Редакторæй
ИРОН ÆВЗАДЖЫ РАЗАГЪТАЙЫ АХУЫРГÆНДТÆ
Къостайы «Ирон фæндыр»-ы æвзагæмæ стиль
Нигер – æвзаджы зæрингуырд
Номдзыд ахуыргонд – æвзагзонæг Андрей Шегрен
Ирзонынады стыр ахуыргонд В.Ф. Миллер
Зынгæ ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг Æлборты Барысби
Ирон адæмы хæлар, разагътайы ахуыргонд Г.С. Ахвледиани
Бекъойты Димитры райгуырдыл 213 азы æххæст кæны 100 азы
Мадæлон æвзаджы иттæг хорз иртасæгГæбæраты Никъала
УАЦТÆ
Иумиаг литературон æвзагæн дыгурон æви ирон диалект?
Ирон фыссынады истори скифты периодæй абоны онг
Ирон фыссынад XVIII æнусы дыккаг æмбисæй абоны онг
Омонимтæ иронпоэзийы
Ирон æвзаджы иуæй-иу фразеологизмты историкон-семантикон анализ
Иуæй-иу æмбисæндты фæзынд æмæ сæ бастдзинад ирон æгъдæуттимæ
МЕТОДИКÆЙЫ ИУÆЙ-ИУ ФАРСТЫТÆ
Грамматикон æвзæрстыты хуызтæ бацамонын астæуккаг скъолайы
Текст
                    МЕДОЙТЫ БОБОЛКÆ
УАЦТЫ
ÆМБЫРДГОНД
Цхинвал
Мыхуыры хæдзар
2012


84 (Осет.) 73 М 42 М 42 Медоева Б. Г. Сборник статей. - Цхинвал, Дом печати, 2012. Боболкл Георгиевна Медоева СБОРНИК СТАТЕЙ Книга издана по решению издательской комиссии ГоскомитеТа информации, связи и массовых коммуникаций РЮО Редактор Р.Ф. Дзагоева, Ш.С.Туаев Художник И.А. Джуссоев Худож. редактор Т.В.Цховребова Техн. редактор ВЛ. Тедеева Корректоры Р.Р. Козаева, МЛ. Цховребова Верстка ТВ.Цховребова Подписано в печать 8.11.2012. Формат 84x108/32. Бумага офсстная. Печать офсетная. Уч.-изд. л. 9,0. Усл. печ. л. 9,66. Тираж 300 экз. Заказ типогр. №377. Дом печати. 100001, г. Цхинвал, ул. Московская, 7. Полиграфическое производственное объединение РЮО. 100001, г. Цхинвал, ул. Московская, 5. Чиныг конд у Медойты Боболкæйы уацтæй, кæцытæ хицæн азты мыхуыр æрцыдысты ирон периодикон мыхуыры фæр- стыл. Стыр ахъаз фæуыдзæн студенттæн сæ ахуыры процессы рæстæджы. 15В^ - Издательский №2 © Медойты Б.Г., 2012 © Дом печати, 2012
РЕДАКТОРÆИ Ирон æвзаджы позицитæ бахъахъхъæнын, йæ размæцыд æмæ ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнынæн æппæт йæ тыхтæ æмæ хъару чи снывонд кодта, уыцы гоймæгтæй иу у ХИПУ-ы ирон филологийы кафедрæйы сæргълæууæг, про- фессор Медойты Боболкæ. Медойты Боболкæйы педагогон æмæ зонадон архайдыл бирæ дзурæн ис, уый схъомыл код- та ирон интеллигенцийы цалдæр фæлтæры, Хуссар Ирысто- ны Университеты уæлдæр ахуырад чи райста, уыдон фылдæр хай уыдысты йæ студенттæ. Боболкæ ныр 60 азы бæрц кусы ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны æвзонг фæлтæры арæхстджын хъомылгæнæгæй. Ирон филологийы кафедрæйы кусы йæ сы- рæзтæй фæстæмæ - фыццаг ахуыргæнæгæй, 1989 азæй та - кафедрæйы сæргълæууæгæй. Боболкæ уадзы сæйраг лек- цион курсытæ нырыккон ирон æвзаг æмæ йæ историйæ, къухдариуæгад кæны студенттæ æмæ аспирантты зонадон куыстытæн. Уый хорзæхджын æрцыд дзæвгар Паддзахадон хорзæхтæй, кæцыты ’хсæн сæрмагонд бынат ахсы Хетæгкаты Костайы премийы лауреаты кадджын ном. Ацы сылгойма- джы цард абарæн ис æнæхъæн дугимæ, кæцы йемыдзаг уы- дис ирд æмæ хъæздыг цаутæй, уыдоны ’хсæн уыдис бынат куыд циндзинадæн, афтæ æрхæндæгдзинад æмæ хъысмæты уæззау фæлварæнтæн дæр. Æгъатыр дуг, фæстаг дыууын азы уæззау фæлварæнтæ (йæ фырт Ацæмæзы трагикон мæлæт, йæ æмкъай Мелитоны æвирхъау мæлæт, цалдæр хæсты æмæ уыдонимæ баст змæстытæ) æппæрццагæй бандæвтой Бо- болкæйы цардыл. Фæлæ кæд йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ арф æмæ риссаг сты, уæддæр сæрбæрзондæй, æнæфæцудгæйæ цæуы йæ цардвæндагыл дарддæр. Медойты Боболкæйæн йæ дæргъвæтин фæллойадон фæндагыл ахæм рæстæг ни- 5
«V ^’Н^ д^^)— ф^$г — 9Г куы уыдис, зонадон-иртасæн куыстытæ кæд нæ кодта æмæ йын æнтысгæ дæр бирæ бакодта. Аспирантурæ фæуыны фæс- тæ уæхскуæзæй æрæвнæлдта ирон æвзагæй ахуыргæнæн чингуытæ æмæ методикон пособитыл кусынмæ. 1969 азы Цæгат Ирыстоны мыхуыры рацыд академик Ахвледианийы редакцигондæй ахуыргæнæн чиныг зонадон грамматикæйæ. Ацы чиныджы автортæй иу уыд Медойты Боболкæ. Фæс- тæдæр фæд-фæдыл фæзындысты æндæр чингуытæ дæр, сæр- магондæй йæхæдæг кæуыл бакуыста, ахæмтæ: «Ирон лексикæ æмæ фразеологи»(1988), «Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ æмæ орфоэпи» (1993), «Нырыккон ирон æвзаг (морфологи)» (2003), «Фæлтæрæнты æмбырдгонд ирон æвзагæй» (2012). Ацы чингуытæй алкæцыйæ дæр пайда кæнынц ирон филоло- гийы факультеты студенттæ сæ ахуыры процессы рæстæджы. Медойты Боболкæ кæд йæ 80 азы сæрты ахызт, уæддæр ныр- ма дæр у хъаруджын зонадон æмæ сфæлдыстадон архайды. Æмæ, æвæццæгæн, ацы сылгоймагимæ зонгæ чи у, уыдонæй алчидæр хæссы йæ зæрдæйы цавæрдæр æнахуыр хъарм ахаст ацы диссаджы ахуыргæнæг, æцæг ирон сылгоймаг æмæ йæ адæмы стыр патриотмæ. Зынаргъ чиныгкæсæг, ныртæккæ дæ къухмæ кæй райстай, уый Медойты Боболкæйæн у æндæр æмæ æндæр азты перио- дикон мыхуыры фæрстыл чи рацыд, уыцы бирæнымæц зона- дон уацтæ æмæ очеркты иу хайы æмбырдгонд. Уырдæм баха- удысты канд йæ зонадон куыстытæ нæ, фæлæ ма ирон æвзаг æмæ культурæйы архайджыты тыххæй, зæрдæмæхъарæг хæ- лар куыстытæ кæимæ фæкодта, уыцы ахуыргæндты æмæ йе ’стыр курдиатæн табу кæмæн кæны, ахæмтæ. Ацы чиныг, æнæмæнгдæр, стыр ахъаз фæуыдзæнис ирон æв- загзонынады хицæн фарстытæ ахуыр кæнгæйæ, уæлдайдæр та нæ университеты (Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны) студенттæн, аспиранттæ æмæ ахуыргæнджытæн, æппæт, чидæриддæр уар- зы æмæ цымыдис кæны ирон æвзаджы фарстатæм, уыдонæн. 6
ИРОН ÆВЗАДЖЫ РАЗАГЪ ТАЙЫ АХУЫРГÆНДТÆ АБАЙТЫ ВАСО - ИРОН ДЗЫРДЫ ЭНЦИКЛОПЕДИ Абайты Васойы тыххæй дзырд куы фæцæуы, уæд мах арæх фæдзурæм, уый кæй у ирон æвзаджы иууыл стырдæр иртасæг, фæлæ Васо цы сарæзта ирон культурæйы алыварсон рæзтæн, уый æрмæст æвзаджы фарстытимæ баст нæу, фæлæ уый у ирон адæмы æвзаг, истори æмæ культурон бынтæ чи иртæста, уыдонæй иууыл бæрзонддæр, бæркадджындæр æмæ аха- дæндæр иртасæг фигурæ, кæнæ ирзонынады энциклопеди. Иунæг ирон æвзаг æмæ истори иртасæгæн дæр - линг- вист уа æви историк, археолог уа æви этнограф, фольклорист уа æви литературæзонæг, йæ хъуыддаг нывыл нæ ацæудзæн, Абайты Васойы бирæвæрсыг, бæркадджын фæлтæрддзинад лæмбынæг куы нæ бахынца, уæд. Абайты Васо йæ зонадон куыстытæй æвæлмæцонæй иртасы ирон адæмы ивгъуыд заман. Ирон адæм сæ равзæрдмæ гæсгæ сты ирайнаг адæм, фæлæ сæ истори бахаста Цæгат Кавказы централон хаймæ æмæ Васо зонадон куыст куы райдыдта, су- анг уæдæй фæстæмæ æвæрдта йæ разы уыцы егъау проблемæ раиртасын - æвзаджы æрмæгмæ гæсгæ ирон адæмы ивгъуыд заман æмæ ирон æвзаджы хиæдтæ раиртасын. Æрцыдис ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, скифты дунейæ Кавказмæ æрхаугæйæ, ирæттæ бавæрдтой дыууæ æрдхæрæны стыр хæзнайы: æвзаг æмæ эпос. Уымæ гæсгæ ирæттæн сæ бон у æмæ зæгъой: «Не ’взаг æмæ нæ эпос сты нæ истори». Абайты Васойы зынгæдæр куыстытæ «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Ирон æвзаджы грамматикон очерктæ», «Уы- 7
^ «4^4^ ~~^^>-— й^^ ^ рыссаг-ирон дзырдуат», «Равзаргæ куыстытæ» (дыууæ томæй) æмæ бирæ æндæртæ стыр бавæрд бахастой дунейы зонæдты хæзнадонмæ æмæ нæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты та систы сæрмагонд ахуырадон дисциплинæтæ канд ирон æвзагæй нæ, фæлæ ирон æвзаджы истори, диалектологи, абарстадон æв- загзонынад æмæ æндæртæй. Васойы стыр зонадон бынтæ амад сты æнæхъæнæйдæр йæ рæстдзинад, йæ куыстуарзондзинад, йе стыр хъаруйы потенциалыл, æмæ цалынмæ ирон дзыллæ цæрой, цалынмæ уæвынад кæна ирон æвзаг, уæдмæ ахуыр кæндзысты æмæ арфдæр кæндзысты Васойы зонадон бынтæ. Нæ фæсивæд тырндзысты, цæмæй дарддæр дæр уой Васойы номы аккаг, уымæн æмæ уый йе стыр зонадон курдиатæй сбæрæг кодта, ирон адæм незамантæй фæстæмæ адæм цæмæй сты, сæ национ хæдбындурдзинад цæмæй бавæрдтой, абонмæ йæ цæй фæрцы æрхæццæ кодтой, уый - се ’взаг. Æнæ мадæлон æвзаг нæй наци, национ культурæ. Абайты Васойæн ахæм уæззау æмæ хъаруджын куыст кæнгæйæ, бантыст дунейы зо- нады æмбисондæн чи баззад, уый - йе ’нæмæлгæ дзырдуат. Ахæм дзырдуат нырма иу адæммæ дæр нæй. Абайты Васойы бирæнымæц фундаменталон-практикон иртасынады фоныл хицæнæй зыны «Ирон æвзаджы историкон-этимологон дзыр- дуат» фондз хицæн томæй. Уый у ирон æвзаджы æцæг энци- клопеди. Ацы фундаменталон куысты нысаниуæг хизы канд ирон æвзаджы фæлгæттæй нæ, фæлæ ирайнаг æвзагзонынады фæлгæттæй дæр. Æмбал кæмæн нæй, ахæм дзырдуат аразгæйæ, уый спайда кодта 180 æвзагæй фылдæрæй. Васо сæрибарæй пайда кодта æппæт европæйаг æвзæгтæй, æмæ уыдонæй дард- дæр сахуыр кодта бирæ æндæр æвзæгты сконд дæр. Уый саху- ыр кодта ирон æвзагæн уырыссаг, гуырдзиаг, цæцæйнаг, мæ- хъæлон, кæсгон, венгриаг, монгойлаг æмæ туркаг æвзæгтæ, балхъартæ, хъæрæсейæгтæ æмæ бирæ æндæр æвзæгтимæ цы бастдзинæдтæ ис, æппæт уыдон хиæдтæ. Чи аххæсдзæн Абай- ты Васойы куыстытæн сæ номхыгъд радтыныл дæр, фæлæ æнæзæгъгæ нæй уымæн, æмæ Абайты Васойы историкон- 8
^®—— ц^ф^ **"*——’*#4^ *** лексикологион куыстæн йæ кады мæсыг у йæ «Ирон æвзаджы историкон-этмологион дзырдуат». Историон-лингвистикон иртасæн куыстыты цæстæнгасæй Абайты Васойы иттæг ахадæн куыст у «Скифты ’взаг». Ацы куысты Васо йæ разы æрæвæрдта сæрмагонд хæс - скифты æвзаг сахуыр кæнын, куыд хицæн лингвистикон проблемæ. Васо зонадæн радта скифаг дзырдты бындурты бæстон æмбарынгæнæг дзырдуат. Ацы дзырдуатмæ гæсгæ скифаг æвзаг æмæ ирон æвзаг лексикон æгьдауæй иу кæй сты, уый дызæрдыгдзинад никæмæуал æвзæрын кæны. Уыцы æр- мæджы бындурыл Абайты Васо раиртæста скифаг æзаджы фонетикæ æмæ морфологи, уæлдайдæр та дзырд куыд рæзы, уый æгъдæуттæ. Ирон адæмы ивгъуыд истори лингвистикон æгъдауæй сахуыр кæныны фæдыл Васойы иннæ ахсджиаг куыстытæ сты, аланты проблемæ раиртасыныл цы фæллæйттæ бакодта, уыдон. Хъыгагæн, алантæн сæхицæн фаг лексикон æрмæг нæ баззад, фæлæ Абайты Васо равзæрста археоло- гон æрмæг (Зеленчукы цыртдзæвæн), адæймаджы сæрмагонд нæмттæ, топонимикæ. Сахуыр кодта XII æнусы византиаг фыссæг Цецæй баззайгæ цалдæр алайнаг дзырды, стæй вен- гриаг æвзагмæ ирон æвзагæй цы дзырдтæ бахаудтой, уыдон. Васойæн бантыст ирон адæм æмæ алантæ бынтон хæстæг кæй сты, уый æвзаджы æрмæгмæ гæсгæ иттæг бæстон равдисын. Историон лексикологи разынди ахæм диссаджы фæрæз æмæ дзы Абайты Васо иртасы ирон адæмы бирæ æнусон истори- йы иууыл рагондæр цаутæ. Хицæн дзырдты историтæ Васойы къухы уыдысты, суагъæ фыссынау, фыст. Васойы зонадон куыстыты тыххæй бирæ ныхас фæцыди æмæ ноджыдæр фæцæудзæн. Уæлдæр куыд банысан кодтон, афтæмæй сæрибарæй зæгъæн ис, æмæ ирон æвзаджы истори- йы предмет æнæхъæнæй дæр амад у В. Миллер æмæ Абайты Васойы æнæкæрон зонадон куыстыты бындурыл. Фæлæ мæн ацы уацы фæнды цыбыртæй афæлгæст саразын Абайты Васо цы рагон топонимты æвзары, уыдонæй иу-цалдæрыл. 9
** н^^^Г- <^^ >№& ■■■■■ 9Г Васо цы топонимтæ æвзары, уыдон баст æмæ æвдисæн сты Иры историйы раг дунеимæ, ома кæм уыдысты сæ хæтæнтæ ирон адæмы рагфыдæлтæн. Рагон антикон дугæй рагон гре- каг топонимтæ Феодосия, Гераклея, Неаполь æмæ æндæрты фарсмæ æрæвæрæн ис скифаг-сæрмæтаг топонимты Танаис, Сугдея, Ардавда. Гректæ-иу сæ колонитæ æрæвæрдтой сæрибар зæххытыл нæ, фæлæ-иу цæрæг кæм уыдис, ахæм бынæтты. Уымæн æмæ стыр цымыдис æвзæрын кæнынц, Цæгат Сау денджызы донбылгæрæтты цы топонимтæ ис, уыдон, канд лингвистикон цæстæнгасæй нæ, фæлæ историон цæстæнгасæй дæр. Уыцы рагондæр топонимтæй сæ иумæ хауы Боспоры пад- дзахады сæйраг горæт ПАНТИКАПАИОН. Уыцы горæт ныр- тæккæ хуыйны КЕРЧЬ. Ацы горæты бындур æвæрд æрцыдис нæ эрæйы агъоммæ VI æнусы грекаг колонистты къухæй. Го- рæты æрæвæрдыл цæуы 2500 азæй фылдæр æмæ нымад цæуы зæронддæр горæттæй сæ иуыл. Абайты Васо куыд зæгъы, афтæмæй горæт Пантикапайæн бамбарын кæнæн нæй грекаг æвзагæй, уымæн æмæ у скифаг горæт. Гректы ’рцыдмæ уыцы горæты цардысты скифтæ. Кæд ын ис грекаг формæ формантон, уæддæр уый нысан кæны бы- нат. Керчы бакæлæны донбыл цы горæт сырæзт - Пантикапа, уый уыдис скифты горæт. Фарстæуы, цы нысан кæны ацы горæты ном? Васо йæ бæ- рæг кæны афтæ: ПАНТИ - нысан кæны фæндаг. Уый иумиаг индоевропæйаг æвзæгтæй ариаг æвзæгты бындурыл сырæзт. Уырыссаг «путь» дæр уырдыгæй равзæргæ у. Йæ дыккаг хай та æппындæр зындзинад не ’взæрын кæны, равзæргæ у ра- гон ирайнаг дзырд КАПА-йæ, ома КÆФ. Афтæ æмæ Панти- капа нысан кæны кæфты фæндаг. Банысан хъæуы уый, æмæ скифтæй ирон æвзагмæ бирæ инверсион дзырдтæ кæй æрбацыд. Днестр нысан кæны дон стыр, фæлæ дзурæм стыр- дон; Днепр - Дон+арф нæ дзурæм, фæлæ арф дон. 10
**> ——^4^ —^*^ ——-зфф» *" ПАНТИКАПА дæр арæзт у дыууæ сыгъдæг ирайнаг дзыр- дæй æмæ нысан кæны кæфты фæндаг. Васозæгъы,зæгъгæ,Керчыдонбакæлæнæнацыномæйхуыз- дæр ном нæ уыд гæнæн, уымæн æмæ ставд кæсæгтæн сæ био- логон режим уыд афтæ, æмæ-иу тынг бирæйæ Сау денджызæй Азовы денджызмæ цыдысты, æмæ-иу фæстæмæ дæр здæхты- сты уыцы фæндагыл, ома-иу уалдзæджы æрбалæудæй Сау денджызæй Азовы денджызмæ цыдысты - ленк кодтой Керчы донбакæлæныл, æмæ-иу фæззæджы æрбалæудæй та фæстæмæ Азовы денджызæй Сау денджызмæ. Уыцы доныбылыл цæрæг скифты знæмтæ сæ хъус дардтой кæсæгты периодикон мигра- цитæм, æмæ уый æмрæстæджы арæх кодтой кæсагахсыны ку- ыст дæр, æмæ уый тыххæй схуыдтой Керчы бакæлæны дæр ПАНТИКАПА (рыбный путь). Ахуыргæндтæй бирæтæ, зæгъæм, Фасмер зæгъы, зæгъгæ, ацы элемент «капа» ис Боспоры паддзахады стырдæр горæттæй сæ иу Феодосийы дæр. Ацы горæт италиаг автортæм уыдис КАФАС. Фасмеры хъуыдымæ гæсгæ, уый дæр ссис стыр кæ- саджы сæудæджерадон центр æмæ дзы уыны алайнаг элемент «кæф». Горæт Феодосийыл абоны онг дæр баззад йæ зæронд грекаг ном, фæлæ йæ алантæ схуыдтой АРДАВДА, ома АВ- ДАРДЫ (город семи богов). Феодосия абоны онг дæр кæд бахъахъхъæдта йæ рагон грекаг колонисттæ йын цы ном рад- той, уый, уæддæр скифаг ном ПАНТИКАПА фæстагмæ йæ бынат радта уырысаг «Корчев»-æн. Рагон славянаг æвзагыл нысан кодта «корчий», уырыссагау «кузнец». Фæстæдæр ацы горæт сси кæсагахсæн промыслæ нæ, фæлæ куырдадзы ме- талургион центр, уый абоны онг дæр нæ фесæфта йæ ном КЕРЧЬ. Рагон уырыссаг Кърчий та равзæргæ у рагон ирайнаг «куртуо»-йæ, æмæ бынтон æввахс лæууы ирон дзырд «куырд»- мæ. Ацы бынат цалынмæ ПАНТИКАПА нæ хуынд, уæдмæ дæр дзы кодтой куырдадзы куыстытæ, æмæ та фæстагмæ ссис куырдадзы куыстытæгæнæн горæт - кърчи - куырд æмæ йæ уырыссагау дæр Корчий кæй хъуыст, уый тыххæй йыл баззад 11
йæ абоны ном КЕРЧЬ дæр. (В. И. Абаев. Избран. труды, т. II 1995 г.). Абайты Васо ноджыдæр бæрæг кæны цæугæдон Днепры бы- лыл Витебскы областы топоним горæт ОРША-йæ равзæрдмæ гæсгæ æнгæс у ирон дзырд «арс»-мæ. Вæййы афтæ, æмæ иуæй-иу зæронд нæмттæ-топонимтæ бахауынц иу адæмæй æндæр адæмы лексикæмæ æмæ свæййынц табугонд дзырдтæ. Зæгъæм, кæцыдæр цæрæгой вæййы искæцы адæмæн сæ тоте- микон сырд æмæ фæстагмæ хъахъхъæдгонд æрцæуы топони- мы. Раст ахæм топониммæ Васо хæссы горæт ОРША-йы дæр, æмæ зæгъы, зæгъгæ, рагон славянаг æвзæгты хъахъхъæд не ’рцыд дзырд «медведь»-ы рагон иумиаг индо-европæйаг ном ахæм формæйы куыд латинæгтæм - урсус, рагон индиагау - ркша, авестагау - арша, иронау - арс. Ацы дзырд славянтæм бахаудта табугондæй æмæ йæ спайда кодтой топонимтæ ОР- ША, ОРШАНКА-йы. Уæдæ афтæ, Васойы зонадон бынтыл дзургæйæ, мæн фæн- ды мæ чысыл уац балхынцъ кæнон филологон зонæдты док- тор, профессор Оранскийы ныхæстæй: «Дыууæ дзырдæй тынг зын у зæгъæн Абайты Васо советон зонадæн цы сарæзта, æппæт уый. Фæлæ мæн куы бафæрсиккой нæ зонадæн цы са- рæзта, уым сæйраг цы ис, зæгъгæ, уæд æз дзуапп радтин афтæ: «Сæйраг уый у, Абайты Васо зонады раз æмæ йæ адæмы раз кæй байгом кодта ирон дзырды истори». Æмæ, æцæгдæр, Абай- ты Васойы куыстытæ ирон æвзаджы историйæ скодтой ирон адæмы историйы цардæгас æмæ иттæг рæсугъд бацæуæн». Абайты Васо æнæхъæн æнусæй фылдæр фæцард æмæ æнусы дæргъы цы фæцард, уымæй иу уысм дæр æнæхъуаджы нæ фесæфта, уымæн цы бантыст, уый иуæй-иу зонад-иртасæг институттæн æнæхъæнæй нæ бантыст. Васойы рæсугъд бæллиццаг цардвæндаг уыди æмæ у æрфæны фæдау, уымæн æмæ йе ’ппæт хъару, йæ диссаджы курдиат снывонд кодта нæ зонадæн, нæ адæмæн лæггад кæнынæн. Васойы стырдзи- над æмæ кады тыххæй канд зонадон кусджытæ нæ фыссынц, 12
^ ц^ ^^ ч^^^ V? фæлæ йыл нæ фысджытæ дæр фыссынц æмæ йыл ноджы дæр фысдзысты сæ диссаджы уацмыстæ. «Уасо! Уый, дунемæ мах Кæй хъуыдытæй сдзырдтам! Ныддардта ивгъуыдмæ цырагъ Æмæ нæхи суыдтам. (Козаты И.) КЪОСТАЙЫ «ИРОН ФÆНДЫР»-ы ÆВЗАГ ÆМÆ СТИЛЬ XIX æнусы дыккаг æмбисы Ирыстоны фæзынди ирон ин- теллигенци. Уæрæсейы алы горæтты чи ахуыр кодта æмæ уы- рысы раззагдæр прогрессивон идеятæ йæ зæрдæмæ хæстæг чи æрбайста, ахæмтæ. Уыцы интеллигенци зæрдиагæй архайын райдыдта йæхи адæмы культурæ райрæзын кæныныл. Ирмæ сæвзæрди сæхи национ реалистон литературæ, фидар бындур та йын æрæвæрдта Хетæгкаты Къоста. Къоста царди æмæ куыста, Кавказы хæххон адæмтæ, уы- донимæ ир дæр паддзахы æмæ бынæттон æлдæртты уæззау æфсондзы бын хъизæмар цард куы кодтой, уæд. Уыдон кав- казаг адæмты канд экономикон æгъдауæй не ссæстой, фæлæ ма архайдтой ууыл, цæмæй адæмтæн сæ национ культурæ, сæ мадæлон æвзаг æппындæр ма рæза, кæной талынгдæр. Уыцы фыдзаманы Къоста бавнæлдта национ литературон æвзагæн бындур æрæвæрынмæ. Къостайы уацмыстæн сæ тæккæ ахъаззагдæр у йе ’мдзæв- гæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». «Ирон фæндыр» къух- фыстæй 1899 азы сентябыры мæйы æрвыст æрцыди Кавказы цензурон комитетмæ Калакмæ. Уый тыххæй цензурон комите- ты сæрдар Кавказы ахуырадон окруджы бæрнджынмæ афтæ фыста: «Цензурон комитеты кусджытæй ирон æвзаг кæй ни- 13
Ч*> д^^ф^ _^^®- ■———™-5дф^г •&* чи зоны, уымæ гæсгæ дæ курæм, цæмæй йæ бакæсынмæ рат- тай, дæ бæрны чи кусы æмæ ирон æвзаг чи зоны, уыдонæй искæмæ». «Ирон фæндыр»-ы къухфыстмæ æркæсын æмæ уый фæдыл дзуапп ныффыссын фæдзæхст æрцыд уыцы рæстæджы Ере- ваны нæлгоймæгты скъолайы чырыстон дины ахуыргæнæг Джиоты Христафорæн (Пора). Къухфыст бакæсгæйæ, Джиоты Пора ратта цензурон коми- тетæн ахæм дзуапп, зæгъгæ, æппæт чиныджы уый иунæг ахæм бынат дæр не ссардта, фыдæнæндзинад кæнæ æндæр ис- ты аипп æвдыст кæм цæуы, ахæмæй, уый нæ, фæлæ ма чиныг у раппæлинаг. Афтæ æмæ Терчы зылды хицаумæ цы хабæрттæ бахастæуыд, уыдон сты æргом хахуыр, æмæ сæ ракодтаид æрмæст ахæм адæймаг, Хетæкгаты Къостайы æмдзæвгæты чиныгæн канд йæ мидис нæ, фæлæ йе ’ддаг хуыз дæр чи нæ федта. Терчы зылды хицау - инæлар Каханов Кавказы æфсæддон окруджы штабæн кæй фехъусын кодта, уый разынд мæнг, æмæ чиныгæн лæвæрд æрцыд мыхуыр кæныны бар. Гъе, афтæмæй Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр» фыццаг хатт мыхуырæй рацыд 1899 азы июлы, Дзæуджыхъæуы, кæд æй паддзахы цензурæ тынг фехæлдта, уæддæр. Революцион зондахаст тынгæй-тынгдæр цы æмдзæвгæты æвдыст цыдис, уыдон бынтондæр аиуварс кодтой. Аивтой Къостайæн йæ ор- фографи дæр: «Ирон фæндыр»-æн йæ уд сласынмæ хъавы- дысты, цæмæй Къостайæн йæхи зæрдæмæ дæр мауал цыда- ид йæ чиныг. Уый тыххæй Къоста Байы фыртмæ фыста: «Æз мæ дзырдтæй базар никуы кодтон, никуы дæр иунæг рæн- хъæн дæр æхца райстон... Æмæ уымæн дæр нæ фыссын, цæ- мæй фыссон æмæ сæ мыхуыр кæнон. Нæ, ахæм фыстæн мæ нæдæр йе стыр ном хъæуы, нæдæр йæ пайда. Æз фыссын уый, кæцыйы мæ бон нал вæййы уромын мæ бирæ фæрисгæ зæрдæйы мидæг». (Къоста, т.З.Байаты Гаппомæ). Ардыгæй дæр бæрæг у, цæйбæрц тыхджын тох кодта Къо- 14
-»«> — . езФ^ „^^,— -^^Ц^ ^ ста йе ’мдзæвгæты æвзаджы сыгъдæгдзинад æмæ хæрзгъæд- дзинадыл. Уый фыста, йæ зæрдæ цы мæгуыр адæмыл рыст, уыдон тыххæй аив, рæсугъд æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй. «Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, Дунеты се ’ппæт мæхимæ æрхонин, Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст». («Ныстуан») Ахæм уыди Къостайы бæллиц. Къоста йе ’ппæт цар- ды дæргъы дæр биноныг æмæ лæмбынæг ахуыр кодта ирон æвзаджы иртасыны куыст, стыр æнувыдæй æвзæрста ирон æвзаджы грамматикæйы хицæн фарстатæ. «Иу кæнæ иннæ ныхас æндæр хуызы нæ, фæлæ афтæ куы фæфыссын, уæд æй фыссын хъуыдыгондæй, æз ыл бирæ фæсастон мæ сæр», - аф- тæ зæгъы Къоста. Æцæгдæр афтæ кæй у, уый бæлвырд кæны йæ къухфыстæй, уæлдайдæр та йæ дзыппы даргæ фыссæн чингуытæй. Уым ис ахæм бынæттæ: сарæзта уæрдоны цалхы ньтв, æмæ цалхæн йæ алы хайы дæр фыст ис йæ ном: дæндаг, хъамбахъ, гуыфхъæд, куыр, мæскъ, уыддыры, къæбæл. Æндæр ран - хохаг хæдзары дзаумæтты фыст: арынг, сасир, сыхырна, кæфой; бæлæсты нæмттæ: кæрз, тæгæр, фатхъæд, уисхъæд, сывылдз æмæ æндæртæ. Æмæ хицæн дзырдтæ канд фысгæ нæ кодта, фæлæ сын агуырдта сæ уидæгтæ, сæ рав- зæрæнтæ. Ис æм ахæм фыстытæ: æнæ тых - æдьтх; æнæ - фиппайгæ - æвиппайд; æнæфæстаг - æвæстаг; æнæцæрæг - æдзæрæг; æнæтæрсгæ - æдæрсгæ. Ирон æвзаджы мивдисæджы формæты фарста лæууыди Къостайы раз, æмæ куыста сæ рабæрæг кæныныл. Евангелийы къамисмæ 1902 азы цы фыстæг æрæрвыста, уым æмбарын кæны къамисæн мивдисæджы формæты равзæрд. Райста цал- дæр дзырды æмæ сæ ивы афонтæ æмæ цæсгæмттæм гæсгæ. Къоста зыдта ирон æвзаджы ныхасыздæхтыты хицæндзи- 15
«*> —Т^ —— 4?"Ъ>— — тффр— -«Г нæдтæ дæр. Йæ фыстыты афтæ фыссы: Хуссары ирон адæм уæлдай æнувыд сты дамгъæтæ Ш æмæ Ж-йыл. «Цæмæн» æмæ «дзурын»-ы бæсты уыдон пайда кæнынц «шæмæн» æмæ «журын». Нары комы биноныг цæрджытæ «цæмæн»-ы бæсты дзурынц «сæмæн», «дзурын»-ы бæсты та - «зурын». Цæгат ирон адæм уæлдай æнувыд сты дамгъæтæ «Ц» æмæ «3»-йыл. Иуæй-иу кæмтты цæрджытæ та хъусы нуæртты лыг кæнынц бынат кæмæн нæй, ахæм мыртæй - «Ш» æмæ «Ж»-йæ. Фыц- цæгтæ мæнæ ахæм ныхас: «æз сын загътон» зæгъдзысты «æз цын загътон», аннæтæ та: «æж шын жагътон». Ацы хъуыддæгты фæстæ нæм, æвæццæгæн, диссаг нал фæкæсдзысты, Къоста «Ирон фæндыр»-ы фыццаг рауагьды тыххæй цы фыстæджытæ фыста, уыдон. Ирон æвзаг хорз кæй зыдта, йе ’гъдæуттæ йын кæй æмбæр- ста, уый Къостайæн фадат лæвæрдта ирон æвзаг ног дзырдтæй фæхъæздыгдæр кæнынæн. Къоста йæхæдæг цы дзырдтæ са- рæзта, ахæмтæ бирæ ис йæ уацмысты. Зæгъæм, «Хъуыбады»- йы фыссы: «Бæгънæг, бæгъæмвад, Ыстонг, уысмæн - над» Ацы ран дзырд «уысм» йæ хъуыдымæ гæсгæ æвдисы рæс- тæджы бæрц, ома, иу цæсты фæныкъуылдмæ. Къоста ацы дзырды руаджы бæлвырддæр равдыста Хъуыбадыйы царды зын уавæртæ, æдзухдæр-иу над кæй æййæфта, уый. Къостайы уацмысты арæх æмбæлæм ногæй сырæзгæ ва- зыгджын дзырдтыл. Зæгъæм дзырд фоснымад: «Фæлæ Хъуыбады Йæ фоснымады Фынддæс нæ ары». Дзырд хъæусæр: йæ фос фæуагъта хъæусæр уæзæгыл. Дзырд фæсфæстагæттæ: абоны лæджыгъæд махæн нæ, фæлæ фæсфæстагæттæндæрцардыаргъкæду(«Хетæг»). Кæ- 16
«*——.^ф^— ^^———-^н^ *• нæ фæсном, цардамонд æмæ æндæртæ. Дзырд дæргъæрфыг: йæ бонæй уа, уастæн, дæргъæрфыг рæсугъд («Чи дæ?»). Ацы дзырд кæддæриддæр мыхуыр кодтой «даргъæрфыг» æмæ афтæмæй хæлдтой æмдзæвгæйы ритм. Ахæм формæ Къоста райста ирон æвзаджы закъонмæ гæсгæ: «даргъ» æн- дæр дзырдимæ бастæй вазыгджын дзырд куы ратты, уæд дзы арæх а-йы бæсты фæзыны æ, зæгъæм, дæргъвæтин, дæрдбæлццон - Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, фæцæуынц уæм дæрдбæлццонтæ («Ног боны зарæг»). Дзырд «ирæдис» - «Ирæдисæн бар ис йе фыр, йе рæуæд» («Чи дæ?»). Ацы дзырдæн ма ис æндæр формæ дæр - ирæдисæг, фæлæ ирæдис дæр раст арæзт у. Уый тыххæй бирæ аналогитæ ис æр- хæссæн: фыдхор (фыдхæрæджы бæсты), лæгмар (лæгмарæ- джы бæсты), хъæдхой (хъæдхойæджы бæсты). Æвзаг у, хуызтæ индивидуализацигонд цæй фæрцы цæ- уынц, ахæм фæрæз. Фыссæг цы хуызтæ, цы нывтæ февдисы, йе ’взаг дæр уыцы нывтыл баст вæййы. Къоста æвдисы тынг- дæр мæгуыр хæххон адæмы царды нывтæ, сæ царды уаг, сæ зæрдæйы ахаст. Иæ лексикæ дæр баст у уыцы хæххон адæмы цардимæ. Уымæ гæсгæ Къостайы уацмысты ис бирæ зæронд дзырдтæ-архаизмтæ: «Уæлыгæс-бынхорæй Фыййау дæр ысдæн, Дæс мæрты мын хорæй Лæвæрдтой мыздæн». («Чи дæ?») Ацы ран дæр ис, ныртæккæ не ’взаджы арæх чи нал æмбæлы, ахæм дзырд «мæрт». Йæ хъуыдымæ гæсгæ ацы дзырд æвдисы бæрц: ирон адæммæ уыдис ахæм хоры барæн, иу 6 килограммы бæрц кæм цæуы - фыййауæн кæнæ æххуырстæн йæ афæдзы мызд, хорæй фидгæйæ, цæмæй барстой, ахæм мигæнæн. *2 17
Архаизмтæм ахæсгæ сты ноджыдæр дзырдтæ: «Æфсургъ». «Астæуккаг æфсургъ лидзаг у фæндагæй»; «Чъепс». «Де ’фсургъы агъдæй та чъепс-иу куыд фесхъиуа, афтæ цæв бæхы». («Уæлмæрдты»). «Ерæдзыпп». Адæмы фæзмгæйæ, иухатт мæ ерæдзыпп ахастон тулдзджынмæ мемæ». («Ахуыр»). «Сынт». Иунæг лæппу йын уыд саукуырм зæронд фыдæн. Дарын æй байдыдта... Абон йæ сау сынтæн бахъуыд йæ сагой». («Уæлмæрдты»). Сынты хъилтæ-иу ацарæзтой сагойы хъæдæй, фиййаджы хъæдæй кæнæ æндæр ахæм истæмæй. Къоста тынг хорз зыдта ирон адæмы цардуаг, рагон ирон æгъдæуттæ. Иæ уацмысты иуæй-иу дзырдтæ баст сты уыцы зæронд æгъдæуттимæ. Зæгъæм, дзырд «ирæдис», куыд загъ- там, афтæмæй у иу вазыгджын дзырд. «Ирон фæндыр»-ы ре- дактортæ та дзы арæзтой дыууæ дзырды. Уый уымæн афтæ уыд, æмæ не ’мбæрстой, цæй тыххæй дзуры Къоста ацы ран, уьтй. Хъуыддаг афтæ у, æмæ рагон ирон адæммæ уыд ахæм æгъдау, æмæ-иу ирæдисджытæн чызджы хæдзарæй нæ, фæлæ-иу уыдон семæ уазæгæн кæй акодтой ирæдисæгæй, уыдонæн хъуамæ ирæдæй уæлдай уыдаид лæвæрттæ: чи-иу ратта далыс, чи фыр, чи род, æмæ уæдæ Къоста ам кæны уыцы æгъдауы кой, ома мæ ирæд цæттæ у, фæлæ ирæдисджытæн дæр - барæвзарæг хæйттæ: фырæй, родæй - кæй цы хъæуы, уый. Рагон дзырдтæ кæй хонæм, уыдон ирон адæмæн се ’ппæт не сты рагон. Уыдонæй ныртæккæ дæр пайда кæнынц Ирыстоны иуæй-иу рæтты. Ахæм хуызы дзырдтæм ахæссæн ис «барыс- чъи»: Зæгъæм: «барысчъидаргæйæ», сусæгæй бонæи сайд код- та йæ мæрдтæн. («Уæлмæрдты»). Дзырд барысчъидаргæйæ у вазыгджын мивдисæгæй арæзт фæрсагми «комдаргæйæ» баивæн, фæлæ уыцы дыууæ дзырды æхсæн сæ хъуыдымæ гæсгæ ис хицæндзинад. «Барысчъидарын» æрмæст комдарын нæу, фæлæ у судзаггаг марды тыххæй комдарын. Къоста бирæ тох кодта литературон æвзаджы сыгъдæгдзи- 18
**» — 5##&~ ^^ -^^^ надыл. Уый стыр æнувыдæй архайдта, цæмæй литературон æвзагмæ æнæхъуаджы, куыдфæндыйæ хаст ма цæуой æндæр æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæ. Гæнæн æмæ-иу амал куы нæ уал уыд, æрмæстдæр-иу уæд пайда кодта Къоста æндæр æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæй. Зæгъæм, дзырдтæ: кас, салдат, службæ æмæ æндæртæ сты уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæ, «беречет», «бересен» та у тæтæйраг æвзагæй æрбайсгæ дзырд. Къостайы агъоммæ ирон адæмы æфсадмæ нæ кодтой, æмæ сæ кæнын куы райдыдтой, уæд Къоста ныффыста æмдзæвгæ «Салдат». Уый «Ирон фæндыр»-ы фыццаг æмæ дыккаг рауа- гъдмæ хаст не ’рцыдис, паддзахæн службæ кæныны ныхмæ фыст кæй уыдис, уый тыххæй. Ацы æмдзæвгæйы рацыды агъоммæ ирон æвзаджы нæ уыдис дзырдтæ службæ, салдат, къазармæ æмæ æндæртæ. Æвзагзонынады фарстыты иттæг рæвдз уæвгæйæ, Къоста ирон литературæмæ бахаста бирæ ног дзырдтæ-неологизмтæ. Ног дзырдтæ Къоста арæзта дыууæ хуызы: 1 .Суффикстæ æмæ префиксты руаджы. Зæгъæм: зынад, ливорджын æмæ æн- дæртæ. 2. Дзырдтæ кæрæдзимæ æфтауыны руаджы, ома, ва- зыгджын дзырдтæ: хъæдкъул, схъæлдзырд, цардбæллон, дарддзæст æмæ æндæртæ. Ирон æвзаджы мидæг бирæ нæй ахæм грамматикон кате- горитæ, Къостайы æвзаджы чи нæ фембæлд æмæ Къоста кæмæй нæ пайда кодта. Куыд зонæм, афтæмæй дзырдтæн вæййы комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуджытæ. Аив литера- турæйы дзырдтæн канд сæ бындурон нисаниуджытæй нæ пайда кæнынц, фæлæ ма сын пайда кæнынц сæ фæрсаг ны- саниуджытæй дæр. Къостамæ тынг арæх сты, фæсномыгæй кæмæй пайда кæны, ахæмтæ. Куыд, зæгъæм, метафорæтæй. «Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæн» - ам дзырд цырагъдарæй комкомæ æмбаринаг нæу. Кæнæ: «Æз дæ зарынмæ куы хъусын, уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын, о, мæ хуры хай, азар-ма, чызгай!» Ам дæр Къо- 19
^Ф 5^^ (^^Ф —^^Р &* ста æцæг хуры хайы кой нæ кæны, фæлæ йæ хуры хай хоны чызгайы. Къостамæ тынг арæх сты ахæм фæзилæнтæ, æмæ иу пред- мет, иу фæзынд иннæуыл куы абары: «Калмау мын мæ риу судзгæ баууылдта, Маст-зæрдæхалæн, йæ тых басæтта». («Фесæф») Кæнæ: «Махæн та нæ гæдыйы уаст Мардыл кæуæгау хъуысы». («Мæгуыры зæрдæ») Ныхас рæсугъд цæмæй кæны, уыцы фæрæзтæй иу у эпи- тет. Къостайы эпитеттæ сты семыдзаг хъуыдыйæ, цыргъ- зонддзинадæй. Сæ иуæй-иутæ сты эмоционалон, иннæтæ та æвдисынц ныв, зæрдæйы конд, зæрдæйы уаг. Зæгъæм: «Маст зæрдæхалæн, Иæ тых басæтта». («Фесæф») Кæнæ: «Дæ фидауыц хъазтмæ, Дæ симгæ кафтмæ Кæм лæууы иунæджы зæрдæ». («Усгуры хъынцъым») Къостайы куыстытæн сæ фылдæр хай сты æмбисæндтæ: «Иæ фыды фæндиаг кæм вæййы фырт дæр, Лæппуйæ рæдиаг нæ вæййы æвзæр». («Чи дæ?») Кæнæ: «Лæджы, дам, бас куы басудзы, Уæд фу кæны йæ доныл дæр». («Æхсины лæг») 20
*а>- ц^ — —<^^ *$фФе? Къоста уыдис адæмон поэт, фыста фæллойгæнæг дзыллæты тыххæй æмæ уымæ гæсгæ, цы æвзагыл дзырдта, уый йæ лексикæйæ дæр æмæ йæ синтаксисæй дæр у дзыллæты æвзаг. Къостайы поэтикон синтаксисон хицæндзинад, сæйраджы- дæр, уый у, æмæ дзырдтæ хъуыдыйæдты сæ бынаты æвæрд сты. Ирон æвзаджы бæрæггæнæн æвæрд вæййы кæддæриддæр бæрæггæнинаг дзырды разæй, æмæ Къоста дæр уыцы прин- ципыл хæст у. «Бæрзонд урс хæхтæ, Æнкъард къæдзæхтæ, Æгомыг бæлас Фыййауы уарзынц æмæ Йын зарынц сæ сусæг ныхас». («Хъуыбады») Поэт-фыссæг тырны уымæ, цæмæй йæ ныхас кæсæджы зæрдæмæ фæцæуа, сагайа йæ, бынат дзы скæна æмæ йæ йæхирдæм раздаха. Поэт архайы, цæмæй йын эмоционалон уа, æмæ агуры алы амæлттæ. Уый тыххæй йæ ныхасы куы фарсты интонаци райсы, куы хъæры, куы йæ æваст фæлыг кæны, куы та хъуыдыйæдты хæйттæй фæуадзы. Уый у, цы зæрдæйы уаг æм уа, кæнæ цы ныв, цы фæзынд æвдиса, уымæ гæсгæ. Къоста ахæм фæзилæнтæй арæх пайда кодта. Зæгъæм, тынг арæх пайда кæны, хъуыдыйады мивдисæг цухгонд куы æрцæуы, фæлæ йын æнцонæй бавæрæн куы вæййы, уыцы фæрæзæй. «Алы куыстæн - рад, Дзидзидайæн - мад, Хорз фыййауæн - фос, Бирæ фосæн - хос». («Кæмæн цы?») Арæх пайда кæны риторикон фарстытæй, ома фарст æвæры æмæ йын йæхæдæг дзуапп дæтты:
«Ъ>_ _ -цзФ^У -фГ’Ъ мсф^Г «Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй, Тыхгæнæг хæддзуйæ, дæ ма уæд мæ мæт. Тыхгæнæг хæддзуйæ, кæд искуы фæндонæй Æууæпкагæй радтай рæстæнхъæл дæ бар». Кæнæ: «Мæ хæлар, мæ уарзон, Æнæзонгæ уарзон! Цы номæй дæм бадзурон, Уый ма мын зæгъ!» Æмткæй уый зæгъын хъæуы, æмæ Къостамæ хъæрон æмæ фарстон синтаксисон конструкцитæ бирæ ис æмæ сæ тынг арæх пайда кæны. «Йæ бонæй уа зæрдæ, - Куыд хивæнд у, куы? Зæгъ-ма йын: «Æвзæр дæ», Уырны йæ бæгуы!» Къостамæ ис ноджыдæр ахæм синтаксисон конструкцитæ: а) суинаг афоны бæсты фæзæгъы ивгъуыд афон. «О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, Цухъхъатæ дарæн мын нæй... Морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ Нал срухс кодтай, мæ мад!» Ныры афоны бæсты пайда кæны суинаг афонæй: «Ацу-иу уырдыгæй! Ус кæуы хибарæй». (« Уæлмæрдты »)
Ирон æвзаджы цыдæриддæр ис спецификондзинадæй, уы- дон иууылдæр ссардтой бынат Къостайы æвзаджы æмæ йын уымæн афтæ аивæй æвдыст æрцыдысты йæ уацмыстæ. Мæнæ куыд зæгъы ыæ зынгæ ахуыргонд Абайты Васо Къо- стайы диссаджы арæхстдзинады тыххæй: «Æвæдза, чысыл фыст ис нырма, тынг чысыл нæ цытджын поэты сфæлдыстады уыцы ахсджиаг фæрæзы фæдыл. Уæвгæ та цыфæнды арф, ми- дисджын уацмыс дæр адæмты зæрдæтæм фæндаг никуы ссар- дзæн, хъæздыг æвзагæй фыст æмæ аивадон ахорæнтæй дзæбæх фæлындзыд куы нæ уа, уæд. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, уыцы-иу рæстæджы уырыссаг поэзи æмæ ирон адæмон сфæлдыстад иттæг хорз сахуыр кæнгæйæ, Къоста йе сфæлдыстады баиу кодта уыцы дыууæ хотыхы хъæздыгдзинæдтæ, бахсыста сæ йæхи æрдзæй рахæсгæ стыр куырдиаты куырдадзы æмæ ссис аив дзырды æрдхæрæны зæрингуырд. Ничи ма йæ баййæфта». (Абайты Васо «Ныхас Къостайы тыххæй»). «Тæхуды, йæ дзыллæйы раз чи ракæны барджын ныхас, Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй! Тæхуды, йæ уарзондзинад, йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй». («Тæхуды») Æмæ Къостайы бæллиц, æцæгæйдæр, сæххæст. Ныууагъта йæ зонд, йæ кад, йæ уарзондзинад йæ фæдонтæн. Азæй-аз кадджындæр, азæй-аз бæрзонддæр кæны Къо- стайы ном: Къостайы хъæу, Къостайы колхоз, Къостайы но- мыл университет, Къостайы номыл уынг, Къостайы номыл театр, Къостайы номыл музейтæ, Къостайы номьтл нау, Къо- стайы номыл проспект. Æмæ та йæ «Ирон фæндыр»-ы 100 азы юбилеймæ канд ирон адæм нæ, фæлæ дунейы æхсæнад ног нæмттимæ бæрæгбон кæндзысты Къостайы бонты. Къоста цæры йæ адæмты зæрдæты, йæ адæмы хъуыддæгты. Уый у не ’мдугон. Цæудзысты азтæ, æмæ Къостайы ном кæндзæнис 23
*^> —^ф^д —^^— « 5^ ®Г бæрзонддæр æмæ кадджындæр. Цытджын советон фыссæг Фадеевы загъдау: «Къстайы ном, куыд фæзæгъынц, «гыц- цыл» ирон адæмы стьтр поэты ном - бахаудзæн зæххы къо- рийы æппæты зынгæдæр адæймæгты номхыгъдмæ. Ирон адæмæн сæ бон сæрыстыр уæвын у, дунеон культу- рæйы хæзнадоны сæ цытджын хъæбул - стыр поэт æмæ стыр нывгæнæг Хетæгкаты Къоста уд кæм бауагъта, уыцы уацмыстæ дæр налхъуыт-налмасау цæхæртæ кæй калынц æмæ дзы сæрмагонд бынат кæй ахсынц, уымæй. Алы адæмтæ дæр æхсызгон æмæ сæрыстырæй фæзæгъынц, дзыллæйы цæсты сæ кадджын чи скодта, сæ национ гени уал- дзыгон дидинæгау кæй фæрцы райхæлд, сæ уыцы ахсджиаг хъæбулты нæмттæ: англисаг сæрыстырæй фæзæгъы Шекспи- ры ном, шотландиаг - Берны, немыцаг - Гейнейы, италиаг - Дантейы, уырыссаг - Пушкины... Мах, ирæттæ, та фæзæгьæм Къоста, æмæ нын уыцы ном нæ зæрдæтæ байдзаг кæны æгæрон сæрыстырдзинад æмæ хъæбулы уарзондзинадæй. «Къоста! Нæргæ зарæг, йæ зонд, Йæ ном, йæ цыт - нæ Ирæн, Нæ хæхтау слæууыдис бæрзонд, Æмæ нæры йæ лирæ!» (Козаты Исидор) НИГЕР - ÆВЗАДЖЫ ЗÆРИНГУЫРД Нигер - стыр поэт, литературæзонæг, зонадон æмæ æхсæ- надон кусæг кæй уыдис, уый тыххæй бирæ дзырд цæуы, фæлæ Къостайы фæстæ ахъаззаг дзырды дæсны кæй уьтдис æмæ уыцы фарсты фæдыл нырма дæр сæрмагонд бындурон куьтст кæй нæма фæзындис, уый бæрæг у. 24
^Ф— -чзф^г Ф^^ ц^^^ *** Нигеры сфæлдыстадыл амæй размæ цы куыстытæ фыст æрцыдис, уыдоны мидæг кæнæ йæ уацмысты æвзаджы кой æппындæр нæй, кæннод та уыцы фарст ахсы чысыл бынат. Нигеры уацмысты æвзаг афтæ хъæздыг у, афтæ рæсугъд, афтæ хæрзгъæд у, æмæ йæ алы æмдзæвгæ дæр æвзæрст хъуамæ æрцæуа æвзагзонынады æгъдæуттæм гæсгæ дæр. Уый у ирон æвзагыл кусджытæн сæ сæйрагдæр хæстæй иу. Ацы ран æв- загзонджытæ ссардзысты уæрæх бындур сæ зонадон иртасæн куыстытæн. Нигер ирон æвзаджы зæрингуырд кæй у, уыцы фарстыл дзургæйæ, фыццаджыдæр, æркæсын хъæуы Нигеры уацмы- сты æвзаджы миниуджытæм, ома ирон æвзаджы хъæздыг ав- налæнтæй куыд арæхстджынæй пайда кодта, уымæ. Дыккаг фарст та у, Нигер поэт, литературæзонæг уæвгæйæ, куыд æвзæрста ирон грамматикæйы иуæй-иу фарстатæ, стæй куыд куыста, куыд ирон фысджыты æвзаджы миниуджытæ равзарыныл, афтæ уырыссаг æмæ фæсайрæйнаг фысджы- ты поэтикæ æмæ сфæлдыстады фарстатыл дæр. Ацы ран æз мæ разы не ’вæрын ахæм стыр хæс æмæ бындуронæй, стæй алыварсонæй равзарон Нигеры уацмысты диссаджы æвзаг, уымæн æмæ уый хъуамæ монографион куыст уа. Æмæ цæмæй уый къухы бафта, уый тыххæй зæгъын хъæуы: иу кæнæ иннæ фыссæджы уацмысты æвзаджы тыххæй дзырд куы цæуа, уæд иртасæг æнæмæнгæй хъуамæ базонгæ уа фыссæджы къухфыстимæ, уæд бæлвырдæй разындзæнис иу кæнæ иннæ фыссæг куыд куыста йе ’мдзæвгæты хæрзгъæддзинадыл, уый. Къостайы къухфыстимæ адæймаг лæмбынæг куы базонгæ вæййы, уæд дисы бахауы, цал æмæ-иу цал хуызы аивта йе ’мдзæвгæты рæнхъæвæрд. Мæнæн ацы куыст фысгæйæ фа- дат нæ фæцис Нигеры къухфыстытимæ базонгæ уæвын. Ни- гер бахаста йæхи æрмдзæф куыд ирон поэзимæ, афтæ ирон æвзагмæ дæр, æмæ ирон литературæйы, ирон поэзийы дæр уымæн бацахста ахæм стыр бынат. Никæимæ хæццæ кæны ку- 25
^ -ф^^ —<*»•*>- —55^ &* ыд йе стилæй, афтæ йе ’мдзæвгæты рæнхъыты арæзтæй дæр, стæй йæ синтаксис, ома йæ хъуыдыйады арæзтæй дæр, уы- мæ га^сгæ йе ’взаг зыланг кæны, у музыкалон. Нигер поэзи- йы размæ æвæрдта стыр хæстæ: поэзи хъуамæ æвдиса цар- ды æцæгдзинад, поэты фæндыр хъуамæ мæнгдзинад макуы цæгъда: Нарты фæндырау Нигер йæ фæндыры сарæзта йæ зæрдæйы тæгтæй æмæ сæ йæ туджы рафыхта. Уый бæрæг у йе ’мдзæвгæ «О, мæ фæндыр»-ы (1920 азы фыст). «Зон, мæ зæрдæйы тæгтæй дын сарæзтон тæнтæ, Рафыхтон сæ стæй мæ туджы, макуы цæгъд мæнгтæ». Уацмысæн йæ хъуыды, йæ идеятæн стыр аргъгæгæнгæйæ, Нигер бæрзонд æвæрдта уацмысæн йæ аивдзинад дæр, æвзаджы хæрзгъæддзинад дæр, аивадон амæлтæй дæр, куыд аивадон бæрæггæнæнтæ, метафорæтæ, абарæнтæ æмæ афтæ дарддæр. Уый агуырдта йе ’мдзæвгæтæн ног формæтæ. Нигеры æнæрифмæ æмдзæвгæтæ сты аивадон æгъдауæй тыхджын. Поэт фидардæр кæны æмдзæвгæйы ритм, дзырдтæн æвзары сæ аивдæрты æмæ ахсджиагдæрты. Зæгъæм, йæ поэмæ «Сатай-хан»-ы фæлгонц хуыздæр рав- дисыны тыххæй рифмæтæй не спайда кодта, фæлæ спайда кодта аивадон бæрæггæнæнтæ æмæ эпитетæй. Циу, цæ дидинæг йæ цуры! Циу, цы де ’стъалы йæ фарсмæ Арвы ’рттывдау уыд йæ фæзынд, Хуры тынау уыд йæ бахудт, Хъазы хуызæн уыд гуырвидыц, Наз бæласау уыд йæ арæзт, Дидинæджы зæнг - йæ астæу Разагъды чызг уыд Сатай-хан. Фæлæ уый æмрæстæджы Нигер йе ’мдзæвгæты рæсугъд- 26
