Текст
                    Чиныг уагъд цæуы
В. И. Ленины райгуырдыл
110 азы сæххæсты бонмæ
Радзырдтæ,
æмдзæвгæтæ,
поэмæтæ
ЧИНЫГУАДЗÆН «Ир>
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1980


84 (Осет) С (Осет) Æ 40 ЦЫРЫХАТЫ М., ПЛИТЫ Г., ХЪАЙТЫХЪТЫ Г., ДЗАДТИАТЫ Т., ЦÆРУКЪАТЫ А., ЦÆГÆРА- ТЫ М., МАЛИТЫ В., ДЗЕСТЫ К., МЫРТАЗТЫ Б., ЦÆРУКЪАТЫ В., ЦÆГÆРАТЫ Г., ГÆЛУАТЫ А., ХЪАЙТТАТЫ С, ДЗАСОХТЫ М., ХОДЫ К., ТЫ- ДЖЫТЫ Ю., ДЖЫККАЙТЫ Ш. ЧИНЫГ СÆРÆЗТА МАЛИТЫ ВАСО Æ 40 Æнусты фарн. — Орджоникидзе: Ир, 1980. —199 с, с ил. Слава веков 70303-35 84 (0сет) М131 (03)-80 С (Осет) © Издательство Ир, 1980, составление, оформление
«Наукон хъуыдыйы титан æмæ адæмон æцæз фæтæг, æхсидгæ революционер, Ком- мунистон парти æмæ дунейы мидæг фыццаг социалистон паддзахад саразæг, Ленин йе ’ппæт ирд, хъæбатыр цард снывонд кодта егъау æмæ фæрнæйдзаг хъуыддагæн — про- летариаты æмæ ’ппæт ссæст дзыллæты со- циалон æгъдауæй ссæрибар кæныныл, фæл- лойгæнæг адæмы амондыл тохы хъуыдда- гæн». Ацы рæнхъытæ ист сты Владимир Ильич Ленины райгуырды 110 азы тыххæй СЦКП- йы Центоон Комитеты уынаффæйæ. Æмæ нæ,^ уыдоны бакæсгæйæ, нæ хъцыдытæ но- гæй æмæ ногæй ахæсс’ынц цытджын фæтæ- джы цард æмæ адæмы амонды сæрвæлтау тохы фæндæгтæм. Нæ цæстыты раз ноджы ирддæр, уоджы егъаудæрæй слæцуы Лени- ны æнæмæлгæ, æнусон сурæт. Аныгъуылæм Фæтæджы фыцгæ хъуыдыты æнæкæрон денджызы æмæ нæхицæн фæзæгъæм: æнæ- мæнг, Ленин райгуырд æмæ царди дзыл- лæтыч ног дуг æмæ ног заманты амондæн, нæ абон æмæ нæ фидæны бæрзонд нысан- тæн, фæллойгæнæг адæймаджы социалон 5
сæрибардзинадæн, нæ зæххыл рухстауæгæн, талынг æхсæвтæ сбонгæнæгæн æмæ дуке- йы æнтъыснæг æрвгæрæтты ирд сæуæхси- дæн. Ленины цард æмæ хъысмæт систы фæл- лойгæнæг дзыллæты, парти æмæ коммуни- сюн арæзтады фæндаг æмæ хъысмæт. Ле- нинизм ссис социалон прогрессы хурыскаст æмæ фæйлаугæ тырыса. Канд мах бæстæйы нæ, фæлæ æгас дунейы æппæтбæстæтысæ- рибар, хæдбардзинад, рæстдзинадыл тох- гæнæг адæмтæн. Ленин ссис нæ зарджытæ æмæ нæ хъцы- дыты, не стыр нысантæ æмæ рæсугъд бæл- лицты сæр. Ленины сурæт сæууон хуры тынтлц судзы æмæ тæмæнтæ калы алы а^æймаджы зæрдæйы дæр. Ленин... Уыиы ном æппæтæй зынаргъ- дæр æмæ сыгъдæгдæр хæзнаты хæзнадæрау бады кисæг æмæ колхозоны, ахуыргæнæг æмæ дохтыоы, аразæг æмæ скъоладзауы, фыссæг æмæ нывгæнæджы, заоæггæнæг æмæ фæндырæйцæгъдæг алы адæйнадоюы æвзагыл дæр, змæлы сывæллоны фæлмæн æмæ хæмпис былтыл, фыст у нæ иæстыты æмæ нæ бахидты, зыны нæ алы фезмæлд æмæ къахдзæфы, нæ алы хъуыддаг æмæ нæ алы Лæнды. Нæ бæстæиы алы кæрæтты алчидæо йæхирдыгонаи уарзы Ленины, алиидæр æй йæхирдыгонау ныв кæны йæ адæмы цард æмæ хъысмæты Алы адæммæ дæр Ленины тыххæй ис алыхцызон тацрæгътæ, запджы- тæ æмæ кадджытæ. Афтæ и махмæ, Ирыс- тоны дæр. Æнусы æмбисæй фылдæр рацыд, 6
Лениныл фыццаг ирон адæмон зарæг куы фæзынд, уæдæй нырмæ. Советон ирон фыс- джытæй, стæмтæй фæстæмæ, ахæм нæй, Ле- нины тыххæй зæрдæбынæй йæ аив хъæлæс кæмæн нæ азæлыд. Ирон зарæджы ныхæс- тау «Марксы хъуыдытæ Ленин царды куы рауагъта», уæдæй нырмæ фæтæджы æнæ- мæлгæ сурæт нæ аив литературæйы æрцах- ста ахсджиаг бынат. Епхиты Тæтæри, Ар- дасеиты Хадзыбатыр, Боциты Барон, Хози- ты Яков, Гулуты Андрей, Мамсыраты Дæ- бе, Хъазыбегты Хъазыбег, Плиты Харитон... Чи нæ дзы загъта йæ зæрдиаг æмæ уарзон поэтикон ныхас Ленины тыххæй? Ныртæк- кæ æгас чи у, уыцы ирон фысджытæ дард- дæр, арфдæр æмæ парахатдæрæй æвналынц лениион темæмæ. Ууыл дзурæг сты, ацы чиныджы цы уац- мыстæ мыхуыргонд цæуынц, уыдон дæр. Уый нæ Ленинианæйы фыццаг æмбырдгонд иæу. Къорд азы размæ нын чиныгуадзæн «Ир» ракодта цæстуарзон лæвар — «Ир Ле- ииныл зары». Фæлæ ленинон темæ, æнусоч темæтæ кæй хонæм, уыдонæн у сæ тæккæ ахсджиаздæр æмæ æвидийгæдæртæй. Уы- мæн никуы уыд, нæй æмæ нæ уыдзæн сихси- йæн. Уый нæ зæрдæты æнхъæвзы хæххон рæсуг суадонау æмæ нæ кæддæриддæр хайджын кæны, рæвдауы, размæ хоны æмæ разæнгард кæны ног мыртæй, ног азæлдæй, ног фæлгонцтæй, ног ахорæнтæй. Ацы æмбырдгондмæ чи бацыд, уыцы уацмысты дæр чысыл нæй ахæм ног ахо- рæнтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уацмыстæ иу уылæиыл фыст не сты. Сæ иутæн ис ли- 7
рикон-философон æмæ публицистикон ахаст, иннæтæ æнцой кæнынц революцион-роман- тикон æмæ эпикон фæлгонцтыл, аннæтæ амад сты традицион-аивадон æууæлтыл, историон факттæ æмæ хабæртты бындурыл. Фæлæ се ’ппæты дæр æвæрд ис иу хъуы- ды — революцион срæмыгъды, дуне ног уа- гыл рацаразыны хъуыддаджы Ленины бы- нат, Ленины ахадындзинад æмæ фæтæгмæ æппæтадæмон уарзондзинад. . Кæсæм Цæгæраты Максимы радзырд «Нæ цæугæ мæсыг», æмæ нæ цæстыты раз- мæ слæууыд хæххон чысыл хъæу. Комы на- рæгæй æрбахызт барæг. Ныхасмæ дæрд- дзæфгомау æрурæдта йæ фæллад бæх. Иæ галиу къухы — ехс, афтæмæй æрфистæг ра- хизырдæм. Æмæ йæ адæм уайтагъд базыд- той — уæззау хабар хæссæг, хъæргæнæг. Сæ къухтæ дæлæмæ æруагътой, иуцасдæр æдзæмæй алæууыдысты, стæй фехъуыстой: амард... Ленин... Æмæ уæд хæххон мæгуыр зæронд лæг раздæры æфхæрд æмæ æнæбон фиййау Ауы- зби æнæдзургæйæ араст хæхтырдæм. Иæ фæдыл фæцæуæг сты йе ’мбæлттæ дæр. Хæхтæм. Ленинæн тæккæ фидардæр, лæгъз- дæр æмæ æрттивагдæр цыртдзæвæн агу- рынмæ. Фæцагуырдтой, фесгæрстой, ссард- той \хæххон къæйдурæй цырт. Æрластои æмæ йæ ныссагътой тæккæ бæрзонддæр, бæр^егдæр æмæ зынгæдæр ран. Цырт — Ле- нинæн, а зæххыл тæккæ уарзондæр, тæккæ зынаргъдæр æмæ хæстæгдæр адæймагæн. Ирон æгъдаумæ гæсгæ. 1924-æм азы Куырттаты комы цытджын 8
фæтæгæн ахæм цырт æвæрд кæй æрцыд, иый не ’ппæт дæр зонæм. Фенæм æй абон дæр. Фæлæ фыссæг йæ радзырды Ауызби, Батырбег æмæ иннæты фæлгонцты сиу код- та хæххон адæмы зæрдæты хъыг æмæ уарзт. Хъыг — Ленин кæй амард, уый фæдыл, уарзт — фæтæгмæ адæмон æнусон æмæ æнæгЬæцудгæ царзт. Дзесты Куыдзæджы «Зæрдæтæй амад цьшт» дæр нын нæ зæрдæйы ногæй сиæхæр кодта уæды рæстæджы хабæрттæ. Уыдон дæр баст сты Ленинæн номы цырт саразы- ны хъцыдыимæ. Ацы хатт канд хæххон къæйдурæй нæ, Фæлæ зарæгæй. Æмæ уый та иуцасдæр зындæр æмæ бæрнондæр хæс у. Ссарын хъиыд, Жæтæджы сурæтимæ æм- видауц чи уыдаиад, адæмон зарæджы ахæм мыртæ, дзырдтæ, аивадон фæрæзтæ, ахо- рæнтæ æмæ нывæфтыд фæлгонцтæ, фæл- тæрæй-фæлтæрмæ Ленины ном зæллангæй кæиæй хъуыстаид æмæ тæмæнтæ кæм калд- таид. ахæм зарæдоюы тых æмæ хъомыс. Пы- бырдзырдæй, иый — зарæг, хъцамæ сцада- '•я пдррмы зæрдæтæй амад иырт. Æмæ нын Кцыдзæг йæ цацауы ар&хстджынæй равды- ста, зарæгаразджытæ сæ уыцы кадджын æмæ бæрнон хæс куыд сæххæст кодтой, уый. Æиæг фактты бындирыл фыст у Дзадти- аты Тотырб^джы радзырд «Зынаргъ лæ- вао» дæр. Ацы дыциæ уацмысæн иуиасдæр публицистикон охаст ис, уæддæр арф хъа- рынц зæрдæмæ. Уымæн æмæ нын ницæмæй сайынц не ’цуæнк. Сæ апхайджытæ — рæст- зæрдæ æмæ зындгонд адæймæгтæ. Сæ астæ~ 9
уы магъз — Ленины ирд сурæт, ЛенинЫ зæрдæ, Ленины хуымæтæгдзинад æмæ егъацдзинад. Фæстаг азты ирон поэзийы Ленины тых- хæй цы уацмыстæ фæзынд, уыдонæн сæ ахадгæдæр æмæ ахъаззагдæртæй иу у Ма- литы Васойы кадæг. Аиы чиныджы дзы мы- хуыргрнд цæуы скъуыддзаг. Ленины хъуы- дытæ, истори, революци æмæ адæмон дзыл- лæты хъысмæт. Фыццаг æркастæй^ афтæ зы- ны, цыма уыдонæй алчидæр хицæн темæ у. Фæлæ ацы уацмысы æндæгъд сты иу миди- сон хаххæй. Нæй сын фæхииæнгæнæн кæ- рæдзийæ. Уый мидæг ис кадæджы аивадон- историон рæстдзинад, эстетикон-идейонтых. Зæрдæйы хъарм, нывæфтыд æвзаг æмæ ахорæнтæй фæлыст у Цæпукъаты Алыксан- дры кадæг-тацрæгъ «Дада, чызг æмæ хо~- гæнæг». Стонг, бæгънæг æмæ рынчын адæй- магæн хъæуы йæ фаосмæ æрбалæууæг — ирвæзынгæнæг, зондамонæг, ахцыргæнæг æмæ амонды фæндагыл упиæг. Гъе, &**•*■> адæмы зонд. туг æмæ стæджы ахæм адæй- маг цыдис Ленин. Уыдис, ц æмæ уыдзæнис. Уымæн æмæ. Ирыстоны адæмон поэт Хъайтыхъты Георы загъдоу: Ыалынмæ сш/ хохæй арф коммæ дур тула, Палынмæ м~х сæрмæ аовыл та рцх’с хцр ца, Палычмæ хъал мæргътæ арæхсой зарынмæ, Папынмæ хъуыса нæ кæмтты ныхас, Ыалын*'æ иплх зила быдырты, иалынмæ Адæмтæн Ленин уыдзæнис æгас! Георы сфæлдыстады лени^он темæ ахгы стыр æмæ парахат бынат. Чиныгаразджы- 10
тæ йын ацы æмбырдгдндмæ цы æмдзæвгзё- тæ бахастой, уыдон дæр дзурæг сты Ле- нинмæ поэ1Ы æхсидгæ уарзтыл. Геор фæ- тæджы цардæй райсы иу факт æмæ дзы ны- вæры арф хъуыды, скæны дзы философион бæлвыра хатозæг. Æнæмæнг, Ленин уыд дæрддзæст æмæ хуымæтæг: «Айста арф йæ зæрдæмæ нзг рыст. Хъæд нæ систа йе ’ккой- мæ нæ фæтæг, — систа зæхх æд цин, æд хъыг, æд тыхст», — зæгъы поэт йæ иу æм- дзæвгæйы. Мах стæм уыцы хъуыдыйы фарс. Цымыдисаг, нуарджын æмæ стыр хъуы- дыйæ хайджын у Мыртазты Барисы æм- дзæвгæты цикл «Ленины ’гъдау». Фæтæ- джы хуымæтæгдзинад, фæтæджы егъау хъуыдыты стахт, адæммæ уый лæмбынæг æмæ уарзæгой цæстæнгас, дзыллæты хъыс- мæтыл йæ мæт æм’æ йæ сагъæстæ,- нæ зæх- хыл йæ историон ахадындзинад, йæ дисса- джы хъæздыг миддуне æмæ ’нæрынцой зæр- дæйы змæлд Мыртазы-фырты æмдзæвгæты зынынц алы рæнхъы дæр уыцы аив æмæ зæрдæбын ныхасы уагæй. Бæлвырд æрныхас кæныны аккаг сты Цæрукъаты Владимиры, Цæгæраты Гиго- йы, Гæлуаты Акимы æмæ иннæты æмдзæв- гæтæ дæр. Уыдон дæр ацы æмбырдгондмæ бацыдысты барджынæй æмæ дзы сфидыд- той. Фæлæ алы уацмыс биноныг æвзарыны хæс мах нæхимæ нæ исæм ныртæккæ. Æрмæст бафиппайын хъæуы: æмбырд- гонд у бирæхъæлæсон æмæ бирæжанрон. Уымæй кæны цæсты ахадгæдæр, арфдæр æмæ парахатдæр. Æмæ æппæт уацмысты цы фæрнæйдзаг хъуыды æвæрд ис, уый 11
хорз загъта Мыртазты Барис йæ иу &М- дзæвгæйы: Рухс дунейæ ахицæн нæ фæтæг, Фæлæ баззад кусгæйæ йæ зæрдæ. Зонут æй, мæ хæдзæрттæ, уæхæдæг: Ленин уарзта дуджы ног бæрзæндтæ. Æмæ, дам, æнусмæ дæр йæ зæрдæ Уадвæлтæрд цæргæсы хуызы бацыд. Уый уынынц иæ фæдылдзог фæлтæртæ Се стыр тохы, дард фæндæгтыл балцы. Уый Кавказы, бæсты сæрмæ стæхы, Сау мигъты йæ дымгæйæ фæсуры, Хур йæ фендæй тар сафынмæ здæхы, Суанг ма уадзы тугдадзинтæ дуры. Æнæмæнг, Ленины зæрдæ баззади кус- гæйæ. Баззад кусгæйæ æмæ хъуыды кæнгæ- йæ йе Устыр зонд дæр æмæ уыцы ’хсидгæ зæрдæ, уыцы стыр зонд змæлынц æмæ ку- сынц ацы чысыл чиныджы фæрстыл дæр. Цырыхаты Михал
Цырыхаты Михал Уый хъуамæ фæзындаид не ’хсæн. Фæзындаид ахæм рæстæджы: Нæ къæхтыл. рæхыс æмæ сахсæн Куы кодтой сæ иугæндзон зарæг, Куы дардтам сæнары фæздæджы Нæ былалгъыл маст æмæ хъарæг, Уæд хъуамæ фæзындаид не ’хсæн... Уый хъуамæ фæзындаид не ’хсæн: Куы дзынæзтой сау мигътæ мигътыл, Куы нæ сырдта кæмтты нæ адзал, Нæ кæлæх фæндæгты цъæх ихтыл Куы баргъæвст бæгънæгæй нæ хъуыды, Куы бырста нæ хæдзæрттæм уазал Æмæ нæ лæджы сæр куы хъуыди, Уæд хъуамæ фæзындаид не ’хсæн... Уый хъуамæ фæзындаид не ’хсæн: Хæдхæцæг* паддзахы ызнагæй, Æфсæйнаг къæппæгæй — лæгсырдтæн, Сыгуарынæй — зæххы æнхъырдтæн, Æрвæрттывдæй — талынг æхсæвты, Рæудымгæйæ — сæрды æнтæфты. Æнхъæлмæ нæм кастыстæм рагæй, Æмæ нæм фæзындаид хъуамæ... 13
Уый хъуамæ фæзындаид не ’хсæн: Хъуыди нæ къæвда заман хурау, Хъуыди нæ мæйдар æхсæв бонау, Хъуыди нæ кæрдæг æмæ хорау, Хъуыди нæ æнуд рæстæг донау,— Цæмæй нын нæ донны æсуадза Æмæ нын куыд басæтта не стонг. Уый хъуамæ фæзындаид не ’хсæн: Æмæ нæм фæзынди — Нæхи ’мбар, Нæхи ’мбал, Нæхи туг, Нæхи стæг,— Æндæр дуг, æндæр бæстæм хидыл Цъæх уалдзæджы не ’хсæн æрфистæг. Йæ палтойы ихсыд фæдджитыл Нæ зæрдæты бæллиц ысгуппар. Иæ уæхсчытыл — дзыллæты хъомыс, Иæ цæстæнгас — арвы æрдынау; Иæ иу къухы къепкæ цæнцъылдтæ,— Цыма дзы æгас зæхх ыстымбыл, Сæуæхсид йæ сæрмæ уæргъуынау Ыстъалыты фарсмæ ысхъуымбыл. Иæ тагъд фезмæлд — тулдз сугты артау, Кæй судзгæ фæкæны, кæй тавгæ; Иæ раст ныхас — алмаси кардау, Хæрог дуджы норттыл ысхъазы Æмæ йын йæ хæмпæлтæ дасы... Фæтæн ных — æнкъуысгæ æврагъау,— Ныттынг ыл æгас бæсты картæ Æмæ йыл фæтæджы къух уартæ Нæ фидæн ысдардта цырагъау... Уый хъуамæ фæзындаид не ’хсæн: Мах уымæ бæллыдыстæм рагæй, 15
Куыд фæбæллынц ихдзагъд бæлæстæ Сæумæрайсом хуры ыскастмæ,— Цæмæй йын сæ хихтæм æрисой Иæ хъарм тынтæ арвы цъæхимæ Æмæ уой сæ дарæг зæххимæ Æмдзугæнæг фарн æмæ рухсмæ; Чындзхасты, чындзæхсæвы фæстæ Куыд фæбæллы ног чындзы уисой Фæлмæн къухты хъавгæ узæлдмæ,— Мах уымæ бæллыдыстæм афтæ. Куыд фæбæллы хуссайраг кæрдæг Хæххон уддзæф, дымгæйы сирдмæ, Фæллад хуымы хоры æфсиртæ Куыд бæллынц æхсырфы фæзындмæ, Мах уымæ бæллыдыстæм афтæ. Куыд фæбæллы тохы быдыры Мæлæг хæстон дохтыры хОсмæ, Мах уымæ бæллыдыстæм афтæ... Уый хъуамæ фæзындаид не ’хсæн: Цæмæй уа Рæстдзинад сæ хъузон, Сæ уад-барæг тагъдуайæг дугтæн, Рæхыстæй ыскæнæм дзæбугтæ, Нæмгуытæй — нæ фæндырæн хъйстæ, Куыд гуыра сыгъдæг уарзт нæ рйстæй; Цæмæй уа мæнæуы æвзартау Нæ развæндаг а зæххы сатæг, Истори — зæлланггæнаг кадæг- Нæ хъару — æндон æмæ артау Нæ тохы ныры хуызæн фидар, Æмæ ды, нæ сыгъдæг Сæрибар, Куыд загътаис адæмæн афтæ: «Уæ бон хорз, уæ фæндаг мын раст уа,— ~Уæ заман мæ хъæбысæй растад!..» Уый хъуамæ фæзындаид не ’хсæн: 16
Цæмæй йæ нæ æвзаг хуыдтаид Ыстъалы, Хъыбыллæ, Ныфсуарæг, Æмæ-иу нæ разæй цыдаид ’Мæнг дунейы ныхмæ ыстæрты. Сæууон хуры тынтæй зындаид Нæ кæмтты, нæ хъæуты, нæ кæрты; Цæмæй нын мыггагмæ уыдаид Нысанты сæр, Амонд æндзарæг; Цæмæй йын йæ зынг-цæхæр уарæм Æлутонау адæмтыл хайгай Æмæ йæ ныры хуызæн дарæм Нæ риуты зæрдæты Зæрдæйæн! ? Æну^то! фарн
Плиты Грис Цæр, цæрай мин азты, цы лæг дæ! — Де скондæн нæй зæххыл мæлæн. Ма уын уа, Ленины хъуыддæгтæ, Стыр хæхтау, дунейыл кæлæн! Ленин у бонджынты тыхсæттæг, Адæмæн — зынгæрхæссæг Амран, Хорз фæтæг, цырагъдарæг, ныфсдæтгæг, Сомбонæн — бындургæнæг титан. Уый цæры,— бирæ ’гастæй ’гасдæр у, — Размæ нын амоны фæндаг. И’ алы дзырд топпыфатæй растдæр у,— 'Хсаргардау^ алмаси, кæрдаг. Айхъус-ма: 18
йæ бархъомыс ныхæстае, 'Хсидæвтау, алырдæм тæхынц. Кæд, мæ хур, йæ хъуыдытыл фæхæст дæ, Уæд дæхи уый фæдонтыл хынц. Хизы уый арæнтæн сæ сæрты, Ие ’мдыхæн Фесты Судзы рартыл Сидтис Скодта «Парти тьГх кæм и бæстыл! — уад, денджызты лæгæрды, арт дзыллæтæн сæ зæрды, сæ бафтауы хæсты. уый фæллойадæн йæ фырттæм, сын хъаруджын парти, ’взæрст: — уый у ахæм фидар — уырдæм Ис фæндаг æууæнкджынтæн æрмæст». Мах сомбон Кусæг \. Адæмон хорз фæтæгæн й’ армы и, ЕМ зæрдæрухсæй кæсы, бархиуарзаг арми — Уый ном ныр тырысайæн хæссы. Карз тохы — фыдгулы цардæн й’ акæлæн, 2Э
Нал уыдзæн тыхмиадæн бындур. 0, Ленин, макуы дын уа амæлæн, Адæмæн чи басгуыхти хур!
Хъайтыхъты Геор Адæм дзурынц,— дардæ:°1, Урсбыдыр Цæгатæн Цыд кæддæр фæндаггон Тъæнджы мæй, хъызтафон. Фæндагыл цæуджытæ Фæндаггонæн федтоп Дзабыртæ йæ къæхтыл, Стæй хордзептæ йе ’ккон. Фæзы-иу ыл бахсæв, Уый уæддæр нæ тарсти! Стоиг бирæгътæ ннудтон,— Уый сæм-иу нæ касти. Зæхх кæм ныдзæвд арвыл, Уырдæм цыд уæндоиæй,— Нал æм хæццæ кодта!.. Цыд æхсæвæп-бонæп... Фурдыл дæр цыдаид Дарддæрæй уый дарддæр, Æмæ йæ фæстæмæ Не ’здæхтаид арт дæр!.. 22
Хъал тымыгътæ кодтой Зилдух кафт йæ фарсмæ! Бонзонгæ мæгуыр лæг Цыд уæндонæй размæ! — Уыд йæ бæллиц уымæн, Йе ’нхъæлцау ныфс Ленин. Гъей-джиди-иу, загъта, Искæд æй куы фенин. Кастис-иу йæ къамтæм Алыхатт æдзынæг, Схъæлдзæг-иу йæ коймæ Растзæрдæ мæгуыр лæг. Цыд фæндаггон дардæй Дзыллæты фæтæгмæ,— Фехъуса йæ ныхас, Фена йæ хæстæгмæ! Дарддзæст уыд Ильич æмæ хуымæтæг, Зоны абон алчидæр йæхæдæг, Айста арф йæ зæрдæмæ нæ рыст, Хъæд нæ систа йе ’ккоймæ нæ фæтæг,— Систа зæхх æд цин, æд хъыг, æд тыхст. Поэт Малиты Георгийæн Кæм лæууы хох цæджындзау арвмæ, Кæм кæнынц суадæттæ ныхас, 23
Кæм кæнынц рагон Теркæн арфæ Иæ фарсмæ дидинæг, бæлас, Кæм хъазынц сонт тымыгътæ радгай, Кæм кæнынц цъититæ фынæй, Изæрæй хохы цъуппыл хатгай Кæм ауадзы йæ фæллад мæй, Нæ поэт уыцы ран куы фыста, Æркъул кодта бынмæ йæ сæр. Нæ тел нын уырдыгæй æрвыста Мæскуымæ Ленинмæ кæддæр... Æрæвæрдта йæ нымæт дурыл, Æрсагъта лæдзæгыл йæ худ, Уыдта йæ адæмы йæ цуры, Нæ дзы уыд иунæгдæр тæппуд!.. Нæ хо, нæ фыд æмæ нæ мадæн Сæ ныхас «афысс», зæгъгæ, хъуыст... Куырдтой хæххон поэтæй адæм, Цæмæй сæ хъуыдытæ уой фыст!.. Уæд сырдты цуанæттæ фæцагътой,— Хуынд цуанонæн йæ ном салдат! — Фыста нæ хорз поэт, цы загътой Нæ хо, нæ фыд æмæ нæ мад. «Цæуæм, цæуæм, Ильич, дæ фæстæ, Кæнæм дæ хъуыддæгтæ æххæст!..» Фыста лæг адæмы ныхæстæ, Цы йын уыд адæмæй фæдзæхст... Фыста поэт, фæндыд æй фенын Нæ ныфс, нæ хуыздæры, бæгуы!.. Дзæбæх зынд гæххæттыл ном — Ленин, Иæ фарсмæ уымæн дзырд — Мæскуы... 24
Поэт йæхицæй дæр ныббуц и, Йæ сæр фырцинæй, дам, зылди!.. Дзырд — пролетарон революци — Рæсугъдæй, аивæй зынди!.. Фыста поэт, хур тавта артау, Йæ зынг — йæ тынтæй саста их... Зындис хæххонтæм хох салдатау, Зынд хохыл сау нымæтау мигъ. Фыхти æнусон Терк, æнхъызти, ДУР дурыл арф, комы къуырдта. «Фысс-ма, фысс-ма!» — поэтмæ хъуысти, Фыссын, фыссын, зæгъгæ, дзырдта. Нымадтой хохæгтæ сæ хæсыл,— Уыдзæн сæм тохы фæзы ныфс! Нæ уыдтой Ленины, фæлæ сын Фыдбонты уый кодта æххуыс. Хæсты сæ уый кодта цæрдæгдæр, Ильич сæ Ныхасы нæ уыд,— Æрмæст сæм Ленинæй хæстæгдæр Нæ зæххыл ничима лæууыд!.. 25
Фыссын æмдзæвгæ Ленины тыххæй,— Мæ фæндаг рухс у уый руаджы, уæрæх. Кæсы мæм афтæ: Ленипы тыхæй Ныззылди хуры алыварс нæ зæхх. Де ’зæр хорз уа, Ленин,— Дзыллæты хуыздæр, Кæд дæ руаджы фенин Царды рухс æз дæр. Хохы, цины сахат Фехъуыстон дæ кой Скъолайы фыццаг хатт, Хистæртæ дзырдтой... Уайæнт бонтау азтæ, Ивæд цард йæ конд,— Махæн ды æгас дæ, Амоныс нын зонд. Бацæуынц дæм адæм, Цардæй дæ фæрсынц, Дидинджытæ та дæм Сабитæ хæссыпц. Не ’фсæдынц дæ уындæй, Ам сæ фæз — уæрæх. Хур дæр дæ йæ тынтæн Батавта дзæбæх. 26
Хъуысы цагъд кæцæйдæр, Ис кæмдæр чщндзхаст. Уалæ арвæй мæй дæр Ацырдæм ныккаст. Мæнæ мад дæ цуры Ацы рухс изæр Сабийæн куы дзуры: «Ахуыр кæ ды дæр!..» Ардыгæй дæм радтой Адæм тел кæлдæр, Туг æнæвгъау калдтой,— Цард кæна хуыздæр. Уый уырны дæхи дæр,— У дæ фæндаг раст. Уæртæ уыцы хистæр Иста знагæй маст! Сриссынц ма нæ цæфтæ,— Карз уыди нæ тох! Уыцы тар æхсæвтæ Не сты уымæй рох! Канд махæн нæ’цæрыс, Дзыллæты фæтæг,— Нæу дæуæй æнæныфс Алы ран дæр лæг! Скæсæн уа, Ныгуылæн, Хуссар, йе Цæгат,— Ленин у мæгуырæн Ие стыр тых, йæ кад. 27-
Гъемæ, Иры номæй Арфæтæ кæнын Æз дæуæн æргомæй: «Кус, Ленин, цæр нын!» О, фæлæ ма царды Ахæмтæ дæр ис: Расуры йæ мады, Лæг фæкæны дис! Ацы «сырд» цы кодта? Иу кæны хæлæф, Хонæм ын йæ ном та Зыд æмæ Кæрæф! Хатгай зæрдæ сриссы, Лæг кæны æнкъард: Иумæ иннæ сисы Амарынмæ кард! Адæмы нæ уадзынц Улæфын фæскуыст, Акусын нæ уарзынц, Не сты махыл тыхст!.. Знаг цæрын кæд уагъта? Федтон æй æз дæр, Маяковский загъта Уый мæнæй хуыздæр. Сты фыдгултæ бирæ, Туг кæмдæр кæлы! Чидæр нæм æртхъирæн Бомбæйæ кæны! 28
Фæлæ Ленин царди, У ныр дæр æгас, Сарæзта нын Парти, Гъемæ стæм æдас! Уæртæ та дæм чидæр Слæууыди хæстæг... Цæй, уæдæ — хæрзизæр, Дзыллæты фæтæг. Калы дæм зæрин хур Ацы рухс изæр Хъарм тынтæ, дæхи цур Дзырд дæттын æз дæр: Цалынмæ уа змæлын, Улæфын мæ бон, Уалынмæ нæ мæлын,— Уадз, хæстон дын уон*
Дзадтиаты Тотырбег Мин фараст сæдæ дыууынæм азы би- рæ ахсджиаг цаутæй мæ зæрдыл тынгдæр лæууы декабры бонтæй иу, нæхи Алык- сандр йæ дард балцæй цы бон æрбаздæх- тис, уый. Мæныл уæд дæс азы дæр нæма цыди, фæлæ ме ’мхуызæттимæ тынг хæлæг кодтам ахæм партизантæм æмæ æз дæр сæрыстыр куыннæ уыдаин ме ’рвадæй: ревкомы номæй-иу арæх дзырдта хъæуты стыр æмбырдты æмæ йын йæ дæсны ны- хасмæ адæм хъусынæй не ’фсæстысты,— сахат, дыууæ сахаты дæр-иу фæдзырдта, фæлæ-иу ничи фæлмæцыд уымæ хъусы- нæй. Хорз ма хъуыды кæнын, ацы бон дæр та хъæуы адæм чысылæй, стырæй ныхас- мæ куыд æрæмбырд сты Алыксандрмæ байхъусынмæ, уый. Хистæртæ æмæ кар- джындæр лæгтæ рабадтысты нæ фысымты даргъ æмæ уазал сарайы къулрæбын ставд тæрс хъæдтыл;,;;сæ алыварс та стыгуыр сты æмæ лæууыдысты фæсивæд, стæй сывæл- лæттæ. Алыксандр бадти астæуæй йæ ног сау палтойы, афтæмæй дзырдта æмæ йæ- хим^æ æрыхъусын кодта негасы дæр. Ахæм дзырдарæхст æмæ ныхасмæ дæсны 30
хæрз стæм уыди æмæ йæм цыбæлæй куын- нæ хъуыстаиккам! Мæскуымæ Алыксандр ацыди фæззы- гон, хъарм бонтæ ма куы уыди, уæд, здæх- гæ та æркодта зымæгон. Куы цыди, уæд ыл палто нæ уыди: донхуыз цухъхъа, сау сатин куырæт, къæбæлдзыг уæлдзарм худ æмæ йæ риуыл — сау арæзт бæрцытæ, къæхтыл — дæрдджын цырыхъхъытæ, йæ уæлæ дæрдджын, хæстыты цалдæр хуын- чъы чи фæцис, ахæм нымæт. Йæ фарсыл та дардта маузер хъæдын агъуды. Уый, дам, ын Серго Орджоникидзе балæвар кодта йæ хæстон сгуыхтыты тыххæй. Алыксандр Мæскуыйæ æрыздæхти чы- сыл дæрдджын, рæсугъд къæбæлдзыг ха- ласбын уæлдзармæй æфцæгготджын дра- пæй палтойы мидæг. Ахæм палто уæды онг æз уынгæ дæр никæуыл ма фæкодтон æмæ йæ бафæрсынмæ хъавыдтæн, кæм дын уыди, зæгъгæ. Фæлæ уый мæ къухы нæ ба- фтыд: фыццаг æм хæрам фæдæн, мæнæн кæй ницы лæвар æрхаста, уый тыххæй, стæй та ног хабæрттæ дзурын райдыдта æмæ йæм хъусыныл фæдæн. — Мæскуы махмæ афтæ дард нæу,— дзырдта Алыксандр,—дыууæ мин верстæй фылдæр æм нæй, фæлæ мæ цæуын та ба- хъуыди бирæ рæстæг, цыма арвы кæрон- мæ цыдтæн. Зымæджы уазал бонтæ нæ ’рцахстой фæндагыл уæзласæн поезды цæу- гæйæ. Уый цæмæн афтæ рауади? Уæрæсе- йы 1зæхх ,уыд хæлд æмæ сыгъд хæдзары хуызæн. Адæм дзолгъо-молгъо кодтой фæн- дæгтыл. Хæсты фæд зынди алы къахдзæ- 32
