Текст
                    БОКОТЫ
СОПТАН


БОКОТЫ СОПТАН уымнт Ю&ÆШЖШЪ&У * 2004
840сет Б-85 Составитель: Тедтоева Зинаида Хасанбековна Бокоты С. Б-85 Царды уылæнтæ — Дзæуджыхъæу: Гасситы Викторы номыл рауагьдадон-полиграфион куыстуат, 2004 — 336 ф. 13ВИ 5-7534-0693-9 Бокоев С. Волны жизни. 840сет © Бокоев С.Г., 2004 131Ш 5—7534—0693—9 © Торчинов ТТ., оформление, 2004 4
ДЫУУÆ НЫХАСЫ БОКОТЫ СОЛТАНЫ ТЫХХÆЙ ы чиныджы автор Бокоты Гантейы фырт Солтан йæхи фыссæг нæ хуыдта. Уый æрмæстдæр фыста, йæ райгуырæн хъæу Хъæдгæроны хабæрт- тæй хорз кæй зыдта, уыдоны тыххæй. Йæ мæт уыдис æрмæстдæр ууыл, цæмæй хорз æмæ фæзминагæй цы æрцыд хъæуы рагæй-æрæгмæ, уыдон рох ма кæнæм, æнæраст æмæ фæсмойнаг хъуыддагæй та нæхи хъахъхъæнæм. Адæймаджы зæрдæ йæ райгуырæн хъæуы хъуыддæгтæ куыд агайынц, афтæ йæм иннæ хабæрттæ нæ хъарынц. Додтаны (мах æй афтæ хуыдтам хъæуы) хуызæн бæлвырд та хъæуы хабæрттæ ничи зыдта: иу хатт цы федтаид æмæ фехъуыстаид, уый дзы рох нæ кодта. Æз Додтаны фыстытæн мæхи аргьгæнæг нæ кæнын. Фæлæ зонын иу хъуыддаг: йæ фыстытæ адæмы зæрдæмæ цыдысты. Иу ахæмы нæхи хъæуы Додтанимæ зианы лæууын æмæ мæм иу нæ зонгæ (елхотаг, Бæтъиаты Изæтбег) æрбацыд æмæ мæм бахатыд: - Дæ хорзæхæй, Бокоты Солтан кæд ам ис, уæд мын æй бацамон. - Цы дзы кæныс? - бафарстон æз. - Газет «Рæстдзинад»-ы цы хабæрттæ рауадзы, уыдон мæ зæрдæмæ тынг цæуынц, уыцы газеттæ æфснайдæй дарын. Гъе æмæ кæд, æцæгдæр, хъæдгæройнæгтæ нæ, фæлæ иннæ хъæук- кæгтæн дæр цыдысты сæ зæрдæмæ Додтаны фыстытæ, уæд ацы чиныджы рауагьд дæр рæдыд хъуыддаг нæ уыдзæн. Æвæццæгæн, фыссæгæн йæ удыхъæд нæй фæхицæн кæнæн йæ фыстытæй. Æмæ кæд уый афтæ у, уæд дыууæ ныхасы зæгъын хъæуы Додтаны лæгдзинады тыххæй. Кæд Додтан азтæй мæнæй иу чысыл хистæр уыд, уæддæр афтæ рауад, æмæ 50 азы бæрц иумæ кæнæ фæрсæй-фæрстæм фæкуыстам. Æмæ йæ хорз зыдтон алырдыгæй дæр. Уæларвæй æруадзгæ ничи у, зæххыл æнаипп адæймаг нæй. Куыд фæзæгъынц, хурыл дæр ма сау тæппытæ ис. Мæнмæ гæсгæ, Додтанæн йæ хорз миниуджытæ æмæ лæгдзинад афтæ егьау уыды- сты, æмæ йæ «сау тæппытæ» зынгæ дæр нæ кодтой. Ивгьуыд XX æнусы æртынæм азты кæрон бæрæг уыдис, Германимæ хæст кæй райдайдзæн, уый. Бæстæ йæхи цæттæ кодта агрессийы ныхмæ. Фæсивæд гуылф кодтой хæстон училищетæм. Уыдонимæ уыдис Додтан дæр. А» 5
Училище каст фæуынмæ ма йæ хъуыдис иу-цалдæр мæйы, афтæ рай- дыдта хæст. Æмгьуыдæй раздæр ын лавæрд æрцыд лейтенанты цин, æмæ араст хæстмæ. Фæхæцыд 9 мæйы æмæ Ростовы бынмæ уæззау цæф фæцис. Афæдзы бæрц æй госпитæлы фæдзæбæх кодтой, фæлæ хæцынмæ нал сбæззыд æмæ афтæмæй 19 аздзыдæй инвалидæй баззад. Бацыд институтмæ, райста уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыр- гæнæджы дæсныйад. Ивгьуыд æнусы фæндзайæм азты фæзындысты скъоладзауты куыстадон бригæдтæ. Ацы хорз хъуыддагмæ се ’ргом аздæхтой Хъæдгæроны скъолайы дæр. Скъолайы уæды директор Уæдаты Мæхæмæт æмæ колхозы сæрдар Созæты Хадзы 1958 азы бабар кодтой Додтанæн скъолайы бригадæн раза- мынд дæттын. Цыбыр рæстæгмæ бригады хорзы кой айхъуыст æппæт бæстæйы дæр, æмæ 1959 азы бæстæйы уæды сæргьлæууæг Н.С. Хрущев скъоламæ сæрвыста арфæйы телеграммæ. Ацы хабар скъолайæн нæ, фæлæ æгас хъæуæн дæр кады хос кæй фæцис, ууыл дыууæ зæгьын нæ хъæуы. 1961 азы Додтан æвзæрст æрцыдис хъæусоветы æххæстгæнæг комитеты сæрдарæй æмæ дзы 16 азы бакуыста кад æмæ радимæ. 1968 азы хуынд æрцыд Æппæтцæдисон хъæусоветгы сæрдарты æмбырдмæ. Уым Додтан скодта доклад æмæ йын æмбырды чи уыд, уыдон скодтой ахъаззаджы къухæмдзæгьд. 1965 азы 9 Майы Хъæдгæроны уыдис стыр митинг, Гагкайты Алиханæн Советон Цæдисы Хъайтары ном кæй радтой, уый фæдыл. Митингмæ æрцы- дысты республикæйы хицауад дæр. Митинджы ныхас кæнгæйæ Додтан загъта: «Мах сæрыстыр стæм Алиханæй æмæ араздзыстæм æппæт мадзæлтгæ дæр, цæмæй йæ ном рох ма уа. Мах хъæуæй хæсты быдырæй нал сыздæхт цалдæр фондзыссæдз адæймаджы æмæ сын нæ хъæуы астæу аккаг цыртдзæвæн сæвæрдзыстæм». Афтæмæй хæстонтæн цыртдзæвæн фыццаг æвæрд æрцыди Хъæдгæро- ны, йе ’рхъуыдыгæнæг уыди Додтан. Æмæ канд уыцы хъуыддаг нæ - Бокоты Солтаны хъæппæрис кæдæм нæ фæхæццæ, æвæццæгæн, иу ахæм хъуыддаг дæр нæ баззад. Стæй-иу Хъæдгæронæй ацыд йæ хъæппæрис иннæ хъæутæм. Додтан бирæ уарзта адæмон аивад æмæ йын хъæусоветы кусгæйæ амал фæцис ацы куысты дæр йæ арæхстдзинад равдисынæн. Хъæуы Культурæйы хæдзары цы фолькло- рон ансамбль арæзт æрцыд, уымæн йæ хорзы кой айхъуыст. Ансамбль хуынд æрцыд Мæскуымæ, уый фæстæ та — фæсарæнтæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ министры æххуыссæй ахæм егьау хъуыддæгтæ аразæн нæй æмæ, æвæццæгæн, ацы ран уæды культурæйы министр Узегаты Солтан æмæ Бокоты Солтан æмзонд куы нæ уыдаиккой, уæд сын ахæм стыр æнтыс- тытæ дæр нæ уыдаид. Бирæ хорз хъуыддæгтæ сарæзта Солтан, бирæ хорз фæндтæ ма йæм уыди. Фæлæ афæдзы размæ цардæй ахицæн и. Тæхудиаг у дзæнæтыбадинаг, йæ уæлæуыл царды ахæм арф фæд чи ныууагъта. ХУЫТЬИНАТЫ НИКЪАЛА
Уъдзырдтæ, уацтæ, документалон уацау
ХЪÆДГÆРОЙНАГ ХАБÆРТТÆ ХТалыхъы Ирука цæмæн хуыдтой, уый абон ничиуал зоны. Цардысты йæ ус Дзыллæимæ æнцад сæхицæн. Сæ хистæр зæнæг Лубæйы фæстæ ма сын райгуырд дыууæ лæппуйы: Микъала æмæ Ислам. Иууылдæр сæ цот бахъомыл сты дзæбæх, æнæсахъатæй. Рæсугьд цот, æнаипп. Кæсынæй не ’фсæстысты мад æмæ фыд сæ сывæллæттæм. Æнæхъæн сыхы фæсивæды астæу дардтой бæрæг сæ конд æмæ уындæй. Кусынмæ лæппутæ фесты Ирукайæн йæхицæй. Хуым кæнынæй, хор тауынæй, хос кæрдынæй — алцæмæ дæр арæ- хстысты хорз. Лубæйыл фæци дзурджытæ, фæлæ никæмæн куымдта, чи йыл дзырдта, уыдонæй. Лæппутæн дæр æрцыд сæ ус курыны афон. Æмæ фыд æмæ мад сæхинымæр цин кодтой. Æмæ куын- нæ! Тагъд сын уыдзæн сиахс æмæ дыууæ чындзы. Фæзындзæн уыдонæн цот... Фæлæ цард, куыд фæзæгьæм, афтæ нæ рауайы... Лубæйæн йæ курджытæй иу уыдис фаллаг сыхы цæрæг Тезиаты Тотырбег — Бохъыр. Афтæ йæ уымæн хуыдтой, æмæ йæ бохъыр æдзухдæр бæрæг дардта. Уыдис схъиуд æмæ загьдæргом адæймаг. Тынг зындзæринæй зыдтой адæм Тотырбеджы. Æмæ йæ минæвæрттæ куы ’рбацыдысты фыццаг хатт Ирукайы хæдзармæ, уæд сын дзуапп радта, махмæ нырма мойгæнæг чызг нæма ис, зæгьгæ. Дыккаг хатт куы æрбацыдысты минæвæрттæ, уæддæр та ацыдысты уыцы дзуаппимæ. Ныр Тотырбеджы кæронмæ бауыр- ныдта, Ирука йын йæ чызджы кæй нæ ратдзæн, уый. Æмæ хъæбæрæй загьта: — Кæд нæ разы кæнынц дзæбæхæй, уæд хъуыддаг Тотырбег бакæндзæн «гæмæхæй!» Æмæ байдыдта йæхи цæттæ кæнын. Ссардта цалдæр æмбалы. 8
Бауынаффæ кодтой: бабырсдзысты Ирукайы хæдзармæ æмæ ахæс- дзысты Лубæйы. Æрцыдысты хосгæрдæнтæ. Адæм иууылдæр аивылдысты уыгæрдæнтæм, æхсæвæддæйæ архайдтой хос æрцæттæ кæныныл. Раст уæд иу æхсæв Тотырбег æмæ йе ’мбæлттæ бацыдысты Цæлык- каты Ирукайы хæдзармæ æмæ ахастой Лубæйы. Дыккаг бон Лубæ балæууыд Хохы Карцайы. Скъæфджытæ аивæй, куыд сæ ничи ба- зона, афтæ æрцыдысты фæстæмæ. Тотырбег баззад Карцайы. Лубæ ком нæ лæвæрдта цалдæр боны. Фæлæ йæ хъæуы хистæртæ æрсас- той æмæ фæстагмæ æнæбары сразы ис. Иу заман Тотырбег фæзынд хъæумæ, æмæ Тезиатæ сæхи цæттæ кæнын байдыдтой чындзæхсæвмæ. Фыццаг рæстæджыты Тотырбег йæхиуыл хæцыд. Лубæйæн маст нæ кодта. Фæлæ бирæгъ йæ кæнон кæм уадзы. Бонæй-бонмæ, арæхæй-арæхдæр райдыдта æфхæрын Лубæйы. Хъуыддаг уымæ æрцыд æмæ-иу расыгæй, кард йæ къухы, афтæмæй расур-басур кодта усы. Бирæ хатт-иу Лубæ цары арвыста йе ’хсæв: схызтис-иу цармæ, стæй-иу асин уæлæмæ систа. Лæг ма-иу бирæ фæразил- базил кодта хæдзары алыварс, стæй-иу схуыссыд. Цыдысты бонтæ, фæлæ лæг хуыздæр нæ кодта. Уæдмæ сын фæзынд сывæллон дæр - чызг Замирæт. Зындгонд куыд у, афтæмæй 30-æм азты райдайæны Ирыстоны фæсивæд ивылдысты куыстмæ Астæуккаг Азийы республикæтæм. Цыдысты æнæхъæн къордтæй. Иутæн сæ цыд кодта рæстмæ, иннæтæн — нæ. Абон дæр ма фехъусæн ис хъæуы Багойы чумæда- ны кой. Цæвиттон, Цæлыккаты Баго æртæ азы фæцис Бухары, стæй ссыдис. Йæ къухы уыдис стыр чумæдан. Бацыдис дуканимæ, цы æхца йæм уыд, уыдонæй балхæдта къафеттæ æмæ иу махор- кæйы къопп. Махоркæ нывæрдта йæ чумæданы, къафеттæ йæ къухы схаста сæ уынгмæ. Адæм кæрæдзимæ хъæр кодтой, Баго Бу- харæй ссыдис, зæгъгæ. Цыдысты уынгмæ бæлццоныл цин кæнынмæ. Баго сыхы сывæллæттæн армы дзагæй уæрста къафеттæ æмæ афтæмæй кæддæр-уæддæр схæццæ ис сæхимæ. — Тæхудиаг нæу Душа (Багойæн йæ хистæр æфсымæры ус), цæйас чумæдан æм схæццæ кодта йæ тиу, — дзырдтой сыхы устытæ кæрæдзийæн. — Дзæгьæлы нæ фæци уал азы Баго Бухары! Цæлыккаты бинонтæ уыцы æхсæв æрæгмæ схуыссыдысты. Сæ чындз Душа иугæндзон кастис Багойы чумæданмæ. Фæндыдис æй, тагьддæр куы байгом кодтаид йæ чумæдан, уый. Иу ахæмы йæхи нал баурæдта: — Дæ чумæдан-ма бакæ, лæппу! 9
- Дæуыл дæр æууæндвш, - загьта Баго. - Дæ разы дзы нæхи Агуыбейæн махоркæйы къопп и æмæ йæм ма бавналут. Иннæтæ иууылдæр сымах фæуæнт! Душа бакодта чумæдан æмæ сагьдæй баззад. Чумæдан уыд аф- тид. Уæдæй абонмæ Цæлыккаты Багойы чумæдан баззад æмби- сондæн нæ хъæуы. Æмæ кæм бахъæуы, уым алчи фæзæгьы «Багойы чумæдан», зæгъгæ. Баго базыдта хабæрттæ, уыдонимæ, Лубæ дæр йæ лæгæй кæй ра- цыдис, уый. Раст уыцы рæстæг иу къорд лæппуйы сфæнд кодтой цæуын Бухармæ. Къорды уыдысты Ирукайы хистæр фырт Микъала, Тезиаты Зауырбеджы фырт Журапп, Цæлыккаты Бибола дæр. Къордæн йæ хистæр уыд Бибола. Ай уыдис диссаджы къухты хицау — пълотник. Кæмдæр Бухары райстой куыст. Бибола кодта хъæды куы- стытæ, Микъала æмæ Журапп ластой сыджыт, иннæтæ та амадгой къултæ. Куыстой æхсæв дæр — мæйрухсмæ. Хъуыддаг афтæ рауад æмæ сыджыт кæцæй ластой, уым фахсы мвдæмæ байбын бакъахтой. Зæхх йæхи уæзæй аскъуыд æмæ ныр ныккæлон-уæд ныккæлон кодта. Лæппутæ уый æхсæвыгон нæ федтой æмæ та байбыны бабы- рыдысты. Иу ахæмы фахс йæхи нал баурæдта æмæ ныккалдис. Дыууæ лæппуйы йæ быны фесты. Æрæгмæ куы здæхтысты, уæд сæм чидæртæ ацыди се ’мбæлттæй, бæстæ фæдис ссис. Адæм белтæй къахтой æлыг сыджыт æмæ йæ иуварс калдтой. Изæрырдæм ссард- той дыууæ лæппуйы æмæ сæ бынатмæ æрластой. Ирон адæм уæд бирæ уыдис ацы бæстæйы. Æрæмбырд сты æмæ бафснайдтой дыу- уæ зианы. Ацы хабар æрцыдис фæззæджы. Биболайæн цы гæнæн уыдис: радта тел йе ’рвад Ирука æмæ Тезиаты Зауырбегмæ, сæ лæппутæ кæй фесæфтысты, уый тыххæй. Ирукамæ цы тел уыд, уый радтой йе ’рвад Цæлыккаты Андримæ - Багойы хистæр æфсымæрмæ. Марой кодтой мыггаг иууылдæр, фæлæ йæ Ирука æмæ Дзыллæйæн нæ уæндыдысты схъæр кæнын. Афтæмæй фæззæг аивгьуыдта æмæ ралæууыд зымæг. Тъæнджы мæйы иу зымæгон изæр мах мæ хистæр æфсымæр Гуыргьохъимæ бадтыстæм нæ зæхбын талынг хæдзары пецы дзыхмæ æмæ нæхи тавтам артмæ. Уæд дуар байгом, мидæмæ ’рбахызт нæ хистæр æфсымæр Геор. Æмæ тарстхуызæй загьта: - Тезиаты Тотырбег Цæлыккаты Илайы (афтæ хуыдтой Исламы) амардта. Адæм сæм фæдисы уайынц. Уæд æз фондзаздзыд лæппу уыдтæн, фæлæ абон дæр уайынц мæ хъустыл уыцы ныхæстæ. Илайы Тотырбег цæмæн амардта, уый æз нæ зыдтон. Фæлæ Илайæн тæригьæд кодтон. 10
Хабæрттæ рауадысты афтæ: Лубæ нал цыд Тотырбегмæ. Иу иннæйы фæдыл æрвыста То- тырбег, рацу дæ хæдзармæ, зæгьгæ. Зæрдæтæ æвæрдта - нал æй æфхæрдзæн, бамбæрста йæ рæдыд. Фæлæ Лубæ фидарæй загьта, фæлтау йæхи кæй амардзæн, фæстæмæ Тотырбегимæ бацæрыны бæсты. Æмæ иу хъызт бон Тотырбег базыдта, Лубæ сæ сыхы усты- тимæ сабатизæры цæудзæн уæлмæрдтæм. Лæг рагацау ацыд æмæ, уæлмæрдты кæрон Гагкайты Гогийæн цы дургæнæн гарна уыдис, уым бамбæхст. Устытæ уæлмæрдты рухс загьтой æмæ рацыдысты сæхимæ. Гарнайæ сæм Тотырбег рагæпп кодта, Лубæйы цонгыл ныххæцыд æмæ йæ тыххæй ласта йæ хæдзармæ. Уæрджытæм миты кæрæдзийы ратон-батон кодтой устытæ æмæ Тотырбег. Хъуыддаг ууыл ахицæн, æмæ Тотырбег ныскъуыдтæ кодта Лубæйы дзаумæттæ, йæ кæлмæрзæн, йæ дзабыртæ ахаудысты миты, цъында йыл нал баззад. Устытæ надтой Тотырбеджы сæ тæбæгьтæй. Уый та надта Лубæйы. Фæстагмæ Лубæйы афæлдæхта æмæ йæ йæ дзыккутæй ралас-балас кодта миты. Чи зоны, цытæ рауадаид ам, хъæддзаутæ куы не ’рцæйцыдаиккой, уæд. Уыдон рагæппытæ кодтой сæ дзаг уæрдæттæй, æрцахстой Тотырбеджы. Фæуайдзæфтæ йын кодтой æмæ йæ сæхимæ æрластой. Цъæхахст кæнгæ устытæ дæр æрцыдысты æмæ уыцы хуызæнæй бакодтой Лубæйы хæдзармæ. Ирукайы бинонтæ^ цы ми кодтаик- кой уыцы заман, уый алчи дæр бамбардзæн. Йе ’фсымæр Ила ныр æнæхъæн къуыри уыдис рынчын, хуысгæ кодта. Уый куы бамбæрста хъуыддаг, уæд сабыргай рабадт æмæ йæ дзаумæттæ скод- та. Йæ наган йæ дзыппы нывæрдта æмæ рацыд æддæмæ. Се ’рвад Гагкоты цæхæрадоныл ахызт иннæ уынгмæ. Уым Гагкоты чъыл- дыммæ цардис йæ сиахс Тезиаты Тотырбег. Ила комкоммæ ба- цыд цæхæрадæтты уый кæртмæ. Тотырбег сæхимæ разындис æмæ йæм уайтагьд рацыдис. Дыууæ лæгыл ныхас бацайдагъ. Уæд Ила йæ наган фелвæста, Тотырбегмæ йæ фæдардта, цалдæр къæппы йæ ныккодта. Гилдзытæй иу дæр не схæцыд. Уæдмæ Тотырбег йæ кæрддзæмæй фелвæста йæ сау стыр хъама æмæ Илайы бынæй хæрдмæ сфаста. Лæппуйæн йæ гуыбын гæрзæй-гæрзмæ алыг ис æмæ йæ тъæнгтæ зæхмæ æркалдысты. Цалынмæ адæм æмбырд кодтой, уæдмæ То- тырбегты кæрты мит тугæй сырх-сырхид адардта. Тотырбегты ком- коммæ цардысты Æлхъацатæ æмæ сæ ус Дабедта уьгдис Цæлыкка- ты чызг. Илайы бахастой уырдæм æмæ уым амард. Ирука æмæ Дзыллæ нæ зыдтой, Микъала дæр мард у, уый. Æмæ ныр Андрийæн фæци хорз амал æмæ схъæр кодта, Биболайæ цы 11
тел райста, уый. Цæлыккатæ æрæвæрдтой Микъалайы къам Илайы чырыны. Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын - рæхуыст, раст афтæ рауад сæ хъуыддаг Цæлыккаты Ирука æмæ Дзыллæйæн. Хæдзар сафтид бинонтæй, баззадысты сæ чызг Лубæйы бар. Дзыллæйæн йæ зæрдæ нæ баурæдта ацы фыдбылызтæ æмæ уайтагьд амарди. Лубæйæн Тотырбегæй цы чызг райгуырд, уый акодта Тотырбеджы æфсымæр Зауырбег. Тотырбеджы æрцахстой æмæ йæ ахастой. За- уырбег дæр ардыгæй, йæ туджджынты разæй, алыгъдис æндæр ранмæ. Афтæ домы ирон æгьдау. Æппæт дохтыртæй хуыздæр дохтыр у рæстæг. Уымæй тынгдæр æмæ хуыздæр рыст адæймаджы зæрдæ ничи дзæбæх кæны. Æмæ рæстæг цыди, азтæ ивтой азты. Ирука æмæ Лубæйæ дæр гыццыл- гай рох кодтой сæ судзаггаг зиантæ. Фæзынд та курджытæ Лубæмæ. Фæлæ уый никæмæн разы кодта, мæ зæронд фыды, дам, кæмæн ныууадзон, зæгьгæ. Фæстагмæ, хæсты хæдразмæ, мыггаджы хистæ- рты уынаффæмæ гæсгæ мидæгмойæ бакодта иу хохаг лæджы, æмæ уый хорз рауад зæронд лæгæн дæр æмæ Лубæйæн йæхицæн дæр. Райгуырдис сын чызг Дзерассæ. Уæдмæ райдыдта хæст, лæг хæстмæ ацыд æмæ фесæфт. Ногæй та баззадис Лубæ æнæ дарæгæй йæ зæронд фыд Ирукаимæ. Ирука Хъæдгæроны æппæтæй хистæрæй фæцардис бирæ азтæ æмæ амардис 105-аздзыдæй. Йæ чызг Лубæ дæр бирæ фæцард. Дзерассæ ссис тынг рæсугъд чызг. Бирæ курджытæ уыд Дзерас- сæйы, равзæрста дзы Баситы Цæрайы. Æмæ абон цæры Дзерассæ йæ лæг æмæ йæ цотимæ дзæбæх æмæ æнæмастæй. Алчи дæр йæхимæ хорз лæг кæсы. Фæлæ лæгтæ иууыл хорз лæгтæ не сты. Хорз лæг адæм ахæмæй фæзæгъынц, йæ ныхæстæ нæ, фæлæ йæ хъуыддæгтæ иууыл йæ адæмы пайдайæн кæмæн вæййынц, æмæ цалынмæ дæхицæй хорз зæгъай, уæдмæ ахъуыды кæнын хъæуы, хорзæй цы сарæзтай адæмы пайдайæн, ууыл. Адæ- мы цæст уынаг у, уыны алцыдæр, ницæмæн дзы ис бамбæхсæн. ...Уыди 1948 аз. Адæмы уæнгтæ нæма айтынг сты. Ахæм би- нонтæ нæ уыдис хъæубæсты, æмæ карды цæфау хæст йæ нуæс кæуыл нæ ныууагьта. 537 хъæдгæройнаджы баззадысты хæсты быдырты. Иу уыйбæрцæй та æнæ къæхтæ, æнæ къухтæ æмæ æндæр хуызы сахъаттæй ссыдысты. Иу сæрдыгон райсом хъæубæсты хистæртæй иу — Тедтойты Со- слæнбег фæдзырдта йе ’фсинмæ æмæ йын загьта: — ,Мæ зæрды иу хъуыддаг æрæфтыд, æмæ мæ фæнды, хъæуы хуыздæр кæимæ цæрын, уыдон мæм цы цæстæй акæсдзысты, уый базонын. Ды бавдæл æмæ нын истытæ арæвдз кæн. Æз ныртæккæ 12
хæрæг ифтындзын æмæ сыл æрзилдзынæн. Изæры махмæ уыдзыс- ты æмæ дæ фынг æгуыдзæг ма уæд. Сослæнбег сбадтис хæрæгуæрдоны æмæ ацыд. Æрзылди Хъа- раты Исламыл, Айларты Муссæйыл, Бокоты Цæрайыл æмæ ма иу-цалдæрыл. Се ’ппæтæн дæр загьта афтæ: - Мæ цард нал цæуы мæ ус Рæхимæтимæ, æнæ ахицæн нын хос нал ис æмæ мæ фæнды, ды абон мæ цуры куы уаис, куы бай- хъусис нæ дыууæмæ дæр, уый. (Рæхимæт уыдис Сосланбегæн йæ дыккаг ус). Сослæнбег кæуыл æрзылд, уыдонæй дыууæ кæрæдзийы нæ зыдта. Алчи дæр дзы æнхъæл уыдис, Сослæнбег æрмæстдæр уымæн загъта, æмæ изæры иууылдæр Сослæнбеджы хæдзары æрæмбырд сты. Бамбæрстой, Сослæнбег сыл сайдæй кæй рацыд, уый. Фынг уыдис æвæрд. Куы æрбадтысты æмæ 2-3 сидты куы фæкодтой, уæд Сослæнбег загьта: — Мах не ’фсинимæ ницы хицæнгæнинаг ис. Æз уыл хинæй рацыдтæн æмæ уæ æрæмбырд кодтон. Ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Нæ хъæуы цæрджытæ дæр басыгъдысты уыцы хæсты. Фæлæ нæ хъæуы ис туджджынтæ, æмæ сæ фидауынгæнæг нæй. Мах не ’ппæт дæр зæронд лæгтæ стæм. Бирæ нал фæцæрдзыстæм æмæ нæ фæстæ нæ кæстæрты туджджынтæй куы ныууадзæм, уæд уыдзыстæм мæрдты тæригъæдджынтæ. Æз зæгъын афтæ, цæмæй мах æрзилæм се ’ппæтыл дæр æмæ сæ сразы кæнæм ба- фидауыныл. Гъе, уыцы уынаффæ мæм ис æмæ йæ зæгъын сы- махæн. Хуынд лæгтæ сразы сты иууылдæр Сослæнбегимæ. Æмæ дыккаг бон хæрæгуæрдæтты æрзылдысты, хъæуы цы туджджынтæ уыд, уыдоныл. Тезиаты Тотырбег уæдмæ арвыста йæ тæрхон дард Ло- дейное Полейы æмæ ссыдис хъæумæ. Æрцард йæ æфсымæр За- уырбеджы цотимæ. Тотырбег уайтагъддæр сразы ис бафидауыныл. Зындæр рауад хъуыддаг Цæлыккатимæ. Адон алырдæм рахæц-бахæц кодтой, фæлæ уæддæр адæм тыхджын сты æмæ сæ æрсастой. Тотырбег ныллæууыд хъомгæс адæмы фосæн æмæ дыууæ азы хъом фæхызта. Цы æхца æрæмбырд кодта, уымæй балхæдта стыр гал æмæ ма, цы хъуыдис, уыдон. Иу майрæмбон (Илайы амардта майрæмбоны) Тезиатæ æрæмбырд кодтой тынг бирæ адæм æмæ бацыдысты Цæлыккатæм. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Цæлыкка- ты æмæ Тезиаты хистæртæ æмæ кæстæртæ радтой кæрæдзимæ сæ къухтæ æмæ бафидыдтой. Сæмбæлдис ацы фидыды, Ирукайы хистæр фырт Микъалайæн йæ мард Бухары чи бафснайдта, уый — Цæлыккаты Бибола дæр. 13
Бибола хисты фæстæ асидт иуварсмæ сæхи Багомæ æмæ йын афтæ загъта: — Микъалайы фесæфты ды дæр дæ аххосджын. Ды ссыдтæ цадцæр азы фæстæ Бухарæй афтид чумæданимæ, æмæ æз куы загъ- тон Микъалайæн, æхсæв ма кусут, зæгьгæ, уæд мын уый радта ахæм дзуапп: «Æз рацыдтæн мæ хæдзарæй исты бакусынмæ æмæ нæ ацæудзынæн ардыгæй нæхи Багойау афтид чумæданимæ». Баго ницы сдзырдта. Сослæнбег, Ислам, Муссæ, Цæра æмæ ма иннæтæ уыцы аз бафидауын кодтой Тезиаты æмæ Джиоты, Кучиты æмæ Къациты æмæ ноджы æндæр туджджынты. Стыр хъуыддаг бакодтой ацы лæгтæ! Æз уæлдæр кодтон хорз лæджы кой. Æмæ ныр адонæй дæр куыд нæ зæгьон, хорз лæгтæ уыдысты, зæгьгæ. Ныртæккæ, кæд тынг хъыгаг у, уæддæр æз хъæубæсты ахæм лæгтæ нæ уынын. Нал и ахæм лæгтæ. Цард цæуы ивгæ, ивынц адæм дæр. Афтæ у, æмæ абон нæ хъæуы чындзæхсæвы дæр æмæ куывды дæр чи ныззара, ахæм лæг нал ис. Уый зын бауырнæн у, фæлæ афтæ у. Зын зæгьæн у тынг, кæдæм цæуæм æмæ цæмæ æрцæудзыстæм. АСЛÆНЫХЪО Хорз лæджы кой дардмæ хъуысы, — зæгъы ирон æмбисонд. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, къорд азы размæ-иу æндæр хъæуы чындзхæссæг кæнæ зианы фæдыл куы сæмбæлдтæн, уæд-иу мах, хъæдгæройнæггы, тынг арæх фарстой фысымты ас адæм Биджелты Аслæныхъойæ. Зонгæ кодтой, Аслæныхъо æгас нал уыд, фæлæ- иу уæддæр ракодтой йæ кой. Дзырдтой-иу, уый куыд сæрæн лæг уыди, уый тыххæй. Дзырдтой-иу йæ уæздандзинады тыххæй. Фар- стой-иу ын йæ цоты, йæ хиуæтты. Ныр дæр вæййын æндæр хъæуты - кæм зианы, кæм цины. Ничиуал фæрсы мæн Аслæныхъойæ дæр æмæ йæ бинонтæй дæр... Æмæ йæ æмбарын, цæмæн афтæ у, уый. Аслæныхъойы фæлтæрæй æгас ничиуал у. Нал сты æгас, чи йæ æрæййæфта æмæ йæ чи зыдта, уыдон, æмæ ма йæ чи бафæрса? Аслæныхъойы кой æз дæр гыццылæй фæстæмæ хъуыстон. Мæ 14
цæсты уый уыдис абырæг, ома, марæг, давæг, стъигъæг. Æмæ йæм уыцы цæстæй кастæн. Афтæ уыди, цалынмæ 1970 азы Мæск- уыйы хъæдгæройнаг булкъон Гагкаты Михалыл нæ сæмбæлдтæн, уæдмæ. Михал бирæ азты службæ кодта падцзахадон æдасдзинады оргæнты. Уый фæстæ та Магаданы облæсты куыста сыгьзæрин- къахæн «Дальстрой»-ы хицауы хæдивæгæй. Ардыгæй рацыдис пен- сийы æмæ æрцарди Мæскуыйы. 1970 азы, фæззæджы, Кремлы стыр галуаны цыдис Уæрæсейы хъæууон советты æххæстгæнæг комитетгы сæрдарты æмбырд. Æз уæд куыстон Хъæдгæроны хъæуы советы æххæстгæнæг комитеты сæрдарæй, æмæ æрвыст æрцыдтæн уыцы æмбырдмæ. Гагкайты Михал базыдта, æз уым дæн, уый æмæ мæм бон цалдæргай хæтты- ты дзырдта телефонæй. Куырдта, цæмæй йæм бафысым кæнон. Æмбырд куы фæцис, уæд ацыдтæн Михалмæ. Тынг мæ сбуц код- той йæ бинойнаг Галяимæ. Æхсæв арвыстам, зæгьæн ис, нæ ба- фынæй кодтам, афтæмæй. Михал йæ гыццылæй фæстæмæ цы фед- та, уыдонæй дзы ницы ферох ис. Иу афон нæ ныхас рахызт Биджелты Аслæныхъомæ. — Ды хъуыды кæныс Аслæныхъойы? Дæ зæрдыл ма лæууы, куыд æй амардтой, уый? — бафарста мæ Михал. — Нæ, æз уæд гыццыл лæппу уыдтæн,— загьтон æз. — Уæдæ хъус, æз дын ракæндзынæн уыцы хабар. Æз уыцы рæстæг Хъæдгæроны фæскомцæдисы комитеты секретарæй куыстон. Хабар уыдис афтæ: уыцы бон Лолатæ хастой чындз Алагирæй. Лолатæ уыдысты цыппар æфсымæры: Дадо, Хъайсын, Мамсыр æмæ сæ кæстæр Асланджери. Ус хастой Мамсырæн. Чындз уыди Га- дзалтæй, йе ’фсымæр чызгæн ныртæккæ у мидхъуыддæгты министр нæхимæ, Ирыстоны. Лолаты æфсымæртæ хъæуы уыдысты нымад, æмæ чындзхæссæг цыдис бирæ фæсивæд. Ныр чындзхæсджытæ уæрдæтты сбадой æмæ араст уой, афтæ кæрты фæмидæг тарст- хуызæй фæскомцæдисон Гутнаты Коля. Уый рахабар кодта: — Мæ бæхтæ агурæг ацыдтæн æмæ астымы иу æрхы фынæйæ баййæфтон Биджелты Аслæныхъо æмæ иу лæджы - сæ нымæтгыл фынæй кодтой. Æз æвæстиатæй ратагъд кодтон, цæмæй ацы хъуыддаг фехъусын кæнон... Хабар куы айхъуыст, уæд хъæубæсты цыдæриддæр коммунисттæ æмæ фæскомцæдисонтæ уыдис, уыдонæн загьд æрцыдис, цæмæй сæ хæцæнгæрзтæ райсой æмæ æрæмбырд уой хъæусоветмæ. Адæм уайтагъд æрæмбырд сты. Уым арæзт æрцыдис æртæ къор- ды: иу къорд хъуамæ æрхызтаид Æрыдоны доны фаллаг фарсмæ, Аслæныхъо сын хъæдмæ куыд нæ баирвæзтаид, афтæ. Иннæ къорд 15
хъуамæ бацахстаид Хъæдгæронæй Ногхъæумæ бацæуæн æмæ ма бауагътаид абырджыты иу хъæумæ дæр баирвæзын. Иннæ, сæйраг къорд, та хъуамæ ацыдаид астымыл хæрдмæ пырхæй. Махмæ гæсгæ, афтæмæй нæ уыдис аирвæзæн уыцы дыууæ лæгæн. Фæлæ хъуыддаг афтæ рауад, æмæ нæ фыццаг къорд Æрыдоны доныл галиу фарсмæ куы бахызт, уæд хъæдæй сыстадис бирæгъты бал. Æмæ чи фæлæудзæни — дæ разæй бирæгъ лидзы, æмæ йæ ма фехс! Фæдисы адæм бирæгътыл ралæууыдысты гæрах-гæрахæй. Гæрæхтæм Аслæныхъо æмæ йе ’мбал райхъал сты, акастысты сæ алы фарс. Бамбæрстой хъуыддаг, уæдæ цы! Æмæ райдыдтой цæуын нæ разæй. Мах сæм хæстæг цæуын нæ уæндыдыстæм æмæ сæ æхстам дардæй. Уыдон-иу æрлæууыдысты æмæ ныхъхъæр кодтой: — Куы ницы уæ хъыгдарæм! Цæмæн нæ æхсут? Ногхъæуы сæрмæ куы схæццæ сты, уæд ма къудзиты аууонæй Аслæныхъо ныхъхъæр кодта: — Мæ сывæллæтты хатыр уын фæуæд, уый йеддæмæ уын æз абон фенын кодтаин, лæг цы у, уый. Уæд Аслæныхъо уыдис мæлæтдзаг цæфтæ. Ам райдыдтой пых- сытæ æмæ йæ махæй ничиуал уыдта. Уый та стыр гæды бæласы бын йæ нымæт йæ быны бакодта, йæ фарсмæ аив æрæвæрдта фондз- æхстон гермайнаг топп æмæ йæ маузер афтæмæй, уæлгоммæ хуысгæйæ, амард. Иунæг æхст дæр нæ фæкодта мах йæ топп æмæ йæ маузерæй. ЦЫ БАЙТАУАЙ, УЫЙ ÆРКÆРДДЗЫНÆ Бадтыстæм зианы хæрнæджы Беслæныхъæуы. Иу-дыууæ сидты фæстæ мæ мæ дæле бадæг бафарста: — Хорз лæг, бахатыр кæн, фæлæ кæцон дæ? — Хъæдгæройнаг, — радтон дзуапп. Иу-цасдæры фæстæ та мæ ногæй афарста: — Æмæ кæмæй дæ? — Бокотæй, — загътон æз. — Бокотæй Беслæныхъæуы дæр цæры цалдæр хæдзары. Ис сæм тынг сæрæн лæппутæ: Бирæ хорздзинæдтæ бакодтой адæмæн æмæ 16
кæнынц ноджыдæр. Сæ цæрæнбонтæ бирæ уæнт! Хъæдгæроны Тер- чы ацы фарс цæрджыты хонæм Куырттатыхъæу, кæд сæ раст æмбис Уæлладжырæй ралидзгæ сты, уæддæр. Мæ фыдæй куыд хъуыстон æмæ мæхæдæг куыд зонын, афтæмæй ам цæрынц уазæгуарзаг, кусаг æмæ æгъдауджын адæм. Дзæгъæлы нæ баззад, нæ Иры æгьдæуттæ Хъæдгæронæй цæуынц, зæгьгæ. Æз дæр ацы ныхасыл’ разы дæн. Фæлæ раст куы зæгьон, уæд уæ иу æгъдауæй мæ зæрдæ нæ барухс. Цæмæн афтæ рауад, уый æз нæ зонын, фæлæ уæздан адæм афтæ нæ фæкæнынц. Ацы ныхæстæ фехъусгæйæ æз æдзынæг ныккастæн, мæ фарсмæ чи бадт, уымæ. Стæй йын загътон: — Бахатыр кæн, фæлæ дын æз бацамыдтон, кæцон дæн æмæ чи дæн, уый. Ды дæр мын дæхи бацамон. — Беслæныхъæуккаг, мæ мыггаг Торчынтæй. — Зауырбеджы — Зæрæби дæр æй хонынц —’ æрвад дæ? — О, Зауырбеджы æрвад. — Æмæ, мах уæздан адæм не стæм, уымæй нæм дæ зæрдæ цæмæй фехсайдта? — Торчынты Зауырбег йæ царды хуыздæр азтыл нымадта, Хъæдгæроны цы азты фæцард, уыдон. Цас ын уыдис уым хæлæрттæ! Зæгъæн ис, Хъæдгæроны æппæт цæрджытæ уыдысты йæ хæлæрттæ. Йæ райгуырæн хъæу Джызæлæй фылдæр уарзта Хъæдгæрон. Æмæ уый æмбæхсгæ дæр нæ кодта, дзырдта-иу æй æргомæй. Хъæдгæро- ны зиан æрцыдис, зæгьгæ, уæд-иу цыфæнды хъуыддаг дæр ныу- уагъта. Фæлæ йæхæдæг куы амардис, уæд æм Хъæдгæронæй иу адæймаг дæр не ссыдис. Хъæдгæрон бирæйæ ссæудзысты, зæгьгæ, зиан уæлæуыл фæдардтам сахатæй фылдæр. — Торчынты Зауырбег амардис, зæгъыс? — О, æртæ къуырийы размæ, — дзуапп радта мæ уæлебадæг. Беслæныхъæуæй нæхимæ æрцыдтæн уæззау хъуыдытимæ. Куыд ничи скодта Зауырбеджы фæзианы кой? Дыккаг бон мæ алыварс цæрджытæй, иннæ хъæуккæгтæй, хорз æй чи зыдта, уыдонæй цал- дæры бафарстон. Зианы хабар ничи фехъуыста. Уый фæстæ нæм арæх цыд ныхас Зауырбеджы тыххæй, æмæ сфæнд кодтам йæ дыу- уиссæдз боны кæндмæ ацæуын, фæлæ та нын ничи фехъусын кодта. Афтæ йæ афæдзы боны тыххæй дæр. Æмæ цыд нæ фестæм Джызæлмæ Торчынты Зауырбегæн йæ ном ссарын, рухсаг ын зæгъынмæ. Лæг æнæцæугæ дæр нæу æндæр хъæутæм, кæм зианмæ, кæм — цинмæ. Торчынты Зауырбегæн йæ амарды бон кæй не ссыдыстæм, уый тыххæй алыхатт хъæдгæронæгтыл æмбæлдис бирæ уайдзæфтæ. 2 Бокоты Солтан 17
Мах-иу нæхи раст кодтам, хабар нæ фехъуыстам, зæгьгæ, æмæ, кæд уый раст уыдис, уæддæр уымæй махæн нæхи сраст кæнæн нæ уыдис. ... 1997 азы майы мæй æз фæдзырдтон, мæ куыстмæ ме ’мгар Тебиаты Габегмæ æмæ йын загьтон: — Габег, зæгъ-ма, Торчынты Зауырбег куыд лæг уыди? — Уæллæй, Хъæдгæроны иннæ хъæутæй чи бакуыста, уыдонæн се ’ппæтæй дæр Зауырбег уыдис лæгдæр. Уый хæсты фæстæ куыста МТС-ы директорæй. Рæстæг уыдис тынг зын. МТС-ы уыдис æрмæст дæр иунæг автомашинæ «Форд», фæлæ фаг кодта йæ куы- стытæн дæр, адæмы зиантæм æмæ цинтæм ласынмæ дæр. Зауырбег йæхи тынг бауарзын кодта адæмæн. Цыдис сын сæ зиантæм æмæ сæ цинтæм. Уый амарды хабар Хъæдгæрон куы базыдтаик- кой, уæд, æвæццæгæн, хæдзарæн лæгæй ацыдаиккæм. Стыр хæсджынæй баззадис Хъæдгæрон Зауырбеджы раз. — Мæнмæ дæр афтæ кæсы, — загътон æз.— Махмæ цы азты бакуыста, уыцы азты, хъæубæсты кæцы зианы нæ уыдис æмæ фæлхас кæм нæ бакодта, ахæм нæ уыдис. Цины хъуыддæгтæй дæр йæхи никуы аласта. Адæм ыл афтæ сахуыр сты, æмæ-иу куывдмæ, кæнæ чындзхастмæ, номхыгъд аразгæйæ, æппæты уæле ныффыс- той Торчынты Зауырбеджы. Йæ бинойнаг Адæ-иу цыдис дæрдджын дарæсы — æхцайæ йæм ницы хаудта. Афтæ бакæнæм, Габег: фехъусын кæнæм, нæ зæрдæ тынгдæр кæуыл дарæм, уыдонæн, æрæмбырд кæнæм æхца æмæ иу бон фæцæуæм Джызæлмæ. Кæй зæгьын æй хъæуы, афтæ ацæуæн нæй. Фехъусын кæнын хъæуы Зауырбеджы бинонтæн раздæр не ’ссыды сæр. Аласын нæ хьæуы æргæвдинаг, нозт, цæххы онг алцы дæр. Æмæ кæд бинонты бафæнда, уæд Зауырбегæн «рухсаг» зæгьдзыстæм йæ хæдзары. Мæ хъуыды фæцыд Габегы зæрдæмæ, стæй сразы сты иннæ хистæртæ дæр. Не ’мхъæуккаг Чехойты Таймураз бирæ азты бакуыста Зауырбе- гимæ æмæ уымæн бабар кодтам, цæмæй нæ фæндон фехъусын кæна Торчынты Зауырбеджы бинонтæн. Цалдæр боны фæстæ йæ фырт Мурат æрцыд Хъæдгæронмæ æмæ нын нæ цыды бон фæстæдæрмæ аргъæвта. Уæдмæ æз фæрынчын дæн. Торчынты зæронд лæг мæнæн цы беслæныхъæуккаг Бокоты лæппуты кой кодта, уыдоны хорз зонын. Сты мæ кæстæртæ. Са- рæзтой цалдæр заводы. Стыр æххуыс сты районæн дæр æмæ сæ райгуырæн хъæу Хъæдгæронæн дæр. Зæгьæм, алы бон ласынц се ’мхъæуккæгты фосæн лæвар 10-20 тоннæйы цъата. Капиталон æхгæд 18
скодтой хъæуы стырдæр уæлмæрдтæ, сарæзтой иу километр асфальт фæндаг æмæ æндæр бирæ хорздзинæдтæ. 1997 азы Уæлахизы бонмæ уыдон æрбарвыстой хæсты ветерантæн фæйнæ 500 сомы. Æз æрæмбырд кодтон ветеранты Культурæйы галуанмæ æмæ сын ам се ’хца байуæрстон. Стæй сын загьтон: - Бокоты Эльбрус Саламджерийы-фырт ацы лæвар æрбарвыста сымахæн. Арфæ уын кæны, цæмæй-ма бирæ азты фæцæрат æмæ æмбæлат Уæлахизы боныл. Ныр ма зæгьын иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй. Сымах уе ’ппæт дæр зонут — Торчынты Зауырбеджы зианы мах кæйдæр аххосæй нæ сæмбæлдыстæм. Ис мæм ахæм фæндон: Бокоты лæппутæ уын цы æхца балæвар кодтой, уымæй фæйнæ гыццылы радих кæнут, æмæ ацæуæм Джызæлмæ. Æз мæхæдæг æвæрын 500 сомы. Систон æхца æмæ сæ стъолыл æрæвæрдтон. Искуы иутæй фæстæмæ иууылдæр æрбахастой сæ фæйнæ 500 сомы. Æхцатæ радтам Тебиаты Габегмæ. Ацы æхцайы кой хъæуыл куы айхъуыстис, уæд ма Габегмæ æрбахастой æхца Хуытъинаты Гуыбе, Хуытъинаты Хадзымырзæ, Дзанайты Ахте æмæ æндæртæ. Уыдон ветерантæ не сты, нæ райстой лæвар Бокоты лаппутæй, фæлæ куыстой Зауырбегимæ æмæ сæ пенсийæ радтой фæйнæ 500 сомы. Уыцы рæстæг та æз фæрынчын дæн. Æнхъæл уыдтæн, иннæтæ сæхæдæг ацæудзысты Джызæлмæ, фæлæ горæты рынчындонæй куы æрцыдтæн, уæд базыдтон, Зауырбеджы фырт ма иу хатт кæй æрцы- дис нæ хъæумæ. Фæлæ йын куы загьтой, æз рынчын дæн, зæгьгæ, уæд фæстæмæ аздæхт. Æмæ уæд снысан кодтам, августы ацæуын Джызæлмæ. Æртæ боны ма куы хъуыдис, уæд æз ацыдтæн Джызæлмæ, цæмæй Торчынты мыггагæн фехъусын кæнон нæ хабар. Бацыдтæн мæ рагон лымæн Гаситы Батрадзмæ. Уыимæ мах рацыдыстæм нæхи хъæуккаг Лолаты Дзахотмæ. Арвыстам-ма Дойаты Хамырзæ æмæ Æлдаттаты Къостамæ дæр. Дзахот æмæ Батрадз нæ фæндон зыдтой æмæ сæ зæрдæмæ цыд. Дыккаг бон изæрæй бадтæн нæ дуармæ. Иуафон мæ разы æрлæу- уыдис рог машинæ. Рахызтысты дзы Тебиаты Габег æмæ Зауырбеджы фырт Мурат. Уыдон мын бамбарын кодтой, Торчынты мыг- гаджы хистæртæ хъæдгæройнæгты фæндонмæ гæсгæ кæй бауынаффæ кодтой ацы къуырийы, сабаты, æмæ Джызæлы Зауырбегæн хист кæй кæнынц. Сабаты дыууæ автобусы æмæ къорд рог машинæйы мах ацы- дыстæм Джызæлмæ. Раздæр бацыдыстæм уæлмæрдтæм. Ам махмæ æнхъæлмæ кастысты Гаситы Батрадз æмæ Лолаты Дзахот. Бацы- 19
дыстæм иууылдæр Зауырбеджы ингæнмæ, загьтам ын рухсаг æмæ хатыр ракуырдтам, йæ боны кæй нæ сæмбæлдыстæм, уый тыххæй. Уый фæстæ ацыдыстæм Торчынты кæртмæ. Кæрт адæмæй уыдис йе ’мыдзаг. Æрцыдис тынг бирæ адæм æндæр хъæутæй дæр, хæстæджытæ æмæ зонгæтæ. Фæлæ адæм тынгдæр æнхъæлмæ кас- тысты махмæ — Хъæдгæронмæ. Фехъуыстой, æвæццæгæн, чи ни- куыма æрцыдис ирон адæмы царды, ахæм хабар, ома, йæ амардæй цалдæр азы фæстæ Торчынты Зауырбегæн хæрнæджы фынг скæнын мах дзыхæй кæй рацыд. Кæрæдзийæн, куыд вæййы, афтæ уынджы арфæтæ куы ракод- там, уæд не ’ппæт дæр бацыдыстæм мидæмæ кæртмæ. Даргь са- райы æмæ кæрты арæзт уыди фынгтæ. Сбадтыстæм иууылдæр - уазæгæй, фысымæй. Нæ уæлейы чи бадт, уыцы зæронд лæг дыууæ сидты фæстæ сыстадис æмæ загьта: — Хорз адæм! Абон мах ам æрæмбырд стæм Торчынты Зауырбеджы зианы кæнды фæдыл. Хъæдгæрон йæ боны Зауырбеджы зи- аны нæ сæмбæлдысты, нæ йæ фехъуыстой афоныл. Æмæ абон Хъæдгæрон сæхицæн хæсыл банымадтой æмæ ссыдысты Зауырбегæн рухсаг зæгъынмæ. Æз уын, хъæдгæройнæгтæ, кæнын стыр арфæ. Мæныл гыццыл нæ рацыдис азтæ, фæлæ абон сымах Зауырбегæн цы кад скодтат, ахæм нæма фехъуыстон Ирыстоны, æмæ уын зæгьын стыр бузныг æгас Джызæлы номæй! Раджы заман дæр æгьдæуттæ цыдысты Хъæдгæронæй, афтæ иу загьтой нæ фыдæлтæ дæр. Сымах фидар хæцут уæ фыдæлты æгьдæут- тыл, æмæ уын сæ Хуыцау уæ къухæй макуы айсæд! Ацы ныхæсты фæстæ Джызæлы хистæртæ радтой цыппар нуа- зæны махмæ, хъæдгæройнæгтæм. Нæ хъæуккаг Дзидаханты Тембол сын загьта: - Æз лæгæй-лæгмæ Зауырбеджы нæ зыдтон. Мах мæхъæлæй Хъæдгæронмæ куы æрбалыгьдыстæм, уæд Зауырбег Хъæдгæроны нал цард. Фæлæ уæдæй абонмæ æз хъусын уый хорзы кой. Ни- куыма ничи загьта уымæй æвзæр. Æмæ куы фехъуыстон, Хъæдгæрон цæуынц Зауырбегæн рухсаг зæгъынмæ, уæд загьтон: «ахæм лæгæн кад кæнын хъæуы». Æмæ рацыдтæн. Гъемæ уын, Джызæл, Хуыцау ахæм лæгтæ фылдæр радтæд. Æз дæр хатыр ракуырдтон, йæ боны кæй нæ сæмбæлдыстæм, уый тыххæй. Цæмæн афтæ рауадис, уый-ма иу хатт бамбарын код- тон. Загътон, Зауырбегыл хъæдгæройнæгтæ тынг æнувыд кæй уыды- сты æмæ йын йæ зианы рæстæг дæр хорз æгьдау кæй скодтаиккой. Арфæ ракодтон æмæ мæ агуывзæ бануæзтон. 20
Ахицæн ис Зауырбеджы афæдзы кæнд. Цы æхца нæм æрæмбырд, уыдон радтам Гаситы Батрадзмæ, цæмæй сæ Торчын- ты бинонтыл сæмбæлын кæна. Тынг бирæ арфæтимæ æрыздæхтыстæм нæхимæ. Не рагъæй аха- удис, цалдæр азы цы стыр уаргь хастам, уый. Куыд фæзæгъынц, адæмы уарзта æмæ йæ адæм дæр уарзтой, аргъ ын кодтой, уымæн æмæ Зауырбег адæммæ директоры цæстæй никуы каст. Æмæ йын адæм дæр уымæн скодтой ахæм кад æмæ мысæн бон. Лæг цы байтауы, уый æркæрды, - фæзæгъынц. ХЪÆДГÆРОН ÆМÆ ХЪÆДГÆРОЙНÆГТÆ Абон хъæуы цæрджыты нымæц хæццæ кæны 2930 адæймагмæ. Ис дзы 750 хæдзары. 1956 азæй фæстæмæ хæуы уынгты æмæ хæдзæртты судзы электрон рухс, алы кæрты ис дон. 1986 азæй фæстæмæ хъæуы цæрджытæ пайда кæнынц æрдзон газæй. Хъæуы астæу лæууы дыууæуæладзыгон райдзаст астæуккаг скъо- ла, ам ахуыр кæны 556 скъоладзауы. 140 бынаты кæм и, уыцы сывæллæтты цæхæрадоны кусджытæ архайынц, цæмæй сабитæ рæзой æнæниз æмæ хъæлдзæгæй. Хъæууон клуб ацы зын заманты дæр йæ куыст нæ уадзы, ис дзы æртæ кафджыты къорды, фольклорон ансамбль æмæ фæндырдзæ- гьдцжыты къорд. Библиотекæйы арæзт æрцыд ацæргæ сылгоймæгты клуб «Æфсин». Хистæртæ арæх æмбæлынц фæсивæдимæ. Амбулаторийы ис хорз фадæттæ хъæуы цæрджытæн се ’нæниз- дзинад хъахъхъæнынæн. Хъæдгæроны ис алыхуызон заводтæ æмæ уыдон фыццаджыдæр сты адæмæн кусæн бынæттæ: дыууæ агуыридургæнæн заводы, æхсы- ры завод, туаггуыруадзæн завод, зетигæнæн завод, карзнозтгæнæн цех. Цæрджыты удæнцойæн хъæуы кусынц дыууæ афтечы æмæ фондз дуканийы. 21
Æз бирæ хатт сæмбæлтдæн æндæр хъæуты — кæм цины, кæм зианы, кæм та æндæр хъуыддæгты фæдыл. Æмæ никуы фехъуыс- тон мæ райгуырæн хъæу Хъæдгæроны тыххæй уайдзæфы, кæнæ зæрдæйæн хъыг чи уа, æндæр ахæм ныхас. Æдзухдæр, кæимæ æмбæлдтæн æмæ абон дæр кæимæ æмбæлын, уыдон зæрдæйæ, æнæхинæй æппæлыдысты æмæ абон дæр æппæлынц Хъæдгæронæй, цы адæм дзы цæры, уыдонæй. Стыр кад ис Ирыстоны Хъæдгæро- нæн æмæ хъæдгæройнæгтæн. Уый дызæрдыггаг нæу. Нæ рагон фыдæлты заман дæр Хъæдгæрон уыдис Ирыстоны хъæуты кадджындæртæй иу. Уæд æй фылдæр Куырттаты хъæу хуыдтой. Ацы хъæуы цæрджытæн хæхтæй сæ ралыгъды азыл нымад цæуы 1824 аз. Уæд, Берозты Б. П. йæ чиныг «Переселение осетин с гор на плоскость»,— зæгъгæ, уым куыд фыссы, афтæмæй ныр Суадаг кæм ис, уырдæм Куырттаты комы Карцайæ ралыгъ- дысты æртæ мыггаджы: Борсиатæ, Есиатæ æмæ Тезиатæ, æдæппæт 10 хæдзарæй. Ацардысты ам иу-цасдæр, стæй фæстæмæ алыгьды- сты, уымæн æмæ сæ тынг тыхсын кодтой кæсæг. Фæстæдæр ногæй Суадагмæ ралыгъди 100 хæдзарæй фылдæрæй æмæ сæм кæсгæттæ нал уæндыдысты. Фæлæ та уыдонæн дæр иудадзыгон бынат нæ рауадис. Суадагæй лидзын байдыдтой, ныр Фыййагдон кæм ис уырдæм. Ам æрцардысты, Берозы-фырт куыд зæгъы, афтæмæй дыууæ дихæй кæрæдзимæ хæстæг. Схуыдтой сæхи Уæллаг Хъæдгæрон æмæ Дæллаг Хъæдгæрон. Бæрæг нæу, ам цас фæцар- дысты, уый. Фæлæ æз мæхæдæг зæронд адæмæй куыд фехъуыс- тон, афтæмæй цæрæг адæмыл тæфсæг стых æмæ сæ бахъуыдис сæ цæрæн бынат аивын. Равзæрстой сæхицæн цæрынæн ног бынат Æрыдоны доны æмæ йæ къабаз Рæбыны доны æхсæн, ома, абон Хъæдгæрон кæм ис, уым. Ардæм фыццаг æрлыгъди 380 хæдза- ры. Раздæр æрлыгьдысты, ирон хъæуты æмæ мыггæгты истори хорз чи зыдта, уый - Хъайттаты Хъайтмырзæйы ныхасмæ гæгæ ахæм мыггæгтæ: Абæциатæ, Ардасентæ, Æлхъæцатæ, Æгкацатæ, Арбиатæ, Бокотæ, Биджелтæ, Баскатæ, Беджызтæ, Бутатæ, Гæлæбатæ, Гæбултæ, Гугкатæ, Демыратæ, Джериатæ, Джедыг- катæ, Дзанайтæ, Дзуццатæ, Дзаболатæ, Джыгкайтæ, Дзахотæ, Датъритæ, Заойтæ, Зыкъуыртæ, Къаболатæ, Кучитæ, Къацитæ, Хъаратæ, Лолатæ, Мецъатæ, Пагæтæ, Псхацъæтæ, Садыхъотæ, Созæтæ, Созанатæ, Томайтæ, Тохтиатæ, Тотратæ, Тедтойтæ, Тботæ, Тезиатæ, Узегатæ, Хæуытатæ, Хозитæ, Хæдарцатæ, Хостыхъотæ, Хуытъинатæ, Хæбыцтæ, Цоколатæ, Цæбитæ, Цæлыккатæ, Огьуатæ, Черчестæ, Бдайциатæ, Быгьуылтæ, Баситæ, Гуыбыратæ. 22
1947 азы сæрды рæстæджы æз ныхас кодтон Хъæдгæроны хистæртæй иу — Чехойты Хатуимæ. Уæд ыл 90 азæй фылдæр цы- дис. Хорз хъуыды кодта, йæ хъæуккæгтæ Суададжы дæр æмæ Фый- йагдоны дæр куы цардысты, уыцы рæстæг. Фæлæ Хату бынтон æнахуыргонд кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ бон нæ бацис зæгъын, хъæдгæройнæгтæ Суадажы дæр æмæ Фыййагдоны дæр цал азы фæцардысты, уый. Сæ ног бынаты хъæдгæройнæгтæ тынг зæрдиагæй бавнæлдтой зæххы æмæ фосы куыстытæм. Хъæдгæроны зæххытæн сæ арæнтæ хæццæ кодтой Джызæл æмæ Архонкæйы зæххытæм. Æмæ сæ зæххытæ хъæдгæройнæгтæ хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау. Абон уыцы зæххытыл цæрынц Суадаг, Хæтæлдон, Дзуарыхъæу, Май- рæмадаг, Рассвет æмæ Фыййагдон. Хъæуы фæзындис дыууæ хырхæйфадæны. Æмæ сын уый фадат радта хъæдæй аив æмæ райдзаст хæдзæрттæ кæнынæн. Уыцы дыу- уæ хырхæйфадæны сарæзтой Бокоты Гамбол æмæ Бокоты Гадæг- ко. Бирæ хъæуты цæрджытæ ластой Хъæдгæронмæ фадынмæ сæ хъæдæрмæг. Фæзынд иу-къорд агуыридургæнæн заводы. Хъæубæ- сты фæзынд дуканитæ дæр. 1880 азы хъæуæн йæ тæккæ астæу аразын байдыдтой дурæй ар- гъуан. Амадтой йæ грекъаг дæснытæ, разамынд та сын лæвæрдта, къухæй тынг дæсны чи уыд, уыцы Хъараты Габе. Аргьуан арæзт фæцис фæззæджы 1882 азы. Ацы хъуыддаджы фæдыл хъæубæсты уыдис стыр бæрæгбон. Ардæм æрцыдис бирæ уазджытæ. Ацы зынгæ хабары тыххæй газет «Терек»-ы рацыдис журналист Т. Загорскийы уац «Освящение церкви в селении Кадгарон». 115 азы размæ уырыссаг журналисты дисы бафтыдта, Хъæдгæрон куыд рæсугъд пъланыл арæзт у, уый. Тынгдæр та дис кодта, хъæуы уынгтæ куыд аив æмæ сыгьдæг сты, ууыл. Хъыгагæн, абон хъæуы уынгты сыгъдæгдзинадæй махæн нæ бон раппæлын нæу. Аргъуаны фæстæ хъæуы байгом ис райдайæн скъола. Æмæ кæд, хъæубæсты сывæллæттæн се ’ппæтæн амал нæ уыдис скъо- ламæ цæуынæн, уæддæр скъолайы байгом уыдис стыр санчъех размæ хъæубæсты цæрджыты астæу рухс ахуырад тауынæн. Хъæу рæзтис. 1866 азы дзы царди 396 хæдзары, 1886 азы - 498, 1900 азы - 784, 1917 азы-790, 1921 азы — 801 хæдзары. Хæхбæстæй быдырмæ адæм лыгъдысты æмæ лыгьдысты. Фæлæ, 23
кæй кæм фæндыд, уым æнцонæй нæ уыдис бындурон бынат скæнын, æмæ иу ахæм лидзæг адæмы æрбауагътой рæстæгмæ. Хуыдтой сæ «временный»-тæ. Абоны Хæтæлдоны цæрджытæ рæстæгмæ цардысты Хъæдгæроны. Хъæдгæроны «временный»-тæ цы мыггæгтæ царди, уыдонæй сæ хъуыдцаг хуыздæр рауад æртæ мыггагæн - Гæгулатæ, Мхциатæ æмæ Созæтæн. Адонæн бар лæвæрд æрцыдис хъæуы цæргæйæ баззайынæн. Бирæ хабæрттæ æрцыдис Хъæдгæроны абоны онг. Хорз æмæ æнамонд хабæрттæ дæр. Уыцы хабæрттæ хъæдгæройнæгтæн рохгæнгæ не сты. Сæ бирæ хорз хъуыддæгтæ та сын æппæт Ирыстон дæр баны- мадтой растыл, айстой сæ æмæ сæ æххæст кæнынц сæ царды, сæ цин æмæ сæ зианы дæр. Хъæдгæрон Ирыстоны нымад у кадджын хъæуыл. Кадцжын æй скодтой йæ цæрджытæ се ’гьдауæй, сæ фæллой, сæ зонд, сæ хъару æмæ се ’фсармæй. Уæрæсеимæ Ирыстон куы баиу, уæдæй фæстæмæ хъæдгæройнæгтæ æдзухдæр архайдтой Уæрæсейы æфсады рæнхъы- ты алы хæстыты дæр. Турчы хæсты (1877-1878) архайдтой: Æбæ- циаты Дзамболат, Хуытъинаты Къуындзих, Талханаты Барысби æмæ Хъараты Дударыхъо. Японы хæсты дæр (1904 азы) къорд хъæдгæройнаджы архайдтой: Æбæциаты Дзамболат, Къаболаты Дæхцыхъо, Гугкаты Дзæрæхмæт æмæ Гугкаты Аслæмырзæ, Датъриты Угьалыхъ, Огъуа- ты Хъæвдын, Хуытъинаты Басил æмæ æндæртæ. Фыццаг Германы хæстмæ 1914 азы Хъæдгæронæй барвæндонæй, сæхи саргъы бæхтыл ацыдысты 60 лæппуйы. Уыдонимæ: Æлхъаца- ты Сослан, Бокоты Тотраз, Гутнаты Алыксандыр, Гæлæбаты Ауыз- би, Гуытьиаты Елбыздыхъо, Томайты Адылджери, Хъазиты Быт- тыр, Хæуытаты Басил, Огьуаты Гаппæ, Дæтиаты Былдæ. 1941 азы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны агъоммæ Хъæдгæроны фæсивæдæй алыхуызон цинты Сырх Æфсады рæнхъыты службæ кодтой 45 афицеры. Хæсты кæронмæ ма ацы афицертæй æгасæй баззад 19. Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Хъæдгæронæй ацыдис бирæ фæсивæд. Бæлвырдгонд куыд æрцыдис, афтæмæй 1089 адæйма- джы. Уыдонæй нал сыздæхтис 537. Фæндзгæйттæ фæхъуыдис — 2 хæдзарæй; æртыгæйттæ — 16 хæдзарæй; дыгæйттæ - 64 хæдзарæй; иугæйттæ - 351 хæдзарæй. 24
Хъæдгæройнаг Гагкайты Асæбейы фырт Алихан ссис Советон Цæдисы Хъæбатыр. Хъæдгæронæй рацыдис 5 инæлары, æмæ сæ хъæдгæройнæгтæ сæ сæртæ хæссынц бæрзонд. Уыдон сты: Æбæциаты Хъасболаты фырт Дзамболат, Огъуаты Никъалайы фырт Созырыхъо, Огьуаты Созы- рыхъойы фырт Уырызмæг, Тедтойты Тепсыры фырт Темырболат, Къаболаты Налыхъы фырт Солтан. Уæдæ нæм булкъонтæ дæр ис: Æбæциаты Темырболат, Æбæ- циаты Бицко, Къаболаты Дæхцыхъо, Дзанайты Иликъо, Хъæрæца- ты Хадзыбечыр, Огъуаты Михал, Гагкайты Михал, Гагкайты Аха- дзы, Хуытъинаты Хадзыбечыр, Æбæциаты Афæхъо. Хъæдгæронæй рацыди бирæ зындгонд ахуыргæндтæ: Дзуцца- ты Ахадзы, Тедтойты Аслæнбег, Гагкайты Хъазан, Дулаты Риммæ. Зындгонд ирон поэттæ Ардасенты Хадзыбатыр, Хуытъинаты Цыппу, Хостыхъоты Зинæ, Гаджиты Барис, Цæлыккаты Зелимхан дæр сты нæ хъæуккæгтæ. Фыццаг ирон, йæ риуыл бæстæйы стырдæр хæрзиуæг «Ленины орден» кæмæн сæрттывта, уый уыдис хъæдгæройнаг Гутнаты Хъа- уырбеджы фырт Батырбег. Мæскуыйы, бæстæйы стырдæр танктæгæнæн завод № 37-ы директор. Октябры революци æмæ граждайнаг хæсты советон хицаудзи- надыл тохы фесгуыхт хъæдгæройнаг Айларты Знауыр. Уый хъæба- тырæй фæмард Хуссар Ирыстоны. Уым йæ номыл ис район — Зна- уыры район æмæ поселок. Уым Знауырæн ис стыр бюст. Стыр цымыдисаг у, хъæдгæройнæггы царды рагæй-æрæгмæ культурам æмæ спорт цы бынат ахстой, ууыл афæлгæст. Зарын, ка- фын, бæхыл бадын æмæ топпæй æхсынæй чи амбылдтаид мæ хъæук- кæгты! Национ спорты хуызтæй хъæдгæройнæгтæ се ’ргом фылдæр здæхтой топпæй æхсын æмæ бæхыл бадынмæ. Октябры революцийы рæстæджы змæстыты, мидхæст, коллек- тивизаци, 1937-38 азты æвирхъау хабæрттæ, æппынфæстаг, Фы- дыбæстæйы Стыр хæст æмæ уый фæстиуджытæ, кæй зæгьын æй хъæуы, иу-цасдæр фæурæдтой хъæдгæройнæгты архайд культурæйы, адæмон сфæлдыстадон куысты. Афтæ уыдис алы ран дæр. Хъæдгæройнæгтæ, зæгъæн ис, хихъæппæрисадон аивадмæ се ’ргом тынгдæр раздæхтой 1961 азы. Уæд Хъæдгæроны райгуырд æмæ æгас Ирыстоныл йæ ном айхъуыст нæ фольклорон зарджыты æмæ кафджыты къордæн. Æрбакодтам æм ацæргæ сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты, рауадис дзы диссаджы фольклорон ансамбль. 25
Хистæр адæм ма йæ хорз хъуыды кæнынц. Бирæ азты уый æнты- стджынæй архайдта республикæйы æмæ Уæрæсейы Федерацийы хихъæппæрисадон коллективты æркастыты æмæ æдзухдæр стыр уæ- лахизимæ здæхтис йæ райгуырæн хъæумæ. Тынг бирæ хæттыты Хъæдгæроны фольклорон ансамблы тыххæй фыстой центрон газетгæ дæр. Ныр ансамбль ногæй арæзт æрцыд. Æрбакодтам æм, аивад бирæ чи уарзы æмæ зæрдиагæй ансамблы чи архайдзæн, ахæм адæ- мы. Ныртæккæ кусæм литературон-музыкалон композици «Цæссыгæй хи æхсгæйæ цин»-ыл. Йе сценари йын ныффыстон мæхæдæг. Кæддæр районы æмæ республикæйы дæр йæ хъæздыгдзинадæй хъуыстгонд Кировы номыл колхоз абон экономикой æгъдауæй фехæлд. Йæ мулк, куыд фæзæгъынц, ныкъаппа-къупгга ис. Цы дзы рауайдзæн, цæмæ æрцæудзæн хъæубæсты экономикæ, уый зын зæгьæн у. Уæвгæ, æппæт Уæрæсейы экономикæ дæр хуыздæр уавæ- ры нæй. Зындгонд чи уыд æппæт Ирыстоны дæр, ахæм куырыхон, дзырд- дзæугæ лæттæй Хъæдгæрон ныры хуызæн хъуаг никуы уыд. Бирæ рæттæй цыдысты уыцы дзуапджын лæггæм агурæг алы хъуыддæгты фæдыл, тынгдæр та туджджынты фидауыны тыххæй. Алчи дæр сæ хъæубæсты стыр кадджын уыдис æмæ сæ ном баззадис хъæубæсты цæрджыты зæрдæты. Фæнды ма мæ иу хъуыддаджы тыххæй зæгьын. Хъæдгæронæн йæ кады кой 1959 азы айхъуыстис æппæт Сове- тон Цæдисыл. Уæд, 5-æм ноябры, Хъæдгæроны скъолайы ахуыр- дзауты бригад райста йæ хорз куысты тыххæй арфæйы тел уæды Советон Цæдисы падцзахады сæргьлæууæг Н. С. Хрущевæй. Айхъуыстис æппæт бæстæйыл Хъæдгæроны кой. Бирæ рæстæг центрон газеттæ, журналтæ æмæ радио кодтой Хъæдгæроны кой. Уый уыдис стыр кад уæды рæстæджы æрмæст Хъæдгæронæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр. Уæдæ фольклорон ансамблы кой дæр йæ рæстæджы айхъуыст æрмæст Советон Цæдисыл нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Хъæдгæройнæгтæ ногæй Ирыстоны аивад ахастой Ныгуылæн Ев- ропæмæ, нудæсæм æнусы куыд бакодтой, афтæ. Куыд зонæм, афтæмæй фæстаг заманты Хъæдгæронæй рацыд цалдæр хорз хъуыддаджы, Ирыстоны хъæуты æмæ горæтты зæрдæбынæй кæй айстой, ахæмтæ. Зæгьæм, хъæдгæройнæгтæ скод- той зарæг Хъалæгаты фондз æфсымæрыл. Ахæм хъæбатыры зар- джытæ конд æрцыдис бирæ хъæуты, хæсты чи фæмард, уыцы хъæба- тыртыл. 26
Æппæты разæй Ирыстоны хъæдгæройнæгтæ бауынаффæ код- той, сæ хъæубæстæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдонæн аккаг цырт сæвæрын. Ацы хъуыддагыл фыццаг хатт ныхас рауад 1965 азы 9 Майы митинджы. Уыцы митинг арæзт æрцыд, Германыл фæуæлахизыл 20 азы кæй рацыд æмæ хъæдгæройнаг лæппу Гагкайты Алиханæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном лæвæрд кæй æрцыд, уыцы хъуыддæгты кадæн. Ацы митинджы уыдысты уæды Цæгат Ирыстоны партийы обкомы фыццæг секретарь Хъæбæлоты Билар æмæ Республи- кæйы Министрты Советы сæрдар, не ’мзæххон Баситы Олег. Хъæбæлойы-фырт куы бамбæрста, хъæдгæройнæгтæ сæ зынг- хуыст фæсивæдæн сæ хъæуы астæу цырт сæвæрынмæ хъавынц уый, уæд загъта: — Уый у стыр хорз хъуыддаг. Мах хъæуы обкомы радон бюройы лæмбынæг æркæсын ацы фарстамæ æмæ рахæссын уынаффæ, цæмæй Ирыстоны алы хъæуы дæр æвæрд æрцæуа цырт, хъæубæстæй хæсты чи фæмард, уыцы фæсивæдæн. Уыцы хъæбатыртæ сты уый аккаг. Æмæ, æцæгæй, уæдæй фæстæмæ, æвæццæгæн, Ирыстоны нал ис ахæм хъæу, æмæ цырт арæзт кæм не ’рцыди. Ам дæр та Ирыстоны хъæутæ бафæзмыдтой Хъæдгæроны. ОГЪУАТЫ ХÆДЗАР Бинонты фарн Фæрнджын дæ рагæй, Огьуаты хæдзар, Дæуæн нæу тас æгад æмæ мæгуырæй,- Стыр Хуыцау дын ракодта лæвар: Фыдæй фыртмæ хæстон лæгтæ ам гуыры! Хæстон лæгæн та у йæ хъысмæт зын, - Æмбисондæн уый рагфыдæлтæй баззад. Японы хæстæй нал сыздæхт Хъæвдын, Гаппо Германы фыццаг хæсты баззад. 27
Æмæ та ног куы фæцыдис гæрах Фыдыбæстæйы Стыр ныббырсты артæй, Нæртон тох кодтат знагимæ сымах, Афицертæй, булкъонтæй, инæлартæй. Михал — булкъон, Мæирбег дæр - булкъон, Инæлартæй дæр хæдзар нæу æгуьтдзæг. Нæртон гуырдтæ, сæ нæмттæ дæр нæртон — Созырыхъо æмæ йæ фырт Уырызмæг! Дæ сахъ лæппутæн, Огьуаты хæдзар, Нæ бæсты дардыл айхъуыстис сæ хорз-кой, Æгьдауджын — царды, адæмæн — хæлар, Нæ Ирæн намыс, кад, цæсгом ыскодтой. Фæцæр дзæбæхæй, Огъуаты хæдзар, Ирыстоны дæ хорз хабæрттæ зонынц. Дæ ном æнусмæ кадимæ фæдар — Фæрнджын хæдзар дæу дзæгьæлы нæ хонынц! 1994 азы, 29 октябры, горæт Æрыдоны астæу парчы байгом номдзыд ирон инæлар, Турчы хæсты (1877-78 азтæ), Японы хæсты (1904 аз) æмæ фыццаг Германы хæсты хъæбатыр Хоранты Созы- рыхъойы цыртдзæвæн. Бæрæгбонмæ æрæмбырд сты мингай адæймæгтæ куыд Æрыдонæн йæхицæй, афтæ республикæйы алы хъæутæй æмæ горæттæй. Ирыстон уыцы бон стыр кад скодта йæ намысджын фыртæн — инæлар-лейтенант Хоранты Созырыхъойæн. Хоранты Созырыхъойы цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын бар лæвæрд æрцыдис Хораны-фырты æмном инæлар-лейтенант Огъуаты Созырыхъойæн. Огьуаты инæлар зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загьта Хораны-фырты тыххæй. ...Огъуаты мыггагæй Хъæдгæроны раздæр дæр бирæ хæдзæрггæ нæ цардис. Мах рæстæджы та дзы цæры — ноджы къаддæр. Фæлæ ацы мыггаджы фæсивæд рагæй-æрæгмæ дæр уыдысты хæстон адæм. Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уæдæй фæстæмæ Уæрæсе цы хæстыты бацыди, уыдонæй алкæцыйы дæр Огьуаты мыггагæй уыди зынгæ лæгтæ. Зæгьæм, Огьуаты Биццæ хæцыдис Турчы хæсты 1877-78 азты. Сыздæхтис Георгийы цалдæр дзуаримæ. Огъуаты Хъæвдын хæцы- дис Японы хæсты 1904 азы æмæ фæмард Мукдены бынмæ. Огьуатæ цалдæрæй хæцыдысты фыццаг Германы хæсты. Ацы хæсты дæр æвыдæй нæ баззадысты — Гаппо фæмард Галицийы 1916 азы. 28
...Огъуаты Микъала æмæ Садыхъоты Алыксы цардысты лымæнæй. Микъала æмæ йæ бинойнаг Салинка æнхъæлмæ кас- тысты фыццаг сывæллонмæ. Уыцы хъуыддаг Алыксы бамбæрста, куыддæр Салинкайы федта, афтæ. Æмæ, сæ хæдзары сæмбæлгæйæ, стъолы уæлхъус йæ сæры бацыдис иу фæнд: гуыбынмæ ном сæвæра. Дыууæ лæджы фæйнæ цалдæры куы анызтой, уæд Алыксы фæныфсджын ис æмæ загьта: — Микъала! Куыд æмбарын, афтæмæй тагьд дæ бинонтыл бафт- дзæнис ног гуырд. Хуыцау æй лæппу фæкæнæд! Æмæ, æцæгдæр, афтæ куы рауайа, уæд æз уыцы лæппуйыл æвæрын ном - Созы- рыхъо. Хуыцау ахæм арфæ дæр ракæнæд, æмæ Ирыстоны кад- джындæр æмæ намысджындæр лæгтæй иу - Хоранты Созыры- хъойы хуызæн лæг куыд суа! Бирæ рæстæг нæ рацыдис, афтæ Салинкайæн æцæгæйдæр лæпгту райгуырдис. Уæдмæ сыхбæстæ æмæ хионтæ зыдтой, лæппуйыл Садыхъоты Алыксы гуыбынмæ ном кæй сæвæрдта, уыцы хъуыддаг. Уый уыдис 1917 азы. Цалдæр боны фæстæ Микъала арвыста йæ хионтæм, йæ сыхбæстæм æмæ йæ лымæнтæм. Æрхуыдта сæ номæвæрды куывдмæ. Бирæ хорз арфæтæ фæкодтой куывды лæгтæ ноггуырд Созырыхъойæн, йæ мад æмæ йæ фыдæн, йæ ном æвæрæгæн. Се ’ппæтдæр кодтой иу арфæ: Огьуаты ноггуырд лæппу Созырыхъо йæ æмном инæлар Хоранты Созырыхъойы хуызæн стыр лæг суæд! ...Цыдис рæстæг. Æртæ азы фæстæ Микъала æмæ Салинкайæн райгуырдис дыккаг лæппу. Ууыл та сæвæрдтой ном Мæирбег. Уый уыдис 1920 азы. Лæппутæ хорз рæзыдысты, тынг сыл цин кодтой мад æмæ фыд, фыды æфсымæртæ Дзибокка æмæ Михал, бинонтæ се ’ппæтдæр. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. 1923 азы Хъæдгæроны фæсивæд иу къордæй, уыдонимæ Огьуаты Микъала дæр, ацыдыс- ты уæрдæттæ æмæ бричкæтыл Стъараполы губернимæ мæнæуы ссад ласынмæ. Фæстæмæ цæугæйæ Мæздæгæй иу-60 километры дарддæр бæлццæттыл æрхæцыдысты абырджытæ. Истой сын сæ бæхтæ æмæ се ссæдтæ. Фæлæ кæм! Бацайдагъ дыууæты æхсæн карз хæст. Гил- дзытæ дыууæтæм дæр куы нæуал фаг кодта, уæд бацыдысты хъæбыс- хæсты. Микъалайæн уæдмæ нæмыг йæ сæрыл сæмбæлдис æмæ фæмард. Огьуаты Микъалайы дыууæ æнахъом сабийы, Созырыхъо æмæ Мæирбег, баззадысты сидзæрæй. Огъуаты дыууæ æфсымæры скъолайы ахуыр кодтой тынг хорз. Созырыхъо каст фæцис авд къласы. Бацыд рабфакмæ. Иу-ахæмы кæцыдæр газеты бакаст, Симферополь! артиллерион училище исы 29