*-&г *^>- дзинадæн арæх пайда кодта ирон æвзаджы омонимон риф- мæтæй: Раст йæ тæккæ раз ис авдæн, Уым хуыссы йæ фырт, - Цæра - Се ’ппæты хистæр у авдæн. Фыццаг строфæйы дзырд авдæн у номдар, номон хауæны. Æртыккаг строфæйы та авдæн у нымæцон дæттынон хауæны. Сты æнæххæст омонимтæ. Науæд: Хъус-ма, уæртæ комæй булæмæргъ ныууасы, Диссæгтæ йæ комæй хуры рухсмæ калы, Багæдзæ кæн, зонын, фидын мæ кæй хъæуы, Фæлæ цæй нæ хъæуы чи ратдзæнис хæс. «Терчы цур» Зымæг, бамбæрзтай нæ митæй. Нал ыстæм сæрæн дæ митæй. Науæд ма æркæсæм рифмæтæ аразынæн куыд æвзары па- ронимон дзырдтæ: Цæрдзыстæм!.. Зон, фæцæры уаллон Дæ цардæй фаджысы, йæ фаг Фæабухы, фæлæ дæ баллон Нæ дæн: æз хъуамæ уон æрдаг. Цагъайраг дуг цæмæй уа къаддæр. «Мулдар» Ацы ран банысан хъæуы уый, æмæ уаллон æмæ баллон ара- зынц паронимон рифмæтæ. Дзырд «баллон» ахæм арæзты арæх не ’мбæлы, ис къорд - балы нысаниуæджы, ома, æз нæ 27
дæн балæй, дæ късдодæй, цы ран дзырд бал-мæ æфтыд æрцыд формант «он», йæ размæ сонант л геминацигонд æрцыдис æмæ дзы сырæзт ног дзырд баллон, кæнæ иннæ паронимон къорд «йæ фаг - æрдаг». Дзырд æрдаг нысан кæны цæрæнбонтæм диссагæн дзуринагæн чи баззад, ахæм, ома ард-гт-æй. Нигеры æмдзæвгæтæ кæсгæйæ, арæх фæхатæн ис ахæм фæ- зындтæн куыд, дзырдты фæлхатт кæнынц. Афтæ зыны, цыма фæлхатт кæнын нæу æвзаджы рæсугъдгæнæг миниуæг, фæлæ Нигер ацы фæзындæй афтæ арæхсджынæй пайда кæны, æмæ æмдзæвгæйы арæзт лæмæгъдæр нæ, фæлæ тынгдæр зæлланг кæны, йæ мидис та арфдæр æмæ тыхджындæр кæны. Зæгъæм, поэмæ «Мулдар»-ы йæ сæйраг хъайтар Мулдар йæ тугцъир æмæ цъаммар æлдаримæ лæгæй-лæгмæ куы фембæлд, уæд ын дзуры: Æгъгъæд, æгъгъæд! Нæ цард ыссымæр ехсы цæфæй, Фæлтау мæлæт! О, о, мæлæт, мæлæт æлдарæн! Кæнæ: Цæрдзыстæм, загътай, фæлæ абон Æрцыд, æрцыд дæ кæрон, зон! Дæ сау туг акæндзæни суадон. Ацы строфæйы ма фæлхаттæй уæлдай банысан хъæуы уый, æмæ рифмæ бахъахъхъæныны тыххæй (зон-суадон) дзырд су- адоны уагъд æрцыд хуызæнон хауæны кæрон -ау, фæлæ уый æмдзæвгæйы арæзтыл æвзæрырдæм нæ зыны. Ахæм арæзтыл æмбæлæм Къостамæ дæр. Зæгъæм, Къостайы «Уайдзæф»-ы ис ахæм строфæ: «фосæн æз зымæг дæр нал цæуын сæ фæд», хъуамæ уыдаид сæ фæдыл, ам дæр уагъд æрцыди æддаг бы- нæттон хауæны кæрон -ыл. Нигер йе ’мдзæвгæты аивадон бæрæггæнæнтæй афтæ ар- æхстгай пайда кæны, æмæ кæд кæрæдзийы фæдыл æвæрд æрцæуы цалдæр бæрæггæнæны, уæддæр уыдонæй иуæй дæр 28
^- —т#4^ ^^ *#4^ ** нæй зæгъæн, зæгъгæ, йæ бынаты нæй, кæнæ уæлдай дзырд у. Зæгъæм, йе ’мдзæвгæ «Дæу цы домы»-йы мæгуыр лæджы зæрдæйы рыст кæсæджы зæрдæ цæмæй тынгдæр бацагайа, уый тыххæй уады ниуын абарста куыдзы ниуынимæ, фæлæ цæмæй архайды ситуаци фæтынгдæр кæна, кæсæджы зæрдæ цæмæй ноджы нырриза, уый тыххæй дзырд «куыдз»-ы разæй æрæвæрдта æртæ бæрæггæнæны: Ды нæ хъусыс, уад куыд ниуы Тард, мæллæг зæронд куыдзау, Ды нæ зоныс, зæрдæ риуы, Уыцы ниуынæй ныссау. Ирон æвзаджы дзырдты кæрæдзийы фæдыл æвæрды фæткмæ гæсгæ бæрæггæнæн æвæрд вæййы бæрæггæнинаг дзырдæн йæ разæй æмæ йын æрæвæрæн нæ вæййы йæ фæстæ. Уый ирон æвзаджы родты хицæндзинад кæй нæй, уый тыххæй афтæ у. Фæлæ бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзырдæн йæ фæстæ æвæрд куы æрцæуы, ахæм дзырдбастытæй пайда кодта Нигер дæр: Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл, Уым бæрзбæлас, - урсзæнг, - дондзаст зади. Кæнæ поэмæ «Бадилон симд»-ы Фацбайы портрет æмæ ха- рактер нывгæнгæйæ: Йæхи сабыргай æрбайсы хъазтмæ, Бецау, Фацбай дæр, бæрзонд, фæтæнуæхск, Куыстуарзаг, сабыр... Ам цалдæр бæрæггæнæны ис, фæлæ ацы фæзынд æмбæлы иу бæрæггæнæнимæ дæр: «Фæуади рындзмæ Гуыйман- цæхæрцæст, кæсы ’мæ дагъы æппындæр ницы». Кæнæ: 29
Æрбадти рындзыл Хъасбол мæнгардлæг. Науæд: Фæлæ йын фæркгай ыскодта йе ’гъдтæ Силæм къуыбырхъус. («Уæхæтæджы фырт чысыл Гуыймап»). Нигер йæ уацмысты канд аивадон бæрæггæнæнтæй нæ пайда кæны, фæлæ йæм æмбæлæм арæх ног арæзт дзырдтыл дæр. Зæгъæм, «Æфсати»-йы. «Хъæлсытæм акæсы айнæджы хъæлæсты», кæнæ: «Æф- сип сыл царв уадзы хъæлацы дзыхæй («Терчы цур»). Æфса- тийы ноджыдæр ис ахæм дзырд «сахуыста». Ацы дзырд ирон æвзаджы æмбæлы «ацахуыста»-йæ, йæ райдиан формæ «аца- ходын», фæлæ дзы Нигер спайда кодта афтæ: Кувинагæй дæр куыд æмбæлы сахуыста, Чъиритæ, авджыдзаг авæрдта хызыны. «Æфсати» Ацы ран, цæмæй æмдзæвгæйы ритм ма фехæлдаид, уый тыххæй аффикс А-йы бæсты спайда кодта С-йæ, афтæ æмæ преффикс С бафтаугæйæ, иуцавдон уæнг фæкъаддæр, æмæ æмдзæвгæйы арæзтæн та афтæ æмбæлди: Дыууæ хъæлæсон А-йы ахаудимæ уый дæр фесæфти. Нигеры æвзаджы миниуджытыл дзургæйæ, æнæфæхатгæ нæ фæуыдзæн кæсæг, тынг арæх кæй пайда кæны ирон æв- заджы сидæны алы хуызтæй, уыимæ пайда кæны арæх фæ- дзæхстон здæхæны мивдисджытæй. Уый уымæн афтæ у, æмæ Нигеры поэзи æнæхъæнæй дæр у сæрибармæ сидæг поэзи, фæсивæдмæ, нæ сомбоны ныфсытæм сидæг поэзи: Сабитæ - нæ дарæг, райы уæм мæ зæрдæ, Байрæзæнт уæ сæртæ, ут рын, сонæй хызт. («Терчы цур») 30
^ й^ — -^*^— ч#5%г — <уГ Науæд æмдзæвгæ: «Размæ»-йы (1917 азы фыст) улæфы ре- волюцион пафос: Кæм ыстут, лæппутæ! Цæмæй ма тæрсут, Æрцæут, - ысласæм Æлдарæн йæ уд!.. Нигеры поэтикон æвзаг арæзт у адæмон æвзаджы синтак- сисы бындурыл. Нигеры синтаксисы мидæг ис адæмон æвзаг- мæ гæсгæ арæзт æнæмивдисæгон хъуыдыйæдтæ. Ахæм хъуы- дыйæдтæ сты дыууæ хуызы: 1. Хъуыдыйады мидæг цухгонд æрцæуы æххуысгæнæн мивдисæг - зæгъинаг, фæлæ йын æнцонæй вæййы сбæлвырдгæнæн йæ хъуыдымæ гæсгæ. Ни- гер, Уæхатæджы фырт чысыл Гуыйманы портрет афысгæйæ, спайда кодта æххуысгæнæг мивдисæг цухгонд кæм æрцыд, ахæм хъуыдыйæдтæй: Хызын - йæ фарсыл, Æрчъитæ - къæхтыл, Йæ уæнгтыл - цухъхъа, Сæныккдзарм - худæн, Хъыримаг - ифтонг, Йæ фарсыл - хъама, Лæдзæг - йæ къухы, Гъе, уый - йæ фæлыст. Ацы афысты кæд æххуысгæнæг мивдисæг цухгонд æр- цыд, уæддæр йæ бæсты æвæрд æрцыд тире. 2-аг хуызы æнæ- мивдисæгон хъуыдыйæдтæ, ома мивдисæг зæгъинаг кæм нæ вæййы, ома хъуыдыйады аразынæн пайда дæр чи нæ вæййы, ахæм хъуыдыйæдтæ синтаксисы ахæсгæ сты хуымæтæджы хъуыдыйады хуызтæй элиптикон хуымæтæг хъуыдыйæдтæм. Ахæм хуызы хъуыдыйæдтæй Нигер спайда кодта йæ поэмæ «Терчы цур»-ы; 31
-Ц$& —<^^ Кæнæ: Кæм хæрæг æд къæлæу, Кæм рæуæд, кæм далыс, Кæм сыхаджы нард фыс Иууыл хуымы, кæс! Хæрд, кæрдзын, махсымæ, Сарайы мæ хуыссæн, Буцдарæн мæ лыстæн - Ног фæлвых кæрдæг. (Уый дæр уым) Нигер пайда кæны контекстуалон хуымæтæджы хъуыдый- ады хуызтæй дæр: Æрттивы рухс хур, Тæмæнтæ калы, Йæ тынтæ дардæй Æрвиты зæхмæ, Æрвиты амонд, Æрвиты буц фын... («Бадилон симд») Ацы строфайы ис фондз хъуыдыйады æмæ дзы хур - сæй- рат æрмæстдæр пайдагонд æрцыдис фыццаг хъуыдыйады контексты, иннæ хъуыдыйæдтæй иуы дæр нæй, фæлæ фыццаг хъуыдыйады контекстæй бæрæг у, архайæг кæй у хур æмæ сты контекстуалон хуымæтæг хъуыдыйæдтæ. Пайда ма кæны куыд номинативон, афтæ æнæцæсгомон хуымæтæг хъуыдыйады хуызтæй дæр. Зæгъæм: «Уыд уалдзæг. Райсом. - номинативон хъуыдыйад. Кæнæ: Æрталынг. Ден- джыз. Уый дæр цыма бамбæрста æхсæвы тых. Фегуыппæг. Ам дæр æрталынг æмæ фегуыппæг сты æнæцæсгомон: Денджыз та - номинативон хъуыдыйад. Хъуыдыйады дзырд- ты рæнхъæвæрд сæйраджыдæр вæййы дыууæ хуызы: 1. Ком- 32
^-— ,4^ ——^^>—-——-*М*- ——** коммæ рæнхъæвæрд. 2. Фæрсаг рæнхъæвæрд. Комкоммæ рæн- хъæвæрд у ахæм, цыран сæйрат вæййы зæгъинаджы разæй, ирон æвзагæн ахæм рæнхъæвæрд характерондæр у, æмæ сæ Нигер дæр пайда кæны: Мæнæ фæсивæд царды ралæууыд, Дард йæ зарды хъæр хъуысы дунетыл... Фæлæ зæгъинаг разæй куы вæййы æмæ сæйрат йæ фæстæ æвæрд куы ’рцæуы, уæд уый та у фæрсаг рæнхъæвæрд, фæлæ куыд сæ иу, афтæ иннæ дæр сты ирон æвзаджы дзырдты кæрæ- дзийы фæдыл æвæрды фæткы рæнхъæвæрд, æрмæст фæрсаг рæнхъæвæрдæй фæпайда чындæуы фыссæджы архайд бахахх кæныны сæр куы фæхъæуы, уæд, ома уæд зæгъинаг æвæрд æрцæуы сæйраты разæй. Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуыры къæхты бын ниуынц сæ марджытæ, Фидынц сæ бонтæ сыдæй («Цæр») Кæнæ: Хъазынц сау хæхтæ, кафынц урс миттæ, уасы уа- ссегой, зары булæмæргъ. Нигермæ æмбæлы фисынмæ рæн- хъæвæрд дæр: Бон хурмæ нывæнды Рæсугъд хуры тын, Æхсæв æй æрфæнды Мæимæ хæтын. Нигер ирон æвзаджы авналæнтæ иттæг хорз æмæ алыварсо- нæй кæй зыдта, стæй ирон грамматикæйы фарстытæ дæр, уый æрмæст йæ уацмысты æвзагæй бæрæг нæу, фæлæ Нигер цы къорд зонадон куысты ныффыста ирон грамматикæйы фар-
^> —йзФФез &**ъ> чдф^* ^ стыты фæдыл, уыдоны бæрæгæй зыны, канд поэт, критик, æхсæнадон архайæг кæй нæ уыд, фæлæ кæй куыста ирон æвза- джы иуæй-иу фарстытьтл дæр. Куыд, зæгъæм: «Дæргъвæтин æмæ цыбыр хъæлæсонтæ ирон æвзаджы». Фыст æрцыдис 1920 азы, фæлæ нæ фесæфта йæ зонадон нысаниуæг абоны онг дæр. «Мивдисæджы префикс «ны», - уый та фыст æрцыд 1932 азы. Куыста фысджыты æвзаг æмæ уыдоны поэтикон синтак- сис раиртасыныл. Куыд, зæгъæм, йæ куыстытæ: «Къостайы æвзаджы тыххæй», «Дзырды дæсны», «Брытъиаты Елбызды- хъойы драмæты æвзаджы тыххæй» æмæ афтæ дарддæр. Чи фæнымайдзæн Нигеры алыварсон куыстытæ, ирон æвзаг, ирон литературæ, ирон аивад æмæ культурон рæзтыл куыд ар- хайдта, уыдæттæ. Нигер цардис æмæ куыста йæ адæмы тыххæй, уый уы- дис гуманист. Нигер æвдисы адæймаджы стырдзинад, йæ уды рухс, йæ зонды тых. Уыдон раргом вæййынц тохы. Поэтмæ гæсгæ адæймаг у хъуыдыгæнæг æмæ аразæг, йе стырдæр иде- ал - сæрибар, йæ нысан - фидæны фарн. Нигер куыста æмæ цард уыдоны сæраппонд. Бæрзонд æмæ рæсугъд нысанæй æв- зары бæрзонд æмæ рæсугъд поэзи - уымæн та йæ хуыздæр æууæл - адæймагдзинад. Уый тыххæй Нигер йæ «Хъырымаг миниатюрæты» зæгъы: «Æз хицау - æрдзы хицау! Мæ ном - адæймаг. Цы диссаг рæсугъд дзырд у «Адæймаг». Цы хъару, цы ныфс дзы хъуысы, цы?!» Уæдæ Нигеры бон уыд зæгъын фидарæй: Адæм, дæ фырт дæн, Дæ хъæбул дæн æз. Адæм, дæ туг æмæ де стæг дæн æз! 34
«*>-—_-_^^ ^^ —~ч#4^ —*Г НОМДЗЫД АХУЫРГОНД - ÆВЗАГЗОНÆГ АНДРЕЙ ШЕГРЕН Ирыстон Уæрæсеимæ кæй баиу, уыцы цауæн ирон адæмы царды уыдис стыр политикон-экономикон æмæ культурон нысаниуæг. Ирыстоны историйы ныллæууыд ног дуг: ирон адæмьт хъысмæт фидар баст æрцыд Уæрæсейы хъысмæтимæ. Ирыстон иппæрд нал уыд дунейы историйæ, рахызти историон рæзты уæрæх фæндагмæ. Кæд уырыссаг-ирон бастдзинæдтæн сæ уидæгтæ хæццæ кæнынц суанг рагзамантæм, уæддæр 1774 азы цы стыр цау æрцыд - Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны цау - уымæн абарæн ницæимæ ис. Ирон адæм æввахсдæр балæууыдысты уырыссаг адæмы культурæмæ, цæрæнбонтæм фервæзтысты мыггагон æмæ сы- хагон чысыл тохтæ æмæ хæстытæй. Сæ историон хъысмæт фæивта хуыздæрырдæм. Уырыссаг ахуыргæндтæн фæцис чы- сыл адæмты цард, культурæ, се ’взаг æмæ фольклор хуыздæр раиртасыны фадат. Æмæ уый та ирон адæмæн лæвæрдта йæ культурæ рæзты фæндагьтл слæууын кæныны фадат. Ууыл дзурæг у фыццаг «Ирон грамматикæ» саразæг, ном- дзыд уырыссаг æвзагзонæг Андрей Шегрены хæрзиуæгон архайд Х1Х-æм æнусы 40-æм азтьт. Кæд 1774 аз - Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныньт аз уыд ирон адæмы царды фыццаг уалдзæг, уæд 1844 азæн, Шегрены «Ирон грамматикæ» фæзы- ныны азæн та схонæн ис ирон культурæйы, сæрмагондæй ирон æвзагзонынады фыццаг зæрватыкк. Уыцы аз Шегрен бахæццæ йæ тæккæ лæджы кармæ, цыдис ыл 50 азы æмæ йæ йæ хъысмæт æрхаста Ирыстонмæ. А. М. Шегрен райгуырд 1794 азы 26-æм апрелы Финлян- дийы, Ситтикалы хъæуы, дзабырхуыйæджы хæдзары. Ку- ыд астæуккаг скъола, афтæ университеты ахуыргæнгæйæ дæр, Шегрен йæ хъус лæмбынæг дардта ног æмæ классикон æвзæгтæм, стæй хурæскæсæйнаг æвзæгтæм дæр. 35
1819 азы А. Шегренæн лæвæрд æрцыд философийы док- торы ном æмæ уыцы аз йæ фæндаг акодта Петербургмæ. 1829 азы æвзæрст æрцыд уырыссаг зонæдты академийы адъютантæй, 1831 азы та - академикæй. Уый размæ дæр, стæй Петербурджы уæвгæйæ дæр, Шегрен йæ хъус дардта, XVII- XIX æнусы райдианы онг Ирыстон æмæ Кавказы цы бирæ фæндаггонтæ уыдис, уыдоны куыстытæм. Шегрен йæхæдæг зæгъы, зæгьгæ, нæ зонæдты академийы бахæсмæ гæсгæ зынгæ немыцаг ахуыргонд Клапрот 1812 азы йæ куысты «Балц Кавказ æмæ Гуырдзыстонмæ», мыхуыры куы рауагъта, æмæ уым кут фехъусын кодта Кавказаг хæххон ирон адæмы тыххæй, уæлдайдæр та се ’взаджы тыххæй, уæд ацы фарст йæхирдæм аздæхта æппæт филологты æмæ истори- кты хъусдард. Клапроты, стæй уый размæ цы фæндаггонты фыстытæ фæ- зындысты ирон æвзаджы тыххæй, уыдон кæд зынгæ бынат ба- цахстой ирон адæмы историйы, уæддæр сын банымайæн нæй зонадон куыстытыл, уымæн æмæ сæ, сæйраджыдæр, æвдыст цыдис æвзаджы лексикон абарстытæ, фæлæ сæ сæйраг ныса- ниуæг уый мидæг ис, æмæ-иу цы æрмæг æрæмбырд кодтой, уый лæвæрдта ирон æвзаджы истори зонадон æгъдауæй саху- ыр кæныны фадат. Афтæмæй уæды ахуыргæндты раз слæууыд фарст, цæмæй ирон адæмæн, ирон æвзагæн фæзындаид йæхи фыссынад. Ацы хæс сæххæст кæнын æрхаудта академик Ан- дрей Шегренмæ. Йæ цæст кæй рыстис, уымæ гæсгæ йын дохтыртæ бауы- наффæ кодтой Кавказмæ ацæуын, зæгъгæ, дын уымы хъарм климат феххуыс уыдзæн. Иуæй ацы хъуыддаг, иннæмæй йын ирон æвзаг сахуыр кæныны фарст æнцой нæ лæвæрдта, æмæ уымæ гæсгæ 1835 азы 9 сентябры араст Кавказмæ. Рай- дианы æрцыд Тбилисмæ. Ам райдыдта Кавказы адæмты эт- нографион æрмæг æмбырд кæнын. Фæлæ уайтагъд ацыд Дзæуджыхъæумæ æмæ зæрдиагæй æрæвнæлдта ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ. Шегрен æдзухдæр цыдис ирон хъæутæм, 36
«*—_ -^^ 8 ^-^а>__—: цф^г уыди Хъобаны, Мæздæджы, афтæ æрзылди æнæхъæн Цæгат Ирыстоныл. Ацы чысыл рæстæджы уый хорз сахуыр кодта ирон æвзаджы дыууæ диалекты дæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын æххуыс кодтой гуырдзиаг Двалишвили Шио æмæ ирон тæлмацгæнæг Жукъаты Петр. Æрæмбырд кодта æрмæг куыд ирон, афтæ дыгурон диалектыл дæр æмæ 1837 азы 2 декабры аздæхти Петербургмæ. Ам уый æрæвнæлдта ирон æвзаджы грамматикæ фыссынмæ. Ирыстоны цы æртæ азы фæцис, стæй Петербургмæ здæхгæйæ дæр, стыр зындзинæдтæ федта, фæлæ иннæ ’рдыгæй йæ зæр- дæ цы ’хцондзинад банкъардта, уыдон тыххæй Шегрен йæ чиныджы разныхасы фыссы: «При всем том я имел удовольс- твие оставить Кавказ с тем внутренним убеждением, что ус- пел сделать все, что было мне только возможно, и в исходе 1837 года возвратился в Петербург, совершенно лишенный зрения на поврежденном уже прежде глазе, и почти с отморо- женными от жестокой зимы на возвратном пути членами, но обогащенный изобильными, и по возможности достоверны- ми материалами к пространному грамматическому изложе- нию осетинского языка, по двум главным его наречиям Тага- урскому и Дигорскому». Кавказы уæвгæйæ, Шегренæн мыхуыры рацыд цалдæр куысты, стæй йæ бонæджы рецензитæ, фыстæджытæ æмæ уац- хъуыдты хуызы ныууагъта бирæ куыстытæ. Уыдон ныртæккæ дæр æфснайд сты Ленинграды Салтыков-Щедрины номыл Паддзахадон библиотекæйы. Фæлæ Шегрены сæйраг куыстыл нымад цæуьт 1844 азы Петербурджы йæ ирон грамматикæйы фæзынд уырыссаг æвзагыл, «Осетинская грамматика», зæгъ- гæ, ахæм номимæ. Ацы чиныг у егъау том, ис дзы 956 фарсы. Уыдонæй 560 фарсы сты грамматикон хай, 295 фарсы та ахсынц ирон-уы- рыссаг æмæ уырыссаг-ирон дзырдуат. Чиныджы лæмбынæг дзырд цæуы фонетикæ, морфологи æмæ синтаксисыл. Компо- зицион æгъдауæй конд у афтæ: разныхас, дзырд дзы цæуы чи- 37
^ цФФе?- ^*^— цф4> «** ныджы ныффысты тыххæй; уый фæстæ цыбыр бацæуæн. Ирон æвзаджы фонетикæйы фарстытæ æвзаргæйæ, Шег- ренæн уыдис уæлдай зын, уымæн æмæ уый хъуамæ арæзт æр- цыдаид, фыссынад цы алфавитыл фæзынд, уымæ гæсгæ, ку- ыд, зæгъæм, аргъуан-славянаг, аргъуан-гуырдзиаг æмæ грекаг алфавиттыл. Уыцы алфавиттæ фаг дзуапп нæ лæвæрдтой ирон æвзаджы хицæн зæлты æууæлтæ равдисынæн. Уый тыххæй Шегрены бахъуыд, ирон æвзагæн характерон чи уыдаид, ахæм алфавит саразын. Уый тыххæй афтæ фыссы: «Мæн рав- зарын хъуыдис уырыссаг кæнæ та гуырдзиаг алфавит. Куыд ирæттæн сæ сомбоны хъысмæт, афтæ уырыссаг фыссынадмæ æввахсдæр кæй лæууынц, уый æмбаргæйæ, æз растдæр æмæ хуыздæр æнтысты фæндагыл слæууыны ныфсæй, ирон ал- фавиты, ирон дамгъæты бындурæн райстон уырыссаг алфа- вит». Шегрен ирон æвзагæн уырыссаг алфавит кæй равзæрста, уымæй нæ фæрæдыд. Æппæт зæлты дæр дамгъæтæй равдисынмæ кæй хъавыд, уымæ гæсгæ Шегрены алфавиты дамгъæты нымæц схызтис 46-мæ, æцæг се ’ппæт алы диалектты не ’мбæлдысты, зæгъæм, ирон диалекты - 36 дамгъæйы, дыгуроны - 43 æмæ Хуссар Иры та - 37. Шегрены алфавиты хæрз чысыл ивындзинæдтæ æрцыдис, афтæмæй куыста суанг 1924 азы онг. Ирæттæн сæхи фыссынад æмæ грамматикæ фæзыныны хъуыддаг тынг бандæвта ирон адæмы культурæйы рæзтыл. Шегрены алфавитыл се ’нæмæлгæ уацмыстæ фыссын райдыд- той Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ æндæр ирон фысджытæ æмæ поэттæ. Кæд абон А. Шегрены грамматикæйы фæзындыл 170 азы бæрц цæуы, уæддæр раст нæ уыдзæн афтæ хъуыды кæнын, ома ацы чиныг фесæфта йæ раздæры нысаниуæг. Абоны ирон æвзаджы дæснытæ дæр Шегрены грамматикæйы ссарынц бирæ æнæмæнгхъæуæг æрмæг. Иæ грамматикæйы сæйраг æнтыст уый мидæг ис, æмæ 38
^» . м#5%г — ^^ ч#2%г — <&? уый ирон алфавиты бындурæн кæй райста уырыссаг алфавит. Иннæ хорздзинадыл та банымайын хъæуы уый, æмæ грамма- тикон терминтæ иууылдæр чиныджы лæвæрд сты куьтд ирон, афтæ дыгурон диалектыл дæр. Уымæ гæсгæ Шегрен нымад у ирон грамматикæ æмæ терминологийы бындурæвæрæгыл. Грамматикæйы фæстейæ автор мыхуыр кæны ирон-уы- рыссаг æмæ уырыссаг-ирон дзырдуат. Ацы дзырдуæттæй дæр Шегрен бындур æрæвæрдта æппæт ирон æвзаджы лексико- графион куыстытæн. Шегрены грамматикæйæн стыр æнтыст кæй ис, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ ацы чиныг рацыд куыд уырыссаг, афтæ не- мыцаг æмæ французаг æвзæгтыл дæр. Чиныджы фæзынд ахс- джиаг цау уыд канд ирон æвзагзонынады нæ, фæлæ æнæхъæн зонады дæр. Ацы куысты тыххæй Андрей Шегрен 1846 азы хорзæхджын æрцыд Парижы зонæдты Академийы Вольнейы премийæ. Ахæм преми уæды заманы лæвæрдтой хуыздæр филологон зонадон куыстыты тыххæй. Шегрены зæрдæхæлар фæллой у иууыл егъаудæр цырт- дзæвæн XIX æнусы æмбисы ирон адæмы культурæйы. Ше- грены сгуыхтдзинад уый мидæг ис, æмæ кæд уæды заманы бирæтæ ирон адæммæ, стæй Кавказы цæрæг иннæ чысыл адæмтæм дæр кастысты уæлейæ дæлæмæ, нымадтой сæ хъæд- даг - туземаг адæмтыл, уæддæр Шегрены уырныдта, ирон æвзаг ахуырадон предмет кæй суыдзæн, уый. Абон ирон æвзаг ахуыр кæнынц канд ирæттæ нæ, фæлæ ма, æгæрыстæмæй, фæсарæнты дæр. Шегрены фæстæ ирон æвзаг æмæ ирон адæмы историйы фарстытæ рафæлгъауыныл зæрдиаг куыст бакодтой Миллер Всеволод, Абайты Васо æмæ æндæр ахуыргæндтæ. Уыдоны руаджы ирон æвзаг иртæст æрцыди æмæ иртæстгонд цæуы ноджы лæмбынæгдæр æмæ зындгондæй-зындгонддæр кæны куыд нæ бæстæйы, афтæ иннæ æфсымæрон адæмты æмæ дунеон æвзæгты ’хсæн дæр. 39
**у ^ф^ Ф^^ -5дф^2 к#* ИРЗОНЫНАДЫ СТЫР АХУЫРГОНД В. Ф. МИЛЛЕР Всеволод Федыры фырт Миллер уыдис Х1Х-ХХ æнусты уырыссаг зонæдты стырдæр минæвæрттæй сæ иу, ирзонына- ды генион ахуыргонд Абайты Васо йæ мæнгæй не схуыдта «ирон æвзагзонынады дыккаг корифей». Всеволод Миллеры куыстытæ зынгæ бынат ахсынц æмныхгæнæн зонынады, æм- ныхгæнæн мифологийы ирайнаг æмæ кавказаг æвзæгты ахуы- рады, этнографийы, археологийы, истори æмæ фольклоры, стæй уæд эпиграфион фыстыты дæр. Ацы куыстытæ кæнгæйæ, Миллер йæхи равдыста дæсны æмæ зынгæ специалистæй. Кæд Миллер æндæр æвзæгтыл дæр куыста, уæддæр ирон æвзаджы фарстытæм куыд арф бацыд æмæ сыл куыд лæмбынæг æрдзырдта, афтæ никæцы æвзаджы фарстытыл бакуыста. Стæм хатт вæййы афтæ, æмæ иу кæнæ иннæ адæмæн се ’взаг, сæ аивгъуыйгæ цард, сæ духовон культурæ баст уа иу ахыргонды номимæ, цахæм уыд Всеволод Федыры фырт Мил- лер ирон æвзаг, ирон адæмæн. В. Миллер ирон зонынады тыххæй цы куыстытæ бакод- та, уыдонæн адихгæнæн ис ахæм фæдæздæхтытыл, кæнæ та хицæн сæртыл: 1. Тексттæ мыхуыр кæнын; 2. Дзырдуатон ку- ыст; 3. Лингвистикон раиртастытæ; 4. Фольклор; 5. Истори; 6. Этнографи; 7. Археологи; 8. Эпиграфион цыртдзæвæнтæ æв- зарын. Афтæ зæгъæн нæй, æмæ Миллеры агъоммæ уæлдæр ра- нымайгæ фарстытыл ничи куыста. Банысан кæнинаг сты ахæм ахуыргæндты куыстытæ: А. Шифнеры куыстытæ - ирон тексттæ ныммыхуыр кæныны хъуыддаг (1868 ), А. Шегрены капиталон куыст ирон æвзаджы тыххæй «Осетинская грамма- тика» (1844), Пфафф, Ю. Клапрот, Филимонов Г.Д., Шантр, Ге- орг Розен æмæ æндæрты куыстытæ, фæлæ уæлдæр ранымайгæ 40
**? 3^^ ^^>— 5#*%2 V? фарстытæ равзарыны хъуыддаджы Миллерæн цас бантыст, уый бæрц никæмæн. Миллер стыр къахдзæф акодта æвзаг æмæ культурæ сахуыр кæныны хъуыддаджы. Уый æппæт адæмты ахуыргæндтæн дæр базонын кодта ирон адæмы культурæ. Йæ куыстытæ ирон æвзаджы тыххæй райстой комплексон харак- тер. Афтæ æмæ, Миллеры агъоммæ цы ахуыргæндтæ куыстой ирон æвзагыл, уыдонау уый афтид бынæттæ нæ агуырдта, фæлæ размæ сарæзта гигантон къахдзæф ирзонынады æппæт фарстыты дæр, æмæ йæ фæстæ фæуагъта, æппæт йæ размæ цы ахуыргæндтæ куыстой, уыдон. В. Миллер цы стыр къахдзæф акодта зонады фæнда]>1л, уый йын бантыст, сæйраджыдæр, уымæн, æмæ йе ’сфæлдыстадон центры рæвæрдта адæмы, æмткæй ирон адæмы, æмæ йæ куыстытæ ирзонынады тыххæй комплексон характер дæр уымæн райстой. Миллер 1870 азы каст фæцис Мæскуыйы университеты историон-филологон факультет. Университет фæуыны фæстæ йæ ныууагътой уым профессоры ном бахъахъхъæныны тыххæй. Студент ма куы уыди, уæд райдыдта ахуыр кæнын ирон æвзаг. Уыцы рæстæджы сæрмæттæ, скифтæ æмæ ирон адæмы ’хсæн бастдзинæдтæ кæй фæбæрæг сты, уый Миллермæ фæзынын кодта стыр цымыдис. Ирон æвзаджы тыххæй цы куыста, уыдон уый арæзта, сæйраджыдæр, Ирыстоны. Уый æдзух баст уыдис ирон адæмимæ, ома арæх балцыты цыд Ирыстонмæ. Уый канд Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ æппæт Ирыстоны алы ком дæр басгæрста, æгæрыстæмæй хæхтьт дæр фæцис, æмæ афтæмæй æнæрынцойæ æмбырд кодта æрмæг, фыста тексттæ, æмбырд кодта лексикографион æмæ диалектологион æрмæг, ахуыр кодта адæмы цардыуаг, фольклор æмæ мифологи. Хæларадон бастдзинæдтæ йын уыд ирон адæмы раззагон интеллигенци- йы минæвæрттимæ, куыд Туккаты С, Кокиты С, Собиты И. æмæ æндæртимæ. Адон систы Миллерæн йе ’ввахсдæр æмæ иузæрдиондæр æххуысгæнджытæ йе стыр зонадон куысты хъуыддаджы. 41
^ |^Ну ®г<ъ— —^^^ -^ Миллер фыццаг хатт Ирыстонмæ балцы æрцыд 1879 азы, 31 аздзыдæй. Ацы балцы рæстæджы уый æвзаджы фæдыл æрæмбырд кодта бирæ æрмæг. Дыккаг хатг та балцы æрцыд 1880 азы, æмæ уæд ноджы фæ- арфдæр кодта уый размæ æрæмбырдгонд æрмæджытыл куыст. 1881 азы сарæзта æртыккаг балц Кавказмæ. Уыцы балцы рæстæджы активон хайад райста Тбилисы археологон съезды, бакаст дзы доклад. Иæ доклады дзырд цыдис истори, археоло- ги, этнографи, фольклор æмæ æвзаджы фарстытыл. Дзырдта, диалекттæ сахуыр кæнын æвзаг иртасынæн цас пайда у, ууыл. Йæ доклады кæрон æрдомдта, цæмæй арæзт æрцæуа «Ирон- уырыссаг-немцаг дзырдуат». Цыппæрæм балц сарæзта 1885 азы, уæд æрцыдис зынгæ кав- казовед Максим Кавалевскиимæ. Уыдон æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма куыстой Кæсæджы дæр. Уым археологон къæхтыты фæстиуæгæн æрæмбырд кодтой бирæ фольклорон æрмæг. Йæ фæстаг, ома, фæндзæм балц сарæзта 1886 азы. Ацы фондз балцы дæргьы Миллер йæ разы цы хæстæ æрæвæрдта, ома цы уæрæх программа сарæзта ирон æвзаг алыварсонæй сахуыр кæнынæн, уый тыххæй мæнæ куыд зæгъы йæ зынгæ 3-томон чиныг «Осетинские этюды»-йы раз- ныхасы: «Мы предлагаем издать ряд материалов и исследо- ваний, имеющих целью изучение языка осетин, их эпиче- ских сказаний, религиозных воззрений и их прошлого... Какая судьба загнала осетин в нынешние места их поселения, какие свидетельства сохранились о них в исторических документах, каков склад их жизни, каковы их религиозные воззрения, ка- кое место занимает их язык в группе иранских языков, каков современный его строй, на какие наречия он распадается, ка- ковы произведения осетинской поэзии - вот вопросы, кото- рые занимали нас в наших занятиях, и на которые по возмож- ности старались дать ответ». Æппæт йæ разы æрæвæрдгонд уæрæх программæ фæстаг пункты онг æххæст æрцыдис. 42
Ирыстонмæ йæ фондз балцы дæргъы Миллерæн бантыст бирæ куыстытæ ныффыссын, фæлæ æппæт йæ куыстыты ’хсæн сæйраг бынат ахсы йе ’ртæтомон чиныг «Осетинские этюды». «Ирон этюдты» фыццаг том мыхуыры фæзынд 1881 азы, цыран, сæйраджыдæр, дзырд цæуы фольклоры тыххæй, ома дзы мыхуыргонд æрцыд фольклорон таурæгътæ ирон-дыгурон диалекттыл, уыимæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй. Афтæ хорз тæлмац сты, æмæ абоны онг дæр сæ нысаниуæг нæ фесæфтой, куыд бæлвырд периоды æвзагон æрмæг. Дыккаг том рацыд 1882 азы. Чиныджы 300 фарсæй фыл- дæр. Авторы цыбыр разныхасы фæстæ цæуы чингуыты би- блиографи, стæй ирон тексттæ адæмон поэзийæ духовон мидисимæ, ис дзы истори æмæ этнографийы фарстытæ. Уый фæстæ лæвæрд цæуы грамматикон хай, конд у 6 сæрæй: 1-аг сæры дзырд цæуы ирон фонетикæйы фарстытыл, ома, мыртæ æмæ дамгъæты равзæрды тыххæй. Автор æркаст А. Шегрены мыртæ æмæ дамгъæты ахуырадмæ, æмæ, кæм хъæуы, уым сæм бахаста йæхи ивындзинæдтæ, куыд сæ бæрцмæ, афтæ сæ гъæдмæ дæр. Зæгъæм, А. Шегрены нымадæй ирон æмхъæлæсонтæ уыдысты 37, Миллер та сæ æркодта 31-мæ. Хъæлæсонтæ А. Шегренмæ уыдысты 10, Миллер сæ 7 (6)- мæ æркодта. Рабæрæг кодта, æввиппайдон-æмхурхон æмхъæ- лæсонтæ æндæр æвзагæй кæй æрбахаудтой, уый дæр. 2-аг сæры дзырд цæуы ирон æвзаджы диалектты тыххæй. Райдианы автор нымадта 3 диалекты: ирон, дыгурон æмæ ту- аллаг (Хуссар Иры), фæлæ фæстæдæр фехъусын кодта, зæгъгæ, ирон æмæ дыгурон диалектты ’хсæн стыр ивындзинæдтæ ис, ахæм хицæндзинæдтæ нæ зыны ирон æмæ туалтьт, ома Хуссар Иры ’хсæн, æмæ туайладжы схуыдта дæлдиалект. Дыгурон диалект æвзаджы архаикон хуыз хуыздæр кæй бахъахъхъæдта, уый дæр фæхатыд Миллер. 3-аг сæры дзырд цæуы ирон мырты ахаст рагон ирайнаг мыртæм, ома ирон мыртæн сæ равзæрд кæй у рагон ирайнаг 43
«*>. _ п^ —^^- —ддфзф^ —<** æвзæгтæй, ^мæ сбæрæг кодта ирон æвзаджы рагон ирайнаг характер, уыимæ æппæт индоевропæйаг æвзæгты ’хсæн цы бынат ахсы, уый дæр. Ацы сæры ноджыдæр дзырд цæуы ирон æвзаджы фонетикон фæзындтыл: протетикон хъæлæсонты фæзынд; æмхъæлæсонты æндæвдад сæ кæрæдзийыл; æмхъæ- лæсонты рахауд æмæ а. д. 4-æм сæры дзырд цæуы ирон æвзаджы дзырдарæзтыл. Дзырдаразæг суффиксты фæлгъауы историон цæстæнгасæй, ома сæ, гæнæн уæвгæйæ, бæрæг кæны сæ зæронд формæтæм гæсгæ. 5-æм сæры дзырд цæуы ирон æвзаджы грамматикæйы сæйрагдæр хæйттæй сæ иуыл - морфологийыл, уæлдайдæр та тасындзæгыл. Ирон æвзаджы тасындзæджы фарстытæ æв- зары ахæм фæткыл: а) бирæон нымæцы сырæзт; æ) хауæнты кæрæтты равзæрд; б) номдарты тасындзæг; в) миногонты та- сындзæг; г) номивджытæ; д) нымæцонтæ æмæ а. д. Миллер рахатыд бирæон нымæцы агглютинативон характер, фæлæ æнæ кавказаг æвзæгты æндæвдадæй. Ирон æвзаджы хауæнтæм, ома Шегрены аст хауæнмæ æр- кæсгæйæ, Миллер æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, хауæнты системæмæ ноджыдæр бафтауын хъæуы дыууæ хауæны: адес- сивон (æддаг бын. хауæн) - Шегрен ын дæтты арæзтон хауæны кæрон «-мæ», æмæ дыккаг цæдисон хауæн (союзный падеж). Миллеры куысты бындурыл хауæнтæ сты дæс. 6-æм сæры Миллер æркаст Шегрены грамматикæйы иф- тындзæгмæ, бахаста йæм йæхи ивындзинæдтæ æмæ йæ баххæст кодта ног æрмæгæй. Мивдисæджы алы фарст дæр æвзæрст æрцыдис хицæнæй, куыд, зæгъæм: а) цæсгомон кæрæттæ; æ) мивдисæджы бындуртæ; б) здæхæнтæ; в) æххуысгæнæг мив- дисæг; г) афонтæ; д) ифтындзæджы хуызтæ æмæ а. д. Чиныджы ирон æвзаджы фарстытæ, куыд фонетикæ, аф- тæ морфологи дæр æвзæрст цæуынц арф историон анализы бындурыл, уымæ гæсгæ йе ’рмæг у историон-грамматикон æрмæг. Миллеры «Ирон этюдтæ» фæзындысты А.Шегрены грам- 44
матикæйæ 40 азы фæстæдæр æмæ нымад цæуынц стырдæр капиталон куыстыл, кæцыйы бындур æвæрд æрцыдис ирон æвзаджы историон æмныхгæнæн грамматикæйæн. Миллеры этюдты дыууæ томы æвдыст æрцыдысты докторон диссерта- цимæ. «Ирон этюдты» фæзынд уыдис ахъаззаг цау канд Ирысто- ны нæ, фæлæ æнæхъæн Европæйы дæр. Миллер ссис зынд- гонд авторитет иранистикæйы ахуырады, уымæн та æвдисæн мæнæ ахæм факт дæр: XIX æнусы 90-æм азты немыцаг иранистты къорд Герма- нийы хъуамæ рауагътаиккой стыр коллективон куыст ахæм сæримæ: «Основы иранской филологии». Уыцы куыстæй ирон æвзаг бахæс кодтой Гюбшманæн, фæлæ уый не сразы, зæгъгæ, ирон æвзаг Миллеры хуызæн ничи зоны æмæ бахæс- гонд æрцæуæд уымæн. Миллер,æцæгдæр,уыцыхæссæххæсткодтацæсгомджынæй, ныффыста немыцаг æвзагыл «01е зргасЬе сНе Оззе^ке» («Язык осетин»), мыхуыры рацыд 1903 азы, Страсбургы. 1961 азы йæ уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта Исаты Мæхæмæт, рацыдис Абайты Васойы редакцигондæй, разны- хас дæр ын уый ныффыста. Чиныджы разныхасы Абайты Ва- со æрдзырдта куыд йе ’нтыстытыл, афтæ чиныджы хъæндзи- нæдтыл дæр. Сæйраг хъæндзинадыл нымайы, зæгъгæ, Миллер ирон æвзагыл нæ рахатыд кавказаг æвзæгты æндæвдад. В. Миллер уыйбæрц куыстуарзаг уыд, æмæ та иу азы фæстæ дæр рауагъта ног чиныг «Оззейка». Ацы куыст уыдис «Ирон этюдты» æнæфæхицæнгæнгæ хай. Миллер стыр хайбавæрд бахаста ирон тексттæ æмæ фольк- лорон æрмæг æмбырд кæныны хъуыддагмæ. Ирыстонмæ фыц- цаг балц куы сарæзта, уæдæй фæстæмæ цы æрмæг æр-æмбырд кодта, уыдон бацыдысты йæ этюдты 1-аг томмæ. 1885 азы Мæскуыйы уырыссаг æвзагыл мыхуыр æрцыдысты «Осетин- ские сказки». 1891 азы та Штакембергы æххуысæй ныммыху- ыр кодта 5 дыгурон таурæгъы немыцаг æвзагмæ тæлмацæй. 45
** цФФ^ <*"*> 4Р4ф™- —9Г Миллеры мыхуыргонд тексттæн сæ рæстæджы стыр ны- саниуæг уыдис, уымæн æмæ уый агъоммæ ирон æвзагыл цы- дæриддæр мыхуыргонд уыдис, уыдон се ’ппæт дæр уыдысты динамонæн чингуытæ æмæ сын культурон рæзты уадиссаг нысаниуæг нæ уыди. Миллер цы тексттæ фыста, уыдон йæхæдæг тæлмац код- та уырыссаг æвзагмæ, сты тынг хорз тæлмац, хорз æвдыст сæ æрцыдысты ирон-дыгурон диалектты хиæдтæ, сты æвзаг æмæ фольклорон хъæздыг æрмæг, фонетикон æгъдауæй - раст; йæ куыстыты астæу зынгæ бынат ахсынц йæхи ныффысгæ На- рты таурæгътæ, уыдонæй бирæтæ бацыдысты ныртæккæйы Нарты кадджытæм. Ирзонынады фарстытыл кусгæйæ, Миллерæй нæ ферох сты лексикографийы фарстытæ дæр. Ирон æвзаджы дзырдуат саразыны хъуыды фыццаг хатт Миллермæ фæзынд, ирон æвзагыл кусын куы райдыдта, уæд. 1880 азы Кокийы фыртæн бахæс кодта, цæмæй сарæзтаид ирон-уырыссаг дзырдуат, æмæ йæ уый æххæст дæр скодта. Миллер дзырдуат саразыны тыххæй йæ разы рæвæрдта дыууæ хæсы: 1) Цæмæй дзырдуатмæ бацыдаиккой куыд ирон, афтæ æп- пæт ныхасыздæхтыты дзырдтæ дæр, уымæн æмæ уымæй фæ- хъæздыгдæр уыдаид ирон æвзаджы лексикологи. 2) Дзырдуат хъуамæ арæзт æрцыдаид æртæ æвзагыл, цæмæй ирон æвзагæн тæлмацгæнæн уыдаид европæйаг æвзæгтæй ис- кæцымæ. Миллер ирон интелл игенцийы æххуысæй æрмæг æрæмбырд кодта, æмæ йæ этюдты дыккаг томы фæстæ хъуамæ рауагъта- ид йæ дзырдуат, фæлæ уый фæфæстæдæр кодта. Йæ сæйраг аххоссаг уый уыд, æмæ хъуамæ æппæт дзырдтæ дæр хаст æр- цыдаиккой дзырдуатмæ, æмæ уымæн та бирæ рæстæг хъуыд. Уымæ гæсгæ дзырдуат рауадзын Миллеры къухы нал бафтыд. Сцæттæ кодта æппæт æрмæг карточкæтыл, фæлæ 1913 азы амард æмæ дзырдуат баззад карточкæтыл фыстæй. Уайтагъд дзырдуа- 46
-*5>— . ^^ — -^«^п— «чзффр"- —<*" тыл кусын райдыдта академик Залеман, фæлæ уый къухы дæр нæ бафтыд йæ рауадзын. Уый дæр та 1916 азы амард. Уыдоны фæстæ дзырдуат рухс федта Фрейманы бацæт- тæгондæй æртæ хицæн томæй ахæм сæримæ: «Осетино-рус- ско-немецкий словарь». Йæ редактор - Арнольд Фрейман, ав- тор, кæй зæгъын æй хъæуы, Всеволод Федыры фьтрт Миллер. 1-аг том рацыд 1927 азы; П-аг том - 1929 азы; Ш-аг - 1937 азы. Ацы дзырдуат ныртæккæ дæр нымад у иууыл хуыздæр æмæ зынаргъдæр дзырдуатыл. Куыд «Осетинские этюды», афтæ ацы дзырдуат дæр у æппæт лингвисттæн дæр стъолы чиныг. Миллер зынгæ куыст бакодта ирон адæмон сфæлдыстады тыххæй дæр. Зындгонд нарты таурæгъты тыххæй зона- дон æгъдауæй йæ дуджы æппæты хуыздæр бахъиамæт код- та В. Миллер. Уый 1882 азы ныффыста куыст «Черты ста- рины в сказаниях и быту осетин». Ацы уацы нарты эпосы мотивтæ абарст æрцыдысты скифты, сæрмæтты æмæ аланты мотивтимæ. Уый бæлвырд кæны нарты эпосы миниуджытæ æмæ йæ нымайы ирон адæмы эпосыл. Бирæ зынаргъ æмæ ахсджиаг раиртæстытæ сарæзта Миллер йæ куыст «Кавказо-русские параллели»-йы. Ацы куыстытæ бæрзонд лæууынц сæ зонадон нысаниуæгæй, уымæн æмæ сæ æмных цæуы фольклор æмæ историон æрмæг. Миллер куыд лингвист, историк, афтæ уыд археолог дæр. Йæ археологон раиртæстытæ лæууынц бæрзонд æмвæзадыл. Иу кæнæ иннæ адæмы культурæйæн æрмæст историон зонæнтæй бындуронæй сбæрæггæнæн нæй. Цæмæй адæмы культурон истори ахуыргонд æрцæуа, уый тыххæй, æнæмæнгдæр, исто- рийы æмрæнхъ хъæуы адæмæн сæ рагон цыртдзæвæнтæ зо- нын, кæцытæ баззадысты куыд зæххы уæлæ, афтæ зæххы бын дæр. Миллер хайад иста Мæскуыйы археологон съезды 1886 азы. Уым фарст уыдис ирон археологийы тыххæй дæр. Мил- лер бакуыста Ирыстоны цыртдзæвæнтыл - ингæнты ссаргæ æрмæджытыл æмæ сæ рауагъта хицæн чиныгæй 1889 азы - 47
**> . ^ ^«^„ ——5^^ «^ «Материалы по археологии Кавказа». Мæскуыйы археологон æхсæнады суагъæты нысангонд у йæ хъусинаг «Археологиче- ские исследования Осетии». Миллер ссис зындгонд авторитет канд æвзагзонынад нæ, фæлæ истори, фольклор, археологи, этнографи æмæ ирон адæмы ивгъуыд цардимæ цыдæриддæр баст уыди, æппæт уыдоны. Ирон адæм рагæй фæстæмæ стыр аргъ кæнынц Миллерæн, сты дзы буц, æмæ дзы куыннæ уой буц дæр, æппæт ирон адæмы культурæ, истори дунейы адæмтæн чи базонын кодта! Аннæмæй та банысан хъæуы уый, æмæ Миллеры аху- ырады фæстæ ирзонынады къабазы фæзынди хорз фæлтæр, дунейæн диссагæн дзуринаг чи фæци, уыцы стыр ахуыргонд профессор Абайты Васойы сæргълæудæй. Уыдон се ’ппæт дæр кад æмæ цытимæ мысынц Миллеры æмæ йын цытимæ нысан кæнынц йæ алы юбилей дæр. Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды В. Миллеры «Осетинские этюды»-йæн дыккагæй рухс чи фенын кодта, уыдонæн. Уый тынг пайда фæцис æмæ фæуыдзæн нæ ахуырадон фæсивæдæн зонады фæндагыл стыр къахдзæф акæнынæн. Хорз уаид, æмæ ма куы фæзынид йе ’ртæтомон дзырдуат - «Осетино-русско-немецкий словарь»-æн дæр дыккагæй рухс чи фенын кæнид, ахæм патриот дæр, уæд дзы ирон адæм тынг бузныг фæуаиккой. Стыр Хуыцауы бафæндæд! ЗЫНГÆ АХУЫРГОНД ÆМÆ ÆХСÆНАДОН АРХАЙÆГ ÆЛБОРТЫ БАРЫСБИ Æппæт йе стыр хъару, йæ зонд йæ адæмы фидæнæн чи сны- вонд кодта, уыдонмæ хауы зынгæ ирон рухстауæг, Ирыстоны фыццаг профессор Æлборты Барысби Андрейы фырт дæр. Февралы буржуазон-демократон революцийы фæуæлахизы фæстæ адæм рæстæгмæ сæ бартæ сæ къухмæ райстой. Иры- 48
•Чв>_ 55^ : _^«^ — Ц$ф^ ^ стоны ахуырадон интеллегенцийы хъæппæрисæй 1917 азы 10-æм июлæй 16-æм июлмæ Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд 1-аг Æппæтирон ахуыргæнджыты съезд, цыран тæрхон код- той Ирыстоны адæмон рухсады фарстытыл. Съезд æрсидыны инициатортæй иу уыдис Æлборы фырт. Уый уыцы дуджы куыста Мæздæджы реалон ахуыр- гæнæндоны уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Съезды куыс- тæн къухдариуæггæнæг дæр æмæ дзы докладгæнæг дæр уы- дис Æлборты Барысби йæхæдæг. Съезды сæйраг фарст уыдис ирон æвзагæн цæвиттойнаг графикæ саразын. Æлборты Барысби у ирон адæмы культурæйы иртасджы- тæй. Йæ зонадон цымыдисдзинад у алыварсон: уый æмхуызо- нæй иртæста, куыд ирон æвзаджы фарстатæ, адæмон дзыхæй- дзургæ сфæлдыстад, истори æмæ культурæ, афтæ ирон æмæ уырыссаг методикæйы фарстатæ астæуккаг æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæн. Æлборты Барысби райгуырд Цæгат Ирыстоны Ольгинс- кæйы хъæуы 1886 азы 24 апрелы. Йæ ныййарджытæ, æнæаху- ыргонд уæвгæйæ, æмбæрстой уырыссаг æвзаджы нысаниуæг, æмæ йæ уымæ гæсгæ астаздзыдæй радтой Дзæуджыхъæуы Ду- лаковы æфсæнвæндаджы разъезды буткæгæсмæ æххуырсты, цæмæй сахуыр уыдаид уырыссаг æвзаг. Дыууæ азы фæстæ, ома дæсаздзыдæй, бацыдис Ольгинс- кæйы хъæууон дыууæкъласон скъоламæ. Уый фæуыны фæстæ тафæлварæнтæрадта Дзæуджыхъæуы 6-къласон ахуыргæнæн- донмæ. 1906 азы Барысби каст фæцис уыцы ахуыргæнæндон æмæ ацыдис Киевмæ, йæ хистæр æфсымæрмæ, университетмæ бацæуыны ныфсæй. Университетмæ бацæуыны тыххæй Вла- дикавказы классикон гимназы аттестат кæй хъуыдис, уымæ гæсгæ йæ нæ айстой, фæлæ йæ йе ’фсымæры æххуысæй Киевы иумиаг ахуыргæнæндоны курсытæм айстой. Уыцы курсыты иу аз фæцахуыр кодта æмæ 1907 азы фæлварæнтæ радта Кие- вы классикон гимназмæ, æрмæст, цæмæй хъомыладон аттестат райстаид, уый тыххæй йæ хъуыд ноджыдæр фæлварæн раттын. *4 49
-^>_——_^^ ш—„^«^™—.—.—^ ,—^ 1909 азы Барысби æппæт фæдварæнтæ дæр радта экстернæй Владикавказы классикон гимназы æмæ уыцы аз бацыдис Кие- вы университеты историкон-филологон факультеты славянаг- уырыссаг хайадмæ. Æмæ уый, мыййаг, æнæнхъæлæджы нæ уыдис. Владикавказы горæтон ахуыргæнæндоны куы аху- ыр кодта, уæд æм стыр цымыдис фæзындис куыд мадæлон дзыхæйдзургæ сфæлдыстадмæ, афтæ уырыссаг классикон литературæмæ дæр. Уыцы дугмæ хауынц йæ фыццаг литера- турон фæлварæнтæ. Ныффыста цалдæр сатирикон, стæй цар- дуагон пьесæйы ирон хæдархайгæ театрæн. Уыдон сценæйыл сæвæрыны активон архайджытæй сæ иу уьтд Барысби йæ- хæдæг. Фыста лирикон æмдзæвгæтæ дæр, мыхуыры цыдысты «Баби»-йы фæсномыгæй. 1906 азы ирон адæмы зарæггæнæг Хетæгкаты Къоста куы амард, уæд Барысби йæхи фыст æмдзæвгæ «Къостайы уæлмæрдыл», зæгъгæ, бакаст Къостайы æмбæстагон панихи- дæйы. Æмдзæвгæ мыхуыры фæзындис 1907 азы журнал «Зонд»-ы, №1, «Уæтæйраг», зæгъгæ, ахæм псевдонимимæ. Йе ’ннæ ’мдзæвгæ та «Нæй, нал хæссæм не рагъыл тухийы æфсондз» революцийы фыццаг бонты адæм зарыдысты зын- гæ революцион зарæг «Варшавянкæ»-йы мотивыл. Ацы æм- дзæвгæ Октябры революцийы фæстæ цалдæр хатты мыхуы- ры фæзынди ирон журналтæ æмæ газетты. Уый агъоммæ дæр, 1910 азы, йæ фыстытæ мыхуыр цыдысты журнал «Чы- рыстон цард»-ы №№ 11-12. Зæгъæм, «Æнкъард бæх», кæнæ 1912 азы журнал «Хуры тын»-ы №3 фæзынд уацмьтс «Хантьт Госæмайы хъарæг». Дызæрдыггаг нæу, Æлборты Барысбийы литературон фæлварæнтæ баст кæй уыдысты ирон фольклор æмæ Къо- стайы поэзиимæ, уымæн æмæ сæ хæрзчысылæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ тынг арф айста. Барысби йæ бинонтæй бирæ дис- саджьт хъайтарон зарджытæ, хъарджытæ, таурæгътæ æмæ аргъæуттæ фехъуыста. Йæ мад, йæ фыд æмæ æппæт бинонтæ дæр хорз зыдтой адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад. Лæгтæ 50