фыл дæр. Мæскуымæ æз цыдтæн хæлддзаг вагоны. Иæ фæрстæ уыдысты сыхырнайау хуынчъытæ æмæ дзы уазал дымгæ къуыз- зитт кодта. Фæлæ уæддæр æмдзаг уыди алыхуызон бæлццæттæй,— бæгънæг, бæ- гъæввад, æххормаг нæлгоймæгтæ æмæ сыл- гоймæгтæй... Харьковмæ нæма ныххæццæ ,стæм, афтæ вагоны иу талынг къуымæй оайхъуысти сылгоймаджы хъæрзын. Фæс- тæдæр æнæфæразгæ сылгоймаджы хъæр æмæ ахст хъусты зæлланг кодтой, фæлæ йæм вагоны цæуджытæй хæстæг бахизæн нæ уыди. — Рæстмæйы хъуыддагмæ фæкæсын чи зоны? — фæцыд кæйдæр хъæр.—Фæмæлы, бецау! Кæд уæ исчи дохтырдзинадмæ арæх- сы — фæкæсæд æм! Цалынмæ йæм æз хылдтæн адæмы ’хсæнты, уæдмæ райхъуысти сабийы лæ- мæгъ уынæр. — Нæлгоймаджы хъæлæс у! Салдат райгуырди, салдат!—хъазгæмхасæн сдзырд- та иу зæронд салдат æмæ зажигалкæ осыгъта. \ Хæрзконд хъазахъхъаг сылгоймагыл хъарм дарæсæй ницы уыди, сывæллон цæм оатыхтаид, ахæмæй дæр никуы ’мæ ницы. Лæ зæрдæ нал фæлæууыд,— мæ уæлæда- æн нымæт систон æмæ дзы мад æмæ са- бийы æрбатыхтон. Куыд бауагътаин дыу- /æ удгоймаджы уазал вагоны сæлын! Ин- нæтæй дæр чи йæ портянкæ фелвæста, чи \\æ дæрдджын хæдоны дыстæ раскъуыдта... Боныцъæхтыл бахæццæ стæм Харьков- мæ. Мйт уарыд, æмæ бæстæ урс адардта. Æнусты фарн 33
Мады аед сывæллон рахйзын кодтам ам. Иæ лæгмæ цыди, Сырх Æфсады команди- рæй чи службæ кодта Украинæйы, ахæм- мæ. Мæ нымæт ма куыд райстаин, балæ- вар ын æй кодтон. Мæхæдæг цыдтæн цухъ- хъа æмæ куырæты уыцы хъызт зымæгон... — Æрцæуы ахæм хабæрттæ дæр сыл- гоймагыл тыхст заманы,— загъта хистæр- тæй иу. — Фæлæ нын. Мæскуы, Ленины ха- бæрттæ ракæн... Фæхæццæ дæ Ленинмæ? ч— Куыннæ, куыннæ йæм фæхæццæ дæн! — загъта Алыксандр.— Нæ поездМæ- скуымæ бахæццæ райсомæй аходæнафон æмæ уайтагъд рагæр-гæр кодтам нæ уазал вагæттæй Хъазаны вагзалы митæй æмæх- гæд перронмæ. Мæскуы тынг нæ бацин кодта нæ сæмбæлдыл: уарыд мит æмæ йæ дымгæ цагъта, фæддзæгъдæн&й цæгъдæ- гау, Мæнмæ афтæ фæкасти, цыма тыхджын - дымгæ цыди нæ цъити хæхты сæрæй æм,æ цыдæрйддæр мит ссардта, уый уæлдæфмæ систа. Мæн дæр мæ цухъхъайы мидæг* хуынчъытæ кодтой дымгæйы ихсудзинтæ, æмæ ме уæнгты гæртт-гæртт цыди. Фæлæ уæддæр зæрдæ бахъæлдзæг кусджыты æмæ зæхкусджыты паддзахады ног столицæйæ,- æгас дунейыл æппæты фыццаг сæрибар- дзинад æмæ ног цардыуаг æвæрд кæм æр- цыди, уыцы Советон паддзахады сæйраг- дæр горæтæй. Æмæ фæразын хъуыдис уа- зал æмæ стонгæн дæр. Цæуын æмæ хъуыг ды кæнын, уазалæй гæртт-гæртт кæнгæйæ: «Тагъддæр трамваймæ куы бахæццæ уаин, уæд-мæ уый Кремлмæ рæвдз фæхæццæ кæ- нид». . _; ,. ;, 34^
■ Мæнæ трамвайтæ лæууынц. Схызтæн раззагдæрмæ. Фæлæ йæ рудзгуытæ уыдьг- сты сæстытæ æмæ дзы дымгæ, къуыззитт кодта митæмхæццæйæ. Мæ къухтæ æууæр- стон æмæ ацæргæ сылгоймаг кондуктормæ кастæн. Фæлæ уый дæр хуыздæр ран нæ уыди., Кæд кæрцы æмæ хъарм кæлмæрзæ^ ны йæхи’ стьтхта, уæддæр уазалæй рызти: Трамвай йæ бынаты лæууыд æмæ лæууьщ. Не змæлыдысты иннæтæ дæр. Æз ноджы тынгдæр суазал дæн æмæ дзурын кондук- тормæ: — Уазал у... Цæуылнæ цæут? Кондуктор мæм цæстуарзон æнгасæй ’рбакасти æмæ загъта: — Ток нæй, хъал лæппу, ток. Мах дæр уымæн уазалы сийæм. Æз акастæн размæ дæр æмæ фæстæмæ дæр, трамвайтæ сегас дæр сæ бынæтты лæууыдысты. — Æмæ ток тагъд уыдзæн? / ■ - — Чи йын иы зоны! Чи з’оны, татъд уа... Фæлæ сахат, дыууæ сахаты куы фæ? лæууæм, уымæй дæр тæссаг у. Хатт æнæ- хъæн бон дæр ’фæлæууæм. : Ахæм дзуаппæй мæнæн мæ зæрдæ ’ ба- рьтзти, уæнгты ихын гæртттæртт тынгдæр ссыди. Мæ къух ауыгътон æмæ рахызтæн трамвайæ. Кæсын, æмæ хæстæг ран лæу- уынц файтонтæ. Файтоныл тагъддæр ба- хæццæ - уыдзынæн, зæгъгæ, ахъуыды код- тон æмæ хæстæг бацыдтæн иу бæхтæрæг- мæ. Зæронд лæгæн йæ рихитыл æмæ йæ боцъотыл зæу-зæу кодтой ихын фæрдгуьт- тæ, афтæмæй. хъари æрмкъухты æмбæхст 35
къухтæ йæ фæрстыл йæ тыхæй æртъæпп- æртъæпп кодта, цыма дзынгатæ сырдта. Ие стæгдар цармы бынæй кауы хуызæн кæмæн зынд, ахæм ныллæг мæллæг бæх йæ сæр æруагъта æмæ лæууыди, цыма зæххы бын мæлдзыджытæ цы тæрхон код- той, уымæ хъуыста. Иæ фындзыхуынчъы- тæй фæздæг къуыбылæйттæй куы нæ калда- ид, уæд афтæ банхъæлæн уыди, зæгъгæ, бæх уæлхъæдæй ныссалди. — Аласин дæ, хъазахъхъаг? — йæхи тыххъæлдзæг хуызæй æвдисгæйæ, афарста зæронд æмæ йæ бадæныл йæ гуыр фесхъæл кодта, йæ урс галиу æрфыгыл хæрдмæ схæцыди æмæ бæхы рохтæ æрбалвæста:— Ей, мæ емылыкк, сиргæ уай! Фæлæ емы- лыкк йæ хъус дæр нæ фезмæлын кодта, куыд лæууыди, афтæ салдæй баззади,— Кæдæм у дæ фæндаг, хъазахъхъаг? — афарста мæ зæронд. — Сырх фæзмæ,— дзуапп ын радтон, фыруазалæй мæ дæндæгты къæрцц-къæрцц цыди, афтæмæй.—Цас мæ бацагурдзынæ? — Æмæ дæ цы бацагуырдæуа! Иу джи- ранка кæрдзын, æмæ ууыл фæуыдзæн æп- пæт аргъау дæр. Цæстыфæныкъуылдмæ дæ бахæццæ кæндзынæн.— Зæронд мыл тæригъæдгæнæджы цæстæнгас æруагъта æмæ загъта: — Дæ дарæсы конд цыма бо- ныхъæдмæ гæсгæ нæу, афтæ мæм кæсы. Ц^ша дæ дымгæ искуыцæй æрхаста, афтæ мæм кæсыс,—фæстаг хатт ма йæ къухтæ не ’гъдтыл æрцавта æмæ арфæй сулæ- фыд: — Искуы ма дзы ахæм уазал рæстæг фендæуыди! Эх, куыд ферра ис, æвæдза, 36
зымæг дæр! Цæй, баныхас кодтам? Хлепа- йы кæрдзынæй иу джиранка дæттыс? — Æмæ дын кæрдзын кæцæй ракъа- хон? Нæй мæм! Кæд дæ фæнды, уæд æхца айс. — Эх, хъазахъхъаг, хъазахъхъаг, зонд- джын дæ хуыдтон. Ныры рæстæг ма исчи æнæ дзул, æнæ ссадæй ’Мæскуымæ цæуьт. Ныртæккæйы милуантæ нæхимæ дæр ис, цас дæ хъæуы, уыйас! Къæбæр хъæуы, къæбæр, хойраг!.. Ды та нæм, æнхъæлдæн. бынтон афтид къухæй фæзындтæ. Цæй, фæндараст-иу фæу! Фистæгæй дæр адугъ кæндзынæ, чи зоны, хуыздæр дьтн уьтдзæн: искуыдтæй дæхи схъарм кæндзынæ,— æмæ мæ сæрты акасти, йæхицæн пайдаджын- дæр бæлццон агургæйæ. Æз дæр фæраст дæн, цы гæнæн ма уы- ди. Фистæгæй цæуын мæм зын нæ касти, хæссинагæй мæм ницы уаргъ уыди. Кремл дæр ардæм афтæ дард нæ уыди. Цæуын, тагъд кæнын. Фæстагмæ мæм афтæ кæсын байдыдта, цыма файтæттæй дæр разæй кодтон. Цæуын, æмæ цæстыты бады мнты рыг, уазал дымгæ йæ скъæры уынгты. Иуафон æмбарын байдыдтон, тагъд цæугæйæ кæй схид дæн, уый, мæ рихитыл æмæ ’рфгуытыл та ихы фæрдгуы- тæ дзæгъ-дзæгъ кодтой. «Цымæ Ленинæн рæстæг уыдзæн мемæ аныхас кæнынæн?»— мæ хъуыпыйæ нæ хицæн кодта мæт.— Не ’вдæлди Лениньт, тынг æй не ’вдæлд: Вран- гелы урс æфсад пырх нæма уыдысты нæ бæстæйы хуссарырдыгæй... Урс поляктæ та хурныгуылæны сæ гæндзæхтæ цагътой, на» 37
ныхмæ хæцгæйæ. Нæхимæ, Ка’вКазы, уавæр дæр ’иууыл хæрзтæй нæма уыд, ГуырдзьР стоныл ’ арт уагътой фæсарæйнаг^лæбур- джытæ æмæ меньшевиктæ,' Цæгат , Кавка- зы адæмы туг нуæзтой алыхуызон урс бандæты - къордтæ... Утæппæт знæгты-фе- сафынæй зындæр хъуыддаг та уыди æр^ гон’ Советон бæстæ’ хæстыты фæстæ .ног арæзтады фæндагыл æрлæууын кæнын.:. /Емæ -Ленины мæнмæ. ’вдæлдзæн». ’ - • Алыксандр сыстади тæмæ> арфæй хулæг фыд* Мæекуыйы "не’ ’цпæт бæстæйы уæз^ зау уавæр-йре цæстытыл- ауади. . ■ 0,го! Æмæ уæдæ Ленин , ныхасмæ дæ къухы нæ- бафтыди, нæ? — æрхæндæгæй афарста зæрæдты хистæр. — Хъуыддаг афтæ рауади>—Алыксавдр фæлмæн- бахудти йæ цыбыр, бæзджын^сау рихиты бын, йæ палтойыл цы хъæмпьь хæлттæ ныххæцыди, уыдон -ацагъта æмæ фæстæмæ ’рбадти. Иу чысылрæстæг аулæ- фыди æмæ та дзырдта.— Гъе, афтæ бахæц- цæ- дæн зæронд- Кремлы цурмæ. Мæнæ мæ разы, Кремлы Спасскы дуæрттæ кæй хо- нынц, уыдон. . *- • «Æрлæуу! Равдис дæ пропуск!» — мæ хъусты ныззæланг кодта кæйдæр бæзджын хъæлæс. Æз фæкастæн æмæ’ауыдтон хъахъ- хъæнæджы, — йæ ■ уæлæ уæрæхтæконд кæрц, йæ дæларм уырыссаг. топщ йæ дзы^с мердæм арæзтæй. Æз мæ.гбынаты сагъдаг уæй аззадтæн,— цæмæй фæтарстæн, уый дæр- нæ базыдтон, афтæмæй. «Æмæ ныр пропуск та кæцæй- æрхæссон! Цы йæм р$- вдисон?» — зæгъгæ, ахъуыды кодтон æмæ 38
мæ рйуы дзыппæй мандат сластон. Хъахъ- хъæнæг айста мыхуырæвæрд гæххæтт æмæ мæм дис кæнгæйæ ныккасти, йæ цыргъ цæстæнгас мыл сæрæй бынмæ æруагъта, афтæмæй йæ сæр банкъуыста. Лæууы æн- цад, ницы дзуры, кæсы мандатмæ. Æз бам- бæрстон, • - хъахъхъæнæг* цæуыл хъуыды кодта, уый. Иæ цæстæнгасыл бæрæг уыди: «Ацы хæххон лæг æрра фæци, æви ахæм рог дарæсы цыппурсы тъæнг уазæлтты куыд фæразы! Афтид цухъхъайы ис, *-уæд- дæр йæ хид сæрфы, бæстæ та уазалæй ный- их»... Мæн мит-дымгæ хойы æмæ та ме уæнгтæ сгæртт-гæртт кодтой, нал фæрй- зын, сæлын уазалы æмæ йын зæгъын: — Æз... Владикавказы ревкомæй’ æр: цыдтæн. Ленинмæ цæуын, æхсызгон, тынг æхсызгон æмæ тагъд хъуыддаджы фæдыл... Бауадз мæ! - ■•■" • *- — Нæу мæ бон: Ильич тынг æнæвдæ- Лон’ у! Нæ мын радтой мидæмæ бауадзы- ны бар,— зæгъы хъарагъул. Фæлæ йын йæ цæстæнгасæй < хатын, тæригъæд мын кæй кæны, уый.— Уæд та чысыл фæгæдзæ кæн, æз бадзурон хицаумæ,— зæгъгæ, сдзырдта фæстагмæ хъарагъул æмæ фæраст чысыл дæрддзæфдæр Кремлмæ бацæуæны иу с^у- урс дæргъытæ ахуырст будкæмæ. Мæн æр- хæндæг й’æ уæлныхты систа æмæ стыхстаеи, зæрдæ æрæнкъард фыртæссæй,-нæ мæба- уадздзысты Ленинмæ, зæгъгæ. Фыркатайæ мæ ’рбайрох уазал, стæй къæбæры хъæстæ кæй нæ фæдæн, уый дæр. Мæ бынаты йя бынтон æнæсæрфат рауай-бауай кодтон. .. "- А(}угæмæй-цас рæстæг фæдæн, уый- д&р 39
мæ хъуыдыйы нал æрцьгди. Фæлæ кæсын, æмæ мæнæ Кремлæй рацыди иу- бæрзонд- гомау лæг сæрак кæрцы, йæ фарсыл — на- ган. Йæ сæрыл йе ’мпъызтытæ худ фидар- дæр æрсагъта, дымгæ йæ куыннæ аскъæф- таид, афтæ, æмæ йæм хъарагъул гæххæтт радта. Иу-дыууæ минуты бæрц мандатмæ фæкасти, стæй мæныл йæ цæстæнгас æр- хаста æмæ мын мæ цæстытæм комкоммæ фæлварæгау касти. Мæнæн та ме уæнгты ногæй уазал дымгæ ахъардта æмæ мæ зæнгтæ дæр базыр-зыр кодтой. «Гъеныр мæ раны дæн, гъе,— ахъуыды кодтон мæ- хинымæры. — Ныртæккæ зæгъдзæн: «Ле- нин тынг æнæвдæлон у»... Уæд æз цы кæн- дзынæн? Куыд аздæхдзынæн дуары къæ- сæрæй нæхимæ, Ленины нæ фенгæйæ? Цы цæсгомæй ма равдисдзынæн мæхи, Ленин- мæ мæ чи рарвыста, уыцы æнхъæлмæгæ- сæг адæммæ?» — Мæ фæстæ рацу,— сабыргай мæм сдзырдта хъарагъулты хистæр æмæ йæхæ- дæг разæй фæраст ис. Дзырды бæрц æз фырцинæй цавддурау аззадтæн, стæй акъахдзæфтæ кодтон йæ фæстæ, фырцииæн мæхи дæр нал æмбæрстон, афтæмæй. Цæ- уын æмæ мæ цæстытæ æрцъынд сты, ни- цыуал уынынц, мæ разæй цæуæг лæджы фæсонтæй дарддæр, цæуын æмæ мæм хъуыды кæнын дæр ницæуылуал цыди. Зæрдæйы абухта æмæ магъз æнкъусын кодта æрмæст иу хъуыды: «Ныртæккæ Ле- нины фендзынæн!» Мæ хъуыдыйы дæр нал æрцыди, æртык- каг уæладзыгмæ куыд ссыдтæн æмæ Ле- 40
нины кабинеты раз уаты куыд февзæрд- тæн, уый. — Æмбал Фотиева, ацы уазæг Влади- мир Ильичмæ ссыди, дардæй ссыди ахс- джиаг хъуыддаджы фæдыл... Кæд гæнæн ис, уавд æй æнæ радæй бауадзут,— загъта ме ’рбакæнæг, стъолы фарсмæ чи куыста, уыцы æрыгон сылгоймагæн æмæ йæхæдæг æндæр уатмæ бацыди. Сылгоймаг сыстади, бæстон мæм æрбакæстытæ кодта, «æгас- цуай» мын загъта хæлар цæстæнгасæй æмæ загъта: «Иу чысыл уал нæм абадут, уæ фæллад суадзут». Иæхæдæг хæстæгдæр дуар бакодта ’æмæ мидæмæ бацыди. Ба- зыдтон æй, уый. Ленины секретарь кæй у, уый. Æмæ æз дæр æрбадтæн фæлмæн бан- доныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ фæ- ныфсджындæр дæн. Мæ хид цухъхъайæ дæр рахъардта... —Бирæ фенхъæлмæ кастаис, нæ? Ленин- мæ милуан хъуыддагæй фылдæр уыдаид... Афтæ нæу? — йæ ныхас баппæрста иу тæн- тъихæг, даргъ урсбоцъо зæронд лæг, йæ цæстытæ æнæууæнк хин ныкъуылд æркæн- гæйæ. — Кæнинаг хъуыддæгтæ Ленинæн би- рæ уыдис, уымæй раст зæгъыс,— фæлмæн бахудти Алыксандр.— Фæлæ мæн бирæ нæ фенхъæлмæ кæсын кодта. — Ныхас кодтай, уæдæ, йемæ? — йæ цин нал баурæдта зæрæдты хистæр.— Хъуыстгонд ын сты нæ хабæрттæ? — А-гъай! Ныхас кодтон! — хъæлдзæг- дæрæй сдзырдта Алыксандр æмæ йе ’ры- гон ’къæсхуыр цæсгом ныррухс ис,— Нæ 41
хабæрттæ нын афтæ зоиы, æмæ сæ нæхæ- дæг дæр уый хуызæн нæ зонæм... .. . — Æцæг, æцæг! — зæрдиагæй æмæ æм- хуызонæй сулæфыдысты адæм.—Уæдæ нын нæ тыхст уавæртæ дæр зоны? Уыцы мень- шевик-контртæ нæ куыд басыгътой, æнæ- бындур нæ куыд фæкодтой, уыдæттæ дæр -ын зындгонд сты?- — Чысыл ма фæхъæцут! Бауадзут лæ- _джы дзурын! Уадз æмæ хабæрттæ куыд •уыдысты, афтæ сæрæй радзура... Куывдæй куы нæ раздæхти, миййаг! — сбустæ сыл кодта хистæр æмæ та адæм сабырæй ’æры- ^ъуыстой дзурæгмæ. . ’ — О, дуар парахат байгом æмæ дзы мæ размæ тагъд цæугæ федтон цыбырго- мау,, къæсхуыртæ арæзт бурхил цæрдæг л^ег. Æз дæр фестадтæн æмæ йæ размæ фæдæн. Уый мæм йæ цæргæсгаст цæсты- тæ -хæларзæрдæйæ æрныкъуылдта,,- * мæ къух мын æрæлхъывта æмæ тагъд-тагъд, худæндзастæй загъта: ; — Æгас цу, æгас, æмбал!.. — Æмæ уый Леиин йæхæдæг уыди?— джихауæй аззадысты Алыксандрмæ хъус- джьще. . — О, йæхæдæг, Владимир Ильич йæ- хæдæг... Хорз хæларау мын мæ цонгыл фæ- хæцыди æмæ мæ ныхæстæгæнгæ йæ кусаен кабинетмæ бакодта. Уым мæ æрбадын код- ^а.фæлмæн сау къæлæтджыпыл æмæ -мæ фæрстытæ кæны. Иуафон фæкъуыхцы, дæн æмæ, хъуыдытыл куыд фæдæн, афтæ мæм Ильич- фемдзаст ис. Æппæтуынаг дцæсты- т^е ’рныкъуылдта, йæ бурбын боцъойыл 42
къух æруагъта æмæ мæм хæстæг æ{)баць<- ди. Мæхинымæры дисы бафтыдтæн, ^цæ-* мæн мыЛ афтæ фæджих, кæд исты фæраё* дыдтæн, зæгъгæ. Фæлæ мын ме ’уæхскыл йæ къух узæлгæ куы ’æрæвæрдта, хидæй-- дзаг цухъхъайы синтæ куы ’рсæрфта," уæд æй бамбæрстон, мæ хид кæй рах’Црдт!/ ууыл кæй фæджихау, уый. Стæй’ мæ йæх!æ- дæг дæр -афарста: ** - - *ч *- — Дæ дарæс хуылыдз куы у, зынаргъ æмбал. Нæ фæрынчын уыдзынæ? Ам ’уа- зал у, мæскуыйаг ихæн. — Схид дæн, Владимир Ильич; Хъаза- ны вагзалæй Кремлмæ фистæгæй фæуад- тæн, ардæм тагъд кодтон. - : • — Æмæ, æвæццæгæн, дæ кæрцы мидæг тынг схид дæ, нæ? - • — Нæ, Владимир Ильич... Кæрц дæр мæм нæй æмæ палтб дæр;.. Махмæ/хусса- рырдыгæй, æз куы рацыдтæн, уæд хъ&рм рæстæг уыд.:. Фæлæ æртæ къуырийы фæн- дагыл бафæстиат дæн. Поездтæ сындæг, къуылымпыгæнгæ цæуынц... Мæ нымæт та иу тыхст сылгоймагæн радтон. Чысыл сы-^ вæллонджынæн. ’" — Æмбарын* дæ, æмбарын, æмбал,— фенкъард ис Ленин. • — Владимир Ильич, мæнæн ма ницы’ у; фæлæ Хуссарæй Цæгатмæ ралидзæг ’адæ^ мы зымæг бынтон æнæхæринаг, * æнæ да- рæс æмæ æнæ хæдзæрттæй^ æрæййа6фта.; Ахæмтæ бирæ’сты, бирæ, хуссайраг1 ирæт^ тæй Гуры уезды чи цардис, уыдон се ’ппæт * дæр. Фæсарæйнаг лæбурджытæ æмæ_ саё меньшевикты æфсæдтæ фæсырДтой сæ ~цæ- 43
рæн бынæттæй, басыгътой сЬш сæ х&- дзæрттæ, байстой сын сæ фæллой. Мингай сывæллæттæ баззадысты, сæ мадæлтæ сæ куыд ныййардтой, афтæ бæгънæгæй. Æмæ уыдонæн цы чындæуа? Мæн Владикавка- зы ревком дæумæ, Владимир Ильич, минæ- вар рарвыста, лыгъд адæмæн сæ уæззау æмæ тæригъæддаг хъысмæт цæмæй фен- цондæр кæна Советон хицауад, уый тых- хæй. Ленины цæсгомыл абадти стыр маст æмæ хъыджы нысан, мæстыйæ йæ кабине- ты арауай-бауай кодта, дыууæ къухьг йæ дæлæртты фæцавта, афтæмæй æмæ цæуыл- дæр арф хъуыды кæнгæйæ. Стæй рæвдз къахдзæфтæ кæнгæ бацыди йæ къæлæт- джыны цурмæ, æрбадти æмæ тагъд-тагъд цыдæртæ афыста гæххæттыл... — Цæй тæхудиаг дæ, Алыксандр, ахæм лæджы кусæнуат чи федта! — бахæлæг æм кодта хистæртæй иу. Æвæццæгæн, йæ бан- дон дæр сызгъæрин къæлæтджын у! — Нæ, уисы фастæгтæй быд хуымæтæ- джы къæлæтджыныл бады. Иæ кабинеты сызгъæрин дзаумайæ æппындæр ницы ис. Иæ уат дæр стыр нæу, стæй дзы æнæхъуа- джы зынаргъ дзаумайæ дæр ницы ис. Иæ астæу стъол æвæрд ис æмæ ’мбæрзт у кæр- дæгхуыз сгæлладæй. Стъолыл—дыууæ ап- параты, телефонæй кæмæй фæдзуры, нæ бæстæйы алы рæттæм дæр, ахæмтæ. Цы ис бирæ йæ кабинеты, уый — чингуытæ, чин- гуытæ алыхуызон æвзæгтыл. Къултыл — картæтæ алыхуызон бæрæггæнæнтимæ... — О, æмæ мах тыххæй цы ныффыста 44
Ленин йæхимæ? — фæурæдта АлыксанДрь! хистæртæй иу, Ленины кабинет куыд фæ- лыст у, уый кæй не ’ндæвта, ахæм. — Хорз ныффыста, тынг хорз!.. — Зæхх нын ратдзысты быдыры, зæхх? — Хор раттыны тыххæй нын ницы ской кодтай? — Хъумац нын цæмæй рауадза, уый зæгъын дæ нæ ферох? — Меньшевикон контртæ æмæ уыцы æддагон лæбурджыты, атланттæ цыдæр гуыбынниз кæй хонынц, уыдон ныппырх кæнынæн цы пълан ис Ленинмæ, уый нæ базыдтай? — ныккалдтой дзурæгмæ фæрс- тытæ алырдыгæй. . Алыксандры дзуаппытæм адæм хъуыс- той æдзынæгæй. Мæнæн дæр мæ зæрдыл æрбалæууыди, Алыксандр Бетъырбухæй куы ссыди, уæд ыл нæ комы. цæрджытæ куыд æмбырдтæ кодтой, уый. «Михелы фырт, революцийы тыххæй йæ дохтырты скъола каст нæ фæуæвгæйæ, æрыздæхт æмæ æрхаста адæмæндиссаджы бирæ хабæрттæ»,— дзырдтой-иу кæрæдзи- йæн. Æмæ æцæгæйдæр афтæ уыд. Иу зымæгон изæр нæ хъæуы ныхасмæ бирæ адæм æрбамбырд ис иннæ хъæутæй. Нæхионтæй дæр фæсте ничи баззади. Æз дæр ме ’нæдыстæ кæрцы къæритыл рон тынгдæр æрбалхъывтон, мæ фыды зæронд æрчъиты хъæмп æрнадтон, къæхтыл сæ бацавтон æмæ мæ фыдыфыды фæстæ лæ- гау фæраст дæн ныхасмæ хæсты хабæрт- тæм байхъусынмæ. Чысылтæ кæд уыды- стæм, уæддæр хæсты тыххæй ныхасгæнджы- 45
1гæм байхъусын нæ уд, Нае дзæцц уыди. Уым, ныхасы, æз дæр бабырыдтæн мæ да- дайы стыр кæрцы фæдджийы бын æмæ хъуыстон, хуыссæг дæр мæ нал ахста. -— Мæнæ цас адæм æрæмбырд ис,— загъта фæстæдæр æрбацæуæг хъазаг лæг.— Паддзахы хистмæ дæр уый бæрц адæм не ’рæмбырд уыдзæн! Алыксандр хъазæн ныхасыл бахудтис, стæй райдыдта дзурын: — Æфсымæртæ, паддзахы ныгæнын афон дæр æцæг æрцыди, æцæг! Мах æл куы нæ баныгæнæм, уæд уый йæхæдæг æнæхъæн Уæрæсейы адæмы дæр хæсты быдыры баныгæндзæн. Хæст æмæ паддза- хæн æ’нæ кæрæдзи цæрæн нæй... — Революци! — хъæрæй дзырдта дард- дæр /Алыксандр.— Æрмæст революци фер- вæзын кæндзæнис кусæг æмæ зæхкусæг адæмы се ’нусон . хъиамæт æмæ мæгуыр- дзинадæй. Большевиктæ тох кæнынц хæст паддзахы ныхмæ саразыныл, паддзахы хи- цаудзинад фесафыныл тохмæ сидынц æп- пæт ’адæммæ дæр...( ^ ? «Куыд хорз у,—ахъуыды кодтон æ.^ мæхинымæры.—Зæххыл ис паддзахæй’тых- джындæр лæг, Революци хуины . йæ ном, æмæ ’паддзахы тагъддæр куы баныгæнид; уæд хæст фæуаид. æмæ мæ фыдыфсы- мæртæ нæхимæ æрцæуиккой... Куыд хорз уаид, æвæдза, уæд!» (Æз мæ рæузондæй тынг бæллыдтæн, паддзахæй тыхдл^ындæр адæймаг кæй хуыдтон, уымæ. *Революцийы мæхи цæсты- тæй фенынмæ æмæ мæ ’ндæр ницыуал æн- 46
дæвта. Революцийы кой-иу"чи'екодта, уый дзыхмæ кæсгæйæ-иу лæууыдтæн. Фæлæ Алыксандр’ нæ хъæуæй уайтагъд ацыди. Кæдæм, уый бинонтæй ничи базыдта, йæ- хицгён æххуысгæнджытæн кæй равзæрста, æрмæст уыдон зыдтой, кæм вæййы, цы ку- сы, уый. «Революцийы фарс чи рахæцдзæн, иннæ хъæуты дæр ахæм æууæнкджын лæг- ты æмбырд кæны...» — зæгъгæ, иухатт фе- хъуыстон нæ ног уазæгæй. Стæй хæсты алы фронттæй здæхын бай- дыдтой, салдат чи уыди, ахæмтæ сæ хæ- цæнгæрзтимæ. Алы салдаты фæзындæн дæр — хъæугуывд! Фæлæ ахæм салдæттæ хъæуы бирæ нæ фæстиат кодтой: сæ топ- пытæ семæ, афтæмæй-иу араст сты -Алык- сандры агурынмæ. — Уый Революцийæ æрвыст у <æмæ" йæ æххуысгæнджытæ бирæ хъæуы,— зæгъгæ- иу дзырдтой.— Революци та у хæсты ных- мæ, кънйæзты зæххытæ байсыныл, жан- дармты фесафыныл... Революцийы махмæ дæр хъæуы, нырма уал кусджыты æмæ салдæтты æмдых кæны. "Æз цин кодтон, ме ’рвад Революцийы хæлар у æмæ йæ нæ хъæумæ дæр æрба- кæндзæн, зæгЪгæ. Уæд-иу хъуыдытыл фæ- дæн: «Цы балæвар кæндзынæн Революци- йæн," цæмæй мемæ дæр фæхæлар уа, уый тыххæй». Бæх нæм нæ уыди,— хæстмæ йæ акодтой, Стæй: мæ хуызæн сабийæн бæх балæвар кæный -чи бауагътаид! Уæдæ цы? -Дада "мын хорз фат æмæ æрдын сарæзта къутугæнæнтæм (куадзæны размæ нæм ахæм бæрæгбон дæр уыди) æмæ сфæнд '47
кодтон: «Мæ фат æмæ йын æрдын балæ- вар кæндзынæн», зæгъгæ. Тынг æвгъау мæм кастысты раттынмæ, фæлæ паддзахæп тыхджындæр лæгимæ хæлардзинад алцæ- мæйдæр зынаргъдæр у, мæ фыдыфсымæр- ты мын хæстæй дæр рауадздзæн, зæгъгæ, фæндон ууыл ахицæн. «Фæлæ ахæм стыр лæг айсдзæн, барвæсдзæн ахæм чысыл лæварыл?» — худгæйæ мæ бафарста дада. Æмæ та æз сагъæсы бацыдтæн: «Уæдæ йын хуыздæр цы балæвар чындæуа?» — зæгъгæ, æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыди нæ мыггаджы номы кард. Нæ зæронд мæсы- джы арф æфснайд уыди æмæ йыл æмби- сæндтæ хастой, йæ коймæ дæр-иу сæры хъуын арц сбадти. Дуртæ дæр, дам, дзы лыг кæн! Æфсæйнаг дæр, дам, ахауын кæ- ны!.. Хæсты бацыдтæ, уæд карды ауадз æмæ знæгты бындзагъд кæндзæн,— дзырд- той-иу зæрæдтæ, фæлæ кард никæмæн уы- нын кодтой. «Иттæг хорз лæвар уаид нæ фыдæлты кард Революцийæн!» — æрцыд мæм ахæм хъуыды æмæ пълан дæр скод- тон. Мæсыгмæ куыд сбырдзынæн мидæг асиныл, кард куыд ссардзынæн, стæй Ре- волюци куы ’рбацæуа, уæд ын кард куыд балæвар кæндзынæн æмæ цы ныхæстæ зæгъдзынæн, уымæн. Мæ цæстытыл уади, Революци мæ лæвар куыд æхсызгонæй айс- дзæн æмæ мæ куыд ныхъхъæбыс кæндзæн, уый. О, стæй ма нæм уыди иу егъау сырх топпа сæр уасæг дæр æмæ йæ дада æргæв- дык ницыхуызон уазæгæн уагъта. Иухатт та нæ хъæумæ стражниктæ æрбацыдысты æмæ сæ дада куы федта у’ынджы, уæд 4?
