхсаргæрдты зæлланг», 1977; Æгъуызарты Æ. «Куырды 15
фырты» 1-аг чиныг, 1974). Тохы быдыр æмæ фæсфронты иудзинад. Героикон архайды арæнты рауæрæх Бицъоты Г. «Арвы айдæн» - ы (1982), уацмысы намысон- психологион мидис. Историон романы сæвзæрд æмæ рæзт 1960-æм азты æмбисы - 1980-æм азты. Йæ проблематикæ æмæ намысон-философон мидис. Национ ивгъуыды вазыгджын фæзилæнтыл, ирон адæмы историон хъысмæтыл сагъæс. Документалон факт æмæ аивадон æрхьуыдыйы фæдыл литературон дискусситæ. Хуымæтæг адæймаджы хьысмæт историон цауты знæт уылæнты. Богазты Умары роман «0, нæ хæхтæ, нæ бæстæ...», Бесаты Тазейы роман-дилоги «Тызмæг хæхтæ» («Фыдæлты фарн», 1976, «Æнусон ныстуан», 1983). Историон æрмæджы иппæрд уавæр сюжеты ранывæсты. Фольклорон психологизмы, нормативон фæлгонцады фæрæзтæ. Фольклоризмы фæйнæ хуызы нырыккон историон романы. Хицæн адæймаджы царды уæрæхдæр равдыст национ историйы фæлтæрддзинадимæ бастæй. Адæмы ивгъуыды ахсджиагдæр социалон фæзындтæ рахицæн кæныны фæнд. Героикон сгуыхты философи, ивгъуыдæн абоны зондæй (зонындзинæдты бæрзæндæй) аргъ кæнын, эпикон традициты бастдзинад литературон психоанализы домæнтимæ. Аивадон конфликтты бирæнысанон мидис æмæ философон уаг Джусойты Н. («Фыдæлты туг», 1965), Булкъаты М. («Теркæй Туркмæ», 1970-1979) романты. Историон-революцион прозæйы рæзты ног къæпхæн 1970-æм азты. Революци æмæ мидхæстыл фыст романтæ. Традицион темæйы ног фæзилæнтæ. Проблемон- жанрон æмæ стилы хьæздыгдзинад. Сюжет æмæ композици аразыны фарсты, аивадон конфликты хицæндзинæдтæ. [Хацырты С. роман-тетралоги «Хæхты фæдисон» (1970-1985), Гæбулты М. «Дæ тугæй фыст...» (1979), Мæрзойты С. дилоги («Дзæбуг æмæ хъæсдарæг», 1973, «Къæхтысæр», 1981), Гаглойты В. «Гъе, мардзæ, исчи!.. (1970) æмæ æнд.]. Ирыстоны ивгъуыды æмæ революцион историйы концепци Джусойты Н. роман «Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн...» - ы (1970). Революцион сгуыхт æмæ æнусон кады идейæ Букуылты Алыксийы романы («Зарæг баззади цæргæйæ...», 1980-1989). Персонажты цæстæнгасты фæд- фæдыл равæрд куыд романы таурæгъон арæзты сæрмагонд æууæл. Хæрзвæткон фарстытæ абоны рæстæгыл фыст уацмысты. Ирон мады эпикон фæлгонц æмæ бинонты, хъæубæсты, адæмы фарны темæ Малиты В. роман «Сурмейы хæдзар» - ы. Æмдугоны æрвылбоны цардуаджы равдыст Хуыгаты С, Жажиты А. сфæлдыстады. Хъайтары миддунемæ лæмбынæг цæстæнгас. «Æндзыг» æхсæнады дывæрццæг уавæр. Æгъуызарты Æ. роман «Куырды фырт» (1974-1980), йæ вазыгджын проблематикæ. Дуджы социалон биографи хицæн адæймаджы цардвæндагимæ æмбастæй. Фыссæджы уацмысты публицистондзинад æмæ граждайнаг пафос. ’ Ивгъуыд абоны цæстæй. Лæджы хьысмæт царды тыхæвзарæнты [Джусойты Н. роман «Залты мит» (1973-1980), Цæгæраты М. «Райсомы мигъ» (1983) æмæ æнд.]. 16
Нырыккон романы жанрон-проблемон агурæнтæ. Мидмонологон прозæ æмæ роман-зæрдæргомгæнæн ныхасы хуызтæ. Агънаты Г. «Фæстаг æхсæв» (1987), Гуыцмæзты А. «Дæ уды фарн» (1985). Эпикон жанрты дарддæры проблемон-тематикон дихдзинад. Уацауы размæцыд уавæр. «Лирикон прозæйы» сæвзæрд 1960-æм азты райдайæны - адæймагæн, йæ социалон функцимæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ мидцарды хæрзвæткон миниуджытæм гæсгæ аргъ кæныны фæстиуæг. «Лирикон прозæйы» хицæнхуыз æууæлтæ æмæ рæзты фæндæгтæ. Мысинæгтæ куыд архайды цыд амидингæнæг бындурон фæрæз Джусойты Н., Хуыгаты С, Хъодзаты Æ., Козаты И. уацауты. Хъайтары намысон домæнтæ æмæ удыхъæды рæзт Бицъоты Г., Дзасохты М. сфæлдыстады. Психоанализы хуызтæ. Æрыгон адæймаджы субъективон фæлтæрддзинад рæстæг æмæ царды æцæгдзинадимæ бастæй. Миниатюрæ куыд лирикон прозæйы хуыз, куыд æрдз æмæ царды аивдзинад æвдисæг къаннæг, фæлæ мидисджын ныв (Цæгæраты М. новеллæты чиныг «Хæхты», Бесаты Т. «Хистæры сурæт», «Цæрын мæм æрцыд», «Фæстаг цуан», Нартыхты М. «Уалдзыгон сагъæс», Плиты Ф. «Цæмæн уарзын мæ Фыдыбæстæ», Гуыцмæзты А. «Азарут иронау, лæппутæ!» æмæ æнд.). Уацауы бынат æмæ нысаниуæг хæсты цауты нывфæлысты. Героикон сгуыхт æмæ гуманизмы темæ Дзадтиаты Т, Цæгæраты М., Баситы М., Хъайттаты С æмæ ин. уацмысты. Историон-революцион темæйы ног фæзилæнтæ уацауы жанры. Революци æмæ сфæлдыстады, бæрзонд бæллиц æмæ йæ сæххæсты темæ Цæгæраты М. «Хæххон барæджы» (1970). Революцийы хæрзиуæгон æндæвдад лæджы хъысмæтыл. Дзесты К. уацау «Фыййауы сагъæс» (1970). Историон æмæ «хъæууон прозæ» куыд уæды фæлтæры литературæйы бæрзонддæр æнтыстытæ. «Хъæууон прозæйы» рæзты хицæндзинæдтæ æмæ уæрæсейаг литературон процессимæ æнгæс æууæлтæ. Йæ гуманистон пафос, удварн æмæ намысы фарстытæм уæлдай хъусдард. Ирон хъæуы фæлгонц: йæ ивгъуыд, йæ абоны сагъæстæ æмæ мæт æппæт адæмтæн иумæйаг проблемæтимæ бастæй (Агънаты Г «Фæстаг бæх», «Ныййарæг»; Гуыцмæзты А. «Иу фысымы уазæг» æмæ æнд.). «Æрдзон дунейы» философи, адæмон традицитыл æмдугоны сæнувыд кæнынмæ тырнын (Джусойты Н. «Урс-урсид мит», Козаты И. «Къонайы стъæлфæнтæ», Гуыцмæзты А. «Урс фынтæ», «Кæд фæниуынц куыйтæ»). Хъæуккаг зæрæдты фæлгонцтæ, сæ нысаниуæг фысджыты фæткон-этикон фæдзæхстытæ чиныгкæсæгмæ фæхæццæ кæныны хъуыддаджы. «Хъæууон прозæйы» проблематикæйы баввахс ассоциативон-метафорон фæлгонцады агурæнтæм. Адæймаджы уæвынады мидис, «фыдæлтыккон» æнæивгæ æцæгдзинæдтæ (хæдзар, къона, къæбæр, фæндаг, уарзт æмæ фыдæх, цард, мæлæт æмæ æвæсмард æмæ а.д.) бамбарынмæ чи тындзы, ахæм «лиро- 17
философон хъуыдыкæнынад» (Дзесты К. «Фæндагсар Уастырджи», «Джусойты Н. «Адæймаджы мæлæт» æмæ æнд.). Æрыгон хъайтары зонд, æмбарынад æмæ удварны рæзты равдыст ирон уацауы. Социалон-психологион конфликттæ æмæ сæ аххосæгты анализы фæарф. «Æнусон фарстытæ» фыццаг хатт рахатыны драматизм (Хуыгаты С. «Æхсырласæг», 1973; Хæблиаты С. «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы», 1973; Дзасохты М. уацаутæ, Æгъуызарты С. «Цæсгом», 1981; Дауыраты Д. «Сæрдыгон фæткъуытæ», 1985). Æрдз æмæ адæймаджы ’хсæн гармонион ахастытыл ныхас, сæ фехæлды фæстиуджытыл сагъæс Хъазиты М. «Алмас» - ы. Ахуырдзау фæсивæды фæлгонцтæ йе сфæлдыстады. Ирон радзырды рæзты æууæлтæ. Тематикон-проблемон хъæздыгдзинад. Намысы, хæрзæгъдаудзинады фарстытæ. Царды фæзындтæ æмæ уæвынадмæ философы цæстæй кæсыны фæлтæрæнтæ Дзугаты Г., Хацырты С, Богазты У, Агънаты Г, Тедеты Р., Гуыцмæзты А. æмæ ин. уацмысты. Комизмы фæрæзтæ нырыккон царды ныхмæлæудтæ æмæ хъæндзинæдтæ хурмæ хæссыны хьуыддаджы. Сатирикон характеры ранывæст Дзесты К., Скифироны (радзырдтæ «Гаглойты Сала æмæ абырджытæ», «Тæригъæдтæ» æмæ æнд.), Хуыгаты С. (радзырдты чиныг «Гъе, уый дын Хепа»,), Хæблиаты С, Агънаты Г. («Гобецоны хъыбылтæ»), Гуыцмæзты А., Гусалты Б. («Гæццойон»), Æлборты Х.-У («Бушлат», «Къуызыроны хъуг»), Гæлуаты А. («Дудæг æмæ Худæг») æмæ ин. сфæлдыстады. Аивадон очеркы рæзт æмæ къуыхцытæ, йæ жанрон æмæ стилы арæнты рауæрæх. Очерк-этюд, очерк-ныстуан, очерк-лирикон къаннæг ныв æмæ а. д. Проблемон æмæ сурæтон очерк. Публицистон характер аразыны фæрæзтæ Бæдоаты Хъ., Дзесты К., Уырымты П., Цырыхаты М. æмæ ин. уацмысты. Очеркты иумæйаг æмбырдгонд «Цардæй бафсæдут» (1971). 1970-1980-æм азты Голоты В., Къæбысты 3., Айларты И. публицистикæ. Драматурги Историон темæйы ахсджиаг бынат 1970-1980-æм азты ирон драмæйы. Героикон-романтикон нывкæнынады тыхджын традици. Революцион змæлд æмæ мидхæсты тымыгъты лæджы удыхъæд æмæ зондахасты бахсыст. Адæмон характертæ Темыраты Д. пьесæты, Хуыгаты Г. «Нæ фыдæлты намыс» - ы (1970). Бинонты ’хсæн социалон ныхмæлæуды карз драматизм Хуыбецты Р. «Сау чызг» - ы (1965), Саламты Къ. «Сæрмæт æмæ йæ фыртты» (1971). Фыдæлты хæрзвæткæй иппæрд персонажты деградаци, революцион змæлды æндæвдад национ удыхьæды рæзтыл. Гаглойты В. («Иунæджы кадæг»), Плиты Г. («Тæрхоны лæгты», 1980) драмæты аивадон фæрæзтæ. Фольклорон мотивтæ Джусойты Н. «Азау æмæ Таймуразы» (1973). 18
Комедион хъайтар æмæ комизмы элементтæ ирон драмæ æмæ трагедийы. Хацырты С, Хуыгаты Г., Гуыцмæзты М. комедитæ. Хæстон темæмæ лæмбынæг цæстдард. Райгуырæн бæстæйы сæрапонд тохы бæрзонд пафос Темыраты Д. уацмысты. Хуыбецты Р. «Мады фарн», Гаглойты В. «Ныйарæджы кадæг» - ирон мады стыр уарзт æмæ номхæссæн лæгдзинадыл зарæг. Хъайттаты С, Малиты В. пьесæты моралон-этикон проблематикæ, хъомыладон фарстыты райхæлд. Сывæллæты литературæйы уавæр амынд рæстæджы. Йæ рæзты фæндæгтæ хистæр кары фысджыты (Баситы М., Плиты И., Цæгæраты Г, Айларты Ч.) сфæлдыстады. Цæрукъаты В., Уырымты П., Икъаты Вл. æмдзæвгæты тематикæ æмæ аивадон æууæлтæ. Æрдз æмæ адæймаджы бастдзинад Дзесты К. («Уæлыгæсы радзырдтæ», «Фыййау куыдзы мæлæт»), Цæрукъаты А. («Аздæхти фæстæмæ Къæборц») уацмысты. Жажиты А., Чеджемты Г, Дзасохты М. радзырдтæ æмæ аргъæуттæ. Сæ нысаниуæг сабийы удыхъæд æмæ хъуыдыйы рæзты, сæ хъомыладон мидис æмæ ирхæфсыны хуызтæ. Литературон критикæйы уавæр. Æрмæст стауæн кæнæ мастисæн рецензийы зианхæссæг фæстиуджытæ. Литературон процессæн объективон анализы бындурыл аргъ кæныны стæм фæтк. Хицæн ахуыргæндты æнтыстытæ ирон литературæзонады рæзты. Джусойты Н. («История осетинской литературы: Дооктябрьский период». 1-аг чиныг- 1980; 2-аг чиныг - 1985); Салæгаты 3. («От Нузальской надписи к роману: Проблемы генезиса и становления осетинской прозы», 1984); Æлборты Х.-У. («Ирон литературон критикæ 30-æм азты») егъау концептуалон куыстытæ уырыссаг æмæ ирон æвзагыл. Литературæйы историйы, цæугæ литературон процессы вазыгджын фарстытæ Джыккайты Ш., Дзуццаты Х.-.М., Æлборты Х.-У уацты æмбырдгæндты. Хицæн фысджыты цард æмæ аивадон æрмдзæф иртасæг чингуытæ (сфæлдыстадон очерктæ). 19
3-аг темæ. XX æнусы 1986-2000 азты ирон литературæ «Рацарæзты» дуг æмæ æхсæнадон-политикон уавæр. Демократи æмæ æргомдзырды хицæнхуыз æууæлтæ. Бирæпартион системæ, хицаудзинадыл тох. ССРЦ-ы фехæлд. Социализм дунейы алы ран дæр заууаты бынаты. Рацарæзты раивд капитализмы реставрацийæ. Национ фарстаты скарз. Ног хæстытæ Цæгат Кавказ æмæ Фæскавказы. Патриотизм æмæ хъомысджын архайды домæн куыд адæймаджы æмбæстагон æмæ намысон фæлварæн. Литературæйы кризисон уавæр 1990-æм азты райдайæны, æхсæнадон царды йæ бынат æмæ нысаниуæгмæ цæстæнгасы раивд. Чиныгкæсæджы зæрдæмæ ног хуызы фæндæгтæ агурыны сæр. Аивадон культурæйы сæйраг конфликт. Дзырдаивады - антикоммунистон æмæ адæмы хъысмæтимæ, социалон рæстадимæ баст - дыууæ къабазы куыд фысджыты ’хсæн цæхгæр дихдзинады фæстиуæг. Дзуццаты Х.-М., Хъодзаты Æ., Уанеты В., Малиты В., Гусалты Б. æмæ иннæты идеологион ныхмæлæуд раздæры æмцæдисонтæм, сæ публицистикæ æмæ аивадон уацмысты æргом полемикон здæхт. Рæстæг æмæ адæймаджы тыххæй рæстдзинад дзурыны ног гæнæнтæ Цæрукъаты А., Хостыхъоты 3., Джыккайты Ш., Æлборты Х.-У. æмæ иннæты поэзийы. Раздæры критикон цæстæнгасты раивд социалистон ивгъуыдæн хæрзиуæгон аргълæвæрдæй. Идеологион-политикон конфронтацийы иуцасдæр æрлæмæгъ фæсрацарæзты ирон литературæйы. 1980-æм азты дыккаг æмбисæй дзырдаивады философон гæнæнты рæзт, æхсæнадон хъуыды бындурон ивддзинæдтæм бацæттæ кæныны йæ нысаниуæг. Миф æмæ æцæгдзинады æрæмных; æхсæнадон хъуыды æмæ цардæвæрды ныхмæдзыдты анализ. Дунеон литературæйы фæлтæрддзинадмæ, культурон-историон традицитæм лæмбынæгдæр хъусдард. Уый руаджы аивадон конфликтты системæмæ ногдзинад хæссын; ивгъуыды трагикон цаутæм, абоны вазыгджын уавæрмæ, æппæтадæмон, «æнусон» фарстытæм æргомыздæхт. Аивадон уацмысты жанрон-композицион структурæ æмæ стилы фæхъæздыг, сæ æмбаст дуджы философон агурæнтимæ: ивгъуыд æмæ ныры æддæг-мидæг иудзинад, фæйнæхуызон рæстæджыты æмазæлд иу уацмысы мидæг (мысинæгтæ, ретроспекци); мифон мотивтæ реалистон уацмысы контексты, таурæгъкæнынады бадзырдон хуызтæ (Джусойты Н., Булкъаты М., Гуыцмæзты А., Хъазиты М. æмæ ин. прозæ). Литературæйы раздæры фæлтæртимæ тематикон æмæ проблемон бастдзинад. Авторы позици бæлвырд кæныны вазыгджын мадзæлттæ. Литературон публицистикæ æмæ критикæйы ивгъуыды фæлтæрддзинад бахынцыны фæлварæнтæ. «Лагерон» мемуартæ. Нæ литературæйы историйы цыд 20
æххæстæй равдисыны тенденци. Ивгьуыдæй «раздæхт» нæмттæ æмæ уацмыстæ (Байаты Г., Цæлыккаты А. æмæ ин.). Ног литературон-æхсæнадон мыхуыры оргæнтæ. Литературон жанртæ: прозæ, поэзи, драматургийы иумæйаг уавæр. Поэзи 1980-æм азты дыккаг æмбисæй 1990-æм азтæм ирон поэзийы ногдзинады æууæлтæ. Тыхджын æмбæстагон пафос. Национ уидæгтæм æмæ культурæйы гуырæнтæм бæстон хъусдард. Фыдæлты фарн æмæ æгъдау бахъахъхъæныны, дуне сæфты фæндагæй раздахыны мотивтæ. Граждайнаг-публицистон райдайæны рæзт. Абоны æцæгдзинады, ивгъуыды трагикон цауты арф историон-философон анализ. Зæххон цард æмæ адæймагады хъысмæт, хæст æмæ фидыды темæ Джусойты Н. сфæлдыстады («Изæры рухс», 1987). Адæймаджы номимæ баст æмбарынæдты мидис Тетцойти Т. поэзийы: сæрибар, намыс æмæ уарзт, рæстад æмæ бæрндзинад, райгуырæн зæххы тавс æмæ ад («Лæг», «Ци ’й культ»); цардимæ æмдзу кæныны фæтк («Лæууй фидæлтиггон мæсуг...»). Рæстæгæй æнæразы, ивгъуыды мæнг идеалтæ æмæ ныры царды æвидыц цайдагътæ сатирæйы рухсгæнæнæй («Мæстгун», «Еудадзуг сидт», «Нуриккон æфсийнæ»); поэты зын хъысмæт, ныфссаст æмæ цъысымы уавæр, адæмæй иппæрды равг («Нæдæр лимæн, нæдæр уарзон...», «Некумæ кæнун хæлæф», «Уауу, куд баргъæвстæй мæзæрдæ...»). Нырыккон хæсты æвирхъаудзинад. Ирон адæмы историон хъысмæтыл сагъæс. Лæгдзинад æмæ ныфсы мотивтæ (Асаты Р. æмдз. цикл. «Астрæнхъонтæ», Мæргъиты Къ. æмдз. цикл «Мæ Ирыстон, у мастæй ’хгæд мæ хъуыр...», Джусойты Н. æмдз. цикл «Зæрыбоны сагъæстæ», Хъазиты М. æмдз. цикл «Чъреба, 1991-92 азтæ», Хъодалаты Г. æмдз. цикл «Иу нæ нæхи хуызæн нал у...», Плиты Ф. æмдз.цикл «Ирон сагъæстæ», Гобозты В. сонетты быд «Ирыстон», Хæмыцаты А. «Чъребайаг хæстоны сидт», «Мæ мæгуыр Ир, дæ зæхх ысси дзырддаг...» æмæ æнд.). Зынгхуыст фысджыты ном арыны традици Кокайты Т, Хæмыцаты А. æмæ ин. сфæлдыстады. Æрдз æмæ адæймаджы фæрнæйдзаг «æмгуыст-æмдзæрины» нывтæ, Ирыстоны историон-культурон цыртдзæвæнтæ (Годжыцаты-Челдыты Н. «Хуры тын», Хæмыцаты А. «Дæргъæвсы», «Изæрыгон Хъобаны», «Четойты мæсыг» æмæ æнд.); æрдз æмæ поэты равджы æнгæсдзинад æмæ контраст (Хæмыцаты А. «Сæумæрайсом Цъæйыкомы», «Æхсæвыгон», «Мæйдар æхсæв...»). Æмдугоны дунеуынынад, контрастон мидæнкъарæнты быцæу Джыккайты Ш. поэзийы («Æхсæвы æртытæ», 1990); адæймаг æмæ рæстæджы вазыгджын æмахастыты драматизм Хъодзаты Æ. сфæлдыстады («Рухс», 1987; «Дыууæизæрастæу», 1994). Дзуццаты Х.-М. лирикон герой-рæстдзинады фæдисон («Биографи», 1990). «Æнусон», æппæтадæймагон темæтæ æмæ мотивтæм хъусдард 21
Цæрукъаты А. философон лирикæйы («Æвзистсыг къæвдатæ», 1988). Ирыстоны æрдз æмæ адæм, йæ ивгъуыд æмæ фидæныл сагъæс Æлборты Х.-У. поэзийы, фыссæджы метафорон-ассоциативон уынынад («Рухсытæ судзынц», 1988). Æрдзы бархьомыс дуне æмæ адæймаджы цард æмæ равгыл (Миндиашвили С. «Тулдз- цæргæс», «Хохаг суадон»), мæрдырохы трагеди (Хæмыцаты А. «Манкурт»). Скæсæйнаг поэзийы традицитæ ирон «мæрыл». Чеджемты Æхсар (1937- 2009) æмæ Георы (р. 1940) къаннæг æмдзæвгæты хицæндзинæдтæ: бæрцæй дзырдтæ æмæ фæлтæргай метафорикæ, алцы «цæрдудæй» æвдисын. Æмдзæвгæ- акварельтæ (Чеджемты Æ. «Фæззыгон æмдзæвгæ», «Иу къуылых урс Зымæг...», «Хуры фырты уарзон» æмæ æнд.; Чеджемты Г. «Арфæ», «Дидинæфтауæг Æхсынцъы Бæлас!..», «Зымæгон Сау Хъæды», «Зæронд бæласы мæлæт», «Æртæ хатты бакастæн уалдзыгон Къомси Бæласмæ», «Гино»). Предметты «мидцарды» æмбæхст фæзилæнтæ, поэтикон ской, аллегори æмæ фæлхатæны нысаниуæг уацмысы хьуыдыйы райхæлды (Чеджемты Г. «Бæстæзонæн музейы», «Дыууæ хъысмæты», «Афтид зæрдæйы иунæг хæзна», «Зымæгон уазал бон хъæды»); уарзт-æнхъæлмæгасты сусæгдзинæдтæ æмæ равг (Чеджемты Г. «Дæу агургæйæ», «Æнæнхъæлæджы фембæлд», «Иу сæрдыгон бон уыгæрдæны», «Фæсмон», «Царæфтыд гогонтæ»). Фæстаг азты поэзийы чингуытæ- æнусы кæрон карз хатдзæгтæ. Адæймаг æмæ царды философи. Дин æмæ атеистон хъомылады ’хсæн вазыгджын мидахастытæ. Политикон лирикæйы бæрзонд æмбæстагон зæлынад, æргом публицистондзинад æмæ æхсидгæ æнкъарæнты æмиу. Ирони æмæ сарказм куыд «фыдохы дуджы» сурæт ныв кæнынæн хьæугæ ахорæнтæ. Сомбоны ныфсæй цæрыны, хæрамы ныхмæ тохы пафос (Хъодзаты Æ., Æлборты Х.-У, Джыккайты Ш. æмæ ин. поэтикон æмбырдгæндтæ). Лирикæйы чингуытæ: Æлборты Х.-У «Рухсытæ судзынц» (1988), «Ныфсы у идаг» (1999); Бахьаты Н. «Æхгæд фыстæг» (1990); Дауыраты Д. «Удыбæстæ» (1997); Дауырæ «Сæдæйысæр» (2000); Джусойты Н. «Изæры рухс» (1987); Джыккайты Ш. «Æхсæвы æртытæ» (1990), «Саст дзæнгæрæг» (2000); Дзуццаты Х.-М. «Биографи» (1990), «Дыууæ дуджы астæу» (2000); Кокайты Т. «Æрвон райсомтæ» (1990), «Мæ дзуар» (1995); Малиты В. «Рохсанæ» (1988), «Мусонг» (2000); Миндиашвили С. «Ныфсы дзæнгæрæг» (1990); Плиты Ф. «Хурхæтæн» (1986), «Рухстауæгзарджытæ» (1989); Ситохаты С. «Хъарм ныхæстæ» (1989); Тедеты Е. «Кадæггæнæг» (1987), «Хæхты дзæнгæрæг» (1989), «Арвы дуар» (1998); Тетцойти Т. «Лирикæ» (1988), «Нифс» (1993); Уалыты Л. «Артдзæст» (1994), «Мæ дуне» (1999); Хаджеты Т. «Фæсизæр» (1995); Харебаты Л. «Цин æмæ сагъæс» (1987); Хæмыцаты А. «Дурты хъарм» (2000), «Цæстырухс» (2006); Ходы К. «Мыртæ» (1992); Хостыхьоты 3. «Сæуæхсиды зæлтæ» (1988), «Æрвнæрыны размæ» (1994), «Табуйаг» (1998); Цæрукъаты А. «Æвзистсыг къæвдатæ» (1988), «Сагъæс» (1994); Хъодалаты Г. «Куырыхон» (1986), «Уастырджи» (1989); Хъодзаты Æ. «Рухс» (1987), «Къостайы 22
хæдзар» (1991), «Дыууæизæрастæу» (1994), «Хуыцауы бон» (1998), «Зынджы бардуаг» (2003); Чеджемты Æ. «Дæ ном» (1987), «Æртхурон» (1997), «Ирон зарæг» (2001); Чеджемты Г. «Арвы бæлæстæ» (1987); æмæ æнд. Ног фæлтæры сфæлдыстадон къахдзæфтæ, сæ аивадон æнтыстытæ æмæ къуыхцытæ. Сæ поэтикон æрмдзæфы национ æмæ æппæтадæмон æууæлтæ. Литературон æндæвдад æмæ хи хъæлæс агурыны фæстиуджытæ. Къибирти Амырханы (р. 1944) поэзийы хицæндзинæдтæ, иугай дзырдбæстытæй быд æмдзæвгæты дырыс рифмæ æмæ «цæхгæркарст» ритм Урс- сау ахорæнты фæлхат, кæрæдзиимæ сæ «ивддзаг» кæнын куыд апокалиптикон дунеуынынады нысан, метафорон контраст бæлвырддæр кæныны фæрæз Бабочити Руслаиы (р. 1950) поэзийы. Касаты Батрадзы (р. 1950) лирикæйы субъект - бæлццон-фæдисон, удон хæлцагур, искæй зынтæм къæрцхъус, фæллойуарз, архайды лæг. Абайты Эдуарды (р. 1953) сабырныхас хъуыдыджын поэзи, йæ æмдзæвгæты таурæгъон зæлынад æмæ афористон фæлгонцад; лирикон геройы удысконд (йæ цæстуынгæ æмæ мидæвæрд æууæлтæ, йæ «зындзæрин» хæдбындур уаг). Гусалты Виталийы (1953-2004) сфæлдыстадон курдиаты стъæлфæнтæ. Сæ бындурон хахвæд - хъуыдыгæнæг адæймаджы фæллад уды тæлфын, тухиаг æнкъарæнтыл æргомзæрдæ «хуымæтæг» ныхас; поэтикон рæнхъыты зæрдæагайгæ лиризм æмæ ивазгæ музыкалон ритм. Косты Лизæйы (р. 1954) интеллектуалон поэзи, зæл-ахорæнты мынæг аивдзинад. Зæрдæйы æбæрæг тæлмæнтæ æмæ зын фиппайæн равг, фæлвараг хъуыдыйы улæфт, æнаипп рифмæ æмæ ритмы зæлынад. «Уидæгты» фарны темæ, нæртон реминисценцитæ æмæ адæмон мотивтæ Къадзаты Стаииславы (р. 1955) сфæлдыстады. Мамыкъаты Хъазыбеджы (р. 1956) поэзийы романтикон фæлм. Дины мотивты философон апп æмæ рухстауæн дидактизм; хъавгæ баныдзæвдæй адæймаджы мидцард æмæ мидæкъарæнты ранывæст. Скъодтати Эльбрусы (р. 1959) хуызджын уынынад, рæстæг æмæ дунейыл сагъæс. Интимон æнкъарæнты ивæнтæ, поэтикон номсидты традици Колити Виталийы (р. 1959) лирикæйы. Адæмон ныхасы цардæгас зæлтæ, æрдзон юмор æмæ бæстон æвзæрст дзырдтæ Джусойты Мараты (р. 1959) æмдзæвгæты, сæ зырнæйзылд композици. Цард æмæ уарзты диалектикæ Цомайты Ростиславы (р. 1959) поэзийы. Гибизти Оскары (1960-1993) æмдзæвгæтæ - тыгъд зæрдæйы судзаг рис. Лирикон геройы сидзæр, æнæсæрхъызой уавæр æмтъеры дуг æмæ фæлывд æхсæнддзарды. Сюрреалистон фæлгонцадмæ æввахс æууæлтæ: предметон дуне «удæгасæй» уыныны курдиат, уыцы иумæ - адæймаджы цардæгас буары хæйттæ æнæуд дзаумайы хуызы æвдисын; ассоциативон хъуыдыйы æнахуыр æмæ æвиаппайды фæзилæнтæ. Сæ поэзийы сæйраг мотивтæ. Поэт æмæ поэзи. Сфæлдыстадон удхар, уæлмонцады æнæрхъæц, йæ кæлæнты хъомыс (Косты Л. «Сау изæр мæ цъысыммæ фæтæры...»), йæ æрвон æмæ æвидийгæ мидис (Мамыкъаты Хъ. «У арв поэзийы хæдзар...», «Поэты монолог»); 23