курсанттæ, зæгьгæ. Ныууагъта рабфак æмæ Симферополь! балæу- уыдис. Иттæг хорз радта фæлварæнтæ, ссис æфсæддон училищ- ейы курсант. Иуæрдыгæй æххæст кæнын байдыдтой Садыхъоты Алыксыйы арфæтæ, иннæрдыгæй та Созырыхъо уыд Огъуатæй. Ацы мыггаг та рагæй дæр, уæлдæр куыд загътам, афтæ, уыдис хæстон лæгты мыггаг. Фыды фарн, æцæгæйдæр, мæрдтæм нæ хастæуы! Созырыхъо æфсæддон училище касг фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæст æй æрæййæфта зе- нитон батарейы командирæй. Цы полчъы службæ кодта, уый тагъд рæстæджы аппæрстой Мæскуыйы бынмæ, Мæскуы знаджы уæл- дæфон бырстытæй хъахъхъæнынмæ. Мæскуымæ алы ’хсæв знаджы хæдтæхджытæ афтæ бирæтæй бырстой, æмæ Созырыхъо йæхæдæг куыд зæгьы, афтæмæй-иу йæ цыппар сармадзанæй алкæй дæр бахъ- уыдис æхсæв 300 хатты фехсын. Йæ батарейæн æнтыстджын раза- мынд кæй лæвæрдта, уый тыххæй тагьд рæстæджы Созырыхъойæн баргонд æрцыдис зенитон сармадзанты дивизион, æмæ уымæн дæр æрыгон афицер лæвæрдта арæхстджын разамынд. Уæды паддзахады разамынд дардыл хьуыды кодта. Хъуыды кодта ууыл дæр, æмæ хæсты кæронмæ бирæ инæлартæ æмæ афицертæ æгас нал уыдзысты, бирæтæ та зæронд бауыдзысты æмæ сæ хъару нал уыдзæн æнтыстджынæй æфсæдтæн разамынд дæттын. Æмæ æфсæддон хæйтты разамонджытæн хæсгонд уыдис, цæмæй лæмбынæг ахуыр кæной, сæ дæлбар цы æрыгон афицертæ ис, уыдо- ны. Æвзарын хъуыдис уыдоны ’хсæн æппæты зæрдæргъæвддæрты, æгъдауджындæрты, Райгуырæн бæстæйыл æнувыддæрты. Уыдон æрвыст цыдысты Сырх Æфсады алыхуызон академитæм. Куыд не ’рхæцыдаид уæлдæр командæгæнынадæн йæ цæст хæдæфсарм, æгьдауджын æмæ зæрдæргьæвд афицер Огьуаты Со- зырыхъойыл. Равзæрстой йæ бирæ йæхи хуызæн æрыгон афицерты астæуæй æмæ йæ арвыстой ахуыр кæнынмæ Дзержинскийы номыл артиллерион академимæ. Созырыхъо академи каст фæцис æмæ та йæ дарддæр арвыстой хæцæг æфсадмæ. Хæсты фæстæ къорд азы Огъуаты афицер службæ кодта Бакуйы. Ам ссис артиллерийы полчъы æмæ дивизийы командир дæр. Ам, Бакуйы, райста булкъоны цин дæр æмæ инæлар- майоры цин дæр. Бдкуйы фæстæ Созырыхъо къорд азы уыд Белоруссийы. Уæд уæлдæфон ныббырстæй хьахъхъæныны Ныгуылæн хæстон окру- джы æфсады цæттæдзинад бæрæг кодта ССР Цæдисы хъахъхъæны- нады министры хæдивæг инæлар Маряхин. Йæ куыст куы фæцис, 30
уæд ацы бæрнон инæлар æрæмбырд кодта окруджы уæлдæр коман- дыгæнæг разамонджыты æмæ бæлвырд æрныхас кодта, уыдоны куысты цы хъæндзинæдтæ рабæрæг ис, уыдоныл. Бирæтæм дзы æрхаудис стыр уайдзæфтæ. Куысты фæзминагæн та сын министры хæдивæг бацамыдта Огьуаты инæлары. Фæстагмæ Маряхин загьта: — Ам цыдæриддæр инæларæй ис, уыдонæй хæстæгдæр рæстæджы уæлдæр цин райсынмæ инæлар Огъуаты Созырыхъо йеддæмæ æнхъæлмæ мачи кæсæд. Æмæ, æцæгдæр, тагъд рæстæджы фæстæ ссыдис ССР Цæдисы Министрты Советы уынаффæ, инæлар-майор Огьуаты Созыры- хъойæн инæлар-лейтенанты цин раттыны тыххæй. Ацы уынаффæйы йæ къух бавæрдта Министрты Советы Сæрдар А. Н. Косыгин. Огъуаты инæларæн йæ фæндаг ноджыдæр фæуæрæздæр, йæ кад фæуæлдæр. Æмæ йæм иу ахæмы фæсидтысты партийы Центрон Комитетмæ Мæскуымæ. Ам уымæ æнхъæлмæ кастис ЦК-йы административен оргæнты хайады сæргьлæууæг Савинкин. Уый йын фехъусын кодта, Бакуйы уæлдæфон хъахъхъæнынады æфсæддон окруджы командæгæнæджы хæдивæгæй нысангонд кæй æрцыдис, уый. — Хæстæгдæр цалдæр боны, дæ бæсты кæй снысан кодтам, уыцы инæлар æрбацæудзæнис горæт Барановичмæ, ды уымæ ратдзынæ корпусæн командæкæнынады бартæ æмæ ацæудзынæ Бакумæ, цы ног куыстмæ дæ снысан кодтам, уырдæм, - загьта фæстагмæ Савинкин. Бирæ хатг адæймаг уынаффæ куыд бакæны, йæ хъуыддæгтæ афтæ нæ рауайынц. Æмæ ацы хатт дæр афтæ рауад. Созырыхъойыл, Ба- рановичмæ йæ бинонтæм, йæ куыстмæ нæма бахæццæ, афтæ æрцыди стыр бæллæх: цы рог машинæйы бадт, уый æвиппайды бахаудис, бетонæй йæ тæккæ дзаг чи уыдис, ахæм стыр уæзласæн МАЗ-ы бынмæ. Æрбаластой йæ Минскмæ тынг уæззау уавæры. Ам æм дох- тыртæ сæ ныфс нæ бахастой æмæ йæ уæд хæдтæхæджы æвæстиатæй аластой Ленинградмæ, æфсæдцон медициной академимæ. Йæ сæры стæг уыдис цалдæр^раны хъæн. Пырх уыдысты йæ дыууæ зæнджы дæр, йæ фæрстæ. Иæ буар иууылдæр уыдис уæззау цæфтæ æмæ хъæдгæмттæ. Бирæ рæстæг бахъуыд Созырыхъойы хуыссын ацы ран. Фæлæ, Хуыцауæй разы, йæ уд аирвæзт, кæд йæ иу къахæй фæкъуылых ис, уæддæр. Йæ кармæ гæсгæ нырма уымæн æмбæлдис службæ кæнын. Фæлæ Созырыхъойæн йæ хъару нал амыдта бæрзонд бы- нæтгы æнтыстджынæй кусын. Æмæ йын, Мæскуыйы цалдæр куыстæй бар куы радтой равзарынмæ, уæд равзæрста ам, нæхимæ, Дзæу- 31
джыхъæуы зенитон-ракетон уæлдæр училищейы хицауы бынат. Æмæ, æцæгæйдæр, цалдæр азы бакуыста ацы училищейы хица- уæй, цалынмæ пенсимæ нæ рацыдис, уæдмæ. Афтæ сты йæ царды æмæ тохы фæндæгтæ цыбырæй, сидзæрæй чи схъомыл, уыцы хъæдгæройнаг лæппу, ныртæккæйы инæлар- лейтенант Огьуаты Созырыхъойæн. Нæ ныхас æххæст нæ уыдзæн, Созырыхъойæн^иу-дыууæ ныха- сы йæ бинонты тыххæй куы нæ зæгьæм, уæд. Йæ мад Салинка амард цалдæр азы размæ. Бирæ хæттыты йæ Созырыхъо акодта, йæхæдæг цы рæтты цард, уыцы рæттæм: Бакумæ, Белоруссимæ. Фæлæ æцæгæлон бæстæйы зæронд сылгоймаг бирæ цæрын никуы фæрæзта æмæ та-иу æй кæнын бахъуыдис фæстæмæ Ирыстонмæ, Хъæдгæронмæ. Созырыхъойы бинойнаг Заретæ, Дзуццаты Гришæйы чызг, рай- гуырд æмæ схъомыл Хъæдгæроны. Ирон æгъдауæй, ирон хæринæгтæй, ирон фынгæвæрдæй, ирон уазæгуарзондзинадæй дард бæстæты дисы æфтыдта, йæ лæгимæ чи службæ кодта, уыцы адæ- мты. Кæй зæгьын æй хъæуы, уый стыр ахъаз уыдис Созырыхъойы кадæн, йæ авторитетæн. Заретæ ныртæккæ æгас нал у, амардис 1996 азы фæззæджы. Æнæ зæгьгæ нæй Созырыхъо æмæ Заретæйæн сæ дыууæ лæппуйы тыххæй дæр. Сæ фыды фырттæ! Хистæр Сергей бирæ азты кусы æдцагон базарады системæйы стыр бæрнон бынæтты. Кæстæр, Уырызмæг, ацыдис йæ фыды фæндагыл — фæкодта æфсæддон службæ. Баййæфта йæ фыд Созырыхъойы: ссис инæлар-лейтенант. Службæ кодта Дард Хурыскæсæны, куыста бæрнон бынæтты - фыц- цаг æфсады штабы хицауæй, уый фæстæ та 11-æм æфсады ко- мандæгæнæгæй. Ныртæккæ кусы нæхи республикæйы. Ницы зæгьæн ис Огьуаты чындзытæй дæр. Хистæр, Мæдинæ, у Ирыстоны зындгонд ахуыргонд æмæ дохтыр, Цæгат Ирыстоны падцзахадон медициной академийы раздæры ректор Тотраты Максимы чызг, уæздан æмæ хæдæфсарм адæймаг. Кæстæр чындз Светланам дæр дæлдæр нæ лæууы йæ хистæр файнустæй. Куыд нæ уа буц æмæ сæрыстыр Созырыхъо йæ цотæй, йæ чын- дзытæй æмæ сæ цоты цотæй! Хуыцау фылдæр раттæд ахæмтæ! Иу-дыууæ ныхасы æнæ зæгьгæ нæй Созырыхъо æмæ йæ бинонты удыхъæд æмæ хæдæфсармдзинады тыххæй. Адæмы зæрдæмæ тынг цæуы уый, æмæ Созырыхъо никуы рох кодта æмæ ныр дæр нæ рох кæны йæ райгуырæн хъæу, йæ сыхæгты. Дард бæстæты службæ кæнгæйæ-иу Созырыхьо кæддæриддæр 32
рæстæг ссардта йæ уарзон хъæубæстæм ссæуынмæ, йæ зонгæты, йæ хиуæтты фенынæн. Ныртæккæ нæхимæ, Дзæуджыхъæуы, цæргæйæ, уый арæх цæуы Хъæдгæронмæ. Иуæй-иуты хуызæн йæхи нæ иуварс кæны йæ æмзæххонтæн сæ цинæй æмæ сæ зианæй. Йæ фыртгæ Сергей æмæ Уырызмæг дæр афтæ. Уый тыххæй уæлдай уарзт кæнынц Хъæдгæроны Огьуаты бинонты. Ацы хæдзарæй уыцы иу рæстæг рацыдысты: Созырыхъо — инæ- лар-лейтенант; йæ фырт Уырызмæг - инæлар-лейтенант; йæ фыды ’фсымæр Михал — булкъон; йæхи æфсымæр Мæирбег - булкъон. Æцæг диссаг! Зын зæгъæн у, искуы-ма æндæр ран ахæм би- нонтæ разындзæнис, уый. Æфсæддон, хæстон лæгтæ уой, уый сын сæ фыдæлтæй баззадис Огьуаты мыггагæн. Æз мæ ныхасы рай- дайæны загътон, Огъуаты фыдæлтæ цавæр хæстыты уыдысты, кæмыты фæмард сты сæ фæсивæды хуыздæртæ. Фыды фарн мæрдтæм нæ хастæуы, фæзæгьынц. Нæ ахастой ацы мыггаджы хистæртæ дæр сæ фарн мæрдтæм семæ. Ныууагътой йæ, сæ фыдæ- лты фарны аккаг чи у, уыцы кæстæртæн æмæ йæ уыдон абон дæр кадимæ хæссынц. Кад æмæ намыс ахæм кæстæртæн! Амондджын ном сæвæрдта хъæдгæройнаг Садыхъоты Алыксы æртæ æмæ цыппарыссæдз азы размæ йæ хорз лымæн Огьуаты Ми- къалайы ноггуырд лæппуйыл гуыбынмæ — Созырыхъо. Амондджын арфæ схаудта уæд Алыксыйы дзыхæй, ноггуырд Созырыхъо Хоран- ты инæлар Созырыхъойы хуызæн лæг суæд, зæгьгæ. (Диссаг та куыд нæ у: Хоранты Созырыхъо цыд гыццыл къуылых, Огьуаты Созырыхъо дæр гыццыл у къуылых). Æрцыдис Алыксыйы арфæ Огьуаты бинонтыл. Дывæрæй нæ, фæлæ дзæвгар фылдæрæй: хæдзар байдзаг ис инæлар æмæ булкъонæй. Æз 1994 азы 29 октябры Æрыдоны горæты астæу куы кастæн, инæлар-лейтенант Огъуаты Созырыхъо куыд байтом кодта инæлар- лейтенант Хоранты Созырыхъойы цыртдзæвæн йæ æмбæрзæнæй мингай дзыллæты раз, уæд мæ зæрдыл æрлæууыдысты Садыхъоты Алыксыйы номæвæрд гуыбынмæ æмæ номæвæрæджы арфæтæ. Æз ахъуыды кодтон: царды цы нæ æрцæудзæнис, ахæм хъуыддаг нæй. Æлгьыст дæр æрцæуы æмæ арфæ дæр. Æмæ уыл, нæ Ирыстоны адæм, хорз арфæтæ цæуæд! €€©§* 3 Бокоты Солтан 33
АРТЫ НÆ СЫГЪДИ, КУЫСТЫ НÆ ФÆЛЛАД Мах ын дыккаг бон капекгай æмхуызонæй æрæмбырд кодтам æхца. Уый балхæдта билет, фæлæ йын æнæнхъæлæджы дыууæ дихы фæци. Клубы дуаргæсæй куыста цавæрдæр расыггæнаг Данил. Уый ахæм скъуыд билетимæ Аслæмырзæйы мидæмæ нæ уагьта. Лæппу лæгьстæтæ кодта, куыдта. Уæд æй Данил йæ къахæй сцавта, лæппу ахауд æмæ йа фындзы пырх акалд. Данил йæхиуыл дуар ахгæдта. Сидзæр Аслæмырзæйæн йæ маст бынтондæр рафыхт æмæ дуримæ бабадт Данилы рацæуæны. Куы рацыд, уæд ын лæппу йæ сæрыл дур ныццавта, йæхæдæг алыгъд. Уыцы æхсæв уый хуыссыдис Сау- куыдзтæм, æмæ йын хабар радзырдта. Цалдæр боны фæстæ чидæр ныхас бахаста, Данилы сæр, дам, Саукуыдз ныццавта. Æмæ Саукуыдз фæбадт æнаххосæй дыууæ мæйы ахæстоны. Куы рацыд, уæд радзырдта йе ’мбæлттæн, ноджыдæр ма, дам, фабадтаин, уæдцæр, дам, Аслæмырзæйы не схъæр код- тайн. Уый, дам, сидзæр у, стæй, дам, аххосджын дуаргæс Данил уыд. Ацы хабар куы æрцыд, уæд Саукуыдз ахуыр кодта фарæстæм къласы. 1941 аз, июны мæй. Цыдысты скъолайы дæсæм кълæсты фæлварæнтæ. Алкæмæ дæр уыдис уынаффæтæ дарддæр ахуыр кæнынмæ. Чи йæ зыдта, нæ фæсаууонæй нæм цы касти, уый. Æмæ æрцыд 22 июнь. Поэт куыд загьта: «Нынкъуысыд зæхх, нын- нæрыд бæстæ». Райгуырæн бæстæ бахауд мæлæтдзаг тасы. Æрцыди, алкæмæн дæр йæ лæджыхъæд равдисынæн фадат. Æмæ цыдысты лæппутæ хæстмæ. Саукуыдз дæр загъта «хæрзбон» йæ мад æмæ йæ иунæг хойæн æмæ ацыди æфсадмæ. Хæстон ахуыр фæуæвгæйæ, йæ æфсæддон хаймæ ацыд. 1942 азы Сталинградмæ бацæуæнты карз хæстыты бахауд уацары. Немыцаг лагеры иу йе ’мхъæуккагыл сæмбæлд æмæ уыимæ æхсæвыгон алыгъдысты. Бирæ фыдæбæтты фæстæ дыууæйæ дæр æрбахызтысты фронты сæрты, нæхи команды гæнынадæн бæлвырд радзырдтой сæ хабæрттæ. Цыбыр ныхасæй, Саукуыдз та фæстæмæ ацыд хæцæг æфсадмæ. Ацы хатт бахауд Плиты Иссæйы бæхджын механизацигонд къорд- мæ пулеметчикæй. Æмæ та ногæй райдыдтой йæ хæстон бонтæ. Нал фæцух уæдæй фæстæмæ Саукуыдз, йе ’мзæххон Плийы-фырт кæмæн командæ кодта, уыцы æфсæддон къордæй. 34
Горæт Одессæйы хæстыты Саукуыдзæн нæмыг йæ риуыл сæмбæлд йæ хъуырмæ хæстæг æмæ йæ къæбутæй иннæрдæм ахызт. Фæлæ йын ницы уыд. Иу-цасдæр госпитæлы аххуыссыд æмæ та фæстæмæ йæ æфсæддон хаймæ ацыд. Ам Плийы-фырты къухы службæ кæнгæйæ хæстыты тæмæны Саукуыдз бацыд Коммунистон партийы рæнхъытæм. 1945 азы апрелы кæрон знаджы бомбæ æрхаудта, Саукуыдз пулемет «Максим»-æй кæцæй æхста, уымæ хæстæг. Саукуыдзы æд пулемет аппæрста иуварс цалдæр метры. Кæд ыл бомбæйы схъистæй ницы ауад, уæддæр райста уæззау контузи. Уæлахизы бон æй æрæййæфта госпитæлы. Цалдæр мæйы уым фæсад, стæй æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ. Уæлдæр куыд загьтон, афтæмæй, Саукуыдз æмæ уый карæнтæ фронтмæ ацыдысты, куыддæр дæсæм кълас каст фесты, афтæ. Ныр хæст уæлахизæй фæци æмæ ма, лæппутæй чи сыздæхт, уыдон цы- дысты ахуырмæ. Саукуыдз дæр бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты историон факультетмæ. Хæсты фæстæ ахуыр кæнын уыдис тынг зын. Зæронд мад Ве- рычкæйæн дæр йæ бон цастæ æххуыс уыд йæ фыртæн. Фæлæ хæсты быдыры бирæ зындæр уыдис, æмæ Саукуыдз йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта, 1950 азы æрвыст æрцыд йæ райгуырæн хъæуы скъо- лайы ахуыры хайады хицауæй. Уæд цалдæр хатты фæдзырдтой Саукуыдзмæ районы хæстон комиссарадмæ. Алы цыдæн дæр та-иу уымæн йæ риуыл бакодтой ног хæстон хæрзиуæг: дыууæ хæстон Сырх тырысайы ордентæ, иу Сырх стъалыйы орден æмæ цалдæр майданы. Афтæ рауад, æмæ цалынмæ Саукуыдз хæсты уыдис, уæдмæ амал не ’рцыд уымæн йæ хæрзиуджытæ раттынæн. Æмæ хæрзиуджытæ сæ хицауы ссардтой хæсты фæстæ. Елхъанаты Саукуыдз Плиты Иссæйы бæхджын механизацигонд къорды хæстыты фæци æртæ азы бæрц. Бирæ хæттыты сæмбæлд Иссæйыл хæсты быдыры. Бирæ мысинæгтæ уыд ныффыссæн Саукуыдзы ныхæстæй Иссæйы тыххæй. Фæлæ чи уыд æнхъæл, Саукуыдз афтæ æнæнхъæлæджы æрбайсæфдзæн. Хъыгаг у, тынг хъы- гаг, уый Иссæйы тыххæй йæ бирæ мысинæгтæ ингæнмæ кæй аха- ста. Саукуыдз Хъæдгæроны скъолайы зæрдиагæй фæкуыста 1979 азы онг. Фæстаг рæстæг хъаст байдыдта йе ’нæниздзинадæй, фæлæ йæ куыст нæ уагъта. Уæдæ цы уæззау цæф фæци, уый дæр лæвары кæм ацыд. Æмæ иу-цасдæр асæйыны фæстæ, 1979 азы сентябры, амард. 35
Æз уæлдæр дзырдтон Саукуыдзы хæларзæрдæйы тыххæй. Дис- саг уыдис йæ удыхъæд. Адæймаджы бафхæрыны, адæймагæн зæрдæниз скæныны бæсты, уый цыфæнды зынæн дæр бафæрæзта- ид. Уыцы хъуыдцагæй уый мах æфтыдта стыр дисы. Иуæй-иутæ сæ маст сæ амæлæты бонмæ дæр нæ рох кæнынц. Æмæ, кæм æргомæй, кæм сусæгæй, архайынц сæ хæс райсыныл. Саукуыдз уыдонæй нæ уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ маст уый дæр нæ рох кодта. Фæлæ никуы архайдта нæдæр сусæгæй, нæдæр æргомæй йæ хæс райсыныл. Уыдис ахæм хабар. Иу адæймагæн йæ зæрды æрæфтыд Саукуыдзы куысты бынат байсын. Æмæ æрлæууыд провокаторы фæнда- гыл. Цалдæр адæймагимæ баныхас кодта, цæмæй йын уыдон ныл- лæууыдаиккой мæнг æвдисæнтæ. Йæхæдæг ныффыста дунейы диссæгтæ, Саукуыдз йæ фыны дæр кæй никуы федта, ахæмтæ. Бацамыдта мæнг æвдисæнты, уыдон дæр цъыфкалæджы фарс фæлæууыдысты. Саукуыдз æнæисты аххосæй тынг æфхæрд баййæ- фта. Фæлæ, партион уæлдæр оргæнтæ хъуыддаг бæлвырд куы рав- зæрстой, уæд Саукуыдзы ныууагьтой партийы рæнхъыты æмæ йæ куысты. Алкæмæ дæр диссаг касти уый, æмæ Саукуыдз уыцы чъизи адæймæгтæм зулдзых нæ фæци. Цæрæнт, дам, гъе уыцы цæсго- мимæ адæмы астæу. Æз, дам, уыдонмæ нæ бæллын. Уæлдæр загътам Саукуыдзæн йæ хæдæфсармдзинады тыххæй дæр. Бирæ хаттыты иу скъолайы дæр, хъæуы Культурæйы хæдзары дæр æмæ æндæр рæтты дæр хæсты иннæ ветерантимæ Саукуыдзы бахъуыд дзурын фæсивæды раз. Æмæ-иу уæд æдзухдæр кодта йæ хæстон æмбæлтты хъæбатырдзинады кой. Йæхи тыххæй — ницы. Иу хатт ын фæсивæдæй иу афтæ зæгьы: — Савелий Николаевич, мах иууылдæр зонæм, дæуæн цавæр стыр хæрзиуджытæ радтой хæсты рæстæджы, уый. Æмæ-ма нын зæгъ уæд та сæ иуы тыххæй, цæй тыххæй дын æй радтой? Саукуыдз бахудти æмæ загьта: — Æз ницы ахæмæй сарæзтон фронты, кодтон æрмæстдæр, мæ хæстон æмбæлттæ цы кодтой, уый. Ныхас кæм рацыд, уым зæгъын æмбæлы, скъолайы ахуырдзау- ты хъомыл кæнынæй уæлдай Саукуыдз тынг бирæ кæй куыста хъæуы фæсивæды хæстон-патриотон хъомыладыл. Саукуыдзæн уыдис, цы радзырдтаид, уый æмæ-иу æм алыхуызон изæрты æмæ фембæлдты фæсивæд хъуыстой бæстон æмæ лæмбынæгæй. Куыд загьтон, афтæмæй нæ уарзта йæ хæстон хъуыддæгтыл дзурын. Йæ хабæрттæй бирæты, æвæццæгæн, мах нал базондзыстæм. 36
Фæлæ се ’ппæт нæ басусæг уыдзысты. Ууыл тынг фидарæй ис зæрдæдарæн. Иу ахæмы Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты кусæг Хуыдæлты Темырсолтан уыдис Советон Цæдисы цент- рон хæстон-историон архивы. Ам, Фыдыбæстæйы стыр хæсты гæххæттытæм кæсгæйæ, уый фембæлд мæнæ ахæм фыстытыл: «Гвардийы хъазахъхъаг Елхъанаты Савелий Никъалайы фырт, æнæпартион, ирон, хъæдгæройнаг, 4 эскадроны, 32 гвардион пол- чъы 9-æм гвардион дивизийы станокджын пулеметæй æхсæг. Горæт Слуцкыл хæстыты йæ пулеметæй скуынæг кодта знаджы танкты ныхмæ хæцæнгарзы расчет, ныппырх кодта знаджы пулемет. Горæты уынгты уæззау хæстыты ныццагьта, агъуысты сæртæй чи æхста, знаджы уыцы автоматчикты. Елхъаны-фырты руаджы эскадрон размæ цыд æнæрлæугæйæ æмæ уæгьд кодта горæт знагæй. Æмбал Елхъаны-фырт æвдыста стыр хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад уынгты хæцгæйæ, йæ æмбæлттæн уыд фæзминаг, æдзухдæр-иу æппæты разæй ацыд атакæйы æмæ йæ фæдыл кодта эскадроны хæстонты. Горæт Слонимыл хæстыты Елхъаны-фырт æппæты разæй бахызт доныл æмæ æппæты фыццаг бахæццæ горæты уынгмæ. Ам уый йæ пулеметæй дæрæн кодта знаджы. Елхъаны-фырты къухæй знагæй фæхъуыдис 30 салдаты æмæ афицеры, пырх æрцыд цалдæр пулеметы. Хъæу Вериолейы раз Саукуыдз æртæ суткæйы дæргъы пырх кодта, рахизæрдыгæй ныццæвынмæ чи хъавыд, знаджы уыцы карз атакæтæ, иу иинæйы фæдыл. Елхъаны-фырты уыцы архайды фæрцы полк ацыд йæхæдæг размæ, æмæ знаг æрцыд дæрæнгонд. Йæ активон хæстон архайды тыххæй ССРЦ-ы Сæйраг Советы Президиум Елхъаны-фыртæн радта хæстон Сырх тырысайы орден». Ацы ран æрхастам æрмæстдæр æртæ цауы Елхъанаты Саукуы- дзы хæстон биографийæ, фæлæ уыдон дæр бæрæг кæнынц, уый кæй уыд йæ Райгуырæн бæстæйы фырт, иузæрдион патриот. Уæлдæр цы ныхас æрцыд, уый фæстæ зæгъæн ис æрмæстдæр афтæ: коммунист, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты активон архайæг Елхъанаты Саукуыдз йæ цард æнæзæрдæхудтæй радта йæ адæмы амондыл. Уый уыдис фæзминаг хæсты дæр, царды дæр, куысты дæр. Æмæ йæ уымæн нæ рох канынц райгуырæн хъæу стырæй- чысылæй. Мæнæн та мæ хъустыл уайынц зæронд усы ныхæстæ: «Цымæ алкæй дæр уымæй бар нæй, цæмæй адæмæн уарзон уа?» 37
СОСЛÆНБЕДЖЫ ЧИНЫГ Хорз лæгтæ бирæ уыдис махмæ, Хъæдгæроны. Абон дæр рох не сты. Сæ фæстæ ныууагътой бирæ зондджын ныхæстæ, æмæ сæ адæм абон дæр æрæмысынц. Уыцы лæгты кой куы ракæнæм, уæд фыц- цагдæр зæгъын хъæуы Тед- тойты Хъанцауы фырт Со- слæнбеджы ном. Кæд раджы амардис, уæддæр æй адæм абон дæр нæ рох кæнынц. Со- слæнбег уыдис бирæ бæстæты. Æмæ цы радзырдтаид, уый . йын уыдис. Зæронды бонмæ | уыд цæрдæг. Йæ алы ныхасы дæр уыдис худæджы æлхыскъ. Нæ адæмы æгъдæуттæ зыдта хорз æмæ сæ зæрдиагæй амыд- „__„_«__ „ , „ , та кæстæртæн. ТЕДТОЙТЫ Сослæнбег Сослæнбег цавæр скъола каст фæцис, уымæй йæ æз никуы бафарстон. Фæлæ æнахуыргонд нæ уыдис. Бирæ кастис чингуытæ. Æцæг — хорз чингуытæ. Аргæ сæ кæм кодта, уый дæр бæрæг нæу. Фынгыл бадын уарзта, фæлæ йæ нозтджынæй никуы ничи федта. Уыди фосы дохтыр, фæлæ уыцы иурæстæджы куыста хъæдгæсæй дæр. Йæ рæстæджы хорз зонгæ уыдис академик Всеволод Миллеримæ æмæ-иу ын кодта йæ хабæртгæ. Иуахæмы Сослæнбег фæзулдзых йæ сыхаг Гæлæбаты Дзиуимæ. Дзиу дæр хорз лæгыл нымад уыдис. Цæуыл фæныхмæ сты дыууæ лæджы, уый бæрæг нал у, фæлæ иу-цасдæр кæрæдзимæ дзыхæй дæр нæ дзырдтой. Иу бон куы уыдис, уæд Дзиуы ус рауагьта арахъ. Æмæ Со- слæнбег ахъуыды кодта — уый хорз амал у бафидауынæн. Уæд иу изæр Сослæнбег рацыд йæ фосы размæ. Дзиу та бадтис сæ дуармæ. Фæстæмæ йæ фосы фæстæ куы æрцыдис, уæд Дзиуы раз сонт лæуд фæкбдта æмæ хъæрæй загьта: — Дзиу! Дæ мад-дæ фыдыстæн, дæуимæ зулдзых дæн. Фæлæ мын уæ арахъ та цы кодта! 38
Æмæ Дзиуы рæзты хæдзары фæмидæг. Дзиуы ус Маша йыл ныццин кодта - уымæн дыууæ лæджы хыл уыдис тынг зын. Æмæ, фынг куы ацæттæ кодта æфсин, уæд рацыд лæгмæ æмæ йæ мидæмæ бахуыдта. Æнæ дзургæ нал уыдис дыууæ лæгæн. Сдзырдтой кæрæдзимæ æмæ сæ амæлæтмæ хорзæй фæцардысты. Сослæнбегæн уыди иу хæстæг æрвад Батырбег. Дыууæ æрвады цæуылдæр нæ бафидыдтой æмæ ныммадзуратæ сты. Цалдæр азы кæрæдзимæ нæ дзырдтой. Иу бон райсомæй йæ куыстмæ куы цыдис, уæд бафæдзæхста йæ усæн, йе ’рцыдмæ хорз фынг куыд æрцæттæ кæна, афтæ. Загъта йын, йемæ кæй уыдзысты горæтæй хъæдгæсты хицауад. Æмæ ус аргæвста стыр нæл гогыз, кæрчытæ, сфыхта стуры дзидза, скодта фыдджынтæ... Баизæр, фæлæ Сослæнбег йæ уазджытимæ нæ зынд. Ус бадти æмæ æнхъæлмæ касти лæгмæ. Ссис æмбисæхсæв. Раст уыцы рæстæг Сослæнбег зылди йе ’рдхæрдтыл æмæ сын хъусын кодта: — Тагьд фест æмæ нæ тигьмæ рацу. Лæг амардтон æмæ йын исты сæрфад кæнын хъæуы. Йе ’рдхæрдтыл зылд куы фæци, уæд бадзырдта Батырбегмæ дæр: — Тагъд фест æмæ нæ тигъмæ рацу. Лæг амардтон æмæ йын исты сæрфад хъæуы. — Йæхæдæг ма кæдæмдæр ауад. Сæ уынджы тигъмæ куы æрбацыд, уæд Батырбеджы уым æрбаййæфта иунæгæй. — Хабæрттæ дын уый фæстæ бæлвырд зæгьдзынæн, фæлæ уал мæнæ ме ’рдхæрдтæй цалдæрмæ фæхабар кодтон, æмæ уыдон дæр æрбамбырд уой,— загъта Сослæнбег. Сахаты бæрц рацыд, афтæ уыдон дæр æмбырд кæнын байдыд- той. Фынгтæ баййæфтой æвæрдæй. Лæгтæ сæхинымæр дис кодтой, ай цы у, зæгъгæ. Иуæй, Сослæнбег лæг амардта, аннæмæй та, куадзæны фынгтæ сарæзта. Уæд сын Сослæнбег загъта: — Мæ хæлæрттæ! Уæ хорзæхæй, бахатыр мын кæнут, ацы æна- фоны уæ кæй бахъыгдардтон, уый тыххæй. Æз уын бамбарын кæндзынæн, цæмæн афтæ бакодтон, уый, æмæ мæм, чи зоны, уæд хæрам нæ кæндзыстут. Цалдæр азы æз æмæ мæнæ Батырбег кæрæдзимæ нæ дзырдтам. Царды цы нæ вæййы, ахæмæй дунейы ницы и. Æмæ æз сфæнд кодтон, ме ’рвад Батырбеджы зæрдæ мыл тынгдæр риссы, æви ме ’рдхæрдты зæрдæтæ, уый базонын. Ме ’фсины асайдтон, абон мæм стыр хицауад уазæгуаты уыдзæн, зæгъгæ. Æмæ хæдзары цы ис, уымæй нæ бацауæрста, сцæттæ кодта. Мæхæдæг мæхи ныффæстиат кодтон æмæ уæм æнафоны ба- дзырдтон. Уе ’ппæты фæстæ бадзырдтон Батырбегмæ. Æмæ, куыд 39
федтат, афтæ мæм уе ’ппæты разæй æрхæццæ. Æз лæг нæ амард- тон, стæй мын Хуыцау макуы амарын кæнæд лæг. Фæлæ сбæрæг кодтон, туг туг кæй у, æфсымæр æфсымæр, уый. Ныр та чи куьтд хистæр у, афтæ рабадут ацы минасы уæлхъус æмæ нæ куыст кæнæм. Сыхбæстæ æрбадтысты. Сбадтис Батырбегдæр æмæ суангбонмæ фæминас кодтой. Сдзырдтой кæрæдзимæ Сослæнбег æмæ Батыр- бег дæр æмæ сæ адзалы онг никуыуал фæхыл сты. Æз загьтон, Сослæнбег бирæ чингуытæ бакаст, зæгьгæ. Æмæ уый раст у. Кæм сæ ардта, уый зын зæгьæн у. Чи сæ агуырдта, уыдонмæ дæр сæ лæвæрдта. Фæлæ-иу æм ахæм чингуытæ дæр ба- хауди, алкæмæ кæй нæ лæвæрдта. Мемæ царди тынг хорз, æмæ уыцы стæм чингуытæ лæвæрдта æрмæст мæнмæ. Иу бон Сослæнбегыл амбæлдтæн. Уый мын цингæнгæйæ загь- та: - Гасан мын Калакæй æрхаста диссаджы чиныг. Балхæдта йæ уым базары. Æз æй кæсын æмæ йæ куы фæуон, уæд æй æрмæстдæр дæумæ ратдзынæн, æндæр никæмæ. Гасан Сослæнбегæн уыд йæ хистæр фырт. Зыдта, йæ фьгд цавæр чингуытæ кæсын уарзы, уый. Тбилисийы базары фембæлд академик Е.Тарлейы чиныг «Наполеон»-ыл æмæ йæ балхæдта. Куыд зонæм, афтæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыд- та, уæд 1941 азы 3 июлы И.В. Сталин радзырдта радиойæ æмæ йæ ныхасы загъта: - Немыцаг фашисттæ дзурынц, зæгьгæ, дам, Гитлер у Наполеоны хуызæн. Уый у гæды ныхас. Уымæн æмæ, кæд Наполеон домбай у, уæд Гитлер та йæ цуры гæдыйы лæппын. Æмæ ацы хабары фæстæ уайтагьд мыхуырæй рацыдис академик Е. Тарлейы чиныг «Наполеон». Чиныг, кæй зæгъын æй хъæуы, у тынг хорз. Æмæ йæм æз тынг æнхъæлмæ кастæн. Уый размæ газет «Правда»-йы уыдис уацхъуыд ацы чиныджы тыххæй æмæ дзы тынг æппæлыдысты. Иу изæр æз кæмдæр бафæстиат дæн. Нæхимæ куы æрцыдтæн, уæд нæ дуармæ æрæййæфтон рог хæдтулгæ машинæ. Рахызт дзы ме ’мбал Елхъанаты Саукуыдз. Уый мын бамбарын кодта, кæй йæ рарвыста Тедтойты Сослæнбег æмæ мæ ныртæккæ кæй хъæуы цæуын уый хæдзармæ. Ницыуал загътон æз, сбадтæн æмæ ацыдтæн. Зыдтон æй, Сослæнбег мæ дзæгьæлы нæ агуры. Хæдзары баййæфтон хъæубæсты активы. Ам уыдис МТС-ы директор Тор- чынты Зауырбег, колхозы сæрдар Созæты Хадзы æмæ къорд ахæм бынæттон бæрнон адæймаджы. Фынгтæ тасыдысты алыхуызон хæрд æмæ нозтæй. Æз аивæй афарстон кæйдæрты лæгтæй, цы ис 40
Сослæнбегмæ, цæмæн нæ æрæмбырд кодта, зæгьгæ, фæлæ ничи ницы зыдта. Кæддæр-уæддæр æрбацыд сыхаг лæг Дзиу æмæ æрбадт уæлейы. Йæ дæлейы æрбадт Сослæнбег йæхæдæг, аннæтæ та, чи куыд хистæр уыд, афтæ йæ кармæ гæсгæ. Дзиу кæрæдзийы фæстæ уагъта сидтытæ. Æмæ иуахæмы сидт Сослæнбегмæ ’рхауд, æмæ уый загъта: — Хорз адæм! Сомы уын кæнын, мæ фыд Хъанцау сымах фыдæлтæй иуæй дæр хæс нæ дардта. Мæхæдæг дæр сымахæй иуæй дæр ницы дарын. Уæхæдæг дæр æй зонут. Мæнæн тынг æхсызгон у, абон уæ мæ хæдзары кæй уынын, уый. Фæлæ уæм кæсын æмæ арын дыууæ стыр рæдыды. Фыццаг рæдыд ис уый мидæг, æмæ уæ иу уæлæмæ нæ сыстад æмæ мæ нæ бафарста: «Сослæнбег, цæмæн, нæ æрæмбырд кодтай абон, уый не ’мбарæм. Хорз уаид, куы нын æй зæгъис, уæд». Уæ дыккаг рæдыд та у уый, æмæ фынгтыл цы минас ис, уымæ не ’вналут. Æз уæ æрæмбырд кодтон уый тыххæй, цæмæй мын мæ иу фарстæн дзуапп радтат. Мæ фарст та у ахæм: адæймаг цас цæры? Сымахæй раззагдæр адæм хъæубæсты нæй æмæ уæм ацы фарст æз уымæн дæттын. Æмбырд дæр уæ уымæн æркод- тон абон мæ хæдзармæ. Мах ракæ-бакæ байдыдтам. Чи загъта, адæймаг рæстæмбис нымадæй цæры дыууиссæдз азы, чи загъта: дæс æмæ дыууиссæдз, чи — æртиссæдз. Кæмæ куыд кастис, алчидæр афтæ дзырдта. Фæстагмæ ныллæууыдыстæм дæс æмæ дыууиссæдз азыл. Æмæ та Сослæнбег загьта: — Фæуæд дæс æмæ дыууиссæдз азы. Фæлæ уыцы азты æмбис бон вæййы, æмбис — æхсæв. Æмæ æхсæв фынæй адæймаг цæргæ кæны? Вæййы къодах. Æмæ дзы фондз æмæ ссæдз азы аппарæм. Уæдæ ирон лæг алы къуыри дæр цæуы хъæдмæ. Кæм ын йæ бæх абырджытæ байсынц, кæм йæ цалх асæтты, кæм йæ уæрдон аф- æлдæхы. Тухитæ, тухитæ. Æмæ уыцы бонтæ дæр цардыл нымад сты? Не сты. Æмæ та дзы цалдæр азы аппарæм. Цыбыр ны- хасæй, адæймаг йæ цард-цæрæнбонты зынтæй æмæ тухитæй цы федта, уыдон баиу кæн, уæд ма æцæгæй цæргæ цы кодта, уыдон уыдзысты цыппар-фондз азы. Афтæ у, æви нæу?- афарста Со- слæнбег. — Афтæ! - сразы стæм мах не ’ппæт дæр. — Æмæ уæдæ мæнæ ныртæккæ дæр цæргæ кæнут, гормæттæ, цæргæ! Æмæ цæуылнæ хæрут æмæ нуазут? Раст уыцы рæстæг Сослæнбег фæкомкоммæ йæ зæронд каис Лазарты Грысомæ. Грысо иу бæзджын чиныгæй цалдæр сыфы рас- 41
къуыдта æмæ сæ, йæ фарсмæ чи бадт, уымæ йæ къухтæ сæрфынмæ радта. Ныр та дзы йæхицæн раскъуыдта. Сослæнбег уый куы ауыд- та, уæд йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта: - Грысо! Цы мын бакуыстай? Мæ хæдзар мын куы фехæлд- тай! Цæмæн аскъуыдтай чиныг? Дæ цуры дын гæххæттытæ куы æрæвæрдтой! Фыдæй фыртмæ мын фыдбылызы йеддæмæ куы ницы дæ! Йæхæдæг Грысойы къухтæй чиныг ратыдта æмæ йæ зæххыл ныццавта. Чиныг разынд Е. Тарлейы «Наполеон». Диссаджы митæ йын бакодта Грысо. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый чины- джы сыфтæ раджы байдыдта скъуынын, фæлæ йæм ничи фæком- коммæ. Стъолы бын байдзаг чиныджы сойæдзаг сыфтæй. Грысо дзураг нæ уыдис æмæ æрмæстдæр йæхи сраст кæнынæн загьта: - Мæн чиныг æндæр ницæмæн хъæуы. Сослæнбег ахæм тынг фæдисы хъæр ныккодта, æмæ мах иууылдæр фæтарстыстæм. Стæй хъуыддаг куы бамбæрстам, уæд нæхинымæр худæгæй ныттыппыр стæм. Хъæрæй, кæй зæгьын æй хъæуы, худын ничи уæндыд. Кæдцæр-уæддæр Сослæнбег дæр басабыр, æмæ мах дарддæр код- там нæ фынджы хъуыддаг. Махæй нæ алчидæр уæд æцæгæй бам- бæрста, царды бонтæ тынг цыбыр кæй сты, уый, æмæ сын уæдæй фæстæмæ стырдæр аргь кæнын байдыдтам. Уыцы бон Сослæнбег Е. Тарлейы чиныг «Наполеон» мæнæн нал радта, уымæн æмæ нал бæззыд, Грысо йæ ныппырх кодта. Афтæ рауад Сослæнбегæн йæ чиныджы хъысмæт. ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ХАБАР Джиоты Барысбийы фырт Алыксандр (Алыкка) уыд зындгонд адæймаг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы уый бахауд уаца- ры немыцмæ. Уыдон æй аластой Италимæ, цæмæй уым хæцыдаид итайлаг партизанты ныхмæ. Фæлæ Алыкка алыгъдис итайлаг парти- зантæм æмæ хæсты кæронмæ хъæбатырæй тох кодта фашисттæн сæхиимæ. Уый у Италийы национ герой. Уыдис æм уыцы бæстæйы стырдæр хæрзиуджытæй бирæ. Бирæ йæм уыдис Советон Цæдисы хæрзиуджытæй дæр. 42
1980 азы Цæгат Ирыстоны рауагъдад «Ир»-ы рацыд булкъон Андрей Виноградскийы документалон уацау «Сандро». Афтæ хуыдтой Алыккайы йæ итайлаг æмбæлттæ хæсты рæстæджы. Чины- джы бæлвырд æвдыст цæуынц Алыккайы тохы фæндæгтæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ, автор йæ чиныг куы фыста, уæд ма Алыкка йæхæдæг æгас уыдис. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый авторæн радта бирæ æрмæг уыцы повестæн, кодта йын æххуыс. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, Алыккайæн йæ царды хабæрттæ хæсты рæстæг æмæ уый фæстæ се ’ппæт, кæй кой кæнын, уыцы уацауы не сты. Ахæм хабæрттæ æз мæхæдæг цалдæр зонын, æмæ сæ мæ зæрды ис радзурын. Уырны мæ, адæм сæ цымыдисæй кæй бакæс- дзысты, уый. Джиоты Алыкка уыдис мæ мад Косерæн йæ кæстæр хо Фаризæ- ты лæппу, ома, ме ’мхæрæфырт. Райгуырдис æмæ цард Хъæдгæро- ны. 1926 азы йæ мад Фаризæт æмæ йæ хо Женяимæ ралыгьдысты Дзæуджыхъæумæ. Уый фæстæ зæрдæргьæвд лæппу ацыд Мæск- уымæ фæскомцæдисы горкомы путевкæмæ гæсгæ æмæ ам ахуыр кæнынмæ бацыд рабфакмæ, уый фæстæ та - Плехановы номыл институтмæ. Институт каст куы фæцис, уæд баззадис Мæскуыйы кусгæйæ. Æмæ æрмæстдæр 1957 азы, 31 азы фæстæ, ссыдис фыц- цаг хатт Хъæдгæронмæ. Æрфысым кодта махмæ. Къорд боны фæцис хъæуы, никæйуал зыдта, йæхи дæр ын ничиуал зыдта. Æхсæв-иу хуыссыдыстæм дыууæйæ хицæн уаты æмæ-иу кæрæдзийæн кодтам нæ хабæрттæ. Æмæ мын Алыкка кæй радзырдта, уыдон æз та сымахæн радзу- рон: — Хæст куы фæцис, уæд, Советон Цæдисы граждæнтæй Ита- лийы чидæриддæр уыдис, уыдоны англисæгтæ æрæмбырд кодтой иу ранмæ, — дзырдта Алыкка. — Сæ цæст нæм хæринаг æмæ дзау- майæ дардтой хорз. Иу-цалдæр боны фæстæ нæм æрбацыдысты Сырх Æфсады минæвæрттæ. Хъуыды ма дзы кæнын инæлар Суда- ковы. Бирæ ныл фæцин кодтой, зæрдæтæ нын бавæрдтой тагъд нæхимæ ацæуынæй. Мах астæу англисæгтæ дзырдтой, зæгьгæ, дам, Уæрæсейы тæрхон кæнынц цыдæриддæр салдатæй, афи- церæй, инæларæй немыцмæ уацары бахаудта, уыдонæн, куыд Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй цæуджытæн. Фæлтау, дам, дзырдтой англисæгтæ, ам баззайут æмæ уат æнæ фыдбылыз. Инæ- лар Судаков дзырдта бынтон æндæрхуызон: Райгуырæн бæстæ, дам, æнхъæлмæ кæсы йæ хъæбатыр фырттæм, æмæ сын скæндзæнис, куыд æмбæлы, ахæм аргъ. 43
Мах иууылдæр тынг цин кодтам, тагьд нæхимæ кæй ацæу- дзыстæм, уый тыххæй. Ничи сразы Ныгуылæны баззайыныл. Мах æрбаластой науты Египетмæ. Ардыгæй автомашинæтыл цыдыстæм Хæстæг Скæсæны бæстæтыл Иранмæ, Хъаспийы ден- джызы был наулæууæн горæт Бендершахмæ. Ацы ран сбадтыстæм советон науы æмæ æхсæвыгон æрбахæццæ стæм Бакумæ. Фырцинæй бирæтæн сæ цæссыгтæ калдысты. Порты куы рахызтыстæм, уæд уайтагьд нæ алыварс салдæттæ алæууыдысты æд автоматтæ æмæ куыйтæ. Дзурын дæр нæ нал уагьтой. Акодтой нæ станцæмæ æмæ нæ поезды аластой, Гуырдзыйы хæхты чи ис, уыцы горæт Тхъибу- лимæ. Ам уыдис стыр лагерь, æмæ нæ уым бакодтой. Рауад нæ, æцæгæйдæр, ахст адæм. Слестгæнджытæ нæм расид-басид кодтой, фарстой: куьтд бахаудтай уацары, цæмæн бахаудтай, кæмыты уыдтæ, цы ми кодтай, æмæ афтæ дарддæр. Фæдзырдтон æз дæр мæ хабæрттæ сæрæй бынмæ слестгæнæгæн, равдыстон æм мæ гæххæттытæ. Иубон мæм уый фæсидт æмæ загъта: - Фыдракæндæй дæм паддзахады ныхмæ ницы арæм. Райсом дын æз ратдзынæн, чи хъæуы, уыцы документтæ æмæ ацæудзынæ уæхимæ дæ бинонтæм. Дæумæ ис тынг хорз документтæ, знаджы ныхмæ итайлаг партизанты астæу хъæбатырæй кæй тох кодтай, уый тыххæй. Дæуæн ратгын æмбæлы стыр хæрзиуджытæ. Фæлæ рæстæг у нырма тынг змæст æмæ, хъуыддæгтæ куыд рауайдзысты, уый зын зæгъæн у. Ахст не ’рцæудзынæ, уымæй дын нырма фидар ныфс не ’вæрын. Æмæ бавдæл, куыддæр уæхимæ Мæскуымæ ныццæ- уай, афтæ-иу дæ документтæн се ’ппæтæн дæр нотариусы сæ къо- питæ сис æмæ сæ арф бафснай. Дæ документтæ дын куы айсой æмæ сæ куы фесафой барæй, уæд дæ сæ къопитæ аирвæзын кæндзы- сты. Æцæг, мæ ныхæстæ макæмæн зæгь, уæд мын мæхи фесаф- дзынæ, — загьта слестгæнæг. Мæ слестгæнæджы ныхæстæ раст рауадысты. Мæ бинонтæм Мæскуымæ куы ныццыдтæн, уæд сæ ныййæфтон æвзæр уавæры. Мæ бинойнаг Аня цардис нæ чызг Фаризæтимæ тынг гыццыл уаты. Нæ дзы уьгдис фезмæлæн. Куыд базыдтон, афтæмæй 1941 азы, фæззæджы, Мæскуыйæн немыцæй тынг тæссаг куы ссис, уæд мæ бинонты дæр эвакуаци скодтой Уралмæ. Бинонтæй та уыдыстæм æрмæст мæ ус æмæ мæ мад Фаризæт. Мад фæрынчын æмæ уым амардис. Уый фæстæ райгуырд нæ чызг. Æз кæм дæн, уымæн Аня ницы зыдта. Æмæ нын чызг куы райгуырд, уæд ыл мæ мады ном сæвæрдта — Фаризæт. Фæстæдæр, Мæскуыйæн тæссаг куы нал уыдис, уæд æрбаздæ- 44
хтис Аня æд сывæллон фæстæмæ. Куыста инженерæй æфсæйнаг фæндагыл. Æз æм фæзындтæн тынг æнæнхъæлæджы. Ныллæу- уыдтæн цыдæр ницæйаг куысты. Хæстмæ цы куыстæй ацыдтæн, уый кой кæнын нæ уæндыдтæн. Уыдтон мæ алыварс, фашистон уацарæй чи æрбаздæхтис, уыдонмæ цы цæстæй кастысты, уый. Тагьд рæстæджы мæнмæ дæр КГБ-мæ сидын байдыдтой. Бацаг- уырдтой мæ, Италийæ цы документгæ сластон, уыдон, æмæ мын сæ слестгæнæг мæ «Дело»-йы нывæрдта. Иу-цасдæр заманты мæ æнцад ныууагьтой. Загьтон, ныр мæ ныууадздзысты бынтондæр, зæгьгæ. Нæ, райстон та сидты гæххæтт. Ныр мæм фæсидт æндæр слестгæнæг. Ацы слестгæнæг дæр та мæм райдыдта дæттын, йæ размæ мæм иннæ слестгæнджытæ кæй лæвæрдтой, уыцы фæрстытæ. Æз смæсты дæн æмæ загьтон: — Дæ фæрстытæн æз бæлвырд дзуаппытæ радтон, дæу размæ мæ чи фарста, уыцы слестгæнджытæн. Уыдон сты иууылдæр дæ разы мæ «Дело»-йы æмæ сæм æз бафтауинаг ницы дæн. Уымæй уæлдай мæ «Дело»-йы сты, æз Италийæ кæй æрбахастон, уыцы докуменггæ. Уыдон та дзурæг сты ууыл, æмæ æз итайлаг партизан- ты рæнхъыты бирæ рæстæг, суанг хæсты кæронмæ, кæй хæцыдтæн иумæйаг знаджы ныхмæ. Мæ ног слестгæнæг, йæ размæ чи уыдис, уыдонæй разындис тызмæгдæр. Райдыдта мыл хъæртæ æмæ æртхъирæнтæ кæнын. Рафæлдах-бафæлдах кодта мæ «Дело», стæй загъта: — Цавæр документты кой кæныс? Ам ахæмæй ницы ис! Æз мæстæй ссыгъдтæн. Бынтондæр бамбæрстон ныр, мæн чи рафæрс-бафæрс кæны, уыдонæй иутæ цавæр мадзæлттæй арха- йынц, уый. Бамбæрстон, мæ фыццаг слестгæнæг мын гуырдзиаг горæт Тхъибулийы цы хорз зонд бацамыдта, уый дæр. Мæ хъуы- дыйы февзæрдис нæхи ирон æмбисонд: «Бирæгътæ дæр иухуызон не сты!» Æмæ загьтон: — Сымах цы сфæнд кодтат, уымæй ницы рауайдзæнис. Æз æй зонын, цы документтæ мын фесæфти, кæнæ мын кæй бамбæх- стат, уыдонимæ сымахæн мæн æрцахсын æмæ мæнæн тæрхон скæнын уæ бон нæ бауыдзæн. Æмæ уыцы документтæ уæ бон алцы фæкæнын дæр у. Фæлæ ма ферох кæн, гражданин слестгæнæг: уыцы хорз документтæн æз афоныл сисын кодтон нотариусы сæ къопитæ, æмæ уыдон сты æгас. Стæй Итали дæр мæрдтыбæстæ нæу. Мæнæн, фашисттимæ кæимæ тох кодтон, уыцы æмбæлттæ, куы бахъæуа, уæд фæстæмæ æрбарвитдзысты ахæм документтæ. Мæ слестгæнæг фæсабыр, йæхимæ ма цыдæртæ афыста æмæ мæ ауагъта. 45
— Куы хъæуай, уæд ма дæм фæдзурдзыстæм! — загъта уый. Цардтæн коммуналон хæдзары, куыд загътон, афтæ иу гыццыл къуымы. Уæдмæ нын райгуырдис дыккаг чызг — Юлия. Нæ уат бынтондæр скъуындæг ис, фæлæ фæрæзтам. Æз æмбарын байдыд- тон, хæсты размæ тынг хорз цы сыхæгтимæ цардтæн, уыдон дæр- иу мыл цæлгæнæны, къæлидоры кæнæ кæрты дæр сæхи кæй атигъ кодтой, уый. Иуахæмы уыдонæй иуыл, хæсты размæ мæ лымæндæр сыхагыл, фембæлдтæн. Уый та мыл ногæй йæхи атигь кодта. Æз æй афарстон: — Андрей, тынг лымæнæй куы фæцардыстæм. Нæ астæу æвзæрæй куы никуы ницы уыдис, уæд мæм ахæм цæстæй кæсын цæмæн байдыдтай? Цы дын кодтон? Андрей ныхъхъуыды кодта æмæ загъта: — Александр Барисы фырт! Куыд бирæ дæ уарзтон, афтæ дæ абон дæр уарзын. Хæрам дæм æппындæр ницæуыл дæн. Фæлæ нæ хæдзары цæрджытæ иууылдæр зонынц, немыцмæ уацары кæй уыдтæ, уый. Дæхæдæг хорз зоныс, уацары чи уыдис, уыдонмæ паддзахады ’рдыгæй цавæр цæстæнгас ис, уый. Æмæ æз дæр æмæ алчидæр кæрты архайы демæ къадцæр æмбæлыныл æмæ къаддæр ныхас кæныныл. Æмæ ныл дæ зæрдæ ма худæд. Андрейы ныхæстæ уыдысты тынг раст, фæлæ æз та бынтондæр мæхимæ ныхъхъуыстон. Рæстæг цыдис, фæлæ зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæй кастис. Амардис Сталин. Хрущев бæстæ сызмæста. Ницыуал бæрæг уыдис царды дæр. Æз дæр мæхицæн ныхъхъус дæн. Æрбацыдтæн- иу мæ куыстæй æмæ æддæмæ кæртмæ дæр нæ цыдтæн. Ралæууыд 1957 аз. Уыцы аз Мæскуыйы арæзт æрцыдис Фæси- вæды æмæ студентты æппæтдунеон фестиваль. Фæндыд мæ, уыцы фестивалмæ Италийы фæсивæдæй чи æрбацыд, уыдонимæ фем- бæлын. Кæд дзы мæ тохы æмбæлттæй ничи уыдаид, уæддæр семæ итайлагау аныхæстæ кодтаин, уымæн æмæ, æвзагыл куы нæ дзу- рай, уæд рох кæны. Фæлæ æз нæ бауæндыдтæн. Зыдтон æй, мæнмæ паддзахады æдасдзинады оргæнты кусджытæ сусæгæй сæ цæст кæй дардтой, уый, æмæ ма мыл исты диссæгтæ дæр æры- мысыдаиккой. Фестиваль ахицæн. Ууыл иу-дыууæ боны куы рацыдис, уæд æз райстон писмо, цы районы цардтæн, уыцы партийы райкомæй. Писмойы куырдтой, цæмæй æз дыккаг бон æрбацыдаин партийы райкомы бæрнон кусджытæй иумæ. Дыккаг бон æз уыдтæн райкомы. Райкомы секретарь мæм ракастис тынг хорз цæстæй. Сбадын мæ кодта æмæ мæ бæлвырд фæфарста мæ царды хабæрттæй. Ис- 46
дугмæ йыл æз не 'уУæнДыдтæн. Кастис мæм афтæ, цыма уый у æдасдзинады оргæнты кусæг, скодта йæ уæлæ граждайнаг дарæс æмæ мæ къахгæ кæны. Фæлæ мæ хъуыды раст нæ рауад. Уый, æцæгæй, уыдис райкомы секретарь. Фæстагмæ уый загьта: — Дунейы фæсивæды фестивалы Мæскуыйы архайдта Италийы фæсивæды стыр делегаци. Уыдон тынг зæрдиагæй цалдæр боны агурынц, хæсты рæстæг Италийы партизанты ’хсæн фашизмы ныхмæ æд хæцæнгарз активон тох чи кодта, ахæм советон гражданины, йæ ном ын хонынц Сандро. Махмæ, Мæскуыйы, ахæм «Сандро» нæ цæры. Цæрыс нæм ды, Алыксандр. Ныр куыд рабæрæг ис, афтæмæй Сандро ды дæ. Æмæ æз абон итайлæгтæн фехъусын кæндзынæн, кæй агурынц, уыцы Сандройы кæй ссардтам, уый. Ды райсом ардæм æрбацæудзынæ. Мах иумæ ацæудзыстæм, æхсæнад «Советон Цæдис—Итали» кæм ис, уырдæм, æмæ уым сæмбæлдзынæ, æхсызгон дæ чи агуры, уыцы итайлаг фæсивæдимæ. Æцæгæйдæр, дыккаг бон æз уыдонимæ сæмбæлдтæн. Никæй сæ базыдтон уыцы æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæй. Мæхи мын, семæ цы къамтæ æрбаластой, уыдонмæ гæсгæ иууылдæр базыдтой, кæд уыцы къамтыл 12-15 азы рацыдис, уæддæр. Æрбаластой мын бирæ писмотæ, мæ хæстон æмбæлттæй ма æгас чи уыдис, æмæ æз, 36-æм Гарибальдийаг бригады, Алессандро Биаканчинийы ном чи хаста, уый рæнхъыты кæимæ тох кодтон, уыдонæй. Итайлаг фæсивæды минæвæрттæ ноджыдæр æрбаластой мæнæн цалдæр итайлаг паддзахадон хæрзиуæджы. Залы уыдис бирæ адæм æмæ мæ сæмбæлд итайлæгтимæ се ’ппæтæн дæр уыдис тынг æхсызгон. Æрбаластой уазджытæ семæ Италийы Коммуни- стон партийы Центрон комитеты газет «Унита»-йы алыхуызон номыртæ, мæ хуызистытæ кæм уыдысты, æхæмтæ, уыди дзы уацтæ дæр. Уацты автортæ мæнæй тынг æппæлыдысты, куыд иумæйаг знаджы ныхмæ гæрзифтонгæй тох кодтон Италийы партизанты æхсæн. Ацы фембæлды фæстæ мæ зæрдæмæ рухс æрбакаст. Иу-цасдæр рæстæг рацыдаид, афтæ мæм мæ куысты хицау фæдзырдта йæ кабинетмæ. Уым баййæфтон дыууæ æнæзонгæ лæджы граждайнаг дарæсы. Хицау загьта: — Ацы дыууæ лæджы фæнды демæ аныхас кæнын иунæгæй. Æмæ, цалынмæ ныхас кæнат, уæдмæ уæ æз ам уадзын. Мæнæн та мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта: адон та ногæй сты Æдасдзинады комитетæй, зæгъгæ. Сцæттæ та кодтон мæхи дзуап- пытæ дæттынмæ. Сæ иу мæ сабыргай афæрстытæ кодта ме ’нæниз- дзинадæй, мæ куыстæй, мæ бинонтæй. Стæй загьта: 47
— Мах стæм партийы ЦК-йы аппараты кусджытæ. Зонæм, хæсты рæстæджы ды уацары бахаудтай немыцмæ. Уыдон дæ аластой Ита- лимæ, цæмæй ды хæцыдаис уым итайлаг партизанты ныхмæ. Ды уым алыгьтæ партизантæм æмæ семæ хæсты кæронмæ хъæбатырæй хæцыдтæ знаджы ныхмæ. Мах фæнды, ды кæй рæнхъыты хæцыдтæ, уыцы Гарибальдийаг 36-æм бригады командыгæнджытæй ма дæ зæрдыл кæй дарыс, уыдонæй иу-цалдæры куы ранымаис, уый. Ацы хъуыддаг мах цæмæн хъæуы, уый дын фæстæдæр бамба- рын кæндзыстæм. Гарибальдийаг 36-æм итайлаг партизанты бригадæн йæ хицæут- ты нæ, фæлæ ма иннæтæй дæр бирæты нæма ферох кодтон. Æмæ сын дзырдтон сæ мыггæгтæ æмæ сæ нæмттæ. Мемæ чи ныхас код- та, уыдон та сæ фысгæ кодтой. Иуахæмы мæ баурæдтой æмæ афар- стой: - Куыд уынæм, афтæмæй ды хорз зоныс Луиджи Лонгойы дæр. Æмæ нын куы зæгьис Лонгойы тыххæй цалдæр ныхасы. Æз хорз зыдтон Луиджи Лонгойы. Хæсты рæстæг уый уыдис, уæлдæр кæй кой кодтон, уыцы 36-æм бригады комиссар. Уыдыстæм иумæ тынг лымæн. Ныртæккæ Лонго уыдис Италийы Коммунис- тон партийы Центрон комитеты генералон секретарь Пальмиро Тольяттийы фыццаг хæдивæг (1964 азы Тольятти куы амардис, уæд Лонго ссис уыцы партийы генералон секретарь). Мемæ чи ныхас кодта, ЦК-йы уыцы кусджытæ куы бамбæрстой, куы сæ бауар- ныдта, æз Луиджи Лонгойы хорз зонын, уый, уæд фæхъæлдзæгдæр сты, мемæ сæхи дарын байдыдтой, цыма рагæй хорз зонгæ уыды- сты, афтæ. Æппынфæстаг мæ сæ иу бафарста: — Александр Барисы фырт, Луиджи Лонгойы фенын дæ нæ фæнды? - Куыд нæ! — сирвæзти мæнæй. — Тынг æхсызгонæй сæмбæлин мæ рагон хорз æмбалыл æмæ разамонæгыл. -Уæдæ дын мах зæгьдзыстæм цины хабар: райсом ды баддзынæ дæ рагон итайлаг лымæн, Компартийы ЦК-йы генералон секрета- ры фыццаг хæдивæг Луиджи Лонгоимæ. Уый ныртæккæ йæхи дзæбæх кæны ам, Мæскуыйы Кремлы рынчындоны. Уый тынг зæрдиагæй ракуырдта, цæмæй йын демæ фембæлд саразæм. Радта нын дæ куысты æмæ, кæм цæрыс, уыцы адристæ. Æмæ мах, Лонгойы фæндон æххæст кæнгæйæ, æрбацыдыстæм дæумæ хонæг. Райсом куыстмæ ма ацу. Дæ хæдзармæ дæм машинæ æрбацæудзæн æмæ дæ уый Кремлмæ æрбаласдзæн. Мах дыл уьгм сæмбæлдзыстæм æмæ дæ дæ лымæн Лонгомæ бакæндзыстæм. Æцæгæйдæр, райсомæй мæнмæ æрбацыдис рог машинæ æмæ 48
мæ аласта Кремлмæ. Зноны дыууæ лæджы лæууыдысты бацæуæ- ны. Цыдæртæ загьтой хъахъхъæнæгæн, сбадтысты машинæйы мæ фарсмæ æмæ бацыдыстæм мидæмæ. Æз фыццаг хатт уыдтæн ам, æмæ алырдæмты ракæс-бакæс кодтон. Ме ’мбæлттæ мæ бакодтой Кремлы рынчындонмæ, æрбадын мæ кодтой иу ран, сæхæдæг къæлидоры кæдæмдæр ацыдысты. Уайтагьд сæ иу фездæхт æмæ мæм фæдзырдта. Бацыдыстæм иу палатæйы дуармæ. Æмæ мæнæ диссаг: дуар байтом æмæ рахызтис... Луиджи Лонго! — Сандро! - загъта уый æмæ мыл йæхи æрбаппæрста. — Луи,— сдзырдтон æз хъæрæй æмæ кæрæдзийыл ныттых- стыстæм. Бирæ хъæбысты фæстæ бацыдыстæм мидæмæ палатæмæ. Тæлмацгæнæг уыдис нæ разы, фæлæ нæ йæ сæр нæ бахъуыдис — æз нæма ферох кодтон итайлаг æвзаг. Бирæ рæстæг фæныхас код- 1'ам. Æрымысыдыстæм нæ хæстон фæндæгтæ, нæ тохы æмбæлтты. Фæкодтам кæрæдзийæн нæ хабæрттæ. Æргом куы зæгъон, уæд мæнæн мæ зæрдæ тынг фæфидар ис ацы фембæлды фæстæ. Æмæ куыд нæ: Италийы Компартийы генералон секретары фыццаг хæдивæг, мæ хæстон æмбал Луиджи Лонго бахъуаджы рæстæг мæнæн æдзухдæр рахæцыдаид мæ сæрыл. Æз нал тарстæн ахсынæй. Фæцух дæн ацы мæтæй. Æмæ уый кæуылты стыр хъуыддаг уыдис мæнæн! Луиджи Лонго мæнæн фæстагмæ загъта: — Мæ дзæбæх кæныны курс куы фæуа, уæд æнæ дæу фенгæйæ нæхимæ, Италимæ, нæ ацæудзынæн. Æнхъæлмæ мæм кæс, æнæмæнг дæм уазæгуаты бацæудзынæн! — Табуафси, — загътон æз. — Æнхъæлмæ дæм кæсдзыстæм æппæт бинонтæй. Сæмбæлдзыстæм дыл стыр æхсызгонæй! Изæры ме ’фсин Аняйæн радзырдтон мæ фембæлды хабæрттæ. Уымæн дæр куыд нæ уыдаид æхсызгон, ахæм стыр лæгимæ ногæй кæй сæмбæлдтæн, уый. Фæлæ нæ уыимæ бацыдис ног стыр мæт: кæдæм нæм æрбацæудзæн Лонго? Нæ чысыл къуымы нæхицæн фезмæлæн куы нæ ис, уæд? Æхсæв-бонмæ кодтам тæрхæттæ, фæлæ хорзæй ницы æрхъуы- ды кодтам. Райсомæй нæ алчидæр ацыдис йæ куыстмæ. Фæссихор та мæм мæ куыстмæ фæзындысты партийы ЦК-йы уыцы дыууæ кусæджы. Иуварсмæ мæм фæдзырдтой æмæ бафар- стой: — Ды зоныс, Луиджи Лонго дæумæ дæ хæдзармæ уазæгуаты æрбацæуынмæ кæй хъавы, уый? — Зонын, — дзуапп радтон æз. — Мах дæр зонæм уыцы хъуыддаг. Æмæ нæ нæ уæлдæр раза- 4 Бокоты Солтан 49
монджытæ рарвыстой дæуæн дæ цæрæн бынат, дæ царды уавæртæ сбæрæг кæнынмæ. Æмæ ныртæккæ махимæ абад æмæ уæхимæ цом, мах дæ дæ хицауæй ракуырдтам. Дæ хæдзары уавæр дын куы фенæм, уæд дæ фæстæмæ æрбаласдзыстæм. Нæхимæ куы æрбацыдыстæм æмæ куы федтой, цы уавæрты цæрын, уый, уæд загьтой: - Ам лæуу æмæ æнхъæлмæ кæс махмæ. Уæдмæ телефонæй адзур дæ усмæ æмæ уый дæр не ’рбацыдмæ ам куыд уа, афтæ! — Сæхæдæг абадтысты сæ машинæйы æмæ ацыдысты. Æз Анямæ телефонæй адзырдтон, тагъд æрбацу нæхимæ, зæгьгæ. Уый уайтагъддæр таксийыл æрбахæццæ. Радзырдтон ын хабæрттæ. Æмæ нæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыдис. Нæ уазджытæ фæстæмæ æрбахæццæ сты. Семæ æрбаластой Мæскуыйы картæ. Стъолыл æй æрæвæрдтой æмæ бацамыдтой картæйы æртæ раны бæрæггæнæнтæ. Сæ иу загьта: - Мæнæ ацы æртæ раны ис ног æртæуатон фатертæ. Æркæсут бæлвырд æмæ дзы иу уæхицæн равзарут. Кæннод уæм уæ бæрзонд уазæг ардæм куы ’рбацæуа, уæд не ’ппæтæн дæр уый уыдзæнис стыр худинаг! Иу-цасдæр ракæ-бакæйы фæстæ мах Аняимæ равзæрстам фатер Мæскуыйы ног район Бабушкинойы. Дыккаг бон мах Аняимæ ракуырдтам нæхи куыстæй. Ивын нæ хъуыдис ног фатермæ. Зноны лæгтæ нын æрбарвыстой уæзласæн машинæ. Фæлæ дзы нæ иу сынтæг, стъол æмæ цалдæр бандоны йеддæмæ цы æрывæрдтаиккам? Куы æрбацыдыстæм нæ ног фа- термæ, уæд та уым баййæфтам нæ зонгæ ЦК-йы кусджыты. Æрба- ластой семæ, нæ фатеры алы уаты дæр цы хъуыдис дзаумайæ, уыдон. Ноджы ма æрбаластой семæ специалист™, уыдон уыцы ног дзаумæттæ уæтты сæвæрдтой, куыд аивдæр у, афтæ. Мах ка- стыстæм ацы нывтæм Аняимæ æмæ нæ цæстытьгл не ’ууæнды- дыстæм. Цыбыр ныхасæй, махæн æнæнхъæлæджы лæвæрд æрцыдис дис- саджы хорз фатер, цыдæриддæр дзы хъуыдис, ахæм нырыккон хæдзары дзаумæттимæ. Цалдæр боны фæстæ дзы сæвæрдтой телефон дæр. Æмæ мах Луиджы Лонгоимæ арæх дзырдтам кæрæдзимæ телефонæй. Ныр æз мæхи цæттæ кодтон уый æрбацыдмæ, къуы- лымпыйагæй мæм ницыуал уыдис. (Иубон райсомæй раджы мæ телефоны дзæнгæрæджы хъæр ссы- дис. Систон хæтæл, æмæ — Лонгойы хъæлæс. Кæрæдзийæн итай- лагау арфæтæ ракодтам, стæй уый загъта: - Сандро, ма мæм фæхæрам у! Стыр хатыр дæ курын, дæумæ 50
уазæгуаты бацæуын, æвæццæгæн, мæ къухы нал бафтдзæн. Рай- стон Италийæ нæ партийы ЦК-йæ тел æмæ мæ райсом раджы цæ- уын хъæуы нæхимæ. Уырны мæ, мах тагъд ногæй кæй сæмбæлдзыстæм Италийы. Дæхи цæттæ дар, тагъд райсдзынæ мæ хуынды гæххæтт. Æз зæрдæйæ тынг фæмаст кодтон, ахæм уазæгæй кæй фæцух дæн, уый тыххæй. Фæлæ хъуыддаг афтæ кæм рауад, уым ма цы гæнæн уыдис. Æцæгæй, цасдæр рæстæджы фæстæ райстон хуынды гæххæтт Италийæ Зб-æм Гарибальдийаг партизанты бригады ветеранты Советами æмæ æз ногæй уыдтæн уыцы ветеранты астæу. Стыр цинимæ сæмбæлдысты мæныл уыдон. Фæлæ дын уый тыххæй æз радзур- дзынæн æндæр хатт, — загьта Алыкка. Алыкка йæ амæлæты бонмæ алы аз дæр хуынд цыдис Ита- лимæ. Уырдыгæй-иу алы хатт дæр мæнмæ сæрвыста итайлаг коммунист™ газет «Унита», æвдыст-иу дзы цыдис, итайлæгтæ йыл куыд цингæнгæйæ сæмбæлдысты, уый. Газетты Алыккайы тыххæй мыхуыргонд цыди бирæ æрмæджытæ æмæ хуызистытæ. «Унита» цыдис 20 фарсæй фылдæрыл. Хъыгагæн, æз уыцы га- зеттæ абоны онг нæ бахъахъхъæдтон. Фæлæ ма мæ цæстытыл уайы иу хуызист: Алыкка итайлаг горæт Болоньямæ куы æрба- цыдис, уæд станцæмæ йæ размæ рацыдис бирæ адæм. Уыдон сæ разæй хастой транспорант, йæ уæлæ стыр дамгъæтæй фыст «Вива Сандро!» Ацы хъуыддаг цæуыл дзурæг у, уый зын бам- барæн нæу. Алы хатт дæр-иу Италийæ æрбацæугæйæ, Алыкка мæнæн, ме ’фсымæр Цæрайæн æмæ нæ бинонтæн се ’ппæтæн дæр æрбаласта бирæ зæрдæлхæнæнтæ. Иу-цасдæр ницы сдзургæйæ та Алыкка загъта: — Райсом изæрæй цæуæм Цæрамæ — дæ хистæр æфсымæрмæ. Æз Миллеровойы раз немыцаг лагеры Цæрайыл куы нæ сæмбæлда- ин, уæд мæ абон стæг дæр нал уаид. Фæлæ мæ Цæра аирвæзын кодта. Æмæ æз куы ахъуыды кæнын мæ хъысмæтыл, цал æмæ цал хатты аирвæзтæн мæлæты дзæмбытæй, уæд мæхинымæр фæзæгъын: «Хуыцау адæймаджы куы нæ сафа, уæд ын фесæфæн нæй!» — Абон уал æгъгъæд фæуæд, — загъта та ногæй Алыкка. — Райсом Цæраимæ куы бадæм, уæд ма дын ноджыдæр истытæ ра- дзурдзынæн. 51
ДÆЛИМОНТЫ СÆФТ Æвæдза, нæ фыдæлтæ махæн цы алæмæты бирæ зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ æмæ æндæр диссаджы хæзнатæ ныууагъ- той, уыдон иууылдæр абонмæ куы æрхæццæ уыдаиккой, уæд цы хъæздыг уаиккам! Фæлæ сæ нæ бахъахъхъæдтам. Нæ рæстæджы дæр уавæр хуыздæр нæу: нæ хъахъхъæнæм уыцы хъæздыгдзинæдтæ абон мах дæр æмæ нæ цæстыты раз сæфынц. Революцийы размæ Хъæдгæроны фосджын хæдзæрттæ бирæ уыдис: Дзахотæ, Бокотæ, Лазартæ, Датъритæ, Хатъызатæ, Гæбултæ æмæ бирæ æндæртæ. Абон дæр ма сæ уæтæрты бынæттæ бæрæг сты. Мингай фыстæ æмæ дæсгай-сæдæгай стурвос кæмæ уыдис, уыдон дзидза, æхсыр, цыхт, царв æмæ фосдарыны æндæр продукттæй хъуаг, кæй зæгъын æй хъæуы, не ’ййæфтой. Хъуыд- даг æцæгæй афтæ кæй уыдис, уымæн æз мæхæдæг дæн æвдисæн, уымæн æмæ уыдтон мæхи цæстытæй, мæ фыды æфсымæртæ Ха- сæхъо æмæ Тепсарыхъойы бинонтæ куыд цардысты, уый. Фылдæр пайда кодтой фысы фыдæй: кодтой йæ къуыдырвых кæнæ физонæг. Стуры фыдæй ма уымæй уæлдай кодтой фыдджынтæ дæр. Махæн, бирæ сывæллæттæн, нæ фыд раджы амард æмæ базза- дыстæм сидзæрæй. Уыдыстæм тынг мæгуыр. Фылдæр нæ цард уыдис нæ фыды æфсымæрты хæдзары. Æмæ-иу алы хæрды фæстæ дæр, хорз æй хъуыды кæнын, не ’ппæтæн дæр æркодтой къусты бас. Æмæ мах, кæстæртæ, арæх хистæртæй хъуыстам ахæм ныхæстæ: «Бас цармæй фыды æхсæн цæуы». Ацы ныхæстæ цæуыл дзурæг уыдысты, уый не ’мбæрстон, фæлæ дзидзайы фæстæ бас бацымын хорз у, уый не ’ппæты дæр уырныдта. Æрæджы Беслæны сæмбæлдтæн иу хæдзары. Бон раздæр ацы хæдзары уыдис чындзæхсæв. Æмæ, фыдæлтæй куыд баззад, афтæ хæдзары хицау æрхуыдта сыхбæсты сæр æмæ бæрзæймæ. Мæнæн дæр ма цы гæнæн уыд æмæ хуынд адæмимæ бахаудтæн. Фынгыл нозт æмæ хæринаг кæстæртæ куы æрæвæрдтой, уæд сæм хæдзары хицау сдзырдта: — Афтæ бакæнут, кæстæртæ, æмæ дзидзатæ цы басы сфыхтыс- ты, уымæй алы лæджы раз дæр æрæвæрут. «Мæн нæ хъæуы», зæгъгæ, никæй дзыхæй ссыдис æмæ не ’ппæтæн дæр, нæ фысым куыд загъта, афтæ æрæвæрдтой тæбæгьы дзаг тæвд бас. Къуыдырвых дзидзамæ уыйбæрц зæрдиагæй ничи æвнæлдта, фылдæр цымдтой бас. Иуæй-иутæ дзы дыккаг хатт дæр æркæнын кодтой. Зæрдæйыл æмбæлдис тæвд цывзыджын бас. 52