мæм йæ къух фæтылдта æмæ мын сусæ- гæй загъта: «Уасæджы мидæггаг скъæтмæ басур æмæ йыл дуар сæхгæн, бирæгъ- стражниктæ йæ бахæрдзысты»... Ныр сфæнд кодтон, Революци куы ’рбацæуа, уæд æй уымæн аргæвддзыстæм, зæгъ- гæ. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уазæг, зынэргъ уазæг • Революци махмæ æгæр æрæгмæ хæццæ кодта. Иуафон паддзахы дæр рап- пæрстой. Чи дзырдта, Бетъырбухы фидары, раздæр паддзах хуыздæр адæмы кæм æм- бийын кодта, уым ын "йæхи бакодтой, чи та загъта, амардтой йæ матростæ æмæ кусджытæ, зæгъгæ. Фæлæ хæст уæддæр нæ банцади. Дзырдтой-иу: йæ бæсты, ома паддзахы бæсты, дам, йæ бынаты æрбад- тысты стыр кънйæзтæ æмæ йæхицæн банк кæмæн ис, ахæм хъæздыджытæ æмæ пад- дзахæй фыддæр, налатдæр уыдзысты адæ- мæн, зæгъгæ. Иу рæстæджы «партизан, партизан», зæгъгæ, ахæм ныхас стынг ис æмæ нæ хъæ- уы æндæр кой нал уыдис. Чи егъау кард арæзта куырдадзы хъæсдарæгыл, чи цы, чи цы... — Хæст цæуылнæ банцайы? Революци уыцы ног паддзæхты цæуылнæ ныммары æмæ салдæтты сæ хæдзæрттæм цæуылнæ рауадзы? — баййардтон-иу дадайы.— Мах- мæ та куыд æрæгмæ цæуы Революци йæ- хæдæг? — Æрбацæудзæн нæм, æнæмæнг нæм æрбацæудзæн, Ленин æй куы рарвита, уæд,— дзуапп мын лæвæрдта дада, 4 Æнусты ф^рн 49
-".гг -^. Ленин та кæй хоныс, дада? Рево- л&цийæ тыхджындæр лæг у? -п — Нæ зонын, куыд дын зæгъон; Ле- гнйн- у Революцийæн йæ зонд æмæ йæ зæр- ,дæ. Афтæ нын загъта Алыксандр æмæ йæ -уымæй зонын. — Æмæ уæдæ Революци æмæ Ленин ^æронд паДдзахы бынатмæ нæуджыты цæ- мæн бауагътой? ’ * '-V- Ацы фарстæн дын дзуапп ратдзæн Алыксандр: уый хъуыддæгтæ хуыздæр зо- - йЫ, >æз сæ уый бæрц мæхæдæг дæр не ’мбарын,— загъта мын дада, æмæ ма йæ .цы зонын хъуыди, йæхæдæг дæр, цы цау- тæч цыди уыцы азты, уыдонмæ дæсны кæй нæ уыди. •; • ...Афтæмæй ралæууыди мин фараст сæ- *дæ,ссæдзæм азы сæрд, Нæ нарæг ком бай- •Дзаг ис æнкъард æмæ мæстæлгъæд ^адæ- мæй. Сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, зæрæдтæ, алы кары адæм уый бæрц уыдис нæ комы, æмæ,1 æнхъæлдæн, нæ хæхты хуырдæруый бæрц бирæ нæ уыди. Уыцы æппæт адæм фистæгæй цыдысты хæхтыл ахизынмæ цæ- Гатмæ: Нæ хъæуы цæрджытæ дæр сæ хæдзæрт- ты дуæрттæ сæхгæдтой æмæ æмхуызонæй бацыдысты уыцы цæугæ адæмы фурды æхсæнмæ, афтæмæй нарæг Сбагомы лæ- -кæрстой æфцæджы .сæрмæ. " Сæрдыгон хурбон уыди, фæлæ фæсæм- бисбонты арв ныннæрыд, хæхтæ ныррыз- •тыстыу кæмтты .æнхъæвзта богъ-богъ, тыз- ,мæг хæххон доны нæрын дæр нал хъуыс- ти. Нæ фæстæ дæрддзæф ран сау мигъ 50
ком’ æр&хгæдта. Арв нæрыдй &мæ нæры- ди, н& сæрмæ хуры бын мигъы къæм< нæ уыди,' афтæмæй. Уымæй размæ æф никущ федтон хурбон арв нæргæ. Æрæхсæв,. .арв ирд стъалытæй байдзаг, уæддæр арв нæ- рыди, нæ фæстæ кæмттæ ризæджы рызтьь сты. -^- Хурбон æмæ стъалыджын ирд æхсæ-- вы дæр арв фæнæры? — афарстон дадайы. Уый дæр ныр йæ чемыл уыди,. -йæлхуыз фæцыди æмæ, æнæдзургæйæ, куы. йæдриу хоста къухæй, куы йæ сæр. . . ! -^ Уый арвы нæрын нæу, мæ ^хур, арг йы! Уый сармадзанты нæрын у.к Д-зауы^ Ручъы æмæ иннæ кæмтты сау мигъ нæ, ба-. ды: нæ хъæутæ судзынц> нæ<. к хъæутæ, æмæ уыдон фæздæгæй сæхгæдтой> кæшч тæ... • . ,. \>л ь — Æмæ ныл чи бафтыдта арт? . ■ ;__е, —’ Буржуйтæ æмæ æлдæртты гвардц тттт меньшевиктæ цыдæр сæ хонынц. .... .-_з — Сæ сармадзантæй та кæй æхсынц? — Революцийы! Ленины! Лидзæгадæ- мы, мæнæ мах хуызæн мæгуыр адæмы! •_*.. Сармадзанты нæрын фæсхохы хуссары ’рдыгæй аззади. Лыгъд адæм Цæгат Иры- стоны. хъæутыл апырх сты æмæ ни куыд арæхсти, афтæ архайдта йæ сывæллæтты фервæзын кæныныл. ■ ; ,„- ; Фæлæ æнæ хæдзар, æнæ бындур хæх< хон фæллойгæнджыты фыдæбæттæ æмæ тухитæ ууыл нæ фесты: пырхгонд урс бан- дæты къордтæ æмæ абырджытæ цуан: крд- той, лæбурдтой стонг бирæгътау, хæлæ* фæй давтой æмæ скъæфтой, лыгъд адæм 51
М& сæ мулкæй хæхты сæ^ты се *ккæйтты цы кадавар муртæ раирвæзын кодтой, уы- дон; фæндагыл ацæуын нæ уагътой аив сылгоймаджы — чызджыты, чындзыты, скъæфтой сæ хъæдтæм æмæ къæдзæхты цъассытæм... Зымæг куыд æввахсдæр кодта, афтæ фыдбонтæ карздæрæй зындысты адæмыл æмæ ма кæм уыди кæрон сæ катай æмæ мæтæн! Уæд арвыстой ревкомæй Алыксанд- ры дæр Мæскуымæ, Ленинмæ... — Гъы, гъы, æмæ Ленин уæддæр цы загъта махæн быдыры зæхх раттыны тых- хæй? — афарстой та Алыксандры цыбæлæй хъусæг зæрæдтæ. — Хорз загъта, тынг хорз,— хъæлдзæг- дæрæй сдзырдта Алыксандр.— Ленин загъ- та, зæгъгæ, Кавказы фæллойгæнæг хæххон адæмæн зæхх сæ рагон бæллиц кæй у, сæ царды бындур, уый æз иттæг хорз æмба- рын. Æнæ зæхх хæххон адæм раздæр бæгънæг æмæ æххормагæй цагъды кодтой æлдæртты æфсондзы бын, уыцы зыд сырд- тæ сын сæ туг дойныйæн нуæзтой... Ныр афтæ нал уыдзæн. Советон хицауад скæн- дзæн æппæт фадæттæ дæр мæгуыр, æф- хæрд адæмы ног цардмæ ракæнынæн... Æмæ Ленинæн æз бæстондæр куы ра- дзырдтон зæххы тыххæй, Советон паддза- хады декрет махмæ бынтон æххæстгонд нæма ’рцыди, Ирыстоны хæххон адæмæн хъæздыджыты æмæ æлдæртты зæххытæ уа^рст нæма æрцыдысты, зæгъгæ. уæд ныф- фыста телеграммæ Владикавказы ревком- мæ. 52
*— Цæй тыххæй? — аёмхуызонæй сулæ- фыдысты ныхасгæнæгмæ хъусджытæ. — Мах тынгдæр цæмæй тыхсæм, уын- гæджыдæр цæмæй стæм, уый тыххæй,— хæххон адæмæн быдыры зæхх раттыны тыххæй!.. Уый уал уын фыццаг цины ха- бар. 1— Гъе, уый æцæг стыр хъуыддаг у, гъе! — зæрдиагæй бацин кодтой бирæтæ. — Дыккаг ног хабар та у ахæм: Ле- нин Уæрæсейы Адæмон Комиссарты Сове- ты номæй дзырд радта, хæххон адæмæй граждайнаг хæсты æфхæрд чи баййæфта, уыдонæн хор æмæ хъуымац рауадзыкы тыххæй... — Æгас цæуæд æмæ нын æнусты цæ- рæд нæ уарзон фæтæг Ленин! — азæлыд арфæйы дзырд. Æмбырды адæм лæугæйæ æрæмдзæгъд кодтой... — Лæппу, палтойы хабар дæр радзур хъæубæстæн, палтойы хабар,— бадзырдта Алыксандрмæ йæ фыд, адæм куы фæса-- быр сты, уæд. — Æцæг, æцæг, АлЫксандр, Мæскуыйы дæр Дарæс ссарæн нæй æлхæнынмæ, зæгъ- гæ, афтæ куы дзурынц, уæд ды палто кæм балхæдтай? Хæрзаг зынаргъ у? — афарс- та хистæр, йæ зæронд æмпъызтытæ кæрць1 йæхи хъармдæр æрбатухгæйæ^ — О, зынаргъæй тынг зынаргъ у! — загъта Алыксандр палтойы æгънæгыл æр- хæцгæйæ: — Ленины лæварæй ма зынаргъ- дæр цы ис! Адæм иучысыл рæстæджы дисы бацы- дыстй палтойы коймæ æмæ иу каст палто- 53
Ыæ -кодтой, *'иниæ —- Алыксандры цæсгогЛ- мæ. ’ ’’ ■ — Ленин дын палто балæвар -кодта, зæгъыс? — й’æ цæстытæ асæрфта æмæ ком- коммæ касти хæрзаив палтомæ зæрæдты хист&р къæсхуыр лæг, иæхиуыл дæр нал æууæндгæйæ. ^ —’ Куыд загътон афтæ: Ленины лæвар, Владимир Ильичы хæларзæрдæ зынаргъ лæвар... Дзурипаг æй иæ уыдтæп, фæлæ мæ уæхæдæг ракъахтат. Хицæй æппæлын- мæ йæ ма бамбарут! к . « : - ’ — Æмæ уый ,та куыд? Куыд бахъæцы- дй дæ^цæсгом ахæм- лæджы палто дæ уæ- лæ скæнын? Лæвæрттæ кæнын Ленинæн йæ’Хицæн куы хъæуы!.. ^ Алыксандр ныфсæрмы, йæ ныхы хид ас&р’фта, цыма та^ Ленин йæ цæстыты раз февзæрди палто лæвар кæнгæйæ, афтæ фæкъæмдзæст^г. ■ I ’-—• Афтæ рауади æмæ ма цы гæнæн уы- дис!'-т-æрæджиау сдзырдта Алыксандр.— Нæ ныхас куы фестæм, уæд сыстадтæн æмæйын йæ арфæйаг къух куы истон, уæд загъта: «Фæлæуу, фæлæуу, мæ хæлар! Аф- тæмæй дын Кремлæй ауадзæн нæй...» Рæвдз рауади, æз дæр йæ фæстæ... Уып йæ секрстармæ дзуры: «Ацы æмбалæн хæ- ринаг рафысс, мæ фсздæхынмæ йæ ма ауадз»,— æмæ цыдæр æрбаци. Æз дыууæ боны къæбæры хъæстæ нæ фæдæн æмæ куыннæ бацин кодтаин хæринаджы кон- мæ! Уыцы рæстæг мæн чп ’рбакодта Кремл- мæ, уый дæр æрбацыди, пæ дæларм фане- рæй.арæзт чысыл асыкк,. афтæмæй, æмæ 54
афарста:' «Уазал ма’ дъш^у, æмбал?»г Æъ д&р æм бахудтæн æмæ загътон:' «Дæ :ц*æ- рæнбон бирæ; хорз æмб’алТ’ Фæлæ> Ленинк цур чи абада, уымæ" Цæгат палюсы ихуа- зал нал бахъардзæн!,.» Уый" дæр баХудти æм"æ йæ’ асыкк Ленины сенретары цур сгъолыл’ æр’æвæрдта. ÆЗ ын '.баквстæн ~йæ фарсыл ’фыст: '«Москва^ХремльГВладимИ’- ру Ильичу Ленину лично. в руки». ^У$едм§е Ленин дæр фæстæмæ-1 æрбауадй, мæн-æ-ацы йалто йæ уæхсчытыл, афтæмæй æмæ мæм бахудти: «Æнхъæлдæн, ацы палтойы чн.&л суазатг уыдзынæ; нæ? — Æмæ г'одын .æйви^ уæхсчытыл "’ æрбакодта, стæй гзйгъта;^ -Кæсыс! Хорз, .тынг хорз дыл фид^уы!- Дæ къухтæ ма< дысты акæн/..»г«Нæ, -В:ладимир Ильич,- нæ! гНйцы хуьгзы!» -^фырæфсæр- мæй ссыгъдтæн:- Уый1 та~ ноджы карздæ- рæй загъта: «Революцийы номæй дын. зæ- гъын: ’ скæн палто дæ’. уæлæ!» .Æмæ-мын мæ цонг палтойьг дысыт йæхæдæг фæцав- та. Æз джихауæй аззадтæн^’шæ хуыз дæр фæцыди, æнхъæлдæн... Фæлæ<шæ Ленин дзурын нал суагъта: «Дард æмæ егъёу тохы фæндагыл цæуыс, *æмбал. Дæ хуызæн æнувыд кусджытæ нæм бирæ нæй. æмк сыл узæлын хъæуы, хъахъхъæнинаг у с.е ’нæниздзинад!.. Скæн палто!..» Кæй бон бауыдаид Ленины ахæм зæрдиаг узæл/^ы ныхмæ иеты зæгъын! Æз иу нытас скæ’нын дæр нал сарæхстæн, зæрдæбынæй > ма гйъгн йæ къух райстон æм’æ фæраст дæн. ^Æм- бал; хорз æмбал! Фæлæуу-ма!'Сихортрай- сыны талон та?» — худгæйæ рахъæр’.; код- та Ленин мæ фæстæ’.' Æз> фембæрстон, аф- 55
тæ тынг кæй фефсæрмы даен æмæ стыхс- тæн, уый йæм фæкаст худæг. Фæстæмæ фæзылдтæн. Уæдмæ йæ секретарь дæр асыкк райхæлдта æмæ иу сау дзулы хус къæбæр систа. Ленин æм æркæстытæ код- та, йæ мидбылты бахудтн æмæ загъта: «Гъæ, сæ цæрæнбоц бирæ уа! Сухариты хуын. Æмбал Дзержинскиимæ йæ арвит сидзæр сывæллæттæн, писмоимæ, æмбал Фотиева. Цымæ сæ чи сæрвыста?» — Ныртæккæ сæ арвитдзынæн, Влади- мир Ильич. Кубанæй аервыст хуын у... Чи, уый писмойы фыст уыдзæн, æвæццæгæц, аемæ йæ нæма бакастæн,л—дзуапц радта секретзрь æмæ мын мæ къухты дæр иу гæххæтты гæбаз фæсагьта. Æз ын сæрæй акуывтон, афтæмæй хæрзбон загътон æмæ фæраст дæн, кæуылты æрбацыдтæн, ууыл- ты... Гъе, афтæ рауади, мæ хæлæрттæ, зы- наргъ лæвары æмбисонд! — фæци йæ ны- хас бæлццон, бадгæ дæр нал æркодта йæ ццны тыхстæй. — Стыр амондджын фæндахыл цыд фæдæ, Алыксандр! Хæххон Уастырджи дæ кæддæриддæр хорз фæндæгтыл аразæд! — Сыст^ди хистæр, йæ худ систа, йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, хæрдмæ скæсгæйæ йæ лæдзæджы ’нцой хæстæг æрбацыди Алыксандрмæ æмæ палтойы дыс йæ къу- хæй фæлмæн æрсæрфта, стæй йыл йæ уа- дул хъавгæ банцой кодта æмæ афтæмæй иучысыл алæууыди. Иннæтæ дæр сыста- дысты æмæ бæлццоны алыварс æрбаты- гуыр сты уазал сарайы; алчидæр архайд- 1;3, цæмæй палтойыл йæ къух андзæвыдаид. 56
Палто нæ, фæлæ цыма цардæгас Лений йæхæдæг сæ астæу лæууыди æмæ ууыл цин кодтой, ахæм уыди сæ алкæй цэестаен- гас Даер. * * * Цæсты гагуыйау хъахъхъæдта АйьГк- санд’р й’æ зынаргъ Л’æвар, фæлæ йæ куыд фæндыди, палтойы Мйсмæт &фтæ нæ ра- уади. Гуырдзыстоны фæллойгæнджытæ ра- стадысты меньшевикты контрреволюцион тыхтæ æмæ æддагбæстон æрбалæбурджы- ты ныхмæ хæстмæ. Уый уыдис 1921-æм азы зымæджы тæккæ хъызт рæстæджы. Гуырдзыстоны ревком ракуырдта æххуыс Сырх Æфсад æмæ сырх партизантæй. Меньшевикты гварди фидар æрæхгæдта хæхтыл фæндæгтæ æмæ Сырх Æфсады, партизантæ сæ разæй, афтæмæй цæуын бахъуыдис æххуысмæ æвæндаг æфцæджы- тыл. Алыксандр æфсæддон комиссар цы ирон сырх партизанты бригадæн уыди, уый фæндаг гæрста Сырх Æфсады полчъУтæн Уæлладжыргомы хæхтыл Гуырдзыстонмæ Кутаисы районыл — меньшевикты гвар- дийы фæсчъылдыммæ. Хæхты скодта æвир- хъау хъызт рæстæг. Сарæх сты зæйтæ. Ты- мыгъ цæстытæ къахта. Фæлæ нæ уыди бауромæн æфсадæн æмæ хæхтыл цыди мæ- лæтдзаг тох æрдзы гуымиры бырсты ных- мæ. Алыксандр цыди разæй фæндаг амон- гæйæ æмæ, тынг куы стæвд ис, уæд палто раласта, афтæмæй йæ хаста йæ цонгыл. Арф митджын хæрды фахсыл цæуы æмæ 57
къахдзæф къахдзæфы фæдыл тыхтона каь ны æгъатыр æрдзы æрра бырсты дзыхæп. Иуафон та хæхтæ базыр-зыр кодтой. Æф- сæддонтæ базыдтой,— зæй фескъуыд хохы фахсæй, æмæ сæхи æрæфснайдтой. Алык- сандр дæр къæдзæхы тигъыл пæхи æрца- уындзæгау кодта, фæлæ тымыгъ лæджы хъæбысæй ратыдта зынаргъ лæвар æмæ йæ^зæимае ахаста арф комы. бынмæ...
Цæрукъаты Алыксандр I ЗÆРОНД АВДЕЙ ТЫХСЫ Мæгуыр зæропд Авдепæп Сæпы пæ фырты -чызг: - - Дадайы урс рихитыл Æрызгъæлы цæссыг: ’ ’ ’ . — О Варя, Варя, ма хъæрз... Мæ уд дæ фæхъхъау уæд. Куы адзæбæх уай, балцы Дæу акæпдзынæн уæд. Ысбийдзыиæи дып хъæды Лыстæг бæрзуисæп тæскъ. Уым — зокъоджын æрдузтæ, Уым — сау мæпæргъджып мæскъ... Зыдтоп дзы иу лæгæтгонд, Кæддæр дзы царди арс. Фæдæн хъæбысхæст Лсмæ,— , Ыыттыдта мын мæ фарс. . Æрцахсдзыпæн дын тæрфы - Цæугæдоны кæсаг... Нæ разæй згъордзæи дарддæр Къæдз-мæдзытæ фæпдаг./ •59
Миййаг, къæвда-æрвгæлæн Куы ’рæййафа мах уым,— Мæ хорз лымæн у хъæдгæс: Уыдзæни нын фысым... ÆНÆЗОНГÆ «ДОХТЫР» Фæлæ нæ хъусы Варя, Ныффæлурс и, ныттарф, Авдей ныккатай кодта, Хъуыдыты ацыд арф. Уый сыстади сындæггай, Сæ рудзынгæй кæсы: Хæмпус æврæгъты дымгæ Гæбазгæйттæй хæссы. Зæрватыччы лæппынтæ Кæнынц æвæлтæрд тахт. Цæуылдæр сырддонцъиутæ Кæнынц хъæлæба, загъд. Иæ хъуыдытæ Авдейæн Фæсуйтæ сты æваст, Йæ цæстытæ сæрфгæйæ Уый иу ранмæ’ нымдзаст... Уыны: æрлæууыд иу лæг Сæ цæхгæрмæ уынджы, Кæсы цъындау цæстытæй... Фæцæуæг та рæхджы. Иæ фæсонтыл — йæ къухтæ, Нæ уыд бæрзонд йæ ас. Ныр та кæны уым тигъыл Кæимæдæр ныхас. 60
Авдей æнхъæлы: дохтыр, Æвæццæгæн, æрцыд. Иæ размæ уайтагъд рауад, Иæ къух ын исы цырд. — Æнхъæлмæ дæм куы кæсæм Дыууæ боны дæргъы. Ыæ рынчын та фæтыхстдæр,— Мæгуыр Авдей зæгъы. Æрбацæуæг æм бахудт Хæларæнгæс цæстæй, Фæлæ фæтар йæ цæсгом: — Кæм и? Цом тагъддæр, цæи! ВАРЯ СÆНТТÆ ЦÆГЪДЫ Зæронд пецы хæдфарсмæ — Ердженæй конд хуыссæн. Æмæ æрбадти дохтыр Сынтæгæй пецы ’хсæн. Рынчыны къух æрбайста: — Цы дæ риссы, мæ хур? Дæ цæстытæй-ма ракæс, Уæд та-ма исты сдзур. Дæ тæрных, о, цæй тæвд у, Цы зын раны фæдæ!.. Фæлæ нæ хъуоы Варя, Цæгъды æрмæст сæнттæ. — Куы адзæбæх уай — махмæ Нæ цæудзынæ?.. Зæгъ ды... Фæлæ нæ хъусы Варя, Æрмæст сæнттæ цæгъды. 61
— Дæ дадайы дæр демæ Уæд ракæнис æххæст... Фæлæ нæ хъусы Варя, Сæнттæ цæгъды æрмæст. Сындæггай сыстад дохтыр, ’ Авдейыл ма йæ цæст Сæрæй-бынмæ æрхаста; Авдей — бызгъуырæмбæрзт: Кæттаг хæдон — гæбæзтæй, Иæхи къухæй æмпъызт, Йæ зæбулгонд кæрæттæ — Хæлафы комы тъыст. Нæ дохтыр катай систа, Йæхимидæг тыхсы. Авдейырдæм фæзылди, Авдейы нын фæрсы: — Уæ рынчын у кæсинаг!.. Кæм ис йæ фыд? Иæ мад?.. — Дæсмæйдзыд уыди Варя,— Иæ фыд гъеуæд фæмард... — Фæмард? Цы ран, цы хуызы? — Сырх Гвардимæ фæцыд, Æмæ Колчакы ныхмæ Мæ хъæбул дæр хæцыд. Йæ мад хæрзæрыгонæй Куы баци тифы хай, Æз Варяйы фæхастон - Цæхæрайы фыхæй. 62
Ныр мый, Мæгуыр, фæрын^ын" —* Мæ цардырухс, мæ чызг,— Æруади та йæ рустыл Хъуызгæ-хъуызгæ цæссыг. Авдейы уæхскыл дохтыр Æрæвæрдта йæ къух: — Зын у, нырма куы не стæм Мæгуырдзинадæй цух. Нырма — сæйгæ, хъæдгомджын Нæ хæстæфхæрд бæстæ... Æрцæудзæни, æрлæудзæн Æрдхæрæны рæстæг!.. Æмбарын дын дæ тухи, Уæззау — дæ зынты уаргъ. Дæ фыдæбæттæн заман, Æууæнд, ыскæндзæн аргъ... Нæ ратдзыстæм адзалæн Мах Варяйы. Зæгъын: Гъеуымæй," зон, нывджындæр Нæ уыдзæни зæххыл! Йæ цуры уал цъус абад, Æз та æрхæссон хос. Зындзынæн тагъд фæстæмæ... Авдей дæр загъта: — Хорз!.. ДЗУЛ, СÆКÆР ÆМÆ ПИНДЖАК Нæма рацыд сахат дæр,— Дуар фегом ис, æмæ 63,
Цæрдæггомау йæ Дохтыр Æрбахызти уæдмæ. — Дæ рынчынæн — прастина, Дыккаг нæ уыд, æндæр... Æмæ ма ноджы: иу дзул, Æхсæз къæртты сæкæр. Дæуæн та мæнæ, фен-ма, Лæвар кæнын пинджак. — Цæмæн, цæмæн? Нæ хъуыди, Дæхи ныууагътай хъуаг.— Авдей, мæгуыр, ныфсæрмы, Иæхимидæг ыстыхст,— Дæхæдæг дæр куы нæ дæ Ды уадиссаг фæлыст. — Айс, айс, лымæн, цæудзæни Бон фарнимæ, уæдæ! Куы мæ рох кодта — хос дæр Уыдзæни тагъд цæттæ! Иæ галиу къух — йæ тарыл, Иæ цæппæрыл хæцгæ Æддæмæ рахызт, уынджы ■ Фæцагайдта, тындзгæ. ÆЦÆГ ДОХТЫР Бидаркæйы фæссихор Æнахуыр лæг фæзынд — Кæсæнцæстджын, йæ уæлæ — Сæнтурс халат, хызын. 64
— Æз дохтьф дæн. Æрцыдтæн Нæ хистæры фæндæй, Советон Уæрæсейы Сæргълæууæджы дзырдæй! Зæронд лæг бацыд дисы: «Уæд иннæ чи уыд, ау? Хуын дæр ма нын куы ’рхаста... Хæларзæрдæ, рæдау?» II ÆЦÆГДЗИНАД СБÆРÆГ Авдей — цыдæр хъуыддагхуыз, Хъæусоветырдæм цыд. Чызг уади рæвдз йæ фарсмæ, Иæ къухыл ын хæцыд... Дуы бахызтысты залмæ, Уæд федтой: уым — æмбырд, Докладгæнæг йæ ныхас Фæцис æмбисмæ дзырд. Æрлæууыди зæронд лæг Трибунæмæ хæстæг. Уый гыццыл чызджы систа Иæ хъæбысмæ сындæг. Гуырысходзинад, сагъæс Фæзындысты æваст — Докладгæнæг Авдеймæ Цыдæр зонгæ фæкаст. Æнусты фзрн 65
«Кæм æй федтаин раздæр?... Нæ дохтыр!.. Раст фынау! — Авдей хъуыдытæ кодта,— Рæдийын кæд, хуыцау... Куы нæу йæ ныхас низтыл! — Кæны скъолаты кой, Зæгъы: уыдзæн нæ дарæг Ныр иумæйаг фæллой...» Авдей бынмæ æргуыбыр Æмæ кæйдæр фæрсы: — Уый чи у? — Уый у Ленин... Ыс-с, ацырдæм кæсы!.. Докладгæнæг æцæгдæр Авдеитырдæм каст. Уый сценæйæ æрхызтп, Æрбацыдис æмраст. — Æгас æрцу! — къух райста, Зæгъы: — Ныббар мæнæн... Уæд ацы хъæугæрæтты Хи ирхæфсгæ цыдтæн... Ды фенхъæлдтай мæн дохтыр, Фæлæ æз уый нæ дæн. Стæй Варяйы æрбайста Иæ хъæбысмæ цæрдæг. Иæ мидбылты йæм худти Нæ дзыллæты фæтæг: — Цы дзæбæх чызг и мæнæ... Нæхимæ дæ хæссын... 66
Фæриссы ма дæ исты, - Фæкæныс ма рынчын? Уый адæмырдæм раздæхт: — Мæ лымæнтæ, кæсут, Мах ацы сывæллæттæн Цард аразæм рæсугъд. ÆМБЫРДЫ ФÆСТÆ Авдеймæ уынджы хатынц, Цæлхæмбырд ыл кæнынц. — Куыд базоигæ дæ немæ, Дæ хорзæхæй? — фæрсынц. Цы загътаид — нæ зыдта: — Мæнимæ у хæлар... Æрбакæсут, мæ пинджак У Ленины лæвар... Авдейы разæй згъордта Сæхимæ Варя цырд. Æмбæрста уый: цыдæр хорз Сæ хъæубæстыл æрцыд! III ДЫУУÆ ЛЫМÆНЫ Авдейы къуым, йæ хæдзар — Тæнæг сыхы кæрон... Быдырмæ рацыд Варя Уæд иу сæрдыгон бон. Гæлæбу ахсгæ-ахсын Фæцæйуади цæрдæг. 67
Йæ къæхты бын хъæдабæ — Сырх дидинæг, кæрдæг. Фæуæлбыл иу ран хæрды, Уыны: фæцæуы лæг. Иæ дзыппыты — йæ къухтæ... Тъæпæн къепкæ — йæ худ. Уый Варяйы куы федта — Иæ мидбылты фæхудт. Йæ цæстыл ауад чызгæн: Цыдæр æмбырд кæддæр — Иæ хъæбысмæ йæ систа Раст ацы лæг кæмдæр!.. Иæ размæ батахт Варя: — Ды мын рарвыстан хос!.. Дæ ном та хуины Ленин... — Кæй мæ базыдтай — хорз!.. Дыууæйæ, хъæдбын зилгæ, Æрыскъæфтæ тыдтой. Æртæхдзæст дидинджытæ Цæгатвæрсты уыдтой. Уым иу ран цилты астæу Сырддонцъиуы лæппын Ыспæр-пæр кодта, амбæхст Бындзæфхады рæбын... Лæбурæгау æм Варя Бæргæ бауади тагъд, Лыстæг къудзиты цурмæ Иæхи нынтъыхта маргъ. 68
Уæд æм фæцырд и Ленин, Ныппæрста йыл йæ худ, Æмæ фæци йæ быны Нæ базырджын тæппуд. Стæй чызджы къухты стæлфыд... Бæгънæг, йæ гуыбын — гом. Чысыл лæппын — тæнпакъуы, Йæ дзыхрæбынтæ — хом. Уæд Ленин загъта: — Суадз æй, Тæригъæд у, мæгуыр... Кæс-ма, кæны æнæбон Йæхимидæг зыр-зыр... Цъиу Варяйы хъæбысæй Ныппæррæст ласта цырд.... «Фæндараст у!» — ыскодтой Нæ лымæнтæ æмдзырд. ...Фæкъул и хур, изæрмил Æрбахæстæг уæдмæ. Нæ Варя æмæ Ленин Нæма цæуынц хъæмæ. БУЛАВКÆ Кæрдæджыты бæзджыны Ныр агурынц цыдæр — Уый Варяйы’ булавкæ Æрбайсæфти кæмдæр. Нæ йæ арынц... Фæрсæй сæм Æрвхуыз машинæ ’ртахт, • 69-
Æрхызт дзы иу лæг, систа Уым Ленинимæ загъд: — Цæмæн рацыдтæ? Дохтыр Цы фæзæгъы дæуæн? — Хуыссæны уай ды хъуамæ, Нæй бирæ дын цæуæн! Сбадт машинæйы Ленин, Æрхауд æм уайдзæф, маст, Æмæ ма худæнбылæй Уый иунæг хатт фæкаст. Æрвхуыз машинæ фенкъуыст. Ысцырын. Кодта дугъ. Сæ фæдыл касти Варя Æмæ тылдта йæ къух. IV ВАРЯ ФÆРСЫ Фæззыгон цъуй бæлæстæн Зынгау сæ сыфтæ — сырх, • Сыр-сыргæнгæ сæ дымгæ Фæсвæд рæттæм хæссы. Авдей бæрз тала садзы Сæ рудзынджы хæд раз. Чызг рауадис йæ цурмæ, Æмæ кæнынц ныхас: — Дада, мæн дæр æрфæндыд Ныр скъоламæ цæуын. — Нырма дæ, мæ хур, уымæ Дыууæ азы хъæуы. 70
Дыууæ азы фæстæ дæ’ Фæхонон хъуамæ æз. Ныр та уал хъаз, фæлæ-иу Дзæбæх мæ коммæ кæс! — Дада, мæ ахуыргæнæг Уæд чи уыдзæн, зæгъ-ма? — Кæцæй дæн, кæ, йæ зонæг? Уый нæу бæрæг нырма! — Дада, мæ ахуыргæнæг Куы уаид Ленин, куы!.. — Цы хъуыды дæм æрцыди! Бæгуы нæ дæ, бæгуы! — Дада, ды йын куы зæгъис... Ысразы уаид кæд!.. — Мæ сæр фæрыст тыхдзырдæй, Æгъгъæд уал мын... Æгъгъæд!.. Уæрæсейы хъуыддæгтæ Ныууадздзæнис æмæ Æрмæст кæндзæн дæ сагъæс,— Æнхъæлмæ кæс, куыннæ!... Чысыл Варя ныхъхъус и, Иæ дзыхæй нал хауд дзырд... Авдеймæ та фæстагмæ Чысыл фæсмон æрцыд: — Куы зонис, чи у Ленин, Уый ахæм стыр лæг у — Æппæт, æппæт дунетæн Сæ ахуыргæнæг у!.. 71
ЦÆССЫГ Æрыхъал Варя. Пецы Цыренæй судзы арт. Авдей æрхуымæй бады, Авдей бынтон нынкъард. Иæ рихитыл æрттивгæ Æрызгъæлы цæссыг. Ныссагъæс кодта Варя: Цы уа цымæ йæ хъыг?.. Уый никуы федта скæугæ Гъеныртæккæйы онг. Миййаг, кæд суг сæтгæйæ, Фæцæф йæ къах... йæ цонг? — Æркодта ныл, мæ Варя, Фыдохбоны рæстæг: Нæ зынаргъ Ленин амард Ам, Горкæты... хæстæг... Фæкуыдта саби бирæ, Æруæззау и йæ сæр... Æрмынæг арт, æрфæнык Иæ зынджыты цæхæр... Кæуынфæлмастæй Варя Каст рудзынгмæ æнцад — Уырдыгмæ згъордта митдон,— Уый æвгты халас тад. Æмæ æнхъæлдта Варя: Кæд уый дæр у цæссыг. Сывæллоны зæрдæйы Фыццаг хатт сæвзæрд хъыг. 72
ÆНКЪАРД ФÆНДАГЫЛ Бæгънæг бæлæстæ — сауцъар, Æдзæм быдыр — быгъдæг. Цыдысты адæм... адæм Уæд Горкæтæм сындæг. Уыдис Авдей дæр семæ Æикъард æмæ тыхстæн, Йæ хъæбысы та Варя Зæронд кæрцы тыхтæй. Æмæ цыдысты уыдон Къæс-къæсгæнаг хъызт бон, Цæмæй зæгъой Ильичæн Фæстаг ныхас — хæрзбоп. V БИРÆ АЗТЫ ФÆСТÆ’ Зæххон адæмæн Ленин — Сæ царды нафс, сæ цыт. Нæ горæтæн йæ астæу — Йæ моиумеит, йæ цырт. Йæ къæхты бын фæсудзы Сырх дидинджытæй арт... Фæлгæсы Лепип размæ, Кæсы кæдæмдæр дард... Фæлæ уый чи уа,— арæх Цæмæн фæбады уым? Цæссыгкалгæ йæ цуры Цæуыл кæиы^ъыицъым? Уый Варя у, кæдДæры Рынчыи æмæ мæгуыр, •73
Уæд цард Мæскуыйæ иуварс, У дзæуджыхъæуккаг ныр. Варварæ у, Петровнæ, Нæ горæты цæрæг,— Нæхирдыгон — йæ мыккаг,— Ирон уыди йæ лæг... Сæхимæ йæм фæцæуæм, Нæ сабитæ, уæгъд бон. Æмæ уæ хъуамæ йемæ Æз базонгæ кæнон. Йæхи дзыхæй сымахæн Пæ хабæрттæ кæндзæн. Æвæццæгæн, йæ цæссыг Æвæндонæй кæлдзæн... 74
Цæгæраты МаксиМ 1 Хъæуы астæу ныхасы гыццыл фæзы ’рлæууыд барæг. Бæхæй ’рхызт, ехс йæ га- лиу къухмæ райста, йæ сæр йæ риуыл æр- уагъта æмæ исдугмæ йæ мидбынат сагъ- дауæй баззад. Иæ сау æлвæст бæх йæ тæн- тæй улæфыд, йæ уæрæх фындзыхуынчъы- тæй фæздæг калд, йæ даргъ цæстыхаутыл чырс æрбадт, йæ хъустæ ныттынг сты, аф- тæмæй йæ тарст цæстытæ дыууæрдæм ра- дав-бадав кодта. Адæм иугай-дыгай ныхасы фæзмæ æм- бырд кодтой. Цы ’рцыд, уымæй бафæрсын ничи уæндыд. Сæргуыбырæй лæууыд ба- рæг дæр. Иæ къуызыртæ лæдзæг йæ дæ- ларм, йæ хъуынджын уæлдзармхуд йæ ха- лас æрфгуытыл æнцад, йæ иу къахыл цу* дæгау кодта, афтæмæй ныхасмæ ’рбацыд бæрзондгомау, къæсхуыртæ зæронд лæг. Уый уыд барæгæн йæ фыд — Цæргæсаты Ауызби. Иæ дымгæйæ хост бæзджын был- тæ зына-нæзынæ змæлыдысты, дымгæ йын йæ урс боцъо фæйлыдта, афтæмæй йæ фыр- ты цурмæ бацыд. Кæстæртæй йын чидæр йæ лæдзæг айста. Йе ставд, нуарджын æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой, афтæмæй 75
йыллæг хъæлæсæй бафарста йæ фырть!.1 — Цы кодтам?.. — .Ахицæн... Нывонд кæмæн хастай, уый нал ис...— йæ кæуындзæг кæмдæр хур- хыуадындзты ныттыппыр, афтæмæй дзуапп радта фырт æмæ йæ цъæх бухархуд сис- та. Сæ худтæ систой иннæтæ дæр. Зæхмæ ныккастысты. Иу сыбыртт, иу уынæр нал хъуыст ныхасы. Æрмæст дымгæ митьь гæ- бынатæ хаста, æмæ уыдон зилдух кодтой адæмы сæрмæ. — Хорз адæм! — йæ худ йæ къухы, аф- тæмæй размæ рацыд Ауызби. Ие уæнг- тыл бæргæ схæцыд, йæ сæр бæрзонд бæр- гæ срста, . фæлæ йын улæфт нал сфаг. Схуыфыд. Лæдзæгыл æрæнцад, фæлæ йæ уый -дæр фæсайдта. Фырт ын йæ цонг ацахста. — Нæ лæугæ хох, нæ< цæугæ мæсыг... Лæппу, æмæ æххæст зианимæ цæуылнæ баззадтæ? Хъæуæй дзы куы ничи уа, уæд худинаг у... Стæй мæнæ фæсивæдæн зæгъ, æмæ уыцы уæныгæн исты бауынаффæ кæ- нут. Гъе, уæууæй, гъе.... Ахæм бонмæ йын æй бæргæ нæ хастон,— загъта зæронд лæг æмæ йæ сæр ныттылдта. — Дзæуджыхъæуы нæй, Мæскуыйы фæ- зиан,— дзуапп радта фырт æмæ йæ басы- лыхъхъы къабаз йæ хъуырыл æрбатыхта. Стæй уымæн дæр хуыфæг йæ хурх ацахста. I — Батырбег! — хъæргæнæджы размæ бацыд хъæуы хистæртæй иу.— Ардыгæй фæстæмæ цины фæндæгтыл цу, мæ хур. Хорз хабæрттæ хæсс дæ хъæубæстæм. Кæд æй æвæрынц, уымæн ницы базыдтай?.. 76
-Ч^Майрæмбоны... Дысон ахиЦæй...—* дзуапп радта Батырбег. Æмæ та ногæй хуыфæг йæ хъуыры фæбадт. Суанг изæрдалынгтæм лæууыдысты хъæуы адæм нЫхасы гыццыл фæзы. Къул- бæрзæйтæй кастысты, тъæнджы мæйы фыд- уаг уад тыхджынæй-тыхджындæр куыд кодта æмæ къæнцылары сæрмæ сау ты- рыса куыд фæйлыдта, уымæ. Тырыса цы сау уыд, уымæй йæ ноджы саудæр кодта тохынайы фæздæг, хатгай-иу бынтондæр фæздæджы бын фæци. Æмæ Ауызбимæ афтæ каст, цыма тырыса йæхи хуызæн нал уыд. Зæронды цæстытыл-иу тыры- сайы бæсты ауад йæ фырт Батырбеджы æнæдаст цæсгом... Тъæнджы мæй дæр æм ацы изæры хуы- зæн хъызт никуыма фæкаст, къæрид кæр- цы дæр иицуал тафс уыд, дымгæ дзы суых- суых кодта, йæ сындз дзæмбытæй лæбурд- та зæронды буармæ. Ныссалд, ныддæвдæг Фæзыхъæуы гыццыл ныхас. Мит-хъæпæн æй йæ быны скодта. Æхсæвы ирдгæ рага- цау тъæнджытæ хауын кодта хæхты, хæ- дзæртты дурын фæрстæ. Ныйих сты, ныд- дæвдæг сты фæндæгтæ. Фæзыхъæуы нарæг уынгты зилгæдым- гæимæ хъазыд миты рыг. Ныргъæвст, нык- кука хъæуы сæрмæ фахсыл нæзыты къох. Цыма тымыгътæй ахæссынæй тарст æмæ хохы фарсыл йæхи уымæн нылхъывта, аф- тæ зынд уыцы изæр Фæзыхъæу. Фæзыхъæу... Цымæ йæ чи схуыдта аф- тæ? Дурджын ныхасы йедтæмæ дзы адæй- маг нывыл кæм рацæуа, ахæм бынат дæр 77
куЫ нæ ис. Йæ хуымтЫ нарæг уадзд^гтэё, йæ залгъæдджын уыгæрдæнтæ рагъы ау- уонæй зынгæ дæр куы нæ кæнынц. Кæд дзы искуы ахæм фæз уыди, уæд хъæуы хæдзæрттæ кæрæдзийы æккæйтты цæмæн сбадтысты? Уынгтæ афтæ нарæг, афтæ къуындæг цæмæн еты? Уæд та, кæд хъæуы бын æртæ фæндаджы цы гыццыл лæгъзы баиу сты, уымæ гæсгæ афтæ хуины? Гъс та кæд йæ сыхаг хъæутæй донмæ хæстæг- дæр кæй æрæнцад, уымэен æй схуыдтой Фæзыхъæу?.. Ниуы, къуыс-къуыс кæны уад. Ауызби- йы тъæпæнсæр хæдзары дуæртты къæс- къæс цæуы. Цырагъы рухс змæлы, æмæ йæ аууæттæ хæдзары дурын къулыл дзе- дзырой кæнынц. Мынæг рухс кæны къона- йы арт дæр. Нæ хуыссы Ауызби. Чысыл раздæр ссыд скъæтæй. Уæныгæн луарæны муртæ ныххаста. Куыддæр скъæты дуарæй бахызт, афтæ гайлаг футтытæгæнгæ йæ размæ разгъордта, йæ дæрзæг æвзагæй асдæрдта йæ хицауы армытъæпæн. Зæрон- дæн йæ зæрдæ суынгæг. Лидзæгау ракод- та скъæтæй. Æмæ ныр, йæ къухтæ йæ кæр- цы дысты тъыст, афтæмæй рацу-бацу кæ- ны йæ зæхбын хæдзары. Къæнцыларæй нæма æрбаздæхт Батырбег. Цымæ цы ба- уынаффæ кодтой? Изæрсарæй цæуыл тæр- хæттæ кæнынц? Цыфæнды уæд,— Ауызби- мæ йæхи пълантæ ис. Æрмæст лæппу тагъддæр куы ’рбацæуид, уæд сæ уымæн дæ’р бамбарын кæнид. Лæппу сразы уы- дзæн йемæ. . Уыдон дæр Ауызбийæ хуыз- дæр не ’рхъуыды кæндзысты. 78
Æрбадти къонайы фарсмæ. Арт бадзæ- бæхтæ кодта. Дуар не ’нцайы йæ къæс- къæсæй. Дымгæ ниуы йæ сæрмæ, хæдзары нарæг тохынайы. Ниуы, къуыс-къуыс кæны дымгæ. Аф- тæ ма ииудта, йæ фыд цы ’хсæв амард, уыцы ’хсæв дæр. Гыццыл лæппу ма уыд уæд Ауызби. Авдаздзыд. Сыхы устытæ ма цалдæрæй баззадысты хæдзары. Куыдтой. Сæ хъарджытæй рызтысты къултæ. Æр- мæст Гыцци кæугæ нæ кодта. Уый æппын- æдзух æдзынæг каст Бæппуйы фæлурс цæсгоммæ, йæ былтæ змæлыдысты, фæлæ дзургæ цы кодта, уымæн ницы бæрæг уыд. Стæй æваст хæкъуырццæй ныккуыдта, йæ судзгæ цæстысыгтæ ныггæр-гæр кодтой Ауызбийы пыхцыл сæрыл. Мад йæ риумæ нылхъывта йæ иунæг фырты, йæ роны цы- дæр сызмæлыд. Уый ~уыди мады зæрдæ. Йæхи къултыл хоста, куыдта... Фæстаг хатт ма фарста бинонты дарæджы: — Кæмæн нæ ныууагътай уæзæджы къæйыл? Цы ныфсæй ма цæрдзыстæм?.. Стыхст зæронд лæг. Сыстад. Йæ къух- тæ та кæрцы дысты атъыста æмæ рацу-ба- цу кæны хæдзары къуымты. Къæрццытæ кæнынц бæрзы хус къалиутæ. Сæ цъыс- цъыс цæуы æхсæлыйы уымæл уидæгтæн. Цыма кæугæ кæнынц, уыйхуызæн сæ саст къабæзтæй иугай æртæхтæ хауы арты цæ- хæрмæ..Æддейы та дымгæ йæ къуыс-къуы- сæй не ’нцайы. Цырагъы мынæг рухс цы у, уымæй мынæгдæрæй ферттивы зæронды мæллæг цæсгомыл, йæ урс-урсид боцъойыл. Дымгæйы къуыс-къуыс кæдæмдæр йе- 7?