поэт-фæндаггоны домаг ахаст йæ балцы фæстиуджытæм, ныфс æмæ удрухсдзыд архайд - фидæны æнтыстыты бындур (Косты Л. «Фæндаггоны зарæг»); хицæй æнæразыйы темæ (Колити В. «Фæстаг æмдзæвгæ»); сфæлдыстадон цъысымы уынгæг уавæр, зæрдæйы ураугæ рис (Гибизти 0. «Салд зæрбатуг»), сфæлдыстадон мидцоппайы катайаг æнкъарæн (Колити В. «Нæй мæ бон исфæлдесун мæ гъуди...», «0, ци догæ æристадæй...»), уæлтæмæнады бастадыл юморимæ (МамыкъатыХъ. «Æнæбары рæнхъытæ»). Поэты зæрдыуаг(Абайты Э. «Мæ чъиу ныппырх...», КасатыБ. «Кæйдæртау æз уæлбæх цардæй нæ цæрын...», «Цæссыгæй мигъты рагъ...», «Æрра дæн æз кæнæ æдылы...», «Æризæр и...», «Поэты бафхæрын æнцон у...»), сусæг фаутæ æмæ тауыс - поэтæн «марæн кард» (Гибизти 0.-«Мæ сæри хæдзарбæл уаруй...», «Мæ цæсгони кулдуар», «Мадæмæ», «Гъæуунгти фæццæун...»); хи фыдæлгъысты эмоцион уæз æмæ нысаниуæг (Джусойты М. «Бонвыддæр», «Мæй дæр арвыл мæ удау ысфæлахс...»). йæ мидсæрибар æмæ сфæлдыстадон æвæлхатдзинад (Касаты Б. «Хивæнд æфсургъ», Абайты Э. «Мæн хус фæткæвæрд мары...»); поэт - дур-хылычъы йæ адæмы удварны мæсыджы (Касаты Б. «Мæ уды тыхст»); сфæлдыстады уæз æмæ бæрн, удгоймагон æмæ сфæлдыстадон нысаныл сагъæс (Абайты Э. «Кæрдæгдзон къæвдатæ, кæрдæгдзон къæвдатæ...»), поэзи - уды фæллой (Абайты Э. «Æз къухдзæг дæн»), «Сонт туг, цæджджинæгау уæнгты æхсид...», «Ныннæрсы нас фаджысы сæр...»). Хъуыдыравзæрды ныв-фæлгонц (Абайты Э. «Дурын пецы дзулфыцæн - мæ сæр...», «Арв ферттив-ферттив кæны...», «Сагъæстæ, сагьæстæ...»); дзырды, сфæлдыстадон процессы персонификаци (Косты Л. «Хъæддаг бæхау ды армаццаг кæныс...», «Иунæг кæй нæ вæййын бонты бынбауинагтары...»; МамыкъатыХъ. «Сыгъдæг сыфы монолог», «Æртудта мæ гъудий къубулойнæ...»). Адæмон хъарæг-зарæджы традици æмæ кадæгон стилы æууæлтæ, тохмæ сидты хьæлæс куыд поэтикон æнкъарæн тыхджындæргæнæн фæрæз (Колити В. «0, Æна, сау сæрбттæн ниббæдтæ...», «Хъазахти Торези зар», «Гулчети Епой фурт Аслани зар», «Мади гъарæнгæ», «Гæбæрайти Сæрæбийи цуппар фуртей зар»), Æлгъыст æмæ арфæйы хъомыс (Хадыхъаты Ф. «Мысинаг»). Поэтикон фантази æмæ цæстылуайæнтæ (Мамыкъаты Хъ. «Мæйы сонатæ», «Зарæг», «Фын», «Мæ рæуфунтæ», «Æрæгвæззæг»). Номарæн æмæ номсидты (интертекст) традици (Колити В. «Бæласæ», «Фун», «Абæрег», Мамыкъаты Хъ. «Къостайæн», «Хаджеты Таймуразæн», «Хъодзаты Æхсарæн», «Зæххон цин», «Мæгуыры хьарæг», «Скъæвди зар»). Æмдзæвгæ-равг (Абайты Э. «Цъиудуц æхсæв. Цæмæйдæр тыхсын», «Арвыл цæлхыдзаг мæй, цыма - тæвд задын...»; Къадзаты С. «Цæй лыстæг у уарын...», Косты Л. «Амонд», «Романс», «Тъæнджы мæй», «Æнафоны элеги», «Æрхæндæг», «Рудзынджы раз», «Фæззыгон уаргæ бон»; Колити В. «Æрвгæрони дудзи рохсмæ», «Думгæ бæлас куд истона...», «Нæй мæ бон исфæлдесун мæ 24
гьуди...»; Джусойты М. «Рог зæрватыкк цъыввыттытæ ласы...», Цомайты Р. «Горæтæхсæвыгон», МамыкьатыХъ. «Сурх-Дигори», «Тар æхсæвæ...», «Æрхун», «Рахауд бæласæй сыфтæр...», «Зæрди нези едæгти инсойнæ...» «Цъæх майæй мæ исонисаузин...»). Адæймаджы зæххон бынат æмæ хæс, æнæнысан царды афтид апп (Абайты Э. «0 зæхх, æрмæст дæтихалæг дæн æз...», «Сыгъдæг арвы цъæх авгау...», «Хъæды сынкъæй бæлас ныммæра...»). Царды фæйнæхуызон нысаны (Хохойты Э. «Уагъæли æмæ къæндзæг»), дурзæрдæ адæймаджы аллегори (Цомайты Р. «Дур»). Æрра æмæ æд-зонды философи, æнусон фарстыты ног фæзилæнтæ нывгæнæджы цæстæй (Гусалты В. «Æрра чи нæ уыд, уыдонæн æрра уыд...», «Хуры тын æмæ къæдзæхдур»). Адæймаджы удыхьæды парадокстæ, гуманизмы, æмæнкъарынады, цардмæ сфæлдыстадон ахасты фарстытæ (Косты Л. «Астæрдыл сныв кодта саби тæрхьустæ...»: Скъодтати Э. «Сонет», «Лæг», Æй сауæр цъетейæн æ уорс фурт...», «Гъæддагкуй», «Ци ес медуоди сосæггадæ...», МамыкъатыХъ. «Уд»), Дунесконд æмæ цардæвæрды уаг: йæ ныхмæвæрдты «иудзинад», йæ æрдзон фæтк æмæ контрасттæ (Абайты Э. «Адджынимæ туаг...», «Тæлфаг, фыдхуыссины бынæй...», «Æз цыфæнды алæмæты...» æмæ æнд.; Бабочити Р. «Цæмæй баргæ ’й и Берæ...», «Амити-уомити цидæртæ мурхтон...», «Мадæ мистæн æ бæдæлттæ...»). Цин æмæ маст - царды диалектикæйы, йæ размæцыды рахæцæн (Касаты Б. «Нæуæг хъæныл цæхх зæрæгау...», «Поезд»); адæймагады ивгæ-рæзгæ уагыл, национ удыхъæды логикæйыл хъуыдытæ (Касаты Б. «Кæлæнгондау зыгъуыммæ сты нæ митæ...», «Цæмæн?!!»); «æрдæгцарды» азым æмæ утæхсæны равг, фидæнæй фыдæнхьæлы мотивтæ (Бабочити Р. «Уоди киси хастон еунæг бæлдæ...», «Ци нæййес ’ма ци ’ййес, уони астæу...», «0, зæгъинæ, бæргæ, æнæфсæрттæ...»). Цард æмæ рæстæджы контрасттæ, хъысмæтыл хъуыдытæ (Колити В. «Мæ зар, мæ реуи сонт æвзарæ...», «Бæх æмæ хæрæг», «Хæрæг», «Лæгæти», «Тала æма сæгъæ»). Царды хорздзинæдтæ (Касаты Б. «Лæджы цы хъæуы?!.»), йæ бæрзонд нысаныл сагъæс, амонды формулæ - уды «хæлцыл» мæт (Фидараты Р. «Нæ кæнын дызæрдыг...», «Дзурдзынæн, цалынмæ дойны...»). Цард æмæ мæлæты темæ (Колити В. «Артæй фелвæст...»), æнкъард юмор «дыууæ æнæвдæлоны» ерысы равдысты (Косты Л. «Бергманы мотив»). Æнафоны мæлæты фыдæвзарæн æмæ йæ аххосæгтыл сагъæс (Къибирти А. «Исхæццæ уй мæ хъурмæ мæ уод...», «Уæлмæрдти»). Фыдыбæсты темæ («Мæ Ирыстон»), райгуырæн къæсы тавс (Касаты Б. «Хъæууон къæс», Къадзаты С. «Мамысоны ма мысон...», Колити В. «Мæнбæл ба ци нæ дор фæккалдæй...», «Мæнæ дессаг, мæ Дигорæ...», Цомайты Р. «Куывд»), райгуырæн хьæуы поэтикон истори (Мамыкъаты Хъ. «Ныууагьтай ды нæ хохбæсты дæ къæс...»). Сабидуджы фæлгонц (Абайты Э. «Ацыд ацы давонафон...», «Хур йæ цæсгомы хуызхортæ скалдта...», «Куыдзы хæстæн куыдзы хъуын у йæ хос...», «Терчы уыртыл та сæтæлджытæ...», «Нæ фадгуытæ нал зынынц...», «Нæ 25
долапи, къада куырæйттæ...», «Уыд изæрдыгьдафон. Не скъæт...»; Къадзаты С «Зымæгон ныв рагбонтæй», Мамыкьаты Хъ. «Æрцыдтæн дæм, мæ сабидуг, æрцыдтæн...», «Мæ сонтадæ»). Ныййарæг мады сурæт, йемæ зæрдæйы тæгтæй бастдзинад, æгæрон хъыг йæ ацыдыл Щомайты Р. «Мадмæ», «Ныхас мадимæ»). Мад- царды фидар æнцой, йæ астæуккаг цæджындз (Фидараты Р. «Ныййарæг»), хъæбулæн цæрыны ныфс, раст зондыл æфтауæг (Колити В. «Нæуæгæй æфтуйунцæ мæ зæрди...», «Мæхе зунд ба мæнмæ тухгин кæсуй...»; Мамыкъаты Хъ. «Мæ мадмæ», Гибизти 0. «Изæр», «Цæудзæнæн исонбон нæхемæ...», «Æрифтудтæ мæ зæрди, мæ мадæ...», «Нанай мæлæт»); мады раз хъæбулы хæс (Касаты Б. «Ныйиарæг мад»; Скъодтати Э. «Æрфестæг æй метин кæрци...», «Æрхун»); йæ зын сæххæстгæнæн фæдзæхст (Къадзаты С. «Нæ фæтчы уæлмæрдтæй хæссын»). Кары сагъæс, райдиан æмæ кæроны философи (Скъодтати Э. «Зæронд лæг æма кауæ», «Зæронд лæги тухст»; Мамыкъаты Хъ. «Зæронд лæги сагъæстæ», Фидараты Р. «Мигътæ хурæй давынц...», «Уафы зæрин хур йæ тын лыстæг...» æмæ æнд.). Ирон дзырд, фыдæлты фарн æмæ æгъдау, сæ бавæрыныл сагъæс (Касаты Б. «Бындары сагъæс», «Ирон æвзаджы сагъæс», «Æртхурон», «Нæ фæтчы», -загъта- иу мæ мад...»; Къадзаты С. «Бæрзытæ», «Уæууæй, Сослан, цытæ хæссыс дæ сæрмæ?..», «Нартхор»; Колити В. «Лæвардтонцæ фиддæлтæ синон ниуазæн...», Мамыкъаты Хъ. «Мыггаджы мæсыг»); адæмы цæстæнгас - æфсарм æмæ намысы барæн (Касаты Б. «Цы зæгъдзысты адæм?»). Национ ивгъуыды намысон символтæ, фæстагæтты хæс æмæ бæрныл, сæ фидæныл мæт (Джусойты М. «Фынæй зæхмæ дары йæ дзагъыр цæст мæй...», Цомайты Р. «Сомбоныл сагъæс»),/ Рагфыдæлы хæстон кад æмæ историон зæрдылдарыны темæ (Фидараты Р. «Уыди бæрзонд æфсæн гæнах...», «Зæронд уæлмæрд, æнæном цырт...»). Æбузны, зæрдырохы мотив (Колити В. «Мæсугмæ», «Талайы гъаст»). Куыст - удæнцой (Касаты Б. «Изæрыгон хæхты», «Хосгæрсты»). Æрдз æмæ адæймаг: сæ æнгас-хицæндзинад (Касаты Б. «Дымгæ, ызнæт дымгæ...», «Зæронд куыдз»). Хъжу жмж горжт(Скъодтати Э. «Горжт», «Зжнхкосжги гъаржнгж», «Сжумон горжтаг нивтж»). Пейзажон лирикæ (Кокойты Э. «Уалдзыгон хъæуы», «Зымæгон ныв», «Фæззыгон»; Джусойты М. «Зымæгон ирдгæ», Мамыкъаты Хъ. «Уардта, уардта къибилатæй...»). Æмдзæвгæ-этюд (Къибирти А. «Бæхти догъ...», «Тæвдæ сæрдæ...», «Зумæг», «Нифси уалдзæг», «Сæрддон сæумæ» æмæ æнд.; Касаты Б. «Горæтаг ныв»; Абайты Э. «Изæрон хур батади царвау...», «Дзæнхъа дæндæгтæй бахудынц...», «Митхохæй хурзиллак сдардта йæ был...», «Ме ’фцæггот айдзаг и митæй æваст...», «Найы хуры чызг йæхи...»; Косты Л. «Сусæны», «Тæргæйтты мæй», «Хъæугæрон»; Мамыкъаты Хъ. «Этюд («Зымæг æрцыд...»), «Фæтæхынц хърихъуппытæ...», «Фæззæг», «Зумæги хузтæй», «Фæззигон гъудитæ», «Этюд 26
(«Хори пецбæл сæумæраги...»). Æрдз æмæ адæймаджы бастдзинад (Абайты Э. «Малусæг, диссаджы дидинæг...», «Æрвдидинæг...», «Нæ хæдзарæй кæдæй нал уасы уасæг...»,); Къадзаты С. «Сонет», «Ацыдтæн бæлæстæй дарддæр...», «Æрра цæргæс», «Донхæрис йæ цъæх уырзтæй.,.», «Нæй, дам, хурмæ комкоммæ кæсæн...», «Фысы хьуынау ныббæзджын кæрдæг...», «Фæззæджы зæрин тæгтæй...», «Ацы ’хсæв цъырцъырæгтæн - сæ бар...»; Колити В. «Куй», «Ирæф», «Уаза», «Фæрæскъæтти», «2 этюд»; Джусойты М. «...Ныццæвон зæххыл уæд мæ худ...», «Ивæзы пъæззыйау цъæх мигъ...», Мамыкъаты Хъ. «Фæззыгон бон, зæронд мæра бæлас...», «Сахуаруни размæ»). Æрдз æмæ адæймаджы темæйы философон-намысон фæзилæнтæ: сæ гармонион æмиуад (Скъодтати Э. «Хæссуй кезу æхсæвæ...», «Æхсæвæ риндзæбæл...», «Бадуй ма тар мегъæ...», «Уарунгар», «Изæр Хусфæрæки», «Арвæй дзоруй фæлорс мæйæ...», «Сурхæхседи хьумацбæл...», «Уоди зар», «Фæлмæн дунгæ фæззигон...», «И хонсари хори гъарæ й...»); адæймаджы агресси æрдзмæ (цикл «Лухгонд къалеутж»). Æрдз - пирикои геройы удлæууæн, йæ «хурон» удыхьæды рæзæн æмæ йæ иунæг æнцой (Гибизти 0. Сæумæ», «Никкодтон мæ гъæбеси нæ гъоги...», «Мæ цæсгони уорс арми...»). Æрдзыл аудыны мотив, удджын æй кæныны фæрæзтæ (Къибирти А. «Уорс бæрзæ, уорс бæрзæ...», «Рæхцуй изæр рæзбуни...»). Поэт - æрдзæн хицон удгоймаг, æрдзы æвзагыл дзурæг; æрдз æмæ адæймаджы иумæйаг нысан дунесконды (Баситы 3. «Амонды дзæнгæрæг», «Нау»). Æнкъарæнты бирæзæлон дуне: уарзт æмæ поэзи (Колити В. «Фæлмæн кæрдæг ци дзæбæх æй фæлладæй...»), уарзты тавс (Галуаиты Л. «Уарзты фæндыр...», Скъодтати Э. «Зуймон изæр»); уарзт - хьысмæт, уарзт - царды ныфс (Касаты Б. «Сабыр, фæлмæн изæр...», «Кæд зæрдæ фестадис сыгъдон...», Колити В. «Карз æрхун мин рæдовуй мæ зæрдæ...»); уарзт-уæлтæмæнад, æмбæхст æнкъарæнты нымæг рухс (Цомайты Р. «Сусæг уарзт», «Джокондæ», «Дыууæ изæры астæу...», «Æрбалæууыд ногæй мæ къæсæрыл бон...», «Бæстæ у æрхуым, фынæй...» æмæ æнд.); Мамыкъаты Хъ. «Сонет»); æрæджиауы уарзт (Касаты Б. «Æз дидинæг федтон...»); уарзт-цæстылуайæн (Скъодтати Э. «Цидæр зиннуй идарди...», «Гъæрæй ходгæй...», «Уарзуй сæрдон æхсæвæ, раст...»); уарзты æбæрæг разæнкъарæн (Кокойты Э. «Фынæй у хъæу...»); уарзт-мысинаг (Колити В. «Æртæхтæ», «Сонет», «Ес цидæр æнæбæрæг æздæх...»; Скъодтати Э. «Рагбонти зæлди ’хсæн фесафтон æхсæртæ...»,Джусойты М. «Зæрдырох дæр цы курон...», «Рагамонд», «Хъæу фæлмæн фынты тар æхсæв нуæрста...», «Цæй æнæрвæссон разынд...»); ивгъуыд уарзты рухс æмæ рис (Касаты Б. «Дыууæ стъалыйы атахтысты арвыл...», «Зонгæ къухфыст...», «Æвзонджы дымгæ фæсхъусты ныззары...», «Фæстаг сыфтæртæ дымгæимæ хьазгæ...», «Куы зонын, зæрдæйы хъæдгæмттæн...», «Дæ цъæх цæстыты фарны рухс уынын...»; Колити В. «Фæззинуй æрвгæрони цæхæртæ...», «Фæндараст! Дæ фæсте нæ кæсун...», 27
«Фæстаг тунæ рагъбæл исусуй...» «Кедæр амонд исдæ, мæ зæрддаг...», «Зæрдæ ба...», «Гъæйдæ, нæ астæу мациййес...», «Нæ, не ’нцайуй мæзæрдæ æ нæгæй...», «Æхгæд арвбæл кæсгæй изæрдарти...»); æнкъарæнты сног (Мамыкьаты Хь. «Зилгæуад»); æнæдзуапп кæнæ æнæфидæн уарзты хъынцъым, рæдыды фæсмон (Бабочити Р. «Ехбæл куд ниллæуй хæрæг...», Колити В. «Тар къæвдамæ къубарæ ’рфæлмæн уй...», «Финстæг», «Фæллад арв лæмаруй æ хæдонæ...», «Цъæх æрдозæ - гъæди зæрдæ...»; Хадыхьаты Ф. «Уалдзæг», «Æз рагуалдзæг нæ бакодтон мæ хуым...», «Цæмæн кæуы...»); фæсмæлæт фембæлды мотив (Мамыкьаты Хь. «Вертеры фæстаг фыстæг йæ уарзонмæ»); уарзт æмæ æууæнчы темæ, æнусон иузæрдыгдзинады хъыг æмæ арфæ (Косты Л. «Æз дæ уынын: дæ дæлæрмтты дæ къухтæ...», «Фæлæ та иу бон митхъарм мæн фæсайдзæн...», «Дæ фыны дæр ды ма бавзар мæ зын...», «Мысæн æмдзæвгæ»; Колити В. «Изæр»); хиуарзондзинад уарзты, йæ фæстиуджытæ (Скьодтати Э. «Дидинæги карз хор ку ниууарзта...», «Сауæдони билгон...»); уарзт-зæрдæсайæн (Колити В. «Цъай»), уарзт-сахсæн (СкьодтатиЭ. «Ку мин иссæй еу нез æваст дууæ нез...» æмæ æнд.); æмкъайон царды æрдæгскойты уæздандзинад (Абайты Э. «Ды - æрæгвæззæджы дыргъбæласау...» æмæ æщЦ уарзты тавиц æмæ æнувыддзинад, йе ’нæсыхалгæ сусæгдзинæдтæ (БабочитиР. «Хуцауæй боз, цæрæн бал инсæй анзи...»,КолитиВ. «Царди æмбалмæ»; Мамыкьаты Хь. «Æз дын дæ цæстысыг æруидздзынæн цæппузыргай..», «Ходæзмолæ уæд дæ цæсти...»); цард æмæ уарзты фæливæнтæ (Дыгъуызты Т. «Фæззыгон изæры катай», «Денджызы фæленк кæны мæ най...», «Байгом кæн дæ сусæгтæ, дæ цин...», Скьодтати Э. «Уæхæн дессаг, сæуми мин равардтай ду дзурд...», «Тухст», «Рагуалдзæг», Колити В. «Еххуаст», Кьодоты А. «Цыдæртæ арвы риуыл, хъавгæ...», «Цыдæр та рæстæджы æрфæндыд...», «Хуры тын, раст дæ...»). Адæмон зарæджы традици уарзондзинадыл фыст æмдзæвгæты; рог юмор æмæ сагъæссайы зæлтæ (Кьибирти А. «Сæумæ», «Кауæ бидтон, тæх бидтон...», «Уæ, кумæ дæ, мæнæ над...», «Ирд хорискаст, цъæхтæ сæумæ...»; Колити В. «Къолæ», «Берæ уа дæ цæрæнбон...»; Кьадзаты С. «Кæсаг нæ зоны ленк кæнын...», Скьодтати Э. «Мæйрохс изæр», «Сæрдигон изæрæй», «Цъопбæл æривардта...»). Эротикон зæлтæ (Касаты Б. «Æрдзы хъæбысы», «Бæллиццаг сæнттæ»; Колити В. «Идзулуй æфсæрмихуз цирагъ...», «Тар æхсæвæ дуйне æстæруй...», «Дæ фæлмæн цæстæнгасæй рæвдуд...», «Лæборуй тар æхсæвæ мæ уатмæ...»); уарзты хиуылхæцгæ монц-æнкъарæнтæ, тавиц хинтæ æмæ кæлæнтæ (Фидараты Р. «Фыр диссагæй - хуымæтæг...», «Тар къæвдайы - фен дæ!..», «Арвыл мæй фæдзæгъæл и...»); физикон монцты эротикон-мифологион бындур (Скьодтати Э. «Мæйæ арви реубæл ласуй æ хъæппæлтæ...», «Æхсæйвон арви уати...», «Денгиз») Сылгоймаджы уды æмæ уынды фидыц (Колити В. «Цæбæл дзоруй медбилходæ...», «Верицгæ», «Мæ комкоммæ дуар байгон æй...»). ’ Бындары ад æмæ цин, хъомылады бæрн æмæ «сусæгдзинæдтæ» (Абайты Э. «Дæ авдæны тьæпæнтæ дын куы суадзын...», «Дæ мæлинаг фыдудтæ...», «Мæ 28
фырттæ уыртт-уырттæй...», «Нæртон хъæзтытæй уал нæ хъазут...», «Сывæллон у сыгьдæг фыссæн гæххæт...», «Бындзджын бæхы урсхъис дымæджы...», «Бæлас дымгæмæ куы таса...»); лирикон геройы ныстуантæ йæ кæстæрæн (Касаты Б. «Мæ бындарæн»), «Удон æфсымæрдзинады» фарн, æрвон-романтикон æмæ æрдзон-цардуагон æууæлты гармонион иудзинад (Косты Л. «Куывды»). Рæстæг æмæ æхсæнады ахастытæ, царды змæлд æмæ мидцоппай (Скъодтати Э. «Салд бæласæ», «Бадун риндзæбæл, ’ма рæстæг...»). Цардарæзты фæфæлдæхт æмæ уыимæ баст нывтæ (Бабочити Р. «Орс метбæл сау бæлæстæ..,», «0, сау бæнттæ ’ркодта, орс æхсæвтæ...»); дуджы хъулæттæ, намысы сфæлахс (Бабочити Р. «Нецибал мæ гьæуй æгириддæр...», Баситы 3. «Цы у нæ дуг?»); фæсрацарæзты «зыгъуыммæ зонд» (Касаты Б. «Схицау бæхтæн хæрæг...», «Хъал куыдз»); фæдисаг рæстæджы фæлгонц (Касаты Б. «Фидæны фæдисхъæр»; Цомайты Р. «Фæдис»); рæстæг-фыдаудæг (Мамыкъаты Хъ. «Нæ ауæрдуй рæстæги куройнæ...», «Рæстæг æма дуйне»); «цъæхснаг иунæгдзинады» хъарæг (Гусалты В. «Мæ фыдгул знаг дæр ма баззайæд иунæгæй...», «Роз! тоЛет», «Апойнаг пейзаж зымтæ æмæ фæззыгон дымгæимæ»), рухс фидæны мæнгæфсон æнкъарæн, йæ раивд æхсæнадæн æцæгæлон адæймаджы «уды цъæхахастæй» (Гибизты 0. «Гибизти Оскарæн», «Уоди цъæхахст», «Некæд уарзтон адæми...», «Нæ гъæун мæ Дигори...»); цъысымы уавæры ныфсы апологи: хæрам дуджы ныфсдæттæг - уды рæбинаг æвæрæнтæ, хи хъысмæтыл æууæндын (Бабочити Р. «Зæрдæ - лæгæт...», Касаты Б. «Ныфсы цæхæр», «Сызгъæрин фæуат, ме ’взонг бонты азтæ...», Колити В. «Нифс», Скьодтати Э. «Æгомуг, кирсæмбæрзтæй бæлæстæ...», Фидараты Р. «Æхсæв иунæгæй», Баситы 3. «Мæ хæлар, æз демæ нæ кæнын хæснаг...»). Хуыцау æмæ йе сконд адæмы абоны бастдзинадыл æрхуым хъуыдытæ, аргъуаны дзæнгæрæг - уазалзонд æмæ æвæлмасзæрдæ æхсæнадмæ фæдисон-фидиуæг (Гусалты В. «Аргъуаны æнцъылдæрфыг дзæнгæрæг...»); ныхыфыстыл æууæндыны мотив, Хуыцауæй уды хæлц курын (Мамыкъаты Хъ. «Фæстаг рындз», «Æфстау зынгæй нæ судзы пецы арт...» æмæ æнд.). Фæсарæнты темæ, йе сногы æфсæнттæ (Колити В. «Сæнттаг сæрибар», «Æмдзæвгитæ Чилибæл»). Нырыккон тугныккæлдтыты темæ: хæстон лæгдзинад æмæ тæригъæды азары мотивтæ, хисæрмагонд хæсыл мæт (Касаты Б. «0 мæ рæзгæ уд...», «Æвзонг лæппуйы хъынцъым Ирыстоны фыдбонты»), Иры зынгхуыстытыл хъарæг (Кокойты Э. «Хъарæг»). Ирон адæмы абоны бæллæхты дудгæ рис (Фидараты Р. «Сау хъысмæтта ныл йæтыхтæ æвзары...», «Нæ уæрдон лæгдыхæй ыссонæм...» æмæ æнд.). Лирикæйы чиигуытæ: Абайты Э. «Кæрдæгдзон къæвдатæ» (1991), «Донгуырæн» (2000), «Цæххы тæпп» (2012); Бабочити Р. «Авдæни зар» (1990), «Цыколайаг изæртæ» (2003); Бызыккаты 3. «Цъæх райсомтæ» (?), «Арвы чызг» (?), «Зæриндаг» (?), «Арвы рон (сывёллёттён-2008), «Æрвыг» (?), «Хуры кафт» 29
(2010); Галуанты Л. «Фæззыгон нуазæн» (2008); Гибизти 0. «Хори узун» (2001); Годжыцаты Н. «Ирон зæрдæ» (1971); Дыгьуызты Т. «Къонайы хъарм» (2001); Джусойты М. «Æхсидавы рухс» (1991); Касаты Б. «Уалдзæджы хъæр» (1985), «Зилдухæнтæ» (1994); Кокойты Э. «Комулæфт» (1984), «Уалдзыгон зарæг» (1990), «Артуадзæг цæстытæ» (2005); Колити В. «Уаза» (1991), «Сæхолæ» (1997), «Зæрдæмб»лæ» (2012); Косты Л. «Æрвон зынг» (1985); Къадзаты С. «Уидæгты рухс» (1990), «Ирдгæ» (2001); Къибирти А. «Гъæдæрæхснæг» (1996); Къодоты А. «Сидзæр уарзт» (1997); Мамыкъаты Хъ. «Мæйы сонатæ» (1998), «Æрвон рухс» (2003); Рæмонты Г. «Фæлварæн» (1991), «Рухс æмæ Тар» (2002); Скъодтати Э. «Рæстæг æма дуйне» (1991), «Хусфæрæк» (1996), «Фæлмæ» (2002); Цомайты Р. «Сусæг мæт» (2000); Хохойты Э. «Амонды æрдæфæнтæ» (1996); æмæ æнд. Прозæ Прозæйы уавæр XX æнусы фæстаг азты. Ивгъуыд, абон æмæ фидæны бастдзинады фарст. «Æндзыг» дуджы ирд ныв-фæлгонц Агънаты Г. романты. Ассоциативон-метафорон прозæйы дарддæры рæзт Джусойты Н., Булкъаты М., Гусалты Б. æмæ ин. сфæлдыстады. Мифон-эпикон фæлгонцады мидис æмæ нысаниуæг амынд автортæм. Сæ уацмысты аивадон структурæйы хицæндзинæдтæ. Апокалиптикон мотивтæ: ныхмæвæрд тыхты æнусон хъæбысхæсты кæрон кæй æрхæстæг и, уыцы удхайраг æнкъарæн, æрдзон бынысæфт æмæ удысыскъуыдæй фервæзыны амæлттыл сагъæс. Историон цаутæн ныры зонындзинæдтæм гæсгæ аргъ кæныны фæлтæрæнтæ: Æгъуызарты Æ. («Тулы царды цалх»), Булкъаты М. («Сырх хъаймæт») æрдæгфыст уацмыстæ. «Лагерон» темæйы нысаниуæг абоны æхсæнады. Дзесты К. мысинæгтæ («Зæрдæйы ностæ») æмæ æнд. Агънаты Г. романты социалон-психологион æмæ намысон-этикон фарстытæ. Дзасохты М. роман-повесттæ иугæнæг хъайтар, йæ удыхъæды эволюци, хицæн удгоймаджы фæлтæрддзинад æхсæнады царды фæлгæты. Уацауы жанры бынат литературон процессы. Хуыгаты С. («Мæ уарзон цагъд», «Нывæдз», «Урсдоны былыл сау фæрдыг» æмæ æнд.), Хæблиаты С. («Фисыны хæддзар») литературон хъайтартæ. Мысинæгтæ куыд æвзонджы бонтæм здахæг фæрæз Дауыраты Д. сфæлдыстады (чингуытæ «Мæ сабидуджы фæлмæн къæвдатæ (1988), «Дидинæг сындзыты астæу» (1992), документалон уацауты проблематикæ («Уыцы гыццыл Стыр лæг Хъулаты Хъуыбады». 1994 æмæ æнд.). Адæймаджы деградацийы темæ Агънаты Г. сфæлдыстады («Даргъ фæззыгон фæндаг» æмæ æнд.), физикон аипп æмæ уды рæсугъддзинады темæ, психологизмы æууæлтæ йæ уацау «Дысоны фын» - ы. Скифироны прозæ, йе сфæлдыстадон æрмдзæфы хæдхуыз æууæлтæ («Цæхджын хойраг» æмæ æнд.). 30