Иуахæмы нæ бадты хистæр загьта: — Басæй хæлардæр хæринаг ницы ис. Фыдæлтæ-иу афтæ загь- той, бас, дам, цармæй фыды æхсæн цæуы. Æмæ, æвæццæгæн, адæймагæн уæззау операци куы скæнынц, уæд ын æппæты разæй гыццылгай йæ хъуыры уидыгæй бас уымæн фæуадзынц. Зæрдыл æрлæууыдис, кæддæр нæ сыхы зæронд лæгтæн сæ хистæр Джериаты Бибойæ цы таурæгь фехъуыстон, уый. Мæ ны- хас дæр цæуы уыцы таурæгьыл. Бибо дзырдта: — Уый уыдис тынг раджы. Уастырджи Стыр Хуыцаумæ бацы- дис æмæ загьта: «Фæстаг хатт зæххон адæмы куы бабæрæг кодтон, уæд федтон стыр тæригьæддаг хъуыддаг. Тар хъæды астæу æрдузы иу фыййау хизы йæ фысвос æмæ æрхæндæгæй кæуы. Амал мын нæ фæцис йæ бабæрæг кæнынæн æмæ уæдæй абонмæ мæ зæрдæ тынг æхсайы уыцы фыййаумæ. Æнæмæнг, уый у æххуысхъуаг æмæ йын хъæуы баххуыс кæнын. Ауадз мæ, не сфæлдисæг Стыр Хуы- цау, зæххон адæмы бабæрæг кæнынмæ. Æмæ кæд мæхи бон бауа уыцы тыхст лæгæн баххуыс кæнын, уæд ын баххуыс кæндзынæн. Кæд мæхи бон нæ бауа, уæд та дæуæй ракурдзынæн ахæм æххуыс». Стыр Хуыцау сразы ис Уастырджийы фæндонимæ, æмæ рацы- ди Уастырджи. Изæрырдæм хæстæг бацыдис йæ бæхыл, фыййау йæ фосы цы æрдузы хызта, уырдæм æмæ та йæ хъустыл ауадис, фыййау уынгæг хъæлæсæй куыд куыдта, уый. Уалынмæ баизæр, æмæ фыййау йæ фосыл ахъæр кодта. Æртар- дта сæ уæтæрмæ æмæ сæ бафснайдта. Фосы бынатæй куы рацы- дис, уæд кæсы, æмæ уæтæры дуармæ æрлæууыдис цавæрдæр барæг. Уый разындис зæронд лæг, скъуыдтæ дарæсы. Йæ бæх дæр уыйбæрц бæллиццаг нæ зындис. Барæг фыййауы куы ауыдта, уæд сдзырдта: — Де зæр хорз уæд æмæ дæ фос та бирæ уæнт, хорз фыййау! — Арфæгонд у æмæ æгас фæцу, - дзуапп радта фыййау. — Дардæй цæуæг бæлццон дæн æмæ мæ ахсæв бавæр, хорз фыййау,— загьта та уазæг. — Уазæг — Хуыцауы уазæг! Табуафси, бафысым кæн. Нæ къухы цы ис, уымæй нæ бацауæрддзыстæм уазæджы сбуц кæныныл, — загьта та фыййау æмæ уазæджы размæ хæстæгдæр рацыдис. Фыййау тынг бацин кодта йæ уазæгыл, æрбаста йын йæ бæх æмæ дыууæйæ дæр мидæмæ, агъуыстмæ бацыдысты. Иу-цасдæр куы аныхæстæ кодтой, уæд цæйдæр æфсон æддæмæ рауадис. Уазæг æм æнхъæлмæ кæсын райдыдта. Иуахæмы рудзынгæй акастис æмæ федта: йæ фысым аргæвста тохъхъыл æмæ йæ бауæларт кодта. Фыййау мидæмæ куы æрбацыдис, уæд йæ уазæг тынг стыхтис, 53
цæмæн, дам, акодтай кусарт, мæнæ, дам, дæхи æхсæвæрæй ба- хордтаин æз дæр. Æмæ йын уæд фыййау зæгьы: — Цæрæнбонты ацы фосы фæстæ цæуынæй базæронд дæн. Æмæ уазæджы æнæ кусарт акæнгæйæ никуы ауагьтон. Уый мын базза- дис фыдæй. Æмæ ацы æгьдауæн халæн нæй. Цы ма загьтаид уазæг йæ фысымы ныхасыл? Цалынмæ уазæг æмæ фысым ныхæстæ кодтой, уæдмæ кусарт сфыхтис æмæ æхсæвæр бахордтой. Хуыссыны размæ сæм рауадис ныхас. Уазæг загьта: — Æвæццæгæн, æз ахсæв бафысым кодтаин æндæр ран дæр. Фæлæ ныр дыккаг хатт, ды дæ фос цы æрдузы фæхизыс, уый рæзты цыдтæн æмæ фехъуыстон, ды зæрдæуынгæгæй куыд фæкæуыс, уый. Æмæ мæ тынг бафæндыд базонын, цæмæн фæкæуыс, уый. Чи зоны дын мæ бон баххуыс кæнын бауа. Æмæ дын кæд зын нæу, уæд мын дæ хабар ракæн. — Мæ хабар сусæггаг нæу. Æз дын æй радзурдзынæн. Фæлæ мын дæ бон исты баххуыс бауа — уый æнхъæл нæ дæн. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ фæдæн дæлимонты ахæсты. Цæрынц ам хæстæг ахæм комы, æмæ сæм бацæуæн нæй. Сагъуыдысты мыл æмæ мын мæ фос æмбис фæкодтой. Цæуынц мæм ардæм алы æртыццæг æхсæв дæр бирæйæ. Фæрсгæ дæр мæ нæ бакæнынц, афтæмæй мын мæ фосæн сæ хуыздæрты раласынц, аргæвдынц сæ æмæ минас кæнынц æнæхъæн æхсæв. Бонырдæм æфсæстæй айсынц сæхи. Афтæ алы къуыри дæр. Фыдæбон фосыл æз кæнын, хæргæ та сæ уыдон кæнынц. Куыд сæ фервæзон, уымæн ницы зонын æмæ уый тыххæй æрвылбон мæхиуыл, мæ хъысмæтыл кæуын. Æндæр мæ бон ницы у. Тыхы фæрцы уыдонимæ дзурæн нæй. Тæригъæд æмæ æфсæрмы та зонгæ нæ кæнынц. Гъе, уый дын мæ хабæрттæ, мæ хорз уазæг, — загьта фыййау. Уазæг исдугмæ ныхъхъус, стæй загъта: — Ацы хъуыддаджы æз дæуæн баххуыс кæндзынæн. Уый дын мæ быгьдуан фæуæд. Æцæг дын æз куыд бацамонон, афтæ бакæн. Куыд зæгъыс, афтæмæй та дæм уыцы дæлимонтæ зындзысты æртыццæг æхсæв. Æмæ сæ тæккæ хæргæйæ куы уой, уæд-иу истæй æфсонæй æддæмæ рацу, куыд нæ дыл фæгуырысхо уой, афтæ. Дзидзатæ цы æгты сфыхтысты, уыдон сабыргай, æнæуынæрæй афæлдах, сæ хуылфы цъыртт дæр бас куыд нал баззайа. Дæхæдæг- иу дæ сæр арф бафснай, куыд нæ дæ ссарой, афтæ, æмæ уæд ды уыцы дæлимонтæй бынтондæр фервæздзынæ. Дæ фосы фæстæ кæугæйæ нал цæудзынæ, фæлæ заргæйæ. 54
Æмбисæхсæв куы уыдис, уæд уазæг райхъал кодта фысымы æмæ йын загъта: — Мæн цæуын хъæуы. Курын дæ æмæ мын мæ бæх арæвдз кæн. Фысым йæ дзаумæттæ акодта æмæ фæраст ис бæхдонмæ. Æмæ федта стыр диссаг: йæ уазæджы бæх ам нал уыдис. Йæ бынаты лæууыдис, йæ саргь йæ уæлæ, афтæмæй бæрзонд, уæларвон урс æфсургь. Куыд нæ бацыдис дисы фысым, фæлæ уæддæр æддæмæ раласта æфсургъы. Æмæ та ногæй федта стыр диссаг: цы зæронд лæг æм уыдис уазæгуаты, уый бæсты раййæфта бæрзонд, хæрзконд лæджы сыгьзæрин доны тылд дзаумæтты. Лæг рогæй сгæпп кодта æфсургьмæ, идоны рохтæ æрбалвæста æмæ загъта: — Бузныг дын зæгъын, хорз фыййау. Уæздандзинад дæм ра- зындис, хорз мæ сбуц кодтай. Ныр ды, æвæццæгæн, бамбæрстай, æз чи дæн, уый. Æрцыдтæн æз уæларвæй дæуæн баххуыс кæнынмæ, уымæн æмæ айразмæ, ауылты цæугæйæ, æз фехъуыстон дæ кæуын æмæ дын ныр куыд бацамыдтон, афтæ бакæн: ма бауадз уыцы дæли- монты хæрды фæстæ бас бацымын. Стæй йæ дæхæдæг дæр зон æмæ иннæтæн дæр дзур: хæрды фæстæ бас у æвдадзы хос, уый цармæй фыды æхсæн цæуы. Ацы ныхæсты фæстæ лæг йæ бæхмæ ехсæй февзыста æмæ бæхæй, лæгæй уæларвмæ æхсæвы тары цæхæртæ калгæ хæхты аууон фесты. Нæ фыййау, кæй зæгъын æй хъæуы, бамбæрста, зæронд лæджы хуызы йæм Уастырджи кæй æрфысым кодта, уый. Æрлæууыд йæ уæрджытыл æмæ бирæ фæкуывта. Стыр ныфс дзы бацыд æмæ фæхъæлдзæгдæр ис. Æрхæццæ ис æртыццæг æхсæв дæр. Фыййау йæ фос æртардта уæтæрмæ æмæ сæ бафснайдта. Уый хæд фæдыл фæзындысты йæ æнæхуынд уазджытæ-дæлимонтæ. Ацы хатт дæр та — бирæйæ: авд авдæй æмæ дыууæ дыууадæсæй. Фыййауы фæрсгæ дæр нæ бакод- той, афтæмæй сæ кæстæртæ уæтæрæй раластой иу къорд нæл фысы, æрбаргæвстой сæ æмæ сæ бауæларт кодтой. Иу-цасдæррæстæджы фæстæ дзидзатæ сфыхтысты, систой сæ æгтæй, мидæмæ сæ бахас- той æмæ æрбадтысты хæрыныл. Фыййауæн та йæхи дæр семæ ба- дын кодтой. Ацы хатт дæр та уый бадтис фынгæн йæ тæккæ кæрон, дæлимонты дæлейæ. Æмбис бадт уыдаиккой, афтæ фыййау цæйдæр æфсонæй рацыдис æддæмæ. Ничи йæ уыны дæлимонтæй, уый куы бамбæрста, уæд сындæггай, дзидзатæ кæм сфыхтысты, уыцы æгтæ афæлдæхта, акалдта фæстаг цъыртты онг, сæ хуылфы цы бас уыдис, уый. Йæхæдæг ацыд æмæ кæмдæр арф пыхсыты бамбæхст. Уазджытæ сæ фæстаг стджытæ æхсыд куы фесты, уæд сæ хистæр дзуры кæстæртæм: 55
— Райсут къæртатæ æмæ бас æрбахæссут! Кæстæр дæлимонтæ райстой къæртатæ æмæ ацыдысты бас хæссынмæ. Фæлæ æгты иууылдæр аййæфтой дæлгоммæ фæлдæхтæй. Уидыджы дзаг дæр цалдæр аджы бас нал уыд. Цы гæнæн уыдис, æрбацыдысты мидæмæ æмæ хабар фехъусын код- той, фыр дзидза хæрдæй чи ныттыппыр, уыцы дæлимонтæн. Уыдонæн сæ хистæр фæгæпп кодта æмæ хъæрæй загъта: — Ацы фыййауæн чидæр бацамыдта, махæн нæ адзал цæмæй у, уый æмæ нын стыр фыдбылыз скодта. Уый бæрц дзидза бахæрды фæстæ, мах бас куы нæ бацымæм, уæд иууылдæр цагъды фæуы- дзыстæм. Уæлæмæ сыстут æмæ куыд амал ис, афтæ тагьддæр лидзгæ нæхимæ. Нæ мæрдтæ ма уæддæр ахæссæм ардыгæй. Сæ хистæр сæ разæй, афтæмæй кæрæдзийы фæдыл лидзын бай- дыдтой сæхимæ. Фæлæ сæ йæ хæдзармæ ничиуал фæхæццæ, фæндаджы былтыл хъилтæй баззадысты. Фервæзт фыййау йæ тыхгæнджытæй. Йæ фæллойæн ссис хи- цау йæхæдæг. Æмæ алы аз дæр йæ тохъхъылты хуыздæр нывонд кодта Уастырджийæн æмæ йæ уый номыл æргæвста. ГÆРÆЙЫ КУЫЙТÆ Гæрæйæн йæ æцæг ном Ахмæт хуындис. Фæлæ йæ адæм фылдæр Гæрæйæ зыдтой. Йæ мад ыл сæвæрдта ахæм ном æви æндæр исчи, уый абон зын зæгьæн у. Æз Гæрæйы хорз хъуыды кæнын. Уый уыдис нæ мыггаджы хуыздæр зæронд лæгтæй иу. Бæрзонд, хæрзконд æмæ сæрæн. Зæрондæй дæр ма йæ фезмæлд, йæ къахдзæф — фидар. Дзуапджын æмæ дзырддзæугæ лæг уыдис Гæрæ. Арæх æм дзырдтой туджджын- ты бафидауын кæнынмæ æмæ, хистæрæн цины дæр æмæ зианы дæр, уæлейæ бадынмæ. Уæдæ-иу хъæубæсты зианæн дæр Гæрæ фæндараст ныхас куы кодта, уæд-иу æм иууылдæр цымыдисæй хъуыстой. Фендджынæй дæр фендджын лæг уыдис Гæрæ. Бирæ фæцард йæ рæстæджы Уæрæсейы, уæлдайдæр Бетъырбухы. Куыд дзырдтой, афтæмæй-иу Гæрæ революцийы размæ Бетъырбухæй нæхимæ куы ссыдис, уæд-иу ыл уыдис æфсæддон дарæс, йе уæхсчытыл та 56
хаста афицеры пъагæттæ. Хабæрттæ дæр бирæ зыдта Гæрæ, æмæ- иу æм, æртæ сыхæн иумæ цы ныхас уыд, уым адæм лæмбынæгæй хъуыстой. Æз Гæрæйы тыххæй цы хабар радзурынмæ хъавын, уый мын радзырдта нæхи хъæуккаг Баситы Бæллæ. Бæллæ Гæрæйæ бирæ кæстæр нæ уыдаид, фæлæ асæй уый ронбастмæ дæр нæ хæццæ код- та. Ирон адæм революцийы размæ дæр æфтыдысты Уæрæсемæ. Чи ахуырмæ цыдис, чи сæудæджеры куыст кодта, чи та цыдис куыс- тагур. Æмæ Бæллæ дæр цалдæр æмбалимæ ацыдис Бетъырбухмæ куыстагурæг. — Ме ’мбæлттимæ иу ранмæ нæ бахаудтон, — дзырдта Бæллæ, — алыхуызы куыстыты ныллæууыдысты алы рæтты уыцы стыр го- рæты. Мæн дæр вагзалæй иу хъæздыг лæг файтоны аласта йæ хæдзармæ. Цастæ уыдтæн æз бакæсгæйæ, фæлæ, æвæццæгæн, мæ ирон дарæсмæ гæсгæ уыцы лæджы зæрдæмæ фæцыдтæн. Лæг уыдис тынг бонджын, уыдис ын стыр хæдзæрттæ, кодта сæудæджеры куыст. Мæ хицаумæ уыдис диссаджы гыццыл куыдз — гæдыйæ къаддæр чи уыд, ахæм. Кæцæйдæр æй фæсарæнтæй æрбаласта. Йæ бакастæй бæрæг уыдис, куыдзмæ хорз зылд кæй цыдис, уый. Ныр ацы куыдз лæвæрд æрцыдис мæнмæ: мæ хæс уыдис уымæ кæсын зылдæй дæр æмæ хæринагæй дæр. Уыдис ын сыгъдæг æмæ хъарм бынат. Мæ размæ ацы куыдзмæ зилæг мын бацамыдта, хæринаг ын куыд дæттын хъæуы, уый. Мæхицæн дæр мын дзæбæх хъарм сыгъдæг уат радта мæ хицау. Мæ къуыдз алы бон дæр хъуамæ хордтаид фых дзидза. Уыимæ стуры фыд, ног æргæвстæй. Æмæ мæн алы бон дæр цæуын хъуы- дис базармæ куыдзæн дзидза æлхæнынмæ. Радтой-иу мæм 40-50 капеччы æмæ сæ-иу æз, цы хъуыдис, уыдон балхæдтон. Æз рагæй дæр стуры раззаг хуылфыдзаума уарзтон. Æмæ-иу фылдæр хуыл- фыдзаума æлхæдтон. Сфыхтон-иу сæ, куыдзы фаг дæр-иу уыдыс- ты æмæ мæхи фаг дæр. Æмæ тынг хорз цардтæн. Дарæс хъуаг дæр нæ уыдтæн, уымæн æмæ мын мæ хицау мызд дæр æвзæр нæ фыс- та. Нæхимæ-иу æхца дæр æрвыстон æмæ пасылкæтæ дæр. Иу ны- хасæй, мæхиуыл хорз фæхæцыдтæн æмæ куывтон Хуыцаумæ, уыцы цард мæ къухтæй куыд нæ ахауа, уый тыххæй. Уыцы цардæй фæцардтæн афæдзæй фылдæр. Иу бон та райсомæй мæхи арæвдз кодтон базармæ дзидза æлхæнынмæ. Æнæхайыры къæбыла мæныл афтæ тынг сахуыр æмæ алы ранмæ дæр мемæ цыдис. Æмæ-иу, базармæ куы цыдтæн, уæд- 57
иу æй йæ бынаты бакодтон æмæ-иу ыл дуар сæхгæдтон. Уыцы бон, мæ фыдбылызæн, мæ зæрдыл нал æрлæууыдис, афтæмæй базармæ фæраст дæн. Дзидзауæйгæнæгæн æхца куыд лæвæрдтон, афтæ дын мæ къæхты бын мæ куыдзы ауыдтон. Райстон дзидза æмæ араст дæн нæхимæ. Куыдз дæр згьордта мæ фæстæ. Æмæ та мæ ам дæр айрох ис, алы бон дæр куыйтæ чи ахсы, уыдон базары сæ куыст кæнынц, уый. Иуахæмы мæ куыдзы хъыллист фæцыдис. Фæкастæн фæстæмæ æмæ мæ сæры хъуынтæ арц сбадтысты, мæ гыццыл куыдзыл мын дыууæ куыдзахсæджы хыз баппæрстой, хызы ком аздыхтой æмæ йæ уæртæ фæхæссынц. Сæ фæдыл згъорын, хъæр кæнын, фæлæ мæм кæсгæ дæр нæ кæнынц. Уæддæр тæхын сæ фæстæ. Базар стыр базар уыдис. Йæ иу кæроны уыдис даргь æхгæд сара. Уырдæм куы бахæццæ стæм, уæд дуаргæс дуар фегом кодта æмæ мын мæ куыдзы мидæмæ баппæрстой. Сæхæдæг та ног фæраст сты æндæр куыдз ахсынмæ. Сарайæ æддæмæ хъуыстис тынг бирæ куыйты уынæр. Кæрæдзийы мидæгæй æргæвстой, рæйдтой, ниудтой. Æз лæгъстæ байдыдтон дуаргæсæн, мæ куыдзы мын рауадз, зæгьгæ. Фæлæ мæм уый хъусгæ дæр нæ кодта. Æгæр мæ куы стых- стис, уæд мæ асхуыста æмæ æз уæлгоммæ ахаудгæн. Ницæмæ æрдард- та, æз ын «господины куыдз у» кæй загьтон, уый дæр. Цы уыдис мæ бон дуаргæсæн? Иуварс сбадтæн цыдæр къода- хыл æмæ марой кодтон. Æнæ куыдз, кæй зæгьын æй хъæуы, мæнæн уыцы хъæздыг лæджы хæдзармæ цæуæн нал уыд. Æз бадын къодахыл, мæ цæссыгтæ мæ рустыл уадысты. Æрмæст ма-иу скуывтон: «О, нæ фыдæлты Уастырджи! Сæфын мæ ма ба- уадз! Батæригъæд мын кæн æмæ мæ ацы уæззау уавæрæй фервæзын кæн!» Æмæ мæм Уастырджи æвæстиатæй фæзындис, мæ зын уавæрæй мæ фервæзын кодта. Зынгæ та мæм фæкодта Бокоты Гæрæйы хуызы. Хъуыддаг рауадис афтæ: Æз къодахыл куы бадтæн æмæ хъарджытæ куы кодтон, уæд кæсын, æмæ ме ’рдæм комкоммæ æрбацæуы дыууæ урядникы. Бæрзонд, хæрзконд лæгтæ. Сæ галиу фæрстыл æхсаргæрдтæ ауыгъд, сæ рахиз фæрстыл — дамбацатæ. Сæ ног æрттиваг цырыхъыты хъыр- рыст дардмæ хъуыстис. Мæнмæ æххæст нæма æрбахæццæ сты, афтæмæй æрлæууыдысты æмæ цæуылдæр уырыссагау зæрдиаг ны- хас кодтой. Æз дыууæ лæгмæ кæсын æмæ дызæрдыг байдыдтон, арæби, загьтон мæхицæн, кæд мæ мæ цæстытæ нæ сайынц, уæд адонæй иу мæ сыхаг Бокоты Гæрæйы хуызæн у. Фæлæ Гæрæ ам куыд хъуамæ февзæра! Æвæццæгæн, кондæй дæр æмæ уындæй дæр ацы лæг Гæрæйы хуызæн у, фæлæ уый нæу. Æмбисонд дæр ма куы 58
ис, «Хуызæнæй хуызæнмæ, дам, лæг амардæуыди». Фæлæ уæддæр æз мæ цæстытæ нæ истон, Гæрæйы хуызæн мæм чи фæкаст, уыцы урядникæй. Мæ куыдз дæр мæ иу-цасдæр æрбайрох ис. Иу заман куьг уыдис, уæд уыцы урядник ме ’рдæм фæкастис æмæ мæм кæсгæйæ баззад. Акæсын æз æндæрырдæм, фæстæмæ уый æрдæм ракæсын æмæ та мæнмæ кæсы. Уалынмæ йе ’мбалæн цыдæр загьта, йæхæдæг мæнмæ комкоммæ æрбацыд. Æз фестадтæн æмæ уырдыг алæу- уыдтæн. Уый мæм комкоммæ бакаст æмæ иронау сдзырдта: — Дæ хорзæхæй, Баситы Бæллæ нæ дæ? — Бæллæ дæн, — загътон æз. — Æмæ дæ ардæм цы Хуыцау æрхаста? Æцæгæй дæр уый уыдис Бокоты Гæрæ. — Кæсын дæм, Бæллæ, æмæ мæм тынг тыхст кæсыс. Цы код- тай, чи дæ бафхæрдта? — бафарста та Гæрæ. Æз ын ракодтон мæ куыдзы хабар. — Тæрсгæ ма кæн, Бæллæ, ныртæккæ дын мах дæ куыдзы ра- уадздзыстæм æмæ куыд цардтæ, афтæ цæрдзынæ, — загъта та Гæрæ. Уыцы ныхæстимæ Гæрæ йе ’мбалимæ бацыдысты, куыйты дуар чи хъахъхъæдта, уыцы дуаргæсмæ. — Ацы лæгæн ныртæккæ йæ куыдз рауадз! - загьта дуаргæсæн Гæрæ. — Уыцы куыдз у стыр бæрзонд господины, у тынг зынаргь æмæ йын æнæ рауадзгæ нæй! — фæбæрзонддæр кодта йæ хъæлæс Гæрæ. Иннæ урядник дæр тынг схъæртæ кодта дуаргæсыл. Дуаргæс загьта: — Сымах кæй зæгъут, уымæн гæнæн нæй. Фыццаджыдæр, уымæн æмæ ам, базары, цыдæриддæр куыйтæ ис, уыдон сты æнæхицау, дзæгьæлдзу куыйтыл нымад. Æмæ, горæты хицауады уынаффæмæ гæсгæ, уыдон хъуамæ цæуой ахст æмæ куынæггонд. Дыккаджы та, уæ фæндонæн сæххæстгæнæн уымæн нæй, æмæ ба- цæуæн нæй мидæмæ сарамæ. Ис дзы тынг бирæ æххормаг куыйтæ æмæ адæймаджы акъабæзтæ кæндзысты. Цалынмæ Гæрæ æмæ йе ’мбал дуаргæсимæ ныхæстæ кодтой, уæдмæ нæ разы алæууыдысты, мемæ Бетъырбухмæ нæхи хъæуæй чи æрцыдис, уыдонæй дыууæ. Æвæццæгæн мæ фыццаг бабæрæг кодтой кæм цардтæн, уым, стæй уæд ардæм мæ фæдыл рацыдыс- ты. Æз ноджыдæр фæныфсджындæр дæн. Гæрæ æмæ йе ’мбалæн сæ ныхас дуаргæсимæ загьдмæ расайдта. Уыдон уымæн дуар гом кæнын кодтой, уый та йæ гом нæ кодта. Ацы загъд æмæ хъæлæбамæ адæм нæ разы фылдæрæй-фылдæр æмбырд кæнын байдыдтой. Иу заман Гæрæ фæмæсты ис, фæстæрдæм дыууæ-æртæ къахдзæфы ракодта, стæй уæд размæ ба- 59
тахтис æмæ куыдздоны дуар йæ къахæй тынг ныццавта. Дуар æнæхъæнæй дæр мидæмæ бахаудис. Æмæ райдыдтой стыр диссæгтæ. Бирæ рæстæг уыцы сарайы æндæрæны æххормагæй цы сæдæгай куыйтæ уыдис, уыдон сарайы дуар гомæй куы ауыдтой, уæд æддæмæ ныццавтой. Адæм сæ уындæй фæйнæрдæм лыгъдысты цъæхахстгæнгæ. Æххормаг куыйтæ æппындæр ницæмæйуал тарсты- сты. Бирæгьтау лæбурдтой æмæ адæмæн сæ къухтæй истой, хæри- нагæй сæм цы уыдис, уый. Базары адæм æмæ куыйтæ сæмхæццæ сты. Жандармтæ дамбацатæй гæрах кодтой, фæлæ сын куыйтæ сæ гæрæхтæ ницæмæ дардтой. Бæстæ фæдис ссис. Адæм базарæй æддæмæ лыгъдысты. Æххормаг куыйтæ сын истой сæ хæринæгтæ æмæ сæ алы рæтгы хордтой. Æз мæ къæбылайы æрцахстон æмæ йæ мæ роны бавæрдтон. Уæвгæ, цавæр къæбыла уыдис? Цалдæр азы йыл цыди, фæлæ гыц- цыл уыдис асæй. Базары цы диссæгтæ уыдис, уыдонмæ кæсгæйæ, æз нал федтон, Гæрæ æмæ йе ’мбал цы фесты, уый. Нал федтон ме ’мбæлтты дæр. Уый фæстæ, куыд базыдтон, афтæмæй уыдон базары цытæ рауад, уыдон куы федтой, уæд афоныл уырдыгæй сæхи айстой. Æмæ æз дæр уыдоны фæзмгæйæ цингæнгæ мæ куы- дзимæ рæвдз ацыдтæн мæ цæрæн бынатмæ. Ме ’мбæлттæ нæхимæ Бетъырбухæй раздæр ссыдысты æмæ Гæрæйы хабар ме ссыдмæ, куыд æй федтой, афтæ радзырдтой. Гæрæ куы сыздæхтис Уæрæсейæ нæхимæ, уæд-иу хабар йæхæдæг дæр арæх радзырдта. Æмæ хъæубæсты равзæрдис æмбисонды хуызæн ныхас: «Гæрæйы куыйты пырх ныййисты!» Ацы цауты фæстæ ма æз Бетъырбухы баззадтæн мæ хицаумæ 5-6 азы. Зылдтæн ын уыцы гыццыл куыдзмæ, цалынмæ базæронд ис æмæ амардис, уæдмæ. Хорз мæхиуыл фæхæцыдтæн æмæ дза- гармæй ссыдтæн мæ бинонтæм. Бокоты Гæрæйы та нымадтон æмæ абон дæр нымайын мæ Уастырджийыл. ХЪАБАХЪ Дзырд «хъабахъ» раздæр заманты арæхдæр дзырдтой. Ныртæккæ дæр ма йæ хистæртæй фехъусæн ис, фæлæ йæ фæсивæд, зæгъæн ис, æмæ нал дзурынц. «Хъабахъ» дзырдæй пайда кодтой адæм, 60
ницы уæвгæйæ йæхицæй æнæхъуаджы чи æппæлыд, уыдонæн уайдзæф кæнгæйæ. Зæгъæм: «Дæ хорзæхæй, раст цыма хъабахъ акъуырдтай, уыйау дæхицæй цы æппæлыс?» Кæнæ: «Дæ мад-дæ фыдыстæн, дæхимæ ахæм диссаг цæмæй кæсыс, исты мын хъабахъ акъуырдтай?». Ацы дыууæ дæнцæгæй куыд зыны, афтæмæй, ирон адæмы на- цион хъæзтыты хъабахъ æхсын нымад уыдис сæ сæйрагдæр хуызтæй иуыл. Хъабахъ-иу чи акъуырдта, уыцы лæг та уыдис стыр кадцжын, æмæ-иу æппæт Ирыстоны йæ ном айхъуыст. Уæдæ цы уыдис хъабахъ æмæ йын цæмæн ахæм стыр кад кодтой нæ фыдæлтæ? Мæнæн уый тыххæй 1944 азы зымæджы радзырдта, йæхæдæг къорд хатты хъабахъ чи æхста, ахæм зæронд лæг — Дзахо- ты Максо. Уæд ыл 80 азæй фылдæр цыдис, фæлæ ма уыдис уæн- грог æмæ къахæй фидар. Максоимæ мах сыхæгтæ уыдыстæм æмæ йæ зыдтон мæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ. Арæх-иу хистæртæй хъуыстон, Максойæ дæсныдæр топпæйæхсæг мах хъæуы нæ, фæлæ æппæт Ирыстоны дæр нæй, зæгьгæ. Дзахотæ Хъæдгæронмæ Карцайæ ралыгьдысты. Бирæ дардтой фысвос. Иуахæмы сæ лæгтæ дыууæйæ рацыдысты Хъæдгæронмæ Карцайæ. Рацыдысты Куырттаты комы фæндагыл нæ, фæлæ ком- коммæ хъæдты, кæмтты æмæ къуылдымтыл. Суадагæй Хæтæлдо- ны астæу цы стыр хъæды рагъ ис, уырдæм куы ’рхæццæ сты, уæд рагъы хуссайраг фарс ссардтой егьау æрдузтæ - диссаджы хорз уыгæрдæнтæ. Схуыдтой уыцы бынат Зыгъарискъ. Фæстæдæр дзы сарæзтой уæтæртæ. Сæрды-иу сæ фос хызтысты хохы, зымæг та сæ дардтой ам — Зыгьарисчъы. Иу ныхасæй, сæ цард æрвыстой фосимæ хæхты æмæ хъæдты. Уыцы зымæгон бон æз уыдтæн рады хъомгæс. Уæд ма нартхоры хуымтæ къухæй тыдтой æмæ-иу хъæллæгь уæлхъæдæй лæугæйæ баз- зад быдыры. Суанг уалдзæгмæ дæр адæмы фос хызтысты уыцы хæтæлы. Мæ фос æнцад хызтысты æвæджиау хизæны. Уалынмæ кæсын, æмæ кæйдæр фос æрбацыдысты æмæ мæ хъомимæ сæмхæццæ сты. Йæ фосы фæдыл фæзындис хъомгæс йæхæдæг дæр. Уый уыдис Дзахоты Максо. Бæрзонд, уæнгджынтæ зæронд лæг. Йæ сæрыл, ранæй-рæтты рæмпæг кæй бахордта, ахæм уæлдзарм худ. Йæ уæлæ æнæцъар зæронд кæрц, къæхтыл — фæсмын зæнгæйттæ. Йе уæхс- кыл цы топп ауыгъд уыди, æз ахæм мæ цæрæнбонты дæр никуы федтон. 61
- Максо, ахæм топп уынын фыццаг хатт. Кæцон у, цавæр у? — фæрсын æй. - Ацы топпæн йæ ном хуыйны «берданкæ», — загьта Максо. Æз райстон топп æмæ йæм лæмбынæг æркастæн. Иннæ топпы- тимæ абаргæйæ, уыдис бирæ даргьдæр æмæ уæззаудæр, иуæхстон. Йæ гилдз дæр уыдис стыр, йæ нæмыг дæр. - Æгæр уæззау у, Максо, — загьтон æз. - Уæззауæй уæззау у, - мемæ сразы Максо. — Мæнмæ алы- хуызон топпытæ уыдис: англисаг, гермайнаг, уырыссаг æмæ æндæртæ. Фондзæхстонтæ. Фæлæ дзы ацы топпæй тынгдæр мæ зæрдæмæ иу дæр нæ фæцыдис. Мæ цард арвыстон фосы фæдыл цæугæйæ æмæ цуаны. Ныр æртиссæдз азæй фылдæр хæссын ацы хæцæнгарз. Æмæ йыл мæ зæрдæ никуы фæхудтис. Дыууæ хатты та дзы хъабахъ акъуырдтон. Хъабахъы кой куы фехъуыстон, уæд æрхатыдтæн зæронд лæгмæ: - Дæ хорзæхæй, Максо, хъабахъы кой фехъуыстон, фæлæ цы у, уый бæлвырд нæ зонын. Æмæ дын кæд зын нæу, уæд ма мын уый тыххæй исты бæлвырд хабæрттæ ракæн. Максо иу-цасдæр æнæдзургæйæ алæууыд, стæй кæм лæууыд, уым æрбадт: - Уыдис ахæм æгъдау нæ фыдæлтæм: хъабахъ. Арæзт-иу уыд хорз лæджы кадæн. Ирыстоны хуыздæр топпæйæхсджытæ-иу ерыс кодтой топпæй æхсынæй. Хъабахъ арæзт цыдис хъæуæй иуварс, быдыры. Хъæдæй-иу æрластой даргь сусхъæд тала. Талайæн йæ ныхы дæргъырдæм бырауæй хуынкъ кодтой æмæ-иу уым ныгьтъы- стой æнгуылдзы стæвдæн æхсынцъы къæбæл. Къæбæлæн-иу йæ кæрон ныффидар кодтой стад æмæ хъæбæр æрчъиаджы гæбазæй. Тала-иу ныффидар кодтой зæххы сагьд чи уыд ахæм хъæды лыгга- гыл. Хъабахъы бын-иу бабастой стыр хæрзхаст гал, хъабахъ чи акъ- уырдтаид, уымæн. Хъабахъ æхстой сæдæ сардзины (200 метры) дæрддзæгæй. Топпæйæхсджытæ-иу лæууыдысты рæнхъæй æмæ-иу æхстой ра- дыгай. Æхстой, талайы кæронæй æрчъиаджы гæбазы астæу цы къæбæл уыд, уый. Уыцы къæбæлыл нæмыг куы суадаид, уæд æрчъиаджы гæбаз зæхмæ æрхаудаид. Чи йæ æрæппæрста, уый кой та-иу айхъ- уыст æнæхъæн Ирыл, ахæм æмæ ахæм хъабахъ акъуырдта, зæгьгæ. Максо куыд радзырдта, афтæмæй йæм, цы берданкæ уыд, уымæй дыууæ хатты акъуырдта хъабахъ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæн фæндыд уыцы хабæртты бæлвырддзинад базонын дæр æмæ йын мæ фæндон куы бамбарын кодтон, уæд мæ курдиатыл дыууæ нал загьта æмæ дзурын райдыдта: 62
- Æмбисонды хорз топп у ацы берданкæ. Цъиуы цæст дæр дзы нæ ивгьуыдтон. Фæстаг хатт ма нæ хъæуы хъабахъ уыдис, револю- ци куы сарæзтой, уыцы аз. Аразгæ та йæ скодтой Тохтиаты Тот- радзы кадæн. Кадцжын лæгæй фæцардис Тотрадз йæ хъæубæсты нæ, фæлæ æгас Ирыстоны дæр. Æппæт Ирыстоны дæр-иу фида- уын цы туджджынтæ нæ куымдтой, уыдоны дæр Тотрадз бафидауын кодта. Иу изæр æз Зыгьаричъы фос æрбатардтон уæтæрмæ. Мæ хистæр æфсымæр Гацыр цалдæр боны размæ хъæумæ хæринæггæ ласынмæ ацыд æмæ йæ ныр æз ам æрбаййæфтон. Гацыр мын рахабар кодта, зæгьгæ, иннæбон Хъæдгæронæй Ногхъæуы астæу астымы æхсдзы- сты хъабахъ Тохтиаты Тотрадзы номыл æмæ уырдæм дæу дæр агу- рынц. Арвыстой, дам, хуыздæр топпæйæхсджытæм алы хъæутæм, суанг Терчы фалемæ, Дыгурмæ æмæ Ирыстоны алы кæмттæм. «Цæуын дæ хъæуы, — загьта Гацыр.— Ахæм хъуыддаджы лæджы куы агурой, уæд «нæ» зæгъын аив нæу». Æз мæхи арæвдз кодтон, райстон мемæ ацы берданкæ æмæ фæраст дæн Зыгъарискъæй хъæумæ. Дыккаг бон мæ берданкæмæ хорз базылдтæн. Казенныйтæ кæй хуыдтой, уыдонæй иу къорд гилдзы систон. Афтæ сæ уымæн хуыд- той æмæ ацы гилдзытæ ифтыгъд уыдысты заводы æмæ сæ нæмыг растдæр цыдис. Зæгьын хъæуы уый, æмæ уыцы заманы уырыссаг æфсады берданкæ нал хъуыдис. Фæзындис мæнæ ныртæккæйы фондзæхстон топп. Æмæ хæстон заводтæ берданкæйы гилдзытæ нал уагьтой. Хусæхст гиддз ничиуал æппæрста, ифтыгътой сæ ногæй сæхæдæг. Мах хъæуы ахæм гилдзытæ уæлдай хуыздæр ифтыгъта Æлхъацаты Микъала. Фæлæ куыд загътон, афтæмæй заводы кæй рауагьтой, уыдон хуыздæр уыдысты... Ралæууыд хъабахъ æхсæн бон. Æмæ аходæнтæй фæстæмæ хъæу- бæсты цæрджытæ ивылдысты, Хъæдгæронæй Ногхъæуы æхсæн цы лæгьз астым ис, уырдæм. Ацы ран хъабахъ уыдис цæттæ: ныссагь- той дзы даргъ хъил, йæ цъуппыл чысыл æрчъиаджы гæбаз. Бынæй та бает уыдис стыр урсхъулон гал. Бирæ хъабахъæхсæг адæм æрцы- дис алы хъæутæй æмæ кæмттæй. Ацы ирон æгъдау чи уарзта, уыдоны бын зæхх змæлыдис. Ерыстæн æнæмæнг хъуыдис тæрхоны лæгтæ, æдæппæт- фондзæй. Æмæ бон раздæр Тохтиаты мыггаг сæппæрстой хæлттæ Хъæдгæроны дæсныдæр æмæ кадджындæр лæгтыл. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, сæ хæлттæ схаудтой Хъараты Дударыхъо, Баситы Зна- уыр, Букылты Гæлæу, Тотраты Хуысинæ æмæ Огъуаты Гæбийæн. Тæрхоны лæгтæ хъабахъы бон Тотрадзæн дыууæ кæрдзыны ныххæ- 63
лар кодтой æмæ йын «рухсаг» загътой. Уый фæстæ кæрæдзийы фарсмæ сæвæрдтой топпæйæхсджыты. Бар радтой, кæй фæнды, уый æхсдзæн лæугæйæ, кæй фæнды, уый та — бадгæйæ. Æцæг, бар нæ уыдис топп истæуыл æрæвæргæйæ кæнæ æнцойгæнгæйæ æхсынæн. Топпæйæхсджытæ æртиссæдзæй къаддæр нæ уыдыс- ты. Чи хъуамæ фехстаид хъабахъ æппæты фыццаг? Тæрхоны лæгтæ ацы хъуыддаг дæр алыг кодтой халы æххуысæй. Йæ хал схаудта салыгæрдæйнаг хорз зындгонд цуанон Бидеты Знауырæн, Знауыры фæстæ хъабахъ æхсын райдыдтой Ирыстоны хуыздæр топпæйæхс- джытæ. Æмæ сæм цы хуызæн топпытæ нæ уыдис: англисæгтæ, гер- майнæгтæ, францæгтæ, туркæгтæ, австриæгтæ. Япойнаг топп дæр дзы федтон. Берданкæ дзы мæн йеддæмæ никæмæ разынд. Кæдцæр-уæдцæр мæнмæ дæр æрхæццæ æхсыны рад. Мæ размæ чи фехста, уыдонæй хъабахъ змæлын дæр ничи фæкодта. Æз мæ иу уæрагыл æрбадтæн. Хъабахъ, ома, æрчиаджы гæбаз цы лыстæг хъæлыл фидаргонд уыдис, уый мæм æндахæй ставддæр нæ зын- дис. Фæхъавыдтæн дыууæ-æртæ цæстыфæныкъуылды бæрц æмæ фехстон. Ницы... Мæн нал уырныдта, æхсыны бар ма мæм æрхаудзæнис, уый... Æгæр бирæ уыдысты топпæйæхсджытæ. Æмæ цымыдисæй кастæн алы æхсæгмæ дæр. Фæлæ никуы æмæ ницы. Нæмгуытæ тахтысты, хъабахъ змæлгæ дæр нæ кодта. Цалынмæ æхсджытæ æхст фесты, уæдмæ рацыдис дзæвгар рæстæг. Уымæн æмæ алы æхсæгæн дæр, уыдис цас æй фæнды, уый бæрц рæстæг хъавынæн. Топпæйæхс- джыты æхсæн ахæмтæ уыдис, æмæ-иу тынг бирæ рæстæг фæхъавы- дысты. Куы-иу бафæлладысты, уæд-иу ныууагьтой сæ хъавын, сæ цæстытæ-иу ныссæрфтой æмæ та-иу ногæй райдыдтой топпы кæсæны кæсын. Цыдæриддæр уыдис, уæддæр та мæм æрхæццæ фехсыны бар. Æмæ та фæивгъуыдтон. Æртыккаг зылд ма мæн онг æрхæццæ уыдзæн, ууыл мæ зæрдæ бынтон нал дардтон. Хъабахъ æхстой, дарддæр йæ рад кæмæ куыд хæццæ кодта, афтæ. Фæлæ дзы иуы нæмыг дæр нысаныл не ’мбæлд. Бынæй хъабахъыл цы стыр хъулон гал бает уыдис, уый иу-цасдæр рæстæг гæрæхтæй тæрсгæйæ, йæхи йæ рæхысæй атоныныл ацархайдта. Стæй, æвæццæгæн, бамбæр- ста, гæрæхтæй йын тас кæй нæу, уый, схуыссыд æмæ йæ сынæр цæгьдын райдыдта. Фæссихор ссис, афтæ та мæм æртыккаг зылд æрхæццæ. Мæхицæн хъæбæрæй загътон: «Ацы гæрахæй ма, Максо, куы ницы бафтæ дæ къухы, уæд сæрибар дæ». Хъуыддаг ма уый мидæг дæр уыдис, æмæ Хъæдгæронæй, нæхи хъæуæй йæ амал кæмæн уыдис, 64
уыдон иууылдæр æрцыдысты ардæм. Хъабахъ æз куы акъуырдта- ин, уый сæ ай-гъай фæндыди. Нæууыл рахиз уæрагыл мæ галиу цонджы рæмбыныкъæдз авæрдтон, мæ галиу та — мæ рахиз уæрагыл, мæхи æруагътон, фæхъавыдтæн, æндахы стæвдæн йедцæмæ мæм чи нæ зынди, уыцы æхсынцъы къæбæлмæ æмæ фехстон... Фехстон æмæ, хъабахъ зæбулæй аззадис. Мæ хъæуккæгтæ ма фырцинæй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой, фелвæстой мæ æмæ мæ хæрдмæ æппæрстой, сæ хъæлæсы дзаг хъæр кодтой: «Максо! Максо!» Максо, иу-цасдæр хъусæй алæууыны фæстæ, арф ныуулæфыд æмæ æнкъардхуызæй загьта: — Ныр, мæнæ базæронд дæн, бирæ цæрæнбон мын нал баз- зад... Ме ’фсымæры лæппуты ма куы фенин, уæд дыккаг бон амæ- лыныл разы дæн... Максо цы лæппуты кой кодта, уыдон - Хазби, Батырбег æмæ Бурийы, æз хорз зыдтон, стæй йæхи лæппу Дзантемыры дæр. Æмгæрттæ уыдыстæм. Скъолайы дæр иумæ ахуыр кодтам. Фыды- бæстæйы Стыр хæсты фыццаг бонæй фæстæмæ цыппарæй дæр уыдыстæм тохы быдыры. Максо, мæгуыр, цæмæй зыдта, йе ’фсы- мæры лæппутæ æртæйæ дæр сæ цард кæй радтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Мæнæн хабæрттæ зындгонд уыдысты, фæлæ сæ зæронд лæгæн радзурынмæ иннæты хуызæн æз дæр мæ ныфс нæ бахастон. АЛИХАНЫ БЕЛ Уалдзæг уыдис йæ тæккæ тæмæны. Кæронмæ фæцæйхæццæ кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Быдыртæй æхсæвæй-бонæй хъуыстис тракторты хъæр: кодтой хуым, ластой похцийæ, архайд- той тауыныл. Хъæумæ уыцы рæстæг трактор æввахс дæр нæ уагътой, æмæ алчи йæ цæхæрадоны амæлттæ кодта йæхæдæг. Чи йæ белæй къах- та, чи бæхтæй хуым кодта, чи та - хъуццытæй. Зын, тынг зын уыдис цард хæсты рæстæджы. Фæлæ уæддæр абонæй æнæмæтдæр уыдыстæм. Паддзахад адæймаджы хъахъхъæдта, ахуыр æмæ медициной æххуыс уыдысты лæвар, куысты мызд æмæ пенситæ фыстой афоныл. Зæгъæн ис, абонимæ абаргæйæ, нæ уыдис дæвдтытæ, уæлдайдæр та — адæймаджы дæвдтытæ. Абоны 5 Бокоты Солтан 65
хуызæн адæм кæрæдзийы нæ цагьтой, фæсивæд хызт уыдысты карз нозтæй, нæ зыдтой, цы у наркомани. Æнæзакъонæй нæ уыди къух бакæнæн паддзахадон иумæйаг мулкмæ дæр æмæ хицæн адæймæгты мулкмæ дæр. Куыст фаг уыдис алы лæгæн дæр, барæй чи нæ куыста, уыцы магусайæ цæл уарзджыты та закъон тынг æфхæрдта. Бирæ царды хорздзинæдтæй бавдæлон абон фæллойгæнæг лæг. Бирæ фыдбылызтæ æмæ æнамонддзинæдтæ æрхаста абоны цард махæн. Æз иу ахæм уалдзыгон бон рацыдтæн хъæуы кæронмæ мæхи аирхæфсынмæ. Рæсугъд у уыцы афон æрдз! Мах хъæуы кæрæтты бирæ ис уæлæмхасæн зæххы гæбæзтæ цæрджытæн. Ам уыдис ахæм зæххы гæбаз нæ фалæсыхаг Гутнаты Алиханæн дæр. Знон ын йæ зæххы гæбаз гуырдзиæгтæ бахуым код- той. Æмæ Алихан белæй къахта, гутон кæдæм нæ сарæхстис, уыцы къуымтæ. Æвæццæгæн, лæг бафæллад æмæ мæм ныхъхъæр кодта: — Ардæм рацу æмæ аныхæстæ кæнæм. Алихан фæндæгтыл чи ауадис, ахæм лæг уыдис. Хæцыдис фыц- цаг Германы хæсты. Советон хицауад Ирыстоны куы æрфидар ис, уæд бирæ азты бакуыста милицæйы. Бирæ хæттыты лæгæй-лæгмæ хæцыдис алыхуызон марджыты, стигьджыты ныхмæ. Уæдæ колхозы дæр бирæ фæкуыста. Мах дæр-иу, хæсты размæйы скъоладзаутæ, каникулты рæстæг æхсæвæддæ куыстам быдыры. Æмæ-иу æхсæвы зæронд лæгтæ ба- фынæйы размæ аргъæуттæ куы кодтой, уæд-иу сæм хъусынæй не ’фсæстыстæм. Æмæ цас аргъæуттæ зыдтой, цас! Уыдон, Пушкины загьдау, уыдысты диссаджы кадджытæ! Хорз ма хъуыды кæнын, иу хатт нын хъæубæсты хистæртæй иу, Мамиаты Дзыццыл иу аргьау цыппар æхсæвы фæкодта. Абон уыцы аргьæуттæ чи зыдта, уыдон сæ семæ мæрдтæм ахастой, æмæ нал сты. Диссаг дæр куыд нæ у. Ирон адæм фыссын, кæсын куы нæ зыдтой, уæд сæ адæмон сфæлдыстад лæвæрдтой дзыхæй-дзыхмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ æмæ йæ сæфын нæ уагьтой. Ныр иууылдæр куы сахуыргонд стæм, уæд нæ фыдæлты хæзнатæ аргъауæй, зарæгæй, кадæгæй кæрæдзийы фæстæ сæфынц. Ацы хъуыддаг мах цæмæ æркæндзæн, уый иууылдæр зонæм. Фæлæ... Мæнмæ Алихан куы фæдзырдта, уæд йæхæдæг йæ куыст ныу- уагъта, чысыл фалдæр бацыд æмæ уым цъæх нæууыл бæласы бын æрбадт. Æз бацыдтæн йæ размæ æмæ йын салам радтон. Стæй мæ уæд Алихан йæ цуры сбадын кодта. Иу-цасдæр цæуылдæрты куы аныхæстæ кодтам, уæд æз Алиханы белмæ фæкомкоммæ дæн. 66
Систон æй мæ къухмæ æмæ йæм æркæстытæ кодтон. Стæй уæд загътон: — Алихан, ацы бел дуканийы æлхæд нæу. Дуканиты ахæм белтæ никуы уæй кодтой. Ай у æфсæддон бел. Æвæццæгæн, ам немы- цимæ хæстытæ куы уыд, уæд дæ къухы бафтыдис! — Раст зæгъыс, — загъта Алихан. — Ацы бел дуканийы æлхæд бел нæу. Æцæгæй, куыд, зæгъыс, афтæ æфсæддон бел у. Йæ истори дын радзурин, фæлæ дæргьвæтин у æмæ æгуыст фæуы- дзынæн. - Алихан, мæ зæрдæхудты ма бацу: ацы белы истори мын бæлвырд радзур, — загьтон æз. Иу-цасдæр ракæ-бакæйы фæстæ Алихан фæтасыд æмæ дзурын райдыдта: - Иу ныхасæй, (Алихан тынг арæх пайда кодта йæ ныхасы ацы дыууæ дзырдæй) мах, ирон адæмæй, бирæйæ уыдыстæм фыццаг Германы хæсты. Уыдыстæм бæхджын æфсады. Не ’ппæтыл дæр уыдис ирон дарæс. Æвзаргæ фæсивæд. Сæ сæрæндзинадыл сын стыр дис кодтой иууылдæр. Иу бон куы уыдис, уæд нæ слæууын кодтой æд бæхтæ, куыд æмбæлы, афтæ. Нæ размæ рацыд æртæ афи- церы, сæ сæргъы булкъон, афтæмæй. Уыдон мах рæзты иуырдæм иннæрдæм цалдæр хатты ацыдысты. Æмæ-иу, булкъон кæмæ аца- мыдта, уыцы барæджы рæнхъытæй рахизын кодтой. Рахизын кодтой мæн дæр. Æмæ, ссæдз куы баистæм, уæд нæ акодтой фронтæй кæдæмдæр чъылдыммæ. Мах хæцыдыстæм уæд Галицийы. Иу ран нæ станцæйы нæ бæхтимæ вагæтты бавгæдтой. Иу-цасдæр нын нæ дзырдтой, кæдæм нæ ластой, уый. Фæстагмæ нын æй загътой: Турк байдыдта хæцын Германы фарс Уæрæсеимæ, æмæ мах цыдыстæм уырдæм. Даргь-Къох æмæ Беслæны станцæты нæ поезд алæууыдис тынг гыццыл. Бæргæ нæ фæндыд алкæй дæр йæ бинонты фенын, фæлæ уымæн амал нæ фæцис. Цалдæр боны фæстæ нæ раргьæвтой Турчы арæнмæ хæстæг. Цыдысты Сарыкамышмæ. Машинæтæ цыдысты сындæг. Махæн не ’мбис бæхтыл топпæргъæвдæй цыдис сæ разæй, иннæ æмбис та - сæ фæстæ. Сарыкамышмæ бахæццæ стæм дзæбæхæй, ничи нæ бахъыгдар- дта. Ам уыдис хæцæг æфсады штаб. Æмæ мах уыцы штаб хъахъ- хъæдтам æхсæвæй-бонæй. Нæ службæ уыдис æнцон. Æрмæстдæр зил дæ бæхмæ, дæ хæцæнгарз рæвдз дар æмæ, дæ рад куы уа, уæд дын дæ бар цы бакæной, уый хъахъхъæн. Иу-цасдæр куы рацыдис, уæд нын аивтой, æфсадæн команды чи кодта, уыцы инæлары. Йæ бæсты æрбацыдис æндæр: бæрзонд, 67
хæрзконд инæлар. Йæ уæлæ уыдис нæхимæ ирон дарæс: цухъхъа, куырæт, хорз бухайраг худ æмæ сау хъама. Фæцыдис тынг не ’ппæты зæрдæмæ дæр. Йæ размæ чи уыдис, уьтмæй иууылдæр кодтой тæрсгæ. Цыфæнды ницæй тыххæй дæр-иу кодта хъæртæ афицер- тыл дæр æмæ салдæттыл дæр. Ацы ног инæлар та алкæмæ дæр дзырдта худгæйæ, лæгьзæй, хъæр æмæ дзы загьд ничи хъуыста æмæ йæ иууылдæр бауарзтам. Нæ ног инæлар кавказаг у, ууыл не ’ппæт дæр гуырысхо нæ кодтам. Фæлæ Кавказы бирæ адæмыхæттытæ цæры. Æмæ кæцæй у, уый уыд зын зæгъæн. Уæдæ йæ афæрсын дæр куыд хъуамæ ба- уæндыдаиккам? Æмæ нæ ног инæлары мах, ирæттæ, базыдтам. Иу бон мын, штаб хъахъхъæнджытæн хицау чи уыдис, уыцы афицер загъта: — Салдат Гутны-фырт! Райсом дæхи булкъау ныддас, цы- рыхъæй, уæлæдарæсæй дæ бон куыд у, афтæ дæхимæ базил. Инæ- лар мын бафæдзæхста, цæмæй æз райсом дæу уымæ бакæнон. Бамбæрстай? — Уыдзæнис, Ваше благородие! — дзуапп радтон æз. — Фæлæ цы кодтон, господин афицер, инæлар мæ цæмæн агуры? - бафар- стон афицеры. — Уый æз нæ зонын, - загъта афицер. — Мæнæн бафæдзæхста райсом мæм салдат Гутнаты Куыцырийы фырт Алиханы æрбакæн, зæгьгæ. Æмæ дын æй зæгъын. Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй дæн. Хъуыды кодтон, цæмæн мæ агуры инæлар, ууыл. Ме ’мбæлттæн дæр фыртыхстæй ницы загь- тон. Райсомæй мæхи тынг аив скодтон æмæ æнхъæлмæ кæсын бай- дыдтон мæ афицермæ. Иу афон фæзындис уый дæр. Алырдыгæй мæм фæракæс-бакæс кодта, æмæ мæ бакаст йæ зæрдæмæ фæцы- дис. Иæхæдæг инæлары кабинетмæ бацыдис. Иу-цалдæр минуты фæстæ рацыдис æмæ мæ йæ фæдыл бакодта инæлармæ. Æз куыд æмбæлдис, афтæ æрлæууыдтæн æмæ «доложить» скодтон инæларæн. Уый йæ бынатæй сыстад, цы æмбæлдис, уыцы ныхæстæ мын загъта, стæй уæд афицеры агъуыстæй рар- выста. Йæхæдæг мæ цурмæ рацыд, мæ къух мын райста, йæ бадæны размæ мæ бакодта æмæ мæ сбадын кодта. Алчидæр бам- бардзæн, мæнæн уыцы рæстæг мæ сæры цы хъуыдытæ æвзæрдис, уый. Инæлар иу-цасдæр æнæдзургæйæ абадт, стæй мæм уæд сыгъдæг иронау сдзырдта: — Гутнаты Куыцырийы фырт Алихан нæ дæ? — Дæн! — фæкодтон æз æмæ фестадтæн. 68
Инæлар мæ фæстæмæ сбадын кодта æмæ та мæ иронау бафар- ста: — Нал мæ зоныс? — Нал дæ хъуыды кæнын! — Ау, дæ тæккæ сыхаджы нал зоныс? Æмæ ацы фарсты фæстæ мæ зæрдæ фæкъæпп кодта. Æз инæ- лармæ æдзынæг фæкастæн иу-цасдæр æмæ загьтон: — Дзамболат нæ дæ? — Дзамболат дæн! — загьта та уый, сыстадис йæ бадæнæй æмæ мæ тынг ныхъхъæбыс кодта. Рагæй, тынг рагæй нæ федтон æз мæ сыхаг Абациаты Дзамбо- латы. Цæргæ та кодтам фæрсæй-фæрстæм. Зыдтон, инæлар ссис, уый. Фæлæ йыл абон ахæм уавæрты фембæлдзынæн, уый мæм мæ зæрдæ никуы дзырдта. Æвæдза, царды цы нæ рауайы! Хорз цæстæй кастис махмæ ирæттæм не ’ппæтмæ дæр инæлар Абациаты Дзамболат. Æмæ мах, ирæттæ, æппæтæй дæр, архайдтам хорз службæ кæныныл. Æмæ уый не ’мзæххон иронæн куыд нæ уыдаид æхсызгон. Цас рæстæг рацыдаид, нæ зонын, фæлæ та мæм иу бон йæ кабинетмæ Дзамболат фæдзырдта. — Хорз хабæрттæ нæ хъуысы, Алихан, нæхицæй Уæрæсейæ. Цæуы стыр змæстытæ Бетьырбухы æмæ иннæ горæтты. Паддзах Николай II æппæрст æрцыдис йæ бынатæй. Германы фронты дæр хъуыддæгтæ хорз нæ цæуынц. Мæн дæр ардыгæй кæд кæцырдæм аивдзысты, уый зын зæгьæн у. Æмæ уæд сымахыл, ме ’мзæххон- тыл, чи бамæт кæндзæн. Æмæ æз сфæнд кодтон ирæтты, уе ’ппæты дæр уæ хæдзæрттæм арвитын. Æцæг æй ды зæгъгæ нырма макæмæн кæн. Мæнæн дæр ис хицæутгæ, æмæ уый рох кæнын нæ хъæуы. Æнхъæлмæ кæс, иннæтæн мацы ма дзур. Æз афтæ куы нæ бакæ- нон æмæ сымахыл исты куы ’рцæуа, уæд æй мæ зæрдæмæ хæсдзынæн, цалынмæ цæрон, уæдмæ, — загьта Дзамболат. Рæстæг цыдис. Иу бон нæ хицау афицер, мах, ирæтты, æрæмбырд кодта иумæ æмæ загъта: ~ Райсом ардæм штаб хъахъхъæнынмæ æрбацæудзысты æндæртæ. Уыдон раивдзысты сымах. Сымах та æрвыст цæут фæстæмæ Уæрæсемæ. Барæвдз кæнут уæхи, уæ бæхты, уæ дарæс. Бардзырд цы минут райсдзыстæм, уый бæрæг нæу. Уæхи цæтгæ дарут алы минут дæр цæуынмæ. Афтæ у инæлары уынаффæ. Нæхи байдыдтам цæттæ кæнын. Алчидæр хъавыд йемæ йæ хæдзармæ исты ахæссын ардыгæй — Туркæй. Фæлæ Турк уыдис тынг мæгуыр бæстæ, лæг дзы цы рахастаид, уый нæ уыд. Уæддæр 69
алчидæр цыдæртæ амæлттæ кодта: нæ зоныс ирон лæджы, уæл- дайдæр хъæуыцæрæг зæхкусæджы! Уæд æз ацы бел йæ хъæдæй феппæрстон, батыхтон æй кæттаджы гæбазы æмæ йæ мæ саргьы фæстæ баст хордзены ныппæрстон. Мæ хордзены ма ныппæрстон ноджы æфсæддон бæхы цæфхæдтæ æмæ уыдонæн ивæн къæпсыртæ. Æмæ æрцыдис нæ цæуæн бон. Радтой нын хъæугæ документтæ, æхца æмæ хæринаг. Нæхицæй нын иуы скодтой хистæр æмæ иу бон райсом раджы араст кодтам хæстæгдæр æфсæйнаг фæндаджы станцæмæ. Диссаг нæм фæкаст уый, æмæ Туркмæ мидæмæ цæугæйæ мах уым æфсæйнаг фæндаг никуы федтам. Ныр дзы фæзындис — Уæрæсе дзы скодта. Æвæдза, тыхджын у рагæй дæр Уæрæсе! Цалдæр боны цæуын хъуыдис мах станцæмæ. Иу бон изæрырдæм фæцæйцыдыстæм иу туркаг хъæуы рæзты. Не ’мбæлттæй чидæр рæсугьд хъæлæсæй ныззарыд æмæ йын иннæтæ дзæбæх бахъырныд- той. Кæсæм, æмæ иу лæг хъæуæй рацыд æмæ тындзгæ нæ размæ згъоры. Хатгай-иу цыдæр ныхъхъæр кодта. Мах нæ цыд фæсабырдæр кодтам, æмæ уыцы лæг лæфлæфгæнгæ нæ цурмæ æрбахæццæ. Дис ыл кодтам, чи у, цы у, цавæр у? Цæмæн нæ баурæдта? Лæгæн дзурын йæ бон нал уыдис. Йæ цæссыгтæ згъæлдысты æмæ сæ йæ тымбыл къухæй сæрфта. Æгæр дисы нæ бафтыдта ацы лæг. Кæддæр- уæддæр уый загьта иронау: — Ирæттæ стут? — Ирæттæ стæм! — загътам мах æмхъæлæсæй. — Ау, æмæ ай ирон хъæу куы у, ирон адæм дзы куы цæры, уæд æнæ уыдон бабæрæг кæнгæ, æнæ фысым бакæнгæ куыд цæут нæ рæзты? Ацы лæджы ныхæстæм мах не ’ппæт дæр æрвдзæфы хуызæн фестæм. Махæй иуæн дæр нæ зæрдыл нал лæууыдис, кæддæр ирон адæмæй бирæтæ Куындыхаты Муссæйы фæдыл Туркмæ кæй алыгъ- дысты цæрынмæ, уый. Æмæ нын æй ныр ацы туркаг ирон нæ зæрдыл æрлæууын кодта. Уый стыр зæрдиагæй ныллæуыдис, æнæ бафысым кæнгæ, дам, уын нæй. Стæй, дам, изæр у, æмæ æхсæви- уат дæр бакæндзыстут. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ мах сразы стæм æмæ баз- дæхтыстæм хъæумæ. Йæ ном мæ, хъыгагæн, ферох ис. Уайтагьд æгас хъæубæстыл нæ хабар айхъуыстис. Цыдысты нæм суанг æмбисæхсæвтæм адæм нæ фысымы хæдзармæ. Фарстой нæ Ирыс- тонæй, чи цы хъæуæй ралыгъд, уыцы хъæутæй, сæ мыггæгтæй. Цы зыдтам, уый дзырдтæм мах дæр. Æппынфæстаг нæ дыгай-æрты- гай лæгтæй нæ бæхтимæ хæдзæрттыл байуæрстой, уымæн æмæ иу 70
хæдзарæн æгæр бирæ уазджытæ уыдыстæм. Райсомæй нæ иууылдæр æрæмбырд кодтой сæ моллойы хæдзармæ. Молло дæр уыдис ирон. Уый нын загьта: - Хуыцау нын стыр хорз ракодта, сымах кæй федтам, уымæй. Фæсмон кæнæм æрвылбон, нæ уарзон Ирыстонæй кæй фæхицæн стæм, ууыл. Абон не ’ппæт дæр разы стæм фæстæмæ, нæхимæ Ирыстонмæ, ацæуынмæ. Фæлæ уый афтæ æнцон хъуыддаг нал у - мах стæм ныр Турчы граждæнтæ. Дысон мах, хъæубæсты хистæртæ, баныхас кодтам, цæмæй сымах номыл, нæ зынаргь уазджытæ, скæнæм хъæугуывд. Кусæрттæгтæ сты æргæвст, фыцынц боныцъæхæй нырмæ цæджджинæгты. Æмæ абон дæр сымах уыдзыстут махмæ уазæгуаты. Бæргæ, иу мæй дæр ам немæ куы фæуиккат. Фæлæ æфсæддон адæмæн уыйбæрц амал нæй, мах дæр æй æмбарæм. Æмæ цыфæнды куы фæуа, уæддæр уын райсомæй раздæр ардыгæй ауадзæн нæй. Сразы ут махимæ, нæ куывд нын ма фенад кæнут, кæд ма дыууæрдыгæй дæр ирæттæ стæм, уæд! Куыд æрлæууыдаиккам мах нæ фысымты фæндоны ныхмæ? Æмæ кадджын уазджытæй уыцы бон, мах номыл туркаг ирæттæ цы хъæу- гуывд скодтой, уым фæбадтыстæм кæрæй-кæронмæ. Дыккаг бон куывды фæстæ цæрджытæ райсомæй æмбырд кæнын байдыдтой хъæуы астæумæ. Махæй алчидæр аходæны фæстæ йæхи фысымимæ рацыди уырдæм. Нæ бæхтæ ластам нæ фæдыл. Æмæ ам, хъæуы астæу, мах номыл рауадис стыр æмбырд. Ныхас дзы кодтой хъæуы молло æмæ дзырддзæугæдæр лæгтæ. Махæй дæр, дзурынмæ хуыздæр чи арæхстис, уыдон раныхас кодтой. Се ’ппæты раныхæсты дæр сырх æндахау зындис иу хъуыды: стыр фæсмон кæнынц, ирон адæмæй Туркмæ чи ралыгъдис, уыдон, æмæ сæ цыфæндыйæ дæр фæстæмæ ацæуын фæнды сæ райгуырæн бæстæ Ирыстонмæ. Æмбырды фæстæ хъæубæсты цæрджытæ иууылдæр нæ фæдыл рацыдысты хъæуы кæронмæ. Ам кæрæдзийы къухтæ райстам. Мах нæ фысымтæн загътам «хæрзбон», уыдон та махæн «фæндараст». Сбадтыстæм нæ бæхтыл, раздæхтыстæм адæмы ’рдæм æмæ, нæ худтæ бæрзонд сисгæйæ, ногæй загьтам «хæрзбон». «Уастырджи уе ’мбал!» — хъæр кодтой нæ фысымтæ. Уыдон ма цасдæр нæ фæдыл фæцыдысты. Зæрдæ фæйнæрдæм скъуыдис уыдон кæуынмæ хъусгæйæ. Куыдтой сылгоймæгтæ, сывæллæттæ. Нæлгоймæгтæ дæр куыдтой, фæлæ сæ кæуын нæ хъуыстис. Абон дæр ма мæ хъустыл уайынц иу зæронд хъарæггæнæг усы ныхæстæ: — Кæмæн нæ уадзут ацы æцæгæлон бæстæйы? 71
Махæн нæхицæн дæр уыдоны тæригьæдмæ нæ зæрдæтæ суынгæг сты æмæ куыдтам не ’ппæт дæр. Стæй уæд цыдыстæм бирæ вер- стытæ æнæдзургæйæ. Æз, — дзырдта Алихан, — гыццыл нæ фæцардтæн, фæлæ уыцы бонæй тæригьæддæр хъуыдцаг никуы федтон. Саракамышæй куы рацыдыстæм, уымæн йе ’вддæсæм бон æд бæхтæ æрхызтыстæм Даргь- Къохы станцæйы. Уыцы рæстæг махмæ бæлвырддæр бахъарыд, Уæрæсейы алы рæтты стыр змæстытæ кæй цæуы, уый. Нæ зыдтам, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Фæлæ нын нæ хистæр загьта: - Алчидæр абонæй нымайгæйæ мæй йæ хæдзары фæуыдзæн. Стæй уæд уыцы бон иууылдæр æрæмбырд уыдзыстут Æрыдоны семинары кæртмæ. Æмæ, æцæгæйдæр, хистæр цы бон загъта, уыцы бон мах иууылдæр æрæмбырд стæм Æрыдоны семинармæ. Ардыгæй бæхтыл ацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ, Апшероны къазарматæ кæй хуыдтой, уырдæм. Бæстæ уыдис тынг змæст. Хицауадæй дæр иу иннæйы не ’мбæрста. Ам, къазарматы, фестæм иу мæйы бæрц. Стæй нын уæд иу бон фехъусын кодтой: - Алчидæр уæ ацæуæд йæ хæдзармæ. Куы бахъæуат, уæд уæм ф æдзурдзыстæм. Ралæууыд революци æмæ абон дæр баззадтæн мæ хæдзары. - Мæнмæ гæсгæ, - дзырдта Алихан дарддæр, — ды ныр бамбæр- стай, ацы бел мæнмæ куыд æрбафтыдис æмæ мæм кæдæй нырмæ ис, уый. Белы йеддæмæ ницы у, фæлæ цас ныхæстæ расайдта йæ фæдыл! Æз нæхимæ куы ссыдтæн, уæд бæлвырд рыдзырдтон Дзам- болаты æрвадæлтæн, сыхбæстæн, куыд диссаджы инæлар уыдис, куыд стыр æххуыс бакодта махæн, ирон фæсивæдæн, уыдæтты тыххæй. Иууылдæр-иу мæм цымыдисæй хъуыстой. Стыр диссаг кастис адæммæ, мах Турчы зæххыл ирон хъæуы уазæгуаты куыд сæмбæлдыстæм, уый. Йæ ныхасы кæрон ма Алихан загъта: - Ацы белæй æз мæ куыстытæ куы бакæнын, уæд æй фæззæджы ныссыгъдæг кæнын, байсæрдын æй згæйы ныхмæ æмæ йæ арф баф- снайын. Никæй йæм уадзын æвналын. Алихан раджы амардис, фæлæ иу-дыууæ азы размæ æз бафар- стон йæ фырт Зелимханы уыцы белæй. - Бел нал ис, асастис мæхицæн цыдæр къахгæйæ, — загъта Зелимхан. 1 Алихан мæнæн ацы хабæрттæ куы ракодта, ууыл рацыдис ныр бирæ рæстæг. Фæлæ мын сæ цыма знон радзырдта, афтæ лæууынц мæ зæрдыл. 72
Абациаты хæдзар зындгонд уыдис Хъæдгæроны нæ, фæлæ æгас Ирыстоны дæр. Ацы бинонтæй революцийы размæ рацыдысты инæлар-лейтенант Абациаты Дзамболат, булкъонтæ Абациаты Те- мырболат æмæ Бицко (Давид), стæй уæды рæстæджы «действительный штатский советник»-ы ном чи хаста, уый - Абациаты Мæхæмæт. Уæды рæстæджы Мæхæмæты хæдзар Петербурджы уыдис фысымуат раззагдæр ирон фæсивæдæн. Ацы хæдзары райгуырди Абациатæн сæ хæрæфырт, зындгонд фыссæг Гæздæнты Гайто. Профессор А. Малинкин йæ уац «Къостайы цард»-ы куыд фыс- сы, афтæмæй-иу Абациатæм Петербурджы Хетæгкаты Къоста дæр сæмбæлдис. Уазæгуарзон уыдысты Абациаты бинонтæ нæхимæ Хъæдгæроны дæр, Петербурджы дæр. Фæлæ мæнæн уæддæр се ’ппæтæй фылдæр мæ хъуыдыйы инæ- лар Дзамболат ис. Уый тыххæй абоны онг, нæ дзыхты цыма дон ис, афтæ ныхъхъус стæм. Æмæ æрмæст уый тыххæй нæ: ирон адæ- мы астæуæй революцийы размæ цы зынгæ адæмтæ рацыд, уыдоны тыххæй, искуы-иуæй фæстæмæ. Уæлдайдæр та ивгъуыд рæстæджы ирон инæлæртты тыххæй. Æвæццæгæн, æппæт Кавказы дæр мах, ирон адæмы хуызæн, иу адæм дæр нæй, кæрæдзийыл афтæ чи нæ хæцы. Кæмæ уыдис ирон адæмы бæрц раджы заманы дæр ахъаззаджы хæстон лæгтæ — инæлæрттæ. Æмæ зæгьæн ис, уыдон ферох сты ныры фæлтæртæй. Махмæ æгæр дæр ма уыдис æмæ ныртæккæ дæр ис ахуыргæндтæ. Уæдæ фысджытæ хъуаг дæр не стæм æмæ никуы уыдыстæм. Фæлæ нæ нæ адæмы хуыздæр фыртты цард бæлвырд ныффыссын æмæ адæмæн равдисынмæ никæй æвдæлы. Хуыцау арфæ ракæнæд Дзагуыраты Таймуразы чызг Галинæйæн. Уый йе ’ргом аздæхта ацы хъуыддагмæ æмæ 1992 азы рауагьта чи- ныг «Под российскими знаменами». Адæм æй кæсынц цымыдисæй. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, авторæн ацы хъуыддаг кæронмæ ныффыссын йæ къухы нæ бафтыд. Чиныджы ис æдæппæт 140 фарсы, ны- хас та дзы цæуы 19 инæлары æмæ сæдæйæ фылдæр булкъонтæ æмæ æндæр афицертыл. Йæ афоныл ацы хъуыддагмæ цæстæнгас здæхт кæй не ’рцыд, уый аххосæй тынг зын ссис нæ раджыйы стыр хæстон лæгты тыххæй хъæутæ æрмæг æмбырд кæнын. Зæгъæм, уæлдæр цы чиныджы кой скодтон, уым инæлæрггæ Дудараты Мæхæмæтæн, Мыстулаты Елмæрзæйæн, Тугъанты Зауырбегæн æмæ Занхъисаты Кузмайæн сæ хуызистытæ дæр не сты. Куыд мæм кæсы, афтæмæй сын сæ хуызистытæ чиныджы автор нал ссардта. Дардцæр та ирон адæмы уыцы намысджын фыртты тыххæй хъæугæ æрмæг агурын кæндзæнис зынæй-зындæр. 73
Рауагъдад «Московский рабочий»-йы 1961 азы мыхуыры рацы- дыстьг зынгæ уырыссаг фыссæг В.А. Гиляровскийы уацмысты 3 томы. Фыссæджы радзырд «Шипка» иууылдæр фыст у Абациаты Дзамболатыл. Фембæлд ыл Шипкæйы, Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн карз хæстытæ кæм цыд, уым. Автор тынг бирæ хорз ныхæстæ загъ- та йæ радзырды Дзамболаты тыххæй. Радзырды автор кæны инæлар Хоранты Созырыхъойы кой дæр. БИРÆГЪЫ СОМЫ Ирон адæмы царды стырдæр фыдбылызыл рагæй дæр нымад- той, дыууæ мыггаджы-иу куы фæтуджджын сты, уæд уый. Сæ ба- фидауын кæнынæн хъуыди дзуапджын лæгтæ. Уыдон-иу сæ зонд- джын ныхасæй басастой цавæрфæнды тудджынты дæр, æрсабыр-иу сæ кодтой æмæ-иу уыдон сразы сты бафидауыныл. Радтой-иу кæрæдзимæ сæ къухтæ. Уый уыдис ардбахæрд Хуыцауы æмæ адæ- мы раз. Ардæн та нæ уыдис басæттæн, уымæн æмæ ахæм адæй- магæн нæ уыдис цæрæн дарддæр адæмы æхсæн, кодтой йыл хъо- ды. Цæвиттон, нæ хъæуккаг Арбиаты Алыксандрæн йæ иунæг лæппу фæмард кæйдæр къухæй. Марæджы мыггаг цалдæр хатты сминæ- вар кодта Алыксандр æмæ йæ мыггагмæ бафидауыны тыххæй, фæлæ сæ хъуыддагæй ницы уад. Мыггаг ницы ком лæвæрдтой. Алык- сандрæн та сæ сæрты ахизын йæ бон нæ уыд. Æнæнхъæлæджы афтæ рауадис æмæ мæн дæр, марæджы мыггаджы курдиатмæ гæсгæ, бахъ- уыдис цæуын Алыксандрмæ. Раст куы зæгьон, уæд мæ нæ фæнды- дис цæуын, стæй мæ цыдæй исты рауайдзæнис, ууыл дæр мæ зæрдæ нæ дардтон. Фæлæ уæддæр иу бон изæрырдæм ацыдтæн. Дард ма уыдтæн Алыксандры хæдзармæ, афтæ раиртæстон, Алыксандр бад- тис сæ дуармæ æмæ зæхмæ æдзынæгæй кастис. Мæн куы федта, уæд сыстад æмæ мидæмæ бацыд. Æз ссыдтæн æмæ дуар бахостон. — Мидæмæ, — райхъуыстис мæм лæджы хъæлæс. Алыксандр мыл бацин кодта. Бацыдыстæм сæ сæрдыгон хæдзармæ æмæ уым æрбадтыстæм. Цалынмæ ныхæстæ кодтам, уæдмæ æфсинтæ авæр- дтой фынг — хæрд æмæ нозт. Дыууæ, æртæ рæгъы фæстæ æз мæ фысымæй ракуырдтон хатыр æмæ йын загьтон мæ цыды сæр. Уый 74