мæ скъæфы зæронды хъуыдытæ. И^е цæс- тытыл уайынц йæ удхайраг бонтæ, йæ би- рæ æфхæрдтытæ. Сидзæр. Иунæг... Кæй ха^- дзарæй нæ ракаст, кæй фосы фæдыл нæ ахатти, кæм нæ балæууыд цардагур! Куыд бафæрæзта, куыд бирæ тых æм разынд. Æвæццæгæн, Къоста дæр Ауызбийы тых- хæй фыста: «Æфхæрдæй, уæд надæй цы нæ бавзæрста...» Бæргæ, иучысыл æй раз- дæр куы ’рбаййæфтаид ацы цард. Фæлæ, хуыцауæй разы, цы ’рцæуа, уый хорз. Æгайтма лæппу адæмы рæнхъы рацыд. Уæдæ зæронд дæр нырма йе ’гъдынцæйт- тæ нæма суадздзæн.' Мæнæ уалдзæг бы- дырмæ ацæуа> уым йæ къабæзтæ айваз- дзæн/Ауызби. Адæймаджы цардæй цæрын нырма ныр куы байдыдта... , Ниуы, къуыс-къуыс кæны дымгæ. Хæ- дзары дуæрттæ сæ къæс-къæсæй не ’нца- йынц. Нæй, Батырбег зынæг нæма ис. Кæй- дæр æдылы уасæг фæсусхъæлæсæй уасы. Чи зоны, цы афон у? Зæрдæ дойнагдурау ныхъхъæбæр. Уæззау хъуыдытæ кæрæдзи- йы ивынц сæры магъзы. Ивылд доны уылæнтæй уæлдай не сты. Нæ кæсынц Ауызбийы коммæ. Риссынц зæнгтæ. Уæл- дайдæр галиу зæнг. Дуды. Хъарм, æрмæст- дæр хъармæй фæсабыр вæййы йæ риссы- нæй. Æмæ та къонайы фарсмæ æрбадти Ауызби. Æдзынæг ныккаст, зынгты уæлæ хуылыдз æхсæлыйы уидагæн йæ дрн куыд кæлы, уымæ. Иæ цæстытыл та ауад кæд- да^ры хъуынтъыз фæззыгон бон. ...Лæууы Ауызби йе ’мбæлттимæ ныха- сы фæзы. Гуыбаты гуылæвзаг Майрæм 89
кæщæйдйар саурасыгæй æрбацыд саргъы бæхыл. Ныхасы æрфистæг. Йæ урскъах, игæрхуыз бæхы ехсæй цалдæр цæфы нык- кодта. Бæх нарæг уынджы фатау атахт, йæ цæфхæдты цæхæр скалд æмæ ма Ба- деты къахыр мæсыджы аууонæй йæ къах- хъæр æрбайхъуыст. Майрæм йæ ехсы фын- дзæй йæ уæлдзармхудыл хæрдмæ схæцыд, йæ донхуыз цухъхъайы фæдджитæ — йæ ронбасты тъыст, ныхасы астæумæ бацыд æмæ сæрыстырæй загъта: — Байлиат, Фæзыхъæуы хъал фæси- вæд! Æз мæ балцæй æлбаздæхтæн... Сымах та... Искæй налд фынгмæ та стæджы мул- тæм æнхъæлмæ кæсут? Цомут, дунейыал- дыстæн, Гуыбейы фылт уæ бафсаддзæн... Дыууæ фысы йедтæмæ ма уæ хъæуы? Май- лæмы цыппалфондзыссæдз фысæн уыдон сæ хъуылтты дæл нæ фæзындзысты. — Фæндагыл цæуыс æмæ дзæбæхæй дæ хæдзар бацагур. Науæд ма исты куы срæдийай, миййаг. Дæ фыстæ нæ, фæлæ ма дæ Гуыбе дæр ферох уыдзæн,— йæхи нал баурæдта Ауызби. — О-о!.. Ауызби куы дæ! Зæгъын, ны- хасы сæналы смагæй бацæуæн цæуылнæ- уал ис. Бахатыл кæнут, не ’ххуылст ам ис, уый нæ зыдтон. Ку^дзæй чи лайгуылд!..— Йæ ливор фелвæста Майрæм.— Æз дæм лагæй дæл!.. Гæрах фæцыд, æмæ фæздæджы къуым- бил уæлдæфы ауыгъдæй аззад. Ауызби- ’йæн йæ галиу зæнг цыдæр фелхыскъ код- та, фырмæстæй йæ цæстытæ тугæй айдзаг сты. Йæхи уыциу скъæрд бакодта Май- 6 /Ецусты фарн 81
рæмыл. Зыгуымы голлагау æц’хæрдмæ фелвæста, æмæ Гуыбейы къуыдипп фыр- тæн ныхасы къæйдуртыл йæ тъæпп фæцыд, фыццаг, каркæн йæ сæр куыд акъуырай, афтæ йæ гæндзæхтæ ацагъта, «амардта мæ», зæгъгæ, ма ныхъхъæр кодта, стæй йæ туг йæ хъæлæсæй фемæхст. Йæ цъæх цæстытæ дзагъырæй аззадысты. — Цом, дæу ам ныртæккæ ницы хъуыд- даг ис,— цалдæрæй йæ уæлхъус алæууы- / дысты Ауызбийæн.— Мах дзурдзыстæм се- / мæ... Гуыбеимæ, мыггагимæ.. —- Нæ, кæд дзургæ, уæд кæронмæ! Дзуапп æз хъуамæ раттон,— загъта Ауыз- би æмæ, йæ галиу фарс чи лæууыд, уыдо- нæй иуырдæм фæцудыдта— Мæ зæнг... Ис- тæмæй ма мын æй æрбабæтт... Дыууæ боны дæр нал ахаста, йæ фыды цыппарфондзыссæдз фысæй йæ сæр бæр- зæндты чи хаста, хъæуы фæсивæдыл былысчъилтæ чи кодта, уыцы Майрæм. Баз- зад йæ фыд Гуыбе. Уый арт уагъта. Лæ- бурдта. Æрдхъирæнтæ кодта. Зылди Ауыз- бийы фæдыл. Фæззыгон мæйдар æхсæвты хъæумæ хæстæг фæндæгтыл фæзынд æна- хуыр адæймæгтæ. Уыдон Гуыбейы æлхæд адæймæгтæ кæй уыдысты, ууыл дызæрдыг ничи кодта. Хъæуы фæсивæд цалдæр хат- ты фæндæгтæ æрцахстой, фæлæ сæ къухы нæ бафтыдысты. Ауызби сæ йæхæдæг дæр хъахъхъæдта, фæлæ дзы иуыл дæр нæ фæ- хæст. Хъæуы хистæртæ ирон фидыд агуырд- той Гуыбейæ. Не сразы.- Йæ къæсæрæй сæ кæсын дæр нæ бауагъта. Ауызби йæхи айста. Иæ къахы хъæд- 82
гом дзæбæхдæр нæма байгас, афтæмæй ныууагъта йæ бинонты: йæ зæронд мад, йæ ус æмæ йæ фынддæсаздзыд фырты. Аф- тæ бафæндыд йæ мады. Афтæ загътой йæ хуыздæр хæлæрттæ дæр. Йæ цæуыны раз- мæ ма йæ сыхбæстæн загъта: — Афтæ мæ куы бамбара Гуыбе, фæ- тарсти Ауызби, ныууагъта йæ бинонты æмæ йæ тæппуд сæр кæмдæр хохы цъас- сы бамбæхста... Уæхæдæг æвдисæн,— æз тыхгæнæг нæ дæн. Тыхгæнæг нæ уыд мæ фыд дæр. Фæлæ ме ’фхæрд Гуыбе нæ,— хуыцауæн дæр нæ ныббардзынæн. Гуыбе- йæн та-иу афтæ зæгъут, мæ бинонтæй искæ- йы сæрæй иунæг æрду дæр куы фæхъæуа, маст сын куы скæна, уæд ын йæ мыггаг сыскъуындзынæн! Кæд æй лæгæй-лæгмæ хъæуын, уæд æз — цæттæ цыфæнды афон дæр. ■ Цæмæй сæ бон уыд, уымæй æххуыс кодтой бинонтæн Ауызбийы хæстæджытæ, йе ’рдхæрдтæ. Хъæуы дзырдтой, зæгъгæ, Ауызби кæмдæр абырджытимæ баиу. Уы- цы ныхæстæ тас уагътой Гуыбейы æмæ ис- дугмæ йæхи ныхъхъус кодта. Сæ джетты- райæ ныссабыр сты йе ’лхæд лæгтæ дæр. Ноджы ма чидæр Гуыбейы хъусты бацагъ- та, дæхи хъахъхъæн, Ауызбийы фыдбылыз дæ афтæ уæлæнгæйтты нæ ныууадздзæн, тынг дæм æртхъирæн кæны, зæгъгæ. Гуыбейы гæды рувас уыцы ныхæсты фæстæ йæ фæсоны нуæрттыл атылди хъæ- уы хистæрты раз. Йе ’взаг суагъта: — Мæныл уæззаудæр бон никуыуал скæндзæн. Мæ зæронд æнæ бавæрæгæй 83
баззад. Кæй ма хъæуын? Цæмæн ма у мгё цард? Аххос, кæй зæгъын æй хъæуы, ма- хоны аххос уыди. Загъд уый ракъахта. Фæлæ... Æз фидаугæ никæимæ кæнын. Æрмæст Ауызбийæн фехъусын кæнут, йæ- хи лæг куы хоны, уæд цæуыл рамбæхс- бамбæхс кæны?.. ч Гуыбе хъæуы зæрæдтæн се ’нæзонгæ Гуыбе куы нæ уыд, миййаг. Ничи йын бау- уæндыд йæ ныхæстыл. Ауызби та, бирæтæ куыд æнхъæлдтой, афтæ хæхты нæ, фæлæ Уæлладжыры комы йæ мадырвадæлтæм уыд. Уым фæлымæн, Федыр, зæгъгæ, иу лæгимæ. Иуæй-иу ныхæстæ йедтæмæ иро- нау нæ зыдта, фæлæ кæйдæрты æххуысæй фæфарста Ауызбийы йæ царды хабæрт- тæй. Уымæй базыдта, тагъд цавæрдæр ног дуг кæй ралæудзæн, хъæздгуыты, адæмы тугцъирты кæй фæсурдзысты, сæ зæххытæ сын мæгуыр адæмæн кæй ратдзысты, ног дуг саразыныл ам, Ирыстоны дæр, кæй тох кæнынц. Æппæты фыццаг уымæй фе- хъуыста Ауызби, изæры йæ сау хабар кæ- мæн æрбахастой æмæ ныр къæнцылары сæрмæ сау тырыса кæмæн ныссагътой, уый ном... ...Ниуы, къуыс-къуыс кæны дымгæ. Æр- мæст Ауызбийы йæ хъуыдытæ афтæ дард ахастой, афтæ ныдздзæгъæлтæ, æмæ дзæ- бæх нал хъусы дуары къæс-къæс. Раджы фæци сыгъд бæрзы хуылыдз лыггаг. Бады »ма уæддæр Ауызби арты фарсмæ. Иæ дæр- *зæг къухтæй æууæрды йæ зæнджы цæф. Æрмæст ын уазал йæ фæсонтæ куы ныц- 84
цавта, уæд фæстæмæ ракаст. Хæдзармæ æрбахызт Батырбег. — О, ды дæ, лæппу? Цы бауынаффæ кодтат? — бафарста зæронд. — Майрæмбоны дæлæ æртæ фæндаджы лæгъзы æмбырд аразæм. Иннæ хъæуты дæр æрхондзыстæм. Стæй Бæрзджыны ног скъолайыл йæ ном сæвæрынмæ хъавæм,— дзуапп радта Батырбег æмæ артмæ хæс- тæгдæр æрбалæууыд. — Бæрзджыны скъола зæгъыс? Уый хорз æрхъуыды кодтат, тынг хорз. Иннæ хъæуты адæммæ кæй арвыстат, уымæй дæр хорз бакодтат. Зиан адæмæн иумæйаг зиан у. Фæлæ мах дæр исты æрхъуыды хъæуы. Æз æмæ дæу, нæ бинонты... Цу, дæ фæллад суадз, райсом нæ раджы цæ- уын хъæуы. — Кæдæм, Бæппу? Мæн районæй сæр- магондæй уыцы хъуыддаджы тыххæй куы рарвыстой,—батыхст фырт. — Фæсивæдыл сæ афæдзæхсдзынæ. Æз æмæ дæу æхсызгон хъуыддаг ис. Цу. Ха- бæрттæй дæр дæ нал афарстон. Стæй... Исты дæ риссы, миййаг? Фыдхуыз дæ... Хуыфгæ дæр куы кæныс, лæппу?..— загъ- та фыд æмæ йæ бынатæй сыстад. Кæрцы йæхи арфдæр æрбатыхта, дуарырдæм араст.— Æз ма уыцы родмæ бакæсон. Æн- хъæлдæн æмæ мын æнæ бастæй баззад. Фыд йæ нывонды бæрæг кæнынмæ кæй нæ цыд, фæлæ йæхи барæй кæй айста, уый Батырбег бамбæрста. Æз æй дæ бæсты абæрæг кæндзынæн, зæгъгæ, йæм сдзурын- мæ хъавыд, фæлæ йæхи баурæдта. Ахæм 85
заман зЫн йыхас кæнæн вæййы Ауызб^- имæ. Æмæ, æцæг, Ауызби скъæтмæ нæ бацыд. Кулдуары æдде æмбонды уазал дуртыл банцой кодта æмæ кæдæмдæр æдзынæг каст. Дымгæ нæма басабыр. Æрмæст арв мигътæй асыгъдæг, æмæ, цыма стъалытæ уазалæй ныцъцъæх сты, уый хуызæн ты- бар-тыбур кодтой. Мæй, æвæццæгæн, ца- лынмæ Ауызби мидæгæй уыд, уæдмæ аны- гуылд. Æрмæст ма гæзæмæ рухс кодта Цъæриты цъитийы цъупп. Раздæрау къæнцылары сæрмæ фæйлыд- та сау тырыса. Ауызбимæ афтæ каст, цы- ма ныртæккæ дымгæ йемæ аскъæфдзæн тырысайы, ахæсдзæн æй кæмттыл, хæхтыл, хъæутыл. Æмæ, нырма уыцы сау хабар чи нæма фехъуыста, уыдонæн дæр æй радзур- дзысты тъæнджы мæйы фыдуаг дымгæ æмæ фыдохы сау тырыса. Тæхгæ, уæдæ, дæ бон цас у, уымæй, къуыс-къуыс кæн, ниу, тъæнджы мæйы уаддымгæ! Ахсæв дæ рад у. Ахсæвы хуы- зæн фыдохы уац никуыма æрхастай ды! Ниу, уæдæ, ноджы æнæхатырдæрæй, къуыз- зитт кæн!.. 2 Нарæг комы фæхæрд кодтой фыд æмæ фырт. Сæ кусæндзаумæттæ се ’ккæйтты. Фыд — разæй, фырт — йæ фæстæ. Уæлиау хæхты цъуппытыл сызгъæринау æрттивынц ^айсомы хуры фыццаг тынтæ. Митмæ цæс- тытæ нæ лæууынц. Арв — сыгъдæг. Дымгæ басабыр, Æрмæст райсомы уазалæн йæ 86
тых нæ сæтты, æлхысчъытæ кæны фыд æмæ фырты цæсгæмттæ. Мит хъæрзы къæхты бын. Цъити дон ныйих, ныддæв- дæг бынтондæр, ранæй-рæтты айдæнау æрттивы. Цæуы фыд разæй. Йæ фæтæн фæсонтæ гуыбырæй хæссы. Ницы дзуры. Уæвгæ цы дзура? Сæхицæй куы рараст сты, уæд фыр- тæн бамбарын кодта æппæтдæр. Хъуамæ Дзæбидырджыны комæй раласой цырты дур. Майрæмбонмæ йæ сцæттæ кæной. Дзæбидырджыны комы та раджы кæддæр, дзугæй чи фæкъорд, ахæм фысты фæдыл зилгæйæ диссаджы дуртæ федта Ауызби. Дысонизæр, цалынмæ фырт къæнцыларæй здæхт, уæдмæ Ауызби уыдоныл хъуыды кодта’. Цæхæртæ калдтой, афтæмæй уады- сты йæ фæллад цæстытыл. Æрмæстдæр уыцы дуртæй хъуамæ ныссадзой цырт фыд æмæ фырт сæхи номæй!.. Хатгай фыд фæстæмæ ракæсы. Æрлæу- уы. Йæ ныхы хид йæ кæрцы дысæй асæр- фы æмæ та, йæ бæрз лæдзæгыл æрæнцай- гæйæ, араст вæййы дарддæр. Цæуы фырт йæ фæ^ыл. Кæсы, фыд хъæбæр митыл йæ къах куыд фидар, куыд арæхстджынæп æвæры, уымæ. Фыццаг хатт нæ цæуы Ба- тырбег ахæм зын фæндагыл. Иæ фыдимæ уыдис ацы комы дæр, æрмæст дзы, Ауыз- би цы ’рттиваг дурты кой кæны, уыдон никуы федта. Æвæццæгæн, тынг дард, тынг арф ран сты. Ауызбийы йедтæмæ кæй ничи зоны, ахæм ран. — Лæппу, къахвæдтыл цу. Фæбырынæй хъахъхъæ,— дзуры фыд. 57
— Хорз, Бæппу. Мæнæн ма тæрс,— дзуапп дæтты фырт æмæ иувæрсты кæсы размæ: йæхинымæр агуры фыды ’рттиваг дуртæ. — Дзирийы рагъ ма хъуыды кæныс? — Кæнын, фæлæ уый... Уый раджы уыд. Йæ иунæг фырты йе- мæ арæх кодта Ауызби. Лæппу-иу йемæ куы уыд, уæд йæ фæллад дæр ницæмæ дардта, бон дæр бирæ цыбырдæр уыд. — Куыст, æрмæстдæр куыстæй фидауы хæхбæсты адæймаг. Куыстыл та афоныл куы нæ сахуыр уай, уæд æм уыйфæстæ ас- тæу нал фæтасы. Лæгæн та йæ астæу тас- гæ,куы нæ кæна, уæд æй лæгыл нæ ныма- йынц,— афтæ-иу дзырдта Ауызби йæ гыц- цыл фыртæн. Æмæ Батырбег йæ зæрдыл бадардта йæ фыды ныхæстæ. Сæрдыгон бон-иу куыддæр цъæхтæ кæнын байдыд- та, афтæ-иу æй фыд йæ хъарм хуыссæнæй рабадын кодта. Иæ ком ивазгæ, йæ цæс- тытæ æууæрдгæ-иу сыстад. Цъынддзас- тæй-иу скаст йæ фыдмæ, цыма йын-иу аф- тæ дзырдта: æрмæстдæр ма иунæг минут, хæрз чысыл ма мæ бауадз... Æмæ-иу фыд фæстæмæ схуыссын кодта фырты. Иунæ- гæй-иу ацыд кусынмæ — хос кæрдынмæ, мæкъуылтæ амайынмæ, суг ласынмæ... Лæппу-иу йæхицæн бынат нал ардта, æнхъæлмæ-иу каст, уæдæ кæд æризæр уы- дзæни æмæ Бæппу кæд æрцæудзæн, зæгъ- »гæ. Мæцкъуытæ, мæнæргъытæ, мыдыбын- дзыты къуск... Æ,мæ-иу цынæ ’рхаста йемæ уыгæрдæнтæй, хъæдæй Ауызби йæ иу- нæг фырт Батырбегæн! 88
Дзирийы рагъ... Мæнæ ныртæккæ куыД цæуы, афтæ цыд уæддæр йæ фыды фæстæ гыццыл Батырбег. Сæрдыгон хур дзæвгар суад арвыл. Рæгътæ дидинæгæй тыбар-ты- бур кодтой. Гæлæбуты пæр-пæр, мыдыбын- дзыты гуыв-гуыв дард кæдæмдæр сайдтой лæппуйы. Æмæ-иу хатгай йæхи нал баурæд- та, нарæг къахвæндагæй-иу ахызт, гæлæ- буты фæдыл-иу ныййарц. Тынг цин кодта Батырбег, уыцы бон æй Ауызби йемæ хос кæрдынмæ кæй ракодта, ууыл. Æрмæст йæ дзабыртæй тынг тыхсти. Ног кæрдæгыл цъыгъгъуыттытæ кодтой. Бæргæ сæ ралас- таид, бæгъæввадæй бæргæ асырдтаид уы- цы фыдуаг гæлæбуты, фæлæ йæ фыд нæ уагъта. — Лæппу, фæндагмæ рахиз. Фæбыр- дзынæ æмæ дæлæ комы доны дæ тъæпп фæцæудзæн! — цалдæр хатты йын загъта фыд. Фæлæ Дзирийы рагъыл гæлæбутæ афтæ рæсугъд уыдысты, æмæ лæппуйы сæ ныууадзын нæ фæндыд. Стæй йæ дыууæ къахы дæр уыциу бырд фæкодтой, æмæ рагъæй уырдыгмæ атахт. Ницуал бамбæр- ста. Фæстæдæр йæ фыды хъæбысы æрчъи- цыдта. Байгом кодта йæ цæстытæ. Иæ судзгæ русыл змæлыдысты йæ фыды уа- зал былтæ: — Фидар лæуу... Дæуыйас лæппу кæу- гæ нæ фæкæны. Ныртæккæ адзæбæх уы- дзынæ. Нарæг комы фынккалгæ цы цъитидон уади, уымæй дудæгау кодтой лæппуйы рустæ, сæр. Рысти рахиз цонг, цыма йыл дур ауыгъд уыди, уыйхуызæн сисын нал 89
куЫмдта. Стæй фыд йæ миДæггйг хæдонЫ дыс ратыдта, цавæрдæр уазал кæрдæджы- тимæ бабаста лæппуйы сæр, цæсгом, ра- хиз цонг. Иæ хъæбысы йæ ’рхаста фæс- тæмæ хъæумæ... «Бæппу ма мын, æвæццæгæн, гыццыл гаги æнхъæл у... Дзирийы рагъæй дæр мæ уымæн фæрсы?» — хъуыды кæны йæхины- мæр Батырбег, æмæ фыдмæ хæстæгдæр бацæуы. Тæрсы, фыд куы фæбыра, йæхи истæуыл куы ныццæва. Разæй цæуыныл дæр афæлвары, фæлæ фыд ууыл нæ разы кæны. Рахизырдыгæй хохы цъуппыл урс ми- гъы бындзыг фæзынд. Къухаууонæй йæм акаст Ауызби. — Хорз нæу... Тагъд кæнын хъæуы, лæппу,— загъта фыд æмæ йæ бæрз лæдзæ- джы фындз миты ноджы арфдæр æрсагъ- та, рогæн багæпп кодта дурты сæрты. Æмæ, æцæг, чысыл фæстæдæр урс ми- ты бындзыг хохы цъуппыл атад. Арвыл æрбагуылфæн кодтой сатæгсау мигътæ. Комы баталынг. Стæй дымгæ рацыд. Ми- ты гæбынатæ уæлдæфы сæмхæццæ кодта. Фæстæмæ скъæфта фыд æмæ фырты ко- мытæф. — Æрбахæццæ. стæм,— æппынфæстаг загъта фыд æмæ бæрзонд гæмæх хохмæ хæрдмæ скаст. Иæ къахæн, йæ фæрæт къæдзæхрæбын æрæвæрдта æмæ, чысыл дæлдæр донвæд кæм зынд, уыцырдæм ^раст. Фырт дæр скаст хохмæ. Иннæ къæ- дзæхтæй хъауджыдæр уæлдай æрттывд нæ кодтой уыцы къæдзæхы былтæ. Æрмæст 90
дымгæ хъазыд сæ фæрстыл æмæ сæ касса* джы хуызæн чырс уырдыгмæ згъæлд. «Æвæццæгæн, ацы хох у, фæлæ кæм сты йе ’рттиваг дуртæ?» — Æдзынæг кæсы Батырбег æмæ, зынгау чи судзы, уыцы къухтæй сæрфы йæ уымæл ныхы хид. — Лæппу, къахæн-ма рахæсс! — къæ- дзæхты къултыл æнахуыр зыланггæнгæ атахтысты Ауызбийы ныхæстæ. Фырт, къа- хæн æмæ дзæбуг йе ’ккой, афтæмæй ныц- цыд йæ фыды цурмæ. Ауызби дæргъæй- дæргъмæ дуры цур лæууыд, йæ кæрцы фæдджийæ йын йæ миттæ сæрфта. — Уæлæ къахыр уыныс? — хохы фарс- мæ йæ къухæй бацамыдта Ауызби.— Ацы дуртæ дæр, æвæццæгæн, уырдыгæй рахау- дысты. Сæрдыгон сæ дон куы ’рæхсы, æцæг æрттывд уæд фæкæнынц... Фыд, цыма сызгъæрины къæртт ссард- та, уый хуызæн зæххыл нал хæцыд. Дуры алывæрсты зылд. Мит фæйнæрдæм калд- та. Стæй дур сыгъдæггонд куы фæци, уæд йæ кæрцы дысæй та йæ хид асæрфта, фыртмæ бакаст æмæ загъта: — Лæппу, йæ цыргъ тигътæ йын дзæ- бугæй æрлæгъз кæн, йæ бырæн фарсыл æй рафæлдахын хъæуы. Кæд æй дæлæ нарæ- джы дурты цæнд нæ баурома, уæд чысыл фæстæдæр раст хъæуысæр балæудзæн. Уæвгæ дурты цæндæй хъæумæ дард нал у. Искæйтимæ йæм суайдзыстæм... Батырбег йæ тых-йæ бонæй ныццавта дуры цыргъ тигъ. Стыргомау къæртт дзы иуварсырдæм атахт. Систа йæ. Дуры, цы- ма цæст тыххæй кæй уыиы, ахæм гыццыл 91
цырæгътæ сыгъд, уыйхуызæн æнæнымæц æвзист цæстытæй ’рттывта, тæмæнтæ калдта. — Ай æцæг диссаджы дур куы у... Ныр- мæ йæ куыд никуы никæмæн бацамыд- тай? — цингæнгæ загъта фырт æмæ йæ фыдмæ бакаст. — Ахæм диссæгтæ бирæ ис, лæппу, нæ хæхты. Амонгæ нæ, фæлæ ма дзы цалдæр къæртты æрвитгæ дæр акодтой...— йæ бы- натæй сыстад фыд.— Тагъддæр кæ, кæд ма рухсæй ныххæццæ уаиккам. Æнхъæл- мæ нæм кæсдзысты... Дыууæ мæцъисæй рафæлдæхтой дур йæ бырæн фарсыл. Фесхуыстой йæ, æмæ æваст ком ныццарыдта. Ныййазæлыдысты хæхтæ. Митын рыг фæздæгау сыстад. Нæр- гæ, гыбар-гыбургæнгæ атахт нарæг донвæ- дыл цырты дур. Йæ фæд-йæ фæд араст сты фыд æмæ фыот. Дымгæ сын хоста сæ хид цæсгæмттæ. Миты гæбынатæ тадысты фыд æмæ фырты рустыл. Бынæй та, дард кæмдæр комы, уæззау нæрд кодтой къæ- дзæхтæ. Бафæллад Ауызби. Йæ зæнгтæ йæ бы- ны дыдæгътæ кодтой. Цыд уæддæр, тагъд кодта фырты разæй. Иу фæзилæны, гыц- цыл ма бахъæуа, былæй ма ахауа. Иæ кæрцы фæдджийæ ма йæ ’рцахста Батыр- бег. Тыхтæ-амæлттæй, къæдзæхы салд фаосыл сæ ныхбынты туг калд, абтæмæй ныйирвæзтысты фæзилæны. Ранæй-рæтты цырты дурæн йæ фæд æппындæр нал зынд. Арф миты бынты-иу фатау атахт. Цалынмæ-иу дæлдæр йæ фæд нæ разынд, 92
уæдмæ йæ миты бын агуырдтой. Хур аны- гуылд. Изæрдалынгтæ кодта, афтæ ных- хæццæ сты, Ауызби цы цæнды кой крдта, уымæ. Цырты дур, цыма фыд æмæ фырт- мæ æнхъæлмæ каст, цыма йæ хъæумæ фæндгæ нæ кодта, уый хуызæн нарæджы ныццæхгæрмæ. Иæ бырæн фарс æвзист цæстытæй æрттывта. Цæнд дыууæ дихæй лæууыд. Ауызби дуры алыварс цалдæр зылды ’ркодта. Стæй йæ дæллаг фарс ти- гъыл æрбадт æмæ йæ къухтæ миты ауагъ- та. — Лæппу, йæ быны дуртæ йын асыгъ- дæг хъæуы... Цуркау сæ салд зæххы куыд ныкъкъуырдта,— загъта Ауызби æмæ йæ сынæгæй цырты дурыл анцад. Дур змæл- гæ дæр нæ фæкодта. Æрмæст зæронды, йæ къæхтæ кæмæ сбыцæу кодта, уыцы дур фæсайдта æмæ миты хъæпæнмæ уырдыг- мæ атахт. Фервæзын та йæ кодтой йæ фæлтæрд къухтæ. Ныххæцыд цæуылдæр. Ноджы фырт уайтагъд йæ уæлхъус фев- зæрд æмæ йæ миты бынæй скъахта. — Лæппу, мæнæй дын пайда нал ис... Дæхæдæг ын исты амал кæн,— загъта Ауызби æмæ иуварсырдыгæй къæдзæхрæ- бын æрбадт. Дур та ногæй йæ бынатæй фезмæлыд, ком та фæстæмæ ныннæрыд. Фыд йæ къæхты бынæй ныуулæфыд æмæ хъæрзгæ ныхасæй загъта: — Ныр ын тас нал у. Ныр хъæумæ хæццæ кæндзæн. Лæппу... Мæ зæнг... Æр- лæууын мæ нал уадзы... Фырт фæтарст фыды фæлурс цæсгомæй. 93
Иæ разы йæ зонгуытыл æрхауд. Тагъдго- мау .февнæлдта фыды зæнгмæ. Зæнг афтæ ныррæсыд, æмæ фæсмын зæнгой фæйнæ- рдæм тыдта... 3 Дыккаг райсом Ауызби нал сыстад. Зæ’нджы зæронд цæф йæ ногыл дæр афтæ тынг нæ рыст, афтæ нæ риуыгъта зæрдæ- йы. Æхсæв-бонмæ йыл тæвд дуртæ фе- вæрдтой, хоры цъатаимæ йæ бабастой, уæддæр æй боны цъæхтæм йæ цæст æр- цъынд кæнын нæ бауагъта. Райсомæй иу- чысыл афынæй. Йæ фыны федта Майрæ- мы, хъамалвæстæй йæм лæбурдта. Гуыбе дæр чысыл фалдæр æмбонды фæстæ æрæм- бæхст. Фыртмæ дзырдæппарæн кодта. Ар- дыдта йæ. Сабыр дзыхы ныхасæй йæм дзырдта Ауызби. Стæй Майрæм æгæр- æгæр куы кодта, уæд ыл йæхи баскъæрд- та. Иæ хъама йын срæдывта, куырисау æй йæ дыууæ къахæй хæрдмæ фелвæста. Ныр æй зæххыл ныццæвон, зæгъгæ, афтæ йæм Гуыбе æмбонды фæсте рагæпп кодта... Стæй дыууæйæ дæр фæтымбыл сты... Стыхст йæхинымæр Ауызби. Фехъал. Иæ цæф зæнгыл йæ къух арæхстгай æрæ- вæрдта. Арф ныуулæфыд. Фынмæ гæсгæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, æндæраз фæззæг Гуыбе къæнцыларыл куыд бандзæрста, куыд æй æрцахстой, æнæдаст, йæ къухтæ фæстæмæ баст, афтæмæй йæ хъæуы уынг- ты кæдæмдæр ахæстонмæ куыд фæцæйкод- той, уый. 94
«Фæлæуу, Ауызби, æз дын мæ фыстаё, мæ зæххытæ, мæ фырты туг дæ фындзы- хуынчъытæй сласдзынæн! Дæ фыртБатыр- бег хъæуыхицау кæй сси, къæнцыларыл дæр уымæн бандзæрстон. Мæ рахиз цæст куы схаудаид, æмæ Батырбеджы къæнцы- лары куы сфизонæг кодтаин... Абон уæ рад у, фæлæ та уын а дыууæ боны уе ’фсондз уе ’фцæгыл бафтаудзысты!» — фæ- стæмæ ма хъæр кодта Гуыбе. «Раст зæгъыс, абон мах рад у! Цæрæн- бонты ныхасы бар кæмæ нæ хауд, уыдоны рад у абон! Цы ’фсондзы кой кæныс, уый мах раджы басыгътам, йе ’ртхутæг та йын, йе ’схъистæ йын дымгæмæ ныддардтам! Нæ фындзыхуынчъытæм нын чи хъава, уыдонæн та сæ сæртæ ныхасы къæйдур- тыл хойдзыстæм!» — дзуапп ын радта Ауызби æмæ йæ рахиз къухы æнгуылдзтæ армытъæпæны амбырд сты. Кæртæй хъуыст æфсæйнаджы зæлланг, уæззау гуыппытæ. Ауызби йæ зæнг фыс- дзармы батыхта, йæ зæрдæ нал фæлæу- уыд æмæ лæдзæджы æнцæйтты тыргътæм рахызт. Батырбеджы цалдæр лæппуимæ цырты дуримæ архайгæ куы федта, уæд сæ цурмæ бацыд. Иудзæвгар æнæ исты сдзургæйæ фæкаст, стæй бафарста: — Лæгъз æй хорз куы скодтат, уæд ма йæ къахгæ та цæмæн кæнут? — Ныхæстæ йыл фыссæм, Бæппу..* — Цавæр ныхæстæ? — Иæ ном æмæ йæ мыггаг. Стæй йын цырт чи сæвæрдта, уыдоиы номæй... — Æмæ йыл кæй номæй фыссут? 95
— ФæзыхъæуУ цæрджыть! номæйг дзуапп радта лæппутæй иу. Ауызби исдугмæ цæуылдæр ахъуыдь-' кодта, стæй йæ фыртмæ фæсидт æмæ йын, аивæй загъта: — Лæппу, æмæ райсом иннæ хъæутæ^. чи æрцæуа, уыдонæй худинаг нæу? Ць зæгъдзысты? — Æз сын бæргæ дзурын, адæмæн æг се ’ппæты номæй схонæм... Хæххон мæ- гуыр адæмы номæй,— йæ ныхас ын айста иннæ. — Æмæ цы кæны, афтæ хуыздæр уы- дзæн,— дзуапп радта Ауызби æмæ йæ фыртырдæм йе ’ргом аздæхта. — Лæппу, уыцы уæныджы кой дæр ба- кæнут. Уæд та йæ райсом... Куыд хуыздæр уыдзæн? — Уалдзæджы. Иæ гуырæн бон. Афтæ хуыздæр уыдзæн. Ауызби зæхмæ ныккаст. Исдугмæ ниц- уал сдзырдта. Стæй цыртырдæм азылд æмæ загъта: — Мæхимæ дæр афтæ хуыздæр кæсы. Уалдзæджы... Цу ныр де ’мбæлттæм. Лæгъздæрхъуаг ма уын у... Майрæмбоны, кæд боныхъæд тынг æв- зæр уыд, уæддæр хъæуы фæсивæдæй ничи фæзивæг кодта, сæумæцъæхæй æрæмбырд (^ты æртæ фæндаджы фæзмæ. Иæ мит ын ныммарзтой. Асыгъдæг ын кодтой йæ дур- тæ. 1 Суадоны сæрмæ фæллад бæлццонау Батырбеджы нымæты тыхтæй лæууыди цырт. Ауызбимæ афтæ каст, цыма ныр- 96
,'æккæ цырт йæ нымæт сисдзæн, комком- мæ йæм æрбацæудзæн, йæ къух ын райс- 1 дзæн æмæ зæгъдзæн: — Уый ды дæ, Цæргæсаты Ауызби? Æз уæдæ дæу фенынмææрбацыдтæн. Хæх- осон адæмы фенынмæ... Зыдтон æй, æн- кхъæлмæ мæм кæй кæсут, уый... Ахæм хъуыдытæ иу хатт æмæ дыууæ тхатты не змæлын кодтой Ауызбийы зæр- дæйы. Адæмæн уыйбæрц хæрзтæ чи ра- кодта, æппæты фыццаг сæм сæ номæй чи сдзырдта, уый сæ иуахæмы кæй бабæрæг кæндзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодта. Æр- мæст, кæд ссæудзæн, уый бæлвырд нæ зыдта, уæддæр йæхи цæттæйæ дардта: цы, ныхæстæ йын фæкæндзæн, йе ’рдхæрдты, йæ хæстæджыты куыд æрхондзæн, хъæу- гуывд ын куыд скæндзæн... Уыдон иууыл- дæр нымад уыдысты Ауызбийæн. Иæ ны- вондаджы дæр йæ комыкомдзæгтæй уымæн хаста. Стæй йын иухатт Батырбег загъта: — Бæппу, дæ зæрдæхудты бацæуын мæ нæ фæнды. Æз дæр йæ уындмæ дæуæй къаддæр нæ бæллын. Фæрсыс мæ æмæ дын зæгъын: хъуамæ ссæуа. Фæлæ ма дае- хæдæг ахъуыды кæн, æз æмæ дæу хуызæт-^ тæ цал ис дунейыл? Се ’ппæтыл куыд ах- хæсдзæн?.. — Æмæ мах... Мæнмæ гæсгæ дзы мах хуызæн хæсджын ничи у. Уадз æмæ нæ фе- на. Уæлдæфмæ иучысыл йæ фæллад суа- дза...— дзуапп радта Ауызби, стæй æрæ- джиау Батырбегимæ сразы.— Бирæ хъуыд- дæгты лæуд кæй у, мах хуызæттæ йын бирæ кæй ис, уый æз дæр æмбарын. Гъе- 7 Æнусты фарн 97