Афгайнаг хæсты æмæ йæ удсахьатгæнæг фæстиуджыты темæ Гусалты Б. уацау «Фаллаг бæрзонд был» - ы. Хæстæндзарæг идеологийы æндæвдад тæссонд зондахастыл, тас æмæ фыдæхы æнкъарæнты дæсны равдыст Къæбысты 3. «Хуры фырт»-ы. Хъайттаты А. уацмысты фольклоризм, сæ проблематикæ æмæ æвзаджы хицæндзинæдтæ. Ирон радзырд куыд ивгæ дуджы размæдзыддæр жанр. Национ удыхьæд, æгъдау æмæ намысы домæнтæ Мæрзойты С, Бицъоты Г, Хæблиаты С, Хуыгаты С æмæ ин. сфæлдыстады. Хæст æмæ гуманизмы, патриотизмы фарстытæ гуырдзиаг-ирон æдгæрзтæ ныхмæлæуды равдысты (Букуылты А. «Хъуырманы мæрддзæгтæ», «Саст зæрдæ», 1993; Гуыцмæзты А. радзырдтæ, Гæбæраты Ю. «Ирон мард», Къæбысты 3. «Тас», 1994; Хъазиты М. «Цæнгæт Æна», 1993; «Саркал æмæ Цугри», 1992; Гугкаты Ш. «Кард æмæ фыд», 1994; æмæ æнд). Наукон фантастикæйы жанр ирон литературæйы. Къæбысты 3. роман «Фæстаг маймули», Гусалты Б. «Амонды хур», Уанеты В. («Квазимодо», «Хивæнд лæг», «Дæ фыдæлтæ - рухсаг!..»), Тедеты Р. («Дантейы зæрдæ», «Стъалытæх Икары бабын», «Фынфæливæнтæ») радзырдтæ. Йæ проблематикæйы актуалондзинад æмæ философон намысон азæлд. Литературон публицистикæйы райрæзт. Рæстæджы политикон, социалон, намысон-психологион фарстытыл рыстзæрдæ æмæ æргом ныхас. Цъысымæй фервæзынæн амæлттæ агурыны фæндтæ. Литературон эссе æмæ проблемон уац (Джусойты Н., Джыккайты Ш., Бицъоты Г. «Фыссæг мæ цæмæн нæ рауад», Дзуццаты Х.-М., Гусалты Б. «Ардыгæй мæнмæ» æмæ иннæты полемикон уацтæ). Драматурги 1980-æм азты дыккагæмбисæй 1990-æм азтæм ирон драматургийы психологион тенденцийы рæзт. Æхсæнадон вазыгджын фæзындты мидæг фыццаджыдæр намысон мидис рахицæн кæныны фæнд. Ныры вазыгджын фарстытæ ивгъуыд дугтæй ист æрмæджы æххуысæй лыг кæныны фæлтæрæнтæ. Историон- биографион жанры ног фæзынд. Плиты Г. «Къоста», Джыккайты Ш. «Цомахь» - ы традицион æмæ ног æууæлтæ. Историон драмæйы сæвзæрд, йæ аивадон функцитæ. Ивгъуыды ныхмæдзыдтæ уæлæнгай æвдисынæй хи бахизыны тенденци. Плиты Г. «Сослан Цæразон» - ы вазыгджын проблематикæ. Патриотизм æмæ фидæны рæсттæрхоны фарстытæ. Национ иудзинад æмæ сæрибар бахъахьхъæныны идейæ (Джыккайты Ш. «Хъодыгонд зæд»). Коллективизацийы рæстæгмæ ног цæстæнгас Гаглойты В, драмæ «Цæргæсы цъæхахст». Æнæапп комедийы ног райрæзт ирон сценæйы рацарæзты дуджы, йæ социалон æмæ æндæр аххосæгтæ. Комедийы мидис цардмæ æрбаввахс кæныны, абоны 31
ахсджиаг проблемæтæй йæ схайджын кæныны тенденци. Лирикон комедийы жанр. Хуыгаты Г. «æнкъард комедитæ» - «æндзыг» дуджы æхсæнадон фæзындтæ мидæрдыгæй равдисыны фæлтæрæн («Сæтти æмæ Бæтти», «Бабуца, Гагуца, Данел æмæ Дарданелл»). Драматургы оригиналон сфæлдыстадон æрмдзæф анекдотон ситуаци ныв кæнгæйæ. Жанры бирæ хуызтæ (драмæ-æмбисонд «Сау нымæт,» фольклорон стилы фæлгæты нывæст водевиль «Чепена», трагеди «Хъæздыг хæдзар» æмæ а.д.). Психологизм æмæ дидактизмы æууæлтæ Хæмыцаты Цæрайы драмæты. Фæсивæды хьомылады темæ («Чи у аххосджын?», «Сау бæлас», «Кæдæм у нæ фæндаг?», «Тæссаг лымæн» æмæ æнд.). Традици æмæ ногдзинад йæ комедион фæлгонцты (пьесæтæ «Гуырæн бон», «Дыууæ усгуры»). Нырыккон «уæрæседзау» Чачайы сурæт. Карз сатирæ æмæ романтикон бæрзонд æнкъарæнтæ комеди-аргъау «Паддзахы чызг» - ы. Уарзондзинады коллизитæ («Уарзæттæ», «Кæй бауарзта Зæрæда», «Уарзондзинады кадæг»). Бадзырдон уавæртæ æмæ характертæ Хæмыцаты Цæрайы сфæлдыстады (пьесæ «Арвæй æрвыст лæг»). Нырыккон ирон драматургийы бынат æмæ уавæр литературæйы рæзты иумæйаг контексты. Сывæллæтты литературæйы аивадон æууæлтæ. Традици æмæ ногдзинад. Жанры бирæ хуызтæ. Сабитæн фыст уацмысты проблематикæ æмæ хъомыс, сæ каримæ æмзæлынад (Цæгæраты Г, Айларты И., Уырымты П., Ситохаты С, Цæрукъаты В., Икъаты В., Айларты Ч., Дзасохты М, Дауырæ (Сланты Зоя), Гуырдзыбеты Б., Уалыты Л., Хозиты М., Чеджемты Г, Рæмонти А., Наниты А., Джиоты К., Астемыраты Изеты (Фидараты Изетæйы) поэзи. æмæ ин. сфæлдыстад). Уырыссагау фыст уацмысты «национ цæсгомы» фарст. Æндæр æвзагыл ирон адæймаджы цардыуаджы æууæлтæ, йæ удыхьæд æмæ хидарыны фæтк, культурæ æмæ «уидæгтимæ» бастдзинад æвдисыны æнтыстытæ æмæ къуыхцытæ. Боциты Ю., Гуырдзыбеты И., Дзæхаты И., Гуыдиаты Г. поэтикон æрмдзæф. Цæголты В. сфæлдыстад (трилоги «Хæхты минæвæрттæ», 1965, «Æнхьæлмæкаст», 1989; «Мастисæн», 1996; æмæ æнд.), йæ нысаниуæг ирон историон прозæйы рæзты. Адæмон фæлгонцон хъуыдыкæнынад куыд фыссæджы сфæлдыстады идейон-аивадон синтезы ахсджиаг хай. Черчесты Г. романтæ («Фæдзæхст», «Фæлварæн» æмæ æнд.) æмæ национ характеры проблемæ. Галазты Р. лирикон прозæ. Дзантиаты А. радзырдты чиныг «Иунæг барæг», йæ эссеистон прозæ (роман «Æрвон шахмæттæ» (2004) æмæ æнд.). Æмдугоны сурæт Тотраты Р. сфæлдыстады (радзырдты æмб. «Хурыскасты ритмтæ», 1969, романтæ «Уарзон цот», 1980; «Хъæддаг кæрдо», 1986); сывæллæтæн фыст раддзырдтæ æмæ аргъæуттæ. Тедеты Г. («Сау дзындз»), Черчесты А. («Цæрæг удыл реквием», «Дидинджыты быд дымгæйы ингæныл») мифоэпикон прозæ. Литературон быцæутæ сæ фæдыл. Уырыссаг æвзагыл фыссæг авторты бавæрæн ирон литературæ тæлмац кæныны 32
хъуыдцаджы. Литературæзонынад æмæ критикæ. Иртасæн куыстыты кадавар бæрц. Мыхуыры уадзыны къуылымпытæ. Ирон литературæйы фарстытæ Суменаты 3. («Идеи интернационализма в осетинской литературе», 1989), Фидараты Р. («Герои, характеры, жизнь») чингуыты, Джусойты Н. («Нигер: Сфæлдыстадон очерк», 1990), Æлборты Х.-У, Джыккайты Ш. («Ныхасы фарн: Зонадон уацтæ æмæ эссе», 1996, «Разагьды лæгтæ: Сфæлдыстадон сурæттæ», 1999) монографитæ куыд национ культурæйы бæзгæ бавæрæн. Сæ зонадон нысаниуæг, æвзаджы ахадын ирон ныхасы рæзты, иртасæн терминологи фæхъæздыг æмæ æрбынæттон кæныны хъуыддаджы. 33
ФЫСДЖЫТÆ ЛИТЕРАТУРОН ПРОЦЕССЫ 1. Соцреализм Дзугаты Георги (1911-1985) Дзугэты Георгийы царды хабæрттæ. Йе сфæлдыстады фæлтæртæ фольлорон стилизацийæ реализмы поэтикæмæ рахизæны. Фыццаг поэтикон чингуытæ («Хуры тын», 1938), «Æхсаргард», 1940). Ивгъуыд æмæ абоны царды контраст. Социалистон рухс фидæн æмæ сæрибарыл тохы идейæ. Хæст æмæ уацары темæ. Лирикон геройы мидсагъæс æмæ æнкъарæнты драматизм, йæ адæймагуарзондзинад æмæ гуманизм (æмдз. «Фыдгулы мииæйы зыиг ысхъис...», «Акæс-ма ацы ариагмæ...», «Хæдтæхæг», «Гъей-джиди», цикл «Хæсты фæидæгтыл»). Поэмæ «Бындзыг». Сабырдзинады сæрыл æппæтадæмон тохы идейæтæ уацмысы, лирикон æмæ патетикон уылæнты æмиуад. Хæсты трагеди. Рæстæг æмæ тыгъдады ранывæсты хицæндзинæдтæ. Лирикон монолог - композици аразæг фæрæз. Ретроспекцийы нысаниуæг. Уарзт æмæ амонды мотив. Мард лæппуйы зæххон бæллицтæ æмæ æнкъарæнтæ, йæ фæдзæхст æмæ уайдзæф удæгæстæн. Поэтикон рефренты фæйнæхуызон стилистикон-семантикон нысаниуæг. Сурæтаразæн фæрæзтæ. Аивадон деталь æмæ фольклорон поэтикæйы нысан. Хæстон æмæ сфæлдыстадон сгуыхты темæ. Ирыстоны номдзыд хъæбултæн кад кæныны пафос («Исахъы фæриик», «Къоста Тебердайы», поэмæ «Цæргæсы хæтæиты» æмæ æнд.). Намысджын фæллой - царды бындур, райгуырæн зæххимæ бастдзинад (кадæг «Къостайы колхоз», æмдзæвгæты цикл «Колхозои быдыр» æмæ а.д.). Æрдз æмæ адæймаг. Æрдзон гармонийы фехæлд (поэмæ «Саджы богъ» æмæ æнд.). Мады æвидигæ уарзт æмæ æнувыддзинад («Бон афардæг, иæ дуиейæ фæхицæн...») Дзугаты Георгийы интимон лирикæ. Фольклорон поэтикæ æмæ авторы хæдхуыз нывæфтыд фæрæзтæ. Ивгъуыд уарзты судзаг æнкъарæн. Лирикон геройы зæрдæйы уаг æвдисыны мадзæлттæ. Абарстыты экспресси. Хуызджын эпитет æмæ æлгъысты нысаниуæг. Фарстон-хъæрон интонациты азæлд æмæ эмоцион ахадындзинад («Ма кæ», «Мæ чысыл малусæг», «Дæ лæвар», «0, уыцы дыууæ сау 34
цæсты...», «Суссег уарзт» æмæ æнд.). Сатирæ æмæ юморы ахорæнтæ темæйы райхæлды («Æхсæв боиырдæм фæтасыд...», «Усгуры сагъæс», «Чъырттым», «Хъал дзыбылдар», «Рувас»,). Уарзт æмæ фæллойы темæ. Куыст - амонд дæттæг, бинонты фарн аразæг («Мæйрухс æхсæв»). Поэмæ «Уарзт» - ы темæ æмæ идейæ. Архайды динамизм. Æрдзы нывты аллегорион нысаниуæг. Намысы фарст. Помæйы фæдыл литературон дискусситæ. Дзугаты Георгийы прозаикон сфæлдыстад. Роман «Карды комыл», йæ автобиографион бындур. Немыцаг концлагеры карз æгъдæуттæ, уацайрæгты ныфс æмæ удвидар, сæ патриотизм. Интернацион мотивтæ уацмысы. Æмдугоны цардвæтк æмæ æмæ намысон цæсгом, рæстæджы бæрджытæ роман «Сыгъзæрин суадон» - ы, уацаутæ «Фæстаг дзæнгæрæг», «Æнæнтыст уарзт» æмæ æнд.; радзырдтæ «Фæскъæвда хур бон», «Хъæбæрсæрст», «Фæстаг уис». Хæстон темæйыл фыст радзырдтæ. «Кæрдтыл ахьазыд хур», «Фыццаг цæссыг», «Файнустытæ». Сюжеты цымыдисаг фæзилæнтæ: хæстон æрхъуыды - сусæг бардзырд ирон æвзагыл; цæнкуыл адæймаджы бæгьатыр ныфс æмæ йæ фыццаг цæссыджы аххосаг; уаз мæнгдзырды бæрн æмæ уæз, «файнуст» - аууоны сурæт. Лирикон этюдтæ. «Хуры чызг» - фидыцы идеал. Дзугаты Георгийы хуын рæзгæ фæлтæрæн (пьесæ-аргъæуттæ («Хуры хьæбул», «Арсы уазæг», хъæлдзæг радзырдтæ æмæ æмдзæвгæты чингуытæ «Радзырдтæ», «Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ» (1950); «Сабитæн» (1956), «Хæлæрттæ», «Дзего», «Хъулон-мулон гæлæбу» æмæ æнд.). Дзугаты Георги куыд тæлмацгæнæг. Гафез (1913-1983) Гафезы (Гаглойты Федыры) цард æмæ сфæлдыстадыл цыбыр афæлгæст. Иæ хæстон лирикæ: патриотизм, гуманизм, рæстаг тохы уæлахизыл æууæндыны пафос. Мæлæтхæссæг хæст æмæ салдаты цардбæллон уд, сæ ныхмæвæрд уаг - æмдзæвгæты драматизм æмæ лиризмы ратæдзæн («Адджыи у цард», «Мысы зæрдæ», «Æз уарзтои дæу...», «Цырыхъхъытæ», «Æхсæвы», «Боитæ боиты фæдыл лидзыиц...», «Иу мæлæт Хуыцауæй дарын... «æмæ æнд.). Фольклорон поэтикæйы (хъарæг æмæ æлгъыст) фæрæзтæ, æрдз-мастисæджы фæлгонц аразгæйæ («Лæуут, хæхтæ!..», «Ку, комы дои...», æмæ æнд.). Ирон мады фæдзæхстытæ - æвзонг салдаты æхсар æмæ намысы гуырæн («Гыццимæ» æмæ æнд.). Æнафоны мæлæты темæ куыд рæстдзинады уæлахиз («Ныр дæ, лæппу, дæ мад куы феиид хаудæй...») æмæ куыд æрдзы ныхмæ рацæуæг фæзынд. Фыдгул- фашисты ныййарæгмæ фыдæх-тæригъæды æнкъарæн. Рæстылтохгæнæджы сæфтыл хъынцъым. Лирикон геройы равг æвдисæг мадзæлттæ («Салдаты мадмæ 35
сау гæххæт фыссын...», «Дыууæ цæссыджы», «Цыбыр цинел»). Райгуырæн зæхх-ныййарæг мады синоним. «Антейы» мотивы хигьæдон зæлынад («Мад-Ирыстон! Сыстад карз уад...», «Нæ зонын æз, атакæйы хæд размæ...», «Цæф дæн, уæззау цæф...»). Уæлахизы темæ, йæ райхæлды хицæндзинæдтæ. Æрдз - адæймаг-фæрнæйдзаг фæллой («Фæцис, ныссабыр хæст...», «Салдат æрыздæхти фæстæмæ...», «Фæцæуы уæнгрогæй салдат...», «Фæззæг, фæззæг...», «Цæвæджы ’хситт...», «Быдыры станы», «Ныв» æмæ æнд.). Пейзажон лирикæйы «адæймагон» мидисæмæпоэтиконфæрæзтæ(«5ул^л<^ргъ сæумæрайсом...», «Сидахъ, сидахъ...», «Арвкæуы...», «Арвныннæрыд...»). Æрдзы фæзындтæ - адæймаджы царды аллегорги («Циу-циу-циу!», «Дидинæг», «Фæндаг», «Хъысмæты худæгмитæ», «Ныссагътон тала... «). Гафезы интимон лирикæ. Уарзондзинад - ныфс æмæ рухс æнкъарæнты гуырæн. Зæрдæбын лиризм æмæ юморон интонацитæ («Сар фæуон», «Рацу- иу...», «Æй, Чысангом, ой, Чысангом!»). Æнæдзуапп уарзты тых æмæ сусæг хъынцъым («Фæззæг-нывгæнæг нæма разылд уынгты...»). Уарзт æмæ бинонты фарны, намысон бæрны темæ («Де ’нгуылдзтæ», «Мах хохы дагъы баззадыстæм дысон...», «Æз цин кæнын, кæй та дæ федтон, ууыл...», «Дæу фæнды?»), стъæлд уарзты хъыг («Ды мæн уарзтай...»). Рæстæджы концепци Гафезы поэзийы. Лирикон герой - дуджы хъæбул; зындзинæдты бахсидыны мотив («Цардвæндаг», «Æвзонгад», «Рæстæг»). Историон-намысон зæрдылдарæны фарст куыд уацмысы мидтемæ («Сабион азтæ», «Мæ сабион бонтæ», «Дзесты Куыдзæгæн», «8-æм июнь»), Кары бæрн æмæ уæз («Лæджы кар, æтт, куыд дæм бæллыдтæн сонтæй...»). Адæймаг æмæ йæ хæстæ царды раз Рæстæгæн аргъ зонын («Хохаджы хъæстытæ», «Æнхъæлцау», «Зæронд къам», «Нал тауыдзæни фыссынæнрæстæг...»). Поэзийы нысан æмæ хъомыс («Зарæджы нысан», «Æрыздæхт цард», «Хъарæггæнæг ус»). Лиро-эпикон интонациты райрæзт фыссæджы сфæлдыстады 1950-æм азты æмбисы. «Тулдзы къох», «Уадтымыгъы», «Æнæном кадæг», «Ныхас æмбалимæ», «Бæсты сæрвæлтау», «Фыды артдзæст», «Царджпæрд» æмæ æнд. -«лæджыхъæд æмæ намысы поэмæтæ» (Дзуццаты Х.-М.). Адæймаджы тыхджын удыхъæды равдыст поэмæ «Уадтымыгъы». Æрдзы нывтæ, аивадон параллелизмы нысаниуæг. Цард æмæ мæлæты, кад æмæ æгады фарстытæ поэмæйы «Зарæг цæрæнбоныл». Цардбæллон лæппуйы хъуыдытæ адзалы къæсæрыл. Патриотизм æмæ героикон сгуыхты гуырæнтæ. Уацмысы поэтикон фæрæзтæ. Традици æмæ ногдзинад Гафезы кадджыты. Сæ жанрон-композицион хицæндзинæдтæ. Фольклорæнгæс сюжеттæ. Цагъардзинады ныхмæ тохы, æфхæрæгыл удварнæй уæлахизы идейæ кадæг 36
«Хъилдур» - ы. Райгуырæн зæххы фарн - знæгты басæттыны фæрæз. Æнæном фыййау - æрдзы сæрибар, цардбæллон хъæбул. Архайды æндыгьд драматизм. Æгады бæсты мæлæт æвзарыны мотив кадæг «Ирои цагъд» - ы. Сæрыстыр чызджы уæздан æмæ сыгъдæг уды хьæд. Мæсыг-«таурæгъхæссæг», йæ аивадон функци. Æрдзы ахаст æлдары фыдмитæм æмæ чызджы æрдхæрæны сгуыхтмæ. Кадæджы лиризм. Хи цард искæй сæрвæлтау нывондæн æрхæссыны разæнгардгæнæг æфсонтæ: («Бæсты сæрвæлтау», «Чызджы фари», «Мад», «Ацырухс»). Ивгьуыд зонын, фыдæлты цард æмæ тох зæрдыл дарыны идейæ. Фæлгонцгы символон мидис æмæ нысаниуæг. Барæвзæрсты фарст Гафезы лиро-эпикон уацмысты. Фыссæджы бавæрæн жанры рæзтмæ. Сæрмагонд поэтикон фæрæзтæ (иугæндзон райдайæнтæ, сидæнтæ, фæлхатæнтæ, абарстытæ, «скъуыдтæ» хъуыдытæй арæзт монологтæ æмæ цырд диалогтæ, адæмон фразеологи æмæ а.д.). Гафез-прозаик. Æмдугоны фæлгонц йæ радзырдтæ æмæ уацауты чингуыты («Дзаджейы рухс», «Фыдызæххы комупæфт», роман «Уæ боитæ хорз, адæм!», «Цард дын фестон» æмæ æнд.). Роман «Уæ боитæ хорз, адæм!». Йæ мидис æмæ проблематикæ. Æрыгон адæймаджы сурæт, йæ хъуыдытæ æмæ тырнæнтæ. Романы æвзаг æмæ сюжетон- композицион арæзт. Гафез куыд литературон критик æмæ æхсæнадон архайæг. Цæгæраты Максим (1916-1990) Фыссæджы сфæлдыстадон сурæт. Поэтикон фыццаг фæлтæрæнтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайд. Ирон лæджы фидар удыхьæд æмæ патриотизмы, фашистон оккупантты сырдон цæсгомы равдыст уацау «Хурзæрин» («Сау сынтытæ») - йы. Уацау «Нæ фехъуыстон ма зæгъ» (1963) - ы проблематикæ. Колхозонты цард æмæ хъысмæт 1950-æм азты кæрон. Раст хъуыддаг æмæ раст адæймаджы уæлахизы мотив. Адæм æмæ разамонæджы æмахастытæ. Куыст æмæ хæрзæгъдау, гуманизм æмæ амонды фарстытæ. Фæсивæды минæвæрттæ уацмысы. Партион кусæджы идеалон фæлгонц. Царды ныхмæдзыдты хæрзæнцонæй аиуварс йæ разамынд æмæ зонды фæрцы. Революцион сгуыхты темæ фыссæджы сфæлдыстады. Уацау «Сау хохы фыййау» (1961). Стыр дуне саби-персонажы цæстæй. Уацмысы поэтикон уæфт. Хæххон цард æмæ ирон зæрдыхатты реалистон равдыст. Фæлæ революцион архайды æрфысты схематизм, рæстæг æмæ бынаты æбæлвырддзинад. Уацау «Хæххон барæг» (1970). Революци æмæ аивады, бæрзонд бæллиц æмæ йæ 37
сæххæсты темæ. Аивадон фæлгонц æмæ йæ прототип. Колллективизацийы темæ роман «Райсомы мигъ» - ы (1983). Социалон быцæутыл амад аивадон конфликты райхæлд. Рæстæджы фæлгонц, йæ равдысты хигъæдон æууæлтæ. Хæрзæгъдау-намысон фарстыты райхæлд (уацаутæ «Мæ иуиæг хо», «Быиы чызг» æмæ æнд.). Адæмы хъысмæтты ранывæзт. Ивгъуыдимæ фембæлд - карз рæстдзинад æргомгæнæг фæрæз («Зæроид хъæдгæмттæ»), йæ удсыгъдæггæнæн нысаниуæг. Аивады хьомыс, музыкæйæ райгуыргæ ассоциацитæ, хъайтары зæрдæйы тæлмæнтæ («Мады зарæг»). Фæллойы бынат æмдугоны сурæты рацарæзты (уацау «Тæгæрдойиаг Ацæмæз», «Къæвдатæ» æмæ æнд.). Радзырдты цикл Къостайы цардыл. Генион поэт - адæмы хъæбул æмæ ныфсы мæсыг. Дзыллæйы сагъæстæ - поэты сфæлдыстады гуырæн («Дзыллæйы сагъæстæ», «Асиаты киио» æмæ æнд.). Æвзонгады темæ, сабийы удыхьæд, йæ мидцунейы рæзт («Къулбадджытæ», «Мæ мадыфсымæр», «Фыдыфсымæр», «Æфцæг», «Балцы зарæг» æмæ æнд.). Цæгæраты М. сфæлдыстадон авналæнты уæрæх диапазон. Таурæгътæ «Ацырухс», «Хъуыдииæйы мæсыг» - ы фольклорон-поэтикон сконд æмæ проблематикæ, сæ идейон-намысон хатдзæг. Таурæгъгæнæг Бæгъæгуыссæйы зæрдæисгæ фæлгонц, йæ аивадон функци, Сатирæ æмæ юморы фæрæзтæ (радзырдтæ «Уасилы бахъавд» (1960), «Æхсызгои улæфт», «Мереты чызг», «Быдзыгойы кæсæгтæ», «Сахат» æмæ æнд.). Лирикон миниатюрæйы жанр (цикл «Хæхты», «Мад» æмæ æнд.). Фыссæджы сфæлдыстады бынат æмæ нысаниуæг нырыккон ирон литературæйы. Æгъуызарты Æхсарбег (1922-1994) Фыссæджы æхсæнадон архайд. Сфæлдыстадон фæндаг. Æгъуызарты Æ. уацмыстæ - рæстæджы историон фæлтæртимæ хицæнхуыз «диалог». Уацау «Чабæхан» - советон адæймаджы бæрзонд удыхъæды равдыст. Райгуырæн бæстæйы сæраппонд удуæлдай тохы мотивтæ. Роман «Хурхæтæиы» (1964) - цардивæн рæстæджы аивадон ранывæст. Схематикон конфликты бындурыл цард вазыгджынæй равдисынмæтырнæн. Æппæт фарстытæн иударон дзуаппытæ нæ агурыны тенденци. Æппæрццæг характертæ- типтæ ныв кæныны хуызджын ахорæнтæ. Фæзминаг фæлгонцтæн иувæрсыг æргъгæндты традици фехалыны фæнд (Сослан). Дзыллæимæ иудзинады, йæ сæргъы лæууыны уæз æмæ бæрны темæ, хицаудзинадимæ баст тæссаг æмхицтимæ тохы идейæ. Роман-дилоги «Куырды фырт» - ы (1974-1980) актуалон ахаст, йæ нырык- 38
кондзинады æууæлтæ, автобиографизмы элементтæ. Дуджы æууæлтæ адæмы царды уаг æмæ æгьдæутты: æхсæнады уавæр хæсты рæстæг, хæсты агъоммæ æмæ йæ фæстæ азты. «Æндзыг заманы» хъæндзинæдты аивадон анализ, фидæны царды фæндæгтæ раиртасыны фæлтæрæнтæ. Дзыллæйæн цæсгомджынæй лæггад кæныны идейæ æмæ уыимæ баст амонды проблемæ. Фæллойгæнæг адæм - цард æмæ рæстæджы фарн хæссæг. Фæлтæрты бастдзинады темæ романы. Критикон цæстæнгас æхсæнадон дывæрццыг цардвæткмæ: дзырд æмæ архайды, дзырд æмæ хъуыдыйы ’хсæн æгæрон ауæдзты сæвзæрдмæ. Уацмысы мидтемæ: бæрнон лæджы намысы хуызивæнтæ. Романы архайджытæ - царды фæлварæнты раз. Ныхмæвæрд фæлгонцтæ (Бексолтан - Мурат). Уацмысы жанрон миниуджытæ: адæймаджы хъысмæты ранывæст дуджы цардивæнтимæ æмбастæй. Архайды хронологи æмæ дæрддзæджы арæнты рауæрæх. Æхсæнады алыхуызон социалон фæлтæрты равдыст. Партион царды структурæйы æххæст ныв. Кæронбæттæны символон нысаниуæг. Æрдæгфыст роман «Тулы царды цалх» - ы аивадон фæнд æмæ вазыгджын проблематикæ, йæ намысон-эстетикон идеал. Æгъуызарты Æ. уацмысты структурæ, фæлгонцты системæ æмæ стилы хицæндзинæдтæ, сæ публицистон ахаст. Гаглойты Владимир (1928-1996) Гаглойты В. алывæрсыг курдиат: драматург, прозаик, дæсны публицист æмæ æхсæнадон архайæг. Йе сфæлдыстады жанрон, æвзаг æмæ стилы хъæздыгдзинад, психологион анализы хигъæдон æууæлтæ. Романтизмы тæваг. Гаглойты В. радзырдты сæйраг темæ æмæ проблематикæ. Фæсивæды фæлгонцтæ (æмб. «Зæрдæйы сагъæсшæ»), Йæ пьесæтæ. Мелодрамæ æмæ бæрзонд романтикон кадæджы синтез. («Зæлинæ» (1956), «Зæххои хуыцæуттæ», «Уарзондзинады кадæг» (1963). Уацмысты оригиналон композици, социалон-намысон агурæнтæ. Характеры эволюци æмæ авторы идеалы фарст. Сатирикон комеди («Нæ фехъуыстон ма зæгъ», «Сызгъæрин фæткъуы», 1961). Героикон-романтикон хъайтары сурæт «Иунæджы кадæг» - ы. Уæлмонц уарзт æмæ тыхсæттæн социалон уавæрты мотив. Мады монументон фæлгонц, йæ идейон-философон мидис драмæ «Ныййарæджы кадæг» (1967) - ы. Пагриотизм æмæ героикон сгуыхты мотив, зындзинæдтæн нæ сæттыны пафос. Уацмысы композици, йæ аивадон мадзæлттæ, йæ цард ирон æмæ æппæтуæрæсейаг сценæйыл. 39