мæнæн сонтæй ницы дзуапп радта. Иу-цасдæр фæхъуыды кодта æмæ загъта: — Æз дæ куы федтон, уæд базыдтон, ардæм цæуыс, уый. Мæ хæдзар фехæлд, æвæстаг, æнæныгæнæгæй баззадтæн зæрондæй. Фæлæ афтæ дæр нæ зæгъын æмæ мæныл цы æрцыдис, уый никæ- уыл æрцыд. Дæ размæ нæм цалдæр хатты минæвæрттæ уыдис. Æмæ, раст куы зæгьон, уæд фæстагмæ æз разыйы дзуапп радтаин, мæ мыггаг мæ куы бауагьтаиккой, уæд. Уæлдайдæр мæ кæстæр æфсымæр Тузар - ской дæр нæ уадзы бафидауыны хъуыддаг. Æз та афтæ зæгьын, æмæ адæммæ хъусын хъæуы, æнæ адæм бакæнæн иуæн дæр ницы ис. Мах, нæ мыггаг, адæмы цæсты нæхи æвдисæм æнæдзуаппæй. Æнæдзуапп лæг æмæ мыггаг та кадджын никуы уыды- сты, ныр дæр не сты æмæ никуы дæр уыдзысты. — Ацы ныхæсты фæстæ Алыксандр иу-цасдæр ницыуал сдзырд- та, æдзынæг иу ранмæ фæкастис, стæй мæ афарста: — Ды мæ фыд Глахайы æрыййæфтай? — Æрыййæфтон! — загьтон æз. — Хъомыл нæма уыдтæн, фæлæ йæ хорз хъуыды кæнын. Куыд дзырдтой, афтæмæй хъæубæсты дæр æмæ æгас Ирыстоны дæр уыдис дзырддзæугæ æмæ кадджын лæг. Агуырдтой йæ алы хъæутæй алы хъуыддæгтæ лыг кæнынмæ, уæл- дайдæр та туджджынты фидауын кæнынмæ. Алыксандр йæ фыд Глахайы кой кæй ракодта, уый мæ пай- дайæн уыдис æмæ йæ æз афарстон. — Глаха, æвæццæгæн, бирæ туджджынты бафидауын кодта? — Бирæ, тынг бирæ, — дзуапп радта Алыксандр. — Æмæ кæд бирæ адæм се стыр зын æмæ масты рæстæг дæ фыд Глахайы коммæ бакастысты æмæ бафидыдтой, уæд дæуæн дæр æмæ дæ мыггагæн дæр æмбæлы адæмы коммæ бакæсын. Кæннод уыл æнæдзуапп адæмы ном сбаддзæн. Уый та кады хос нæу, — загьтон та æз. — Æз дын дæ ныхасæн фæстæдæр дзуапп ратдзынæн. Ныр та мæ фыд Глахайы кой цæмæн ракодтон, уый дын радзурон, - загъта та Алыксандр æмæ радзырдта: — 1912 азы мæныл сæххæст æхсæрдæс азы. Глаха мын Баситы дуканийы балхæдта цæвæг æмæ мæ фыццаг хатт акодта хос кæрдынмæ йемæ. Мæ фыды бæрц кæм фæрæзтон, фæлæ карстон, мæ бон цас уыдис, уый. Хос- гæрдджытæ иу къордæй сæхицæн сарæзтой мусонг иу обауы сæр, æмæ æхсæв кæнæ къæвдабон сæ рæстæг иумæ æрвыстой уым — афтæ æдасдæр æмæ хъæлдзæгдæр уыдис. Æхсæвæр бахæрды фæстæ иу цыбыр сæрдыгон æхсæв фæллад адæм уайтагьд æрфынæй сты. Фæлæ-иу къæвдабон кусæн нæ уыд, æмæ адæм хуыссыдысты му- 75
сонджы. Хистæртæ-иу кодтой алыхуызон диссаджы аргъæуттæ æмæ таурæгътæ, зарыдысты фыдæлтыккон зарджытæ. Мах, кæстæртæ, лæмбынæг хъуыстам нæ хистæртæм æмæ нæ зæрдæйы арф æвæрдтам, кæй кодтой, уыцы аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ зарджытæ. Тау- рæгьтæй иу мæ зæрдыл æрлæууыдис. Абон мæ бахъуыд йæ сæр æмæ дын æй радзурон. Цы бæрæг и, хъуамæ дæу дæр искуы ба- хъæуа. Цæвиттон, иу фыййау æрдузы хызта йæ фысвос. Æххормаг бирæгь пыхсы бабырыд æрдузы кæронмæ æмæ уым бабадт. Хæстæг æм цы фыс æрбацыдаид, уый хъуамæ æрцахстаид, аластаид æй пыхсы тармæ æмæ йæ уым бахордтаид. Фæлæ бирæгьы хъустыл ауадис кæуын. Куыдта фыййау. Æмæ бирæгь фысыл нал хъуыды кодта, фæлæ фыййауыл. Цы кодта? Цы йыл æрцыд? Цæмæн афтæ æнæбанцайгæйæ æмæ æрхæндæгæй кæуы? Æмæ йæхицæн загьта бирæгь: «Цыфæнды куы фæуа, уæддæр мын æнæ базонгæ нæй ацы фыййауы хабар. Æмæ йын кæд мæ бон исты æххуыс бакæнын уа, уæд мæхиуыл нæ бацауæрдцзынæн!» Уый фæстæ бирæгь сыстадис æмæ æргом рацыдис фыййауы размæ. Фыййау æй куы ауыдта, уæд йæ кæуын фæурæдта, йе уæхскæй топп фелвæста æмæ йæ бирæгьмæ фæцарæзта. Гъа ныр æй фехса, афтæ йæм бирæгь адæймаджы хъæлæсæй сдзырдта: — Ма фехс, хорз фыййау. Фыццаг уал мæм байхъус, стæй дæ куыд фæнды, афтæ бакæн! Фыййаумæ стыр диссаг куыд нæ фæкастаид, бирæгь æм адæй- маджы хъæлæсæй кæй дзырдта, уый. Йæ топп æруагьта æмæ загьта: — Хъусын дæм. Ракæн дæ хабар. Æцæг мын мæ фосмæ куы фæныхилай, уæд дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн! Æмæ бирæгь райдыдта дзурын: — Æз абон райсомæй æрбахъуызыдтæн дæ фосмæ. Мæ зæрды уыдис фыстæй æрцахсын. Фæлæ дын дæ кæуын куы фехъуыстон, уæд мæ дæ фыстæ ферох сты. Дæ зæрдæхалæн кæуынмæ мæхи зæрдæ дæр суынгæг ис, æмæ мæ бон куы нæ уал уыдис, уæд рацыдтæн дæ размæ, фæнды мæ базонын, цæмæн кæуыс, цы бæллæх дыл æрцы- дис. Æмæ кæд мæ бон бауа, уæд дын ницæуыл бацауæрддзынæн, баххуыс дын кæндзынæн. — Дæ бон мын баххуыс, æвæццæгæн, ницæмæй бауыдзæн,— загъта фыййау, — фæлæ дын мæ хабар уæддæр радзурдзынæн. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æз абон мæ бинонтæм куы нæ ныфтон, уæд сын æнæ фесæфгæ нæй. Æмæ æз мæ хæдзармæ куы ацæуон, мæнæ ацы фос ам æнæгæсæй куы ныууадзон уæ- 76
зæджы къæйыл, уæд дзы иуьт дæр нал сæййафдзынæн, ныццæгь- ддзысты сæ де ’мбæлттæ. Æмæ уæддæр мæ бинонтæн мæгуырæй æнæ фесæфгæ нæй. Стыр уæззау уавæры бахаудтæн æмæ кæуын, марой кæнын мæхиуыл. Æндæр мæ бон ницы у. Уый дын мæ хабар. — Кæд хъуыддаг афтæ у, - загъта бирæгь, — уæд дын æз бах- хуыс кæндзынæн. Ацу дæ хæдзармæ æмæ дæ бинонты хабæрттæ бакæн. Ацы фос ам мæ бар уадз. — Уымæн гæнæн нæй! — фесхъиудта фыййау. — Бирæгъы бар ам, сау хъæды астæу æз мæ фос нæ бакæндзынæн. Уымæн æмæ, ды ахсæв куы нынниуай, уæд ацы хъæды чи бады, уыцьг бирæгътæ нæ, фæлæ ма Хъæриуы хохы фале чи ис, уыдон дæр ам æрба- лæудзысты. Æмæ райсом æз ам далысы хъус дæр нал сæййаф- дзынæн. — Цæмæй дæ фæнды, уымæй дын сомы кæнын, куыд æз ацы фос де ссыдмæ цæсты гагуыйау бахъахъхъæндзынæн, — загъта та бирæгъ æмæ цыдæриддæр сомытæ зыдта, уыдон райдыдта кæнын. Фæлæ йын йæ иу сомыйыл дæр фыййау не ’ууæндыдис. Æмæ ма уæд фæстагмæ бирæгь загьта: — Иу ныхас ма дын зæгьдзынæн æмæ мыл уый фæстæ дæр куы нæ баууæндай, уæд дæ ныууадздзынæн дæхи бар, уымæн æмæ дын дарддæр мæ бон баххуыс ницæмæй у. Æмæ-иу дæ тæригьæд дæхи уæд! — Цымæ цавæр ныхас у уый, æз бирæгъыл мæ фос цæмæй баууæндон, — дзуапп та радта фыййау, — зæгъ-ма уыцы диссаджы ныхас! — Кæд æмæ æз дæуæн дæ фос де ссыдмæ цæсты гагуыйау нæ бахъахъхъæнон, уæд мæ Хуыцау æнæдзуапп лæг æмæ æнæдзуапп мыггаджы кадæй фæцæрын кæнæд, — загьта фæстагмæ бирæгь. Ацы ныхæсты фæстæ фыййау иу-цасдæр фæхъуыды кодта æмæ сдзырдта: — Мæн æцæгæй бауырныдта ныр, ды сыгьдæгзæрдæйæ мæнæн баххуыс кæнынмæ кæй хъавыс, уый. Æмæ дыл æз ныр кæронмæ баууæндыдтæн. Ныууагьта тар хъæды астæу йæ фысты дзуг стыр цъæх бирæгьы æвджид! Бакодта йæ хабæрттæ йæ хæдзары æмæ дыккаг бон сыздæ- хтис хъæдмæ йæ фосмæ æмæ федта диссаг: йæ фос хуыссынц æфсæстæй æрдузы æмæ сынæр цæгьдынц. Бирæгь дзуджы алыварс зилы æмæ хъахъхъæны фысты иннæ бирæгътæй. Уыдонæй иу- цалдæр мардæй лæууы фосы алыварс. Куыд нæ ныццин кодта фыййау: йæ бинонты хабæрттæ дæр бакодта, йæ фос дæр æнæхъæнæй баззадысты! Æмæ уый бирæгъы 77
руаджы. Стыр тых, стыр хъару разындис, бирæгъ ард цы ныхæстæй бахордта, уыцы ныхæсты. Уыдон та дзурæг сты, дзуапджын æмæ æнæдзуапп адæймæгты ’хсæн цас быдыр ис, ууыл. - Ацы фыдæлтыккон таурæгъ мæнæн уæдæй абонмæ мæ зæрдæйы баззадис æмæ мæ нæ рох кæны, — загьта фæстагмæ Алык- сандр, — Мæн нæ фæнды æнæдзуапп лæджы ном мыл сбада, уый. Æмæ бацархайдзынæн, мæнмæ хъæубæстæй цы хорз дзырддзæугæ лæгтæ фæцыдис бафидауыны фæдыл, уыдон ныхæстæн аргь скæны- ныл. Тагъд мын хъусдзыстут мæ хабар. Æз хорз хабар æрхастон, чи мæ арвыста, уыцы мыггагмæ. Иууылдæр уыдон дæр æмæ сæ къабæзтæ дæр цин кодтой, тагъд дыууæ мыггаджы кæрæдзимæ туджджынты цæстæй кæй нал кæсдзы- сты, ууыл. НЫХАСÆЙ РАХИЗÆМ ХЪУЫДДАГМÆ Цалдæр ныхасы мæ зæгъын фæнды Хъулаты Джетæгъæзы фырт Хъуыбадыйы, къорд азты Цæгат Ирыстоны Республикæйы сæргъы чи лæууыд æмæ Ирьг дзыллæйæн разамынд чи лæвæрдта, уыцы лæджы тыххæй. Цæвиттон, æрæджы сæмбæлдтæн зианы Дзæуджыхъæуы. Зиан уыдис, ДзауГЭС кæй хонынц, уымæ хæстæг. Куыд вæййы, афтæ зианмæ æрцæуæг адæм чыртæ-чыртæй лæууыдысты æмæ кæрæдзийæн сæ дзуринæгтæ дзырдтой. ГЭС уыдис адæмæн сæ тæккæ раз. Æз цы къордмæ бацыдтæн, уыдонæй 2-3 адæймаджы уыдысты мæ зонгæтæ. Баййæфтон сæ Хъулаты Хъуыбадыйы кой кæнгæ - сæ зæрдыл сын æй æрлæууын кодта ацы электростанцæ. Ныхас цыдис, Хъуыбады йæ адæмæн цы бирæ хæрзты бацыд, цы лæггæдтæ сын бакодта æмæ йын абон æмбæлгæ кад кæй нæ и, уый тыххæй. Ацы ныхæстæ чи кодта, уыдон уыдысты алы хъæутæй æмæ горæттæй. Фæхъуыстон ныхæстæм кæронмæ æмæ æрцыдтæн иу хатдзæгмæ: Ирыстоны хъæуты æмæ горæтты цæрджытæ абон дæр нæ рох кæнынц Хъулайы-фырты, дарынц æм стыр уарзон цæстæнгас. Уыимæ тынг æнæрастыл нымайынц, уымæн абоны онг официален æгъдауæй аккаг аргъ кæй нæма ис, уыцы хъуыддаг. 78
Хъуыбадыйы хъысмæтыл йæ амарды фæстæ æз дæр рагæй хъуы- ды кæнын. Æмæ мæм æнæныббаргæ хъуыддаг кæсы, уымæн або- ны онг йæ ном кæй ницæмæ дарынц, уый. Бирæ адæм æрæвæрдтой ацы фарста нæ раздæры хицауады раз, фæлæ-иу уыдон сæхи ницы зонæг, ницы хъусæг æмæ уынæг скодтой æмæ сæм адæмы ныхас, дзыллæты домæн нæ бахъардта. Куыд фæзæгьынц: «Уад уæйыджы хъусы уайы!» Мæ ныхæстæ æнæбындур не сты. Уый тыххæй газет «Рæстдзи- над»-ы æрцыдис мыхуыр алы рæстæджыты бирæ уацтæ. Се ’ппæтæн амал нæй ам æрхæссынæн, фæлæ дзы æз цалдæры кой скæндзынæн: Журналист Цгъойты Хазби: «Абон-райсом æгъгьæд у!», «Рæстдзи- над», 1992 азы 21 май. Хæсты æмæ фæллойы ветеран Бокоты Сол- тан «Йæ адæмы фарнæн», «Рæстдзинад», 1992 азы 21 июлы. Хъа- зыбегты Сланбег: «Раст фæндон», «Рæстдзинад» 1992 азы 25 июлы. Цæгат Ирыстоны адæмон артист Кокайты Иссай «Кæнинаг хъуыддаг», «Рæстдзинад», 1992 азы, 6 август. Гæздæнты Хъазыбег: «Афон у, фæлæ...», «Рæстдзинад», 1995 азы, 1 ноябрь, æмæ æндæртæ. Сæрмагондæй зæгъыны аккаг у Дауыраты Дамиры чиныг «Этот маленький большой человек» Хъулаты Хъуыбадыйы тыххæй. Ацы уацты номхыгъдæн ис фæдаргъдæр кæнæн. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, адон дæр æгъгъæд сты. Фыссынц Дзæуджыхъæуæй, фыс- сынц Беслæнæй, Хъæдгæронæй, Хæтæлдонæй æмæ æндæр рæттæй. Фыссынц хæсты æмæ фæллойы ветерантæ. Фыссынц журналисттæ, артисттæ æмæ фысджытæ. Се ’ппæт дæр домынц, цæмæй Хъу- лайы-фыртæн аккаг аргь æмæ кад конд æрцæуа. Домынц комкоммæ æппæт ирон адæмы номæй, цæмæй Хъуыбады цы уынджы цардис æмæ амардис, уыцы уынгыл æвæрд æрцæуа йæ ном. Ныхас цы уынгыл цæуы, ууыл абоны онг ис гуырдзиаг поэт Ака- ки Церетелийы ном. У нæ горæты сæйраг уынгтæй иу. Æз куыд зо- нын, афтæмæй ацы уынджы фыццаг хæдзар Церетели не скодта. Уæдæ цæргæ дæр ам никуы кодта. Æз куыд зонын, афтæмæй, Церетелийы уацмыстæй тæлмацгонд ирон æвзагмæ ницы ис. Йæ чингуытæй йын бон цырагьы рухсмæ дæр нæ библиотекæты ницы ссардзынæ. Æз гуырдзиаг адæмы ныхмæ нæ дæн. Уарзын сæ, ис мын хорз гуырдзиаг лымæнтæ дæр. Фæлæ цымæ сæ сæйраг горæт Тбилисы цал уынджы ис, ироны ном кæуыл ис, ахæмтæ? Æвæццæгæн дзы ис Хетæгкаты Къостайы номыл уынг. Уый дæр, «æвæццæгæн». Æндæр ма кæй номыл? Æнхъæл нæ дæн. Махмæ та?! Æрæджыйы онг дæр ма: Тбилиская, Кутаиская, Ноя Буачидзе, Руставели, Церетели, Гегечкори — нæ сæйраг горæты стырдæр æмæ рæсугьддæр уынгтæ. 79
«Дæ бинойнаджы цы хонай, адæм дæр æй афтæ хондзысты», — зæгъы ирон æмбисонд. Æмæ мах дæр нæхи цы хонæм, æндæр нæ хъуамæ цы хоной иннæ адæмтæ? Интернационализм хорз у, фæлæ æгæр цæхджын дойны кæны. Æмæ æгæр ницæмæй бæззы. Мах та, уæлдæр цы уацы кой кодтон, уым Гæздæнты Хъазыбег куыд фыс- сы, афтæмæй, нæхицæй сарæзтам «сверхинтернационалисттæ». Уый нæ хорзмæ никуы кодта æмæ никуы æркæндзæн. Уæдæ, Къостайы загьдау: «Алырдæм дæр æй куы барæм», уæд абон гуырдзиаг поэт Церетелийы ном чи хæссы, уыцы уынг Дзæу- джыхъæуы хъуамæ хæсса Хъулаты Хъуыбадыйы рухс ном. Афтæ домынц Иры дзыллæ. Адæмы фæндон та цы хицауад нæ феххæст кæны, уымæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы. Иуæй дæр ма уæнт рох Гæдиаты Цомахъы ныхæстæ: «Адæмы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн!» Бирæ хорз хъуыдцæгтæ скодта йæ рæстæджы Хъулаты Хъуыба- ды йæ гыццыл ирон адæмæн. Йе сгуыхтдзинæдтæй æппæты стыр- дæрыл æз нымайын, уый 1926-1927 азты гуырд ирон лæппуты 1944- 45 азты хæстмæ кæнын кæй нал ауагьта, уый. Хъуыбадыйы тыххæй æз ныр фыссын цыппæрæм хатт. Æмæ айразмæ ме ’ртыккаг уацы æз Хъулайы-фырты уыцы стыр сгуыхтдзинады тыххæй цы ныхæстæ загьтон, уыдонæй мæ фæнды зæгъын иу-цалдæр ногæй: «Дыууæ фæлтæры мингай лæппуты, 1926-1927 азты гуырдты, Хъулаты Хъуы- бады баиргъæвта тугкалæн хæстæй... Уыдон баззадысты Ирысто- ны, сæ хæдзæртты. Рацыдис сын цот, цоты цот...» Æмæ цымæ цы уавæры уыдаид Ирыстон, уыцы дыууæ фæлтæры дæр ма Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æвирхъау куыройы фыдты ас- тагу куы бахаудаиккой, уæд? Цымæ нæма у афон, ацы хъуыддагыл лæмбынæг ахъуыды кæнынæн? Цымæ нæма у афон, Хъулаты Хъуыбадыйы ацы стыр сгуыхтдзинадæн аргъ скæнынæн? Бæрæг куыд у, афтæмæй иунæг адæймаджы дæр чи аирвæзын кæны, уымæн конд æрцæуы стыр кад: дæттынц уымæн паддзаха- дон хæрзиуджытæ, стыр лæвæрттæ, кæнынц ахæм адæймагыл зар- джытæ. Æмæ уый раст у: сгуыхтдзинадæн аргъ кæнын хъæуы. Фæлæ диссаг уый мидæг ис, æмæ мингай ирон лæппуты йæ адæмæн, Ирыстонæн чи аирвæзын кодта, уый - Хъулаты Хъуыбады абон баззад рохуаты. Æмæ цымæ кæдмæ? Æппæлыны тыххæй йæ нæ зæгьын, фæлæ æз сбæрæг кодтон, Хъуыбадыйы руаджы нæ хъæу Хъæдгæронæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ кæй нал акодтой, 1926-1927 азты гуырд уыцы лæппуты. Сты 121! Уый бæрц иунæг хъæу Хъæдгæроны. Цымæ цал уыдысты уыдон Ирыстоны æппæт горæтты æмæ хъæуты? Цымæ уыдонæй цал сыз- дæхтаид Ирыстонмæ? Æмæ цы уавæры уыдаид уæд Ирыстон? 80
Уæлдæр куыд федтам, афтæмæй газет «Рæстдзинад» ныммы- хуыр кодта бирæ æрмæджытæ Хъулаты Хъуыбадыйы кад æмæ ном бахъахъхъæныны тыххæй. Мæнмæ гæсгæ, «Рæстдзинад» уыдис æмæ у ирон адæмы хъæлæс. Уый дзуры нæ адæмы хъæлæсæй. Газет «Рæстдзинад» махимæ, ома, Хъулаты Хъуыбадыйы сæрыл абон чи дзуры, уыдонимæ у разы. Афтæ куы нæ уаид, уæд нын нæ мыхуыр кæнид йæ фæрстыл уыцы лæджы тыххæй нæ уацтæ. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уый æгъгьæд нæу: уац ныммыхуыр кæн газеты æмæ уымæй хъуыддаг ахицæн ис. Мæнæн иу адæймагæй, Хъулаты Хъуыбады æппындæр ницы ба- вæййы. Йемæ зонгæ дæр нæ уыдтæн. Фæлæ алцыдæр хонын хъæуы йæ номæй, архайын хъæуы рæстдзинадыл. Рæстдзинад та ис уый мидæг, æмæ Хъуыбады йæ дзыллæйæн бирæ хорз кæстæриуæг ба- кодта æмæ йын, æнæмæнг, хъуамæ конд æрцæуа æмбæлгæ аргь. Ирыстонæн бирæ хицæутгæ уыдис. Сæ иутæ ферох сты адæмæй. Фæлæ Хъулаты Хъуыбадыйы ном ирон дзыллæтæ нæ ферох кæндзысты. Ацы уац мæнæн у, куыд загътон, афтæ — цыппæрæм. Фыссын æй мæстыйæ, кæмæн æмбæлы, уыдонæй иуæй-иутæ рæстдзина- дыл хæст кæй не сты, уый тыххæй. Цæмæн скодтой уыдон дзырд- даг ирон адæмæн сæ хуыздæр хъæбултæй иуы ном? Æз ма ноджыдæр иу хатт сидын, Хъулаты Хъуыбады Ирыстоны зынаргь кæмæн у, уыдонмæ, цæмæй зæгьой сæ ныхас уыцы лæджы тыххæй. Уырны мæ, ацы хъуыддаджы сын кæй баххуыс кæндзæнис газет «Рæстдзинад»-ы редакци. Фæнды мæ, цæмæй газет «Рæстдзи- над» дæр рæстдзинады сæрьгл рахæца æмæ ныммыхуыр кæна ацы фарстайы фæдыл редакцион уац, зæгъа йæ хъуыдытæ. Мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй уымæй газетæн йæ кад ирон адæмы цæсты, бæрзонддæр йеддæмæ ныллæгдæр нæ фæуыдзæн! ♦§©©§* ХÆДЗАР Цæвиттон, æрæджы сæмбæлдтæн зианы Дзæуджыхъæуы. Амар- дис мæ хорз зонгæ зæронд сылгоймаг, бирæ азты сыхæгтæй кæимæ фæцардыстæм хъæуы, уый — Верæ. Уымæн йæ лæг, Хабосы, сæрды 1941 азы акодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ æмæ нал сыздæхт йæ бинонтæм — фесæфтис Севастополь! цур карз хæстыты. 6 Бокоты Солтам 81
Фæцардис ма Верæ иу къорд азы мах хъæуы йæ æнахъом дыууæ сидзæримæ, Райæ æмæ Хъазыбегимæ, стæй уæд ауæй кодта йæ хæдзар æмæ алыгьдис Дзæуджыхъæумæ. Ахæм уынаффæ йын бакодтой йе ’фсымæртæ. Уыдон сæхæдæг дæр цардысты горæты æмæ сын афтæмæй æнцондæр уыдис сæ цæст сæ сидзæргæс хомæ дарын. Схъомыл сты Верæйы сывæллæттæ. Райæ чындзы ацыд, ис ын хорз бинонтæ æмæ цæры уыдонимæ. Верæ абоны онг фæцардис йæ фырт Хъазыбегимæ. Лæппу рауадис йæ фыд Хабосы хуызæн куыстуарзаг, æгьдауджын æмæ æмгарджын, алцæмæй дæр адæй- маджы хорз миниуджытæй хайджын. Фæлæ уæддæр Хъазыбег бын- тон æнаипп нæ разындис. Уыцы аиппы тыххæй йыл къорд азты бирæ уайдзæфтæ сæмбæлд йæ мадæй дæр, йæ хæстæджытæй дæр, йе ’мгæрттæй дæр, чи йæ уарзта, уыдонæн се ’ппæтæй дæр. Фæлæ, куыд фæзæгъынц: уæйыджы хъусы уад уайы. Хъазыбег никуы ницæмæ æрдардта утæппæт уайдзæфтæ, никæй коммæ бакаст æмæ нæ бакодта бинонты мæт - ус нæ ракуырдта. Нæ фенын кодта йе схæссæг сидзæргæс мадæн чындз, нæ базонын кодта мадæн, цоты цот куыд адджын сты, æрдзы уыцы стыр æгьдау. Æмæ амардис Верæ йæ иунæгмæ фæстæмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ. Кадджынæй фæцардис Верæ æмæ йæм йæ боны æрцыдис бирæ адæм, куыд горæтæй, афтæ Ирыстоны алы хъæутæй дæр. Æз дæр ацыдтæн мæ хъæубæстæимæ Верæйы зианмæ. Цæйдæр аххосæй мæрддзыгой иу гыццыл айрæджы кодта æмæ не ссыдмæ зианæн сыхаг лæг фæндарасты ныхас кодта. Мах куы баввахс стæм, уæд нæ размæ цалдæрæй арфæ кæнынмæ рацыдысты æмæ, куыд бæзза- дис, ахæм арфæ кæрæдзийæн ракодтам. Арфæгæнджытæй иу уыдис, чи амард, уымæн хæстæг хион. Уый мæм иуварс асидт æмæ загьта: — Верæ дæу тынг бирæ уарзта. Æмæ иу къуырийы размæ бафæ- дзæхста махæн, цæмæй йын ды зæгьай мæрдтæм «фæндараст». Ма базивæг кæн æмæ йын йæ фæстаг фæдзæхст сæххæст кæн. Уæртæ, ныртæккæ чи дзуры марды уæлхъус, уый йæ ныхас куы фæуа, уæд ныхасы бар дæуæн дæтдзысты. Куыд уыдаид мæнæн æхсызгон ахæм хабар? Иуæй мæнæ-мæнæ дæсны нæ дæн ахæм ран дзурынмæ, иннæмæй мæнæн ацы хъуыд- даг уыдис тынг æнæнхъæлæджы, иу-цалдæр минуты мæ уæддæр хъуыдис ахъуыды кæнын, цæуыл дзурдзынæн, ууыл. Æппæты разæй мæ цæстытыл ауадысты Верæйы лæппу æмæ чызг, Хъазыбег æмæ Райæ. Хо йæ цард аразын базыдта. Фæлæ лæппу Хъазыбег... Нæй йын абоны онг бинонтæ, æмæ ныр йæ мады фæстæ цæрдзæнис бынтон иунæгæй. Ацы хъуыдытæ куыд кодтон, афтæ 82
мæнæн мæ зæрдыл æрлæууыдис иу хабар — æз æй фехъуыстон, дæс азы дæр мыл куы нæма цыдис, уæд, æртæ æмæ æртиссæдз азы размæ гыццыл сывæллонæй. Бирæ дзурын марды чырыны уæлхъус раст нæу æмæ фидаугæ дæр нæ кæны. Æз дæр Верæйы чырыны раз архайдтон цыбыр ны- хас кæныныл. Цытæ дзырдтон, уыдон дæр нал хъуыды кæнын. Фæлæ æртæ æмæ æртиссæдз азы размæ уæды Хъæдгæроны дзырд- дзæугæдæр æмæ куырыхондæр хистæртæй цы ныхас фехъуыстон, æмæ уæдæй абонмæ фыццаг хатт мæ зæрдыл чи æрлæууыдис, уымæй спайда кодтон. Уый уыдис мæ раныхасы апп. Хъуыддаг йæ сæрæй куы радзурынц, уæд æй алчидæр æнцонæй бамбары. Æмæ йæ æз дæр дзурын йæ сæрæй. Æвирхъау хабар ай- хъуыстис райсомраджы хъæубæстыл 1933 азы февралы бонтæй иуы: Гуытьиаты Матейы йæ кæстæр фырт Темырболат амардта. Мате уæд нымад уыдис зæронд лæгыл. Бæхыл бадынмæ йæ йæ кæстæр æфсымæр Батрадзимæ ничи æмбылдта. Уыцы бон уый йæ хъугæй райсомæй ацыдис хъæдмæ суг ласынмæ. Хъугæй та уымæн, æмæ уый размæ хъæуы цæрджытæн байстой сæ бæхтæ æмæ сæ уæрдæттæ æмæ сæ радтой колхозмæ. Æмæ алчидæр амæлттæ кодта: чи йæ хъуг ифтыгъта, чи — йæ род. Матейы хистæр фырт Темырболат изæрырдæм райста топп æмæ ацыдис йæ фыды размæ. Зыдта, йæ фыд кæцы фæндагыл цæудзæн фæстæмæ йæ хъугимæ, уый æмæ йæ размæ бабадтис. Куы æрталынггæрæттæ ис, уæд Мате фæзынд. Уый цыдис фæлладæй хъуджы сæрбосыл хæцгæйæ. Лæппуйы размæ куы ’рхæццæ, уæд ын уый топп йæ риуыл ныццавта æмæ — дæ балгъитæг афтæ! Матейы адæм бафснайдтой. Фырты æрцахстой æмæ йæ бакод- той горæты урс ахæстоны. Иу бон æм йæ æрыгон ус ацыдис, ссар- дта, кæм бадтис, уыцы камерæ. Темырболат камерæйы решеткæйæ йæ сæр æддæмæ ракодта, æмæ афтæмæй усимæ ныхæстæ кодтой. Ахæстон хъахъхъæнæг сæ куы федта, уæд цалдæр хатты Темырбо- латмæ ныхъхъæр кодта, дæ сæр мидæмæ байс, зæгьгæ. Фæлæ Темырболат хъахъхъæнæджы ныхас ницæмæ дардта æмæ йæ ныхас дарддæр кодта йæ усимæ. Уæд хъахъхъæнæг топпæй фæхъавыд Те- мырболаты сæрмæ æмæ йæ фехста. Нæмыг лæппуйы цæстыл сæмбæлд æмæ йæ къæбутæй иннæрдæм ахызт. Афтæмæй лæппуйы сæр ауыгъдæй баззадис решеткæйыл. Адæм та æрæмбырд сты æмæ бафснайдтой Темырболаты йæ фыд Матейы фарсмæ. Фыдæлтæй баззадис æмбисондæн: «Хæдзарæн вæййы иу рæстæг». Ацы æмбисонд абон нæ райгуырдис. Мингай азты, 83
æвæццæгæн, нæ фыдæлтæ раиртæстой, хæдзарыл, бинонтыл исты бæллæх куы æрцæуы, уæд ууыл нæ баззайынц: бирæ хатт ма уыцы бинонтыл æрцæуы дыккаг-æртыккаг фыдбылыз дæр. Ацы хъуыд- даг æрмæст ирон адæм нæ раиртæстой. Стыр уырыссаг фыссæг М.А. Шолохов йæ роман «Тихий Дон»-ы куыд фыссы, афтæмæй романы сæйраг архайæг Григорий Мелеховы хæдзарыл фæд-фæдыл æрцыдис æртæ фыдбылызы, æртæ стыр бæллæхы: Григорийы ус Наталья бæхдоны йæхи цæвæгæй аргæвста, дыккаджы — Мелеховтæн сæ богь йæ бастæй феуæгьд æмæ Григорийы зæронд мад Ильинич- нæйы мæлæтдзаг пырх ныккодта. Æртыккаджы та — хæдзары сиахс Кошевой амардта Григорийы хистæр æфсымæр Петры. Ацы æртæ бæллæхы Мелеховты бинонтыл æрцыдысты кæрæдзийы фæдыл. Æмæ уый тыххæй Шолохов афтæ зæгъы: дзæгъæлы нæ фæзæгъынц зæронд хъазахъхъæгтæ, бæллæх хæдзармæ иунæгæй нæ цæуы, зæгъгæ. Цасдæр рæстæджыты хъæубæсты Матейы хæдзары бæллæхты кой йеддæмæ ницы уыдис. Ничи зыдта æмæ абон дæр ничи зоны, тра- геди цæмæй, цæй фæдыл рауад, уый. Цыди алыхуызон ныхæстæ, иу иннæмæй æнахъинондæр. Раст уыцы рæстæджы хъæубæсты цардис æмæ къахыдарæс хуыйæгæй куыста Басаты Серго. Уый иу-цасдæр фæцардис кæмдæр Уæрæсейы, базыдта хорз ацы дæсныйад æмæ уымæй дардта йæ бинонты. Кæд ма уыцы рæстæджы дæр фылдæр адæм цыдысты хæдзары хихуыд къахыдарæсы, уæддæр фылдæрæй-фылдæр кодта адæммæ æлхæнгæ, фабрикты конд къахыдарæс. Æмæ Сергойæн фаг уыдис куыст туфлитæ, батинкæтæ æмæ цырыхъытæ цалцæг кæныны хъуыддаджы. Æз ахуыр кодтон уæд 2-æм къласы. Иу къуырийы бæрц нæ цыдтæн скъоламæ, нæ мын уыдис дзабыртæ. Иу бон мын нæ хæстæджытæ горæтæй æрæрвыстой сæ лæппуйы зæронд батинкæтæ. Æз сыл цинæй амардтæн, фæлæ батинкæтæн æнæ бампъузгæйæ дарæн нæ уыдис. Æмпъузæггаг хъуыдис æхца, æмæ мæнмæ цæй æхца уыдис. Æмæ мын уæд иу бон мæ мад литыруат банкæ байдзаг кодта хьæдурæй æмæ æз уыцы хъæдуримæ мæ æмпъузинаг батинкæтæ ахастон Басаты Сергомæ. Уымæн, хорз ма йæ хъуыды кæнын, йæхицæн кусынæн уыдис стыр зæхбын уат. Ам уыдис хъарм. Йæхæдæг бадтис рудзынджы раз рухсмæ æмæ йæ куыст кодта. Галиуырдыгæй уыдис даргь хъæдын тæрхæг. Ацы тæрхæгыл бадгæ баййæфтон цалдæр зæронд лæджы. Се ’ппæты нал хъуыды кæнын. Фæлæ сæ мæ зæрдыл бадардтон цалдæры: Хъараты Исламы, Къаболаты Темыры, Гутнаты Асæхмæты, Дзуццаты Дзаг- 84
койы, Садыхъоты Гадзейы æмæ Борæдзаты Адæдзейы. Æз бахызтæн дуарæй мидæмæ æмæ æрлæууыдтæн, мæ иу къухы мæ æмпъузинаг батинкæтæ, иннæ къухы та — банкæйыдзаг хъæдур. Кæй баййæфтон агъуысты, уыцы лæгтæ ныхас кодтой хъæрæй. Серго йæ куыст нæ уагъта, афтæмæй та-иу искуы-иу хатт лæгты ныхасмæ йæ ныхас баппæрста. Æз сæм куы байхъуыстон, уæд бам- бæрстон: лæгтæ ныхас кодтой, æрæджы Гуытьиаты Матейы хæдза- рыл цы бæллæхтæ æрцыдис, уыдоныл. Ацы бæллæхты сæ иутæ зылын кодтой Матейæн йæхи, иннæтæ та - йæ фырт Темырбола- ты. — Мате бинонты астæу æгæр карз уыдис, уымæн куыд хистæр, афтæ æмбæлдис бинонты кæрæдзиуыл бæттын, - дзырдта Къабо- латы Темыр,— æппын ницы, фæлæ йæ хæдзары уыдис ног чындз æмæ уый сæр хъуыды кæнын хъуыди хæдзары хистæрæн. Мате та гыццыл нццæуыл дæр загъд кодта. Ирвæзтис дзы хатгай, цы не ’мбæлдис, ахæм ныхæстæ дæр. Æмæ та дзы, æвæццæгæн, ацы хатт дæр хъæдмæ ацæуыны размæ сирвæзт, чи не ’мбæлдис, ахæм ныхас йæ ног чындзы раз. Куыд дзурынц, афтæмæй, фырт Темыр- болат кæцæйдæр куы ’рбацыд, уæд йæ усы æрбаййæфта кæугæйæ. Уый йæ лæгæн рахъаст кодта, зæронд лæг æй кæй бафхæрдта, уый тыххæй. Лæппу тынг смæсты, ацыдис фыды размæ æмæ йæ амар- дта. Йæхи аххос уыдис Матейæн! — загьта Темыр æмæ фæцис ууыл йæ ныхас. Иннæ зæронд лæгтæ се ’ппæт дæр иуæй фæстæмæ Темыримæ сразы сты. Банымадтой, цы фыдбылызтæ æрцыдис, уым аххос- джыныл Матейы. Æрмæстдæр зæронд Асæхмæт не сразы ис семæ. Асæхмæт иунæгæй, иинæтæ къордæй, афтæмæй зæронд лæгтæ иу-цасдæр быцæу фæкодтой. Стæй уæд Асæхмæт загьта: — Лæмбынæг-ма мæм байхъусут. Æз уын Нарты таурæгьтæй иу ракæнон. Куыд зонут, афтæмæй Нартæ бирæ рæстæг æрвыстой сæ Ныхасы. Ам кодтой уынаффæтæ сæ цардæн, ам ирхæфстой сæхи дæр. Иуахæмы Нарты хистæртæ фиппайын байдыдтой, сæ фæсивæдæй иуæй-иутæ сæхи æвзæр дарын кæй байдыдтой, уый. Хистæртæ ацы кæстæртæн цалдæр хатты бауайдзæфтæ кодтой, фæлæ ницы — нæ бахъардтой уыцы уайдзæфтæ кæстæртæм. Иу бон сæм Уырызмæг фæдзырдта æмæ сын загьта: — Сымах уæхи, куыд æмбæлы, афтæ нæ дарут. Худинаг кæнут Нæртон лæджы ном. Уæхимæ кæсут стыр зондджын æмæ хъару- джын æмæ уæд уæ иуæн дæр цæуылнæ ис хæдзар? Цæмæн стут абоны онг æнæ хæдзæрттæ? Цы нæ ’мбæлы, уыцы миты бæсты цæуылнæ æртæрхон кæнут, цы худинаджы уавæры стут, ууыл? 85
Уырызмæджы уайдзæфтæм лæппутæ лæмбынæгæй фæхъуыстой æмæ æнæдзургæйæ ацьгдысты Ныхасæй. Дыккаг бон уыдонæй Ныхасмæ иудæр нал фæзындис. Нал фæзындысты уырдæм æртык- каг бон дæр, стæй ма уый фæстæ бирæ бонты дæр. Нартæ нæ зыд- той, сæ лæппутæ кæм сты, кæдæм фæцыдысты. Цас рæстæг ра- цыдаид, чи зоны, фæлæ иу ахæмы фæзындысты. Сæ хистæртæй хатыр ракуырдтой æмæ загьтой: — Нарты хистæртæ, бахатыр кæнут, ай размæ мах сымах раз нæхи куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ дардтам, уый тыххæй. Мах бам- бæрстам Уырызмæджы уайдзæфты фæстæ нæ рæдыд æмæ йæ нал æруадздзыстæм. Уырызмæг мах схуыдта æнæ хæдзæрттæ. Уыцы уайдзæф махмæ бахъардта æмæ ныр цасдæр рæстæг мах нæхицæн арæзтам хæдзæрттæ. Æмæ нæ тынг фæнды, Нартæ ныртæккæ мах фæдыл куы рацæуиккой æмæ нын нæ хæдзæрттæ куы фениккой, уый. Курæм уæ, æмæ нæ фæдыл саккаг кæнут! Уырызмæг лæпгтуты фæндоныл сразы ис, сыстын кодта, Ны- хасы Нартæй чи уыдис, уыдоны се ’ппæты дæр æмæ араст сты лæппу- ты фæдыл. Цас фæцыдысты, чи зоны, фæлæ иу рæстæг бахæццæ сты хъæды астæу рæсугьд æрдузмæ. Æрдузы лæууыди цалдæр æвдгай æддæгуæ- лæйы. Лæппуты хистæр загъта Нартæн: — Уынут, цавæр хæдзæрттæ скодтам, уый? Кæмæн ис сымахæй ахæм хæдзæрттæ? Махæн ма ныр чи бафидис кæндзæнис, æнæ хæдзæрттæ стут, зæгьгæ? Ацы ныхæстæм Нарты гуыппырсартæ ныхъхъус сты. Уыдтой сæхи цæстытæй, лæппутæ цы æвдгай æддæгуæлæтæ сарæзтой, уый. Уæд Уырызмæг загъта: — Сымах, лæппутæ, хæдзæрттæ нæ сарæзтат! Ацы æвдгай æддæгуæлæтæ хæдзæрттæ не сты. Самадтат кæрæдзиуыл дуртæ æмæ сæ рахуыдтат хæдзæрттæ. Æмæ стут ныр дæр, куыд уыдыстут, афтæ: æнæ хæдзæрттæ. Уымæн æмæ, лæг æмæ ус быдыры астæу дæр хæдзар сты, Сымахæй та уæ иуæн дæр абоны онг нæй бинонтæ. Стæй, кæд сывæллæттæ нал стут, уæддæр абоны онг нæма зонут, хæдзар æмæ агъуыстæй чи цы у, уый. Агьуысты цыппар къулы æмæ цар йеддæмæ ницы ис. Хæдзары та вæййы бинонтæ, фыд, мад æмæ уыдонæн сæ цæуæт. Æмæ, гормæттæ, батагъд кæнут, хæдзæрттæ саразут. Лæппутæ Уырызмæджы ныхæстæм лæмбынæг байхъуыстой, бамбæрстой сæ рæдыд æмæ арф ныхъхъуыды кодтой сæ дарддæры цардыл. — Ныр-ма зæгъут,— дзырдта дарддæр зæронд Асæхмæт,— кæд йæ ныййарæг æмæ схæссæг фыд Матеимæ йæ цард нæ цыдис, уæд 86
Темырболат цæуылнæ сыстад уырдыгæй йæ усимæ, æндæр ран цæуылнæ æрцардис? Цæмæн систа йæ къух йæ зæронд фыдмæ æмæ цæмæн уый бæрц фыдбылызтæ ракъахта йæхицæн дæр æмæ би- нонтæн дæр? Цæуылнæ дардта йæ зæрдыл нæртон Уырызмæджы ныхас: «Лæг æмæ ус быдыры астæу дæр хæдзар сты!?» Асæхмæт дарддæр загъта: — Æз сымахимæ, мæнæ хорз лæгтæ, разы нæ дæн, аххосджын цы фыдбылызтæ æрцыдис, уым æрмæст Мате у, зæгьгæ, чи зæгьы, уыдонимæ. Чи зоны дзы, Матемæ дæр иу гыццыл хауы, фæлæ сæйраг аххосджын ацы фыдбылызы у Матейы фырт Темырболат! Асæхмæт йæ таурæгь æмæ ныхас конд фæцис. Иннæ зæронд лæгтæ йæм лæмбынæг фæхъуыстой æмæ иу-цасдæр æнæдзургæйæ фæбадтысты, стæй радыгай иууылдæр сразы сты Асæхмæтимæ: цы фыдбылызтæ æрцыдис, уым аххосджын у фырт! Сразы сты уыимæ дæр, ома агьуыст æмæ хæдзары астæу кæй ис бирæ хъауджыдæр- дзинад. Сразы сты уыимæ дæр, æмæ лæг æмæ ус быдыры астæу дæр нымад кæй сты хæдзарыл. Ныр æз фæстæмæ здæхын, мæ радзырд цæмæй райдыдтон, уымæ. Мæнæн Верæйы чырыны раз дзургæйæ мæ зæрдыл æрлæу- уыдысты æртæ æмæ æртиссæдз азы размæ зæронд лæг Гутнаты Асæхмæт цы таурæгь ракодта, уый. Æмæ мæ ныхасы кæрон загь- тон: — Хъазыбег! Цалынмæ ды бинойнаг æрхæссай, уæдмæ дæуæн хæдзар нæй! Уыдзынæ нымад æнæ хæдзарыл. Ныртæккæ кæм цæрыс, уым кæд цалдæр уаты ис, уæддæр уый агъуыст у, хæдзар нæу. Дæ зæрдыл дар æмæ ма рох кæн Нарты Уырызм- æджы зондджын ныхас: «Лæг æмæ ус быдыры астæу дæр хæдзар сты!» АЛЦÆМÆН ДÆР ФÆТК ХЪÆУЫ Куыд зонæм, афтæмæй не ’гъдæуттæ зынгæ бынат ахсынц ирон адæмы культурæйы. Сæдæгай, чи зоны, æмæ мингай азты дæргьы нæ фыдæлтæ ацы æгъдæуттæ хуыздæрæй-хуыздæр, аивдæр кодтой. Æмæ афтæ æнаиппæй, рæсугъдæй æрхæццæ сты мах рæстæгмæ. Куыд фæзæгьынц, цыма нæ хъæуы: цæттæ рæсугьд æгьдæуттæ нæ 87
къухты. Нæ цины æмæ нæ зианы æгьдæуттæ уыдзысты æдзухдæр зæрдæмæдзæугæ, аив, ацы æгъдæуттæ куыд æмбæлы, афтæ куы æххæст кæнæм, уæд. Фæлæ фæстаг цалдæр азы Ирыстоны фæзынди алыхуызон «ре- форматортæ». Адонæн нæ фыдæлты хорз æгьдæуттæ сæ зæрдæмæ нал цæуынц, фаг сын нал сты. Хъуыды кæнынц «ног æгъдæуттæ». Растдæр зæгьгæйæ та, æмтъеры кæнынц не ’гъдæуттæ. Æмæ сын ацы æнæуаг хъуыдцаджы æнтысгæ дæр кæны. Мæнæн мæ зæрды ис зæгъын, фыдæлты заман нæ ирон æгъдæуттæй алчидæр фидар йæ бынаты чи лæууыд æмæ абон дзыр- ддаг чи ссис, нырыккон «реформатортæ» кæй дызгьуыммæ кæнынц, уыцы æгьдæуттæй иу-цалдæры тыххæй. Райсæм ма æппæты разæй, куывд кæд кодтам, чызг кæд æрвыстам чызг æмæ чындз кæд хас- там? Кæнæ кæд кодтой ирон адæм сæ марды кæндтæ? Хистæр фæлтæртæ йæ зонынц —^ ирон лæг йæ цины хабæрттæ кодта æрмæстдæр хуыцаубоны. Йæ марды кæндтæ та — сабаты. Абон та цы уынæм? Уыцы-иу бон сабаты адæймагмæ вæййы хонæг чындзæхсæвмæ дæр, дыууиссæдзæм боны хистмæ дæр, куывдмæ дæр æмæ афæдзы хистмæ дæр. Цы у ай? Цæмæй байстой иуæй-иутæ сæ цины хъуыддагæн мæрдтæн сæ бон — сабат? Не сфæлдисæг Хуыцауы ном цы бон хæссы, ома, хуыцаубон, уый сæ фаг нал у? Сæ зæрдæмæ цæуыл- нæ уал цæуы? Цæуылнæ уал æрвæссынц ацы боныл? Цæуылнæ тæрсынц Хуыцауы фыдæхæй? Цæуылнæ ныууадзынц мæрдтæн сæ бон сæхицæн? Куыд раст у уый, æмæ иу хæдзары чындзæхсæвы иутæ Уастырджийы зарæг кæнынц, кафгæ æмæ симгæ кæнынц, чысыл æддæдæр кæмæдæр та дыууиссæдз боны хисты адæм хæкъ- уырццæй кæуынц? Ай ирон адæмы æгъдау у? Ацы æнахъинон, æнæхъола æвирхъау «æгьдау» рауагьтой, чызг чындзы чи фервиты, уыдон. Æз минæвар бирæ фæцыдтæн. Разыйы дзуапп райсты фæстæ минæвар æдзухдæр чызджы мад æмæ фыды бафæрсы, чындзхæсджытæ чызджы хæдзармæ кæд æрбацæуой, уымæй. Фæстаг заманты дзуапп æдзухдæр вæййы уæд æмæ уæд, саба- ты(!). Мæн бахъуыд бирæ хæттыты тох кæнын, цæмæй чынд- зхаст сабатæй ивд æрцæуа хуыцаубонмæ. Хатгай-иу рауад, хатгай - нæ. Æмæ-иу цымæ, раст кодтой, хуыцаубоны бæсты мæрдты бон, сабаты, йæ чызджы чындзы чи æрвыста, уыцы мад æмæ фыд? Мах, дам, сабаты æрвитдзыстæм нæ чызджы. Дыккаг бон та уыдзæн адæмæн æнцойбон — хуыцаубон. Æмæ уæд та нæ чызгæн 88
æрвитдзыстæм йæ фæстæ, æгьдау куыд баззад, афтæ — хуын. Æмæ афтæмæй нæ хъуыддæгтæ фæхицæн уыдзысты. Ацы дзуаппæй сæхи раст кæнынц, сабаты йæ циндзинад чи кæны, ома, йæ чызджы чындзы чи æрвиты, уыцы мадæлтæ æмæ фыдæлтæ. Хъуыддаг æцæгæй та куыд у? Ирон адæм рагæй-æрæгмæ, куыд загьтам, афтæ чызг æрвыстой хуыцаубоны. Йæ фæдыл та хуын æрвыстой къуырийы фæстæ, иннæ хуыцаубоны. Фæлæ абон иуæй-иутæ систы æгæр зондджын. Ацы «зондджынтæ» сабаты чызг æрвитынц, дыккаг бон та - хуын. Æмæ сæ хуынæн спайда кæнынц, æддæрдыгæй сæм цы хуынтæ æрцæуы, уыцы хойрагæй. Къуырийы фæстæ куы æрвитиккой хуын, уæд та сæ хъæуид хæрдзтæ кæнын. Гъе уымæн байстой мæрдты бон сабат. Гъе, уымæн баиу вæййынц фæстаг заманты иу хъæубæстæйы, иу уынджы чындзхæстытæ, чызгæрвыстытæ æмæ хистытæ. Иу ран — заргæ æмæ кафгæ, йæ фарсмæ та — кæугæ æмæ хъарджытæ. Чи никуы уыд нæ адæммæ, ахæм хъуыдцаг! Бирæ хæттыты цины фынгыл рауайы быцæутæ, хистæр ску- вынмæ физонæг райса йæ къухмæ, æви базыг. Иутæ райсынц æмæ скувынц физонæгæй, иннæтæ — базыгæй. Ацы ран, æвæццæгæн, æмбæлы иу хъуыддагыл ахъуыды кæнын: мах не ’ппæт дæр сывæл- лонæй нырмæ цыдыстæм куывды нæ дзуæртты кувæндæтгæм хохы дæр æмæ быдыры дæр. Алчидæр Ирыстоны кувæндонмæ хаста ску- вынмæ æртæ æртæдзыхоны, уыдон сæрыл - физонæг раззаг хуыл- фыдзаумайæ кæнæ кусарты рахиз фарсы æртæ фæрскæй. Кæд уыдон къухы не ’фтыдысты, уæд та фондз, авд, кæнæ фараст дзидзайы карстæй. Кувæндонмæ цæугæйæ, йæ æртæ чъирийыл кусарты базыг никуы ничи æвæрдта æмæ абон дæр не ’вæры. Цы амоны уый? Уый амоны æмæ кусартæй физонæгæй кадджындæр ницы и. Æмæ кæд афтæ у, уæд хъуамæ цины фынгыл хистæр кувынмæ йæ дзаг нуазæнимæ сиса физонæг. Базыг у кусартæн йæ къахы уæнг. Къах та кувынæн нæ фидауы. Фыдæлтæй куыд баззадис, афтæмæй цины фынг æмæ зианы фынг алцæмæй дæр хицæн сты кæрæдзийæ, цин æмæ зиан сæхæдæг куыд хицæн сты, афтæ. Абон нæ æгъдæутты «реформатортæн» сæ зæрдæмæ ацы хъуыддаг дæр нал цæуы. Архайынц, цæмæй цин æмæ зианы æгъдæуттæй хъауджыдæр мацыуал уа. Æмæ сын æнтысгæ дæр цыдæртæ бакодта. Зæгъæм, уæлдæр куыд загътон, афтæ: байстой мæрдты бон сабат сæ цины хъуыддæгтæн. Æмæ хистытæ æмæ чындзæхсæвтæ уыцы-иу рæстæг фæрсæй-фæрстæм конд цæуынц. Æмæ не ’гъдæутты «реформатортæ» ууыл дæр нæ ныллæууыдысты. 89
Куыд зонæм, афтæмæй марды кæнды фынгтыл цыдæриддæр æвæрд æрцæуа, уыдон сты хæларгæнинаг мардæн. Ирон цины фынджы уæлхъус кæд алы æртæ лæджы дæр нымад сты иу фын- гыл, уæд зианы фынгыл та иу фынгыл нымад сты дыууæ кæнæ цыппар лæджы. Кæд цины алы фынгыл дæр æвæрд вæййы æртæ чъирийы, уæд зианы та— дыууæ чъирийы. Кæд цины фынгыл кæрæдзимæ сидынц æртæйæ, уæд зианы та — дыууæйæ. Куыд уынæм, афтæмæй фыдæлтæй баззайгæ æгьдауы зианы мидæг пайда кодтой нымæц «дыууæйæ», искуы иу хатт нымæц «цыппарæй» дæр. Уыимæ цины фынгыл сыкъатæ-агуывзæтæ вæййынц æртæ æмæ сæ уыдон сидты фæстæ кæрæдзимæ бакъуырынц. Зианы фынгыл сыкъатæ кæрæдзимæ къуырæн нæй. Цы «ногдзинад» та бахастой нæ абоны «реформатортæ» ацы фыдæлтыккон аив æгьдаумæ? Арæхæй-арæхдæр абон зианы фынгыл хистæры раз фенæн ис дыууæ нæ, фæлæ æртæ чъирийы. Хистæр цы зæгъинаг вæййы, уый куы фæзæгьы, уæд чъиритæй иу сисынц æмæ йæ адæттынц кæстæртæм. Афтæмæй æртæ чъирийы æрцæ- уынц хæларгонд. Бафæрсæн ис нæ «реформатор™», кæд æмæ кæм кодтой ирон адæм зианы фынгыл æртæ чъирийы хæлар? Ацы «ногдзинад» дæр уынæн ис арæхæй-арæхдæр абон. Ирон цины фынгыл хатгай хистæр кæнæ та иууылдæр фынгыл бадæг адæм кадджын нуазæн кæнæ сидт фæнуазынц лæугæйæ. Æмæ уæд хуыздæр чи фæарæхсы, уый ныззары «Айс æй, аназ æй». Хъуамæ дзы фæндыр дæр фæзына. Хъæлдзæгдзинад зард æмæ фæндырæй фидауы. Ай у хъæлдзæг æмæ рæсугъд æгъдау. Фæлæ та фæзындис, зыгъуыммæ йæ чи кæны, ахæмтæ. Адон зианы фынгыл рухсаг байдыдтой нуа- зын лæугæйæ. Ацы фæстаг дыууæ «реформæйы» тыххæй мæ зæрдыл æрлæууы- дысты ахæм дыууæ цауы. Хъæдгæроны ныртæккæ Созæты Микъа- лайæ хистæр нæй. Цæуы йыл 96 азы. У нырма уæнгрог, кæны хæдзары мидæг бирæ куыстытæ. Æнæ кæсæнцæстытæй æрвылбон кæсы «Рæстдзинад». Дард рæттæм нал цæуы, фæлæ сыхы дæр, хæстæг сыхты дæр Микъала фæбады хистæрæн. Хорз зоны нæ ирон æгъдæуттæ. Бирæ хорз кадджын æмæ æгъдауджын лæгтимæ сæмбæлдис фынджы уæлхъус Микъала. Хъæдгæроны дæр æмæ æндæр хъæуты дæр. Иу-дыууæ азы размæ Микъалайæн Беслæны амард йæ сиахс. Йæ хиуæттæ, сыхбæстæ æрæмбырд сты Микъалайы хæдзармæ, цæмæй уырдыгæй ацыдаиккой зианмæ. Куыд вæййы, афтæ ацæуыны размæ мæрддзыгой фынгыл æрбадтысты. Уæлейы æрбадт Микъала йæхæдæг. Йæ къухмæ агуывзæ куы райста, уæд фæком- 90
коммæ ис, йæ цуры цы чъиритæ уыдис, уыдонмæ. Чъиритæ уыды- сты æртæ. Лæг йæ агуывзæ стъолыл æрæвæрдта æмæ арвыста, фынгыл хæринæгтæ чи æрхаста, уыцы чындзмæ æмæ йын загьта: — Цæмæн æрæвæрдтай зианы фынгыл æртæ чъирийы? Кæм федтай æртæ чъирийы хæлар кæнгæ? Цæмæн хынджылæг кæнут нæ фыдæлты рæсугъд ирон æгъдæуттæй? Сис ныртæккæ мæ разæй æртыккаг чъири æмæ йæ дæлæ дæлдæр æрæвæр. Дыккаг хабар дæр мæхæдæг федтон. Хæстæгдæр сыхбæстæйы Микъала бадтис хистæрæн дыууиссæдзæмбоны хисты. Афон куы æрцыдис, уæд уый басидтис, Фыдыбæстæйы хæсты чи фæмард, уыцы фæсивæды рухсаг æмæ йæ бадгæйæ банызта. Йæ дæллаг фарс чи бадт, уыцы хистæр та ацы сидт лæугæйæ банызта. Микъала тынг рамæсты æмæ бафарста: — Зæгь-ма мын, Амыран, нæ фыдæлтæ рухсаг лæугæйæ ныз- той æви бадгæйæ? — «Рухсаг» нæ фыдæлтæ нызтой бадгæйæ,- загьта Амыран. — Æмæ йæ уæдæ ды лæугæйæ цæмæн банызтай? — Уымæн æмæ, мах афтæ бауынаффæ кодтам, — загьта Амыран. — Кæд бауынаффæ кодтат, кæм æмæ чи уыдыстут? - бафарста та Микъала. — Айфыццаг уыдыстæм иу ран, сабатизæры. Уыдыстæм иу-10- 12 лæджы. — Æмæ сымахæн, дæс, дыууадæс лæгæн, чи радта бар ирон зианы æгъдæуттæ ивынæн? Цæмæн хынджылæг кæнут нæ ирон зианы æгъдæуттæй? Æз зæронд лæг дæн, хъæубæсты хистæр, æмæ уын зæгъын уе ’ппæтæн дæр: абонæй фæстæмæ ма кæй фенон зианы бадты «рухсаг» лæугæйæ нуазгæ, уымæн тынг стыр уайдзæфтæ бакæндзынæн. Ахæм уыдис хъæубæсты хистæр Микъалайы дзуапп, ирон æгьдæутгы «реформæтæ» чи байдыдта, уыдонæй иуæй-иутæн. Кæнæ ма райсæм, кæм хъуамæ бада хистæр зианы фынгыл: фынгæн йæ уæле æви бадæг адæмы æмрæнхъ? Кæмæ хъуамæ сида уæлдæр бадæг: йæ комкоммæ чи бада, уымæ æви йæ фарсмæ чи бада, уымæ? Алчидæр æй зоны, хистæрæн бадынмæ алы лæг кæй нæ арæх- сы, уый. Фынджы хистæр æрмæст сидтытæ уадзынмæ дæсны хъуамæ ма уа. Уый хъуамæ уа кадджын сыхбæсты æмæ хъæубæсты ’хсæн, йæ ныхасы уа уæз, æфсæрмы дзы кæной кæстæртæ, хорз зона нæ ирон æгьдæуттæ. Хистæры хæс у фынджы бадт аивæй æмæ рæсугьдæй æрвитын. Уый у бадты сæр æмæ хъуамæ фынгыл уына йæ кæстæрты дæлейы иууылдæр. Йæ дæлейы чи бады, уыдон дæр хъуамæ уыной сæ хистæры. Афтæмæй фынгыл вæййы æгъдау, 91
пълан, кæстæр хистæрæй æфсæрмы кæны, хистæр та — йæ кæстæртæй. Æмæ куыд хъуамæ йæ цæст дара бадты хистæр, йæ дæллаг фарс цы адæм бадынц, уыдонмæ, йæхæдæг фынджы ныхмæ нæ, фæлæ бадæг адæмы æмрæнхъ куы бада, уæд? Уæдæ кæстæртæ дæр сæ хистæры куы уыной, уæд дзы æфсæрмы кæнынц, хъахъ- хъæнынц сæхи фæрæдийынæй. Фыдæлтæ ацы хъуыддаг хорз зыдтой æмæ хистæрæн бынат скодтой фынджы ныхмæ, куыд фынджы, разамонæг, йæ сæр, йæ фидауц. Цæмæн та бахъуыд нæ абоны «реформаторты» зианы фынгыл хистæры бынат сдзырддаг кæнын? Ирон æгъдæуттæ се ’ппæт иттæг хорз чи зоны, ахæм адæймаг, æвæццæгæн, нæй. Тынг бщ>æ сты не ’гъдæуттæ. Адон сты махæн нацийы иугæнæг. Иудзинад та абон, ныртæккæйы тæссаг рæстæг, мах хъæуы, куыд никуы нæ хъуыдис, афтæ. Æмæ кæй куыд фæнды, афтæ нæ ирон æгьдæутты алчи йæхимæ гæсгæ аразын куы байдайа, уæд цы уыдзыстæм? Никæмæн ис бар ирон рæсугьд æмæ аив æгьдæутгæ æмтъеры кæнынæн. Уæд мах кæрæдзийы нал æмбар- дзыстæм æмæ цæудзыстæм сæфтмæ. Æз дæр мæхи, ирон æгьдæуттæ æппæты хуыздæр чи зоны, ууыл нæ нымайын. Фæлæ дзурын, цы федтон æмæ, абон цы уынын, ууыл. Мах иууылдæр ралыгъдыстæм хæхбæсты алы кæмттæй. Не ’гьдæуттæ дæр рахастам уырдыгæй. Æмæ кæд алы кæмттæй ралыгьдыстæм, уæдцæр, æмткæй райсгæйæ, нæ æгьдæуттæ уыдысты иу (æз нæ дзурын гыццыл хицæндзинæд- тыл, уыдон уыдысты æмæ уыдзысты). Æмæ цæмæй мæ ацы ны- хасæн бындур уа, уый тыххæй зæгьдзынæн мæ райгуырæн хъæу Хъæдгæроны тыххæй. Ам фылдæр цæрынц, ивгьуыд æнусы Куырт- таты ком æмæ Уæлладжыры комæй чи ралыгъдис, уыцы мыггæгтæ. Ис дзы Хъобангомæй, Тырсыгомæй, Къобæй, Санибайæ æмæ æндæр рæттæй ралидзджытæ дæр. Æмæ уыцы алы кæмттæй ра- лидзгæ адæммæ никуы уыд æндæрхуызон æгъдæуттæ. Се ’гъдау уыдис се ’ппæтæн дæр иу — ирон æгъдау. Фæлæ, хъыгагæн, æз уæлдæр цы «реформатортæ» æмæ «реформæты» кой кодтон, уыдо- ны тæваг махмæ дæр хæццæ кæнын байдыдта. Æмæ, æвæццæгæн, Ирыстоны алы хъæуы хистæртæн дæр æмбæлы, стæй сæ хæс дæр у нæ алæмæты рæсугъд æгъдæутты сыгъдæгдзинадыл æртæрхон кæнын, сæ бахъахъхъæныныл алыхуызон «реформаторты» æнæджел- бетт "реформæтæй", цалынмæ нын сæ уыдон бынтондæр нæ сæмтъе- ры, нæ ныссуйтæ кодтой, уæдмæ. 92
ТОТРАДЗЫ ДЗУАПП Бирæ хорз зондджын лæгтæ уыдис рагæй-æрæгмæ Ирыстоны алы хъæуты дæр. Бирæ зондджын ныхæстæ загьтой уыдон сæ рæстæджы, уæды заманы чи хъуыдис æмæ ма абон дæр чи хъæуы, ахæмтæ. Æвæццæгæн æмæ, утæппæт дæсны æмæ зондджын ныхæстæ æппæтæй дæр фыст куы æрцыдаиккой, уæд сæ рауадаид ирон цар- ды энциклопеди. Мæнæн мæ зæрды ис иу ахæм зондджын ныхас, куыд æй фехъ- уыстон, афтæмæй радзурын. Хъусгæ та йæ фæкодтон 1953 азы сæрды нæ хъæуы хистæртæй иу, Беджызты Амырханæй. Ууыл уæд 90 азы бæрц цыдис, фæлæ ма уыди сæрæн, куыста стурвосы фермæйы æхсæвгæсæй. Уарзта тынг гыццылæй фæстæмæ дæр саргъы бæхыл бадын, уыдис æм хорз саргъы бæх æмæ йæ куыстмæ цыдис уыцы бæхыл. Мах бадтыстæм мæйрухс сæрдыгон æхсæв фермæйы кæрты æмæ ныхæстæ кодтам. Уыдис Амырханмæ, цы радзырдтаид, уый. Бирæ ауадис йæ заманы æмæ бирæ федта. — Цæвиттон, уый уыди тынг раджы,— дзурын райдыдта Амыр- хан. — Мæныл уæд 18-19 азæй фылдæр нæ цыдис. Мæ фыд Мæцыхъомæ уыдис рог тачанкæ. Ластой йæ дыууæ урс бæхы. Æз та дзы бæхтæрæг уыдтæн. Хъæубæсты чындзхæссынæй, хуындза- уæй æндæр хъæутæм иууылдæр мæн агуырдтой мæ тачанкæимæ. Æмæ Ирыстоны кæцы хъæуы, кæцы комы нæ балæууыдтæн! Иу бон мæм мæ фыд Мæцыхъо фæдзырдта æмæ загьта: — Райсом дæ дардмæ цæуын хъæуы æмæ дæ бæхтæ ’мæ дæ та- чанкæ хорз барæвдз кæн. Боны цъæхтыл ацæудзынæ Тохтиаты Тот- радзмæ æмæ йæ раласдзынæ. Уырдыгæй бацæудзынæ Узегаты Ас- лæнбегмæ. Аслæнбегæй æрцæудзынæ Огьуаты Гæбимæ. Ацы æртæ лæджы дын бацамондзысты, кæдæм дæ цæуын хъæуы, уый. Дзæбæх сæ алас æмæ сæ фæстæмæ дæр æрбалас. Цы зæгъæн уыдис мæ фыды ныхасыл. Æз цынадтон мæ дыууæ бæхы æмæ сæм хорз базылдтæн. Бацæттæ кодтон мæ тачанкæ дæр. Хорз зыдтон, кæй ласдзынæн, уыдон æртæйæ дæр хъæубæсты ра- загьды лæгтæ кæй сты, уый. Фæлæ, кæдæм æмæ цæмæн цыдысты, уый нæ зыдтон. Цыбыр ныхасæй, дыккаг бон боныцъæхтыл æрлæууыди мæ та- чанкæ Тохтиаты Тотрадзы дуармæ. Уый мæм ифтонгæй рацыдис æмæ араст стæм Узегаты Аслæнбегмæ, уымæй та — Огъуаты Гæбимæ. Æртæ лæджы, куыд сын æнцондæр уыд, афтæ сбадтысты сæ бы- нæтты, бафæдзæхстой сæхи дæр æмæ мæн дæр Уастырджийыл 93
æмæ афтæмæй араст стæм нæ фæндагыл. Куыд мын бамбарын код- той, афтæмæй нæ цæуын хъуыдис Дыгурмæ, уæздæтты хъæумæ (йæ ном ын æз ферох кодтон). Бон уыдис сæрдыгон хурбон. Сæрæн бæхтæ æнцонæй скъæфтой тачанкæ. Æмбисбон куы ссис, уæд бахæццæ стæм цæугæдоны размæ. Ам баурæдтам. Æртæ лæгæн æз доны был нымæттæ райтыдтон. Адон уал сæ цæсгæмттыл уазал дон скалдтой, стæй æрбадтысты æмæ цæуылдæртыл ныхас код- той. Уæдмæ æз дæр мæ бæхты феуæгьд кодтон æмæ сæ æвæджиау кæрдæгыл хизынмæ ауагьтон. Стæй æрбацыдтæн æмæ лæгты раз кæрдæгыл æрбадтæн. Æз, кæдæм цæуæм, уый базыдтон, фæлæ, цæмæн цæуæм, уымæн ницыма зыдтон. Иуахæмы Гæби загъта: - Бауырнæд уæ, Тотрадз æмæ Аслæнбег, æз хъуыды кæнын æмæ мæ дзурын куы бахъæуа, уæд исты зæгъдзынæн, ууыл мæ зæрдæ тынг нæ дарын. Кæдæм цæуæм, уым уыдзысты Ирыстоны хъæутæй æмæ кæмттæй дзырдцзæугæдæр æмæ кадджындæр адæмтæ. Æмæ уыдоны раз радзурын мæнмæ кæсы тынг зын. Æз Ирыстоны зындгонд дæн мæ бирæ исбонæй. Æмæ, æвæццæгæн, чидæртæ æнхъæл сты, æз хъæздыг куыд дæн, дзуапджын дæр афтæ дæн. Уæд ныхас йæхимæ айста Аслæнбег: — Æз дæр уæдæ, мæнæ дыууæ лæджы, ууыл хъуыды кæнын. Æз та Ирыстоны зындгонд дæн мæ конд æмæ мæ уындæй. Фæлæ мæ конд æмæ мæ уынд куыд сты, афтæ радзурынмæ мæ зæрдæ мæхиуыл нæ дарын. Æвæццæгæн, Тотрадз, Хъæдгæроны номæй дзурын бахъæудзæнис дæу. Гæби дæр загьта: - Тотрадз, сæр дæ бахъуыдис! Хъуыддаг кæсы дæумæ. Иннæ хъæуты минæвæрггæй мах æгуыдзæгдæр куы разынæм, уæд уый стыр худинаг уьгдзæн нæхицæн дæр æмæ нæ хъæубæстæн дæр. — Тыхсгæ ма кæнут, мæ хуртæ,— загъта Тотрадз.— Иннæтæй ныронг æгуыдзæгдæр никуы уыдыстæм. Абон дæр кæд æг- уыдзæгдæр, æнæдзуапдæр нæ разыниккам. Иу-цасдæр рæстæг аулæфыны фæстæ æз мæ бæхтæ аифтыгьтон, æмæ мах нæ фæндаг дардтам дарддæр. Уыимæ æз базыдтон, уыцы æртæ лæджы кæдæм æмæ цæй тыххæй цыдысты, уый. Бадилаты хъæуы дыууæ мыггаджы кæрæдзийæ фæтуджджын сты. Иутæ иннæтæй амардтой лæг. Сæ лæгмæ адон та амардтой иннæтæй дыууæ лæджы. Мыггæгтæн нал уыдис баиргъæвæн. Кæрæдзийы цæгъдыныл ныллæууыдысты. Хи хъæубæсты æмæ хæстæгдæр хъæуты дзырддзæугæ лæгтæ архайдтой дыууæ мыггаджы ’хсæн тугкалд бау- ромыныл, фæлæ сæ архайдæй ницы уади. Уæд бауынаффæ кодтой 94
Ирыстоны кæмтты æмæ хъæуты дзуапджындæр лæгты æрæмбырд кæнын, цæмæй уыдон бафидауын кæной туджджынты. Æмæ уыцы адæмтæ æрæмбырд сты ардæм бон раздæр. Дыккаг бон фæзмæ æрба- хуыдтой туджджын мыггæгтæн сæ хистæрты æмæ сæ фæсивæды. Уыимæ сæ иуæн дæр нæ бауагьтой æрбахæссын йемæ хæцæнгæрзтæ, суанг кард æмæ хъамайы онг. Дыууæ мыггаджы астæу бацыдысты Ирыстоны кадджындæр лæгтæ æмæ сæм сидтысты бафидауынмæ. Дзырдтой ацы ран Хъобангомæй, Куырттаты комæй, Уæлладжы- ры, Терчы фаллаг фарсы хъæутæй, Дыгуры хъæутæй. Суанг ма дзы Ерастъыйæ дæр уыдис минæвæрттæ. Фæлæ - никуы æмæ ницы. Туджджын мыггæгтæн сæ хистæртæ дæр æмæ сæ кæстæртæ дæр къæрттæй цъула не ’ппæрстой. Нæ куымдтой фидауын. Ацы минæвæрттæй чи нæ раныхас кодта, ахæмтæ бирæ нал баззад, афтæ райхъуыст кæйдæр цъæхснаг хъæлæс: - Хорз адæм, ныхасы бар дæттæм Хъæдгæроны (Куырттаты хъæу дæр æй хонынц) минæвар Тохтиаты Тотрадзæн. Абоны хуызæн мæ цæстытыл уайы Тотрадз. Уыдис ныллæгго- мау. Йæ уæлæ урс цухъхъа, йæ сæрыл сыгъзæринхуыз хорз бухайраг худ, йæ астæуыл хорз æвзист рон, роныл — æмæхгæд æвзист хъама, йæ къæхтыл — хъысхъысгæнаг æрттиваг цырыхъытæ. Æз ма раир- тæстон уый, æмæ ацы ран Ирыстоны кадджындæр лæгты æхсæн Тотрадзмæ кæй цыдысты бирæтæ, æмæ йыл тынг кæй цин кодтой. Алкæмæ дæр сæ Тотрадз дзырдта йæ номæй. Бæрæг уыдис, Тот- радзы Ирыстоны хъæуты æмæ кæмтты алы ран дæр кæй зонынц æмæ йын стыр кад кæй кæнынц, уый. Ныхасы бар ын ис, зæгьгæ, куы айхъуыста, уæд Тотрадз цæрдæг фестадис йæ бынатæй, йæхи адзæбæхтæ кодта æмæ рæвдз фæраст ис, дзургæ кæцæй кодтой, уыцы бынатмæ. Бынат уыдис иу метры бæрц бæрзонддæр зæххæй. Адæм ныхъхъус сты æмæ æнхъæлмæ кастысты Тотрадзы ныхасмæ. Тотрадз дзурын куы райдыдта, уæд æз стыр дис фæкодтон уый хъæлæсыл. Стыр лæг нæ уыдис, фæлæ йын ахæм тыхджын æмæ цъæхснаг хъæлæс уыдис, æмæ, æвæццæгæн, верстæй дарддæр хъуыстис. Уый дзырдта: — Хорз адæм, бахатыр кæнут! Абон мах Ирыстоны алы хъæутæй æмæ кæмттæй æрæмбырд стæм стыр æвирхъау хъуыддаджы тыххæй, æмæ дуне чи сфæлдыста, уыцы стыр Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд, æмæ Ирыстоны ахæм фыдбылызтæ макуыуал æрцæуæд. Æз лæмбынæгæй фæхъуыстон, мæ размæ ам Ирыстоны алы хъæутæй цы хорз лæгтæ фæдзырдтой, уыдонмæ. Тынг хорз ныхæстæ. Фæлæ мæнæн мæ зæрдæмæ нæ цæуы туджджын мыггæгты дзуапп дыууæ- 95
рдыгæй дæр. Уæ зæрдыл лæууæд фыдæлты ныхас: чи бахатыр кæна, уый фæсмон никуы фæкæны. Акæсут ацы дзыллæтæм. Уыдонæй иу дæр йæхи хæдзары хъуыддаджы тыххæй не ’рцыдис. Уыдон æрæмбырд сты, дыууæ мыггаджы астæу цы арт ссыгьдис, уый ах- уыссын кæнынмæ. Æмæ ахъуыды кæнут. Дыууæ гæнæны ис ацы ран сымахæн: кæнæ хъæуы бафидауын æмæ дарддæр æдасæй, æнæ фыдбылызæй цæрын, кæнæ та ныры онг куыд уыдис, афтæ — кæрæдзийы цæгьдын. Æртыккаг гæнæн ацы хъуыддаджы нæй. Рав- зарут фидыды хъуыддаг æмæ æвæсмон уыдзыстут дыууæрдыгæй дæр. Тотрадз иу-цасдæр æнæдзургæйæ алæууыд, йæ цæст ахаста адæ- мыл æмæ дарддæр дзырдта: - Абон мах Ирыстоны алы хъæутæй æмæ кæмттæй æрæмбырд стæм дардцæры тугкалд дыууæ мыггаджы ’хсæн бауромынмæ. Æмæ, кæд ацы дыууæ мыггаджы мах коммæ нæ кæсынц, махæн аргь нæ кæнынц, уæд уыдон аргъ нæ кæнынц æппæт Ирыстонæн дæр. Зæгъæм æй комкоммæ: уыдоны Ирыстон нæ хъæуы, сæ ныфс хæссынц æнæ Ирыстон, æнæ Иры дзыллæтæй фæцæрынмæ. Æмæ кæд афтæ у, уæд хъуамæ абон мах дæр бауынаффæ кæнæм нæ фыдæлтæ-иу ахæм заман куыд уынаффæ кодтой, афтæ. Уæддæр æнæ исты уынаффæйæ махæй ацæуæн никæмæн ис, цы хъæубæстæй æрцыди, уыцы хъæубæстæм. Ардæм, ацы мыггæгты фидауын кæнынмæ алы бон нæ цæудзыстæм. Æмæ æз, хорз адæм, хæссын фæндон: кæд æмæ ацы дыууæ мыггаджы абон æппæт Ирыстоны æрвыст лæгтæн аргь нæ кæнынц, сæ коммæ нæ кæсынц æмæ уыдоны раз кæрæдзимæ фидыды къухтæ нæ дæттынц, уæд зæгьæн ис, адонмæ сабырæй, æнæфыдбылызæй цæрынæй кæрæдзийы цæгьдын хуыздæр кæсы. Æмæ ахæм æвир- хъау зондахаст кæмæ ис, уыдонæн та нæ фыдæлтæм уыдис иунæг хос: хъоды. Абон мах дæр, ацы дыууæ мыггаджы фидауын куы нæ бако- мой, уæд сыл бакæнæм хъоды Цы амоны уый? Уый амоны: чызг сын мачиуал радтæд æмæ сæ чызг мачиуал ракурæд, сæ зианмæ æмæ сын сæ цинмæ мачиуал бацæуæд, сæхи дæр сын йæ зианмæ æмæ йæ цинмæ мачиуал бауадзæд, уазæгуатмæ сæм мачиуал ба- цæуæд, уазæгуаты дзы лæджы йæ хæдзармæ мачиуал бауадзæд, семæ дзыхæй мачиуал дзурæд Иу ныхасæй, фæиппæрд сæ кæнæм алцæмæй дæр ирон адæмæй... Æмæ уæд иу-цасдæр рæстæджы фæстæ цæмæ æрцæудзысты, уый зын зæгьæн нæу. Æппæты фыццаг, сæ фæсивæд дарддæр кæрæдзийы цæгъддзысты æмæ кæрæдзийы куынæг кæндзысты. Сæ чызджытæ зайдзысты сæ фыды уæларты. Сæ лæппутæ зæронд кæндзысты æнæ устытæй. Дыууæ мыггагмæ дæр 96
нал æвзæрдзæнис ног фæлтæртæ æмæ афтæмæй сæ хъузджы бам- пылдзысты. - Æз хæссын фæндон,— дзырдта дардцæр Тотрадз,— дыууæ мыг- гагæн дæр радтæм райсом аходæнтæм рæстæг ахъуыды кæнынмæ. Райсом аходæнты ам æрæмбырд уыдзыстæм æмæ сæм байхъус- дзыстæм. Кæд мах фæндоныл сразы уой æмæ кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой, уæд сын уый уыдзæн Хуыцауы арфæ. Кæд фидыды бæсты равзарой дзыллæты хъоды, уæд уый та уыдзæн Хуыцауы æлгьыст! Тотрадз ныхас куы фæцис, уæд адæм схор-хор кодтой тудж- джын мыггæгтæй фæстæмæ. Алырдыгæй хъуысыд: «Раст зæгъы Тотрадз!» «Æндæр уынаффæ кæнæн нæй!» «Хорз уынаффæ у уый!» Уыцы рæстæджы бон дæр йæ куыст кодта. Бирæ нал уыдис изæрмæ. Фысымтæй иу бæрзонд лæг фехъусын кодта: - Хорз адæм! Абон æгъгъæд фæуæд. Иууылдæр ныр ацæут уæ хæдзæрттæм, уæ фысымтæм. Райсом та аходæнты иууылдæр хъуамæ уæм ам æмбырд. Туджджын мыггæгтæ ахсæв бауынаффæ кæнæнт æмæ райсом ацы адæмæн зæгъæнт, сæ зæрды цы ис, уый. Адæм сыстадысты сæ бынæттæй æмæ ацыдысты — чи йæ хæдзармæ, чи йæ фысыммæ. Дыккаг бон адæм фæстæмæ æрæмбырд сты фæзмæ æмæ та æрлæууыдысты, знон куыд лæууыдысты, афтæ. Иууылдæр æнæ хæцæнгарзæй. Алчидæр стыр цымыдисæй æнхъæлмæ кастис, туджджын мыггæгтæ цы уынаффæ рахастой, уымæ. Хъуыддæгтæ кæй бар уыдысты, уыцы лæг схызтис йæ бынатмæ æмæ загьта: - Знон, куыд зонут, афтæмæй мах бафæдзæхстам дыууæ туджджын мыггагæн, цæмæй нын сæ абонмæ алчи дæр сцæггæ кæна бæлвырд дзуапп: фидауын æй фæнды æви нæ. Дыууæ мыггагæй рацæуæнт фæйнæ хистæры æмæ уыцы фарстæн дзуапп раттæнт адæмы раз! Мыггæгтæй иуæй рацыдис бæрзонд урсзачъе зæронд лæг, схызтис дзурæн бынатмæ. Исдугмæ фæкастис алырдæм адæммæ, стæй загъта: - Хорз адæм, бахатыр кæнут. Мæ мыггаджы номæй стыр буз- ныг зæгъын уе ’ппæтæн дæр. Сымах зæрдиагæй бацархайдтат, цæмæй нæ дыууæ мыггаджы абонæй фæстæмæ кæрæдзимæ топпы кæсæнæй мауал кæсой, цæмæй тугкалдæн кæрон æрцæуа, цæмæй дыууæрдыгæй дæр нæ фæсивæд фыдбылызы мауал хауой. Махæн дысон нæ мыггаджы хистæртæ æртæрхон кодтой ацы хъуыддагыл æмæ бауынаффæ кодтой: мах, цыдæриддæр æрцыдис нæ астæу, уыдон хатыр кæнæм æмæ цæттæ стæм, уе ’ппæты раз ард бахæ- 7 Бокоты Солтан 97