мæ йын уæдæ йæ нывондæй куывд скæн- дзыстæм. Ие сгуыйы хай æмæ йын йæ бæ- гæныйы кæхц уырдæм арвитдзыстæм... Суадоны был лæууы Ауызби æмæ къул- бæрзæйæ кæсы цыртмæ. Суадон хæрдмæ цæвы, æнхъизы, чысыл дæлдæр ихы бы- нæй йæ хъуыр-хъуыр цæуы. Батырбег, цырты бын ма цы чъыры муртæ аззад, уы- дон иу ранмæ æмбырд кæны. Разы у Ауыз- би фæсивæдæй, йæ фыртæй. Хорз ран æр- хъуыды кодтой цыртæн. Æртæ фæндаджы астæу. Суадоны хæдсæрмæ. Сæрд сысгæ нæ кæны суадон, зымæг та — их. Ардæм цæуынц хъæуы дондзæуттæ. Ам æруро- мынц фæндаггæттæ, æртæ комæй быдыр- мæ чи цæуы, æртæ коммæ быдырæй чи здæхы, уыдон. Сихæрттыл фæзы адæмæй къах æрæвæ- рæн нал уыд. Сæ сау тырысатимæ ’рцыды- сты иннæ хъæутæй дæр. Хъæуты дзырд- дзæугæ лæгтæ цырты раз фæкъордсты. Батырбег дæр семæ. Цыдæр æхсызгон ны- хас сын кодта. Стæй, абонрайсом цырт амайынмæ чъыр кæм æрластой, уыцы гал- уæрдонмæ схызт, йæ худ систа, адæмыл йæ цæст ахаста æмæ загъта: — Хорз адæм! Абон дунейы фæллой- гæнæг дзыллæтæ фæндараст зæгъынц сæ ахсджиагдæр хъæбулæн. Сæ сæртæ ныл- лæг æруагътой йæ сынты раз. Ард хæрынц йæ марды уæлхъус, уый цы стыр хъуыд- '|Дæгтæ райдыдта, уыдон кæронмæ сыгъдæ- гæй кæй ахæсдзысты, ууыл. Дунейы фæл- лойгæнæгадæмты зæрдæты рухс чи ссыгъта, талынгæй сæ уæрæх фæндагмæ чи ракодта, 98
се ’нусон цагъардзинадæй сæ чи фервæзын кодта, уымæн мæлæт нæй. Ахæм лæг нæ мæлы. Уый фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæрдзæн, цы домбай большевикты парти сарæзта, уый зæрдæйы, дзыллæты зæрдæты, махæн не ’ппæты зæрдæты. Бæгъæмсарæй лæууыдысты адæм. Сæ цæстæнгас сарæзтой цыртмæ. Хъуыстой Батырбегмæ. Лæууыд Ауызби дæр. Лæм- бынæг хъуыста йæ фырты ныхæстæм. Кас- ти йын йæ фæлурс, æнæдаст цæсгоммæ. Ахæм стыр хъуыддаджы тыххæй районæй йæ фырты кæй азрбарвыстой, утæппæт адæ- мы раз дæсны ныхас кæй кодта, уый æх- сызгон уыд Ауызбийæн. Иæ фæллад цæс- тытæ доны -зылдысты, йæ зæрдæ æрхуым кодта. Стæй цалдæр лæппуйы нымæт сис- той, цæхæртæ скалдта цырты дур. Батыр- бег æм йе ’ргом аздæхта æмæ уынгæг хъæ- лæсæй загъта: —-,Ард дын хæрæм, хæххон адæм дæ амынд фæндагæй нуварс кæй никуы аз- дæхдзысты; уый тыххæй!.. Фæсивæдæй иу-цалдæр, сæ худтæ сæ къухты, афтæма^й цавæрдæр уырыссаг за- рæг. ныззарыдысты. Батырбег дæр семæ. Диссаг фæкаст уый Ауызбимæ. Никуыма фсдта зианы бон -заргæ. Уæлдайдæр ахæм судзаггаг зианы бон... Йæ фарсмæ чи лæу- уыд, уыдонæй иу æрыгон лæппуйы йæ рæм- быныкъæдзæй басхуыста, зæгъ сын æмæ басабыр уой, зæгъгæ. — Уый, Ленин йæхæдæг арæх кæй за- рыд, ахæм зарæг у. Дунейы фæллойгæн- джытæм фæстаджы тохмæ чи сиды, ахæм 99
зарæг,— йæ хъусы йын сусæгæй бадзырд- та лæппу. Ауызби ницуал загъта. Йæ раз- мæ æрбацыд æндæрхъæуккаг æртæ зæронд лæджы. Цыма зиан æрмæст Ауызбийы зи- ан уыди, уый хуызæн ын тæфæрфæс ракод- той: — Дæ хъиамæттæ, дæ фыдæбæттæ йын хæлар уæнт... Бузныг, Ауызби, дæ хорздзи- над дын никуы ферох кæндзыстæм. Не ’ппæты хæс дæр ды дæхимæ айстай, æмæ дын бузныг зæгъæм!.. Æдзынæг каст цыртмæ Ауызби. Иæ урс-урсид боцъо йын фæйлыдта дымгæ. Зæнджы рыст зæрдæйы рыстимæ баиу. Йæ хъусты та къуыс-къуыс кодта фыдуаг хæххон уад. Ниудта, дзынæзта иу комæй иннæмæ, иу хъæуæй иннæ хъæумæ, иу -зæрдæйæ иннæ зæрдæмæ. Хæхты уарыд мит... 100
Малиты Васо I ЕОЛГÆЙЫ ЗАРÆГ (Скъуыддзæгтæ поэмæйæ) Ды ластай Дæ рæсугъд чызджыты Тыхсаст сæнттæ ниугæ. Ды ластай Дæ мард фыртты иугай, Ды ластай Бурлактæн Сæ тугæрхæм зарæг. Ды ластай Дæ мадæлты Судзаггаг хъарæг, Фæлæ сæ нæ фæдæ, Нæ сæ фæдæ ласт! Уæд зилахар кодта дæ сæрмæ Æбуалгъ рæстæг, Сау сынтау, раст. Ды ластай Дæ ивгъуыдмæ Саударæг бонты. Ды ластай Дæ баркъаутыл тохмæ Дæ цоты. Ды ластап Ызнæгтæн Сæ сæртыкъуыдыртæ, Ды ластай 101
Æнæмæлгæ кадæджы амонд Уырыссаг фæндыртæн. Ды ластай Дæ гуылфы Нæ сомбоны ног цард Цыреикалгæ арты. Ды ластай Æнусондзинадмæ Хъайтарты. Фæлæ сæ нæ фæдæ, Нæ сæ фæдæ ласт,— Æгæр арф кæй ысты Дæ цин æмæ маст, Гъе уый тыххæй райгуырд Дæ былгæрон Ленин, Ныр дæр ын йæ сабиоп сагъæс Дæ уылæнтыл фенын. Уый радта йæ зæрдæ Æрцæуинаг уадæн. Æнæсгæрст бæстæмæ Куыд бацæуынц цардагур адæм, Гъе афтæ йæ уды Æнæхъæнæй бацыд Æгас зæххы сагъæс. Æппæт дугты балцыл Иæ цæстæнгас аххæст. О Волгæ, Куыд тарстæ Дæ фыртæн! Дæ фыны-иу федтай: Мæгуыртæ фæхæссынц Сæ уæхсчытыл Се ’нхъæлцау сабийы мардæй. (Дæ фестъæлфт мæнæн дæр 102
Мæ уды æнцойаД Фæхаста мæ цардæй). Æмæ-иу дæ былтæм, Æмбухгæ, лæбурдтай. Дзæгъæлы! Дзыллæты фæндонæн Иæ быидур нæ хæлы! Дæ хъæбулæн фесæфтай й’ адзал. Дзыллæтæн цы уыди рæсугъддæр сæ зæххыл, Гъе уымæй йын сарæзтай авдæн — Дæ рухс сæнтты азæлд. Ды хъуыстай йæ улæфтмæ — Фидæны уадмæ. Хуыдтай йæ æдæрсгæ Æмбисонды кадмæ. Нырдæр ма Дæ уылæнты сабыр уынæры Æвзонг гимназисты Хъæлдзæг худт ныннæры. Нырдæр ма дæ былгæрон зары Чысыл саби сидзæр сæныккыл. Иæ цæстыты арвы цъæх уары, Сæууон фæлм æрбадти Йæ сусæг цæссыгтыл. Уырысы егъау дон, Дæ уылæнтæ ласыс Мæ сагъæстау цадæг. Æз фехъуыстон раджы Хæхбæсты ныхасы Дæ кадæг. II ÆРБАЦÆУЫ ЛЕНИН Мæ фæлтæр! Уыдзынæн дæ тохы 103
Дæ барджыты астæу, Мæн ысты Дæ цин æмæ рис. Хъайтары æхсаргарды састау Нæ дардзæни рæстæг Музейты ма* сис. Æнцондæр у, чи зоны, Амæлын тохы, Æнæфыст хæс уаргъау хæссынæй. ’ Æвæццæгæн, уый тыххæй райгуырдтæн хохы, Цæмæй мын-иу макуы уа • Лидзæн мæ зынæй. Нæ хæхтæ, Уæ æдзæм сæрыстырдзинады Æнкъарын Рæвдыд æмæ мæт... Зæгъут-ма: Æмбæхстæй Уæ цъуппыл кæм бады Тыхджындæр поэты мæлæт? . . Æз рагацау курын: Иæ адзал мын раттут — Мæ цард ын уæддæр уаид иу боны фидауц. Кæд искуы Мæ раст уд Иæ зарæджы сыстид Рæсугъддæр бæллиццау. Æз райгас уыдзынæн, Æз уарздзынæн ногæй, Æз нуаздзынæн стырдæр поэты Уæлтæмæны ронгæй, Куы фыссой Зæххонтæй зæххондæры кадæг. Нæрдзæн революци, Дзыллæты зæрдæтæ. йын — артаг, 104
Дзыллæты зæрдæты йæ цæхæр Æрхуыссын нæ комы. Нæ фæтæг, Хъуыдыгæнгæ, бады Ревкомы, Зæрдæты, Нæ туджы, Нæ зонды. Цы нæ ис рæстагæй Зæххон лæджы сконДы, Уый фидæны картæйыл Хорз уыны Ленин. Æз мин азы фæстæ цььфенин, Гъе уымæн дæр рахаста Ленин Мæлын, Ие цæрыны дæрхон. Мæхи революци, Нæ дунейы Ленины дунемæ хон! Фæстаг тохы зарæг Æрбахæссы дымгæ Октябры цæхæркалгæ риуæй. Гъей, хи амонд арæг! Кæд адджын æнцойад Дæу иртасы Зиуæй, Уæд зæххыл дæ хуызы Æнæхайыр аууон Иæ мыздмæ фæхъуызы. Æмбæлттæ! Æрбацæуы Ленин Нæргæ броневикыл, Цы уыдзæни боны фæтчы? Æнусты сæуæхсид Ныттыхст большевикыл, 105
Йæ палтойы уаддзагъд фæдджи, Дымгæмæ фæйлаугæйæ, Фестади мрамор. Нæ сæрмæ ныфсы дзырд нæры. «0 Адæймаг! Уазал æнцойдзинад амар! Дæ амонд дæ тохы цæры!» Дунейы кæрæттæм, Æмбæхст материктæ — зæрдæтæм Рæстдзинады наутæ Æрвиты фæтæг — Иæ дунейы æрф æмæ уæрхы Мæ сæнттæн Сæрибардæттæг. Тæмæнкалгæ намыс! Ды — хæхтæй бæрзонддæр, Ды — уарзондзинады æмгар., Дæ цъуппыты цъупмæ Нæма схызти зонд дæр. Дæ хæрзтæй мын ракæн лæвар. Гъей, байхъусут, адæм! Уый Намыс Иæ сызгъæрин уадындзæй зары: «Паддзах дæр йæ бадæн Мæ номимæ бары, Лæгмар дæр йæ сусæг Мæ номы æмбæхсы, Иæ фæллæйттæ Кусæг Мæ номыл фæдзæхсы. Мæнг тавицау удæн Ныууадзын мæ хъæстæ. Æвзонг чызгау худын, Куыд зилой мæ фæстæ. Мæн бур зин — сызгъæрин 100
Æлхæнынмæ хъавы, Фæнды^пæ, куы цæрин Æрмæстд&р йæ арфы. Æиамонд зæрдæтæ Æвзидынц, лæбурынц. Мæ Уарди-дыргъдæттæн Сæ адджын тæф курынц. Фæлтæрты фæпдæгтæ Мæн тыххæй фæзарынц. Æхсынц мæ æндæргтæ, Ныккæнды мæ дарынц. Фæлæ сæ цъæх арты Æппары мæ азар. Æз фестын цагъарты Сыгъдæгдæр фæндагсар. Мæн свастикæ домы Йæхицæн лæггадæн, Мæ сызгъæрин номы Уын агуры бадæн. Фæлæ мæ æмбæхстой Бæгъатыр зæрдæтæ. Æнæмигъ æрвгæрон — Мæ тохы нысан. Мæ денджыз — æгæрон, Æнусмæ ныфсæн Æнæхъæнæй бацыд Фæгæгæн йæ ныхы, Фæтæгæн йæ балцьт, Фæтæгæн йæ тыхы...» Нæ урс хæхтæ Намысы зарæгмæ хъусынц, Æврæгътæ Сæ хъæбысы арвы цъæх узынц, Кæдæмдæр сæ сагъæсты джихæй Бæрзонд хæхты сæрты кæсынц... 107
бызгъæрин хур айнæджы Ныррухс кодта рындз. О, ма сай дæхимæ, Зæрæхсид, Мæ хуры æнæазым худт. Кæд йе ’рттивгæ тынтæй Æрæхсид Мæнзен дæр мæ уд. Куыд феста сызгъæринсыф тала Мæ зарæг фæтæджы цытæн! Мæ фæстæ дæр, Уадз æмæ дидинæг кала, Уад;?, сыста Поэгы цыртæн. - Мæ рæстæг, Фæннæрдæм, цæй, де ’мбæрзæн акæ, Дæ хъæбул Дæ аивад фена. Историпы сценæ Ныхъхъæр кодта тугкалæн тохы: «Атакæ!..» Сæуæхсид Фæйлауы æрцытыл, Лæдæрсы йæ туг. Нæма 'уУæнДы ие сæфты ’рцыдыл Хæрамæй конд дуг. Лæбуры дæндагæй, Æхсы æмæ судзы, Ныхъуыры, Сæтты. Æмбæрзы Мæрдон хызæй Ног царды рудзынг, Уд зинтæн дæтты. Фæлæ революци, тигъæи> 108
Мæхк революцй, Иæ ка^дыл хæцы. Йæ ных\æ цы ’рлæудзæни карз тохы? Ницы! \ Иæ туджы\1æцы. Æрхауы уæзз^у цæфæй, Фесты, Фæтæджы æндон сидт Æрцахсы йæ хъус. Æнæмæлæт фесты; Йæ иу боп — æнус. Æрвон чызг — Сæрибары ахстæй Кæм дары фыдгул, Гъс уыцы ныккæндæн Æнусты цъæхахстæй Ныккæлы йæ къул. О, чи ’рхауди тохы,— Фæстаг тохмæ сыстут! Фыдвæдæй хуыздæр у æвæд. Уæ тæрхон Фыддуджы пырхæнтыл ныффыссут: «Мæлæт!» Нæры революци. Сис, Рæстæг, дæ саутæ, Мах байстам нæ бартæ тыхæй. Æвддæсæм аз систа Фæлтæртæ ’мæ дугты фаг цаутæ Иæ карды цыргъæй. Мæ Рæстæг! Фæйнæрдæм, цæй, де ’мбæрзæн акæ, - Мæ фæлтæр Дæ аивад фена.^ Историйы сценæ Ныхъхъæр ко’дта тугкалæн тохы:. 109'
«Атакæ!..» Циу мрамор? Циу денджызы дон? Æрцæудзæни бон Æмæ сæ йæхи хуызæп скæнДзæни Саумæр. Æнусæй-æнусмæ, Фæлтæрæй-фæлтæрмæ Гъе уыцы хъæр азæлдзæн Алкæд нæ сæрмæ. Æмæ нæ кæндзæни Æфцæгæй-æфцæгмæ. Æппæт дугтæ радтой Фæтæгмæ Æгæрондзинадæн йæ рохтæ. Æгас цæуæнт тохтæ! Цы кæнæм Æнæуылæн фурдæй? О Адæймаг! Ма зон æнцой, Æппæт адæм цалынмæ удæй Сыгъдæгзæрдæ Ленинау суой. Гъе ууыл мын зарынц Мæ урсбарц æврæгътæ. Гъе ууыл мын зарынц 110
Нæ \æхтæ: «Мах \арвы къуырф не ’ккой Хæссæм\ Кæдæм, уый нæ зоиæм. Сæрсæфæндæ Зæйты æхсæп. Æнцойдзинад ссонæм». 0, зонын, Ирыстон, Дæ бæрзонд къæдзæхты уырынгтæ Сты рæстæджы ностæ. Хъæрццыгъайы тугдзых бырынкъ дæ Æгъатырæй хоста. О, зонын. Нæ хæхтæ, Къостайы цæссыгтæ, Сызгъæрин фæрдгуытау, Цъæх айнæг Иæ хуылфы æмбæхсы. Фæтæрсæг сæгуытау Æз фестъæлфын хатгай, Мæн сæрсæфæн тигътæм Мæ хъуыды ысхæссы. Æз хъусын, Ирыстон, Ш
Дæ ивгъуыды тарæй (О, зонын, Мæнмæ сидт нæртон поэт уæд)/ «...Хъæр мæрдтæм дæр хъуыси, Куы бамбæхсан барæй, / Уæд >сы кæрдæны мыггаг/лæ фæхæт!.. Нæ, никуы! Æрцæуæг æлдарæн Ирыстон нæ ратдзæн Иæ фырты цагъарæн! Фæлтау æй, цæссыгкалгæ, Фехсдзæн къæдзæхæй, Фæлтау æй, Æлгъгæнгæ, Ыстонд.зæн йæ зæххæй! ’Ам хæхты æгъдæуттæн Æнæкæнгæ нæй, Ам цардæй мæлæтмæ Санчъехбæрц дæр нæй! О, зонын, Ирыстон, Æфхæрдтой дæ Де ’знæгтæ арæх. Фæлæ мын дæ хæхтæ фæкодтой Æмбисонды таурæгъ: «Мах Ленины федтам, Мах Ленины зонæм Æнусæй-æнусмæ, Фæлтæрæй-фæлтæрмæ Тыхст бонты æрцæуы нæ хъæрмæ. Мах Ленины зонæм: Куы рауади зæххыл фыццаг хатт Тох нрмдзыд рæстдзинады бартыл, Иæ- авдæн.— æнусты ларакат — Уæд Ленины бафтыдта цардыл, Дзыллæтæ йæ хастой 11?
Сæ ^иуты, Сæ къвхдзæфтæ барстой , Иæ ном^ей. Сæ бæллш1 нæ гуырдзимæ сиу и, Стæй рахызти Марксы тома^й. Мах федтам, ^ Мах Ленины зонæм! О, цас хъару райста Нæ зæххæй, Фыдгулæн бындзарæй Иæ фидæрттæ тохы куыд тона Хæстон туджы алы æртахæй! Мах зонæм, Мах хатæм, Æнкъарæм... Нæ цæстытыл уайы Сæуæхсид — Рæстæджы æмкарæн, Иæ сатæг тæмæнкалд Нæ уæхсчытыл тайы." Сæуæхсид Нæ мæлы: Дæлæ, дам, Цæголты Георгийы Риуæй ныккæлы Иæ туджы пырхæпдæг. Дæлæ, дам, Æртындæс хъайтарæн Сæ къона куы хæлы! Нæ зæрдæ нырхæндæг. , Нæ хъыджы æврæгътæ æрхонæм, Нæ хъæдгæмттæ знагæй Æмбæхстам. Кæуын та нæ зонæм,— Хæхтæ стæм». Гъе афтæ мын дзурынц 8 Æцусты фарн 113
Мæ Иры цъæх айнæг къæдзæхтæ: «Хъæбатыр хæстонтæ / Нæ суадæттæй удыхос курынц; Ныууасынц сæ бæхтæ. / О, тагъддæр, / Цæргæстæ! / Нæ кæмтты уæ сæртæ æмбæхсут, Æгъатыр мæлæтæн Иæ хъæстæ Нæ судзгæ цæссыгæй Æрæхсут». Нæ фæзынди ничи, Нæ хивæнд хъæбултæ Æрбадзырдтой уæд: «Цæйнæфæлтау искуы Фæсайæм Ильичы — Нæ мыггаг Быныскъуыд фæуæд!»
Дзесты Куыдзæг (Скъуыддзаг) НИУЫ ÆРДЗ Барæг фæцæуы комы. Иæ сæрыл — сау уæлдзармхуд, йæ уæлæ • - сау ным.-ет, сау цухъхъа, сау хъама... Фыдохы уацхæссæг ахæм дарæсы фæцæуы. Галиу уæхскыл фондзæхстон топп ауыгъд, йæ дзых дæлæ- мæ, афтæмæй саухуымпъырджын дамбаца- йы фарсмæ æрзæбул. Уазал дымгæ комæй быдырмæ лæбуры, сфæйлауы бæхы барц, рæдувы барæджы нымæт, ниуы æмæ ниуы. Бæх, цыма арф миты лæгæрды, уыйау тыхдзыд кæны раз- мæ. Барæг фæфале Хъæдыргъæвæнæй. Ныр цæуы Дзывгъисы нарæджы. Дымгæ фæсабырдæр вæййы, фæлæ та тæккæ фæ- зилæны бæлццоныл ныццæвы йæхи. Æвиинайды мидæгæй райхъуыст топпы гæрæхтæ. Бæх йæ хъустæ фæхъил кодта. Барæг идоны рохтыл фидардæр æрбахæ- цыд, йæ фондзæхстон размæ ’рбазылдта. Цы нæ иæййы! Нырма дзæгъæлхæтджытæ бирæ ис. Къæдзæхы тигъæй разындысты цалдæр барæджы. Æвæццæгæн, цины бæлццæттæ. Кæрæдзийы бæхтæм æвзидынц. Размæ-фæ- стæмæ хъазынц. Уалынмæ ратылдысты дыууæ бричкæйы. Уыдон фæстæ дæр та — 115
барджытæ. Цыма <фæндыры >*ъæр дæр ауад лæппуйы хъустыл. «Чындзхæсджы- тæ,— ахъуыды кодта барæ/— Быдырмæ цæуынц æви йæ хохæй рахр:сынц?» Куы йæм æрбаввахсдæр сты, уæд федта: бар- джытæ уыдаиккой иутдыууадæсы бæрц, бричкæты — чызджытæ, ацз-ргæ лæгтæ. Кæс-ма! Уæртæ дзы зонгæтæ дæр куы ис! Фæндырдзæгъдæг фæндыры тæнтæ айвæз- та. Фæлæ мæнæ диссаг! Чындзхæсджытæ бафиппайдтой: барæг йæ ехс райста йæ галиу къухмæ. Æрхызт бæхæй. Рахи- зырдæм. Зианы хабар- чи фæхæссы, хъæр- гæнæг кæй фæхонынц, уый дæр ма афтæ ’рхизы. Бричкæйы цы ацæргæ лæгтæ бадтысты, уыдон рахызтысты æмæ сындæггай бацы- дысты барæгмæ. Иннæтæ дæр æрфистæг сты’æмæ цæуынц сæ фæдыл. Цыдæр фыд- былыз кæй æрцыд, уый се ’ппæт дæр бам- бæрстой. Цалдæр къахдзæфы ма сæ хъуыд лæппумæ, афтæ уый æрбалæууыд сæ раз- мæ æмæ æрхæндæг хъæлæсæй загъта: - — Цины уацхæсджытæ уыл æмбæ- лæнт!.. Нæ царддæттæг, мæгуыр адæмы фæтæг Ленин нал ис... Бæстæ цавддур фестад. Иунæг сыбыртт никæй дзыхæй схауд. Цыма урссæр хæхтæ дæр мæсæллæй æрлæууыдысты. Цыма хур йæ тулынæй банцад, Фиййагдон — йæ цæуы- цæй. Фæндыр баззад тæнивæзтæй. Иу мыр дæр дзы куыд нæ райхъуыса, афтæ йæ чызг хъандзалæй гуыффæйы ’рæвæрдта. Фæсивæд сæ балцы хистæрмæ фæрсæгау 11(5
бакастыс^ы. Уый ма иудзæвгар сæркъу- лæй алæууыд, стæй йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ йæ дондзаст цæстытæ йе ’мбæлттыл ахаста: \ — Фарн уæм дзурæд, кæстæртæ! Абон мах рараст стæм фæрнджын хæдзарæй ци- ны хъуыддаджы фæдыл. Фæлæ зиан цы хæдзары уа, уым циндзинад нал вæййы. Ныртæккæ махæй нæ алкæй хæдзары дæр зиан ис. Кæй номæй рацыдыстæм æмæ кæ- мæ цыдыстæм, уыдон хæдзæртты дæр. Уый’нæ, фæлæ ма зæххы къорийыл цы мæ- гуыр кусæг адæм ис, уыдон хæдзæртты дæр. Махæн цæугæ нал у нæ фæндагыл. Цомут фæстæмæ æмæ хабар фехъусын кæнæм комбæстæн... Мæнæ кæстæртæ дыу- уæйæ ацæуæнт æмæ, нæ фæндаг кæмæ уыд, уыдонæн бамбарын кæнæнт... Сæргуыбырæй цыдысты чындзхонтæ фæстæмæ Куырттаты коммæ. Нал дæр топпы гæрах, нал дæр ехсы къæрцц. Баввахс сты Дзывгъисмæ. Хъæубæстæй сæ чи федта, уыдон тындзыдтой сæ размæ, фæндагмæ. Цы хабар у? Ацы адæм æрдæ- бон дæлæмæ комы заргæ æмæ фæндыр- дзæгъдгæ. куы фæцæйцыдысты... Цы бæл- лæх сыл æрцыд? Цæмæн раздæхтысты? Бæлццæтты хистæр сын бамбарын кодта хъуыддаг: — Чындзхæсджыты бæсты фыдуацхæс- джытæ фестæм. Фæлæ ам дæр æгъдау хъæуы, мæ хуртæ. Махæн æй чи фехъусын кодта, уый цæуæд уæлæ не ’хсæйнаг хъæу- мæ æмæ хъуыддаг бамбарын кæнæд хица- уадæн. Сымахæй та, лæппутæ, алчидæр 117
фæйнæ хъæумæ хъæргæнæг фæуæд. Æз мй бауайон, цы хæдзарæй рацыды^тæм, уыр- дæм, стæй мæ-иу агурут Уырйхъæуы фæ- зы. / Дард не сты Куырттаты хъæутæ сæ кæ- рæдзимæ. Фыдуацы кой байхъуыст суанг Хæрисджынмæ. Уырдыгæй Хилакъмæ, æмæ ком нытталынг, нырхæндæг æгасæй дæр. Æрмæст дымгæ Тепъле æмæ Æрхоны цъуппытæй лæбурдта далæ коммæ, айнæг къæдзæхтыл хоста йæхи, ниудта æмæ ниудта... ХÆХТÆ БАЗМÆЛЫДЫСТЫ Куыртгаты комы бæстастæу Фиййагдоны рахиз былыл бæрзонд къардиуы сæр æр- æнцад Лæц. Йæ бакомкоммæ, доны иннæ фарс ис æртæ хъæуы: Уырыхъæу, Къадат æмæ Цымыти. Уыдаид фæсаходæн, афтæ цыппар ба- рæджы рацыдысты мидæг Хæрисджыны- рдыгæй æмæ Лæцы бакомкоммæ Уыры- хъæуы бын стыр фæндагыл æрлæууыды- сты. Æддейæ бакæсгæйæ, цыма дзæгъæл фесты кæнæ фæстæмæ здæхынмæ хъавынц, афтæ зыны. Лæууынц барджытæ. Кæд сæ ныхас нæ хъуысы, уæддæр цæуылдæр кæй уынаффæ кæнынц, уый бæрæг у. Фæндаг- гæттæ дзæбæх зынынц Лæцмæ дæр æмæ Цымытима* дæр. Æмæ цымæ цавæр æхсыз- грн хъуыддаджы фæдыл рафтыдысты, цæ- мæн æрлæууыдысты зымæгон дымгæмæ митвæндагыл? Уырыхъæуæй дыууæ лæджы æрцыды- 118
сты сæ размæ. Барджытæ сæ бæхтæй æр- хызтысты. Чысыл фæстæдæр Хидыхъу- сæй æрбахæццæ сты цалдæр барæджы æмæ уыдон дæр ам æрфистæг сты. Уалын- мæ бæлццæтты рæхыс æрбазынд Цымыти- йæ, Дæллагхъæуæй. Сахат дæр нæма рацыд фыццаг бæлццæтты æрбалæудæй, аф- тæ Уырыфæз адæмæй байдзаг. Дæрддаг- дæр хъæутæй — бæхтыл, Уырыхъæу, Лæц æмæ Цымытийæ — фистæгæй. Цæуынц къордгæйттæй... Мæнæ та цалдæр барæгæй æрбахæццæ сты. Лæууæг адæммæ сæ бирæ нал хъæуы. Æрхызтысты. Чысыл лæппутæ февзæрды- сты сæ фарсмæ. Айстой сын сæ бæхты. Æрбацæуджытæ, сæ хистæр сæ астæу, аф- тæмæй рæнхъæй æмæ уæззау къахдзæфтæй ’рбацыдысты æмæ ’рлæууыдысты сæ мид- бынаты. Сæ цæсгæмттæ — тар, сæ цæстæн- гас—сау зæхмæ. Сæ размæ слæууыдысты, ам кæй æрбаййæфтой, уыцы хистæртæ. Сæ иу рахызт чысыл раздæр æмæ æмыр хъæ- лæсæй загъта: — Рухсаг уæд Ленин! Дæрддаг хъæутæ Къора æмæ Дзуары- хъæуæй дæр æрбахæццæ сты. Зæрæдтæй и> баздæхт урсзачъе лæгмæ: — Дрис, дæлейæ уæлæм,æ дзурын аипп ма уæд, фæлæ иууылдæр ам сты. Каст махмæ у æмæ ныл цы ’мбæлы, уый куы кæниккам, уæд дæм куыд кæсы? — Иттæг раст зæгъыс, мæ хæдзар, мæ- хи хъуыды дæр ууыл у. Фæлæ зиан иу хæ- дзары зиан, миййаг, нæу, æгас комы зиан у æмæ ахæм уавæры, чи зоны, æндæр уы- 119
наффæ, æндæр æгъдæуттæ æмбæлы... Ма- радз-ма, кæстæртæй искæмæн афæдзæхс æмæ Бесæгъуырмæ Аæсида,— зæгъгæ, йæ ныхас фæцыбыр кодта Дрис. Хъæусоветы сæрдар Бесæгъуыр балæу- уыд зæрæдты раз æмæ йын хабар куы ба- мбарын кодтой, уæд загъта: — Фарн уæм дзурæд, хистæртæ! Кæд мæ фæрсут, уæд уын зæгъдзынæн æргомæй. Æрвитгæ никæмæ акодтам, фæлæ уæхæ- дæг æвдисæн, адæм нæм æрцыдысты. Уæл- дæр хицауадæй нæм ницы ныхас æрбацыд. Нæ нæм тилифонæй æрбадзурæн ис, нæ нæм тел ныццæвæн ис. Быдыры нын цы зæххытæ радтой, уырдæм нæ комæй чи а’лыгъд, уыдонæй иу лæппу æрбахаста ацы фыдуац, æндæр сымахæй уæлдай æз дæр ницы фехъуыстон. Гъе, æмæ, Дрис, баха- тыр кæн, фæлæ иугæр хъуыддаг афтæ у, уæд мæм ахæм зонд ис... Ленин махæн цы уыди, уый зоны кæцыдæриддæр. Цыма нæ алкæй хæдзары дæр судзаггаг зиан ис, ахæм уавæры стæм. Зианы хъуыддаджы та уынаффæгæнæг сымах вæййут, хистæр- тæ. Æмæ та ныр дæр уынаффæ уæхимæ райсут æмæ судзаггаг зианæн цы ’мбæлы, уый бакæнæм. Хистæртæ хъуыдытыл фесты. Æндæр ныхасмæ æнхъæлмæ кастысты сæ хъæусо- веты сæрдармæ. Ома кæд Хицауадмæ ног исты фæнд ис, зæгъгæ, фæлæ иугæр афтæ У1 уæд... — Фæрнæй кус дæ бынаты, Бесæ- гъуыр... Рæстытæ дзурыс. Хонæг нæ ни- кæмæ уыд. Фæлæ лæгæн йæ хъыг уромæг 120
йдæм сты. Æмæ ’рцыдыстæм мæнæ ’хсæн- вæзмæ. Иунæгæн йæ маст дæр ницы давы æмæ йæ цин дæр никæдæм хъуысы. Уæдæ фæдзурæм адæммæ æмæ уал кæрæдзийы бамбарæм, стæй уæд цы ’мбæлы, уый дæр кæндзыстæм,—аскъуыддзаг кодта Дрис-йæ ныхас. Адæм æрбамбырд сты стыр фæндаджы уæллаг фарс. Мæрддзыгойы адæм æм се ’ппæт дæр куыд зындаиккой, Дрис афтæ бæрзондгомау къуыбырыл слæууыд æмæ æнæдзургæйæ йæ цæст ахаста йæ алфам- былай. Иæ худ систа йæ сæрæй æмæ бæз- джын æмæ ризгæ хъæлæсæй райдыдта: — Мæнæ хорз адæм! Фарн уæм бадзу- рæд. Фыдæй фыртмæ чи никуыма ’рцыд, ахæм æбуалгъ æмæ кæуинаг уац сæмбæлд нæ комбæстыл. Цæргæ-цæрæнбонты цæмæ бæллыдыстæм, уыцы зæхх нын чи радта, мæгуыр æххормаг адæмы хорæй чи бафсæс- та, мылазон мигъты бынæй нæ хурмæ чц ракодта, нæ уыцы уарзон фæтæг Ленин не ’хсæнæй ахицæн. Рухсаг уæд! Адæм куы равзæрдысты, уæдæй нырмæ хорз лæгтæ, номдзыд адæм, стыр хицæуттæ куыд нæ ацыди се ’хсæнæй, фæлæ махыл ацы зиа- нæй риссагдæр зиан нæма ’рцыд. Æмæ канд махыл не ’рцыд зиан. Стыр Уæрæсе- йы, æгас дунейы мæгуыр адæм дæр абон махау мæрдджын сты. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: «Уæлæуыл адæмæн чи цы фæвæййы, уый йæ ныгæнæн бон сбæрæг вæййы». Ленинæн алы адæмтæ дæр кад кæнынц æмæ мах дæр, нæ ирон æгъдау куыд амоны, афтæ куы срæсугъд кæник:- 121
кам Ленины фæстаг балцы фæндаг, йæ ном ын куы ссариккам. æмæ йын зæрдæ- бын рухсаг куы зæгъиккам, уыцы уынаф- фæ хæссын æз уæ размæ. Хетæгкаты Къос- та дæр ма куы загъта: «Мардæн хæрнæг кæны ном». Хъуамæ нæ комбæстæйы но- мæй хæрнæг скæнæм Ленинæн, схицæн ын кæнæм йæ зæххы хай, цырт ын ныссадзæм, цæмæй йæ ингæн макуы ферох уа... Бирæ рæстæг нæ ахаста саударæн æм- бырд. Дрисы фæстæ ма радзырдтой дыууæ зæронд лæджы. Раст сæм фæкаст сæ хис- тæры ныхас: æбуалгъ зианæн Куырттаты комы цы кад вæййы, ахæм кад хъуамæ уа Ленинæн дæр. Æрмæст сæм иу хъуыдда- гы-л рауад фылдæр ныхас. Æгъдау скæ- ныныл алчидæр разы уыди, фæлæ кæд? Райсом æви фæстæдæр? Адæмæн сæ иутæ дзырдтой: «Алы кæнд дæр йæ афоныл куы вæййы, уæд хуыздæр фидауы. Хæрнæг скæ- нын хъæуы райсом». Иннæтæ дæр уыцы фæнды ныхмæ ницы зæгъинаг уыдысты. Æрмæст... хæрнæг адæмæй фидауы’. Ныр- тæккæ та хъызт зымæг у. Æфцæгрæбын цы хъæутæ цæрынц, уыдонæн куы нæ фæ- уа хæрнæгмæ сæмбæлыны фадат... Иугæр зианы кадæн дугъ уадзын бауынаффæ кодтой, уæд уый дæр хъуыдыйаг у. Ду- гъы кæй бæхтæ уыдзысты, уыдон сæ арды- гæй райсоммæ кæцæй арæвдз кæндзысты? Стæй, куыд загътой, афтæмæй Ленинæн йæ сы^жыты хай дæр схицæн кæнын хъæу- дзæн. Зиан цы хæдзарыл æрцæуы, уый фæзоны йæ уæлмæрд, йæ фыдæлтæ кæм ныгæд сты, уыцы бынат. Ленинæн та, 122
дзыллæйы зиан кæй у, уымæ гæсгæ, ныр- ма ахæм бынат нæма сбæрæг кодтам. Уы- мæн ныртæккæ дæр уаид гæнæн, фæлæ миты бын дзæбæх бынат зын ыссарæн у. Ингæныл хъуамæ сагъд æрцæуа цырт нæ- химæ хохаг къæйдурæй. Уый дæр миты бын зын ссарæн у, хуымæтæджы къæй- дур ныссадзын та сæрмæхæссинаг нæу... Ахицæн, стыр зианæн фыццаджыдæр цы ’гъдау вæййы, уый. Адæм æрæмбырд сты, кæрæдзийæн фæхъыгтæ кодтой, дард- дæр кæуыл цы ’мбæлы, уый бæлвырд ба- зыдтой, æмæ ныр алчидæр фæцæуы йæ фæрныг хæдзармæ. ПЫГÆНÆН ЕОН Рацыди дыууæ мæйы бæрц. Зымæг фæ- фардæг \:æ фæд-йæ фæд. Сыстад кæмттæй, адæгтæй æмæ фæцæуы уæлæмæ къуыл- дымтыл æмæ рæгътыл, йæ урс кæрцы фæд- джитæ йæ фæдыл ласгæ. Æвæндонæй цæ- уы карз зымæг йæ уазал фысым — цъити- тæм. Æрæмбæхсы къæдзæхты æххæлты, нарæг æрхыты, фæлæ уалдзæг цæуы йæ фæдыл æмæ йæ суры хæрдмæ, хуры тын- тæй цы уисой сбыдта, уымæй. Цъæх адард- той кæмттæ. Хуымгæнды гæппæлтæ сау æмæ фæныкхуыз гæрæмтæй зынынц дард- мæ: чи конд, чи та ма зæрæстон. Куырттаты ком бирæ ног хабæрттæ фе- хъуыстой Ленины тыххæй. Зæххы къори- йыл цы адæмтæ ис,' уыдонæй, дам, иу дæр ахæм нал баззад, Ленинæн кад чи не 123