Гаглойты В. драмон дæсныйады æндæвдад йæ прозаикон уацмыстыл. Сæ хигъæдон æууæлтæ: архайды динамикæ, мидисджын диалог, буары змæлды (жест) æнгасджын æрфыст. Адæмы истори æмæ фæткæвæрды ахсджиагдæр фæзындтæм цæстдард. Уацау «Адæмæн зæхх у сæ дарæг» (1963). Идейæ æмæ конфликты хицæндзинæдтæ. Мидхæсты рæстæджы карз быцæуты равдыст. Роман «Дæ амонды тыххæй» (1966) - ы проблематикæ. Архайды уæрæх ранывæст. Адæмы тох æмæ куыст, знагыл фæуæлахизы бæллиц, фæсхæст колхозон хæдзарад сæндидзын кæныны зынтæ. Фæллойы героикон пафос. Æмдугоны бæрзонд удыхъæд, йæ миддунейы дæсны раргом. Æрдзы нывты æмбаст адæймаджы мидуавæримæ. Культы фæстиуджытæн аргъ кæныны фæлтæрæн. Роман «Гъе, мардзæ, исчи!..» - йы (1970) социалон-историон бындур. Конфликты хицæндзинæдтæ. Сылгоймаджы трагикон хъысмæт уæды æхсæнады (Агуындæ, Ацырухс, Кæлимæт, Налхъуытæ). Социалон дихдзинады нывтæ ирон хъæуы (Додти, Хъуынцел, Хъазийы архайд). Буржуазон бинонты фыдвæд æмæ æвæды темæ, традици æмæ ногдзинад йæ райхæлды (Гæбайы фæлгонц). Тохы фæндæгтыл сагъæс (Дзанг-Æхсæртæг). «Абырæгдзинады» фарст. Реалистон характеры фольклорон æууæлтæ (Солым - æппæт фыдбылызты гуырæн). Адæмон- поэтикон фæрæзты нысаниуæг æмткæй хъайтарты хъысмæты ранывæсты. Революцийы хæрзиуæгон нысаниуæг фæзминаг персонажты царды. Кæронбæттæн нывты схематизм, йæ аххосæгтæ. Сабитæн фыст уацмысты аивадон хицæндзинæдтæ. Уацау «Цæуыл куыдта хæххон суадон». «Хъæды паддзахады» æрдзон гармони, йæ цæрджыты сурæттæ æмæ характерон æууæлтæ. Йæ нысаниуæг æмæ бынат адæймаджы царды. Æрдз бахъхъхъæныны хъуыды. Фыссæджы сфæлдыстадон фантази æмæ хуызджын фæлгонцад. Гаглойты Владимиры æхсæнадон куыст. 40
2. Классикон («социалон-критикон») реализм Дзаболаты Хазби (1931-1969) Дзаболаты Хазбийы сфæлдыстадон хъысмæт. Иæ поэзийы сæйраг мотивтæ. Ир æмæхæхты фарн-лирикон геройы мидысконды, йæуæлмонцæнкъарæнты, йæ уды рæсугъддзинады гуырæн («Æз хæхты райгуырдтæн», «Ирон кафт»). Æмзæххон адæм, райгуырæн къуым æмæ мадæлон æвзагыл иузæрдыгдзинад, сæ нысаниуæг лæджы царды («Хуымæтæджы æцæгдзинад», «Кæмæй ферох уа райгуырæн хæдзар...», «Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд...», «Кæм мысынц мæн...»). Фыды уæзæг æмæ «стыр дунейы» æхсæн бастдзинад («Райгуырæн къæсæрыл», «Æнæ райгуырæн ницы ис...»). Æгъдау, рæстад, æфсарм æмæ хæлардзинад («Фыдæлтæ æмæ мах», «Ис м’ алфамблай цыдæр...», «Ис ахæм лæг хæхты», «Лæг фæразы йæхи уды рисæн...», «Сагъæс æнæзонгæ æмбæлæгыл», «Нæртон удыхъæд», «Гимн хæдзары æфсинтæн», «Сырддонцъиу»); сæрибар цард æмæ сыгъдæг намыс («Хæххон кæсаг») - царды хæзнатæ. Хуымæтæг куысты бæрзонд поэзи. Куыст - царды адæймагыл рæстмæ аудæг, амонддæттæг. («Амонд», «Цыхтахсæг», «Хорыбон», «Хъуылæджы уынæрмæ хъусгæйæ»). Кард æмæ гутон - цардхалæг хæст æмæ сабыр фæллойы символтæ («Кардæмæгутон», Патриотизм æмæ кады мæлæты темæ. Поэзийы нысаниуæг æмæ хъомыс хæсты тымыгъты («Куы хæссай зæрдæйы æмбуар...»); хъайтарон сгуыхт æмæ тæппуд сæрхызтдзинады, ахадгæ ми æмæ тутт дзæнгæдайы контраст («Æнæном хæстонты ингæны уæлхъус»), Хæсты хъæдгæмттæ («Бадæг чызджы зарæг»). Царды мидис æмæ фæтк («Артдзæст», «Сонет», «Фæндаджы уæз», «Фын», «Зæрватыкк»), Царды æнусон змæлд æмæ контрастон мидысконд. Йæ фидардзинады уидæгтæ («Зарæг фæдисон æнусыл»). Адæймагæн йæ хъуыддæгтæм гæсгæ аргъ кæныны идейæ («Уацамонгæ»). Сфæлдыстадон удгоймаджы нысан æмæ хæс («Риторикон æмдзæвгæ», «Уæхскуæз куыстыты æрвыстон мæ рагбонтæ...», «Ис бирæ, тынг бирæ бынуагъд хæзнатæ цардамондæн...»). Поэты зæрдæйы контрасттæ («Романтикон æмдзæвгæ», «Фæндагыл», «Цæуын æз сау зæххыл...»). Лирикон геройы æвзонгад («Райгуырæн къуым», «0, æвæццæгæн ацы цъæх дуне...», «Къæвда бон ма ныууадз дæ дзабыр...», «Аргъау» æмæ æнд.). Мады фæлгонц, хъæбулы хæс («Мæ мадмæ», «Мæ мады ингæны уæлхъус»). Сылгоймаг æмæ йæ хъысмæт («Сылгоймаг», «Сонет сылгоймагæн», «Сонет 41
абадгæ чызгæн», «Чызгæрвысты»). Æмдзæвгæ-этюд («Дымгæ футгæнгæ цæгатæй...», «Фæззыгон хъæд», «Мæйрухс æхсæв», Фæззыгон æхсæв»). Хазбийы сфæлдыстады поэтикон формæты хъæздыгдзинад, йæ æмдзæвгæты ритм æмæ лексикон мадзæлттæ. Поэтикон абарст, зæлты фæлхатæн, рифмæйы хицæндзинæдтæ. Бестауты Гиуæрги (1932-1978) Бестауты Гиуæргийы поэтикон культурæ, йæ зарæгзæл стих. Уадтымыгь - поэты царды райдианы романтикон символ («Уадтымыгъы», 1958). Царды контрастон ивæнтæ, цин æмæ масты æнусон темæ («Царды цин», 1962; «Æхсæв æмæ бон», 1966). Миддуне æмæ æнкъарæнты тыгъдад («Арты æртæхтæ» 1979). Райгуырæн бæстæ - Гиуæргийы поэзийы ахсджиаг уидаг. Йæ æрдз, йæ адæм, йæ ивгъуыд æмæ фидæныл сагъæс. Рагфыдæлты кадджын номы бæрн æмæ уæз. Сæрибарыл æнусон тох («Сатанайы куывд», «Ныстуан мæ фæдонмæ», «Æнусты балц»). Æрдзон уаг æмæ фæтк халыны фæстиуджытæ, цагъары æвидыц уавæр («Стай сырддоны»). Поэты æнæнцой зæрдæ. Удуæлдай размæцыды, фæдзæхст хъуыддæгтæй нæ тæрсыны пафос («Фæндæгтæ», «Ныфс»). Адæймаг æмæ дунейы ’хсæн гармони, рухс фидæныл æууæнкæй ивылгæ цин («Дуне райгуырд», «Зымæг»). Æрдз - Аивдзинад æмæ Фарны гуырæн, сфæлдыстадон уæлтæмæнады æмæ цины суадон («ИзæрДзаугомы», «Хьуды ком»). Æрдзон фидыцы зæрдæисгæ ныв, йæ рæстæгмæ хьомысыл сагъæс («Æвидыц», «Цардвæндаг»), Пейзажон къаннæг нывты мидкæлæнгæнæг, хъуыдытыл æфтауæг тых («Сабийау мын ме ’нхъæлцау...», «Мигъ фæцæйлæсти сагъæсаурагъыл...», «Дис кæнынмæхинымæр...», æмæ æнд.). Сфæлдыстады уаз нысан æмæ хьомыс, царды æндзыг-æнцойад халæг мидис. Æмдзæвгæты апп æмæ формæйы иудзинад. («Хæрзбон, мæ дард цъæх уалдзыгон рæуфынтæ...» «Ныстуан», «Мигътæ сæ базыртæ ныттыгътой...», «Зарæг», «Мæ зарджытæ»). Рагмæлæты азар, хъысмæтæн æгомыг уайдзæф («Дур саби», «Рох уæлмæрд», «Ацыд сыджытмæ йæ иунæг фырт...», «Хъисфæндыры ’лвæст тæнтау дзыназгæ...»), йæ фыдахин митæй æнæразы («Цезары монолог»), Поэты интимон лирикæ, табуйаг уарзты темæ (циклтæ «Къæмдзæстыг бæллицтæ», «Уарзондзинады сагъæстæ»), Уарзондзинады темæйы сæйраг мотивтæ: уæлмонц цин æмæ æнхъæлцауы раивд сагъæссаг хъынцъымæй («Арвæй мæмдыууæ цъæх цæсты каст...»,«Уарымит тъыфылтæйæмæуардзæн...», «Мæн сурмæ раппæрстай кæсагау...», «Рацыдтæн дæ...», «Урс катай», «Æрбахста уарзты зæд æмбисвæндагыл мæн...», «Ацыдтæ ’мæ уалдзæг демæ ахастай...»). 42
Сылгоймаджы зæдæнгæс рухс сурæт («Ды фæцæйцыдтæрухскалгæуынджы...», «Мæиæ, гъе, мæ сусæг сæиттыуаз къуым...»), уарзты удноггæнæн тых («Царды талыиг тархъæды...»); æрхуым бузныггады («Хæрзбои, мæ дард цъæхуалдзыгон рæуфынтæ...») æмæ къæмдзæстыджы («Æз дыууæ цæсты зоиын зæххыл», «Ехх, цы цæстытæи радтои æрхæидæг...») зæлтæ. Бестуаты Г. -тæлмацгæнæг (Ш. Руставели. «Стайы цармдарæг», Æгъуызаты И. «Æлгъуызы кадæг», Н. Бараташвилийы æмдзæвгæтæ æмæ æнд.). Бестауты Гиуæргийы поэзийы фæлгонцад, йæ арф лиризм æмæ романтикон символикæ. Дзуццаты Хадзы-Мурат (1935-2000) Фыссæджы сфæлдыстадон æмæ зонадон куыст. Иæ аивадон ногдзинад, йæ поэзийы сæйраг темæтæ, лирикон геройы фæлгонц. Поэты ахаст мадæлон æвзагмæ, йæ историон хъысмæтыл сагъæс («Ме ’взаг», «Дзырдтæ»). Фыдæлты фарн æмæ намыс, национ цæсгом бахъахъхъæныны идейæ. Фыдыуæзæгыл æнувыд уæвыны фæдзæхст. Ирыстон æнусты фæндагыл. Тугкалæн заманæй сабырдзинад æмæ фидыды дугмæ. Адæмты хæлардзинады темæ (поэмæ «Ирыстон») Хæст æмæ гуманизм: сæ мидæмбастдзинады парадокс («Сталинград, 1943 аз», «Зонын æй»). Рæзинаг удты трагикон хъысмæт абоны тохы фæйлауæнты. Поэты зæрдæхъыг æмæ сæрыстыры æнкъарæн хъайтарон мæлæты фæдыл («Хъуырдухæн», «Æз цæуылиæ амардтæи уæ бæстыЪ), йæ æнувыд куывд («Ног Азмæ») æмæ хъарæг-лæгъстæ («Уой, Хазби...») æмæ æрхуым сагъæс («Цъырцъырæгты уаст», «Хъæддаг куыйтæ») Ирыстоны фидæны фæдыл. Адæймаджы æфсарм æмæ хæс æхсæнады, рæстæджы раз, йæ нысан - хорздзинад аразын. Хиуыл кусыны хъуыды («Нæй æмбæхсæи», «Уæддæр æмæ уæддæр»). Царды контрастон сконд æмæ поэты минæварад, йæ бынат - дуджы тымыгъты астæу («Æз ацы нуазæн...», «Хъуырдухæн»). Царды æрдзон цыд, райдайæн æмæ кæроны, æнæмæлæты («Уый - хæрзвидауц...») æмæ æфсæрм- намысы философи («Мæлæт», «Ирон фынгыл», «Уадзыиы элеги», «Миты æфсæрм», «Дзыццайы мæлæт»). Уæнгдых куысты æрдзон фидыц. Хохаг пейзажы рагон-нырыккон уынд æмæ сылгоймаг-фыдæбонгæнæджы бæрзонд лæджыхъæд æмæ фидауц («Хохаг этюд»), поэты аргъуыц ирон сылыстæджы фарнæй («Сылгоймæгтæ»). Уарзт æмæ рæсугъддзинады тых («Мæлæт Чегемы», «Уарзындæ...», «Хурмæзилæг»), Æрдз æмæ адæймаджы тугхæстæгдзинад: равг æмæ æнкъарæны, тохы нысаны æмæнгæс («Хърихъуппытæ», «Денджыз», «Буцитæ», «Къæвдайы кафт», «Уары...», «Галы сыкьатæ», «Уалдзæг», «Æврæгътæ», «Цъититы уарзт»). 43
Дзуццаты Х.-М. æмдзæвгæты ггублицистон ахаст. Сфæлдыстадон фæрæзты бирæ хуызтæ: аивадон абарстытæ, фарстон-хъæрон хъуыдыйæдты экспресси, лирикон геройы зылынгæнæн ныхас (инвективæ), поэтикон фæлхатæнтæ, анафорæ æмæ аф.д. Хостыхъоты Зинæ (1937-1995) Хостыхъоты Зинæйы сфæлдыстадон хъысмæт. Йæ лирикон герой - ирон сылгоймаг кары æмæ уавæрты знæт ивæнты (рухсбæллиц хивæнд чызджы сурæт, ныййарæг мад - хæдзары фарн æмæ царддæттæджы, - хæстарыд Ирыстоны хъа’рæггæнæг усы фæлгонц). ’ Йæ поэзийы рæзты фæндæгтæ. Поэты тох рæстдзинад æмæ намысыл, йæ гуманизм. Йæ оптимистон зæрдæйы уаг («Мæ зæрдæ», «Мæ зарджытæ», «Куы мын æрцъæл кæна зæххы фыдæх...) Адæмы сæраппонд хи сæр нывондæн хæссын («Фыццаг æртахъ æмæ æнд.), поэзийы нысан æмæ фæд адæмы зæрдæты («Мæ зарджыты хуыздæр» æмæ æнд.). Рæстдзинад - царды ныфс, зындзинæдтыл уæлахизы хотых («Мæнгæй нæ уасыд райсомсарæй уасæг...»). Хъæууон царды нывтæ, сабидуджы мысинæгты æхсызгон-маст ад æмæ хьомыс («Æгъуыссæгуасджытæ æрбайгом кодтойрудзынг...», «Ныууадзмæ ам...» æмæ æнд.). Сонты бонты поэтикон сурæт. Фæллой æмæ ахуыры рухс-лирикон геройы хъомылгæнджытæ. Æддаг дуне æмæ мидæнкъарæнты ’хсæн иудзинад. Æлхьывд царды уавæртæ æмæ тыгъд-зæрдæ адæм («Нæ хъæууон хæдзар»). Райгуырæн къуым - дзæнæты хæзнатæй зынаргъдæр. Фыдыбæстæимæ бастдзинады уидæгтæ («Æз мæ зæрдæйы рæхыстæй...», «Мæ кæстæрмæ», «Æрдзмæ курдиат»). Ныййарæг мад - царды ныфс æмæ тавс. Дзыццайы фæлгонц (цикл «Мады зæрдæзон...)) æмæ æнд.). Ныййарæг æмæ хьæбулы ’хсæн иудзинады уазтых-амонд æмæ поэтикон уæлтæмæны сæр («Мæ зарæг», «Хатт мæ æрфæнды худын...»). Интимон лирикæйы фæлгонцад. Амонды бæллиц. Æмбæхст æнкъарæнты тæссонд дуне («Мæ цæстытæ дын дам-думгæнаг устытау...», «Ныссаудалынг, Ныггомыг бæстæ...», «Арвмæнау йæ цъæх амондæйрасыг...», «Мæй ацауындзæг бур гæдыйау бæрзыл...» æмæ æнд.). Æнæфидæн уарзты сусæг хьизæмар («Мæнг хур, мæнг худт лæмарын æз мæ удæй...», «Сылгоймаджы мидмонолог» æмæ æнд.), фæлæ уыимæ - хиуыл мидбылты бахудыны хъару дæр («Фæлæ уæддæр», «Рудзынджы къуырцц ауади мæ хъустыл...», «Мадымайрæм, ацы хатт дæм дзурын...», «Бæллицтæ», «0, уыцы уалдзыгон къæвдатæ...», «Ысхызт тазæрдæ зымæджы ныггæндæй...» æмæ æнд.). Циклтæ «Æмгары рухс ном мысгæйæ», «Сослан» æмæ æнд.; чызгонзæрдæйы фаутæ æмæ бустæ («Гадзрахат», «Æрбалæууа 44
та уалдзсег»). Сылгоймаджы уарзт - лæгдзинад æмæ намысы фæлварæн («0, рæудымгæ, хьусгæ бакæн, хъусгæ /..»). Цардивæн заманы æууæлтæ. Ныфс æмæ дызæрдыджы зæлтæ. Æмбæхст иронийы нысаниуæг. Литературон æмæ фольклорон реминисценцитæ («Дзырды бардуаг»). Фыдыбæстæйы хъысмæт историон æмæ ныры тугкалæн хæстыты. Хæст - цардхалæн («Ам каст æнхъæлмæ...»). Рæстаг тохмæ сидт, кады мæлæты темæ. Хъарæгæмхæццæ ныфсæвæрæн ныхас, зæрдæбын куывд-арфæ рухс фидæны сæраппонд. Историон æмæ фольклорон ассоциациты ахадынад æмæ нысаниуæг («Куывд», «Цæргæбонты дæ хæстонтыл нæ ауæрстай...», «Уæлмæрдты», «Ма ку», «Лигъдæттæм», «Мæ бон дын циу, цы зæрдæ дын æвæрон...», «Авдæны зарæг Ирыстоны саударæны»). Æрдзон бынысæфтæй адæмы фæдзæхсын, хæлардзинадмæ сидт («Зæххы катай», «ОЕвæ ’мæАдамыцот...»). Сфæлдыстадон уæлтæмæнады уаз гуырæн («Æнахуыр тых»); поэтикон æнæбондзинады аххосæгтæ («Зарæг нал цæуы æмхиц дæр...»), Хостыхъоты 3. прозæ æмæ публицистикæ. Йе сфæлдыстады социалон-хæрзвæткон мидис æмæ аивадон фæрæзтæ, æмбæстагон лæджыгъæд æмæ арф лиризмы æмиу. Зинæйы удгоймагон æмæ поэтикон сурæт ирон критикæйы. Хъодзаты Æхсар (р. 1937) Фысæджы сфæлдыстадыл афæлгæст. Йæ чингуыты символон сæргæндтæ - сæйраг хъуыды бæлвырдгæнæн фæрæз. Æмбырдгонд «Æхсар» (1965) - авторы монон æмхицтæ æмæ сфæлдыстадон нысаны ранывæст. Поэты хæс æмæ бæрны ирд æнкъарæн («Мæ гуырæн бон», «Зæрдæ, зæрдæ...»), сфæлдыстадон уæлмонцы аивадон фæлгонц («Мæныл та тохы бон...»). Сабырдзинадмæ сидт («Арт фæйлауы»). Æнæдзуапп уарзты æрхуым æмæ катай («Æхсæв Æрæфы был», «Сæлфынæг...» æмæ æнд.). Сабидуджы адджын мысинæгтæ. Лирикон геройы хьынцъым, æвзонгадæн раздахæн кæй нæй, уый фæдыл. Æрдз удджын кæнын («0, мысын та, мысын, мæ сабион азтæ...»). Чиныг «Адæмы хъæр» - ы граждайнаг мотивтæ. «Тæфсты» рæстæджы райгуыргæ сфæлдыстадон сæрибары «хурныгуылд», уды рæзæнтыл хъадамантæ æвæрæгуæвæрты сног («Къæвдабон», «ИспайнагхуымгæнæгХосейы зарджытæ»), Æрдз æмæ адæймаг («Бæлæстæ-хæтæнхуаг поэттæ...», «0 бæлæстæ!..»). Поэт - йæ адæмы хьæбул, адæм - йæ хьомылгæнæг, удон хæзнаты гуырæн. Чингуытæ «Сау æхсон» (1973), «Удæвдз» (1978), «Терчы сакъадæхтæ» (иумæйаг æмб. «Æрттигъ» - ы иу хай), сæ сæйраг темæтæ. Рæстæг æмæ адæймаг, 45
ивгьуыд, абон æмæ фидæны æмбастдзинад, интернацион мотивтæ. Поэты идеалтæ. Литературон реминисценци æмæ фæсномыг ныхасы нысаниуæг («Æрттигъ», «Ехх, цы фарны дзырд у...», «Соспаны ныхас Мæрдты бсесты дуаргæс Аминонимæ»), Мадæлон æвзаг - адæмы монон культурæйы бындур, йæ ахадьшдзинад. Ирон æвзаджы историон хъысмæт. Ирон дзырды фарн {«Ир», «Ирон дзырд»), Ирыстоны «арт-лæгты» сурæттæ («Дыууæ сонеты Елбыздыхъойы номыл», «Къоста» æмæ ин.). Патриотизм æмæ зæрдылдарыны мотивтæ («Хъолойы мæсыг», «Мæ Иры дзыхъхъ!..» æмæ ин.). Дзырддæсныйы бæрн адæм æмæ йæхи намысы раз. Антитезæ куыд поэтикон фæрæз («Поэты куыст», «Дыууæ хъæры», «Хæфсытæ, тарæйуæ цæлхъ-зарын хъуысы...»), сфæлдыстадон дызæрдыг æмæ фыдæвзарæнтæ, йæ хъыгтæ æмæ цин. Поэзийы æнæмæлæт («Ван Гогы фæстаг монолог», «Мæ цин кæфау...», «Зыгъуытаты Куырм Бибо» æмæ ин.); йæ цард æмæ тохы нысан - рухс тауын, адæмæн лæггад кæнын. Адæймаг-аразæджы цард æмæ куысты символон ныв («Цъайкъахæг»). Уарзты бæрзонд идеал («Ацы æхсинджытæ...») æмæ йæ сæфт, йæ удхар æмæ контрасттæ («Æхсæвыккон къæвда», «Дæ цæстытырухс...» æмæ ин.). Мидцоппайы заманы æндзыг уавæр, лæмæгъ удыхъæдыл йæ фыдахадæн, дыдзæсгомы «философи» («Иу епископы ныхас», «Тæппуды зарæг» æмæ æнд.); компромиссты удфæлгъауæн æндæвдад («Æмгъуыдтæ», «Хæлар» æмæ æнд.). Тох - цард ноггæнæг фæрæз. Поэты философон ахаст царды рæзтмæ. «Талынг айгæрдæджы» хъысмæт («Малусæг», «Саузым», «Гимн Галæгонæн», «Чысылурс къæбыс» æмæ æнд.). Чиныг «Дыууæизæрастæу» (1994) куыд Хъодзаты Æ. дунембарынады æмæ поэзийы цæхгæр ног фæлтæр. Удфæлварæн рæстæджы фæлгонц публицистон фæрæзтæй ныв кæнын. Æмдзæвгæты идеологион апп. Сатирæ æмæ сарказмы фæрæзтæ социализмы уаг æмæ идеалтæн аргъ кæнгæйæ. Искæй хъыгыл фæрайыны равг, тохæргом антикоммунистон интонацитæ («Коммунизм аразджыты марш», «ССРЦ», «Хæрæг», «Фын», «Сис», «Сталины монолог» æмæ æнд.). 1981 азы Ирыстоны трагикон цаутæ уæды æмæ абоны цæстæй (цикл «Фыстæджытæ 1981 азæй»), Иумæйаг национ уаз хæсы темæ («Къостайы хæдзар»). Лирикон герой -тыхджын æнкъарæнты уацары: уарзт («0, уарзондзинад, зодг^ухты тырыса»); хъыг («Хъаровг»); сидт-фæдис («Хъæр мæрдтæм») æмæ æнд. Рацарæзты мидныхмæдзыд концепци. Ивдзинæдты темптæй æнæразыдзинад («Авдæны зарæг ирон адæмæн» æмæ æнд.). «Демократийы» æнæсæрфат, рæхойæн фæлгонц («Бинонтæ», «Зинтæ» æмæ æнд.), Фыдæвзарæн рæстæг Ирыстоны хъысмæтыл сагъæс, историон цъысымы æнкъарæн, æндæр цæстæнгас раздæры монбн хæзнатæм («Зонын, зонын æй...>), «Фыдбоны халæттæ», «Æвыд-дывыдоны дуг», «Поэзи», «Æз» æмæ æнд.). 1 Æууæнксайды рис, фæсмоны-æфсармы мотив («Æз æмæ знон», «Æртытæ» æмæ æнд.). Хъысмæты фыдаудæнæн быхсыны, зындзинæдтæн фидар лæууыны 46
хъуыды («Халон», «Халæтты зарæг»). Сатирикон-философон «автопортрет» («Мæ сурæт», «Постскриптум»). Æрдз - царды фарнхæссæг («Гутондары фын»\ рæсугъддзинады кувæндон, адæймагæн «йæхицæй йæхимæ фæндаг» («Ирæф», «Хурхæтæны», «Тæрккъæвда» æмæ ин.). Уыцы бастдзинады фехæлд æнæнхьæлæджы бæллæхы азарæй. Поэты хъынцъым адæм æмæ æрдзы сæфтыл. Ирыстоны хъысмæтыл катай. Стихдыдагъ - хъуыдыйы эмоцион тых дывæргæнæг мадзал («Дзау»). Чиныг «Хуыцауы бон» (1998) - зноны атеисты куывд-лæгъстæ фыдыбæстæ æмæ æгас адæймагады рухс сомбоны тыххæй («Дзæнгæрæг» æмæ æнд.). Карз сатирæ æмæ ирони - «хæрам дуг-фыдусмæ» лирикон геройы ахаст æвдисæг фæрæзтæ («Æнусы кæрон» æмæ æнд.). Адæймаг æмæ Дунейы вазыгджын мидысконд («Рæстæгæй исæм æфстау...», «Хъæууат... Къæйтæ... Мæсгуытæ...»\ царды контрасттæ фæсномыг фæлгонцады фæрæзтæй («Мæра», «Бийы та лæг йæ кæфахсæн, йæ къуту...»). Лиризм æмæ юмор поэтикон къаннæг нывты («Цъырцъыраджы зарæг», «Уазджытæ», «Зæрватыччытæ ’ртахтысты», «Зæрватыкк-2», «Цъиу», «Азæлды мæлæт», «Саниба Сæумæрайсом» æмæ ин.). Хъодзаты Æ. лирикон прозæйы æууæлтæ (уацау «Ныббар мын, Дзерассæ!»). Йæ поэтикон дæсныйад сывæллæтты литературæйы (чингуытæ «Абеты куывд», 1968; «Сæтæлæг», 1990 æмæ æнд.). Хъодзаты Æ. аивадон тæлмацтæ, литературон-критикон æмæ публицистон уацтæ. Хъодалаты Герсан (р. 1938) Хъодалаты Герсаны сфæлдыстадон фæндаг. Йæ поэтикон æмбырдгæндтьГ ’ символон нæмттæ. Чиныг «Бæлццон» (1964). Поэты фæндиæгтæ йæ «балцы» къæсæрыл: зындзинæдтæм цæттæдзинад, хуры рухс æмæ рæстдзинад - цæдисæмбалæн («Мæ иубæстон адæм...», «Бæлццоны сагъæс»). Йæ бæллицтæ æрдз æмæ адæмы хæрзабонимæ бастæй. Традицион фæлгонцы ног фæзилæн («Фæндаг»). Сфæлдыстадон æвæлхаттдзинады, ныфс æмæ тохы мотивтæ («Хъуыдытæ æвзонгадыл»). Мад-царддæттæг, хъæбулы уарзт, фæлтæрты кæрæдзийы ивыны фарн («Гыцци», «Авдæн», «Баба»). Æрдзы нывтæ поэты уарзтæмхиц зæрдæимæ бастæй («Хæрхæмбæлд фестæм абон уынджы...», «Уалдзæг», «Райдзаст бон», «Æхсæвы нывтæ»), Чиныг «Ирон зæрдæ» (1968). Монон хæзнатæм, адæймаджы национ хиæдтæм хъусдард. Литературон фыдæлты хъысмæтыл сагъæс. Зæрдылдарын æмæ бузныгады мотивтæ. Сфæлдыстадон традицимæ ахаст. Зарæг æмæ фыды 47
зæххы иудзинад («Темырболаты хъыт\ъым», «Секъайæн» æмæ æнд.). Фыдæлты фарн æмæ æхсары æвдисæнтæ, сæ æнæмæлгæ хъомыс («Хъама»). Цæрыны ныфс, хъысмæтыл æууæндыны пафос («Ныфс», «Кæнын мæлæтмæ уымæн хыл...»). Хъæбулы ад, йæ тыхдæттæг фарн («Фарны ’хсæв»). Æрдзыл аудын, æрдзы нывтæ - фидыц æмæ æнцойады гуырæн («Æрæджиау фæсмон», «Фæззыгон миниатюрæтæ», «Хæххон æхсæв», «Макæ, цъиу-лæппын, ахстонæйма ’рхау...»). Æмдзæвгæ-равг («Ахуыссыд йæ зæрин цырагъ бонæн...»). Чиныг «Æвронг зарæг» (1971). Фыдæлты фарн æмæ кадæн аргъ кæнын, ирон адæмы ивгъуыдмæ хъусдард («Пырх мæсыг»). Мадæлон æвзаджы хъомыс, йæ бæркадджын æвæрæнтæ («Ирон æвзаджы чи фауы мæгуырæй...»). Цард æмæ æрдзы фæзындтыл философон хъуыдытæ, сæ мидисы æмиуад («Хур - гигантон планетæ, æрдззынг...», «Æз нæ фæдæн æрммыдул. Ныллæг дæн!..», «Фæззыгон бæллиц», «Фæталынг дуне, Галæгон фæхъус и...»). Поэты зæрдæ, йæ зарæджы «хъæлæс» («Куы вæййын расыг, -зарын мын æнцон...»). Æвзонгад мысыны равг («Æз фæрæдыдтæн...»). Ныййарæджы уæлуарзты тых («Рухс фын»). Чиныг «Худы уæз» (1974). Рæстæджы хъомыс æмæ рæстдзырды фæндæгтæ, фæрнæйдзаг фидæныл æууæндыны пафос («Цин»), Сфæлдыстадон куысты цыт æмæ бæрн, æрыгон бæллицтæ æмæ ас лæлджы фæлтæрддзинад («Фыццагмын æмдзæвгæ куы фæзынд мыхуыры...»); дунейы рис - поэты хи уды хъæдгом («Уыцы ’хсæв»). Хæсты темæ, хæстдзагъд лæгæй аргъуц кæнын æмæ йын арфæйы ныхас («Рахиз цонг», «Зæронд акъопп»). Фыды уæзæг - ныфсæнцой, тыхдæттæг («Чысылæй бандоны æнцой лæууыдтæн...»); райгуырæн зæххыл фæрнæйдзаг фæллойы темæ («Хойраджы зарæг», «Мартъи»). Лирикон геройы бастдзинад æрдзон дунеимæ («Бурдымы сагъæс», «Хъæууон райсом», «Бæлæстæ хъæрзынц...», «Зымæгон райсом», «Фæззыгон равг»). «Нæфæтчиаг» уарзты тæваг поэты удыл æмæ йæ намыс-цæлхдуртæ («Зынгбазыр бæллицтæ... Мæ зæрдæ та схур и...»). Юморы ахорæнтæ - хиуыл бахудыны фæрæз («Идилли», «Хъæлдзæг æмдзæвгæ»), сатирæйы хъомысджын хотых, æхсæнад æмæ адæймаджы хъæнтыл дзургæйæ («Балладæ» иу зæронд лæгыл», «Хохы уайдзæф мæнгуд поэтæн», «Дымыстæр»). Чиныг «Лæгдзырагъ» (1977). Райгуырæн бæстæ хъæбулы уарзтæй уарзын («Ирыстон»). Лирикон-философон сагъæстæ цард, сфæлдыстад, фæрнджын адæмыл («Ныр цы зарон, кæд мæ бæсты...», «Бирæстъæлфыг», «Фæрнджын лæг», «Тæпп»), æмдзæвгæ-этюдты хихуыз уынынад æмæ философон равг («Урс хохы сæрты...», «Сатæгсау пианино...», «Равг», «Рухсуынг. Æрцъелф кодта...», «Уынгтæ - фынгтæ...», «Фæззæг. Афу кодта дымгæ...»), раст æмæ мæнгардыл, хорз æмæ фыдыл («Есенины монолог») сагъæс. Чиныг «Табуафси» (1980). Цард æмæ сфæлдыстады цæстуынгæ фæд ныууадзыныл сагъæс («Царды саджилтæ фæндагыл...»). Мадæлон æвзаджы нысаниуæг, йæ сæрхъызойты ном арын, сфæлдыстадон удхæстæгдзинады темæ 48