рынмæ æмæ фидыды къухтæ радтынмæ нæ туджджын мыггагмæ. Уыцы-иу рæстæг уæ æз нæ мыггаджы номæй стыр хатыр курын, уæлдайдæр та, Ирыстоны алы хъæутæй чи æрцыдис, уыцы куы- рыхон лæгтæй. Мах ницы ком лæвæрдтам, нæ нæм разынд сы- махæн аккаг дзуапп. Стыр хатыр бакæнут, мæнæ хорз адæм. Иухатт ма йæ зæгъын: ацы дзыллæ цыдæриддæр зæгьой, ууыл нæ мыггаг разы у. Лæг йæ ныхас фæцис æмæ æрхызтис йæ бынатæй. Ныр та дзурæн бынатмæ схызтис иннæ мыггаджы минæвар. Уый дæр уæл- дай ницыуал загъта. Мыггаджы номæй радта разыйы дзуапп бафи- дауынмæ. Ракуырдта йæ мыггаджы номæй хатыр, аккаг дзуапп кæй нæ лæвæрдтой, уый тыххæй æмæ стыр бузныг загьта, сæ уæлхъус цы адæмтæ æрбалæууыдис, уыдонæн. Адæм сæ иууылдæр уыдтой, афтæмæй дыууæ мыггаджы дыууæ минæвары — дыууæ урсзачъе зæронд лæджьг — кæрæдзимæ бацы- дысты, райстой кæрæдзийы къухтæ æмæ кæрæдзийы ныхъхъæбыс кодтой. Уый фæстæ ахæм хъуыддаджы куыд вæййы, афтæ дыууæ мыггаджы слæууыдысты, кæрæдзимæ бацыдысты æмæ зæрондæй-æры- гонæй райстой сæ кæрæдзийы къухтæ. Сæ къухтæ сын райстой, алы хъæутæй чи æрæмбырд ис, уыцы куырыхон лæгтæ дæр. Дыууæ мыггаджы бафидыдтой. Ахицæн се ’хсæн тугкалæн хæст. Ныр дыууæрдыгæй дæр цæрдзысты сабырæй, æдасæй. Фæлæ хъуыддæгтæ ууыл нæ ахицæн сты. Зианджын мыггæгтæ аргæвстой фæйнæ галы æмæ ацы фæзы сарæзтой стыр хæрнæг, сæ быцæуы чи фæмард, уыдонæн. Тотрадз ацы хæрнæджы бадтис дыккаг хистæрæн. Хист йæ тæккæ тынгыл куы уыдис, уæд чи бафидыдта, уыцы мыггæгты хистæртæ Тотрадзæн рахастой нуазæн. Азтæй сæ хистæр чи уыдис, уый загьта: - Тотрадз, Ирыстоны хъуыстгонд у дæ ном æмæ ам дæр абон уымæн дæ. Æвæццæгæн, ныртæккæ дæуæй дзуапджындæр æмæ дзырддзæугæдæр лæг нæй. Абон фыццаг хатт нæ фидауын кæныс туджджынты ды. Дæ ныхас зæрдæйы иннæрдæм хизы, сдзурын дæ ныхмæ нæу лæгæн йæ бон. Уымæн æмæ рæстытæ фæдзурыс. Абон, æвæццæгæн, мах, дыууæ туджджын мыггаджы, нæ бафидыдтаик- кам, уымæн æмæ дыууæрдыгæй дæр нæ зæрдæты сæмбырд тынг бирæ маст. Нæхæдæг дæр æй зонæм, адæймаг йæ масты фæдыл куы цæуа, уæд фæндараст нæ кæны, уый. Фæлæ дыууæрдыгæй дæр нæ бон нæ уыдис нæ масты сæрты ахизын. Æмæ нын ды стыр æххуыс бакодтай дæ ныхæстæй. Мах дын дыууæ мыггагæй уый тыххæй зæгъæм стыр бузныг. 98
Райе, Тотрадз, нæ дыууæ мыггаджы нуазæн. Тотрадз райста нуазæн, загьта, цы ’мбæлдис, ахæм ныхæстæ - арфæтæ кæнын та нæ зыдта, цы, æмæ йæ анызта. Тотрадзы ныхæстæм фынгтыл цы бирæ адæм бадтис, стæй лæугæ цы фæсивæд кодта, уыдон хъуыстой тынг зæрдиагæй. Уæдмæ иууылдæр базыдтой, ацы лæг Ирыстоны стыр дзуапджын, стыр дзырддзæугæ лæг кæй у, уый. ХЫНЦФАРСТ Фæрсын худинаг никуы уыдис. Ахæм адæймаг нæма райгуыр- ди, æмæ нæ алыварс дун-дунейы алцыдæр чи зоны. Æмæ алчидæр хъуамæ архайа, цæмæй фылдæр зона. Ацы хъуыддаджы хорз фæрæз у алкæмæн дæр фæрсын. Цы нæ зонай, уымæй куы бафæрсай, уæд ма уымæй хуыздæр цы ис! Фæлæ, дам, æгæр ницæмæй бæззы, - баззадис фыдæлтæй. Нæ бæззы æгæр, хъæуа-нæ хъæуа фæрсын дæр. Афтæ, хъæуа — нæ-хъæуа чи фæрсы, уый хонынц хынцфарст. Хынцфарсты исты базоныны мæт нæй. Уый фæрсы йæ фырцымыдисæй, кæнæ та æмбырд кæны йæхицæн æрмæг алыхуызон дам-думтæн. Хынцфарст арæх ракъахы мает. Хынцфарст фылдæр сылгоймæгтæ сты, æвæццæгæн, сæ æрдз афтæ скодта. Адæм раджы бафиппайдтой ацы хъуыддаг æмæ йыл таурæгътæ дæр бирæ скодтой. Мæнæн мæ зæрдыл бирæ таурæгътæ лæууы. Æмæ дзы хъавын дыууæйы кой ракæнын. Иуы дзы фехъуыстон иу-дыууиссæдз азы размæ, зындгонд ирон актер æмæ режиссер Цæлыккаты Мæир- бегæй. Иннæ та хæсты размæ, махæн, 16-17-аздзыд лæппутæн, æй радзырдта æхсæвыгон быдырон станы нæ сыхаг зæронд лæг Мамиаты Дзыццыл - ууыл уæд 90 азæй фылдæр цыдис. Цæлыккаты Мæирбегæй кæй фехъуыстон, уыцы рагон хабар бахъуыды кодтон мæнæ афтæ. Зымæгон дыууæ изæры астæу тагъд-тагъд хъæуы уынджы фæцæйцыдис иу лæг. Йæ цыдæй бæрæг уыдис, тагъд кæй кодта, уый. Цæхгæрмæ уынджы йæ размæ фæцис иу ус донæй йедзаг бед- ратимæ. Æгъдауы куыд баззад, афтæ ус ныллæууыд, йæ бедратæ зæххыл æрæвæрдта æмæ фæндаг радта нæлгоймагæн. 99
Лæг дæр куыд æмбæлы, афтæ арфæ ракодта усæн æмæ йæ цыды кой кодта дарддæр. Иу-цасдæр куы ауад, уæд айхъуыста усы хъæр: — Хорз лæг, гыццыл-ма фæлæуу! Лæг ныллæууыдис æмæ раздæхта йе ’ргом усмæ. Ус æй бафарста: — Дæ хорзæхæй, хорз лæг, ацы уазал изæры кæцæй цæуыс? Лæгæн ацы æнæсæрфат фарст фæхъыг ис, æмæ дзуапп радта: — Мæрдтæй! — Æмæ ныр та кæдæм цæуыс? — афарста та ус. — Фæстæмæ мæрдтæм,— дзуапп та радта лæг. — Уæдæ дзы, мæнæ лæг, мах лæджы никуы феныс? Мæйы размæ амарди. — Алы бон дæр æй фенын,— загьта лæг. — Æмæ ам куыд уазал у, уым дæр афтæ уазал у? - бафарста та ус. — Уым ноджы уазалдæр у. — Мæ хæдзар фехæлд! — ныдздзынæзта ус- Нæ лæгæн йемæ хъарм дзаумайæ куы ницы нывæрдтой, уæд цы митæ кæны уыцы уазалы? — Цы митæ кæны! Æргьæвстæй бады. Ус лæджы размæ хæстæгдæр бауад, йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ загьта: — Хуыцауы хатыр бакæн, æмæ нæ лæгæн йæ кæрц демæ ахæсс. Йæ уæлæ дæр кæй нæма скодта, ахæм ног уæлдзæрмтты кæрц ын ам къулыл ауыгъдæй лæууы, уый та мæрдтыбæсты уазалæй баргьæвст. У, мæнæ хорз лæг, ма базивæг кæн! Ахæсс нæ лæгæн йæ кæрц демæ, фæтæригъæд ын кæн! — Табуафси,— загъта лæг.— Марадз, радав æй. Æз ыл æй тæккæ ахсæв сæмбæлын кæндзынæн. Ус азгьордта сæхимæ, æрбахæццæ кодта кæрц æмæ йæ фæндаг- гон лæджы къухты фæсагьта. Фæндаггон кæрц йæ дæларм бакодта æмæ ацыдис йæ фæрныг хæдзармæ. Цымыдис, хынцфарст ус дæр цингæнгæ йæ доны бедратимæ ацыдис сæхимæ... Мамиаты Дзыццылæй кæй фехъуыстон, уыцы таурæгъ та афтæ уыдис: лæг ацыдис йæ галтыл фæззыгон хъæдмæ. Ныццагъта суг, самадта сæ уæрдоны æмæ изæрырдæм рараст ис йæ хæдзармæ. Иæ иу къухæй галты сæрбосыл хæцы, иннæйы лæдзæг, афтæмæй цæуы йæ галты разæй хъуыдытæгæнгæ. Иу ахæмы йæ размæ фæндагыл цæхгæрмæ хуысгæйæ ауыдта стыр сау калм. Лæг тæрсгæ дæр куыд нæ фæкодта. Фæлæ уæддæр 100
лæдзæджы кæрон фæтъыста калмы бын, фелвæста йæ æмæ йæ фæндагæй иуварс хæмпæлтæм ныззыгьгьуытт кодта. Хъæддзау дарддæр кодта йæ фæндаджы кой. Иу рæстæг йæ хъу- стыл уайын байдыдта цыдæр æхситт æмæ сыф-сыф. Уый калм сыр- дта фæстейы хъæддзауы. Куы йæ баййæфта, уæд хæмпæлтæй уæр- доны размæ рагæпп ласта æмæ йæ сæр бæрзонд систа, йæ маргджын дзых ныххæлиу кодта. Хъæддзау æй куы ауыдта, уæд фæтарст æмæ йæ уæрдон баурæ- дта. Калм сдзырдта хъæддзаумæ: — Ды цæмæн райхъал кодтай мæн мæ фынæйæ æмæ мæ цæмæн фехстай дæ лæдзæджы фындзæй хæмпæлтæм? Уыцы бафхæрды тыххæй æз хъуамæ фæхæцон мæ маргджын дæндæгтæй дæуæн дæхи- уыл дæр æмæ дæ галтыл дæр! — Бахатыр кæн, калм,- загъта хъæддзау.- Æз дæуæн æвзæрæй ницы сарæзтон. Ды фæндагыл цæхгæрмæ бафынæй дæ, æмæ дыл мæнæ ахæм уæззау уæрдоны цалх куы атылдаид, уæд дæ адзал уыдис. Æз дын фæтæригьæд кодтон æмæ, цæмæй ахæм фыдбылызы ма бахауай, уый тыххæй дæ фæндагæй æдас ранмæ баппæрстон. Ныр дæхæдæг дзæбæхдæр ахъуыды кæн, æз дын фыдбылызы бацыдтæн, æви дæ ирвæзын фæкодтон! Калм иу-цасдæр фæхъуыды кодта, стæй загьта: — Хуыссæгхъæлдзæгæй æз хорз нæ бамбæрстон хъуыддаг. Ныр æй базыдтон — ды мæнæн дæ мæ ирвæзынгæнæг. Æмæ дыл хæцгæ нал кæнын, хъуамæ дын исты стьгр хорзы бацæуон. Æцæг-иу, æз цы зæгъон, уый кæн. — Æз дæ курын æрмæстдæр иунæг хорздзинад: ауадз мæ мæ фæндагыл, уымæн æмæ æз мæ фыны дæр дæуæй тæрсын,— загъта хъæддзау. — Мæныл ахæм ном сбадтис, цыма æз фыдбылыз кæнын йеддæмæ ницы зонын. Уый раст нæу. Куы хъæуа, уæд хорздзинад ракæнын дæр мæ бон у. Мæнæн Хуыцау ахæм курдиат дæр радта. Æмæ йæ ды дæхæдæг абон базондзынæ, æз æцæг кæй дзу- рын, уый. Ацы ныхæсты фæстæ калм хъæддзауы тæккæ размæ бабырыд, йæ сæр бæрзонд систа, ныххæлиу кодта йæ дзых, раппæрста йе ’взаг æмæ загъта: — Хъæддзау! Де ’взаг ме ’взагыл адар! — Хуыцау бахизæд! — загьта хъæддзау. Афтæмæй калм æмæ хъæддзау бирæ фæтох кодтой. Нæ куымдта лæг калмы æвзагыл йе ’взаг адарын. Фæстагмæ калм загъта: 101
— Кæд мæ коммæ нæ кæсыс, æмæ дæ нæ фæнды мæнæй хорз- дзинад райсын, уæд æз дæуыл дæр æмæ дæ галтыл дæр фæхæцдзынæн мæ маргджын дæндæгтæй! Хъæдцзауæн хъуыздæргæнæн нал уыдис, æмæ йе ’взаг калмы æвзагыл адардта. Калм загьта: - Гъеныр, мæ ирвæзынгæнæг, ды базыдтай зæххыл цæуæгæй, арвыл тæхæгæй, доны ленкгæнæгæй чидæриддæр æмæ цыдæриддæр ис, уыдоны æвзæгтæ. Æцæг ацы хъуыддаг макæмæн схъæр кæн. Дæ зæрдыл хорз бадар: куыддæр æй схъæр кæнай, афтæ уыцы минут уыдзæнис дæ адзал. Уыцы ныхæстимæ калм фæндараст загьта йæ ирвæзынгæнæгæн, бабырыд хæмпæлтæм æмæ фæаууон ис. Ацы диссæгтæ фенгæйæ, хъæддзау иу-цасдæр фæлæууыд æнæдзургæйæ, стæй дарддæр араст ис йæ фæндагыл. Цас рауадаид йæ фæндагыл, чи зоны, фæлæ иу ахæмы фосы æвзагыл бур гал сдзырдта сау галмæ: - Абон ныл нæ хицау æгæр бирæ самадта! — Ницы нын уыдзæн, фæндаг лæгъз у,— загъта сау гал.- Æхсæвæр дæр нын кæд хуыздæр сæвæрид! Суанг хæдзармæ галтæ сæ ныхасæй нæ банцадысты. Хъæддзау сæм хъуыста, æмæ сæ ныхæстыл худæгæй мардис. Ныр хъæддзауы бауырныдта, калм ын æцæгæйдæр цы диссаджы лæвар бакодта, уый. Йæ зæрдæйы ныххызт калмы фæдзæхст дæр: макæмæн макуы схъæр кæн, калм дын цы лæвар бакодта, уый, кæннод æрцæудзæ- нис уыцы минут дæ адзал. Лæг йæ зæрдæ йæхиуыл дардта, фæлæ йæ тас уагъта йæ ус. Уый уыдис хайджын адæймаджы бирæ хорз миниуджытæй. Уыдис рæсугъд æмæ хæрзконд, зондджын æмæ уæздан, куыстуарзон æмæ æгьдау- джын. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, æнæаипп адæймаг нæй, зæгьгæ. Ацы усмæ дæр уыдис иу аипп: уыдис тынг хынцфарст. Йæ мойы-иу тынг арæх сфæлмæцын кодта хъæуа-нæ хъæуайы фæрстытæй. Æмæ ныр лæджы тас бацыдис йæ усæй. Зыдта, абон уа-райсом уа, уæддæр æй йæ ус сфæлмæцын кæндзæн йæ хынцфарстæй, зæгъын ын кæндзæн йæ сусæгдзинад æмæ уæд - бабын лæг. Бирæ фæхъуыды кодта хуыссын афонмæ лæг — уæдæ йæ усæн цы сараза? Арвитид æй — æмæ ахæм хорз усыл нал фæхæст уыдзæн. Цæрид дарддæр йемæ — æмæ дзы тынг тас уыд йæ хынцфарстæй. Æйпынфæстаг йæхицæн загъта: «Райсом бæцæуон къулбадæг усмæ. Уый куы нæ схос кæна мæ усæн, уæд йæ хынцфарст никуы ныу- уадздзæн». Кæддæр-уæддæр лæг æмæ ус бахордтой се ’хсæвæр æмæ 102
схуыссыдысты. Ус ма лæджы цæмæйдæрты бирæ рафæрс-бафæрс бæргæ кодта, фæлæ фæллад лæг уайтагьд афынæй ис. Ныхъхъус ис ус дæр æмæ уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыдис... Бон цъæхтæ кæнын куы байдыдта, уæд лæг райхъал æмæ хъуы- ды кæнын байдыдта, абон йæ усы тыххæй къулбадæг усмæ куыд ацæудзæнис, уый тыххæй. Иуахæмы æрыхъал ис ус дæр. Æвип- пайды сыхæгты уасæг йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта адоны уасæгмæ: — Гъе Хъæргьæц! Цæй фынæй бадæ абон, дæ хъæр куыннæ хъуысы! — Фынæй нал дæн, — ныхъхъæр кодта адоны уасæг дæр. Уалынмæ æрыхъал сты сыхы, стæй æгас хъæуы уасджытæ æмæ бæстæ хъæр-ахст ссис. Дзырдтой кæрæдзийæн сæ ивгьуыд боны хабæрттæ. Хъуыста лæг хъæубæсты уасджыты дзæнгæдамæ, ныттыппыр сæ ныхæстæм йæхимидæг худæгæй, стæй йæ бон куы нæ уал уыдис, уæд райдыдта хъæлæсыдзагæй худын. Ус фæгæпп кодта йæ хуыссæны æмæ йæ лæджы нал уадзы: — Цæуыл худыс? Цæуыл худыс? Цæуыл худыс?.. Лæг усмæ хъусгæ дæр нæ кодта. Уый хъуыста уасджыты ныхæстæм, худти æмæ йæ хуыссæны ратул-батул кодта. Ус йæ фæрсынæй не ’нцадис. Уыцы рæстæг сæхи уасæг ныхъхъус ис. Дзуапп нал лæвæрдта иннæ уасджытæн, кæд æм уыдон алы хъазæн ныхæстæ æппæрстой, уæддæр. Уæд та йæм сæ иу йæ хъæлæсыдзагæй ныхъхъæр кодта: — Гъе, Хъæргъæц! Дæ хъуыры исты бахауд, æви фæстæмæ фынæй бадæ? Дæ хъæр куы нæ уал хъуысы?.. Уæд Хъæргьæц загьта: — Мæ хъуыры дæр ницы бахауд, фынæй дæр нæ бадæн фæстæмæ. Фæлæ ма цæуыл уасон, кæд мæ цардæн йæ кæрон æрхæццæ ис, уæд? Уасыныл нал дæн, нал! — Ау, æвиппайды дыл цы ’рцыдис? — бафарста та сыхæгты уасæг,- ныртæккæ дæр ма хъæлдзæг куы уыдтæ? Ацы дыууæ уасæджы ныхасмæ хъæубæсты уасджытæ иууылдæр сæ ныхас фæурæдтой æмæ сæм хъуыстой. Се ’ппæтмæ дæр диссаг фæкастис, Хъæргьæц йæ адзал цæмæй базыдта, æмæ цæмæн ныхъхъус и, уый. Æнхъæлмæ кастысты иууылдæр се ’мбалы дзуапмæ. Уæд Хъæргьæц рахабар кодта, сæ хæдзары хицау æмæ калмы ’хсæн цы ’рцыди, уый. — Ус афтæ хынцфарст у, æмæ лæг нæ бафæраздзæнис, схъæр кæндзæн йæ сусæгдзинад. Æмæ уæд у йæ адзал. Афтæ куы рауайа, уæд, фыццаг сабатизæр куы нæ уа, уæддæр дыккаджы æз уыдзынæн 103
æргæвст. Æмæ ма цæуыл дзурон, мæ адзал мæхи цæстытæй куы уынын, уæд,— фæци йæ ныхас Хъæргьæц. Уæд ныхас йæхимæ айста хъæубæсты зæронддæр уасæг. Уый загьта: — Хъæргъæц! Ацы хъæуы мæнæй зæронддæр уасæг нæй, æмæ дын æз зæгъын æргом. Уадз, æмæ нæм дæ хæдзары хицау йæхæдæг дæр хъуса. Уымæ кæд лæгдзинадæй исты ис, уæд ныртæккæ æнæдзургæйæ сыстæд æмæ рацæуæд сугдонмæ. Знон цы сугтæ æрла- ста, уыдонæй ракæнæд дзæбæх лæдзæг æмæ дзы хуыссæнмæ йæ хынцфарст усы афтæ фæнæмæд, æмæ уый цæргæ-цæрæнбонты æнæхъуаджы куыд никæйуал бафæрса! Хæдзары хицау бæлвырд фæхъуыста хъæубæсты зæронддæр уа- сæджы ныхасмæ æмæ йæхинымæр загъта: «Мæнæ мын цы хорз ба- цамыдта уыцы зæронд уасæг! Цæмæн мæ хъæуы къулбадæг усмæ цæуыны сæр? Ай мæ хынцфарст усæн йæ хос мæхимæ куы ис, уæд!» Стæй хъæрæй йæ усæн загьта: Æз æддæмæ ауайон. Куы ’рбацæуон, уæд дын радзурдзынæн, абондæргъы цæуыл худын, уый. Ус бацин кодта. Лæг рацыдис^сугдонмæ. Иу æхсæр суджы кæронæй ралыг кодта цыбыр лæдзæг. Йæ фæстæ йæ бамбæхста æмæ бацыдис фæстæмæ агьуыстмæ. Усæн йæ хъæццул зæхмæ фехста æмæ йыл лæдзæгæй хорз æрцыдис. Уыимæ алы цæфы фæстæ дæр хъæрæй дзырдта: — Ууыл худын! Ууыл худын! Ууыл худын! Над усæн фæцис æвдадзы хос. Уый уæдæй фæстæмæ йæ лæджы нæ, фæлæ æндæр искæй дæр æнæхъуаджы никуыуал ницæмæй ба- фарста. Зæронд Дзыццыл йæ таурæгъ фæцис ахæм ныхæстæй: — Фæрсын хорз у. Фæрсын хъæуы. Фæлæ æнæхъуаджы хынцфарст нæ бæззы. Хъахъхъæнут уымæй, кæстæртæ, уæхи! Ма рох кæнут — æгæр цæхджын дойны кæны! СÆФЫНЦ НÆ АДÆМЫ ХÆЗНАТÆ Ацы аз 29 апрелы «Рæстдзинад»-ы, «Рохгæнæн сын нæй», зæгъгæ, цы уац мыхуыргонд æрцыд, уый, мæнмæ гæсгæ, алы ирон 104
адæймаджы размæ дæр æвæры ахсджиаг фарста: бахъахъхъæнæм нæ адæмы музыкалон культурæ, комкоммæ та, нæ фыдæлтæ нын цы алæмæты героикон зарджытæ ныууагьтой, уыдон. Уацы ныхас цæуы хъæдгæройнаг Бокоты Тæтæрхъаны зарæ- гыл. О, ахæм зарæг уыдис йæ рæстæджы, хъуыстгонд зарæг. Арæх æй зарыдысты Ирыстоны хъæуты, фæлæ абон ацы зарæджы аив зæлтæ хъустыл нал уайынц, бамыр сты. Æмæ цымæ хъуыддаг æрмæстдæр Бокоты Тæтæрхъаны зарæгимæ афтæ рауад? Нæ, сæ хъуыддаг афтæ абон у, нæ фыдæлтæ сæ хуыздæр хъæбатыртыл цы диссаджы зарджытæ фæкодтой, уыдонæй искуы-иутæй фæстæмæ се ’ппæтæн дæр. Сæфынц цæстуынгæйæ иу иннæйы фæдыл. Зарæг чи фæзоны, уый куы амæлы, уæд æй ингæнмæ йемæ ахæссы. Æмæ кæддæр курдиатджын адæймæгтæ кæй сарæзтой, бирæ заманты адæмты зæрдæтæм арф чи хызти, уыцы зарæг доны къусы сæфт фæкæны. Æз мæхæдæг хистæртæй куыд фехъуыстон, афтæмæй, хъæдгæройнаг Узегаты Бека куы амардис, уæд йемæ мæрдтæм аха- ста бирæ ирон зарджытæ. Уыдонимæ: Донайы хæстонты зарæг, Хъæрмæдондзауты зарæг æмæ æндæртæ. Мæ хъæуккаг Хæуытаты Агуыбе нымад уыдис Ирыстоны зарæггæнджыты хуыздæртæй иуыл. Мæлгæ дæр раджы нæ акодта. Фæлæ уый дæр ахастæ йемæ бирæ хорз зарджытæ. Зæгьæм, чи ма ныззардзæни Борсæты Гадзыбейы зарæг, Беджызаты Темболаты зарæг æмæ бирæ æндæр зарджытæ? Ничи. Фесæфтысты. Æмæ нын, цымæ, нæ фыдæлтæ цы ныууагьтой, уыдонæй æрмæст нæ ирон зарджытæ сæфынц? Мæнмæ гæсгæ, нæ. Сæфынц нæ бирæ хорз æгьдæуттæ, не ’взаг, нæ историон цыртдзæвæнтæ, нæ рухс кувæндæттæ. Кæм ис, цы фæцис Дзылаты мæсыг? Цы уавæрмæ æркодтам нæхæдæг нæ Иры зæххы фидауц, нæ ныфс, нæ зæрдæдарæн Хетæджы кувæндон? Æмæ, цымæ, афон нæма у алы иронæн дæр ахъуыды кæнынæн, æртæрхон кæнынæн, кæдæм æмæ цæмæ цæуæм, ууыл? Фæлæ уæддæр нæ ныхасы сæр комкоммæ у ирон героикон зар- джыты хъысмæтыл. Кæуыл кодтой ацы зарджытæ ирон адæмы фыдæлтæ? Ныхас дæр ыл нæй — ирон адæмы хуыздæр хъæбултыл, адæмы сæрвæлтау хъæбатырæй чи тох кодта, йæ цард худинаджы бæсты мæлæтмæ чи лæвæрдта, уыдоныл. Нæ фыдæлтæ агуырдтой ахæм хъæбатыртæн æнусон цырты аккаг æрмæг. Æмæ йæ аргæ дæр скодтой. Уый у ирон героикон зарæг, уый цæуы фæлтæрæй- фæлтæрмæ, нæ уадзы рох кæнын хъæбатыры ном, разæнгард кæны ног фæлтæрты адæмы сæраппонд тох кæнынмæ. 105
Ацы фарстатыл дзургæйæ мæн фæнды Абайты Васойы ныхæстæ æрхæссын: «Героическая песня с давних пор и до настоящего времени является излюбленным и наиболее распространенным видом песенного творчества и песенного исполнения осетинского народа. ...Героическая песня не только служила основной формой, в которую выливалось художественное творчество народа, но и выполняла большую воспитательную миссию. На героях этих песен молодежь училась... любви и вольности, мужеству, смелости и отваге, героическому духу, который предпочитает смерть позору и унижению. Героическая песня всегда сопутствует каждому шагу осетина». Ирон героикой зарæг ирон адæймаджы зæрдæйы цавæр бынат ахсы, уый тыххæй мын æнæ зæгьгæ нæй иу хабары тыххæй, æцæг чи æрцыдис æмæ мæхи хъустæй кæй фехъуыстон, ахæм. Иу къорд азы размæ уыдис Цæгат Ирыстоны культурæ æмæ аива- ды кусджыты дыккаг съезд. Æз дæр уыдтæн уым делегатæй æмæ мæ хъуыдис ацы съезды радзурын. Уыцы рæстæг дæр æз бирæ сагъæс кодтон ирон фыдæлтыккон зарæджы хъысмæтыл. Æмæ мæ раны- хасæн дæр йæ темæ уыдис уыцы фарстайыл. Залы мæ фарсмæ бад- тис нæ районы партийы райкомы секретартæй иу. Уый мьгн айста мæ раныхасы текст, бакæсон, дам, æй. Сахаты ’рдæджы бæрц райкомы секретарь оратортæм нал хъуыста, фæлæ «рæстытæ» код- та сырх чернилæйæ мæ раныхасы текст. Текстмæ куы æркастæн, уæд фæджих дæн - йæ фæндзæм хай дæр дзы нал баззад, ныххæх- хытæ мын кодта мæ раныхас. Хæххытæ та дзы ныккодта, цыдæ- риддæр дзы критикæйæ уыдис, уый. Æз та критикæ кодтон партийы обкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайады, нæ Композиторты цæдисы, радио, телеуынынад æмæ мыхуыры кусджыты, нæ зынд- гонд артисттæ-зарæггæнджыты, ирон героикой, уæлдайдæр нын нæ фыдæлтæй чи баззадис, уыцы зарджытæ æмбырд кæй нæ цæ- уынц æмæ сæ адæм кæй нæ хъусынц, уый тыххæй. Хъыг мын куыннæ уыдис райкомы секретары ахæм ми, фæлæ ницы сдзырдтон. Мæ фæнд конд уыди: мæ рад куы ’рхæццæ, уæд рацыдтæн трибунæмæ æмæ, мæ раныхасы текст куьтд ныффыстон, афтæ бакастæн. Æппæлыны тыххæй йæ нæ зæгъын, фæлæ мын делегаттæ кодтой тынг æмдзæгьд. Фыссæг Дзаттиаты Тотырбег та мын (рухсаг уæд) хъæбыстæ фæкодта. Бæрæг уыдис, нæ фыдæлты дисёаджы героикон зарджытæ кæй сæфынц, ууыл æрмæст æз кæй нæ сагьæс кодтон. Мæ бынаты куы сбадтæн, уæд мыл райкомы секретарь йæхи цъиуджын карчы цæф ныккодта. 106
Мæ ныхас дард цæуы, фæлæ уалынмæ трибунæмæ схызт партийы обкомы фыццаг секретарь Хъæбæлоты Билар æмæ байдыдта дзу- рын. Иуахæмы æрхæццæ ис мæ раныхасмæ æмæ загьта: — Æрдæбон мæ размæ ам Хъæдгæроны хъæусоветы сæрдар тынг раст дзырдта, нæ ирон героикон зарджытæ сæфтмæ кæй цæуынц, ууыл. Æмæ мæн фæнды зæгъын делегаттæн, уыцы зарджытæ ирон лæджы царды цавæр бынат ахсынц, уый тыххæй. Цæвиттон, иу рæстæг мæнмæ Ростовæй телефонæй сдзырдта нæ номдзыд инæлар — Плиты Иссæ. Загъта, зæгъгæ, йын цалдæр боны уæгъд бонтæ ис, æмæ йæ фæнды йæ райг- уырæн Ирыстонмæ ссæуын. Æз Иссæйæн загътон, тынг æхсыз- гонæй йæм кæй æнхъæлмæ кæсдзыстæм. Æмæ дыккаг бон Иссæ Ирыстонмæ ссыдис. Бауынаффæ кодтам Цъæймæ ацæуын. Бон сихорафон бахæццæ стæм Цъæймæ. Фæлладуадзæг адæм уыды- сты сæ тæккæ сихор хæргæйæ. Не ’рбацыд нын чидæртæ ба- зыдтой æмæ уайтагъд нæ цуры иу къорд лæппуйы амбырд ис. Сæ иу мын загъта: — Билар, ирон зарæг акæнæм? — Цы нæ хъыгдары, акæнут, — загьтон æз. Æмæ лæппутæ иу иннæйы дзыхæй исгæйæ, райдыдтой нæхи диссаджы ирон героикон зарджытæ. Уыдонмæ хъусгæйæ æз нæ федтон, Иссæ мах разæй агъуыстмæ куыд бацыд æмæ йæхиуыл дуар куыд рахгæдта, уый. Æз куы фæхъуыды кодтон, Иссæ мах раз нал ис, уый, уæд афарстон, цы фæцис, зæгъьтн. Лæппутæй мын иу ацамыдта, мæнæ, дам, ацы агьуыстмæ бацыдис. Æз бахызтæн уыцы агъуыстмæ æмæ федтон диссаджы ныв: Иссæ лæууыди рудзынджы раз æмæ сывæллонау куыдта. Æз тынг фæтарстæн æмæ йæ афарстон: — Цы кодтай? Кæд рынчын фæдæ, уæд дохтыртæм фæдзурæм. — Ма тæрс, — загъта Иссæ. — Рынчын нæ дæн. Фæлæ дæ ку- рын, фæстæмæ лæппуты размæ ацу æмæ сæ зарын ма ныууадзой. Курын дæ, азарын ма сæ кæн ноджыдæр! Æз фæстæмæ рацыдтæн лæппутæм. Иу-дыууæ зарæджы ма акод- той уыдон дæр, загьтон сын стыр бузныг æмæ фæстæмæ бацыдтæн Иссæмæ. Иссæ йæ цæссыгтæ ныссæрфта, кæддæр-уæддæр йе ’муд куы ’рцыдис, уæд загъта: — Цыппар азы дæргъы хæсты, æз федтон бирæ мæрдтæ. Мæ хуыздæр æмбæлттæй, мæ хуыздæр æмтохгæнджытæй бирæтæ бацыдис мæрдтæм мæхи раз. Фæлæ мæ зæрдæ уый бæрц сфæлтæрдта, æмæ мæнæй иу цæссыг никуы æрхаудта, кæд-иу мын цыфæнды зын уыдис, уæддæр. Ныр, абон, нæ фыдæлты зарджытæм хъусгæйæ, 107
мæхи урæдтон бæргæ, фæлæ нæ бафæрæзтон. Мæ зæрдæйы иннæрдæм ахызтысты æмæ мæхи бауромын мæ бон нал бацис æнæ фæкæугæ. — Ньтр, æмбæлттæ делегаттæ, — загъта дарддæр Хъæбæлойы-фырт, — мæнмæ гæсгæ, бамбæрстат, ирон адæмон героикон зарæг нæ алкæмæн дæр цы у, уый. Дæуæн та, æмбал Бокойы-фырт, æз зæрдæ æвæрын, мах кæй бафæдзæхсдзыстæм, кæмæн æмбæлы, уыдонæн, цæмæй ирон адæмон зарджытæ иууылдæр æрцæуой æмбырдгонд æмæ хæццæгонд цæуой радио æмæ телеуынæны руаджы æппæт ирон адæммæ дæр. Раст куы зæгьон, уæд ацы зæрдæбавæрд дæр, куыд бирæ æндæр уынаффæтæ, афтæ гæххæттыл баззад. Æз никæй федтон ирон адæмон зарджытæ уый фæстæ æмбырдгæнгæ. Уæвгæ 1964 азы мых- уырæй рацыдис Мæскуыйы Галайы-фырты чиныг «Осетинские народные песни». Æдæппæт, ацы чиныджы æмбырдгонд цы хъæба- тырты зарджытæ æрцыдис, уыдонæй абоны онг фехъусæн ис æрмæстдæр дыууæ-æртæ, уыдон дæр хъæууон хихъæппæрисадон коллективты архайджытæй. Иннæты ничи зары, ничи зоны. Цы чиныджы кой скодтон, уым нæй бирæ зарджытæ, ирон адæмы ’хсæн рагæй дæр тынг зындгонд чи уыд, ахæмтæ. Зæгъæм: Дзе- ранты Габойы, Бесаты Муссæйы, Елуаты Алыксандры, Къубал- ты Куыдзыгусы, Къарджиаты фаззæтты æмæ бирæ æндæр зар- джытæ. Ирон адæмон зарджытæ æмбырд кæныныл, мæнмæ гæсгæ, Ирыстоны зæрдиагæй архайы æрмæстдæр иунæг адæймаг. Уьтй у Чеджемты Æхсар. Æхсар бирæ зарджытæ æмæ цæгьдтытæ нæ ба- уагъта сæфын, æмæ йын æз зæгъын стыр бузныг! Иу адæймаг, дам, быдыры астæу æфсад нæу. Æмæ цы бакæна иунæгæй Чеджемы-фырт дæр, куыд æрæмбырд кæна нæ фыдæлты æппæт зарджытæ? Æз хицау куы уаин æмæ мæм ахæм бартæ куы уаид, уæд саразин ахæм ирон адæмы фыдæлтæ, цы музыкалон бынтæ ны- ууагътой, уыдон чи æрæмбырд кæнид. Ноджыдæр бахæс кæнин, цæмæй нæ радио æмæ телеуынæнæй уыцы алæмæты музыкалон хæзнатæ æппынæдзухæй хæццæ кæной æппæт ирон дзыллæтæм. Адæмы сфæлдыстады героикон зарджыты йеддæмæ бирæ ис лирикон зарджытæ дæр. Уæлдайдæр — уарзондзинадыл. Ацы лирикой зарджытæ радиойæ дæр æмæ телеуынæнæй дæр арæх лæвæрд цæуынц. Æмæ уый хорз хъуыддаг у. Ирон лирикон зарджытæ фылдæр кодтой фæсивæд, уæлдайдæр та — чызджытæ. Ас адæм та зарыдысты героикон зарджытæ. 108
Цымæ, цæмæй æвзæр уаид, Баллаты Валодя, Суанты Федыр, Суанты Ким, Хъуылаты Елхъан æмæ нæ иннæ зындгонд зарæггæн- джытæ сæ тыхджын зæрдæмæдзæугæ хъæлæстæй Ирыстоны фыдæлтæй абонмæ хъæбатыртыл цы зарджытæ фæкодтой, уыдон куы зариккой, уæд? Ома, йæ кары чи бацыдис, уыцы зарæггæн- джытæ уарзондзинады зарджытæ фæсивæды бар куы ныууадзиккой. Азаухан æмæ иннæ рæсугьдтыл лæппутæ зарæнт. Цыбырæй афтæ сты мæ хъуыдытæ, абон ирон адæмон героикон зарджытæ цы уавæры сты, уый тыххæй. Чи зоны, искæмæ уыдон раст нæ фæкæсой, фæлæ æз цы уынын, уый дзурын. «Хорзæн бын ма скæн, æвзæрæн та бын ма ныууадз» - зæгъы ирон æмбисонд. Бирæ ахъаззаджы бынтæ культурæйы дæр æмæ царды æндæр къабæзты дæр фесæфтысты, нæ сæ бахъахъхъæдтам. Уый нæ, фæлæ ма абон дæр сæфынц. Æмæ нæ куыд схондзысты фидæны фæлтæртæ? Уый у абон махæн нæ тæккæ сагъæссагдæр фарстатæй иу. Ныр та комкоммæ Бокоты Тæтæрхъан æмæ йæ зарæджы тыххæй. Тæтæрхъай уыдис ме ’рвад, хъæдгæройнаг. Уыдис ын дыууæ хистæр æфсымæры: Мысырби æмæ Налыхъ. Сæ фыд хуындис Ас- лæмырзæ. 1912 азы Тæтæрхъанмæ фæдзырдтой Уæрæсейы æфсадмæ. Цы бон цыдис, уыцы бон сæ сыхаг Хуытьинаты Боцийæн райгуыр- дис лæппу. Тæтæрхъан бацыд Боцийы хæдзармæ, стъолыл æрæвæрдта æвзист сом æмæ загьта: — Æз цæуын æфсадмæ. Куыд вæййы, цы вæййы, мыййаг, куынæуал сæмбæлон нæхимæ. Æмæ мæ тынг фæнды, мæ уарзон сыхы мæ фæстæ исчи мæ ном куы хæссид, уый... Æмæ, Боци, дæ ноггуырд лæппуйыл æвæрын мæхи ном — Тæтæрхъан. Хуытъинатæ сразы сты, уымæн æмæ, Тæтæрхъаны хорз чи зыд- та, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, уый уыдис хъæубæсты кадджындæр лæппутæй иу. Æфсады службæ кæнгæйæ, Тæтæрхъаны æрæййæфта Германы хæст. Цыппар азы арвыста фронты æмæ уым ссис афицер. Ахуыр- гондæй дæр цастæ ахуыргонд уыдис, фæлæ йын йæ сæрæндзинад æмæ лæгдзинады тыххæй радтой афицеры цин. Сыздæхт фæстæмæ йæ райгуырæн хъæумæ бирæ хæрзиуджытимæ 1918 азы. Нæ мад Косер куыд дзырдта, афтæмæй Тæтæрхъан йæ мæлæтæй дыууæ-æртæ боны раздæр ссыдис махмæ нæ бинонты уынынмæ. Мæ фыдимæ фæныхæстæ кодтой изæры онг, стæй Тæтæрхъан изæры йæ бæхыл сбадтис æмæ ацыдис сæхимæ. Уыцы æхсæв фыццаг кæркуасæнты Хъæдгæроны аргьуан нык- кодта фæдисы цагьд. Адæм хуыссæгхъæлдзæгæй гæппытæ кодтой 109
æмæ згъордтой, аргьуаны раз цы фæз уыдис, уырдæм (ныртæккæ ам ис астæуккаг скъола). Хъæуы хицау адæмæн фехъусын кодта: — Чысыл раздæр Олгинскæйæ ’рбахæццæ сты бæхтыл фæдисæттæ. Æрбахастой æнамонд хабар: хъулгьа æрбабырстой Ол- гинскæмæ. Цæгъдынц адæмы, судзынц хъæу. Олгинскæйы цæрæг адæм сидынц Хъæдгæроны фæсивæдмæ æххуысмæ. Ныртæккæ иууылдæр аздæхут уæ хæдзæрттæм. Арæвдз кæнут уæхи хæцæнгарзæй, хæринагæй æмæ тагъд фæстæмæ ардæм. Фæстиат- гæнæн нæй, хъулгьа нын цæгьдынц не ’фсымæрты. Боны цъæхтыл, Хъæдгæроны фæсивæдæй топп хæссынхъом чи уыдис, уыдон сæ бæхтыл, æд хæцæнгæрзтæ уыдысты æмбырд ар- гъуаны раз фæзы. Ам хъæуы фæсивæд æмхъæлæсæй сæхицæн раза- монæгæй равзæрстой зноны афицер Бокоты Тæтæрхъаны. Ацы фæдисы хабæрттæ мæнæн кодта мæ сыхаг, уыцы фæдисы йæхæдæг чи уыдис, уый — Мецъаты Гаппо: - Мах Тæтæрхъан фæзы мидæг бæхтыл бадгæйæ ’рлæууын кодта цалдæр рæнхъы. Йæхæдæг дæр — бæхыл. Æрзылдис ныл. Иуæй- иуты рæнхъытæй хизын кодта æддæмæ æмæ сæ хицæн ран лæууын кодта. Фæстæдæр, куыд базыдтам, афтæмæй уыдонæй кæмæн — йæ бæх нæ уыди зæрдæдаргæ, кæмæн — йæ хæцæнгарз. Адоны Тæтæрхъан нæ ауагьта фæдисы, кæд се ’ппæты дæр фæндыд, уæддæр. Уыдыстæм 300 барæгмæ ’ввахс. Тæтæрхъан нæ фæкодта цалдæр къорды. Алы къордæн дæр, йæ зæрдæ тынгдæр кæуыл дардта, ахæм лæгтæ сæвæрдта командиртæй. Сифтындзын кодта гилдзытæй хæцæнгæрзтæ æмæ хуры скастыл адардтам нæ фæндаг Олгинскæмæ. Тæтæрхъаны амындмæ гæсгæ, нæ разæй цыдис иу-10 барæ- джы. Куыд хæстæгдæр кодтам Олгинскæмæ, афтæ ныл фылдæрæй- фылдæр лидзæг æмбæлдис адæм. Сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, чи уæрдонæй, чи фистæгæй сæ цæссыгкалгæ цыдысты сæ райгуырæн хъæуæй. Хъæумæ куы баввахс стæм, уæд хъусын райдыдтам топпы гæрæхтæ. Ам ма махыл сæмбæлдис бирæ фæдисонтæ æндæр хъæутæй дæр. Се ’ппæт дæр сразы сты, цæмæй сын разамынд дæтта мах командир Бокоты Тæтæрхъан. Тæтæрхъаны уынаффæмæ гæсгæ махæн нæ иу хай хъуамæ фистæгæй бацыдаиккой хъæуы галиу фæрсты, иннæ хай дæр афтæ, æнæ бæхтæй сусæгæй — хъæуы рахиз фæрсты. Дыууæ хайы дæр хъуамæ баиу уыдаиккой Олгинскæйы хурыскæсæны фарс, цæмæй хъулгьайæн сæ алидзæнтæ лыг æрцы- даиккой, уый тыххæй. Тæтæрхъан йæхæдæг цы фæдисæтты стыр къордимæ баззад, уый та хъуамæ бацыдаид хъæумæ ныгуылæнырдыгæй æмæ самадтаид 110
хъæуы уынгты хæст знагимæ. Олгинскæйы нæлгоймæгтæ иугай фидардæр дурын хæдзæрттæм æрæмбырдтæ сты æмæ ардыгæй æхстой хъулгьайы. Уыдис куадзæны рæстæг. Алы олгинскæйаг хæдзары дæр фынгтæ тасыдысты хæрд æмæ нозтæй. Æмæ-иу хъулгьайæгтæн сæ къухы куы бафтыд ахæм хæдзар бацахсын, уæд-иу сæхи хæрд æмæ нозтыл ныццавтой. Срасыг-иу сты, æмæ, куыд фæзæгъынц — расыгæн денджыз — уæрджытæм, сæ риуты æмбæрц цыдысты размæ, сæхи æмбæхсгæ дæр нал кодтой. Æмæ сæ ирæттæ цагътой. Мæхæдæг федтон, расыгæй иу хъулгьайаг даргь хъама бæрзонд сисгæйæ куыд æрбацæйцыдис махмæ. Чидæр æй не ’мбæлттæй фехста, æмæ дæ балгьитæг афтæ фæуæд. Цыбыр ныхасæй, хъулгъайьг тугдзых бирæгьтæ тард æрцыдыс- ты Олгинскæйæ. Хъæуы уынгты æмæ сæ æрбацæуæнты баззадис бирæ мæрдтæ. Махæн Тæтæрхъан хъæумæ æрбацæуæнты скъахын кодта акъоппытæ æмæ ма уым цалдæр боны хъахъхъæдтам, тар- стыстæм, фæстæмæ та сæ маст исыны тыххæй куы æрбалæбурой. Фæлæ, æвæццæгæн, бамбæрстой, сойтæ та кæй не смæрздзысты уый, æмæ ныхъхъус сты. Уавæр иу-цасдæр куы банывыл ис, уæд сфæнд кодтам нæхимæ раздæхын. Райсомы аходæнтыл Тæтæрхъан йæ фæдисæтты слæууын кодта рæнхъæй. Хъулгъа ма фæстаг бонты цалдæр хатгы хъæуы æрбах- стой сармадзанæй кæцæйдæр. Мах уыцы гæрæхтæ ницæмæ дард- там, уымæн æмæ сæ нæмгуытæй чи хъæуы æддейы хаудта, чи - кæм. Ацы хатт хъуыддаг рауад тынг æвзæр. Тæтæрхъан йæ тæккæ ныхас кæнгæйæ куы уыдис уæлбæхæй, уæд иу нæмыг æрбатахт æмæ Тæтæрхъаны бæхы дыууæ раззаг къахы бын фехæлд. Ныппырх кодта лæджы дæр æмæ бæхы дæр. Цы гæнæн уыдис æндæр, лæджы æрбаластам нæхимæ Хъæдгæронмæ. Йæ ныгæнæн бон тынг бирæ адæм æрбацыдис Олгинскæйæ, Беслæны хъæуæй æмæ æндæр рæттæй. Стъараполы митрополиты фæндонмæ гæсгæ Тæтæрхъан ныгæд æрцыдис хъæубæсты æппæты кадджындæр бынаты — Хъæдгæроны аргьуаны кæрты. Фæлæ хъуыддæгтæ ууыл нæ ахицæн сты,— дзырдта дарддæр Гаппо. - Иуахæмы Олгинскæйæ Хъæдгæронмæ æрбацыд бирæ лæгтæ бричкæты, таганкæты æмæ уæрдæтты. Семæ æрбаластой иу стыр сау гал, нозт, хæрд. Рагацау адон ныхасгонд уыдысты Бокоты мыггагимæ. Олгинскæйы цæрджытæ сфæнд кодтой сæхи номæй æмæ сæхи хардзæй, сæ сæрыл йæ уд чи радта, уыцы хъæбатыр лæг Бокоты Тæтæрхъаныл тохы зарæг скæнын. Бокоты мыггаг сразы сты олгинскæйæгтимæ æмæ сын бар радтой, уыцы зарæг цæмæй акодтаиккой Хъæдгæроны, 111
Тæтæрхъанæн йæхи хæдзары. Æмæ ныр олгинскæйæгтæ æрбалас- той семæ Ирыстоны хуыздæр зарæггæнджыты, куыд загътон уæлдæр, афтæ сау гал, хæрд æмæ нозт. Скодтой зарæг, йæхи хæдза- ры йын æй фæзарыдысты. Уый фæстæ сбадтысты сæ уæрдæтты, зарæг аластой алы хъæутæм æмæ йæ æгас Ирыстонæн фехъусын кодтой. Адæмы зæрдæмæ тынг фæцыдис зарæг æмæ йæ алы ран дæр зарыдысты тынг цымыдисæй. Бокоты мыггагæй Хъæдгæроны бирæ цардис. Æмæ-иу ацы мыг- гагæй искæмæ исты циндзинад куы уыдис, уæд фæсивæд æмæ ас адæм Тæтæрхъаны зарæг ныккодтой. Æмæ-иу куыддæр ацьт зарæг райхъуыстис, афтæ-иу хæдзары æфсин ацæттæ кодта хорз хуын за- рæггæнджытæн. Ацы хуынæй-иу рухсаг загътой Тæтæрхъанæн. Æфсинæн та ацы хуын саразын нымад уыдис стыр уæздандзина- дыл. Тæтæрхъаны зарæг цасдæр рæстæджыты рохуаты аззадис. Сæйраг аххос уый уыд, æмæ зарæджы хъулгъайы кой хорзæрдæм кæй нæ уыд. Диссаг та куыд не стæм мах, ирон адæм! Хъулгъа Олгинскæ æмæ Зæронд Бæтæхъойы хъæумæ æрбабырстой. Амар- дтой бирæты, басыгътой хъæутæ, мах та сæ зæрдæхудтæй тæрсæм! Æз ма мæхæдæг ацы зарæг дзæбæх баргæ фехъуыстон 1953 азы Зæронд Бæтæхъойыхъæуы. Уырдыгон ацæргæ лæгтæ Къубалты Микъала, Дамзæты Солтан, Дамзæты Гагæмæт, Фидараты Асæх æмæ Зыгъуытаты Гамбол кæцыдæр хæдзары Джеоргуыбайы фынгæй рацæйцыдысты, скъолайы рæзты цæугæйæ, иттæг рæсугъд зарыдысты Бокоты Тæтæрхъаны зарæг. Æз мæ урок кодтон, фæлæ зарæг куы фехъуыстон, уæд цæйдæр æфсон рауадтæн æддæмæ. Абон дæр ма мæ хъустыл уайы ацы лæгты зард. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Тæтæрхъан ныгæд æрцыдис Хъæдгæроны аргъуаны кæрты. Уæды рæстæг уый уыдис стыр кады нысан. Ноджыдæр ма ацы кæрты ныгæд æрцыдысты хъæубæсты кадджындæр адæймæгтæй иу-дæсы бæрц. Ныр, куыд æппæт рæтты, афтæ Хъæдгæроны аргьуан дæр æмæ йæ кæрт дæр хынджылæггаг систы. Æмæ алы мыггаг дæр скъахта йæ мард æмæ йæ уæлмæрды баныгæдта. Афтæ бакодтой Бокоты мыггаг дæр: скъахтой Тæтæрхъа- ны иу-цалдæр азы размæ æмæ йæ ногæй бафснайдтой хъæуы цæга- тырдыгæй уæлмæрды. Тæтæрхъанæн баззадис бинонтæ: йæ ус Дуду æмæ фондзаздзыд лæппу Цæра, уый райгуырдис 1913 азы. Мад йæ фыртæн фæбадт æмæ йæ схъомыл кодта. Лæппу скъолайы фæстæ ацыд Ленинг- радмæ æмæ дзы фæцис æфсæддон скъола. Цæра мах хъæуы 112
фæсивæдæй уыдис, хъæумæ лейтенантæй чи ссыди, уыдонæй фыц- цаг. Бæрзонд, хæрзконд лæппуйыл тынг рæсугъд фидыдта командиры ног дарæс. Йæ фыды ’фсымæр Мысырбийы чызг Надя уыдис Уыналы Быгъуылаты Георы ус, куыста ахуыргæнæгæй. Æмæ-иу алы цыдæн дæр Цæра йæ хойы абæрæг кодта. Ам Цæра фембæлдис Цæллагты рæсугьд чызг Кларæйыл æмæ йæ бауарзта. Баныхас код- той — иннæ цыд куы скæна Цæра, уæд чындзæхсæв скæндзысты. Фæлæ чызг æмæ лæппуйы сæ амонд фæсайдта. Цæра кæмдæр ла- герты тынг суазал æмæ фæрынчын. Дохтыртæ бирæ фæтох кодтой Цæрайы фервæзын кæныныл, фæлæ йын ницы амал ссардтой. Амардис сæрды 1939 азы. Карз низ фæхицæн кодта, кæрæдзийы бирæ чи уарзта, уыцы чызг æмæ лæппуйы. Тæтæрхъаны зарæгæн йæ мелоди мах хъæуы иу-цалдæрæй хорз зонынц. Фæлæ йæ текст искуы иу ныхæстæй фæстæмæ ферох ис. Тыхтæ æмæ амæлтгæй мæ къухы бафтыдис зарæджы ныхæстæй мæнæ адон æрæмбырд кæнын: Бокоты Тæтæрхъаны зарæг (адæмон ныхæстæ æмæ адæмон мелоди, зарæг скодтой 1919 азы) ...Ой фæдис-хъæр фæцыдис, Олгинскæмæ Ацылыхъы дард бæстæй, Гъæйтт-мардзæ, хæстон лæг Бокоты Тæтæрхъан куы бадзуры. ОйУ рухс дзæнæты фæбадинаг, ой! Ой, мæ уарзон æмгæрттæ, мæ уæззау цæфтæ мын æрбабæттут басылыхъы къабæзтæй, Гъæйтт-мардзæ, хæстон лæг, тох ныккодта, мæлæтдзаг тох, Ой, рухс дзæнæты фæбадинаг, ой! Ой, мæнæн та, ме ’мгæрттæ, райсом раджы мæ хæдзар сармадзан фехæлдта, Гъæйтт-мардзæ, хæстон лæг, тох ыстынг ис, мæлæтдзаг тох, Ой, рухс дзæнæты фæбадинагу ой! Ой, фæззыгон даргъ хуымы, кад æмæ цæдисы хуымгæнæг, Гъæйтт-мардзæ9 хæстон лæг, Бокоты Тæтæрхъан куы бадзуры, Ой, рухс дзæнæты фæбадинаг, ой! Ой, мæ уарзон æмгæрттæ, фæут мын Налыхъ æмæ Мысырбимæ фæдисы хъæргæнæг. Гъæйтт-мардзæ, хæстон лæг, тох ыстынг ис, мæлæтдзаг тох, Ой, рухс дзæнæты фæбадинаг, ой! 8 Бокоты Солтан 113
Ой, уæд хохаг кувæг лæг, кæд æмæ йæ худ Хæмæтмæ куы радта, Гъæйтт-мардзæ, хæстон лæг, Бокоты Тæтæрхъан, ой! Ой, рухс дзæнæты фæбадинаг, ой! Ой> хæстон лæг Тæтæрхъан ирон адæмы сæрыл йæ уд мæлæтмæ куы радта, Гъæйтт-мардзæ, хæстон лæг, тох ыстынг ис, мæлæтдзаг тох, Ой, рухс дзæнæты фæбадинаг, ой!.. Чи зоны, æмæ æндæр хъæуты нырма ис ахæм зарæггæнджытæ, Тæтæрхъаны зарæджы ныхæстæ ма чи зоны. Æнæхъæн Бокоты мыггаг стыр бузныг уаид, зарæджы ныхæстæй нæм иу-цалдæр рæнхъы чи æрбарвитид, уыдонæй. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры: ахæм адæймæгтæ ма уыдзæнис Олгинскæйы дæр æмæ дыууæ Бæтæхъойыхъæуты дæр. Æрæджы Джызæлы, зианы, фембæлдтæн зæрондбæтæхъойы- хъæуккаг Бигьаты Костяйыл æмæ олгинскæйаг Гæздæнты Махар- бегыл. Алчи дæр адонæй у дзырддзæугæ адæймаг йæ хъæубæсты. Куы сæ бафарстон, Тæтæрхъаны зарæг ма сæ хъæуты фæкæнынц, æви нæ, зæгьгæ, уæд мын дыууæ дæр радтой иу дзуапп: — Заргæ дæр æй ничиуал кæны, стæй йæ зонгæ дæр ничиуал кæны. Æмæ æз мæхинымæр ноджыдæр ма иу хатт ахъуыды кодтон: Сæфынц нæ адæмы хæзнатæ! Гъе, мардзæ, исчи! ÆРТЫН ÆРТÆ АЗЫ ФÆСТÆ 1974 азы, фæззæджы, æххæст кодта 50 азы Ирыстоны автоно- мийыл, æмæ æппæт республикæ дæр йæхи цæттæ кодта уыцы стыр бæрæгбонмæ. Нæ хъæуы фольклорон ансамбль лæвæрдта уæд кон- церттæ республикæйы хъæуты æмæ горæтты. Зыдтам æй: Ирыс- тонæй ацы бæрæгбоны номыл бирæ коллективтæ цæудзысты Мæск- уымæ. Мах æнхъæлмæ нæ кастыстæм искуыдæм ацæуынмæ. Иу бон нæ репетици йæ тæккæ тæмæнмæ куы бахæццæ, уæд нæм æрбацыд Культурæйы хæдзармæ дыууæ лæджы. Иуы дзы зыдтам: республикæйы культурæйы министр Узегаты Солтан. Иннæ нын уыд æнæзонгæ. 114
Æз симдæй рахызтæн æмæ сын, куыд хъæусоветы сæрдар, æгас цæут загьтон. Солтанимæ иумæ схъомыл стæм æмæ мын уый уырыс- сагау загьта: — Базонгæ у нæ мæскуыйаг уазæгимæ! — Иоаким Георгиевич Шароев, - загьта уазæг. Æз дæр загьтон мæ ном æмæ мæ мыггаг. Солтан куыд радзыр- дта, афтæмæй адон цыдысты Дыгургомæй æмæ афтæмæй фездæх- тысты махмæ. Йе ’мбалы йын, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисты, Ирыстонмæ сæрвыстой, Мæскуыйы цы концерт уыдзæ- нис, уый сæйраг режиссерæй æмæ аивадæн разамонæгæй. Мах цалынмæ Солтанимæ ныхæстæ кодтам, уæдмæ Шароев æдзынæг кастис сценæмæ. Стæй кафт куы фæцис, уæд сдзырдта: — Ацы кафт йæ райдайæнæй куы фенин, уый мæ тынг фæнды. — Ныртæккæ! — загьтон æз æмæ мæхæдæг дæр схызтæн сценæмæ. Адæм æрлæууыдысты сæ бынæтты æмæ сын æз бамбарын код- тон, залмæ чи æрбацыдис, уыцы адæм чи сты, уый. Кафты фæстæ æз æрхызтæн мæ уазджытæм залмæ. — Æмбал министр, æнæ ацы коллектив сымахæн Мæскуыйы иу концерт дæр нæ уыдзæн. Адон сты диссаджы фольклорон коллектив. Мах ахæмтæ куы агурæм, уæд сæ сымах рохуаты цæмæн ныууагьтат?! Нæ уыдзæн æнæ адон концерт Мæскуыйы, æмæ сын рæвдздæр формæ бахуыйын кæнут, — загьта уазæг. Солтан зæрдæ бавæрдта, формæ афоныл кæй уыдзæн, уымæй. Стæй уæд схызтис сценæмæ æмæ загъта: — Хорз адæм, нæ уазæг у стыр специалист ацы хъуыддаджы æмæ уый зæгьы, сымах кафт кæй у тынг хорз. Сымах коллектив дæр бахаудзæнис Мæскуыйы программæмæ æмæ уæ бон цас у, уыйбæрц архайут, кæнут репетицитæ. Куы уæм æрдзурæм, уæд рацæудзыстут уæхицæн дарæс барынмæ. Стæй, Мæскуымæ чи цæуы, уыдон тагъд байдайдзысты репетицитæ иумæ æмæ уæ уырдæм алы бон дæр бахъæудзæн цæуын. Ууыл нæ уазджытæ ацыдысты. Иу-дыууæ боны фæстæ махмæ фæдзырдтой горæтмæ дарæс хуыйыны тыххæй. Стæй нæ цалдæр боны фæстæ алы бон дæр ла- стой ирон театрмæ, уым цыдысты нæ репетицитæ. Мæскуымæ цæуæм, зæгъгæ, нæ адæм уыдысты тынг разы. Алы бон дæр æмбырд кодтам æнæкъуылымпыйæ. Никуы байрæджы кодтам ре- петицитæм. Иу ахæмы фæндагыл не ’ппæты хистæр Сокаты Афæхъо загъта: — Хуыцауыстæн, абон мæ бынаты æндæр исчи куы уыдаид, уæд йæ къах дæр нæ равæрдтаид. Не ’фсин афтæ рынчын у, æмæ 115
ма йæ ныййафдзынæн, уый æнхъæл дæр нæ дæн. Уæдæ дысон цыдæр афон мæ хæрæг йæ дыууадæс адлийы дæргьæн рæхыс йæ фæдыл аласта, æмæ кæм ис, уый бæрæг нæй. Абон мæ фæдыл не ’фсин хъæр кодта: — Кæдæм цæуыс, дæ мард дын дзы æрласой, æз мæнæ мæлгæ куы кæнын! Хæрæг дæр æд рæхыс кæм ис, уый бæрæг куы нæ ис! Æмæ æз мæ худ систон æмæ загътон: — Хуыцау, дæу ардыстæн, ме ’рцыдмæ ам усæй, хæрæгæй хæрз сæфт куы фæуат, уæддæр мæнæн æнæ цæугæ нæй! Гъе, ахæм разæнгардимæ цыдысты иууылдæр репетицитæм горæтмæ, уымæн æмæ сæ бауырныдта, Мæскуымæ кæй цæу- дзыстæм, уый. Цыдыстæм Мæскуымæ Джеоргуыбайы рæстæг. Балхæдтам ку- сæрттаг, Дулаты Мыртаз æй сфыхта æмæ йæ поездмæ раласта. Уыцы рæстæг алы ирон хæдзары дæр вæййы парахат хæринаг æмæ нозт. Алчидæр, сылгоймагæй, нæлгоймагæй рахаста йемæ фæндаггæгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæдзары мидæг райсомæй раджы ничи са- ходæн кодта. Ныр купеты равæрдтой хæрд æмæ нозт, куыд вæййы афтæ. Махæн не ’ппæтæн дæр æмбæрстгонд уыдис, æвзæр нызт куыд ничи бакæна. Уæвгæ нæм ахæмтæ кæцæй уыдис!. Фæлæ, цалынмæ горæт Прохладныймæ хæццæ кодтам, уæдмæ фæбад- тыстæм фынгтыл. Нæ поезд Прохладныйы иу-цасдæр алæууыд, стæй араст. Ме ’мбæлттæ æрæмбырд сты къордæй мæ купемæ æмæ уым ныхæстæ кодтам. Купейы дуар уыдис гом. Уалынмæ дуарыл æрлæууыдис иу ацæргæ лæг. Йæ къухтæй дуары тæрвæзтыл ныххæцыдис æмæ загъта: — Здравствуйте, товарищи! — Здравствуйте, — цалдæрæй йæм сдзырдтам. - Мидæмæ ра- хиз! Лæг йæ цæстытæ мæнмæ ныццавта æмæ мæм æдзынæг каст. Мах æм дзырдтам мидæмæ рахиз, зæгьгæ, фæлæ уый йæ каст мæнмæ скодта. Æз дæр-иу æм куы бакастæн, куы та-иу мæ цæстытæ аздæ- хтон иннæрдæм. — Нæ мæ базыдтай? — сдзырдта мæнмæ лæг. — Нæ дæ хъуыды кæнын, - загьтон æз. — Æз дæ уайтагъддæр базыдтон. Дзæбæвдæр-ма мæм æрбакæс! Цæрæнбонты адæймаг кæимæ не ’мбæлы! Æз мæ сæры магъзы æвзарын, кæимæ сæмбæлдтæн царды, уыдоны, фæлæ ацы лæджы мæ бон æрхъуыды кæнын нæ уыдис. Фронты дæр æй никуы фед- тон, госпитæлы дæр, санаториты дæр-иу арæх уыдтæн. Нæй, никуы сæмбæлдтæн æз ацы лæгыл. Фæстагмæ йын загътон: 116
— Ды мæ кæимæдæр хæццæ кæныс. Æз демæ никуы сæм- бæлдтæн. Ме ’мбæлттæ дæр кæрæдзимæ бакæс-бакæс кодтой. Лæг æцæгæй куы бамбæрста, æз æй нæ хъуыды кæнын, уый, уæд мæ афарста: — 1941 азы Орджоникидзейы Сырхтырысаджын хæстон скъола каст фæдæ? — Фæдæн, - загьтон æз. — Майор Петровы батальоны нæ уыдтæ? — Уыдтæн, — загьтон та æз. — Хистæр лейтенант Колесниковы ротæйы? — Тынг раст зæгъыс! - загьтон та æз. — Æмæ уым батальоны комиссар чи уьгд? — Раздæр Коваленко. Стæй йæ Костюк раивта. — Æмæ Костючы куы арвыстой, уæд та? — Нæ йæ хъуыды кæнын. Уæд дзы мах дæр бирæ нал фестæм. — Носов, ахæм уыди батальоны комиссар? — афарста та уый. — Носов... Носов, мæнмæ гæсгæ, уыдис! — Æмæ уæдæ ныртæккæ уыцы Носов лæууы дæ разы! Æз куыддæр æрбакастæн, афтæ дæ базыдтон, дæуæй ферох сты де ’мбæлттæ! Æз æм æдзынæг ныккастæн. Йæ цæсгомæй мæм цыдæртæ зонгæ фæкастысты. Уый мæ цурмæ æрбацыдис. Æз дæр фестадтæн мæ бынатæй æмæ кæрæдзийæн тынг ныхъхъæбыс кодтам. Куы суагь- там кæрæдзийы, уæд йæ цæстытыл зындис цæссыгтæ. Мæнæн дæр мæ хъуыр сыхгæдта. Иу-цасдæр æнæдзургæйæ алæууыдыстæм. Стæй ме ’мбæлттæй иу йæ бынат радта лæгæн, æмæ сбадтыстæм. Уай- тагьд стьолыл фæзынди хæрд æмæ нозт. Носов нæ бакуымдта иу агуывзæ йеддæмæ баназын. Хæргæ дæр афтæ. Стæй мын уæд фæкод- та нæ училищейы хабæрттæ. 1942 азы училищейы æнæхъæнæй акодтой Сталинграды фронтмæ. Ам фæмард сты йæ начальник — полковник Лаврентьев æмæ йæ комиссар, полчы комиссар Бурдин. Курсанттæй дæр бирæтæ радтой сæ цард. Носов ам фæцис уæззау цæф æмæ афтыд Ташкентмæ госпитæлмæ. Госпитæлы фæстæ бахауд æндæр хæстон хаймæ. Ногæй та фæцæф Белоруссийы. Ныр хæстон службæйæн нал бæззыд æмæ йæ Цæгат Кавказы æфсæддон зылды командæгæ- нынад рарвыста Прохладныйы районы æфсæддон комиссарæй. Булкъон Носов О. Г. ам бакуыста дыууадæс азы, стæй уæд рацыдис отставкæйы. Ныртæккæ уадзы йæ фæллад. Радтой йын путевкæ Ленинграды цур санаторимæ æмæ цæуы уырдæм. 117
Афтæ цыбырæй радзырдта Носов йæ хабæрттæ. Куыд радзырд- та, æфтæмæй мæн йеддæмæ никуы кикæуыл сæмбæлдис, Орджо- никидзейы Сырхтырысаджын училищейы кæй зыдта, уыдонæй. Æмæ йын нæ сæмбæлд уый тьгххæй уыдис уæлдай æхсызгондæр. Радзырдтон ын æз дæр мæ хабæрттæ. Уæлдай æхсызгон ын уыдис, æз мæнæ ацы ацæргæ адæмимæ Мæскуымæ концерт дæттынмæ кæй цæуын, уый. Носов бадтис æндæр вагоны. Фæлæ иу райсом æрбацыдис мæ купемæ æмæ суанг изæрмæ мемæ ныхæстæ кодта. Афтæмæй æхсæвыгон ныххæццæ стæм Мæскуымæ. Ам махмæ æнхъæлмæ ка- стис автобус. Уый та сбадын хъуыдис æндæр поезды Ленинградмæ. Носов ракуырдта мæнæн мæ фыссæн книжкæ æмæ уым ныффыста йæхи къухæй йæ адрис: гор. Прохладный, ул. Гагарина, 30, кв. 24. Æз дæр ын радтон мæ адрис. Тынг мын фæдзæхста, уыцы ’рдыгæй куы сымбæлон, уæд æй куыд бабæрæг кæнон, афтæ. Ме ’мбæлттæм дæр æмæ мæхимæ дæр диссаг фæкастис, мæн Носов куыд базыдта, уый. Æз училище фæдæн нудæсаздзыдæй. Хæсты тыххæй нын фæцыбыр кодтой нæ курс. Уæд уыдтæн æры- гон лæппу, ныр мæ сæр ысурс, цыдис мыл 50 азæй фылдæр. Хæст куы байдыдта, уæд нæ училищемæ æрбакодтой тынг бирæ адæм. Носов мах батальонæн Костючы фæстæ иу-дыууæ къуырийæ фыддæр комиссарæй нæ уыдис, уымæн æмæ мах акодтой уæд фронтмæ. Стыр диссаг нæм фæкастис, уыйбæрц дзыллæйы астæу мæн Носов куыд бахъуыды кодта, уый. Æвæццæгæн æмæ, абон Носов æгас нал у. Мæнæй уый уыдаид иу-10-12 азы хистæр. Нæ фæцардаид йæ уæззау цæфтимæ ныры онг. Фæлæ мæ зæрдыл куы æрлæууы, уæд ныртæккæ дæр стыр дисы бацæуын. Кæй разы мæ базыдта, уыдон дæр ыл афтæ фæдис кодтой. Æмæ куыд нæ? Уый базыдта мæн 33 азы фæстæ! ГАМБОЛ Уый уыдис 1931 азы сæрды райдайæны. Мæныл уæд аст азы йеддæмæ нæма цыдис. Цардыстæм хъæуы тæккæ кæрон. Мах, нæ сыхы бирæ лæппутæ, бадтыстæм нæ хæдзары раз рæсугъд цъæх нæууыл æмæ уынаффæтæ кодтам, нæ бон куыд арвитдзыстæм, 118
ууыл. Уыцы рæстæг махæн нæ сæйрагдæр куыст уыдис кæсаг ахсын. Кæсаг та нæ цæугæдæтты уыдис тынг арæх. Ацыдыстæм- иу белтимæ, скъахтам-иу нæуу æмæ-иу бацауæзтам доны къа- баз. Кæсаг ахстам къухæй, фæлæ-иу бедрайы дзæгтæ æрхастам нæ хæдзæрттæм. Уыцы рæстæджы дæр ма Ирыстоны æрдз уыдис тынг хъæздыг. Куыд загътон, афтæ мах уыцы бон дæр уынаффæ кодтам, кæдæм ацæуæм кæсаг ахсынмæ, ууыл. Уалынмæ кæсæм, æмæ уынджы сындæггай ссæуы бæхуæрдон. Разæй дзы бадтис бæхтæрæг, йæ фæстæ фæрсæй-фæрстæм бадтысты дыууæйæ. Бæхуæрдонæн йæ разæй, йæ фæстæ æмæ йæ фæрсты топпæлвæстæй цыдысты цалдæр лæджы. Дыууæйы дзы зыдтон æмæ зонын: Мецъаты Гаппо æмæ Гутнаты Дæццыго. Бæрæг уыдис, бæхуæрдоны фæстейæ цы дыууæ лæджы бадтис, уыдон ахст лæгтæ кæй уыдысты, уый. Ластой сæ Алагирмæ (уæд Æры- доны район нæма уыдис). Мах размæ куы схæццæ сты, уæд ба- урæдтой. Хур уæлæуæз ссыдис æмæ æнтæф байдыдта. Ахст дыу- уæ лæгæй иу уыдис сырхцъар, цардхуыз. Йæ сæрыл иунæг хъуын дæр нал уыдис æмæ дардмæ айдæнау æрттывта. Уый йæ урс нымæтын худ дыууæрдæм тылдта æмæ йæ цæсгом уазал код- та. Иуахæмы уыцы лæг сдзырдта: — Лæппутæ, исчи-ма мын мæнæ ацы хæдзарæй дон радавæд. Æз фæгæпп кодтон, базгьордтон мидæмæ. Загътон мæ мадæн, нæ дуармæ цавæрдæр адæм кæй ис. Уый рудзынгæй ракаст æмæ сдзырдта: — Мæ хæдзар, уый нæхи Гамбол куы у! Æвæццæгæн æй æрцах- стой æмæ йæ Алагирмæ ласынц. Æз рахастон къусы дзаг уазал дон æмæ йæ радтон лæгмæ. Уый ма мын ноджыдæр иу къус рахæссын кодта. Уæдмæ йæ размæ ра- цыдис мæ мад Косер дæр. Гамбол ын бричкæйæ загъта «дæ райсом хорз» æмæ йæ куыд стут, зæгьгæ, бафарста. Мæ мад æм уайсадгæ кодта æмæ-иу Гамболы фарстытæм йæ сæр батылдта. Уæдмæ нæ размæ схæццæ бæхыл милицæйы кусæг. Цыдæртæ адзырдта ахст лæгты хъахъхъæнджытæн æмæ иууылдæр араст сты дарддæр Алагиры ’рдæм. Мах, сыхы лæппутæ, цымыдисæй кастыстæм ацы адæммæ æмæ сæ фæдыл фæраст стæм. Хъæуы кæрон Хъараты цæхæрадонмæ фæцыдыстæм сæ фæстæ, стæй уым бæлæсты аууон сбадтыстæм. Гамболитæ дарддæр ацыдысты Ногхъæуырдæм. Иу сахаты бæрц рацыдис, афтæ хъæуырдыгæй райхъуыстис бирæ бæхты къæхты хъæр. Уалынмæ мах раз фæурæдтой 15-20 барæ- джы. Се ’ппæтмæ дæр уыдис топпытæ. Цæуылдæр ныхас кодтой, 119
фæлæ сæ мах не ’мбæрстам. Сæ иу махмæ хæстаг æрбатардта бæх. Æз уыцы барæджы базыдтон: уый уыдис Дзандараты Хадзыбечыр. Уый нæ афарста: - Лæппутæ, ацы фæндагыл хъуамæ аивгьуыдтаид бæхуæрдон дыууæ ахст лæгимæ. Сымах сæ, мыййаг, нæ федтат? Федтам, зæгьгæ, сдзырдтам мах æмхъæлæсæй, уæлæ Ногхъæ- уырдæм ацыдысты. Сæ разæй, сæ фæстæ æмæ сæ фæрстæм цыды- сты цалдæр лæджы топпытæ æмæ дамбацатимæ. Хадзыбечыр æмæ йе ’мбæлттæ иучысыл атæрхон кодтой, стæй сæ бæхтæ фезмæлын кодтой. Æцæг Ногхъæуырдæм нæ, фæлæ йæ фæрсты, Алагирæй Ногхъæуы ’хсæн цы хъæдбын нс, уыцырдæм аивгъуыдтой. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй ацы фæсивæдæн сæ зæрды уыдис Гамболы æмæ йæ ’мбал Лазарты Бигьуылы суæгьд кæнын. Æнхъæл уыдысты, зæгьгæ, ахст адæймæгты ласдзысты Ногхъæуæй Алагирмæ ÆрыдонЫ доны сæрты. Æмæ ам донуайæнты пыхсыты бабаддзысты сæ размæ. Фæлæ сæ фæндæй ницы рауад. Куыд сбæрæг, афтæмæй ахст дыууæ лæджы чи ласта, уыдон Ногхъæуы уынгты ацыдысты æмæ Бирæгьзæнджы хидыл ахызтысты. Ком- коммæ Æрыдоны доныл куьт ацыдаиккой, уæд сæ сæ размæбадæг фæсивæд кæфты цагъд ныккодтаиккой. Ацы ахсты фæстæ Гамбол фесæфтис. Байстой йын йæ куырой, йæ хырхæйфадæн, йæ хæдзæрттæ, йæ фос... Йæ фондз фырты, йе ’ртæ чызджы ныппырх сты алы бæстæты. Æндæр хъæуты цины кæнæ зианы куы вæййын, уæд мæ бирæ æнæзонгæ адæймæгтæ бафæрсынц ме ’рвад Бокоты Гамболæй. Хонынц æй иууылдæр Ирыстоны хуыздæр æмæ зынгæдæр лæгтæй иу. Мæ зæрдыл лæууы ахæм хабар. 1943 азы сæрды æз æрцыдтæн хæстæй нæхимæ. Хæдзар æрæййæфтон тынг зын уавæры. Æртæ- цыппар голладжы ма уыдис хæдзары мæнæу. Æз ракуырдтон уæр- дон æмæ сæ нæ сыхæгты лæппутимæ аластон Æрыдоны куыроймæ. Ам мын сæ айстой æмæ мын загьтой, иннæбон-иу æрцу æмæ сæ ссадæй алас, зæгьгæ. Ракуырдтон та уæрдон æмæ ме ’мбал лæппуи- мæ ацыдтæн Æрыдоны куыроймæ. Ам мæнæн ме ссинæгтæм æвналгæ дæр нæ бакодтой. Лæууыдысты æнæссадæй сæ бынаты. Куыройы хицау Æккæлаты Гамбол мæнæн цыдæр æфсон акодта æмæ та мын ногæй æртæ боны сæмгьуыд кодта. Ныццыдтæн та ногæй æртæ боны фæстæ. Æмæ та мæ голджыты æнæссадæй ный- йæфтон сæ бынаты. Æз тынг смæсты дæн, фæлæ цы мæ бон уыдис куыройы хицауæн! Мæ цæф цонг ма мæ бæрзæйыл хастон ауыгъдæй. Загътон Æккæлайы-фыртæн, хъаст кæнынмæ йыл кæй цæуын 120