скодта. Ам, нæхимæ, Ирыстоны, алы хъæ* уы дæр уыди саударæн митинг. Елхоты, саударæн митинджы фæстæ, адæм сырх а^мæ сау тырысатимæ зианхæссæгау æрзыл- дысты хъæуы сæйраг уынгты; Беслæныхъæ- уы, æмбырды фæстæ, Ленины кадæн са- рæзтой дугъ; Хуымæллæг бауынаффæ код- той сæхи хардзæй клуб саразын Ленины иомыл; Дзуарыхъæуы фæскомцæдисонтæ цыппар боны дæргъы фæцарæзтой хид, адæм-иу тынг тухитæ кæм кодтой, ахæм ран; Ногиры фæсивæд та хъæуы астæу стыр обауыл бæлæстæ ныссагътой; Тиб ба- уынаффæ кодтой суары был Ленинæн цырт ныссадзын, æмæ уал дзы ныссагътой сау тырыса; Чырыстонхъæуы саударæн ми- тингмæ æрæмбырд сты Дзæгъиппарзæй суанг Ставд-Дуртæм цы хъæутæ ис, уы- дон минæвæрттæ. Иннæ хъæуты дæр афтæ. Ленины амардыл тынгдæр чи фæрыст, уыцы фæллойгæнæг адæм хъæуты æмæ горæтты курдиаттæ дæттын байдыдтой Коммунистон партимæ бацæуыиы тыххæй. Уыдонæй алчидæр ард хордта, йæ тых æмæ йæ зонд кæй нывонд кæны, Ленин цæуыл куыста, уыцы хъуыддагæн, йæ фæ- дзæхстытæ йын каёй æххæст кæндзæн, ууыл. , Куырттаты комы адæм Ленины хæрнæ- гæн цы бон снысан кодтой, уый дæр æр- х&ццæ. Кæнд саразыны бæрн кæуыл уыди, уьтдон сæхиуыл нæ бацауæрстой. Æрæм- бырд кодтой æхца, хæрзхастдæр æмæ ^гъаудæр нал ис, зæгъгæ, ахæм гал бал- &æдтой, нозт æмæ хойрагæн цы хъæуы, 124
уыдон дæр — цæттæ. Дугъы кæй бæхтæ уайдзысты, цал уыдзысты, уыдæттæ иууыл- дæр сбæрæг сты. Фæлæ барджыты хъуыд- даг стыр дзырддаг рауад. Дугъы бæхтæ фондз уыдысты. Фондз бæхæн фондз ба- рæгæй фылдæр кæй нæ хъæуы, уый чи нæ зоны? Афтæмæй та ацы номы дугъы арха- йын кæй фæндыд, уыцы барджыты (фынд- дæс, æвддæсаздзыд лæппутæ) нымæп фæ- фылдæр. Бæриджын адæм ацы хъуыдда- джы ницы хъом уыдысты. Бæхы хицау йе ’фсургъыл кæй æвæры, уый йæхи бар у. Лæппутæй алчидæр лæгъстæ кодта бæхты хицæуттæн, цæмæй йæ йæ бæхыл бадын бауааза, фæлæ сегасæн цы акодтаиккой! Иу бæхыл æртæ лæппуйы кæм сæвæрдзы- нæ! Æмæ нырма бæрæг нæма уыд, ахæм амонд кæмæ æрхаудзæн. Сабитæй ал- чидæр бæхмæ багæппæввонг цæттæ лæу- уыд æмæ йæм кæд фæсиддзысты, уымæ æнхъæлмæ каст. Кæй ном зæгъдзысты фæстаг сахат? Чи уыдзæн уыцы амонд- джын? Хаджысмел, Созырыхъо, Аппо, Агуыбе, Хъасай, Ладемыр, Дзатте, Хъа- уырбег, Уасил, Бет, Елмæрза, Сергей æви Батырбег? Алы хъæутæй ’рбацыдысты, алы мыггæгтæй уыдысты, се ’ппæты чи ныма- йы! Утæппæт лæппутæй æрмæст фондзæн сæххæст уыдзæн сæ бæллиц. ДугъьГ хъуыддаг гуырысхойаг нал уыд, фæлæ цырты къæй самал кæнын кæ’мæн фæдзæхст уыд, уыдон тынг ныкъкъуылым- пы сты. Иуахæмы та бæрнджын лæгтæ куы ’рбамбырд сты, уæд рабæрæг: дур нæма 425
ссардтой. Уыцы хабар мæты бафтыдта кæндаразджыты. Къæйдур афтæ æвиппай- ды нæ бафтдзæн къухы. Æмæ ныронг кæй ницы самал кодтой, уым ма афтæ тагъд цы ацараздзысты! Адæм стыхстысты: ин- гæн æнæ дурæй нæ фидауы. Стæй фиды- цыл дæр нæу хъуыддаг. Ингæн снæудзар вæййы куыдфæстæмæ, зæххимæ дæр, чи зоны, сæмвæз уа æмæ æппындæр бæрæг мауал дара. Фæлæ дзы дур сагъд куы уа, уæд уый та æнусмæ у. Нæхимæ зиантæн цы къæйтæ фæсадзынц, ахæмтæ алы ран дæр бæргæ разынид, фæлæ уыдон Лениньт ингæны аккаг не сты. Ленины ингæны къæй хъуамæ æмраст, æмлæгъз æмæ бæр- зонД уа, ацы комы стыр фæндагыл цæуæг бæлццæттæм дардмæ куыд зына, афтæ. 'Адæм цырты дуры сагъæстæ куы код- той, уыцы рæстæджы хидыхъусаг мæгуыр лæг къуырма Еналдыхъо дæр уым уыдис. Æмæ ныр кæд хъусгæ нæ кодта, уæддæр цæстæй дзæбæх уыдта æмæ адæмы цæс- гæмттыл бафиппайдта цыдæр тыхстдзинад. — Адæм стыр сагъæсы бацыдысты, уый уынын, фæлæ æз ницы хъусын æмæ ма мын æй бамбарын кæн! — Еналдыхъо ба- хатыд кæмæдæр. Хабар ын куы ракодтой, уæд загъта: — Гъей, гормæттæ, уæдæй нырмæ мын цæуылнæ загътат... Æз зонын, сымах кæй агурут, ахæм къæй. ( — Кæм? — афарстой йæ æмхъæдæсæй иу-цалдæрæй. — Уæлæ Цъæритгомы. — Кæцы ран? 126
— Бæхтулæны. Чидæр фæгуырысхо ЕналдЫхъойы нЫ- хæстыл. Цъæритгомы дæркуы фæцагуырд- той æмæ куы ницы ссардтой. Кæд мæнг ныхæстæ кæны? Кæнæ кæмæй зæгъы, уый ницæйаг къæй у? Къухæй амонгæйæ æмæ йын йæ хъусы хъæрæй дзургæйæ бамба- рын кодтой, ома, мах дзы куы ницы ссарт.- там, уæд дзы ды кæм федтай ахæм къæй? Еналдыхъойæн, мæгуыр, фыртыхстæй йæ хид акалд, цъæррæмыхст ныхæстæй æмæ йæ къухæй амонын байдыдта. Куыд æй бамбæрстой, афтæмæй уыцы къæй йæхи- цæн бафæсаууон кодта. Иæ, адзалы размæ хъуамæ уыцы къæй йæ цотæн бацамыдта- ид, бафæдзæхстаид сын, цæмæй йын æй йæ ингæны сæрмæ ныссадзой. Фæлæ иу- гæр Ленины ингæнæн бахъуыд, уæд... Фæл- тау Еналдыхъойы ингæн æнæ къæйæ баз- зайæд. Дыууæ лæппуйы ацыдысты Еналдыхъо- имæ Бæхтулæнмæ. Фæстæмæ тагъд æры- здæхтысты. Еналдыхъо кæм бацамыдта, къæй бæлвырд уыцы ран разынд. Дыккаг бон сæумæрайсом галтæ сиф- тыгътой дзоныгъы æмæ иу-ссæдз лæгæй коммæ ацыдысты. Дуры дæсны Шамил дæр семæ. Чи зоны, къæйæн йæ мидбына- ты дæр уа асæттæн йæ уæлдæйттæ. Рафтыдтой йæ. Куыд нæ асæтта, афтæ йæ хъавгæ, къухæй къухмæ дæтгæйæ ком- мæ ’рбырын кодтой. Уым æй галдзоныгъыл сæвæрдтой æмæ йæ ’рластой Хидыхъусмæ. Цыма сæртæг авгæй конд у æмæ йын сæт- тынæй тæрсынц, уыйау æй сындæггай зæх- 127
хыл æрæвæрдтой. Хидыхъусæй йæ Уыры; хъæуы фæзмæ цы хуызы бахæццæ чындæ- уа, уый фæдыл сæм фылдæр ныхæстæ ра: уад. Кæйдæрты фæндæй йæ хъуамæ уыць бынатмæ дæр галтыл баласой. Фылдæрты уынаффæ та æндæр уыд. Галтыл цæмæн? Адæм дзы бирæ куы ис! Мæнæ ма Хиды- хъусæй дæр æрбахæццæ сты иукъордæй. Зиан сынтыл куыд фæхæссынц, цымæ аф-' тæ аивдæр нæ уыдзæн? Цыма Ленины марды чырын уæлмæрдтæм хæссынц, афтæ. Хидыхъусы самал кодтой, цонджы стæвдæнтæ уыдысты, ахæм цыппар бæрз михы. Къæйы бын сæ бакодтой. Иуырды- гæй дæр æрлæууыд цыппар лæджы, инпæр- дыгæй дæр, афтæмæй дуры систой. Араст сты. Аст лæджы астæу — дæргъæццон къæй, хæсджытæн сæ уæраджы сæртæ æм- вæз. Ингæны цы кæрон сагъд уыдзæн, уый — размæ, йæ цъупп — фæстæрдæм. Зиан дæр афтæ фæхæссынц. Сынтхæсджытæ цæуынц сындæггай, ^ъавгæ къахдзæфтæй, æнкъард æмæсагъæс- джынæй. - Иннæтæ цæуынц сæ фæстæ, сæ фæйнæ фæрсты. Ивынц сæ кæрæдзийы: Ранæй-ран, аст лæгæн бацæуæн кæм нæ вæййы, уыцы нарæг фæзилæнты, хæсджьь тæй дыууæ рахизы æмæ фæцæуынц фæрськ рдыгæй, ногæй балæууыны ’ввонг. Дур, æвæццæгæн, æхсæзæй дæр фæразиккой, фæлæ фæндаг дзыхъхъытæ-къуыппытæ *кæй у, стæй сынтхæсджытæй дæр чи бæр-» ^зонддæр, чи та ныллæгдæр кæй у, уый тых- -хæй дуры уæз куы раззæгтыл æрæнцайы, * куы та фæстæгтыл. Хæрды суайын сæ куы 128
>ахъæуы, уæд къæй цæмæй фæстæмæ ма фæбыра, уый тыххæй йын иу лæг фæхæцы йæ кæроныл. Ныр дурхæсджытæ дыууæ хатты фæ- ’фылдæр сты, Хидыхъусæй сæм чи бамбал, уыдонимæ. Æмæ хæссынц урсцъар лавдз- джытыл, иунæг ингæныл дæр цахæм нæй, ахæм стыр къæй. Иуырдыгæй цæуынц: Хъамбол, Цицко, Алыксандр, Гоци, иннæ- рдыгæй — Хъайтыхъо, Мурки, Хъуыбады, Гацыр... Фынддæс-æхсæрдæсаздзыд лæппутæ ’рба- хæццæ сты Лæцæй æмæ диссагмæ казсæ- гау кæсынц дурхæсджытæм. Уæртæ Алык- сандр хатгай йæ къух феуæгъд кæны михæй æмæ йæ дæрдджын цъæх нымæтху- дæй йæ хкд асæрфы, стæй та худ йæ фæс- рон æрсадзы. Гацырæн йæ хид лæсæнтæ кæны йæ цæсгомыл, фæлæ йæ цыма ницæ- ’ мæ дары, цыма йæ асæрфын æфсæрмы кæ- ны адæмæй. Гъе, фæлæ та уыцы æнæхайы- ры хидыртах фындзыхъæдыл куы ацауын- дзæг вæййы, уæд æм нал фæлæууы æмæ йæ асæрфы йæ мæкъуыстæгыл. Дурхæсджытæм хæрз æввахс цæуынц: Адыл, Тепсарыхъо, Аслæнбег, Дæхци, Тæ- тæри, Хъызылбег, Мæхæмæт, Елмæрза, Бæппу... æмæ чи фæнымайдзæн се ’ппæты! Уæвгæ та сæхæдæг сæ кæрæдзийы хорз зо- нынц. Сæ мардыкæнд дæр иу у. Дурхæсджытæ бахызтысты Фиййагдоны хидæй. Иучысыл фæхæрды сæ цыд фæса- бырдæр. К’ьæйы уæз та æрæнцад фæстаг дыу- уæ лæгыл. Дыууæ лæппуйы хъахъхъæнынц фæстейæ. Къæй, ’миййаг, фæстæмæ куы .) Æнусты фарн 129
фæбыра. Схæццæ сты стьгр фæндагмæ. Ныр сæ фæзилын хъæуы дæлæрдæм. УырыхъæуЫ æхсæнвæзмæ æввахсдæр хъæутæй бирæ адæм æрæмбырд. Чи кусар- ты хъуыддаг кæны, чи — хойраджы, чи та цырты бынат рæвдзытæ кæны. Дурхæс- джыты куы ауыдтой, уæд иукъордæй сæ размæ араст сты. Цалдæр къахдзæфы ма сæ хъуыд, афтæ ’рлæууыдысты фæндаггæ- рон. Дурхæсджытæ сæ размæ куы ’рба- хæццæ сты, уæд æрлæууыдысты сæ мид- бынаты. Æмбæлджытæй иу иу къахдзæф ракодта размæ. — Рухсаг уæд! — Рухсаг уæд Ленин! ;Иу уысмы бæрц арфæтæн. Æмæ дард- дæр кæнынц сæ фæндаг. Уый дæр æгъдау у;. Ирон марды кæнд. Дур йæ бынатыл сæмбæлд. Се урцыд- мæ уым чи уыд, уыдон фæйнæрдæм ахæ- лиу сты. Хæсджытæ сындæггай æруагътой дуры, цъæх нæууыл æй æрæвæрдтой. Фылдæрæй фылдæр кæнынц мæрддзы- гой адæм. Рахæццæ сты комрæбын Хила- къæй, Къорайæ. Иууылдæр саргъы бæх- тыл. Бирæтæм дзы — кусæрттæгтæ. Кæ- мæ — фыс, кæмæ — далыс. Æхсæны галæн цы радтой, уый сæм, æвæццæгæн, æгъгъæд нæ фæкаст. Кусарт, нозт, хойраг кæмæн бафæ- дзæхстой, уыдон загътой, рæвдз стæм, (зæгъгæ. Каст ма уыд æрмæст дугъы бæрн- джынтæм. Æмæ мæнæ уыдон дæр æрбахæц- цæ сты. Фондз бæхы. Комы цы бæхтæ ис, уыдонæн сæ хуыздæртæ. Ныр сæ хицæут- 130
тæн дæр бæрæггонд у, сæ бæхты барджы- тæ чи уыдзысты, уыдон. Фондз лæппуйы цæттæйæ лæууынц алчи йæ бæхы фарсмæ. Дугъ хъуамæ уа Дæллагхъæуæй Уыры- хъæумæ. Дыууæ хъæуы ’хсæн уыдзæн æх- сæз-авд километры. Барджытæ ацыдысты. Семæ сын арвыстой ас лæгтæй иу. Уый хъуамæ йæ цæст дара дугъы фæткмæ. Ал- кæй дæр фæразæй фæнды æмæ афтæмæй исчи, миййаг, æгъдау куы фехала... Къаннæг лæппутæй Уырыхъæуы ничи- уал аззад. Азгъордтой Цымытийы бын къуылдыммæ, фæндаг сæм дзæбæх кæдæм зынди, уырдæм. Адæм стырæй, чысылæй сцымыдис сты: кæй бæх фæразæй уыдзæн? Кæй бон у ахæм дугъмæ рæузæрдæйæ кæ- сын! Суанг ма Лæцы сылгоймæгтæ дæр кастысты дугъонтæм сæ уæлхæдзæртты сæрæй. Куыддæр барджытæ сæ бынатæй фе- змæлыдысты, афтæ ’рбайхъуыст сывæллæт- ты хъæрахст. Уыдон сæ раздæр ауыдтой. Адæм се ’ргом аздæхтой фæндаджырдæм. Цымыти æмæ Лæцы, æвæццæгæн, цъиуы- змæлæг нал баззад. Лæууынц къуыбыр- тыл, кæсынц уæлхæдзæрттæй дугъæттæм. Сабиты хъæр къуылдымæй тынгæй-тынг- дæр хъуысы. Дугъæттæм цырддзастæй кæ- сынц, фæзы чи лæууы, уыдон дæр. Къар- диуы бынæй æрбазынд фыццаг барæг. Чы- сыл фæстæдæр дыккаг дæр. Фæзы лæу- джытæ1 куы ауыдтой, чи æрбаразæй, уый, уæд æмхъæлæсæй сдзырдтой: — Уыгъалыхъы бæх! Барæджы кой ничи скодта, чи йæ зыд- 131
та, уыдонæй дæр. Æрмæст фæзмæ куы ’рбахæццæ, уæд йæ размæ базгъордтой чи- дæртæ. ХÆРНÆГ Сагъд фæцис цырты къæй. Ие ’ргом: фæндаггон адæммæ. Комы мидæмæ чиг цæудзæн, уыдон дæр æй уындзысты æмæ дæлæмæ чи цæуа, уыдон дæр: Адæм æрбадтысты хæрнæджы. Куыд- хистæрæй. Рагæй нырмæ ирон фынгыл куыд фæбадынц, афтæ. Хъæздыг дæ æви: мæгуыр, ’ ахуыргонд æви хуымæтæг лæг — табуафси, дæ бынат æрмæст дæ кармæ гаесгæ. Æвæдза, ахæм æгъдау Ленинмæ- дæр хорз фæкастаид. Хистæры бадæн — цырты рахиз фарс Уырдыгæй арæнхъ сты фынгтæ. — Никæмæ уал æнхъæлмæ кæсæм,— бадзырдта хистæрмæ кæстæртæй чидæр. Æрдæбон дæр ма хæццæ-мæццæйæ чи лæууыд, уыцы адæм дыууæ рæнхъæй’ атъанг сты. Фæйнæрдыгæй цыма айнæг хæхтæ... Адæмæн сæ сæртæ — къул, сæ- цæстæнгас уырдыгмæ, фынджы бæсгы цы урс фæйнæджытæ равæрдтой, уыдонмæ. !Цыма къæдзæхы фæхстæ Фиййагдонмæ .нымдзаст сты. Иу сыбыртт дæр нал 1хъуыст. — Мæнæ хъыггæнæг адæм! Циньг хъуыддæгты лæуут уе ’ппæт дæр. Æвæц- цæгæн, Тыбау æмæ Хъæриуы фæсчъыл- дым ирон лæг куы ’рфысым кодта, йæхи: 132
ацы хæхты уазæг куы бакбдта, уæдæй нырмæ ацы комыл ахæм зиан никуыма æрцыд. Рухсаг уæд нæ фæтæг Ленин! Мæ- гуыр хæххон лæг уый руаджы сси зæх- джын, уый фæрцы нæм æрхаудта дзырды бар, дæлбар чи уыд, уый хицау сси, та- лынг чи уыд — уый та ахуыргонд. Фыдæй фыртмæ мæгуыр, æвадатæй, æфхæрдæй æрвыстам нæ бонтæ, фæлæ нæм Ленин æмæ йæ фæдонты фæрцы мæйдар æхсæвы фæстæ сызгъæрин хур æрбакаст, царды рохтæ нæхимæ лæвæрд æрцыдысты. Рух- саг у, Ленин! Мæнæ дын ацы комбæсты м«æгуыр адæм рухсаг цæмæй зæгъьиш, уын дын хæлар уæд, дæ мады ’хсырау, дæ ном дын цæмæй арынц, уый дæм хæццæ кæ- нæд де ’нусон бынатмæ, кæд мæрдты бæ- сты исты ис, уæд. Рухсаг у! Зæронд лæг фегуыппæг. Сыкъайæ фынгмæ иу-цалдæр æртахы ’ркалдта æмæ, æвæццæгæн, йæ рухсаг хъуамæ ууыл фæ- уыдаид, фæлæ æвиппайды фæкомкоммæ цырты къæймæ æмæ хатыр курæджы хъæ- лæсæй загъта: - — Хатырæй нын фод, нæ уарзон Ле- нин!.. Зонæм æй, дæу аккаг кад æмæ ’гъдау раттын нæ бон нæу. Налхъуыт-нал- масæй дын Хъæриуы бæрзæндæн цырт куы ныссадзиккам, уæддæр нæм æгъгъæд нæ фæкæсид... Фæлæ... цы бакæнæм! Хæлар дын уæд мæнæ ацы цырт дæр. Цыма дур нæу, фæлæ мæгуыр адæмы зæрдæтæй амад мæсыг у, ууыл æй банымай. Хæлар дын уæд атæппæт адæмы лæггад дæр. Цырт æмæ хæрнæг чи срæвдз кодта, йе ’фсургъ 133
Дугъмæ чй радта, барæг чи уыд, уыдонæн .) се ’ппæты лæггад дæр. Хæлар дын уæнт ; адæмы цæссыг, сæ къахы фæллой... Бирæ нæ уыдысты гаджидæуттæ. Хис- тæр йæ дыккаг нуазæнæй загъта цæрæнбо- ны тыххæй. Цæрæнт æнæнизæй, ныфсджы- нæй æмæ хæларзæрдæйæ Ленины æмкус- джытæ, Ленины парти, афонæй раздæр сæ мæгуыр адæмы ’хсæнæн мачи ахицæн уæд. Фæрнæй фæцæуæнт Ленины бацамынд фæндагыл, тыхгæнæг сын тых макуы сса- рæд! Хистæры гаджидау аивын никæй бон уыд, фæлæ уæддæр алчидæр æфтыдта ■ куывдыл, йæ мид-зæрдæйы йæм ахсджиаг- дæр цытæ каст, уыдон. Зианы фынгыл нæ фидауы уæлдай гаджидæуттæ. Зæгъинæг- тæ та алкæмæ дæр — бирæ. Бирæ цæрæнт, ацы комбæстæй Ленины руаджы уæрæх быдырмæ чи алыгъд, ныртæккæ балцы кæнæ æфсæддон службæйы чи ис, уыдон дзæбæхæй сæмбæлæнт сæ бинонтыл; бирæ цæрæнт, Ленин рухсмæ фæндаг цы фæси- вæдæн радта æмæ дард горæтты чи ахуыр кæны, уыдон дæр... Бонæй бирæ нал уыд, афтæ фæцис хæрнæг. Адæм кæрæдзийæн фæарфæтæ кодтой æмæ алчи йæ хæдзармæ. фæцыди. Чи куыд дарддæрæй æрцыд, афтæ раздæр ивылын байдыдтой. Фæцис марды кæнд. Фæлæ нæма фæцис адæмæн сæ сагъæс, нæма фесты сæ ныхæстæ. Баизæр. Аууæттæ Хъæриуы хохæй’æр- тылдысты коммæ, Фиййагдоны сæрты ба- хызтысты, схæрд кодтой Цъæритхохы ны- 134
гуылæн фæхстыл æмæ Хъазыбеджы сæрæй фæсырдтой хуры фæстаг тынты. Ком æрталынг. Фæлæ йæ уæлвæд тæк- кæ бæрзæндтыл. фæзынд дыдзы-хур æмæ ма фæныкхуыз къæдзæхтæ сæ мидбылты бахудтысты, зианджын лæг куыд æнæба- ры бахуды, афтæ. Бирæ нæ ахастй уый дæр, æмæ ’хсæв йæ сау нымæт æрæмбæрз- та комыл. — Фæндаг — æнæзмæлæг. Уæлдæф — . ирд æмæ сабыр. Æрдз цыма уæддæр нæ рох кæны, абон маст æмæ хъыджы бон кæй уыди, уый. Тепълейы цъитийæн лæ- дæрсы йæ уазал цæссыг æмæ цыма хъæр- гæнæг у комы,— уайы. дæлæмæ. Ардыгæй боныцъæхтæм æхсæвы тар уый æвджид у. Æндæр цæуæг нæй комы, æндæр ныхас нæ хъуысы фæндагæй. Цыма уарзоц фæ- тæджы зианыл цъити æнæвгъауæй йæ цæс- сыг калы... Цыма æдзард зынгхуыстыл йæ хъарæгæй не ’нцайы Фиййагдон... 135
Мыртазты Барис * + * Фæтæджы фарн зæрдæмæ хъары. Цард, ратт мын ахæм хъару, цæй, Куыд ын зонон йæ фæдзæхст хъарын.— Хъæздыгдæр нал уаид мæнæй. , Фæтæгыл мæ фæфæнды зарын. Лæджы ныхас мæн бахъуыд ныр. Бæргæ йæ агурын. Кæм арын! — Мæ хуызæн никуы ис мæгуыр. * * * Мæскуымæ хæстæг доны фале хъæд«:й Ильич æрцæйцыд йе ’мбалимæ цуанæй. Уæд фенкъард ысты бур сыфтæрты згъæлдæй, Ысхъæлдзæг ысты уыцы рæсугъд ранæй. Уым иу зæронД лæг къозотæ, æвзаргæ, Тыдта æмæ сæ чыргъæды æвæрдта, Дзырдта: «Нæхимæ ацæудзынæн, заргæ, Кæндзынæн та сæ æфсинтæн лæвæрттæ». Ильич æрбадти кæрдæгыл йæ фарсмæ, Зæхкусæгймæ бацайдагъ сæ ныхас. Суанг хур дæр .хъуыста уыдоны ныхасмæ, Дыккаг хур фестад зæронды цæстæнгас. 136
Æнахуыр цуанон уымæ касти хицон. Йæ урс къозотæй цуанонæн дæр хай уыд. Зæхкусæг загъта: «Ленин, дам, у хицау,— Дæ хуызæн лæг нын Ленин дæр куы уаид!» * * * Фыдæй-фæртмæ дæр уазæджы Кремлы бирæ ис уарзджытæ, Ильичмæ иухатт уалдзæджы Ирæй ныццыдис уазджытэе. Фæныхас кодтой алцæуыл, Дзæбæх кæрæдзи базыдтой. Уазджыты куы хъуыд ацæуын, Уæд хорз фысыммæ бадзырдтой: — Нæ зынаргъ Ильич, хурæн дæ Дарæм нæ фæлтæрд зæрдæты. Нæ зынаргъ Ильич, курæм дæ, Æмæ раст бамбар зæрæдты... — Хъуамæ хæхбæсты де ’гасæй Дæуæн сурæтдзырт самайæм, Фыдгултæ ризой де ’нгасæй, Цыма болатдзагъд хъамайæ. — Де ’нгас рæвдауа кæстæрты Æмæ сæ кæна разæнгард, Куыд сафой марæн сæрст кæрдты, Куыд ма баззайа хъазæн кард. — Ильич, хъусын нæм бахъæудзæн... Ильич, нæ фæнд ныи ма бафау!.. Фæтæг лæппуйау бахъæлдзæг: — Мæнæн сурæтдзырт?! Абабау! 137
Кæд царды исты саразæм, Уæд нæ æнæуи мысдзысты, Нæ тых хъуыддæгтæм саразæм,— Амæндтæ тохы, куысты сты! Уазджыты фæлтæрд зæрдæтæ Радысты уыцы базындæй. Ильичæн загътой зæрæдтæ: — Бузныг дæ зондджын амындæй! Зынаргъ уазæгæн «’гас цу» загъта Ленин,— Тыхсти: «Дзæбæх æй истæмæй куы фенин...» Сæ цæлгæнæны рацагуырдта хæрд,— - Æрмæст дзы ссардта иу сæкæры къæртт, Куыд æй цæппæрста уазæгæн йæ цайы, Уый абон дæр ма цæстытыл фæуайы, Сæ цæлгæнæнæй уатмæ хъуыст йæ хъæр: «Мæ агуывзæйы фегæр и сæкæр!» Æнæсæкæр цай не скодта фыццаг хатт, Иæ къухы та уыд Цард æмæ Паддзахад. * * * Уал тохы йын куыд нæ уыд зын та! — Дуне федта йæ фырты хæстхъомæй. Кусджыты ’мбырды... Чи йæ зыдта Уыцы къордæй хæстæгмæ, цæсгомæй! 138
Уазæг тагъд-тагъд трибунæмæ схызт, Сæрдар загъта: «Дзырды бар — Ильичæн!» Арвы нæрдау сæ къухæмдзæгъд хъуыст, Се стыр уарзтæн йæхæдæг—æвдисæн. Уый фæндон сын уыд ахæм фæндон, Цардмæ чи цыд сæ фæндоны бæсты. Хъуысти: «Ацы гыццыл лæджы бон Цас у зæйтæй рæстмæ кæнын бæсты!» Нæ цыдис цæуæнты æнцонты, Фыдгулыл цал карз тохы сæмбæлд!.. Уæд, размæ сидгæйæ, йæ цонгыл Фыдгулы маргджын лæмыг сæмбæлд. Сæ уаты йе ’фсæйнаг сынтæджы Æнцад æрæвæрдтой фæтæджы. Цыма лæг нал уындзæн быстæджы Иæ хур, йæ амæндтæ дæттæджы. Æмæ йæ дард уынаг цæстытæ Фæтæг æрцъынд кодта фæлладæй. Иæ цæфы хъахъхъæнæг бæстытæ Æвдадзыхос фæлгъаудтой цардæй. Иæ уарзон хо, йæ хорз хæлæрттæ Иæ уæлхъус — удаист, æрхуымæй. Кæмæн сæ не срыстис йæ зæрдæ, Фæтæджы зын кæй федтой, уымæй! Фæдисы йæм æрбатахт йе-’фсин, Уæд йе ’фсинмæ тыххæй куы бахудт: — Сæ бон æндæр фыдраконд не сси,— Къæрцхъусдæр уæвыны гæрах уыд! 139
Номдзыд дохтыртæ, нæ иубæстон Рæмонты Евген дæр семæ, афтæмæй 1922 азы В. И. Ленинæн скод- той операци æмæ йын йæ буарæй систой знаджы хотыхы нæмыг. Æз хъусын ахæм хæс фыццаг хатт, Фыццаг хатт ахæм хæс мæ бар у: Нæ Парти, дзыллæтæ, паддзахад, Мæнæн та сфæлтæрут мæ хъару! Æз хъуамæ ацы бон хъуыддаджы Æрлæууон кардимæ салдатæй. Нæ куыст бæсты фарнæн уæд адджын, Цæмæй зынаргъ лæгæн дард радтæм. Нæ арæхст, бакæс-иу нæ коммæ, Нæ хур нын ма.-бауадз ныгуылын. ...Ильич йæ сынтæджы уæлгоммæ Хуыссы ’мæ сагъæсты ныгъуылы... Уый никуы никæмæ фæуацар,— Фæуацар дохтыртæм йæ тыхстæй. Мах загътам: «Сафæм ын йæ адзал Нæ уарзондзинадæй, нæ. куыстæй. Зын уыди... Лснинæн йæ буарæй Фыдгулы сау нæмыг куы систам, Уæд ракаст, бахудт нæм хæларæй,— Æппæтæй амоидджындæр систæм! Сау ха^бар... Тъæнджымæй кодта цъыччытæ... Фæндыртæ бафснайдтой Иры чызджытæ. 140
Саудары тырыса бамбæрзта бæстæ. Раздзогæи алчидæр мысыд йæ хæрзтæ... Уалдзæджы урс хæхтæй азæлыд уадындз: «Махмæ Ыстыр Лæгæн номы дугъ уадзынц!» ...Барджытæ сæрвыстой кæсæг, хъæрæсе, Хъалмыхъ, абазинтæ, цæцæн, Уæрæсе... Фæзуат—цъæх арв цыма айтыгъд нæ зæххыл. Лæппутæй алчидæр уари — йæ бæхыл. Тахти зæрватыккау дугъон Хъæрæсейæ, Фæлæ йæ баййæфта дугъон Уæрæсейæ. Бар сын нæ лæвæрдта Хъалмыхъы дугъон: «Хъуамæ фыццагдæрты бынатæй цух уон?1» Кæсæджы ерысдзау хинымæр загъта: «Мах хъулæн цас къæуы абадын сах та?!» Цæцæн, абазинты дугъæтты хъазуат Бир-бирæ дзыллæтæм касти ахъаззаг... Адæммæ ирддæрæй разынди хурзæрин. Дугъæтты рауагътой Терчы Ир, Хуссар Ир. Адæм ныддис кодтой не ’лвæст æфсургъыл: Уый нын фæразæй ис намысы дугъы, Рахаста хуры тын — сгуыхты тырыса, Сгуыхты тырысайыл зарæг куыд хъуыса! Уалдзæджы урс хæхтæй азæлыд уадындз: «Махмæ Ыстыр Лæгæн номы дугъ уадзынц!» 141
* * * Цы уыд фыдгæнæджы зæрды?.. • Нæ Фыдыбæстæйæн цы хъавыд?.. Мæскуыйы заводы кæрты Фыдгул йæ браунингæй ныхъхъавыд... Уыдис Ильичы риу мысан Фыдгулæн лæгсырдты фæдзæхстæй. Фæлæ йæ гадзрахат нысан Иæ къухы нал бафтыд æххæстæй. Капланæн йе ’нхъæлцау æфсургъ Кæд уынджы фæсвæд бастæй аззад, Уæддæр ма дун-дунетыл дугъ Кæнынц йæ сау нæмыг, йæ азар. . Фæтæг... Иæ хъуыддаг, йе схудты, йæ дзырды Куыд бирæ фарн ис дард фæндæгтыл, куыд! Уæрæсейы ’мæ дунейы быдырты Хуымгæнæгимæ ног хуымгæнæг уыд. Лæджы фæдзæхстæй заводы хъазуаты Уый кусæгимæ ног кусæг ысси. Салдаты фарсмæ йе ’нусы карз уады Иæ хуызæн салдат чи басгуыхти, чи! Бæсты Ныхасы ног ахуыры уагыл Куыд тьихджын уыди уый зонды тæрхон! Зæххы къорийы ног зилæн фæндагыл Хуыцауы бæсты разылдта Зæххон. •Фæтæг нæ разынд иу тохы дæр чиуæг, ’ Иæ* уæлахизтæн нæй фæуæн нымад. 142
Фæтаджы рй’уы’л нйкуы фенд хæрзнуаЗг. Ныр ш Хæрзиуæг — не сконд Æгъдау, Кад! Рухс дунейае ацух ис нæ фæтæг, Фæлæ базза^чкусгæйæ йæ зæрдæ. Зонут æй, мæ\хæдзæрттæ, уæхæдæг: Ленин уарзта дуджы ног бæрзæндтæ. Æмæ, дам, æнусмæ дæр йæ зæрдæ Уадвæлтæрд цæргæсы хуызы бацыд.; Уый уынынц йæ фæдылдзог фæлтæртæ Се стыр тохы, дард фæндæгтыл балцы. Уый Кавказы, бæсты сæрмæ стæхы, Сау мигъты йæ дымгæйæ фæсуры, Хур йæ фендæй тар сафынмæ здæхы, Суанг ма уадзы тугдадзинтæ дуры.
Цæрукъаты Владими]) Усгуры арæзт ышшдта Ацы бон йæхи Алхаст. Алчи йæм уынынмæ згъордта, Стыр цымыдисæй йæм каст. Урс нымæтхуд; хæрзконд гуырыл — Аив митыкъæртт куырæт. Сырх галстук æрбаста хъуырыл, Цырыхъхъытæ — ног æлхæд. Дидинджытимæ цæугæ йæ Чи федта нырыонг? Кæд? Дис ыл кодтой тынг, æмæ йæ Бафарстой æмбæлттæ уæд: — Зонын мах фæндид лæмбынæг: Хъуыддагæн цы у йæ апп? Уый сын радта, куыд бæгуылæг, Уайтагъддæр æмбаргæ дзуапп: — Æз нæ зонын, ам уæ чи куыд Хъуыды кæндзæн, фæлæ уын Раст зæгъон: Мæскуыйы никуы Уыдтæн, æмæ ныр цæуын. Фендзынæн Мæскуыйы алы, Алы диссаджы музей, 10 Æнусты фарн 145
Кремлы фондзтйгъон ыстъалЫ, / Сырх фæз æмæ Мавзолей. / Мæнæ ацы дидинджытæ / Уырдæм Ленидæн. .хæссын.. / Цæй, лæппутæ ’мæ чызджытæ, Хорзæй баззайут! Цæуын!/ — Исчи дæр ма афтæ удардæй Уырдæм чъинатæ хæссы? Æ, дæ хæдзармæ дæ ’рарди,— Дидинхъуаг фæци Мæскуы? — Ис дзы, зонын, алкæй фаг дæр. Фæлæ ахæмтæ? Куыннæ! Адонмæ фæцыдтæн суангдæр Хох Хъазыбеджы бынмæ. Ленинæн йæхи зæрдæйау Сты рæсугъд æмæ сæууон. Мавзолейыл мын æнæфау Хъуамæ сæмбæлой. Хæрзбон! — Хъуыддаг ам куы нæу хуымæтæг! — Загътой сабитæ. Сæ фæнд: — — Махæй алчидæр сырхмæтæг Чъинайыл æрæвæрæд. Хорз лæппу æмбæлтты уарзы. — Табуафси! — зæгъы Алхаст.— Уемæ, ногдзаутæ, æз — разы. Фæлæ ма цæмæ у каст? Дидин чн нæ хаста, чи нæ? Уайтагъд цас æрæмбырд, цас? 146
Айр^зт уайтæккæдæр чъина, Фестади мæкъуылыйас. Хохаг раЦинаг фæсивæд БæлццонæК фæдзæхстой тынг: ДидинджытУл дон-иу, ивæд, Ма сыл уадз\вд бадын рыг. Г Суынгæг кæны машинисты: — Скъæр-ма тагъддæр, нæу уый фаг! — — Цæй, цы дын кæнон, дæ низтæ, Кæд хæдтæхæг нæу, миййаг? Афтæмæй дæр,— æз нымайын,— Поезд рæвдз ыскъæрæм мах. Уымæй тагъддæр нæй йын уайæн; Стæй цы кæныс афтæ тагъд? Д’ азтæ уа бирæ нæма сты, Уæд цæй бирæ у дæ мæт? — Афтæ бафарста Алхасты. Уый дæр радзырдта æппæт. Радзырдта кæрæй-кæронмæ Лæгæн хабæрттæ Алхаст. Лæг æнахуыр фæндаггонмæ Ныр æндæр цæстæй æркаст: — Машинисттæй афтæ ничи Никуы бакодта, уый зон. Ам кæд хъуыддаг у Ильичыл, Алцыдæр уæд у мæ бон. 147.