(«Ирон дзырд», «Фын», «Хæрзбон»). Хъуыды æмæ æнкъарынады контрасттæ («Ныфсхаст», «Зæрдæйы контрасттæ»)\ æрдзы «хъулæттæ», йæ æнæивгæ ныхмæдзыд фæтк («Къуыпайы балладæ», «Цæмæн ысвæййы урс...», «Лехура», «Зымæг», «Уалдзыгон мæт», «Фæззæджы гакк»). Чиныг «Æртвæдис» (1983). Гуманизмы («Сидзæрдоны»), рухс сомбоныл æууæндыны («Дзуапп поэтæн») фарстытæ. Аивады фидыц æмæ бæрн («Джигиты кафт», «Экспромт»). Æнкъарæнты дуне («Уæд та мæ сонт зæрдæ куы фестид...»). Æрдз-удæгас («Фантази», «Балы бæлас», «Зæрдæхсайд»). Ирони æмæ сатирæйы фæрæзтæ- сфæлдыстад æмæ æхсæнады фæуццаг фæзындтæ хурмæ хæссыны хотых («Æнæнхъæлæджы мæт», «Æнахуыр быцæу», «Саг, сæгуыт нæ фехсин æз дæразæй...» æмæ æнд.). Чиныг «Куырыхон» (1986). Поэтикон удвæллойы аргъ æмæ катай («Фæззыгон сагъæс»). Æрдз-удæгас («Фæткъуы бæлас йæ цонг æнхъæлцау дары...»). Хæст æмæ йæ фæстиуджытæ («Хæст -хуыснæг», «Фæстаг фыстæг», «Хæстдзагъды цалдæр суынæргъды», «Сабийы цымыдис», «Фыдæнхъæл»). Чиныг «Уастырджи» (1989), цикл «Суинаг чиныгæй». Дугивæны фарнмæ сидын («Сидт», «Демократи», «Æрæджиау фæсмон»). Æхсæндзарды «хъулæттæ» («Куыдынзæгъонраст...», «Авдзæрдæдзæфы», «Дыгъуырццæг», «Сусæгхъæлæс»). Фыдыбæстæ, мадæлон дзырдæн табу кæнын («Ирыстон», «Ирон æвзаг»). Хистæрты фарн, адæймаджы намыс монон царды иууыл бæрзонддæр фæзынд, æдзæрæг хъæуы сагъæс («Сагъæс», «Бæрзонд хæхтæ фыдуаг бирæ сты æрдзы...»); æрдзон бæллæхы фыдæвзарæн, адæмы хъыг («Козаты зæйласт бинонтæн»). Поэзийы хæс æмæ хæрзиуджытæ («Къостайы цырты раз», «Ныстуан мæ хæлар поэттæм», «Цыртыраз», «Стайы хщрмдарæг» кæсгæйæ», «Бæрн»), Æмдзæвгæ-этюдты философон равг («Дысон», «Зымæгон этюд», «Зымæгон идиллитæ», «Хъæды нывтæ»). Фæстаг азты фыст уацмысты мидтемæ æмæ аивадон æууæлтæ («Зæд-маргъ», «Ирыстонымæсгуытæ», «Абонуалдзæг карз зымæгылрахæтдзæн...» æмæ æнд.). Джыккайты Шамил (1940-2011) Джыккайты Ш. - поэт, драматург, ахуыргонд. Романтизмы ахорæнтæ йæ поэзийы, историон ахсджиаг цаутæм, национ химбарынад æмæ культурæйы гуырæнтæм хъусдард, адаймаджы удон сæрибар ссæндыны ныхмæ тохы мотивтæ. Фыццаг æмдзæвгæты чиныг «Æфсарм» (1964) - хицæнхуыз поэтикон манифест. Аивады хи фæндæгтæ агурыны, рæстдзинад æмæ намысы домæнтæн дзуапп дæттыны, зындзинæдтыл уæлахизы идейæтæ. Сабидуджы поэтикон фæлгонц («Мæ саби-дуг», «Цы къуылдымты нæ бафсæстæн цæрынæй...» æмæ ин). 49
Чиныг «Цæф сæгуыты маст» (1969) - æмвæлтæры удон-фæткон агурæнты равдыст. Æмдз. «Къуыппрагъты сахар» - удварнæй цух, пайдайыл мард æхсæнады аллегори. Аивады къабæзтæ æхсæдæг «прокрусты сынтæджы» фæлгонц. Курдиат æмæ сыгъдæг бæллицты сæфт («Бердзенаг лæппуйы сагъæс», «Æфсургъ» æмæ æнд.). Уæййаг намысы рухс альтернативæ - поэт-тохгæнæджы хъысмæт. Цард æмæ мæлæтмæ сæрыстыр ахаст («Еретик», «Дзæбидыр», «Иу куыеды» «Кæд загъта фыццаг хатт йæ амонд лæгæн...»). Поэты æппæтылæххæссæг зæрдæйы контрасттæ («Цæф сæгуыты маст», «Поэты зæрдæ»). Фидæны рæсттæрхоны темæ («Дауыт Сосланы хъынцъым» æмæ æнд.), патриотиотизм æмæ намысы идейæтæ («Хазби»). Чиныг «Амраны зæрдæ» (1973) - йы символон фæлгонцад. Адæмæн лæггад кæныны, æппæт рæстæджытæ æмæ дугты хъайтар - хуымгæнæгæн кад кæныны идейæ (балладæ «Фембæлд» æмæ æнд.). Фыдыбæстæ, адæм æмæ сæ фарн - поэты зæрдæйы æвидигæ хæзнадон. Поэты хæс - «рæстдзинад æмæ а бæсты хъуыдытæ дзурын» («Хъæздыг дæн æз, æвидигæ-мæ бынтæ...», «Ысты быркуытау адæмы зæрдæтæ...»), ныфсы апологи («Ныфс»). Дуджы хъулæттæ («Цыдысты балцы Хъобаны уæздæттæ...», «Наз» æмæ æнд.). Национ царды бындур - истори, æвзаг æмæ æгъдауы хъысмæт. Фарны хъуыддаджы æнæмæлæт («Æнусон»). Чиныг «Сагъадахъ» (1980) - æцæгдзинад æмæ идеалы ’хсæн быцæуы ноджы фæкарз. Аивады удсыгъдæггæнæн нысаниуæг («Цъайкъахæгæн», «Хæрзаг зæгъыс -ныууагътон æзмæзарæг...» æмæ æнд.). «Æхсæвы æртытæ» (1990) - поэты идейон-сфæлдыстадон агурæнты хатдзæг, «уайдзæфты чиныг» - рæстæджы ристæ æмæ ныфсæвæрæнты айдæн. Удон культурæйы хæзнатæ-национ æвзаг, фыдæлты æгъдау æмæ намысхъахъхъæнынмæ сидт («Мадæлон æвзаг», «Дыууадæс дзырды»). Артдзæсты фарн («Мады фарн», «Мæ зæрдæ хæхты - сахары мæ къуыдыр»), Æнусыккон æбузн æмæ æгъдаусæфты бæллæх («Дзæгъæлзад», «Агуыраг зарæг», «Дур» æмæ æнд.). Ирыстоны фидæныл катай. Историон кады лæгтæм фæдисы хъæры мидис æмæ нысан. Национ рохзæрдæйæ («Изæрмилты кувын»), цагъары психологийæ («Хъырымы таурæгъ») хи бахизыны фæдзæхст. Æндзыг заманы ирд характеристикæ («Тæрæм нæ бæлæгъ цады...», «Гал сахары уынджы» æмæ æнд.), йæ æрхуымæфтауæг фæстиуджытæ («Мæ иу хæларæй базыдтон мæ бон...», «Шакалы зарæг домбайы кадæн» æмæ æнд.). Рæстæджы дарддæры цыдæй æнæразы («Къæйных æнус - фыдзонд æмæ фыдуаг...»). Æхсæнады мидæг идейон-политикон, социалон-намысон ивддзинæдтæм ахаст æвдисæг æнæхицау науы символон фæлгонц («Сæрхъæнты науы сау фурды цæуын...» æмæ æнд.) Чиныг «Саст дзæнгæрæг» (2000) - æнусы кæрон æхсæнады тæссаг хуызивæнты равдыст («Æрцыдис ахæмрæстæг, ахæм...» æмæ æнд.). Фыдохы заман Ирыстоны арæнтæ æмæ национ сæрибарыл хъуыдытæ («Зыгъуыммæ дуне» æмæ æнд.). Ныры тугкалæн хæстыты темæ. Поэты рис æмæ катай Хуссар Ирыстоны хъысмæтыл 50
(«Лидзæгæи» æмæ æнд.). Патриотизм æмæ намысы идейæтæ. Поэт-куывдоны фæлгонц Шамилы сфæлдыстады. Табуйаг фæндиæгты мидис æмæ хъомыс адæмы царды («Хурмæ куывд», «Мæ куывд» æмæ æнд.). Поэт-рæстæвзарæджы хъысмæт («Æртæурс дуры Дзомагъæй æрхастон...», «Адæймаг», «Æзравзæрдтæн зæххыл, цæмæй...»). «Саст дзæнгæрæг» - сæфты фæндагыл æфтыд фарны нысан, йæ æмыр зæл - поэты зæрдæйы хъæрзын («Саст дзæнгæрæг»). Адæймаджы уæвынады æнусон контрасттæ («Зæронды бонты иунæг вæййы лæг...», «Æрцыди нæртон диссаг: хурæй...»). Намыс æмæ барæвзары фарст («Уыд Англисы бæгуылæг - Шеридан...»). Цардыхæсæй фыдæнхъæлы равг, саст æмæ фæсмоны мотивтæ («Сæфты дæсны», «Цард мæнæй æнæвгъау хъазы, - уæд цы кæнон?..», «Мæ гæрзтæ æвæрын...», «Уагуадзæн»). Уыцы иумæ хъысмæтимæ быцæуы («Дунескæнæгæн») хæрзном бавæрыны пафос («Сау барæг»). Æхсæнады кæцыдæр социалон фæзындтæм раздæры критикон ахаст æвæрццæгæй ивыны тенденци («Ызнон дæр ма цы дзæбæх уыдис цард...» æмæ æнд.). Трагикон æвæрæз уавæртæм цардуарзон мотивты ныхмæлæуд: Ирыстонæн кад æмæ ном скæнджыты рухс сурæттæ (цикл «Нæ цæугæ мæсгуытæ»); сфæлдыстадон, монон хæзнаты автономон дуне - поэты цардыхос æмæ удæнцой («Поэзи - ды фыдыуæзæг мæнæн...»); Уарзт æмæ Рæсугъддзинады царддæттæг тых («Куы адард вæййы уалдзæг, уæд йæ зæлтæ...», «Уынгты рацæуы чызг...», «Лыстæг сагъæстæйхæдзары тыхстæн...», «Сау стъалы», «Изæрон арвмылурс цинтæ ызгъалы...», «Дæ ном», æмæ æнд); æрдз æмæ адæймаджы хæстæгдзинад, йæ философон мидис («Авдæны зарæг назы талайæн», «Æрдзон симфони», «Цæф бæлас» «Уалдзыгон идилли», «Зæрватыкмæ» æмæ æнд.). Пейзажон этюдты хуызджынахорæнтæ, ассоциативон фæлгонцад («Æзирдгæдæн...», «Арвнæры...», «Кæрты цъиуты дзыгуырзарыд...»). Джыккайты Ш. курдиаты хицæнхуыз æууæлтæ æмæ сфæлдыстадон агурæнтæ («Тинты куывд», «Зæриндзыкку, зæрин хуры чызг, арвæй...» æмæ ин). Поэтикон афоризмтæ. Фæсномыг ныхас æмæ иронийы хуызтæ, мифологион мотивтæ æмæ символон фæлгонцады нысаниуæг йе сфæлдыстады. Джыккайты Ш. романтикон поэмæтæ æмæ балладæтæ. Вазыгджын психологион мидуавæрты равдыст, хъайтарты архайды драматизм, сæ сæруæлдай тох бæрзонд нысаны сæраппонд («Мад», «Нывгæнæджы мæлæт», «Мæсыгамайæг», «Намыс» æмæ æнд.). Историон драмæтæ. «Хъодыгонд зæд». Трагедийы мидис æмæ архайды афон. Патриотизм æмæ национ иудзинады идейæтæ. Фæрнджын фидæны домæн - тых æмæ зонды цæдис. Уацмысы проблематикæ (адæмон фæтæг æмæ æлдар- хицау; коммæгæс адæмы бардз æмæ сæрибар сæрыстыр адæймаджы психологи; кады мæлæт æмæ цагъары царды ’хсæн барæвзар æмæ а.д.). Йæ бирæкъабазджын конфликт: æддагон тыхгæнджытæ (тæтæр-монгол) æмæ мидызнæгтимæ ’тох, уарзондзинадимæбастколлизи(Борæхан-Зæринæ-Елберд).Социалонконтрасттæ 51
трагедийы. Уæййаг хицæуттæ æмæ динамонджыты æмудцзинад. Фæтæджы идеалон фæлгонц. Трагедийы æвзаг. Фольклорон-литературон реминисценциты бынат æмæ ахадындзинад. Уацмысы героикон-романтикон пафос, символон фæлгонцты аивадон функци. Йæ проблематикæйы нырыккондзинад. Поэтикон драмæйы традицитæ. Драмæ «Цомахъ». Сфæлдыстадон уæлтæмæн æмæ революцион сгуыхты темæ. Комеди «Санаты Сем» - ы фольклорон бындур. Юмор куыд адæймаджы амалджын æрхьуыды æмæ тыхджын удыхъæды характеристикæ; куыд вазыгджын историон уавæры нацийы цæрдхъомдзинадæн ирд æвдисæн. Джыккайты Ш. - тæлмацгæнæг (цикл «Æрфæны фæд») æмæ публицист. Йæ уацтæ æмæ раныхæсты (радио, телеуынынады) актуалондзинад æмæ ахсджиаг мидис. Национ историйы концепци. Цæугæ литературон процесс æмæ ирон литературæйы историйы фарстытæ Джыккайты Ш. иртасæн куыстыты. Ходы Камал (р. 1941) ’ 'Фыссæджы æхсæнадон куыст. Йе’ сфæлдыстадон рæзты къæпхæнтæ. Граж- дайнаг мотивтæ йæ поэзийы. Йæ чингуыты «дзураг» нæмттæ. Ирыстоны фарн æмæ сомбоныл катай. Рæстдзинад, намыс æмæ иудзинадмæ сидт. Куывд-фæдисыхъæр, куывд-æлгъыст æмæ куывд-арфæ. Адæймаджы фæрнæйдзаг æууæлтæ æмæ æлгъыст уды цыбæлтæ ныхмæвæрдæй. Хъæрон хъуыдыйæдты экспресси æмæ поэтикон хъомыс (цикл «Нарты кадджытæ кæсгæйæ», «Гаджидау», «Сæумæрайсомы арфæ»), фыды уæзæгыл æнувыд, Фыдыбæстæн фыртæн бæззын, йæ цин æмæ хъыгтæй цæрын («Ирыстоимæ», «Фыдыбæстæ»). Æрдзы рæсугъддзинады æнкъарæн. Æхсæвы кæлæнгæнæг æгуыппæгдзинад æмæ æвиппайды уынæрты зæлфыст («Быдираг хъæуы ритмтæ»). Рагон æмæ ныры тугкалæн хæстытæ. Рæстаг тохы уæлахизы темæ. Номдзыд фыдæлæн аргъ кæнын, аккаг фæдон ын басгуыхын («Аяантæ-иу сæ æрцыты...», «Рагон нырыккон зарæг», «Масты сахат»). Æмдугоны вазыгджын дунеæнкъарынад, йæ царды бæрзонддæр нысан - адæмæн лæггад кæнын. Зындзинæдты ныхмæ фидар лæууыны пафос («Къахвæндаг», «Ме ’мдугон», «Скъуыддзаг хъуыдытæ»). Æмгардзинады сусæг-æргом цины равг æмæ фидыц. Ирон фынджы фарн, ирон ныхасы мыртæ куыд национ мысæны «хъæлæс», ирондзинады равзæрæнты апп («Хуынды»). ’ Сфæлдыстады темæ Ходы К. лирикæйы. Поэты «æвзæрст» хъысмæт, йæ куысты цин æмæ хъизæмар («Саугуыст», «Поэты хъынцъым», «Поэт», «Ис 52
зондджынтæ...» æмæ æнд.), йæхицæй æнæразы («Мыртæ», «Вæййын æз гоби», «Фæсривады æмдзæвгæ»), Поэзийы нысаныл сагьæс («Поэзи», «Хæдзаргæнæг»), сфæлдыстадон уæлтæмæнады поэтикон фæлгонц («Сфæлдыстад»), ассоциативон уынынады хуызджын æмæ зæлджын дуне, авторы æнкъарæнтæ æмæ хъуыдыйы ивæнтæ. Царды фæтк æмæ мидисыл хъуыдытæ, рæстдзырды фарн æмæ намысы домæнтæ. Базырджын ныхæсты аивзæл æмæ ахадындзинад («Рæстдзырды сонет», «Номы сонет», «Дымгæ æмæ кард»). Адæймаг - æрдзы иу хай, сæ ныхмæвæрд бастдзинад («Денджызæй куы не ’рбаздæхы нау...», «Рагуалдзæгон этюд», «Фæсзымæг»). Æмдзæвгæ-этюдты аив ахорæнтæ. Æрдзы дунейы хуызджын равдыст. Лирикон хъайтар арв æмæ зæххы ’хсæн-тыгъдзæрдæйæ («Къæвда», «Быдираг хъхуы ритмтæ», «Хъæууон нывтæ». «Кæмдæр та мысынц мæн», «Мæ райгуырæн хъæу æхсæвы хъæбысы», «Æхсæв хохагхъæуы», «Иу æхсæв Стыркомы» æмæ æнд.). Æмдзæвгæ-равг («Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц...», «Сусæны мæй», «Горæтгæрон дачæйы» æмæ æнд.). Интимон лирикæйы мидис («Гуырысхо», «Тæссонд мæсыг», «Номарæн», «Æз федтон дæу», «Сырдтау зылдысты гаджидæуттæ фынгыл...», «Тæдзынджытæ тæдзгæ-тæдзыны сæлынц...», «Дæуыл æууæндын...», «Ма кæю>). Ходы Камал пароди æмæ миниатюрæйы дæсны. Йæ тæлмацтæ æфсымæрон адæмты поэзийæ. Йе сфæлдыстады хицæнхуыз фæлгонцад æмæ æууæлтæ. Агънаты Гæстæн (р. 1943) Фыссæджы сфæлдыстады райдайæн фæлтæр. Сатирæ æмæ юморы фæрæзтæ характеры ранывæсты (чиныг «Кæстæр чындз», 1968). Аивадон сгарæнтæ адæймаджы удыхъæд, йæ психологион мидуавæр æххæстдæр равдисыны сæраппонд. Уацау «Фæстаг бæх» - ы моралон-этикон проблематикæ. Ныхмæвæрд фæлгонцтæ (Хъуыдайнат - Миша). Персонажты удыхъæд æмæ психологион мидуавæр. Æрдз æмæ адæймаджы ’хсæн удхæстæгдзинады хъуыды. Уацмысы композицион арæзты хицæндзинæдтæ. Агънаты Г. сфæлдыстады ног фæлтæр 1970-æм азты. «Антигерой» æмæ йæ характеристикæйы хицæндзинæдтæ. Фыссæг æмæ йæ хъайтар, авторы цæстæнгас æмбæхст хуызы æвдисыны алыхуызон мадзæлттæ. Традици æмæ ногдзинад («Чындзæхсæвы размæ», 1971; «Æнæхуыр изæр», 1976; «Уазæгуаты», 1980; «Мæйы фæстаг бонтæ», 1984). Характерты рæзт æмæ ивддзинæдтæ рæстæджы контексты. Конфликттæ æмæ ситуацитæ. Психологизм. Хъæууон æмæ горæтаг царды кæрæдзийыл абарст. Мидмонологон прозæйы хицæндзинæдтæ Агънаты Г. сфæлдыстады: 53
- мидхъуыды куыд адæймаджы æцæг цæсгом æнæбары æргомгæнæг фæрæз (радзырдтæ «Бинонты маст», «Æнахуыр изæр», «Хистæр æфсымæр», «Тигъамайæг», «Чындзæхсæвы размæ» æмæ æнд.; уацау «Уазæгуаты»); - иу цауты фæдыл фæйнæхуызон цæстæнгасты æмиу куыд авторы позици бæрвырдгæнæн мадзал (уацау «Мæйы фæстаг бонтæ»). Æгъдаусæфты темæ æмæ йæ социалон-æхсæнадон аххосæгтæ. Роман-зæрдæргомгæнæн ныхас. «Фæстаг æхсæв». Уацмысы проблематикæ æмæ жанрон æууæлты ногдзинад. Æхсæнады социалон-намысон ныхмæдзыдты мидис. Романы сæйраг хъайтар - рæстдзинадыл тохгæнæг. Фæлгонцты ныхмæлæуд. Иунæгдзинады мотив. Уацмысы æддагон конфликты (бинонты ’хсæн хъаугъатæ) мидбастдзинад æндзыджы заманы социалон-намысон уагæвæрдты сæфтмæдзыд уавæримæ. Амонды проблемæ. «Цардыуаджы вирусы» нысаниуæг фæлтæрты бастдзинад халыны процессы. Цауты ранывæсты оригиналон композици, «мæнг диалогы» формæ. Ретроспекциты нысаниуæг архайды афон æмæ дæрддзæг рауæрæхдæр кæныны хъуыддаджы. Хæст æмæ æбузны, намыс æмæ уды сыгъдæгдзинады темæ. Романы къуыхцытæ, «лыстæг цаутæ» æмæ хъуыдыты мидызмæлды фæзилæнтæм æгæр лæмбынæг хъусдард. Роман «Йæ рухс ном» (1989). Бинонты цард æмæ æхсæнадон уавæр. Фæлтæрты ’хсæн вазыгджын ахастытæ. Дуджы æнæуд фæлгонц, йæ тасæфтауæг æууæлты хигъæдон равдыст. Удварны хæзнатæ æмæ материалон цыбæлты проблемæ. Уацмысы сæйраг хъайтары хъуыды æмæ æнкъарæнты эволюци, «цæстæйракасты» фыдæвзарæн. Фæлгонцы аивадон хæс æмæ нысаниуæг. Фæстаг азты фыст уацмысты проблематикæ æмæ аивадон æууæлтæ (чиныг «Дысоны фын», 2000). Хаджеты Таймураз (1945-1996) Хаджеты Таймуразы æгъуыстаг хъысмæт, йæ поэтикон хицæнхуыз хъæлæс. Къонайы фарн æмæ тугхæстæгдзинады ахадын лирикон геройы удварны рæзтыл. Хæххон царды поэтикон нывтæ («Авдæны зарæг», «Мад æмæ фыд», «Мит уары ног, Гыцци!..», «Дымгæ рыг-митæй æвдулы нæ къæс...»). Мад æмæ хъæбулы уаз иудзинад («Зæрдæ æмбæхсту..,», «Фын», «Изæрыгон»), Райгуырæн къуым - суинаг поэты хуызджын уынынады авдæн, рухс бæллицты гуырæн. Лирикон герой - фыдæлты намысы æнувыд фæдон. («Ир - мæ ныййарæг,..», «Уалдзæг хæхты», «Мæ рох къуым»). Адæймаджы уæвынады мидис, хъуынафтауæг, иударон цардимæ цæхгæр æнæразы («Уайдзæф»). Æнафоны мæлæты разуынд; поэтикон хихарактеристикæ, æрхуым æмæ иронион интонациты æмиу («Хъысмæтмæ», «Æз куы амæлон...», «Фæззæджы бонтæ»). Царды фарнхæссæг æууæлтæ поэты нымадæй: фыдыбæстæ уарзын, йæ 54
сæраппонд мæлæтмæ цæуын («Æз мæ зæрдæйы дуарыл иыффыстои...», «Къуыдаргомы зарæг Хазбийыл»), дзыллæты ’хсæн - сæрибар, хæлар ахаст æмæ иудзинад, сабыр цард æмæ æнæхæрам фæллой, сфæлдыстадон уаг æмæ рæстады фæтк («Сæрибар», «Прометей»). Фыдызæххы хæстон ностæ хи буарыл æнкъарыны зондахаст. Артæндзарæг ног тыхтæм тызмæг æртхъирæн. Ивгъуыд, абон æмæ фидæны æмбастдзинады, бæрнондзинады идейæ («Рухс изæр», «Фынфенæгау»), Рагфæдзæхсты хуызы контрастон ныв - сомбоны хъæстæскъуыды кæуинаг уавæр («Хъарæджы зарæг», «Мæлæтмæ»). Поэт æмæ Рæстæг. Гуманизмы («Мæи сыидæггай цæуын фæиды, сабыр, иæ зæххыл...»), фыдæлты номæй аргьуц кæныны («Кæмæндæрты»), рæстдзинад дзурыны («Иуиæгдзинад») идейæтæ. Хорзæх æмæ фыдæхы æмбарынад. Поэзи - «фыддон-фьщдуджы» заманы ныфсы æмæ цардуарзыны суадон («Æлгъыст», «Ныфс»). Мадæлон æвзаг - дунеон историйы ахсджиаг къабаз, йæ функцитæ рæстæгимæ бастæй («Ме ’взаг»). Сфæлдыстады темæ. Аивадон æвæлхатты, хи хъарутæн аргъ кæныны пафос («Ныстуаи Теркмæ»). Поэтикон уæлтæмæны бæрзонд стæхæнтæ æмæ фæсхъизæмар («Фæсривад»). Лирикон геройы ахсджиаг фæндиаг - дзырды фарн ссарын, адæмы зæрдæмæ фæндаг айгæрдын («Дæ цæст куы ’рхæца ме ’мдзæвгæтыл искæд...», «Дзырды фари»). Зарæджы æнусон цард («Калоты Хазбийы фыстæджытæ кæсгæйæ...»). Æрдз æмæ адæймаг, æрдзон царды философи («Хæрзбоиы уысм», «Зæроид лæджы иыхас йæ бииойиагимæ», «Тореадор», «Хъæдласæи æфцæгыл», «Хосласæджы зарæг»). Æнкъарæнты бирæзæлон дуне Хаджеты Т. сфæлдыстады. Юморæмхæццæ зæлтæ («Æз ысныв кæнин дæу...»). Мыггагмæ иузæрдиондзинады рухс («Æнхъæлмæ-иу кæс...»). Æнæдзуапп уарзты хъизæмар æмæ къæмдзæстыг æхсызгондзинад («Раздæх»). Ивгъуыд уарзты æнæбайсысгæ хъомыс («Мæ цардæй раджы ацыдтæ...», «Дæурс къухты сарæй кæуы пианиио...», «Зымæгои зарæг», «Цымæ ныр та кæй аргъуаны зæд дæ?...») æмæ рис («Дæ ацыд»), фæхицæны фæсмойнаг мотивтæ. «Фæстиат» фембæлды нæфæтчиаг амонд («Горæт аныгъуылд мигъы...»). Уарзт æмæ сфæлдыстадон уæлтæмæн; хæхбæстæ - удсыгъдæггæнæн ран, уарзтæн ногтых дæттæг («Уарзонмæ»), уарзт æмæ мæлæт («Нæ уарзтай мæн, фæлæмæндæ!..», «Фæдзæхст»). Хаджеты Таймуразы хигъæдон фæлгонцад, йæ лирикон геройы æрдзон æууæлтæ (хивæнд, нæрæмон, сæрыстыр æмæ æргомдзырд, фæлæ арф æнкъараг, æууæнкджын зæрдæйы хицау). 55
3. «Универсалон реализм» Цæрукъаты Алыксандр (1918-2000) Цæрукъаты Алыксандры цардвæндаг. Сфæлдыстадон фыццаг къахдзæфтæ. Официалон эстетикæйы домæнтыл фыст æмдзæвгæтæ. Радон темæтыл уæлæнгай, æнæуд лозунгон ныхас. Уыимæ иумæ райгуырæн æрдз, куысты поэзи æмæ æрыгон уарзты хæдбындур поэтикон равдыст («Æмдзæвгæтæ», 1948; «Сæууон зарджытæ», 1952). Чиныг «Арвæрдын» - ы (1959) идейон-аивадон мидис æмæ ногдзинад, йæ бирæзæлон æмæ хуызджын дуне. Сабидуджы зæрдæисгæ фæлгонц. Арф хъуыды æмæ зæрдæбын æнкъарæны æмиу. Нæ рагфыдæлты историйы цæстуынгæ нывтæ æмæ æмдугоны вазыгджын хъысмæт. Цард æмæ мæлæты философи. Чиныг «Царды авдæн» (1965) - лирикон хъайтар æмæ рæстæджы биографи. Фæлтæрты иудзинады темæ. Аивады кæлæнгæнæг тых æмæ удбæрзондгæнæн нысаниуæг. Чиныг «Цыма лæууын æз кувæндоны раз» (1968) -царды мидконтрасттæ æмæ лæджы зонд æмæ зæрдæйы хъуырдухæн. Поэт æмæ поэзийы нысан æмæ хæстыл сагъæс. Чиныг «Зæрдæйы фæндæтæ» (1984), «Æвзистсыг къæвдатæ» (1988) - поэты философон фæлгонцады дарддæры райрæзт. Мадæлон дзырд æмæ национ удварны фарстытæ. Зæххон лæджы космикон сурæт æмæ йæ уымæй аразгæ ныхмæдзыд удысконд. Цæрукъаты А. поэзийы аивадон æууæлтæ æмæ сæйраг мотивтæ. Граждайнаг лирикæ. Адæймаг æмæ Фыдыбæстæйы æнæхæлгæ бастдзинад. Райгуырæн зæхх - хъару æмæ лæгдзинады, сфæлдыстадон уæлтæмæны суадон («Гъеуæдæй куы зонын, Фыдыбæстæ, дæу!», «Фыццаг зарæг», «Цымæ мын цы дзуры, цымæмын цы зæгъы...», «Райгуырæн къона» æмæ æнд.). Æвзонгады мысинæгтæ. Æрдзимæ иудзинад («Бæлас», «Мæнæуы кæрддзыджы...», «Хуымгæнæджы зарæг...» æмæ æнд.). Ныййарæджы фæлгонц æмæ фæлтæрты бастдзинады темæ. Поэты сагъæстæ адæймаджы царды нысан æмæ фидæныл («Цымæ дын цы ран и зæххы хай уæлмæрдæн...», «Ныхас авдæны сывæллонимæ» æмæ æнд.). Æрдзы удæгас ныв-фæлгонц. Зын рæстæджы адæймагыл йæ хæрзаудæн. Æмдзæвгæ-этюд, æмдзæвгæ-равг. Фыссæджы ирд фæлгонцджын уынынад, аивадон мадзæлттæ («Гимн хъилхъæдурæн», «Æхсæвы этюд», «Рагсæууон», «Æхсæвы фæгфырдзагъд», æмæ æнд.). Адæймаг æмæ йе ’рдзон «къаннæг æфсымæрты» темæ («Горæтаг идилли», «Зымæгон цъиутæ», «Къаннæджытæ»). Уарзты хъомыс - сфæлдыстадон уæлмонцы гуырæн. Интимон лирикæйы мидрæзт æмæ ивддзинæдтæ адæймаджы каримæ бастæй: æвзонгады æнкъарæнтæ, 56