уæлдай тынгдæр уарзтой историон зарджытæ æмæ нарты тау- рæгътæ, устытæ та - кæфтытæ, цардуагон зарджытæ æмæ национ мелодитæ. Барысбийы мад стыр дæсны уыдис аргъæуттæ дзурынмæ, стæй зарынмæ æмæ хъарæг кæнынмæ дæр. Зынгæ таурæгъ- гæнæг Дзусойты Рæмон уыд йæ мады æфсымæр. Нарты эпо- сы зынгæ æмбырдгæнджытæ Шанайты дыууæ æфсымæры æмæ Къубалты Алыксандр нарты таурæгъты æппæты фыццаг ныффыстой Дзусойты Рæмоны дзыхæй, æмæ, дызæрдыггаг нæу, æппæт уыдæттæ Барысбийæн йæ зæрдæйы стыр уарзонд- зинад кæй сæвзæрын кодтой ирон æвзаг æмæ фольклормæ. Ацы фарстытæм Барысби зонадон цæстæнгасæй акасти Кие- вы университеты ахуыр кæнгæйæ. Барысбийæн йæ фыццаг зо- надон уац «Ирон æвзаг» мыхуыры фæзындис 1912 азы журнал «Хуры тын»-ы. Журнал уагъта номдзыд драматург Брытъиаты Елбыздыхьо. Ацы уацы кæд ирон æвзаджы тыххæй арф теоре- тикон зонæнтæ æххæстæй иртæстгонд не ’рцыдысты, уæддæр бæрæг уыд, автор зонады фыццаг къахдзæфтæ кæй сарæзта, уый. Сæйраджыдæр, ирон æвзаджы грамматикæйы арæзтæн лæвæрд æрцыд иумиаг характеристикæ, ома цахæм бынат ахсы ирон æвзаг йе ’рвадæлон индо-европæйаг æвзæгты ’хсæн. Университет фæуыны фæстæ Барысби кусын райдыдта уы- рыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй Каменец-Подольскы областы Винницæйы реалон ахуыргæнæндоны. Винницæйы Барысби тынг æввахс базонгæ æмæ схæлар историйы ахуыргæнæг Б. С. Скитскиимæ. Уыцы хæлардзинад се ’хсæн баззад, Барысби Кавказмæ куы рацыд, уæд дæр. Фæстæдæр æй æрхуыдта Иры- стонмæ æмæ куыста педагогон институты, райста уым про- фессоры ном, уымæн æмæ ссис зынгæ историк æмæ зонадон кусæг. Йæ зонадон куыстытæ уæлдай ахадæн сты ирон адæмы рагисторийы фарстытæ æвзарыны хъуыддаджы. 1917 азы, Февралы революцийы хæдфæстæ, Æлборты Барыс бира здæхтис фæстæмæ Ирыстонмæ æмæ уыц аз фæззæджы кусын райдыдта горæт Мæздæджы реалон ар- 51
хуыргæнæндоны. Уыцы дуджы Æлборы фырт æвзæрст æрцыд Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæтты советы уæнгæй, стæй та горсоветы уæнгæй. Барысбийы хъæппæрисæй Мæздæджы ас- тæуккаг ахуыргæнæндæтты ирон ахуыргæнинæгтæн лæвæрд æрцыд ирон æвзаг ахуыр кæныны бар. Цæгат Ирыстоны сылгоймæгты приют (2-азон скъола) аху- ыргæнджыты семинармæ ивд кæй æрцыд, уыцы хъуыддагыл чи бакуыста, уыдонæй сæ иу уыд Æлборы фырт. 1918 азы се- минарийы кусгæйæ, уым баконд æрцыд ирон æвзагзонынады кабинет æмæ библиотекæ, фæстæдæр та уыдон бындурыл Ирон историкон-филологон æхсæнады библиотекæ. Зæгъæн ис афтæ, æмæ Æлборты Барысби уыдис Цæгат Кавказы фыц- цаг зонадон æхсæнады, ома Ирон историкон-филологон æх- сæнады организатортæй сæ иу, бындур æрæвæрдта ирон фи- лологийы зонадæн æмæ йын фадат радта ууыл систематикон æгъдауæй кусынæн. Æлборы фырт йæхæдæг æмбырд кодта æмæ фыста адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад, уарзта ирон зарджытæ æмæ амыдта, уыдон фæндырыл куыд цæгъдынц, уый. Ирон фыс- сынад æмбæлон уагмæ æркæнын, графикæ æмæ орфографи, ирон грамматикæйы терминты фарсты фæдыл тынг бирæ тых æмæ хъару бахардз кодта Æлборы фырт. Æппæт адон уы- дысты рæстæджы актуалондæр фарстытæ, æмæ æнæ уыцы фарстытæ аскъуыддзаг кæнгæйæ, адæмон ахуырадæн, ирон национ культурæйæн размæ цæуæн нæ уыд. Æлборы фырт латинаг алфавит уырыссаг графикæйы бын- дурыл кæй ивын кодта, уый тыххæй 1929 азы ныффыста ку- ыст «Ирон фыссынады истори», цыран йæ хъуыды бын- дуронæй быфидар кодта, зæгъгæ, Ирыстоны раджы, Шегрены рæстæгæй, ныффидар фыссынад уырыссаг графикæйы бын- дурыл; дыккаг та уымæн, æмæ уый у культурон æгъдауæй раз- мæдзыд адæмы графикæ, стæй, зæгъæ, ахуырад исæм уырыс- саг æвзаджы бындурыл. Кæд æмæ 1923-24 азты ист æрцыд ирон фыссынадæн ла- 52
V— -^#4^— _.^^>«_« Ц3#4%г тинаг алфавит, уæддæр 1937-38 азты фæстæмæ райстгонд æрцыд ирон фыссынадæн уырыссаг графикæ. 1928 азы Уæрæсейы Адрухскомы коллегийы рабадты фарст æвæрд цыдис Цæгат Кавказы хæххон адæмон институт сæхгæныны тыххæй, фæлæ уыцы институты раздæры рек- тор Æлборы фырт сбæрæг кодта æмæ сын бауырнын кодта, институтæн сæхгæнæн кæй нæй, фæлæ йæ рауæрæх кæнын кæй хъæуы, æмæ йæ, æцæг, уыцы азæй фæстæмæ схуыдтой Цæгат Ирыстоны педагогон институт. 1967 азы та йæ скодтой Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университет. 1925 азы 25 январы Ирон историкон-филологон æхсæнадæй арæзт æрцыди Ирон бæстæзонæн зонад-иртасæг институт, йæ директорæй йын сæвзæрстой Æлборты Барысбийы. Инсти- туты административон куысты æмрæнхь Æлборты Барысби кодта стыр зонадон-иртасæн куыст дæр. Сарæзта институты устав, Къубалты Алыксандыры поэмæ «Хосдзау»-æн ныффы- ста историкон-литературон афæлгæст; Мамсыраты Темырбо- латы сфæлдыстады тыххæй; Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй; Гай æмæ Ялгъузидзейы тыххæй алыгъ- уызон куыстытæ. Уыцы дугмæ хауынц Барысбийы дзæвгар методикон куыстытæ, стæй программæтæ ирон æмæ уырыс- саг æвзæгтæн. Уыцы куыстыты ’хсæн зынгæ бынат ахсы йæ «Ирон æвзаджы цыбыр грамматикæ». Уый мыхуыры рацыд 1925 азы ирон æвзагыл Дзæуджыхъæуы. Кæд æмæ фыццаг ирон грамматикæйы бындурæвæрæгыл академик Андрей Шегрен нымад цæуы, уæддæр Æлборы фырты грамматикæ ирон æвзагыл кæй фæзынд, уый стыр ахъаз фæцис ирон æвзаджы рæзтæн. Барысбийы терминтæй бирæтæ бацыдысты ныртæккæйы ирон грамматикæтæм дæр. Ацы грамматикæйæн йæ дуджы аккаг аргь скодтой. Чины- джы, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис дзæвгар цухдзинæдтæ, æмæ йæ бирæтæ æгæр критикæ дæр кодтой. Уыцы критиктæн, стæй Æлборы фырты грамматикæйæн аргь кæнгæйæ, ирон æвзагзонæг, Ирыстоны ахуырады цырагъдартæй сæ иу - Ты- 53
^ чдф^а &»<ъ>—— — ддф4> <** былты Алыксандыр афтæ фыссы: «Æлборты Барысбийы цæ- стытæ акъахынмæ чи хъавы, уый уал йæхæдæг саразæд ирон æвзагыл грамматикæ æмæ уый фæстæ акъахæд Барысбийы цæстытæ». Уый фæстæ æрдзырдта грамматикæйы хъæндзи- нæдтыл, уыдон феххуыс сты, уый фæстæ цы грамматикæтæ фæзынд, уыдонæн. Æлборты Барысбийы ирон грамматикæтаæппæтиронæв- заджы райрæзтæн иттæг ахъаз кæй фæцис, уый дызæрдыггаг нæу. Æлборты Барысбийы зонад-иртасæн куыстытæ ирон æвзаджы тыххæй сты алыфарсон: зонадон грамматикæйы фарстытæ («Ирон æвзаджы бæрæг æмæ æбæрæг предметы рав- дисыны амæлттæ».) Ирон фыссынады историйы фарстытæ: («Фыццаг ирон мыхуырон чиныг», «Ног зонæнтæ фыццаг ирон мыхуырон чиныджы историйæ); «Зеленчукы марды ду- рыл фыстыты ногæй бакаст»; «Алагиры комы, хъæу Цъамады алайнаг-асыйаг фыстытæ» æмæ æнд.; диалектологийы хах- хыл: «Ирыстоны цæрæнбынæтты нæмттæ», «Цæгат Ирысто- ны хъæутæ æмæ дæтты нæмттæ». Барысбийæн ма ис фольклор, этнографи æмæ, ирон ди- ны фарстытæ иумæ æвзæрст кæм цæуынц, цалдæр ахæм ку- ысты. Ацы куыстытæ, сæйраджыдæр, сты терминтæ «нарт», «хатиагау», «цирхъ» æмæ æндæрты равзæрды бындурон ны- саниуæгыл кæм дзырдæуы, ахæмтæ. Терминтæ «нарт» æмæ «хатиагау » æвзаджы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Барысби бæлвырд кæны, зæгъгæ, раджы ирон адæмы фыдæлтæн историон бастдзинæдтæ уыдис рагон чысыла- зиаг адæмтæ «хеттимæ», æмæ уырдыгæй равзæргæ кæй у дзырд «хатиагау». Дзырд «хатиагау» дзырдуæтты лæвæрд цæуы «æнæзонгæ æвзаг - æмбарæн кæмæн нæй». Рагæй фæ- стæмæ æппæт нарты эпосыл кусджытæм термин «хатиа- гау» æвзæрын кæны стыр историкон-культурон цымыдис, уымæн æмæ ныртæккæ дæр пайдагонд цæуы ирон æвзаджы. Искæцы дзурæгмæ хъусгæйæ йын йæ ныхас куынæ ’мбарай, 54
уæд фæдзурынц: «хатиагау дзуры, куы ницы йын æмбарын». Нарты эпосмæ лыстæггай æркæсгæйæ, æнæмæнг баууæндæн ис ууыл, æмæ нарт се ’ппæт кæй нæ зыдтой хатиаг æвзаг, уы- цы æвзаг зыдтой æрмæстдæр сæ зынгæдæр минæвæрттæ, сæ хæстон раздзæуджытæ. Нарты уацмысты æрмæгæй бæрæг у, «хатиаг æвзаг» нартæ сæхæдæг кæй не ’рымысыдысты бæлвырд исты нысанæн, фæлæ, æцæгдæр, кæй уыдис кæцыдæр истори- он адæмы æвзаг. Нарты хъайтар Батрадз иу ран афтæ зæгъы: «Мах, нарты фæсивæд, уыдыстæм дард тæвд тыгъдбыдырты хæстон балцы. Уыдыстæм 39 адæймаджы æмæ хъусæм: мад æмæ чызг лæууынц нæ фарсмæ æмæ дзурынц хатиагау. Мемæ чи уыд, уыдонæй мæн йеддæмæ ничи æмбæрста хатиагау». Барысби ныммыхуыр кодта цалдæр куысты ирон литерату- рæ æмæ эпосыл. Уыдонæй банысан хъæуы уац «Фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболат». 20-æм азты онг бæрæг нæ уы- дис, чи уыд Темырболат. Барысби æрæмбырд кодта дзæвгар æрмæг, сарæзта сын анализ æмæ сæ рауагъта мыхуыры. Бирæ азты дæргъы та æмбырд кодта æрмæг фыццаг ирон сылгоймаг- фыссæг Кочысаты Розæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, мыхуыры сæ рауагъта 1960 азы «Фидиуæджы» № 8. Розæйы уацмысты æмбырдгондæн «Рухсмæ бæлгæйæ» бацæуæн ны- хас дæр Барысби ныффыста. 1927-1934 азты Æлборты Барысбийы сæргълæудæй Цæ- гат Ирыстоны педагогон æмæ Зонад-иртасæн институтты студенттæ æмæ аспиранттимæ сорганизаци кодтой цалдæр экспедицийы. Экспедицийы хайадисджытæ дихтæ æрцы- дысты Цæгат Ирыстоны алы районты, алы къуымты, цæмæй æрæмбырд кодтаиккой ирон æвзаджы этнологон-л ингвистикон æмæ фольклорон æрмæг. Æцæгдæр, æмбырд æрцыдис тынг бирæ хъæуæг æрмæг. 1934-35 азты Æлборы фырт ацыдис Таджикистанмæ, цæ- мæй хуыздæр сахуыр кодтаид ягнобты æвзаг. Дæс мæйы мидæг æрæмбырд кодта æрмæг канд ягнобты æвзагæй нæ, фæлæ ирайнаг æвзæгтæй: таджикты, шугнанты, язгулемты, 55
"*? цФ^З — —-&*°Ъ—— *$^ -оР ваханты æмæ æнд. Æппæт уыцы æрмæгæй рауадис хорз зо- надон куыст, бакасти йæ Цæгат Ирыстоны педагогон æмæ Зонад-иртасæн институтты иумæйаг рабадты. Куыстæн стыр аргъ скодтой дыууæ институты зонадон кусджытæ. Йæ царды фæстаг 30 азы дæргъы бакаст 200 доклад æмæ зонадон-популярон лекцийæ фылдæр. Уыцы лекцитæ каст цы- дысты арæхдæр ирон историкон-филологон æхсæнады, зонад- иртасæн инститтуты, ирон бæстæзонæн музейы, педагогон институтты, лингвистикон кафедрæты, районты, адæмон аху- ырады областон æмæ крайон конференциты. Æлборты Барысби бирæ азты дæргъы куыста ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй, схъомыл кодта адæмон рухсады кусджыты стыр фæлтæр. Уæлдай стыр æнтыстытæ йын уыдис зонадон кадртæ бацæттæ кæныны хъу- ыддаджы. Йæ бирæазон зонад-иртасæн, стæй педагогон куысты тых- хæй профессор Æлборты Барысби цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд Кады грамотæтæй, стæй æхцайы премитæй дæр. Йæ амæл æты бонмæ дæр, йæ кармæ æнæкæсгæйæ, Æлборты Барысбийæн йæ тых, йæ хъару здæхт уыдысты зонад-иртасæн æмæ педагогон куыстмæ, активон хайад иста дыууæ институ- ты куысты дæр. 1960 азы та хайад райста æмæ, æгæрыстæмæй, къухдариуæг кодта ирон таурæгъгæнджытæн 25-æм Æппæт- адæмон скæсæн зонæдты конгрессы. Ирыстоны зынгæ рухстауæг, ирон филологийы фыццаг зынгзæрдæ ахуыргонд, профессор Æлборты Барысбийы зæр- дæ йæ кусынæй банцад 1968 азы, 82 аздзыдæй, фæлæ йæ фæс- тæ цы фæлтæр ныууагъта, уыдон ын йæ рухс ном никуы фе- рох кæндзысты. Чи йæ зыдта, уыдонæн ныртæккæ дæр у цæвиттойнаг, куыд хъомылгæнæг æмæ æппæт хъуыддæгты æнæфæцудгæ организацигæнæг. 56
ИРОН АДÆМЫ ХÆЛАР, РАЗАГЪТАЙЫ АХУЫРГОНД ГС. АХВЛЕДИАНИ Тбилисы паддзахадон университет. Ам, иумиаг æвзагзоны- нады кафедрæйы, арæх фендæуыдаид, кæддæр цæрдæг, уæн- грог æмæ æвзыгъд чи уыди, фæлæ фæстагмæ чи фæуæзбын, йæ сæрыхил митау кæмæн сурс, ахæм уæздан, хæларзæрдæ, йæ иу бакастæй дæр адæймаджы зæрдæйæн ныфс чи лæвæр- дта, ахæм диссаджы зæрдæйы хицау, хуымæтæг, фæлæ стыр ахуыргонды. Уый уыдис 1918 азы Тбилисы паддзахадон уни- верситетæн бындур чи æрæвæрдта, ахæм зынгæ ахуыргонд, университеты фыццаг профессор Ахвледиани Сардионы фырт Георги. Ахвледианийы хуызæн адæймæгтæ свæййынц сæ адæмы зонд æмæ намыс, сæ адæм сæрыстыр æмæ буц кæмæй вæй- йынц, сæ адæймагдзинад, сæ цард цæвиттойнаг кæмæн вæй- йы, канд ныййарæг адæмæн нæ, фæлæ ма æндæр адæмы ми- нæвæрттæн дæр. Ахæм стæм адæймæгтæм хауы йæ адæмæн ном чи скодта йæ зонадон æмæ æхсæнадон архайдæй, уыцы стыр ахуыргонд æмæ интернационалист, советон филологон зонæдты минæвæрттæй номдзыддæртæй иу, Гуырдзыстоны ССР зонæдты академийы академик, ССР Цæдисы зонæдты академийы уæнг-корреспондент, Гуырдзыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны АССР-йы зонæдты сгуыхт архайæг, профессор Ах- вледиани Георги. Стыр ахуыргонд Гуырдзыстоны бындур æрæвæрдта æвзаг- зонынады бирæ къабæзты: иумиаг æвзагзонынад, иумиаг æмæ эксперименталон фонетикæ, картвелологийы, идеологи, иранистикæ, уæлдайдæр ирзонынад, уырыссаг æвзагзонынад, логопеди æмæ æндæрты. Гуырдзыстоны ирон æвзаг ахуыр кæныны æмæ иртасы- ны бындурæвæрæг дæр Георги Ахвледиани кæй уыдис, уый тыххæй зынгæ гуырдзиаг ахуыргонд, академик С.Джанашиа 57
•^— 5^ <&»*Ъ>— 53^ ■■ -<^ фыста: «Советон Гуырдзыстоны сæвзæрдис æмæ стыр æн- тыстытимæ рæзы ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг, йæ инициатор æмæ сæйраг минæвар у профессор Г.Ахвледиани. Ацы къабазы Ахвледианийы иртасæн куыстытæ сæхимæ аз- дæхтой куыд Советон Цæдисы, афтæ фæсарæйнаг специали- сты хъусдард дæр». Иранистикæйы ахуырады Ахвледианийы архайдæн стыр аргъ кодта не ’мзæххон, дунейы иранисттæ сæ сæртæ кæй разы къул кодтой, уыцы стыр ахуыргонд, профессор Абай- ты Васо. Уый загъта: «Дзæвгар æнтыстытæ ис ирон æвзаг иртасыны хъуыддаджы Тбилисы. Ацы æнтыстытæ баст сты номдзыд лингвист, ирон æвзаджы зынгæ дæсны профес- сор Г.С.Ахвледианийы архайдимæ. Уый куыстытæ сты егъ- ау хайбавæрд ирон æвзаджы фонетикон æмæ грамматикон æгъдауæй иртасыны хъуыддаджы. Дзæвгар ма сты Ахвледи- анийы хæрзиуджытæ æвзаджы кадртæ бацæттæ кæныны хъу- ыддаджы» (ЦИЗИИ. Уацтæ. XX. 1957-249). Банысан кæнинаг у уый, æмæ Ахвледианийы ном йæ ный- йарæг гуырдзиаг адæмы фæстæ уæлдай зынаргъдæр у ирон адæмæн. Ирон æвзагзонынады йæ иртасæн куыстытæ ах- сынц сæрмагонд бынат æмæ сын иумиаг æвзаг зонынады ис, В.Миллер, А.Шегрен æмæ Абайты Васойы куыстытæн цахæм нисаниуæг ис, ахæм. Г.С.Ахвледиани ирзонынадæн стыр аргъ кæй кодта, уый бæрæг у мæнæ йæ ацы ныхæстæй дæр: «Нырыккон ирай- наг æвзæгтæй æппæты бакуыстгонддæр æмæ размæцыддæр æвзагыл банымайæн ис нырыккон ирон æвзаджы». ГС.Ахвледиани райгуырд 1883 азы 13 апрелы, Гуырдзыс- тоны рæсугъд къуымтæй иуы - Лечхумы, Дерчы хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты культурон, ахуыргонд æмæ уæздан. Уыдон ын цы райдиан хъомылад радтой, уый уыдис сомбо- ны стыр ахуыргонды сгуыхтдзинæдты сæйраг бындур. Ав- даздзыдæй йæрадтой сæхъæуы райдиан скъоламæ, стæй ахуыр кодта Кутаисы æмæ фæстæдæр та Тбилисы гимназы. Тбилисы 58
*^>- «»^4? ФГ’^- 5^4^ ^ гимназы ахуыргæнæгæйæ, Ахвледиани банкъардта 1905 азы революцийы æндæвдад æмæ йæ 1906 азы æрцахстой, хъуамæ йæ Архангельскмæ ахастаиккой, фæлæ йын йæ фыд Сарди- он баххуыс кодта, фервæзын æй кодта ахæстонæй. Лæппу йæ ахуыр адарддæр кодта æмæ гимназ каст фæцис 1908 азы. 1910 азы ахуырмæ бацыд Харьковы историон-филологон факуль- теты славянаг-уырыссаг хайадмæ. Уым лæмбынæг сахуыр кодта индоевропæйаг æвзæгтæй санскрит, зæронд персайнаг æвзаг, славянаг æвзæгтæ, фæлæ та уым дæр йæ æнæлегалон ку- ыст нæ ныууагъта, университеты сарæзта, революцион ахаст кæмæн уыдис, ахæм студентты къорд, æмæ та йæ ’рцахстой ногæй 1913 азы. Æхсæз мæйы ахæстоны бадгæйæ, уый ныф- фыста йæ диссаджы зонадон куыст: «Очерк истории плавных и носовых согласных в санскрите, латинском и славянских языках». Ацы куыстæй фæбæрæг Ахвледианийы диссаджы курдиат зонадон куыстмæ. Ацы куыст 1914 азы фæзынд мы- хуыры Харьковы университеты уацты. Уыцы аз каст фæцис Харьковы университет æмæ æрыздæхт Кутаисмæ, куыста ахуыргæнæгæй. Иу азы фæстæ йæм фæстæмæ æрсидтысты Харьковы университетмæ, цæмæй йæхи бацæттæ кодтаид профессоры ном райсынмæ. Фæлæ йæ 1916 азы арвыстой Петербурджы университетмæ. Уым йæ ахуыр адарддæр код- та зынгæ ахуыргæндтæ Н.Марр, К.Залеман, Л.Щерба æмæ æндæрты разамындæй. 1918 азы Г.Ахвледиани ’рыздæхт йæ райгуырæн Гуырдзыстонмæ æмæ уæдæй йæ амæлæты бонмæ куыста гуырдзиаг зонад æмæ культурæйы рæзтыл. Ахуыргон- ды зонадон-педагогон куыст æнгом баст уыдис Тбилисы уни- верситеты æмæ Гуырдзыстоны зонæдты академийы сæвзæрд æмæ рæзтимæ. Г.С.Ахвледиани уыдис Гуырдзыстоны иумиаг æвзагзоны- нады бындурæвæрæг. Тбилисы университеты фыццаг уый ба- кастис 1918 азы лекцитæ «Æвзагзонынадмæ бацæуæн курсæй», æмæ æрмæст ацы курсæй нæ каст лекцитæ, фæлæ бирæ æн- дæр сæйраг лингвистикон курсытæй дæр, куыд зæгъæм: æв- 59
^Ф ^ ——^^ Ч^%Г" —<^ загзонады историйæ, индоевропейаг æвзагзонынады абаргæ грамматикæйæ, ирон æвзагæй, абаргæ фонетикæйæ æмæ æндæртæй. Стыр уыдис курдиатджын иртасæджы хайбавæрд иумиаг æмæ эксперименталон фонетикæйы æмæ йæ лабора- торийы бындур æвæрыны хъуыддаджы. Г.С.Ахвледиани иумиаг æвзагзонынады, стæй фонетикæйы фæдыл цы бирæ куыстытæ сфæлдыста, уыдон бацыдысты картвелологийы сыгъзæрин фондмæ æмæ се ’ппæтыл ацы цы- быр уацы æрдзурæн нæй, фæлæ мæн фæнды зæгъын уый, æмæ Г.С.Ахвледиани кæй уыдис Гуырдзыстоны ирон æвзаг ахуыр кæныны æмæ иртасыны бындурæвæрæг. Номдзыд ахуыргон- ды бирæвæрсыг архайды аккаг бынат ахстой ирон æвзаджы фонетикон системæ æмæ грамматикон сконды фарстытæ, ирон диалектологи æмæ текстологийы фарстытæ, ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгты æндæвдад æмæ æндæртæ. Ирон æвзаг чи ахуыр кæны, стæй ирон æвзагыл чи кусы, уыдонæн стыр ахъаз фæуыдзæнис 1938 азы цы куыст ныф- фыста, уый - «Иумиаг фонетикæйы æмæ гуырдзиаг æвзаджы фонетикæйы фарстытæ». 1949 азы та йын рацыд æндæр ку- ыст - «Иумиаг фонетикæйы бындуртæ», зæгъгæ. Йæ иртасæн куыстытæй бирæты дзуры ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгты кæрæдзийыл æндæвдады фарстытыл. Йæ куысты «Алай- наг (ирон) æмæ гуырдзиаг æвзæгты æмахастыты иуæй-иу фарстыты тыххæй»-йы уый зæгъы, зæгъгæ, кæд алайнаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ æрвадæлон не сты сæ равзæрдмæ гæсгæ, уæддæр сæ фонетикон системæ тынг æввахс у, уæлдай æмхуызон сты сæ консонантизмæй, ома æмхъæлæсонты сис- темæйæ. Зæгъы, зæгъгæ, алайнаг æвзаджы æндæвдадæй нæм æмæбæлы иберийаг æвзаджы æмхъæлæсонтæй бирæтæ. Уы- мæн, зæгъгæ, йæ аххосаг у, иу дуджы гуырдзиаг æвзагмæ тынг бирæ алайнаг (ирон) дзырдтæ кæй бафтыд æмæ гуырд- зиаг æвзаджы артикуляцийыл кæй бандæвтой, уый фæстиуæг. Банысан кодта ахуыргонд ирон вокализмы, ома хъæлæсонты системæйы æндæвдад дæр мегрелтæ æмæ суайнаг æвзæгты 60
кæй æмбæлы, кæд иннæ ибериаг æвзæгты не ’мбæлынц иро- тетикон хъæлæсонтæ Æ æмæ Ы, уæддæр мегрелтæм æм- бæлы Ы, æмæ суантæм та - Ы æмæ Æ. Фæлæ ма ахуыргонд уыимæ нысан кодта, зæгъгæ æндæвдад иувæрсыг нæ вæййы. Ибериаг æвзæгтæ бирæ ивындзинæдтæ бахастой æмткæй ирон æвзаджы скондмæ. Уыдон та ирон лингвистикон лите- ратурæйы, уæлдайдæр не стыр ахуыргонд Абайты Васойы ку- ыстыты бæлвырд бæрæгæй зынынц, æгæр стыр нысаниуæг дæр ма сын дæтты. Фæлæ сæйраг уый нæу. Сæйраг уый у - гуырдзыйы историктæй иуæй-иутæ ирон адæмы нымайынц æрцæуæггаг адæмыл, æмæ уыцы мæнгдзурæг историктæн та Ахвледианийы куыстытæ дæттынц ахъаззаг ныхкъуырд, ома сты комкоммæ ныхмæдзыд. Ам банысан кæнинаг у ахæм факт, æмæ Ахвледиани ирон адæмæн се ’взаг фæлгъаугæйæ, стыр хъусдард здæхта истори- йы фарстытæй дæр бирæтæм. Ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгты дыууæрдæм æндæвдады тыххæй фыста: «Ирон æмæ гуырдзиаг адæмты æмахастытæ вазыгджын уымæй сты, æмæ ам мах уынæм бирæ рæстæджы дæргъы дыууæрдæм æндæвдад, хуымæтæг æндæвдады арæн- тæй чи ахизы, ахæм æндæвдад. Мæнмæ гæсгæ, гуырдзиаг (картвелаг) æмæ ирон (алайнаг) æвзæгтæй зæгъæн ис, æмæ æндавгæ нæ, фæлæ комкоммæ дæр бацыдысты кæрæдзийы мидæг. Цы рæстæгæй фæстæмæ æндавынц кæрæдзийыл, уу- ыл куы дзурæм, уæд, æвæццæгæн, афтæ хъуыды кæнын хъæуьт, картвелаг æмæ алайнаг адæмтæ тынг рагæй, бирæ рæстæджы дæргъы цардысты иумиаг цардæй, кæрæдзиимæ æнгом ахастыты. Уый хъуамæ уыдаид нæ эрайы агъоммæйы фæстаг æнустæй нæ эрæйы фыццаг æнустæм. Уыцы хъуы- ды бæлвырд кæны диссаджы хорз цыртдзæвæн «Армазы би- лингва» дæр (нæ эрæйы 1-П æнустæй). Уыцы цыртдзæвæнты иуæй-иу сæрмагонд нæмттæ ирон (алайнаг) кæй сты, уый раст рафæлгъуыдта Абайты Васо», (Г.С.Ахвледиани. «Сборник из- бранных работ по осетинскому языку»). 61
Æвзаг æмæ историон бæрæггæнæнты бындурыл Ахвле- диани йæ куысты бæлвырдæй равдыста, туаллæгтæ рагæй фæстæмæ ирæттæ кæй уыдысты, æмæ Кавказы хæхты Цæгат фахсæй Хуссармæ ирон адæмы иу хай æнусты дæргъы ца- дæггай кæй æфтыдис. Уыцы процесс та ахуыргонды хъуы- дымæ гæсгæ ахицæнгæнæн ис дыууæ периодыл: 1. Рагон пе- риод. 2. Ногдæр период. 1. Рагон периоды, Ахвледиани куыд зæгъы, афтæмæй Кавказы Хуссар фæхсмæ ирон адæмæй иууыл раздæр цы мыггæгтæ рахызт, уыдон уыдысты туалтæ. Уыцы историон фæзынды райдиан та, Ахвледианийы хъуыдымæ гæсгæ, уыди незаманты, суанг нæ эрæйы фыццаг æнустæй. 2. Ногдæр период та, чи зоны, зæгъгæ, фыццагæй цалдæр æнусы фæстæдæр - суанг XIX æнусы кæронмæ. Адон æр- цардысты Чысыл Леуахи æмæ Чысандоны кæмтты æмæ сæ ца- дæггай ахсын байдыдтой. Ацы дыууæ сæйраг цæрæнуæттæй апырх сты ирон цæрджытæ Гуырдзыстоны æндæр бынæттæм. (Сборник избранных работ). 1960 азы Тбилисы паддзахадон университеты æвзаг-зоны- нады кафедрæ мыхуыры рауагъта Г. С. Ахвледианийы «Ирон æвзаджы равзаргæ куыстыты æмбырдгонд». Уыцы чиныгмæ бацыдысты, 1903 азæй фæстæмæ ирон æвзаджы тыххæй цы иртасæн куыстытæ ныффыста, уыдон. Уыцы зонадон куыстытæй уæлдай цымыдисондæр сты «Æртæ Т-йы ирон æвзаджы», «Ирон æвзаджы историйы тых- хæй», «Туалты бæстæ æмæ Туалты тыххæй истрион справкæ», «Ирон инфинитивы фарст». Номдзыд ахуыргонд стыр куыст бакодта зындгонд ирон рухстауæг Æгъуызаты (Гæбæраты) Иуанейы цард æмæ ар- хайд рафæлгъауыныл. Ахвледиани стыр аргъ кодта Æгъ- уызаты Иуанейы тексттæн. Уый дзырдта, зæгъгæ, сын ис егъау нысаниуæг туаллаг, (дзауаг) ныхасыздæхтыты уæды миниуджытæ базонынæн, æмæ уый фæрцы та рафæлгъауæн уыдзæнис ирон æвзаджы историйы бирæ фарстытæн. 62
^_ _ ц^ ■«*"* ---Ф^& Йæ куыстæй уæлдай банысан кæныны аккаг у «Æртæ Т-йы ирон æвзаджы». Æппæты фыццаг Ахвледиани бафип- пайдта ирон æвзаджы Т æмæ Тъ-йы уæлдай кæй ис æртыккаг Т дæр (стæг, фыстæг, хæстæг). Ацы фарсты раиртæст иттæг хорзыл банымадта Абайты Васо æмæ йæ уый ноджы фæарфдæр кодта, сбæлвырд кодта, ирон æвзаджы æрмæст æртæ Т-йы нæй, фæлæ ма дзы ис æртæ П, æртæ К, æртæ Ч æмæ æртæ Ц. Афтæмæй Васо рабæрæг код- та ирон æвзаджы æртæ фæлтæрад нæ, фæлæ дзы ис цыппæрæм фæлтæрад дæр (кæс Абайты В. «Четыре ряда смычных соглас- ных»). Г.С.Ахвледианийы лæггæдтæ тынг бирæ сты ирон зонадæн. 1963 æмæ 1969 азты Ахвледианийы иумиаг редакцийæ мы- хуыры рацыд «Ирон æвзаджы грамматикæ» 2 томæй. Ацы дыууæтомон чиныг редакци кæнын æмæ мыхуырмæ бацæттæ кæныныл бирæ тых, бирæ хъару бахардз кодта. Уæлдай банысан кæныны аккаг у, Ахвледиани цæргæ- цæрæнбонты ирон адæмæн куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Иры дæр зонадон-педагогон кадртæ бацæттæ кæныны æмæ хъо- мыл кæныны хъуыддаджы цас сарæзта, уый. Георги Сар- дионы фырты комкоммæ æххуыс æмæ разамындæй схъо- мыл сты ирон æвзагзонынады кусджытæн сæ фылдæр. Ирон æвзагыл чи куыста, уыдонæй иу дæр ахæм нæй, уый йе ’ххуы- сы къух кæмæ нæ фæдардта. Г.С.Ахвледиани уыдис æцæгдæр ирон адæмы иузæрдион хæлар. Иугæндзон йæ хъус дардта ирон æвзаг, ирон адæммæ. Уымæн та æвдисæн 1973 азы, йæ амæлæты размæ, цы фыстæг æрбарвыста, уый. 1972 азы, де- кабры мæйы йæ Хуссар Ирыстоны обком ирон кафедрæйы номæй æрбахуыдта, æмæ йын тынг кад скодтой æппæт ирон интеллигенци. Иæ арфæйы фыстæджы фыста: «Исключительный радушный прием, оказанный мне осе- тинской общественностью, радовал меня тем, что воочию видел результаты ленинско-сталинской национальной по- литики - в смысле необыкновенного роста общественно- 63
«^. -т^^а _<^ •=<*©-_ _ ц^ —-—-&* политического самосознания осетинского народа с 1917 года. Я исходил всю Юго-Осетию, а также Северную, включая, ко- нечно, и Дигорию. Я ознакомился с трудовым и талантливым осетинским народом, достигшим того, что я вижу теперь и что может только радовать нас, стариков-доброжелателей». (Письмо Г.С.Ахвледиани Габуловым 8.02.73г.) Г.С.Ахвледианийы хæлар ахаст, иузæрдион уарзондзинад ирон адæммæ, йæ æнувыд аудындзинадæн ирон адæм стыр аргъ кодтой æмæ йын Цæгат Ирыстоны зонады сгуыхт ар- хайджыты ном дæр уымæн æрцыд лæвæрд. Хуссар Ирысто- ны Кады грамотайæ дæр дыууæ хаты æрцыд хорзæхджын, йæ амæлæты фæстæ та йæ ном лæвæрд æрцыд горæт Цхинвалы уынгтæй сæ иуæн. Зынгæ советон ахуыргондæн стыр аргъ кодтой Советон хи- цауад æмæ советон зонад. Йе стыр титулты уæлдай хорзæх- джын уыд Ленины орденæй, Октябры революцийы орденæй, Фæллойады Сырх Тырысайы орденæй, Кады нысаны орденæй, бирæ майдантæй. Дыууæсæдæ зонадон куыстæй фылдæры автор, разагътайы ахуыргонд, зæрдæхæлар хъомылгæнæг, ахуыргæндтæ æмæ зо- надон кусджыты ахуыргæнæг Г.С.Ахвледианийæн кæд йæ хæлар зæрдæ кусынæй банцад 1973 азы, уæддæр йæ сыгъдæг ном æнустæм баззайдзæн чи йæ зыдта, æппæт уыцы адæмты зæрдæты. Ныгæд æрцыд Тбилисы университеты кæрты, арæзт ын æрцыд кады цырт, куыд университеты бындурæвæрджыты сæйрагдæртæй иуæн, афтæ. 2013 АЗЫ БЕКЪОЙТЫ ДИМИТРЫ РАЙГУЫРДЫЛ ÆХХÆСТ КÆНЫ 100 АЗЫ Тæхудиаг у, лæгау-лæджы цард фæкæнын йæ бон кæмæн свæййы, йæ адзал æрцæуыны фæстæ уæлæуыл йæ хорз хъуыд- дæгтæй йæ кады ном цæргæйæ кæмæн баззайы. 64
^ 5^^ <^^>- -*$4& Ирыстонæн ахæм тæхудиаджы хъæбулæй расгуыхт стыр ахуыргонд, ирон æвзаджы рæзты хъуыддаджы иууыл фылдæр саразын кæмæн бантыстис, уыдонæй иу - Бекъойты Гаврилы фырт Димитр. Димитр райгуырдис Ирыстоны иууыл фендджындæр æмæ рæсугъддæр къуымтæй сæ иу - Джеры хъæуы, зæхкусæг би- нонты хæдзары 1913 азы 14 февралы. Æмæ йын Ирыстоны иу- уыл кадджындæр зæдтæй сæ иу — Джеры Уастырджы, æвæц- цæгæн, схай кодта йæ адæмæн аккаг хъæбул уæвыны амонд, се ’взаг сын банывыл кæныны бæрнон хæс аккагæй сæххæст кæнын. Цы хæххон куыст уыдаид æмæ ацы æвзонг лæппу йе ’ххуы- сы къух ма фæдаргъ кодтаид йæ ныййарджытæм хæххон æва- дат уавæрты. Хъомыл кодта ирон карз æнæфыст закъæттыл: - хистæрæн - кад кæнын, кæстæрæн - зонд амонын, райгуырæн уæзæг æгæрон уарзтæй уарзын. Димитр чысылæй фæстæмæ бауарзта йæ мадæлон æвзаг, хъуыста æмæ хъуыды кодта алы дзырды фæзилæн, алы æууæл, æмæ фæстæдæр афтæ зæрдиагæй дæр уымæн æрæвнæлдта зо- надон æгъдауæй уыдоныл бакусынмæ. Уæды рæстæджы, æгæрыстæмæй, райдиан скъола дæр каст чи фæуыдаид, уый нымад цыдис ахуыр адæймагыл. Зæр- дæргъæвд лæппу ууыл не ’рлæууыдис, æмæ фæстæдæр, 1931 азы, каст фæцис Цхинвалы ахуыргæнджыты курсытæ. Уыцы азты æнæахуырдзинад скуынæг кæнын уыдис пар- ти æмæ хицауады иууыл сæйрагдæр хæстæй иу. Æмæ иугæр æнусты дæргъы талынг цардгæнæг ирон адæмы ахуырæн фа- дат фæцис, уæд ныггуылф кодтой æмæ ныллæуыдысты аху- ыры фæндагыл. Хъæуты алы ран дæр кодтой скъолатæ. Иу ахæм скъоламæ, Цхинвалы районы Уалыты хъæуы райди- ан скъоламæ, директорæй арвыстой Бекойты Димитры дæр. Зæрдиагæй дзы фæкуыста æртæ азы, фæлæ йæ йæ зæрдæ æмæ зонд хастой ноджыдæр фылдæр зонындзинæдтæ исынмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта рабфакы. Фæлæ та ууыл дæр не *5 65
^ф_— цф^—— ^"^— 1ц#4^— *» ’рлæууыд, æвзагзонынады фæдыл йæ сæры цы бирæ фарстытæ æвзæрд, уыдонæн агуырдта дзуаппытæ æмæ сæ ссардта 1934 азы Сталиниры паддзахадон педагогон институтмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ ахуырмæ куы бацыд, уæд. Каст æй фæцис 1937 азы. Институты йын ахуыргæнджытæ уайтагъд фæхатыдысты йе ’взыгъддзинад, зонадмæ йæ тыр- нындзинад æмæ арф хъуыдыкæнынад. Уыцы рæстæджы кадртæ нæ фаг кодтой канд скъолаты нæ, фæлæ педагогон ин- ституты дæр æмæ иугæр институт ахæм æвзыгъд студент каст фæцис, уæд æй æрурæдтой сæхимæ æмæ уæдæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны скъолатæн йæ амæлæты бонмæ цæттæ код- та ахуыргæнджыты кадртæ. Æцæг æй иудзæвгар рæстæг ныу- уадзын бахъуыд йæ уарзон куыст. 1941 азы немыцаг æрдонгтæ нæ бæстæ Советон Цæдисмæ гадзрахатæй куы ’рбабырстой, уæд сæдæгай ирон лæппутау Димитр дæр барвæндонæй ацы- дис Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Йæ фыссæн сисы бæсты райста хæцæнгарз æмæ дæрæн кодта знаджы, тохы бы- дыры йæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фæцæйсæфта фашистон судзгæ мæлæтхæссæг нæмыг, фæлæ йын Джеры Уастырджи баххуыс кодта æмæ бирæ хæстон хорзæхтимæ хæсты фæстæ сæрæгасæй сæмбæлд йæ райгуырæн уæзæгыл. Хæстæй æрæздæхгæйæ Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты кусын райдыдта ирон æвзаг æмæ литературæйы хайады сæргълæууæгæй. Уыцы азты пединститут ирон æв- заг æмæ литературæйы кадртæй тынг сфæлахс. Кæд иннæ фа- культеттæм лекцитæ кæсынмæ хуыдтой Тбилисæй, уæд ирон æвзаг æмæ литературæ амонын та æрмæстдæр бынæттон кад- ртæй кæнгæ уыдис. Бахатыдысты Димитрмæ æмæ сын дыууæ нæ загъта. Райдыдта лекцитæ кæсын ирон æвзагæй. Уыимæ иумæ æнæмæнг хъуыдис бынæттон кадртæ бацæттæ кæнын дæр. Æмæ кæд Димитры сæр иу ран дæр æмæ иннæ ран дæр зæрдиагæй хъуыдис, уæддæр сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, æр- выст æрцыдис Тбилисы университеты аспирантурæмæ. Уым 66
*^>— --_^^^-_ _<^^ — ~5#4^" — <И" ирон адæмы стыр хæлар Георгий Ахвледианийы цæстуарзон æххуыс æмæ разамынды фæстиуæгæн 1950 азы Димитр æнтыстджынæй бахъахъхъæдта диссертаци æмæ йын лæвæрд æрцыдис филологон зонæдты кандидаты ном. Иæ темæ уы- дис, рагæй фæстæмæ кæуыл куыста æмæ йын æнцойад чи нæ лæвæрдта, ахæм: «Хуссар Ирыстоны ныхасыздæхты фонети- кон хицæндзинæдтæ». Бекойты Димитрæн йæ раздæры бæллицтæй иу уыдис ирон æвзагыл кусын æмæ тынг бирæ рæстæг æмæ хъарутæ хардз кодта уый сæраппонд. Институты нæ уыдис ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæ æмæ уый хардзау кастис ирон æвзаджы сæрхъызоймæ. Бирæ ракæ-бакæ, рафысс-бафыссы фæстæ йæ архайд ратта фæстиуджытæ æмæ 1953 азы Ста- линиры педагогон институты бакондæуыд ирон æвзаг æмæ лцтературæйы кафедрæ æмæ йын æнæхъæн 22 азы арæхстджын æмæ сæрыстырæй разамынд кодта йæхæдæг. Кафедрæ бакæнынæй бирæ фæхуыздæр институты ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Æппынæдзух куыд ахуыргæнджыты, афтæ студентты ’хсæн дæр куыста ирон литературæ æмæ æвзаджы авторитет, йæ ахуыр кæныны æмвæзад ын бæрзонд кæныныл, бауарзын æй кæныныл. Æмæ æцæгæйдæр, ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæнын ссис институты стьтр кады хъуыддаг, фæсивæд æм аздæхтой се ’ргом æмæ сæ уыцы уарзондзинад парахат кодтой областы æппæт скъолаты дæр. Æндæр æмæ æндæр азты Димитр куыста деканæй æмæ æн- дæр бæрнон бынæтты дæр. Æмæ канд ахуыр-хъомыладон ку- ыст нæ, фæлæ ма уæхскуæзæй кодта зонадон æмæ иртасæн куыст дæр, фыста ахуыргæнæн æмæ методикон чингуытæ. Къорд азты дæргъы не скъолаты ахуыр кодтой уый кæй ныф- фыста, уыцы ахуыргæнæн чингуытæй. Бирæ йын бантыст са- разын райдиан æмæ астæуккаг скъолаты программæтæ æмæ методикон литературæйæ сифтонг кæныны хъуыддаджы дæр. Димитры бирæ азты иртасæн куысты фæстиуæг уыдис ирон 67
æвзаджы диалектон базæ системæмæ æркæнын, алыварсонæй йæ раиртасын æмæ ныббиноныг кæнын. Ууыл кусгæйæ, Бекъойы фырт Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны, æмæ ма, æг- æрыстмæй, Гуырдзыстоны компактонæй цы ирон хъæутæ цардис, уыдонæй ахæм къуым нал ныууагъта, кæм нæ ба- лæууыд. Уырзæй æвзарæгау æвзæрста дзырдтæ, диалек- ты ныхасыздæхтыты хиæдтæ, иртæста æмæ сын ахуыр код- та сæ ивындзинад, сæ бындур, сæ равзæрд. Уыйбæрц æрмæг æрæмбырд кодта, æмæ йын сæ рауадис гуырахстджын зона- дон куыст ахæм сæримæ: «Ирон æвзаджы ирон диалект». Уый уыдис йæ докторон диссертаци дæр. Фæлæ хъысмæты фæндонæй йæ бахъахъхъæнын Димитры къухы нæ бафтыд. Диссертаци бæргæ сцæттæ кодта, нысангонд æрцыдис йæ бахъахъхъæныны бон дæр, фæлæ уымæй цалдæр боны раздæр 1980 азы 11 марты æнæнхъæлæджы йæ кусынæй банцад йе ’нæрынцой зæрдæ. Ирон æвзагзонынад фæкъахыр Дими- тры амæлæтæй. Фæлæ цы иртасæн куыстытæ бакодта, уыдон цæрынц æмæ йын сты удæгас цырт йæ амæлæты фæстæ. Ацы куысты (рацыдис йæ амæлæты фæстæ) æрæмбырд кодта уыйбæрц æрмæг, канд ирон æвзаджы ирон диалекты тыххæй нæ, фæлæ дзы рауадис æмткæй ирон грамматикæ, ди- алектологи æмæ историйы рæзтæн стыр ахъаз чи фæцис, ахæм зонадон куыст. Мæнæ йын цахæм стыр аргъ скодта йæ ацы зо- надон куыстæн нæ абоны иууыл сæрæндæр лингвистæй сæ иу, йæ чиныджы редактор, филологон зонæдты доктор, профес- сор Гæбæраты Никъала: «Хотя настоящий труд не является учебником, но он может быть использован на осетиноведче- ских факультетах наших вузов в качестве учебного пособия... Читатель найдет в нем болыпое количество интереснейших наблюдений над множеством фактов, даже вплоть до данных демографического плана». Ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультеты сту- денттæн ацы чиныг ирон æвзаг æмæ йæ истори ахуыр кæ- ныны процессы ссис сæ иууыл хуыздæр æххуысгæнæг, куыд 68
•Ъ— ц^4^ Ф^’^Ф- — ^^? æрвылбон, афтæ падцзахадон экзаментæм цæттæ кæнын, кур- сон æмæ дипломон куыстыты проекттæ фысгæйæ. Абон Ныгуылæны аппаринаг культурæ махыл дæр йæ сау хыз цадæггай куы тауы, сæйраг æхца, хъæздыгдзинад куы ссис, зонынадæн йæ аргъ дæлæмæ куы хауы, æмæ фыддзи- над куы уæлахиз кæны, уæд Димитр йæ адæм æмæ йе ’взаг цы уарзтæй уарзта, æмæ нын цæрын куыд амыдта, уыдæттæ кæмæйдæрты байрох сты æмæ уæлæхох кæнын байдыдтой не ’взагыл, йæ сыгъдæгдзинадыл. Фæлтау цъæррæмыхстытæй дзурдзысты, уæддæр иронау нæ. Уымæн ирд æвдисæн у фæс- таг рæстæджы нæ элæктронон информацийы фæрæзты ку- ыст. Нал хъахъхъæнынц райстгонд литературон нормæтæ. Кæй цахæм ныхасыздæхтыл фæнды, ууыл здухынц сæ ны- хас, сæ зарджытæ, фæлæ сын, хъыгагæн, макæ зæгъæг дæр нæй. Уымæй та Димитрæн æмæ не ’взаджы тыххæй сæ удтæ дæр чи не ’вгъау кодтой, уыдоны рухс нæмттыл тар æндæрг æвæрынц. Стыр æмæ алыварсон сты Бекъойты Димитры лæггæдтæ ирон адæм æмæ ирон æвзагзонынадæн, ирон æвзагмæ сæры- стырдзинады æнкъарæнтæ бауагъта сæдæгай ирон чызджыты æмæ лæппуты зæрдæтæм, кæцытæ йын абон дарддæр кæнынц йæ патриотон хъуыддаг, йæ рухс ном та йын мысынц райгонд æмæ сæрыстырæй. Абон нæ республикæйы цыдæриддæр раз- загон интеллигенци æмæ ахуыргонд адæм ис, уыдонæн сæ бирæ фылдæр хай рацыдысты Димитры къухæй. Æмæ сын канд зонындзинæдтæ нæ ратта, фæлæ ма сын йæхи цæвиттонæй амыдта лæгау-лæгæй цæрын куыд хъæуы, уый дæр. Схъо- мыл кодта ирон æвзаг иртасджыты, ахуыргæнджыты, фыс- джыты, журналистты æнæхъæн фæлтæртæ. Димитры лекци- тыл адæймаг канд зонындзинæдтæ нæ, фæлæ иста эстетикон æмæ уды æхцондзинад, баста сæ Ирьктонимæ, йæ адæмимæ, се ’взагмæ уарзондзинады тæгтæй. Æмæ йын йæ лекцитæ ма сахуыр кодтаис, семинартæм ма бацæттæ кодтаис, уый-иу цæсгом хъæцгæ дæр нæ кодта. Студенты цæстæй куы акæсæм 69
^ ^^а „-^^— _5^ . & Димитрмæ-лектормæ, уæд семинартыл, экзаментыл уыдис карз, домаг, нæ зоныс - нысанмæ ма æнхъæлмæ кæс. Фæлæ йæ уæддæр уарзтам, нæ йæ уæлдай кодтам зæрдæйæ, уымæн æмæ нæм ахæм ахаст дардта йæхæдæг дæр. Кæд æй æргом не ’вдыста, уæддæр. Тæрсгæ нæ, æфсæрмы дзы кодтам æмæ нын йæ предметæн æнæахуыргæнгæ нæ уыд. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ абон Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологи æмæ журналистикæйы кафедрæйы /æмæ канд уый нæ/ уæнгтæ кæстæр фæлтæрæй дарддæр, иууылдæр Димитры студентæ кæй уыдысты. Димитры рухс ном абон дæр кадимæ мысынц университеты проректор Плиты Гацыр, доценттæ Битарты Зоя, Хуыгаты Илья, Дзабиты Зарбег, Плиты Муссæ, Хъазиты Мелитон, Гасситы Эммæ, Габуты Замирæ, ацы рæнхъыты ав- тор... Æрæджы нæм ирон кабинеты æрхауд Димитры кой æмæ нæ ахуыргæнджытæй сæ иу афтæ бакодта: «Ацы кабинетмæ æрбацæугæйæ мын алцыдæр мæ зæрдыл æрлæууын кæны ацы фидæрттæконд, бæрзонд æмæ зондджын лæджы, афтæ мæм фæкæсы, цыма йæ нæ уынæм, афтæмæй не ’хсæн ис йæ уд, йæ фарн». Æвæццæгæн, афтæ хъуыды кæны махæй алчи дæр. Бекъойты Димитрæн йæ цардвæндаг дæр гауызтыл нæ уыд, алыгъуызон фыдлæгтæ йын йæ рæзты цæлхдуртæ дæр æвæрдтой, фæлæ сæм уæлейæ дæлæмæ æлгъгæнæджы цæстæй кæсгæйæ, лæгæрста размæ йæ ирон æвзаг, йæ адæмы сомбоны сæрвæлтау. Уыдис ахæм заман дæр æмæ нын Гуырдзыстон не ’взаг сæхгæнын, бындзарæй йын йæ уидæгтæ сыскъуынын куы сфæнд кодта, ирон алфавиты бæсты нын сæхи, махæн æцæгæлон чи уыд, ахæм алфавит куы хъардта. Æмæ сын, хъыгагæн, нæхимæ иуæй-иу æхсины лæгтæ, дымыстæртæ дæр сæ сæр разыйы тылд куы кодтой. Растдæр ахæм уæззау зама- ны Димитр слæууыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны сæраппонд уыцы националон-шовинистты æмæ бынæттон нымудзджы- 70