Худгæ рихитæм æвналы, Къухмæ райсы уый фиййаг Æмæ пецмæ калы ’взалы, . Ивы паровозы уаг. / Поезд уасы, згъоры, ризы, / Хæдтæхæгау скъæры раст! / Пассажиртæ мæлынц дисæи; Иуæй-иутæ кæнынц хъаст. * * 4 Зивæгтæ-йедтæ йæм не сты, Не ’нцайы æхсæв уа, бон: Алы станцæйы дæр фесты, Ивы дидинджыты дон. Иннæтæ хуыссынц хуыррыттæй, Фæлæ уымæн нæй æнцой: Хъуамæ дидинтæ æмпылдтæй, Руадæй ма ныххæццæ уой. Цæй-ма, уæдæ, ныр цы чина? — Хуыссæг æй бырсы бынтон. Фæлæ чи сæрфдзæни чъина, Чи йын раивдзæн йæ дон? Адæм хорз сты, хæлæрттæ, Нæй дзы уыдонæн æмбал! Чидæр базмæлыди уæртæ, I Лæппуйы тыхстмæ æрхъал. Уайтагъд сахатмæ æркасти. — Лæппу, цавæр у дæ мæт? — 143
Афт^бафарста Алхасты. Уын д*ср радзырдта æппæт... — Хорз \æлтæр рæзы нæ бæсты,— Загъта,— раст кæныс, кæстæр. Ныр æрхуы\с æмæ дæ бæсты «Посты алæдон» æз дæр. Хабар фехъуыстой ныр адæм, Стауынц ногдзауы: — У лæг! Базыдтой, кæм ис\ йæ бадæн, Уайынц лæппумæ уыиæг. Уый та уал хуыссы: фæллад у... Пассажиртæ ’ххуыс кæнынц: — Рыгтæ асæрфын кæй рад у? — Дон нæма хъæуы? — фæрсынц. Поезд размæ скъæры, скъæры, Калынц рельсытæ цæхæр. Æмæ кæд йæ тахт æгæр у, Кæд уæлвонг хауы, уæддæр Машинистæй иу дæр ничи, Иу дæр ничи кæны хъаст: Тагъддæр сæмбæла Ильичыл Хохаг дидинджыты баст. III Байрйай, о Мæскуы — столицæ, Райс сыгъдæг ирон салам! Ды нæ зæрдиагдæр бæллиц дæ: Ехх, тæхуды ацæр ам! 149
Горæт — фарныстон, æнусон, . Горæт — рæстæджы æмбай, / Горæт — фидæнбонты хъузон,— / О Мæскуы, дзæбæх нын уай! / Ам цытджын лæгæн йæ хъуртды Радта дунетæн сæрфат. / Зæххыл уый хуызæн каем уыди! Мæнæ — йе ’нусон бына/.. Стыр Цæдисы къуымтæй ардæм Дуне адæмтæ цæуынц. Рухс сурæт уынынмæ рады Сагъæсхуыз дзыллæ лæууынц. Мах Алхаст дæр уым фæзындис, Хохаг дарæсы — бæрæг; Адæм кодтой йыл цымыдис; Æмæ фидыдта, æцæг: Урс нымæтхуд; хæрзконд гуырыл — Аив митыкъæртт куырæт. Сырх галстук æрбаста хъуырыл, Цырыхъхъытæ — ног æлхæд. Ноджы диссагдæр—йæ чъина: Уайтагъд ахæлиу йæ кой. — Ацы хорз лæггаг иын чи уа? — Адæм хъус-хъусы дзырдтой. — Уый æрхæццæ ис Кавказæй, Хохаг ногдзау у, ирон! — Бауадзут æй уæдæ разæй, Уый — нæ кадджындæр бæлццон. 150
— Алæм рæсугъд дидинджытæ* Махæй\л^унæгмæ дæр нæй. — Мара\з, лæппутæ, чызджытæ, УазæгмæМзæкæсут, цæй! Ногдзаутæ аеххуысмæ фесты, Айстой дидивджытæ тагъд. Уалынмæ фæзьшд оркестр, Фæзы анæрыд иæ цагъд. Æмæ лæппу дæр йæ галстук Хъуырыл алæгъз кодта уæд. Адæм — сабыр, дзолгъо нал сты: Исты зæгъинаг у, кæд. Хъуыста йæм цыма Уæрæсе, Дуне цыма уымæ каст, Ахæм дзаг, тыхджын хъæлæсæй Загъта Сырх фæзы Алхаст: — «Тохмæ Ленины хъуыддагыл Стæм кæддæриддæр цæттæ!» Дзырд æмгæрттæ айстой дардыл Æмæ ацыдис нæргæ. Фæзы нал баззади ничи, Хабар дис кæмæ нæ каст Дидинджытæ, дам, Ильичæн Ирæй схæццæ кодта раст. Дидинтæ куыд нæй дунейыл? Ыæй дзы адонæй хуыздæр. Хи цæстæй сæ Мавзолейы Искæд фендзынæ ды дæр. 151
Цæгæраты Гиго Уый уыд раджы, саби ма куы уыдтæн,— Хъуыстон алкæд Ленинæн йæ кой. Ленин цардмæ дзыллæты куыд хуыдта, Уый тыххæй-иу хъæубæстæ дзырдтоп. / Уыйфæстæ æз базыдтон мæхæдæг, Стыр Ленин нæ адæмæн цы уыд, Алчи нæ цæмæн хуьтдта йæ фæтæг, Алчи йæ цæмæн хуыдта йæ фыд. Базыдтон, цæмæн дзырдта нæ бартыл, Знæгтимæ цæмæн самадта хæст, Ленины рæсугъд фæндтæ Компарти Абон дæр цæмæн кæны æххæст. Лениныл æрвылбондæр æмбæлын, Уый фæрцы ныфсджындæр у мæ цыд. Уый мæнæн фæтæг æмæ æмбал у, Уый мæнæн у буц рæвдауæг фыд. Æз æдзухдæр Леиины фæллæнттæ Ахуыр кæнын, алыбон кæсын. Æз нæ фæтæг Ленины хъуыдытæ Зæрдæйы нæ фидæнмæ хæссын. Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ: Сæрибар цард, 152
\ Æнусон зард, Нæ зæнгты магъз, нæ уидаг. Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ» \Енусон хур, Æнæбын фурд, Æнтыстдзинæдтæм сидаг. Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ: Сыгъдæг фæндаг, Зынтæ сæттаг, Æндонæй дæр æндондæр. Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ: Рæсугъд фæндтæ, Бæркад дæттæг, Бæрзонд хохæй бæрзонддæр. Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ: Хæлардзинад, Æмбардзинад, Сæ хъармæн их дæр тайы. Æз фæкæсын Ленины фыстытæ Бæркадкъухæй, Зæрдæрухсæн, Нæ сæ зонын фæлланын. Æнустæн атыдтон сæ рæхыс, Хæдбар, сæрибар лæг ысдæн. Мæ сæрмæ нал у арв тызмæгхуыз, Мæхи конд хур ныр тавы мæн. Мæ къухтæм зæххы бæркад систон, Нæ дæттæй сарæзтон цырагъ. Цæуын. Цæуын. Æдзух дæн ифтонг Нæ фидæны хъысмæт — мæ уаргъ. 153
Фыдгулты басастон фыдхæсты, / Нæ фарны бахызтон рынæй. / Æнусон сæуæхсид мæ бæсты / Ыссыгъд мæ зæрдæйы зынгæй/ Сырх дидинæг мæ бæстæ калы, Уый афтæ сфæлыста мæ арм. Нæ зæххыл æз ыссыгътон стъалы, Дæтты уый дун-дунейæн хъарм. Æхсиды стыр хъару мæ туджы, Мæнæн мæ фæндæгтæ сты гом. Цæрын цытджын Ленины дуджы, Уæлахизхæссæг у мæ ном. Лæг фæцæуы... Уадзы фæд йæ фæстæ... Афтæ гуырыиц фæндæгтæ зæххыл. Махæн абон ахæм у нæ рæстæг: Зонынц Мæймæ фæндæгтæ тæхын. Цас и, цас, зæххыл фæндæгтæ, уастæл! Иутæ — райдзаст, иннæтæ — тæссаг. Дунейы æппæтæй дæр у растдæр Стыр Ленины бацамынд фæндаг. ÆВДДÆСÆМ АЗ Нæма уыдтæн æвддæсæм азы гуырд, Нæ райхъал дæн «Аврорæйы» гæрæхтæм. Нæ фехъуыстон цытджын Ленины дзырд, Нæ бамбæрстон, куыд æнкъуыстысты хæхтæ. 154
Нæ федтон æз, æд хæцæнгарз мæ фыд Фыдгулы ныхмæ комкоммæ куыд цыди. Нæ бамбæрстон зæронд дугæн йæ фыд, Нæ федтон, бæстæ пиллонæй куыд сыгъди... ’Нæма уыдтæн æвддæсæм азы гуырд, Фæлæ йын йе стыр хорздзинæдтæ зонын. Уынын мæ фидæн уый фæрцы бæлвырд Æмæ йæ æз мæ райгуырæн аз хонын. * * * Цæмæн ивазынц адæмтæ сæ къухтæ? Цæмæн тырнынц æппæт дзыллæ æмцардмæ? Цæмæн кæсынц сырх хъуымацмæ æдзухдæр? Цæмæн бæллынц æмзæрдæты æмзардмæ? Цæмæн сидынц æнгомдзинадмæ афтæ? Цæмæн сæттынц сæ рæхыстæ кæмдæрты?.. Зæххы къорийыл апырх ысты тавгæ Ленинæн йæ зæрдæйы цæхæртæ.
Гæлуаты Акил Иæ хъуыды Ленинæн тæхы, Болатдзагъд базырджын бæхыл. Æрхæссы денджызтыл йæ цæст,— Нæ хæхтæ, уылæнджын хуымтæй, Фæлтæрдарм кусджыты уындæй, Фæллойæ уый вæййы æфсæст. Иæ -хъуыды дард бæстæм тæхы, Бæгуы йæ бафæнды, бæгуы. Цæмæй сæ ма стигъа æлдар, Ысуой æгас адæм æмбар, Цæрыны хæрзтæй уой æфсæст, Æмæ сын хъодыйаг уа хæст. Иæ хъуыды араугæ тæхы,— Ныззилы артзæрдæ зæххы, Ыссæуы мæнрухсы бæрзонд, Уый ивы дун-дуиеты конд. Ыскъæфы суинаг дугтæй ныфс. Цæрæццаг бæлццæттæн æххуыс, Нывæнды царды рухс тæмæн, Нæй уымæн. иу минут лæууæн. Æз дзырдты æвзарын мæ хъуыдыйы уырзтæй,— Кæцы уа сæ ирддæр, кæцы уа мæ хæстон. Щ
Ыссæдз азЫ кусын йоэзийы «’ххуырстæй». Нывджындæр ныхасыл æз хъуадоæ фæхæст уон. Уæлхох уыгæрдæнты мыдыбындзау зилын,— Кæцы дидинæгæн ис тынгдæр ыстауæн? Нæ фидæны дугтæм фат-хъуыды нывзилын, Кæд уырдыгæй раскъæфин ног дзырд æфстауæн. Ныгъуылын цъæх фурдæн кæсагау йæ арфы, Тыхдымгæйæ рагъыл бæхбадтæп фæтæхын,— Æз агурын дзырдтæн сæ бæрзонддæр арвыл, Сæ егъаудæр, буцдæр, цытджындæр нæ Зæххыл. Уд — уацдзау зæрватыкк, монц—дугъон нардуатæй, Дзырдхуыздæрæй скъæфынц æхсæвæй уа, бонæй, Сæ арæхстдæр курын æвзæгты бардуагтæй, Сæ бархъомысджындæр мæлгъæвзаг нæртонæй. Æз мысын дунейы хъуыстгонд лæгты нæмттæ,— Цыхуызæн дзырд суры æфхæрдты æрхæндæг? Цы дзырды ысиу сты амонд, дзыллæтæ,— Дзырд «Ленин» мæ сæры куы февзæрд йæхæдæг. Адæм бонтау раивынц кæрæдзи, Цыма цардмæ уазæгуаты суайынц. Незаманы бафæндыдис æрдзы, Номхæссæнæн лæг бæстыл куыд зайа. Буц фæдонты радыгай æнтыста, Уый фæлвæрдта амæй-ай лæгдæрты. Уыдонмæ куыд нæ разынд æнтысттæ! — Чи уыд номдзыд раздзæуæг -æфхæрдтæн. 157
Чи нымадта стъалыты йæ фыстау, Чи та басгуыхт стыр ирдист нывгæнæг, Иу æнусон уацмыстæ ныффыста, Иннæ науы — ног артаг нывгæпæг. Фæлæ æрдзы бафæндыд æвдисæн Фæстагæттæн сфæлдисын йæ хæрзтæй, Уый куыд мара мæлинæгты дисæй,— Уæд ысхайджын иу фæрныг йæ хæрзтæй. Мад ын дардта дзидзиимæ курдиат, Зæхх ын уагъта дæтты ныфс нæ риуы, ’Фсæста йæ уæлтæмæнадæй Хур дæр, Арвы айдæн уый цæстыты сиу и. Хурзæрин куыд сæрттивы æртахы, Денджыз дæтты къæлæстæ куыд райсы, Афтæ цард ыссыгъд йæ зондцырагъы, Дзырд ныййазæлд уый нывджын ныхасы. Уымæн дымгæ фестадис йæ улæфт, Арт куы ссудзы,—уый хъуыды йæ цырын, Уый туджы ис денджызæн йæ уылæн, Гуыринæгты ногбонтæ — йæ цæрæн. Стахт йæ зæрдæ ивгъуыдæй цæргæсау, Дугты ’фсургъыл фидæнмæ тæхдзæни. Уый курдиат адих кæн фынддæсыл, Алчидæр дзы уæд ысуаид Гени. I Рагæй Джызæлдоны пырхæнты Бирæ тых æмбæхст уыд, бирæ. 158
Къада нæ зыдта йæ гуылфæнты Зилдух ысхай кæнын Ирæн. Цъассыты судзгæ маст бамбырд-иу: «Оххай! Ысномдзыд у искуы!» Æмæ йæ бæллиццæн райгуырди Æрдзы ифтындзæг Симбирскы. Чи уыд, кæмæ фæкаст а зæххыл Адæпмаг бирæ æнхъæлмæ? Чи у, кæй зынгзæрдæ ратаахы Алы ’хсæв Хъсбаны сæрмæ? Дзагхъæлæс уылæнтæ — цардтæмæн, Дзурынтæ райдайынц цадæг, Чи сæ ыскодта нæ адæмæн Уыцы Зæххон Хуры кадæг... ’Рвон хур фæсхохы æрныгъуылы, Скæсы Зæххон Хур йæ бæсты,— Бонæй, æсæвæй нæ ныгуылы Ленины хъуыды нæ бæсты.
Хъайттаты Сергей РАДЗЫРД Поезд згъоры Мæскуыйæ нæ горæтмæ. Райсомраджы. Мæ дарæс скодтон. Фæл- гæсын быдыртæм. Уалдзæг. Быдыртæ сæ хуыз скалдтой. Кæсынæй сæм не ’фсæды цæст. Ацы рæтты уыдтæн хæсты. Ам, кæм- дæр Белгородмæ хæстæг, цæф дæр фæ- дæн... Цыма уартæ уыцы обауы фæрсты дæр згъордтон. Уæвгæ, хæсты быдыры обæуттæй фылдæр цы ис. Мæ хъуыдытæ мын фæсырдта мæ ба- комкоммæ бадæг сылгоймаг. Хурыскастмæ рабадт уый дæр. — Ардыгон дæ? Цæй æдзынæг кæсыс быдыртæм, фæзтæм? — бафарста мæ уый æмæ фæлмæн йæ мидбыл бахудт. — Нæ, ардыгон нæ дæн,— раздæхтæн æм.— Амыты хæцыдтæн. Ус мæм лæмбы- нæг æрбакаст. Поезд Мæскуыйæ ’хсæвы æнафон рацыд, æмое сылгоймаджы цæсгом нырма ныр федтон дзæбæх. Цыдаид ыл иу-фондз æмæ дыууиссæдз азы, йе сныха- сæй бæрæг уыд, украинаг кæй у, фæлæ йæ уæддæо бафарстон. |— Дæхæдæг та, хорз ус, ардыгон дæ? — О,— цыбыр дзуапп радта уый. Загъ- та мын йæ ном æмæ йæ фыды ном дæр. Оксанæ Петровнæ. 160
Ус кæм бадт, уым, фæсте къулыл, йæ костюм ауыгъд кæм уыд, уырдæм фæком- коммæ дæн. Риуыл цæхæртæ калдта Лени- ны орден. — Æвæццæгæн, дохтыр дæ, йе та ахуыргæнæг? — О, дохтыр дæн,— загъта сылгоймаг æмæ ма чысыл ахъуыдыйы фæстæ бафтыд- та: — Фæлæ мын орден уый тыххæй лæ- вæрд не ’рцыд... Ныр та уый ныджджих рудзынгæй тыгъд быдыртæм, хъæды æрдузтæм, къар- диутæм, знаджы бомбæтæй хæлд арф уæр- мытæм. Фæстагмæ мæнырдæм раздæхт: — Кæцон дæ? — бафарста мæ. — Кавказаг. — Кавказ стыр у,— бахудæгау мæм кодта. — Ирон,— дзуапп радтон æз, æмæ мæм сылгоймаг æрбакаст.— Цæуыл ныддис код- тай, Оксанæ Петровнæ? Ау, ирон никуы фехъуыстай? — Æмæ ма хъазæн уайдзæф- гæнæгау бафтыдтон: — Поезд Ирыстоны поезд у. Фæлæ ус ницы сдзырдта, мæ хъазæн ныхасмæ нæ бахудт. Рудзынгæй та касти. ,Йæ хъуыдыты ноджы арфдæр аныгъуылд. Ницыуал æм сдзырдтон æз дæр. Иуцас- дæр афтæ æнæдзургæйæ фæбадтыстæм. — Мæнæн уыдис ирон зонгæ,— йæ цæстæнгас быдыртæй атыдта æмæ мæны- рдæм раздæхт Оксанæ Петровнæ.— Æниу цæмæн «зонгæ»? Æфсымæр... О, о, æфсы- мæр, дис дæм ма фæкæсæд. Адæм иу мад æмæ фыдæй нæ райгуырынц. Уый уыдис И Æиусты фарн \§\
мин фараст сæдæ цыппор фыццæгæм азы... Æмæ мын ус ахæм хабар радзырдта, ахæм, æмæ мæм вагоны цæлхыты хъæр дæр нал хъуыст... * * ...Хæсты райдайæнмæ ма цалдæр боны уыдаид, афтæ лæппу (сылгоймаг дæр ын йæ ном нæ базыдта) каст фæци Кавказы х’æстон скъолатæй иу. Радтой йын æфсæд- дон цин — лейтенант, Æртæ лæппуйæ æр- выс’т æрцыдысты, Ригæмæ хæстæг цы ’фсæддон хæйттæ уыд, уырдæм. Поезды, станцæты æртæ лæппуйы адæмы ’хсæн сæ дзыхъхъынног дарæсæй бæрæг дардтой. Рахызтысты поездæй Ригæйы. Уæнгрог, Цыма сæ цыд зæххыл нæ æндзæвы. Æртæ- йæ дæр цæуынц иумæ, сæ къах æмист кæ- нынц. Адæм сыл сæ цæст æрæвæрдтой. Æрыгон командиртæ сахатмæ æркæс-æр- кæс кæнынц. Фæйнæрдæм у ам сæ балц. Тагъд-тагъд горæты зилынц. Мæнæ та са- хæттæм кæсынц. Æвиппайды цæсгæмттыл сагъæс фæзынд... Æвæццæгæн, æрхæццæ рæстæг, афон у кæрæдзийæн хæрзбон зæ- гъынæн... Æртæйæ дæр куыд лæууыдысты, афтæ Кæрæдзиуыл ныттыхстысты... Систой сæ рахиз къухтæ сæ худтæм æмæ фæйнæ- рдæм рæвдз ацыдысты... Чи зоны, кæмæ сæ цы хъысмæт æнхъæлмæ кæсы... Райсом бон нæма æрбарухс уыдзæн, афтæ райдай- дзæн хæст... Фыдыбæстæйы Стыр хæст... 162
Хуыцау уын æгас хæдзар ссарын кæнзед... Цал азы рацыд ныр уæдæй? Чи стут, абрн дæр уæ нæ зонæм, кæм стут, цы стут... Уæ иуы балцы кой уын кæнын. Бузныг Окса- нæ Петровнæйæ... Уый руаджы... Лейтенант ма иу хатт Ригæйы горæты къуымты фистæгæй æрзылд, фæллад нæ зоны. Æрыгон командир куы фены, уæд æм æдзынæг ныккæсы: кæд хион у, бирæ- тæ каст фесты уыцы бонты хæстон скъола. Уыдон бахаудзысты хæсты фыццаг арты цæхæры. Æстдæс-ссæдзгай азтæ сыл цæ- уы. Цал цæринагæн ахуысдзæн йæ зынг... Цал ныййарæджы баззайдзæн æнхъæлмæ кæсгæйæ. Æлгъыст фæуæд хæст... Ис Ригæмæ хæстæг горæт Цесис, чысыл дарддæр та паддзахадон арæн... Лейте- нант æнафон уырдæм ныххæццæ, йе ’фсæд- дон хай хъуамæ уыдаид ам. Фæлæ уым нæ разынд. Бацыд постмæ, посты хицау, граж- дайнаг хæсты хъæбат;ыр, уыцы ’хсæв сæ- химæ нæ ацыд. Йæ зæрдæ цæмæдæр, фё- хсайдта, арæн сабыр нæ уыд. Лейтенанты суазæг кодта. * Посты хицау мидæггаг уатмæ бацыд. Лейтенант тъахтиныл æрытыдта йæ цинел æмæ уайтагъд сабиау афынæй. Посты хицау цавæрдæр уынæрмæ æры- хъал, рацæуы лæппуйы фæрсты, куыд нæ сыхъал уа, афтæ. Уынгты сырхæфсæддон- тæ къордгæйттæй кæдæмдæрты тагъд- тагъд цæуынц. Машинæтæ, сармадзантæ... Посты хицау фæстæмæ бацыд, æфсæддон- тæ æхсæвдзу арæх фæкæнынц. Æрхуыссыд 163
та, æрфынæй уый дæр. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ нæма фæхицæн сты, афтæ бæ- стæ гуыпп-гæрах сси... Лейтенант фехьал, рабадт, йæ уæлхъус алæууыд посты хицау дæр. Разгъордтой дуармæ, алфамбылай хæдзæртты сыгъдæттæй уынггæ ныррухс сты... Знаджы хæдтæхджыты гуыр-гуыр æмæ сармадзанты абухынæй хъустæ къуыр- ма кæнынц. Лейтенант посты хицаумæ кæсы, йæ цæстæнгас фæрсы: «Циу уый, нæ фыды хай?» Посты хицау бамбæрста лæппуйы хъуы- ды, зæххы бынæй дзурæгау скодта: — Хæст райдыдта, æмбал командир. Лейтенант тагъд-тагъд абæлццонхуыз æмæ йæ фысымы раз æрлæууыд. Ныр та фысымы цæстæнгас фарста: «Æмбал лей- тенант, ау, немыцæгты дзæмбыты бынмæ бахаудзыстæм?» Æрыгон лейтенант бамбæрста хистæры цæстæнгас, æниу .афтæ æрыгон дæр нал уыд сырх командир, æмæ фидарæй загъ- та: — Тæрсгæ ма кæн, мæ фыды хай, Уæ- рæсе никуыма ничи басаста.— Стæй фыд æмæ фыртау кæрæдзиуыл ныттыхстысты, æмæ лæппу хъæугæронырдæм азгъордта. Диссаг, нæдæр хъæуы астæу, нæдæр хъæу- гæрон иу сырхæфсæддон дæр нæ разынд, лейтенант иунæгæй аззад. Знаджы хæд- тæхджыты хъæр Ригæйырдæм адард, сар- (мадзанты нæмгуыты нæрд дæр афтæ. Æвæццæгæн, махæн уым цы чысыл æфсæд- дон хæйттæ уыдис, уыдон сæхи уырдыгæй айстой. Æхсæвы уыдон .федтаид посты хи- 164
цау дæр. Хатгай арæнырдыгæй цыдæр гæ- рæхтæ сыхъуысы. Фæлæ лейтенант зоны, немыцæгтæ арæ- ны сæрты раджы æрбахызтысты. Федта сæ дардмæ: хъæуы фæйнæ фæрсты, уы- рынгтæ залиаг калмау, чыртæ-чыртæй бы- рынц. Лейтенант сисы аууон æрбадт. Иуцъус сагъæсы хай фæци. Фæстагмæ иу хъуыды- йыл фидар ныххæцыд... «Фæцæудзынæн хъæдмæ, амардзынæн искуы немыцаджы,, йæ хæцæнгæрзтæ йын байсдзынæн æмæ сæ аууонæй иугай-дыгай цæгъддзынæн. Уа- лынмæ ма, чи зоны, иу-дыууæ мæ хуызæны искуы фæзына, партизантæ уыдзыстæм». Лæппу йæ дамбацайы хуымпъырмæ æр- каст, фæлæ... Афæнд кодта фæстæмæ по- сты хицаумæ згъорын. Уымæ хъуамæ исты хæцæнгарз уа. Фезгъоры аууæтты посты- рдæм. Кæсы: сыхы немыцы худын хъуы- сы. Кæцæй февзæрдысты ам?.. Азгъордта иннæрдæм. Фæскъул цавæрдæр æрх. Æр- æмбæхст. Кæсы. Чысыл дарддæрæй йæм немыцæгтæ зынынц. Кæйдæр нæмынц. Ко- мандирæн йæ тæккæ хæд фарсмæ фæцыд гæрах. Уыцырдæм фæкаст, цавæрдæр цæф- сырхæфсæддон хосласæн хъилы дæргъæн немыцаджы раз дæлгоммæ мардæй бахауд. Уый йæ уæлхъус хæлиу лæууы, худы. Дыс- тæ фæлдæхт. Дамбаца йæ къухы. Мæстæн куыннæ атыдтой лейтенанты фæрстæ... Не- мыцаг иунæг нæ уыд. Лейтенантмæ та хæ- цæнгарз нæй. Хъуамæ, цы ’фсæддон хаймæ æрвыст уыд, уым райстаид. О, фæлæ ахæм уавæрæн бирæ ахæссæн нæ уыд. Иуцас- 165
дæр ма, æмæ йын хъуамæ йæхи дæр ба- фиппайдтаиккой. Лейтенант арæхстгай иуварс ахъуызыд. Иунæг сыбыртт дæр дзы нæ райхъуыст. Хъæуæн йæ иннæ кæронмæ афтыд. Кæсы, æмæ — уæрæх фæндаг. Цалдæр сармадза- ны дзы бæхтæ ифтыгъдæй лæууынц. Сæ сæргъты æфтаугæтыл сырх стъалытæ. Чы- сыл раздæр — машинæтæ. Уыдоныл дæр— сырх стъалытæ. Æвæццæгæн сæ нæхионтæ фыртагъд-тагъдæй ньгууагътой... Лейтенант арф кæрдæджы дæлгоммæ хуыссы. Æртыдта кæрдæджы стыр гуцъу- ла, йæ худы уæлæ йæ æркодта æмæ арæх- стгац йæ сæр систа. Акаст. Ифтыгъд бæх- тæм кæсæг нæй. Лæууынц. «Уæд та дзы иу ифтыгъд куы нæ уаид. Абад ыл æмæ хъаедмæ ныййарц у»,— хъуыдытæ кæны. Фæлæ лейтенант машинæтæм ногæй фæ- карт. Зæрдæ риуы ног фæндтæ быдта. Ма- шинæ скъæрын зыдта. Кæддæр каст фæци шофырты скъола... Каст æй фæци, фæлæ кусгæ никуы кодта шофырæй. Уайтагъд æфсæддон скъоламæ бацыд. Лейтенант машинæтæм кæсы: сæ иу «ЗИС», иннæ — «ГАЗ-АА»... О, фæлæ ма- шинæ скусын кæнынæн дæгъæл хъæуы... Къæдзтæ-мæдзтæ фæндаггæрæтты полутор- кæйырдæм быры. Бахæццæ йæм, арæхстгай кабинæйы дуар бакодта. Бахызт мидæмæ. Сæр уæлæмæ нæ исы. Архайы машинæ снусын кæныныл спичкæйæ. Нæ йын ба- куымдта. Фæлæ дзæгъæлы нæ фæци йæ балц. Шофыры бадæны фæстæ ауыдта ав- томат. Фелвæста йæ — ифтыгъд. Лæппу 166
фæныфсджын. Æргæпп кодта зæхмæ. Ау- уæтты иннæ машинæмæ фезгъоры. Диссаг, уый циу? Цалдæр сырхæфсæддоны йын йæ фезмæлдмæ се ’мбæхст рæттæй сусæ- гæй кæсынц. Йæхи дыууæ цæстæй сæ уы- ны. Кæмæдæрты дзы хæцæнгæрзтæ дæр ис. Лейтенант фæныфсджындæр. — Раззаг машинæмæ, æмбал коман- дир,— дзуры йæм сæ иу. Раззаг машинæ кусгæ кæны.— Æвæццæгæн, шофыр фæ- тарст æмæ алыгъд, махæй машинæ тæрын ничи зоны. Ды зоныс? Лейтенант йæ сæрæй «о», зæгъгæ, аца- мыдта. — Уæдæ мах дæ фæдыл. Уыцы маши- нæйы бирæ ис пулеметтæ æмæ гилдзытæ. — Мæ фæдыл, сержант, æцæг арæхст- гай, — дзуры лейтенант. — Æз куыддæр рулмæ бавналон, афтæ гуыффæмæ æмгæпп кæнут! — Ис,— дзуапп радта сержант. — Пулеметæй æхсын уæ исчи зоны? — Иууылдæр... Лейтенант, сержант æмæ цыппар сырх- æфсæддоны машинæйы цурмæ бахæццæ сты, фæлæ уæдмæ сæ тæккæ размæ фæн- дагыл немыцаг салдæтты къорд æрцæй- цыд. Фæстиат кæнæн нал ис. Лейтенант айтæ-уыйтæ нал фæкодта: — Машинæмæ! Цæстыфæныкъуылдмæ сырхæфсæддон- тæ машинæмæ сгæппытæ кодтой. Лейте- нант шофыры бадæн ацахста. Машинæ йæ бынатæй фезмæлыд. Рæвдз асхуыста раз- мæ. Немыц, цалынмæ машинæ сæ фæрсты 167
нæ асыххуытт кодта, уæдмæ ницы базыд- той. — Æхсгæ ут! — сыхъуыст командиры хъæлæс кабинæйæ æмæ сыл уыдон уæле ихуарæгау ныккалдтой. Немыцæгтæй цал- дæр æрхауд. Уæдмæ уыдон дæр фæцарæх- стысты, æхсынтæ систой. Машинæйы бад- джытæй иу фæцæф, бæттынц æй. Мæнæта сæ размæ фæцис немыцæгты æндæр къорд. — Чызг! Фæндагæн йæ рахиз фарс дæ бар! — дæтты бардзырд сержант.— Кæс размæ, куыд вæййы, цы вæййы... — Хъусын, æмбал сержант! — чызг рæвдз радта дзуапп. Сержант æм фæкаст. Чызгыл уыд æфсæддон дарæс. — Фæндаг æмæ йæ галиу фарс мæ бар. — Сержант, — дзуры лейтенаит бы- нæй,— разæй фæндаджы рахизфарс цал- дæр’ немыцаджы æнæмæтæй тамако пъæртт кæнынц. — Уынын, æмбал лейтенант. — Æхсут! Æхсынц та... Машинæ рыг йæ сæрыл систа, адард... Тамакодымджытæй иутæ уæлгоммæ хуысгæйæ аззадысты. Лидзджы- тæ (лейтенантимæ чи уыд, уыдон) фæ- хъæлдзæгдæр сты, худынц. Чызг та дзы кæйдæр цъæррæмыхст бæтты, лейтенантмæ сæ хъазæн ныхас ныхъхъуыст. , — Сержант! — Хъусын, æмбал лейтенант. — Цæй концерт у уый? Фæйнæрдæм карсут, тынгдæр та фæстæмæ, фæндагмæ! — Ис!..— зæгъы сержант.—Æхстæввонг ут! — дзуры йе ’мбæлттæм. 168
— Æмбал сержант,— басхуыста йае цæф сырхæфсæддон, фæндагмæ ацамонгæ- йæ. Сæ сæрмæ рыг сбадт, афтæмæй сæ сырдтой цыппар мотоциклисты æмæ дыу- уæ машинæйы дзаг немыцæгтæ. — Æмбал лейтенант,—æрдзырдта уæло сержант, фæсте нæ расурынц. — Цал сты, цы сты! — Цыппар мотоциклисты, стæй дыууæ машинæйы дзаг немыц. — Пулеметты гилдзытæ фæстауæрц кæнут! — Ис! — Мотоциклистты дардмæ фондзæх- стæттæй æхсут! — Ис! — Машинæтæ куы ’рбахæстæг уой, уæд фæйнæ ’машинæмæ фæйнæ пулеметы сара- зут! — Хъусын, æмбал лейтенант! — Сержант, развæндаг дæр дæ рох ма уæд! — Хъусын, æмбал лейтенант. Ме ’ккой цы пулемет ис, уымæй нæ бон у, æмæ дзы хæдтæхджыты дæр æхсæм. Машинæйы гуыффæйы бадджытæ та ныххудтысты. Бахудт ацы хатт лейтенант дæр, фæлæ йæ ничи федта. Мæнæ лейте- нант бензин барæнмæ фæкаст æмæ йæ мидбылхудт цæсгомæй фæлыгъд. Бензины барæн амыдта, зæгъгæ, фæвæййы бензин. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæле бадджытæн лейтенант уый нæ загъта. Йæ хъуыдытæ иугай гæрæхты бын фе- сты, машинæйы бадджытæ æхстой цæугæ- 169
Цæуын фæстæрдæм, МбтоциКлиСтты... . — 0, о! Иу дзы фæцæхгæрмæ, — æры- хъуыст уæлейæ... — Иннæ мотоциклист машинæйы ау- уон æрæмбæхст. — Цас ис машинæтæ æмæ мах æхсæн?— фæрсы лейтенант. — Дыууæ фондзыссæдз метрмæ ’ввахс. — Æхсут пулеметтæй! — Æхсут! — загъта сержант дæр... Сыхъуыст дыууæ пулеметы къæр-къæр, фондзæхстæтты дæнг-дæнг. Фыццаг маши- нæйы бадджытæй цалдæр расхъиудта зæх- мæ. Сурджыты фыццаг машинæ æрлæу- уыд. Иннæ йæ разæй фæци. Æрбахæстæг кæны гæрахгæнгæ. Дыууæрдыгæй æм- æхст кæнынц. Нæмгуытæ, дыдынтау, дыу- уæрдæм дыв-дыв кæнынц... Иутæ размæ, аннæтæ фæстæмæ. Немыцæгтæм автомат- тæ йедтæмæ пулеметтæ нæ уыд, æмæ сæ нæмгуытæ афтæ дард нæ хаудысты. Уый хыгъд дыууæ «Максим»-ы .зæрдыл лæууын кодтой Чапаевы пулеметчицæ Анкæйы. Сержанты фæсонтæй чи æхста, уыцы пу- леметчик фæмард æмæ гæрæхтæ фæхъус сты. Сержант фæхъæр кодта. — Æхсгæ! — Фæмард, — сабыргай йæм сдзырдта чидæр. Сержант æрисын кодта фæсонтæй пу- лемет, æмæ йæ машинæйы гуыффæйы фæ- стаг фарсыл авæрдта. Чи ма фæстауæрц кодта гилдз... Æхста æмæ æхста. Уалын- мæ фыццаг машинæ фæфæлдæхт... Æвæц- цæгæн, шофыр фæмард. Иннæ машинæ 170
уый цур дзыхълæуд фæкодта. Уæддæр ма сæ сержант æхста æмæ æхста... Чи фæмард, уый йæ хæстон æмбал уыд... Иæ туг ын иста. Лейтенантæн цæугæ-цæуын хабæрттæ дзурынц. Уый дæр машинæ тынгдæр сцы- рен кодта. Адард. Фæстиау аззадысты сур- джытæ. Нал зынд сæ кой, сæ хъæр. Æниу ма сурыныл уыдысты? Лейтенант цæугæ- цæуын кабинæйæ хъæбатыр сырхæфсæд- донтæн «бузныг» зæгъы... Фæлæ машинæ æрлæууыд. Командир бензины барæнмæ фæкаст — нал. — Сержант,— лейтенант рагæпп кодта машинæйæ.— Рахизут, бензин нал ис. Пу- леметтæ машинæйæ райсут! Рæвдз мæ фæ- дыл! — Пулеметтæ нал хъæуынц, æмбал лей- тенант! — æрдзырдта йæм сержант. Гилдз бирæ нал ис, хъыгдарыны хос сты æрмæст. — Гилдзытæ уемæ æрисут æмæ æрхизут. Сержант æмæ æртæ сырхæфсæддоны æргæппытæ кодтой, иннæ дыууæ фæмард сты æмæ машинæйы гуыффæйы баззады- сты. — Иннæтæ... Цæуылнæ хизынц! — фæ- каст уæлæмæ лейтенант: — Уыдон нал сты, æмбал лейтенант,— загъта сæргуыбырæй сержант. — Хъыгаг у... хъæбатырты баныгæны- ны рæстæг нын кæй нæй, уый.—Лейтенант машинæмæ схизæны алæууыд.— Хатыр, хъæбатыр хæстонтæ! — систа йæ худ, сис- той сæ иннæтæ дæр, æмæ иууылдæр æнæ- дзургæйæ лейтенанты фæдыл тагъд-тагъд 171
фæндагæй иуварс азгъордтой. Ам уыди къардиугонд, æрхытæ. Дзæвгар фæцыдысты. Иу арф æрхы æрæнцадысты. Уыдысты ма æдæппæтæй фондз — лейтенант, сержант, дыууæ сырх- æфсæддоны æмæ... — Уый та циу? — кæсы сæм дисгæнгæ- йæ лейтенант. Фæндзæм кæд у... сылгой- маг. Нырма йæ ныр федта. Кæцæй фæдæ ды та? — фæрсы йæ. — Санинструктор Оксанæ Мельнико- ва,— дзуапп дæтты чызг æмæ командиры раз æмраст хæстон лæуд сцæйкодта, фæ- лæ лейтенанты къухы амындмæ гæсгæ бад- гæйæ баззад. —’ Кæдæм æвдисыс дæхи? Командир иуцъус хъуыдыты хай фæци. Уый æнхъæл нæ уыд, æмæ сæ чысыл къор- дæй иу сылгоймаг уа. Цæмæндæр йæхи йæ хызынимæ архайæг скодта, цыма æп- пæт аххос дæр уымæ хауд. Иæ худын нал баурæдта сержант. Ных- худт лейтенант йæхæдæг дæр. Худынц фондзæй дæр, цыма никуыуал хæст, ни- куыуал.æмбæхст... Æрныхас кодтой сæ уавæрыл. Фæстаг- мæ командир бардзырд радта: — Æхсынæввонг ут фæйнæ раны,—ба- цамыдта сын, кæмыты, кæм æмбæлы, уый. Куы ’рталынг уа, уæд цæудзыстæм хуры- скæсæнырдæм, кæд нæхионтимæ фембæ- ли^кам. Куы нæ сæ ссарæм,—загъта ма,— уæд хæстæгдæр цы хъæдмæ бахæццæ уæм, уым сараздзыстæм партизанты къорд. Иууылдæр сразы сты йемæ. Ие ’фсæд- 172