ивгьуыд уарзты «æрвхуыз æнкъарддзинад», æрæджиау уарзты царддæттæг тых («Ацы къахвæндаг фестæд хуры тыи...», «Рох симфони», «Нывналы донмæ бæрз...», «Æрбалæст мæйрухс рудзынгыл...», «Фæстаг сонет», «Æрвгæлæн...», «Тæнæг мылаз сæумæйы рухсмæ тади...» æмæ æнд.). Лирикон геройы уæздан æмæ арф æнкъарæнтæ, хъæздыг поэтикон уынынад. Уарзты бæрзонд идеалмæ баххæссыны бæллиц. Сфæлдыстадон куысты ахадындзинад æмæ нысаниуæг. Поэты арф æмæ вазыгджын уды сконд («Мæ кувæндоны къæсæрыл» æмæ æнд.), йæхицæй æнæразы («Зын у мæнæн»). Сфæлдыстадон уæлтæмæнады хьизæмар æмæ цин («Сфæлдыстад», «Удфæлгъауæн», «Сонет Джыккайты Шамилы сонетæн»), поэзийы æнæмæлæт («Сылгоймаг æмæ поэт»). Ирыстоны монон культурæйы цыртдзæвæнтæ («Поэт», «Б. Т М.» æмæ æнд.) æмæ дунеон аивады темæ. Ногрæзты (Ренессансы) дуджы титантæ æмæ авторы идеал. Сонетты сæйраг хьуыды - гуманизм, генион æрмдзæфы æнусон ахадындзинад («Шекспирæн», «Микеланджело» æмæ æнд). Адæймаг æмæ Дунейы концепци. Зæххон лæджы ныхмæдзыд удысконд, йæ ныфс æмæ хьару, зонд æмæ зæрдæйы æгæрондзинад («Цæргæс нæ хæхты сæрмæ -зилаг...», «Цæнгæтуафс хæдбынты...», «Гераклиты æндæрг», «Дунейы змæлд» æмæ æнд.). Царды нысаныл, æрдзы уæвынады хуызтыл сагъæс («Рифмæтæ æнусон æцæгдзинæдтыл», «Бæласæй хауд сыфтæртау мæйтæ...», «Фæфæнды мæн», «Уалдзæг базмæлыд, æвналы...» æмæ æнд.). Поэт æмæ рæстæджы ивæнтæ («Мæн цалхы иу хайыл нымадтой...», «Мæхи æнахуырхуызы федтон...», «Геракл», «Мæ бæлас» æмæ æнд.). Ирыстоны хъысмæт фæсрацарæзты змæст дуджы («Терчы уылæнтæ»), гадзрахатдзинад æмæ фыдæхы («Ос-Бæгъатыры æхсæв», «Мæ дæлимон»), фæстаг фысымуаты темæ («Зæрднд куыдз», «Харон» æмæ æнд.). Цæрукъаты Алыксандры прозæ. Рæстæджы ныхмæдзыдтæ æмæ хъайтарты миддуне. Сывæллæттæн фыст уацмысты мидис æмæ хъомыладон нысаниуæг. Тæлмацтæ А. Барто, К. Чуковский, Дж. Родарийæ; Пушкины «Полтавæ», хьалмыхъхъы эпос «Джангар». Фыссæджы сфæлдыстадон æндæвдад æмæ хъомыс нырыккон ирон дзырдаивады рæзты. Джусойты Нафи (р. 1925) Нафийы сфæлдыстадон æмæ зонадон куыст, йæ бирæкъабазджын курдиат: поэт, прозаик, дæсны тæлмацгæнæг æмæ публицист, зындгонд критик æмæ литературæиртасæг. Фыццаг поэтикон фæлтæрæнтæ. Чиныг «Салдаты зæрдæ» (1949) - йы 57
тематикæ: хæстон æфсымæрдзинад, æрвылбоны удхар, салдаты царды чысыл цинтæ, тугныккалды нывтæ, мæлæты уазал комулæфт. 1950-æм азты дыккаг æмбис - сфæлдыстадон лæджы кары афон, Фииосон- цардуагон фарстытæм æргомраздæхт. Нывгæнæджы национ æмæ историон минæварадыл сагъæс («Ирыстоны сагъæстæ», 1959); царды нысаны равзæрст, йæ бæрны уæз. Райгуырæн зæххы тавс æмæ æвидигæ фарн («Лирикæ», 1955; «Æз райгуырдтæн хохы», 1960). Æмдугоны сурæт, йæ дуненкъарынады арæнты рауæрæх. Стыр Мæскуы æмæ чысыл Ирыстоны, традици æмæ абоны бастдзинады темæ. Фæллойы рухс æмæ адæймаджы удыхъæд («Зын кары», 1962, «Æнæном чиныг», 1967). Национ уидæгты, къонайы темæ; ныййарæг мады -зæххыл фарн, рæвдыд æмæ æууæнк æфтауæджы - зæрдæмæхъаргæ сурæт («Сабыр ныхæстæ» 1973). Цард, адæймаг æмæ аивады концепци; хæст æмæ фидыды мотивтæ («Изæры рухс», 1987). Темæйы ног фæзилæнтæ. Фæстаг азты сфæлдыстадон агурæнтæ. «Хæрзбон, ссæдзæм æнус!» (2007) - поэтикон хатдзæгты чиныг. Рæстæг æмæ адæймаджы æмахастытæ. Царды мидисыл ас лæджы сагъæс (циклтæ «Æгъуыссæг æхсæвты чиныг», «Зæры бонты катай» æмæ æнд.). Нафийы лирикæйы ахсджиаг фарстытæ. Цард æмæ мæлæт («Мæлæты фос у лсег...», «Ныхас гакк-гукмæ» «Цъуйы тала», «Мсе фыды ингæи», «Хъайсыны фæстаг хъыг»)\ царды хæзнатæ æмæ фидæныл хъуыдытæ («Скифты хæзнатæ», «Æнусон фарст»), Амонды формулæ («Амонд»). Национ сæрыстыры, патриотизмы идейæ («Бола» æмæ æнд.). Поэт æмæ рæстæг («Ныстуан Рæстдзинады съездмæ»), Хицаудзинады метаморфозæ («Сагъæс хщау лæгыл»). Хъуыддаджы ныхас æмæ фырдзырд, «дзырд-сайæгойы» фæлгонц («Катай» æмæ æнд.). Коммунистон идеалтыл æнувыддзинад («Ленин»). Адæймаджы сконд æмæ хи мæнгæнхъæлцытæй æнæразы («Гакк-гукк», «Æртхъирæн»), æмрæстæджæйы «царды рухсыл» æууæндыны зæлтæ («Чи байтыгъта Чырыстийы?», «Риссы мæхъуыды», «Ныхас Елбыздыхъоимæ»). Ног дуг æмæ «ног адæм» («Иронвæндаг», «Хæрзбон, ссæдзæм æнус!»). Ныры хæсты æгъатырдзинад (цикл «Нæмыгдзæф æхсæвтæ», «Царды сæфт», «Сабииы куывд хурмх», «Дыдзы рухс»», «Сау æхсæв», «Царды уæз»), йæ фæстиуджытыл сагъæс («Сагъæс («Цæ миднымæр тыхсын...»), ныфсы зæлтæ («Бузныг, ирон дзырд!»). Тыхы Дунейы Ирыстон æмæ раздæры Цæдисы хъысмæт («Æгомыг къæвда», Хъæдхой»), хæрам зонды бæрджытæ («Зæрдæйы маст», «Ныхас Хъайсынмæ»). Арфæйаг фидыды идейæ («Дыууæ хивæнды»). Куыст - ирвæзыны хос, фидæнæрцыды æнæмæнг домæн («Ныстуан Ирмæ»). Æвзонгады удджын фæлгонц. Райгуырæн къуым - удварны гуырæн («Фыды *æдзар», «Изæры рухс («Зæронд лæгау фæдæн рæувынæй...»), цикл «Ногæй Къуыдары»)\ поэт æмæ хæхты æхсæн бастдзинад («Хæхтæ - мæ авдæн»); афтид уæзæджы æнкъарæн («Æдзæрæг бæстæ», «Халон тæрсыл», «Афтидуæзæг»). 58
Зæры бонты уаг, кары быцæу («Зæронд лæджы хьаст», «Ныстуан», «Мыды къуск-цард», «Фæззыгонэтюд», «Зæронды хъынцъым», «Хуымæтæджы сагъæс», «Зæронды фæстаг сагъæс»)\ хиимæ ныфсæвæрæн ныхас-фæдзæхстытæ («Æз нал тыхсын...»). Стыр æмæ чысылы æмбарынад; лæгдзинад æмæ намысы, сæры кады идейæ, хи фæндæгтыл цæуын æмæ зындзинæдтыл уæлахизы пафос, иунæджы равг («Хохаг доны зарæг»); рæдыд фæндаджы фæстиуджытæ («Мæгуыр лæппуйы зарæг»). Сфæлдыстады темæ («Дзырдæфсад»). Поэты зæрдæ («Булæмæргъ кæд зары...», «Æрхуымы бæлас») æмæ зарæг, йæ куысты бæрн («Мæ рагон хæлар Гафезмæ», «Зарæгхæхты æмырæй», «Зарæджы хъизæмар (Темырболаты чиныг», «Чысыл бын фæстагæттæн», «Лæппуйы куывд», «Зары Хъайсын») æмæ хæстæ («Фæстаг зонд»\ йæ бæллицтæ æмæ фæндиæгтæ («Хъыджы быдыр», «Нæртон фæндиаг»\ йæ уды гæнæнтæ («Иссæйы цырт æмæ къæвда»\ йæ удвæллойы нæхъæуынады æнкъарæн («Миднымæр сагъæс»). Поэт æмæ йæ чиныгкæсæг («Ныфсæй цæры лæг...»). Дунейы хъысмæтыл сагъæс («Аргъау»), Литературон реминисценцитæ: «æрра» æмæ «æдзонды» («Æрра фыййау»), мæгуыр æмæ исджыны («Мæгуыры зæрдæ», «Мæгуыры зарæг») философи. Уарзты темæйы аспекттæ: цæрæнбонтæм иузæрдиондзинад («Æз дæ зæрдæмæ баст дæн...», «Æгомыг фарст»)\ уарзт-мысинаг, предметон дуне æмæ лирикон геройы сагъæсы персонификаци - зæрдæйы хъæдгæмттæ равдисыны фæрæз («Абхазаг изæр», «Æгомыг ныхæстæ»), æнæдзуапп уарзты бузныгад («Фæстаг арфæ»), Зæры бонты цардæмбалыл æнувыддзинад æмæ нымд сагъæс («Арфæйы бæсты»\ бинонты ахастыты иерархийыл юморимæ («Зæронд лæджы маст»). Фольклорон фæлгонцад саби («Авдæны зарæг») æмæ ныййарæджы сурæтнывæсты. Мад - хъæбулæн царды ныфс æмæ æнцой. Перифраз куыд сæ удбастдзинадыл дзурæг мадзал («Иунæджы сагъæс», «Дзьпщамæ мын чи бадзурдзæни?», «Æгомыг хъарæг»). Æмгар-æфсымæрдзинад («цикл «Поэты хъысмæт» - æй: «Фыстæг Мæскуыйы рынчындонмæ», «Хъайсыны фæстаг бон», «Зæйласт» æмæ æнд.), зæрдылдарыны («Æмгармысæн», «Денджызы был», «Хъайсыны къахвæндаг - мæйвæнддг»), гуманизмы, хатыры мотив («Уайдзæф»). Номарæн æмдзæвгæты проблематикæ («Нигер Нары, дæлвæндаг», «Сагъæс Калоты Хазбийыл», Грисы цырты раз», «Æнусон бьщæу», «Кафаг чызджы монолог» æмæ æнд.). Æрдз æмæ адæймаг: æрдз нывгæнæджы цæстæй («Сæрдыгон идилли», «Бур цъырцъыраг», «Æгомыг сагъæс», «Халон тæрсыл», «Уалдзæджы бæрджытæ»)\ æрдзыл аудыны хъуыды («Æгъæдзар мыст»)\ æрдз æмæ поэты зæрдæйы уаг («Фæззæг хохы»)\ æрдзы фæзындтæ куыд адæймаджы мидис æмæ цардвæткыл хъынцъымы æфсон («Къæвда бонтæ», «Тала х\ъуй», «Цæссыджы таурæгъ»). 59
Æмдзæвгæ-этюд («Фæззыгон æхсæв Уналы»). Æмдзæвгæ-равг («Фæззыгон æрхуым», «Сабыр», «Фæззыгон хъынцъым»). Национ колорит фыссæджы поэзийы. Йæ фæлгонцады зæххон арæнтæ æмæ иумæйаггонд философон ахаст; хьуыды æмæ æнкъарæны æмиуад. Джусойты Нафийы прозæ. Историон темæ фыссæджы сфæлдыстады. Роман «Фыдæлты туг» (1965). Йæ мидис æмæ проблематикæ, йæ историон бындур. Характер æмæ цауты бастдзинад. Конфликты хицæндзинæдтæ: историон-социалон ныхмæлæуд æмæ мыггагон быцæутæ. Национ иудзинады темæ сюжеты рацарæзты. Адæм - романы сæйраг хьайтар. Ака æмæ Бегайы фæлгонцтæ. Фæсивæды минæвæрттæ. Сабыр царды нывтæ. Æгъдау æмæ фæллойы нысаниуæг. Уарзт æмæ хæст: лирикон æмæ эпикон райдайæнты æмиудзинад. Романы композицион нывæст. Ахæстонæй атæхæг зарæг æмæ «фыдæлты туг» - ы метафорæ куыд национ зæрдылдарæны «хъæлæс». Фыссæджы аиадон мадзæлттæ. Джусойты Н. дилоги (уацау «Цардивæны)), 1959; роман «Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн...», 1970). Историон-революцион цауты мидæг адæмы архайды ног фæзилæнтæ. Аивадон стереотипты сæрты ахизыны фæнд. Бардзин - революцийы Сыгъдæгдзинадæн табугæнæг. Адæмон характеры концепци. Романы сæйраг æмæ микроконфликттæ, йæ гуманистон пафос. Хицаудзинады бæрн æмæ арæнтыл сагъæс. Уацмысы тæлывæрд композици. «Уидæгтæм раздæхты» темæ Джусойты Н. уацауты (чиныг «Адæймаджы мæлæтъ). Адæмон намысон-этикон идеалы миниуджытæ персонажты удыхъæды (Уырызмæг, Батуйы чызг, Иман). Уырызмæджы фæлгонц: хуымæтæг лæг æмæ эпикон хъайтар. Мæлæты æмгъуыд зоныны мотив уацау «Адæймаджы мæлæт» - ы. Æрдзмæ ахаст - лæджы удварны барæн. Лиризм æмæ юмор куыд авторы цардæнкъарынады æууæлтæ (уацаутæ «Зарæг дыууæ хъæлæсæй», «Æгас цу, хур!»). Мидмонолог - характер æргомгæнæг фæрæз. Æнусон темæты, фыссæджы философон-эстетикон хьуыдыты бастдзинад актуалон социалон фарстытимæ (роман «Залты мит», 1982). Рухс идеалтыл иузæрдыджы æмæ удсыгъдæггæнæг фæсмоны темæ. Фæлтæрты иудзинады фæтк: мыггагон, социалон æмæ æрдзон райдайæнты æмбаст. Адæмы царды рæсугъддзинад æмæ рæстдзинады синтезы идейæ. Роман «Сырдоны цæссыгты)) (1-аг чиныг- 1979, 2-аг чиныг- 1995) мифон- эпикон бындур æмæ нырыккон проблематикæ. Нæртон æхсæнады концепци уацмысы æмæ йæ критиктæм. Романы алыварс литературон дискусситæ. Дунейы сконды ныв - авторы хъуыды æргомгæнæг фæрæз. Фæлгонцты оппозици - хорз æмæ фыды ’хсæн æнусон тохы символ, сæ иумæйаггонд нысаниуæг: Сатана-мæнг фарнхæссæг, Сослан -искæй къухы «марæн кард», Хæмыц- æрдон монцты фыдæй нæртон номы сфæлахс. Уырызмæджы фæлгонцы æхсæйнаг уавæр. Тыхджын удгоймаджы трагеди: мæнг идеалтыл бахардз цард. Сырдон - сабырдзинад æмæ фæллойы зæххон бардуаг. Трагикон характеры эволюци. Факттæй пайда кæныны 60
логикæ. Сырдон æмæ Сагсур: рæстдзинадыл диалог. «Сидзæры» темæ (Сырдон, Сагсур, Батрадз). Гæтæджы фæлгонцы аивадон функци. Персонажты æмахастытæ авторы идеалимæ. Джусойты Н. прозæйы поэтикæ. Цауты драматизмы фидыцджын æмиу таурæгъкæнынады æнæтындзгæ хъуыдыджын интонациимæ. Композицийыл биноныг бакуыст æмæ финалы бирæнысаниуæгон азæлд. Психологизмы фæра^зтæ. Фыссæджы драмон уацмыстæ. Публицистон уацты концептуалон концептуалон уаг Ирыстон æмæ Уæрæсейы историон фæндæгтыл ныхасы. Национ иудзинадмæ, фыдæлты удварн æмæ культурæйы хæзнатæ бахъахъхъæнынмæ катайаг сидты хъæлæс. Джусойты Нафийы егъау бавæрæн ирон филологийы алы къабæзты. Булкъаты Михал (1928-1993) Фыссæджы хъысмæты драматизм, йæ цардвæндаджы фæлтæртæ. 1960-æм азты 1-аг æмбисы фыст радзырдтæ: хи фæндаг агурыны фæлтæрæнтæ («Иу цæссыг», «Нæмыгдзæф фæидыр»). «Трактор æмæ гутоны зарæг» - цардимæ æмдзугæнæг фæллойы симфони. Рæстæджы размæцыд æййафыны пафос. Радзырдты чиныг «Удæгас обелиск» (1964). Йæ жанрон бирæхуыз. Характертæ. Структурæ. Автор æмæ йæ хъайтар. Таурæгъкæнынады хицæндзинæдтæ. 1970-1980-æм азтæ. Ивгъуыды темæйыл æнувыддзинад. Адæмы социалон- историон æмæ национ царды карздæр этаптæм хъусдард. Уды «бæрзонд стæхæнтæ æмæ ныллæг æрхауæнты» лæмбынæг анализ. «Историон зæрдылдарды» æмæ фидæны рæсттæрхоны темæйы аспекттæ йе сфæлдыстады. Рæстæджыты бастдзинады идейæ. Роман «Теркæй Туркмæ» (1970-1979) - йы конфликт æмæ ныхмæвæрд фæлгонцтæ (Куындыхаты Муссæ - Мамсыраты Темырболат). Кард æмæ фæндыры традицион темæйы райхæлд æмæ ног нысаниуæг. Легендæ æмæ истори, документ æмæ аивадон æрхъуыды. Кавказаг адæмты хæлардзинады темæ, иумæйаг знаджы ныхмæ тохы равдыст. Роман «Дæ фыдæлтæ-рухсаг!..» (1982)-ы аивадон идейæ æмæ проблематикæ. Героикон характертæ æмæ тызмæг цауты æмиу. Азхынцæджы фæлгонцы философон нысаниуæг. Фæтæджы бæрн æмæ йæ хæс адæмы раз. Историон æмæ фольклорон æрмæджы бынат уацмысы. Детективон-аргъауон моменттæ сюжеты рацарæзты. Сæргонды символон азæлд. Роман «Нарты Сосланы æвдæм балц» (1988) - ы мифоэпикон бындур. Фольклорон æрмæджы хигъæдон рацарæзт. Хорз æмæ фыды ’хсæн æнусон тохы хуызивдтытæ. Зонд æмæ хъуыдыйы, туг-стæг зоныны нысаниуæг. Рæстæг æмæ Тыгъдады оригиналон концепци. «Æртыккаг дунейы» антигуманон мидис. 61
Антиутопийы элементтæ уацмысы. Йæ проблематикæйы нырыккондзинад. Æрдзмæ ахаст, монон уидæгтæ, мадæлон æвзаджы хъысмæт, историон рохзæрдæ æмæ æнд. фарстытæ. Дунеон литературæйы фæлтæрддзинады нысаниуæг (Е. Замятин, Дж. Оруэлл, 0. Хаксли). Булкъаты М. аивадон дунейы иумæйаг æууæлтæ. Йе сфæлдыстады философон- эстетикон, «экзистенциалон» проблематикæйы æмиу карз социалон фарстытимæ. Хуыгаты Сергей (р. 1933) Хуыгаты Сергейы æрмдзæфы сæрмагонд æууæлтæ. Йæ поэтикон æмбырдгæндты (иумæйаг æмб. «Бонвæрнон», 1962); «Мæ сыхæгты номæй», 1968; «Фæндаджы мæт», 1976; «Хуры рæгъ», 2008) сæйраг мотивтæ æмæ аивадон фæлгонцад. Хъæууон царды нывтæ («Хъæуккаг фын» æмæ æнд.); æвзонгады фæлгонц («0, сымах, мæрагбонтæ...», «Сабибонтæ сонт æмæ фыдуаг ысты...», «Ме стыр цинмæмхуры тынауразынди...», «Бирæхидтыл ахызтæн æз, бирæ...»), автобиографион рæнхъытæ («Мæ къухтæ», «Уыдтæн ма къаннæг сабиуæд...»). Ныййарæджы фарн, фæлтæрты бастдзинад («Скъолайы раз», «Мæ фыды лæдзæг», «Фыдæлты зарæг»). Хъæу æмæ сахар («Уарзын хъæу...» æмæ æнд.). Æрдз æмæ адæймаг («Жз федтон: машинжйы бастжй...», «Жхсжв хъжуыл раулжфыд комжй...», «БшаСъ æмæ æнд.). Æмдзæвгæ-этюд («Хæрзаг-иу райсом...», «Трамвайы», «Хосгæрдæн». Фыдызжхх, Иры жгъдау жмæ фарн, йæ историон хъысмæт («Хжхтжм», «Хæхты» æмæ æнд./ Ирыстонæн ныфсæвæрæн арфæ («Цæр, мæ Ир») Уарзт - уæлтæмæнады, рухс бæллицты гуырæн («Чи зоны та ауылты цжудзынж...», «Мæсæнтты ’рдуз», «Дæмидбылхудтæйдзуарæфтыдфæдæн...», ныфс æмæ уæлмонц хъару дæттæг («Дæ мидбылхудт», «Æхсæвы» æмæ æнд.); уарзты æнæхуысгæ рухс («Нæ мæравдæлд мæхимæ дæр, дæумæ дæр...», «Зæронд куырой» æмæ æнд./ Уарзтыл фæсмонгонд, æрхæндæгæй («Ды фжцыдтж...», «Авайраг чызг», «Мах лжууыдыстжм тигъыл, нж ржзты...», «Къонвертжн ма ауыдтон йж тигъ...», «Уарзондзинад» (Балладж), «Ды-иу зылдтж нж алывжрсты дард...», «Дон ызгъоры хиды бынты, абухгж...»; «Жз мж балцы ’нафоны фжраст джн...») æмæ хъазгæмхасæнтæй («Уарзты хадзы». Æууæнк æмæ дызæрдыджы темæ («Не ’ууæндын, цæуыл не ’ууæндын, ууыл...». Рæстæджы сатирикон бæрджытæ: хъуыддаджы бæсты хус дзæнгæда («Низ», «Гæххæтт», «Иутæ æмæ иннæтæ», «Публщистон æмдзæвгæ», «Демократи», «Бандæттæ» æмæ æнд.), æмдугоны хъæнтæ («Ныффыс ыл судзгæ эпиграммæ». Знон - абон - фидæн («0, фыдæлтæ, уайут та мæ цæстыл...», «Балладæ сыджытымурыл...», «Бадынц зæрæдтæ», «Нæ ирон цард»), Хæсты темæ («Зынгхуыст хъжбултж», «Мад», «Балладж мж сыхжгтыл»); 62
заржг-хъаржг («Чызг бадтиуаты...»); поэт- сабырдзинад æмæ æнæхæрам царды апологет («Фарн а зæххыл» (1980). Поэты зæрдæйы цавд æмæ æхсæнадон царды динамизм («Æз дæн зæрдæ»), йæ куывд æмæ бæллын («Дун-дунейыл их-къæвдатæуарыд...», «Ракæс, хур!»); йæ уды катай æмæ контрасттæ, хихарактеристикæ («Кæд-иу мын зарай, уæд æрмæст - дæ циныл...», «Цы дæм кæсон?..», «Гъеныр, гъе, мæнæ...», «Æз тыхсын» æмæ æнд,), аджмжн лжггад кжныны идейж («Кжны изжр...»). Поэт æмæ адæмы бардзы фæйнæхуызон ныхыфыст æмæ нысантæ («Царды æдде...»). Къоста - поэты удгоймагон æмæ сфæлдыстадон идеал, Ирыстоны цырагъдар, йæ хъысмæтыл ын сагъæс («Цæгатаг фын», «Къоста». Поэты царды нысан, йæ æмбæстагон позици («Уæдæ лæгыл цæй бирæхæстæ ис...»). Хъысмæтыл хъуыдытæ, адæймаджы бæрзонд ном («Зæронд рæмыхстытæ фæндагыл...» æмæ æнд.); кад æмæ æгад, хицаудзинады бæрн æмæ цыбæлтæ («Бандæттæ»; фæстаг азты фыст æмдзæвгæты философон мидуаг æмæ æнкъард юмор («Цæрæнбонты дæллаг галы куыст кæ...», «Царды æдде» æмæ æнд.). Адæмты хæлардзинады темæ («Æмæуыдзысты Дунетæ æмвынг...»). Фыссæджы прозæ. Хуыгаты Сергей - цыбыр радзырды дæсны. Хæстон сабидуджы фæлгонц йæ радзырдты. Мады фыдæбон, ас адæмы аудын сидзæр лæппуйыл («Кæрдзыны къæбæр»), æнæхъуаджы дауты уæз æмæ рис («Хъарм дзулы тæф»), сайд æууæнк æмæ йæ фæстиуджытæ («Уазалсуадон». Уæнгты тых æмæ ахуыры нысаниуæг («Мит»), Адæймагыл аудыны фарн æмæ бузныгады темæ. Психологион æрхаххы нысаниуæг («Сылгоймæгтæ», «Цæсты хос» æмæ æнд.); æбузн æмæ рог царды азар («Мæ дзæбæх чызг»). Царды философи, бындурон хæсы æмбарынад («Хохаг хъæуы»), Адæймаг æмæ æрдз («Фыййæуттæ», «Зокъотæ», «Цæдты комы»). «Хъæууон изæрты» поэтикон фæлгонц æмæ царды драматизм («Урс изæртæ», «Бæрзбыйнаг изæртæ», «Рæуæдгæс»). Æмдугоны удыхъæд æмæ миддуне юмор æмæ сатирæйы фæлгæты (чиныг «Уый дын Хепа» (1990), радзырдтæ «Дыргъджыйнæгты чызг», «Мæ сыхæгтæ», «Муратбег æмæ иннæтæ», «Дыууæ кæрдзыны», «Фыссæн чиныг», «Æхсыр» æмæ æнд.). Хъæууон цард æмæ фæллойы темæ Хуыгаты С. уацауты. «Æхсырласæг» - ы (1967) проблематикæ. Данелы фæлгонц. Уарзты коллизи æмæ йæ æфсонтæ. Фæсивæды хъомылады фарстытæ. Удон хæзнаты нысаниуæг æмæ хъомыс æрыгон адæймаджы царды («Зарæг баззади мемæ»). Психологизм æмæ стилы дарддæры мидысгарæнтæ («Хохаг уацау»). Нывæдз - хæсты азты уæлахиз æмæ иудзинады символ («Нывæдз»). Дугивæн рæстæджы бæрджытæ романы «Ацы хъарм хуры бын». Æхсæнадон уаг æмæ ныхмæдзыдты равдыст. Фæлгонцтæ æмæ уавæрты бастдзинад. Сюжет 63
æмæ композицийы фарстытæ. Фыссæджы бавæрæн ирон мифоэпикон прозæйы рæзты. Роман «Нарты Фариæг» - ы проблематикæ æмæ фæлгонцад. Национ идейæйы фарст. Малиты Васо (р. 1938) Малиты Васойы æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон куыст. Йæ поэзийы романтикон здæхт æмæ тематикон-проблемон мидис. Райдиан фæлтæры жанрон æмæ стилы æууæлтæ: рагон формæйы нырыккон мидис æвæрын («Балладæ хъæдгæсы чызгыл») Адæймаг æмæ Райгуырæн бæстæйы иудзинад. Поэты карз сомыты мидис («Мæ ИрыстонЪ)). Ирыстоны историон хъысмæт, фыдызæххы сæраппонд мæлæт райсыны идейæ. Уацмысы таурæгъон.бындур («Нæ фыдæлты кадæг»). Адæмы истори æмæ нæ фыдæлты цард. Æгъдау. Фарн. Сæрибарыл тох. Сурæтгæнæн аивад æмæ нывæфтыд дзырды бастдзинады дывæр сфæлдыстадон тых. Номарæны традици Васойы поэзийы (цикл «Тугъанты Махарбеджы нывтæм кæсгæйæ»). Адæймаджы цардыл хъуыдытæ. Абстрактон æмбарынæдтæ удджын кæныны фæрæз, йæ нысаниуæг («Чидæр», «Тæрхон» æмæ æнд.). Æбузн æхсæнады аргьраст ныхас æмæ сгуыхтæн («Стыр бæлас», «Гъей, рагон сæрыкъуыдыр...»). Хъысмæты дывæрццæгдзинад («Балцырараст дæн...», «Бонзымæгæнйæтæккæтъæнгыл...», «Дон афтæ зæгъы...», «Æз горæтæй хъæумæ цыдтæн...», «Уый иунæг, знæгтæ - дæс...»). Историон фыдæвзарæнтæ («Лыгътæн Æхсинты коммæ...») æмæ рæстæджы фæд («Дыууæ барæджы...»). Къаннæг æмдзæвгæты таурæгъгонд мидис. Поэзийы «хуымгæнд» -фæллойгæнæг адæмы цард æмæ тырнæнтæ. Æбæлвырд идеалтæй «уидæгтæм» раздæхты темæ («Сахуырмæ кæн, охуымгæнæг...»). Поэты мисси - хæрамы ныхмæ цæуын («Лæджы намыс»). Æрдзон курдиаты бæрзонд нысан æмæ бæрн. Аллегорион фæлгонцад æмæ кæронбæттæны поэтикæ («Фæстаг æмдзæвгæ»), Сабидуджы мысинæгтæ æмæ уарзты идеал. Рухс хъыг ивгъуыд æнкъарæнты фæдыл («Мусонг», «Чи зоны, никуы дæ дунейы...», «Чындзы фæцыдтæ дард бæсты æндæрмæ...»), чызджы тæссонд удыхъæдыл аудын («Сыгъдæг æууæнк æмæ дызæрдыг... «), Интимон лирикæйы романтикон ахорæнтæ æмæ поэтикон интонаци, абарстыты ахадындзинад Васойы лирикæйы. Лиро-эпикон уацмысты философон ахаст («Æнусæй-æнусмæ», «Поезды» æмæ æнд.). Йæ пьесæты проблематикæ («Ацырухс», «Калм æмæхъисын - фæндыр» æмæ æнд.). Малиты Васо - прозаик. Роман «Сурмейы хæдзар» - ы намысон-цардуагон фарстытæ. Ныййарæг мад, къона æмæ хъæубæсты фарн. Фольклорон традицитæ Сурмейы фæлгонцы мидранывæсты. 64