•*>— ^^^"— ^^>——-—°-ч##^ *** ты ныхмæ айнæг къæдзæхау. Бирæ хæттыты йын уыдис тас ахсынæй, фесæфынæй, фæлæ лæгау кæронмæ акодта йæ тох æмæ фæуæлахиз нæ адæм æмæ ирон æвзаджы сæраппонд. Куыд ма загътам, афтæмæй Димитр канд ахуыргæнæг нæ, фæлæ ма уыдис ирон æхсæнады цы цаутæ цыдис, уыдон акти- вон архайæг дæр. Йæ сæйрагдæр ирон лæджы миниуæг уыдис йæ рæстдзæвин ныхас. Йæ удхæссæг уыдысты лæгау-лæгыл чи не ’мбæлд, ахæм митæ. Алкæмæн дæр йæ азым дзырдта æргом, раппæлын кæмæй хъуыд, уымæй æппæлыд. Бирæ, тынг бирæ дзуринæгтæ ис ацы хорз ирон лæджы, «Адæмон ахуырады отличник»-ы тыххæй, фæлæ сын иу уа- цы радзурæн нæй. Бекъойты Димитр ныр æртын азæй фылдæр немæ нал ис, фæлæ йын йæ ирон патриотизмы тырыса, йæ сыгъдæг ном бузныджы æнкъарæнтимæ бæрзонд хæссынц ирондзинад, лæгдзинад, ирон æвзагмæ æгæрон уарзондзинад кæй мидæг схъомыл кодта, йæ уыцы сæдæгай фæндонтæ. Æмæ ныр йæ райгуырдыл 100 азы сæххæсты къæсæрыл ирон дзыллæйы, йæ кады хъуыддæгтæ йын чи дарддæр кæны, уыдон номæй зæгъæм: «Дзæнæты уæд дæ бынат, хорз ирон æмæ патриот лæг. Афтæ бирæ цы Ирыстоны уарзтай, уый сыджыт дын хъа- зы пакъуыйау уæд фæлмæн, мады хъæбысау та æхцон». МАДÆЛОН ÆВЗАДЖЫ ИТТÆГ ХОРЗ ИРТАСÆГ ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА Ацы цыбыр уацы дзырд цы адæймаджы тыххæй цæуы, уы- мæн йæ рæсугъд, бæллиццаг цардвæндаг у æрфæны фæдау. Йæ хъару, йæ диссаджы курдиат снывонд кодта нæ зонадæн, йæ адæмæн лæггад кæнынæн. Уый у ирон адæмы æгъдæуттæ хорз чи зоны, нæ фыдæлты заман хорз чи æмбары æмæ нæ дзыллæйы зæрдæ цал рæхуысты баййæфта, уыдон дæр хорз чи хаты, ахæм ирон адæймаг. 71
^ф—— цф^а " "^^— —■ц#ф;г- &* Мæнмæ афтæ кæсы, ацы адæймаджы исчи куы бафæрсид - «кæд ирон дæ, уæд радзур, æцæгæй, ды цы бафтыдтай Ирæн йæ кадыл?», уæд уый ахæм уæздан, хæдæфсæрм адæймаг у, æмæ йæхæдæг зæгъид - «Ницы! Æппындæр ницы!» Фæлæ йын æз ахæм дзуапп раттин: Уый у фыццаджыдæр, зæрдæйæ, удыхъæдæй, йæ туджы ирондзинад кæмæн хъазы, йæ хуылфы ирон зæрдæ кæмæн хæлбурцъ кæны, ахæм хæдæфсарм, ирон уæздан ахуыргонд. Уый канд ирон æвзаг нæ, фæлæ æндæр æвзæгтæ дæр хорз чи зоны, куыд зонадон, афтæ практикон æгъдауæй дæр, ахæм ахуыргонд у. Уыцы дæсныйад уымæн тыхаразгæ, тыхкæнгæ нæу. Куыд поэт, музыкант, нывгæнæг æмæ æндæр ахæмтæн сæ дæсныйад æрдзæй лæвæрд фæвæййы, афтæ ацы адæймагæн дæр лæвæрд фæцис йе ’рдзыгъæдæй æвзагзонынады дæсыныйад, номхуындæй та - ирон æвзагзо- нынад. Æмæ уымæн та æндæр гæнæн нæ уыдис. Æппæт ду- нейыл йæ ном кæмæн айхъуыст, йæ кад диссагæн кæмæн баз- зад, дунейы иранисттæ сæ сæр кæй разы къул кæнынц, уыцы зындгонд иранист, уыцы æрттиваг мæй, Абайты Васойы алы- варс æрттиваг стъалытæ куы нæ фæзындаиккой, уæд уый ху- динаджы гакк æвæрид ирон адæм, ирон æзвагзонынады аху- ырады. Æнæдызæрдыгæй, ирзонынады стъалыты ирддæртæй иу у, Куатетрийы дзыхъхъæй æртæ хъæуы сæрты Зиулеты къу- ыппыл дардмæ цы скъола зыны, уый иттæг хорз нысæнттимæ каст чи фæцис, уыцы æвзонг цардбæллон лæппу Гæбæраты Ясоны фырт Никъала, нæхи Къоля, кæнæ фæсномыгæй йæхи куыд хоны - Пиранты Микка. Зиулетыастæуккагскъолакастфæугæйæ,æвзонглæппуйæн йæ зæрды уыдис, цæмæй йæ ахуыр адарддæр кодтаид, фæлæ йе ’взонг хъуыдытæй фыдæнхъæл фæцис. Райдыдта Стыр Фы- дыбæстæйон хæст. Æвзонг уæвгæйæ, Никъала барвæндонæй ацыдис хæсты быдырмæ. Сталинград, Болгари, Румыни æмæ суанг Австрийы онг ахæццæ фыдæзнаджы ныхмæ тохгæнгæ. Цæфтæй, фæлæ сæрæгасæй æрæздæхтис йæ райгуырæн хъæу Куатетримæ. 72
^-—■■ -чд#4^ ^^ -*#4^ Хæствæллад æвзонг лæппуйæн йе уæнгты, йæ зæрдæйы хæлбурцъ кодта, æрдзæй, дунейы фарнæй йын лæвæрд цы амонд фæцис, уый - мадæлон æвзаг сахуыр кæнын, мадæлон æвзагыл фыдæбон кæнын. Адæймаг тыхджын у, цы сфæнд кæна, æмæ цы нæ сараздзæн. Æдзух æнæрынцойæ йæхиуыл куыста, чингуытæ... чингуытæ, афтæмæй цыбыр рæстæгмæ æвзонг хæствæллад лæппуйæн Тбилисы Паддзахадон универ- ситет йæ дуæрттæ байгом кодта æмæ Гæбæраты Никъала ссис филологон факультеты студент. Фондз азы фæцахуыр кодта ацы университеты. Уыцы рæстæджы филологон факульте- ты ирон æвзаджы ахуырадмæ тынг сæ хъус æрдардтой, Ах- вледиани Георги Сардионы фырт - ирон адæмы хæлар, ирон æвзагзонынады кадртæ цæттæгæнæг, сæ сæргъ, афтæмæй ирон æвзаджы ахуырад æмæ уымæй кадртæ бацæтттæ кæныны хъуыддаг бæрзонд бынаты æвæрд æрцыдис. Ацы хъуыддаг дæр та йæ фæд æнæ ныууадзгæ нæ фæцис Гæбæраты Никъа- лайыл. Университет æнтысгæйæ каст фæуыны фæстæ Никъ- ала баззадис филологон факультеты аспирантæй. Цасдæр рæстæджы фæстæ Никъала академик Ахвледиани ГС. къух- дариуæджы бын æнтысгæйæ бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци ахæм темæйæ «Уырыссаг фразеологон иуæгтæ æмæ уыдоны æмахастытæ ирон æвзаджы». Ссис филологон зонæдты кандидат. Уайтагъд нæ ахуыргонд кусын райдыд- та Хуссар Ирыстон зонад-иртасæн институты ирон æвзаджы хайады сæргълæууæгæй, уый æмрæстæджы кодта педаго- гон куыст Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты, уæдæй абонмæ амоны æмæ кæсы лекцитæ куыд ирон, афтæ уырыс- саг æвзагæй дæр. Гæбæраты Никъала æппæт йæ тыхтæ æмæ йæ зонындзинæдтæ нæ ауæрды æмæ нæ хæлæг кæны зона- ды проблемæтæ иртасын æмæ ног зонадон фæлтæр хъомыл кæнынæн. Фаг сты зæгъынæн, ныртæккæ йæ хайады цы ирзо- нынады ахуыргæндтæ кусынц, уыдон се ’ппæт дæр, стæмты йедтæмæ, кæй сырæзтысты Никъалайы æрмдзæфы бын æмæ ферттив-ферттив кæнынц Ирыстоны арвы бын. Гæбæраты 73
«Ъ ^ ^^ м^^ ^ Никъала ирон æвзаджы филологийы фарстыты цы стыр куыст кæны, уымæн æвдисæн^сты, цы 50 зонадон куыстæй фылдæр рауагъта мыхуыры, уыдон дæр. Сæ фылдæр сты монографитæ, хицæн чингуытæ, дзырдуæттæ. Йæ фыццаг куыстытæй сæ иумæ ахæссын хъæуы, 1955 азы хицæн чиныгæй цы «Ирон адæмон æмбисæндтæ» рауагъта, уый дæр. Чиныгæн йæ раз- ныхасы лæвæрд æрцыд ирон æмбисæндты классификаци сæ нысаниуæгмæ гæсгæ æмæ æндæр ахæмтæ. Банысан кæныны аккаг у, не скъолатæн У-У1 кълæстæн цы «Ирон æвзаджы грамматикæ» (морфологи) балæвар кодта, уый дæр. Куы фæ- зынд, уæдæй фæстæмæ рауагъд æрцыд цалдæр хатты. Йæ фæзындæй фæстæмæ дзы ахуыр кæнынц куыд Хуссар Иры, афтæ Цæгат Иры скъолатæ дæр. Уымæй уæлдай, стæм хаттæй фæстæмæ, Гæбæрайы фырты уацтæ ирон æвзаджы хъæуæг фарстыты тыххæй фæзынынц нæ газетты æмæ журналты фæрстыл. Зæгъæм, «Цал хауæны хъуамæ уа ирон æвзаджы?», кæнæ «Ирон æвзаджы амоныны иуæй-иу фарстытæ» æмæ æн- дæртæ. Никъала тынг хорз æмбары ирон æвзаджы лексикæ æмæ фразеологийы фарстытæ. Уыцы фарстыты фæдыл йæ зона- дон куыстыты номхыгъды ис дзæвгар куысты, куыд зæгъæм, «Ирон æвзаджы синонимтæ», «Ирон æвзаджы вазыгджын дзырдты сæйрагдæр типтæ» æмæ æндæртæ. Гæбæраты Никъаламæ раджы фæзынд ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат саразыны хъуыды, уымæн æмæ нæ ахуыргонд хорз æмбарьт, кæцыфæнды æвзагæн дæр йе ’мба- рынгæнæн дзырдуат нымад цæуы, цы æвзагыл арæзт æрцыд, уыцы æвзаджы нормативон дзырдуатыл, æвдыст дзы æрцæуы литературон æвзаджы фæткойтæ æмæ æгъдæуттæ. Ацы дзыр- дуат аразыныл дæргъвæтин рæстæджы куыстой Хуссар Иры- стоны зонад-иртасæн институты ирон хайады кусджытæ ацы хайады хистæр Гæбæрайы фырты къухдариуæгæй. Дзырду- ат хъуамæ рацæуа 4 хицæн томæй. Ацы дзырдуат аразыны принциптæ æвдыст кæм æрцыдысты ахæм макет мыхуыры 74
** ^&» „<^^>— _53Ф*%2 V? фæзынд 1964 азы. Бæрнон редактор, кæй зæгъын æй хъæуы, Гæбæраты Н.Я. Дзырдуатæй I æмæ II томтæ рухс федтой 2007- 2010 азты, йæ автортæ систы Къостайы премийы лауреаттæ. 1968 азы мыхуыры фæзынд Гæбæрты Никъалайы «Ирон æвзаджы инверсион дзырдуат». Ацы дзрыдуатмæ бацыдис 30 318 дзырды. Ацы инверсион дзырдуатæн дæр ис йæхи ны- саниуæг ирон æвзаджы ахуырады. Стыр ахъаз у æвзаджы фо- нетикæ æмæ фонологийы фарстытæ иртасынæн. Дзырдуатмæ бацыдысты, аффиксацийы руаджы дзырд цыдæриддæр фор- мæтæ райсы, уыдон се ’ппæт дæр, æмæ уый та стыр пайда у ирон æвзаджы дзырдарæзты ахуырадæн. Уæдæ афтæ, нæ ахуыргонд афæлгæсыд ирон æвзаджы æппæт æнæбакуыстгонд проблемæтыл æмæ дзы сæвзæрста ахсджиагдæр фарст - ирон дзырдарæзт, æмæ, сæйраджыдæр, йæ тыхтæ бавзæрста ацы фарст бындуронæй ныббиноныг кæ- ныныл, æмæ та йын æнтысгæ дæр бакодта. 1982 азы 17 февралы Гæбæрайы фырт Тбилисы паддза- хадон университеты Ахуырадон Советы бахъахъхъæдта док- торон диссертаци ахæм темæйыл «Нырыккон ирон æвзаджы дзырд æмæ дзырдарæзты морфологион структурæ». Ацы куыстæн стыр аргъ скодтой канд йæ официалон оппоненттæ - Гуырдзыстоны ССР зонæдты академийы уæнг-корреспондент Андроникашвили М.К., профессор Гуыриаты Т.А., филологон зонæдты доктор Тедеты О.Г, фæлæ ма зынгæ ахуыргонд, про- фессор Герценберг Л.Г, профессор Исаты М., профессор Ку- махов М. æмæ æндæртæ. Никъалайы диссертацион куыст 1987 азы хицæн чиныгæй рауагъта рауагъдад «Мециниереба». Йæ рецензийы мæнæ цы зæгъы Герценберг Л.Г: «Книга Н.Я. Га- бараева - готовый раздел теоретической грамматики осетин- ского языка, во многих отношениях образцовое исследование, читаемое с интересом, выполненное с искусством настояще- го мастера» (Журнал «Мацне» 1980, №4). Кæнæ ССР Цæдисы зонæдты Академийы æвзагзонынады институты филологон зонæдты доктор, профессор Кумахов М.А. цы зæгъы Никъа- 75
^ф ——*зф^а &*<ъ>—.—- 5^ ■■ -<&* лайы диссертацион куысты тыххæй: «У меня нет сомнений, что диссертация Н.Я. Габараева открывает новое направление в исследовании грамлЛатики совеременного осетинского язы- ка. Это дает мне основание считать, что работа Н.Я. Габарае- ва «Морфологическая структура слова и словообразование в современном осетинском языке» отвечает новым (повышен- ным) требованиям, предъявляемым докторским диссертаци- ям». Æнæ мадæлон æвзаг нæй наци, национ культурæ. Ирон æв- заг Къоста дунеон аренæмæ куыд ракодта поэтиконæй, афтæ йæ Абайты Васо та дунеон аренæмæ ракодта зонадæй. Васойы хъуыдытæ цæуынц зæххы къорийы бирæ бынæттæм, бирæ адæмтæм. Уым кæй зонд æмæ кæй зæрдæ ссарынц, сæ хъару æмæ сæ фидауцæй кæй басæттынц, уый свæййы Васойы хæлар, Ирыстоны хæлар. «Æгас цæуай» дзы зæгъæм иуæн, фæцин ыл кæнæм, кæсыс - æмæ нæм иннæ йæ фæдыл фæзынд, гъе нæм æрыхъуыст йæ кой. Уыдон ахуыр кæнынц ирон æвзаг, ирон истори, ирон культурæ, архайынц, цæмæй нæ базоной æмæ нæ бауарзой фылдæр адæмтæ. Уæдæ Абайты Васойы алыварс цы æрттиваг стъалыты бардз æртымбыл, уыдонæй буц куыннæ у, æмæ та не стыр куырыхон лæгæн æхсызгон куыннæ уыд, Гæбæраты Никъалайы автореферат куы бакаст! Уæд æм уай- тагъд дзуаппæн фыссы: «Дорогой Николай Ясонович! Полу- чил и с интересом прочитал Ваш автореферат. Ценность вы- полненной Вами работы не вызывает сомнений. Абсолютно уверен, что защита пройдет успешно. Заранее поздравляю. Ваш В. Абаев». Æмæ уæдæ Васомæ дызæрдыгдзинад цы дис- сертаци нæ сæвзæрын кодта, уыцы диссертацийы Гæбæрайы фырт æнтысгæйæ бахъахъхъæдта. Ацы монографийы фæзьтнд стыр хайбавæрд у ирон зоннады ахуырады. Уый у нырык- кон æвзаджы дзырд æмæ дзырдарæзтады структурæйы фыц- цаг систематизацигонд афыст, фыццаджыдæр дзы стыр хъус- дард здæхт æрцыд, дзырд ирон æвзаджы цы амæлттæ æмæ фæрæзтæй арæзт цæуьт, уыцы фарстытæм. Уьтцы фарстытæ 76
**>- 5^ —^^ -»#4^ *" та иттæг ахъаз фæуыдзысты ирон æвзаг чи ахуыр кæны æмæ йыл чи кусы, æппæт уыдонæн. Никъала тынг хорз æмбары ныртæккæ нæ бæстæйы цы стыр хъуыддæгтæ цæуы, ома ирон адæм дæр иннæ адæмтимæ балæууыдысты рацæрæзты тохы, æмæ уыцы тохы иу иннæ- мæн цæттæйæ ницы æрхæсдзæн, алчи йæхæдæгхъуамæ батых- са йæ цардарæзты стыр æмæ чысыл хъуыддæгтыл. Ацы стыр фарстытæй та сæ иу у æвзаджы фарста. Æвзаг куы нæ уа, уæд нæй национ культурæ дæр æмæ национ намыс дæр. Никъала ацы хъуыддæгты дæр фæстейæ никæмæй баззад, йæ къухдариуæджы бын кусы ирон æвзаджы къамис, йæ къухдариуæгæй арæзт æр- цыд ирон æвзаджы райрæзыны программæ, афтæ æмæ йе стыр лæггæдтæ ирон æвзаджы райрæзты хъуыддаджы бирæнымæц сты. Æппæт уыдæттæ æнæхъусдардæй нæ баззайынц. Гæ- бæраты Никъалайæн Уæлдæр аттестацон къамис сфидар код- та профессоры бæрнон ном, æмæ та нæ циныл ноджы дæр иу цин бафтыд. Иу-цалдæр дзырдæй мæ фæнды банысан кæнын уæлдæр цы Пиранты Миккайы кой скодтон, уый тыххæй. Ирон ахуыр- гæндтæн традицийæ баззад канд иу фадыджы кусын фагыл нæ нымайын. Миллер, Абайты Васо, Æлборты Барысби, Тыбылты Алыксандр, Нафи æмæ æндæртæ ирон культурæ алыфарсонæй куыд иртæстой æмæ иртасынц, афтæ Никъала дæр. Æмæ уæдæ Пиранты Микка Никъалайæн йæ литературон псевдоним у. Нæ журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг»-ы фæрстыл арæх фæзыны Пиранты Миккайы пародитæ, радзырдтæ æмæ иро- нийы стихтæ. Йæ иронийы жанры æмдзæвгæтæй иу «Стыр патриот», зæгъгæ. Уым худы, Ирыстонæн мур дæр чи ни- цы саразы, афтæмæй æнæ Ирыстон æндæр ран дæр йæ бон фæцæрын кæмæн нæу, ахæм мæнг патриоттыл: «Ард Ирыстонæй хæрдзынæн: Ком хæлиуæй хъæр кæндзынæн: «Охх, Ирыстон! Ахх, Ирыстон! Эхх, Ирыстон!» - 77
а^ ^,, Уымæн æмæ патриот дæн. Æз куыд тынг тайын мæ Ирыл, Афтæ йыл нæ тад Къоста дæр. Хъæр кæнын æрвылбон, ниуын: «Уарзын дæ мæ удæй тынгдæр! Уæ, мæ Ирыстон, мæ риуы Уымæй стырдæр нæй æнкъарæн». Уымæн æмæ мьтн æндæр ран Нæй хуыздæр бынат ыссарæн. Æз кæм цæрон. Æз кæм фыссон. Æз кæм хæрон, Æнæ дæу сæфтдзаг дæн, мæгуьтр дæн, Уæ Ирыстон, Уæ мæ бæстæ, Уæ дæ низтæ!.. Тагъд Никъалайыл сæххæст уыдзæн 90 азьт, фæлæ ис йæ тыхы æмæ мæ бафæнддзæн уымæн бирæ азты цæрæнбон, æн- æниздзинад æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстытæ йæ адæм æмæ нæ бæстæйы рæсугъд фидæны хæрзиуæгæн, уадз æмæ ноджыдæр Абайты Васойы тырыса бæрзонд хæсса дард- дæр дæр. 78
УАЦТÆ ИУМИАГ ИРОН ЛИТЕРАТУРОН ÆВЗАДЖЫ СЫРÆЗТЫ ИСТОРИЙÆ ИУÆЙ-ИУ ФАРСТЫТÆ Иумиаг литературон æвзаджы сырæзты истори æнгом баст у ирон графикæ, орфографи, терминологи, ирон фыссынады райрæзт æмæ аив литературæимæ. Ирон литературон æвзаджы сырæзты историйы райди- ан нымайын хъæуы æппæты фыццаг ирон фыссынады цырт- дзæвæнты фæзындæй, уæлдайдæр та 1798 азы фыццаг ирон чиныджы фæзындæй. Уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фæндаггонтæн ирон æвзаг зындгонд уыд XVII æнусæй. Гуырдзиаг паддзах Арчилы дох- тыр Дрешер 1688 азы Зæрæмæгæй Рукъмæ æрæмбырд кодта 80 дзырды ирон диалектыл, æмæ сæ схуыдта «Ирон æвзаг». 1787 азы немыцаг фæндаггон Гюльденштедт ныффыста дзæвгар дзырдтæ ирон æвзагыл. Уыдон бацыдысты Екатеринæ II абар- стадон дзырдуатмæ ахæм сæримæ: «Описание путешествия Гюльденштедта на Кавказе». Уым ирон æвзаг дихгонд цæуы дыууæ диалектыл, уымæй дарддæр ирон дзырдты фарсмæ ис персайнаг æмæ афгайнаг дзырдтæ, æмæ зæгъынц, зæгьгæ, «Осетинский язык - сын персидского». Уыцы дуджы иумиаг литературон æвзагæн йæ кой дæр нæма уыд. Гъе афтæ, 1798 азы фыццаг ирон чиныг куы фæзынд ар- гъуан-славянаг дамгъуаты бындурыл ахæм сæримæ «Началь- ное ученье человеком, хотящим учиться книг божественного писания», уæддæр сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæма уыди иу- миаг литературон æвзаг саразын, æгæрыстæмæй, уый уагъд æрцыдис Цæгат Иры ирæттæн, Хуссар Ир та уыдысты гуыр- 79
Ч©— : —5^^ ФГ<Ъ> 5^ ’ —&? дзыйы культурæйы æндæвдады бын, пайда кодтой гуырдзиаг къухфыстытæй. Уый æмрæстæджы Хуссар Ирыстоны та фæ- зынди Алгъуызаты (Гæбæраты) Иуанейы аргъуаны чиныг ху- цурийы дамгъуаты бындурыл. Æгæрыстæмæй, А. Шегрен дæр (фыццаг ирон æвзаджы грамматикæ æмæ алфавит саразæг, 1844 аз), ирон æвзаджы хо- ны тæгиаты (тагаурцы) æвзаг. Ардыгæй дæр бæрæг у А. Шег- рен дæр кæй нæ хъуыды кодта иумиаг литературон æвзаг са- разыныл. Иумиаг литературон æвзаг саразыны фарстыл фыццаджы- дæр хъуыды кодтой аргъуанты чингуыты мыхуыргæнджытæ, тæлмацгæнджытæ: Колыты Аксо, Цорæты Уасо, Сухийы фырт æмæ æндæртæ, сæ сæргъ епископ Иосиф Владикавказский, йе ’цæг мыггаг Чепиговский. Уыдон уыдысты сæ дуджы ирон æв- заджы иууыл хуыздæр зонджытæ, уæлдайдæр та Цорæты Уасо. Ацы дины кусджытæ уыцы чингуыты афтæ хорз ратæлмац код- той æмæ сæ зарыдысты Мæздæджы аргъуаны. Афтæмæй уыцы аргъуаны кусджытæ æмæ ахуыргæнджыты руаджы фæзынд аргъуаны литературæ ирон диалектыл. Ацы диалектыл дзырдтой Иры цæрджытæн сæ фылдæр æмæ аф- тæмæй гуырд иумиаг иугæнæг литературон æвзаджы бындур æппæт ирон адæмæн. Уыцы чингуыты руаджы цыдис куыст ирон аргъуанты. 1884 азы Иосиф Владикавказскийы дзырдуат цыбыр грамма- тикæимæ куы фæзынд мыхуыры, уæд Гуры ахуыргæнæн се- минары, ирон духовон ахуыргæнæндæтты, Æрыдоны семи- нары æмæ æндæр рæтты куыстой æмæ ахуыр кодтой ирон æвзагыл. Уыцы ахуыргæнæндæтты чи куыста æмæ ахуыр код- та, уыдон архайдтой, цæмæй хъахъхъæдгонд цыдаиккой иу- миаг ирон литературон æвзаджы домæнтæ. Домдтой, цæмæй раст æмбæрстгонд цыдаиккой канд ирон дзырдтæ нæ, фæлæ æнæхъæнæй ирон фразæтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы куысты ис бирæ цухдзинæдтæ, дзæвгар хъуагдзинæдтæ, фæлæ ирон литературон æвзаджы 80
■^н^ ^^-————^^^— ** фæзындæн иттæг ахъаз кæй фесты, уый дæр дызæрдыггаг нæу. 1902 азы ирон адæмы сæрхъызой, ирон литературон æв- заджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста балæ- вæрдта доклад фыстæй «Ирон æвзаджы Евангелийы текстмæ ногæйкæсæг Къамисмæ», цыран ирон орфографи, графикæ æмæ орфоэпийы тыххæй домы, цæмæй ирон æвзагæн ист æрцæуа æмæ ныффидар уа йæ хуымæтæг арæзт æмæ йæ аивд- зинады руаджы тагъд кæсæн æмæ æнцонæмбарæн чи уыдзæн, ахæм алфавит æмæ раст орфографи. Ирон адæм ал ы рæтты алыхуызон кæй дзурынц, уый тыххæй дæр Къоста уыцы фыстæджы Къамисмæ фыссы, зæгъгæ, ирæттæ сæ бæрцæй уыйас бирæ дæр не сты, стæй сæ дихтæ кæнынц арф кæмттæ æмæ æвирхъау бæрзонд къæдзæхтæ æмæ кæрæдзимæ æфтынц зынтæй, уымæ гæсгæ диссаг нæу ирон æвзаджы иу цасдæр бæрцæй кæй фехæлдтой. Алы хицæн ран дæр адæм уæлдай тынгдæр уарзынц Ш æмæ Ж: цæмæн æмæ дзурын-ы бæсты фæзæгъынц шæмæн æмæ журын; Нары комы бындурон цæрджытæ та - ссемæн æмæ зурын, Цæгат уæлдай фылдæр уарзынц Ж æмæ Ш дзурын, уæлдайдæр та иуæй-иу хъæуты цæрджытæ, йæхицæй аристократ чи аразы, ахæмтæ. Хъуыдыйад: Æз сын загътон; иутæ дзурынц Æз цын загь- тон; Æж шын жагътон æмæ а.д. Цæгат Ирыстоны ныхасыздæхтыты С æмæ 3-йы бæсты Ж æмæ Ш кæй ныффидар, уый тыххæй 70-æм азты зынгæ ирон фыссæг, поэт, драматург Плиты Грис ныммыхуыр кодта уац журнал «Фидиуæджы» æмæ дзы зæгъы, зæгъгæ, Цæгат Кавка- зы адæмтæй æппæты фыццаг феодализм фæуæлахиз Кæсæгмæ, æмæ кæсгон æлдæрттæ сæхи скодтой аристократтæ æмæ зæгъгæ, Куырттаты комы хъæздыджытæ дæр æмбæлдысты кæсгон æлдæрттæ-аристократтимæ, æмæ зæгъгæ, уыдон фæзм- гæйæ, ирон æвзагмæ æрбайстой Ж æмæ Я/, æндæра ирон ор- фографийы, æндæр æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæй фæстæмæ иу дзырды дæр не ’мбæлы. Къоста та Евангелийы къамисмæ фыстæджы фыста: «Ку- *б 81
•*>——— -^ ®г<ъ>~- *$*ф&— —-&? ырттатаг таубитæ сæ ныхасы ныццарæх кодтой Ж æмæ Ш, æмæ уыдонмæ кæсгæйæ, хъустæ къуырма кæнынц. Курæг дæн, цæмæй йæм къамис хъус æрдарой» (Къоста, т. III, Ордж.,1956, ф. 136). Уæдæ афтæ, сæрибарæй хъуыдыгæнæн ис, æмæ иумиагадæ- мон фыст литературон æвзаг фæзынд Октябры революцийы агьоммæ. Кæд æмæ уыцы æвзаг уыди аргъуан-фыссынады бындурыл, уæддæр бирæбæрцæй феххуыс ирон адæмы ку- льтурон-экономикон цардуаджы. Хетæгкаты Къоста уыцы аргъуан-фыссынады бындурыл, стæй ирон хъæздыг адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады бын- дурыл цы ирон аивадон литературæ сарæзта, уый æнцонæй æмбæрстой æппæт ирон адæм алы ран дæр. Иумиаг литературон æвзаджы бындурыл фæзынди ирон адæмæй политикон пропагандисттæ, уыдон парахат кодтой адæмы ’хсæн æмæ сидтысты дзыллæтæм, цæмæй стох кæной сæ бартыл паддзахы хицауады ныхмæ. Цæмæй иумиаг литературон æвзаг стыхджын уыдаид, уый тыххæй фæзынди хъуыддаджы гæххæттытæ тæлмацгондæй, скъолаты мадæлон æвзагыл ахуыр кæнын, драматикон театртæ бакæнын, цæмæй актертæн сæ бон уыдаид сæ хъуыдытæ зæгъын сыгъдæг ирон æвзагыл. Цæмæй дзыллæтæм хæццæ кодтаиккой æппæт политикон æмæ цардуагон идейæтæ. Уый тыххæй рауадзын хъуыд бирæ журналтæ æмæ газеттæ куыд уырыссаг, афтæ ирон æвзагыл дæр. Фæзындысты фыццаг областон газеттæ æмæ журналтæ, стæй та районон мыхуыр. Уыдоны фæзынд та хъæздыг кодта ирон литературон æвзаджы. Фæзынд Хуссар æмæ Цæгат Ирæн аивадон мыхуырон ор- гантæ «Мах дуг», «Фидиуæг», электронон дзыллон информа- цийы фæрæзтæ, ансамблтæ, иумиаг орфографион терминоло- гийы къамистæ, æппæт уыдон бонæй-бон хуыздæр, хъæздыгдæр кодтой æмæ кæнынц иумиаг литературон æвзаджы арæзты. 82
"*? *#3%г ФГ^ цу$^ ■■ —ФГ ИУМИАГ ЛИТЕРАТУРОН ÆВЗАГÆН ДЫГУРОН ÆВИ ИРОН ДИАЛЕКТ? Бæрæг куыд у, афтæмæй Октябры революцийы агъоммæ дæр куыд ирон, афтæ дыгурон диалектыл дæр мыхуыры цы- дис аив литературæ. Гъе, уымæ гæсгæ, профессор Кокийы фырт домдта, цæмæй иумиаг литературон æвзаджы бындуры æвæрд æрцæуа ды- гурон диалект, куыд ирон æвзаджы рагондæр хуыз, стæй, зæгъгæ, хъæздыгдæр лексикæйæ (кæс Кокийы фырты уац жур- нал «Зиу»-ы). Æмæ, зæгъгæ, кæд уый фадат нæй, уæд та сара- зын хъæуы дыууæ литературон æвзаджы: дыгурон - Дыгурæн æмæ ирон та - Цæгат æмæ Хуссар Ирæн. Хуссар Иры минæвæрттæй дæр иуæй-иутæ уыцы тенденци- йыл уыдысты хæст, зæгъгæ, аргъуаны литературæ фæзынди Æгъуызаты Иуанейы «Дамгъуаты» бындурыл, ома дзауаг ны- хасыздæхтыл. Фæлæ 1917 азы Октябры революци куы фæуæлахиз, куы фæзындысты скъолатæ ирон æвзагыл, уæд тынгдæр райды- дтой дзурын, цахæм диалалект хъуамæ æрцæуа литературон æвзаджы бындуры æвæрд, ома цы диалекты бындурыл хъуа- мæ цæуа ахуыр скъолаты. Уыцы фарсты фæдыл 1917 азы 10 июлæй 16 июлмæ Влади- кавказы æрсидтæуыдис ахуыргæнджыты фыццаг æппæтирон съезд, йæ ициатортæй сæ иу уыд фыццаг ирон профессор Æл- борты Б.А. Доклад дзы сарæзта зынгæ методист Уырыймæгты Хосдзау. Уыцы съезды æвзаг дæттыны тыххæй райстой ахæм уынаффæ: «Ахуыргæнинæгтæн сæ мадæлон æвзагыл ирон скъолаты ирон æвзаг нымад цæуæд, дыгурон æвзаг та - куыд ахуырадон предмет». 1924 азы та ногæй æрсидтысты Цæгат æмæ Хуссар Иры ба- иугонд съезд. Ацы съезды ныхасы рацыд зынгæ филолог Ты- 83
^ф чзф4^ ^^— 5#Ф*— -®г былты Алыксандр. Алыксандр йæхи бацæттæ кодта тынг хорз быцæуаг лингвистикон фарстытæм. Йæ сæйрагдæр тезистæ уыдысты: 1. Литературон æвзаг саразынмæ тырнын у адæмы культу- рæйы рæзты æууæл. 2. Ирон æвзаджы æппæт диалектты дзырдуаты хъæздыгдзи- нæдтæй спайда кæнын æмæ уый бындурыл иумиаг литерату- рон æвзаг саразын. Тыбылы фырт домдта, цæмæй литературон æвзагæн ист æрцæуа фылдæр дзурджытæ цы диалектыл ис, уый, ахуыргæ- нинæгтæ æнцонæйдæр кæй æмбарой. Стæй уæд иумиаг лите- ратурон æвзаг баххуыс кæндзæн иумиаг орфографи æмæ ор- фоэпийы райрæзтæн. Съезды райстой ахæм уынаффæ, цæмæй иумиаг литера- турон æвзагæн ист æрцæуа ирон диалект «ц»-гæнаг ныха- сыздæхтимæ, æппæт диалекттæ æмæ ныхасыздæхтыты хъæздыгдзинæдтæй спайдагæнгæйæ. Ацы уынаффæ абоны онг дæр ис йæ тыхы. 1924 азы баиугонд съезды рахæсгæ принциптæм гæсгæ хъуамæ арæзт æрцыдаид ирон æвзаджы грамматикæ ирон æвзагыл. Ацы хæс сæххæст кодта фыццаг ирон профессор Æлборты Б.А. 1925 азы рацыд ирон æвзагыл Æлборы фыр- ты грамматикæ. Ацы чиныджы кæд серьезон хъусдард здæхт æрцыдис ирон орфографи, орфоэпи æмæ терминологийы фарстытæм, уæд- дæр дзы уыдис дзæвгар цухдзинæдтæ, уæлдæр ранымайгæ фарстытæ иртасгæйæ, фæлæ уымæн æндæр гæнæн нæ уыдис, уымæн æмæ фыццаг хатт ирон æвзагыл арæзт æрцыд æмæ рухс федта банысангонд грамматикæ. 1927 азы филолог Абайты И.М. йæ уац «Ирон æвзаджы ор- фоэпи»-йы («Хурзæрин», №13, 1927 аз), фыста, зæгъгæ, иу- миаг литературон æвзаджы хъуамæ ма уа ахæм стыр диалек- тон формæтæ куыд Хуссар Иры «сындж», «шындз», «сындз» 84
^——■■——^зф^ ^^— -чФФе- æмæ æнд. Ацы фарста раст æвæры Абайы фырт, фæлæ йæ уа- цы домы, цæмæй иумиаг литературон æвзагæн ист æрцæуа ку- ырдтатаг ныхасыздæхт, кæцыйы ныхмæ фыста Къоста Еван- гелийы къамисмæ йæ фыстæджы. 1927 азы 27 сентябры Цæгат æмæ Хуссар Ирæн уыдис ра- дон баиугонд съезд. «Ирон адæмæн иумиаг литературон æв- заг æмæ орфографи райсыны тыххæй», - ахæм темæйыл докладгæнæг уыдис Абайты И.М. Уыцы доклады Абайы фырты сæйраг тезис уыди, зæгъгæ, ирон иумиаг литерату- рон æвзаджы бындуры æвæрын хъæуы æвзаджы æгьдæуттæм гæсгæ размæцыддæр чи у, уыцы диалект, æвзаджы дзурджы- ты нымæцмæ нæ кæсгæйæ. Уыцы хъуыды раст нæ уыди æмæ йыл съезды хайадисджытæ не сразы сты. Иннæ фарстытæ æвæрдта раст æмæ фæстæмæ æрлæууыдысты ахæм хъуыдый- ыл, цæмæй иумиаг литературон æвзагæн ист æрцæуа ирон ди- алект «ц»-гæнаг ныхасыздæхтыл: Къоста, Елбыздыхъо æмæ Къубалты Алыксандры æвзагыл. Уый фæстæ æппæт фарстытæ дæр иумиаг литературон æвзаджы тыххæй лæвæрд æрцыдысты Цæгат æмæ Хуссар Иры зонад-иртасæн институттæм, æмæ йыл райдыдтой кусын нæ ахуыргæндтæ - зонадон кусджытæ. Ацы уацы тыххæй бакæсæн ис цалдæр мыхуыргонд уацы. 1. Журнал «Мах дуг», №10, 1949 аз, уац «Къоста - ирон литературон æвзаджы саразæг», автор Хъуылаты Гала. 2. Нигер. «Дзырды дæсны». 3. Гагкаев К. «О языке и стиле К.Л. Хетагурова». Орджо- никидзе, 1962 г. 4. КозыреваТ.З. «О соотношении осетинского литературно- го языка и диалектов» («Соц. Осетия», 22 сентября 1956 г.). Ацы уацты фарст раст æвæрд цæуы, ома Къостайы æвзаг у адæмон, уымæн æмæ ирон адæмон æвзаджы бындурыл са- рæзта ирон литературон æвзаг. Фæлæ уыдонæй иуæй-иуты хъуыдымæ гæсгæ, Къостайы æвзаджы адæмондзинад уый мидæг ис, æмæ Къоста йæ уацмысты кæй пайда кодта рагон 85
^ —^^ —— -<*"^) ^^ &> дзырдтæй: «æрчъи, мæхъи, уæрдæх, лыстæн, къæсса, къуы- стил, фæсал» æмæ æнд. Банысан хъæуы уый, æмæ ацы дзырдтæй дæр, иннæ ирон дзырдтау, пайда кодтой ирон адæм æмæ сæ Къоста бахаста литературон æвзагмæ. Æндæр хъуыддаг у, ацы базæрондгонд дзырдтæн куы уыдаид сæхи синонимтæ æмæ сæ афтæмæй куы спайда кодтаид Къоста. Къоста ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг кæй у, уый тыххæй Плиты Харитонæн ис уац «Цалдæр ныхасы Къо- стайы поэтикæйы тыххæй» («Мах дуг», №10, 1949 аз). Ацы уацы Плийы фырт равдыста Къостайы уацмысты арæзты амæлттæ. Газет «Соц. Осетия»-йы 30 декабры 1951 азы мыху- ыры рацыдис Ардасенты Хадзыбатыры хыгъд «О путях раз- вития осетинского литературного языка». Ацы хыгъды Хадзыбатыр дæтты раст фæткой, цы у литера- турон æвзаг, уымæн. Æмæ зæгъы: «Литературон æвзаг у адæмон æвзаг, кæцыйы бакусынц канд хуыздæр аивадон дзырды дæснытæ нæ, фæлæ ма зонадон кусджытæ æмæ оратортæ дæр». Уæдæ куыд æмбарын хъæуы литературон æвзаг? Литера- турон æвзагыл нымад цæуы фысгæ æвзаг (аивадон, зонадон, публицистон æвзаг) скъолаты, паддзахадон уагдæтты, театр, радио æмæ телеуынынады ралæвæрдтæн лæггадгæнæг æвзаг. Литературон æвзаг у бакуыстгонд, слæгъзгонд, нормативон æвзаг. Уый у диалектты æмæ дзургæ ’взагмæ ныхмæвæрд. Диалекттыл дзурынц адæмæн сæ иу хай, иумиаг литерату- рон æвзагыл та - æппæт адæм. Афтæ æмæ литературон æвзаг лæггад кæны ирон æвзагыл уæрæх дзыллæтæн. Æнæлитературон, иумиагадæмон дзургæ æвзаг иугъуызон монолитон нæу, нæй йын фысгæ формæ. Литературон æвзаг у иугъуызон. Уымæн ис куыд дзургæ, афтæ фысгæ формæ дæр. Литературон æвзаджы дзургæ формæйæ пайда кæнынц лек- циты, докладты, сценæйы, скъолаты, радио æмæ телеуыны- нады ралæвæрдты. Фысгæ формæйæ та пайда кæнынц куыд 86
’*» ц^— -_-^^>— — я&&г —^ аивадон, афтæ зонадон литературæйы, периодикон мыхуыры æмæ а. д. Уæлдæр цы публицистон литературæмæ ’ркастыстæм, уымæй дæр бæрæг у, рагæй фæстæмæ нæ раззагон интеллиген- ци цас бæрцæй архайдтой ирон æвзаг æмæ йæ литературæйы рæзтыл, ома рагæй æрæгмæ сæ зæрдæ кæмæн рыст, йæ мады ’хсырау йæ туджы кæмæн сфыхт æмæ йыл абон дæр йæ зæр- дæ кæмæн риссы, чи йыл кусы, йæ уд ыл чи хъары, уыдон цъус не сты. Уыдонмæ та хауынц нæ фысджытæ, нæ мыхуы- ры кусджытæ, нæ ахуыргæндтæ, нæ ахуыргæнджытæ æмæ а.д. Иу уысм дæр нæ сафынц, цæмæй рæза ирон литературон æвзаг, бонæй-бон хуыздæр кæна, йæ гаччы сбада, æмæ уый афтæ кæй хъуамæ уа, уый ныхмæ фæстаг азты æндæр хъуыдытæ дæр фæзыны, ома чи йæ зоны, Къоста куыд дзырдта, фæлæ Къоста куыд фыста æмæ литературон æвзаг куыд арæзта, уыдон ро- хуаты аззайынц иуæй-иутæй, уый æмных арæх нæ прессæйы мыхуыр цæуы мадæлон æвзагыл дзæвгар æрмæг, арæхдæр ахæм сæримæ «Не ’взаг - нæ хæзна». Ацы æрмæджыты алы- хатт дæр ныхас фæцæуы, цæмæй нæ мадæлон æвзаг ма уа ро- хуаты, фылдæр ыл дзурой, уæрæхдæр дзыллæтæ дзы пайда кæной, фæлæ практикон æгъдауæй ацы амындтæ æххæст нæ цæуынц æмæ бирæ хатт не ’взаг арвистон рауайы. Нæхи телеуынынады фæзындыл дзæвгар азтæ рацыд. Хи телеуынынад та литературон æвзагæн у йæ тæккæ активондæр парахатгæнджытæй сæ иу. Фæл æ махмæ уый алыхатт афтæ нæ рауайы. Арæх тел еуыны- надæй, стæй нæ радиоралæвæрдтæй райхъуысы литературон æвзаджы нормæтæ хæлд кæм вæййынц, ахæм ралæвæрдтæ. Ахæм ралæвæрдтæ та дызæрдыгдзинад æвзæрын кæнынц куыд æхсæнады уæнгты, афтæ æппæт студентты, ахуыргæнджыты æмæ ахуыргæнинæгты зондахасты дæр. Цæмæй литературон æвзаг хъахъхъæдгонд цæуа, уый тыххæй кæд сæйраг бæрн- дзинад хауы уæлдæр ахуырады ирон æвзаджы кусджытæ æмæ скъолаты ахуыргæнджытæм, уæд къаддæр бæрндзинад нæ ха- 87
^ф_, . 52^ -<^*^ : 5^ —$Г I уы нæ телеуынынады, нæ ахуыргæндтæ æмæ нæ бæрнон кус- джыты ралæвæрдтæм, уыдонæй бирæтæн у сæ бон дзурын, фæлæ сæ иуæй-иутæ барæй дæр нæ дзурынц. Ацы фарстытыл рагæй фæстæмæ дзурæм, уынаффæтæ хæссæм ирон æвзаджы тыххæй, ног программæтæ исæм, ирон æвзаджы азтæ расидт æрцæуынц æмæ уыдонмæ сæхи бацæттæ кæнынц ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, фысджытæ, мыхуы- ры кусджытæ. Уæдæ зæгъæн ис, æмæ адон се’ппæт хорзæрдæм кæй æндавынц ирон æвзагыл. Фæлæ банысан хъæуы уый, æмæ нæ хицауады, нæ парла- менты рабадтыты, æгæрыстæмæй ирон æвзаджы тыххæй дзырд куы фæцæуы, уæддæр фылдæр дзурæм уырыссагау. Нæ фæсивæды рабадтыты иунæг ирон ныхас дæр нæ вæййы, æмæ фæсивæд та куы нæ дзурой иронау, уæд йæ кæрон сæфтмæ цæуы. Ныртæккæ нæ адæм, стæй нæ хицауад дæр кæд тыхст уавæры сты гуырдзыйы агрессийы фæстæ, нæй æмбæлон уавæртæ æппæт ирон адæмы рæзты къуылымпыйаг фарстытæ аиуварс кæнынæн, уæддæр мæн уырны, нæ президент, нæ хи- цауад, нæ парламент æмæ нæ ахуырады министрады зæрдиаг аудындзинады руаджы нæ мадæлон æвзагæн аккаг бынат лæвæрд кæй æрцæудзæн. Ирон адæм интернационалисттæ сты, æппæт æвзæгтæ аху- ыр кæнынмæ дæр рæвдз сты, фæлæ ма рох кæнæм нæ мадæлон æвзаг. Рох нæ ма уæд, æвзаг кæй у æхсæнадон фæзынд, равзæры æмæ рæзы æхсæнады фæзынд æмæ рæзтимæ иумæ. Уый амæ- лы дзыллæйы амæлæтимæ иумæ. Æнæ дзыллæ æвзаг дæр нæй. Ацы уацы иумиаг литературон æвзаджы тыххæй цы загъд æрцыдис, уыдон раджы ныффидар сты не ’хсæнады. Æмæ нын нæ разагътайы лæгтæ Къоста, Секъа, Абайты Васо, Тыбылты Алыксандр, Елбыздыхъо, Арсен, Нигер, Нафи, Шамил æмæ уыдоны фæдонтæ цы литературон æвзаджы традицитæ ныу- уагътой, уыдон хъуамæ алы уысм дæр хъахъхъæдгонд цæуой 88
^> : —т^фц ^^>— : ^фф» аг æмæ сæ нæ адæм, нæ фæсивæд, нæ кæстæр кар сабитæ бонæй- бон хуыздæр æмæ арфдæр кæной, æмæ уæд ирон литературон æвзаг рæздзæн æмæ, æцæгæйдæр, куыд паддзахадон æвзаг, афтæ йæ æцæг бынат ссардзæн. Стыр Хуыцауы бафæндæд! ИРОН ФЫССЫНАДЫ ИСТОРИ СКИФТЫ ПЕРИОДÆЙ АБОНЫ ОНГ Цард æмæ æвзаджы рæзт æнгом баст сты æхсæнады рæз- тимæ. Æхсæнад цы æвзагыл дзура, уый куы нæ рæза, уæд æхс- æнадæн дæр рæзæн нæй. Адæймагады культурон царды размæцыдæн стыр ахъаз фæцис фыссынады равзæрд, чиныджы фæзынд. Æвзаджы, фыссынады æмæ литературæйы цыртдзæвæнтæм гæсгæ базо- нæн ис кæцыфæнды адæмы историон рæзт дæр^ Æвзаджы цыртдзæвæнтæ алыгъуызон сты. Фыццаджыдæр сæм хау- ынц фольклорон уацмыстæ. Ирон адæм, сæ историон рæзты фæндагыл цæугæйæ, сарæзтой Нарты эпос, хъæздыг фоль- клор, ома, алыгъуызон аргъæуттæ, легендæтæ, историон зар- джытæ, уыциу-уыциутæ, æмбисæндтæ, загъдаутæ. Ацы ран æз мæ хæсыл нæ нымайын ирон адæмы фольклорыл дзурын, уый хицæн, сæрмагонд фарст у, фæлæ мæ фæнды зæгъын ацы куысты ирон æвзаджы рагон фыст цыртдзæвæнтæй иу-цалдæры тыххæй. Уыдоныл бакуыстой нæ разагътайы ахуыргæндтæй бирæтæ, фæлæ абоны онг дæр ирон адæмы æхсæн парахатгонд нæ цæуынц нæ, адæмы царды ныртæккæ æппæты ахсджиагдæр цы фарстытæ сты, уыдон, уымæ гæсгæ иуæй-иу æндæр нациты минæвæрттæ лæмбынæг нæ сахуыр кæнынц иу кæнæ иннæ адæмы истори, сæ равзæрд, сæ фыссы- над, афтæмæй зыгъуыммæ кæнынц хъуыддаг. Зæгъæм, 1988 азы газет «Литературули Сакартвело»-йы фæзынди Т. Къван- чъилашвилийы уац «Цы уыдзæн дарддæр», цы ран зæгъы, 89
-*>———--чдфф^ -ФГ’Ъ————т^—■■—-—&* зæгъгæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны Н. Хрущев сæхгæдта гуырдзиаг скъолатæ æмæ бакæнын кодта уырыссаг скъолатæ, раивта сын сæ зонгæ гуырдзиаг шрифт æмæ алфавит уырыс- саг шрифт æмæ алфави’Æей. Ацы ран æз дзуапп нæ дæтдзынæн Т. Къванчъилашвилийæн, уымæн æмæ йын йæ рæстæджы æмбæлон дзуапп радта Джусойты Нафи йе ’ргом фыстæджы газет «Советон Ирыстон»-ы (25-26 ноябры, 1988 аз). 1988 азы 14-æм декабры газет «Советон Ирыстон»-ы фæзынд æндæр уац дæр «Адæмтæ-æфсымæртæ, æвзæгтæ-æфсымæртæ», Цот- ниашвили А. йæ автор. Уый фыссы: «ХУШ-æнусы фæу- ды æмæ XIX æнусы райдианы ирон культурæйы историйы Æгъуызаты Иуанейæн (Алгъузидзе) ис стыр нысаниуæг, уый алкæмæй раздæр сарæзта ирон æвзаджы «Абетæ» æмæ йæ Тифлисы рауагъта 1821 азы». Раст у, ам рæдыдæй ницы ис, æрмæст ирон чиныг алкæмæй раздæр Иуане нæ сарæзта, фæлæ уыцы уацы ныммыхуырæй цалдæр боны раздæр та (2-æм де- кабры 1988 азы) газет «Советон Ирыстон»-ы мыхуыр æрцыд Гусойты Л. уац «Ирон фыссынады историйæ», цыран зæгъы, зæгъгæ, «фыццаг ирон чиныг мыхуыры рацыдис Мæскуыйы синодон типографийы. Ацы чиныг æвзæрст æрцыд аргъуан- славянаг алфавитæй. Рухсмæ фæзындис 1798 азы. Растдæр ацы «ирон катехизис» Тæкъаты Гайы тæлмацæй, нымад у фыццаг ирон чиныгыл. Æниу, цы зонæнтæ нæм ис, уыдонмæ гæсгæ, ирон чиныджы фæзынд нымад цæуы бирæ рагондæр рæстæгæй. 1897 азы «Ирыстоны истори» фыссæг-профессор Джанашвилийы бæлвырдгæнæнмæ гæсгæ, йæхи цæстæй цы «Ирон æвзагыл фыццаг чиныг» федта, уый мыхуыры рацы- дис 1753 азы, фæлæ чиныг абоны онг дæр нæ разынд. Фыццаг ирон профессор Æлборты Барыст йæ куыст «Ирон фысты дамгъæтæ»-йы (Дзæуджыхъæу, 1920 аз), зæгъы, зæгъгæ, ирон адæмæн цавæрдæр чиныг уыди, ирон адæмы царды хабæрттæ фыст кæм уыдысты, ахæм. Уыцы чиныг, дам, æвæрд уыди Нузалы аргьуаны, Уæлладжыры комы. Ку- ыд зæгъынц, афтæмæй чиныджы гуырдзыйы зæрдæмæ чи 90
’* ц^ —«^’^ — 5^^- нæ цыд, ахæм хабæрттæ уыд, æмæ йæ, зæгъгæ, иу гуырдзи- аг сауджын Русишвили радавта æмæ цы фæци, уый бæрæг нырма дæр нæу. Уымæй фæстæмæ-иу гуырдзы ирон адæмы фæмæстæй марынц афтæ: «тквени цъигни тхам шечъама», ома, уæ чиныг уын сæгъ бахордта. Барысби зæгъы, зæгъгæ, Нузалы аргъуанæй давд чиныг цавæр дамгъæтæй фыст уыди, уый бæрæг нæу, фæлæ ирон адæм сæ дины æгъдæуттæм гæсгæ грекаг æмæ гуырдзиаг динмæ æввахс кæй лæууыдысты, уый тыххæй чиныг фыст уыдаид кæнæ гуырдзиаг, кæнæ та грекаг дамгъæтæй. Гæнæн ис, Джанашвили цы чиныджы кой кæны (1753 аз), уый уыдаид уыцы адавдгонд чиныг. Ирон адæмæн 12-æм æнусæй фæстæмæ стыр культурон бастдзинæдтæ уыдис Гуырдзыстонимæ. Уыцы бастдзинæдтæ уæлдай тынгдæр сфидар сты гуырдзыстоны ус-паддзах Та- мары дуджы. Тамар Хуссар æмæ Цæгат Иры сарæзта бирæ аргъуантæ, æмæ куыд Тамар йæхæдæг, афтæ уымæй фæстæмæ цы хицæуттæ æмæ паддзæхтæ уыд, уыдон дæр лæвæрттæ кодтой аргъуантæн дзæнгæрджытæ. Уыцы дзæнгæрджытыл та-иу фыст уыди, чи æмæ кæмæн лæвæрдгонд æрцыдысты, уыдон нæмттæ. Ахæм дзæнгæрджытыл фыстытæ баззад Дзывгъисы аргъуаны (Куырдтаты ком) æмæ Рекомы аргъуа- ны (Уæлладжыры ком). Уыцы лæвæрттимæ-иу уыдис гуырд- зиаг чингуытæ дæр. Ардыгæй бæрæг у, ирæттæй гуырдзи- агау чидæртæ кæсын кæй зыдта. Гуырдзиаг æвзагыл баззад фыстытæ Нузалы аргъуаны къултыл Ос-Бæгъатыры тыххæй, фæлæ рæстмæ нал зынынц. Фарстæуы, ирон адæмы фыдæлтæн, цалынмæ гуырдзи- аг фыссынад нæ уыд, уæдмæ сæхицæн, скифаг-сæрмæтаг ду- джы, фыссынад нæ уыдаид? Уымæн та дзуапп раттæн ис афтæ: æвæццæгæн, æппьтн æнæ чиныг зонгæ дæр кæм уыдаиккой, уæдæ цы бирæ фыст цыртдзæвæнтæ разынд скифаг-сæрмæтаг знæмтæ кæмыты цардысты, уыцы территорийыл, уыдон кæ- цæй æрхаудтаиккой?! Скифтæм фыссынад кæй уыд, уымæн æвдисæн сты уæды дугæй чи баззад æмæ абоны онг ардгонд 91