дон цинмæ гæсгæ дзы уымæй хистæр нæ уыд... Талынгтæм æмбæхстæй фæбадтысты, стæй... Бамбарын сын кодта, йæ хæдивæг сержант кæй уыдзæн, уый. Æрталынг. Разæй арвыста фæндагсга- рæг. Араст сты сæ командиры фæстæ. Бо- нæй сæм дардмæ æмлæгъз цы быдыр каст, уый ныр йæ къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ талынджы ’вдыста. Цыдысты сахат, дык- каг. Лейтенантæн йæ къухы ног компæс. Æмæ цыма боныгон цыдысты, афтæ сæ æнæкъуыхцыйæ амынд ранмæ кодта. Æвæц- иæгæн, лейтенант хорз арæхст компæси- мæ. Мæнæ æрбахæццæ сты, бонæй кæдæм снысан кодтой, уырдæм. Иæ дæлбартæдзы бузныг уыдысты. Æууæндыдысты йыл. Скаст мæй. Алфамбылай ныррухс. Æрау- уон та кодтой нæ бæлццæттæ сæхи. Хæстæг коемдæр куитæ срæйдтой. Уый амоны, хъæу æввахс кæй у. Цæуынц арæхстгай уы- цырдæм иугай хърихъуппыты балау. Нй- куы сармадзаны хъæр хъуысы, никуы хæд- тæхæджы уынæр. Хæст адард хурыскæсæ- нырдæм. Пæуынц та. Сзынд цырæгъты рухс хъæуæй. Цы хуызы базындæуа, хъæуы не- мыцæгтæ ис, æви нæй. Хæринаг нæй, сдой- ны сты. Бонæй сæ сагъæс уыдæттыл нæ уыд. Тасдзинад къаддæрæй-къаддæр кæны. Хæрд æмæ дон тынгдæр лæууынц зæрдыл. Лейтенант сержантимæ иуварс æрбадтыс- ты, фæндтæ кæнынц. Хъæумæ сгарæг ис- кæй цæуын хъæуы. Фæнд кæны лейтенант йæхæдæг. Сержант æй ской дæр нæ уадзы. Лейтенант командир у æмæ хъуамæ йæ къордимæ баззайа. 173
— Лыг у,— лейтенант сразы. Сгарæг’ цæуы сержант. Иемæ ма иу æфсæддон, фæлæ... Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд та дын рæхуыст. Æфсæддонтæй иу зæгъы: фæндзæм немæ нал ис. — Уый та куыд? Кæд цæф уыд, кæд фæсте баззад? Агурынц, сæ фæд-сæ фæд цæуынц фæс- тæмæ — нæй. Агурынц та ноджы, ныллæг хъæлæсæй йæм сидынц—никуы æмæ ницы. Лейтенанты зæрдæ фехсайдта. — Ау, лидзгæ акодтаид? — Тæппуддзинад? — Хъæумæ цæуæн нал и,— тæфæрфæс- гæнæг;ау зæгъы лейтенант.— Кæд тæппуд у, уæд æгæр зынаргъæй æлхæндзæн йæ ницæййаг цард—ауæй нæ кæндзæн. —/ Кæд фæсте баззад? — нæ фæнды бау- уæндын сырхæфсæддоны. — Фæсте нæ баззад... Мæй нæма скаст, афтæ ма йæ мæхи дыууæ цæстæй федтон, мæ фарсмæ цыди, арсы санчъехтæ кодта... æцæг... — Сержант, дæ хъуыды нæ ахæццæ кæронмæ... Цы «æцæг»? — фæрсы къорды хйстæр. — Мадзура, — мæстыйæ загъта сер- жант.— Æгас фæндаг дзы иу ныхас не схауд. — Бардзырд дæттын,— кæсы компæсмæ лейтенант.—Цæуæм мæнæ ацы фæндагыл— хъæуæй иннæрдæм амоны командир. Фыд- былызæй цас дарддæр уай, уыйас хуыздæр. Цæуынц та. Æниу цæй цæугæ, згъо- рынц. Алы минут дæр сын — нымад. 174
Боны рухсмæ уыйас бирæ нал ис. Адард сты уыцы хъæуæй. Бахæццæ сты æдас ранмæ. Чи зоны, дзæгъæлы уыд сæ сагъæс. Кæд уыцы фæндзæм æгæр æрыгон уыд, æмæ бафснайдта йæ сæр. Хъыгаг у. Фæлæ ахæм хабæрттæ дæр уыди... Йе та æцæг уæйгæнæг разынд... Зын зæгъæн у, уымæн æмæ йæ кой дыккаг бон дæр никуыцæй рай- хъуыст. Бæлвырд уыд æрмæст уый, æмæ фæндагыл нæ баззад, йе ’мбæлтты æххуыс- хъуаг нæ фæци. Æназым дзы уыдысты. Цæй, уый, æвæццæгæн, дарддæр йæ койы аргъ нæу. Къаппа-къуппа дидинæджы па- къуыйау уыдис æмæ нал ис. Æххæст нæ къорды балц ахæццæ кæнæм кæронмæ. Къорд... Цыппар фæллад хæстоны. Æр- барухс. Цы хъæуæй лыгъдысты, уымæн нал ис йæ кой, йæ хъæр. Уыйхыгъд æндæр хъæу сæ хæдразы февзæрд, стыргомау. Æддæгуæлæ . хæдзæрттæ дзы, уынгтæ. Хъæугæрæтты згъоры цæугæдон. Лейте- нанты чысыл къорд фæскъуыпп æрæм- бæхст. Хъæумæ кæсынц. Зæххы уæлцъар ам дæр æмлæгъз нæу. Ис дзы къуыппы- тæ, дзыхъхъытæ. Изæры аууæтты ныххи- зæн ис донмæ., Лейтенант ауыдта иуварс акъоппытæ. Сержантмæ амоны: ам уал лæуут. Йæхæ- дæг йæ гуыбыны цъарыл фæбыры... «Æвæццæгæн, æрæджы ам карз хæсты- тæ уыди»,— хъуыды -кæны лейтенант. Æхст гилдзытæ, хæцæнгæрзты пырхæнтæ, æфсæйнаг худ къуымы... Аууонæй йе ’фсæд- донтæм амоны къухæй, йæхимæ сæм си- ды... Уыдон ын æххæст кæнынц йæ бар- 175
дзырд. Аууæтты йæм аивæй гуыбыр-гуЫ- быр згъорынц. Мæнæ æртдмæ дæр схæцца* сты. Ныггæппытæ кодтой акъопмæ. Сер- жант сæ разæй. «Фæлæууæндон уал нын ис,—лейтенант акаст йæ алфамбылаймæ.— Схæцынхъом стæм, фæлæ, ирон æмбисондау,. «сихорæн амал цы скæнæм?», дарддæр исты хъуыды хъæуы...» — Æмбал лейтенант,— фæцырд сер- жант.— Бар ратт мæнæн хъæумæ развед- кæйы ацæуынæн. — Æмбал лейтенант, уыцы хæс сæх- хæст кæнын æнцондæр уыдзæн мæнæн. Æз сылгоймаг дæн,— загъта Оксанæ. Сержант ныххудт. Æвæццæгæн, хъазынмæ хуыцауы æлгъыст чи уыд, ахæм. — Кæм фыст ис, сылгоймаг дæ,— зæ- гъы уый.— Æфсæддон хæдон, цырыхъхъы- тæ, худ... Æмæ ма æнæ худгæйæ бафтыд- та: — Куыд æфсæддон, афтæ дæ уайтагъд немыц акъæрцц ласдзысты. — Нæ, нæ, сержант раст у,— загъта лейтенант. — Æмба’л командир, бар ратт мæ- нæн,— загъта цыппæрæм—хæрзæрыгон сал- дат. Лейтенант сыл ахаста йæ цæст. Алчи сæ ’нхъæлмæ кæсы: кæмæн зæгъдзæн «ацу». |Фæлæ лейтенант ницы дзуры. Бирæ фæкаст хъæумæ. Уыны, немыцæгтæ бæхты найынц. Хатгай-иу доны был фæзынд дон- дзау сылгоймаг. Лейтенант хъæуæй йæ 176
цæстæнгас систа. Кæсынц та йæм... «Чи цæуы?» — сæ цæстæнгас фæрсы. — Цæй, хорз,— загъта командир æрæ- джиау.— Ацæудзыстут сымах уæ дыууæ,— бацамыдта сержант æмæ æрыгон сырхæф- сæддонмæ.—Æдасдæр уын уыдзæн дыууæ- йæ... Ныр та уал афтæ. Ферох кæнут рæстæгмæ хæрд æмæ нозт. — Лейтеиаит акъоппы къулыл тугтæм бацамыдта. — Æвæццæгæн, мах размæ ам чи уыд, уыдо- нæн зындæр уыд. Оксанæ, уæртæ уырдыгæй хъæумæ фæлгæс, цыдæриддæр уыпай — дæ зæрдыл сæ бадар. — Хорз,—азгъордта амынд ранмæ чызг. — Æмбал сырхæфсæддон, мæнæ ацы- рдæм та ды хъахъхъæн! — Хъусын! — Æхстæввонг ут! — Хъусæм! — æмдзырд скодтой Окса- нæ æмæ лæппу. — Лейтенант æмæ сержант акъоппыты зилынц. Фесты. Стæй йæ иуварс акодта æмæ йын изæры хæсы тыххæй бирæ фæ- дзырдта. Фæстагмæ загъта: — Тынг арæхстгай архай, сержант. Куыддæр истæуыл фæгуырысхо уай, афтæ хæдзары дуар кæнгæ дæр мауал бакæн. Де ’мбал иппæрд ран уæд, æхстæввонг. Иу хатт ма дын фæдзæхсын æппæты кæрой- нагдæр хæдзар — æппæты къаддæр... Хъуа- мæ уым немыцаг ма уа. Фæскъулæй, ру- дзынгæй уал-иу мидæмæ байхъус. — Æмбал лейтенант, дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Кæд æгас уон, уæд дæ бардзырд уыдзæн æххæст. 12 Æнусты фарн »77
Бон-изæрмæ ’мбæхстæй фæбадтысты, ’ фæхъахъхъæдтой. Хъæуы уæлдай змæлд нæ уыд. Райсомæй куыд уыд, изæрæй дæр афтæ — немыц сæ бæхтæн дон дæттынц, иугай сылгоймæгтæ хастой дон. Æрталынг. Сержант æмæ сырхæфсæд- дон лейтенантмæ бакæсынц. — Нæ, нæ, раджы ма у. Уадз, схуыс- сой адæм. Бахсæв. Хæдзæртты цырæгътæ иугай- дыгай хуыссынц. Æрмæстдæр фæсæмбис- æхсæв радта бар лейтенант ацæуынæн сержант æмæ йе ’мбалæн... Лейтенант сахатмæ æркæс-æркæс кæны. Рацыд дзæвгар рæстæг сæ ацыдæй. Фæстæ- мæ зынæг нæй. — Ардæм сæ хъæуы, æмбал лейтенант, ма тыхс, — зæрдæвæрæгау зæгъы Оксанæ. Фæлæ йæхи цæсгомыл дæр зыны ка- тай. Лейтенант æм фæкаст. Хæрзцыбыр рæс- тæгмæ йæ сагъæстæй фæцух. Аив гуыры конд, стыр цæстытæ, аргъауы бурдзалыг дзыкку уæхсчытæм дыууæ быдæй ’рхауд. Иæ рæсугъд мидбылхудт ын цыма йæ зæр- дыл кæйдæр лæууын кодта. Уæвгæ кæй? Оксанæ йæхæдæг рæсугъд уыдис. Æниу лæппу та? Иæ райгуырæн хæхты фидауц: бæрзонд, сау æрфгуытæ, чызгау рæсугъд ца^сгом, æлвæст астæу. 1 Иæ хъуыдытæ та йæ хъæуырдæм сæ уæлныхты скъæфынц. Ныр цал хатты афæлвæрдта лейтенант уырдæм фæраст уæвынмæ, сержантæй куы ницы хабар уыд, уæд. Фæлæ та-иу Оксанæйы тыххæй баз- 178
Зад\ Цы уыдзæн иунæгæй? Кæдмæ?.. Тарст чызгЧ бынтопдæр йæ цурæй ацæуын нал куымдта. О, фæлæ бонрухс хæстæгæй-хæе- тæгдæр\кæны. Лейтенант йæ «дæлбарæй» куры — даадз мæ... Чызг ницы дзуры. Цæс- гом цикъшйæ фæлурсдæр. — АцуА- бынтон ныллæг хъæлæсæй зæгъы æрæджиау. Æмæ йын лейтенант бузныгæн йæ чысыл къух нылхъывта. Фæ- лæ уый циу! Чызджы къух ихы къæрттау уазал, тарст зыр-зыр кæны... Лейтенант иннæ къух дæр райста — фæззыгон тихалджытæ раст. Сабыр æй кæ- ны... — Ма тæрс, мæ хъаймæты хо.— Зæрдæ йын æвæры. Хойы номмæ чызджы цæсгом фæрухс. Цыдæр æнахуыр тых риумæ баирвæзт. — Хойы номæй мæм сдзырдтай,— чыз- джы къух йæ ризынæй фенцад.— Æфсы- мæр дæ зæгъын. — Разы!—Æрбалхъывта риумæ чыз- джы сæр лæппу.— Ис ахæм æгъдау махмæ Иры — скæнынц кæнгæ ’фсымæртæ дыууæ лæппуйы, йе та кæнгæ ’фсымæр æмæ хо — чызг æмæ лæппу. Æфсымæр дын мæнæ! — Дæуæн та хо... Хъæугæронæй сыхъуыст гæрæхтæ. Хо æмæ ’фсымæры ныхас æрдæгыл аскъуыд. Лейтенант уыцырдæм азгъордта, йæ фæ- дыл чызг дæр... Кæройнаг хæдзармæ са- рæзтой сæ ных. Тындзынц размæ. Нал æмæ нал хæццæ кæнынц хъæумæ, афтæмæй сæм хæстæг каст. Æвиппайды гæрæхтæ фæхъус сты. Чызг æмæ лæппу æрлæууыдысты. Алы 179
сыбыртт, алы къахдзæфмæ хъусынц./Нй- куы æмæ ницы. Рæстæг цæуы. Бонрухсмæ бирæ нал ис. Лейтенант бамбæрст^— нал ис сержант, нал ис æрыгон хæстон. Фæлæ йæ уæддæр йæ къæхтæ уырдæм/æссынц... Хъæугæронмæ цæуын нал хъуыд Чызг ын æрхæцыд йæ дысыл. Лæппу/фембæрста: дзæгъæлы у дарддæр сæ цыд: Стæй канд дзæгъæлы нæ, фæлæ тæссаг у. Лейтенант систа йæ худ. Хинымæр сын рухсаг зæгъы. Чызджы рустыл цæссыгтæ ’ртылд. Цы кæной дарддæр, цы фæуой? Цас ис афтæмæй быдырты зилæн? Лейтенант сфæнд кодта хъæумæ бацæуын. Сразы йе- мæ чызг. Фæцæуынц хо æмæ æфсымæр, цæхæры кæфойыл цæуæгау. Мæнæ дон. Ануазын дæр сæ ферох. Хид хæстæг ни- куы. Доны былтыл уæлæмæ арæхстгай фæ- цæуынц талынджы. Иуран дзы сæ дойны дæр суагътой. Цæуынц. Кæрчытæ дыккаг уаст ныккодтой. Уалынмæ мæнæ донæн йæ ацырдыгæй фарс цалдæр хæдзары, сæ иу иннæмæй бæрзонддæр. Лæппу чызджы цонгыл фæхæцыд, фæурæдта йæ. Æрзоны- гыл кодтой. Хъусынц. Нæдæр дзы адæмы змæлд хъуыст, нæдæр куыдзы рæйын. Лæппу галиу къухæй чызджы цонгыл хæ- цы, 1рахизы—.автомат æхстæввонг. Цæ- уынц æнæ хъæр, æнæ хъистæй хъуызгæ. Стыцдæр хæдзарæн йæ фæскъулмæ бахæц- цæ сты. Æрбадтысты дзуццæджы. Хъусыиц та. Никуы æмæ ницы. Уалынмæ кæсынц æмæ—диссаг. Хæдзары фæстæ асин. Лейте- нант чызджы хъусы цыдæр дзуры, уый йæ 180
сæрæй разыйы дзуапп дæтш. Цæстыфæ- ныкъуылдмæ лейтенант асин авæрдта, схызтДСиста арæхстгай цалдæр агуыриду- ры цар^ей, æрæвæрдта сæ иннæ дуртыл, стæй чызгмæ къухæй амоны: ардæм. Чызг схызт рогаен. Йæ сæрæндзинадыл ын фæ- дис кодта \æппу.. Бахызтысты тыгуырмæ. Талынг. Æрбадтысты. Æваст æфсымæры зæрдыл цыдЦр æрбалæууыд. Фестад æмæ агуыридуртæ (Ьæстæмæ сæ бынæтты арæх- стгай æрæвæрдта. Хо æмæ æфсымæр талынджы кæрæдзи нæ уыдтой, фæлæ дзы алкæмæн йæ цæсго- мыл зындис цин... Кæй ма ’рцахста бонмæ хуыссæг. Ца- вæрдæр зæронд каугондыл фæрсæй-фæрс- тæм бадынц. Чызг лæппуйы цонгыл ных- хæцыд. Сæ таурæгътæ, се ’взонг бонтæ кæрæдзийы хъусы радыгай сусæгай дзырд- той, цыма тынг рагæй зыдтой кæрæдзийы. Æфсымæр зыдта, йæ хо Оксанæ кæй ху- ины, фæлæ чызгæй ном бафæрсын дæр фе- рох... Æрмæст зыдта, ирон кæй у, Кавка- зæй... Гъе, æрмæст ын йæ таурæгъ—куыд фæци æфсæддон скъола æмæ суанг сæ фембæлды онг йæ балц иунæг ныхасы онг дæр бадардта йæ зæрдыл. Лæппу йæ хойы уæхскыл æрфынæй, ин- нæ фарстатæ аргъæвтой райсоммæ, чызг йæхæдæг дæр æрфынæй. Фынæй кæнынц уæхски-уæхск æфсы- мæр æмæ хо, зæронд сæг кау сæ быны, даргъ хъайван сæ фæсонтæм æнцой. Фы- нæй кæнынц дыууæ фæллад хæстоны... Ху- 181
^Ы скастмæ бирæ нал йс... Цымæ сьпг ЦЫ ’рхæсдзæн, цин æви хъыг?.. / Афонмæ кæмдæр лейтенанты хадеары, гъе чызджы уаты, сахат къульи/цъыкк- цъыкк кæны... Чи нæ фæуарзыурайсомæй хуыссын? Цы фынтæ уынынн/æцæгæлон ’хъæуы тыгуыры ’мбæхсджытæ/хуыцау зо- ны.. Уæвгæ, цы йæ æм’бæхсæм, хуры скас- тæй нæ барухси зæрдæ, кæрæдзийæн сæ сæ фынтæ радзурыны фада^т дæр нæ фæ- цис... Фыццаг æрыхъал лæппу. Æрыхъал æцæгæлон худт, æцæгæлон ныхасмæ. Фе- хъал ис чызг дæр... Раст цыма уæлæрвтæй æртахтысты... Æмбæрзæн дурты зыхъхъыр- тæ сыхырнатæ басгуыхтысты. Хуры тынтæ дзы фæрсудзынц. Хо æмæ æфсымæр кæ- рæдзимæ бакастысты, бахудтысты мидбыл: «Цæрæм». Фæлæ та сын æцæгæлон ныхас, æцæгæлон худт сæ цин сæ цæсгæмттæй фæсырдта. Ныхас хъуыстис кæртæй. Лæппу дуры .хуынчъытæй кæртмæ аивæй кæсы. Лæууы йæ фарсмæ чызг дæр. Кæрты бæрæг астæу цалдæр немыцаджы Ленины бюсты ал- фамбылай лæууынц. Æвæццæгæн, колхозы правленийы кæрт уыд уый. Лейтенант ауыдта немыцæгты, сæ иуы къухы бæндæн. Фембæрстой хабар. Æвæццæгæн æй рап- парынмæ хъавынц. Лæппуйы зæрдæ риуы æнахуыр гуыпп-гуыпп скодта. Хæрзчысыл лæг^пуйæ йæ фыццаг чиныг цæстытыл ауад. Уый æддаг цъарыл дæр уыцы ныв уыдис... Лæппу æмæ чызг кæрæдзимæ бакасты- 182
стК Чызджы цæстытæ уыдысты уымæл. Лæппуйы къух автоматы хъæдыл тыххæс- тæй \ыффæлурс, йæ туг фæлыгъд. Лейте- нант йякаст чызгмæ. Йæ лæуд, йæ цæсго- мыл балæг уыд йæ фæнд. Чызг æй бам- бæрста.^Кæсы йæм... Ныттыхст ыл. — Цæ11.. Ленины бюстмæ бавналой?.. Фæлтау ма^лæт! — Уæд та æз дæр ацæуон демæ,—чызг йæ дамбаца ддисы. — Мæхæдæг сын æгъгъæд дæн. Уыйас бирæ не сты... Ды та ма цæуыл бын кæ- ныс дæхи! Æвиппайды лæппу зæрдæвæрæ- гау мидбыл бахудт, цыма уынгмæ хъазын- мæ цыд. Фæлтау-иу ацы хабар искуы ра- дзур... — Уæд та сæ ардыгæй æхс. — Нæ, хуыздæр у уырдæм... Мæ авто- маты ма цы гилдзытæ баззад, уыдон æв- гъау сты дзæгъæл æхстæн.— Хæрзбон, мæ хо... — Фæндараст, ме ’фсымæр. Лейтенант арæхстгай дуртæ систа, ахызт æмæ фæаууон. Нал зыны. Чызг аиу- варс кодта агуыридуртæй иу, кæсы кæрт- мæ. Знæгтæ бюстыл ахæц-ахæц кæнынц, бахуыскъ уой сæ къухтæ! Бæндæн та ным- раст. Иу хатт ма æмæ... Куыд зын у йæ зæгъын... йæ фенын.. Фæлæ мæнæ кæрты фæзынд йе ’фсы- мæр. Стайау сæм йæ къахфындзтыл æнæ сыбырттæй фæхъуызы, фæхæццæ сæм кæ- ны. Ауыдта йæ сæ иу, фæлæ... Лейтенанты къухы автомат фырæхстæй хæрдмæ схъи- уы. Куыристау хауынц "фыдгултæ. Чидæр 183
дзы фæцарæхст... Лейтенант фæцæф, урæ- лæ фæмард кодта йе ’хсæджы... Æ^гсы... Иуы дæр дзы нæ ауагъта æгасæи/ Фе- взæрд йæ хо йæ уæлхъус, йæ туг ун сæр- фы, йæ цæф ын бæтты. Бынтондæ/сæ фе- рох, кæм сты, цы сты... / Гæрæхтæм немыц фæфæдис/сты алы- рдыгæй... Æртыхстысты сæ аетфамбылай. Æрхъула къаддæрæй-къаддæг/кæны. Лæп- пу æмæ чызг бамбæрстой, уудæгасæй сæ ’рцахсынмæ кæй хъавыннУ «Нæ уыдзæн уый!» — сфæнд кодта йрехимидæг лейте- нант. Æфсымæр хойæн зæгъы: — Мæнæ ауылты згъоргæ, æз сæ ба- уромдзынæн ам. — 'Нæ, мæ сахъ æфсымæр, дæу ам иу- нæгæй нæ ныууадздзынæн æз. — Бирæ ныхæстæн рæстæг нæй.— Лей- тенант чызгмæ йæ автомат дæтты, йæхæ- дæг немыцаджы автомат зæххæй исы. Фе- хъуыст гæрах. Чызг æрхауд. — Оксанæ! — фæхъæр кодта лæппу. Уый йæм æдыхæй сдзырдта: — Хъахъхъæ... Æрбацæуынц... Æвæц- цæгæн сæ ды хъæуыс...— Чызджы цæсгом мæрдон фæлурс аци. Лейтенанты тæрсæн æхст кæнынц, цæ- мæй æрæвæра йæ гæрзтæ. Нæмгуытæ ал- фамбылай къуыззитт кæнынц... Дзурынц æм^ знæгтæ: «Дæхи ратт!» Уый алырдæм автоматæй æхсы. Згъо- ры I кæрты къуымты дыууæрдæм. Æнхъæ- лы:! фæмард йæ хо. Иæ фыртæвдæй хатгай нал фæуыны, йæ нæмгуытæ кæдæм ха- уынц, уый дæр. Фæлæ мæнæ æрсабыр, \Ц
æрæмбæрста йæхи. Хъавы, æхсы. Йе знæг- тæ цм>тæ æмæ мæрдтæй хауынц, æхсынц ын йæлн дæр. Немвщæгтæ бамбæрстой, кæй ницы ра- уайдзæн >сæ фæндæй. Командир удæгасæй йæхи нæ\ратдзæн. Æмæхст æй кæнынц. Лейтенант \ фæцудыдта, мæлæтдзаг цæф фæци. Тых\æй-фыдæй цудтытæгæнгæ йæ хойы фарсмæЧбахæццæ, æрхауд... Лæппуйæн фæцæуы йæ хъару. Нал бах- хæсти йæ хойь1 чысыл фæлурс къухмæ дæр. Фæлæ ма хо æгас уыд... О, цас фыдæ- бæттæ ма дæм æнхъæлмæ каст немыцы концлагерты... Фæлтау де ’фсымæры фарс- мæ куы амардаис ам. Фæлæ, æвæццæгæн, хъысмæт стæрхон кодта афтæ, цæмæй сæ дыууæйы тухæнтæ дæр ахæццæ кæна’ ну- нæгæй кæронмæ... Лейтенанты цæстытæ, ирд айдæнтау, æрттивынц. Цъæх арвыл зилдух кæнынц. Стæй æрыздæхтысты зæхмæ... Иæ Цуры йæ фыццаг чйныджы фыццаг ныв... Ле- нин... Знаджы бæндæн къæхты бын мард калмау дыдæгътæй лæууы. Ленины бюст йæ бынаты лæугæ баззад! Скæсы цæлхыдзагæй хур, йæ сызгъæ- рин тынтæ арвгæрон зæрин доны стылд- той... * * * Цъамады фæсхъæу ис стыр дур «мæр- дæнциан», зæгъгæ. Иæ бæрзæнд — авд æд- дæгуæлæ хæдзары, йæ уæрх та зæххы бы- Щ
нæй зынгæ дæр нæ кæны. Чи зоньунсты хохы цъупп у. Иухатт дуры æддаг/æрон, йæ хуссарварс цъассы дидинæг æрзад. Æр- зад иппæрд ран, аууоны. Уыдис/бæрзонд æмæ рæсугъд, дидинджыты фид^уц. Фæ- лæ... Нæдæр фæндаггæттæм/зынд, нæ- дæр — дуры сæр хъазджытæМу/Никæйы ба- рæвдыдта йæ уындæй. Ничи йъш раппæлыд йæ конд, йæ уындæй. Æмае йæ, æвæццæ- гæн, фæззæг йæ фæуынмæ æввахс мæрд- вæлурс ныккодта. Æркалдта йыл уазал зымæг йæ мит... ^ Æвзонг бонты цы фенай, уый зæрдыл лæууаг у. Хатт урсзачъе зæронд лæгæн йæ цæстытыл ауайы, куыд хъазыд кæддæр гуда æмæ лæдзæгæй. Оксанæ Петровнæйы æмбисонды таурæгъмæ «мæрдæнцианы» дидинæг мæ зæрдыл æрлæууыд. Мах фæл- тæрæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бирæ- тæ уыд. Иутæ дзы æгас хæдзар ссардтой. Стъалытау сæ риутыл æрттивынц хæрзиу- джытæ. Ирыстон йæ хъæбатырты номæй— сæрыстыр... Чи та стыр тохы арты ба- сыгъд... Уыдис ноджы ахæмтæ, йæ хъæба- тыры кой дунетыл айхъуысыны аккаг кæ- мæн уыд, абон нæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссиккам, зарджыты сæр чи уыдаид. Фæ- лæ... Уынæг æй нæ фæцис. Бацарæфтыд хæсты, йе ’вдисæн цъæх арв—лæппу хъри- хъуппыты балы фæстæ цингæнгæ кæдæм каст. Ие ’вдисæн зæхх — чысыл сабийæ Цш бумбули чи уыд, бæгъæввадæй уæнг- рогæй кæуыл згъордта æмæ фыдгултимæ тохы йе ’взонг туг æртахгай кæдæм фæ- цыд. 185
Дзасохты Музафер \ Зæгъынц, ис ’хуртæн хурзæрин, Хуыцæуттæн та — хуыцау. Бæрзонд къæдзæхтæн — цъуппытæ, Фæйлаугæ фурдæн — бын. Мæлгъæвзаг цъиутæн булæмаргъ — Сæ зарæгыл нымад. Тыппыр къуыбарæй ракæсы Сырх дидинæг чызгау. Мæсыг бындурыл аманынц, Æнцайы хохыл хох. Ис царциаты диссæгтæ, Хъæбатыртæй — нæртон. Цæстытæ фенæм цæстытæн, Ныхсæм нæ къухæй къух. Бæлас цæры йæ уидæгтæй, Кæсагæн дон — йæ уат. Тæхгæ маргъæн йæ базыртæ — Иæ цин æмæ йæ ныфс. Вæййы лæгдæртæй номдзыддæр, Æфсымæр, хойæн — мад. Ис алцæмæн дæр райдайæн, Нæй алцæмæн кæрон. Зæгъынц, фæтæнриу арвæн, дам, Хæдзарау ис дуар, Æнусон зæххæн — даргъ сæмæн, 187
Уынгæг комæн — дæгъæл, Куырыхондæртæм — зондджындæр, Зæрдæйæн та — зæрдæ: Нæ уарзон парти дзыллæйæн — Иæ удлæууæн зæрдæ, Нæ партийæн та сахъ Ленин— Иæ ныфсдæттæг зæрдæ.
Ходы Камал Æз дун-дунейы рантыстыл куы фæлгæсын, Фæзæгъын уæд: Дæ номæн нæй мæлæн! Дæ ном ысси Рæстдзинады æргъæу Мæсыг — Уый калы арвæп зæхх’ астæу тæмæн. Фæллад дæттæ, Фæныкхуыз-хъулон денджызтæ...— Сæ ции, сæ хъыгæй Урс Мæсыг нæу цух: Сæ фидæн дуг æргъæу рудзгуыты фендзысты— Ныггуылф сыл ласдзæн уыдон тæрттæй рухс. Дæ фарны уæзæй дун-дунейы сау тыкты Ныццавта арв!.. Уæлæрвтæм дæ æмхиц? — Зæххон уæвгæнæ, Дзыллæйы уæззау хъыгæн Æрвоп хотыхæй сыскъуыдтан йæ билцъ. Мæнæн дæ ном — Сæрибары æндон æрмадз... Мæ цард — цыбыр, Зæххæмбæрц та — мæ хæс... Куы зонон æз мæ рæстдзинад дæ номы раз — Къæрттæй уæд цъула н’ аппардзынæн æз! 189
М. НагнибедавÆæ гæсгæ Мæ зæиæджы фæстæ цæрынтыл мæ ма скæ, Мæ фыдыбæстæ мын мæ зæрдæйæ ма стон, Мæ сæрмæ фæйлауæд Ильичьутырыса,— Фæтæджы ныхасмæ уый рагбонты хъуыста. Фæсур мын, мæ хъысмæт, мæнгдзинад мæ тугæй, Куынникуы мæ фена мæ фыдгул сæркъулæй. Зæры бон мæн ма скæн æдзæллаг; æнæтох, Кэестæры æнтыстыл мæн ма скæ уæлæхох. Дæуæй æз, мæ хьысмæт, бæрзонд хорзæх курын: Мæ ныхас кæмфæнды æргомæй куыд дзурон. Нæ бæсты сæрвæлтау бæгъатыртæ растад,— Сæ сыгъдæг ингæнтыл мæ стырзæрдæ ма скæ. Æнцойтуг уæвгæйæ, цæмæн бæллæм кадмæ? Æздæноныг лæгтæй мæн бахиз мыггагмæ. Æхсидæд мæ риуы Тарасы фыдтухи, Куыннæ фегад кæнон фæллойгæнæг къухтæ. Мæ сæрмæ фæйлауæд Ильичы тырыса,— Фæтæджы ныхасмæ уый рагбонты хъуыста. Мæ зæнæджы фæстæ цæрынтыл мæ ма скæ, Мæ фыдыбæстæ мын мæ зæрдæйæ ма стон! Эльвио Ромеромæ гæсгæ Хæдзардзин хъæдгæсау, Уый фæзынд Æмæ дымгæйы бауагъта уд, 190
Гъестæй йын уæд загьта: «Ды балæгæрд хъæды, Æнуд-тарф хъæдбынтыл Дæ уазал сыгъдæг уддзæф ахæсс, Тых бауадз Тæссонд-зæнг æвзарты... Уадз, Саудалынг мыдычыргъæдтæ Байдзаг уой Артæнгæс цупæлтты мыдæй, Æгуыппæгдзинад та — Рæузæлтæй». Уый фæзынд — Цыма дымгæ æрхаста Царддæттæг хоры сырх нæмыг. Хæдзардзин ^хъæдгæсау, Уый фæзынд Æмæ федта: Куыд сæттæм мах суг, Куыд фæвæййы удайст, Нæ кæмтты ныххаугæйæ, рухс; Уый æрцыд, Цæмæй сахода Махæн нæ мæгуыр цæхх æмæ кæрдзынæй. Стæй фена — Цы тæлфы нæ зæххæн Иæ сырхзынг ^æрфыты. Уып æрцыд, Цыма дымгæ æрхаста Царддæттæг хоры сырх нæмыг. Хæдзардзин хъæдгæсау, Уый алкæй хæдзары Бакæндзæн хус сугтæй’ арт. 191
Тыджыты Юрий Рыст адæмы фарнæн Ды райгуырдтæ, Ленин. Рыст адæмы фарныл — Дæ сагъæс, дæ мæт. Мæйдары сæм хурау Æрттывта дæ гени, Сæ бæрзæйæ систай Цагъары къæлæт. Дæ тохы тырыса Нæ сæрмæ фæйлауы. Дæ фæрцы нæм худы Рæвдаугæйæ цард. Дæ фæрцы ныл рæстæг Йæ хорзæхтæ тауы, Дæ фæрцы ныннæры Дунейыл нæ зард. Сырх дидинæг калы Нæ бæстæ — нæ Цæдис. Нæ абон — æнæмигъ, Ныссæттæм цæлхдур; Нæ райсом та ноджы Рæсугъддæр уыдзæнис. Ды уымæн дæ, Ленин, Иæ фидар бындур. 19§
Æз дæр мæ фæндырæй цæгъдьШ, Æз дæр мæхи дæ артмæ тавын Æмæ уæлмонц хъуыдытæ уафын, Æмæ æвæд рындзтыл хæтын. Нæй цардæн баихсийæн, циу Иæ разы рын?! Дæ зонды рухсмæ Иæ фурд нæ байсысдзæн æнусмæ, Æз дæр — йæ ирд æртæхтæй иу. Дæ тырыса фæйлауы дард, Цыма сæуæхсид арвы тыгъды. Иæ быны схъомыл дæн, мæ тыхтыл Æфты. Дæ номæй хæрын ард. Æрцыд фæтæджы сурæт арæзт Машукы айнæгыл бæрзонд. О, арфæйаг уой уыцы адæм, Кæй къух æй сфæлдыста, кæй зонд! Фæтæг йæ мидбыл худы цардау, Салам æппæт зæххæн дæтты. Иæ зынг цæстытæй хур æрттивы Лæджы рæвдаугæйæ дæрдтыл. 13 Æнусты фарн 193
ТырньШц æм дзЫллæтæ уынЫнМэё, Тырнынц æм дзыллæтæ æдзух Æмæ йыл зарджытæ ныккæн-ынц, Сæ зæрдæтæй кæд вæййы цух?1. Æрцыд фæтæджы сурæт арæзт Машукы айнæгыл бæрзонд. О, а’рфæйаг уой уыцы адæм, Кæй къух æй сфæлдыста, кæй зонд! 194
Джыккайты Шамил Фæзæгъын æз дæ сыгъдæг ном зынæй: Лæппуйы дзырд цы сахаддзæни сонтæй? Дæ куыст, дæ уд, дæ рæстады бæрзондæй Зæххон цыртæн уæлдæр самайæн нæй... Нæма равдæлон дун-дуне хъыгæй, Быцæутæй дзаг у царды æрдз нæ кондæй. Фæлæ ис фарн — уый тох æмæ дæ зондæй Æвæры фæтк уæззау дугæн рæстæй. Æмæ кæмдæр куырм тых куы ссæнды барты, Куы свæййы искуы сау хæрам закъон, Фæсурьшц уæд бæрзонд зæрдæты арты. Æрхæссы ног фарн, ног бæллицтæ Бон, Æмæ та Лæг дæ куыст æмæ дæ царды Ыссары тых, зæрдæйы рухс, тæрхон. Мæ цæсты рухс — Октябры тырыса, Мæ уарзты уд — йæ арт æмæ тæмæн... Æз, хохаг фиййау, дзыллæты лымæн, Сæ буц ныхас мæм нарты ’взагæй хъуысы... Рæсугъдæй зонд цы сфæлдыста Уырысы, — Нæ рæстæг сæ ысхай кодта мæнæн... 195
Уæд уыцы арфæ — адæмтæ цыдтæн Цы кæнынц, уый мæ ирæн дæр цы ’нтыса!.. Æрцæуынц мæм уынгæджы боп Тарас, Хафиз, сæрыстыр «Демоны» фæлдисæг. Æрæрвиты йæ хуыздæрты Кавказ, Æмæ мын айсынц аивæй мæ риссаг, Фæкæнæм иумæ уарзонæй ныхас, — Вæййы мын цард уæд адджын æмæ диссаг. 196
Цырыхаты Михал Ленины кусгæ зæрдæ Ленин Плиты Грис Ленин Хъайтыхъты Геор Мæскуымæ Ленинмæ В. И. Ленин — Æппæтадæмон зиуы Фыста хæххон поэт Ленины тыххæй .... Де ’зæр хорз уа, Ленин Дзадтиаты Тотырбег Зынаргъ лæвар .... Цæрукъаты Алыксандр Дада, чызг æмæ хосгæнæг Цæгæраты Максим Нæ цæугæ мæсыг Малиты Васо Ленин (скъуыддзæгтæ поэмæйæ) Дзесты Куыдзæг Зæрдæтæй амад цырт (скъуыддзаг) Мыртазты Барис Ленины ’гъдау .... Дохтыры мидныхас Номы дугъ .... 197
Цæрукъаты Владимир Хохаг дидинджытæ . . . . .145 Цæгæраты Гиго Ленинæн 152 Ленины фыстытæ ..... — Цæрын цытджын Ленины дуджы . . 153 Æппæтæй растдæр 154 Æвддæсæм аз ...... — «Цæмæн ивазынц адæмтæ сæ къухтæ?» . 155 Г æ л у а т ы А к и и Базырджын хъуыды . . . . . 156 Дзырддзуаны — Гени 157 Зынгзæрдæ . . . . . . 158 Хъайттаты Сергей Æфсымæр æмæ хо 160 Дзасохты Музафер Зæрдæйы зæрдæ 187 Ходы Камал Ленинæн 189 Мæ хъысмæтæй курын . . . .190 Ленин Парагвайы ..... — Т ы д ж ы т ы Ю р и й Ленин 192 Фæтæгмæ 193 Машукы айнæгыл . — Джыккайты Шамил Ленин ...... 194 Октябры рухс . . . .195
Составитодь В. Г. М а л и е в СЛАВА ВЕКОВ Рассказы, стихи, поэмы на осетинском языке т Редактор Б. А. Фардзинов Художник Б. П. Гасиев Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор Ж. Г. Дзасохова Корректоры Б. А. Т о л п а р о в а, М. Г. Гадзалова 199
ИБ № 598 Сдано в набор 26.02.80. Подписано к печати 03.06.80. ЕИ 01115. Формат бумаги 70х907з2. Бум. мелованная. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 7,31. Учетно-изд. листов 7,01. Тираж 1000 экз. Заказ № 12907. Цена 1 руб. Издательство «Ир» Управления по делам изда- тельств, полиграфии и книжной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димит- рова. 2. Книжная типография Управления по делам изда- тельств,- полиграфии и книясной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тель- мана, 16. 200