Æлборты Хадзы-Умар (1939-2011) Æлборты Хадзы-Умары сфæлдыстады хæдхуыз æууæлтæ, жанрон æмæ стилы агурæнтæ, метафорон фæлгонцад. Иæ поэзийы сæйраг темæтæ. Царды ныхмæдзыдты вазыгджын иудзинад, сæ кæрæдзион раивды æмæ æнæрæнцой тохы мидис («Æнусон», «Рухсытæ судзынц»). «Уидæгты» нысаниуæг æмæ цæрдхъомад («Уидæгтæ», «Ирон орнаменты чиныг фæлдахгæйæ»). Лирикон герой вазыгджын психологион уавæры - поэтикон æрхьуыды æмæ метафорон фæлгонцад мидæнкъарæны рафт-бафтимæ бастæй («Æгъуыссæг», «Æхсæвыгон автобусы», «Æхсæв», «Æндзарæнтæ», «Байбыны»). Сфæлдыстадон хьизæмар («Хурацыд, йе хсæвхуыссæнмæ фæхæссы...»). Æмдзæвгæ-реквием Адæймаг æмæ æрдзы ’хсæн тугхæстæгдзинад. Зæххон фæлдисондты (цæрæгойæ зайæгхалы онг) æмбар уæвынад («Зæхмæ курдиат», «Хоры нæмыджы балладæ»). Контрасты хуызы - гармонион иудзинады сæфт, сайд æууæнчы драматизм («Къамбец»), Удмар æмæ йæ амæттаджы фæйнæхуызон уавæр. Поэтикон аллегорийы мидис æмæ эмоцион тых («Тæрсыкъуыдыр», «Экологнон сагьæс»). Æрдзы фантастикон ныв-фæлгонц поэты æрымысгæ аргъæутты дунейы («Сыгъди арт талынг æхсæв быдыры», «Дуртæ фидары хохрæбын», «Уалдзæг - мад...», «Сырхахуырст изæр»). Къаннæг æмдзæвгæты фидыц æмæ сагъæсæфтауæг мидис («Æз кастæн нæ зæхмæ...», «Дæ фæндæгтæ, Ирыстон...», «Æртæхтæ», «Сыфтæрты бын...», «Уагъылы...», «Дысон сауцъиу...», цикл «Зæрдæйы цæстытæй»). ХХ-æм æнусы кæрон тугкалæн хæстытæ - «тæригъæдты апофеоз». Адæмы рис - поэты «зæрдæйы хъæдгæмттæ». Хъарæг лигъдæтты сæфтыл («Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ...», «Уалдзæг у...», «Балладæ Зары фæндагыл»). Бæрзонд патриотизм æмæ сæрнывонд уарзты темæ. Тохвæллад Ирыстоны къуындæг уавæр («Иунæг дæ, сидзæр дунетыл...»). Архайды субъект - зынгхуыст хæстоны «хъæлæс» («Хъæлæс ингæнæй»). Символон фæлгонцад адæмы миназыккон зынтæ æмæ хъыгты равдысты («Уæрдæттæ», «Æртындæс»), Райгуырæн бæстæйы «хъæлæс» - ивгъуыды карз фæлварæнтæ хынцæг, сæрсæфæны былыл йæхицæн фидæнæй ныфс æвæрæг («Ирыстоны хъæлæс Астæуккаг æнустæй»). «Æрдз-мады» фантастикон сурæт, йæ судзаггаг марой æдых æмæ æназым удты рыстæй. Фыдыбæстæйы уавæр - Чырыстийы дзуартыгъды аналоги. Маст æмæ зæрдæныфсы зæлтæ («Æмбисæндтаг, кадæггаг, зарæггаг...»). Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы: фыдæлтыккон зарæджы хъайтартæ - ныры сахар хъахъхъæнджыты «æмтохгæнджытæ» («Раджызарыдысты Чъребайы...»). Адæймаджы царды нырыккон æмæ рагон бæллицтæ æмæ цæлхдуртæ («Рагон дзондзитæ», «Æхсæлы», «Уалдзæг-мад...», «Сырхахуырст изæр»). Фольклорон традици æмæ фæлгонцады нысан Æлборты Х.-У. сфæлдыстады. 65
Хъазиты Мелитон (р. 1948) Ахуырдзау фæсивæд Хъазиты Мелитоны сфæлдыстады («Фæлдзæуæн рæстæг» (1983), «Ныхыфыст» (1979), æвзонгадимæ баст фарстытæ. Æрдз æмæ адæймаджы иудзинад, йæ фехæлды фæстиуджытыл сагъæс уацау «Алмас» - ы. Æрдзон уавæртæй иппæрд цæрæгойы хъысмæт. Æууæнчы фарст. Аивадон параллелизм сюжеты раны^æсты. Уацауы сæйраг ныхмæлæуд: лæг- бирæгъы сырдон инстинкттæ - бирæгь-куыдзы «гуманизм». Алмас хъæуы æмæ хъæды. Адæм æмæ бирæгъы ахаст сæ кæрæдзийы цотмæ. Дунеон литературæйы традици темæйы равдысты. Типологион æнгæсдзинад Джек Лондоны «Урс ссыримæ», Ч. Айтматовы Акбарæ æмæ Ташчайнаримæ («Плаха», 1986); сæ иумæйаг æмæ хицæн æууæлтæ. Хæсты темæйы алыхуызон фæзилæнтæ. Æнхъæлмæкасты драмæ радзырд «Фыдæмбæлæг Сано» (1978) - йы. Мæнгуырнындзинады уидаг æмæ йæ æцæг æфсон. Хæдзар - бинонты фæрнæйдзаг царды символ («Хæдзары трагеди»), Агъуыст удджын кæныны нысаниуæг, бадзырдон амæлттæ уацауы мидисы райхæлды. Нырыккон хæстæндзарджыты хъæддаг цæсгом. Хæст æмæ гуманизмы, патриотизмы фарстытæ гуырдзиаг-ирон æдгæрзтæ ныхмæлæуды («Цæнгæт Æна», «Саркал æмæ Цугри» æмæ æнд.). Чиныг «Æууæндын адæймагыл». Йæ проблематикæ æмæжанрон-композицион спецификæ. Гуыцмæзты Алеш (1953-1993) Нывгæнæджы сфæлдыстадон агурæнтæ, йæ хъысмæты трагизм. Жанрон æмæ стилы бирæхуыз æмæ хъæздыгдзинад. Адæмы царды намысон бындурты равдыст. Адæмон характертæ. Авторы хъуыдыйы гуманистон ахаст. Сфæлдыстадон фыццаг ахадгæ къахдзæф (чиныг «Æхсæвидар», 1974). Æхсæнады царды дызгъуынтæ. Характерты æрдзон психологизм. Райгуырæн уæзæджы хъæлæс, хъæууаты судзаг рис, цард æмæ мæлæты фæтк, уазæджы фарн. Фæлтæрты мидбастдзинады идейæ («Урс фынтæ», «Куы фæниуынц куыйтæ», «Иу фысымы уазæг»), Уацмысты философон мидис, стиль æмæ проблематикæйы хицæндзинæдтæ æмæ нысаниуæг «хъæууон» прозæйы райрæзты. Саби-персонажы суинаг удысконды курдиатджын сныв. Психологион анализы ног æууæлтæ ирон дзырдаивады (радзырдтæ «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу», «Кæстæр лæппуйы аргъау»), Адæймаджы дæлзонд æмæ мидæнкъарæны сусæг æрфытæ, царды химæлвасæг 66
тых æмæ мæлæты æмгьуыд (радзырдтæ «Царды зыд», «Дис»). Уарзтцух адæймаджы драмæ, йæ мидхъуырдухæнтæ (<Дæ чъызгæ уарзт», «Хуымæтæджы сæиттæ»). Психикæйы арæйнаг уавæрмæ, низæфхæрд зонды фæтасæнтæм лæмбынæг хьусдард («0, уый æз дæи, Ритæ!», «Иидиагхæрæфырт», «Ивгъуыды æидæрг»). Социалон фæлтæрдтæй цух удгоймаджы сурæт, йæ сырдон инстинкты цымыдисаг змæлд, цæрæгойты дунеимæ йæ æнæхин иудзинад («Незамаиты жшæвар»), Радзырды интригæ: цивилизацийы æнæнхъæлæджы фембæлд рагдугты минæваримæ. Кæддæры æрдзон миниуджыты сæфтыл фæсмоны æбæлвырд æнкъарæн. Адæймаджы æрдзыхьæд æмæ уæвынадыл сагъæс. Хæст æмæ сфæлдыстады ’хсæн æрдзон ныхмæлæуд («Пахуымпар»). Къаннæг цардынывты жанрон æууæлтæ. Сатирæ æмæ юмор характер æмæ аивадон ситуацийы ранывæсты («Æнæхайыры быидз», «Æви», «Давд»). Автор æмæ йе сфæлдыст персонажты æмахастытæ («Уацмысфыссæджы æвдисæнтæ», «Æрхæцæн нысæнттæ»). Коньюнктурæ æмæ æцæг аивад («Нырыккон æвзæгтæ»). Ирондзинады зæрдæскъæф æнкъарæн. Райгуырæн уæзæджы хуымæтæг æмæ удæн зынаргъ фæлгонц. Алешы поэтикон этюдтæ - йæ миддунейы тæлмæнтæ. Сæ эмоцион зæлынад æмæ равг («Азарут иронау, лæппутæ!», «Кæйдæр хуызтæй æмбырд сурæт»). Роман «Дæ уды фарн» (1985), йæ идейæ æмæ проблематикæ. Сылгоймаджы ног фæлгонц ирон прозæйы. Хъайтар æмæ дæлдзиныггæнæг уавæрты хигъæдон равдыст. Хæсты антигуманон мидис. Удварн æмæ намысы проблемæ. Сæйраг конфликты драматизм æмæ йæ сюжетон ранывæсты аивадон логикæ. Финалы удсыгъдæггæнæн нысаниуæг æмæ йæ психологион мотиваци. Гуыцмæзты Алешы сфæлдыст литературон характерты æрдзон психологизм, адæймаджы зонд æмæ æнкъарæнты арф фæлгъауæнтæ. Дунеон традициты нысаниуæг йæ курдиаты рæзты. 67
КÆРОНБÆТТÆН НЫХАС Дзырдаивады нысаниуæг 1950-1990-æм азты æхсæнадон царды намысон идеалты сæвзæрд æмæ æрфидары, сæ дарддæры ивæнты. Йæ рæзты сæйраг фæлтæртæ. Традиции æмæ ногдзинады æууæлтæ. Сфæлдыстадон фæдыздæхттæ (направление), стиль æмæ темæты бирæ хуызтæ. Хæст æмæ фидыды, нацийы ивгъуыд æмæ сомбоны фарстытæ дугивæн рæстæджы. Дунеон аивады фæлтæрддзинадмæ здæхт, Æмткæй дунеуæвынады ахсджиаг проблемæтæ дыккаг миназы къæсæрыл. Æппæтадæймагон монон хæзнатæм цæстдард куыд æцæг гуманизм æмæ демократийы бындурыл амад æхсæнады размæцыды сæрысæйраг рахæцæн. Ирон литературæйы дарддæры рæзты фæндæгтæ æмæ сæйраг æууæлтæ. 68
МЕТОДИКОН АМЫНДТЫТÆ XX æнусы дыккаг æмбисы ирон литературæйы рæзтыл иумæйаг афæлгæстыты ахуырдзауты зæрдыл æнæмæнг æрлæууын кæнын хъæудзæн, уæды æхсæнадон царды цы социалон-идеологион ивæнты рæстæг ралæууыд, уый. Райдианы - «тæфсты» («оттепель») цыбыр фæлтæр, уый фæстæ «æндзыджы» дæргъвæтин азтæ, «рацарæзты» вазыгджын заман æмæ йæ фæстиуджытæ, уыдонимæ æхсæннацион æмæ территорион агресси, мæнгдемократизм, æфсарм æмæ удон хæзнаты девальваци æмæ бирæ æндæр ахæм мæтæфтауæг фæзындтæ. Студент-фæсивæд хьуамæ зонгæ уой, ацы фæлтæры дзырдаивад æнгом баст кæй у классикон æмæ йæ размæйы советон литературæйы хъомысджын традицитимæ. Фæлæ сын уыимæ бамбарын кæнын хьæуы, цард ын йæ размæ карзæй кæй хаста хæст æмæ фидыды, национ истори æмæ йæ сомбоны, патриотизм æмæ намысы фарстытæ; уымæ гæсгæ дзы уæлдай тыхджын у фыдыбæстæ æмæ мадæлон æвзаджы кад бæрзонд æвæрыны, национ идейæ сæндидзын кæныны пафос, адæймаджы къухæй аразгæ æрдзон бынысæфтæй дуне бахизыны хъуыды. Басусæггæнинаг нæу, 1990-æм азты райдианы культурæ æмæ аивады кусджытæ идеологион ныхмæлæуды азарæй дыууæ къордыл фæдих сты, уый дæр. Раздæры идеалтыл уæлæхох кæнын, монон хæзнатæм фæйнæхуызон цæстæнгас æркодтой æргом быцæутæм. Студенттæн бахæс кæнын хъæудзæн, цæмæй бæлвырд дæнцæгты фæрцы сбæрæг кæной, куыд бандæвта иу кæнæ иннæ фыссæджы сфæлдыстадыл уыцы уавæр. Иумæйагæй зæгъын æмбæлы уыцы фæлтæры литературæйы идейон- аивадон къуыхцыты тыххæй, фæлæ сæрмагонд ныхасы аккаг сты йæ æнтыстытæ, ныры онг æмбæлгæ хьусдардæй цух кæнæ бынтон рохуаты чи уыди, ахæм проблемæтæ, фæлгонцтæ, нывæфтыд мадзæлттæ. Иумæйаг хатдзæг: рæстæджы вазыгджын фæзилæнтæ рауæрæх кодтой æмæ ног хуызы рацарæзтой ирон дзырдаивады идейон æмæ проблемон-тематикон арæнтæ, жанрон æмæ стилы мидысгарæнтæ. 1 -аг темæйы сæйраг хатдзæгтæ 1950-æм азты кæрон - 1960-æм азты социализмы догмæтæй царды æппæтвæрсон рæстдзинадмæ егьау хъомысджын къахдзæфтæ акодта ирон поэзи (Гафез, Плиты Грис, Джусойты Нафи, Цæрукъаты Алыксандр). Ам уыд нæ адæмы историйы цæстуынгæ нывтæ æмæ æмдугоны вазыгджын хъысмæт, уыдис дзы царды мидис философон-поэтикон хуызы фæлгъауыны фæндтæ, Адæймаг æмæ сфæлдыстады концепци. Уыцы рæстæг поэзимæ уалдзыгон ивылд донау цы ног фæлтæр æрбауылæн кодта (Бестауты Гиуæрги, Дзаболаты Хазби, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъодзаты Æхсар, Джыккайты Шамил, Малиты Васо, Ходы Камал, 69
Æлборты Хадзы-Умар, Хостыхъоты Зинæ, Хъодалаты Герсан æмæ ин.), уыдон семæ æрбахастой сфæлдыстадон хæдбарады домæн, æхсæнады хъæндзинæдты ныхмæ тохы монц. Сфæлдыстадон кусджытæ джиппыуагьд хъуыдытæ æмæ социалон-идеологион фæдзæхстытæ æххæст кæнынæй рахызтысты царды удæгас ныв-фæлгонц аразынмæ - алчи йæхи ахорæнтæй, хи аивадон уынынады фæлгæтты. Афтæмæй, зæгъæн ис, 1960-1970-æм азты поэзи сси ирон культурæйы ахъаззаг фæзынд. Рæзты фæндагыл лæуд уыд ирон прозæ дæр. 1960-æм азты фидар зонадон бындурыл сæвзæрд историон романы жанр (Джусойты Н. «Фыдæлты туг», Булкъаты М. «Теркæй Туркмæ» æмæ æнд.). Ам ивгьуыд, абон æмæ фидæн сты æмбаст, æвдыст цæуынц рæстæджы æнæскъуыйгæ цæгтæй. Уыйадыл дзы ахсджиаг у фæстагæтты намысон рæсттæрхоны идейæ. Уыцы фæлтæры литературæйы стилыздæхтты æхсæн ирдæй фæбæрæг лирикон уылæн. Æрыгон хъайтары зонд æмæ хæрзæгъдауы рæзт уынæм Гафезы («Уæ бонтæ хорз, адæм!»), Дзасохты Музаферы («Урсдоны былыл Бæрæгъуын...»), Хъазиты Мелитоны («Ныхыфыст») æмæ ин. сфæлдыстады. Амынд автортæм сæйраг у лирикон пафос, уый сси сæ уацмысты эмоцион-психологион æндæвдады гуырæн. 1960-æм азты ирон драмæйы æтыстытæм ахæссæн ис хæсты темæйыл фыст уацмыстæ. Ирон мады стыр уарзт æмæ номхæссæн лæгдзинадыл кады зарæгау сты Хуыбецты Раяйы «Мады фарн» æмæ Гаглойты Владимиры «Ныййарæджы кадæг». 2-аг темæйы сæйраг хатдзæгтæ Социалон-политикон «мидцоппайы» заман дзырдаивады нысаниуæг ноджы фæахсджиагдæр, æхсæнады уый сси хизонынады сæйраг æмæ сæрмагонд формæ. Поэзи йе ’ргом аздæхта æмдугоны миддунемæ, мадæлон æвзаджы, фыдæлты фарн æмæ удон хæзнаты фарстытæм, нацийы хъысмæтимæ сæ æнгом бæтгæйæ (Дзуццаты Х.-М., Джыккайты Ш., Хъодзаты Æ. æмæ ин.). 1960-1970-æм азты уæрæсейаг литературæйы бæрзонддæр æнтыстыл банымайæн ис, критикæ «хъæууон прозæ» - йы номимæ цы уацмысты егъау къорд рахицæн кодта, уый. Сæ идейон-аивадон агурæнтæй цæдисон чиныгкæсæджы зæрдæ ссардтой Джусойты Нафийы уацауты чиныг «Адæймаджы мæлæт», Агьнаты Гæстæны «Фæстаг бæх», Гуыцмæзты Алешы «Урс фынтæ» æмæ æнд. Ирон хъæуы фæлгонц, йæ ивгъуыд, йæ абоны сагъæстæ æмæ мæт ам æвдыст цæуынц æппæт адæмтæн иумæйаг гуманистон проблемæтимæ æмбастæй. Жанры хицæнхуыз «гаккау» у фыдæлтыккон æгъдау æмæ цардвæткы цæхгæр фембæлд, национ «цæсгомæвæрд» чи халы, цивилизацийы уыцы «æмджиппыуадзæг» тыхтимæ. Уымæ гæсгæ дзы уæлдай хъусдард ис удварн æмæ намысы фарстытæм. 1970-1980-æм азты цаутæ уæрæх æвдисыны традици æнтыстджынæй рæзыд прозæйы егъау жанрты. Дуджы социалон «биографи» хицæн адæймаджы 70
цардвæндагимæ æмбастæй нывæнды Æгъуызарты Æхсарбег йæ роман «Куырды фырт» - ы. Ирдæй дзы æргом цæуынц «æндзыг» заманы хъæнтæ æмæ хуыдуггæнæг уавæртæ, ацы политикон терминæн нырма уæрæсейаг æмæ бынæттон прессæйы йæ кой дæр нæма ис, афтæмæй. Ирон мады - къонайы фарн хъахъхъæнæг æмæ хъомылгæнæджы эпикон фæлгонц сарæзта Малиты Васо йæ роман «Сурмейы хæдзар» - ы. Адæймаджы миддунейы æрфытæм, йæ дæлзонды æмбæхст хæтæнтæм лæмбынæг сæ хъус дарынц Гуыцмæзты Алеш, Агънаты Гæстæн, Тедеты Руслан æмæ ин. Се сфæлдыстад - ирон психологион прозæйы гуырæн. 3-аг афæлгæсты сæйраг хатдзæгтæ «Рацарæзты» азты литературæ æмæ культурæ бахаудтой кризисон уавæры, аивта æхсæнадон цæстæнгас царды сæ нысаниуæг æмæ бынатмæ. Фысджыты бахъуыд чиныгкæсæджы зæрдæмæ ног хуызы фæндæгтæ агурыны сæр. Дзырдаивады ахсджиаг бынат бацахста публицистикæ, дуг æмæ адæймаджы тыххæй рæстдзинад дзурыны пафос. Рæстæджы политикон, социалон, намысон- психологион проблемæтыл рыстзæрдæ æмæ æргом ныхас зæгъынц сæ уацты Джусойты Нафи, Джыккайты Шамил, Бицъоты Грис, Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ иннæтæ - алчи дæр йæхи идеологион-æмбæстагон æмæ дунеæмбарынады позицитæй. 1880-æм азты æмбисæй 1990-æм азтæм литературæйы фыццагау фердæхтджындæр сты поэзийы жанртæ. Сæ рæзты фæзынд ног тенденцитæ, ам дæр сæйраг сси публицистон-æмбæстагон пафос, райтынг сты æргом идеологион быцæутæ. Уыдон нæ бацагайдтой æрмæст ирон дзырдаивады рæбинаг традици: национ уидæгтæ æмæ культурæйы гуырæнтæм хъусдард. Амынд рæстæг актуалон у поэт-куывдоны фæлгонц. Дуне сæфты фæндагæй раздахыны фæндæй поэтикон дзырд цæгъды фæдисы дзæнгæрджытæ. (Студенттæн бахæс кæнын амынд темæтæн æрмæг бацæттæ кæнын. Практикон ахуырты саразын диспуттæ:?) Æмдугоны дунеуынынад æмæ йæ мидæнкъарæнты карз быцæуæн æвдисæн стæм Джыккайты Шамилы сфæлдыстады (æмб. «Æхсæвы æртытæ»). Адæймаг æмæ рæстæджы æмахастыты драматизмæй рæзы Хъодзаты Æхсары поэзи (æмб. «Дыууæизæрастæу»). Дзуццаты Хадзы-Мураты лирикон герой рæстдзинады фæдисон ныллæууыд «дыууæ дуджы астæу» (æмном æмб.). Нырыккон хæстыты æвирхъау цæсгом уынæм Æлборты Хадзы-Умары (æмб. «Ныфсы уидаг»), Хостыхъоты Зинæйы, Хъодалаты Герсаны (цикл «Иу нæ йæхи хуызæн нал у*..»), Хъазиты Мелитоны, Плиты Феликсы (цикл «Ирон сагъæстæ»), Кокайты Тотрадзы (цикл «Хъыг æмæ рис»), Хæмыцаты Албеджы, Гобозты Валерийы æмæ ин. æмдзæвгæты. Зæххон цард æмæ дун-дунейы уæвынады, хæст æмæ фидыды темæ ахсджиаг бынат бацахста Джусойты Нафийы сфæлдыстады (æмб. «Изæры рухс»). Поэтикон ахорæнты æхсæн æмткæй сæйрагдæр систы ирони æмæ сарказм куыд 71
«фыдохы дуджы» сурæт нывкæныны хъæугæ фæрæзтæ. Æнгæс аивадон мадзæлттæ æмæ хъæлæсыуаг æрдзон сты амынд рæстæг прозæйы жанртæн дæр. Адæймаджы удварны сæфт бæстон æвдыст цæуы Агънаты Гæстæны сфæлдыстады («Даргъ фæззыгон фæндаг» æмæ æнд.). Афганистаны хæст æмæ йæ удсахъатгæнæг фæстиуджытыл дзуры Гусалты Барисы уацау «Фаллаг бæрзонд был». Хæстæндзарæг идеологийы æндæвдад тæссонд зондахастыл дæсны нывæнды Къæбысты Зауыр йæ уацау «Хуры фырт» - ы. Национ удыхъæд, æгъдау æмæ намысы домæнты бындурыл рæзынц Мæрзойты Сергейы, Бицъоты Грисы, Хæблиаты Сафары, Хуыгаты Сергейы æмæ ин. уацмыстæ. Сæрмагонд фæзындыл банымайæн ис мифон-философон прозæйы рæзт (Джусойты Нафийы «Сырдоны цæссыгтæ», Булкъаты Михалы «Нарты Сосланы æвдæм балц» æмæ æнд.). Зынгæ ивддзинæдтæ æрцыд ирон драматургийы. Цæстуынгæ дзы систы психологизмы æууæлтæ, намысон-этикон фарстыты вазыгджын фæзилæнтæ, фæхъæздыгдæр сты йæ жанрон хуызтæ. Историон-биографион драмæйы фæлгæтты, фæлæ ног æмвæзыл фыст сты Плиты Грисы «Къоста», Джыккайты Шамилы «Цомахъ». Сфæлдыстадон ног къæпхæнмæ схызт историон драмæйы жанр. Патриотизм æмæ фидæны рæсттæрхоны фарстытæ арф фæлгьауы Плиты Грисы «Сослан Цæразон». Национ иудзинад æмæ сæрибар бахъахъхъæныны идейæ тыхджын зæлы Джыккайты Шамилы «Хъодыгонд зæд» - ы. Æмткæй ирон литертаурæ амынд азты къæрцхъус у, куыд хинацион культурæ æмæ дзырдаивады хæзнатæм, афтæ дун’еон аивады фæлтæрддзинадмæ дæр, æппæт адæмтæн иумæйаг зынаргъ чи у, гуманизм æмæ демократизмы уыцы традицитæм. Монографион сæргæндтæм рахизыны размæ студентты хъæуы базонгæ кæнын, нырыккон литературæзонынады цы аивадон системæтæ («литературон фæдыздæхтытæ») иртасынц, уыдонимæ: соцреализм, классикон («социалон- критикон») реализм æмæ универсалон реализм, Раттын сын хъæуы цыбыр характеристикæ, сбæлвырд кæнын, кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц, цавæр уыдысты сæ рæзты фæндæгтæ, нырыккон литературæйы сын цы нысаниуæг ис, уый. Лекторы хæс у, бæлвырд цæвиттонты бындурыл, бацамонын, соцреализмы (официалон эстетикæйы) традицитæ XX æнусы дыккаг æмбисы дæр тыхджын кæй уыдысты, уæлдайдæр 1960-1970-æм азты. Кæд Коммунистон партийы XX съезды фæстæ «æнæконфликтон теори» æхсæнад æмæ литературæйæн зианхæссæгыл нымад æрцыд, уæддæр инерцийы хуызы нырма йæ куыст кодта. Фысджыты сфæлдыстад цадæггай сæрибар кодта догматизмы, партион домæнтæ хуымæтæг иллюстраци кæнынынæй. Ацы литературон фæдыздæхты сæйраг æууæлтæ - адæймаджы уды сконды сфæлдыстадон-аразæг æууæлтæ æвдисын, социалон оптимизмы æнкъарæн. Фæлæ ног æхсæнадон уавæрты соцреализмы фæлгæтты дæр æрцыд ивддзинæдтæ. Дзырдæн зæгъæм, фысджыты сфæлдыстад бæлвырд 72