*^>— 5^ __^«^ —^^ V? чи æрцыдис, уыцы цыртдзæвæнтыл цы рагон фыстытæ баз- зад, уыдон дæр. Фæлæ ирон адæмы фыдæлтæм - скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæм фыссынад кæд фæзынд, уый зона- ды абоны онг дæр бæлвырд-бæрæг нæма у, уымæн æмæ скиф- ты периодæй хицæн дзырдты йедтæмæ кæрæдзийыл æмхæст тексттæ нæ баззад, кæцытæй рабæрæг уыдаид ирон дзургæ ныхасы хидæдтæ. Фæлæ уæддæр цы хицæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ баззад уæды рæстæгæй, уыдонæй дæр бæрæг у, скифтæ æнæ фыссынад кæй нæ уыдаиккой, уый. Скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ культурон æгъдауæй размæцыд уыды- сты, æмæ сæм фыссынад кæй уыд, ууыл дзурæг сты архео- логон къæхтыты рæстæджы цы цыртдзæвæнтæ ссардтой, уы- цы фыстытæ. Ирон æвзагыл кæд фыссынад раджы фæзынд, уæддæр лингвистикон литературæйы нымад у, фыссынад æрæджы кæуыл фæзынд, ахæм æвзагыл. Скифтæм фыссынад тынг рагæй кæй уыдис, ууыл дзурæг сты цы фыст цыртдзæвæнтæ ссардæуыд, уыдон дæр. Зынгæ иранист Г. Турчанинов куыд зæгъы, афтæмæй ирон адæмы фыдæлтæн уыд дыууæ хуызы алфавит - рагон æмæ астæуккаг æнусты. Рагон алфавит фæзынд арамейаг фыссынады бынду- рыл, астæуккаг æнусты та пайда кодтой сириаг-несториайнаг фыссынады бындурыл. Ацы дыууæ фыссынады ’хсæн уыд историон бастдзинад. Ирон адæмы фыдæлты тыххæй зонæнтæ бындуронæй æм- бæлынц грекаг æмæ ромаг фысджыты уацмысты. Скифаг, сæрмæтаг æмæ алайнаг рагон æвзаджы цыртдзæвæнтæ мах рæстæджы онг хъахъхъæд æрцыдысты антикон фысджыты уацмысты. Нæ эрæйы агъоммæ У-æнусы рагон грекаг историк Геродот йæ «Истори»-йы æрхаста легендæ скифты равзæрды тыххæй, æмæ сын сæ мыггаджы хистæры схуыдта «Тарги- тай». Ацы ном иронау нысан кæны «тынг тыхджын», рагон ирайнагау дарга-тава. Нæ эрæйы агъоммæ У-1У æнусы пер- саг паддзах Дари 1-аг йе ’нтыстытæ ныффыссын кодта Бегъу- стуны къæдзæхы фарсыл. Сакты кой дзы кæны цалдæр раны, 92
-*> 5##(|у Д^Пе —ц^4^ * зæгъæм: сака тиграхауда, ома, сагтæ-цъупхудджынтæ. Уыцы фыстыты кæрон къæдзæхыл арæзт уыд лæджы ныв: йæ сæрыл уыд бæрзонд цъупхуд, йæ бынмæ та уыд фыст «Ийам скунха гъйа сака» - ай та скунха, сактæй чи уыд, уый». (Кæс И. М. Оранский, Введение в иранскую филологию, М. 1960,63-64 ф.) Абайты Васо скунха æмных кæны скъуыхтимæ, сака - сагимæ. Æмæ уæдæ афтæ, хицæн дзырдтæ тынг бирæ баззад фыстæй, фæлæ мæн ам зæгъын фæнды иу цалдæр фыст цыртдзæвæны тыххæй. Скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæн сæхи сæрмагонд фыссынад кæй уыдис нæ эрæйы агъоммæ VI-V æнусты, уый тыххæй дзырд уыдис грекаг, латинаг æмæ сириаг фыстыты. Ацы хъуыды бафидар кæныны тыххæй æрхæссæн ис, VII æнусы византиаг Пасхалийы цы фыстытæ баззад, уыдон дæр, ныммыхуыр сæ кодта Нибур («Хроника Пасхаля» Бонн,1932 аз). Текст у афтæ, Турчаниновы тæлмацæй: «Знают же свои собственные письмена суть: каппадокийцы, иберы, они же тираны, табарены, латины, ими же пользуются римляне, сар- маты, испанцы, скифы, греки, бастарны, мидийцы, армяне». (Турчанинов Г. «Памятники письма и языка народов Кавказа, А. 1976, ф. 79). Банысан хъæуы уый, æмæ нæ эрæйы агъоммæ VII æнусы цæрæг адæмты хæттытæй бирæты бæрæггæнæнтæ историйæ аззайынц иппæрдгондæй, афтæ зæгъæн ис скифтæ æмæ сæрмæттæй дæр, фæлæ рагон этностæ цы территорийыл цардысты, уым сæ фæд ныууадзынц, сæ фæстæ чи баззайы, уыдонæн. Уыцы рагэтностæ та, цыфæнды легендарон ма уой, уæддæр æцæгдзинад æмбæхст вæййы сæ фæстæ. Æркæсæм, уæлдæр цы хъуыды загъдгонд æрцыд, уымæ, ома, рагондæр фыссынад фæзынд скифтæм арамейаг алфа- виты бындурыл: рагон фыссынад бæрæгæй зыны нæ эрæйы агъоммæ ^Ш-æнусæй нæ эрæйы ГУ-Ш æнусты онг. Ацы пе- риоды ссаргæ цыртдзæвæнтæ се ’ппæт дæр сты арамейаг ал- фавиты бындурыл, сæйраджыдæр, скифтæ æмæ сæрмæттæ цы бынæтты хæтыдысты, уым, æлыгын мигæнæнтыл - хъуы- рæуттыл, дурынтыл къахт фыстæй фыст æрцыдысты. 93
«*>. т;^ ФГ^ щ$^& -*Г Нырыккон ирон адæмы рагон фыдæлты фыссынады тыххæй къухы цы бафтыд, уыдон территоримæ гæсгæ сты пырхытæ æмæ сæм хаст цæуынц ахæм цыртдзæвæнтæ: 1. Цæугæдон Иртышы бакæлæнмæ ’ввахс хъæу Мало- Красноярскы цур С. С. Черников ссардта керамикæйæ мигæ- нæн æмæ йын йæ рæстæг хæссынц н. э. агъоммæ 1Х-У111 æнусмæ. Ууыл фыст «Лейманос» - нысан кæны сæрмагонд ном - Лымæн. 2. Дæллаг Поволжьейы ссардæуыд фаты бырынкъ, ис ыл фыст арамейаг алфавиты бындурыл: «Суча», ома судзаг, ха- уы н. э. агъоммæ УП-\Т æнустæм. 3. Волгограды областы Саратовмæ æввахс хъæу Горная Пралейкайы археолог И.В. Виницин 1949 азы ссардта фондз ингæны. Сæ иуы ныгæд уыдис дыууæ сабийы, иу дзы 10-12 аздзыд, иннæ - 4-5 аздзыд. Уым æлыгæйконд мигæнæныл фыст уыдис: е æй бац æдзард - уый у буц æнафоны мард (æдзард), н. э. агъоммæ V æнус. 4. Волгограды районы ноджыдæр æртæ хицæн æмæ хицæн мигæнæнтыл фыстыты, хæринæгты нæмттæ чи æвдисы, ахæм дзырдтæ: пита, ома фыд — дзидза; Алантанос — ски- фаг нуæзты ном Æлутон. Арамейаг алфавитыл фыст рагон цыртдзæвæнтæ сты иу 17-æй фылдæр, се ’ппæтæн ацы уацы ’рхæссæн нæй. Æххæстдæрæй кæй фæнды сæ базонын, уый бакæсæд Турчаниновы куыстытæ. Астæуккаг æнусты аланты фыссынады тыххæй зæгъын хъæуы уый, æмæ уыдон арамейаг фыссынадæй рахызтысты несториайнаг-сирийаг фыстмæ нæ эрæйы УШ-Х-æнусмæ. Фæлæ æвиппайды мыййаг нæ рахызтысты уыцы алфавитмæ. Уæды дугæй цы цыртдзæвæнтæ баззад, уыдоны куыд бæрæг кæнынц, афтæмæй фыстыты хæццæйæ æмбæлынц дыууæ алфавиты (арамейаг æмæ несториайнаг-сириаг) элементтæ дæр. Турчаниновы хъуыдымæ гæсгæ, астæуккаг æнусы Хъыры- мы ирæттæ, Цæгат Кавказы æмæ Доны был цæрæг адæмтæм, 94
цы номæй сæ хуыдтой (алантæ, астæ, ястæ), уымæ нæ кæсгæйæ, уыди иу фыссынады культурæ, æмæ, æвæццæгæн, æндæвтой Цæгат Кавказы иннæ адæмтыл. Мæнæ куыд зæгъы Турчанинов Г.: «Кто мог подумать, что зажатый в теснинах Кавказа, едва ли не вымерший в царской России небольшой народ - осетины были в прошлом не про- сто предками скифо-сарматов и алан, как это стало известным в конце Х1Х-столетия, но и дали своим письмом толчок к это- му виду культуры ряду народов Восточной Европы и Север- ного Кавказа». Бацамынд куысты, ф. 67. Уæдæ нæм несториайнаг-сириаг алфавиты бындурыл та цахæм цыртдзæвæнтæ баззад? 1954 азы тюрколог А. М. Щербакæн ацы фыстыты тыххæй фæзынд уац æмæ сæ хоны тюркаг æвзагыл фыстытæ. Ацы уа- цы тыххæй уайтагъд М. И. Артамонов сарæзта хатдзæгтæ, æмæ загъта, зæгъгæ, ацы фыстытæн кæд сæ уидæгтæ сæрмæтаг- алайнаг æвзагæй цæуынц, уæддæр, зæгъгæ, кæмæ хауынц, уыдон дзырдтой æмæ фыстой ирайнагау нæ, фæлæ тюркаг æвзагыл (кæс: М. И. Артамонов «Надписи на баклажках Но- вочеркасского музея и на камнях Маяцкого городища». СА., XIX, 1954 г.). /. Маяцкы горæты ссаргсе дурыл фыст ис сæрмагонд лæджы ном - Анбал. 4-æм дурыл фыст ис Сауси. Уый дæр у ирон ном Сауæси - нысан кæны - сау æмæ си - сыкъа. Ацы алайнаг фыстытæй бæрæг у, Доны былыл цæугæцардгæнæг алантæ УШ-Х æнустæм кæй дзырдтой, ныртæккæ ирæттæ æмæ дыгурæттæ цы ’взагыл дзурынц, уыцы æвзагыл. Тур- чаниновы хъуыдымæ гæсгæ, фыстытæ не сты специалист- тьт фыст, уымæ гæсгæ дамгьæтæ сты хæлдгонд æмæ, зæгъгæ, иуæрдыгæй фарс сты славянаг - кириллицайы фыстыты æн- гæс дæр. 2. Ирон фыст Маджары ссаргсе уæдæрттыл. 1965 азы июлы мæйы археолог Ртвеладзе Э.В. горæт Маджары цæугæдон Кумы рахисварс, иу быдыры скъахта æмæ дзы раз- 95
ынд уæдæртт керамикон æрмæгæй. Йæ уæлæ цы дамгъæтæ ис, уыдон фыст æрцыдысты цавæрдæр цыргъагæй. Фыст у несториайнаг-сириаг алфавиты бындурыл. Турчаниновы хъуыдымæ гæсгæ уæдæрттыл фыст ис - хуарс, иронау — хорз, сылгоймаджы сæрмагонд ном. Абайты Васо йæ æмных кæны венгриаг ясты диалектимæ. Ю. Неметы хъуыдымæ гæсгæ, фыстæн ахæссæн ис ХШ-æнусы кæрон æмæ XIV æнусы райдианмæ». 3. Ирон ФыстКисловодскмæ æввахс ссаргæуæдæрттыл. 1963 азы археологтæ Ртвеладзе Э.В. æмæ Рунич А.Н. горæт Уллу-Дурбалайы, Кисловодскмæ æввахс, ссардтой рагон уæл- мæрд. Уæлмæрды ма уыди иуæй-иу пырхгонд зæппадзтæ. Зæппадзты раздæр адавдæуыд, фæлæ ма дзы уыд цавæрдæр мигæнæнтæ æмæ уыдонмæ гæсгæ банымайæн ис, уæлмæрдтæ кæй сты Х-ХП æнустæй баззайгæ. Уыцы ран ссардтой уæдæртт фыстытимæ. Конд у фæлурс фæныкгъуыз æлыгæй. Фыст у сириаг-несториайнаг дамгъæтæй. Ирон æвзагыл æй бакæсæн ис афтæ: «Мæ оси æлвесæн, ома мæ усы æлвисæн». Усæн дзы йæ сæрмагонд ном кæй нæй фыст, уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон æгъдæуттæм гæсгæ усы ном дзурын не ’мбæлдис, уæлдайдæр та йæ фысгæ-фыссын. Фыст бынтон æввахс лæууы дыгурон диалектмæ. 4. Ирон фыст хьуырауыл цсеугæдон Куммæ хсестæг. Хъуырауы дæллаг хайыл ис фыстытæ дыууæ хицæнæй, 3-аг фыст ма ис йæ быны æмæ дзы ис бæхы сæры ныв. Ку- ыд рабæрæг, афтæмæй фыстытæ сты сириаг-несториайнаг алфавитыл, иу фыст дзы у «хунæ бæхи догъи» - хуын бæхы дугъæн. Хаст цæуы 1Х-Х1-æнустæм. Бæхы дугъы хайадисæг уыд йæ фыссæг. 5. Ирон фыст дзиндзи фæрдыгыл. Ссардой йæ алай- наг уæлмæрды Кисловодскмæ хæстæг. Æвæрд ис Пятигор- скы бæстæзонæн музейы. Йæ фыстытæ сты хæццæ, иуæй-иу дамгъæтæ сты Маяцкы фыстыты типы дамгъæтæ, сириаг- несториайнагфыстыбындурыл,амоны:«йæамайнгæрайтæг». 96
«^>_ , 5#^г ^^ _^^ а» Нырыккон ирон æвзагыл та «йæ амонды раттæг». Фæрдыгыл фыст дзуапп дæтты ирон æвзаджы дыгурон диалекты стыр- дыгуры ныхасæздæхтæн. Ирон диалекты хъахъхъæдгонд не ’рцыд «амайнга». Ацы дзырд æмбæлы нарты эпосы, нартæм нысан кæны диссаджы нуазæн, алæмæттаг къус: амонгæ, ац- амонгæ, ваци-амонгæ. Абайты Васо ацы дзырдæн дæтты ма- гион нысаниуæг, ома «амонд». Ацы фæрдыг-талисманы ирон адæм хонынц «цыкурайы фæрдыг». Ныртæкæ дæр уырнæг адæммæ, ирæттæм стыр амонды æмæ кады хъуыддагыл ны- майынц, цыкурайы фæрдыг кæй хæдзары уа, уыцы хæдзар. 6. Æппæт несториайнаг-сириаг алфавитыл цы цырт- дзæвæнтæ ссардæуыд, уыдонæй рахицæн хъæуы Тырсыго- мы цыртдзæвæн, уымæн æмæ, уый иннæтæй хицæн кæны, йæ фразæтæ кæрæдзийыл бастæй кæй æвдисынц сыгъдæг ирон диалекты хиæдтæ, уый тыххæй. 1957 азы сæрды Цæгат Ирыстоны бæстæзонæн музейы этнографион экспедицийы уæнгтæ Тырсыгомы, цæугæдон Теркмæ хæстæг чырыстон уæлмæрды ссардтой марды дур - цырт. Цыртæн йæ ныв систой, стæй йæ æрластой Цæгат Иры- стоны бæстæзонæн музеймæ. 1959 азы йæ нывтæ лæвæрд æрцыдысты профессор Г. Турчаниновмæ. Уый загъта, зæгъ- гæ, цыртдзæвæны фыстытæ сты ирон диалектыл фыст нес- ториайнаг-сириаг алфавиты бындурыл. Бакастис сæ афтæ: «Хуыцауы цагъар Иван амардис. Ай йын мысинаги тыххæй йын ыскодтон, Хылыкъах. Хъæнгин дæн Алхъацаты мыггагæй. 1326 аз». Турчанинов зæгъы, зæгъгæ, композицион æгъдауæй нырма ирон æвзаджы, стæй йæ фыссынадытыххæй ахæм цыртдзæвæн никуы ма разынд. Цы цыртдзæвæнты фыстытыл æрдзырдтам, арамейаг æмæ несториайнаг-сириаг алфавиты бындурыл, уыдон сты ирон адæмы рагон фыдæлтæ, сæрмæттæ æмæ аланты æвзаджы хи- сæрмагонд фыссынады культурон æвдисæнтæ, фæлæ тæтæр- монголы хæстыты кæй ныццагъды сты, стæй дунейы алы къу- *7 97
^ ^Иг —<^^ ’ 5^ ™<^ ымты кæй ныппырх сты, уымæ гæсгæ сæ фыссынад дæр се ’ннæ стыр культурæимæ бабын ис, фæлæ йæ уидæгтæ бынтон нæ бахус сты. Ирон адæмы фыдæлтæ, сæхи фыссынады æддейæ, пайда кодтой грекаг алфавитæй. Уыцы алфавитыл фыст цыртдзæ- вæнты ахæссын хъæуы дыккаг бынатмæ, уыдон сты æвзаджы документтæ. Бирæ ахуыргæндтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, ирон рагон фыссынад фыццаг фæзынди грекаг алфавиты бын- дурыл, фæлæ уый раст нæу. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ирон адæмы рагфыдæлтæ - скифтæн гректимæ арф культурон бастдзинæдтæ кæй уыди, уый тыххæй сын пайда кодтой сæ фыссынадæй дæр. Грекаг алфавиты бындурыл фыст цыртдзæвæнтæй æппæты фыццаг ссардæуыд Зеленчукы цыртдзæвæн. Хъуыды кодтой, зæгъгæ, иу цыртдзæвæн кæм уыдис, уым ма æндæртæ дæр разындзæн, фæлæ 100 азæй фылдæр рацыд, æмæ уыцы бына- ты иу цыртдзæвæн дæр нал разынд ахæм дамгъæтимæ. Ацы фысты бындурыл нæ бон зæгъын у, астæуккаг æнусы Зелен- чукы ирæттæ-алантæн кæй уыдис сæхи фыссынад сириаг- несториайнаг дамгъæтæй. Æрмæст сæ иуæй-иутæ хæст уыды- сты византийаг чырыстон диныл, æмæ уыдон фыстой грекаг дамгъæтæй дæр. Æмæ уæдæ Зеленчукы марды дурыл фыстытæ сты ирон фысты цыртдзæвæн нæ, фæлæ ирон æвзаджы цырт- дзæвæн. Æркæсæм грекаг алфавитыл фыст цыртдзæвæнтæм дæр: /. 1У-æнусы ирон (алайнаг) фыст грекаг дамгъæтæй Эр- митажы уæвæг инталийыл. 1888 азы Ленинграды Эрмитажмæ лæвæрд æрцыд медал ьон- интали, ссардта йæ абхазаг гуырдзиаг Шеваршидзе В.М. Кæд æмæ йæ кæм ссардта, уый бæрæг бæлвырд нæ уыд, фæлæ Эрмитажы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, медальон ссардæуыд, цæугæдон Келесаури Сау денджызмæ кæм бакæлы, уыцы рай- оны. Интали конд у зынаргъ дуртæй. Инталийы астæуæй ис 98
^э- . —ц§фз%г «^^а ™ч#^ сылгоймаг æмæ дыууæ нæлгоймаджы нывтæ. Нывы алыварс ис 4-дзырды фыст грекаг дамгъæтæй, фæлæ дзырдтæ грекаг дзырдтæ не сты. Æппæты фыццаг ацы инталийыл куыст ныффыста Кин- жалов Р.В. Уый йæ куысты афтæ зæгъы, зæгъгæ, фыстытæ сæрмагонд нæмттæ нысан кæнынц, фæлæ дзы æрмæстдæр иу ном - «Нинæ»-йы йедтæмæ йæ бон равзарын нæ бацис. 1956 азы Ирыстоны историктæ, Эрмитажы уæвгæйæ, сæ хъус æрдардтой инталимæ æмæ загътой, зæгъгæ, медальон у алайнаг. Ирон дзырдтæ сты грекаг дамгъæтæй фыст. Медальо- ны фыстытæ лæвæрд æрцыдысты Г.Ф. Турчаниновмæ. Уый ку- ыд рабæрæг кодта, афтæмæй фыст æрцыд нæ эрæйы 1У-æнусы грекаг дамгъæтæй ирон дзырдтæ: «Нинæ ис. Уый зæнæг ис (бинонтæ). Риуы уæлæ ис. Инталийыл фыст æнæхъæнæй ара- зы ирон ныхасыздæхты æртæ хицæн хъуыдыйады. Медальо- ны фыстмæ гæсгæ, нывтæй сылгоймаг у «Нинæ», æвзонг- дæр - йæ лæппу, асдæр нæлгоймаг та - йæ мой. Медальоныл Нинæйы ном цæмæн ис æмæ иннæты нæмттæ цæмæннæ сты? Уый тыххæй историктæ дзуапп дæттынц, зæ- гъгæ, Нинæ уыдис уæды дуджы зынгæ æхсæнадон архайæг, стæй уыд матриархаты дуг æмæ медальон дæр уымæн лæвар æрцыд. Турчаниновы хъуыдымæ гæсгæ ацы цыртдзæвæнæн йæ ис- торион нысаниуæг бирæ фылдæр у æмæ у хъус æрдарыны ак- каг. Фыццаджыдæр, интали йæ ныффыстæй у тынг цымыди- сон. Кавказы ацы фыст у, фыццаг ссаргæ цыртдзæвæн рагон ирон æвзагыл. Дыккаджы та, инталийы фыстьттæ сты ирон диалектыл. Æртыккаджы та, инталийыл цы нывтæ ис, уыдон æвдисынц алайнаг (ирон) адæмы фыдæлты хуызтæ - IV æнусы. Ацы факт къаддæр нæу, йæ уæлæ цы фыст ис, уымæй. Интали цы бынаты ссардæуыд, ома, Келесаури Сау Ден- джызмæ кæм æфты, уым цардысты абазинтæ (абхаз). Бау- 99
^ ^%р — ~^<Ъ>—п ^ф^ —9Г ырнинаг у, цыппæрæм æнусы абхаз æмæ ирæттæ-алантæ сыхæгтæй кæй цардысты, уый. Уæдæ ацы цыртдзæвæнæн йæ историон нысаниуæг фылдæр у йæ фыстыты нысаниуæгæй. 2. Грекаг фыссынад ирон æвзаджы бæрæгæй зыны Цецы формулæйæ. XII æнусы византийаг фыссæг-историк Иоанн Цец йæ куыст «Теогония»-йы хæссы арфæйы дзырдтæ æхсæз æвзагыл, Византийы империйæн иудзинад цы адæмтимæ уыд, уыдонæй латинаг, уырыссаг, арабаг, дзуттаг, туркаг æмæ алайнаг æвзæгтыл, кæцытæ грекаг æвзагмæ тæлмацгондæй лæвæрд æрцыдысты. Уыцы куыстæй алайнаг фыстытæ райхæлдта Абайты Ва- со. Фыстыты бакасти афтæ: «Та пан хас, мефсили, хсина, кор- тиг то фарндзен киндзи, кайтефус» - Дæ бон хорз ме ’фсин, æхсин, кердыгæй, (кæцæй), фæрнджын, чындз. (Бæрæг нæу «кайтефус» - цы нысан кæны, уый). Ацы алайнаг фразæ ирон кæй у, уый нысан кæны, ирæттæ æмæ алантæ иу адæмыхатт кæй уыдысты, уый, фæлæ ирон адæммæ уæд грекаг фыссынад уыд, уый бæрæггæнæг нæу. Моравич И. йæ уацы зæгъы, зæгъгæ, Цец йæ куыст «Тео- гония»-йы ацы æхсæз æвзагыл фразæтæ - арфæйы дзырдтæй спайда кодта, цæмæй йæ зонындзинæдтæй раппæлыдаид бæр- зондлæууæг императрицæ Иринæйы раз. Моравич æппæт æв- зæгты фразæтæ дæр равзæрста, алайнаг æвзагæй фæстæмæ. Уый тыххæй Абайты Васо йæ хъус æрдардта, æмæ сæ бакаст ирон æвзагыл. 3. Зеленчукы цыртдзæвæн. 1888 азы уырыссаг архео- лог Струков Д.М. Кубаны областы, Зеленчукы доны былыл ссардта марды дур, конд уыдис урс къæйæ. Цыртдзæвæныл уыдис фыстытæ грекаг дамгъæтæй, фæлæ нæ уыдысты гре- каг дзырдтæ. Струков цыртдзæвæнæн йæ ныв систа æмæ йæ æрхаста стыр ахуыргонд В. Миллермæ. Миллер цырт- дзæвæнмæ æркаст лыстæггай æмæ сарæзта ахæм хатдзæгтæ: 1. Цыртдзæвæны фыстытæ сты алайнаг дзырдтæ грекаг дам- 100
<*>_ __^^ : __<^^>_ *?Н^ гъæтæй; 2. Разынд аланты территорийыл. 3. Ис ын чырыстон дины хуыз. 4. У фыццаг ссаргæ цыртдзæвæн ирон фыссынады тыххæй. 5. Цыртдзæвæн æвæрд æрцыд Х1-ХП-æнусты. Цыртдзæвæны фыстытытæ Миллер бакаст афтæ: Исус Христос (Есо Чырысти) Оаус Николос (Сыгъдæг Николай) Сахири фоурт X... фоурт. Пакатар Пакатар фоурт. Анпалан Анпалан фоурт. Лаканите чирте кæнæ Лаканите Ире (Иры лæппуты цырт). Бьтнæй цыртыл уыдис 4 нысаны О0СЛ, фæлæ сæ Мил- лер нæ равзæрста. Миллеры фæстæ ма цыртдзæвæны фыс- тытæм æркаст Абайты Васо æмæ йæм бахаста йæхи бараст кæнинæгтæ: 1 .Миллер куыд кæсы цыртдзæвæны фыстытæ, уымæ гæсгæ йæ быны ныгæд чи ис, уыдон кæрæдзийæн ницы бавæййынц, æмæ уый раст нæу, уыдон сты иу фыдыфыртæй æмæ сыл æвæрд æрцыд иу цырт. 2. Ирон æвзаджы æгъдæуттæм гæсгæ фыды ном хъуамæ уа разæй, йæ фæстæ та фырт. Абайты Васо йæ кæсы афтæ: Исус христос Оаус николаос Сахири фоурт Хри Хри фоурт Пакатар Пакатар фоурт Анпалан Анпалан фоурт Лак Они чирте (уыдоны цырт) Цыртыл бынæй цы 4 нысаны уыд, уыдон Абайты Васо дæр нæ равзæрста, æрмæст загъта, нымæц кæй нысан кæнынц, уый. Нымæц бæрæг кæнынмæ лæвæрд æрцыд Турчаниновмæ. Уый рабæрæг кодта, цыртдзæвæныл цы 4 нысаны уыдООСЛ - уыдон æцæгæй нымæц кæй нысан кæнынц: 1. О - у хуры зиллачы символ 101
«*>.—— 5^ вм_<^«^ишш——_—цафф$з аг 2.0- фæстаг хурон зиллакæй рацыд 9 азы - иу хурон зил- лачы ис 28 азы 3. СЛ - Дуне куы сæвзæрди, уырдыгæй цыртдзæвæны рæвæрынмæ рацыд 230хг СЛ=230хЗ. Уæдæ афтæ: О0СЛ = 230x28+9=6449. Цыртдзæ- вæны æрывæрынæй тарацыд 5508 азы. 6449-5508=941 аз. Куыд рабæрæг, афтæмæй цырт æвæрд æрцыд 941 азы, ха- уы X æнусмæ. Турчаниновы хатдзæгтæ сты раст, бæрæг ку- ыд у, афтæмæй алантæ чырыстон дин райстой Х-æм æнусы, æмæ цыртдзæвæныл дæр уымæн ис «Исус Христос, сыгъдæг Никалаос» - нымад уыдис дыгурон дины хицауыл, æмæ цыртдзæвæны фыстытæ дæр сты дыгурон диалектыл. Уæ- дæ Зеленчукы цыртдзæвæн ирон фыссынады фæзынды цырт- дзæвæн нæу, фæлæ ирон æвзаджы цыртдзæвæн. Уыцы æнусты алантæн уыд сæхи фыссынад сириаг-несторайнаг алфави- тыл, фæлæ иуæй-иутæ грекаг, ома, византиаг чырыстон дины æндæвдадæй фыстой грекаг дуктæй. Ацы цыртдзæвæны фыстыты Миллер æмæ Абайты Васойы йеддæмæ бакастысты Æлборты Барсыби, Бязырты Алыксан- дыр, афтæ ма Арсен Кафоев, уый та йæ хоны адыгейаг фыст, фæлæ уый раст нæу. Турчанинов йæ хъуыдытæ балхынцъ кодта йæ уацы («Фидиуæг», 1981, №5) ахæм сæримæ «Ирон æвзаджы рагон цыртдзæвæн» æмæ зæгъы, зæгъгæ, Зеленчукы цыртдзæвæныл фыст ирон-ясты диалектмæ гæсгæ кæсын хъæ- уы: «Сахъ(хъ) фудох обау: Истуры фурт Бакатар, Бактар(и) фурт Анбалан, Анбалани фурт Лак, они чирте(й)». Зеленчукы къæйы бын ныгæд уыдысты иу ирон мыггаджы адæймæгтæ. Уыдон уым ныгæд æрцыдысты уыцы иу рæстæджы, æвæц- цæгæн, цахæмдæр стыр трагикон цауы фæстиуæгæн. Чизо- ны, Зеленчукаг ингæн уыд кенотаф, ома, æнæныгæд ингæн. Цæгат Кавказы хæххон адæм, уыцы нымæцы ирæттæ дæр зыд- той ахæм символикон цыртдзæвæнтæ аразын, сæ мыггагæй- иу исчи æцæгæлон ран куы фæмард, уæд. Ирæттæ арæхдæр кенотафтæ арæзтой фæндаггæрæтты æмæ суадоны цурты, 102
адæм тынгдæр кæдæм æфтыдысты, уымыты. Ныртæккæ дæр ацы æгъдæуутæ баззадысты ирæттæм. 4. Венгриаг алантсе-ясты дзырдты номхыгъд. Алантæ- ястæ Венгримæ цалынмæ нæ бафтыдысты, уæдмæ дæр вен- гриаг æвзаджы уыдис алайнаг дзырдтæ, фæлæ фæстæдæр ястæ-алантæ Венгримæ бахаудтой хъипчахътимæ 1365 азы. Венгрийы ныртæккæ авд бынатæй фылдæры хъуысы ном «яс». Венгриаг ахуыргонд Мункачи ясты размæ дæр венгри- аг æвзаджы нымадта 30 дзырды бæрц ирон дзырдтæ: гъид - хид, кард - кард, езиуст - æвзист, газдег - хъæздыг: рубас - рувас æмæ æнд. Фæстæдæр, 1957 азы Фекети-Над Венгрийы паддзахадон архивы ссардта 1422-æм азы фыст дзырдты ном- хыгъд. Уыцы номхыгьд лæвæрд æрцыдис венгриаг востоко- вед Неметмæ. Немет сбæрæг кодта, зæгъгæ, дзырдтæ фыст сты ясты æвзагыл. XV æнусы ссаргæ ясты дзырдты тыххæй Немет ныффыста куыст æмæ йæ схуыдта «Словаръ ясов - венгерских алан». 1960 азы йæ Абайты Васо ратæлмац кодта æмæ йæ комментаритимæ ныммыхуыр кодта. Дзырдуаты 40 дзырдæй фылдæр уыдис ирон дзырдтæ, уыимæ раджы ирон æвзагмæ туркæй цы дзырдтæ æрбафтыд, уыдон дæр. Куыд, зæгъæм, бан - бон, цариф — царв, баса - бас, сана - сæн, бах - бæх, уаса -уæс, карк - карк, фус - фыс, ацца - ацц, табга - тæбæгъ, газ — хъаз æмæ а. д. Уыдис дзы иуæй-иу арфæйы дзырдтæ: «Дæ бан харз на хе- ца оса». Уыдысты латинаг æвзагмæ тæлмац. Ацы цыртдзæвæн бæрæг кæны уый, æмæ венгриаг ястæ кæй у ыдыстьт Цæгат Кав- казы алантæй фæхицæнгонд адæм, æмæ систы венгрийæгтæ. Венгриаг алантæ кæд се ’взаг ферох кодтой, уæддæр нæ ферох кодтой сæ национ равзæрд, бирæ мыггæгтæ абоны онг дæр сæхи нымайынц традицимæ гæсæ ястыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ кæд ирон адæмы фыдæлтæ скиф- тæ, сæрмæттæ æмæ алантæн уыдис сæхи фыссынад арамей- аг, сириаг-несториайнаг алфавитыл æмæ ма уымæй уæлдай ноджы пайда кодтой грекаг алфавитæй, уæддæр ирон адæм 103
**> ^^%г— — -^^ — ц^ф^ —ФГ Цæгат Кавказы хæхты цъассыты куы ’рбынæттон сты, тæтæр- монголты хæстыты фæстæ ма сæ чи баззад, уыдон компактон æгъдауæй куы æрæнцадысты ныртæккæйы бынæтты, уæд канд фыссынад нæ байрох кодтой, фæлæ цыма дунейæ иртæстæй аззадысты, афтæ уыди сæ хъысмæт. Нæ зынгæ ахуыргонд Абайты Васо дæр уымæн афтæ зæгъы, зæгъгæ, вæййы афтæ, æмæ раджы кæддæр уыцы иу зайæгой ахста æнæхъæн тыгъд быдыртæ. Уыцы зайæгойыл цыдæр фыдбылыз сæмбæлд æмæ ма дзы куыд фæстагмæ кæмдæр иу ран аззадис мыггаг, æмæ та уыцы тауинаг ногæй суагъта тау. Раст афтæ, зæгъгæ, скиф- ты стыр дунейæ æрмæстдæр Кавказы ирæттæ бахъахъхъæдтой сæ мыггаг. Сæйраджыдæр, бавæрдтой дыууæ стыр хæзнайы - æвзаг æмæ эпос (Нарты эпос), иннæ скифтæ баззадысты алы рæтты пырхытæй æмæ сæмхæццæ сты æндæр адæмтимæ. (кæс жур. «Курьер» 1977, №11). Ирон æвзаджы иу кæнæ иннæ фарстыл дзургæйæ ’нæмæнг афæлгæсын фæхъæуы канд æвзаджы рагон скондыл нæ, фæлæ цы ’взагыл дзырд цæуа, уыцы адæмты материалон æмæ духо- вон культурæйы æнусты дæргъы æнæфесæфгæ традицитыл, уымæн æмæ уыдон вæййынц бæлвырд æвдисæнтæ историон нысаниуæг кæмæн вæййы, ахæм факттæн. Ацы факттæй ма сæ иу у уый, æмæ бирæ мин азты дæргъы Кавказы æппæт адæмты ’хсæн сæ цард кæй æрвыстой индо-европæйаг этносмæ чи ха- уди, суанг хеттæй райдайгæйæ, ахæмтæ дæр. Историон зонæдты доктор, профессор Тъехты Баграт Тлийы уæлмæрдты цы археологон æрмæджытæ ссардта, уыдонæй хатдзæгтæ аразгæйæ, йæ уац «Мæ хæхтæ - мæ бæстæ»-йы (жур. «Фидиуæг» 1987, № 3) зæгъы: «Абон ирон адæмы исто- рийы фарстыл дзургæйæ, мах мауал хъуамæ пайда кæнæм ахæм тезистæй, зæгъгæ, ирон адæмы фыдæлтæ Кавказмæ 1-аг æнусы æрцыдысты. Кавказы цæрæг адæмтæй кæд исчи иуу- ыл рагондæртæм хауы, уæд уыдонæй иу ирон адæм сты. Ирон адæм сты, фыццаджыдæр, Хъобаны культурæйы фæдон æмæ традицитæ дарддæргæнæг. Ирон адæм сты Кавказы индо- 104
-^-_, ^^ —^^>———-ч#4^ <** европæйаг æвзагыл дзурæг адæмæй. Æнусты дæргъы Кавка- зы ацы æвзаг æнæаскъуыйгæйæ цардис æнустæй-æнустæм, иу фæлтæр иннæйы кæй ивта æмæ йæм кæй лæвæрдта саразгæ традицитæ, гъе, æрмæстдæр, уый тыххæй баззад не ’взаг ирайнагæй». Афтæ, алантæ-ирæттæ сæ материалон æмæ духовон культу- рæ æрхастой æнусты сæртьт. Уыимæ сæдæ азты дæргъы æн- къардтой ахæм адæмты культурон æндæвдад, цахæм уыдис арабаг, византиаг, уырыссаг, гуырдзиаг æмæ æндæр адæмты æндæвдад. Æмæ уæдæ алантæ сæхи фыссынадæй дарддæр пайда кодтой ранымайгæ адæмты фыссынæдтæй дæр. Ирон фыссынад XVIII æнусы дыккаг æмбисæй абоны онг 1. Тсекъаты Гайы алфавит æмæуыцы алфавитыл фыц- цаг ирон чингуыты фæзынд. Абоны онг дæр кæд фыццаг мыхуыргонд ирон чиныгыл нымад цыди Тæкъаты Гайы чиныг «Начальное учение чело- веком хотящим учиться книг божественного писания» (1789), уæддæр уый агъоммæйы историон бæрæггæнæнтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ирон фыссынады истори бæрæгæй зы- ны XVIII æнусы æрдæгæй. Ирон фыссынады фæзындыл ар- хайдтой куыд гуырдзиаг, афтæ уырыссаг миссионертæ дæр. Уыдонæн сæ сæйраг хæс уыди, цæмæй ирон адæмы ’хсæн дин парахат кæнын райдыдтаиккой. Императрица Елизавета Петровна сарæзта «Ирон духовон къамис». Уыцы къамисы уыдысты уæды дуджы Мæскуыйы чи уыди, уыцы гуырдзиаг миссионертæ - архиепископ Иосиф æмæ архимандрит Николай, къамисы сæргъ лæууыд архиман- дрит Пахомий, ирон æвзаг чи зыдта, ахæм. Къамис фидар- гонд æрцыди 1743 азы, кусын райдыдта фыццаг Хъызлары, стæй та Мæздæджы. Уæдæ, зæгъæн ис, æмæ Гайы чиныджы 105
^ 53ФФ$2 Ф^^Ф 5#^2 —УГ’ размæ фæзындаид Джанашвили цы чиныджы кой кæны, уый. Уый фыссы: «В царствовании Ираклия II начали появляться богослужебные книги на осетинском языке, написанные гру- зинскими церковными буквами с добавлением некоторых зна- ков, свойственных осетинскому языку... Первая такая книга, которую мы видели, вышла из печати в 1753 году (см. «Сбор- ник материалов для описания местностей и имен Кавказа», ВИИ 22, изд. 1898, с. 64)». Фæлæ уымæй дарддæр ацы чи- ныджы тыххæй ницы бæрæггæнæнтæ баззад абоны онг дæр. Æрмæст ахъуыдыгæнæн ис, зæгъгæ, уæлдæр ранымадгонд къамис уæгъды нæ бадтаид, æмæ, гæнæн ис, Джанашвили цы чиныджы кой кæны, уый æцæгæй уыдаид. 1764 азы амарди ацы къамисы сæргълæууæг Пахомий, æмæ та Екатеринæ II бардзырдмæ гæсгæ къамисы сæргъ æвæрд æрцыди Лебедев. Уый ирон æвзаг хорз нæ зыдта. Ку- сын ын зын уыдис. Ирон адæмы ’хсæн цæмæй дин апырх код- таиккой, уый тыххæй сæ æлхæдтой алыгъуызон амæлттæй, лæвæрттæ сын кодтой, чинтæ æмæ сæ ордентæй хорзæхджын кодтой, фæлæ сын уæддæр ацы архайды уадиссаг æнтыстытæ нæ уыди. Уый тыххæй 1764 азы Мæздæджы бакодтой фыц- цаг динон скъола, уым ирон адæмæн сæхицæй цæттæ кодтой миссионертæ æмæ чиновниктæ, фыстой сын стипенди дæр. Фыццаг 2 сомы, стæй та 4 сомы. 1777 азы Астраханы, Цæгат Кавказы хæххонтæн баконд æрцыдис духовон семинар. Уым æндæр нацитимæ ахуыр кодта 9 ироны. Ахуыр кодтой уырыссаг æвзагыл æмæ сын уадиссаг пайда нæ лæвæрдта ирон адæмы ’хсæн дин апырх кæнынæн. Уымæ гæсгæ бардзырд лæвæрд æрцыдис, цæмæй духовон чингуытæ арæзт æрцыдаиккой ирон æвзагыл, ирон грамматикæйы бындурыл. Уыцы хæс бакодтой ирон духо- вон къамисы уæнг Тæкъаты Гайæн 1785 азы. Тæкъаты Гай Генцауырты (Хъесаты) Паулейы æххуысæй сарæзта фыццаг ирон дамгъуат аргъуан-славянаг алфавиты бындурыл. Уыцы алфавиты бындурыл ирон æвзагмæ ратæлмац кодтой фыццаг 106
^>— -цзФ^ *"* "^" —ц#4^ *** ирон чырыстон дины чиныг ахæм сæримæ: «Начальное уче- ние человеком хотящим учиться книг божественного писа- ния»(1798). Чиныгæн райдианы йæ сæйрагдæр нысан уыд, цæмæй Мæз- дæджы скъолайы Чырыстон дин цы ирæттæ ахуьтр кодтой, уы- дон чырстон дин сахуыр кодтаиккой мадæлон æвзагыл, æмæ се скъола каст куы фæуыдаиккой, уæд ирон адæмы ’хсæн сæ бон уыдаид мадæлон æвзагыл дин парахат кæнын. Уыцы алфавит, стæй чиныгæн дæр уадиссаг æнтыст нæ уы- ди дин апырх кæныны хъуыддаджы. Ацы алфавитыл æндæр чиныг нал фæзынди, фæлæ уæддæр йæ дуджы стыр ахъаз фæ- цис ирон адæмы культурон æгъдауæй Уырысы адæммæ бав- вахс кæнынæн. Уый æмрæстæджы 1802 азы ирон алфавит гуырдзиаг гра- фикæйы бындурыл сарæзта Гуырдзыстоны уырыссаг губер- нион секретарь, ирон лæг Гæбæратæй (Иуане Ялгъуызидзе, Æгъуызатæй). Уый тæрхондоны хъуыддæгтæ тæлмац кодта уырыссагæй ирон æвзагмæ. Цæмæй йæ куыст хуыздæр ацы- даид, уый тыххæй уый дæр Тæкъаты Гайау бахъуыд ирон ал- фавит саразыны сæр. Бирæ рæстæджы цæттæ кæныны фæстæ Иуане 1819-1820 азты сарæзта хуцурийы бындурыл алфавит, æмæ йыл ратæлмац кодта цалдæр чиныджы. Кæд Иуанейы ал- фавиты уыди бирæ хъæндзинæдтæ, уæддæр Гайы алфавитæй уыди хуыздæр. Уый бæрæг уыд уымæй, æмæ Иуане цы чин- гуытæ ратæлмац кодта иронмæ, уыдонæй миссионертæ бирæ рæстæджы дæргъы Ирыстоны кодтой сæ куыст. Иуане канд тæлмац нæ кодта, фæлæ Ирыстоны парахат кодта культурæ. Уый куыста духовон семинары ахуыргæнæгæй æмæ 1822 азы ныффыста гуырдзиаг æвзагыл аивадон уацмыстæ, уыдонæй нырыонг æрхæццæ йæ поэмæ «Алгъузиани». Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Бестауты Гиуæрги æмæ хаст æрцыди ирон æвзаджы программæтæм. Поэмæйы дзьтрд цьтди ирон паддзах Алгъуызы хъайтардзинадыл, æмæ дзы кад кæны йе сфæлдисæг ирон адæмы фыдæлтæн. 107
Ацы алфавитыл дæр Иуанейæн йæхицæй дарддæр ничи фыста, уымæ гæсгæ ирон фыссынады фæзындæн уадиссаг ахъаз нæ фæци. XVIII æнусы дыккаг æмбисæй ирон æвзаг, истори, этно- графи æмæ цардыуаг ахуыр кæнынмæ сæ хъус æрдардтой уы- рыссаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ-фæндаггæттæ, ку- ыд Рейнегс Р.Я., Палласс П.С., Клапрот Г.Ю., Гюльденштедт æмæ æнд. Гюльденштедт Кавказы экспедицийы уæвгæйæ, 1772 азы куыста Ирыстоны æмæ уацары бахаудта ирæттæм. Фæстæдæр æлхæд æрцыди. Йæ куыст «Ка1зеп»-ы равдыста ирон адæмы социалон уавæр, сæ экономикæ æмæ культурæ дæр. Ирон дзырдты номхыгъд бакодта йæ куысты Рейнегс дæр. Цалдæр дзырды йæ дзырдуаты бакодта Палласс дæр. Фæлæ уыцы куы- стытæ ирон æвзаг æмæ фыссынады тыххæй уыдысты тынг мæгуырау. XIX æнусы райдианы Клапрот куыста Кавказы, уый æр- выст уыдис Уæрæсейы Академийæ. Клапрот цалдæр хатты уыд Ирыстоны. Йæ куыст «ОззейзсЬе зргасЬе» («Осетинский язык» мыхуырæй рацыд 1814 азы Берлины). Клапорты ку- ысты ис 800 ирон дзырдæй фылдæр. Уымæй дæр йæ куыс- тыты ис Ирыстоны хицæн районты афыстытæ, фæлæ Кла- проты куыстытæй, æнæ критикон цæстæнгасæй акæсгæйæ, нæй спайдагæнæн. Куыд иннæ ахуыргæндтæ-фæндаггæттæ, афтæ Клапротæн дæр йæ сæйраг нысан уыд, цæмæй Кавказы æрфидар уыдаид царизмы политикæ. Уыдысты фæсарæйнаг агенттæ. Ирон æвзаджы тыххæй Клапрот ницы уадиссаг æрмæг радта. Уый тыххæй фæстæдæр Андрей Шегрен дзырд- та, зæгъгæ, Клапрот нæ зоны кавказаг æвзæгтæ æмæ, зæгъ, йæ ирон дзрыдтæ дæр сты рæдыдтытæ. Кавказ Уырысимæ баиу кæныныны фæстæ, омаХ1Х æнусы фыццаг æмбисæй ахуыргæндтæ Шегрен, Розен, Услар æмæ æнд. райдыдтой ирон æвзагыл алфавиттæ æмæ грамматикæтæ аразын. Ацы ахуыргæндты грамматикæтæй æмæ алфавиттæй 108
«*>. . __^ф^ _^^>™— —Чщф^ V? хуыздæрыл банымайæн ис Андре^ Шегрены грамматикæ æмæ алфавит, уымæн æмæ ацы алфавиты бындур æвæрд æрцыд ирон фыссынадæн. Шегрены чиньтг мыхуыры рацьтд 1844 азы Санкт-Петербурджы. Шегрены агъоммæ кæд рацыд цалдæр чиныг æмæ сын уыдис хицæн æмæ хицæн алфавиттæ, куыд Гайьт чиньтг аргъуан-славянаг алфавитыл, Æгъуызаты Иуане - хуцурийы бындурыл, уæддæр ирон алфавиты проблемæ аскъ- уыддзаг кодта А. Шегрен, ома райста ирон графикæйæн уы- рьтссаг æмбæстагон алфавит, фæлæ æппæт зæлтæ дамгъæтæй равдисынмæ кæй хъавыд, уый тыххæй йæ дамгъæты нымæц схæццæ 47-мæ. Уый уыдис Шегрены алфавиты сæйраг хъæн- дзинад, ома йæ алфавиты бакодта бирæ дамгъæтæ, стæй пайда кæны диакретикон нысæнттæй. Шегрены алфавиты кæд уы- ди хъæндзинæдтæ, уæддæр ьтн ис стыр зонадон нысаниуæг, уымæн æмæ йæ нысан сæххæст кодта. Фыццаджыдæр уый пайдагонд æрцыд динон чингуытæ тæлмац кæнынæн. Шегрены ацы алфавиты фæстæ бирæ ахуыргæндтæ, ку- ыд Услар, уырыссаг алфавиты бындурыл кавказаг æвзæгтæн аразын райдыдтой сæ алфавиттæ. Уый кавказаг æвзæгтæм æппæты хуыздæрыл нымадта гуырдзиаг æвзаг, фæлæ алфа- вит йæ зæрдæмæ нæ цыдис. Хорзыл нæ нымадта латинаг ал- фавит дæр. Хуыздæрыл нымадта уырыссаг алфавит, фæлæ уьтм дæр фиппайдта аиппьттæ. Шегренау уьтй дæр йæ алфа- виты бындурæн райста уырыссаг алфавит. Уырыссаг алфа- виты бындурыл сарæзта абхазаг æмæ æндæр алфавиттæ дæр. Фæлæ Услары саразгæ алфавитыл иу чиньтг дæр нæ фæзынд. Уыцьт дуджы ирон алфавит аразыныл архайдта Георг Розен дæр. Цæгат æмæ Хуссар Иры уыдис командировкæйы Бер- лины академийæ. Ирон æвзаджы мьтртæ ньтсан кодта гуыр- дзиаг æмæ латинаг алфавиты нысæнттæй. Розены алфави- тьтл дæр иу чиныг дæр нæ фæзынд, æрмæст Берлины 1846 азы немыцаг æвзагыл рацыд йæ чиныг «Ирон æвзаджы цыбьтр грамматикæ». Шегрены алфавитмæ хицæн ивындзинæдтæ бахаста Шиф- 109
нер дæр. Шифнер сарæзта дыууæ алфавиты: 1) Шегрен æмæ Услары алфавитмæ гæсгæ уырыссаг графикæйыл, 2) Лати- наг алфавиты бындурыл. Латинаг-немыцаг алфавит сарæзта иумиаг кавказаг æвзæгтæн, æмæ уырыссаг алфавиты бын- дурыл цы алфавит сарæзта, ууыл 1867-68 азты ныммыхуыр кодта «Осетинские тексты», стæй ноджы Даниел Чъонкадзе æмæ Цорæты Уасойы æрæмбырдгонд Нарты кадджытæ, ирон æмбисæндтæ, уыциу-уыциутæ æмæ æнд. 1859-62 азты Вла- дикавказы епископ Иосиф Владикавказский (Чепиговский) сарæзта уырыссаг-ирон дамгъуат. Ууыл мыхуыр уыдысты уырыссагæй иронмæ тæлмац аргъуыдтæ, фæлæ алфавит уы- дис Шегрен æмæ Услары алфавит. Уæдæ зæгъын хъæуы уый, æмæ Шегрены алфавит баззад йæ тыхы. Ирыстоны фыццаг чингуытæ фæзындысты ацы алфавитыл æмæ Шегрен уый тыххæй нымад æрцыд ирон алфавиты бындурæвæрæгыл. Ирон графикæ саразыныл стыр куыст бакодта уырыссаг академик В. Миллер. Миллер дæр Шегренау ирон алфавиты бындуры æрæвæрдта уырыссаг алфавит. Иуæй уымæн, æмæ ирон графикæ 40 азы уæвынад кодта уырыссаг графикæйы бындурыл, фæзынди йыл мыхуыры къорд чингуытæ, стæй ти- пографийы хъуыддаг дæр уыди бирæ рæвдздæр. Миллер æркасти Шегрены алфавитмæ, бахаста йæм къорд ивындзинæдтæ æмæ баххæстгæнинæгтæ, архайдта ирон æвза- джы мыртæ куыд растдæр ралæвæрдтаид æмæ равдыстаид, ууыл æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Уыцы алфавитыл бирæ рæстæджы дæргъы мыхуыр цыдис дзæвгар чингуытæ, стæй периодикон мыхуыр дæр, æмæ хорзæрдæм фæзынди ирон адæмы культурон рæзтыл. Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста йе ’нæмæлгæ уацмыстæ фыссын райдыдта 1880 азы Шегрены æмæ Миллеры алфавитыл æмæ уый æмрæстæджы хуыздæр кодта уьтцы алфавиты дæр. Къоста сæрмагонд æгъдауæй куыста орфографи, диалектологи æмæ ирон æвза- джы фарстытыл. Ацы фарстытыл кусгæйæ, домдта, цæмæй 110
ирон æвзаджы алфавит фæхуыздæр уыдаид æмæ «Ирон æв- заджы къамисмæ» фыста, зæгъгæ, ирон алфавиты ис цалдæр мыры, кæцытæ не сты уырыссаг æвзаджы. Уыдонæн хъуамæ лæвæрд æрцæуа сæхи сæрмагонд дамгъæтæ. Къостайы фæстæ сæ уацмыстæ мыхуыр кæнын райдыд- той иннæ фысджытæ дæр. 1906 азæй цæуын райдыдтой ирон газеттæ æмæ журналтæ дæр, уым хайад истой ирон кусæгон фæсивæд, цæмæй адæмы ’хсæн апырх кодтаиккой националон культурæ æмæ стох кодтаиккой паддзахы хицауады ныхмæ. Æппæт уыцы уавæр сæвзæрын кодта ирон адæмы ’хсæн пе- риодикон мыхуьтр фæзыныны æнæмæнгхъæуæгдзинад. 1906 азæй 1923 азмæ цыдæриддæр мыхуыры фæзынд, уыдон дæр фыст æрцыдысты Шегрен-Миллеры алфавитыл. Къостайæ фæстæмæ ирон графикæйы фæзынд ноджыдæр хæццæдзинæдтæ, ома ирон алфавит уырыссаг грамматикæйы бындурыл дзуапп нал дæтты ирон æхсæнады домæнтæн, уый тыххæй йæ хъуыдис фæхуыздæр кæнын. 1917 азы уы- дис ахуыргæнджыты съезд, цыран æвæрд æрцыдис ирон грамматикæйы фарст. Съезды æркастысты цалдæр раздæр арæзтгонд проектмæ, фæлæ дзы иу дæр нæ райстой, уымæн æмæ дзы хæццæйæ лæвæрд уыдысты латинаг æмæ уырыссаг графикæйы дамгъæтæ. 1920 азæй фæстæмæ та дзырд цыдис ирон алфавит лати- наг алфавиты бындурыл раивыныл. Уый тыххæй расидтысты конкурс хуыздæр ирон алфавит саразыныл. Бавдыст æрцыдис цалдæр проекты, фæлæ уыдонæй дæр конкурсон къамис никæй сфидар кодта. Уый фæстæ рахицæнгонд æрцыд къамис, лати- наг графикæйы бындурыл комбинацигонд проект саразыны тыххæй. Бакуыстой йыл куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирысто- ны дæр, æмæ йæ райстой 1923 азы, фыццаг 38 дамгъæимæ, стæй 36 дамгъæимæ. 1925 азы бындуронæй ист æрцыд ирон алфавитæн латинаг алфавит. 1930 азты та дзырд цыдис, зæгъгæ, нæ Цæдисы нацитæй йæхи фыссынад кæмæн нæ уыд, уыдон хъуамæ сæ фыссы- 111
-^>— ц#фд— ^*^—, ц^^^г-" УГ нады бындуры æрæвæрой уырыссаг графикæ. Уыцы фарст кæронмæ скъуыддзаггонд æрцыдис 1938 азмæ. Уыцы аз Цæ- гат Иры райстой уырыссаг алфавит, Хуссар Иры та гуырдзи- аг графикæйы бындурыл алфавит. Уый уыдис бынтон рæдыд хъуыддаг. Дыууæ Ирыстон кæрæдзийы фыссынад нал æм- бæрстой, йæхион, йæ хæстæгмæ фыстæг ничиуал арвыста- ид, ирон культурæ ныддихтæ ис, иумиаг фарстатыл нал уыдис дзурæн. Цæгат Ирыстоны баконд æрцыд уырыссаг скъолатæ, Хуссар Иры та - гуырдзиаг скъолатæ. Ирон сывæллæттæ нал ахуыр кодтой сæ мадæлон æвзаг æмæ афтæмæй бонæй-бон- мæ раууатмæ цыдис ирон æвзаг, йæ фыссынад, йæ орфогра- фи. Бирæ тохты фæстæ Мæскуыйæ æрцыдис къамис, сæхи цæстæй федтой, дыууæ дих кæй фесты ирон адæм æмæ 1954 азы фæстæмæ баконд æрцыдысты ирон скъолатæ, Хуссар Иры дæр райстой уырыссаг графикæ æмæ абоны онг дæр ис йæ тыхы. Уырыссаг алфавиты нæй диакретикон нысæнттæ, стæй ирон скъолайы дыууæ алфавит ахуыр кæныны бæсты иу алфавит ахуыр кæнын æнцондæр у. Уырыссаг æвзагыл ис машинкæтæ, компьютертæ, типографион нысæнттæ æмæ а.д. Æмæ уæдæ кæд уырыссаг алфавит хуыздæр у, уый размæйы алфавиттæй, уæддæр æм ис йæхи хъæндзинæдтæ æмæ сты ногæй æркæсыны аккаг. Зæгъæм: 1. Алфавиты æгæр бирæ ис дыгай дамгъæтæй цьт мыртæ нысангонд цæуынц, уыдон: гъ, дж, дз, къ, пъ, тъ, цъ, чъ, хъ- 9 дамгъæйы. Уый тынг зын кæны, иуæй мыхуыры хъуыддаг, иннæмæй та лекцитæ фысгæйæ, студентты тагъд фыссынæн тынг хъыг дары. Хорз уаид ног иугай дамгъæтæ сын куы æрымысиккам. 2. Иу дамгъæ «у» дыууæ мыры бæсты пайдагонд цæуы, хъæлæсон «у» æмæ æнæуæнгон «уы»-йы бæсты. Мыр «уы»- йæн ног дамгъæ хъæуы алфавиты æнæмæнг. 3. Раулæфтджын дамгъæ нысан цæуы «гъ»-йæ æмæ йæ сывæллæттæ кæсынц «гъæй», «ай-гъай». Уымæн дæр йæхи нысан хъæуы. 112