партийы райкоммæ. Куыройы кæртæй куы рахызтæн, уæд мæм Гамбол фæдзырдта æмæ мæ фæстæмæ баздæхта. Æрбадти дзаг мæнæуы голлагыд æмæ загьта: — Иучысыл мæм байхъус, лæппу, стæй-иу уæд ацу хъаст кæнынмæ. Цæмæн бауагътат сæфын, Хъæдгæрон, уæ хуыздæр Бокоты Гамболы?! Уый уын бирæ цæрæнхостæ куы скодта, уыдо- нимæ куырой дæр. Абон уæ ныр уе ссинæгтæ Æрыдонмæ ласын куы нæ хъæуид! — Æмæ уым æз цæмæй дæн аххосджын? Гамболы куы ’рцах- стой, уæд мæныл аст азы йеддæмæ нæ цыди,— загътон æз. — Уæдæ мæм дарддæр æрбайхъус, - загьта та куыройгæс— Æз дæн Æккæлаты Гамбол. Ме ’мном æмæ де ’рвад Бокоты Гамбо- лимæ уыдыстæм æмгæрттæ æмæ æрдхæрдтæ. Ахæм лæгтæ Ирысто- ны арæх не сты. Гамболы сæфты хабар мæн бауагьта стыр маст. Дзурæн та уæвгæ ницы ис — мæхи дæр мын æрцахсдзысты æмæ доны къусы сæфт фæкæндзынæн. Дæуæн фаццаг бон квитанци куы фыстон, уæд базыдтон, Гамболы ’рвад дæ, уый. Æмæ сфæнд кодтон иу гыццыл уæ Гамболы маст райсон. Æмæ дæ Хъæдгæронæй уæлдай цыд фæкæнын код- тон. Уырныдта мæ, куы мæ бамбарай, уæд мæм кæй нæ фæхæрам уыдзынæ. Ныртæккæ дын дæ мæнæутæ æрысдзыстæм, ыссæггаг дæр дæ нæ райсдзынæн, афтæмæй. Мæнæн та мæхицæн иу гыццыл мæ маст ссыдис. Ацы ныхæсты фæстæ Æккæлайы-фырт фæдзырдта йе ’мбалмæ æмæ мын уайтагьд мæ мæнæутæ ’рыссадтой. Æхца мæ нæ айстой. Мæ голджытæ мын уæрдоны сæвæрдтой, æмæ мæ хорз арфæтимæ мæ хæдзармæ рарвыстой. Чи уыдис Бокотьг Гамбол? Цæмæй уыдис афтæ зындгонд Иры- стоны? Цы сарæзта уыйбæрц хорзæй адæмæн? Уыдис хъæдгæройнаг. Хæрз гыццыл ма куы уыдис, уæд амар- дысты йæ мад æмæ йæ фыд, æмæ баззадис сидзæрæй. Схъомыл йе ’рвадæлтæм. Ахуыргонддзинадæй йæм ницы уыдис, уымæн æмæ иу бон дæр скъолайы нæ сахуыр кодта. Куы рахъомыл, уæд разын- дис æвæджиау куыстуарзаг æмæ зонды хицау. Йæхи хъаруйæ хъæуы кæрон сарæзта стыр дыууæуæладзыгон хæдзар, стыр дыргъдон, куырой æмæ хырхæйфадæн. Йæ куырой æмæ хырхæйфадæнмæ Хъæдгæрон æмæ Ногхъæуы астымты астæу, Алагирмæ ’ввахс Æры- доны донæй рауагъта дон. Абон дæр ацы доны хъæуы цæрджытæ хонынц «Гамболы дон». Ацы донæн йæ дæргъ 6-7 километрæй къаддæр нæу. Ныртæккæ дæр дон уым ис. Уæды заман цæй буль- дозертæ æмæ экскаватортæ уыдис. Æмæ Гамбол ацы ран слайда 121
кодта нæ фыдæлты æвæджиау хæзна «Зиу»-æй. Хъæуы фидиуæг Мхциаты Дзабо иу бон, дыууæ изæры астæу, уынгты ныхъхъæр кодта: - Хорз адæм! Уе ’ппæты дæр Хуыцауы хорзæх уæд! Райсом Бокоты Гамбол Ногхъæуы комкоммæ Æрыдоны донæй йæ куы- рой æмæ хырхæйфадæнмæ уадзы дон. Ацы дон æрмæст Гамбо- лы нæ хъæуы. Уый хъæуы, астымы Хъæдгæронæн цы фос хи- зынц, уыдон дæр. Гамбол куры, йæ фадат æмæ амал кæмæн у, уыдонæй се ’ппæтæй дæр, цæмæй рацæуой зиумæ æд уæрдæттæ, æд белтæ. Дыккаг бон райсомæй Хъæдгæроньг цæрджытæ, искуы иутæй фæстæмæ, æд уæрдæттæ æмæ кусæн дзаумæттæ рацыдысты ас- тыммæ. Уый размæ бонты Гамбол бæлвырд сбæрæг кодта, доны къанау кæуылты æрцæудзæнис, уый. Сбæлвырд кодта, гутонæй дзы хахх кæм хъæудзæнис, белæй къахын, уыдæттæ. Æмæ ныр æнæхъæн хъæубæстæ зиумæ куы æрæмбырд сты, уæд алы сыхæн дæр бацамыдта бæлвырд бакæнинаг куыст. Æмæ сæдæгай адæймæгтæ ерысæй кусынмæ бавнæлдтой. Хъæдгæроны астым- ты Æрыдоны донæй ракалдис æнæхъæн дон. Уый бафсæста донæй, астымы хъæубæстæн цы бирæ фос хызтис, уыдоны. Уыцы доныл скуыстой Гамболæн йæ хырхæйфадæн æмæ йæ куырой. Хæстæгдæр хуыцаубоны та Гамбол аргæвста гал æмæ скодта стыр куывд. Уæлдæр куыд загьтон, афтæмæй цы доны кой кæнæм, уый абон дæр Хъæдгæроны цæрджытæ хонынц «Гамболы дон». Фæлæ Дзæу- джыхъæуæй Æрыдонмæ фæндагыл ацы доныл цы хид ис, уым хи- дыхъус доны ном у «Неволька». Ацы ном ыл цымæ чи сæвæрдта æмæ цæмæ гæсгæ? Дон хъуамæ хæсса, чи йæ рауагьта, уый ном — Бокоты Гамболы ном. Куыд загътон, афтæмæй Бокоты Гамбол схъомыл ис сидзæрæй, бæгьнæг, бæгьæввадæй, бавзæрста мæгуырдзинад, диссæгтæ дзу- рынц абон дæр ма хъæубæсты хистæртæ Гамболæй. Æвæццæгæн, йæ мæгуыр сидзæры бонтæ æдзухдæр лæууыдысты йæ зæрдыл æмæ æппынæдзух уымæн архайдта хъæубæсты мæгуыртæн æххуыс кæны- ныл. Хорз ма хъуыды кæнын æз, уæды рæстæджы цæхх уæй кодтой кæттаг дзæкъулты. Дзæкъултæ-иу уыдысты рæхсад. Ахæм дзæкъу- лы цæхх цьгдис пут. Гамбол уыцы дзæкъултæй самал кодта цалдæр фондзыссæдзы. Æмæ-иу бæрæгбонтæй исчи куы ’рбацæйхæццæ кодта, уæд-иу йæ фондз фыртæн ацы дзæкъултæ мæнæуыссад — чъирийагæй байдзаг кæнын кодта. Йæ чызджытæ та-иу сын сæ 122
кæмттæ барæхсадтой. Сифтындзын-иу кодта Гамбол цалдæр бæхуæ- рдоны, байдзаг-иу сæ кодтой ссады дзæкъултæй æмæ-иу фырттæ ацыдысты хъæубæсты мæгуыртæн Ногбонмæ, Куадзæнмæ, Хетæ- джы бонмæ, Джеоргуыбамæ чъириаг уарынмæ. Æмæ-иу уыдис алы мæгуыр хæдзары дæр æртæ чъирийы фынгыл кувынмæ. Гамбол, хырхæйфадæны тæнæг фæйнæг чи фаста, уыдонæй æхца нæ иста, æхцайы бæсты сæ-иу иста дыууæ фæйнæджы. Сæхицæн-иу сæ сисын кодта хырхæйфадæны цармæ. Ам ахæм тæнæг фæйнæджытæ Гамболмæ æвæрд уыдис æдзухдæр. Æмæ-иу хъæу- бæсты зиан куы ’рцыд, уæд-иу Гамбол чырынæн арвыста уыцы фæйнæджытæй, цас хъуыдис, уыйбæрц. Куыд зонæм, афтæмæй ирон адæм алы аз дæр сæ зæронд зиан- ты мьтсынц, кæнынц сын фынджыдзæгтæ. Иуæй-иу рæтты сæ хо- нынц Сагой æхсæвæртæ дæр. Гамбол дæр мысыд йæ мад æмæ йæ фыды æмæ сын-ну хæлар кæнынмæ сцæттæ кодта, цы хъуыд, уый. Иæ мад æмæ фыды фынджы фарсмæ-иу алы хатт дæр æвæрд уыдис дыккаг фынг хæрд æмæ нозтимæ. Ацы фынг та-иу Гамбол ныххæ- лар кæнын кодта, мæрдты цы бирæ мæгуыртæ ис, дыууæ кæрдзы- ны ныххæларгæнæг кæмæн нæй, уыдонæн се ’ппæтæн дæр. Бокоты Гамбол цы хорз хъуыддæгтæ кодта адæмæн, уыдонæй ма ис бирæ ранымайæн. Фæлæ уæлдæр цы хабæрттæ ракодтон, уыдон дæр æгъгъæд сты ацы лæгæн аргь скæнынæн. Æмæ йын стыр аргъ кодтой æрмæст йæ райгуырæн хъæуы цæрджытæ нæ, фæлæ Ирыстоны алы ран дæр. Зæгьын хъæуы уый дæр, æмæ, Гамболы хорз чи зоны, уыдон куыд зæгьынц, афтæмæй уымæ æххуырстытæ никуы уыд. Уымæн йæ фондз фыртæй иу дæр скъола каст нæ фæцис. Куыстой сæ фыды фарсмæ. Стыр хæдзар, бирæ фос, стыр куырой æмæ хырхæйфадæн, быдыры хуымтæ æмæ уыгæрдæнтæ — се ’ппæты фаг дæр кодтой Гамбол æмæ йæ фондз фырты. Æмæ кæд хъæздыг цардысты, уæд æрмæстдæр сæхи фæллойæ. Иу-дыууæ ныхасы Гамболæн йæ бинонты дарддæры хъысмæты тыххæй. Йæ астæуккаг дыууæ фырты Дзибушка æмæ Бунт, сæ фыды æрцахсты фæстæ, бирæ нал ацардысты. Сæ мулк сын иууылдæр куы байстой, уæд зæрдæдзæф фесты æмæ амардысты. Дыууæ кæстæры Дзаххот æмæ Елхъан алыгъдысты Гуырдзыстонмæ, Дзах- хот абон дæр ма цæры уым. Елхъан ралыгьд æмæ цæры нæхимæ Ирыстоны. Дыууæйæн дæр ис бинонтæ. Æфсымæрты хистæр Али- хан дæр бирæ азты фæцардис Гуырдзыстоны. Стæй æхсайæм азты ралыгъди æд бинонтæ Дзæуджыхъæумæ. Йæ фырт Георги бирæ фæкуыста горæты арæзтады инженерæй. Амард æрæджы. Дыууæ чызджы Эммæ æмæ Мэри ацыдысты чындзы æмæ цæрынц дзæбæх 123
сæ бинонтимæ. Йæ цот дæр Гамболæн рацыдысты йæхи хуызæн: куыстуарзаг, цæстуарзон æмæ зæрдæхæлар. Æрхæсдзынæн ахæм дæнцæг: иуахæмы мæм нæхицæй æрбадзырдтой телефонæй (уæд куыстон хъæусоветы сæрдарæй). Загьтой, Бокоты Гамболы фырт Алихан, дам, Гуырдзыйæ рацыдис æмæ, дам, дæм нæхимæ æнхъæлмæ кæсы. Æз рæвдз ацыдтæн нæхимæ. Алиханæн йæ кой хъуыстон, æндæр æй никуы федтон уый размæ. Æрбаййæфтон æй цæхæрадоны. Кастис бæлæстæм, халсарты æвзартæм. Æз ын æнхъæл уыдтæн йæ фыды хуызæн стыр хæрзхуыз лæг. Уый та ра- зындис къæсхуыртæ. Бирæ мæ фæрафæрс-бафæрс кодта не ’рвадæлтæй, хæстæджытæй, йæ зонгæтæй. Уæдмæ баизæр ис. Æхсæвæр бахордтам æмæ дыууæйæ иу уаты схуыссыдыстæм. Æмæ мын уæд ракодта йæ цыды сæры хабæрттæ. Цæвиттон, 1930 азы бинонты кулак куы скодтой, Гамболы куы ’рцахстой, уæд Алихан йæхицæн ахсынæй старстис æмæ алыгъд Гуырдзыстонмæ. Ам горæт Телавийы æрцардис, скодта дзы дыу- уæуæладзыгон хæдзæрттæ. Уыдис дæсны хырхæйфадæн рамæтæ раст æвæрынмæ, æмæ йæ ацы куыстмæ хуыдтой Гуырдзыстоны алы рæттæм. Сабыр, æфсæрмыгæнаг æмæ куыстуарзаг -æрмдæсныйы бирæ хъæуты æмæ горæтты базыдтой æмæ йын кодтой стыр аргь. - Гуырдзыстоны сæвæрдтон бирæ хъæдфадæнтæ, кодтон сæ цалцæг дæр. Цыдысты мæм алырдыгæй. Мыздыл хæлоф никуы бакодтон, истон æрмæст, цы мын лæвæрдтой, уый. Фæлæ æдзухдæр мæ зæрдьгл лæууыд нæхи хырхæйфадæн. Уыдис амери- каг, зыдтон ын йæ маркæ. Уыдис æмбисонды хорз станок. Æз бирæ рæстæг фембырд кодтон уымæн ивæн хæйттæ, æфснайдтон сæ асыччыты. Ныр рацьгдтæн фыццаг хатт нæхимæ. (Уый уыдис 1962 азы сæрды). Фæнды мæ бæлвырд сбæрæг кæнын, нæ хыр- хæйфадæн цы уавæры ис, уый. Стæй уæд мæ куысты райсдзынæн улæфты рæстæг, æрласдзынæн, цы ивæн хæйттæ фембырд кодтон, уыдон. Мæ зæрды ис нæ хырхæйфадæн ногæй срæвдз кæнын. Æмæ уæд уый кусдзæн, мæ фыд Гамболы рæстæджы куыд куыста, афтæ. Иу капекк дæр мæ никæмæй хъæуы ацы хъуыддаджы. Уый уыдзæнис мæ лавæр мæ фыд Гамболы номыл мæ райгуырæн хъæубæстæн. Куыд дæм кæсы мæ уынаффæ, — бафарста мæ фæстагмæ Алихан. Кæд æз Алиханмæ фæхъуыстон, уæдцæр æм иу-цасдæр ницы сдзырдтон. Уый та загьта: т- Æвæццæгæн, Солтан, бафынæй дæ? — Нæ, фынæй нæ бадæн, Алихан. Æз дæм лæмбынæг фæхъ- уыстон. Дæ уынаффæ хорз у, фæлæ. — Æз та мæ ныхас фæурæдтон. 124
— Фæлæ цы? — афарста та мæ Алихан. — Байрæджы кодтай, Алихан, дæ хорз фæндтæй, æвæццæгæн, ницыуал рауайдзæнис. Æмæ Алиханæн рахабар кодтон: — Иу-дыууæ азы размæ колхозы разамынд хырхæйфадæн райха- лын кодта. Аластой йæ уæлбылмæ, колхозы æрмадзтæ кæм уыды- сты, уырдæм. Ам, дам, æй сывæрдзыстæм æмæ электрон тыхæй кусдзæн. Фæлæ æнæвæрдæй баззад, хæмпæлы бын фесты йæ хæйттæ æмæ сыл згæ схæцыд. Æмæ йæ ногæй сæвæрыны бæсты ныллыгтæ кодтой æмæ йæ утилмæ радтой. Ацы ныхæстæ фехъусгæйæ Алихан йæ хуыссæны рабадт æмæ загьта: — Уый цы бакодтой? Сæ сæртæ кæм уыдысты? Хырхæйфадæн зылдис цæугæдонæй, ницы фæлхас кодта! Стæй ахæм хъæдфадæн Ирыстоны нæй. Уый уыдис стыр хæзна хъæубæстæн, уæд æй куыд фехæлдтой?! Алихан æхсæв-бонмæ нæ бафынæй. Райсомæй раджы фестад, йæхи ахсадта æмæ цæуыныл ныллæуыдис. Нал бакуымдта аходæн хæрын, йæ дзыхмæ цайы агуывзæ дæр нæ систа, афтæмæй ацыд. Нæ цыдис лæгæн хæринаг йæ хъуыры фырмæстæй. Æккæлаты Гамбол, æрыдойнаг зæронд лæг, мæнæн куыд ра- дзырдта, афтæмæй Бокоты Гамболæй уазæгджындæр Хъæдгæроны нæ, фæлæ æгас Ирыстоны дæр нæ уыдис. Йæ дуармæ цы цалдæр бæхбæттæны уыдис, уыдоныл алы хатт дæр фенæн уыдис бастæй уазджыты саргъы бæхтæ. Райсомæй æхсæвæртæм сæ хæринаггæ- нæны пецы арт нæ мынæг кодта. Бирæ хонджытæ уыдис Бокоты Гамболмæ куывдтæм, чындзæхсæвтæм Ирыстоны алы хъæутæй. Фæлæ се ’ппæтмæ ацæ- уыны фадат кæм уыдаид. Уæддæр, чи ма йæ зоны, уыдон куыд дзурынц, афтæмæй Гамбол се ’ппæтæн дæр æгьдау лæвæрдта йæ фæлхасæй. Гамбол хъæубæсты мæгуыртæн сæ бæрæгбонтæ бæрæгбонхуыз кæй кодта, зиан-иу кæуыл æрцыдис, уыдонмæ дæр сæ зиан бафс- найынмæ йæ цæст æппынæдзух кæй дардта, уæдæ мæрдты бæсты цы бирæ мæгуыр мæрдтæ ис, рухсаг зæгъæг кæмæн нæй, дыууæ кæрдзыны ныххæларгæнæг кæмæн нæй, уыдонæн йæ цæхх æмæ йæ кæрдзын йæхи мад æмæ фыды хуызæн чи хæлар кодта, уыцы Гамбол куыд ферох уа абон дæр адæмæй. Æмæ нæу рох. 125
ИУ ХАТТ МА НЕ ’ГЪДÆУТТЫ ТЫХХÆЙ Ирон æгъдæуттæ абон нæ фæзындысты. Тынг раджы райдыд- той адæм сæ цард æгьдауыл аразын. Æмæ-иу искуы куы фæзындис æгъдау, адæмæн се ’ппæты зæрдæмæ дæр чи фæцыдис, царды мидæг-иу æххуыс чи уыд, ахæм, уæд-иу ахæлиу адæмыл, иууылдæр- иу ыл сразы сты æмæ-иу æй æххæст кæнын байдыдтой, Амæйразмæ «Рæстдзинад» ныммыхуыр кодта Аланты Ныхасы ирон æгьдæутты къамисы уæнг Мырзаганты Махары уацхъуыд зиа- ны æмæ чындзæхсæвы ирон æгьдæутты тыххæй. Кæронбæттæны фыссы: «Аланты Ныхасы ирон æгьдæутты къамисы уæнгты фæнды, ирон æгъдæуттæм куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон сæм куы æрбарвитиккой сæ фиппаинæгтæ, сæ фæндтæ». Иумæ райсгæйæ, Мырзаганы-фырты уацимæ æз дæр разы дæн. Фæлæ мæ фæнды иу-дыууæ ныхасы зæгъын. Мæнмæ гæсгæ, стыр худинаджы хъуыддаг у, марды фынгыл æртæ чъирийы кæй æрæвæрынц, уый. Ацы хъуыддаг фæзынд æрæджы. Зын зæгьæн у, цавæр «реформатор» æй æрхъуыды кодта, уый. Фылдæр ацы зылын хъуыддагыл æз æмбæлын Дзæуджыхъæуы. Кæд уыди уый, æмæ ирон зианы фынгыл æрæвæрой æртæ чъирийы? Ацы æртæ чъирийæ нæ адæм рагæй дæр куывтой Хуыцау æмæ йæ зæдтæм. Ныр сæ рахастой ранæй-рæтты зианы фынгмæ. Ацы хъуыдцаг, мæнмæ гæсгæ, у худинаджы хъуыддаг æмæ йæ хъæуы ныууадзын алы ран дæр. «Марды уæлхъус æппæлæн ныхас аив нæу», — фыссы Мырза- ганы-фырт. Куыд æмбарæн ис ацы ныхæстæн? Æз нырма Ирысто- ны ахæм зианы нæма уыдтæн æмæ зианы цы лæг дзуры, уый, чи амард, уымæй æппæлæн ныхæстæ ма зæгьа. Уымæн æмæ, искуы иуы йедцæмæ лæгмæ исты хорздзинад ма уа, уый гæнæн нæй. Æмæ лæг куы амæлы, уæд йæ хорздзинад дæр разыны. Æмæ адæм цæ- уылнæ хъуамæ фехъусой, кæмæй бавдæлон сты, уымæ цы хорз- дзинæдтæ уыдис йæ цæргæйæ, уыдон? Мырзаганы-фырт ацы ран, мæнмæ гæсгæ, раст нæу. Тынг нæм сарæх нæ зианы рæстæг мæрдæхсæвæр кæнын. Раст зæгъы Махар, нæ фыдæлтæм нæ уыдис, уыцы хъуыддаг, зæгьгæ. Ацы æхсæвæр фыдгуыбынты æмæ нозт- уарзджыты хъæуы æмæ йæ, æвæццæгæн, хъуыды дæр уыдон æркод- той. Фæлæ ныртæккæ бауромæн нæма ис иннæ марды кæндтæн. Ничи ныууадздзæн йæ мардæн дыууиссæдзæм бон кæнæ афæдзы хист скæнын. Мæнмæ афтæ кæсы. 126
Куыд хъуамæ бадой адæм зианы фынгыл? Мырзаганы-фырт зæгъы: хистæр бады уæлейы галиуæрдыгæй, йæ бакомкоммæ уазæг адæмы хистæр, йæ галиуфарс та мæрдджын мыггаджы хистæр. Махмæ, Хъæдгæроны, хистæр æдзухдæр бады фынгæн йæ ныхмæ. Æмæ уый у бирæ растдæр. Уыцы ран бадгæйæ уый уыны, фынгыл чи бады, уыдоны се ’ппæты дæр. Йæхи дæр ын иууылдæр уынынц. Алчидæр хъахъхъæны йæхи хистæры уайдзæфæй æмæ бады, куыд æмбæлы, афтæ. Мырзаганы-фырт куыд зæгъы, афтæ куы бада хистæр, ома, уæлейы галиуæр- дыгæй, уæд та уындзæн, æрмæстдæр йæ комкоммæ чи бада, уыдонæй цалдæры. Йæхи дæр ын ничи уындзæн. Куыд хъуамæ зына уæд фынджы хистæр, зианы фынгыл цы бирæ адæм фæба- ды, уыдонмæ? Æнæ зæгьгæ нæй, зианджынтæ бадты адæммæ куыд æмæ цæмæн рацæуынц, уый тыххæй. Нæ хъæуккаг, тынг нымад зæронд лæг — Джериаты Бибо йæ рæстæджы афтæ радзырдта: — Бирæ адæм æрцæуы махмæ зианмæ. Æмæ уыцы адæмæн сæ ныхас, сæ фарн сты тынг тыхджын. Фынгыл уæлейы чи бады зианы рæстæг, уыцы хистæртæн сæ хæс у фæдзурын зианджынтæм æмæ сын утæппæт адæмы номæй хъуамæ зæрдæтæ сæвæрой сæ зианы фæстæ, райсой зианджынтæ фидар зæрдæ. Раттынц сæм нуазæнтæ, семæ сæ уыдон бануазынц. Стæй цасдæр рæстæджы фæстæ хъуамæ рацæуой бадтмæ зианджынтæ æмæ арфæ ракæной, ацы зианмæ абон цы адæм æрæмбырд, уыдонæн. Уымæн æмæ ирон адæмæн сæ мард сæхи бар никуы баззад, ныгæнынц æй адæм, æгьдау дæр ын дæттынц адæм. Æмæ уыцы адæмы фыдæбон ма æрхъуыды кæн æмæ сын бузныг ма зæгъ, уый уаид стыр рæдыд, æнæрхъуыдыдзинад. Ныртæккæ фенæн ис, дыууæ цыды, дам, цæмæн кæнæм, зæгьгæ, æмæ фысымтæм бадты адæм куы фæдзурынц, уæд уыцы цыды ахицæн кæнынц се ’ппæт хæстæ. Сæмхæццæ вæййынц сæ нуазæнтæ æмæ сæ ныхæстæ. Фыдæлтæ ацы хъуыддаг сарæзтой тынг хорз. Ныртæккæйы «ре- форматортæ» та йæ æмтъеры скодтой. «Марды фæстæ мæрддзыгой цæуæд уæлмæрдмæ»,- зæгьы Мырзаганы-фырт. Фæлæ, куыд зонæм, афтæмæй мардмæ æрцæуы бирæ зæронд адæм. Уæдæ дзы рынчынтæ дæр вæййы. Æмæ адон та куыд цæуой уæлмæрдмæ? Зианы фынгыл цал сидты кæнын хъæуы? Мырзаганы-фырт куыд зæгъы, афтæмæй нæ хъæуы кæнын мæнæ ацы сидтытæ: — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны тыххæй. 127
— Хъулгьа æмæ гуырдзыйы хæстыты чи фæмард, уыдоны тыххæй. — Хъарманы сывæллæтты тыххæй. — Арвыкомы автобусы чи ахауд, уыдоны тыххæй. — Дзæуджыхъæуы базары срæмыгъды чи фæмард, уыдоны тыххæй. Автор раст зæгъы, адон иууылдæр хауынц зæронд мæрдтæм. Фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдон иннæты хуызæн не сты. Адонæй тынг бирæ абон дæр ныгæд нæма сты. Быдырты, хъæдты æма цъымараты абон дæр ма арынц уыдоны стæгдартæ. Не ’рцы- дысты ныгæд, нæй сын цыртытæ. Иннæтæ иууылдæр æрцыдысты ныгæд сæ ингæнты, уыдис сын хистытæ, адæм сыл фæкуыдтой æмæ афтæ дарддæр. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, махæн, æгæстæн, нæ хæс у абон дæр æмæ райсом дæр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны мысын æмæ хъуыды кæнын нæ зианы рæстæг. «Уæрæсейы, Европæйы быдырты Фæцис мæ фæлтæр царæфтыд, зынгхуыст. Æмæ нырма сæ фылдæры цыртытыл Сæ ном нæма у абон дæр ма фыст», — зæгьы поэт. Æмæ йæ цард мах тыххæй чи радта, уыдоны куы нæ хъуыды кæнæм, уæд бынтондæр ферох уыдзысты. Уый та махæн уыдзæн стыр худинаг. Уыцы хæсты чи фæмард, уыдон хъуамæ макуы ферох уой. Ацы рæгъ кæд æмæ кæм рацыд, уый тыххæй æнæ зæгьгæ нæй. Рауагьтой йæ Хъæдгæроны 1970 азы 7 мартъийы, Дауыраты Хъам- болаты чызг Сурæт куы амардис, уæд. Уымæй 4-5 мæйы размæ та гомгонд æрцыд цырт, Хъæдгæронæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æмхъæуккæгтæн. Æмæ æз уæд, хъæусоветы хи- цау, хъуыды кодтон, ацы адæмæн сæ ном исты хуызы куы арик- кам, ууыл. Царды æндæр ницы мадзал ис, уыдонæн, 537 адæй- магæн, нæ зианты рухсаг кæнын йеддæмæ. Мартъийæн йæ 6-æм бон Хъæдгæроны фольклорон ансамбль лæвæрдта концерт Цæгат Ирыстоны телеуынæны. Уырдыгæй куы æрцыдыстæм, уæд нын уыд æхсæвæр хъæуы кафейы. Адæм бадты- сты, куыд æмбæлы, афтæ, алчи йæ кармæ гæсгæ. Æз бадтæн æппæты дæлейы. Æмæ мæм æртыккаг сидт куы æрхæццæ, уæд сыстадтæн. ,— Хорз адæм, стыр бузныг уын зæгъын, абон та хъæубæсты хорзæй кæй равдыстат, уый тыххæй. Фæлæ мæнæ нæ фарсмæ цалдæр мæйы размæ сæвæрдтам цырт 537 хъæдгæройнагæн, æмæ 128
уыдонæн, цæмæй сæ кой ма фесæфа, уый тыххæй исты æрхъуыды кæнæм. Хорз уаид, мæнмæ гæсгæ, уыдонæн сæ ном сæрмагонд рæгъæй куы ариккам алы зианы дæр, уæд. Сымахæй хистæр хъæу- бæсты ничи ис, сымах цы зæгьат, уый уыдзæн хъæуы. Æнæ уæлдай ныхасæй адæм се ’ппæт дæр мемæ сразы сты. Ба- фæдзæхстон нæ хистæр Беджызты Амырханæн, цæмæй уый рай- сом Дауыратæм, куыд хъæуы хистæр, ацы рæгь рауадза. Дыккаг бон уый афтæ бакодта. Ацы хъуыдцаг адæммæ се ’ппæтмæ дæр фæкаст тынг хорз. Æмæ иууылдæр дзырдтой, ацы хъуьтддаг алы хъæуы дæр кæнын хъæуы, зæгьгæ. Æмæ йæ тагьд рæстæджы æппæт Ирыстоны дæр байдыдтой. Нæ ирон фынджы «реформатортæ» ацы сидтмæ бафтыдтой бирæ «къæдзилтæ» æмæ абон рухсаг кæмæн фæзæгьынц, уыдон ныма- йын куы байдайынц, уæд сын кæрон нал вæййы. Иу лæгмæ та æркастис хардзау, ацы сидт уый кæй не ’рхъуыды кодта, уый. Лæг уыди дзырддзæугæ æмæ рауагьта, ацы сидт, дам, нуазын хъæуы лæугæйæ. Ирон адæм та рухсаг лæугæйæ никуы нуæ- зтой. Нуæзта йæ уыцы лæг лæугæйæ, æмæ йæм тынг чи хъуыста, уыдон дæр нуæзтой æмæ абон дæр нуазынц афтæмæй. Чындзæхсæвы ирон æгьдæутты тыххæй Мырзаганы-фыртимæ æз дæр дæн разы. Куыддæриддæр махмæ у Хъæдгæроны, афтæ фыссы. Фæлæ æнæ зæгъгæ нæй ам дæр иу-дыууæ ныхасьт. Нæ чындзæхсæвы нал ис ирон зарæг. Æз æй хорз хъуыды кæнын, æндæр хъæуæй дæр æмæ хи хъæуæй дæр чындзхæсджытæ чызджы хæдзармæ цыдысты Алыккаты Хазбийы зарæг кæнгæ. Фынгыл бадгæйæ-иу цыппар-фондз сидты фæстæ фысымты хистæр ныззарыд Уастырджийы зарæг. Уымæй-иу æй айста уазджыты хистæр. Уыдонæй-иу зарæг айстой кæстæртæ. Уастырджийы зарæгæй-иу рахызтысты æндæр ирон хъæбатырты зарджытæм. Æмæ- иу хæдзар зарæгæй æрвнæрæгау кодта. Чындзы дæр-иу хистæртæм ракодтой сæрмагонд зарæг кæнгæ. Уæдæ-иу хъазт иу минут дæр не ’нцадис. Уазæг фæсивæд-иу ерыс кодтой фысымты фæсивæдимæ хуыздæр акафыныл. Цæвиттон, уый уыдис æцæгæй дæр нæртон хъæлдзæгдзинад. Ныр афтæ нал у. Нал сты кафт æмæ зард нæ чындзæхсæвы. Кæд ма æрхæцынц ирон симды хистæрæй-кæстæрæй адæм? Ацы хъуыддæгтæ фæстæмæ сног кæнынæй стырдæр хæс ныртæккæ, мæнмæ гæсгæ, нæй. Мах та фæлтау æрбакæнæм цавæрдæр ан- самблтæ, æмæ нын сæмтъеры кæнынц нæ хъæлдзæгдзинад. Нæ сæ хъæуы кæнын, зæгьгæ, зæгъы Мырзаганы-фырт, æмæ уыимæ æнæ сразы нæй. Нæ сæ хъæуы! 9 Бокоты Солтан 129
Бирæ хæттыты федтон быцæутæ, хистæр куы кува, уæд цавæр хай хъуамæ уа, йæ къухы, уый тыххæй. Иутæ фæзæгъынц, фи- зонæг, иннæтæ - базыг. Æмæ Мырзаганы-фырт зæгъы тынг раст: хистæрмæ хъуамæ уа физонæг. Уымæн æмæ, кусартæй ницы ис физонæгæй кадджындæр, раззаг хуылфыдзаумайæ чи уа конд, уыцы физонæгæй. Нæ мадæлтæ-иу нæ куы æрвыстой кувæндонмæ, уæд нын не ’ртæ æртæдзыхоны сæрыл æдзухдæр æвæрдтой фи- зонæг. Фæлæ базыг, кусарты къахы хай никуы æвæрдтой. Абон дæр у афтæ. Æмæ йæ бамбарæм: хистæрмæ, кувгæйæ, хъуамæ уа физонæг, базыг та хъуамæ уа æртыккаг хистæрмæ. Хъуамæ Иры- стоны ацы хъуыддаг кæнæм иухуызон. Уымæн æмæ йæ нæ фыдæлтæ дæр афтæ кодтой. ИРОН ХЪÆБАТЫРТЫ ЗАРДЖЫТÆ ЦÆМÆН БАЗЗАДЫСТЫ РОХЫ? Стыр æхсызгонæй бакастæн «Рæстдзинад»-ы Зыгьуытаты Сер- гейьт уац «Ирон хъæбатыртыл зарæг». Нал хъусынц ирон адæм сæ хъæбатырты зæрджытæ. Æмæ чи у аххосджын уыцы хъуыддаджы? Нæ телеуынæн æмæ радиойæ хъуысы зарæг. Фæлæ цавæр? Цалдæр чызджы зарынц уар- зондзинадыл. Фæлæ кæд райхъуыст Алыккаты Хазбийы, Басаты Муссæйы, Беккуызарты Саукуыдзы, Беджызты Темболаты, Бигъа- ты Тæтæры, Бокоты Тæтæрхъаны, Борсæты Гадзыбейы, Дзампа- ты Кæкуйы, Дзеранты Габойы, Елиаты Алыксандры, Илаты Дзы- быртты, Кодзырты Дзæрæхмæты, Къарджиаты дыууæ фаззоны Макар æмæ Хъуыдæберды, Къомайты Цуаноны, Къубалты Куы- дзыгусы, Ларсаг Хъуыдайнаты, Майрæмыхъуаты Дзабойы, Мы- сыкаты Сосланы, Тотыккаты Хасанбеджы, Фидараты Мамсыры, Хъæстуаты Хъазыбеджы, Хабæты Ботасы, Хъуысаты Хъамболаты, Дзампаты Алиханы æмæ бирæ æндæрты, ирон адæмы хуыздæр хъæбулты зарджытæ? Кæд райхъуыстис Куырттаты зарæг, Донайы ха^стонты зарæг, Хъæрмæдондзауты зарæг, Хуыцауы æртæ пех- уымпары зарæг æмæ ма бирæ æндæр ирон адæмон зарджытæ? Зæгъæн ис — никуы! 130
Æз хорз хъуьгды кæнын ахæм хъуыддаг, æмæ хæсты размæ чындз- хæсджытæ чындзы хæдзармæ цыдысты Алыккаты Хазбийы зарæг æмæ Нанайы зарæггæнгæ. Ацы зарæг-иу Цæлыккаты Гугуш куы ныккодта, уæд-иу иутæ худгæ кодтой, иннæтæ — кæугæ. Ныртæккæйы чындзхасты ирон зарæгæн йæ кой дæр нал ис. Баххуырсынц цыдæр ансамблтæ, цæгьдын райдайынц алыхуызон æнæхъола цæгьдтытæ, хатгай зæрдæ мæгуыр кæмæй кæны, ахæмтæ. Чындзы ракæнынц хъæр, хъæлæба, æхситт æмæ алыхуызон хъæртимæ. Хæсты размæ-иу хъæуы алы кæрæттæй хъуыстис ирон зарæг. Абон, куы æризæр вæййы, уæд хъæуы цæрджытæ цыма иууылдæр мæлгæ акæнынц, уымæй уæлдай нæу. Сæфы ирон адæ- мон хъæбатыры зарæг. 1929 азы, хорз æй хъуыды кæнын, Хъæдгæроны фæсивæд здæхтысты Стъараполы крайæ, уым балхæдтой мæнæуы ссад. Суа- гьтой Терчы был сæ бæхтæ æмæ сæ фæллад уагътой. Ам сæм рауад ныхас, Терчы чи баленк кæнид, зæгьгæ. Ныхас рауад Хъа- раты Лоля æмæ Дзуццаты Дзигойы ’хсæн. Дзиго уарзта Лоляйы хо Женяйы. Æмæ Дзигойæн Лоля загьта, куы баленк кæнай, уæд дын мæ хойы ратдзынæн, зæгъгæ. Дзиго баленк кодта, фæлæ фæстæмæ йæ бон нал баци æрбаленк кæнын, ацыд доны бынмæ æмэе фесæфт. Йæ уарзон чызг Женя — фæндырæй тынг дæсны — скодта Дзи- гойыл зарæг. Къорд азы ацы зарæг тынг арæх кодтой, фæлæ, цæмæдæргæсгæ фæстагмæ ферох. Цалдæр азы размæ поэт Чеджем- ты Æхсары руаджы зарæг фæстæмæ æрцыдис фыст æмæ йæ арæх лæвæрдтой радиойæ (Æхсар йæхæдæг радиокомитеты кусы). Стæй та ногæй урæд æрцыд. Мæнæн куыд радзырдтой, афтæмæй йæ ба- урæдта партийы уæды обкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайады разамынд. «Дзигойы мæлæты бафæзминагæй ницы ис»,— загътой партион чиновниктæ. Нæ бæззы, дам, бафæзмынæн æмæ йæ за- рын дæр нæ хъæуы. Æмæ æз ахъуыды кодтон, ау, æмæ, зæгъын, уырыссаг зарæг «Бродяга»-йы та хорзæй цы ис? Науæд, «Вот мчится тройка почтовая»-йы? Æмæ афтæ бирæ æндæр зарджыты. Дзуццаты Дзиго уыдис сидзæр лæппу. Схъомыл ис тынг зынтæй. Уыдис æмгарджын. Тагъд хъуамæ ракуырдтаид йæ уарзон чызг Женяйы. Æмæ бахауд стыр бæллæхы, фесæфт Терчы. Йæ чындзæхсæвæн мæнæуы ссад куы сцæйласта, уæд. Иттæгхорз зарæг ыл скодта йæ уарзон чызг Женя. Цы ма вæййы уымæй стырдæр бæллæх? Æмæ йыл не ’мбæлд зарæг? Æмæ уыцьг зарæг цæуылнæ æмбæлы зарын? Кæд абон нæ телеуынæн æмæ радиойæ нал дæттынц Дзигойы зарæг, уæддæр уый у æгас, æмæ йæ адæм зарынц. 131
Æз ацы дæнцæг уымæн æрхастон, цæмæй равдисон, иугай адæймæгтæ сæхи куыд тъыссынц, хъуыддаг сæ кæм нæ уа, уым, уый тыххæй. Æз сидын нæ телеуынæн, радиомæ, нæ композиторты цæдисы сæргъы чи лæууы, уыдонмæ, цæмæй ацы ахсджиаг фарстамæ азда- хой фаг æргом. Хорз уаид, æмæ-иу, сæ куыстæн рагагъоммæ пълан кæнгæйæ, уыцы пъланы бынат куы ныууадзиккой ирон зарæгæн дæр. Æмæ-иу куыд æхсызгонæй хъусиккой ирон адæм сæ рагон фыдæлтыккон зарджытæм, нæ рох кæниккой уæд ирон адæмы хуыздæр фырггы нæмттæ дæр. Тынг раст зæгьы Зыгьуытайы-фырт, уый рæдыд хъуыдцаг нæу, фæлæ у фыдракæнд. Æцæгæйдæр, телеуынæн æмæ радио дæр сты адæмы тыххæй, сæ кусджытæ цæрынц, адæмæй цы фæрæзтæ ист цæуы, уыдонæй. Афтæмæй уыдон та куыд æмбæлы, афтæ не ’ххæст кæнынц адæмы домæнтæ. Æмæ, Зыгъуытайы-фырт, мах дæр æнхъæлмæ кæсæм, кæд фæзынид иу фæрнджын лæг ирон адæммæ, норст цæхæрæй арт чи скæна. Фæлæ уый кæд уыдзæн? БАТРАДЗЫ КАФТ Ацы хабар æрцыдис хæсты размæ 1940 азы, сæрды. Æз уæд ахуыр кодтон 9-æм къласы. Мæ хистæр æфсымæр Цæра куыста колхозы бригадирæй. Цард уæд акодта размæ стыр санчъехтæ. Хорз хъуыды кæнын, адæм куыд дзæбæх æмæ хъæздыг цæрын байдыдтой, уый. Колхозы зæрдиагæй чи куыста, уыдонмæ-иу куы баластой нартхор кæнæ картоф, уæд- иу æй нал куымдтой, нал мæ хъæуы, зæгъгæ. Æмæ сын-иу æй уæддæр колхозы возчиктæ акалдтой сæ дуармæ — цы йæ кæныс, уый йæ кæн, зæгьгæ. Уый уыдис диссаджы рæстæг. Цæрайы бригад кæуылты уыд, уым уыди Гуытъиаты Забейы хæдзар дæр. Забе æмæ йæ ус Сæниатæн уыдис дыууæ фырты: Ми- хад æмæ Дзантемыр. Цардысты æнцад сæхицæн, никæй хъыгдар- дтой æмæ сæ ничи хъыгдардта. Куыстой лæппутæ сæ фыдимæ колхозы æмæ хæринаг хъуаг не ’ййæфтой. 132
Иу ахæмы изæрыгон Забе æрбацыдис махмæ. Æрбацыдис, Цæра мæ æхсызгон хъæуы, зæгьгæ. Мах ыл фæдис кодтам, абон дæргъы Забе быдыры Цæраимæ куы уыдис, уæд ма йæ ныр цæмæн хъæуы, зæгъгæ. Бадтис Забе æмæ мæ мадимæ ныхæстæ кодта. Æнхъæлмæ кастысты Цæрайы æрбацыдмæ. Уый та, куыд-иу уыд, афтæ колхозы правленийы иста наряд райсоммæ. Кæддæр-уæдцæр фæзынд Цæра дæр. Мæ мад фынг æрæвæрдта, æмæ Забе ракодта йæ ныхас. - Мах, Къаболон (мæ мад Къаболаты чызг уыдис), сфæнд кодтам адæмы бафæзмын æмæ чындз æрхæссын. Бирæ рахъуыды-бахъ- уыдыйы фæстæ бауынаффæ кодтам не ’фсинимæ нæ чындзæн къу- хылхæцæг скæнын Цæрайы. Уынджы дæр ын æй загътаин, быдыры дæр, фæлæ нæ фыдæлтæй афтæ нæ баззад, уый нæ фидауы. Хъуамæ адæймагмæ сæрмагондæй бацæуай йæ хæдзармæ æмæ йын уым йæ бинонты астæу зæгьай дæ хабар. Æмæ æз дæр æрбацыдтæн сæрмагондæй æмæ уын зæгъын мæ хабар, Бокотæ! Адæм бирæ сты, фæлæ нæ хъуыддагæн йæ цæджындзæн мах не ’фсинимæ равзæр- стам сымах æмæ нын аргь скæнут. Ныллæуу, Цæра, къухылхæцæг нæ чындзæн, æмæ хъуыддаг цæмæй фæрæвдз уа, ууыл бацархай. Цæра, куыд вæййы, афтæ нæ разы кодта, мæ хæдзар, дам, ницæмæй рæвдз у. Ахæм хъуыддаджы та, дам, куы бацæуай, уæд дзы истытæ хъæуы, зæгьгæ. Нæ мад бирæ фæхъуыста ныхæстæм, стæй загьта: - Лæппу, æз куыд æрыййæфтон, афтæмæй ахæм хъуыддаджы адæймаджы исчи куы агура, уæд стыр тæригьæд у ма бакома, уый. Забе æмæ Сæниат дæу куы нæ уарзиккой, аргъ дын куы нæ кæник- кой, уæд сæ хæдзары сæ бинонты стыр хъуыддагмæ дæу нæ агурик- кой. Нæ хæдзар бирæ цæмæйдæрты хъуаг у, ды раст зæгъыс. Фæлæ, цалынмæ мах алцæмæй дæр сæххæст уæм, уæдмæ чындз мачиуал æрхæсса? Кæм дæ агурынц, уым хъæуы ныллæууын, бацархайын, цæмæй хъуыддаг ацæуа дзæбæх, куыд æмбæлы, афтæ. Уымæн баз- задис æмбисонд фыдæлтæй, адæм кæрæдзийы руаджы сты, зæгьгæ. Цы ма загътаид Цæра дæр мады ныхæстыл? Сразы, уæдæ цы. Забе цалдæр арахъы бануæзта æмæ махæй хъæлдзæгæй ацыдис сæхимæ. Гуытьиатæ хастой чындз Зæронд Бæтæхъойыхъæуæй, Ходы Дзы- дзойы чызг Дзæнæтханы. Æмæ æрхæццæ ис чындзæхсæвы бон. Уæд автомобилтæ арæх нæ уыд. Чындз хастой уæрдоны кæнæ бричкæйы æндæр хъæуæй. Уæлдай кадджын-иу уыдис тачанкæ, файтон. Нæ колхозы уыцы рæстæг фæзындис ног тачанкæ. Сифтыгътой дзы, уыцы рæстæг Ардасенты Тугъанмæ цы дыууæ сæрæн бæхы уыдис, уьгдоны. Тугьан йæхæдæг та уыд бæхтæрæг. Æмæ ацы та- 133
чанкæйыл хъуамæ Хъæдгæрон æрбаластаиккой чындз Зæронд Бæтæхъойыхъæуæй. Уæды уавæртæм гæсгæ, Зæронд Бæтæхъойыхъæу уыдис тынг дард. Уымæ гæсгæ, бауынаффæ кодтой ацæуын боныцъæхтыл. Чындзхæсджытæ зыдтой ацы хабар се ’ппæт дæр æмæ уыцы афон æрæмбырд сты. Цыдысты, цы тачанкæйы кой кодтон, уым æмæ цалдæр бричкæйы. Æрæмбырд ис хорз фæсивæд. Хистæрæн цыдысты Хъараты Ислам æмæ Гуытъиаты Батрадз. Ацы хистæртимæ цæуæн уыдис алы ранмæ дæр. Исламы дæр æмæ Батрадзы дæр Ирыстоны цы хъæуы нæ зыдтой, ахæм нæ уыдис. Уæдæ æгьдау раттынмæ дæр чи амбылдтаид ацы дыууæ зæронд лæджы! ...Æмызмæлд кодта Ходы Дзыдзойы кæрт адæмæй уыцы бон. Æнхъæлмæ кастысты чындзхæсджытæм. Æмæ кæцæй! Хъæдгæронæй! Сæ ирвæзынгæнджытæй. Ацы рæнхъытæ чи фыссы, уый иу-цасдæр уый фæстæ акуыста ахуыргæнæгæй ацы хъæубæсты. Æмæ-иу мæ сæ хистæртæ фарстой мæ хъæуккæгтæй, чи дзы кæмæ цардис, уыдонæй. 1918 азы хъул- гьа Бæтæхъойыхъæуы куы басыгътой, уæд лидзæг адæм æрбынат кодтой махмæ, Хъæдгæроны. Æмæ алчидæр фарста, кæмæ цардис, уыдоны. — Мах уæд тынг барæвдыдтой Бутатæ: Тасо æмæ Нуца, - дзыр- дта мæнæн бæтæхъойыхъæуккаг зæронд ус Ногьаты Дзадзи. - Йæхи лæг Тасойæ дæр-иу Нуца бамбæхста исты кадавар хæринаг, уæдцæр- иу æй мах лæгæн æрбахаста. Æмæ мæ фысты къуымбилтæн сæ фæлмæнтæ февзæрстон. Скодтон Тасо æмæ Нуцайæн фæлмæн хъарм цъындатæ. Уæхимæ куы цæуай, уæд мын сæ демæ ахæсс æмæ сын сæ ратт. Æндæр сын мæ бон исты хуыздæр куы уаид, уæддæр нæ бацауæрдин, — загьта Дзадзи. Æз, кæй зæгьын æй хъæуьг, æрбахастон уыцы цъындатæ Бу- татæм æмæ сæ раттон, кæмæй загъта, уыдонæн. Тынг æхсызгон уыдис ацы хъуыддаг Тасойæн дæр æмæ Нуцайæн дæр. Ахæм зæрдæ æлхæнæнтæ Бæтæхъойыхъæуæй Хъæдгæронмæ æз æрбаластон тынг бирæ. 22 азы фæстæ Хъæдгæрон æрбацыдысты чындзхæссæг ардæм. Хъæу иууылдæр сыстадысты æмæ æгьдау лæвæрдтой сæ зынаргъ уазджытæн. Даргъ фынгыл ас адæм бадтысты чындзæхсæвы. Фæсивæд стыр лæгъз кæрты сæ дæсныйад æвдыстой кафынæй. Афтæ-иу уыдис раджы. Ныр та чындзæхсæвы нал фендзынæ хъазт. Фæсивæд дæр бадынц хистæрты æмрæнхъ æмæ æз дын ным- мæлонæй къупп кæнынц арахъ. Цы уыдзыстæм дарддæр афтæмæй, уый зын зæгьæн у. 134
Чындзæхсæв уыдис йæ тæккæ цыренæй. Уалынмæ хистæртæ иу-цасдæр фæуагьтой сæ фынджы хъуыддаг æмæ иууылдæр се ’ргом аздæхтой хъазтмæ. Ам хъæдгæройнаг кафаг лæппу Борæдзаты Майрæм кафыдис бæтæхъойыхъæуккаг зæронд ус Джериаты Дзег- даимæ. Диссаг уыдис уыдонмæ кæсын! Æмæ цы кафт нæ кодтой: къахфындзтыл, бадгæ кафт, сгæпп-иу кодтой æмæ-иу афтæмæй æрзылдысты. Адæм циркмæ кæсæгау кастысты æрыгон лæппу æмæ зæронд усы кафтмæ. Фæстагмæ Майрæмæн йæ къæхты змæлд фæсабырдæр. Бæрæг уыдис, фæллайын кæй байдыдта, уый. Æмæ фæстагмæ уый хъазты астæу ныллæуыд æмæ йæхæдæг æмдзæгъд байдыдта зæронд ус Дзег- дайæн (ардæм цæугæйæ лæппутæ фистæгæй бирæ фæцыдысты. Æвæццæгæн, уый фæзынд Майрæмыл). Иууылдæр адæм федтой, зæронд ус кæй фæуæлахиз хъæдгæройнаг лæппуйыл, уый. Хъæубæстæ æмдзæгъд кодтой се ’мхъæуккаг зæронд усæн, истой йæ сæ хъæбысты. Хъæдгæроны фæсивæд лæууыдысты æнцад. Хъыг сын уыдис, састы бынаты сæ кафагдæр лæппу кæй баззад, уый. Уæлдайдæр зæронд усæн! Гуытъиаты Батрадз бадтис дыккаг хистæрæн фынгыл. Ацы кафтмæ уый фæкастис кæронмæ. Ныттар ис йæ цæсгом, иу ныхас йæ дзыхæй нал хаудис. Фæстагмæ сыстад æмæ загъта: — Хуыцауæй уын сомы кæнын, хорз адæм, Гуытъиаты Бади- лайы фырт Батрадз ацы худинагимæ Терчы фаллаг фарсмæ нал ацæудзæн! Ау, уый куыд у: Бæтæхъойыхъæуккаг зæронд ус кафынæй фæуæлахиз хъæдгæройнагыл? Уый сæрмæ хæсгæ у? Ссарут мын, лæппутæ, ныртæккæ хъама, æз мæхæдæг кафгæ кæнын уыцы зæронд усимæ! Кæд ацы хъæуы нæй хъама, уæд цæугæут Беслæныхъæумæ ме ’рвадæлтæ Гуытьиатæм æмæ уырдыгæй æрбахæссут! Æз æнæ хъама кафын нæ сахуыр дæн! Раздæр иууылдæр Батрадзæн хъазын æнхъæл уыдысты. Уæл- дайдæр, фысымтæ. Фæлæ Батрадз йæ къухмæ сидтьг нуазæн куы нæ иста, уæд сæ бауырныдта. Хъуыды байдыдтой, хъама ма кæмæ уыдзæнис, ууыл. Фæстагмæ фысымтæй иу, Плиты Сергей, фæдзырдта иу лæппумæ æмæ йын загьта: — Цæугæ нæхимæ æмæ не ’фсин Гугконæн зæгъ, мæ сынтæджы сæрмæ ауыгъд у мæ хъама æмæ йæ рахæсс. Зæгъ-иу ын, цæмæн хъæуы хъама, уый, кæннод йæ зæрдæ æхсайдзæнис. Лæппу фæраст æмæ уайтагъд фæзындис æвзист æвæджиау æмæхгæд хъамаимæ. Батрадз райста хъама, бæлвырд æм фæкастис æмæ загъта: — Цалдæр азы æз бæхыл бадтæн æмæ кафыдтæн бирæ евро- 135
пæйаг бæстæты. Ныр базæронд дæн, фæлæ йæ мæ сæрмæ нæ хæссын сылгоймаг, уæлдайдæр зæронд ус, Хъæдгæроны амбула, уый. Ра- гацау уын зæгъын, куы фембылд уон, уæд æз ратдзынæн уæ зæронд усæн, Парижы мын лæварæн цы сахат радтой, уый,— ацы ныхæ- стимæ бæрзонд систа йæ дзыппæй сыгъзæрин æмбæрзæнтæй æмæхгæд сахат... Батрадз раласта йæ плащ æмæ аив йæ хæдоныл хъама æрбаста. Адæмы иууылдæр бауырныдта, хъазгæ кæй нæ кæны, уый, æмæ æнхъæлмæ кастысты, кæй фендзысты ацы бон диссаджы кафт хъæдгæройнаг зæронд лæг Гуытъиаты Батрадз æмæ бæтæхъойы- хъæуккаг зæронд ус Джериаты Дзегдайы æхсæн. Фæндырæй та хъуамæ цагьтаид уæды заманы номдзыд фæндырдзæгьдæг Ходы Надя. Дзегдайæн йæ хъустыл Батрадзы ныхæстæ куы æрцыдысты, уæд йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, уымæн æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл дардта. Гъæйтт, зæгьгæ, лæппу Борæдзаты Майрæмыл чи фæуæ- лахиз, уымæн цы фæуæлахиз хъуыдис Терчы фалейаг зæронд лæгыл! Æмæ йæ æргомæй куы зæгъæм, уæд тынг кафаг уыдис Дзегда. Уыдис дзы ныфс, Батрадзыл кæй фæуæлахиз уыдзæн, уымæй. ...Райдыдта ерыс. Адæм сыстадысты фынгтæй. Æфсинтæ ныу- уагьтой сæ къæбæр кæнын æмæ рацыдысты кæсынмæ. Ног чындз Дзæнæтханæй æрбайрох ис, чындзы цæуы, уый. Йæ дзаумæттæ æрдæгконд, афтæмæй слæууыдис, йемæ цы чызджытæ уыд, уыдо- нимæ рудзынджы раз æмæ уырдыгæй кастысты кафтмæ. Нæ кафджытæ райдыдтой уæззау æмæ уæзданæй хонгæ кафт. Кафыдысты йæ дыууæйæ дæр тынг рæсугьд. Хъуыддæгтæ райдыдтой, тымбыл кафтмæ куы рахызтысты, уæд. Ацы кафт дæр фыц- цаг цыдис уæздан æмæ уæззауæй. Дыууæйæ дæр зылдысты кæрæдзийæ дæрдты. Фæлæ куыд фæстæмæ кафт цыренæй-цырендæр байдыдта. Æмæ цы нæ æвдыстой лæг æмæ ус! Къахфындзтыл, зæгъай, бадгæ кафт, зæгъай! Батрадз-иу йæ иу къахы фындзыл куы ныззылдис, уæд, цал зылды æркодта, уымæн банымайæн нæ уыд. Цас фæкафыдысты, уый ныр зын зæгъæн у. Фæлæ Дзегда фæллайын байдыдта. Уый бæрæг уыдис йæ къахы айстыл. Батрадз та уæд бахæццæ йæ æцæг кафтмæ. Хъуыддаг уымæ æрцыдис, æмæ Дзегда куы бамбæрста Батрадзимæ йæ хал не схаудзæн, уæд хъазты астæу ныллæуыдис æмæ уый дæр æмдзæгьд кæнын байдыдта Бат- радзæн. , Кафты кæрон зæронд лæг æмæ ус кæрæдзимæ бацыдысты æмæ бирæ фæарфæтæ кодтой кæрæдзийæн æмæ адæмæн. Ацы кафтмæ æз кастæн æвддæсаздзыдæй æмæ мæ абон дæр рох нæ кæны. 136
Абон паддзахадон ансамбль «Алан»-ы дæр афтæ ничи кафы. Æрлæууыдысты мæ зæрдыл Тугьанты Махарбеджы ныхæстæ: «Стыр домæнтæ æвæрдтой нæ фыдæлтæ ирон кафты размæ. Хъуамæ дзы ма уыдаид иунæг уæлдай фæзылд дæр. Ныртæккæ-ма дзы искуы-иу кафы къахфындзтыл, уыдон дæр сæ дзабыры фын- дзты бавæрынц кæнæ къуымбил, кæнæ бæмбæг. Фыдæлты рæстæг уый уыдис стыр худинаг!» УÆД, ХÆСТЫ РАЗМÆ... Лæууынц мæ зæрдыл хæсты размæйы азтæ. Цæй дзæбæх уыды- сты уыдон! Адæм бонæй-бон хъæздыгдæр кодтой. Бирæтæ-иу сæ хæдзæрттæм нал уагьтой ласын картоф æмæ нартхор, халсартæ æмæ æндæр хъæууонхæдзарадон культуртæ. Быдыртæй бонæй-бон фылдæр æмæ тынгдæр хъуысыд трактор- ты хъæр. Фылдæр кодтой алыхуызон хъæууонхæдзарадон ма- шинæтæ. Мах, гыццыл лæппутæ, хæлæг кодтам, трактористтæй чи куыста, уыдонмæ. Хорз мæ зæрдыл лæууы, нæ уынгты-иу уалдзыгон бон,— стыд, кæй никуы фендæуыд, ахæм рæхыстылтулгæ трактор «Сталинец-80», куыд сцæйцыдис, адæм суанг хъæуы кæронмæ йæ фæдыл куыд цы- дысты, уый. Диссаг кастис адæммæ, ахæм стыр трактор æнæ цæлхытæй æрмæст рæхысты хуызæн æфсæйнæггыл куыд тылдис, уый. Адæмы уырнын байдыдтой Сталины амынддзинæдтæ, зæхкусæгæн колхоз кæй у йæ царды раст фæндаг, йæ фидæн, йæ ирвæзынгæнæг. Æмæ адæм, искуы-иу бынтон æнахуыргондæй фæстæмæ, цыдысты колхозтæм. Цард бонæй-бонмæ кодта хуыздæр, хъæлдзæгдæр. Уый уыдтам не ’ппæт дæр нæ цæстæй. Фæлæ дзы уыдис æнамонд цаутæ дæр. Адæм не ’мбæрстой, уыйбæрц ахст цæмæн цыд адæмæй, уый. Æмæ ацы хъуыддаг, мæнмæ гæсгæ, абон дæр нæма бамбæрстам. Искуы ацы хъуыддаг адæмæн æмбæрстгонд æрцæудзæн, æви нæ, уый бæлвырд зæгъæн нæй. Æвæццæгæн, æмæ нæ! Фæлæ мах, фæсивæды, адæмы æнæхатырæй кæй ахстой, уый мæт нæ уыдис. Уыйбæрц нæма æмбæрстам. Нæ хæс уыди ахуыр кæнын æмæ архайдтам ууыл. Архайдтам ногдзауты куысты, архай- 137
дтам уый фæстæ та фæскомцæдисон куысты. Цас цыдис уæд скъо- ламæ! 1936 азы хъæубæсты ног скъола куы срæвдз ис, уæд æз ахуыр кодтон 6 «д» къласы æмæ ма дзы ноджыдæр уыдис æхсæзæм кълæстæ. Нæ фаг кодта ног скъола дыууæ сменæйы дæр. Дыууæ минмæ хæццæ кодтой уæд хъæуы скъоладзаутæ. Абон та сты æдæппæтæй 400. Хорз, тынг хорз æнæмæт цард кодтам мах стырæй-чысылæй хæсты хæдразмæ азты. Цыдис ныхас ноджыдæр ма иу скъола сара- зыны тыххæй. Уæд рахызтаиккам иу сменæмæ. Ахуыргæнджытæ фаг кæй нæ кодта, уый дæр уыдис стыр къуылымпыдзинад. Не скъолайы директор Гутнаты Гафе 8-æм кълас каст чи фæци, уыдо- ны: Гуытъиаты Хъазыбеджы, Мамиаты Махарбеджы, Мецъаты Хъайсыны, Хъараты Мæирбеджы æмæ иннæты скодта уæд рай- дайæн кълæсты ахуыргæнджытæ. Уæд-иу уалдзæджы алы къласы дæр уыдис фæлварæнтæ. Дык- каг аз дæр уагътой, хорз чи нæ ахуыр кодта, уыдоны. Махæн, лæппутæн, та-иу нæ мæт уыдис — тагъддæр куы фæхицæн уаиккам скъолайæ æмæ быдырмæ æхсæвæддæ куы ацæуиккам! Трактортæ фаг кæй нæма уыдис, уый тыххæй колхозы культиваци æмæ губакк кодтой бæхтæй ласгæ культиватортæ æмæ губакгæнæнтæй. Æмæ амонд- джын йæхи хуыдта, бæхтæрæджы куыст кæмæ æрхауд, уыцы лæппу. Дыууæ бæхы астæу-иу уыдис хъил бает. Иу лæппу цыд нартхоры кæнæ картофы рæнхъы, хъилыл хæцгæйæ, йæ фæстæ та бæхтыл бает уыдис культиватор кæнæ губакгæнæн. Уый къухтыл та хæцыд стырдæр лæппу. Мах, гыццылтæ, хæлæг кодтам уымæ: уый уыдис бæхты хицау дæр, стæй культиваторы хицау дæр. Афтæ нæм каст, афтæ йæ æмбæрстам. Цæй хорз уыдис æхсæвæдцæ быдыры кусын! Цас лæппутæ æмæ чызджытæ уыдис уым. Изæры-иу мæйрухсмæ - хъазт æмæ симд. Зæронд лæгтæ-иу бадтысты æмæ кастысты фæсивæдмæ. Цас зыд- той уыдон алыхуызон аргъæуттæ! Иу хатт махæн зæронд лæг Мамиаты Дзыццыл фондз æхсæвы фæкодта иу аргьау. Бирæ зыдта Дзыц- цыл ирон аргъæуттæ. Бирæ зыдтой аргъæуттæ уæды зæронд лæгтæ иууылдæр. Абон уыцы аргъæуттæн сæ кой дæр нал ис. Нæ сæ фæцис сæ рæстæджы ныффыссæг æмæ сæ нæ хистæртæ семæ мæрдтæм ахастой. Гъе афтæ сæфынц, ирон адæмы фольклоры цы диссаджы хорз уацмыстæ равзæрд фыдæлты рæстæгæй фæстæмæ, уыдон... Кæм ку^тд у, уый æз нæ зонын. Фæлæ махмæ, Хъæдгæроны, фæзæгьынц: «Къæвда къуырисæры куы æрцæуа, уæд æнæхъæн къуыри кæндзæн уаргæ». Æмæ уый æцæгæйдæр у афтæ. 138
Хорз-ма йæ хъуыды кæнын, иузаман скодта тынг къæвда рæстæг. Уарыд æхсæвæй-бонæй. Хуымтæ хæмпæл кодтой. Мусонгæй æдяæмæ ракæсæн нæ уыдис. Колхозы правленийы штаб уыдис хæстæг мах бригадмæ ам быдыры. Махæй уæлдæр та уыдис фæндзæм бригады стан. Æмæ нæм бæрæггæнæг æрцыд колхозы сæрдар Гуг- каты Гæбæт. Иу-цасдæр рæстæджы фæстæ нæ бригадмæ æрхæццæ сты фæндзæм бригад дæр сæ бричкæты. Раст уыцы заман та къæвда ногæй ныккалдта. Æмæ фæндзæм бригад дæр мах бригадмæ æрба- лыгъдысты. Колхозы сæрдар Гæбæт фæныхас кодта колхозы хъуыддæгты фæдыл. Дзуапп радта колхозонты бирæ фарстатæн. Стæй уæд чидæр сдзырдта: - Гæбæт, дæ хорзæхæй, ныр цалдæр боны ам бадæм, кæд къæвда банцаид, зæгъгæ. Дæумæ дæр, цы фарстатæ нæм уыдис, уыдон радтам. Æмæ дарддæр та ныр цы ми кæнæм ацы къæвдайы? Цард бынтондæр куыстæй у? Æз ахæм цардыл разы нæ кæнын. Мæнæ не стан у тынг стыр æмæ ма дзы хъазт скæнæм. Æцæг, иууылдæр куыд кафой, афтæ! Адæм иууылдæр разыйы хор-хор скодтой. Уайтагьд фехъуыст фæндыры хъæр. Джериаты Бибо - æппæты хистæр зæронд лæг ра- хызт хъазты астæумæ. Уалынмæ рахызтис æппæты зæронддæр сыл- гоймаг Зæнджиаты Ксения дæр. Æмæ хъазт райдыдта. Бибо æмæ Ксения акафыдысты тынг рæсугъд. Куы фесты кафт, уæд ныллæу- уыдысты æмæ Бибо загъта: — Фæсивæд, мах уын Ксеняимæ радтам бар. Гъе ныр бавдæлут æмæ кафут, мах та уæм кæсгæ кæндзыстæм. Æмæ райдыдта хъазт. Кафыдысты фæсивæд, кафыдысты ас адæм. Стыр диссаг уыдис уыдонмæ кæсын. Бирæ дæсныдæр кафыдысты ирон адæм фыццаг рæстæг. Кафыдысты се ’ппæт дæр стырæй-чысылæй. Лæгьстæ никæмæн хъуыдис абоны хуызæн. Фæстагмæ бирæ адæм æрхæцыди симды кæрæдзийыл. Симды фæстæ хъуыддаг уымæ æрцыдис æмæ дзы рауад ерыс дыууæ бригады астæу, чи хуыздæр акафа, ууыл. Кафыдысты радыгай. Тæрхон- гæнджытæ та уыдысты хистæртæ — алы бригадæй дæр æртæ зæронд лæджы æмæ семæ — колхозы сæрдар Гугкаты Гæбæт. Рамбылдта мах, цыппæрæм, бригад. Фæстагмæ дыууæ бригады дæр хуыздæр кафæгыл нымад æрцыд ацæргæ лæг Тезиаты Бибо. Бибоимæ фыццаг бынатыл зæрдиагæй тох кодта Есиаты Таймураз. Æмæ кæд Тай- мураз лæппу уыдис, уæддæр ын Бибо сæттын нæ бакуымдта, ам- былдта йæ æмæ йæ кой æнæхъæн хъæуыл айхъуыст. Гугкаты Гæбæты кой цалдæр хатты скодтон. Чи уыдис Гæбæт? Революцийы размæ уый ацыд амонд агурæг Сыбырмæ. Ам куыста 139
заводы, базонгæ революцион змæлдимæ æмæ ссис коммунист. Хъæумæ, йæ фыд Гæлæуы хæдзармæ ссыд, колхозтæ аразын куы байдыдтой, уæд. Уыдис активон коммунист, бирæ тыхтæ радта, цæмæй Хъæдгæроны арæзт æрцæуа колхоз. Колхоз арæзт куы æрцыд, уæд æй колхозонтæ сæ иумæйаг æмбырды равзæрстой сæрдарæй. Чи йæ зыдта æмæ йемæ чи куыста, уыдон фæзæгъынц, зæгьгæ, Гæбæт уыдис æцæг коммунист. Гæбæт^бирæ нæ дзырдта. Куыд колхозы разамонæг, уыдис хуымæтæг. Йæ ныхасы уыдис уæз. Цы загътаид, уый уыдис æцæг, гæды зæрдæтæ не ’вæрдта. Кæм хъуыдис, уым адæймаджы сæрыл рахæцыдаид, кæм хъуы- дис, уым та хатыр нæ кодта. Колхозæн лæвæрдта хорз разамынд æмæ йæ уый тыххæй колхозонтæ уарзтой. Æртынæм азты кæрон Гæбæты æрцахстой æмæ фехстой... Иу-дыууæ ныхасы нæй æнæ зæгъгæ фæсивæды тыххæй. Ис- куы-иутæй фæстæмæ, фæсивæдæн сæ ных арæзт уыдис ахуырмæ. Адæм ахуыр кодтой иууылдæр: сывæллæттæ æмæ фæсивæд скъо- лайы, хистæртæ та — ликбезты. Уый уыдис æцæгæйдæр стыр культурой революци. Уыимæ ахуыр кодтой иууылдæр лæвар, паддза- хады хардзæй. Уыйбæрц æхца, адæмы æппæтæй дæр сахуыр кæнынæн, советон хицауад кæм амал кодта, уый абон стыр дис- саг кæсы адæймагмæ. Алы сыхы дæр уыдис иу хæдзар æмæ уырдæм алы æхсæв дæр æмбырд кодтой сыхы хистæртæ. Ардæм-иу æрба- цыд йæ рæстæджы ахуыргæнæг, æмæ ахуыр кодта, чи æрæмбырд, уыдоны. Хорз лæууы мæ зæрдыл уæды фæскомцæдисон организаци Хъæдгæроны скъолайы. Йæ рæнхъыты уыди 150 уæнгæй фылдæр. Уый уыдис стыр тых. Æмæ уыцы тыхæй хорз пайда кодтой скъолайы директор — Гутнаты Гафе, йæ фæстæ та Иван Кулачков. Кæцы аз уыдис, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ кæддæр хæсты размæ фæхабар чындæуыд, Елхоты, дам, нартхæрттæ хорз æрзадысты æмæ сæ æфснайын нал фæразынц, зæгъгæ. Æмæ газеты рацыд Цæгат Ирыстоны фæскомцæдисы обкомы сидт æппæт фæскомцæдисонтæм, цæмæй баххуыс код- таиккой елхотæгтæн. Фондзыссæдз фæскомцæдисоны ацыдыс- ты мах скъолайæ уæд цыппар машинæйы æмæ къуыри фæтыд- той нартхор Елхоты быдырты. Æмæ нæм уæд скъолайы цы ахуыргæнджытæ уыди! Кæд нæлгоймæгтæй бирæтæ æгас нал сты, уæддæр ма сылгоймæгтæй æгас бирæ ис — æз уæды скъоладзаутæй зæгъын. Æмæ кæд ферох кæндзысты уыдон сæ ахуыргæнджыты? Кæд нæ уайдзысты сæ цæсты- тыл сæ ахуыргæнджытæ: Татьяна Леонтьевна Митиченко, Евдокия 140
Федоровна Арзамасова, Бесолты Хъамболат, Зæнджиаты Валодя, Хъулаты Тасолтан, Хъайтыхъты Виктор æмæ иннæтæ! Татьяна Леонтьевна Митиченкойы тыххæй мæ зæрдыл æрлæу- уыдис мæнæ ахæм хъуыддаг. Цыдæр ахсджиаг хъуыдцаджы тыххæй æз 1948 азы уыдтæн Мæскуыйы. Ам сæмбæлдтæн мæ хорз зонгæ Огьуаты Мæирбегимæ. Уый уæд рацыдис отставкæйы булкъонæй æмæ куыста мелиорацийы министрады цавæрдæр управленийы хи- цауæй. Изæры Мæирбегмæ æрбацыдис дыууæ æрыгон сылгойма- джы, немæ чи куыста, ахæмтæ. Фынг ацарæзтам — хæринаг æмæ нозт. Иу-цасдæр куы абадтыстæм, уæд ныл ныхас поэзийы ’рдæм ахæцыд. Дзырдтам Маяковскийы, Пушкины, Лермонтовы, Есенины, Над- соны æмæ бирæ æндæр поэтты æмдзæвгæтæ. Мах Мæирбегимæ фарс уыдыстæм, дыууæ мæскуыйаг сылгоймаджы та - фарс. Нæ тох аха- ста сахат æмæ æрдæджы бæрц, æмæ нæ уазджытæ сæ къухтæ сдардтой — басастысты, кæй фембылд сты, ууыл. Уæд сæ иу райдыдта дзурын: — Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн ам, Мæскуыйы. Ме ’мбал дæр афтæ. Ам фестæм скъола дæр æмæ институт дæр. Æвзæр нæ ахуыр кодтам. Фæлæ мах, æнæхъæн министрады дæр, стыр дисы æфтауы мæнæ де ’мзæххон Маирбег Николаевич. Нæ министр Васильев махæн йæ заманы бафæдзæхста, цæмæй министрадæй хица- уадмæ æмæ æндæр рæтгæм цы гæххæтгытæ цæуы, уыдонмæ-иу уымæ — министрмæ — бахæссыны размæ Огьуайы-фырт куыд æркæса афтæ, кæннод министр гæххæттыл йæ къух не ’вæрдта. Ныр та абон ам фæзынд Ирыстонæй йæ æмзæххон æмæ ныл дыууæйæ фæуæ- лахиз сты уырыссаг поэтты æмдзæвгæтæ дзурынæй. Иууылдæр уæ хъæуæй чи рацыд, уыдон афтæ иузæрдыг сты поэзийыл? Мæирбег æм фæхъуыста æмæ загъта: — Ам æппындæр диссагæй ницы ис. Мах ахуыр кодта æцæг ах- уыргæнæг Татьяна Леонтьевна Митиченко. Æмæ нæ цæуыл сахуыр кодта, уый зонæм! Нæ хъæуы фæсивæдмæ хæсты хæдразмæ азты уыдис се ’ппæтмæ дæр, искуы иутæй фæстæмæ, иу бæллиц: иууылдæр сæ фæндыди хæстон училищетæм бацæуын. Уый размæ азты чи ацыди, ныр афицер чи у, уыдон-иу отпусчы куы ссыдысты уыцы æрттивгæ афи- церы формæйы, уæд мах, лæппутæ, уыдонмæ кæсынæй не ’фсæстыстæм. Ахæм афицертæ хæсты размæ Хъæдгæроны бирæ уыди - Цæби- ты Гагуыдз, Хостыхъоты Зауырбег, Ганыгкаты Хазби, Гуытъиаты Микъала, Хъараты Зелим, Хъараты Асæге, Къутæрты Мырзæ, Гагкайты Михал, Хадыхъаты Мысост, Лазарты Бицко, Тезиаты Джерихан, Гæлæбаты Пупæ, Кучиаты Уасби, Хуытьинаты Хадзы- 141
бечыр, Æгкацаты Динка, Хъæрæцаты Хадзыбечыр æмæ бирæ æндæртæ. Æмæ мах, кæстæр фæсивæд, фæзмыдтам нæ хистæрты æмæ тынг æхсызгонæй цыдыстæм æфсæддон скъолатæм. Хъæдгæроны фæсивæдæй 1941-42 азты скъолатæ каст фесты 1921-23 азты гуырд ахæм лæппутæ: Æбациаты Махарбег, Айларты Хъазыбег, Беджызты Умархан, Бокоты Солтан, Букылты Барис, Гагкаты Ахадзы, Гæлæбаты Сау- куыдз, Гуытъиаты Эльбрус, Гутнаты Уырысбег, Гугкаты Тайму- раз, Дзахоты Хазби, Дзобаты Микъала, Дзобаты Ибрагим, Дже- риаты Керымбег, Джериаты Хазби, Есиаты Таймураз, Хъайтмаз- ты Хазби, Къациты Георгий, Хъуылаты Салам, Лазарты Мурат, Лазарты Хъасболат, Мецъаты Муради, Хъалæгаты Тæтæрхъан, Огъуаты Маирбег, Созæты Амырхан, Созæты Солтан, Созæты Таймураз, Сокаты Ислам, Тæлханаты Шамиль, Тотраты Темыр- солтан, Тезиаты Шамиль, Хæбæлаты Æхсар, Хæдарцаты Ахлæу, Хостыхъоты Ханджери, Цæлыккаты Аслæнбег, Цабиты Алыксандр, Чехойты Николай, Чехойты Батырбег, Демыраты Хазби. Ацы лæппутæй ма Хъæдгæронмæ æдæппæтæй ссыдис аст. Уыдонæй иу — Созæты Таймураз — æнæцæфæй, иннæтæ: Айларты Хъазыбег, Бокоты Солтан, Гагкаты Ахæдзы, Гуытъиаты Эльбрус, Огъуаты Мæирбег, Хæдарцаты Ахлæу æмæ Созæты Амырхан ссы- дысты цæфтæй. Созæты Таймураз æнæхъæнæй баззад уымæн, æмæ фыццаг бонты бахауд уацары. Иннæтæ иууылдæр фесты фистæг- æфсæддон училищетæ. Æмæ фæмард сты, афтæ рауад сæ хъысмæт. Хорз, иттæг хорз уыд цард хæсты хæдразмæйы азты. Хъæлдзæг æмæ æнæмæтæй цардысты адæм. Сæ хуыз хъæутæ æмæ горæттæ ивтой, сæ хуыз ивтой адæм дæр. Алы хуыцауæхсæв дæр хъæуы астæу скъолайы комкоммæ цагьта оркестр. Оркестр уыдис нæхи, уыдысты нæхи лæппутæ. Ардæм æмбырд кодтой æнæхъæн хъæубæ- стæйы фæсивæд. Уыдис дзы ирон фæндыр дæр. Оркестры хъазт, симд - алцы дæр уыдис фæсивæдæн. Зæрдыл лæууы ахæм æхсæвтæй иу æхсæв. Нæ хъæуы уæд цар- дис бирæ зæронд адæм. Æппæты зæронддæр сылгоймæгтыл нымад уыдысты Гугкаты Магыда æмæ Лазарты Хайырхъыз. Иу æхсæв ацы дыууæ усы æрбалæууыдысты фæсивæды астæу. Æмæ бирæ фæка- фыдысты. Фæсивæд сын тынг æмдзæгьд кодтой. Кафты фæстæ та райдыдтой симын. Симдтой æнæ бафæллайгæйæ. Адæм сыл сæ цæст æрæвæрдтой. Уæд Магыдæ æмæ Хайырхъызыл фæйнæ 90- 100 азæй къаддæр нæ цыдис. Ацы дыууæ зæронд усы кафыдысты æмæ симдтой бынтон аив. Сæ къахыайст дæр уыдис цыдæр аив, 142
зæрдæмæдзæугæ, æндæрхуызон. Ныртæккæ, 50-60 азы цы усыл цæуы, уый дæр у пенсиисæг, зæронд. Ницы хуызы рацæудзæнис кафтмæ. Æмæ, æвæццæгæн, нæ фæсивæд дæр уымæн нал кафынц чындзæхсæвы дæр æмæ куывды дæр. Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: кафынмæ æмæ зарынмæ нæ фыдæлтæ здæхтой бирæ фылдæр æргом. Уыдон кафыдысты æмæ зарыдысты бирæ хуыздæр æмæ арæхдæр. Зард æмæ кафт нымадтой, царды æхсызгон чи хъæуы, ахæм хьуыддæгтыл. Уыимæ, йæ къæхтыл чи цыдис, уыцы зæронд адæм дæр сæхицæн стыр хæсæн нымадтой, куы бахъæуа, уæд скафын кæнæ ныззарын. Ныртæккæ та? Фæстаг зарæг лæг Хъæдгæроны уыд Хæуытаты Агуыбе. Агуы- бейы фæстæ ирон зарæг чи ныккæна, ахæм лæг мах хъæуы нал ис. Æмæ нæ хъуысы хъæуæй, изæрыгæтты хæсты размæ куыд хъуы- сыд, афтæ зарæг, нæхи ирон зарæг, адæймаджы сæры хъуынтæ-иу арц кæмæй сбадтысты, йæ уæнгты дыздыз-иу ын чи ссæуын кодта, уыцы ирон зарæг. Хæсты хæдразмæйы рæстæг æз схонин романтикой рæстæг. Æмæ йæ чи хъуыды кæны, уый мемæ сразы уыдзæн. Ахæм рæстæгæн нæй рохгæнæн. Нæ йæ ферох кæндзæн паддзах дæр, нæ йæ ферох кæндзæн хуымæтæджы лæг дæр. Мæ радзырд æз райдыдтон хæсты размæйы азтæй æппæлынæй. Æмæ афтæ æрмæст мæнмæ нæ кастис. Афтæ кастис, æвæццæгæн, алкæмæ дæр. Нæ йæ æмбæрстам, уæлдайдæр мах, фæсивæд, нæ фæсаууонæй нæм цы кæсы, уый. Советон Цæдисы маршал Г. К. Жуков хæсты хæдразмæйы царды тыххæй фыссы: «Каждое мирное время имеет свои черты, свой колорит и свою прелесть. Но мне хочется сказать доброе слово о времени предвоенном. Оно отличалось неповторимым, своеобразным подъемом настроения, оптимизмом, какой-то одухотворенностью и в то же время деловитостью, скромностью и простотой в общении людей. Хорошо, очень хорошо мы начинали жить! И какой экономист, философ или писатель сможет достоверно обрисовать, как расцвела бы наша страна сегодня, как далеко мы ушли бы вперед, не прерви война широкое, мирное и могучее течение тех лет». (Г. К. Жуков. «Воспоминания и размышления». Издательство Агентство печати «Новости», 1974 год. Том 1, стр. 298). Æмæ чи нæ сразы уыдзæн ам маршæлимæ? 143