бæрцæй фæхайджын хæстæг ивгъуыды мидис æрæмбарыны критикон пафосæй («хицауадæй рацæугæ барлæвæрды» арæнты мидæг). Сæрмагондæй æмбæлы æрлæууын амынд аивадон системæтæ «сыгъдæгæй» рахицæн кæнынимæ баст зындзинæдтыл: гæнæн ис, иу фыссæджы сфæлдыстады æддæг-мидæг ауайой кæнæ та дзы фæлтæргай кæрæдзийы ивой. Зæгъæм, Цæрукъаты Алыксандры фыццаг дыууæ поэтикон æмбырдгонды æнæхъæнæй дæр сты официалон эстетикæйы нывтыл карст. 1950-æм азты кæрон - 1960-æм азты йæ поэзийæн æрдзон сси критикон пафос, фæстæдæр фыссæг йе ’ргом аздæхта философон-символон фæлгонцадмæ, царды æнусон фарстытæ фæлгъауынмæ. Иу дзырдæй, алы азты йæ æмдзæвгæтæ нывæста фæйнæхуызон фæдыздæхтыты фæлгæтты. Амынд уавæр зæрдыл даргæйæ, соцреализмы аивадон системæмæ Программæйы хаст цæуы Гафез, Дзугаты Георги, Цæгæраты М., Æгъуызарты Æ., Темыраты Д., Мæрзойты С, Гаглойты В. æмæ ин. сфæлдыстад. Социалон-критикон реализмы æууæлтæ цæстуынгæ систы Хрущевы расидт «тæфсты» азты, сæ тыхы та бацыдысты «мидцоппайы» дуджы. Фысджыты кæцыдæр хай сæхи атигъ кодтой фæлывд «сойбыл зарæгыл», æхсæнадон уавæртæ æвдисынц адæймаджы мидсæрибар æмæ удгоймагон æууæлтæ дæлдзиныггæнæг хæрам тыхы хуызы. Æвадат рæстæг, тыхбары хъомысы бын, гæнæн нал ис, уæд сæ размæ æвæрынц, æппын къаддæр, адæймаджы намыс æмæ удцæсгом сыгъдæгæй бавæрыны хæс. Сæ цæстæнгастæнн фидар æнцой арынц уырыссаг классикон реализмы æмæ хинацион фæлтæрддзинады, уыимæ Хетæгкаты Къостайы тохмæсидæг поэзийы традициты. Реализмы ацы домæнты бындурыл рæзыд Букуылты А., Бестауты Г, Бицъоты Г, Хъодзаты Æ., Джыккайты Ш., Ходы К., Агънаты Г, Хаджеты Т. æмæ ин. сфæлдыстад. Универсалон реализмы гуырæн бæттын хъæуы, 1970-1980-æм азты ирон дзырдаивады сæрмагонд æууæлтимæ. Сæ иу - литературæ йæ хъус тынг адардта адæймаджы национ уидæгтæ æмæ æрдзон уагмæ. Ахсджиаг систы фыдæлтыккон фарн æмæ æгъдау бавæрыны, абоны цардæвæрды хуыздæр æууæлтæй йæ фæхъæздыг кæныны идейæ, дун-дуне сæрысæфтæй бахизыны æмæ уый руаджы адæймагæн йæхи дæр бахъахъхъæныны мотивтæ. Фæбæлвырд намысон-этикон æмæ эстетикон идеалтæ æмиуæй æвдисыны фæнд. Карзæй сыстадысты «хъæууаты» рис æмæ уыимæ баст проблемæтæ. Фысджытæ ныв кæнынц вазыгджын психологион уавæр: адæймаг йæ фæстаг сахат йæ намысимæ - лæгæй-лæгмæ. Рауæрæх сты ирон литературæйы жанрон-таурæгъон арæнтæ: æддæг-мидæг ауадысты ам миф æмæ æцæгдзинад, адæймаджы æрвылбоны сагъæстæ æмæ дунеуæвынады философи; национ традици æмæ дзы дунеон аивады фæлтæрддзинад бахсыстысты æрдзон æгъдауæй. Универсалон реализмы хицæн хуызтæ уынæм Цæрукъаты А., Джусойты Н., Булкъаты М., Æлборты Х.-У, Гуыцмæзты А. æмæ ин. сфæлдыстады. 73
УÆЛÆМХАСÆН ÆРМÆГ Аивадон тексттæ Агьнаты Г. Фæстаг бæх. Фæстаг æхсæв. Йæ рухс ном. Дысоны фын. Ацы даргъ фæззыгон фæндаг. Радзырдтæ. Айларты И. Лирикæ Асаты Р. Лирикæ Æгъуызарты Æ. Куырды фырт. Æлборты Х.-У. Лирикæ. Балаты Т. Лирикæ. Бахъаты Н. Лирикæ. Бесаты Т. Тызмæг хæхтæ. Радзырдтæ. Бестауты Г. Лирикæ. Бицъоты Г. Норст цæхæр. Арвы айдæн. Букуылты А. Зарæг баззади цæргæйæ. Былкъахыр амонд. Зæрдæйы хæс. Радзырдтæ. Булкъаты М. Теркæй Туркмæ. Нарты Сосланы æвдæм балц. Радзырдтæ. Гаглойты В. Иунæджы кадæг. Ныййарæджы кадæг. Сау сынтытæ. Гъе, мардзæ, исчи!... Гафез. Лирикæ. Дзаджейы рухс. Уæ бонтæ хорз, адæм! Гаджиты Г. Лирикæ. Гæбæраты Ю. Урс кувæндон. Ирон мард. Гугкаты Ш. Кард æмæ фыд. Гусалты Б. Иу артæй уæрст. Фаллаг, бæрзонд был. Гæццойон. Гулуты А. Лирикæ. Гуыцмæзты А. Урс фынтæ. Дæ уды фарн. Радзырдтæ. Дарчиты Д. Лирикæ. Джусойты Н. Лирикæ. Фыдæлты туг. Сырдоны цæссыгтæ. Адæймаджы мæлæт æмæ æнд. уацаутæ. Публицистикæ. Джыккайты Ш. Лирикæ. Хъодыгонд зæд. Публицистикæ. Дзаболаты X. Лирикæ. Дзадтиаты Т. Хæххон стъалы. Уацаутæ. Дзасохты М. Лирикæ. Уацаутæ. Дзесты К. Фæндагсар Уастырджи. Зæрдæйы ностæ. Радзырдтæ. Дзугаты Г. Лирикæ. Бындзыг. Карды комыл. Радзырдтæ, Жажиты А. Хур æмæ хæхтæ. Козаты И. Лирикæ. Ног хæдзары зарæг. Къонайы стъæлфæнтæ. Кокайты Т Лирикæ. Косты Л. Лирикæ. 74
Къæбысты 3. Хуры фырт. Тас. Малиты В. Лирикæ. Сурмейы хæдзар. Мæрзойты С. Къæхтысæр. Нартыхты М. Лирикæ. Æрмкъухтæ. Æз æмæ уыцы чызг. Плиты Г. Лирикæ. Сослан-Цæразон. Сечъынаты Л. Уарзеты амонд. Радзырдтæ. Скифирон. Лирикæ. Цæхджын хойраг. Тетцойты Т Лирикæ. Темыраты Д. Пьесæтæ. Уалыты Л. Лирикæ. Уырымты П. Лирикæ. Фæрниаты Дз. Радзырдтæ. Хаджеты Т. Лирикæ. Хацырты С. Пьесæтæ. Хæблиаты С. Дзæнæты маргъ. Фисыны хæдзар. Хæмыцаты А. Лирикæ. Хуыбецты Р. Софиайы зарæг. Сау чызг. Мады фарн. Хуыгаты Г. Пьесæтæ. Хуыгаты С. Æхсырласæг. Хохаг уацау. Нывæдз. Нарты Фарнæг. Радзырдтæ. Ходы К. Лирикæ. Хъазиты М. Фæлдзæуæн рæстæг. Алмас. Ныхыфыст. Радзырдтæ. Хъайттаты С. Пьесæтæ. Хъодалаты Г. Лирикæ. Хъодзаты Æ. Лирикæ. Цæгæраты Г. Лирикæ. Цæгæрæты М. Сау хохы фыййау. Хæххон барæг. Бынычызг. Радзырдтæ. Цæрукъаты А. Лирикæ. Аздæхти фæстæмæ Къæборц. Чеджемты Æ. Лирикæ. Чеджемты Г. Лирикæ. Цоциты Р. Фæдзæхст. Цырыхаты М. Лирикæ. Зонадон литературæ 1. Иумæйагтемæтæм: Очерк истории осетинской советской литературы. - Орджоникидзе, 1967. Вопросы осетинского литературоведения. - Орджоникидзе, 1978. -Т 33. Вопросы осетинской советской литературы. - Орджоникидзе, 1981. -Т 37. Дзырд æмæ царды рæстдзинад: Литературон-критикон уацтæ. - Орджоникидзе, 75
1985. Критикон уацты æмбырдгонд: II хай./Сарæзта йæ Хъантемыраты Р. - Дзæуджыхъæу, 1994. Осетинская филология: Современность и традиции. - Владикавказ, 1995. - Вып. II. Фыссæг æмæ рæстæг: Критикон уацты æмбырдгонд/Сарæзта йæ Малиты В. - Орджоникидзе, 1981. Æлборты Х.-У Уидæгтæ æмæ къабæзтау: Литературон-критикон уацтæ. - Цхинвал, 1985. Гаджиты Г. Лирикæ æмæ базырджьш азтæ. - Орджоникидзе, 1963. Джусойты Н. Ирон аив дзырды сæрвæлтау. - Цхинвал, 1966. Джыккайты Ш. Уацтæ: Зонадон-критикон уацтæ. - Орджоникидзе, 1986. Джыккайты Ш. Ныхасы фарн: Зонадон уацтæ æмæ эссе. - Дзæуджыхъæу, 1996. Дзуццаты Х.-М. Бæрндзинад: Уацтæ. - Цхинвал, 1976. Дзуццаты Х.-М. Рæстæг æмæ литературæ: Уацтæ. - Цхинвал, 1985. Козаты X. Уацтæ. - Цхинвал, 1979. Мамиаты И. Дзырддзæуæны Автор æмæ хъайтары æмдзæдис. - Дзæуджыхъæу, 2008. Сабайты С. Зонадон-критикон уацтæ. - Дзæуджыхъæу, 1991. Суменова З.Н. Идеи интернационализма в осетинской литературе. - Орджоникидзе, 1989. Хадарцева А.А. История осетинской драмы: В 2-х ч. - Орджоникидзе, 1983-1985. 2. Персоналитæ Агънаты Г. Залыгин С. 06 авторе // Агнаев Г. Утро Нового года: Рассказы. -М., 1975. Уалыты Л. Æмгары чиныг // Мах дуг. - 1977. - №3. - Ф. 99-102. Уанеты С. Сæйрагдæр - миддуне//Мах дуг.- 1981.-№6. Хъуылаты Хъ. Фæстаг æхсæв // Мах дуг. - 1988. -№11. Мамиаты И. Дзырддзæуæны: Автор æмæ хъайтары æмдзæдис. - Дзæуджыхъæу, 2008.-Ф. 267-287. Æгъуызарты Æ. Ардасенты X. Ирон роман æмæ йæ проблемæтæ//Мах дуг. - 1966. - №5. - Ф. 77-83. Богазты У. Ног царды рухс // Мах дуг. - 1973. - №5. - Ф.90-94. Красиков Ю. Рæстæгимæ æмдзу // Мах дуг. - 1971. -№3. - Ф. 110-112. 76
Гиреев Д. На крутых поворотах // Литературная Осетия. - 1972. - №40. - Ф. 103-111. Черджиева Н. Логика жизни и творчества // Литературная Осетия. - 1976. - № 48. Мамиаты И. Æгъуызарты Æхсарбег: Сфæлдыстадон сурæт // Уацты æмбырдгонд: Литературæ æмæ æвзаджы фарстытæ. - Дзæуджыхъæу, 2009. - Ф. 66-100. ÆлбортыХ.-У. Джусойты Н. Ирон аив дзырды сæрвæлтау. - Цхинвал, 1966. - Ф. 216-218. Гафез. Асины дыккаг къæпхæн // Фидиуæг. -1969. - №1. ДзуццатыХ.-М.Бæрндзинад.-Цхинвал, 1976.-Ф. 126-134,156,181. Козаты X. «Æз цардагур дæн а бæстыл æрмæстдæр...» // Фидиуæг. - 1977. - №10.-Ф. 87-90. Бестауты Г. Гафез. Æлвæст кард // Фидиуæг. - 1959. - №3. Дзуццаты Х.-М. Знон æмæ абон. - Цхинвал, 1964.-Ф. 181-188. Джыккайты Ш. «Арты æртæхтæ» // Фидиуæг. - 1981. - №1. Булкъаты М. Донхъазы зарæг // Критикон уацты æмбырдгонд. Н-аг хай. - Дзæуджыхъæу, 1994. - Ф. 240-247 (кæнæ: Фидиуæг. - 1982. - №6). Хъодзаты Æ. Æрвæрттывды уидæгтæ // Мах дуг. - 1992. - №6. Джыккайты Ш. Рухсхæссæг зарæг // Мах дуг. - 1999. - №9. Æлборты Х.-У. Чиныг - царды айдæн: Литературон-критикон уацтæ. - Дзæуджыхъæу, 2009.-Ф. 214-221. Бицъоты Г. Гусалты Б. «Арвы айдæн» - ы зæххон цард // Дзырд æмæ царды рæстдзинад. - Орджоникидзе, 1985. - Ф. 71-78. Мамиаты И. Дзырддзæуæны: Автор æмæ хъайтары æмдзæдис. - Дзæуджыхъæу, 2008.-Ф. 179-180. Хозиты Б. «Иу бонмæ адæймаг æнус цæры...» // Рæстдзинад, 2002, 6 июль. Булкьаты М. Гаглойты В. Рæзты фæндагыл // Фидиуæг. - 1971. - №5. Хадарцева А. А. Современный осетинский исторический роман: 60-75-е годы // Вопросы осетинского литературоведения. Орджоникидзе, 1978. - Ф. 51-57. Æлборты Х.-У. Уидæгтæ æмæ къабæзтау. - Цхинвал, 1985. - Ф. 217-238. Хъуылаты Хъ. Не ’мдугон - дард фыдæлтæ // Мах дуг. - 1990. - №1. - Ф. 120-123. Букуылты А. Дуджы амæттаг // Фидиуæг. - 1998. - №6. - Ф. 16-23. Мамиаты И. Миф æмæ æцæгдзинад Булкъаты Михалы сфæлдыстады // Мах 77
дуг. - 2003. - №11. - Ф. 99-113; кæнæ: Мамиаты И. Дзырддзæуæны: Автор æмæ хъайтары æмдзæдис. - Дзæуджыхъæу, 2008. -Ф. 142-161, 331-345. Гаглойты В, Букуылты А. Тохы хъæр // Фидиуæг. - 1964. -№3. Джусойты Н. Ирон аив дзырды сæрвæлтау. - Цхинвал, 1966. - Ф. 275-314. Цхуырбаты Л. Гаглойты Владимиры прозæ//Фидиуæг. -1969. - №6. - Ф. 81-85. Козаты X. Уацтæ. - Цхинвал, 1979. - Ф. 55-61. Мамиаты И. Дзырддзæуæны: Автор æмæ хъайтары æмдзæдис. - Дзæуджыхъæу, 2008. -Ф. 126-127,257-260. Гафез. Джусойты Н. Ирон аив дзырды сæрвæлтау. -Цхинвал, 1966. - Ф. 30-36,47-52, 261-274. Бекъойты Е. Цæстуарзон лæвар // Фидиуæг. - 1967. - №2. - Ф. 68-72. Дзугаты Г. Дзагармæй // Фидиуæг. - 1973. - №9. Хъодалаты Г. Зæрдæйы сагъæсты чиныг //Фидиуæг. -1975. - №1. - Ф. 77-82. Æлборты Х.-У Портреттæ // Фидиуæг, 1984, № 7. - Ф. 5-6. Дзуццаты Х.-М. Рæстæг æмæ литературæ. - Цхинвал, 1985. - Ф. 197-201. Булкъаты М. Гафезы амындтытæ // Фидиуæг. - 1988. - №7. - Ф. 42-50. Мамиаты И. «Уд иунæгæй куы цæра, рафтæд!..» // Мах дуг. - 2006. - №.7. - Ф.138-161. Хъазиты М. Ир æмæ ироны кадæг: Гафезы цард æмæ сфæлдыстад. -Цхинвал, 2006.-200 ф. Гуыцмæзты А. Æлборты Х.-У Уидæгтæ æмæ къабæзтау. - Цхинвал, 1985. - Ф. 103-108. Пухаты А. Фыццаг къахдзæф //Фидиуæг. - 1986. - №12. Гусалты Б. Арфæйаг æрмдзæф // Мах дуг. - 1987, — №1. — Ф. 123-127, Цæбиты 3. Зынаргъ мын у йæ ном // Фидиуæг. - 1991. - №8. Булкъаты М. Оллэш // Рæстдзинад. -1993.-27 ноябрь. Джусойты Н. Фæстаг ныхас Алешимæ // Рæстдзинад. - 1994. - 3 февр, Джусойты Н. Ардасенты X. Æхсар æмæ тугвæндæгтыл: Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг» - ы тыххæй // Мах дуг. - 1966. - №4. - Ф. 85-90. Тедеты Р. Фыдæлты хъысмæт // Фидиуæг. - 1966. - №6. Булкъаты М. Иугæр хаугæ, уæд баэрзондæй //Фидиуæг. - 1971. - №6. Кулиев К. Пусть осаждает жизнь меня упрямо // Дружба народов. - 1974. - №1. Дзугаты Г. Сабыр ныхæстæ // Фидиуæг. - 1974. - №7. - Ф. 80-83. Дзуццаты Х.-М. Бæрндзинад. - Цхинвал, 1976. - Ф. 163-170. 78
Дзуццаты Х.-М. Рæстæг æмæ литературæ. - Цхинвал, 1985. - Ф. 250-254 292-303. Гаглойты В. Царды зарæг - уарзты зарæг //Фидиуæг. - 1977. - № 10. - Ф. 81 -86. Мамиева И.В. В русле общих тенденций: Проблема национального характера в осетинском историко-революционном романе // Литературная Осетия - 1982 - №59. Чайковская В. Уроки возвращения // Литературное обозрение - 1982 - №3 -Ф. 54-57. Теракопян Л. Параллели и пересечения. - М., 1984. - Ф. 271-279. Æлборты Х.-У Уидæгтæ æмæ къабæзтау. - Цхинвал, 1985. - Ф. 67-70, 79-89. Гуæздæрты А., Джыккайты 3. Адæмон характертæ æмæ национ идейæ // Мах дуг, 1995, № 9. Хозиев Б. Вдохновляющая красота творчества // Дарьял, 2005. - № 4. - С.150-157. Мамиаты И. Дзырддзæуæны: Автор æмæ хъайтары æмдзæдис. - Дзæуджыхъæу, 2008.-Ф. 131-141,190-198,289,291-293,296-331. Джыккайты Ш. Хъодзаты Æ. «Æмæ зæххыл сырх тырыса ыссыгъд» // Мах дуг. - 1974. - №2. -113-117. Хъодзаты Æ. Мæ фæлтæры хъысмæт // Фыссæг æмæ рæстæг: Критикон уацты æмбырдгонд. - Орджоникидзе, 1981. Хъодзаты Æ. Уидæгтæ æмæ талатæ // Критикон уацтæ. - Дзæуджыхъæу, 1990. -Ф. 80-84. Дзуццаты Х.М. Ирвæзынгæнæг - рæсугъддзинад // Фидиуæг. - 1990. - №2; кæнæ чиныджы: Уынгæгбоны сагъæстæ: Литературон-критикон уацтæ. - Дзæуджыхъæу, 2010. - Ф. 82-87. Булкъаты М. Дзæбидыры сæррæтт // Мах дуг. - 1992. - №2. Тедеев Г. Размышления при свете ночных костров // Сев. Осетия, 1992,22 сент. Хæдарцаты А. Де уазæг, фæндагсар! // Вопросы осетинской литературы и фольклора. - Владикавказ, 1993. Дзыныхты А. Æнусты хъыг бæрзонд удтыл æнцайы. - Дзæуджыхъæу, 1999. -206ф. Хозиты Б. Мады кадæг - кады зарæг (Джыккайты Шамилы скæсæны таурæгъ «Мад») // Ирæф. - 2010. - № 3. - Ф. 257-264. Газдарова А.Х. Поэзия правды и любви: творческий портрет Шамиля Джикаева. - Владикавказ: Изд-во СОГУ, 2010. - 208с. Шамиль Федорович Джикаев: жизнь и творчество: библиогр. указ. к 70-летию со дня рождения/СОГУ им. К. Л. Хетагурова, Науч. б-ка; сост.-ред. Д.Я. Хугаева; автор вступ. статьи Нафи Джусойты. - Владикавказ: Изд-во СОГУ, 2010.-120 ф.. 79
Дзаболаты X. Ходы К. Рухс фæндтæ хæссæг // Дзаболаты X. Уацмыстæ. - 2-аг рауагъд. - Дзæуджыхъæу, 1992. - Ф. 6-12. Хъодзаты Æ. Æмгары сурæт // Уый дæр уым. - Ф. 358-389. Хостыхъоты 3. Хазби нын нæ фаг кæны // Мах дуг. - 2001. - № 4. - Ф. 75. Дзугаты Г. Джусойты Н. Ирон аив дзырды сæрвæлтау. - Цхинвал, 1966. - Ф. 150-165, 205-210,275-314. Джусойты Н. Реализмы фæндагыл аивады бæрзæндтæм // Фидиуæг. - 1971. - №12.-Ф. 66-71. Дзуццаты Х.-М. Бæрндзинад. - Цхинвал, 1976. - Ф. 51-61,170-175. Гафез. Фыссæджы куыствæллой // Критикон уацты æмбырдгонд. П-аг хай. - Дзæуджыхъæу, 1994. - Ф. 207-20? (кæнæ: Фидиуæг. - 1979. - №4). Бестауты Г. Сфæлдыстадон тæмæны //Фидиуæг. - 1989. - № 4. Дзуццаты Х.-М. Джусойты Н. Ирон аив дзьтрды сæрвæлтау. - Цхинвал, 1966. - Ф. 275-314. Æлборты Х.-У. Уидæгтæ æмæ къабæзтау. - Цхинвал, 1985. - Ф. 238-248. Бицъоты Г. Уырныдта йæ: райгуырдзæн аивдзинады ног суадон // Мах дуг, 2001, №3.-0.153-158. Хъодзаты Æ. «Æз цæуын фалæмæ...» // Дзуццаты Х.-М. Уынгæгбонты сагъæстæ: Литературон-критикон уацгæ. - Дзæуджыхъæу, 2010. - Ф. 243-277. Малиты В. Джусойты Н. Ирон аив дзырды сæрвæлтау. - Цхинвал, 1966, - Ф. 257-260. Сабайты С. Цардæй ист фæлгонцтæ // Мах дуг. - 1979. - №6. - Ф. 110 - Хæдарцаты А. Романтæ нырыккон цардыл // Мах дуг. - 1982. - №3. Козаты X. Рæстæджы домæн: Критикон уацтæ. - Цхинвал, 1986. - Ф. 37-63. Хаджеты Т. Чиныджы фарн // Мах дуг. - 1985. - №1. - Ф. 77. Хаджеты Т. Абайты Э. «Мæн сындæггай цæуын фæнды, сабыр, нæ зæххыл...» // Мах дуг. -1988.-№1.-Ф. 118-122. Кочиева Е. Песня в полет // Северная Осетия. - 1995. - 2 авг. Тедеты Е. Прометейы зынг ирон поэзийы // Рæстдзинад. - 1996. - 26 окт. Мæрзойты С. Йæхицæн самадта цырт дæр æмæ мæсыг дæр // Рæстдз., 2005, 16июнь. Косты Л. Æрдхæрæны зарæг // Хаджеты Т. Арты уидæгтæ. - Дзæуджыхъæу, 2003.-Ф. 5-8. Ходы К. Джыккайты Ш. Цæхх æмæ кæрдзын // Мах дуг. - 1967. - №6. - Ф. 100-103.
Булкъаты М. Адзалы дзæнгæрæг // Рæ^тдзинад. - 1992. - 7 окт. Хъодалаты Г. Ирон лæппуйы зарæг // Фидиуæг, 1991, № 2-3. - Ф. 5-6. Хаджеты Т. Чиныджы фарн // Критикон уацты æмбырдгонд. - II хай. - Дзæуджыхъæу, 1994.-Ф. 77-79. Хъазиты М. Поэты дуне. - Дзæуджыхъæу: Ир, 2008. - 207 ф. Хостыхъоты 3. Джыккайты Ш. «Сæууон æртæх» // Мах дуг. - 1968. - № 1. - Ф. 79-82. Гафез. Базырджын сагъæстæ // Мах дуг. - 1976. - №2. - Ф. 103-105. Бестауты Г. Чызджы зæрдæ // Мах дуг. - 1995. - №7-8. - Ф. 118-123; кæнæ: Бестауты Г. Уацмыстæ. Т.З. - Дзæуджыхъæу, 2004. - Ф. 216-223. Хозиты Б. «Фыды уæзæг, мæ фæллад уд дæ хъæбысы æвæрын. ..»11 Рæстдзинад, 1999, 6 янв. (кæнæ: Фидиуæг, 1999, №6. - Ф. 85-94). Дзуццаты Х.-М. Уынгæгбонты сагъæстæ: Литературон-критикон уацтæ. - Дзæуджыхъæу, 2010. - Ф. 247-272. Мамиаты И. Хивæнд зæрдæйы дуне // Мах дуг. - 2014. - №9. - Ф. 90-101 Хуыгаты С Гусалты Б. Арты фарсмæ // Мах дуг. -1968. - №7. Ходы К. Арфдæр, парахатдæр // Мах дуг. - 1973. -№7. - Ф. 108-112. Гусалты Б. Хур æппæтыл не ’ххæссы // Мах дуг. -1988. - №8. - Ф. 117-121. Джусойты Н. Мысинæгты поэзи // Рæстдзинад, 2003, 29 июль. Ходы К. Рагрухс æмæ фидæн // Хуыгаты С. Нарты Фарнæг: Роман, радзырдтæ. - Дзæуджыхъæу, 2005. - Ф. 445-447. МамиеваИ. В. Мир души художника: (Писателю С. Хугаеву - 80 лет) // Вестник Владикавказского научного центра. - Владикавказ, 2013. Т. 13. №4. - С. 29-35. Мамиева И.В. Поэтика малой прозы С.З. Хугаева: нарратив памяти. // Фундаментальные исследования. 2014, № 6-5. - С. 1083-1087. Хъазиты М. Булкъаты М. Алмасы æмбисæндтæ // Фидиуæг, 1984, № 9. - Ф. 79-83. Годжыцаты Н. Хæрамзæрдæ адæймаг æмæ сыгъдæгуд цæрæгой // Фидиуæг, 1999, № 6.-Ф. 95-103. Безаты Ф. Удыхъæдæй райгуыргæ уацмыстæ // Фидиуæг, 2009, №6. Безаты Ф. Ирон литературæйы æнтыст // Советон Ирыстон, 2010, 13 окт. Хъодалаты Г. Дзуццаты Х.-М. Силуэттæ // Фидиуæг, 1967, №2, ф. 74. Бестауты Г. Уацмыстæ. Т.З. - Дзæуджыхъæу, 2004. - Ф. 250-262. Йæ зарæг-зæрдæскъæф: Хъодалаты Г. сæххæст 50 азы // Сов. Ирыстон, 1988, 24 дек. Ходы К. Ирон лæппуйы зарæг // Фидиуæг. - 1991. - №2-3. - Ф. 5-6. 81
Хозиты Б. «Зæрдæйæ - зæрдæмæ сымахимæ дзурын» (Хъодалаты Герсаны поэтикон сурæт) // Фидиуæг. - 1999. - № 6. - Ф. 102-113. Хъодзаты Æ. Ходы К. Ног æнтыст // Мах дуг. - 1979. - №4. - Ф. 110-112. Хаджеты Т. Чиныджы фарн //Мах дуг. - 1985. -№1. - Ф. 76-77. Булкаты М. Мерить все высокой мерой // Литературная Осетия. -1986. - № 67. Хъодалаты Г. Хæдхуыз, хæдмидис // Фидиуæг. - 1987. - №7. - Ф. 43-44. Джусойты Н. «Тæхудиаг, йæхи зонынхъом чи сси!..» // Фидиуæг. - 1988. - № 9; кæнæ: Критикон уацты æмбырдгонд: II хай/Сарæзта йæ Хъантемыраты Р. - Дзæуджыхъæу, 1994. Джыккайты Ш. Поэзийы фарн // Критикон уацтæ/Чиныг сарæзта Малиты В. - Орджоникидзе, 1990. - Ф. 57-70. Сабайты С. Зонадон-критикон уацтæ. - Дзæуджыхъæу, 1991. - Ф. 40-67. Цæгæраты М. Марзоев С. Максим Цагараев: Очерк творчества. - Орджоникидзе, 1960. Ардасенты X. Нæ фехъуыстон ма зæгъ // Мах дуг. - 1963. - №8. - 92-96. Ардасенты X. Йæ рæзты фæндагыл // Мах дуг. - 1966. - №8. - Ф. 92-95. Джусойты Н. Ирон аив дзырды сæрвæлтау. - Цхинвал, 1966. -Ф. 344-351. Очерк развития осетинской советской литературы. - Орджоникидзе, 1967. - Ф. 357-365. Дарчиты Д. Бæркадджын у йæ фæззæг // Мах дуг. - 1976. - №5. - Ф. 116-119. Либединская Л. Верность избранной теме // Дружба народов. - 1985. - №8. ’ ’Цæрукъаты А. Гаджиты Г. Лирикæ æмæ базырджын азтæ. - Орджоникидзе, 1963. - Ф. 17-26. Малиты В. Дыууæ ныхасы чиныджы тыххæй // Цæрукъаты А, Лирикæ: Æмдзæвгæтæ. - Орджоникидзе, 1974. Дзуццаты Х.-М. Бæрндзинад. - Цхинвал, 1976. - Ф. 70-83. Джусойты Н. Бæркадджын курдиат // Фидиуæг. - 1978. -№11. Булкъаты М. Поэты автопортрет // Фидиуæг. - 1988. - №12. - Ф. 60-64. Суменова З.Н. Идеи интернационализма в осетинской литературе. - Орджоникидзе, 1989. Джыккайты Ш. Ныхасы фарн. - Дзæуджыхъæу, 1996. - Ф. 259-279. Мамиаты И. «Кæсын æз дунемæ философы цæстытæй...»//Мах дуг. - 2006. - № 1.-Ф. 127-144; №2.-Ф. 141-160. 82
СÆРГÆНДТÆ РАЗНЫХАС 3 ИУМÆЙАГ АФÆЛГÆСТЫТÆ !!!!!!!!!!!!!!!!!!!!!5 1-агтемæ. XX æнусы 1956-1964 азты ирон литературæ (афæлгæст) 5 2-агтемæ. XX æнусы 1965-1985 азты ирон литературæ (афæлгæст) 1 ] 3-аг темæ. XX æнусы 1986-2000 азты ирон литературæ 20 ФЫСДЖЫТÆ ЛИТЕРАТУРОН ПРОЦЕССЫ !.!!!!!!з4 1. Соцреализм 34 Дзугаты Георги (1911-1985) 34 Гафез (1913-1983) !...!!!!!!!!!!з5 Цæгæраты Максим (1916-1990) 37 Æгьуызарты Æхсарбег (1922-1994) 38 Гаглойты Владимир (1928-1996) 39 2. Классикон («социалон-критикон») реализм 41 ДзаболатыХазби(1931-1969) 41 Бестауты Гиуæрги (1932-1978) 42 Дзуццаты Хадзы-Мурат (1935-2000) 43 Хостыхьоты Зинæ (1937-1995) 44 Хъодзаты Æхсар (р. 1937) 45 Хъодалаты Герсан (р. 1938) 47 Джыккайты Шамил (1940-2011) 49 Ходы Камал (р. 1941) 52 Агънаты Гæстæн (р. 1943) 53 Хаджеты Таймураз (1945-1996) 54 3. «Универсалон реализм» 56 Цæрукъаты Алыксандр (1918-2000) 56 Джусойты Нафи (р. 1925) 57 Булкъаты Михал (1928-1993) 61 Хуыгаты Сергей (р. 1933) 62 Малиты Васо (р. 1938) 64 Æлборты Хадзы-Умар (1939-2011) 65 Хъазиты Мелитон (р. 1948) 66 Гуыцмæзты Алеш (1953-1993) 66 КÆРОНБÆТТÆН НЫХАС 68 МЕТОДИКОН АМЫНДТЫТÆ 69 УÆЛÆМХАСÆН ÆРМÆГ 74 Аивадон тексттæ .74 Зонадон литературæ 75 83
Учебное издание МАМИЕВА И.В. ОСЕТИНСКАЯ ЛИТЕРАТУРА: 1956-2000 Учсбнос пособие: программа и методические указания Для аспирантов Северо-Осетинского института гуманитарных и социальных исследований Книга издана в авторскои редакции Техническийредактор Е.И. Маслов Оформление обложки Е.Н. Макарова Компъютерная верстка С.А. Булацева Подписано в печать 25.12.2014. Формат бумаги 60x84 71б. Гарнитура «Т^тез». Усл. п.л. 4,9. Тираж 100 экз. Заказ № 99. ИПЦ СОИГСИ ВНЦ РАН и РСО-А. 362040, г. Владикавказ. пр.Мира, 10 Е-таЛ. по-501§51@та11.ги Отпечатано ИП Цопановой А.Ю 362002, г. Владикавказ, пер. Павловский, 3