^>— „^Н^ ^-ъ-——-—-ч#4> *" 4. д-з, д-ж, хицæнæй дæр пайдагонд цæуынц æмæ зын кæны кæсыны хъуыддаг, зæгъæм: фыд-знаг, фыдзонд, фыдзæрдæ. Уæдæ бæрæг у, ирон æвзаг дæр у æхсæнадон фæзынд, баст у ирон адæмы зæрдæйы æнкъарæнтимæ, сæ бæллицтæ, сæ сагъæстæ æвдисæг хъæздыг æвзаг æмæ йын хъуамæ æппæт фарсырдыгæй дзуапп дæтта куыд йæ орфографи, орфоэпи, афтæ йæ графикæ дæр. ОМОНИМТÆ ИРОН ПОЭЗИЙЫ Æндæр æвзæгтау ирон æвзаджы дæр ис тынг бирæ дзырдтæ. Æвзаджы цал дзырды ис, уый зын сбæрæггæнæн у. Дзырдты бæрц кæд дзырдуæтты æвдыст æрцæуы, уæддæр цыфæнды дзырдуатмæ дæр се ’ппæт нæ бахауынц æмæ сын æнæуый та банымайæн нæ вæййы, уымæн æмæ æвзаджы иуæй-иу дзырдтæ базæронд вæййынц, иуæй-иу дзырдтæ та æвзаджы нæма сфидар вæййынц, адæм сæ се ’ппæт нæма фæпайда кæнынц æмæ афтæмæй аззайынц дзырдуатон сконды æддейæ. Фæлæ уæддæр æвзаджы цы бирæ дзырдтæ ис, уыдон аразынц алы æвзагæн дæр йæ дзырдуаты сконд. Уыцы дзырдтæй иутæ февдисынц предметтæ, иннæтæ - архайдтытæ, миниуджытæ ,æмæ æндæр ахæм æмбарынадтæ. Уыдонæй алкæмæндæр ис йæхи ном æмæ уыцы нæмттæй алчидæр у дзырд. Алы дзырд дæр исты æвдисы, цыдæр нысан кæны, ис ын мидис, æмæ уый у дзырдæн йæ лексикон нысаниуæг. Дзырдæн вæййы куыд лексикон, афтæ грамматикон нысаниуæг дæр. Дзырды лексикон æмæ грамматикон нысаниуæгтæ хицæнтæ сты, æмæ сын бамбарынгæнæн дæр ис æндæр æмæ æндæр амæлтты фæрцы. Дзырды лексикон нысаниуæгæн бамбарынгæнæн ис: а) дзырд цы предмет æвдисы, уый хиæдтæ амоныны фæрцы; б) æмбæрынгæнинаг дзырдмæ йæ мидисæй æввахс цы дзырдтæ лæууы, уыдон фæрцы; *8 113
в) дзырды хæйттæн сæ нысаниуджытæ равдисыны ’руа- джы. Дзырды грамматикон нысаниуæг та æвдыст æрцæуы, дзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цы къордтыл, ома хицæн хæйттыл дихтæ æрцæуынц, уыдонæй алкæмæндæр цахæм ка- тегориты лæвæрд æрцæуы, уый фæрцы. Уымæй дарддæр дзырдтæй иутæн вæййы æрмæст иу ныса- ниуæг, иннæтæн вæййы дыууæ кæнæ фылдæр нысаниуæджы. Дзырдтæй цалдæргай нысаниуæг кæмæн ис, уыдон хуыйнынц бирæнысаниуæгон дзырдтæ, кæнæ та æвзагзонынады хуыйны «полисеми». Бирæнысанон дзырдæн иу нысаниуæг æнæмæнг вæййы комкоммæ, иннæ та ахæсгæ. Комкоммæ нысаниуæг у дзырды сæйраг нысаниуæг, уымæн æмæ ахæсгæ нысаниуæг фæзыны комкоммæ нысаниуæджы бындурыл. Дзырдæн йæ нысаниуæг фæбæрæг вæййы æндæр дзырд- тимæ бастæй. Зæгъæм дзырд «цыргъ». Адæм фырмæстæй фелвæстой сæ цыргъ кæрдтæ, мæсыджы къултæ ферттывтой æмæ æлдарæй уæнг уæнгыл нал аззад (Секъа, «Арагуийы Ерыстау Æлдар»). Йæ комкоммæ нысаниуæджы пайда цæуы цыргъ кард, цыргъ фæрæт. Фæлæ цыргъ зонд: Къоста йæ цыргъ зондæй уæлахиз кодта йе знæгтыл. Ам та йын ис ахæсгæ нысаниуæг. Ирон æвзаджы дзæвгар ис бирæнысанон дзырдтæ. Поли- семион дзырдæн кæд вæййы алыгъуызон нысаниуджытæ, уæддæр сæ хъуыды, сæ мидис кæддæриддæр кæрæдзимæ æввахс лæууы. Раст у, бынтон иугъуызон нæ вæййы, фæлæ цæмæйдæр æнгæс вæййынц, кæнæ сæ ахастæй, кæнæ сæ фор- мæйæ, кæнæ та сæ архайдæй. Уæдæ полисемион дзырдæн цалфæнды нысаниуæг уæд, кæцыфæнды хуызы фембæлæд, уæддæр дзырд баззайдзæн уыцы иу дзырдæй, иу ныхасы хайæ. Сисæм мивдисæг «цæуын». Ацы дзырдæн банымайæн ис цалдæр нысаниуæджы: 114
~ч#ф?——*—<*•"*>- - 1. 2. 3. 4. 5. 6. 7. 8. 9. 10. 11. Цал азы дыл цæуы? Поезд цæуы тагъд. Цæй хъæртæ цæуы. —-*?Н& —— Моймæ цæуы, кæд хæрзæвзонг у, уæддæр. Иу сæракæй цыппар дзабыры цæуы. Йæ маст йæ хуылфы нал цæуы. Йæ къабайы чъизи сапонæй дæр нал цæуы. Лæппу загъта: «зарын мæм цæуы». Бæсты йын ницы цæуы. Нысанмæ цæуы. Ныхæстæ цæуы. Дзырд «цæуы» алы хъуыдыйады дæр аивта йæ нысаниуæг, фæлæ уæддæр баззад уыцы иу дзырд, иу ныхасы хай - мив- дисæгæй. Фæлæ алы нысаниуæджы дæр æвдисы архайд, конкретонæй та - змæлд. Вæййы афтæ дæр, æмæ ирон æвза- джы сæмбæлы дыууæ кæнæ фылдæр дзырды, се сныхасæй бынтондæр иугъуызон, фæлæ сæ нысаниуæгæй та кæрæдзимæ дард чи лæууы. Ахæм æнгæс дзырдтæ æвзагзонынады хуый- нынц омонимтæ. Зæгъæм: Худ - дзаума - сæрыл кæй фæкæнынц, æмæ худ - фæдз. здæхæны мивдисæг, æвдисы архайд. Сæумæрайсом кæд Къоста систа йæхуд, фыруарзонæй йæ мидбылты фæхудт. (Дзугаты Г. «Тебердæйы»). Ма худ аууонмæ æвзæрыл, хорзы-иу йæ цуры бафау (Къо- ста, «Булкъ æмæ мыд»). Абон фыццæгæм сентябрь, Скъола, фыццаг къласы хатæн Ингæнау цæмæн у сабыр, Гъе, йæ аххосаг - зын хатæн? (Хъодалаты Г. «Фыццаг кълас») Ирон æвзаджы омонимтыл нæй сæрмагонд куыст, æрмæст 115
^ ^^_ »$ф$Г —*#» Абайты Васойæн ис иумиагæй омонимты тыххæй уац «О по- даче омонимов в словаре». Ацы куыст ахсджиаг куыст у омо- нимты тыххæй, уымæн æмæ омонимтæ дзырдуæтты æвæрд цæуынц алыгъуызон, фæлæ Абайы фырт домы, цæмæй омонимтæй алкæцы дæр лæвæрд æрцæуа хицæн дзырдæй, хицæн дзырдуатон уацы, канд ирон æвзаджы нæ, фæлæ иннæ æвзæгты дæр. Æмæ, æцæгдæр, Абайы фырты ацы методæй пайда райдыдтой лингвистикæйы. Уый фæстæ ирон æвзаджы лексикæйы тыххæй фæзындис хицæн ахуыргæнæн чингуытæ. Фæлæ сæрмагондæй ирон æвзаджы омонимийы фарстыты тыххæй куыст нæма уы- ди, æмæ канд омонимтæ нæ, фæлæ иумиагæй ирон æвзаджы лексикæйы фарстытæм, цæмæдæр гæсгæ, къаддæр хъус- дард здæхтæуы. Афтæмæй куыд уæлдæр ахуыргæнæндæтты, афтæ астæуккаг скъолаты дæр æвзаджы ахуырад райдайы лексикæйы ахуырадæй. Ацы чысыл куыстьт лексикæйы фарстытæй мах фæнды зæ- гъын ирон æвзаджы омонимийы фарсты тыххæй, комкоммæ зæгъгæйæ та, омонимийы полисемийæ ахицæн кæнын; омо- нимты типтæ, омонимты фæзынды аххосæгтæ, стæй ирон ли- тературон æвзаджы, уæлдайдæр та, поэзийы омонимтæй куыд пайда чындæуы, уый тыххæй. Омонимийы полисемийæ ахицæн кæнын Куыд æндæр æвзæгты, афтæ ирон æвзаджы дæр арæх омо- нимтæ зын ахицæн гæнæн сты полисемион дзырдтæй. Ацы фарстæн, ома омонимты полисемион дзырдтæй ахи- цæн кæнынæн, ис стыр нысаниуæг æвзаджы мидæггагон структурæйы рæзты, уæлдайдæр та бирæнысанон дзырдтæй омонимты сырæзты проблемæйы. Ирон æвзаджы ацьт дьтууæ лексикон фæзынды ’хсæн арæнтæ скæнын тынг зьтн фарст у, уæлдайдæр та сæ дыууæйы дæр, ома полисеми æмæ омо- 116
-^. ц#5%г > ^^5 5#5%Г» : —*? нимийæн сæ равзæрд арæхдæр ирон æвзаджы уыцы иугъуы- зон дзырдæй куы вæййы, уæд уый. Уыцы иугъуызон дзырдтæн сæ хъуыдыйон нысаниуæг апырх вæййы, кæннод та йæ хьуы- дыйон нысаниуæг бынтондæр куы фесæфы æмæ дзырд æндæр нысаниуæг куы райсы, уæд. Уый тыххæй профессор Л.Л. Булаховский афтæ зæгъы: «Абсолютной границы между многозначностью и омонимич- ностью слов нет, так как многозначные по своему происхо- ждению (этимологические) слова с течением времени факти- чески, с утратой былой связи значений, могут превращаться для нас в омонимы». (А.А. Булаховский. Введение в языко- ведение. 1953 г.) Булаховскийы ацы хъуыды иуæрдыгæй бауырнинаг у, уымæн æмæ иуæй-иу хатт сæ нысаниуæгтæ æндæр æмæ æндæр кæмæн вæййынц, ахæм иугъуызон дзырдтæн дæр сæ этимологи вæййы æнгæс, куыд фæстагмæ сæ иу ахизы пасси- вон дзырдмæ, афтæ арæх дзы нал фæпайда чындæуы æмæ йæ нысаниуæг адард вæййы, цы æнгæс дзырды хуызæн вæййы, уымæй. Зæгъæм дзырд «ком». Ацы дзырд у рагон ирайнаг дзырд кам-æй. Фæлæ йын йæ бынат бацахста кавказаг дзырд «дзых», ссис ын синоним. Дзырд «ком», хицæнæй сисгæйæ, «дзых»-ы нысаниуæджы арæх пайда дæр нал цæуы. Арæхдæр æмбæлы вазыгджын дзырдты арæзты, комарынг, комыкъул, цæсгом кæнæ идиоматикон дзырдбастыты: ком дарын, ком уадзын. Дæ арм æхсад, дæ ком æнхъæвзт. Дзырд «ком»-æн ис ахæсгæ нысаниуæг дæр, ома «уще- лье» 1. Æфцæгæй коммæ уад дзыназы (Къоста. «Зымæг»). Æртæ комы æрхуыдта. Комæй чидæр зары. 2. Карды ком (острие). Карды комау раст у. 3. Голладжы комыл ахæц. Абайты В. зæгъы: «Староосетинская форма «кам» отло- 117
*^> : ^^%Г- <*"^>- 9^$Р —& жилась в названиях ущелий горной Кабарды сау кам, месте кам, уллу кам, Дани кам и др». Уæдæ «ком»-ы нысаниуæгтæ афтæ адард сты æмæ сæ ирон æвзаджы иуæй-иутæ омонимтыл нымайынц: Зæгьæм, Ниге- ры сфæлдыстадыл дзургæйæ, Ардасенты Хадзыбатыр йæ уа- цы зæгъы: «Нигер арæх пайда кæны омонимон рифмæтæй». Хæссы цæвиттонтæ: Хъус-ма, уæртæ комæй Булæмæргъ ныззардзæн, Диссæгтæ йæ комæй Хуры рухсмæ калдзæн. (Нигер. «Худгæ, хьазгæ, райгæ») Ацы стихарæзты «комæй» æмæ «комæй» омонимтæ не сты, фæлæ ком - дзыхы нысаниуæг лæвæрд æрцыд дыууæ хохы астæу цы афтид бынат вæййы, уымæн, ома йæ формæмæ гæсгæ «ущелье»-йæн дæр лæвæрд æрцыд ахæм ном. Афтæ дзырдбаст «коммæ кæсын» дæр ахæссын хъæуы бирæ- нысанон дзырдмæ. Зæгъæм, мæнæ ахæм хъуыдыйæдты: Ой, куыд кæсы, куы йæ коммæ, Ацы хивæнд, номдзыд æндон! Бакæсут-ма, ба, йæ коммæ Уымæн ын ис сараты ном. (Дзугаты Г. «Куырд») Фæлæ Абайты Васойы «Историон-этимологон дзырду- аты» хицæн дзырды нысаниуæджы лæвæрд цæуы дзырд «ком» - ком дæттын — соглашаться, йæ семантикæйæ æввахс лæууы «дзырд радта»-мæ. Йæ нысаниуæг бынтон адард æмæ æмбæрст цæуы «хъæуы» кæнæ «фæнды»-йы нысаниуæджы. Зæгъæм афтæ: Æлдар ын лæгъстæ кодта, фæлæ чызг ком нæ дæтты (СОПам. Ш. 115). Раныхас-баныхас фæкодтой... æмæ 118
■*> ^$Ф е^^ „^^ *" боны фæстагмæ Фаризеты фыд ком радта (Беджызаты Чер- мен. Æвз. Уац.131 фарс). Ацы нысаниуæгæй «ком дæттын» рахызт мивдисæг «ко- мын»-мæ «уступать». Æмæ уæдæ ахæм нысаниуæджы куы вæййы, уæд номдар «ком» - «ущелье», ома «рот»-имæ свæй- йынц омонимтæ мæнæ афтæ: Зымæг, карз зымæг, Ком, уынгæг комы Сбадти пъæззыйау Æмæ нал комы. (Асаты Р. «Тудэ/сы ’ртах»). Полисеми æмæ омонимийы ахицæн кæныны бындуры лæу- уы сыгъдæг лексикон фактор, ома синонимон æмбардзинад (соответствия). Зæгъæм: номдар «сис» - стена, ограда. Сис чи амайы, уы- мæй æддейæ кæсæг хуыздæр уыны. Ацы хъуыдыйады «сис»- æн йæ синоним у «къул»; къул чи амайы. Уæдæ сис æмæ къул синонимтæ сты, кæрæдзийы бæсты сæ ис баивæн. Фæлæ номдар «сис» (перо) зæгъæм: маргъы сис, кæнæ фыссæн сис - ацы дыууæ дзырдæн сæ равзæрд иу у. Маргъы сис йæ функцимæ гæсгæ рахызт фыссæн, æфсæйнаг сис-мæ. Фæлæ маргъы сис-æн - йæ синоним уыдзæн «пакъуы» кæнæ «бум- були». Фыссæн сис-æн та уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд «перо» - сис дæр уыдзæн йæ синоним. Æгæрыстæмæй «пе- ро» нырыккон ирон æвзаджы активондæр дзырд у, сис та пассивон лексикæмæ ахаудта, фæлæ ам дзырд цæуы синони- мон æмбардзинадыл. Фыццаджы сис - къул; дыккаджы сис- пакъуы; æртыккаджы сис - перо; нæ разы ис дзырд «сис»-ы синонимтæ къул, пакъуы æмæ перо. Пакъуы уырыссаг æвзаджы дæр перо - перья - нысан кæны, æмæ фыссæн сис дæр перо нысан кæны. Афтæ æмæ ацы дыууæ дзырдæн сæ нысаниуæг кæрæдзимæ 119
-^- —е^Ц^ {^^а —$дф?%2—« в? æввахс лæууы. Адон не сты омонимтæ, фæлæ сæ ахæссын хъæуы полисемион дзырдтæм. Æндæр хъуыддаг у къул- сис æмæ сис-перо. Сæ нысаниуæг никæцырдыгæй лæууы æввахс кæрæдзимæ, æмæ сты омонимтæ. Афтæ сис-къул æмæ сис-перо-йы астæу синонимон æмбардзинад ис æмæ сты омонимтæ. Фенæм къутæры калмы буар-хъулон, мах æй фенхъæлæм сис. (Бестауты Г., «Цардвæндаг») Уынын æй, æвæры йæ фосæн уый холлаг. Уынын æй, æмбалимæ амайы сис. (Хъайтыхъты 77) Кæнæ: бал - бал; Бады ныккæнды уацайраг бал, бады хъа- хъхъæнæг дуары цур (Джусойты Н., «Æртындæсæй иумæ») Нæ бал тонинаг у, æгæр срæгъæд ис. Уæдæ омонимты нæ хъæуы хæццæ кæнын бирæнысанон дзырдтимæ. Кæрæдзийæ сæ хицæн хъæуы сæ нысаниуæгмæ, кæнæ та синонимон æмбардзинадмæ гæсгæ. Омонимон дзырд- ты нысаниуджытæн ницы иудзинад вæййы, æнгæс вæййынц æрмæстдæр сæ фонетикон, сæ мырон скондæй. Бирæнысанон дзырдæн та йæ цалдæр нысаниуæджы хæстæг вæййынц кæрæ- дзимæ, уымæн æмæ фæзынынц иу сæйраг нысаниуæджы бын- дурыл. Омонимтæ æмбарынгæнæн дзырдуаты лæвæрд цæуынц сæрмагонд дзырдуатон статьяйы, ома хицæнтæй. Уыдонæй алкæмæндæр вæййы йæхи рæнхъон номыр. Омонимты типтæ Нырыккон ирон литературон æвзаджы бирæ ис, æмхуызон цы дзырдтæ хъуысынц, кæнæ та бынтон иугъуызон формæ кæмæн ис æмæ хицæн нысаниуджытæ кæмæн вæййы, ахæм дзырдтæ. Уыдон фæхуыйнынц омонимтæ. 120
^3>~ _ ц^ _**"Ч*- Ц^ *? В.В.Виноградовафтæзæгъы:«Врусскойизападноевропей- ской литературе термин «омонимия» иногда употребляется в очень широком смысле. Он применяется как синоним слова «омофония». (Виноградов В.В. «Вопросы языкознания». №5, 1966 г.) Ахæм æгъдау зæрдыл даргæйæ, алкæцы фактмæ дæр кæ- сын хъæуы хицæн æмæ хицæн цæстæнгасæй. Омонимтæй хи- цæн хъæуы омоформæты, уыдонæй та омофонты æмæ афтæ омографтæ æмæ паронимты дæр. Куыд уырыссаг æмæ ныгуылæн европæйаг æвзæгты, афтæ ирон æвзаджы дæр омонимты типтыл банымайæн ис: 1. Лек- сикон омонимтæ, ома номхуындæй омонимтæ; 2. Граммати- кон омонимтæ - омоформæтæ; 3. Фонетикон омонимтæ; 4. Омографтæ æмæ 5. Паронимтæ. Æвзагзонынады ацы типтæ кæд се ’ппæтдæр омонимтæм хаст сты, уæддæр сæ алкæмæндæр ис хицæн лексикон æмæ грамматикон æууæлтæ. 1. Лексикон омонимтæ Омонимтæ, ома лексикон омонимтæ сты, се сныхасæй бын- тондæр иугъуызон чи у, æмæ сæ нысаниуæг та кæрæдзимæ æввахсдæр кæмæн нæ лæууы, стæй фысты дæр хæрз иугъуы- зон грамматикон формæтæ кæмæн ис, ахæм дзырдтæ. Омо- нимтæ вæййынц иу грамматикон къласы дзырдтæ. Лексикон омонимтæ сæхæдæг аразынц дыууæ къорды: а) æххæст омонимтæ, æ) æнæххæст омонимтæ. а) Омонимы дзырдтæ, æппæт грамматикон формæты дæр куы æмбæлой кæрæдзийыл, ома куы уой иу ныхасы хай дыууæ дзырды дæр, æмæ дзырдтæ ивгæйæ куы æмбæлой æмхуызон нымæцты, хауæнты, цæсгæмтты æмæ здæхæнты, уæд сты æххæст омонимтæ. Æххæст омонимтæ вæййынц номдартæй, зæгъæм: 121
**> *#М& ^-^>_ едЩ^ —^ - Цы та кæныс, мæ зæрдæ, Хъысмæтæй ма цы дарыс? Бесланы ног уæлмæрдмæ Дæ фæндаг кæд нæ дарыс? (Хьодалаты Г «Ныхас мæ зæрдæмæ») Стæй ныццагъта йе ’рхуы тас Æмæ сдзырдта: уæд дæ тас. (Чуковский К. «Хæрзæхсад кæн дæхи». Дзугаты Г тæлмац). Ацы хъуыдыйады тас - тас сты номдартæ иу формæйы. Сæ иу у уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд таз. Ис ын бирæон нымæц: Магазинмæ æрбаластой алыгъуызон тастæ: Дыккагæн нæй бирæон нымæц. Нæ загъдзыстæм: Тастæ сæ бацыдис, фæлæ зæгъдзыстæм: Тас сæ бацыдис, кæнæ Тас мæлæтæн æххуыс нæу. Мивдисджытæй: Мæ куыстмæ хъæлдзæгæй нæ уаин Зынаргь мын нал уаид мæ хох, Нæ уаин адæймаг, нæ уаин, Куы кæнин уыцы бонтæ рох. (Хъайтыхъты Г, «Уыцы бонтæ») æ) Омонимон дзырдтæн се ’ппæт грамматикон формæтæ æмхуызонæй куы нæ æмбæлой кæрæдзийыл, уæд уыдон та хуыйнынц æнæххæст омонимтæ. Æнæххæст омонимтæ дæр вæййынц уыцы иу ныхасы хайæ загъд, фæлæ сæ иуæн нæ вæййы бирæон нымæц, кæнæ та хауæнты ивгæйæ фæивы йæ формæ. Зæгъæм: Тъыфылгай мит амыты уардзæн, Фæндаггон ам миты ныхсдзæн!... 122
Фæлæ зон, цъæх дзыккуджын уалдзæг Иæ къæвдатæй тархъæд ныхсдзæн! (Хъайтыхьты Г., «Хъæды»). , Ацы хъуыдыйады омонимон дзырдтæ кæд мивдисджытæ сты, уæддæр фыццаг нысан кæны «миты ныхсын», дыккаг та «ныхсадта» - ивгъуыд афоны. «Ныхст» - æвæуд хуыз, «ныхсадта» та фæуд хуыз æвдисы, иннæ - æвæуд. Ахæм цæвиттонтæ æрхæссæн ис дзæвгар. Хуыдта - хуый- ын-æй, æмæ хуыдта - хонын-æй. Ай та кæйдæр лæгæн дзаума лыстæг хуыдта. (Къоста, «Уæлмæрдты») Йæ сывæллоны цы номæй нæ хуыдта. Кæнæ: Мæхæдæг мæхи байдайын фæрсын Куы фыца цард, уæд æнцад куыд бадон? (Хъайтыхъты Г, «Æз партийæн уымæн арфæ кæнын») Царв бадон тæвды; чъиу бадон. Куыд æххæст, афтæ æнæххæст омонимтæ дæр вæййынц иу ныхасы хайæ, фæлæ сæ нысаниуджытæ бынтон æндæр. Æв- загзонынады æцæг омонимтыл, кæнæ та лексикон омоним- тыл уымæн нымад сты, æмæ куыд сæ æддаг хуызæй, афтæ сæ грамматикон хиæдтæй дæр æмбæлынц кæрæдзийыл, ома вæййынц иу къласы дзырдтæ. Лексикон омонимтæй хицæн кæнын хъæуы грамматикон омонимты, ома омоформæты. 123
"*> -ч#4^— &*°ъ>— —зеЩ^ —-——<#* 2. Омоформæтæ кæнæ грамматикон омонимтæ Омонимтæ, грамматикон аххосæгты руаджы арæзт куы ’рцæуынц, уæд сæ фæхонынц грамматикон омонимтæ, кæнæ та омоформæтæ. Омоформæтæ омонимты уæлдай арæзт цæуынц куыд иу грамматикон къласы дзырдтæй, афтæ хицæн æмæ хи- цæн грамматикон къласы дзырдтæй дæр, æрмæст кæд лекси- кон омонимтæ алы формæты дæр иугъуызонæй æмбæлынц, уæд грамматикон омонимтæ-омоформæтæ та æрмæст иу искæцы формæйы вæййынц æмхуызон. Ирон æвзаджы омонимты типтæй арæхдæр æмбæлынц омоформæтæ. Рæзынц алы формæты, алы ныхасы хæйттæй мæнæ афтæ. а) Номдар æмæ номдар: Зымæг, бамбæрзтай нæ митæй, Нал стæм сæрæн дæ митæй, Уад, тымыгъ, фыд хъызт! (Нигер. «Зымæг») æ) Номдар æмæ нымæцон: «Раст йæ тæккæ раз ис авдæн,- Уым хуыссы, Цæра, - дæ фырт, Се ’ппæты кæстæр у авдæн». (Нигер. «Гыцци») б) Номдар æмæ номивæг: Йæ сыл тынг фыдсыл разынд. Не ’мдзыллæ скæндзысты саутæ сæхиуыл Зайлаг сыл бакæндзæн цъутта, къæлæт! (Плиты Г„ «Ма ку») 124
в) Номдар æмæ мивдисæг: Сымахæн æз уæ зæронд цард цы халон, Уадз хур уæм худæд, зарæд уын уæ цъиу! Фæцæрынц бирæ цъиусур æмæ халон, Цы сæм ис хорзæй, уыдон цард та циу? (Хъайтыхъты Г, «Фæцæуын къулты») Кæнæ: Ныр дæр уæлæ гъе, æртæхы Йæ галстук арты ’взагау судзы, Иæ къæхтæ худæндзаст æртæхы Гæзæмæ хъыдзыгæнгæ дудынц. (Дзугаты Г., «Дзæгъæл æфсиртæ») Кæнæ: Багæдзæ кæн, зонын Фидын мæ кæй хъæуы, Фæлæ цæй нæ хъæуы Чи ратдзæни хæс. (Нигер. «Терчы цур») г) Мивдисæг æмæ фæрсдзырд: Уæд хох ныккасти пилон артмæ, Уыдта, салдаты туг куыд тагъд! - Уæд хох ныхъхъæр кодта салдатмæ: «Кæсын æнхъæлмæ ардæм тагьд!» (Хъайтыхъты Г., «Хох æмæ салдат») 3. Омофонтæ - фонетикон омонимтæ Омонимтæ æмæ омоформæтæм æввахс лæууынц омофонтæ дæр. Омофонтæ сты дзырдтæ æмæ формæтæ хицæн нысани- уæгтимæ, фæлæ хъуысгæ кæнынц æмхуызон. Омонимтæ омо- формæтæй хицæн кæнынц уымæй, æмæ адоны хъауджыдæр 125
V-— ^^^" ^ Л^"мм " "5^^^?- омофонтæн сæ ныффысты æгъдæуттæ вæййынц алыгъуызон. Омофонтæй иутæ райсынц омонимы æууæлтæ, æмæ вæй- йынц иу грамматикон къласы дзырдтæ, ома ивынц æппæт формæты дæр æмхуызон. Вæййынц, зæгъæм: а) Номдартæй: Федтон сæ мæхи цæстæй æппæт дæр: Мах цæй тыххæй ныккалдтам нæ туг, - Нал аззадис аввæхсты сæ фæд дæр, - Галиумæ сыл разылдис сæ дуг. (Хъодалаты Г. «Мæрдты фæдис») Кæнæ: Зæронд дунейы мах цырагъæн Куы бафтыдтам ыстыр сырх арт Сæрибар ныл нæ «дзуар» махæн Сæрибарæй басæтта нæ ард. (Нигер. «Прометейы сынтæг») æ) Номдар æмæ фæрсдзырд: Нæ арын дæ къуымты хионæн йæ цырт, Быдираг дымгæтæм æрхатын: Фæхæссут æм ацы сырх дидинæг цырд, Ыссарут, кæм хуыссы хъæбатыр. (Цæрукъаты Ал., «Цæмæ лæууын æз кувæндоны раз») б) Номдар æмæ фæсæвæрд: Гъе афтæ карз зымæджы фæстæ Æваст куы фæтынг вæййы бон, - Сæ фынæй райхъал вæййынц фæзтæ, Ныззары цины зарæг дон. (Кочысаты М, «Царды хъæбысы») 126
’^ ’Ц^^ Ф^^ 5^4> ^ Ирон æвзаджы омофонтæ, омонимтæ æмæ омоформæтæй, грамматикон кълæстæй уæлдай, хицæн кæнынц дзырдты мидæг фонетикон закъæтты фæзындæй дæр, ома зылангон мырты дзырды кæрон кæнæ дзырды астæуæй, науæд разæй дæр æзылангонтыл сæмбæлгæйæ, кæнынц æзылангон æмæ омофонтæм ахæссын хъæуы, сæрмагонд нæмтты хуызæн цы дзырдтæ хъуысынц, уыдон дæр. Цъæй - бынат -санатори, Цъæйы ком. Цъæй - æфхæрд буары цы тæнгъæд вæййы, уый (низ). Дзынга - дзынга; Домбай - домбай. Цæра - сæрмагонд ном; цæра - мив. бадзырд. здæхæны . Ацы дзырдтæн дæр се ’сныхас æмхуызон у, æрмæст сæр- магонд нæмттæ фыст цæуынц стыр дамгъæйæ, иумæйаг нæмт- тæ - чысыл дамгъæйæ, афтæ сæ лексикон нысаниуæгæй дæр хицæн кæнынц. «Домбай» кæуыл сæвæрынц, уый æцæг дом- бай нæ вæййы. В.В. Виноградов дæр уымæн загъы: «Омофония - понятие гораздо более широкое, чем омонимия. Она охватывает все виды единозвучий или созвучий - и в целых конструкциях, и в сцеплениях слов или их частей, в отдельных отрезках речи, в отдельных морфемах даже в смежных звуко-сочетаниях». (Виноградов В.В. «Вопросы языкознания».) Виноградовмæ гæсгæ омофонтæм ахæссæн ис дзырдтæм æмæ дзырдбæстытæм кæнæ дзырдты хицæн хæйттæй цы къай дзырдтæ рæзы, уыдон дæр. Уымæн æмæ хъуысгæ кæнынц æмхуызон, фысгæта-алыгъуызон. Ахæм формæтæй арæхдæр фæпайда кæнынц поэттæ рифмæ аразгæйæ. Зæгъæм: Фæззæг, кæнæд дæ кæрддзæм къæрцц Рæдауæй дæтт тыхст уд цы кура, О, зæххы цот - зæнæг, О, хуры буц хъæбул, Æрвон цыкура! (Цæрукъаты Ал., «Гимн хъилхъæдурæн») 127
^— ц$4^ —_^^>—— *$*%?-—-—_<^ Ацы скъуыддзаджы цы кура æмæ цыкура хъуысынц æм- хуызон, æрмæст фыццаг конд у номивæг цы æмæ бадзырдон здæхæны 3-аг цæсгомы мивдисæг кура-йæ. Дыккаг цыкура та у номдар - нысан кæны «фæрдыг». Кæнæ: Мæн цы схъыг кæндзæн нæ бæсты! Стæй цы хæхтæ сты, цы рæгътæ! Макуы, ма ’рхуыссæт мæ цæсты, Рухс сæуæхсиды цырæгътæ!.. (Бестауты Г., «Царды цин») Ам дæр хъуысгæ иугъуызон кæнынц цы рæгътæ æмæ цырæгътæ, фæлæ фыццаг конд у дзырдбаст - номивæг æмæ номдарæй; дыккаг та æрмæст номдарæй. Æз лæууын зæхмæгаст æмæ æрхуымæй Арвыл анкъуыст бурдзæсгом æрхуы мæй. (Хъодалаты /7, «Ныхас мæимæ») Ам та фыццаг у фæрсдзырд, дыккаг - дзырдбаст; номдар æмæ номдарæй. А.Н. Гвоздев æмæ Е.М. Галкина-Федорук ацы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй арæзт æмзæлд дзырдты хæссынц лек- сикон омонимтæм. Гвоздев зæгъы: « К собственным омони- мам, или лексическим омонимам примыкают случаи, когда в произношении совпадают с одной стороны сочетание слов (мокли - мог ли, сутками - с утками и т.д.)». Ахæм хъуыдый- ыл лæуд у Е.М.Галкина-Федорук дæр. В.В. Виноградов ацы хъуыды растыл нæ нымайы æмæ зæгъы: «Если омонимы - это разные по своей семантической структуре, а иногда и по морфологическому составу, но тождественные по звуковому строю во всех своих формах слова, то омонимы следует от- 128
личать не только от созвучных омофонных или совпадающих по звукам речевых цепей либо синтаксических отрезков ино- го качества, но и от оморфных морфем». 4. Омографтæ Омонимтæ, омоформæтæ æмæ омофонтæй хицæн кæнын хъæуы омографты. Фыццæгтæ, кæд се сныхас æмæ сæ ныф- фыстæй иугъуызон вæййынц, сæ нысаниуæгтæ та бынтон æндæр, уæд омографтæ та сты ахæм дзырдтæ æмæ формæтæ, сæ нысаниуæгтæ æндæр æмæ æндæр кæмæн сты, се сныхас алыгъуызон кæмæн у, æрмæст фысты мидæг, ома сæ фонети- кон сконд вæййы бынтондæр иугъуызон. «Омо» - бирæ ны- сан кæны, «графо» - фыссын. Омографты хицæндзинад цав- ды аххосæгтæм гæсгæ вæййы. Кæд æмæ омографтæ уырыссаг æвзаджы арæх сты, уæд ирон æвзаджы та, уымæ абаргæйæ, къаддæр вæййынц. Уый уымæн афтæ у, æмæ ирон æвзаджы хъуыдыйады дзырдон цавдæн уыйбæрц тых, уыйбæрц ны- саниуæг нæй, уырыссаг æвзаджы йын цас ис. Уырыссаг æв- заджы уыцы иугъуызон дзырдыл цавд куыд æрæвæрдæуа, уымæ гæсгæ фæивы дзырды нысаниуæг дæр æмæ уыдон дæр хаст æрцыдысты омонимты типтæй омографтæм, куыд зæгъæм: мука - мука; замок - замок и т.д. Ирон æвзаджы ахæм формæтæ стæмдæр сты, фæлæ сæм, мах хъуыдымæ гæсгæ, ахæссæн ис: Иумиаг номæй сæрмагонд нæмттæм чи рахызти, ахæм дзырдтæ. Зæгъæм: Бабыз - хæдзарон маргъы мыггаг, цæгат туркаг æвзæгтæй æрбайсгæ. Бабыз - сылгоймаджы ном. Ба- быз доны ленк бирæ уарзы. Бабыз, Дæхцийы ус, архайдта къуымы. (Гæдиаты Ц., «Фыдæлты намыс»). Хосдзау - хос кæрдæг кæнæ хос ласæг, Хосдзау - нæлгой- маджы сæрмагонд ном. Ацы дзырдтæ, ома иумиаг нæмттæ «бабыз» æмæ «хосдзау» *9 129
«*>—— : «5^^^ ш_ш<^«^>иши ш 5^ —®Г хъуыдыйады райдианы куы нæ вæййынц, уæд фыст цæуынц чысыл дамгъæйæ, æмæ уæд нал уыдзысты омографтæ, уымæн æмæ сæ ныффыст дæр иугъуызон нал уыдзæн, фæлæ иумиаг ном хъуыдыйады райдианы уæвгæйæ, сæ ныффыст бынтон иу нæ вæййы æмæ сын æндæр никæцы къордмæ ис ахæссæн. Ацы къордмæ ахæссын хъæуы фысты мидæг хæрз иугьуы- зон фразæтæ, фæлæ сæ хъуыды æндæр æмæ æндæр кæмæн у, стæй се сныхас дæр кæмæн фæивы, акцентуалон комплексон дзырдты скъордтæ кæнгæйæ, ахæм хъуыдыйæдты дæр: уы- дон лексикон цæстæнгасæй схонæн ис морфологон омонимтæ æмæ синтаксисон омонимтæ. «Морфологон омонимтæ» вæййынц, уыцы иугъуызон хъу- ыдыйады искæцы дзырдтæ омонимтæ куы аразой, уæд уый. Цæвиттонтæ ист сты Абайты Васойæ. (ОЯФ). Зæгъæм: Мах хъæуы зæхх - нам нужна земля. Мах хъæуы зæхх - земля нашего селения. Фыццаг хъуыдыйады «хъæуы» у мивдисæг 3-аг цæсг., иу- уон нымæцы «хъæуын»-æй. Дыккаг хъуыдыйады «хъæуы» у номдард гуыр. хауæны. АмарДта-йу саг. Амардта йу~саг. Уæдæ ацы хъуыдыйæдтæ аразынц морфологон омонимтæ - уымæн æмæ «хъæуы - хъæуы» - «иу - иу» омонимтæ сты. «Синтаксисон омонимтæ» та сты, уыцы иугъуызон хъуы- дыйæдты куынæ уа лексикон омонимтæ, фæлæ хъуыдыйæдтæ æнæхъæнæй куы цæуой æмхуызон фыст, æмæ сæ хъуыды та алыгъуызон куы уа, уæд ахæмтæ. 1. Октябры завод рауагъта 120 машинæйы - В октябре за- вод выпустил 120 машин. Октябры завод рауагъта 120 машинæйы - Октябрьский завод выпустил 120 машин. 2. Кæсгон бæхыл абадт - кабардинец сел на лошадь. Кæсгон бæхыл абадт - сел на кабардинскую лошадь. 130
ч#4& ^^ —-*#^ Синтаксисон омонимты тыххæй профессор Н.П. Колес- ников афтæ зæгъы: «Синтаксическими омонимами следует считать тождественно оформленные графически, но отлича- ющихся по смыслу предложения при условии, если в них от- сутствуют другие виды омонимов». (Колесников Н.П. РЯШК, 1960, №3). Ирон æвзаджы ахæм хуызы, ома омографон кæнæ синтак- сисон омонимтæ арæх æмбæлынц. 5. Паронимтæ Омофонтæй ахицæн хъæуы паронимты дæр. Паронимтæ сты ахæм дзырдтæ, кæцытæн сæ ныффыст вæййы æндæр æмæ æндæр, се сныхасæй та æнгæс, фæлæ бынтон æмхуызон нæ вæййынц. Омофонты кæд зылангоны бæсты æзылангон мыр фехъуысы, уæд ам та искæцы мыр йе сныхасмæ гæсгæ куы фехъуыса йе ’нгæс мыры хуызæн, кæнæ дывæрæй куы сæмбæлы сæ иу, уæд уый уыдзæн пароним. Арæхдæр хъуы- сы р - л. Зæгъæм: барц - балц; кард - калд, фыс - фысс, бæлон - бæллон æмæ æнд. Паронимтæ дæр омофонтау арæх сты ирон æвзаджы, æм- бæлынц алы формæты, вæййынц куыд иу къласы дзырдтæй, афтæ æндæр æмæ æндæр къласы дзырдтæй дæр. Зæгъæм: Цыма гъеныр дæр ис мæ къухты Æрæфы урс бæхæн йæ барц, Цæрдзæн мæ зæрдæйы æдзухдæр Дыгуры арф коммæ нæ балц. (Цæрукъаты А., «Мысинаг»). Ам барц - балц иугъуызон хъуысынц, уымæн æмæ р - л сты сонорон мыртæ, сæ артикуляци иугъуызон у, æмæ 131
æмзæлд дæр уымæн кæнынц, сты иу къласы дзырдтæ, фæлæ æндæр æмæ æндæр нысаниуæгтимæ æмхуызон ивынц æппæт хауæнты, уымæ гæсгæ уыдон дæр омофонтау райсынц омони- мы æууæлтæ. Паронимтæй иннæтæ та райсынц омофонтау омоформæты æууæлтæ æмæ арæзт цæуынц куыд иу, афтæ хицæн граммати- кон къласы дзырдтæй дæр. Иу грамматикон къласы дзырдтæй куы вæййынц, уæддæр сын æппæт формæтæ не ’мбæлынц кæрæдзийыл. Зæгъæм: Базыл - номдар, æддагбынæттон хауæны, Базыр - номдар, номон хауæны. Дымгæ цы бадæ мæрдвынæй дæ базыл, Иунæг тылд акæн мæ риуыл дæ базыр. (Журнал «Фидиуæг», №10, 1972) Хицæн грамматикон къласы дзырдтæй куы вæййынц паро- нимтæ, уæд та сын бынтон хицæн категоритæ вæййы. Зæгъæм: номдар æмæ мивдисæгæн иугъуызон категоритæ кæцæй уыдзæн?! Кард - калд Хъæрзыд цæф сæгуытау нæ бæстæ, Æлвæстæй дардта знаг йæ кард. Сыгъдысты пиллон арты фæзтæ. Сæ цæхæр арвы риумæ калд. (ПлитыХ., «Нæ зæрдæтау нæ бæстæ срухси») Паронимты дыккаг хуызмæ ахæссæн ис уыцы иугъуызон æмзæлд дзырдтæй сæ иу куы ’мбæла геминацигондæй. Уыдон дæр уæллæгтау æмбæлынц куыд иу, афтæ хицæн грамматикон къласы дзырдтæй дæр. 132
**— ^4^ ^"*>— -9(% -^ Ир, хæрын дын ард мæ удæй, Ме стæгæй æмæ мæ тугæй, Кæд, дæ кад хизгæ, мæ худмæ Уайдзæф рантыса нæ дугæй. (Хъодалаты Г «Ард») Бадын къонайыл, райстон бабба Уæлкъæй цырагъ йæ кæронмæ басыгъд. Уæд кæцæйдæр фæзынди баба Ниуы, цæсгомæй туджы цъыртт алыгъд. (Плиты Гр., «Сау хабар») Кæнæ мивдисджытæ: фехæлы - феххæлы. Царды мидæг бирæ ис къуыдиппытæ, Уадз æмæ сæм адæмы маст феххæла. Иутæ дзидзи нал фæдарынц сабитæн, Хъахъхъæнынц, сæ гуырвидыц куы фехæла. (Тедеты Е., «Цæсгомы æнцъылдтæ») Æмырæй, сæркъулæй, кæуындзаст, æнкъардæй Æрсдонау ивылынц фæтæн уынджы адæм. Хæдзары, æвæццæгæн, ничиуал баззад, - Фыдохы ивылдмæ сыл базыртæ базад. (Хъодалаты Г, «Ныхас мæ зæрдæмæ») Æппæт ацы формæтæ, ома омонимтæ, омоформатæ, ом- офонтæ, омографтæ æмæ паронимты типтæ иумиагæй æвзаг- зонынады хуыйнынц омонимия. Ацы формæтæй омонимтæ, омоформтæ æмæ омофонтæ практикон æгьдауæй, ома дзур- гæйæ, хъуыдытæ æмбарынæн зындзинæдтæ не’взарын кæ- нынц. Æмбæрстгонд цæуынц ныхасы уавæрæй, кæннод та хъуыдыйады контекстæй. 133
-*>— — 5^^ ^>— -ф^Ф""" 9Г Омонимийы фæзынды сæйрагдæр суадæттæ Ирон æвзаджы омонимтæ, омоформæтæ, омофонтæ, омог- рафтæ æмæ паронимты фæзыныны сæйрагдæр суадæттæ сты: 1. Ирон æвзаджы дзырдаразыны амæлтты руаджы цы ног дзырдтæ æмæ формæтæ сырæзы, уыдон. Афтæ фæзындысты дзырдтæ Сомы (ард хæрын) - Ном. ном. хауæны. Сомы (дыккаг бон) - Ном. гуыр. хауæны. Ракæнын хатт тынг карз сомы, Нал ацæудзынæн æппын, - Хивæнд зæрдæ нал бакомы, Уайтагъд райдайы тыхсын. (Дзугаты Г. «Зардамон») Сомы куыст абон бакæн æмæ дын æнцондæр уа. (Æмбисонд) Ацы хъуыдыйæдтæй фыццаг сомы ис йæ райдиан фор- мæйы, дыккаг та арæзт æрцыд номдар «сом»-мæ гуырынон хауæны кæрон «ы» бафтаугæйæ. Кæнæ: Миты - мит-æй номдар гурынон хауæны, иууон нымæцы. Миты - ми-æй - номдар гуырынон хауæны, бирæон ны- мæцы. Миты зæй рацыди. Æуыцы миты бæсты мæлæт хуыздæр у. Кæнæ: Æвзонг зæрдæ цы нæ бары Мæ фыртыхстæй, мæ фæсонтæй! - Мæ сур хид мын цы нæбары Калын кæныс мæ фæсонтæй? 134
**>—— 5^ ^^ З^^Г————<^ Ацы ран та фыццаг «фæсонтæй» у ахæм хæйттæй: «фæ» - разæфтуан, «сонт» уидаг - нысан кæны æнæрхъуыды, æдылыдзæф; «æй»- кæрон; Дыккаг хъуыдыйады та фæсон, кæнæ арæхдæр бирæон ны- мæцы пайдагонд цæуы «фæсонтæ» - дыууæ уæхскы астæу, кæннод та чъылдым; (й)-æй - иртæстон хауæны кæрон. Ацы омонимтæ равзæрдысты дзырдаразыны руаджы. Дзырдаразы- ны ’руаджы арæхдæр омонимтæ рæзы мивдисджытæй: Зæгъæм: Хуыдта - хуыйын-æй; хуыдта - хонын-æй Ай та кæйдæр лæгæн дзаума Лыстæг хуыдта. (Къоста. «Уæлмæрдты») Иæ сывæллоны цы номæй нæ хуыдта. Фыстон мæ урок; Фыстон мæ хæс æмæ а.д. Кæд-иу сырдау нынниудта уад, Уæддæр дæ бæх сæгуытау уад. (Плиты X., «Серго Кавказы») 2. Омонимтæ ма ирон æвзаджы рæзынц ноджы иу хуызы. Æндæр æвзагæй дзырд куы ’рбахауы, уæд фехъуысы искæцы сыгъдæг ирон дзырды хуызæн. Ахæм дзырдтæ фылдæр ирон æвзагмæ æрбахаудтой: а) Уырыссаг æвзагæй: базар/ы/ - уырыссаг дзырд; ба- зар/ы/ - мивдисæг «зарын»-ын æй, ирон дзырд. Театры кæнæ базары куы вæййынц, уæд мын мæ палто ра- ласынмæ æрбатæхы (Брытъиаты Е. «Уæрæседзау») Уый куы базары, уæд хæхтæ ныййазæлынц. 135
^ —т^ а^^а цдфф^ —%Г Тас уырыссаг дзырд «таз»-æй Тас - тæрсын-æй - ирон дзырд. Тас рахаудта æмæ йæ хъæр фæцыд. (Æмбисонд) Зæгъæм: Тас мæлæтæн æххуыс нæу. (Æмбисонд) Залты - уырыссаг дзырд «зал»-æй. Залты мит - ирон дзырд. Æфсымæртæ, йе буц хотæ мын уæд. Дæ уæрæх залты райдзаст уæттæ цас уыд?! (Хъайтыхьты Г9 «Цæгат Ирыстоны техникумтæ») Мит, уæд залты мит, бæстæ бамбæрзта. (Нигер, «Зымæг») æ) Гуырдзиаг дзырдтæ. Бал - дыргъы мыггаг - гуырдзиаг дзырд. Бал - къорд - ирон дзырд. Уалдзæджы нæ бал тагъд срæгъæд вæййы; Куырдтаты бал раздæхт фæстæмæ. Кæсæджы бал рацыди сæ размæ. Кæнæ та гуырдзиаг горæты ном «Телау» æмæ ирон дзырд «телау» хуызæнон хауæны. Къахет. Сæумæрайсом. Телау. Къуыппæй уæлæмæ кæсы Стыр дон, кьæдз-мæдзы цъæх телау Дæлæ йæ дæлвæз ысзынд. (Асаты Р., «Къахет»). б) Ирон æвзагмæ раджы бирæ дзырдтæ æрбахаудта цæ- 136
"«5 5^4^ ^^ '■ 5^^" гат-туркаг æвзæгтæй. Уыцы дзырдтæ ныффидар сты ирон æвзаджы. Иутæ дзы баззадысты сæ формæ æнæаивгæйæ, иннæты æрцыдис фонетикон ивындзинæдтæ, уыдонæй иуæй- иутæ сыгъдæг ирон дзырдтимæ аразынц омонимтæ. Зæгъæм: хъаз - туркаг дзырд; хъаз - мивдисæг фæдзæхстон здæхæны 2-аг цæсгомы. Хъаз кæрты ауасы, азгъоры... Хур та хъазы сызгъæринæй, ахоры бæлæсты (Хьайтыхьты Г) Хъаз нæм хур, худ нæм хур. Хъазы хуызæн мæм фæкаст; Сывæллон хъазы. Хъазæн йæ пакъуы базæн хорз у; Хъазæн фæзмæ æрæмбырд сты. Фæрссаг лæг - дыгурон, йæ хъазты уæймæ, Фæцæйтардта иубон æлдары хъæумæ. (Кьоста, «Хъазтæ») Хъазты чызджытæ куы ’рбамбырд вæййнц, куынæ дзы вæййы мæоны хуызæн. (Зарæг) 3. Вæййы афтæ дæр, æмæ дыууæ дзырды дæр æрбахауынц æндæр æвзагæй, зæгъæм: Роман æмæ Роман - дыууæ дæр уы- рыссаг æвзагæй æрбахаудтой ирон æвзагмæ. Æмæ куыд уы- рыссаг, афтæ ирон æвзаджы дæр аразынц омофонтæ. Нота - музыкалон нысан; Нота-иупаддзахадыдипломатонсидтæндæрпаддзахадмæ, сæ дыууæ дæр латинаг дзырдтæ сты, фæлæ ирон æвзагмæ уы- рыссаг æвзагæй æрбацыдысты. 4. Омофонтæ ма ирон æвзаджы рæзынц полисемион дзыр- дтæн сæ нысаниуæгтæ бынтон куы адард вæййынц, афтæ æмæ сæ хъуыдыйæ куы свæййынц бынтон хицæн нысаниуæгон дзырдтæ: 137
Зæгъæм: Гæды - цæрæгой. Рагæй нал фæци нæ гæды урсаджы хьæстæ. (Къоста, «Марходарæг»), Гино, гино гис! - иу гæды нæм ис (Къоста, «Гино»). Фæлæ ацы дзырдæн йæ мидис адард ис, дзырд гæдыми, кæнæ гæдыныхас, гæдыдзырд - нысан кæнынц «мæнг», «сайæгой» «Гæды дзырдæй зæрдæ ма æвæр. (Æмбисонд). Иæ гæдыныхæстæм хъусын мæ бон нал у Кæиæ фæдзурынц «гæды рувас» дæр. Ацы дыууæ дзырды Абайты В. дзырдуаты дæр хицæн стать- яйы лæвæрд сты æмæ зæгъы, зæгъгæ, ахæм нысаниуæджы ома мæнг, сайæгойы нысаниуæгтæ лæвæрд æрцæуынц адæймæг- тæн. Уæдæ «гæды»-йы нысаниуæг адæймæгтæм хаст куы ’рцæуы, уæд фæнысан кæны, уыцы адæймаг кæй у сайæгой, мæнгард. Секъайæн ис сывæллæттæн чысыл радзырд «Куыр- дтатаг гæды лæг», кæцы у сайæгой. Кæнæ Нигер, йæ поэмæ «Терчы цур»-ы афтæ зæгъы: Сабитæ, гъе, уый уын гъе, мæ хуртæ, Мæ хабар чердæм фæнды абар, Нæй зæгъæн гæды. Ацы «гæды» йæ нысаниуæгмæ гæсгæ нæй абарæн зæгъæм ахæм хъуыдыйады дзырд «гæды»-имæ. Куыд: Гæды фиумæ куы не ’ххæссы, уæд æймархо фæхоны. (Æмбисонд). Гæд ы - гæд ы - сты иу дзырд дыууæ хицæн нысаниуæгимæ, фæлæ «гæды» - (ложь); равзæргæ у «гæды» - (кошка)-йæ. Ис ын æндæр нысауниуæгтæ дæр. Гæдыхъæд, гæды бæлас æмæ æнд. Уæлдæр æрхæсгæ дзырдтæн сæ нысаниуджытæ адард сты, æмæ сæ банымайæн ис омонимтыл. Ахæм дзырдтæм ахæссæн ис, зæгъæм: «ахсын - ахст» (арестовать); гæды мысты ах- сы; сау халон никуы ахсы нард уæрццы; фæлæ: цыхт ахсын 138
^5>— ц^%г ^^>_ - %^^ ** - (створоживать, свертывать), Æхсыр ахсы, кæнæ йæ туг ах- сы, уæд ам дæр, цыма, цыхт ацахсынц æхсырæй, афтæ уайы, фæлæ фыццаг «ахсы» йæ семантикæйæ «ахстон, ахст» - ны- сан кæны. Дыккаг та «ахсæн» «желудок»-имæ баст у, фæлæ уæддæр æмхуызон кæй сты, уый бæрæг кæны дзырдарæзты руаджы сæ цалдæр омонимы кæй рæзы, уымæй. Зæгъæм: Ахсæн ын нæй, раст лæг у. Ахсæн ын не сфаг ис. Адæмы знæгтæ ахст фесты. Цыхт ахст фæцис. Ахсинаг адæмæй бирæ баззад фæсте. Цыхт ахсинаг мын ис. Кæнæ: Комы - комы (Уый тыххæй уæлдæр загътон). Тæккæ ызнон дæр ма уыд райгонд, Кæм уыд йæхи хуызæн сæ комы! Фæлæ мæгуыр лæгæн йæ амонд - Мæнгард, æввахс дæр æм нæ комы! Ам дæр дыккаг «комы» у мивдисæг, фыццаг та - ном- дар. Фæлæ фыццаг дзырд «комы» - «ущелье»-йæн йæ ны- саниуæгтæ афтæ апырх сты æмæ, æгæрыстæмæй, архайд æв- дисæг дæр ссис, ома «нæ йæ фæнды, нæ разы кæны». Уæдæ «комы - комы» банымайæн ис омонимтыл. 5. Ирон æвзаджы омофонтæ æвзæрынц арæхдæр, дзыр- ды мидæг фонетикон ивындзинæдтæ куы вæййы, арæхдæр зылангоны бæсты æзылангон кæм фехъуысы, ахæм æнгæс дзырдты. Зæгъæм: Уазæг - уасæг Каст не ’рдæм нæ мила, Ныууасыд-иу уасæг, Куырдта, цыма: «Цæй, ды дæр зар?!» Æппæлыд Дзыццайæн йæ арахъхъæй уазæг, Хуыдта йын йæ чъири тæнцъар... (Хъайтыхъты Г., «Кæсын æз мæ фыды хæдзармæ») 139
Арт - ард, æмбæрзта - æмбæрста æмæ æнд. 6. Паронимтæ дæр сæрæзынц, æнгæс дзырдты зæлтæ æм- зæлд куы кæной, кæнæ уыцы иу зæл æнгæс дзырды геми- нацийæ куы æмбæла, уæд. Арæхæдæр æмзæлд кæнынц р - л. Хæлгæ - хæргæ, базыр - базыл. Хæлгæ кæны, фæлæ йæ тухгæ чи скæндзæн; Хæргæ бирæ кæны, фæлæ йыл хуыз нæ хæцы. Калд - кард, кæнæ тыхæй-тыххæй æмæ æнд. Хох дæр ма базмæлы цагъдæй йæ тыхæй, Нал вæййы комы тæвдбон дæр æнуд! Дзурынц уæ фæндыртæ, фæлæ цæй тыххæй? - Уый та æргомæй уæхуыттæг зæгъут. (Хъайтыхьты Г., «Ацæгъдут») Афтæ омонимтыл нымад сты, хицæн дзырдтæ æмæ ныхасы хицæн хæйттæй æмзæлд чи кæны, уыдон дæр. Адон тыххæй иуæй-иу ахуыргæндтæ зæгъынц, зæгъгæ, адоны банымайæн нæй омонимтыл, уымæн æмæ уæд дзырд æмæ ныхасы ’хсæн нал уыдзæн принципиалон хицæндзинад. Ацы хъуыды иуыр- дыгæй раст у, иннæрдыгæй та омонимты æууæлтæй ницæмæй хицæн кæнынц, æрмæст сæ ныффыст хицæн хæйттæй кæй у, уый йеддæмæ. Адон омонимты формæтæм ахæссæн ис, фæлæ В. Виноградов куыд зæгъы, афтæ сын хицæн термин хъæуы. Ацы формæтæ ирон æвзаджы арæх æмбæлынц, уæлдайдæр та рифмæтæ агургæйæ: Йæ зæрдæ Дзыццайæн нæ хъæзтытæй ради, Йæ хъæбысы нæ алкæй тыхта. Кæсын æз, кæнын дис, куыд нæ-иу фæллади, Кæцæй иста уый бæрц тых та! (Хьайтахъты /7, «Кæсын æз мæ фыды хæдзармæ»). 140
-вГ-^>_- ^^^?- Кæнæ Хъайтыхъты Георæн йе ’мдзæвгæ «Хабæрттæн сæ хуыздæр»: Æмбарын уал азы дæ зын Мæнæн уый февдисы дæ хуыз дæр! Тæ^уды, иу рæстæджы дын Куы кæнин хабæрттæн сæ хуыздæр. Науæд та: Хъуыды кæнын абон мæ фыдыл: Куыд карста, куыд ласта мæнæу. Цы диссаджы фыд ыл æрцыди? Вæййы афтæ дæр, æмæ омонимтæ аразæг хæйттæ дыууæтæ дæр вæййынц дыгай дзырдтæй. Зæгъæм: Æмæ нын искæй хуы куы дара Йæ бырынкъ не стыр бæстæм, Уæд фыдгул йæхи бæстыл куыд ара Нæ къухæй йе нусон мæлæт. (Плиты Г., «Ис бирæ стыр хæстæ дæ размæ»). Омонимтæ тынг парахатæй пайда цæуынц ирон æвзаджы, уæлдайдæр поэзийы. Поэттæ æдзухдæр агурынц ногрифмæтæ омонимтæй, уымæн æмæ æмдзæвгæ тынгдæр зæлы, омонимон рифмæтæй арæзт куы вæййы, уæд. Ирон дзырды дæсны Нигер арæх пайда кæны ахæм риф- мæтæй, стæй ныртæккæйы поэттæй Хъайтыхъты Геор, Асаты Реуаз, Плиты Гр., Дзугаты Г, Хъодалаты Г æмæ æндæртæ. Æрхæссæм ноджыдæр цалдæр цæвиттоны: Æрдзы фæлындзыны тыххæй Æрвыст нæ дæн ныр цардмæ æз, - 141
%зФ4^ —„^«^^— ^ц^фр Нæуæг адæм - мæ мад, мæ фыд Æмæ сæ сагъæстæ - сæ фыд. Мæнæн куы сты мæ хуыздæр зард. (Нигер, «Нæ тæрсын æз»). Йæ систæ фауинаг куы нæ сты, Нæ ракалдзæни уыдон уад! Ау, ды куыд нал зонай, дæ рæзты Æд чиныг иу лæппу куыд уад: (Хьайтыхъты Г., «Æрзадтæ хъал Теркæн йæ фарсмæ»). Æз хæхты фæцардтæн нæ цины, нæ зыны Нæ кæнынц минут дæр мæ зæрдæйæ рох! Дæлæ уæзæй хохмæ нæ обау нæ зыны, Обаумæ та дардæй дæр ферттивы хох! (Уый дæр уым) Ноджыдæр: Æз мæ бæх, мæ уисыл Хохаг хъæуы тагъд Уадтæн уæд «фæдисы», Хид мæ ныхæй тагъд. (Уый дæр уым) Цæрукъаты Алыксандыры «Æнусон рис»-æй: Нæ къухты ма Карфагенæй цы бафтыди, - Йæ хæлд къона - æрдиаг æмæ еу! Хорезмæн та бынсæфты фæстæ байтыди Йæ пырхæнтыл хъæбæрхор æмæ еу!