ЦАРДЫ УЫЛÆНТÆ Ацы хабар ныффыссын æнцон нæу. Раст куы зæгьон, уæд æй рагæй хъавыдтæн ныффыссынмæ, фæлæ йæм мæ ныфс нæ хастон. Мæ хæс та уыдис йæ ныффыссын, уымæн æмæ йæ мæ хуызæн ничиуал зоны. Æмæ цы нæ вæййы — уæд æй ничиуал ныффыс- дзæни. Æмæ уæд æз мæхи нымаин стыр зылын, стыр тæригьæдджы- ныл. Кæд ацы хабар æцæгæй куыд уыдис, афтæ мæ къухы бафта ныфыссын, уæд мæхи нымайдзынæн амондджыныл. Кæд нæ са- рæхсон, уæд мын-иу хатыр фæуæд! Хъæдгæрон, ныр кæм ис, уырдæм куы æрлыгьдысты, уæд Тот- раты Хуысинæ æмæ йæ ус Дзыллæ цæрæнбынатæн равзæрстой хъæуæн хурныгуылæнырдыгæй кæройнаг уынг, хъæуы сæрмæ хæстæг. Æдылы нæ уыдысты. Иуæй, ам сæ рæзты калдис къанауы бирæ дон, иннæмæй, сæ хæдзары акомкоммæ — æнæкæрон астым. Дæ бон цас у, уый бæрц скæн фос æмæ мæргътæ, астымы кæрдæг фадхъултæм. Кæд дæ бон у, уæд къанауы цы бирæ дон цæуы, ууыл сараз куырой æмæ æхсæвæй, бонæй зила. Хуысинæ æгуыдзæг лæг нæ уыдис. Багуыбыр кодта æмæ сарæзта хорз дурын хæдзæрттæ æмæ æндæр бæстыхæйттæ. Ам Хуысинæ æмæ Дзыллæйæн райгуырдис цыппар къобор лæппуйы, æмæ сæм мад æмæ фыд кæсынæй не ’фсæстысты. Фæстæдæр Хуысинæ сарæзта, сæ рæзты цы дон цыди, ууыл хорз куырой. Зылдис дзы цыпар фыды. Æдыхстæй, амондджын сæхи хонгæйæ цардысты Тотраты бинонтæ — Хуысинæ æмæ Дзыллæ сæ цотимæ. Сæ фыртгæ Хæмæтхъан, Га- дзе, Дампе æмæ Къаргойæ рухс кодтой фыд æмæ мадæн сæ зæрдæтæ. Бирæ хæлæггæнæг уыдис Хуысинæйы бинонтæм. Хуысинæйæн йæ уды фæллойæ йæ бон бацис йæ фырттæн ахуырдзинад ратгын, кæмæн Æрыдоны семинары, кæмæн Дзæуджыхъæуы скъолаты. Уæды заманы уый уыдис стыр хъуыддаг. Рæстæг цыдис, азтæ кæрæдзийы фæдыл гæппытæ кодтой. Рæзтысты Хуысинæйы фырттæ, сæ иу — Гадзе та уæды рæстæг бацы- дис Мæскуыйы цавæрдæр уæлдæр техникой скъоламæ æмæ уым ахуыр кодта. Фырттæ иууылдæр сæ фыдæй фесты: уæздан, куыст- уарзаг, къухæй — дæсны алы куыстмæ дæр. Фæлæ сæ кæстæр Къар- гомæ сæ зæрдæ æхсайын байдыдтæ. Цыма Къарго æвзæргæнджы- тимæ йæхи сбаста, афтæ сæм каст. Фыдæй, æфсымæртæй ацы хъуыддагимæ разы ничи уыд, æмæ-иу уый фæдыл Тотраты бинон- ты æхсæн рауадис бирæ хъаугъатæ. Къарго бирæ хæттыты радта ныхас, ныууадздзынæн мæ митæ, зæгъгæ, фæлæ та-иу уæддæр ды- 144
гай-æртыгай бонтæ нал фæзынд хæдзармæ. Къарго байдыдта са- быр бинонтæн сæ цард æнад кæнын. Сæхимидæг сагьæс, марой кодтой Тотратæ. Хистæр æфсымæр Хæмæтхъанæн æрцыдис йæ афон æмæ йын ракуырдтой Дзуарыхъæуы Цопанаты чызг Дзибайы. Æвæджиау хорз чьтндз рауадис Дзиба Тотратæн. Рæсугъд æмæ хæрзконд, фæндырдзæгъдаг æмæ кафаг. Уациллаты хъæубæсты чындзыты донмæ куы акодтой æмæ сæ ам цъæх нæууыл куы кафын кодтой, уæд фынгтыл цы урсбоцъо зæронд лæгтæ бадтис, уыдон æмхъæлæсæй ацы ерысты Тотраты Хуысинæйы чындз Цопаноны банымадтой фæуæлахизуæвæгыл. Ацы хабар уайтагъд айхъуыс- тис æнæхъæн хъæубæстыл. Стыр кад иу уыдис чындзæн хъæу- бæсты астæу. Куыд нæ уыдаиккой Тотраты бинонтæ хъал сæ ног чындзæй! Æппæт хъæубæсты чындзыты æмбылдта кафынæй, уындæй æмæ кондæй, йæ аив къахдзæфæй. Æвæдза, ацы æгьдау — чындзыты донмæ кæнын - цæй дисса- джы хорз æгъдау уыдис! Æгьдау дæр нæ уыдис, фæлæ уыдис алæ- мæты хорз бæрæгбон. Нал æй кæнæм. Æмæ йæ нæ зæрды кæнын куы уыдаид, уæддæр нын æй чи уагъта кæнын? Хетæджы бон кæнын нын куы нæ уагьтой! Ацы бæрæгбон сног кæнын хъæуы. Пайда йеддæмæ царды ницы зиан хаста. Афæдзмæ Тотраты хæдзары райгуырдис лæппу- ноджыдæр ма иу хорздзинад радта Хуыцау Хуысинæйы бинонтæн. Лæппуйыл сæвæрдтой ном Тæтæрхъан. Фæлæ Хуысинæ æмæ Дзыллæмæ сæ фæскъæбутæй каст æвир- хъау хъуыддæгтæ, æвæццæгæн, æнæхъæн Ирыстоны дæр чи нæ æрцыд, ахæмтæ. Фыдæлтæ-иу дзæгьæлы нæ загьтой цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу, зæгьгæ. Æвиппайды уæларвæй стыр дур æрхау- дис Тотраты Хуысинæйы хæдзарыл. Хæдзар ныззыр-зыр кодта æмæ суанг йæ уидæгтæй нынкъуысыдис... Хабæрттæ æрцыдысты сæрдыгон, бон куы æрбацъæх, уæд. Цæвиттон уæд Тотраты дуар æрбахоста хъæуы цæрджытæй иу мæ- гуыр лæг. Хæмæтхъан æм рацыдис. Се ’хсæн рауад ахæм ныхас: — Дæ райсом хорз, Хæмæтхъан! — Хуыцау дын хорз ракæнæд! — Хъыг дын ма уæд, афтæ раджы кæй æрбацыдтæн, уый. Фæлæ мын æндæр гæнæн нæ уыдис. Æндæрæхсæв мын де ’фсымæр Къарго мæ бæх ме скъæтæй аласта æмæ ма ныр мæ бинонты куыд дар- дзынæн, уымæн ницы зонын. 10 Бокоты Солтан 145
Æрбацæуæг куыдта. Хæмæтхъан лæгæн тынг фæтæригъæд код- та æмæ йын загъта: - Цалдæр боны нæхимæ нæй. Куыддæр фæзына, афтæ йын æз дæ бæхы ссарын кæндзынæн, кæд æй арвы кæронмæ фæласта, уæддæр. Иу ахæмы Хæмæтхъан боны цъæхыл йæ хуыссæны рабадт, базы бынæй систа йæ наган (Хæмæтхъан уæд куыста хъæуыхицауæй) æмæ йæхи хъуыдыйы рацыдис кæртмæ. Хæмæтхъаны хъустыл ауад, кæрты дуаримæ чидæр кæй архайы, уый. Уалынмæ дуарæй йæ бæх йæ фæдыл ласгæ æрбахызтис Къарго. Хæмæтхъан æм хæстæг ба- цыдис æмæ йæ нал уагьта: - Кæм уыдтæ цалдæр боны? Цæмæн адавтай уыцы мæгуыр лæджы бæх? Цæмæн хъыгдарыс мæгуыр адæмы? Цæмæн худинаг кæныс дæ фыды, дæ мады, мах — де ’фсымæрты, æнæхъæн Тотра- ты мыггаджы? Дыууæ лæгæн сæ ныхас тынгæй-тынгдæр, карздæрæй-карздæр кодта. Фæстагмæ Хæмæтхъан йæ мает нал баурæдта æмæ Къар- гойы риуыл дамбаца ныццавта. Къарго ахаудис. Уыцы рæстæг тыр- гъты хуыссыдис се ’фсымæр Дампе. Уый, Къаргойы кæрты уæл- гоммæ йæ тыбыртæ цæгьдгæ куы федта, уæд къулыл ауыгъд топп рæскъæфта æмæ йæ Хæмæтхъанæн йæ дыууæ уæны астæу ныццавта, нæ йæ базыдтæ, афтæмæй. Гæрæхтæм бинонтæ дæр, сыхæгтæ дæр ракалдысты сæ хуыс- сæнтæй. Æрæмбырд сты Тотраты хæдзармæ. Къарго хуыссыдис мардæй уæлгоммæ, Хъæмæтхъан та дæлгоммæ хуыссыд мардæй Къаргойыл. Ацы æвирхъау хъуыддаг æрцыдис сæрды, 1921 азы. Зианты адæм бафснайдтой. Дампе йæхи айста Ирыстонæй — йæ зæрдæ ам цæрын нал бакуымдта дарддæр. Сæ фыд Хуысинæ, куыд фæзæгьынц, зæрдæдзæф фæцис æмæ уайтагьд амардис. Тотраты стыр хæдзары баззад Дзиба, йæ дзидзи- дай лæппу Дæдæгка æмæ йæ зæронд æфсин Дзыллæйимæ. Иу- цасдæр куы рацыдис, уæд Дзибайæн райгуырдис дыккаг лæппу. Сæвæрдтой йыл ном Темырсолтан — фæстæдæр æй мады номæй хуыдтой Темысо. Кæд ын цыфæнды зын уыдис, уæддæр Дзиба тынг хорз схаста æмæ схъомыл кодта йæ хъæбулты. Цыдысты скъоламæ тынг хæрзæхсадæй, тынг аивæй. Ахуыр кодтой тынг хорз, ничи сæ æйиæфта нæ ахуыры, нæ æгьдауы. Тынг хорз сæм йæ цæст дард- та, Дзибайæн Мæскуыйы чи цардис, уыцы тиу Гадзе. Нæ уагьта сывæллæтты дзаума хъуаг, дзабыр хъуаг, чиныг хъуаг. 146
Дзибайы фырттæ Дæдæгка æмæ Темысо! Хъæдгæроны хистæр фæлтæртæй чи нæ зоны ацы дыууæ зонд- джын, æгьдауджын, рæсугьд æмæ хæрзконд лæппуйы! Ахæм дыууæ хæрзхъæд гуырды хæдзары нæ, мыггаджы дæр нæ, фæлæ хъæубæсты дæр зын райгуырæн сты! Фыдæлты загъдау, «зæхх цытæ уромы!» Куыд рауад дарддæр Дзибайæн æмæ йæ лæппутæн сæ хъысмæт? Зæрдæ йæ дзурын дæр нæ комы, фæлæ йын æнæ радзургæ дæр нæй. Æз æй куы нæ радзурон, уæд æй, æвæццæгæн æмæ, ничи- уал радзурдзæн. Мах, хæсты размæйы фæсивæд, тынг бирæ уарзтам Советон Æфсады службæ кæнын. Хъæдгæронæй хæсты размæ бирæтæ фес- ты æфсæддон скъолатæ. Уыцы рæстæг, куыд-иу дзырдтой, аба- бау, афицеры кой скæнæн дæр нæ уыди. Уæд дзырдтой командир. Æмæ мах фæлтæры размæйы фæлтæртæй бирæ ацыди æфсæддон скъолатæм. Каст-иу куы фесты æмæ-иу командиртæй хъæумæ куы æрцыдысты уыцы диссаджы рæсугъд дарæсы, уæд сæм мах, кæстæртæ, хæлæгæй мардыстæм. Алчи дæр нæ йæ дарддæры цар- ды йæхи цæттæ кодта Сырх Æфсады командир суæвынмæ. Никуы мæ ферох уыдзæн, мах-иу, лæппутæ, куыд хæлæг кодтам Гæлæбаты Пупамæ, Гапойты Æнхъæлмæ, Кучиты Уасбимæ, Огъуаты Бæтæдзимæ, Огьуаты Созырыхомæ, Тезиаты Мурат æмæ Джери- ханмæ, Бокоты Уæрамæ, Къутæрты Мырзæмæ, Хъараты Асæгемæ, Лазарты Бицкомæ, Хадыхъаты Мысостмæ, Хуытъинаты Хазбе- чырмæ, Хъæрæцаты Хазбечырмæ, Цæбиты Гагуыдзмæ - уыдон-иу отпускы сæ райгуырæн Хъæдгæронмæ куы ссыдысты, уæд. Хаса- ны цады хæстытæ япойнæгтимæ, Халхин Гол, Финляндиимæ хæст æмæ æндæр ахæм стыр хъуыддæгтæ мах, фæсивæды, æппæтæй тынгдæр разы кодтой хæстон скъолатæм ацæуынмæ. Мах зæрди- агæй архайдтам, цæмæй нæ алчи дæр аккаг уа райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Уæд, хæсты размæ, лæппутæн сæ 80-90% цы- дысты хæстон скъолатæм. Æвæццæгæн, Хуыцауы руаджы æмбæр- стой, райгуырæн бæстæ тагъд стыр зын уавæры кæй бахаудзæнис æмæ йæ бахъахъхъæнын кæй хъæудзæн. Ацы хъуыддаджы Тотраты дыууæ сæрæн æфсымæры Хъæдгæро- ны фæсивæдæй сæхи нæ фæхицæн кодтой. Дæдæгкамæ фæдзырд- той 1939 азы уалдзæджы æфсадмæ. Темысо та йæхæдæг барвæн- донæй чысыл фæстæдæр ацыдис Орджоникидзейы фыццаг æфса- ды Сырх тырысаджын хæстон скъоламæ. Ацы скъолайы Темысо ахуыр кодта 9-æм ротæйы, хистæр лейтенант Терехов командæ кæмæн кодта, уыцы ротæйы. Дæдæгка та ахуыр кодта горæт По- 147
дольскы хæстон скъолайы. 1940 азы горæт Буйнакскы байгом ног хæстон фистæг æфсады скъолæ. Ардæм иннæ скъолатæй æрбакод- той фæйнæ ротæйы. Орджоникидзейы хæстон скъолайæ Буй- накскмæ æрвыст æрцыд, уæлдæр цы 9-æм ротæйы кой кодтон, уый. Ацы ротæйæн йæ 95% уыдысты ирон лæппутæ. Æрмæст Хъæдгæронæй ацы ротæйы уыдысты: Есиаты Таймураз, Талханаты Шамил, Лазарты Мурат, Хъайтмазты Хазби, Гуытъиаты Эльбрус, Тотраты Темысо, Цæбиты Алыксандр, Чехойты Батырбег, Хæбæла- ты Æхсар, Сокаты Ислам, Созæтьг Таймураз, Гагкайты Ахадзы, Хъуылаты Салам, Джериаты Керымбег, Дзахоты Хазби, Гутынаты Уырысбег æмæ æндæртæ. Ацы фæсивæд, уыдонимæ Дзибайы кæстæр лæппу Тотраты Темысо дæр, иууылдæр хæстон скъоламæ ацыдысты бархийæ, сæхи фæндæй. Ирыстоны иннæ хъæутæй дæр уыдис тынг бирæ ацы скъолайы, йæ алы ротæйы дæр. Хистæр лейтенант Тереховы 9-æм ротæ Буйнакскы хæстон скъо- ламæ куы ныццыдис, уæд ын йæ ротæ схуыдтой ирон лæппуты ротæ. Тереховы нæ бафæндыд, уыдонæй фæхицæн уа, уый. Кæд ын амал уыд ам, Орджоникидзейы скъолайы баззайа, уæддæр ацыди ирон лæппутимæ Буйнакскмæ. Æз ма чысыл дæлдæр зæгъдзынæн, кæй кой кæнын, уыцы ирон лæппуты тыххæй фронты цы фехъуыстон, уый. Ныр та уал дарддæр дзурдзынæн Тотраты дыууæ æфсымæры хъысмæты тыххæй. Æз мæхæдæг хæстон скъоламæ ацыдтæн Фыдыбæсты Стыр хæсты размæ. Тотраты æфсымæртæй кæстæримæ фыццæгæм къласæй фæстæмæ ахуыр кодтам иумæ æмæ уыдыстæм стыр лымæн æмбæлттæ. Фылдæр æхсæв иу хуысгæ дæр иумæ кодтам — куы махмæ, куы уыдонмæ. Æфсæдцон скъолаты куы райдыдтам ахуыр кæнын, уæд æдзух фыстам кæрæдзимæ. Фæндтæ нæм уыдис, хæстон скъолатæ куы фæуæм, уæд исты амал кæндзыстæм иу пол- чъы, кæнæ иу дивизийы цæмæй службæ кæнæм, уый тыххæй. Цæмæй зыдтам, разæй нæм цы кæсы, уый. Буйнакскы училище не ’мзæххон лæппутæ каст фесты 1941 азы июны райдайæны. Мæн та Фыдыбæсты Стыр хæст æрæййæфта Дзæуджыхъæуы 1-æм фистæг æфсæддон училищейы. Æрыгон лей- тенанттæй Буйнакскы хæстон скъолайæ алкæй дæр арвыстой йæ полкъмæ, йæ дивизимæ, хæст нæма байдыдта, афтæмæй. Се ’ппæты дæр — нæ паддзæхады ныгуылæн арæнтæм. Иу дæр сæ æфсæддон хаймæ нæма ныххæццæ, афтæ райдыдта хæст. Се ’ппæты хъысмæт куыд рауад, уый зын зæгъæн у, фæлæ мæ хуыздæр æмгар, мæ хуыздæр лымæн Тотраты Темысойы хабæрттæ æз хорз зонын. Хорз зонын, йæ хистæр æфсымæр Дæдæгкайы хабæрттæ дæр. Æмæ 148
мæ хæсыл нымайын раст радзурын, ацы дыууæ æфсымæры тыххæй цы зонын, уый. Уæлдæр куыд загьтон, афтæ, лæппутæн сæ фыд Хæмæтхъан куы амард, уæд хистæр баззадис дзидзийыл, кæстæр та — гуыбыны. Темысо ма йæ фæстаг писмо æрæрвыста, Ныгуылæн арæнмæ хæстæг уыд, афтæмæй 22 июны. Фыста, зæгьгæ, йæ æфсæддон хай нæма ссардта, афтæ хæст райдыдта. «Куыд уыдзæн дарддæр мæ хабар, уый нæ зонын»,— фыста лæппу. Стæй дзы цыппар азмæ æввахс Дзиба хабар нал райста. Хистæр æфсымæр Дæдæгка æвæстиатæй йæ æфсæддон хаймæ бахаудис хæстæн йæ тæккæ тыфылы. Уæдмæ Дзибайæн амард йæ зæронд æфсин Дзыллæ дæр. Уæд Дзиба ауæй кодта Хъæдгæроны йæ хæдзар æмæ æрцардис горæты, Ной Буачидзейы уынджы, хæххон-металлургон техникумæй урс ахæстоны астæу. Ам хæстæг цардысты йæ цæгат Цопанатæ дæр. Хæсты размæ æз тынг арæх æфтыдтæн Тотраты хæдзармæ. Дзиба куыд дзырдта, афтæмæй йæ лæг Хæмæтхъан Сыбырæй схаста стыр сыгьзæрины къæртг æмæ йæ кæмдæр арф бамбæхста. Мах, æртæ лæппуйæ, бирæ фæцагуырдтам уыцы сыгьзæрин. Къахтам бæлæсты бынты, къулы рæбынтæ, кæдæмдæриддæр зæрдæ æхсайдта — алы ран дæр. Фæлæ никуы ницы ссардтам. Тотраты хæдзæрттæ балхæдтой Джериатæ. Æмæ иу-цасдæр рæстæджы уыцы æвзæр зын заман сæхи- уыл схæцыдысты. Уæлæдзаумайæ дæр, хæдзары дзаумайæ дæр би- нонтæ бонæй-бонмæ ивтой сæ хуыз. Адæм сыл стыр дис кодтой. Хъуыдцаг та уый мидæг уыдис, æмæ Джериатæ Тотраты зæронд пец куы райхæлдтой, уæд ам ссардтой Хæмæтхъаны æмбæхст сыгъзæрин. Ацыдис сæ хъуыддаг Джериатæн Тотраты хардзæй! 1941 азы декабры Дзиба райста фыстæг-хъусынгæнинаг Дæдæгкайы æфсæддон хайæ. Фыста йæ командир. Уый хъусын кодта Дзибайæн стыр хъыгзæрдæйæ, йæ фырт Тотраты Хæмæтхъа- ны фырт Тæтæрхъан хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад равдисгæйæ кæй фæмард Мæскуыйы бынмæ карз хæстыты. Дзиба дæр æмæ йæ дыууæ лæппуйы дæр афтæ уарзон уыдысты хъæубæстæн, æмæ тынг бирæ мæрддзыгой ацыдис Дзибайы зианмæ Хъæдгæронæй горæтмæ. Сæ фылдæр уыдысты зæронд устытæ. Цæугæ та акодтой декабры цыбыр бон. Фæцыдысты фистæгæй уæлæмæ дæр, дæлæмæ дæр. Афтидæй баззад Дзиба йæ хистæр фырт Дæдæгкайæ. Фæкодта афæдзæй афæдзмæ хистытæ. Æнхъæлмæ ма кастис йæ кæстæр лæппу Темысомæ, уымæй та, куыд загьтам уæлдæр, афтæмæй, хæст цы бон байдыдта, уыцы бонæй фæстæмæ ницы хабар уыдис. Ралæууыд 1944 аз. Советон Æфсад цыдис размæ æмæ уæгьд кодта 149
нæ Райгуырæн бæстæйы зæххытæ знагæй. Уæдмæ æз цæфæй ссыдтæн мæ райгуырæн хъæумæ. Иу сæрдыгон бон бацыдтæн постмæ æмæ кастæн, постхæсджытæ фыстæджытæ кæрæдзиуыл куыд уæрстой, уымæ. Æваст мæ цæстытæ ацахстой постхæссæджы къухты иу фыстæг. Дардмæ базыдтон Темысойы къухфыст. Фыстæг мæ къухтæм куы райстон, уæд мæ цæстытæ фырцинæй атартæ сты: æцæг уыдис Темысойæ. Фысгæ та йæ ныккодта сæ хорз сыхаг Хъараты Исламмæ, хъæубæсты кадджын зæронд лæгмæ. Ислам мæн бирæ уарзта. Уымæ гæсгæ дзы нæ тарстæн зæрдæхудтæй æмæ уайтагьд къонверт айхæлдтон. Фыстæг бакастæн дыууæ-æртæ хатты. Темысо фыста, хæсты фыццаг бонты уацары куыд бахаудта, куыд алыгьдис лагерæй æмæ цалдæр азы партизанты рæнхъыты куыд хæцыдис знагимæ, уый тыххæй. Советон Æфсад куы æрбахæццæ, уæд Темысо бацыд хицауадмæ, радзырдта йæ хабæрттæ. Лæппумæ зылынæй ницы ссардтой, фæстæмæ йын радтой йæ æфсæддон цин «лейтенант» æмæ йæ сæвæрдтой ротæйы командирæй. Темысо куы- рдта Исламæй, цæмæй йын фехъусын кæна, цы баисты йæ мад Дзиба æмæ йæ иунæг æфсымæр Дæдæгка. Æз Исламмæ дæр нал фæкастæн, фæлæ сбадтæн æмæ уыцы сахат ныффыстон бæлвырд хабæрггæ Темысомæ. Æцæг ын Дæдæгкайы хъуыддаг не схъæр код- тон. Хабар дзы ницы ис, зæгъгæ, ныффыстон. Фыстæг Дзибайыл дæр афоныл сæмбæлдис. Алчи дæр бамбардзæнис, куыд цин кодта мад, сæфтыл кæй нымадта, уый æгас æмæ дзæбæх куы разынд, уæд. Æнхъæл уыдис, бынтон æнæдарæг, бынтон æнæныгæнæгæй нæ баззади. Фæлæ æгæр рагацæу цин кодта Дзиба. Хæсты фæуынмæ ма цалдæр боны куы баззадис, уæд Темысо дæр Берлины бынмæ фæмард знаджы нæмыгæй. Æмæ та райста Дзиба йæ кæстæр фыр- ты сау гæххæтт дæр. Уæдмæ Дзибайæн йæхиуыл стыхджын ис стæджы чехоткæ. Ахæм карз низы ахæсты уæвгæйæ ма мад йæ фæстаг, йæ иунæг зæрдæдарæн Темысойы марды хабар куы райста, уæд бирæ нал фæцардис. Амар- дис йæ хойы хæдзары Гусатæм Октябрскийы хъæуы. Ныгæд дæр уым æрцыд. Йæ хойы лæппу Гусаты Эльбрус ам Дзибайæн æмæ йæ дыууæ æдзард хъæбулæн сæвæрдта хорз цыртытæ. Йæ цæрæнбон бирæ уæд! Æвæццæгæн, исчи зæгьдзæн: «Дзибайы хуызæн дыууæ лæппуйы бирæтæй фæхъуыд Хъæдгæроны. Фылдæртæ дæр, æртыгæйттæ, цыппæргæйттæ, фæндзгæйттæ æмæ уæд уыдоны астæу автор Тот- раты лæппуты цæмæн райста?» 150
Ахæм фарстсæвæрæн ис, бæгуыдæр. Уымæн æмæ Хъæдгæронæй иу хæдзарæй фондз лæппуйы фæхъуыдис, дыууæ хæдзарæй — цып- пæргай лæппутæ, фынддæс хæдзарæй — æртыгæй лæппутæ, дыгæйттæ та - æхсай цыппар бинонтæй. Мæнæн ам ис дыууæ æфсоны: Фыццаг: Тотраты дыууæ æфсымæры хъысмæт суанг сæ фыды амардæй райдайгæйæ у æппæтæй æвирхъаудæр. Дыккаг: фæндзгæйттæ кæнæ æртыгæйттæ кæмæй фесæфтис хæсты быдыры, уыдонæн ма уæддæр исчи баззадис æгасæй: кæмæн фырт, кæмæн чызг, кæмæн цоты цот. Фæлæ Тотраты хæдзары ничиуал баззадис. Хæмæтхъан æмæ Дзибайæн сæ арт ахуыссыдис, сæ хæдзар фе- хæлдис, йæ дуæрттæ æхгæд æрцыдысты. Абон ацы лæг æмæ усæн сæ дыууæ лæппуимæ рухсаг зæгьæг нæй. Гъе, ахæм хъуыдытæм гæсгæ ма æз иу хатт алкæй цæстæнгас дæр здахын Тотраты бинон- ты ’рдæм. Цалдæр азы размæ æз ныффыстон Дзиба æмæ йæ лæппутыл поэмæ «Мады фын». Поэмæ къорд хатты каст цыдис Цæгат Ирыс- тоны радиойæ. Æз райстон бирæ фыстæджытæ Ирыстоны алы хъæутæй, арфæ мын кæнынц. Фæцыдис радиомæ хъусджытæн сæ зæрдæмæ. Бузныг сын зæгъын. МАСТИСÆГ Ацы радзырд мæнæн мæ зæрды уыдис райдайын ирон æмби- сонд «Мыст къахта æмæ йæхицæн гæдыйы сæр»-æй. Ноджыдæр куы ахъуыды кодтон, уæд та мæм афтæ фæкаст, цыма цы радзу- рынмæ хъавын, уымæ иннæ ирон æмбисонд «Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты» тынгдæр хауы. Æз сдызæрдыг дæн. Дыууæ æмбисонды дæр ныууагьтон. Бауынаффæ кодтон, хабар куыд æрцыдис, афтæ ныф- фыссын æнæ æмбисæндтæй. Фæлæ диссаг куыд нæ у, нæ фыдæлтæ царды алы цауы, алы фæзылды тыххæй дæр цы диссаджы æмбисæндтæ ныууагьтой! Ныр, куыд фæзæгъынц: хъуыддагмæ хæстæгдæр. Ацы хабар æрцыдис революцийы размæ 1915 азы, Æрыдоны. 151
Фыццаг заманты æхца самал кæнын уыдис тынг зын. Цæуын хъуыдис Америкæмæ, кæнæ Уæрæсейы горæттæй искуыдæм. Хъæздыг лæгмæ æххуырсты куы бацыдаис, уæд дæр уый мызд æхцайæ нæ фыста: кæнæ хорæй, кæнæ фосæй. Æрлæууын-ма кæнæм Къостайы ныхæстæ нæ зæрдыл: «Дæс мæрты мын хорæй Лæвæрдта мыздæн...» Æхца та алы хæдзары дæр хъуыдис æхсызгон. Уæлæдарæс, къа- хыдарæс, хæдзары дзаумæтты тыххæй дуканийы фыс, кæнæ хор нæ раттаис. Æхца хъуыдис. Æмæ адæм тыхамæлттæ кодтой. Арæх ластой суг Æрыдонмæ, Дзæуджыхъæумæ, Даргъ-Къохмæ. Иуахæмы, 1915 азы фæззæджы, Хъæдгæронæй цалдæр лæппуйы суг аластой уæй кæнынмæ Æрыдонмæ. Семæ Хъазиты Алыксы дæр: ам базары суг уæййаг уыдис бирæ. Суагьтой сæ бæхтæ æмæ ал- чидæр æнхъæлмæ каст æлхæнæгмæ. Æлхæнæг дæр арæх уыд, фæлæ сæ алчидæр æнхъæлмæ кастис, кæд уæйгæнджытæ æруадзиккой дæлæмæ сæ сугты аргь. Иу ахæмы цалдæр лæджы æрбацыдысты æмæ æрлæууыдысты Хъазиты Алыксыйы уæрдоны раз. Ракæс-бакæс фæкодтой сугтæм, стæй лæгтæн сæ тæккæ дынджырдæр бафарста Алыксыйы: - Лæппу, цас кæныс дæ сугтæ? Алыксы аргъ загьта. Æлхæнæджы зæрдæмæ аргъ нæ фæцыдис æмæ Алыксыйы сугтыл алы фаутæ æвæрдта. Алыксы йæм бирæ фæхъуыста, стæй уæд загъта: - Хорз лæг! Кæд дæ нæ хъæуынц, уæд дын сæ æз тыххæй не ’лхæнын кæнын. Дæ бар дæхи у. Фæлæ мæнæн мæ уæййаг сугтæ адæмы астæу ма фау. Алкæуыл дæр цæстытæ ис æмæ уыны, хорз сты æви æвзæр сты. - Æмæ афтæ къæйныхæй та цæмæн дзурыс? - йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кæнгæйæ сдзырдта æлхæнæг.— Æви нæ зоныс, кæимæ дзурыс, уый? - Куыд æмбæлы, ахæм дзуапп дын дæттын,— загъта Алыксы. - Кæй дæ нæ зонын, уымæй раст зæгъыс. Фæлæ дæ фæрсгæ дæр цæмæн бакæнон, чи дæ, кæмæй дæ, уымæй? Ацы ныхæсты фæстæ адæмы астæу æлхæнæг къух дард фæхаста æмæ Алыксыйы æхсæрфарс ныццавта. Алыксы хъама фелвæста, фæлæ йыл йе ’мбæлттæ ныххæцыды- сты, нæ йæ бауагътой йæ бафхæрæгмæ. Уæд Алыксы хъæрæй сдзырдта: - Хорз адæм! Ацы лæг мæн цæмæн ныццавта адæмы астæу, уый мын зæгъæд. Æмæ, кæд истæмæй йæ разы зылын дæн, уæд 152
ын сымах астæу хатыр кæнын. Сымах та нын фæут тæрхон- гæнæг! Æфхæрæг радта ахæм дзуапп: - Фæндыдис мæ, æмæ дæ ныццавтон. Стæй ма дардцæр куы дзурай, уæд ма дзы ноджыдæр айсдзынæ! Бæргæ къæс-къæс кодта Алыксы йæ бафхæрæгмæ. Лæгæй-лæгмæ дзы бæргæ нæ тарстис, фæлæ йæ йе ’мбæлттæ стæлфын нæ уагьтой. - Дæ зæрдыл бадар абоны æхсæрфарсы цæф. Ма дæ ферох уæд, æнæ исты аххосæй адæмы астæу хъæдгæройнаг Хъазиты Алыксыйы куыд бафхæрдтай, уый,— сдзырдта ма Алыксы йæ фæдыл æфхæрæгæн. Æфхæрæг æм фæстæмæ радзырдта: - Уæлейы — дæ бæхджынтæ, дæлейы - дæ фистæджытæ! Цы уыди, куыд уыди, уæддæр Алыксы æмæ йе ’мбæлттæ ауæй кодтой сæ сугтæ. Уыимæ хорз сбæрæг кодтой, Алыксыйы бафхæрæг кæмæй у, цы хуыйны йæ ном æмæ кæм цæры. Чи уыдысты уыцы фæззыгон бон Æрыдоны базары, хъаугъа цы дыууæ лæджы астæу рауадис, уыдон? Хъæдгæройнаг Хъазиты Алыксы йæ заманы уыдис хъæубæсты æгъдауджындæр æмæ æвзаргæдæр лæппутæй. Зулдзыхы ныхас никæмæ кодта. Фæлæ, йе ’фхæрæгæн чи ныббарстаид, ахæм дæр нæ уыдис. Хатыр хъæуы. Æнæхатыр лæг кадджын никуы уыдис. Фæлæ ам хорз зонын хъæуы, хатыры аккаг чи у, уый. Фыдæлтæ ацы фарста раджы заман тынг раст алыг кодтой. Адæймаг дæ æнæба- ры куы бафхæра, йæ рæдыдыл куы басæттæ æмæ дæ адæмты астæу хатыр куы ракура, уæд уымæн хатыр æмбæлы. Ахæм лæг йæ рæды- дыл бирæ азты фæсмон фæкæны. Алыксы цæттæ уыдис йæ бафхæрæгæн бахатыр кæнынмæ. Фæлæ бафхæрæгмæ уæздандзинад нæ разынд. Æз бирæ хатт, æппæлыны тыххæй йæ нæ зæгъын, архайдтон туджджынты фидауын кæныныл. Федтон бирæ дзуапджын адæмтæ. Федтон æндæрхуызæттæ дæр. Æмæ мæм фыдæлты ныхас раст цæ- уылнæ хъуамæ кæса: «Лæг йæ дзуаппæй лæг у». Алыксыйы бафхæрæгмæ аккаг дзуапп куы разындаид, уæд дзы не ’рцыдаид, уый фæстæ дзы цы æрцыдис, уыцы бæллæх. Уæдæ чи уыдис уыцы анæдзуапп адæймаг, бынтон æнаххосæй адæмы астæу æнæзонгæ адæймаджы уадул чи ныххафт кодта, уый? Æрыдоны симинары раз цардис уæды рæстæг Уырымты Берд (ныртæккæ Уырымтæм цы Берд ис, уый нæ!). Ацы Бердæн уыдис цалдæр фырты. Куыд дзурынц, афтæмæй асæй уыдысты егъау, 153
фæлæ сæ сæрæнтæй нæ уыдысты. Стыр ныхас æмæ загъдмондаг, цыдысты сæ тыхы фæдыл. «Берды фырттæн дур семинары сæрты хауы»,— афтæ дзырдтой æрыдойнæгтæ. Сæ иуæн дзы йæ ном хуын- дис Алыксандр. Гъе, ацы Алыксандр ныццавта базары Хъазиты Алыксыйы уадул. Ацы цæфыл 2-3 боны куы рацыдис, уæд Алыксы уырдыг лæу- уыд сæ сыхæгты чындзæхсæвы хистæртæн. Куы æризæр ис, уæд иу афон йæ дурын кæмæдæр æвæрдта лæппутæй. Сæхимæ бацыд, топп йе ’фцæджы баппæрста, абадт æнæ саргьæй йæ бæхыл æмæ ком- коммæ Æрыдоны доны сæрты бахизгæйæ балæууыдис Æрыдоны. Йæ бафхæрæджы хæдзармæ хæстæг йæ бæхы бæласыл абаста, йæхæдæг сындæггай бацыдис, рухс кæцæй калдис, уыцы рудзынгмæ. Куы бакастис, уæд ауыдта йæ бафхæрæджы стъолы уæлхъус бадгæ. Лæг хордта кæсаг. Алыксы топп фæцарæзта^ æмæ йæ Уырымы- фыртæн йæ дыууæ уæны астæу ныццавта. Йæхæдæг йæ бæхыл багæпп кодта æмæ фæстæмæ сæ сыхæгты чындзæхсæвы балæууыд. Райста лæппуйæ йæ дурын æмæ хистæртæн æгъдау лæвæрдта дарддæр. Иу-цасдæр рæстæджы фæстæ Æрыдонæй æрбалæууыд, фæдисæттæ. Агуырдтой Алыксыйы. Ссардтой йæ чындзæхсæвы. Фæдисæттæ куы рахабар кодтой, Уырымы-фырты чидæр амардта æмæ йæхиуæтты зæрдæ Алыксымæ æхсайы, зæгъгæ, уæд сыл хистæртæ схор-хор кодтой æмæ æмдзыхæй загьтой: - Алыксы махæн рухс ма уыдис, уæдæй нырмæ куы лæууы уырдыг. Алыксы та сын загьта: - Хуыцау ма ныббарæд йæ марæгæн! Мæ бар æй цæуылнæ ба- уагьта, æз дæр æм тынг куы хъавыдтæн! Ныр курын ацы радзырд чи бакæса, уыдонæй: радзырды рай- дайæны цы дыууæ æмбисонды æрхастон, уыдонæй ацы радзырдмæ тынгдæр кæцы æмбисонд хауы? САДУЛЛÆЙЫ ЕХС Хъæубæсты хистæртæ ма хорз хъуыды кæнынц, Хъæдгæроны зæронд клуб. Клубæн йæ уæллаг фарс — уираг дурæй конд хæдзар æмæ сара. Ам æрæджы дæр ма цæрдис Томайты Гаппола йæ би- 154
нонтимæ. Ацы хæдзæрттæ скодта Лазарты Садуллæ. Коллективи- зацийы хæд размæ уæды фæкомцæдисонтæ куыд дзурынц, афтæмæй Чехойты Тъибыл æмæ Ардасенты Агуыбечыр æхсæвыгон рудзынгæй багæрах кодтой æмæ амардтой Садуллæйы. Цæмæн — абон дæр æй ничи зоны. Садуллæ уыди сæрæн лæг. Уыдис ын бирæ хъæуты лымæнтæ — йæхи хуызæн сæрæн гуырдтæ. Уæд стыр модæйы уыдис, Кæсæгмæ ацу æмæ уырдыгæй искæцы кънйазы рæгъауæй саргьы бæхтæ стæр. Цыдысты уæндондæр, хъæбатырдæр адæм, мæлæтæй чи нæ тарстис, уыдон. Садуллæ дæр уыдонæй уыдис. Ахæмты адæм æвзæргæнæг дæр нæ хуыдтой. Æвзæргæнæг хуыдтой, кæрчытæ, фыстæ, родтæ йæ сæрмæ чи хаста давын, уыдоны. Садуллæйы хуызæтты та хуыдтой хæтаг лæгтæ. Фæлæ уæддæр Лазарты Садуллæ адæмы астæу зындгонд уыдис йæ къухты руаджы. Уый хуызæн саргьы бæхы ехсытæ Ирысто- ны ничи быдта. Куыд-иу дзырдтой, афтæмæй Садуллæйы быд ехсæн сæрмæсæр лæвæрдтой саргъы бæх, кæнæ маузер. Бирæ ныхæстæ фехъуыстон æз Садуллæ, æмæ цы ехсытæ быдта, уыдоны тыххæй нæхи хъæуы хистæртæй. Фæлæ мæ радзурын фæнды, Чырыстонхъæуы Хъазбегты зæронд лæгæй кæй фехъуыстон, уыцы хабар. Мах уыдыстæм цалдæр лæгæй фидауынмæ Чырыстонхъæуы. Хъазбегты мыггагмæ лæвæрдтæм мæ хæрæфырты. Цалынмæ кусарт кодтой æмæ нæ бадт нæма райдыдтæ, уæдмæ уал нын фысымтæ æрæвæрдтой рог фынг. Хистæрæн нын бадтис Хъазыбегтæй иу зæронд лæг, ирон фынджы æгьдæуттæ хорз чи зыдта æмæ ахæм хъуыддаджы фыццаг хатт чи нæ сæмбæлдис, ахæм фенд- джын лæг. Ахæм ран куыд вæййы, афтæ, фылдæр кодтам ныхæстæ. Зæронд лæг нæ бафарста, нæ мыггæгтæ кæмæйты сты, уымæй. Мах загь- там, чи кæцы мыггагæй у, уый. Нæ иу уыдис Лазартæй. Зæронд лæг та нæ ногæй афарста: — Æмæ уæд Лазарты Садуллæйы ничи хъуыды кæны? — Нæгь, — загьтон æз. — Æз се ’гтпæты хистæр дæн ме ’мбæлггæн æмæ йæ æз дæр нæ хъуыды кæнын. Йæ кой йын хъусæм, фæлæ йæ махæй ничи æрæййæфта. — Садуллæ хъуыстгонд лæг уыдис канд Хъæдгæроны нæ, фæлæ махæрдыгæй Дьтгуры дæр. Мæнæй хистæр уыдис. Тынг лымæн уыдис мæ хистæр æфсымæримæ. Кæсæгмæ дæр-иу бæхтæ давынмæ иумæ цыдысты. Уыдис домбай, уындджын лæг, хъайтар кæй фæхо- нынц, ахæм. Йæ иу хъуыддаг бынтон хорз лæууы мæ зæрдыл. Æмæ уын æй радзурон. 155
Зымæг уыдис йæ тæккæ тынгæй, афтæмæй æз бафснайдтон нæ фос. Уыдис тынг уазал изæр. Кæрты ма цыдæртæ архайдтон, афтæ чидæр кæрты дуар ныххоста. Уыдис изæрдалынгтæ. Æз дуар ба- кодтон æмæ ракастæн уынгмæ. Мæ разы лæууыдис Садуллæ. Уый мæ рацыдмæ æрхызтис бæхæй æмæ æнхъæлмæ каст дуар бакæ- нынмæ. Мидæмæ кæртмæ куы æрбахызтыстæм, уæд мæм идоны бос радта æмæ загъта: — Бæх у тынг фæлмæцыд. Æмæ йæм хорз базил, ахсæв ам уы- дзынæн. Æцæгæйдæр бæх уыдис тынг хид, миты салф сбадтис йæ бар- цыл, къæдзилыл, йæ былтыл. Садуллæйæн йæ басылыхъ дæр, йæ нымæт дæр нæ зындысты миты салфæй. Бæрæг уыдис, бæхы кæй бахъуыд бирæ æмæ тагъд згьорын, цæмæй йæ барæджы аирвæзын кæна, уый тыххæй. Садуллæ мидæмæ хæдзармæ бацыд, æз та йын йæ бæхы балас- тон хъарм скъæтмæ, хорз æй бамбæрзтон æмæ йын фаг нывæрдтон хор æмæ хос. Уæдмæ мæ хистæр æфсымæр дæр фæзындис æмæ сæ æз баййæфтон хæдзары фынгыл бадгæ æмæ ныхасгæнгæ. Ныхæстæй куыд бамбæрстон, афтæмæй ацы хагг Садуллæйы балц нæ фæрæстмæ. Фæдис æй расырдтой æмæ ма йæ бæхы руаджы раирвæзт. Гыццыл йæ бæх æгуыдзæгдæр куы уыдаид, уæд дæ балгьитæг афтæ: кæнæ йæ ахсгæ æркодтаиккой, кæнæ — маргæ. Дыууæ æрдхорды фынгыл бирæ фæбадтысты, фæныхæстæ код- той, æз та сын графиныл хæцгæйæ уырдыг лæууыдтæн. Кæддæр- уæддæр сыстадысты æмæ схуыссыдысты. Схуыссыдтæн æз дæр, бинонтæ дæр. Садуллæйæн йæ бæхмæ йæ зæрдæ куыд æхсайдта, уымæ гæсгæ райсомы раджы фестад æмæ йæ скъæты абæрæг кодта, стæй уæд фæстæмæ схуыссыд. Райсомæй, аходæн куы ацæттæ, уæд та Садуллæ æмæ мæ хистæр æфсымæр æрбадтысты фынджы уæлхъус. Æз дæр та мæ графин райстон æмæ æрлæууыдтæн сæ уæлхъус. Фæйнæ куы анызтой, уæд Садуллæ загьта: ~ Лæппу! Ды мæнæн дысон мæ фæллад бæхмæ афтæ хорз ба- зьглдтæ, æмæ йæм мæхæдæг дæр афтæ хорз нæ базылдаин. Æмæ дын æз хъуамæ уый тыххæй ракæнон лæвар. Уыцы ныхæсты фæстæ сыстад, къулæй райста йæ ехс æмæ дзырд- та дарддæр: — Ацы ехс æз сбыдтон мæхицæн. Ныр æй дæуæн лæвар кæнын. Айс æй æмæ йæ мæ номыл фæдар. Æцæг дын фæдзæхсын: лæг куы уай, уæд дæ искуы бахъæудзæнис, æцæг иу сарæхс! 156
Ацы ныхæстæм мæ хистæр æфсымæр фестади æмæ ныхмæ ныл- лæууыдис Садуллæмæ: - Цытæ кæныс, Садуллæ? Уыцы ехс афтæ дæтгæ нæу. Уый стыр зынаргъ дзаума у æмæ йæ куыд дæттыс? Ма райс! — схъæр кодта æфсымæр мæныл. — Æз цы сфæнд кодтон, уый æнæбакæнгæ кæй нæ ныууадз- дзынæн, уый куы зоныс,— загъта Садуллæ ме ’фсымæрæн.— Ацы ехс æз Хъæдгæронмæ нал ахæсдзынæн, кæнын æй лæвар ацы лæппуйæн. Уадз æмæ йæ мæ номыл фæдара. Уый мын дысон мæ фæллад бæхмæ иттæг хорз базылд! Гæнæн нал уыд, æмæ æз Садуллæйы ^къухтæй райстон стыр лæвар,- йæхицæн кæй сбыдта, уыцы ехс. Йæ быд нæ зындис. Йæ хъæд уыдис цалдæр хуызы сыкъайæ конд. Хъæды мидæг лыстæг æвзист æмæ сыгъзæрин лыстæг телты цыбыр гæбæзтæй уыдис алы- хуызон нывæфтыдтæ. Æз ма абон дæр дис кæнын, Садуллæ уыдон куыд скодта, ууыл. Æвæдза, сыгъзæрин къухтæ уыдис уыцы лæгыл. Ныртæккæ ахæм ехсытæн сæ кой дæр нал ис. Мæ ехсы цинæй æз æхсæв-бонмæ нæ бафынæй дæн. Райсом æй куы рахастон уынгмæ, уæд мыл лæппутæ æрæмбырд сты. Алкæй дæр сæ фæндыд ехс йæ къухтæм райсын. Мæнæй хъалдæр лæппу та, æвæццæгæн, æнæхъæн Чырыстонхъæуы нал уыдис. Фæлæ мæ иу хъуыддаг æфтыдта дисы. Садуллæ мын йæ ехс мæ къухты куы бакодта, уæд мын, кæй загъта, уыцы ныхæстыл æз æдзухдæр хъуыды кодтон, фæлæ цы амыдтой, уый бамбарын мæ бон нæ уыд. Фæстæдæр мын æй цард йæхæдæг иттæг хорз бамбарын кодта. Азтæ цыдысты, æмæ æз дæр рахъомыл дæн. Уыдис мæхицæн саргъы бæх æмæ-иу ыл арæх абадтæн. Райстон-иу мæ диссаджы ехс мæ къухтæм æмæ-иу хъæуы уынггы бæхыл арауай-бауай кодтон. Æнæхъæн Чырыстонхъæуы фæсивæд хæлæг кодтой мæ ехсмæ, хъав- джытæ дæр æм уыдис. Фæлæ йæ æз хъахъхъæдтон цæстыгагуыйау. Мæ афон куы æрцыдис, уæд ус ракуырдтон. Иу заман, уый фæстæ уæлдзæджы, æз ацыдтæн æхсæвæддæйæ дыууæ цæдæй пох- цийæ ласынмæ. Уалдзæджы куыстытæ уыдысты сæ тæккæ тæмæны. Скодта хус рæстæг æмæ хуымтæ хорз хъуыдис баласын похцийæ. Æз мæхиуыл дæр, мæ бæхтыл дæр нæ æуæрстон, похцийæ ластон нартхоры хуымтæ. Садуллæ мæнæн ехс куы балæвар кодта, уæдæй рацыдис цалдæр азы. Фæлæ æз уæддæр не ’мбæрстон Садуллæйы ныхæстæ: «Лæг куы уай, уæд дæ искуы бахъæудзæнис». Хъуыды та сыл арæх кодтон. Мæнæ ныр дæр, похцийæ ласгæйæ, уыцы ныхæстæ æппынæ- 157
дзух дæр уыдысты мæ сæры магьзы. Фæлæ йæ ныхæстæй Садуллæ цы зæгъынмæ хъавыд, уый раргом кæнын нæ уыд мæ бон. Фæкуыстон æз Сылтаныхъы быдырты иунæгæй, хæрдхъуаг æмæ донхъуагæй 10-12 боны. Тынг бафæлмæцыдтæн. Мæ буарыл ры- джы цъар бæзджынæй бадтис. Фæлæ уæддæр уыдтæн хъæлдзæг, мæ куыст афоныл æмæ дзæбæх кæй бакодтон, уый тыххæй. Сиф- тыгьтон мæ бæхтæ æмæ фæссихор æрбалæууыдтæн нæхимæ Чыры- стонхъæуы. Хæдзары æрбаййæфтон ме ’фсымæры сывæллæтты, æндæр дзы хъомыл адæмæй ничи уыд. Æз афарстон сывæллæтты, не ’фсин кæм ис, зæгъгæ. Уыдон загьтой: - Уæлæ нæ сыхæгтæм сыхы устытæ æмбырдæй бадынц, æмæ уый дæр уым ис. - Цæут æмæ йын бамбарын кæнут: æз æрбацыдтæн æмæ нæхимæ рауайæд. Уыцы заман ныртæккæйы хуызæн вæннæтæ æмæ душтæ нæ уыдис æмæ адæймагæн йæхи ныхсын ныртæккæйы хуызæн æнцон куыд уыдаид! Сывæллæттæ азгьордтой сыхæгтæм æмæ иу-цасдæр рæстæджы фæстæ фæзындысты. - Афтæ зæгьы: ныртæккæ, дам, фæцæуын. Цы гæнæн уыд, сбадтæн æмæ æнхъæлмæ кæсын. Рацыд дзæвгар рæстæг, фæлæ сылгоймаг нæ зыньг. Дыккаг хатт та йæм арвыстон сывæллæтты. Æрцыдысты та мæм, гъе уыцы дзуаппимæ: - Ныртæккæ фæцæуын... Бадын æмæ мæсты байдыдтон. Дыууæ къуырийы æхсæвæддæ фæдæн быдыры: дæн фæллад, фæлмæцыд, æххормаг, чъизи. Ус афтæ нæ зæгъы, ацæуон æмæ йæм фæкæсон, зæгъгæ, фæлæ йæ зæрдæйыдзæбæхæн сыхы устытимæ бады. Мæ маст тынгæй- тынгдæр кодта. Ног та йæм сæрвыстон. Æмæ та ногæй уыцы дзуапп... Иу-цасдæр ма абадтæн, стæй уæд фестадтæн. Хъавыдтæн мæхæдæг сыхæгтæм суайын æмæ не ’фсинæн уым диссæгтæ ба- кæнын. Уалынмæ кæсын, æмæ йæхæдæг кæрты дуарыл æрбахызт. Куыдддæридæр мæ размæ агьуыстмæ æрбацыд, афтæ æз къулмæ фæкомкоммæ дæн Садуллæйы ехсмæ... «Лæг куы уай, уæд дæ искуы бахъæудзæн», — æрбалæууыдысты мæ зæрдыл Садуллæйы ныхæстæ. Ныр æз кæронмæ бамбæрстон уыцы ныхæстæ. Æз никуы уыдтæн, хылтæ, загъд æмæ нæмын чи уарзы, уыдонмæ æмхиц. Фæлæ абон... Абон Садуллæйы ныхæстæн æнæсæххæстгæнгæ нал уыдис... 158
Райстон къулæй ехс æмæ — дæ фыдгул афтæ!.. Йæ цæфы хъæр ливоры гæрахы хуызæн хъуыстис. Нæ мад мæ æрбаййæфта, байста мын мæ ехс æмæ мын дзы мæхиуыл æрцыдис — ды, дам, дæ би- нойнагмæ ехс куыд систай. Уыцы бон мæ бинойнаг нæ, фæлæ мæхæдæг дæр базыдтон Са- дуллæйы ехсы ад. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, мæ бинойнагæн ехсы цæфтæ тынгдæр фæрыстысты — уый æз фæнадтон, мæн та уыцы ехсæй мæ мад фæнадта. Мады цæф та адæймагæн нæ риссы. Ацы хабары фæстæ махæн не ’фсинимæ нæ цард нæ фехæлд. Алчи дæр нæ йæ рæдыдыл басаст, æмæ абон дæр ма цæрæм кæрæдзийы æмбаргæйæ. Цоты тыххæй дæр хæлæг никæмæ кæнæм. Уыцы хабарыл рацыд бирæ азтæ. Фæлæ ма ныр дæр хатгай не ’фсинæн фæзæгъын: — Сыхбæсты устытæ дæлæ уынджы бæласы бын бадынц, цæ- уылнæ сæм акæсыс? Уæд уый æнæмæнгæй скæсы къулмæ, Садуллæйы ехс ауыгъд кæм ис, уырдæм æмæ йæ мидбылты бахуды... Садуллæйы ехс та, кæд тынг базæронд, уæддæр мæнæн у мæ зынаргъдæр дзаума æмæ æдзухдæр ауыгьд у йæ бынаты, къулыл гауызыл, мæ хуыссæны сæрмæ. Æз зæронд дæн, 80 азæй мыл фылдæр цæуы. Æмæ мæ бинонтæн бафæдзæхстон, куы амæлон, уæд-иу мын æй мемæ мæ чырыны нывæрут, зæгьгæ. Хъазыбегты зæронд лæг йæ ныхас фæцис. Уæдмæ æфсинтæ сцæттæ кодтой, цы хъуыдис, уый, æрæвæрдтой фынгтыл хæрд, нозт, æмæ мах Хъазыбегтимæ кæрæдзийы æмбаргæйæ бафидыд- там. СИГАЙЫ ФЫРТТÆ Рæстæг цæуы æмæ ныхъуыры царды бирæ хабæрттæ. Йæ боны диссаг чи фæкæсы адæммæ, ууыл цасдæр рæстæг куы рацæуы, уæд ферох вæййы. Фæлæ ахæм хабæрттæ дæр вæййы, æмæ нæ рох кæнынц. Иу фæлтæр сæ дæтты иннæ фæлтæрмæ æмæ сæ кой баззайы æнусмæ. Хорз хабæрттæн дæр æмæ æвзæр хабæрттæн дæр. Мах хъæуы 20-æм азты цардис Дзандараты Мæхæмæт. Хуыдтой 159
йæ Гæбæт дæр, фæлæ йæ адæм иууылдæр зыдтой Сигайæ. Йæ ус уыдис Хъесаты чызг Дзыго. Кæрæдзийы фæдыл лæг æмæ усæн райгуырдис фондз лæппуйы, сæ иуæй иннæ хæрзконддæр æмæ рæсугъддæр. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, се ’гъдау сæхимæ нæ уыдис. Се ’мгæрттæм кастысты уæлæуæзæй. Кæм-иу уыдысты, уым кодтой хылтæ, надтой, сæ бон кæуыл цыдис, уыдоны. Сæ кард уыдис тынг цыргъ — æргæвстой адæмы фос, адæмы мæргьтæ. Сдзурын сæм ничи уæндыдис,— чи тьыста йæ къух бирæгьы дзыхы! Фондз æфсымæры, сæ иуæй иннæ гуыппырсардæр æмæ фы- дуагдæр: Ахмæт, Дзæрæх, Хъамболат, Хаби æмæ Ауызби. Æхсæзæм та,— Ахмæты фырт Микъала. Æмæ - марадз, исты сæм сдзур! Фæлæ фыдæлтæй баззадис: Хуыцауы фыдæхæй, æмæ адæмы фыдæхæй уæлдай нæй. Æмæ Сигайы фыртты дæр адæмы фыдæх басыгьта. ...Æлбегаты Алыксандр цардис хъæуæн йæ кæронмæ хæстæг. Скодта йæхицæн дукани æмæ базар кодта. Никæй хъыгдардта, цардис æнцад йæхицæн. Адæммæ æхца фаг нæ уыдис, æмæ-иу бæтгæмæ дæр лæвæрдта хъуымац. Адæмы уарзта, æмæ йæ адæм дæр уарзтой. Уыцы райсом Алыксандр рабадтис хуыссæнæй тынг уæнг- мардæй. Æхсæвы уыдта фыдфынтæ, цалдæр хæтгы райхъал. Дис кодта, йæ фынтæ цæмæ расайдзысты, ууыл. Уырныдта йæ: исты бæллæхæн æнæрцæугæ нæй. Фæссихор дуканимæ æрбацыдысты дыууæйæ: Сигайы фырт Хъамболат æмæ Гугкаты Ахмæты фырт Гæмæт. Бирæ ракæс-бакæс фæкодтой хъуымацы топпытæм, сæхи нымæры цыдæртæ дзырд- той. Фæстагмæ Хъамболат йæ ехсы хъæдæй бацамыдта иу хъуымацы топмæ, Гæмæт та равзæрста æндæр топп. Бæрæг уыдис, дыууæ лæджы уыдысты тынг нозтджын. Схæцыдысты хъуымæцтыл, æддæмæ сæ рахастой æмæ сæ сæ бæхтыл сæвæрдтой. Алыксандр рацыдис сæ фæстæ æмæ сдзырдта: - Хъамболат æмæ Гæмæт, хъуымæцты аргъ бафидын хъæуы! Дыууæ лæджы ницы сдзырдтой, сбадтысты сæ бæхтыл. Уæдмæ Алыксандр æрлæууыдис бæхты раз æмæ та сдзырдта: - Нæ уæ ауадздзынæн: бафидут хъуымæцты аргь. Уæд Хъамболат загьта: - Ды, Æлбеджы-фырт, цин кæн, дæ дуканийыл дын кæй æввæрсæм, ууыл! Цæй æхца дæ хъæуы! Длыксандр дыууæ бæхæн сæ идæттыл куы æрхæцыдис, нæ уæ ауадздзынæн, зæгъгæ, уæд ыл дыууæ лæджы ехсытæй хафт-хафтæй ралæууыдысты. 160
Алыксандрæн йæ цæсгомы туг æркалди, суагъта идæттæ, дука- нимæ бацыдис. Фæстæмæ-ма йæм радзырдтой: — Куыддæр ма дæ амæй фæстæмæ ацы хъуымæцты кой фе- хъусæм, афтæ дæхи хъахъхъæн. Æлбеджы-фыртæн дуканийы æмбæхст уыдис фондзæхстон топп. Уыцы мæстыйæ бацыдис, рай- ста топп æмæ лæгты фæстæ рауадис. Хъамболат æмæ Гæмæт тигъмæ нæма схæццæ сты, афтæ райхъуыстис цалдæр гæрахы. Дæ балгъитæг афтæ: дыууæйæ дæр бæхтæй рахаудтой æд хъуымæцты топпытæ. Сæ бæхтæ фæтарстысты æмæ уæлæмæ уынджы алыгьдысты. Æлбеджы-фырт зыдта, кæимæ фæтуджджын ис, уый. Сыста- дис æд бинонтæ æмæ алыгьди мах хъæуæй. Битарты Афæхъойы фырт Микъала мæнæн радзырдта ахæм хабар: — Сигайы фырттæ махмæ цардысты хæстæг, иннæ уынджы. Сæ иу — Дзæрæх бон-сихорафон быдыры æрцахста мах бæх, аласта йæ æмæ йæ кæмдæр ауæй кодта. Мах æм цыдыстæм, фæлæ уый нæ састис. Фæстагмæ йын гæнæн куы нæуал уыдис, уæд басастис, фæлæ загьта: — Аластон уын уæ бæх æмæ йæ ауæй кодтон. Цы уæ фæнды, уый кæнут! Дæлейы уæ бæхджынтæ, уæлейы та - уæ фистæджытæ! Æцæг уын зæгъын: искæйæ ма сымахæй уыцы бæхы тыххæй мæ дуармæ куы æрæййафон, уæд ардыгæй æгасæй нал ацæудзæнис! Куыд нæ фæкастис худинаг уый махмæ: нæ бæх нын аласта, стæй ма нæм æртхъирæн дæр кæны. Æмæ иу изæр мæнмæ æмæ мæ фыды æфсымæры лæппу Джеорджимæ фæдзырдта нæ фыды æфсымæр Гатæгъæз: — Топпыты гилдзытæ сæвæрут, уæ хъаматæ бабæттут æмæ ацæ- ут Сигайы фырт Дзæрæхы марынмæ. Куы нæ йæ амарат, уæд-иу ацы хæдзармæ уæ иу дæр мауал æрбацæуæд! Адæмы астæу æз уыцы худинаг мæ сæрмæ не схæсдзынæн! Гатæгъæз карз лæг уыдис. Мах уый зыдтæм æмæ уæлдай ницы- уал загътам. Нæ топпытæ райстам, бабастам нæ хъаматæ æмæ ра- цыдыстæм. Цыдыстæм Хуытъинаты Инуйы кауы рæбынты иннæ уынгмæ. Куы бахæццæ стæм, уæд кæсæм, æмæ Сигаты дуармæ дыууæ лæджы кæрæдзийы ратон-батон кæнынц. Раиртæстам дыу- уæйы дæр: сæ иу уыдис Дзæрæх, иннæ та Дзодзыккаты Дæнийы фырт Мысырыхъо. Фехсæн уыдис Дзæрæхы ардыгæй, фæлæ тæрстыстæм Мысырыхъойæн. Дыууæ лæгæн сæ загъд тынгæй-тынгдæр кодта, байдыдтой кæрæдзимæ æвналын къухæй. Иу ахæмы Мысырыхъо йæ астæуæй фелва^ста стыр сау хъама æмæ Дзæрæхы сфаста. Дзæрæхæн йæ хуылфыдзаумæттæ зæхмæ æркалдысты, йæхæдæг ныхъхъæр кодта 11 Бокоты Солтан 161
æмæ зæхмæ æрхаудис. Адæм æрбамбырд сты æмæ Дзæрæхы мидæмæ бахастой. Мысырыхъо ацыдис сæхимæ. Мах æрбацыдыстæм нæхимæ æмæ Гатæгьæзæн — радзырдтам, цы федтам, уый. Гатæгьæзы нæ ныхас нæ уырныдта, фæлæ уалынмæ Сигатæй кæуын æрбайхъуыстис. Æмæ йæ уæд бауырныдта. Цæуыл амарын кодта Дзæрæх йæхи Мысырыхъойæн? Цæвит- тон, уый размæ хъæубæсты иу ран уыдис чызгæрвыст, æмæ хъазты Мысырыхъо уыдис чъегьре. Сигайы фырт Дзæрæх Мысырыхъойæн бамбарын кодта, цæмæй йæ уый асимын кодтаид уазджытæй иу чызгимæ. Мысырыхъойæ ферох ис, æмæ Дзæрæхæн нæ бафтыдис йæ къухы уыцы чызгимæ нæ акафын, нæ асимын. Ацы хабар Дзæрæх йæ зæрдыл бадардта, æмæ ныр, Мысырыхъо сæ дуæртты куы æрцæйцыдис, уæд æм ралæбурдта... Ничердыгæй фæзындис Сигайы бинонтыл Хъамболат æмæ Дзæрæхы амард. Кодтой сæ кæнон. Сæ фыд Сига æмæ сæ мад Дзыго «ма кæны» бæсты ссырæвæрæн кодтой сæ цотæн. Фæззæджы 1922 азы хъæусоветмæ фæхабарчындæуыд, зæгьгæ, Сигатæ кæйдæр гогызтæ адавтой. Иу нæл гогыз дзы ныртæккæ фыцы сæ аджы. Хъæусоветы сæрдар Битарты Дауыт æнæуи дæр мæсты уыдис Сигатæм, сæ бæхы давды тыххæй. Æмæ йын ныр амал фæцис, Сигатæн цы хъæуы, уый бакæнынæн. Дауыт арвыста хъæубæсты фæскомцæдисонтæн се ’ппæтмæ дæр æмæ сæ æрæмбырд кодта. Уыдысты сæдæмæ æввахс. — Кæдмæ афтæ кæсдзыстæм, хорз адæм, мах Сигайы би- нонтæм,— загьта Дауыт. — Ныртæккæ уыдон адавтой кæйдæр го- гызтæ. Иу гогыз дзы ис уæларт. Абон хъæуы бауынаффæ кæнын. Дарддæр æргъæвæн нал ис ацы æнаккаг адæмы фарстайæн. Кæнæ Хъæдгæрон, кæнæ - Сигатæ! Æрбахæссут, хорз адæм, уæ фæндæттæ! Æмæ Хъæдгæроны фæскомцæдисонтæ æрцыдысты æмхъæлæсæй иу уынаффæмæ: Сигайæн йæхиуыл, йæ усыл, йæ фырттыл арца- уындзын хъæуыаргæвст гогызтæ æмæ сæ афтæмæй атæрын хъæуы Хъæдгæроны уынгты се ’ппæты дæр. Стæй уæд сæхæдæг хъæуæй лидздзысты! Хъæусоветы сæрдар Дауыт сæ разæй, афтæмæй Хъæдгæроны фæсивæд рацыдысты Сигайы хæдзармæ. Ам æрлæууыдысты хæдза- ры алы фарс, стæй уæд бахостой æхгæд дуар. Дуар нæ кодтой. Уæд цалдæрæй лæппутæ, сæ нагантæ сæ къухы, афтæмæй багæпп кодтой æмæ дуæрттæ бакодтой. Сигайы цотæн цы бамбарын хъуыдис хъуыддаг æмæ лидзæг фесты цæхæрадоныл. Фæлæ сæ ам æрурæд- той æмæ сæ фæстæмæ æрбаздæхтой хадзармæ. Фæрсгæ сæ ницæмæй 162
кодтой. Сига æмæ йæ фырттæн фæстæмæ бабастой сæ къухтæ. Гогызтæй чи тынд уыдис, чи æрдæгтынд. Дыгай-æртыгай тынд æмæ æрдæгтынд гогызтæ сауыгьтой Сига æмæ йæ цотыл. Аг та, гогызы фæстаг æрдæг дзы зынди, афтæмæй æрцауыгьтой сæ мад Дзыго- йыл. Æмæ сæ афтæмæй ракодтой уынгмæ. Уæдмæ адæм, æрым- бырд сты уынджы. Иууылдæр кастысты стыр диссагмæ! Кодтой сæ хъæубынæй хъæуысæрмæ иу уынджы, стæй та уæд хъæуы сæрæй хъæуы бынмæ иннæ уынджы. Тынг бирæ адæм цы- дис сæ фæдыл. - Афтæ сын хъæуы! — дзырдтой адæм. Хид иу кæй дуармæ уыдис, уым та иу сæ хиды бынты абырын кодтой. Афтæмæй, Сигайы бинонты, се ’фцæджы æргæвст го- гызтæ, æрзилын кодтой алы уынджы дæр хъæуы. Æмбисæхсæв сæ бакодтой сæхимæ. Райстой сын сæ гогызтæ æмæ сæ радтой, кæй уыдысты, уымæн. Дыккаг бон Сигатæн сæ хæдзары цъиу дæр нал уыд... Кæдцæр ма дзы кæйдæр фендæуыд Кæсæджы... — Адæмы фыдæхæй Хуыцауы фыдæхæй уæлдай нæй,— загътой- иу нæ фыдæлтæ. Раст у уый. €©©§* ТОХТИАТЫ ТОТРАДЗ Тохтиатæ махмæ Хъæдгæроны иунæг хæдзар йедцæмæ нæ уыдысты. Цардысты хъæуæй иуварс. Сæ цæхæрадон уыдис æртæ гек- тармæ æввахс. Уый бæрц цæхæрадон хъæу Тотрадзæн, æвæццæгæн, уый тыххæй радтой, æмæ нымад лæг кæй уыди. Лæг- иу кæм бахъуыд, уым æдзухдæр агуырдтой Тотрадзы. Æндæр хъæутæй дæр цыдысты Хъæдгæронмæ, Тотрадзы сæр-иу сæ бахъуыд. Афтæ никуы рауад, æмæ туджджынтæ кæд нæ бакастысты йæ коммæ æмæ кæд нæ бафидыдтой. Тотрадзы бæстыхæйттæ ма æз æрæййæфтон. Йæ цæхæрадоны кæрæтты цыди стыр дон. Ацы доныл уый сарæзта, цыппар фыды кæм зылдис, ахæм стыр куы- рой. Доны был уыдис фæллад уадзынæн стыр обау, йæ сæрыл та задис стыр бæлас. Бирæ уыдис цæхæрадоны дыргъ бæлæстæ, хорæн дæр фаг уыдис йæ зæхх. 163
Цæхæрадоны бæрæг астæу Тотрадз самадта бетонæй обау, мидæгæй — къуырф. Æддейы ацы бетоныл ныккодта зæхх æмæ дардæй кæсгæйæ зынди æцæг обауы хуызæн, æрæджы дæр ма Иры- стоны быдырты цы бирæ обæуттæ уыдис, уыдоны хуызæн. Мидæгæй обауы къулы рæбынты уыди æмдымбыл æфсæйнаг тæрхæджытæ. Тæрхæджытыл сты ’вæрд, Тотрадзы бинонтæй чи амард, уыдоны чырынтæ иууылдæр. Дуар дæр у æфсæйнагæй. Цæмæй обаумæ фос мæ цæуой æмæ ма фехæла, уый тыххæй йын Тотрадзы хионтæ фæстæдæр йæ алыварс скодтой æфсæн быру. Афтæ лæууы Тохти- аты бинонты иумæйаг мавзолей. Цæхæрадон æмæ агьуыстытæ нал сты. Бирæ. диссаджы æмбисонды ныхæстæ ныууагъта Тотрадз йæ фæстæ. Йæхи йын чи зыдта, уыдонæй абон хъæубæсты ничиуал у æгас. Фæлæ кæм бахъæуы, уым ын йæ ныхæстæ æрымысынц, слайда сæ кæнынц. Æрхæсдзынæн иу дæнцæг, мæнæн Мецъаты Гаппо кæй ра- дзырдта, уый. Хъæдгæроны зæххытæн сæ фылдæр хай уыдысты тулдз цъыхы- рытæ. Ацы цъыхырыйы амардæуыд æрыдойнаг Саламтæй иу лæджы. Лæг уыдис Хъæдгæроны партион организаци саразæг Хъесаты Цæрайы кæнгæ æфсымæр. Цæра марды æрласта йæхи хæдзармæ. Ам марды срæвдз кодта ныгæныны онг. Арвыста хъæубæстæм хъæргæнджытæ, арвыста æндæр хъæутæм дæр. Дзыллæтæ сызмæ- лыдысты æмæ аластой мард Æрыдонмæ. Ардæм æрæмбырд ис тынг бирæ адæм алы хъæутæй æмæ алы кæмттæй. Зиан бафснайдтой, уæдæ цы уыдаид. Адæм фæбадтысты хæрнæджы, куыд фæбадынц, афтæ. Стæй уæд сыстадысты æмæ дыууæрдыгæй æрлæууыдысты фысымтæ æмæ æрцæуæг адæм кæрæдзийæн арфæ ракæнынмæ. Æрцæуæг адæмæй арфæ кæныны бар лæвæрд æрцыдис Тохтиаты Тотрадзæн. Уый иу-цасдæр фæдзыр- дта, стæй кæронбæттæны загьта: — Саламты мыггаг æмæ Æрыдоны хъæубæстæ! Дуне сфæлдисæг Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд, æмæ, цæмæй абоны зиан ма ферох кæнат. Ацы ныхæсты фæстæ Тотрадз йæ худ ныккодта æмæ араст и уæрдонмæ. Тотрадз ныхас куы кодта, уæд мах, иу къорд кæстæрæй, лæууы- дыстæм иу ран. Махмæ стыр диссаг фæкаст, Тотрадз ахæм ныхас цæмæн загъта, уый. Махмæ гæсгæ уый ралгъыста Æрыдоны дæр æмæ Саламты дæр. Фыццаг заман иу мæрддзыгойæн æвæрдтой фæндаггæгтæ. Æмæ мах фондзыссæдз уæрдонæй фылдæрæй Æры- 164
доны доны сæрты куы æрбахызтыстæм нæхи ’рдæм, уæд бауырæд- тæм нæ уæрдæттæ. Райстам нæ фæндаггæгтæ æмæ сæ цъæх нæууыл æрæвæрдтам нæ хистæрты раз (хæдзармæ сын ласæн нæ уыдис). Уæд мах Дзуццаты Бибоимæ бацыдыстæм хистæрты размæ, рак- уырдтам хатыр æмæ бафарстам Тотрадзы, уый Æрыдоны æмæ Са- ламты мыггаджы цæмæн ралгьыста, уый тыххæй. Тотрадз йæ мид- былты бахуд æмæ нын загьта. — Æз сæ æлгьитгæ нæ ракодтон, фæлæ сын арфæ ракодтон. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ цыфæнды зиан дæр уæд ферох вæййы, ’мæ йæ фæстæ ноджы судзаггагдæр зиан куы ’рцæуы. Æмæ сын загьтон, цæмæй сыл ацы зианæй судзаггагдæр зиан ма æрцæуа. Мах бамбæрстам Тотрадзы ныхас æмæ йæ радзырдтам кæстæртæн. Бамбæрстой йæ уыдон дæр. Йæ ус Дакæ уыдис гыццыл ус. Райгуырдис сын æртæ чызджы æмæ иу лæппу - Хату. Бæрзонд лæппу уыдис Хату, кадджын, нымад æмгæртты астæу. Бирæ æмгæрттæ уыдис Хатуйæн хъæуы дæр æмæ Ирыстоны дæр. Тохтиаты хæдзар ахæм уазæгджын уыдис, æмæ бон-изæрмæ сæ арт нæ хуыссыдис — иу уазæг æййæфта ин- нæйы. Ам æнцон нæ уыдис æфсинæн дæр -уазджытæн хæринаг кæнын хъуыдис. Фæстæдæр, Хату ус куы æрхаста, уæд Дакæйæн дæр фенцондæр. Йæ чындз Мæди, Хъобангомæй Фидараты чызг разынд æвæджиау сылгоймаг. Мæ зæрдыл лæууы ахæм хабар: Хату æмæ Мæдийы хистæр чызг Зинæ чындзы цыдис 1946 азы, æз уым уыдтæн чызгæрвитæг. Чындз- хæсджыты хистæрæн уæд æрбацыд хъæубæсты хуыздæр лæгтæй иу - Джериаты Бибо. Чындзæхсæв йæ тæккæ тынгыл куы уыдис, уæд Бибо загьта: — Хорз адæм! Тохтиаты Тотрадз йæ ус Дакæйы куы хаста, уæд дзы мæ тæккæ лæппуйæ саргъы бæхыл уыдтæн чындзхæссæг. Йæ фырт Хату Фидароны куы ракуырдта, уæддæр дзы уыдтæн чындзхæссæг. Абон Хату æмæ Фидароны чызг цæуы чындзы æмæ та дзы дæн ныр дæр чындзхæссæг. Æмæ мæ зæрды ис, абон кæй хæссæм, уыцы чызгæн лæппу куы райгуыра, æмæ уый ус куы хæсса, уæд ма уым дæр чындзхæссæг куыд æцæуон. Уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, æгас нал уыдысты Тотрадз дæр, Дака дæр æмæ Хату дæр. Адæмæй иутæм ацы ныхæстæ фæкастысты худæг, иннæтæ та сыл арф ныхъхъуыды кодтой. Тотрадзы фырт Хату дæр уыдис йæ фыдыфырт, фæлæ йын цæрын бирæ нæ бантысти. Чехоткæйæ амард. Йæ ус Мæди схъо- мыл кодта сæ æртæ чызджы æмæ сæ моймæ арвыста: Зинæйы, За- рæйы, Езетæйы. 165
Хатуйы хабæрттæй иу лæууы мæ зæрдыл: - Цæвиттон, йæ кæстæр хо Верæйæн æрцыдис йæ моймæ цæуыны афон. Уыдис стыр кадджын чызг. Тынг рæсугъд хуы- дтой Верæйы, чи йæ зыдта, уыдон. Йæ кой æнæхъæн Иры- стоныл айхъуыст. Дзырдæн баззад Тохтиаты Верæ — зæгъгæ, ома, рæсугъд æмæ хæрзконд. Хату дæр зыдта йæ хойы рæсугъд- дзинад, йæ хорзы кой куыд айхъуыстис Ирыстоныл, уый. Æмæ йæхинымæр катай кодта, кæмæн æй ратдзæн, ууыл. Тагъд рæстæджы усгуртæ дæр зынын байдыдтой хи хъæуæй дæр æмæ æндæр хъæутæй дæр. Уыимæ, хуымæтæджы лæппутæ нæ, фæлæ амæй-ай лæгдæртæ. Хату се ’ппæты дæр зыдта хорз. Иу дæр дзы ахæм нæ уыд æмæ Верæйы аккаг чи нæ уыд. Уыцы рæстæджы ма чызгæн йæхи нæ фарстой, æмæ, хойæн йæ цард куыд рацыдаид, уымæн æппæтæй дæр дзуапп лæвæрдта йе ’фсымæр Хату. Зын уавæры бахаудта Хату. Усгуртæ — бирæ. Иууылдæр — хорз кæимæ цæры, ахæмтæ. Иуы зæрдæхудты бацæуын дæр æй нæ фæнды. Зоны йæ, бирæтæ йæм кæй фæхæрам уыдзысты, уый. Æмæ æрхъуыды кодта... Уый тыххæй мын радзырдта уыцы усгуртæй иу, хъæдгæройнаг Лазарты Гырысо (Хъырымсолтан): - Æз Тохтиаты хæдзармæ арæх æфтыдтæн. Хорз цардтæн Ха- туимæ. Уый дæр арæх цыдис махмæ. Мæ зæрдæ æхсайдта тынг Верæмæ, фæлæ йæ ской нæ уæндыдтæн. Уалынмæ æрыхъуыстон, Джызæлæй, дам, сæм уыдис минæвæрттæ, зæгъгæ. Мæ быны, куыд фæзæгьынц, дон бацыд. Бамбарын кодтон бинонтæн æмæ иу хуыцаухсæв нæхи Налыхъ æмæ Гæлæбаты Садуллæ минæвæрттæ ацыдысты Тохтиатæм. Фабадтысты Хатуимæ æмæ ракодтой сæ хабар. Хату сын загьта: - Æз Гырысойыл фау не ’вæрын. Фæлæ мын ис хионтæ, хæстæджытæ. Цæрынц алы хъæуты. Æмæ мæн хъæуы уыдоны бафæрсын, цæмæй мыл сæ зæрдæ ма фæхуда, уый тыххæй. Хъæу- тыл зилынæн та хъæуы рæстæг. Æмæ снысан кодта — иу мæйы фæстæ хуыцаухсæв нæм-иу фæзынут, зæгъгæ. Растдæр зæгъгæйæ- иу, уæд Гырысо йæхæдæг фæзынæд, æмæ йын мах зæгъдзыстæм дзуапп. ^Сату рацыдис хинæй. Цалынмæ æз æрвыстон Тохтиатæм, уæдмæ усгуртæ цалдæр баисты. Æмæ се ’ппæтæн дæр Хату лæвæрдта уыцы иу дзуапп: фæзын-иу дæхæдæг уыцы хуыцаухсæв æмæ дын дзуапп уыдзæнис. Ам дыууæ усгуры кæрæдзийы нæ базыдтой. Алчи дæр 166