’^ : _^$^_ ^^3 — -Чффё&Г ^ Бестауты Георгийы «Цардвæндаг»-æй: Не ’гъуыз азтæй вæййæм, цыма разы... Фæлæ иу бон нæ цæстыты баст Чидæр райхалы махæн æваст. Æмæ ’рвон фидыц сысты нæ разы. Ацы куысты сæйраджыдæр пайдагонд æрцыдис омоними ирон поэзийы, фæлæ уымæй уый зæгъæн нæй æмæ прозæйы нæ пайда чындæуы омонимтæй. Ирон æвзаджы омонимтæ тынг бирæ ис. Уыдон фылдæрæй фылдæр кæнынц бонæй-бон- мæ, сты не ’взаджы рæсугъд æмæ хъæздыгдзинады хос, æцæг, иуæй-иу поэттæ æгæр адзæгъæл вæййынц рифмæты фæдыл æмæ иуæй-иу хатт омонимты æгъдæуттæ цæуынц хæлд, æгæрыстæмæй хъуыды дæр рæстмæ æмбæрст нал фæцæуы. Зæгъæм: Дзугаты Г. йе ’мдзæвгæ «Дæ лæвар», зæгъгæ, иу ран афтæ зæгъы: Зæгъ, цæмæн мæ хъуыд дæ чиныг, Гъе, дæ лæварыл куыдтон?! Æз дæ азарæй - дæлджиныг, Баззади ма мын дæ ном. Ам дзырд «дæлджиныг» - «чиныг»-ы тыххæй æрцыд пай- дагонд, æмæ дзырдуæтты «дæлджиныг» нæу, фæлæ «дæл- джинæг» - пропасть. (Кæс:1. Осетино-русский словарь. - Ор- джоникидзе, 1962 г. стр. 184. 2. Русско-осетинский словарь. -М., 1970. Стр. 424.) Уæдæ ы аивта æ-йæ, цæмæй дзы рауайа рифмæ, стæй омо- фони дæр; иннæмæй йæ хъуыды дæр нæй йæ бынаты, кæд йæ азарæй дæлджиныг у, уæд ма йæ йæ ном цæмæн бахъу- ыд, стæй ма кæмæн баззад. Ахæмтæ бирæ разындзæн, фæлæ ам се ’ппæт æрхæссæн нæй, æрмæст æвзаджы алы формæйæ 143
^фшш_ ц^Фф^ —^>— ЧгМ^ -<** дæр раст пайда кæнын у алы фыссæджы хæс, уымæн æмæ æвзаджы формæтæ аразæг уыдон сты. Мæ куысты кæрон мæ фæнды зæгъын уый, æмæ омоними- йы фарстытæ тынг вазыгджын сты, се ’ппæтыл ацы куысты æрдзурыны фадат нæй, стæй дзы, чизоны, уа дызæрдыгдзи- нæдтæ чи æвзæрын кæны, ахæм бынæттæ дæр, уымæн æмæ, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй канд омоними нæ, фæлæ ирон лексикæйы фарстытæ, грамматикæйы иннæ хæйтты хъа- уджыдæр, аззадысты фæстæ. ИРОН ÆВЗАДЖЫ ИУÆЙ-ИУ ФРАЗЕОЛОГИЗМТЫ ИСТОРИКОН-СЕМАНТИКОН АНАЛИЗ Адæмы зондахаст, йæ идеятæ, зæрдæйы уаграргом кæныны хъуыддаджы стыр ахадындзинад ис фразеологизмтæн. Уыдон æнгом баст сты адæмы психологиимæ, хъуыдыкæнынадимæ, сæ цардуагимæ. Фыссæджы арæхстджын къухты дæр уымæн свæййынц национ колорит æвдисыны сæйраг мадзæлттæй иу. Ирон æвзаджы бирæ ис нæ рагфыдæлты царды алыгъуы- зон фæзындтæ чи амоны, адæймаджы цардуагимæ, йе ’гъдæут- тимæ баст чи сты, ахæм фразеологизмтæ. Вæййы афтæ, æмæ æрмæст иунæг фæлгонцджын ныхасы фæзилæнæй æвдыст æрцæуы искæцы историон цау, аивадон ныв, кæнæ искæцы ирон æгъдау. Ахæм фæлгонцджын ны- хæстæй та пайда кæнынц канд фысджытæ нæ, фæлæ æндæртæ дæр. Зæгъæм, алы ирон дæр зоны, «фарн» цы у, уый æмæ дзы æрвылбоны царды уæрæхæй пайда кæны. Фарнимæ баст æм- барынæдтæн ис рагон истори. Ирайнаг æвзæгтыл дзурæг адæмтæм ацы дзырд фæзынд рагзаманты. Йæ нысаниуджытæ уыдысты тынг уæрæх æмæ æвдыстой фæрныгады æндæр æмæ æндæр фæзындтæ. Уыцы фæрныгад рагон ирайнæгтæ бастой тæмæнкалгæ хур æмæ уæларвон артимæ. Ардæм хау- 144
•*>- -т#^г —<*■"* -^^4^ «" дысты ахæм æмбарынадтæ, куыд хорз дзаума, фæллой, мате- риалон фæрныгад, паддзахы кад, стырад, хæрзæгъдаудзинад æмæ хъæздыгад, хицауиуæгад æмæ хъомысдæттæг уæларвон мидис. Ирон этнографион, фольклорон æмæ лингвистикон æрмæджы «фарныл» æмбæлæм æндæр æмæ æндæр культурон æмæ цардуагон æмвæзадты.- Ныртæккæ дæр арæх ис фехъусæн, «фарнæй» кæм пайда кæнынц, ахæм этикон формулæтæ: фарн уæ хæдзары, фарн уæ ныхасы, фарн уæ бадты, фарн уæм бадзурæд, фæрнæй фæцæр, табу дæ фарнæн æмæ а.д. Арæх пайдагонд цæуы ирон ономастикæйы дæр: Фæрниа- тæ, Бурæфæрныг, Фæрнион, Фарны хъæу, кафе «Фарн», Бон- вæрнон æмæ а.д., афтæ æмæ ацы лексемæ абон дæр у продук- тивон ирон дзырдарæзты. Нæ абоны цардуаджы иуæрдыгæй æмбæлæм ацы термины десемантизацийыл, ома культы пла- ны, иннæрдыгæй та - йæ семантикæйы эволюци тынгдæр цæуын райдыдта абстаркци кæныны фæндагыл. Ирон æгъдæутты фарны идеятæ куыд баззадысты, уыдо- ныл ракæсгæйæ, зæгъæн ис, зæгъгæ, фарн удыгæсты бæстæйы æмбæлы æмæ йæ нымайынц ирон идеологийы сæйрагдæр æууæлтæй сæ иуыл. Фæлæ ма æркæсæм ахæм фразеологизммæ: «Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы». Цæгат Ирыстоны ис ахæм дзуæрттæ, комкоммæ Фарны нысаниуæгимæ баст чи сты, куыд зæгъæм: Фæрныджы дуаг, фæрныг адаг. Фæрныг адаг ис Санибаго- мы, æмæ-иу къæвда куы нæ уарыд, уæд-иу устытæ ацыдысты, æмæ-иу йæ мидæг цы марды стджытæ уыди, уыдонæй-иу ра- хастой æмæ-иу сæ цæугæдоны нывæрдтой къæвда æруарыны тыххæй. Науæд та-иу цы дзуæрттæ арæзтой, уыдоны-иу ны- вæрдтой сæ фыдæлты стджытæй. Санаты Дзантемыр куыд зæгъы, афтæмæй ацы дзуæртты аразæг мард фыдæлтæ æмæ сæ байзæттаджы ’хсæн бастдзинад фиксацигонд æрцыди дзу- ары номы дæр. Куыд зæгъæм: Фæрноны дзуар, фæрныджы дуаг æмæ æндæртæ. *Ю 145
V— адфф^ -н^^—— —цдфф^» _ «^» Цымыдисаг у уый дæр, æмæ фæрныджы дуаджы номæй Уастырджыйы кæй хуыдтой, йæ куывд дæр ацы дзуары цур кодтой. Фæрныджы дуаджы дзуармæ хæстæг-иу сæхи баф- снайдтой, амарыны охыл кæй фæдыл зылдысты, ахæм туджджынтæ, æмæ-иу сæхи дуаджы уазæг бакодтой. Ам дæр та уынæм фарн уæрæхæй кæм æмбæрстæуы, ома фарн у сабы- рад, хæрзиуæг ба-хъахъхъæныны идея, æмæ ма йæм хауынц разиан кæнын æмæ арм дарыны æмбарынад дæр. Арм дарыны роль Уастырджы кæй æххæст кæны, уый бæрæг у уымæй, æмæ туджджын Уастырджыйы, ома фæрныджы ду- аджы дзуармæ куы бафты, уæд тугистæй аирвæзы. Амæй дæр та зыны фарны семантикон комплексы реализацийы иу хуыз. Дыгуры Гæлиаты фæрныг Фæрноны дзуар баст у ускуры- ны æгъдæуттимæ. Ацы дзуарыл-иу сæхи фæдзæхстой æмæ- иу Фæрнонæй ракуырдтой, цæмæй сæ æмкъайджын фарнæй схайджын кодтаид, уый та нысан кодта сывæллæттæ ныййарын, растдæр зæгъгæйæ та - лæппутæ арыны амонд. Æмкъайады фарны сæйраг идея æвдыст цæуы ахæм ныхæстæй: «Фарн, фарн, фараст (авд) лæппуйы æмæ иунæг цъæх чызг». Ам дæр та æвдыст цæуы фарны семантикæ реализаци кæныны иу хуыз. Уæлдæр фарнимæ баст фразеологизм «фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы»-йы тыххæй банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фар- ны идея цыдæр æгъдауæй баст кæй у марды кæнды культимæ. Зæгъæм, бæхфæлдисыны тексты æмбæлы фæрныджы фырт Сæмæтхан, уый марды сифтонг кæны бæхфæлысты иу кæнæ иннæ хайæ. Науæд та мæрдты хицау Барастыр æппæты фыццаг сæххæст кодта марды кæнды æгъдау æмæ, зæгъгæ, йæ æххæст кæнын бафæдзæхста адæмæн, куры, цæмæй сын кусарт кæной. Кусарт-иу кодтой фыс, фыркъа, уымæ гæсгæ адæм афтæ хъу- ыды кодтой æмæ кæнынц, ома мæрдтыбæсты мæрдтæн æхцон уыдзæн, цины фынгыл цы хæринæгтæ æрæвæрынц, уыдон куы уыной, уæд. Ацы акты мидис дæр равзæрд фарны æм- барынадæй, ома, ам дæр ис ахæм идея: «Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы». Æндæр дзырдтæй зæгъгæйæ, фарн кæддæриддæр 146
^5 : «-^^ „...^^а*»™ .^^55 -& баззайы удыгæстæм, мæрдтæ та йыл цин кæнынц æрмæстдæр йæ фæлгонцыл, уымæн æмæ мæрдтыбæсты материалон цард нæй, уым нæдæр хæргæ кæнынц, нæдæр нуазгæ, гъе фæлæ, марды фыдæлтæ сæ байзæддаджы бæркады фæлгонц куы нæ фенынц, уæд зындзинæдтæ æвзарынц. Уый тыххæй ноджыдæр ис ахæм фразеологизм: «Кæмæн ис, уый йæ фыды фыдæн дæр хист кæны». Афтæ æмæ фарн вæййы удæгас царды материа- лон сферæйы, удæгас æрдзæн, мæрдты бæстæ та у формæйы æнæуд æмæ æнæбуар фæлгæнцты дуне. Æппæт фарнимæ баст æмбарынæдты семантикон эволюцийы руаджы сырæзтысты фарнимæ бирæ амад формулæтæ-фарзеологизмтæ æмæ си- сты ирон адæмы фæрныгад æвдисыны æндæр æмæ æндæр фæзындтæ. Ирон адæмы рагфыдæлты культурон-хæдзарадон цардуаг бирæ алыгъуызон ивæнтæ баййæфта. Йæ цардуагон æгъдæуттæ æмæ фæткæвæрдтæ дæр алы æмæ алыгъуызон уымæн рауады- сты. Ацы цардуагон æгъдæуттæ æмæ фæзындтæй бирæтæ цар- ды историон рæзты процессы домæнтæм гæсгæ ахауынц, бай- рох вæййынц. Фæлæ сæ нæмттæ баззайынц адæмы ’хсæн, кæд сæ нысаниуæг, сæ хъуыды нырыккон лæгæн æмбæрстгонд нал вæййы, уæддæр. Ахæм лингвистикон фæзындтæ цы фæамо- нынц, уый рафæлгъауыны тыххæй æркæсын фæхъæуы рагон этнографион фарстытæм: зæгъæм, ирон æвзаджы рагæй фæс- тæмæ пайда кæнынц фразеологизм «Æнæ фæныкæй хъал»- æй. Кæд æмæ йæ цæмæн фæдзурæм, уый бæрæг у, фæлæ цы ’гъдауæй фæзынд не ’взаджы, цавæр цардуагон бындурыл сæвзæрди, уый абон бæрæг нал у. Иæ лингвистикон арæзтмæ гæсгæ афтæ зыны, цыма, нæ цард фæныкæй уыд, зæгъгæ, дæм фæнык нæй, уæд дын цæй хъалгæнæн ис. Фæлæ зонын хъæуы уый, æмæ ирон адæмы ивгуыд царды фæнычы бирæ бæрцæн бæрæг бæлвырд нысаниуæг кæй уыд, уый бынду- рыл сæвзæрд, ома, уый рацыд нæ рагфыдæлты материалон хæдзарадон цардуаджы хуызæй. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ нæ фыдæлты царды артдзæстæн, зынгæн уыдис куль- 147
тон нысаниуæг. Хæдзары æхсæвæй-бонæй хъуамæ сыгъда- ид арт, кæннод, зæгъгæ, бынаты фарнмæ дæлимонтæ æмхиц сты. Уымæ гæсгæ баззадысты ахæм æлгъыстытæ дæр: «Дæ зынг бахуыссæд», «Мæ артыл мын дон ауагъта», «Дæ арт бастъæлæд» æмæ æндæртæ. Фæрæзджын хæдзарвæндагæн йæ астæуарт, кæй зæгъынæй хъæуы, уыдаид стырдæр. Æнæхъæн хъæдтæ-иу баластой сæ артдзæстмæ æмæ-иу ахæм артæн йæ фæнык дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдаид фылдæр, чъиритæ дæр-иу уыцы фæнычы фыхтой. Æвæрæз, мæгуыр хæдзарæн уыцы фадæттæ нæ уыди, йæ астæуарт дæр уыди чысылдæр, йæ фæнык дæр - къаддæр. Æмæ артдзæсты фæнычы бæрц цасдæрбæрцæй бæрæг код- та хæдзарвæндаджы материалон-хæдзарадон царды уавæр. Фæрæзджын у, æви мæгуыр, æвæрæрз у, уый. Йæ артдзæсты фæнычы стыр обау ис, уæд уый кадджын, хъæздыг хæдзарыл нымад уыд. Ахæм артдзæст кæмæн нæ уыди, уыцы мæгуыр, æвæрæз хæдзарвæндагæй-иу исчи йæ сæр бæрзæндты куы ха- ста, хъал митæ-иу куы кодта, уæд-иу ахæм адæймагæй дзырд- той: «Æнæфæныкæй хъал митæ кæны». Ацы фразеологизмæн йæ хъуыды æмбæрст вæййы, фæлæ кæцæй рацыд, уый зындæр æмбарæн вæййы. Абоны бон дæр ацы фразеологизмæй арæх фæпайда кæнынц. Зæгъæм, мæгуыр хæдзарвæндагæй рацæу- гæ, кæнæ кусгæ чи нæ кæны, афтæмæй дзæбæх дарæсы чи рацæуы, йæ сæр бæрзæндты хæсгæйæ, уымæй фæдзурынц «æнæфæныкæй хъал». Ирон адæммæ баззади æлгъысты хуызы фразеологизм: «Хъазийы хъазт фæкæн». Арæх дзы пайда кодтой, сывæл- лæттæ-иу алыгъузон хъæзтытыл куы адзæгъæл сты, æмæ- иу сæ сæ ныййарджытæ куы нæ зыдтой, науæд та-иу хъазгæ- хъазын сæ коммæ куы нæ кастысты, уæд. Æз æй мæхæдæг дæр арæх хъуыстон сыхы устытæй, фæлæ цы нысан кодта, кæцæй уыди йæ равзæрд, уый зонæг нæ уыди. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыди æцæг факт: Хъази уыдис иуæндæс фырт æмæ фондз чызгæн сæ кæстæр. Уыдис тыхджын, арæхстджын 148
«* __ ^^ ^-^«^™ -%$4^ & кафын æмæ зарынмæ, бæхыл бадынмæ йын æмбал нæ уыди. Хетæджы дзуары бон адæм æрæмбырд сты, хистæртæ ми- нас кæнынц, кæстæртæ та - алыгъуызон хъæзтытæй сæхи ирхæфсынц. Æппæт хъазтыты дæр сыл Хъази уæлахиз код- та, йæ сыхæгты лæппутæ - Дзапартæ йæм тынг хæлæг кодтой æмæ сфæнд кодтой Хъази-йы амарын, асайдтой йæ, дарддæр, зæгъгæ, ахъазæм. Хъази та сæ ногæй рамбылдта æмæ ноджы тынгдæр смæсты сты. Сæ иу ын хъамайæ куыд фæцæйцавта йæ зæрдæйы, афтæ Хъази йæхи фæзылдта, цонгыл сæмбæлд хъама, иннæтæ дæр æй райдыдтой рæхойын, фæлæ дзы Хъа- зи амардта фондзы. Йæхицæн йæ туг кæлы. Адæм фæфæдис кодтой, сæ разæй Хъазийы æртæ æфсымæры, Хъази сæ нæ федта, йæ цæстытæ тугæй æхгæд кæй уыдысты æмæ сæ Дзапартæ фенхъæлдта, афтæмæй æртæйы дæр æрфæлдæхта. Йе ’фсымæртæй ма иу сдзурын сфæрæзта: «Де ’фсымæртæ куы стæм?» Хъази уый фенгæйæ, йе ’ртæ ’фсымæры хъаматæ фелвæста æмæ сæ йæ зæрдæйы ныццавта. Уый фæстæ Хъазитæ æмæ Дзапартæ систы туджджынтæ. Дзапартæ сыстадысты æмæ фæлыгъдысты сæ цæрæнбынæттæй, адæмы астæу та уæдæй фæстæмæ æмбисондæн баззад фыдылгъыстæн: «Хъа- зийы хъазт фæкæн». Ирон адæмы ’хсæн баззади ноджыдæр мæнæ ахæм æмби- сонд: «Йæ марды стджытæ дæр къæхты ныхсынц». Ацы æмбисонд-фразеологизм дæр фæзынди тугисыны фæ- зынды бындурыл. Уый дæр, æвæццæгæн, æцæг цауы бынду- рыл фæзынд. Икъаты Хæмæт Алагирæй ралыгъд Махческмæ. Уым Мæцъиаты Тотыры фырты чидæр амардта. Æвзагхæссæг сæм чидæр фæци, зæгъгæ, йæ амардта Хæмæты кæстæр фырт Æхсар. Мæцъиатæ йæ фæдыл зилын байдыдтой, цæмæй сæ туг райсой. Иу рæстæджы Æхсар ацыд Дæргъæвсмæ, дзуарьт- бонмæ. Мæцъиатæ йæ базыдтой æмæ фондзæй йæ размæ ба- бадтысты. Æхсар иу ран æрулæфыд æмæ афынæй. Мæцъиатæ йын йæ сæр хъилæй фæцæф кодтой, хойын æй байдыдтой æмæ йæ бынтон ныцъцъæлтæ кодтой, стæй йæ комы баныгæдтой. 149
Æхсармæ кæд бирæ фенхъæлмæ кастысты, агуырдтой йæ, уæддæр йæ мард дæр æмæ йæ марæг дæр нæ бæрæг код- той, уымæн æмæ сæ ничи федта, фæлæ Мæцъиатæ сæхицæй буц уыдысты, сæ туг кæй райстой, уый тыххæй. Фæлæ ку- ыд фæкæнынц, æнæхъуаджы ми хуыцау дæр нæ бары. Æртæ азы куы рацыд Æхсары мардæй, уæд Мæцъиаты лæппутæ ав- дæй ацыдысты цуаны, фехстой сæгуытты æмæ сæгуыт комы дæлæмæ ралыгъд, уыдон йæ фæстæ, иу былæ^ æргæпп кæнын- иу сын цыма исты сæ къæхтæ ралыг кодта, фæбырыдысты- иу æмæ та-иу уæрмгонды амидæг сты, сæ къæхты-иу цæйдæр стæг фæныхст æмæ-иу сæ йæ уæраг айсын никæй уал бон уыд. Семæ уыдис æндæр лæппу - Дзæгъойтæй æмæ хъæумæ фæфæдис кодта. Адæм сæм рафæдис кодтой, федтой сын сæ къæхтæ, ныррæсыдысты, тъæппытæ фæхауынц. Фæстагмæ адæм æрæсгæрстой стæгдар æмæ йæ дарæсы скъуыдтæй рабæрæг кодтой, кæй у Æхсары стæгдар лыстæг бырæттæй. Лæппуты рахастой, цалдæр бонты ма ацардысты, стæй авд дæр амардысты. Куы сæ бавæрдтой, уæд иуцасдæр рæстæджы фæстæ базыдтой сæ лæппуйы марæг Æхсар кæй нæ уыд æмæ сын æй Хуыцау кæй нæ ныббарста, фæлæ адæмæй ницы сусæг кæны æмæ æмбисондæн баззад, «Икъатæн се стæг дæр къа- хы ныхсы», зæгъгæ. Ацы фразеологизмæн йæ равзæрд афтæ у, фæлæ йæ ныр иумиагæй фæдзурынц тæссаг адæймагæй, сусæгæй чи архайы æвзæрдзинад ракæнынмæ, фæзæгъынц æй æнæхъуаджы дывзагон адæймæгтæй, ис ын æппæрццаг семантикæ æмæ ссис иумиаг адæмон: «Йæ марды стджытæ дæр къахы ныхсынц». Раджы заманты-иу лæгмæрдтæ куы ’рцыдис, ома-иу туг куы ныккалдис, уæд-иу дыууæ мыггаджы систы туджджынтæ. Уы- цы хъуыддагыл-иу бирæ рæстæг куы рацыди, уæд-иу сыл хуы- динаджы гакк сбадти. Ардыгæй равзæрдысты æмбисæндтæ- фразеологизмтæ: «Ирон туг нæ сæфы», «Ирон тугæн сæфæн нæй», «Ирон туг не ’мбийы». Кæд-иу сæ бафидауын кодтой, уæд-иу туджджын бафыста стыр аргъ кæнæ фосæй, кæнæ æх- 150
^Ф -чзф^ ^^3>» —-ч#4^ ** сæнгарз, хæдзарон мигæнæнтæй æмæ-иу сарæзта фидыды фынг. Уыцы фынг хуыдтой «Туджы аргъы фынг». Ацы дзырд- баст «туджы аргъ» фæстагмæ хизын райдыдта ног семанти- кон нысаниуæгмæ, æмæ амоны исты уæййаг куы вæййы, æмæ йæ йæ хицау зынаргъ аргъыл куы уæй кæны, уæд æлхæнæг фæзæгъы: «Туджы аргъ ын ис, кæнæ туджы аргъ æй скодта». Афтæ ма тугимæ баст дзырдбастытæ сæ раздæры семан- тикæйæ фæиртæстысты æмæ пайдагонд цæуынц рагон цард- фыстыты, ома Ьæ ахæсгæ нысаниуæджы: туджджын знæгтæ систы. Кæрæдзимæ тынг мæсты куы вæййынц, уæд та фæ- дзурынц: «Цы дын кодтон, туг дæ дарын мыййаг». Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ тугимæ баст дзырдбæсты- тæ-фразеологизмтæ ирон æвзаджы æппæты арæхдæр æмæ алыгъуызонæйдæр кæй æмбæлынц, куыд дзургæ, афтæ фысгæ æвзаджы дæр. Уый уымæн афтæ у, æмæ ирон адæмы духо- вон царды рагæй фæстæмæ ацы фæзынд уыдис æппæтæй тых- джындæр, æмæ ма абоны онг дæр æххæсы. Уымæн æвдисæн у уый, æмæ скифтæ рагæй фæстæмæ уыдысты хæстон адæм, хæст та у тугкалд æмæ йемæ рæзы йæ лексикæ, йæ фразеоло- ги дæр. ИУÆЙ-ИУ ÆМБИСÆНДТЫ ФÆЗЫНД ÆМÆ СÆ БАСТДЗИНАД ИРОН ÆГЪДÆУТТИМÆ Ирон адæмæн се ’гъдæуттæ сты сæ цæсгом, сæ удварн ир- дæй кæм зыны, ахæм æнусон хæзнатæ. Национ æнтыстытæ, национ уæлахизтæ æмæ национ къуыхцытæ, наци йæ истори- йы дæргъы цæмæ бæллыд æмæ бæллы, цæмæ тырныдта æмæ тырны, йæ дунеæмбарынад - уыдон иумиагæй сты ирон тра- дицион культурæйы, адæмæн стыр ахсджиаг чи у, ахæм хай. Ирон адæмы традицион культурæйы хæйттæй сæ иуыл банымайæн ис, ирон æвзаджы, ирон адæмы ’хсæн цы æмби- сæндтæ, загъдаутæ, базырджын дзырдтæ баззад, уыдон дæр. 151
^Ф— ц^^ <*"*> —Ц^ &* Ирон æвзаджы æмбисæндтæ дæр иннæ æвзæгты æмбисæндтау, баст сты адæймаджы цардимæ, йе ’гъдæуттимæ. Афтæ вæййы æмæ æрмæст иунæг фæлгонцджын ныхасы фæзилæны руаджы æвдыст æрцæуы искæцы историон цау, аивадон сурæт, науæд искæцы ирон æгъдау. Фæлгонцджын ныхасы формæтæй та алы адæймаг дæр пайда кæньт: фыссæг уа, зонадон кусæг уа, æфсæддон службæгæнæг уа, кусæг, кæнæ зæхкусæг уа. Цы æмбисæндтæ-фразеологизмтыл дзурдзыстæм, уыдон баст сты ирон цардимæ, йæ историимæ, йе ’гъдæуттимæ дæр. Афтæ зæгъæн нæй æмæ ирон æмбисæндтæн æндæр æвзæгтæм тæлмацгæнæн нæй, зæгъгæ, уæд уый раст нæ уыдзæн, фæлæ йæ ратæлмац кæнын дæр бынтон æнцон нæ вæййы, уымæн æмæ алы æвзагæн дæр ис йæхи фæлгонцон фæзилæнтæ. Æн- дæр æвзагæй ирон æвзагмæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæу ахæм дзырдтæ тæлмац кæнын, фæлæ æппæт амæлт- тæй дæр спайдагæнгæйæ, ссарын фæхъæуы ахæм дзырдтæ, æмбисондæн йæ апп, йæ мидис æххæстдæрæй кæй фæрцы æвдыст æрцæуа. В. Белинский куыд зæгъы, афтæмæй: «Близость к подлин- нику состоит не в передаче буквы, а духа сознания... Надо, чтобы внутренняя жизнь переводимого выражения соответ- ствовала внутренней жизни оригинала». Цæвиттоны хуызы æрхæссæм мæнæ ахæм æмбисонд: «В ти- хом омуте черти водятся». Ирон æвзагмæ ратæлмацгæнæгæйæ ацы æмбисонд уыдзæн ахæм хуызы: «Сабыр мал, дам, хæй- рæг-бадæн». Дыууæ дæр лæууынц кæрæдзимæ хæстæг сæ мидисмæ гæсгæ дæр æмæ сæ дзырдты ахастмæ гæсгæ дæр. Немыцаг æвзагæй ратæлмацгæнгæйæ та ацы æмбисонд уыдзæн: «Сабьтр дæттæ, дам, арф стьт». Ацы немыцаг æмби- сонд йæ мидисмæ гæсгæ хæстæг лæууы ирон æмæ уырыссаг æмбисæндтæм, фæлæ йæ дзырдты ахаст та у æндæр. Стьтр уырыссаг филолог В.И. Даль афтæ фьтссьт æмбисонды тых?сæй: «Мы должны согласиться, что она (пословица) не со- чиняется, а вынуждается силою обстоятельств, как крик или 152
** —>#ф* ——^^ Ц<$Щ^ «" возглас, невольно сорвавшийся с души, это целые изречения, сбитые в одно междометье». (Даль В.И., Пословицы русского народа. т.1 стр. 17) Æркæсæм уæдæ æмбисæндтæй иуæй-иутæм, сæ фæзындæй кæцы фарсæрдыгæй сты баст ирон адæмы царды, культурæйы, стæй се ’гъдæуттимæ. Историимæ баст æмбисæндтæ Ирон æвзаджы ис ахæм æмбисонд: «Цыма Хъарсы фидар басаста». Ирон адæм дзы сæ ныхасы арæх фæпайда кæнынц. Иу адæймаг йæхицæй æнæгъдау æппæлд куы фæкæны, æз афтæ фесгуыхтæн, зæгъгæ, уæд ахæмæй фæзæгъынц, «цыма мын Хъарсы фидар басаста». Цымæ цæмæн бацыд ацы æмбисондмæ туркаг горæт Хъарсы ном? Цæмæй хъуыстгонд у Хъарс? Аздæхæм нæ ра- гон историмæ. Хъарс кæддæр уыди сомихаг горæт. 1823 азы бадзырдмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд Туркæн. Туркæн ис йæ цæгат-скæсæны ’рдыгæй. Уырыс æмæ Турчы ’хсæн хæсты 1877-1878 азты тынг хъазуатон тохы ист æрцыд 5-æм ноя- бры, æхсæвы. Уырысы æфсад семæ Владикавказы зылдæй дыууæсæдæ æфсæддоны, сæ сæргъ Цæллыккаты Асæхмæт, афтæмæй астæрдыгæй ныббырстой туркы фидар Хъарсмæ æмæ йæ систой, ракодтой мин адæймагæй фылдæр уацары. Æмæ уый тыххæй бацыд Хъарсы фидар басæттын ирон æм- бисæндтæм. Æндæр историон æмбисонд та афтæ у: «Гандзайы амæттаг фæуын». Ирон адæм дзы пайда кæнынц æлгъысты хуызы. Куыд æрбахаудта, Ирыстонæй тынг дард чи у, уыцы горæты ном ирон æмбисæндтæм? Горæт Гандза у ныры Кировобад, Азербайджаны. Ам кæддæр базар кодтой цагъайрæгтæй. Æмæ ацы æвирхъау историон факт, адæймагæй базар кæнын, æмбисондæн баззад ирон адæмæн. 153
**> ^^^—. »#^— фф&— ■■ вг Артæн табу кæныныимæ баст æмбисæндтæ Ирон адæм артæн уæлдай кад кæй кодтой, уый зындгонд хъуыддаг у. Раджы заманы-иу зынг иу хæдзарæй иннæмæ хæссын нæ фæччыди хурскасты размæ æмæ хурныгуылды фæстæ. Арты культимæ баст сты ахæм ныхасы фæзилæнтæ-æм- бисæндтæ: иу артæй байуаргæ стæм; мæ арт бауазал; мæ ар- тыл мын дон ныччындæуыди; дæ зынг ахуыссæд; додой дæ къона; дæ арт бастъæлæд æмæ аф.д. Бирæтæ та дзы баст сты хурæн табу кæнынимæ: мæ хур акæнай; дæ хъæбулты хурæй бафсæд; дæ хур дыл баталынг уæд æмæ аф.д. Арт, хур æмæ къона ирон хæдзарæн йæ ахсджиагдæр цæ- джындзтæ уыдысты. Ирон хæдзарæн-иу йæ нæлгоймæгтæ куы фæмард сты, уæд-иу хæдзары сылгоймæгтæй сæ иу къо- найы рæхыс рафтыдта, æмæ-иу æй йæ мойы хæдзармæ ахаста, къонайыл та-иу дон бакалдта. Туг исынимæ баст æмбисæндтæ Туг исыны æгъдау ирон адæмæн тынг стыр бæллæхтæ ха- ста. Туг исыны æгъдæуттæ уый тыххæй ирон аивадон лите- ратурæйы уацмысты дæр ахсынц стыр бынат. Зæгъæм, зынгæ ирон прозаик Коцойты Арсен йæ радзырдтæ «Сæумæрайсом» æмæ «Фынддæс азы»-йы ирдæй равдыста, ирон адæмы ’хсæн туг исыны æгъдæуттæ куыд фидар уыды- сты, уыдон. Ирон зæронд лæг Таймуразæн йæ фырт фæмард кæйдæр къухæй. Рухсы цъыртт никуыцæйуал кæсы зæронд лæджьт зæрдæмæ. Йæ цæсгом нал æвдисы адæммæ. Ныхасмæ рацæуыны бар ын нал ис. Иу хатт йæ сыхагимæ фæбыцæу Таймураз æмæ йын уый тынг æгъатыр фидис бакодта. 154
- Кæимæ дзурыс, хæрæджы фырт? - фæхъæр кодта сы- хаг. - Куыд уæндыс ды сыхмæ цæуын? Куыд уæндыс ды мемæ дзурын? Дæ фырты Куыдзиаты Батрадз куы аргæвста...Рай- стай йын йæ туг мыййаг? Уæдæ цæмæн хъал ныхас кæныс?! Таймуразæн йæ бон нал бацис йæ туг райсын, мæт æй йæ къа- хыл слæууын нал бауагъта, æрхауди æмæ хуыссæнæй уæлæмæ нал сты. Багъæцут, - хъуыды кæны Таймураз. - Мæнæн ма ноджы иу фырт дæр ис. Йæ фырт та - фынддæсаздзыд Сау- куыдз. Саукуыдзæн йæ къухы бафтыд Куыдзиатæй дыууæйы амарын, фæлæ йæхæдæг дæр фæмардис. Туг исыны æгъдау-иу ахицæн афтæмæй дæр, æмæ-иу ту- джджынæн ракодтой йæ хъус, йæ сæры хъуынтимæ, марды чырыны-иу сæ нывæрдтой, афтæ дзургæйæ: «Мах дын дæ туг райстам, мæрдты дын хъазæн хъул фæуæнт». Науæд та-иу марæг æд бæх æрбацыди, кæй амардта уый ингæны размæ. Туд- джынты хистæр-иу марæгæн йæ хъус ралыг кодта, тугæй-иу байсæрста марды цырт. Афтæ-иу марæг фæлдыст æрцыд, кæй амардта, уымæн. Æмæ-иу марæгыл сбадт ном - «фæлдыст», зæгъгæ. Ардыгæй равзæрд æлгъысты фразеологизм-æмбисонд «мæрдты фæлдыст ын фæу». Æппæт тугисыны æмбисæндтæн сæ фылдæр фæзындысты ацы æгъдæуттæ хъахъхъæнгæйæ: «искæй къухæй мæрдтæм бацыд», «ирон тугæн æмбийæн нæй», «фыды туг фырт исы», «тугисæг æмæ удисæг иу сты», «туджджын æмæ тугагурæй хъауджыдæр нæй». (Æмбисæндтæ ист сты: «Ирон æмбисæн- дтæ»-й. Ордж. 1976, 252 ф.) Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ цардуаг куыд ивы, афтæ ивынц æмбисæндтæ дæр. Иутæ дзы бынтон ферох вæййынц, иннæтæн та царды ног домæнтæм гæсгæ фидар вæййы сæ рай- дианы мидис, сæ раздæры нысаниуæг, сæ хуыз. Зæгъæм, туги- сыны тыххæй цы æмбисæндты кой ракодтам, уыдонæй бирæ- тæ, ирон адæмы ’хсæн арф куы ныффидар тугисыны æгъдау, уæд фæзындысты, куыд, зæгъæм, æмбисонд «туг тугæй æх- садæуы», зæгъгæ. Тугисыны хъуыддаг кодта уæрæхæй-уæ- 155
*^ -^ф^_ <^«^ Ь$ф& — -_<^ рæхдæр. Фæстагмæ æххæссын райдыдта зæнæджы зæнæгмæ дæр. Дæсгай азты размæ-иу цы туг æрцыд калд, уый дæр-иу хъуамæ æнæмæнгæй райст æрцыдаид. Æмæ уæд фæзынд дык- каг æмбисонд «ирон тугæн æмбийæн нæй». Фæстаг æмбисонд фыццагмæ æфтыдта уæлдай карздæр домæнтæ. Фæлæ цыдис рæстæг æмæ адæм æмбарын байдыдтой тугисыны зиан, æмæ уæд та фæзынд фыццаг дыууæ æмбисондæн ныхмæлæууæг æмбисонд «туг тугæй ничи ’хсы», зæгъгæ. Ацы æмбисæндтæй иуæй-иутæ кæд фæстагмæ рох кæнын байдыдтой, уæддæр та фæстаг азты ирон-гуырдзиаг конфликты дуджы сæ иуæй-иутæ сног сты æмæ канд æмбисæндтæ нæ, фæлæ сæ комкоммæ ны- саниуджыты пайда цыдысты. Уымæн та 1991-1992, 2008 азты цаутæй бирæтæ æвдисæн. Дины уырнындзинæдтимæ баст æмбисæндтæ Ирон адæм дих сты дыууæ диныл: чырыстон æмæ пысыл- мон. Фæлæ уыцы дыууæ динæй иу дæр арф уидæгтæ нæ ауа- гъта. Уый фæдыл зынгæ ахуыргонд Всеволод Миллер фыста: «Принимая христианство, осетин исполняет некоторые обря- ды: крестится, соблюдает пост и праздники, иногда ходит в церковь, упоминает имя Христа и некоторых святых, но вме- сте с тем справляет и прежние языческие обряды, совершает кувды святым местам (дзуарам), приносит жертвы - баранов, козлов, быков по известным дням и не думает, чтобы его пре- жние обряды были негласными с новыми, которые ему указы- вает духовенство». (Миллер В.Ф. «Осетинские этюды» М.) Ирон адæммæ дины уырнындзинады тыххæй баззад ахæм æмбисæндтæ: «Рын куыста æмæ сауджынæн». Ацы æмбисонд фæзынди ирон адæм рынæй куы цагъды кодтой, уыцы дуд- жы. Адæм мардысты æмæ сыл сауджынтæ аргъуыдтой, æмæ истой адæмæй аргъауæггаг. Цас фылдæр мард рынæй, уыйас фылдæр пайда хаста сауджынтæн. 156
^ —*#4^ ^^ *#4^ ** Кæнæ ахæм æмбисонд: «Авд сауджын дæр æй нал ссыгъдæг кæндзысты». Ацы æмбисондæй фæпайда кæнынц стыр азым- джын адæймаджы койгæнгæйæ, ома афтæ тæригъæдджын у, æмæ иу нæ, фæлæ авд сауджыны бахъæудзæн уый йæ тæри- гъæдтæй ссыгъдæг кæнынæн. Сауджынтæ зыдгæнаг уыдысты, тона бирæ уарзтой æмæ сыл уымæ гæсгæ адæм худтысты аргъæутты, æмбисæндты æмæ цыбыр худæг цауты. «Сауджыны куы нæмай, уæд истæй номыл». «Сауджын хъи- сыны дæр бæрæг у». «Сауджын куы суазал, уæд æркуырдта хъисын» æмæ а.д. Ирон адæмон аргъæутты бындурыл фæзынгæ æмбисæндтæ Ирон æмбисæндтæй бирæтæ равзæрд аргъæуттæй. Ныха- сы рæстæджы арæх ракæнынц æмбисондæн æнæхъæн аргъ- ау. Алчидæр зоны рагон æмбисонд «Арс цымы бын куыд ба- зæронд». Ныртæккæ ныхасы мидæг æрхæссынц æрмæстдæр ацы цыбыр хъуыдыйад, фæлæ уый кæддæр уыд æнæхъæн ар- гъау æмæ ма йæ ныр дæр хъуыды кæнынц бирæ рæтты. Уыцы аргъауы мидис у ахæм: «Арс уалдзæджы, йæ даргъ зымæгон фынæйы фæстæ, ралæсти йæ лæгæтæй, стонг æмæ мæллæгæй. Фæндыд æй исты тагъддæр ахæрын, фæлæ куы ницæуыл фæ- хæст, уæд æрбадт дидинæг æфтауæг цымы къутæры бын: цым иннæ зайæгойтæй раздæр рафтыдта дидинæг æмæ арс ахъуы- ды кодта, ома тагъддæр срæгъæд уыдзæн. Кæсы æнхъæлмæ. Иннæ дыргътæ дæр рафтыдтой дидинæг, срæгъæд сты, сæ дыргътæ згъæлгæ дæр акодтой, цымы гагатæ та сырх кæнын уыцы рæстæджы райдыдтой. Уæд арс смæсты æмæ ныддæрæн кодта цымы къутæр. Уæдæй фæстæмæ цымы бæлас чысылæй баззад». Ахæм у йæ мидис ацы аргъауæн. Ныхас кæныны рæстæджы æмбисондæн æнæхъæн аргъауимæ зын æрхæссæн 157
уыдысты, уæлдайдæр та æмбисæндтæй арæх чи пайда код- та, уымæн. Æмæ-иу уæд æнæхъæн аргъауы бæсты хаст цыд æрмæст йæ цыбыр мидис. Уыцы цыбыр мидис-иу куыд фæстагмæ банцад аргъауы сæйраг аппыл. Гъе, ацы сæйрагдæр апп-иу ссис адæмон æмбисонд. Ирон адæммæ бирæ ис ахæм æмбисæндтæ, аргъæуттæй чи равзæрд, фæлæ уыцы аргъæуттæ-æмбисæндтæ сæхæдæг иуу- ыл нал баззадысты, ферох сты. Ахæм æмбисæндтæм ахæссæн ис: «Чидæр бирæгъы мардыл кæугæ кодта». «Чидæр æнæгалæй кæвдæстæ быдта». «Чидæр бирæгъы фарсыл фæхсын баста». Кæнæ «Калм æмæ уаллоны» аргъауæй равзæрди ахæм æм- бисæндтæ: «Уаллон йæхи калмыл барста æмæ дыууæ дихы фæци». Ацы æмбисонд равзæрдис ахæм аргъауы мидисæй: «Калм хурмæ хъазыд, Уаллон æй ауыдта æмæ йын йæ дæргъмæ бабæллыд. Иæхи ивазын байдыдта æмæ иннæ уаллоны фæр- сы: «Æрбакæс-ма мæм, мæ хур, калмы дæргъæн нæма дæн?» Уый фæхудт æмæ йын зæгъы: «Нæ, мæ хур, калмы дæргьмæ дæ бирæ хъæуы». Уаллонмæ хардзау фæкаст уыцы ныхас æмæ загъта, уæдæ-ма фæкæс ныртæккæ, зæгъгæ. Æмæ йæхи тынгдæр айвæзта æмæ дыууæ дихы фæци». Уый тыххæй æмбисондæн баззад: «Уаллон, дам, калмыл йæхи барста æмæ йæ тъанг аскъуыд». Уый фæдыл фæзынд æмбисонды æндæр варианттæ: «Дæ уат куыд у, дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæн». «Арсимæ кæрдо ма цæгъд». «Йæ куьтдзы бон нæ зоны». «Дæ цæнгтæ кæйонг æххæссынц, уыйонг сæ айваз» æмæ а.д. Куыд зыны, афтæмæй ацы æмбисæндтæразындысты фидар- дæр, адæмы ’хсæн ссардтой фидар бынат, кæцæй равзæрдысты уыцы аргъæуттимæ абаргæйæ, æмæ систы сыгъдæг оригина- лон сæрмагонд аив æмбисæндтæ. Ис ахæм æмбисæндтæ дæр, кæцытæн нырыонг баззады- сты сæ аргъæуттæ дæр. Куыд зæгъæм: «Саккаты хæйрæгау ын зыгъуыммæ дзурын хъæуы». Равзæрд аргъау «Саккатæ хæйрæг 158
^Ф»%2 ^^™ , ц^ ъГ куыд æрцахстой»-йæ. «Къобалайы сæгъау иунæг у» (Къоба- лайы аргъау). Куыд уынæм, афтæмæй æмбисæндтæ баст æмæ арæзт сты иумиагæй адæмы цардыл ахуыр кæныны бынду- рыл, историон факттæй æмæ аив литературæйы æвдисынц адæймаджы цæстæнгас йæ алфамбылаймæ, дунейы алыгъу- ызон фæзындтæм, æхсæнадон ахастытæм æмæ цардæвæрды фæткмæ. Уæлдæр рафæлгъуыд æрмæгæй куыд рабæрæг, афтæмæй ирон æмбисæндтæ фидар баст сты се сфæлдисæг адæмы цар- ды фæзындтимæ, уыдонæн сæ матераилон, духовон æмæ æмбæстагон историимæ, сæ дунеæмбарынады рæзтимæ. Æмбисæндтæ цæргæ-цæрæнбонты æмдзу кодтой се сфæл- дисæг адæмимæ историйы фæндæгтыл æмæ уыцы дард æмæ зын фæндæгтыл ивтой, æвзæрдысты, ног кодтой. Ирон фразеологийы æмбисæндты анализ куыд равды- ста, афтæмæй не ’взаг тынг хъæздыг у алы æмæ алыгъуызон æмбисæндтæй, загъдаутæй æмæ базырджын дзырдтæй. Се ’ппæт дæр сты æвзаджы хъæздыгдзинады æрмæг, стæй фоль- клорон æрмæгæй - æнæбын къæрта, кæцыйыл хъæуы дарддæр дæр кусын æмæ ахуыр кæнын.
4МЕТОДИКÆЙЫ ИУÆЙ-ИУ ФАРСТЫТÆ ÆВЗАГ ÆМÆ ЛИТЕРАТУРÆЙЫ БАСТДЗИНАД ИРОН ÆВЗАДЖЫ УРОКТЫЛ Рæзгæ фæлтæр хъомыл кæнын, иумиаг-ахуырадон æмæ профессионалон скъолайы куыст цæхгæр фæхуыздæр кæны- ны хъуыддаджы ахсджиаг нысаниуæг ис скъолайы реформæ- йæн. Скъолайы реформæйы, стæй адæмон ахуырады къабазы райрæзты хъуыддаджы сæрмагонд нысаниуæг лæвæрд цæуы æмæ стыр бæрндзинад æвæрдæуы скъолайы разамонджытыл, фыццаджы-фыццаг та ахуыргæнæгыл. Реформæйы домæнтæ æххæстгæнгæйæ, адæмон ахуыра- ды хайадтæй æмæ скъолайы педагогон коллективтæй бирæтæ сфæлдыстадон æгъдауæй сæ куыстрацæрæзтой ног домæнтæм гæсгæ. Бирæ ахуыргæнджытæ уæндонæй æмиу кæнынц амо- ныны традицион æмæ ног методтæ. Уыцы ног методтæй та уæлдай тынгдæр хъæуы пайда кæнын, ныртæккæ не скъола- ты зонадон-техникон прогресс фæцырддæр кæнынæн ахс- джиаг нысаниуæг лæвæрд куы цæуы, уæд. Ныры уавæры ахсджиаг нысаниуæг ис ахуыргæнинæгты компьютерон аху- ырдзинад ифтонг кæнынæн. Уæдæ зонад-техникон рæзты прогресс скъолаты ныббиноныг кæныны тыххæй хицауады æрæвæргæ хæстæ канд физикæ, математикæ æмæ практикум- ты предметты ахуыргæнджытæм нæ хауынц, фæлæ æвзаджы ахуыргæнджытæм дæр, уыимæ ирон æвзаджы ахуыргæнджы- тæм дæр. Уыцы хъуыддагæн та хорз æмæ бæлвырд æрмæг дæтты нывæфтыд литературæ. Нывæфтыд литературæ æвзаджы рай- рæзтæн æмæ йæ базонынæн у æвидгæ суадон. 160
^®—’ Тц^^, ^^ ж 5^ —^ Литературон уацмысты мидæг ахуыргæнæг ссардзæнис, иу кæнæ иннæ грамматикон фæткой ахуыргæнинæгтæн хуыздæр æмæ лæмбынæгдæр бамбарын кæнынæн ахъаз чи уа, ахæм бæлвырд æмæ раст хъуыдыйæдтæ. Нæ литературæйы классиктæй бирæтæ æвзаджы тыххæй загътой ахсджиаг хъуыдытæ. Æвзаджы сыгъдæгдзинад, фыссæджы индивидуалон миниуджыты тыххæй аив æмæ рæсугъдæй йæ хъуыдытæ загъта Хетæгкаты Къоста, Бай- аты Гаппо йын йæ «Ирон фæндыр» уадзгæйæ, йæ уацмы- сты орфографи æмæ синтаксис куы фехæлдта, йæхирдыгон орфографимæ гæсгæ йын сæ куы «рацарæзта», уæд уымæ цы фыстæг ныффыста, уым. Къостайæн йæхи уацмысты æв- заджы тыххæй хорз куыст ныффыста зынгæ ирон поэт Дзанай- ты Иван (Нигер). Нигер хорз анализ радта гениалон поэ- ты уацмысты æвзагæн, сæ грамматикон сконд, синтаксисон арæзт, æмæ ногæй не ’взагмæ цы иукъорд вазыгджын дзыр- ды æрбахаста, уыдонæн. Афтæ Къостайы уацмысты æвзаджы тыххæй хорз куыстытæ сты Хъуылаты Г. «Къоста - ирон ли- тературон æвзаг сарæзæг» («Мах дуг», 1949 аз, №10), æмæ Гагкайты Хъазаны монографи «О языке и стиле Коста Хета- гурова» (Орджоникидзе, 1956). Райдиан скъолаты ирон æвзаг, сæйраджыдæр, ахуыр- кæнынц литературæимæ æмбастæй. Ацы скъолаты ирон æв- заг ахуыр кæныны бындурондæр хæстæй сæ иу у ахуыргæ- нинæгты ныхас райрæзын кæнын, уыдон растфыссын æмæ дзурыны элементарон фæткойтимæ базонгæ кæнын. Райдиан скъолаты ахуыргæнджытæ хъуамæ фыццаг къласæй фæстæмæ сывæллæттæн уарзын кæной мадæлон æвзаг, æвзæрын сæм кæной æвзаг ахуыр кæнынмæ цымыдис. Уымæн та ис иттæг хорз фадат. Сывæллæттæ Къостайы уацмыстимæ зонгæ кæнын райдайынц суанг фыццаг къласæй. Фыццаг къласы æмдзæвгæ «Гино» ахуыр кæнгæйæ, уый афтæ адæттын хъæуы, сывæллæтты зæрдæмæ йæ афтæ бахæссын хъæуы, цæмæй тынг бауарзой ирон æвзаджы зæлланг æмæ сæ зæрдæты 161
сæвзæра буцдзинад сæ национ æвзагмæ. Афтæ Къостайæн йе ’ннæ æмдзæвгæтæ «Цъиу æмæ сывæллæттæ», «Лæгау», «Фыдуаг» æмæ бирæ æн-дæртæ. Ацы уацымысты хъомыла- дон нысаниуæг стыр у, æмæ уый тыххæй сабитæн дзурын нæ хъæуы, фæлæ сæ баууæндын кæнын хъæуы. Ахуыргæнæг кæддæриддæр йæ зæрдыл хъуамæ дара, æв- заджы тыххæй ахуыргонд адæм, æвзаджы дæснытæ æмæ литературæйы классиктæ цы ахсджиаг ныхæстæ загътой, уы- дон. Грамматикæйы иунæг урокыл дæр рох кæнын нæ хъæуы раст дзурыны иууыл хуыздæр хуызæгтæ, литературæйы раззагондæр фысджытæ кæй ныффыстой, уый. Уымæ гæс- гæ, грамматикæйы урокты бæттын хъæуы нывæфтыд лите- ратурæимæ, адæмон дзургæ сфæлдыстадимæ, уыдонæй хи- цæнæй, иппæрдæй нæ фæлæ. Ирон æвзаджы истори астæуккаг скъолаты хицæнæй нæ ахуыр кæнынц, фæлæ дзы ирон æвзаджы программæтæм хаст æрцыд иуæй-иу фарстытæ. Ахуыргæнæг хъуамæ йæ зæрдыл да- ра, хистæр кълæсты грамматикон фæткойтæ фæлхатгæнгæйæ, ирон æвзаджы историйæ ахуыргæнинæгтæн элементарон ба- цамындтæ раттын кæй хъæуы, уый. Ацы мадзалæн иттæг хорз баххуыс кæндзысты ирон æвзаджы историйы фæдыл профес- сор Абайты Васойы куыстытæ æмæ хицæн ныхæстæ. Æвзаг æмæ нывæфтыд литературæ Национ литературæйы фысджытæ сты национ æвзагыл хуыздæр ныхас кæныны цæвиттон æвдисджытæ. Гъе, уымæ гæсгæ уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй æвзаджы уроктæ ахуыргæнæг кæддæриддæр хъуамæ бæтта аивадон литературæимæ. Литературон æвзаг у æппæтадæмон æвзаг, дзырды дæснытæ кæй срæсугъд кодтой, лæмбынæг кæуыл ба- куыстой, ахæм æвзаг. Мах литературон æвзаг куы фæдзурæм, уæд нæ хъуыдыйы хъуамæ ма уа, адæмон æвзагæй чи хицæн 162
кæны, ахæм цыдæр æнахуыр æвзаг. Литературон æвзаг у, адæм сæ историйы фыдæй-фыртмæ кæуыл дзырдтой, сæ хъуыдытæ кæй фæрцы æмбарын кодтой, ахæм æвзаг. Адæм сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ кæрæдзийæн зæгъын цы ’взагыл фæрæзтой, уымæн æвзæр схонæн нæй. Ацы хъуыддаг алы ахуыргæнæг дæр хъуамæ йæ зæрдыл дара æмæ æвзаджы уроктыл кæддæриддæр пропагандæ кæна мадæлон æвзаджы рæсугъддзинад. Уый тыххæй та ахуыргæнæг æнæкæрон бирæ æрмæг ссардзæнис нывæфтыд литературæйы, фысджыты сфæлдыстады. Мадæлон æвзагыл иууыл рæсугъдцæр, иууыл бæлвырддæр æмæ аивдæр сæ хъуыдытæ зæгъын фæразынц адæмон тау- рæгъгæнджытæ. Уыдон фæлтæрæй-фæлтæрмæ, æнусты дæр- гъы рахæссынц се ’взаджы аивдзинад, сфæлдисынц диссаджы хæзна - адæмон сфæлдыстад. Уымæ гæсгæ адæмон сфæл- дыстадæй æвзаджы уроктыл пайда кæнын хъæуы арæхдæр. Адæмæн се ’взаджы рæсугъддзинад æппæты фыццаг бæрæг кæны фольклорæй. Ирон адæмы фольклор (дзыхæйдзургæ сфæлдыстад), æмæ сæйраджы та Нарты кадджытæ, йе стæй æмбисæндтæ, уыциу- уыциутæ сты национ æвзаджы бындурон хæзнадон. Уыдон мидæг ирон æвзаджы ахуыргæнæг ссардзæн, цыдæриддæр æй æвзаг амонгæйæ бахъæуа, æппæт уыцы цæвиттонтæ. Цæвиттон, астæуккаг скъолайы IV къласты цæуын райдай- ынц синтаксис. Сывæллæтæ райдиан скъолайы синтаксисæй цы элементарон зонындзинæдтæ райсынц, уый уæрæхдæр æрмæджы бындурыл райдайынц фæлхатт кæнын. Лæвæрд сын æрцæуы æвзаджы æмбарынады тыххæй хорз амындтæ. Базонынц, мыр, дзырд, ныхас æмæ хъуыдыйад цæмæй хицæн кæнынц, уыдæттæ. Аивадон, зонадон-популярон, публицистон æмæ газетон ныхас сты тынг хъæздыг æрмæг ирон æвзаджы грамматикæйы закъæттæ базонынæн. Уыдон фæрцы сывæллæтты тынгдæр бауырны, грамматикæйы закъæттæ кæддæриддæр æмæ кæм- 163
«^_ , оп^^ . -ф?<Ъ> : .^ффр — —<^ дæриддæр тынг кæй хъæуынц, уыдон ныхасы культурæ кæй хъахъхъæнынц, уый. Грамматикæйы уроктыл ахæм куыст æххæст кæнын у ахуыр-хъомыладон куысты бæрнондæр мо- менттæй сæ иу æмæ йæм тырнын хъæуы кæддæриддæр. Фæлæ цæмæй ахуыргæнæг ацы ахсджиаг æмæ бæрнон хæс сæххæст кæна, уый тыххæй йæхæдæг хъуамæ уа цæвиттойнаг, зона нырыккон царды бындурондæр фарстытæ. Уый тыххæй та, фыццаджыдæр, æмбарын хъæуы цард: зонад, аивад, культу- рæ, истори æмæ ирон адæмы ивгъуыд заман. Грамматикæйы уроктæн æрмæг æвзарын Грамматикон цæвиттонтæ æмæ уыдонимæ баст орфогра- фион æмæ пунктуацион фæлтæрæнтæ уæрæхдæр кæнынц скъоладзауты зондахаст æмæ хъуыдыкæнынад. Уымæ гæсгæ иу искæцы сæрмагонд тематикæйы тексттæ æвзарын фаг нæу. Цæ-виттонтæ æмæ тексттæ хъуамæ дзурой царды алы фадгу- ытыл дæр. Иунæг грамматикон фæткойтæ амонын æмæ стæй уыдон фæдыл грамматикæйы ахуыргæнæн чингуытæй цæвиттонтæ хæссын бынтондæр фаг нæу. Уый уадиссаг цымыдис дæр нæ сæвзæрын кæндзæн ахуыргæнинæгтæм. Кæддæриддæр ирон æвзаджы алы урокыл дæр ахуыргæнæг хъуамæ тырна æмæ пайда кæна, ахуыргæнинæгтæ ахуыры процессы сæхæдæг цы предметтæ цæуынц, уыдонæй, бæрæг- бæл-вырд цæвиттонтæ хæссын. Цы цаутыл дзырдæуа, уыдон ахуыргæнæг йæ зæрдæйы арф куы хæсса, уæд ахуыргæнинæгты зæрдæмæ дæр хъардзысты арфдæр. Рацæугæ æрмæгæй ахæм тексттæ ахуыргæнинæгтæм æвзæрын кæндзысты фылдæр цымыдис, уымæн æмæ ахæм тексттæ иуæрдыгæй уыдзысты Райгуырæн бæстæйы хъомы- сад æмæ хæдбардзинадыл адæмы тохæвдисæг, иннæрдыгæй та дзурдзысты нæ бæстæйы æгæрон хъæздыгдзинадыл, сове- тон адæймæгты фæллойадон сгуыхтдзинæдтыл. 164
^> _ ^о^^^ Д^^> — —^^^ ^ Зонады алы фадгуытæ æргомгæнæг ныхасы лексикæ æмæ фæзилæнтæ, æвзаджы дырысдзинад æмæ грамматикон раст стиль сывæллæттæ бирæ хуыздæр бамбардзысты æрмæстдæр ахæм методæй пайда кæныны фæрцы. Тынг пайда у ирон æвзаджы уроктыл куысты, зонад æмæ аивады хъайтарыл дзурæг уацмыстæй пайда кæнын дæр. Уый фæрцы ахуыргæнæг бафидар кæндзæн йæ ахуыргæнинæгты зонд æмæ æнкъарæнтæ, æнæниз фæдыздæхт, æмæ уæд грамма- тикæ ахуыр кæнын скъоладзаутæн уыдзæн, хæстон хæсау, æнæмæнг чи хъæуы, фидæны сфæлдыстадон куысты сын чи сбæздзæн, ахæм. Сывæллон йæхи ас адæймаг кæй фенхъæлы, романтикон хъуыдытæ æмæ йæм æнкъарæнтæ кæй æвзæры, уымæ гæсгæ уый фæнды хорз хъуыддæгтæ аразын, йæ ный-йарджыты хъу- ыддаг адарддæр кæнын æмæ сын сæ арм фæрогдæр кæнын. Уæдæ грамматикæйы уроктæн æвзарын хъæуы, сывæллæт- тæм размæ, сфæлдыстадон хъуыдыкæнынадмæ сæ чи разæн- гард кæна, хорз хъуыддæгтыл сæ чи ’фтауа, ахæм тексттæ æмæ цæвиттонтæ. Ахæм уроктæм цæттæ кæнын бирæ рæстæг байсдзæн, бирæ æрмæджытæ кæсын бахъæудзæн, фæлæ ирон æмбисонд афтæ у, зæгъгæ, «æнæфыдæбонæй ницы ис». Уæдæ ирон æвзаджы уроктыл цахæм хъуамæ уой цæвит- тонтæ æмæ фæлтæрæнты тексттæ? 1. Цæвиттонтæ æмæ фæлтæрæнты тексттæ хъуамæ уой цардæй ист, мидисджын, сæ хъомыладон нысаниуæг хъуамæ уа стыр. 2. Тексттæ хъуамæ сывæллæттæн уой æнцонæмбарæн. Тек- стты мидæг ма хъуамæ уа, кæй нæ рацыдысты, ахæм хъуы- дыйæдты хуызтæ. 3. Цæвиттонтæ æмæ фæлтæрæнты тексттæ, гæнæн уæвгæ- йæ, хъуамæ уой кæрæдзийыл баст, сæ тематикæ хъуамæ уа иу, литературон æгъдауæй хъуамæ уой аив. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый афтæ нæ нысан кæны, зæгъгæ, 165
^ф ^г——^^-—— -цФ$Р <#* хицæн орфографион æмæ пунктуацион фæткойтæ амонгæйæ, пайдагæнæн нæй хицæн хъуыдыйæдтæй æмæ æгæрыстæмæй хицæн дзырдтæй дæр. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы, ахуыргæ- нинæгтæн уыцы хицæн хъуыдыйæдтæ æмæ дзырдтæ царды цас пайда фæуыдзысты, уый. 4. Цæвиттонтæ æмæ фæлтæрæнты тексттæ хъуамæ арæзт уой ног æмæ уый размæ рацæугæ æрмæджы бындурыл, афтæ, цæмæй ног æрмæг амонгæйæ, фæлхатт цæуа зæронд æрмæг дæр. 5. Тексттæ хъуамæ уой эмоцион, аив æмæ скъоладзаутæм æвзæрын кæной цымыдис. 6. Ахуыргæнинæгтæн хъуамæ сæхицæн сæ бон уа цæ- виттонтæ æмæ фæлтæрæнты тексттæ фыссын. Уыдон грам- матикæйы уроктыл хъуамæ пайда кæнын зоной хуыздæр ли- тературон уацмыстæй. Ирон æвзаг ахуыр цæуы куыд грамматикæйы уроктыл, аф- тæ литературæ кæсыны уроктыл дæр. Уымæ гæсгæ дыууæты ’хсæн хъуамæ уа æнгом бастдзинад. Грамматикæйы уроктыл ахуыргæнинæгтæ зонгæ кæнынц литературон æвзаджы скон- димæ, йæ закъæттимæ; литературæйы уроктыл ахуыр чындæуы аивадон ныхасы хуыздæр хуызæгтæ. Грамматикæйы уроктыл анализæн фылдæр хæссын хъæуы, ирон классикон æмæ сове- тон литературæйæ ахуыргæнинæгтæ цы сахуыр кодтой, кæнæ цы бакастысты, ахæм хуыздæр сфæлдыстадон тексттæ, сæ арф идейон мидисæй чи хицæн кæна, стилистикæйæ æнæаипп чи уа. Грамматикæ æмæ литературон кæсыны ’хсæн бастдзинад уæлдай æнгомдæр кæны ахуыргæнинæгты ныхасы культурæ райтынг кæныны хъуыддаг; литературæйы уроктыл дзырдты нысаниуæг æмбарын кæнын æдзухдæр æнцой кæны сæ мор- фологон анализыл; дзырдты раст зæгъыны фæлтæрддзинæдтæ та фонетикæйы зонæнтыл; дзурæгау кæсын æдзухдæр домы хъуыдыйæдты сконды анализ. Æвзаджы ахуыргæнджыты бæрнон хæс у, скъоладзауты 166
^>=_ : -^^ ^^ Ц^^ -«Г литературон æвзагыл ахуыр кæнын æмæ уымæй раст пайда кæныны фæрæзтæ амонын. Мадæлон æвзаджы уарзын æнгом баст у Райгуырæн бæстæ уарзынимæ. ГРАММАТИКОН ÆВЗÆРСТЫТЫ ХУЫЗТÆ БАЦАМОНЫН АСТÆУККАГ СКЪОЛАЙЫ Ирон литературон æвзагæн, куыд ахуырадон предметæн, ис ахуырадон æмæ хъомыладон нысаниуæг, иннæ националон æвзæгтæн куыд ис, афтæ. Морфологи æмæ ситаксис хъуамæ ахуыргонд цæуой скъо- лайы, куыд грамматикæйы дыууæ æмбар, æмхуызон хайы, кæцытæ æмбаст сты кæрæдзийыл. Морфологи ахуыр кæныны тьтххæй æнæмæнг хъæуынц эле- ментарон зонæнтæ синтаксисæй; дзырды ивынад амындгонд цæуы хъуыдыйады, æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ хуыздæр бам- бардзысты дзырдты ситаксисон функци раргом кæнынимæ бастæй. Уымæ гæсгæ, фæндзæм къласы æвзаджы курс рай- дайы, ахуыргæнинæгтæ 1-4 кълæсты синтаксис æмæ пунктуа- цийæ цы элементарон зонæнтæ райстой, уыдон сфæлхатт кæнгæйæ, æмæ иннæрдыгæй фарс та синтаксис арфдæр са- хуыр кæныны тьтххæй зонын хъæуьт морфологи, афтæ скъо- лайон грамматикæмæ æфтыд цæуы фонетикæ дæр. Фонетикæ ахуыргæнгæйæ та ахуыргæнинæгтæ зонгæ кæнынц литерату- рон æвзагыл раст дзурын æмæ фыссыны бьтндурон нормæтимæ, æргом кæнынц дзурьтн æмæ фыссыны æмахаст, кæцы æнæмæнг хъæуы морфологи сахуыр кæнынæн дæр, уымæн æмæ дзырд- тьт ивьтнад баст у мыртьт ивынадимæ. Уæдæ ахуыргæнинæгтæ цалынмæ дзырдты мырон скондæй элементарон зонæнтæ базо- ной, уæдмæ нæй гæнæн морфологи ахуыр кæнынæн. Морфоло- ги ахуыргæнгæйæ, ахуыргæнинæгтæ хъуамæ райсой бæлвырд зонæнтæ сæрмагонд ныхасы хæйтты грамматикон нысаниу- джытæй (номдарты, миногонты, нымæцонты, номивджыты, 167
**> цффёз —<^^ ь^ф^г —^Г мивдисджыты æмæ фæрсдзырдты), афтæ ахуыргæнинæгтæ хъуамæ зоной, номдар кæй нысан кæны предмет, стæй кæй ивы йæ кæрон хауæнтæм гæсгæ, æмæ хъуыдыйады кæй вæййы алы уæнг дæр. Кæнæ миногонтæ æмæ фæрсдзырдты тыххæй ахуыргæнинæгтæн раргом кæнын хъæуы уый, æмæ миногонтæ баст кæй сты предметтимæ æмæ кæй æвдисынц предметты æууæлтæ, фæрсдзырдтæ та баст сты архæйдтытимæ æмæ сын æвдисынц се ’ууæлтæ. Æмæ уæдæ, ахуыргæнæг хъуамæ амо- на ахуыргæнинæгтæн æвзаджы факттæ, уыдон æхсæн иуд- зинад æмæ хицæндзинæдтæ иртасын, се ’хсæн бастдзинад æргом кæнын, уыдонæй ахсджиагдæрты рахицæн кæнын æмæ иумиаг кæнын. Æвзаг ахуыргæнгæйæ, теори хъуамæ баст цæуа практикæ- имæ, уымæ гæсгæ æвзаг ахуыргæнгæйæ, саразын хъæуы раст æмахастдзинад теоретикон æмæ практикон куысты ’хсæн. Ахуыргæнæг хъуамæ архайа ууыл, цæмæй раст ахъуыды- гонд æмæ дзурæгау кæсыны фæлтæрдзинад рæзын кæна, канд литературæ кæсыны уроктыл нæ, фæлæ грамматикæйы урок- тыл дæр. Ахуыры процессы ахуыргæнæг ахуыргæнинæгтæн хъуамæ тынг сæ хъус æрдарын кæна ныхасы алыгъуызон миниу- джытæм: ныхасы аивдзинадмæ, культурæмæ, дзырдты дыры- сæй зæгъынмæ, кæцыты фæрцы махæн нæ бон у нæ алы хъуы- ды æмæ æмбарынад æргомæй зæгъын. Æвзаг комкоммæ баст у хъуыдыимæ, уымæ гæсгæ скъоладзауты ахуыр кæнын хъæуы æвзаджы фæзындты хъуыдыйон нысаниуджыты æмбарыныл. Ахуыргæнæг йæ хъус хъуамæ æрдара хъуыдыйæдты æмæ дзырдты хъуыдыйон фарсмæ уæд, кæд æмæ скъоладзаутæ фæтыхсынц дзырдты нысаниуæг раст æмбарыныл, кæнæ хъуыдыйæдты загъдгонд хъуыды куы нæ фембарынц, кæнæ куы бахъæуы ахуыргæнинæгты ныхас райрæзынæн, уыдонæн растфыссынад амонынæн, кæнæ æрхæцæн нысæнтты раст æрæвæрынæн. Кæд æмæ скъолаты грамматикон æвзæрст аразыны уыдис 168
^ —■■—-о^^г ^^з —ц^4^ ** стьф хæццæдзинæдтæ, уымæн æмæ хъуыдыйон æвзæрст уы- дис морфологон, синтаксисон æвзæрстыты ныхмæ, уæлдайдæр та кæд æмæ грамматикон формæты анализæн æххæст аргъ нæ кодтой, æмæ грамматикон æвзæрст йæхæдæг уыд тынг зын- вадат, уæд ныр æвзагахуырады кæрон æрцыд грамматикон æвзæрст аразыны ахæм практикæйæн. Ацы методикон куысты дзырд цæудзæн грамматикон æв- зæрстæн йе ’нтыстытыл, йæ нысаниуæг æмæ йæ ауадзыны ме- тодтыл. I. Грамматикон æвзæрст, йæ нысан æмæ йæ ауадзыны методтæ Ирон æвзаджы грамматикæ ахуыргæнгæйæ, граммати- кон æвзæрст, куыд ахуыры куысты хуыз, у стыр ахсджиаг æххуыс. Астæуккаг скъолайы грамматикæ ахуыргæнгæйæ, æнæмæнг аразын хъæуы грамматикон æвзæрстытæ. Грамма- тикон æвзæрст ахуыры куысты стыр ахсджиаг хуыз кæй у, уымæ гæсгæ йæ разы æвæры ахæм хæстæ: 1) Скъоладзаутæ теоретикон æгъдауæй цы сахуыр код- той, уыдон грамматикон æвзæрстыты руаджы арфдæр бам- барын æмæ ныффидар кæнын, стæй грамматикæйы хицæн фæткойтæ æмæ терминтæ базонын, уый нæ нысан кæны, æмæ уыдон грамматикæйы фидарæй базыдтой. Афтæ вæййы, æмæ ахуыргæнинæгтæ æнæкæсгæйæ сахуыр кæнынц фæткойтæ æмæ грамматикон терминтæ, фæлæ сæ нæ фембарынц, стæй фæткойтæн цæвиттонтæ ссарын сæ бон нæ вæййы. Ахæм аху- ыр, кæй зæгъын æй хъæуы, вæййы æнæхъуаджы, формалон. 2) Грамматикон æвзæрст дæтты стыр æххуыс æмæ фадат фæлхатт кæнынæн, ахуыргæнæг цы хъуыдыйад снысан кæны равзарынæн, уым ссарæн вæййы алыгъуызон грамматикон факттæн. 3) Грамматикон æвзæрст кæнгæйæ, ахуыргæнинæгтæн ир- тæстгонд цæуы сæ зонындзинад. Хъуыдыйад æвзаргæйæ сбæл- *11 169
вырд вæййы, цы æрмæг рацыдысты, уымæй цы бамбæрстой æмæ цы нæ бамбæрстой, уый. 4) Грамматикон æвзæрст кæнгæйæ, скъоладзаутæ арфдæр бамбарынц орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ, раст фыссын æмæ сын æххуыс кæны æрхæцæн нысæнттæ æрæвæ- рынæн. Грамматикон æвзæрстытæ вæййынц ахуыргæнинæгтæн сæ кармæ, сæ зонындзинæдтæм гæсгæ. Грамматикон æвзæрстытæ фæцæуынц дыууæ хуызы: æх- хæст æмæ æнæххæст хуызы, кæнæ хуымæтæг æмæ вазыг- джын. Æххæст хуыз, кæнæ вазыгджын æвзæрст æй хонынц уы- мæн, æмæ алы дзырд дæр хъуыдыйады æвзæрст цæуы, йæ ны- саниуджытæ се ’ппæт дæр бацамындгонд куы æрцæуынц. Æнæххæст хуыз, кæнæ хуымæтæг æвзæрст та аразын хъæуы, хъуыдыйады хæйттæ се ’ппæт æвзæрст куы нæ фæцæуынц, фæ- лæ æвзæрст фæцæуы, уый размæ цы сахуыр кодтой, æрмæст уыцы хъуыдыйады хæйттæ. Зæгъæм, ахуыргæнинæгтæ сахуыр кодтой хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ: сæйрат æмæ зæгъинаджы. Ахуыргæнæг дæтты хъуыдыйад æмæ зæгъы, цæмæй дзы сса- рой сæйраг уæнгтæ. Хъуыдыйады иннæ хæйттæ кæй нæма ра- цыдысты, уый тыххæй сæ кой нæ кæны, уæд уый уыдзæнис хуымæтæджы æвзæрст. Гæнæн ис æмæ алы урокыл дæр цæуа хуымæтæджы æвзæрст, ома ахуыргæнинæгтæ практикæйы ра- иртасдзысты, теорийæ цы базыдтой, уый. Вазыгджын æвзæрстæн тарахицæн хъæуы рæстæг. Ауадзæн ын ис иу-цалдæр темæйы сахуыр кæныны фæстæ. Грамматикон æвзæрсты рæстæджы ахуыргæнинæгтæ хъуа- мæ базоной орфографи æмæ пунктуаци. Орфографи базонд- зысты, фонетикон æмæ морофлогон æвзæрст аразгæйæ, пун- ктуаци та ситаксисон æвзæрст кæнгæйæ. Дзырдты арæзт анализгæнгæйæ, ахыргæнæг хъуамæ бах- хуыскæна ахуыргæнинæгтæн, цæмæй грамматикон фæткойтæ хъуыздæр бахъуыды кæной. Хъуамæ базоной мидисы бастдзи- 170
т;^^ ^^Ф -ф$$? над формæтимæ, ныхасы бастдзинад та хъуыдыкæнынадимæ. Грамматикон æвзæрст ахуыргæнинæгтæн раргом кæны сæ ныхасы уæлдайдзинæдтæ, æмæ уыцы рæстæджы ахуыргæ- нинæгтæ ноджы дæр зонгæ кæнынц ахуыргæнæджы æвзаджы хорз миниуджытимæ. II. Грамматикон æвзæрстæн текст равзарын Цæмæй ахуыргæнинæгтæ хъуыдыйады арæзт базоной, уый тыххæй раргом кæнын хъæуы æрмæст хъуыдыйадæн йæ уæнгтæ нæ, фæлæ ма уыдонæн хъуыдыйады уæнгтимæ сæ бастдзинад дæр. Вазыгджын хъуыдыйады алы хуымæтæг хъуыдыйады дæр рахицæн кæнын æмæ сбæлвырд кæнын, цахæм хъуыдыйæдтæй конд у, уый, кæд хъуыдыйады уа дзырдбастытæ, кæнæ та ахæм фразæтæ, кæцытæн кæрæдзийæ ахицæнгæнæн нæй, уæд ахуыргæнæг хъуамæ сбæлвырд кæна, сæхи мидæг та сын цахæм бастдзинад ис, уый. Зæгъæм, ахæм хъуьтдыйады: Згьоры мæуайы, йæ комы фын- ккалгсе, æрдхæрæны хъал дон - æнусон цъæх Ессæ (Нигер). Ацы хъуыдыйады нæй ахицæнгæнæн фæрсагмион здæхт «йæ комы фынкклагæ»-йæи, фæлæ ацы дзырдтæн дæр сæ кæ- рæдзийы мидæг ис бастдзинад. Иунæг ахæм хъуыдыйад дæр хъуамæ лæвæрд ма ’рцæуа æвзарынæн, кæцы хъуыдыйадæн йæ контекст ирдæй æмбæр- стгонд нæ уа ахуыргæнинæгтæн. Уымæ гæсгæ, хуыздæр у, грамматикон æвзæрстæн сын лæ- вæрд цæуа, аивадон литературæйæ цы сахуыр кодтой, кæнæ цы бакастысты, уымæй. Мидисджын, цардæй ист æмæ рæсугъд фыст тексттæ ахъ- аз кæнынц ахуырнæнинæгты эстетикон æмбарындзинадæн. Грамматикæйы уроктыл ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг цы цæвит- тонтæ хæссой, уый фæзындзæн сæ л итературон райрæзтыл дæр. Фæлæ, æгæрыстæмæй, хъуыдыйæдтæ, ахъуыргæнинæгтæ цы 171
^Ф—— ч§фф&2 — ——*••*>— — 5дф4^ <** литературон æрмæг бакастытсты, уырдыгæй ист куы цæуой, уæддæр бабæрæг кæнын хъæуы, кълас ма уыцы уацмыс хъу- ыдьт кæны æви нæ, уæлдайдæр та текст кæцæй ист у. Зæгъæм, æвзарынæн лæвæрд цæуы ахæм хъуыдыйад: «Æвиппайды кæрдтæ нырттывтой, мæсыджы къултæ цæхæртæ акалдтой, æмæ æлдарæй онг онгыл дæр нал аззади». Зæгьæм, ахуыргæнæджы фарст: «Кæцæй ист у ацы хъуыдыйад?» Ахуыргæнинæгтæ дзу- апп радтой: «Гæдиаты Секъайы радзырд «Арагвийы Еры- стау æлдар»-æй». Ахуыргæнæг хъуамæ ма ныллæууа уыцы дзуаппыл, уымæн æмæ уый æххæст не ’вдисы хъуыдыйадæн йæ мидис. Фæлæ ма хъуамæ радта уæлæмхас фарста: «Кæй къухы фертывтои кæрдтæ? Кæнæ цавæр мæсыджы къултæ ныццæхæр калдтой?» Кæнæ, чизоны афтæ дæр рауайа æмæ ахуыргæнинæгтæй ферох уа хъуыдыйад цы контекстæй ист у, уый. Афтæ куы рауайа, уæд ахуыргæнæг хъуамæ цалдæр дзырдæй ахуыргæнинæгтæн сæ зæрдыл æрлæууын кæна уац- мыс. Уыимæ ма хъуыдыйады вæййы ахæм дзырдтæ, кæцыты ахыргæнинæгтæ нæ фембарынц. Ахæмтæ куы уа хъуыдыйа- ды, уæд сæ хъæуы бамбарын кæнын ахуыргæнинæгтæн. Зæгъ- æм, ахæм хъуыдыйады: Хоры къутуйау йæ тæнтæ, бинаг был - кæфой. Ам, гæнæн ис, ахуыргæнинæгтæ ма ’мбарой дзырд кæфой цы у, уый. Уæд ахуыргæнæг фæрсы æнæхъæн къласы, цы у дзырд кæфой, зæгъгæ. Фæлæ ис, йæ контекст æмбарын кæнын кæмæн нæ хъæуы, ахæм хъуыдыйæдтæ дæр. Зæгъæм: Хур арвыл куы хьазы, фæтынгдæр ис бон. Ацы хъуыдыйады хъауджы дæр нæу, сывæллæттæ Нигеры æмдзæвгæ зонынц, æви нæ, уымæн æмæ хъуыдыйад æнæуый дæр æмбæрстгонд у. Фæлæ уæддæр мæгуырау нæу, ахуыргæнинæгты афæрсын, хъуыдыйад кæцæй ист у, уый. Ахæм фарстытæн дзуаппытæ кæддæриддæр æвзаджы ахуыргæнджытæн æвдисдзысты сæ кълæсты ахуыргæнинæгтæ литературон уацмыстæ цас зо- нынц, цас сæ зæрдыл лæууы рацæугæ æрмæг æмæ тынгдæр сæ хъус дардзысты литературон тексттæм. 172
**5>—«— цф%? -^3^ ц^ —<& Контекст аразын нæ бахъæудзæнис ныры историон уавæрыл чи дзура, ахæм зындгонд хъуыдыйæдтæн дæр. Цæвиттон ахæм хъуыдыйад: Нæ хицауад æдзухæй дæр ауды адæмы кулъту- рон цард фæхуыздæр кæныныл. Ахуыргæнæг грамматикон æвзæрсты тыххæй цы хъуыды- йæдтæ хæссы, уыдон хъуамæ уой мидисджын æмæ сæ тексттæ литературон ахастмæ гæсгæ æнæфау. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы домындзинад грамматикон æвзæрсты рæстæджы нæ иу- варс кæны цæвиттонтæ хæссыны хъуыддаг дæр дзургæ ныха- сы, фæлæ иннæрдæм, дзургæ ныхасæй райсгæ грамматикон анализ у æнæмæнг хъуыддаг, кæд æмæ фаг мидисджын уой, æмæ сæм сæ арæзтмæ, кæнæ сæ стилмæ гæсгæ фау æрхæссæн нæ уа, уæд. Ахæм хъуыдыйæдтæ аразынæн уæлдай тынгдæр пайда кæнын хъæуы ахуыргæнинæгтæн сæхи дзургæ ныхæстæй, уый сын баххуыс уыдзæн сæ дзырдуат фæхъæздыгдæр кæ- нынæн. Ахуыргæнинæгты сæрмагонд ныхас фæхуыздæр кæныны тыххæй ахсджиаг у, цæмæй сын сæ хъуыды здæхтæуа, ныр- тæккæ æнæмæнг чи хъæуы, ахæм темæтæм, куыд сæрибарыл тох, адæмты ’хсæн хæлардзинад, нæ ахуыргæндты æмæ культу- рæйы стъалыты æнтыстытæ, зонад, техникæйы размæцыдыл дзурæг факттæ, хуымæтæг кусæг къласы хъазуатон куыст æмæ а.д. Ахуыргæнæг къласы цы фæнды куыст æххæст кæна, уæд- дæр хъуамæ фыццаг рады уа хъомылгæнæг. Æвзажы ахуыргæнджытæй вæййы, хъуыдыйады грамма- тикон æвзæрстыты тыххæй алыгъуызон грамматикон æмба- рынæдтæ, ома быцæуаг фарстытæ кæм вæййы, ахæм хъуы- дыйæдтæ чи æрхæссы, ахæмтæ. Быцæуаг фарстытæй дæр хи хизын нæ хъæуы, фæлæ сæ дæт- тын дæр нæ хъæуы уæдмæ, цалынмæ сывæллæттæ быцæуаг чи нæу, уыцы грамматикон фæткойтæ бамбарой, уæдмæ. Хъуыдыйады дзырдбастытæ куы уой сæрмагонд нæмттæ, уæд сæм кастæуы куыд иу хъуыдыйадон уæнг. Ахæм нæмттæм 173
<^ф$? ^Чф— _ ^^ ~&Г хауынц георграфион, историон, астрономон, уагдæтты нæмт- тæ, организацитæ, газеттæ, журналтæ, литературон уацмыстæ, бæрæгбонтæ æмæ æнд. Куыд зæгъæм: Республикæ Хуссар Ирыстон, Стыр Ныхас, Сырх Æфсад, «Хурзæрин», «Мах дуг», «Фидиуæг», «Хъæбатырты кадæг» æмæ æнд. Грамматикон æвзæрсты иумиаг домæнтæ Грамматикон æвзæрстæн раттын хъæуы уæрæх бынат. Ахуыргæнæг хъуамæ баххуыс кæна ахуыргæнинæгтæн, цы программæ рацыдысты, уымæ гæсгæ сæ зонындзинæдтæн хат- дзæгтæ скæнын, æвзагæн грамматикон хицæндзинæдтæ æмæ закъæттæ равзаргæйæ, æмæ уыдон кæрдзийыл сбæтгæйæ. Грамматикон æвзæрстæн йæ фыццаг домæн у, ахуыргæ- нинæгтæн æвзаринаг тексты мидис бацамонын. Дыккаг до- мындзинад у, органикон иудзинад саразын, грамматикон æвзæрстытæй ахуыргæнинæгты ныхасы культурæйы фæбæр- зонддæр кæнын. Грамматикон æвзæрсты метод иурæстæджы хъуамæ уа ана- литикон дæр æмæ синтетикон дæр. Грамматикон æвзæрсты рæстæджы фарстон-дзуаппон ме- тод бирæ ахуыргæндты зæрдæмæ нæ цæуы. Афтæмæй иу- æй-иу скъолаты традицийы бацыди ацы æгъдау. Зæгъæм, лæвæрд у текст æмæ ахуыргæнæг зæгъы, равзарут æй, зæгъ- гæ. Ахуыргæнæг фæрсы, зæгъгæ, хъуыдыйад цахæм у. Уый фæстæ та рахызтысты ныхасы хæйттæм æмæ фæрсы: Цахæм номдар у? Кæцы хауæны ис? Кæцы нымæцы ис? Иæ роль цы у хъуыдыйады æмæ а.д. Ахæм цыбыр дзуаппытæй ахуыр- гæнинæгтæн сæ ныхасы культурæ нæ райрæздзæнис. Цæмæй ахуыргæнинæгтæн сæ ныхас кæрæдзийыл баст рауайа, уый тыххæй цы фæнды хуызы æвзæрст кæнгæйæ дæр фонетикон, морфологон, синтаксисон, æгъдау хъуамæ хъахъхъæд цæуа. Фонетикон æвзæрст кæнгæйæ, ахуыргæнæг ахуыргæнинæг- 174
ч#^г ^*^ —^З^ ты раз æвæры ахæм фарстытæ: а) сбæлвырд кæнут дзырдты мидæг мыртæ æмæ дам- гъæтæ; æ) дзургæйæ раиртасут дзырдты мидæг мырты; б) ссарут дзырдты мидæг зылангон æмæ æзылангон мыртæ; в) ссарут цавдон уæнгтæ дзырдты дæр æмæ хъуыдыйæдты Дæр; г) раиртасут мырты фыссыны æмæ дзурыны хицæндзи- нæдтæ (лæгтæ, уагъта, загъта æмæ а.д.) Фонетикон æвзæрст сбæттын хъæуы орфографион æвзæрс- тытимæ. Морфологон æвзæрст кæнгæйæ та домдæуы, цæмæй ахуыр- гæнинæгтæ радтой ныхасы хæйттæн характеристикæтæ, ома сын бацамоной сæ грамматикон миниуджытæ. Зæгъæм, мивди- сæг рахицæн кодтой, уæд хъуамæ бацамоной: хуымæтæг у æви вазыгджын, æххæст хуыз у æви æнæххæст, цæугæ у æви æдзæугæ, иухаттон у æви бирæхаттон, здæхæн, цæсгом, ны- мæц æмæ æнд. Синтаксисон æвзæрст кæнгæйæ та фыццаг характеристикæ раттын хъæуы хъуыдыйæдтæн. Кæд хъуыдыйад хуымæтæг уа, уæд фыццаг базонын хъæуы, интонацимæ гæсгæ цахæм у, фар- стон, хъæрон æви таурæгъон хъуыдыйад, хумæтæджы цыбыр хъуыдыйад у æви хъумæтæджы даргъ. Хуымæтæджы хъуы- дыйады типтæм гæсгæ та цахæм у: æххæст æви æнæххæст æмæ а.д. Уый фæстæ та йæ хъæуы равзарын, æвзæрст куы фæуа, уæд ахуыргæнинаг аразы фæстиуджытæ, зæгъгæ, хъуы- дыйад у таурæгъон, æххæст, цæсгомон, уый тыххæй æмæ дзы сæйрат æмæ зæгъинаг бæрæг сты. Ахуыргæнæг алы ахуыргæнинаджы дæр хъуамæ сбæрæг кæна æвзаджы урокты рæстæджы, рæстæгæй-рæстæгмæ сæм хъуамæ фæсида фæйнæгмæ. Грамматикон æвзæрсты рæстæджы, сæйраджыдæр, хъус да- рын хъæуы дзырдты равзæрдмæ, хъуыдыйады сæйраг уæнгты нысаниуæгмæ, куыд хъуыдыйадæн йæ сæйрагдæр апп æвдис- 175
джытæ, афтæ. Ахуыргæнинæгты фæцайдагъ хъæуы, цæмæй тагъд æмæ æнцонтæй уарой лæвæрд тексты грамматикон категоритæ, хъуамæ бæлвырд нысæнттæй хицæнгонд æрцæуой хъуыды- йады фæрсагуæнгтæ. Зæгъæм, ахуыргæнæг дзуры хъуыдыйад, æмæ йæ ахуыргæнинаг фыссы. Ацы рæстæджы ахуыргæнинаг куыд фыссы, афтæ амоны æрхæцæн нысæнттæ мæнæ афтæ: Æвæццæгæн, алчи дæр федтаид, цард хъахьхьæныны тых- хæй цæрæгойтæ куыд фæивынц сæ хуыз, уый. Фысгæ-фыссын ахуыргæнинаг дзуры: æвæццæгæн-ы фæстæ æвæрын къæдзыг, уымæн æмæ у бавæргæ дзырд, иннæ къæдзгуытæ уымæн æвæ- рын, æмæ уæлæмхæст хъуыдыйад ис сæйраг хъуыдыйадæн йæ астæу. Гæнæн ис афтæ дæр, æмæ ахуыргæнæг цы хъуыдыйад зæ- гъа, уый ахуыргæнинæгтæ равзарой дзургæйæ, ома бацамо- ной æрхæцæн нысæнттæ, се ’гъдæуттæ. Граммтикон æвзæрсты рæстæджы ахуыргæнинæгтæн дæт- тын хъæуы алыгъуызон хæслæвæрдтæ, кæцытæ сын феххуыс уыдзысты сæ ныхасы культурæ райтынг кæныны. Грамматикон æвзæрст кæнгæйæ, куыд формæ æмæ миди- сæн кæрæдзийæ фæхицæнгæнæн нæй, афтæ синтаксисон æмæ морфологон æвзæрстæн дæр кæрæдзийæ фæхицæнгæнæн нæй. Хъуамæ баст уой æнгом кæрæдзийыл, уый тыххæй æмæ, морофологон æвзæрст кæнгæйæ, дзырдты формалон хæйттæ уыцы иу рæстæджы февдисынц синтаксисон нысаниуджытæ æмæ æгъдæуттæ. Фонетикон æвзæрсты методтæ Цæмæй ахуыргæнинæгтæ фонетикон æрмæг хуыздæр ба- фидар кæной, уый тыххæй ахуыргæнæг рæстæгæй-рæстæгмæ хъуамæ араза фонетикон æвзæрстытæ. Фонетикон æвзæрстæн райсын хъæуы, йæ мидис кæрæдзийыл баст кæмæн уа, ахæм 176
скъуыддзаг, гæнæн ис хицæн хъуыдыйадыл дæр сараза фо- нетикон æвзæрст, фæлæ йын ахуыргæнинæгтæ йæ хъуыды хъуамæ æмбарой. Фонетикон æвзæрсты, фыццаджыдæр, ахуыргæнæг хъуамæ æрдома хъуыдыйады йæ интонацимæ гæсгæ раст дзурын, хъæлæс фæбæрзонддæр кæнын, фæныллæгдæр кæнын, ны- хасы темп фæтагъддæр кæнын æмæ фæсындæгдæр кæнын, паузæтæ аразын, цавд раст æвæрын æмæ æнд. Фонетикон æвзæрст хицæн дзырдтыл куы арæзтæуа, уæд та ахуыргæнæг хъуамæ æрдома, дзырды мидæг цавд ис æви нæ, кæцы уæнгыл хауы, цахæм цавд у, ахизгæ у æви æнæахизгæ, цавд куыд æндавы йæ размæ æмæ йæ фæстæ уæвæг дзырдтыл, кæцымæ дзы хæстæг лæууы, кæцы уæнг дзы нæ райхъуысы дзырды мидæг æмæ æнд. Кæд æмæ ахуыргæнинæгтæ мырты кæрæдзи ивыны бы- нат сахуыр кодтой, уæд та ахуыргæнæг хъуамæ бафæрса дзырдæн йæ райдайæн формæ куыд уыди, куыд дзы æрцыди мырты ивынад æмæ æнд. Фонетикон æвзæрст гæнæн ис са- рæзтæуа дзургæйæ æмæ фысгæйæ дæр. Уыцы рæстæджы стыр нысаниуæг ис цæстуынгæ æрмæгæй спайда кæнынæн (таблицæтæ аразын, схемæтæ, дзурæн органты нывтæ равди- сын æмæ æнд.). Фонетикон æвзæрстгæнгæйæ, спайдагæнæн ис бирæгъ- уызон цæстуынгæ æрмæджытæй. Зæгъæм, фонетикæйы урок- тыл амындгонд цæуы зылангон æмæ æзылангон æмхъæ- лæсонтæ, ахуыргæнæг ахуыргæнинæгтæн æмбарын кæны, зылангонтæ æмæ æзылангонтæ кæй вæййынц къæйттæ, уый æмрæстæджы сæ æвдисы фæйнæгыл, науæд та гæххæттыл раздæр бацæттæгонд таблицæ мæнæ ахæм хуызы: Зылангон б æмхъæлæсонтæ Æзылангон п æмхъæлæсонтæ в ф г к гъ х дз ц дж ч з с д т л - м - н - р - къ пъ тъ цъ чъ 177
’*) -ч^^а -<^4ф ц)ф^г ®? Ахуыргæнæг дарддæр амоны уыцы урокы, сонорон мыр- тæн кæй нæй æмкъай æзылангон æмхъæлæсонтæ, уымæн æмæ уыдон сты иннæтæй хъæлæсджындæр, гъе, афтæ, нæй æзылангонтæ къ, пъ, тъ, цъ, чъ-йæн дæр æмкъай зылангон мыртæ, уымæн æмæ уыдон куыд æвзæрынц, афтæ зылангон æмхъæлæсонтæй никæцы равзæры. Уæдæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы таблицæмæ гæсгæ ахуыргæнинæгтæ сæ зæрдыл хуыздæр бадардзысты зылангон æмæ æзылангонты æмкъайад. Афтæ саразæн ис таблицæтæ, ассимиляци цы дзырдты æр- цæуы, уыдонæн. Науæд та пълакъаттæ тексттимæ, кæцытæ æвдисой, цавд æрæвæрынимæ кæй ивы дзырдæн, йе стæй хъуыдыйадæн дæр йæ нысаниуæг. Зæгьæм, афтæ: Бабыз æмæ бабыз; Хосдзау æмæ хосдзау. Кæнæ хъуыдыйæдты: ОктябрьГколхоз йæ куысты пълæнттæ сæххæст кодта уæлдайджынтæй. Октябры кдлхоз йæ куысты пълæнттæ сæххæст кодта уæлдайджынтæй. Кæнæ: Маххъæуы зæхх. МаххъæуьГзæхх. Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсон мыртæ амонгæйæ, æнæ- мæнг, равдисын хъæудзæнис дзурæн органты нывтæ дæр. Æвзаджы ахуыргæнæгæн йæ хæс у, цæмæй æвзаджы алы урокыл дæр пайда кæна цæстуынгæ æрмæджытæй. Морфологон æвзæрсты методтæ Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй морфологон æв- зæрстæн йæхицæн ис дыууæ хуызы: иу дзырды хæйттæм гæсгæ æвзæрст, ома дзырдæн йæ уидаг, йæ разæфтауæн, йæ бындур æмæ йæ кæрон рахицæн кæнын æмæ уыдонæй алкæмæндæр йæ нысаниуæг раиртасын, иннæ та ныхасы хæйттæм гæсгæ 178
•*— ч#г%* ^-^>«_— цфф^ ъ? æвзæрст, ома æвзæрст цы дзырд цæуы, уый кæцы ныхасы хай у, стæй йæ формæмæ гæсгæ кæцы хауæн æмæ нымæцы ис æмæ а.д. Ныхасы хæйттæм гæсгæ æвзæрстыты фыццаг ахуыргæнæг хъуамæ ногæй ахуыргæнинæгты зæрдыл æрлæууын кæна, цы сты æмæ сын цы нысаниуæг ис ныхасы хæйттæн. Ахуыр- гæнинæгтæ бæлвырд куы бамбарой, хъуыдыйады мидæг дзырдтæй чи кæцы ныхасы хай у, уый, уæд сын хъуыдыйа- ды уæнгтæм гæсгæ уыцы хъуыдыйад æнцон æвзарæн уыдзæн. Фæлæ цахæм хуызы морфологон æвзæрст нæ кæнæм, фæнды ныхасы хæйттæм гæсгæ, фæнды дзырды хæйттæм гæсгæ, уæд- дæр хъуамæ æвзаринаг дзырдмæ лæвæрд цæуа ахæм фарст, кæцы йын æргом кæна, куыд йæ формæты нысаниуæг, афтæ йæ бастдзинад хъуыдыйады мидæг иннæ дзырдтимæ. Афтæ, зæгъæм, миногон кæнæ фæрсдзырд æвзаргæйæ, æнæмæнгхъæ- уы раргом кæнын, цахæм дзырдтимæ цæуынц баст хъуыдый- ады мидæг æмæ цахæм æууæлтæ февдисынц, кæд формæйæ вæййынц иугъуызон, уæддæр. Комкоммæ зæгъгæйæ, бацамонын хъæудзæн уый, æмæ ми- ногонтæ кæддæридæр баст кæй вæййынц предметтимæ, æмæ фæбæрæг кæнынц предметы æууæлтæ, фæрсдзырдтæ та баст вæййынц мивдисджытимæ, æмæ февдисынц архайды æууæл- тæ. Морфологон æвзæрст хъуамæ арæзт цæуа афтæ, цæмæй æвзаринаг тексты мидис æмбарынæн уа иуыл хуыздæр амал. Дзырды хæйттæ æвзаргæйæ та фагыл банымæйæн нæй уый, æмæ æрмæст дзырды адихтæ кæн йе сконды хæйттыл, фæлæ ма йын бацамонын хъæуы, дзырд цы фæсæфтауæнтыл æмæ разæфтауæнтыл дих кæны, уыдон ын цахæм нысаниуджытæ дæттынц. Зæгъæм, мивдисæджы хуызтæ амонгæйæ, зæгъын хъæуы, мивдисджытæ фæуд хуыз кæй райсынц, разæфтауæнтæ бафтаугæйæ æмæ æнд. Морфологон æвзæрстгæнгæйæ дæр ис пайдагæнæн алыгъ- уызон цæстуынгæ æрмæджытæй: схемæтæй, графæтæй æмæ æнд. 179
Синтаксисон æвзæрсты методтæ Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй синтаксисон æв- зæрсты хуызтæ сты бирæ æмæ алыгъуызон, фæлæ уыдонæй ахицæн кæнын хъæуы дыууæ сæйрагдæр хуызы: хъуымæтæг хъуыдыйады равзарын, ома, хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ æмæ вазыгджын хъуыдыйæдты равзарын, ома, хъуыдыйæдты сæ арæзтмæ гæсгæ. Хуымæтæг хъуьщыйæдгæ æвзаргæйæ, фыццаджыдæр хъæуы: 1) Рабæрæг кæнын, йæ арæзтмæ гæсгæ цахæм тип у, сæйраг уæнгтæ рахицæн кæнын æмæ бацамонын, сæ нысаниуæг цы у, уый, цахæм ныхасы хайæ загъд сты, æмæ куыд баст сты сæ формæтæм гæсгæ кæрæдзиимæ. 2) Рабæрæг кæнын, фæрссаг уæнгтæй сæйратимæ кæцы- тæ сты баст æмæ зæгъинагимæ та кæцытæ, йе стæй сæ кæрæ- дзиимæ куыд баст сты, æппæт уыдæттæ. 3) Фæрсаг уæнгтæй алкæцыйæн дæр цы нысаниуæг ис, ца- хæм фарстæн дзуапп дæттынц, ома, цы æмбарын кæны, хъуы- дыйады цавæр уæнг у: æххæстгæнæн, бæрæггæнæн, фадатон дзырд, æмæ цахæм фадатон дзырд у. 4) Цы дзырдмæ хауы, уыйимæ йын цахæм бастдзинады формæ ис. 5) Цахæм ныхасы хайæ загъдгонд у. 6) Хъуыдыйады иртæстгонд уæнгтæ дзы ис æви нæ, цавæр æнæфæхицæнгæнгæ дзырдбастытæ дзы ис, цæмæн сты кæ- рæдзийæ æнæфæхицæнгæнгæ. Вазыгджын хъуыдыйад æвзаргæйæ та йæ хуыз, йæ хъуыды æмæ йæ нысаниуæг йеддæмæ базонын хъæуы: 1) Цы хъуыдыйæдтæй конд у, уыдоны нымæц, алкæцыйы дæр сæ рахицæнгæнгæйæ. 2) Рабæрæг кæнын хъæуы уыдоны кæрæдзиимæ ахастытæ. 3) Уыцы хъуыдыйæдтæй алкæмæн дæр лæвæрд цæуы ха- рактеристикæ. 180
4) Бацамонын хъæуы хъуыдыйæдты кæрæдзийы ’хсæн бас- тдзинады формæтæ, уыимæ банысан кæнын хъæуы, уæлæм- хаст хъуыдыйад иумæ сисгæйæ, сæйраг хъуыдыйады æмткæй æмбарын кæны æви хицæн дзырд у. Куыд æй æмбарын кæны, сæйраг хъуыдыйады цавæр бынат ахсы. 5) Лæвæрд хъуыдыйæдты домгæ бастдзинад ис иугъуызон уæлæмхаст хъуыдыйæдты æви нæ. 6) Лæвæрд хъуыдыйæдты кæд ис иугъуызон уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ, уæд сын рабæрæг хъæуы сæ нысаниуæг, рат- тын сын хъæуы характеристикæ æмæ бацамонын уæлæмхаст хъуыдыйады хуызтæй кæцымæ хауы, уый. Сæйраг хъуыдыйа- ды йын кæцы дзырдимæ ис бастдзинад æмæ цахæм формæйæ у загъдгонд. Синтаксисон æвзæрстгæнгæйæ, рохуаты уадзын нæ хъæуы морфологон æвзæрст, æмæ иуæй-иу хатт та фонетикон æвзæрст дæр. Фæлæ алыхатт æнæмæнг хъуыддаг нæу синтаксисон æв- зæрстимæ морфологон æвзæрст баиу кæнын, кæнæ морфоло- гон æвзæрст синтаксисон æвзæрстæй райдайын. Афтæ, æмæ грамматикон æвзæрсты хуыз равзарын баст у лæвæрд урочы нысаниуæгмæ гæсгæ, кæд урочы нысан уа æрмæстдæр син- таксисон факт бамбарын кæнын, уæд гæнæн ис æмæ æрмæст синтаксисон æвзæрстыл ахицæн кæнæн. Фæлæ уæддæр иуæй- иу хатт афтæ ма уа, æмæ ма фембæлæм ахæм дзырдтыл кæнæ дзырдбастытыл, кæцытæн ма бахъæуа морфологон æгъдауæй анализ кæнын. Куыд зонæм, уымæ гæсгæ, пунктуацион æвзæрст æнгом баст у синтаксисимæ, уымæ гæсгæ пайдадæр у, алы синтакси- сон æвзæрст уадзгæйæ дæр ахуыргæнæг иу æрхæцæн ны- сан дæр æнæ бацамонгæйæ ма хъуамæ ауадза, уæлдайдæр та уæлæмхасæн хъуыдыйæдтæ амонгæйæ. Уæлæмхæст хъуыдыйæдты хуызтæ сахуыр кæныны фæстæ ахуыргæнæг иу урок хицæн кæны фæлхатт кæнынæн, уыцы урок уагъдгонд цæуы ахæм фæлтæрæнты руаджы: 1. Уыцы иугъуызон лексикон æрмæгæй саразын ахæм 181
** 5^4^ ^^ —5^ —*Г домгæ вазыгджын хъуыдыйæдтæ, цыран уа архайды, ныса- ны, æфсоны, бадзырдон æмæ ныхмæвæрды уæлæмхæст хъуы- дыйæдтæ. Уыцы куыст хъуамæ æххæстгонд æрцæуа ахæм хуызы: 1. Кæд дæ урок сахуыр кæнай, уæд райсдзынæ хорз нысан. (бадзырдон уæлæмхаст хъуыдыйад) 2. Цæмæй хорз нысан райсай, уый тыххæй урок хорз саху- ыр хъæуы. (нысаны фадатон уæлæмхаст хъуыдыйад) 3. Кæд дæ урок сахуыр кодтай, уæд дæм хорз нысан æмбæл ы (бадзырдон фадатон уæлæмхаст хъуыдыйад) 4. Кæд дæ урок сахуыр кодтай, уæддæр хорз нысан нæ рай- стай. (ныхмæвæрды уæлæмхаст хъуыдыйад) 5. Дæ урок афтæ сахуыр кæн, хорз нысан куыд райсай. (ар- хайды хуызы фадатон уæлæмхаст хъуыдыйад) Афтæ æмæ, формæйæ уыцы иугъуызон бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдтæй саразын цалдæр хуызы уæлæмхаст хъуы- дыйæдты. Фæлтæрæн раттын домгæ вазыгджын хъуыдыйæдты æп- пæт хуызы уæлæмхæст хъуыдыйæдтимæ, æмæ уыдон æвзар- гæйæ ахицæн кæныны тыххæй. Ахуыргæнинæгтæ ацы куыстытæ куыд сæххæст кодтой æмæ сын уроктыл куыд дзуапп кæнынц, уымæ гæсгæ сын ахуыргæнæг æвæры нысæнттæ. Уый фæстæ урокыл та хъуамæ уагъдгонд æрцæуой домгæ вазыгджын хъуыдыйæдты тыххæй алыгъуызон фыссыны куыстытæ. Æрхæцæн нысæнтты тыххæй ахуыргæнæг уадзы фæлварæн. Фыссыны куыстыты фæстæ ахуыргæнæг аразы фæстиу- джытæ домгæ вазыгджын хъуыдыйадæй, сфæлхатт кæны æппæт æрмæг æмæ рабæрæг кæны, ахуыргæнинæнгтæ цас бамбæрстой уæлæмхаст хъуыдыйады хуызты. Уыцы фæстиуджытæ аразгæйæ ахуыргæнæг хъуамæ ратта ахæм фарстытæ: 1. Цы хонæм домгæ вазыгджын хъуыдыйад, цахæм хæйт- 182
тæй конд у, æмæ уыцьт аразæг хæйттæ цахæм грамматикон æу- уæлтæм гæсгæ баст сты? 2. Цы хицæндзинад ис бæттæг дзырдтæй? (Цæвиттонтæ хæссын кæны). 3. Цахæм хуызы уæлæмхаст хъуыдыйæдтæ ис ирон æвза- джы, куыд базындæуы уæлæмхаст хъуыдыйады хуыз. (Домы цæвиттонтæ). Ахуыргæнæг æвзаджы уроктæ уадзгæйæ, грамматикон æв- зæрсты ахæм методтæй пайдагæнгæйæ, ахуыргæнинæгтæн ратдзæн иттæг хорз зонындзинæдтæ æвзаджы уроктыл, уыцы зонындзинæдтæ та сын ахъаззаг æххуыс фæуыдзысты сæ æв- заджы дарддæры ахуырады. 1Р
СÆРГÆНДТÆ Редакторæй 5 ИРОН ÆВЗАДЖЫ РАЗАГЪТАЙЫ АХУЫРГÆНДТÆ Абайты Васо - ирон дзырды энциклопеди 7 Къостайы «Ирон фæндыр»-ы æвзагæмæ стиль 13 Нигер - æвзаджы зæрингуырд 24 Номдзыд ахуыргонд - æвзагзонæг АндрейШегрен 35 Ирзонынады стыр ахуыргонд В. Ф. Миллер 40 Зынгæ ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг Æлборты Барысби 48 Ирон адæмы хæлар, разагътайы ахуыргонд ГС.Ахвледиани 57 Бекъойты Димитры райгуырдыл 213 азы æххæст кæны 100 азы 63 Мадæлон æвзаджы иттæг хорз иртасæг Гæбæраты Никъала 71 УАЦТÆ Иумиаг ирон литературон æвзаджы сырæзты историйæ иуæй-иу фарстытæ 79 Иумиаг литературон æвзагæн дыгурон æви ирон диалект? 83 Ирон фыссынады истори скифты периодæй абоны онг. 89 Ирон фыссынад XVIII æнусы дыккаг æмбисæй абоны онг 105 Омонимтæ иронпоэзийы 113 Ирон æвзаджы иуæй-иу фразеологизмты историкон-семантикон анализ 144 Иуæй-иу æмбисæндты фæзынд æмæ сæ бастдзинад ирон æгъдæуттимæ 151 МЕТОДИКÆЙЫ ИУÆЙ-ИУ ФАРСТЫТÆ Æвзаг æмæ литературæйы бастдзинад ирон æвзаджы уроктыл 160 Грамматикон æвзæрстыты хуызтæ бацамонын астæуккаг скъолайы 167