æнхъæл уыдис, уыцы хуыцаухсæв Тохтиатæм уый йеддæмæ ничи бацæудзæнис, зæгъгæ. Рæстæг цыдис тынг сындæг, фæлæ уæддæр уыцы бон æрцы- дис. Срæвдз кодтон мæ саргъы бæх, скодтон мæ бæрæгбоны дарæс æмæ куы фæталынг ис, уæд араст дæн Тохтиатæм. Куы бахæццæ дæн, уæд фæдис кодтон: сыгъдис сæм бирæ цырæгьтæ. Дуармæ цы дыууæ бæхбæттæны уыдис, уыдонæй иуыл дæр нал уыд бæх бабæттæн - се ’ппæтыл дæр бает уыдис саргъы бæхтæ. Æз тынг дис фæкодтон, Тохтиатæм цы ис, ууыл. Мæнæн ахсæвмæ куы сæмгъуыд кодта Хату, уæд сыл цы æрцыдис? Исдуг фæстæмæ аздæхынмæ дæр рахъавыдтæн. Фæлæ куыд? Æмæ уæд мæ бæхæй æрхызтæн, бабастон бæх кауыл æмæ ехсы хъæдæй дуар бахостон. Уайтагъд мæм рацыдис Хату йæхæдæг. Бацин мыл кодта æмæ мæ акодта мидæмæ. Се стыр уатмæ куы бахызтæн, уæд дзы фед- тон бирæ лæппутæ. Нæхи хъæуккæгтæ дæр дзы уыди. Фæлæ сæ фылдæр — кæй нæ зыдтон, ахæмтæ. Салам сын радтон æмæ семæ æрбадтæн. — Хъæдгæройнаг Лазарты Иласы фырт Гырысо! - загьта Хату. Йæхæдæг райдыдта нымайын, уаты чи бадтис, уыдоны, нæхи хъæуккæгтæй фæстæмæ, цæмæй сæ æз базонон, уый тыххæй. Æз сыл мæ цæст ахастон æмæ... уыдысты иуæндæс лæппуйы — алы хъæутæй æмæ кæмттæй. Уый бæрц усгуртæ иу чызгмæ æрæмбырд æз никуыма федтон æмæ хъусгæ дæр никуы фæкодтон. Хæдзар æмызмæлд кодта. Иутæ фыхтой дзидза, сылгоймæгтæ кодтой чъиритæ. Æз дæр æмæ ам чи бадтис, уыдонæй алчидæр хъуыды кодтам, цы уыдзæнис, ууыл. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй мæнæн ахсæвмæ куыд загьта Хату, ацы лæппутæй алкæмæн дæр загьта афтæ. Æмæ иууылдæр уымæн æрæмбырд сты. Уыимæ махæй, иннæтæ дæр усгуртæ сты, уый ничи зыдта. Æрæвæрдтой фынг. Хату æрбадтис фынгыл æппæты уæлейы. Махæй алчи дæр архайд- та дæлдæр æрбадыныл, ома, æз кæстæр дæн, зæгьгæ. Фæлæ Хату хорз зыдта алкæмæн дæр йæ кар æмæ йæ куыд фæндыд, афтæ сба- дын кодта не ’ппæтьг дæр. Уæдмæ Хату фæсидт Хуыцауы тыххæй, æмæ йæ не ’ппæт дæр банызтам. Стæй Хату сыстад æмæ загьта: — Хорз адæм! Уе ’ппæт дæр æй зонут, мæнæн æфсымæр кæй нæй, уый. Ис мын æрмæст дæр æртæ хойы. Сымах уе ’ппæт дæр абон æрæмбырд стут мæ хо Верæйьг тыххæй. Уе ’ппæты дæр зонын хорз, стæй — фыццаг аз нæ. Уарзын уæ æмæ уын аргъ кæнын. 167
Фидарæй мæ уырны, сымах дæр мæн кæй уарзут, уый. Цыбыр ныхасæй, æз сымах нымайын ме ’фсымæртыл. Уырны мæ уый дæр, æмæ сымахæй иу дæр æнæ усæй нæ баззайдзæн. Скъæфгæ уæддæр кæндзыстут, гæнæн куы нал уа, уæд. Фæлæ махæн нæ астæу ис иу æмгар, æмæ æз хъавын зæгьын уый тыххæй сæрмагондæй. Уый у тынг æфсæрмыгæнаг, тынг æнæных. Æмæ абон æз Верæйы уымæн куы нæ саккаг кæнон, уæд уый ус нал ракурдзæн. Æмæ не ’мгар мах астæу баззайдзæнис мæгуырæй. Æмæ мæ уырны, мæ хойы уымæн куы радтон, уæд сымахæй алчи дæр мемæ сразы уыдзæн. Мах Хатумæ хъуыстам тынг зæрдиагæй. Тынг нæ фæндыд базо- нын, кæй кой кæны Хату? — Куыд зæгъут, хорз адæм? Мæ уынаффæйыл разы стут, æви нæ? Кæд разы уат, уæд уын æз зæгьдзынæн, цы æмбалы кой кæнын, уый,— загъта фæстагмæ Хату.— Кæд мемæ не сразы уат, уæд ныртæккæ ардæм чызджытæ ракæндзысты Верæйы, æмæ æз уымæн бар ратдзынæн, цæмæй уæ астæуæй къайаг равзара. Ахæм хабар Ирыстоны никуыма æрцыдис, фæлæ йæ æз бакæндзынæн, цыфæн- ды худинаг куы фæуон, уæдцæр. Фынгылбадæг адæм иууылдæр ныхъхъус сты. Ничи ницы дзыр- дта Хатуйы ныхасыл. Фæстагмæ олгинскæйаг усгур йæхи нал бау- рæдта æмæ загьта: — Кæд алы хъæутæй стæм, уæддæр стæм ирон адæм. Æмæ кæд не ’хсæн ис, Хату кæй загьта ахæм æмгар, уæд æз иу лæгæй разы дæн Хатуимæ. Гыццылгай, гыццылгай байдыдтой дзурын иннæтæ дæр. Æмæ сразы сты иууылдæр Хатуимæ. Уæд та Хату загьта: — Кæд, мыййаг, исчи мемæ æфсæрмæй сразы ис, æнæуи та йын мæ уынаффæ хъыг у? Мæ зæрдæ æхсайы! Нæ разындис иу дæр ахæм. Уæд ныл Хату йæ цæстытæ ахаста. — Нæ астæу ис хъæдгæройнаг Дзахоты Хæчъассæ. Сымахæй, куыд загътон, афтæмæй иу дæр æнæ усæй нæ баззайдзæн. Фæлæ Хæчъассæйæн ныртæккæ йæ хъуыддаг куы нæ рауайа, уæд уый цалдæр азмæ никæуылуал сдзурдзæн. Хъуамæ бынтондæр мах ас- тæу æнæ усæй дæр баззайа. Æмæ æз сымахæн уе ’ппæты руаджы мæ хойы аккаг кæнын Хæчъассæйæн! Æмæ æз ацы сидт уадзын Хæчъассæ æмæ Верæйы цæрæнбоны тыххæй. Уый фæстæ хъуамæ, æз уæ курын, фынгыл ацы хъуыддаджы фæдыл ныхас мауал уа. Хату уыцы сидт банызта. Банызтам æй мах не ’ппæт дæр. Фæбадтыстæм Тохтиаты хæдзары тынг хорз, æмæ нæ алчи дæр хъæлдзæгæй йæ хæдзармæ ацыдис. 168
Æрхаста Хæчъассæ Верæйы. Æз дæр æрхастон мæ сыхаг ГУ т иаты Хъауырбеджы чызг Даринкæйы. Тохтиатæм цы усгуртæ æрæмбырд, уыдон дæр æрхастой устытæ. Се ’ппæтæн дæр рацыд хорз цот. Гырысо фæцис йæ ныхас ууыл. Ныртæккæ Тохтиаты Тотрадзы бынæггæй дур дурыл нал баз- зад. Нал ис диссаджы цæхæрадон, нал ис диссаджы дыргъдон. Хæдзæрттæн слæгъз сты сæ фундаменттæ. Нал зилынц раджыйау йæ куырæйтгæ. Æрмæст ма дардмæ зыны, Тотрадз фæллад уадзынæн цы обау скодта, уый. Æцæг, йæ сæрыл нал ис уыцы стыр бæлас. Дардмæ ма зыны ноджыдæр иу обау. Тотрадзы бинонты иу- мæйаг ингæн, æмæ йæ алыварс æфсæйнаг быру цъæх ахуырстæй. Хатуйæн дæр лæппу нæ уыд. Æрмæст дæр æртæ чызджы. Кæстæртæ ма æгас сты, цæрынц сæ лæгтæ æмæ сæ сывæллæттимæ. Хистæр Зинæ амард. Амард сæ мад Мæди дæр. Лæппуйы райгуырдыл ирон адæм рагæй дæр дзæгьæлы цин нæ кодтой. Лæпгту бындар у! ЛÆГÆЙ ЛÆГ ЗÆГЪЫН ХЪÆУЫ Документалон уацау Уый бадтис мæ комкоммæ къæлæтджын бандоныл. Йæ уæлæ уыд рагон æрттиваг хъармандурæй куырæт. Йæ астæуыл — æвзист рон æмæ æвзист хъама, сæрыл — урс нымæтхуд. Аслæмырзæ Томайты. Хъæдгæройнаг. Иу-дыууæ азы размæ амард йæ ус Меска æмæ баззадис иунæгæй. Хъæдгæроны ауæй кодта йæ хæдзар æмæ аивта Алагирмæ. Уым цæры йæ иунæг чызг æмæ йæ сиахсимæ. Ныр æй бахъуыд цавæрдæр гæххæтт æмæ уый фæдыл æрцыд йæ хъæубæстæм, æнхъæлмæ кæсы хъæусоветы сæрдæр Хадзымæ, фæлæ уый йæ куысты нæма уыд - фæдзырдтой йæм районы хицауад. Бады зæронд лæг æмæ тыхсы. Мæнæн, хъæусоветы секретарæн, æнæ сæрдар мæ бон нæу, Аслæмырзæйы цы гæххæтт хъæуы, ахæм раттын. Зæронд лæг иу иннæйы фæдыл дымы тамако æмæ рæстæгæй- рæстæгмæ цæхæрадонмæ акæсы. Йæ фезмæлд у нырма цæрдæг, йæ къавдзæф — фидар, хъæлæс — тыхджын. Уæдæ йæ ныхас, йæ зонд 169
дæр сты нырма сæ бынаты. Фæлæ цæхæрадонмæ арæх ауад-ауад дзæгьæлы нæу. Бæрæг у, азтæ сæхионтæ кæй кæнынц, æмæ Ас- лæмырзæйæн дæр йæ æнæниздзинад кæй фæцудыдта, уый. Азтæ, азтæ - æнæхатыр азтæ! Аслæмырзæйы æз зонын, мæхи æмбарын куы байдыдтон, уæдæй нырмæ. Хæстæг цардыстæм кæрæдзимæ. Æз куы райгуырдтæн, уæд ацы лæгыл цыдис æхсай азы. Æмæ бадæм ныр дыууæйæ иумæ. Аслæмырзæйыл 88 азы цæуы, мæныл — 28. Бирæ фехъуыстон ацы лæджы тыххæй хабæрттæ. Хъæубæсты зындгонд уыдис йе ’гъдау, йе ’фсарм, йæ хъару æмæ йæ лæгдзи- надæй. Уыдис дзуапджын æмæ дзырддзæугæ. Бирæ ахатти æмæ бирæ федта, уыдис ын, цы радзырдтаид, уый. Мæн рагæй фæндыд фехъусын Аслæмырзæйæн йæхицæй йæ царды хабæрттæй исты. Фæлæ ахæм амондыл никуы фæхæст дæн. Уæвгæ, иу-авд азы размæ зымæгæн йæ тæккæ хъызты уыдтæн стыр хъæды æхсæвæддæйы йемæ цуаны. Немæ ма уыдысты Гуытъиаты Алыксандр, Хъазиты Уыдык- ки, Гуытъиаты Аслæмбег, Гагкайты Алыксандр æмæ Дзуццаты Махарбег. Æз нæ, фæлæ мæ хистæртæй дæр Аслæмырзæйыл цал азы цыдис, уыдоны æмбис никæуыл цыд. Фæлæ Аслæмырзæ хъæды арф мæсчъыты æмæ бæрзонд къуылдымты уæрджытæм миты махæн не ’ппæтæй рæвдздæр цыдис. Æмæ уæд æз бынтондæр бамбæр- стон, ацы лæг хуымæтæджы лæг кæй нæ у. Ныр мæнæ, дардмæ кæй агуырдтон, уый мæм хæстæгмæ æрцыд йæхи къахæй! Æз, Аслæмырзæ йæ куыд нæ бамбара, афтæ райстон хъæусове- ты цæрджытыл 1925 азы кæй скодтой, уыцы чиныг, ссардтон уым Аслæмырзæйы æмæ æркастæн, кæд райгуырдис, уымæ: 1864 азы. Уæдмæ та зæронд лæг цæхæрадонæй æрбаздæхт, æмæ йæ æз афар- стон: - Аслæмырзæ! Бахатыр кæн, фæлæ дыл цал азы цæуы? Дæу карæнтæй ма Хъæдгæроны чи ис? - Мæныл цæуы ныртæккæ аст æмæ цыппарыссæдз азы. Рай- гуырдтæн 1864 азы (ацы стыр нымæц Аслæмырзæ уырыссагау афтæ сыгьдæг загьта, æмæ йыл æз фæдис кодтон). Ныртæккæ ма,— дзыр- дта дарддæр зæронд лæг,- Хъæдгæроны мæ карæнтæ сты Цæлык- каты Налыхъ æмæ Цабиты Хъасболат. - Аслæмырзæ, хъуыды-ма кæндзынæ, иу-цалдæр азы размæ цуаны куы уыдыстæм. Ды не ’мбæлттæй, кæмæй дыууæ хатты хистæр уыдтæ, кæмæй — æртæ. Афтæмæй не ’ппæтæй дæр цыдтæ рæвдздæр. Мах, кæстæртæ-иу, бастадыстæм, дæуыл фæллад нæ зындис. Ацы цау куы æрхъуыды кæнын, уæд мæ цæстытыл ауайы, ды æрыгонæй 170
куыд сæрæн æмæ хъаруджын уыдаис, уый. Уæдæ дæм куы хъусай, уæд бæрæг у, уырыссаг æвзаг дæр æвзæр кæй нæ зоныс, уый. Мæ ныхæстæм Аслæмырзæ иу-цасдæр ницы сдзырдта. Стæй уæд тамако сдымдта æмæ загъта: — Кæддæр хъаруйæ дæр, ныфсæй дæр æмæ сæрæндзинадæй дæр бæргæ никæмæ хæлæг кодтон. Фæлæ мыл ныр мæ азтæ æмæ мæ бирæ зындзинæдтæ сæ уæз æруагьтой. Зын цард фæкодтон æз, федтон бирæ тухитæ æмæ хъизæмæрттæ. Æндæр исчи мæ бынаты куы фæуыдаид, уæд, æвæццæгæн, абон æгас нал уаид. Æз ма уæддæр, табу Хуыцауæн,— цæуын мæ къæхтыл. Мæ хабæрггæ иу бон — дыууæ боны дзырд нæ фæуыдзысты... — Æвæццæгæн, Аслæмырзæ, æз куыд æмбарын, афтæмæй хъæу- советы сæрдар Созæйы-фырт районæй тагьд не ссæудзæнис,- загь- тон аз.- Æмæ мын дæ цардæй исты хабар куы ракæнис, уæд дæ стыр бузныг фæуаин. — Дæ фыд Ганте рухсаг уæд,— загьта Аслæмырзæ.— Мæнæй кæстæр уыдис, фæлæ тынг лымæнæй цардыстæм. Дæ мад Къаболоны фыд та мах хæрæфырт уыдис. Æййафæм хæстæджытæ. Æмæ дæ кæд афтæ тынг фæнды, уæд дын исты хабæрттæ ракæндзынæн. Æцæг, мæ цæхæрадонмæ арæх ауай-ауай хъæуы æмæ мын-иу бахатыр кæн. — Уый тыххæй ма тыхс,— загьтон æз æмæ мæхи сцæттæ кодтон хъусынмæ. — Уæдæ хъус, ма хур. Кæд райгуырдтæн, уый дын загътон. Уыцы аз Хъæдгæрон Фыййаджыбылæй райдыдтой лидзын, абон кæм и, уыцы ранмæ. Мæ фыд Уырысхан уыдис фыццаг æрлидзæг адæмæй иу. Уьгцы рæстæг мах хъæуы йæхи лæг чи хуыдта, уыдонæн Къар- доны уыдис лымæнтæ хъазахъæгтæй. Мæ фыд Уырысханæн дæр уыдис ахæм лымæн — Бондаренко Михаил. Кæрæдзийы бæрæг код- той арæх, уæлдайдæр та бæрæгбонты. Хъæуы нæ уыдис скъола, аргьуан дæр скодтой бирæ азты фæстæ. Дæсныдæр, зондджындæр чи уыдис, уыдон архайдтой, цæмæй сæ сывæллæттæ уырыссаг æвзагыл базоной дзурын. Æмæ сæ лæвæрдтой Къардоны сæ лымæнтæм. Мæн дæр мæ фыд Уырысхан дæс аз- дзыдæй акодта Бондаренкоты бинонтæм. Æртæ азы дзы фæдæн æмæ хорз базыдтон дзурын уырыссагау. Бауарзтон ам, Къардоны, бæхыл бадын. Хистæр хъазахъæгтæ мах зæрдиагæй ахуыр кодтой ацы хъуыддагыл. Æмæ æз ме ’мгар хъазахъаг лæппутæй æгуыдзæгдæр никуы уыдтæн. Нæ мад æмæ нæ фыд куы амардысты, уæд æз æмæ мæ кæстæр æфсымæр Хæчъассæ баззадыстæм бинонты дарджытæй. Кодтам зæххы куыст, дардтам фос. Æнæгъдау никуы уыдыстæм. Адæмы 171
уарзтам æмæ нæ адæм дæр уарзтой. Мæ афон куы æрцыдис, уæд мæ акодтой хъазахъаг службæмæ æмæ цыппар азы баслужбæ кодтон Стъараполы. Уыдыстæм иумæ бирæ ирæттæ æмæ æгуыдзæг нæ ра- зындыстæм. Мæнæн тынг феххуыс, Къардоны цалдæр азы кæй фæцардтæн, уый, уымæн æмæ зыдтон уырыссаг æвзаг. Кæд нæ сотня хъазахъагыл нымад уыдис, уæдцæр мах иууылдæр уыдыстæм ирæттæ. Æмæ дзы Ирыстонæй кæцы хъæуæй нæ уыдис лæппутæ — æвзаргæ лæппутæ. Се ’ппæт дæр æрцыдысты ардæм сæхи бæхтыл. Æмæ иумæ дæр махæй æвзæр, æгуыдзаг бæх нæ уыдис. Бæхджын æфсады бæхæй бирæ аразгæ у, æмæ дæ æгуыдзæг бæх худинаджы бынаты сæвæрдтаид, дæхæдæг цыфæнды сæрæн куы уыдаис, уæддæр. Æвзаргæ фæсивæд службæ кодта Ирыстонæй ацы сотняйы. Хæрзконд, хъаруджын, ныфсджын æмæ уæздан лæппутæ. Цалдæр бонмæ не ’ппæт дæр кæрæдзийы базыдтам мыггагæй дæр, номæй дæр. Базыдтам, чи кæцы хъæуæй æмæ комæй рацыд, уый дæр.- Иу ныхасæй, мах ам, Стъараполы, систæм иу бинонтæ, æфсымæртæ æмæ нæ хъуыддæгтæ дæр афтæмæй цыдысты иннæ сотнятимæ абаргæйæ бирæ хуыздæр. Ам мемæ нæхи Хъæдгæронæй уыдысты Хадыхъаты Бекацæ, Ардасенты Агæс, Хостыхъоты Алык- сы, Шанаты Тъо, Дзуццаты Зауырбег, Бутаты Хъуыдайнат, Гуы- тьиаты Мате, Борæдзаты Барыхъо, Гутнаты Гуди æмæ ма ноджы дæр иу-цалдæр цæхæрцæст лæппуйы. Уæдæ иннæ хъæутæй чи уыдис, уыдонæй дæр ницы зæгъæн уыдис — нæртон фæсивæд. Æз бирæ фæцардтæн. Æмæ мæ цардыл куы ахъуыды кæнын, уæд фæзæгьын: службæйы цы рæстæг ацардтæн, уый мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр мемæ уæд! Æвæццæгæн, уыцы бирæ хорз фа- сивæдæй абон мæн йеддæмæ æгас ничиуал у. Фæлæ мæнæй уыдонæй иу дæр нæма ферох ис. Кæй зæгьын æй хъæуы, нæ службæ æнцон нæ уыдис, фæлæ дзы иу-цасдæр рæстæджы фæстæ махмæ зынæй ницыуал кастис. Службæйæ нæ уæгьд рæстæг, уалдæйдæр та хуыцаубонтæ, æрвыстам хъæлдзæгæй. Дыууæ лæппуйы нæм дис- саджы хорз цагьтой фæндырæй. Æмæ-иу хъазты нæ лæппугæ ерысæй къахфындзтыл куы кафыдысты, уæд-иу сыл бынæттон цæрæг адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Уæдæ-иу симды фондзыссæдзæй (æцæг æнæ сылгоймæгтæй!) ацы фæсивæд куы æрхæцыдысты, уæд уыдонæй рæсугъддæр æмæ дзæбæхдæр адæймаг цæмæ бакастаид. Уæлдæй дисы-иу адæмы бафтыдта Гуытъиаты Бадилæйы фырт Мате. Уымæн- иу хъазты рæстæг стыр зиллаккыл сæвæрдтой æвзист абазитæ, æмæ- иу сæ'Мате уæлбæхæй иууылдæр æруыгъта. Æмæ цытæ не ’вдыста Мате! Дыууæрдæм-иу згьоргæ-згьорын гæпп кодта бæхы сæрты, стæй та-иу бæхæн йæ гуыбыны бынты абырыд иннæрдæм. Чи йæм 172
кастис, уыдон-иу æнхъæл уыдысты, Матейæн бæх йæ цыргъ цæфхæдтæй йæ сæр ныппырх кодта, зæгъгæ. Фæлæ арæхстджын Матейыл никуы ницы æрцыд. Немæ службæ кодта Салыгæрдæнæй курдиатджын фæндырдзæгьдæг Бидеты Знауыр - дыккаджы нарты Ацæмæз! Знауыр йæ хъисын фæндыримæ цы зарджытæ æмæ кадджытæ кодта, уыдон абон зонгæ нæ, фæлæ хъусгæ дæр ничиуал фæкæндзæн. Изæрыгæтты-иу мах æрæмбырд стæм Знауыры алы- варс, æмæ-иу зарыдыстæм иумæ, кæнæ хъуыстам фыдæлтыккон диссаджы кадджытæм. Ацы кадджытæ махæй алкæмæн дæр агайд- той йæ зæрдæйы уидæгтæ, нал-иу зыдтам, кæм ыстæм æмæ кæм бадæм, уый. Уыцы рæстæджы, æвæццæгæн, Къостайы чиныг мыхуырæй нæма рацыдис, уымæн æмæ йæ махæй, Стъараполы чи службæ кодта, уыцы ирон фæсивæдæй, ничима федта. Фæлæ Къостайы æмдзæвгæтыл адæм цы зарджытæ скодтой, уыдон мах иууылдæр зыдтам æмæ сæ зарыдыстæм. Уыдон уæды заман цыдысты къухæй- къухмæ, дзыхæй-дзыхмæ. Бæхтыл цæугæйæ-иу уæлдай дзæбæхдæр фидыдта Къостайы «Фесæф». Ацы зарæг уæлдай арæхстджынæй амыдта нæхи хъæуккаг Хостыхъоты Алыксы. Бирæтæ не ’мбæлттæй дæсны уыдысты ирон хъæбатырты зарджытæ дарынмæ. Ацы зар- джытæй æз бирæты рагæй нал фехъуыстон, уæлдайдæр а фæстаг рæстæджыты. — Аслæмырзæ, фыдæлтæ нын ныууагътой ахæм ныхас: цард æрмæст бахæрд æмæ банозтæй нæу. Æмæ мæнæн ахсызгон у, сы- мах, уæды фæсивæд, Ирыстонæй дард уæвгæйæ, æфсæддон служ- бæйы уавæрты кæй нæ рох кодтат уæ национ культурæ æмæ ирон зард æмæ кафтыл фидар кæй хæцыдыстут. Фæлæ æнæуи та куыд цыдис уæ службæ? -Бæвджын æфсады службæ кæнын уымæй зындæр у, æмæ лæгæн æппынæдзух дæр рæвдз дарын хъæуы йæхи дæр, йæ хæцæнгарз дæр, йæ бæхы дæр. Æмæ-иу мæнмæ афтæ кастис, цыма ардæм службæ кæнынмæ Ирыстон йæ тæккæ сæрæндæр æмæ æгъдауджындæр фæсивæды рарвыста. Нæ сотняйæн командир уыдис диссаджы уæ- здан, æмбаргæ æмæ æгъдауджын ирон афицер. Уыдис Гокъи- натæй Ерастъийаг. Цыдæриддæр хъуыдис æфсæддон службæйы: уыдон махæй нæ командир домдта тынг карзæй. Æнæуи та уый махæн уыдис нæ хистæр æфсымæры хуызæн. Райдайæны йæм нæ иуæй-иутæ мæсты кодтой, нæ йæ уарзтой. Фæлæ йæ фæстагмæ уыдон дæр сæ удты бæрц бауарзтой. Уый махæй домдта æгъдау, æфсарм æмæ сæрæндзинад, æмæ мах не ’ппæт дæр нæ афицеры 173
зæрдæхудтæй тæрсгæйæ нæхиуыл нæ ауæрстам. Цыдæриддæр нæ полчъы хæстон хъуыддаджы ерыстæ цыдис, уым æдзухдæр раззаг бынат ахста мах сотня - ирон фæсивæд. Хонгæ дæр нæ афтæ код- той «ирон цæргæсты сотня» æмæ куыд нæхæдæг, афтæ нæ сотняйы командир Гокъинайы-фырт дæр уыди тынг кадджын æппæт полчъы астæу. Нæ бæхтæ дæр æндæрхуызон уыдысты иннæ бæхты астæу. Æмæ куыд нæ уыдаиккой иннæтимæ абаргæйæ рæсугьддæр, фæразондæр, рæвдздæр, кæд æмæ сæ иууылдæр нæ хæдзæрттæй ракодтам ардæм! Иу хатт нæ полкъмæ кæцæйдæр ссыдис цалдæр инæлары æмæ булкъоны. Бæрæг кодтой полчъы хæстон цæттæдзинад. Бирæ цæмæйдæрты фæбæрджытæ кодтой алы сотняйы дæр, стæй уæд сарæзтой ерыстæ æхсаргардæй уæлбæхæй тæхгæ-тæхын зæххы сагьд уистæ лыгтæ кæнынæй. Алы сотняйы дæр разындис бирæ арæхст- джын хъазахъæгтæ. Фæлæ дзы ирон фæсивæдæй æрæхстджындæр ничи разынд. Фæстагмæ, ерыстæ куы фесты, уæд, цæмæй бæрзонддæр уой, уый тыххæй дыгай даргь уистæ кæрæдзимæ баба- стой æмæ сæ зæххы ногæй ныссагътой. Гуытъиаты Мате уыцы уистæй иу-сæдæ метрæй æддæдæр бæхмæ сгæпп кодта, саргъыл слæууыд йæ къæхтæй æмæ йæ бæхы фесхуыста. Уистæ сагьд уыдысты дыууæ рæнхъæй. Мате бæхыл тахтис сæ астæуты æмæ дыу- уæрдæм цъыкк кодта æхсаргардæй уисты. Сæ кæронмæ куы ахæццæ, уæд уыцы уистæй иу дæр нал аззад: уыдысты лыг сæ астæутыл. Ахæм сгуыхтдзинады тыххæй Матейæн лæвæрд æрцыдис зынаргь хæрзиуæг. Зæгьын хъæуы уый, æмæ Матейæн ацы арæхстдзинад фыдæй баззадис. Йæ фыд Бадилæйы дæр ахæм арæхстджын хуыдтой. Ма- тейы кæстæр æфсымæр Батрадз дæр дæлдæр лæуд нæ уыдис. Йæ заманы Батрадз стыр дис æфтыдта бæхыл бадгæйæ йæ арæхстдзи- надæй Парижы, Берлины, Копенгагены æмæ иннæ европæйаг горæтты цæрджыты. Æвæццæгæн, Гуытьиаты хæдзарвæндагæн ацы стыр курдиат Хуыцауæй лæвæрд уыдис! Афтæ зæгъæн нæй, æмæ нæ сотняйы чи уыдис, уыдонæн се ’ппæтæн дæр сæ службæ цыдис тынг лæгьзæй, æнæ фыдбылызæй. Цалынмæ карантины уыдыстæм, уæдмæ не ’мбæлттæй иуыл — Бор- сæты Гадзыбейыл ам æрцыдис стыр бæллæх. Уымæн иу бон æппын ницы аххосæй йе ’мбæлтты раз нæ вахмистр Макаренко ныццавта йæ уадул. Ацы стыр худинаджы æфхæрд Гадзыбе йæ сæрмæ не сха- ста’, æхсæвы вахмистрмæ бацыдис йæ хуыссæнмæ æмæ йæ хъа- майæ амардта. Йæхæдæг вахмистры дуар сæхгæдта æмæ дæгъæл йæ дзыппы сæвæрдта. Уыцы æхсæв мæ хъæуккаг Хадыхъаты Бекызæ 174
хъахъхъæдта полчъы бæхдон. Гадзыбе бацыдис Бекызæмæ æмæ йын хабар радзырдта. Стæй уæд раласта йæ бæх æмæ алыгьдис. Вахмистры мард дыккаг бон изæрмæ ничи базыдта, уымæн æмæ уыдис хуыцаубон, æмæ-иу уæд æфсæддон ахуыртæ нæ уыдис. Уæдмæ Гадзыбе Стьарополæй Ирыстонмæ йæ бæхыл сфардæг æмæ ам бамбæхст. Фæлæ йыл уæддæр жандармтæ фæхæст сты, æрцахстой йæ æмæ йæ Сыбырмæ ахастой. Уым æвæджиау лæппу фесæфт. Борсæты Гадзы- бейыл уый фæстæ йе ’мгæрттæ скодтой рæсугьд зарæг. Уыцы зарæг йæ заманы Ирыстоны кодтой алы хъæуы дæр, фæлæ ныртæккæ уый дæр, куыд не ’ппæт ирон хъæбатырты зарджытæ, рох кæнын бай- дыдта. Æгас Ирыстоны ма ацы зарæг, мæнмæ гæсгæ, зоны æмæ аив зары мæнæ нæхи хъæуккаг Хæуытаты Агуыбе. Борсæты Гадзыбе худинаг йæ сæрмæ кæй не ’рхаста æмæ йæ бафхæрæг вахмистры кæй амардта, уымæй рауад афтæ, æмæ махмæ, ирæттæм, уый фæстæ хицауад дæр æмæ иннæтæ дæр кастысты бын- тон æндæр цæстæй, ома, схуыст ныхас нæм ничи кодта, кодтой нын иууылдæр стыр аргь. Мах дæр тынг хъахъхъæдтам нæ кад æмæ нæ цæсгом, ирон лæджы ном. Уæлдæр куыд загьтон, афтæмæй бирæ уарзтон бæхыл бадын. Æмæ службæйы фæстæ æнæ хорз саргьы бæх никуы фæдæн. Ирыстоны мын иу нæ, фæлæ цалдæргай фысымтæ кæцы хъæуы нæ уыдис, ахæм нæ зонын. Иу ахæмы чындзхæссæг уыдтæн Æры- доны. Уæды рæстæджыты алы ирон хæдзары дæр уыдис стыр кæрт. Æмæ-иу ацы уæрæх кæрт фаг уыдис хæдзарæн йæ цины æмæ йæ зианы хъуыдцæгтæ кæнынæн. Ныртæккæ цины рæстæг кафгæ дæр нал кæнынц æмæ симгæ дæр. Уæдæ цины рæстæг кæрты бар- джытæ иу иннæмæй арæхстджындæрæй бæхтыл дæр нал хъазынц. Стæй ахæм уæрæх кæртытæ дæр нал ис — заххæн йæ алы гæппæл дæр ссис сыгъзæринæй зынаргьдæр. Æмæ мах, чызг чи æрвыста, Зæнджиаты уыцы уæрæх кæрты, Æрыдон æмæ Хъæдгæроны фæсивæд, ерыс кодтам бæхтыл хъа- зынæй. Хистæртæ бадтысты фынгты уæлхъус æмæ лæмбынæгæй кастысты махмæ. Кодтой аргъ алы барæгæн дæр йæ арæхстдзинадæн. Нæ фысымты кæрт цыма гутонæй хуымгонд уыдис, афтæ ссис бæхты цæфхæдтæй. Хъæзтытæ куы фесты, уæд фынджы хистæртæ æмхъæлæсæй мæн схуыдтой æппæты хуыздæр бæхылбадæг. Цыт æмæ кад! Æмæ мын уый тыххæй ног чындз йемæ схаста хорз лæвæрттæ. Хистæртæ сæ уынаффæ куы фехъусын кодтой, уæд мæнмæ мæ бæхы размæ æрбацыд мæхи æмгар — æрыдойнаг лæппу, ма къух мын райста æмæ загъта: 175
— Зæрдæйæ дын арфæ кæнын, Аслæмырзæ, абон уый бæрц фæсивæды астæу кæй фæуалахиз дæ, уый тыххæй. Æцæг дын зæгьын: куыддæр чындз йæ уæрдоны сбада æмæ Хъæдгæронмæ йæ цæрæн хæдзармæ араст уа, афтæ ды та, де ’мбæлттæй дæ цалимæ фæнды, уалимæ цæуыс мæ хæдзармæ. Мæн фæнды, цæмæй демæ хæстæгдæр базонгæ уон, мæн фæнды дæуæй æфсымæр зæгъын. Мæхи дæр дын амонын: дæн æрыдойнаг Реуазты Дрисы фырт Симон. Цы загьтаин æз Симонæн? Йæ ныхæстæ мын уыдысты тынг æхсызгон. Æфсымæртæ скæнæм, зæгъгæ,- уыцы уынаффæ дæр фæцыдис мæ зæрдæмæ. Фæлæ Симоны хæдзармæ цæуыныл абон не сразы дæн. Æз загьтон: — Дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд, Симон, фæлæ мæнæн дæр æмæ мæ иннæ æмбæлттæн дæр Æрыдоны бафысым кæйын не ’мбæлы. Цалынмæ махæн нæ чындз æмæ нæ чындзхæсджытæ бынатыл сæмбæлой, уæдмæ мах, фæсивæд, хъуамæ уæм сæ разы. Нуазгæ дæр нæ хъуамæ мачи бакæна. Фæлæ æз дæ фæндыл разы дæн. Фæнды мæ, демæ кæнгæ æфсымæртæ куы уаиккам, уый. Æмæ, кæд дæу дæр афтæ фæнды, уæд иннæ хуыцаубоны дæ æртæ æртæдзы- хон кувинаг чъириимæ æмæ дæ физонæгимæ аходæнтыл, кæй дæ фæнды, уыцы æмгæрттимæ мæ хæдзары куыд уай, афтæ. Æрцыдис уыцы хуыцаубон æмæ æцæгæйдæр мæ дуармæ цалдæр бæхджыны æрхызти. Уый Реуазты Симон йæ æмбæлттимæ ссыдис Æрыдонæй. Бон раздæр æз акодтон кусарт æмæ ма кувинæгтæ сцæттæ кодтон. Уæдмæ фæзындысты ме ’мбæлттæ дæр: Хъæрæца- ты Муссæ, Арбиаты Глаха, Хъазиты Ганте æмæ Гæлæбаты Бибо. Сбадтыстæм иууылдæр нæ бæхтыл æмæ ацыдыстæм Хетæджы къохмæ. Ам кувæндоны скуывтам нæ кувинæгтæй. Байдзаг кодтам стыр сыкъа бæгæныйæ æмæ дзы ныппæрстам æвзист æртæ суарийы. Сыкъайæн йæ æмбис æз банызтон, йæ иннæ æмбис та банызта Симон. Райстам кæрæдзийы къухтæ æмæ тыхджын кæрæдзийæн ныхъхъæбыс кодтам. Не ’мбæлттæ нын дыууæйæ дæр райстой нæ къухтæ æмæ нын бирæ зæрдиаг, цæстуарзон арфæтæ фæкодтой. Уый фæстæ нæ мысайнаг — æвзист æртæ суарийы систам сыкъайæ, батыхтам æй урс бæмбæджы æмæ йæ кувæндоны мысайнагæн сæвæрдтам. Мах, хъæдгæройнæг Томайты Аслæмырзæ æмæ æры- дойнаг Реуазты Симон, уыцы бонæй фæстæмæ систæм кæнгæ æфсымæртæ. Тынг рæсугьд ахастам мах Симонимæ нæ æфсымæрдзинад. Иу мад æмæ иу фыдæй чи райгуыры, ахæм æфсымæртæ дæр махæй 176
хуыздæр, æвæццæгæн, никуы фæцардысты. Симоны æз мæ ма- дызæнæг æфсымæр Хæчъассæйæ фылдæр йедцæмæ къадцæр нæ уар- зтон. Уыдис æгъдауджын, дзырдцзæугæ æмæ адæмæн уарзон лæг. Йæ фыд Дрисы дæр ын афтæ хуыдтой. Æгæр раджы амарди Симон. 1934 азы сæрды быдыры кусгæйæ æвиппайды æрбарынчын æмæ æртæ бонмæ амардис. Йæ фæстæ ныууагьта тынг хорз цот: 6 лæппу æмæ 3 чызджы — абон зындгонд сты æппæт Ирыстоны дæр. — Симон дæр мæ хуызæн,— дзырдта Аслæмырзæ дарддæр,— бæхтæ бирæ уарзта, Дыууæйæ дæр нæм æвзæр саргъыбæхтæ нæ уыдис. Фæлæ зæрдæзæгьгæ нæ уыдысты — нæ алы фарс кæмæдæрты хуыздæр бæхтæ уыдис. Æмæ сфæнд кодтам дыууæйæ дæр ахъаззаджы саргъы бæхтæ балхæнын. Иуæй-иутæ уыцы заман ахæм бæхтæ амал кодтой давыны руаджы. Фæлæ мах уыдонæй нæ уыдыстæм. Никуы никæй тæригьæды бацыдыстæм. Æмæ ныр дæр бауынаффæ кодтам Пятигорскмæ ацæуын æмæ уым хорз бæхтæ балхæнын. 1900 азы, нæ уалдзыгон-быдырон куыстытæ куы бакодтам, уæд дыууæйæ ацыдыстæм Пятигорскмæ бæхтыл. Уыдис ныл хорз уæй- лаг нымæттæ. Хæцæнгарзæй дæр уыдыстæм ифтонг. Æвзæргæнджытæ фæндæгтыл арæх уыдысты æмæ-иу изæрыгон фæндагæй фæсвæд ацыдыстæм. Радыгай-иу фынæй кодтам æмæ нæ цæст дардтам нæ бæхтæм. Цалдæр боны фæзылдыстæм горæтмæ хæстæг хъазахъаг станицæты, фæлæ зæрдæзæгъгæ бæхтыл нæ сæмбæлдыстæм. Фæстæмæ здæхгæйæ фæндагæй дæрддзæф федтам цалдæр барæджы. Тынг хъæлæба кодтой, æхстой. Мах ныллæу- уыдыстæм æмæ æдзынæгæй кастыстæм уыцы барджытæм. Уалынмæ пыхсæй рацыд иу лæппу æмæ нæм кæсгонау цыдæртæ сдзырдта. Æз æй уырыссагау афарстон, уыцы адæм цæуыл хъæр кæнынц, зæгъгæ. Уый дæр цъæрæмыхстæй загъта уырыссагау: — Уæлæ нын æртæ абырæджы исынц нæ бæхтæ. Мах сæ нæ дæтгæм æмæ нын марынæй тæссаг у. Уартæ уыдонæй иу мæнæн мæ хистæр æфсымæр у, иннæ та мæ фыды æфсымæры лæппу. Бах- хуыс нын кæнут! — загьта лæппу æмæ хъæрæй ныккуыдта. — Лæппуты аирвæзын кæнын хъæуы! — загьтон æз æмæ мæ нымæт феппæрстон. Симон дæр аппæрста йæ нымæт, дыууæйæ дæр мау- зертæ фелвæстам æмæ фæцагайдтам лæппуты ’рдæм гæрæхтæ кæнын. Фыдгæнджытæ мах куы ауыдтой æмæ нæ нæмгуыты æхситт куы айхъуыстой, уæд лæппуты фæуагьтой æмæ лидзæг фесты. Мах бæхтæй æргæппытæ кодтам æмæ нæм цалынмæ зындысты, уæдмæ сæ гæрах кодтам. Уæдмæ лæппутæ махмæ — сæ ирвæзынгæнджытæм — æрхæццæ сты сæ бæхтыл. Иуæн дзы йæ сæры туг калдис. Æрцы- 12 Бокоты Солтан 177
дыстæм нæ нымæттæм. Лæппутæм сæ кæстæр æмбал, уый ам пых- сы æмбæхсгæ бакодта фыдгæнджытæй — куыдта хъæлæсыдзагæй, нæ йæ уырныдта, йæ æфсымæртæ æгасæй баззадысты, уый. Лæппутæ æртæ дæр уыдысты кæсгон хъæу Аргуыданæй. Сæ фыдæлтæ уыдысты хъæздыг лæгтæ, кънйæзтæ. Аргуыдан уыдис нæ фæндагыл, æмæ фондзæй дæр иумæ рацыдыстæм. Аргуыданмæ æрбахæццæ стæм æмбисæхсæв. Лæппутæ ныллæууыдысты æмæ нæ дарддæр нал ауагьтой. Акодтой нæ сæхимæ. Æмбисонды уазæг нæ скодтой нæ ног фысымтæ. мах сын фыд- былызæй сæ лæппуты аирвæзын кодтам, уый куы бамбæрстой, уæд нæ, куыд фæзæгъынц, зæххыл бадын нæ уагътой. Фондз боны æмæ æхсæвы æз æмæ Симоны кадæн æппæтхъæу дæр уыд бæрæгбон- хуыз. Алы бон дæр нын кодтой кусæрттæ, хуыдтой нæ сæ хæдзæрттæм. Уæлдæр куыд загьтон, афтæ нæ фысым уыдис кæсгон кънйаз, йæ мыггаг Шогенов, йæ ном Хамзат. Уыдис ын хорз агьуыстытæ, стыр кæрт. Ацы кæртмæ алы бон æмбырд кодтой фæсивæд дæр æмæ ас адæм дæр. Кафыдысты, симдтой, хистæртæ та дзаг фынгтыл бадтысты. Махæн дæр Симонимæ кæм уыдис æнæ кафгæ. Æмæ нæ фысымтæй æгуыдзæгдæр нæ уыдыстæм кафынмæ. Æмæ-иу нын алы хатт нæ фысымты фæсивæд сарæзтой тыхджын æмдзæгьд, мах кадæн-иу гæрæхтæ систой. Мах Шогеновы хæдзармæ бафтыдыстæм æртыццæгæхсæв. Хуыцаубоны тæ уый арæзта куывд, стыр фыдбылызæй кæй аирвæзт, уый тыххæй. Арвыста йæ хионтæм, йæ зонгæтæм. Æмæ куывд куывды хуызæн уыдис! Сæдæгай адæймæгтæ бадти ам. Фынгтæ тасы- дысты алыхуызон хæринæгтæ æмæ нозтæй. Мах Симонимæ бадтыстæм æппæты кадджындæр бынæтты. Иууылдæр куывтой мах цæрæнбон, кодтой нын арфæтæ. Иу ныхасæй, уыцы бон мах Симонимæ нæхи цæстытæй федтам нæртон куывд. Федтам стыр уаздан æмæ уазæгуарзон кæсгон адæм. Уыдонæй бирæтæ хорз дзырдтой иронау, уыдис сын Ирыстоны хъæуты бирæ зонгæтæ. Иу цардхуыз æмæ бирæ чи федта, ахæм кæсгон лæг та мæ фарста нæхи хъæуккаг Джериаты Бибойæ, мах, дам, иумæ уыдыстæм Турчы хæсты, 1877-78 азты. Дыккаг бон куывды фæстæ нæ фысым тачанкæйы баифтын- дзын кодта дыууæ алæмæты урс бæхы, сбадын кодта мах дæр йæ фарсмæ æмæ ацыдыстæм хæхтæм. Ам Хамзатæн хæххон хизæнты хызтис йæ бæхты рæгьау. Кæддæр-уæддæр бахæццæ стæм хизæнтæм. Мах Симонимæ бæхтæ гыццыл нæ федтам. Фæлæ, ахæм бæхтæ никуы федтам. Уый бæхты рæгъау нæ, фæлæ уыдис уæларвон æфсургьты рæгьау. 178
Диссаг та нæм уый фæкаст, æмæ рæгъауы бæхтæ хызтысты къордгæйттæй, куыд базыдтам, афтæмæй сæ кармæ гæсгæ: дыу- уæаздзыдтæ — иумæ, æртæаздзыдтæ — иумæ. Уыцы хайуантæй рæсугьддæр адæймаг цæмæ бакастаид, уый цы уыдаид! Гыццыл байрæгтæй дæр æмæ хъомылдæртæй дæр иуæй-иутæн сæ хъуыртыл ауыгьд уыдис гыццыл дзæнгæрджытæ. Куыд рабæрæг и, афтæмæй ацы дзæнгæрæгджынтæ уыдысты рæгьæуттæн йæ тæккæ хæрзмыггагдæртыл конд. Шогенов йæхæдæг дæр æмæ йын, йæ бæхрæгъаумæ чи каст, уыдон дæр бæхы хъуыддаджы афтæ дæсны систы, æмæ-иу ноггуырд байрагæй дугьон бæх рауайдзæн, æви нæ — уый æнæ гыццылæй базыдтой. Æмæ-иу ыл гыццыл дзæнгæраг бабастой. Адоны цæттæ кодтой уæймæ алы бæстæтæм. Йæ кад бæрзонд уыд кæсгон дугъон бæхæн уæды рæстæджы. Хамзат бæхгæстæн мах размæ æрбатæрын кодта, æртыгай азтæ кæуыл рацыдис, уыцы байрæгты къорд. Адонæй дæр сæ иуæй- иуты хъуыртыл ауыгъд уыдис дзæнгæрджытæ. Сæ иумæ мæнæн бацамыдта кънйаз, сæ иннæмæ та — Симонæн æмæ загъта: — Адон уын — мæ лæвар! Куыд æмбæлы афтæ сæм куы зилат, куы ахуыр кæнат, уæд уын æз фидарæй зæгъын, ахæм дугьон бæхтæ Ирыстоны иумæ дæр кæй нæ уыдзæн. Ацы бæхты руаджы сымахæн Ирыстоны уæ кады кой айхъуысдзæн. Фæлæ уын сæ абон акæнæн нæй. Емылыктæ сты. Адæймаджы къух сыл никуы аныдзæвыд, æмæ уын нæ акомдзысты. Æз мæнæ ныртæккæ бафæдзæхсдзынæн мæ бæхгæс лæппутæн. Уыдон сæ архъанай æрцахсдзысты æмæ сæ байдайдзысты ахуыр кæнын. Дæс бонмæ афтæ æрцахуыр уыдзыс- ты, æмæ сæ уæлæ уадздзысты бадын, цæудзысты идадзæй иннæ бæхы фарсмæ. Æз уын сæ уæд мæ лæппутæн арвитдзынæн уæхимæ. Лæппутæ ма уæм иу-дыууæ боны фæкæсдзысты, бацамондзысты уын, куыд сæм зилын хъæуы, стæй сæ дарддæр куыд ахуыр хъæуы, уый. Æмæ иу уæд фæрнæй бадут уæ дугьæттыл. Фæссихор мах æрыздæхтыстæм фæстæмæ хъæумæ, Шогеновы хæдзармæ. Фынгтæ æрыййæфтам арæзтæй, хорз та нæ федтой ацы хатт дæр. Фæстæдæр махæн раластой нæ бæхтæ, сæ сæргътæ сæ уæлæ, афтæмæй. Бæхты лæппутæ цынадтой, æмæ сæ буар æрттывта айдæ- нау. Мах сыл сбадтыстæм. Слæвæрдтой нæм на хæцæнгæрзтæ æмæ нæ нымæттæ. Бæхтыл сбадыны размæ нын хистæртæ сæхирдыго- нау дæр æмæ иронау дæр бирæ арфæтæ фæкодтой. Мах Симонимæ бафиппайдтам, кæсгон фæсивæдæй иу къорд бæхтыл нæ разы кæй лæууыдысты, уый. Иууылдæр уыдысты иф- тонг хæцæнгарзæй. Хамзат куыд загъта, афтæмæй уыцы лæппутæ 179
цæудзысты махæн кадджын хъахъхъæнджытæй Кæсæг æмæ Ирыс- тоны арæны уонг. Мах нæ разы кодтам, ахæм буццзинады аккаг не стæм, зæгьгæ. Фæлæ Хамзат загъта: — Ацы æгьдау махæн фыдæлтæй баззадис æмæ йын халæн нæй! Хур ма бирæ уыдис, афтæмæй мах на бæхтæ æрбахæццæ кодтой Ирыстон æмæ Кæсæджы астæу арæнмæ. Ам нæ бæхты баулæфын кодтам. Нæхæдæг нæ кæсгон æмбæлтгимæ цъæх нæуыл æрæвæрдтам, нæ фысымтæ нын фæндаггаг цы хæрд æмæ нозт сæвæрдтой, уыдон æмæ та ам дæр хорз фæминас кодтам. Адæм нæма схуыссыдысты, афтæ нæ бæхтæй æрхызтыстæм Æрыдоны Реуазты Симоны дуармæ. Æз ма уыцы афон хъавыдтæн нæхимæ Хъæдгæронмæ ацæуын, фæлæ мæ Реуазтæ нал ауагьтой сæхицæй. Хамзат куыддæриддæр загьта, афтæ бакодта: дыууæ къуырийы фæстæ нын сæрвыста алæмæты саргъы бæхтæ. Раст куадзæны хуы- цаубон мæ дуармæ æрбалæууыдысты дыууæ хæрзконд кæсгон лæппуйы хорз саргьы бæхтыл. Сæ иуæн йæ бæхы фарсмæ баст уыдис, йæ рæгъауы астæу мын Хамзат кæй бацамыдта, уыцы бай- раг. Йæ уæлæ ног саргь æмæ идон æвзистæй арæзт. Ацы хъуыддаг мæнæн уыдис æнæнхъæлæджы, уымæн æмæ уый æнхъæл нæ уыдтæн. Уый уыдис Шогеновы уæздандзинады миниуæг. Лæппутæ куыд радзырдтой, афтæмæй уыдон рацыдысты цыппарæй. Иннæ дыууæ та сты Æрыдоны Реуазты Симоны хæдзары, сластой уымæн дæр кънйазы лæвар. Нæ ферох кодта Хамзат æмæ нын Симонимæ сæрвыста зынаргь саргъы ехсытæ дæр. Лæппуты мах Симонимæ хорз сбуц кодтам. Уыдон фесты цалдæр боны Æрыдоны æмæ Хъæдгæроны. Бацамыдтой нын цыдæртæ нæ бæхты тыххæй. Симон дæр æмæ æз дæр цалдæргай лæппуйы рам- бырд кодтам æмæ уыдонимæ иу бон ахæццæ кодтам Ирыстоны арæ- ны онг. Æз лæварæн мæ кæсгон лымæн Хамзатæн арвыстон æмæхгæд æвзист хъама. Хъама уъщис уæды заман зындгонд хъа- матæгæнæг куырд Османы конд. Йæ кæрддзæм та йын нæхи хъæук- каг зæрингуырд Гаппуаты Салам скодта. Симон та йын, уæды за- маны тынг кадджын чи уыдис, ахæм дамбаца «Наган» арвыста. Иу ныхасæй, мæн æмæ Симонæн Хамзат ракодта стыр æмæ цæстуарзон лæвæрттæ. Симоны бæхмæ Æрыдоны цыдысты уынæг, мæ бæхмæ та — Хъæдгæроны. Цæмæй бæхтæ ма фæцæстдзыд уой, уый тыххæй, дæсныты амындмæ гæсгæ, мах алкæй дæр кæнын кодтам бæхтыл тутæ. Стыр хъал уыдыстæм нæ бæхтæй, уыдис нæм бирæ хорз æмæ рухс фæндтæ. Фæлæ... Фæлæ, æвæццæгæн, Хуыцаумæ та уыдис æндæр, йæхи фæндтæ. 180
Мæ бæх мæхи йеддæмæ ахсын никæмæн куымдта æмæ йын хизæнæй адавæн нæ уыд. Симоны бæх сабырдæр уыдис æмæ йæ иу бон быдырæй чидæр адавта. Кæм æй нæ фæцагуырдтам, ахæм бæстæ нал баззад: нæхимæ Ирыстоны, Мæхъæлы, Цæцæны æмæ æндæр рæтты. Фесæфт бæх, нал фæзынд. Симонæн йæ бæхы адавд куыд зын уыдис, ууыл дзурын нæ хъæуы — алчи дæр æй бамбардзæн. Мæ бæх хуындис «Нæртон», фыццаг хатт æй рауагьтон Салыгæрдæ- ны Дзасохты Иваны дугъы. Ныууагьта иннæ бæхты дард кæмдæр æмæ йæ кой айхъуыст Ирыстоны - Томайты Аслæмырзæйы дугьон бæхы кой. Фæлæ мæ цин бирæ нæ ахаста... Мæ сыхаг Биазырты Алыксы ус ракуырдта Хъахъхъæдуры. Иумæ лымæнæй цардыстæм æмæ мæ нал ныууагьта, къухылхæцæг мын ныллæуу, зæгьгæ. Æргом зæгьгæйæ мæ нæ фæндыдис. Мæ фыны мын мæ фыд Уырысхан дæр загъта, ма ныллæуу, зæгъгæ. Æвæццæгæн æй зæрдæ фембары, æмæ мæм афтæ кастис - масты бахаудзынæн. Уый размæ бирæ хæттыты уыдтæн къухылхæцæг, хорз зыдтон, ацы æгьдауы куыд æмæ цытæ кæнын хъæуы, уыдон. Æмæ мæхицæн загьтон: «Алыксы мæ йæхицæн æфсымæрæн агуры æмæ сразы уон». Æрхæццæ ис чындзхæссыны бон — куадзæны фæстæ хуыцау- бон. Дзæбæх хурбон. Раст аходæнафон чындзхæсджытæ хистæртæй- фæсивæдæй иууылдæр сбадтысты бричкæты æмæ бæхуæрдæтты (ма- шинæ уæд кæм уыдис!) æмæ сæ афæндараст кодтон. Загьтон сын: — Мæн ма ам цыдæр хъуыддæгтæ ис æмæ уый тыххæй иу-цасдæр фæфæстиат уыдзынæн. Сымах сабыргай цæут. Æз уæ Терчы браны размæ ныййафдзынæн. Чындзхæсджытæ ацыдысты. Иу сахаты фæстæ æз дæр фæрæвдз дæн æмæ мæ саргъы бæхыл фæраст дæн сæ фæдыл. Æрыдонæй Дзæуджыхъæуы астæу цы фæндаг ис, уый уыцы заман хуыдтой «паддзахы фæндаг». Ныртæккæ дæр ма йæ бирæтæ афтæ хонынц. Æз ацы фандагмæ куы ныххæццæ дæн, уæд кæсын, æмæ мæ чындзхæсджытæ лæууынц Бокоты Гамболы доны был хиды раз. Бæх фесхуыстон æмæ сæ цуры алæууыдтæн. Кæсын æмæ пъы- рыстыф бады тачанкæйы, йæ алы фарс цалдæр стражничы бæхтыл æд хæцæнгæрзтæ. Æз иронау афарстон чындзхæсджыты: — Цы хабар у, цæмæн лæуут? — Мæнæ нæ пъырыстыф баурæдта æмæ нæ размæ дæр нал уа- дзы, фæстæмæ дæр. Дæхæдæг ма йæ бафарс, цы нын йæ зæрды ис, уымæй,— загътой чындзæсджытæ. Æз бæх хæстæг батардтон пъырыстыфы тачанкæмæ æмæ, куыд 181
æмбæлд, афтæ йын салам радтон. Уый уыдис асæй егъау лæг. Йæ пъагæттæ сыгъзæрины хуызæн æрттывдтой, йæ уæлæ уыдис миты хуызæн китель, йæ риуыл — алыхуызæн хæрзиуджытæ. Æз ын салам куы радтон, уæд мæм уый исдуг æдзынæг ныккаст, стæй мæм уæд гуымиры хъæласæй сдзырдта: — Что тебе надо? Иди своей дорогой! — Господин пристав,— загьтон æз.- Мы едем на свадьбу в Дарг- Кох. Мы же никаких нарушений закона не сделали. Зачем нас задерживаешь? Отпусти. Нам надо засветло домой вернуться. Отпусти, ради бога! Йæ хуызмæ гæсгæ пъырыстыф уыдис тынг нозтджын. Йæ цæсгом сырх-сырхид, кодта тыхулæфт. Мæ ныхæстæ йæм хъаргæ дæр нæ бакодтой. Нæ нæ размæ уагьта, нæ — фæстæмæ. Бон дæр кодта йæ куыст. Хур арвы астæумæ ссыдис, æмæ сси тынг æнтæф. Ныр дыууæ сахаты бæрц тухæн кодтам ацы расыг пъырыстыфимæ, фæлæ уый къæрттæй цъула нæ кодта. Мæстæй фæйнæрдæм скъуыдыстæм. Иу-цалдæр хатты рахъавыдтæн, мæ дзыппæй наган систон æмæ йæ пъырыстыфы риуыл банымайон. Фæлæ та-иу мæхи баурæдтон. Иу ахæмы мæ бæх ноджы хæстæгдæр батардтон пъырыстыфмæ æмæ йæ комкоммæ бафарстон: — Ты, господин пристав, нас отпустишь или нет? — Нет! — загьта та хъæбæрæй уый. — Все вы должны сейчас поехать со мной в хутор Ардонский. Там разберемся! «Ай махæй хынджылæг куы кæны, уæд ма йæм цæмæн кæсæм?» — ахæм хъуыды арвæрттывдау февзæрдис мæ сæры. Мæ цæст ахас- тон пъырыстыфы стражниктыл, мæхи адæмыл, æмæ... Хамзат Шогенов мын бæхимæ цы диссаджы ехс æрбарвыста, уымæй ралæууыдтæн пъырыстыфы сæрыл. Ехсы цæфæй йæ худ кæдæмдæр фæтахти, æмæ цæфтæ уадысты йе стыр коса сæр æмæ йæ цæсгомыл. Цæсгом æмæ сæр нæ, фæлæ йæ урс китель дæр уайтагъд тугæй сырх-сырхид адардта. Ацы хъуыддаг стражниктæ куы федтой, уæд сæ бæхтæ ныххостой æмæ алыгъдысты. Уыдо- ны бафæзмыдта пъырыстыфы бæхтæрæг дæр: йæ бæхтыл ехсæй æрлæууыд æмæ Æрыдоны хуторы ’рдæм пырхкалгæ аласта йæ пъырыстыфы. Мах дæр нæ фæндагыл рæвдз ацыдыстæм Хъахъхъæдурмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах тынг байрæджы кодтам. Фæлæ нын фы- сымтæ нæ хабæрттæ куы базыдтой, уæд ныл сæ зæрдæ нал худтис. Æз хорз æмбæрстон, цы бакодтон, уый. Зыдтон, пъырыстыфы фæнад мæнæн аслам кæй нæ рауайдзæн. Цыдæриддæр уыдис, уæддæр нæ чындзы рухсæй Хъахъхъæдурæй 182
рахастам. Æз хъуыддæгтæ бабар кодтон æмдзуарджынæн, æмæ Тер- чы сæрты быраныл чындзхæсджытимæ нал æрбахызтæн. Фæстæдæр, куы фæталынг, уæд ссыдтæн Æрыдонмæ мæ кæнгæ æфсымæр Си- монмæ æмæ йын мæ хабар радзырдтон. Тынг мæты бацыдис Симон дæр мæ дарддæры хъысмæтыл. Æмбисæхсæвты æз Æрыдоны доны сæрты комкоммæ æрбацыдтæн Хъæдгæронмæ. Нæхимæ нæ бауæндыдтæн, фæлæ райхъал кодтон мæ хорз хæлæрттæй иуы - Садыхъоты Гадзейы. Уый мын радзырдта, Дзæуджыхъæуæй кæй æрцыдис бæхтыл бирæ жандармтæ, мæн агурæг. Хъуыддаг хорз нæ уыд. Уыцы бонты æз мæхи мæт нæ кодтон. Кодтон мæ бинон- ты æмæ мæ бæхы мæт. Цы йæ фæкæнон. Симонмæ куы уа, уæд æй уайтагъддæр байсдзысты. Иууылдæр æй зонынц, Симон мæ кæнгæ æфсымæр кæй у, уый. Кæмæ йæ ныууадзон, чи мын æй бахъахъхъæндзæнис дыууæ-æртæ азы? Цæмæй зыдтон æз, мæ бинонтæй дæр, мæ бæхæй дæр æмæ Ирыстонæй дæр кæй фæхицæн уыдзынæн бирæ æртыгай азтæ! Мæнмæ цыдысты бирæтæ, сомытæ кодтой, ард хордтой куыд мын мæ бæхы хорз бахъахъхъæндзысты, ууыл. Фæлæ сæ зæрдæдаргæ ничи уыд. Иу ахæмы мæм æхсæвы хуыссынафон мæ фысымтæм (нæхимæ нæ уæндыдтæн цæрын) æрбацыдис мæ лымæн Мецъаты Сабан. Фæндыд Сабаны, цæмæй мæ бæх ныууадзон, уымæ. Æз загътон уымæн: — Сабан! Æмгæрттæ стæм, фæцардыстæм лымæнæй. Æз хорз уавæры нæ бахаудтæн, хъæуы мæ лидзын, кæннод мæ æрцахсдзы- сты. Æмæ æз мæ бæхы хъуамæ ныууадзон ахæм лæгмæ, æмæ йæм мæ зæрдæ кæмæ не ’хсайа. Дæумæ йæ нæ ныууадздзынæн. Уымæн æмæ йыл ды хамут бакæндзынæ. Уый та сау куысты бæх нæу. Уый алæмæты дугъон бæх у! Жандармтæ хъæумæ арæхæй-арæхдæр цæуын байдыдтой, аг- уырдтой мæн. Хъуыдис тагьддæр лидзын, фæлæ мæ мæ бæх урæд- та. Иуахæмы мæм æхсæвыгон фæзындис мæ хорз лымæн Датъриты Угьалыхъ. Æз хорз зьгдтон, Угъалыхъ бæхтæ бирæ кæй уарзы, уый, стæй сæм зилын дæр хорз зыдта. Йæхимæ дæр-иу хорз бæхтæ уыдис. Угъалыхъ загьта: - Аслæмырзæ, дæ хабæрттæ дын фехъуыстон æмæ мын тынг хъыг уыдысты. Æмæ дын кæд ардыгæй æнæ лидзгæ нал ис, уæд бæх мæнмæ ныууадз. Æз дын æй дæхи хуызæн кæй бахъахъхъæн- дзынæн, уый дæхæдæг дæр, мæнмæ гæсгæ, зоныс. Æз мæхæдæг дæр тæрсын, æндæр искæмæ куы бахауа, уымæй. Æвгъау у, тæригъæд у ахæм хайуан фесæфынæн. Мæнмæ мæ бæхы тыххæй чи фæцыдис, уыдонæй, се ’ппæтæй 183
дæр, Угъалыхъыл мæ зæрдæ хуыздæр дардтон. Æмæ сразы дæн мæ бæхы уымæ ныууадзыныл. Мæхæдæг кæдæм фæлидздзынæн, уый дæр уæдмæ сбæрæг код- тон: Дард Скæсæны Китайы зæххыл уыцы рæстæг Уæрæсе арæзта, æфсæйнаг фæндаг. Уым горæт Харбины куыстой мæ сыхаг Гутнаты æфсымæртæ æртæйæ: Хъауырбег, Гадæгко æмæ Джена. Ам Гутна- тимæ уыдис мæ иннæ сыхаг Гæлæбаты Налыхъ. Æмæ æз мæ хъæуккаг Баскаты Микъалаимæ уырдæм ацыдтæн. Микъалайыл мæ зæрдæ дардтон, уымæн æмæ уыдис тынг сæрæн æмæ æнæзæрдæхудг лæг. Цы- дис Харбинмæ кæд исты бакусин, зæгьгæ. Мæнау лидзгæ нæ кодта. Гутнаты æфымæртæ Харбинæн йæхи мидæг нæ цардысты. Куыстой 200 версты æддæдæр. Мах сæ ссардтам, æмæ ныл уыдон тынг бацин кодтой. Æртæмæ дæр уыдис дыгай бричкæтæ. Ластой дур, хъæдцзаума æмæ æндæр алыхуызон уæзæгтæ. Ам афсымæртæн хи- цауады цæсты дæр æмæ кусджыты астæу дæр уыдис стыр кад, уымæн æмæ æртæйæ дæр уыдысты куыстуарзаг æмæ æнæхин. Куы бахъ- уыдаид, уæд лæгдзинад, хъæбатырдзинадæй дæр никæмæ бахæлæг кодтаиккой. Куыстой тынг зæрдиагæй æмæ сæхиуыл хорз фæхæцы- дысты. Æз баззадтæн ам Гутнатимæ. Микъала дарддæр ацыд йæ мады æфсымæр Гæлæбаты Налыхъмæ. Ам Микъалайæн йæ хъуыддæгтæ хорз нæ рауадысты. Цы хицаумæ куыста, уый йын æмбæхста йæ куысты мызд æмæ йæм, иуахæмы Микъала куы сдзырдта, уæд æй хицау жандармтæн фæнæмын кодта адæмы раз. Микъала уыцы ху- динаг йæ сæрмæ не схаста æмæ, иу-цасдæр куы рацыдис, уæд йæ хицауы йæ мады æфсымæр Налыхъы наганæй амардта. Бирæ фæра- хау-бахау кодта уый фæстæ Микъала. Алыгьдис Японмæ, уырдыгæй Австралимæ, дарддæр — Америкæмæ. Бирæ азты фæстæ сыздæхтис йæ райгуырæн хъæумæ æмæ ам амардис. Æз баззадтæн Гутнаты æфсымæртимæ. Уыдон мын радтой бричкæ æмæ дыууæ бæхы. Æмæ куыстон, мæ хъару куыд уыдис, афтæ. Хъаруйæ та хæлæг никæмæ кодтон. Хорз фæхæцыдтæн мæхиуыл. Махæн хицау цы инженер уыдис, уый æртæ æфсымæ- римæ ссис æфсымæры хуызæн. Уыдоны фæрцы мæнæн дæр кодта стыр аргъ, тынг мыл æууæндыдис. Иу хатт та мæ сæдæ верстæй дарддæр арвыста чумæданы дзаг æхца хæссынмæ. Æмæ йыл сæ æз æнæ иу капекк хъуагæй куы сæмбæлын кодтон, уæд мын фæ^ъæбыстæ кодта. Уый тыххæй мын хъавыд æхца раттынмæ, фæлæ сæ æз нæ бакуымдтон. Æмæ мæ ацы уаздандзинады тыххæй ноджы тынгдæр бауарзта. Цыбыр ныхасæй, мæ хъуыддæгтæ цы- дысты тынг хорз. Фæлæ та ам дæр цалдæр хатты æз мæхæдæг 184
федтон, мах къантормæ жандармтæ куыд æрбацыдысты, уый. Мæ зæрдæ сыл къæпп кодта, фæлæ æнхъæл нæ уыдтæн, ам дæр мæ ссардзысты, уый. Гутнаты æфсымæртæй æз мæ хабæрттæ нæ бам- бæхстон. Бæлвырд сын сæ радзырдтон. Æмæ мæм иу бон Хъауыр- бег æрбацыди мæ куыстмæ. Уый радзырдта: — Жандармтæ дыл гуырысхо кæнынц. Афтæ сæм кæсы, цыма ды фыдгæнæг дæ æмæ лидзгæ ракодтай ардæм. Афтæ мæм кæсы, цыма Ирыстонмæ арвыстой, цæмæй уырдыгæй фехъусын кæной, ды чи дæ, уый. Бамбарын кодтой афтæ нæ инженерæн. Æмæ куыддæр ахæм гæххæтт ссæуа, афтæ дæ ахсгæ кæндзыс- ты, æмæ дæ этапæй Ирыстоны балæууын кæндзысты. Исты æрхъуыды хъæуы, Аслæмырзæ. Архайын хъæуы æвæстиатæй, науæд байрæджы уыдзæнис. Æз дæ бынаты куы уаин, уæд ар- дыгæй æцæуин Сыбырмæ. Уым Бодайбойы нæхи хъæуæй сыгъ- зæринкъахæнты кусы Хадыхъаты Ебæза. Уый дын уыдзæн фæхæцæг. Цы æхцатæ бакуыстай, уыдон дын мах арвитдзыстæм, кæмæй зæгъай, уымæ, цæмæй дын сæ уый дæ бинонтыл сæмбæлын кæна Хъæдгæроны. Мæн уырныдта, Хъауырбег мын цæстуарзон уынаффæ кæй кодта, уьтй. Бæргæ мæ нæ фæндыдис, ацы сæрæн æмæ цастуарзон æртæ æфсымæрæй фæхицæн уон, уый, фæлæ мын æнæ лидзгæ нал уыдис ардыгæй. Уæддæр мæ иу хъуыддаджы тыххæй хъуыдис афæстиат кæнын. Уыцы хъуыддаг та уыдис афтæ: Хъауырбег, Джена æмæ Гадæгкойæн уыдис иунæг хо Хамбе- чер. Ныууагьтой йæ сæхимæ Хъæдгæроны. Хо удыхъæдæй цауд, мыййаг, нæ уыдис, фæлæ уындæй æмæ кондæй ницы бæллиццаг уыд. Ничи йæ куырдта æмæ йæ мойгæнын афонæй фæивгьуыдта. Иуахæмы нæ хицау инженер базыдта, Хъауырбеджитæн æнæмой- мæдзыд хо ис, уый æмæ æфсымæртæн бакой кодта, уæ хойы мын радтут, зæгьгæ. Уый хъуыды кодта - ахæм æфсымæртæн æвзæр хо нæ уыдзæнис. Æфсымæртæ сæ хойы зыдтой æмæ инженерæн бамбарын кодтой, сæ хо уый аккаг кæй нæ у, уый. Фæлæ инженер ныллæууыдис, мæн, дам, сымах хо йеддæмæ ничи хъæуы. Гæнæн нал уыдис, æмæ æфсымæртæ рарвыстой Китайы зæххæй ардæм Хъæдгæронмæ дыууæ лæджы. Уыдон сластой Гутнаты хæдзармæ письмо сæ бæлццæггæй. Лæппутæ хъусын кодтой бинонтæн æмæ сæхионтæн, сæ хо Хамбечеры моймæ кæй радтой, уый. Куырд- той, сæ хойы сын куыд барæвдз кæной æмæ йæ уыцы дыууæ лæгимæ куыд рарвитой Харбинмæ. Æз Хамбечеры дæр хорз зыдтон æмæ мæ фæндыдис, йæ чын- дзæхсæвы куы сæмбæлдаин, уый. Фæлæ та мæ ацы бæллиц дæр нæ 185
сæххæст. Хамбечермæ Ирыстонмæ цы дыууæ лæджы арвыстой, уыдоны ацыдыл къуыри дæр нæма рацыдис, афтæ мæн акодтой пъæлицæйы участокмæ. Ам мæ бирæ рафæрс-бафæрс фæкодтой: чи дæн, кæцæй дæн, ардæм цæмæн æрцыдтæн æмæ афтæ дардцæр. Иу ныхасæй, мæнæн ам дарддæр лæууæн нал уыдис. Лидзын хъуыдис æвæстиатæй. Æмæ æз нал фенхъæлмæ кастæн Хамбечеры чындзæхсæвмæ дæр. Хъауырбег мын файтон баххуырста, æмæ æз æхсæвыгон ацыдтæн хæстæгдæр æфсæнвæндаджы станцæмæ. Мæ цыды сæр уыдис, Хъауырбег мын куыд бацамыдта, афтæ Бодай- бойы сыгъзæринкъахæнтæм Хадыхъаты Ебæзамæ. Цæмæй, ацы рæнхъытæ чи кæса, уымæн хъуыддæгтæ хуыздæр æмбæрстгонд уой, уый тыххæй автор иу-цасдæр Аслæмырзæйы ныхас фæуромдзæнис æмæ Аслæмырзæ йæ радзырды уæлдæр кæй кой скодта, уыцы адæймæгтæн цыбырæй зæгъдзæни сæ иуты тыххæй. Æцæгæйдæр, Гутнаты артæ æфсымæры иунæг хо Хамбечер ныххæцæ ис Харбинмæ. Станцæйы йæ размæ рацыдысты йе ’фсымæртæ, ноджы зонгæтæ, æмæ, кæй зæгьын æй хъæуы, чи йæ куырдта, уыцы инженер. Куыд дзырдтой, афтæмæй инженер Хамбечеры куы федта, уæд цæйдæр æфсонæй йæхи баууон кодта, ны- ууагьта уыцы ран йæ куыст æмæ æндæр кæдæмдæр дардмæ йæхи айста. Нал æй федтой уый фæстæ Хамбечер дæр æмæ йе ’фсымæртæ дæр. Чызджы фæстæмæ æрвитын бахъуыдис Ирыстонмæ. Фæлæ Хуыцауы уынаффæмæ гæсгæ, Гутнаты бинонтæ уырыссаг сиахсæй нæ фæцух сты. Хъауырбегæн райгуырдис авд чызджы æмæ иу лæппу: Бабетт, Даринкæ, Мурæтхан, Дзæнæтхан, Билæхан, Заретæ, Венерæ æмæ сæ иунæг æфсымæр Батырбег. Советон ду- джы хоты æфсымæр Батырбег Мæскуыйы фæцис Баумæны номыл политехникон училище. Æрьтгон инженеры, Серго Орджоники- дзейы фæндонмæ гæсгæ, сæвæрдтой Мæскуыйы мидæг бæстæйы цы стырдæр тæнктæарæзæн завод (№ 37) уыдис, уый директорией. Батырбеджы разамындæй заводы хъуыддæггæ цæуын байдыдтой тынг хорз. Ахæм æнтыстдзинады тыххæй Гутнаты Батырбегæн, Советон хицауады уынаффæмæ гæсгæ, 1934 азы лæвæрд æрцыдис бæстæйы стырдæр хорзæх — Ленины орден. Батырбег уыдис, фыццаг ирон адæмæй йæ риуыл уыцы стыр хорзæх кæмæн сæрттывта, уыцы лæг. Стыр хъыгаг у, фæлæ Батырбег 1937 азы кæйдæрты дзыхæй ахст æрцыдис æмæ фесæфтис. Гутнаты Батырбег Мæскуыйы танктæаразæн заводы директорией куы куыста, уæд æрыгон афицер Дмитрий Данилы фырт Лелюшен- ко арæх цыдис ацы заводмæ æфсадæн танктæ исынмæ. Хуыдтой сæ 186
военпредтæ. Дыууæ лæджы тынг балымæн сты. Батырбег йæ ног лымæны арæх хонын байдыдта йæ хæдзармæ. Ам Лелюшенко ба- зонгæ ис Батырбеджы хо Дзæнæтханимæ æмæ йæ бауарзта. Тагьд рæстæджы сын сарæзтой чындзæхсæв. Иумæ кæрæдзийы уарзгæйæ фæцардысты зæронды бонтæм. Куыд зонæм, афтæмæй Д.Д. Лелюшенко ссис æфсады инæлар, Фыдыбæсты Стыр хæсты зынгæдæр архайджытæй иу, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Че- хословакийы Республикæйы Хъæбатыр. Йæ ныхасы уæддæр Аслæмырзæ цалдæр хатты скодта Хадыхъа- ты Ебæзайы кой. Чи уыдис Ебæза? Коммунист 1912^азæй фæстæмæ. Бирæ фæкуыста Сыбыры сыгъзæрин къахæнты. Йæ революцион куысты тыххæй уыдис цалдæр хатты ахст. 1912 азы 4-æм апрелы Ленæйы доныбыл паддзахы æфсæдтæ адæмы куы ныццагьтой, уæд уым фæцæф. Иу ахæмы йæ райгуырæн хъæумæ куы ссыдис рæстæгмæ, уæд Ебæза бамбарын кодта йæ хъæуккæгтæн, больше- виктæ æмæ меньшевиктæ чи сты, цæуыл тох кæнынц, сæ иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр. Зын уавæрты бирæ кæй фæкуыста æмæ цалдæр хатты ахæстæтты кæй фæбадт, уый тыххæй Ебæза ссардта карз низ — чехоткæ æмæ амардис йæ райгуырæн хъæу Хъæдгæроны 1925 азы. Йæ чызг Тамарæ амардис хæрз æрыгонæй. Ебæзайы ус Варичкæ йæ амæлæты бонмæ Ебæзайы номыл иста персоналон пен- си. Ебæзайы фырт Цæра Фыдыбæсты Стыр хæсты æрхайдта афи- церæй. Дзæбæхæй сыздæхт хæсты фæстæ йæ райгуырæн хъæумæ. Ис ын хорз бинонтæ, лæппутæ æмæ чызджытæ. Йæхæдæг амард Цæра 1992 азы йæхи низæй. Йæ революцион æрхайд зæрдыл даргæйæ хъæубæсты бынæттон хицауады уынаффæмæ гæсгæ Ебæза Хъæдгæроны цы уынджы рай- гуырд, цард æмæ амардис, уыцы уынг ныр 60 азæй фылдæр хæссы Хадыхъаты Ебæзайы ном. Фæлæ байхъусæм дарддæр Аслæмырзæмæ: - Харбинæй Бадайбомæ æз фæцыдтæн мæйæ фылдæр. Бирæ фыдæбæттæ федтон фæндагыл, хатгай иу тас уыдис мæ цардæн дæр. Ссардтон ам мæ сыхаг Хадыхъаты Ебæзайы. Уый мæныл тынг бацин кодта. Æрцæрын мæ кодта, йæхæдæг кæм цардис, уыцы барачы. Ебæза мæнæн куыд бамбарын кодта, афтæмæй царды уавæртæ уыдысты тынг æвзæр. Куыст уыдис уæззау, климæт æвзæр, сыгъзæринкъахæнтæм Уæрæсейы алы рæттæй æрæмбырд ис бирæ адæм, фæлæ адонæн, куыд æмбæлд, ахæм царды æмæ куысты уавæ- ртыл ничи мæт кодта. Нæ фаг кодта хæринаг, уæлдайдæр та дыргътæ æмæ халсартæ, нæ фаг кодта хъызт зымæгон уавæрты хъарм дзаума æмæ къахыдарæс. Бирæгæйттæй адæм кодтой рынчын æмæ марды- 187
сты. Иу ныхасæй, кæд Харбины дæр царды æмæ куысты уавæртæ тынг бæллиццаг нæ уыдысты, уæддæр амы уавæртимæ абаргæйæ бирæ хуыздæр уыдысты. Ебæзайыл æз мæ зæрдæ тынг дардтон æмæ йын бæлвырд мæ хабæрттæ фæкодтон. Зондджын лæг уыдис Ебæза. Къорд азты уыдис большевикты партийы уæнг æмæ ам Бодайбойы сыгъзæрин къахджыты астæу сусæгæй кодта революцион куыст. Мæныл дæр Ебæза дардта йæ зæрдæ æмæ мæ ницы сусæг кодта. Амыдта мын, цы адæмимæ куыстон, уыдоны астæу цæй тыххæй æмæ куыд дзурын хъæуы, уый. Цæуыл дзырдтаиккам, уый та уыдис. Куыстам 15-16 сахаты суткæ. Хæлдтам къæдзæх, састам дур æмæ йæ хуылфæй амал кодтам сыгьзæрин змис. Ацы уæззау куысты фидгæ та кодтой гыццыл. Афтæ гыццыл, æмæ æхца бам- бырд гæнæн нæ уыдис. Уæддæр фæрæзтон. Хорз зыдтон, куы йæ базоной, ардæм цæмæн рафтыдтæн, уый, уæд. Аслæмырзæ, дæ къух дæхиуыл ауигь — кæнæ дæ ауындзгæ скæндзысты, кæнæ бирæ азты каторгæ... Аслæмырзæ дзырдта рæсугъд, йæ алы ныхас дæр уыдис йæ бы- наты. Йæ хъуыдытæ уыдысты ирд, ныхæстæ æнцонæмбарæн. Бæрæг уыдис, кæд ыл бирæ азтæ рацыдис, уæддæр йæ сæры зонд нырма йæ бынаты кæй уыдис. Уый карæн адæмæй ахæмтæ арæх нал вæййы, уæлдайдæр ма, ацы лæг цы зынтæ федта, уыдоныл ахъуыды кæн, уæд. Фæлæ уæддæр азтæ азтæ сты, сæ ныхмæ æрлæу- уын никæй æмæ ницæй бон иу. Æмæ фæзындысты карды цæфау Аслæмырзæйыл дæр. Нал ис лæгмæ фыццаджы хъару. Æруаззау сты йæ уæнгтæ, йæ къабæзтæ. Исдугæй-исдугмæ сысты йæ бадæнæй æмæ акæсы цæхæрадонырдæм. Æмбары хорз йæ уавæр, кæны æфсæрмы, фæлæ йын цы гæнæн ис. Иу адæймаг дæр нæ зоны, куы базæронд уа, уæд куыд æмæ цы уыдзæнис, уый æмæ Аслæ- мырзæйы карæнтыл хъуамæ макæй зæрдæ худа: абон уый ис уыцы уавæры, райсом та уыдзынæ ды дæхæдæг... Мæнæ та ныр дæр зæронд лæг йæ ныхас баурæдта æмæ ацыдис цæхæрадонмæ. Уалынмæ дуар байгом æмæ æрбахызт мидæмæ хъæу- бæсты хуыздæр хистæртæй иу — Габулты Микъала. Уый æрбадтис бандоныл æмæ афарста: — Томайты Аслæмырзæ ам нæ уыдис? — Ныртæккæ дæр ам ис,- дзуапп радтон æз.— Уæртæ цæхæрадо- ны ’рдæм акастис æмæ йæ ныртæккæ ардæм хъæуы. — Абон нæм нæхимæ æрбацыдис. Цыдæр хъуыддаджы мæ æвдисæн кæны. Æз цалдæр боны хуысгæ кæнын, мæ ныфс нæ хастон ардæм æрбацæуынмæ. Уæд Аслæмырзæ загьта, ардæм, дам, 188
дæм æрбакæндзынæн хъæусоветы кусæджы. Райсомæй нырмæ æнхъæлмæ кæсьгн, æмæ, куы нæ зындысты, уæд мæ дзаумæттæ скодтон æмæ рацыдтæн. Æз Микъалайæн бамбарын кодтон, хъæусоветы сæрдар ам нæй æмæ уый æвастæй, Аслæмырзæйы цы гæххæтт хъæуы, ахæм гæххæттæн дæттæн нæй. Æмæ зæронд лæг æнхъæлмæ кæй кæсы хицауы фæзындмæ. Уалынмæ Аслæмырзæ æрбахызт агьуыстмæ æмæ сдзырдта: — О, Микъала! Цæмæн æрбацыдтæ ’нæфæразгæйæ, гормон, цæмæн? Куыд баныхас кодтам, афтæ дæм æз мæхæдæг хъæусоветы кусæгимæ бацыдаин. Ныффæстиат дæн, уымæн æмæ хицау ам нæй æмæ æнхъæлмæ кæсын уый æрбацæуынмæ. Дыууæ зæронд лæджы ныхæстыл фесты. Мæнæн мæ цæсгом нæ хъæцыдис уыдоны ныхас фæкъуылымпы кæнын. Фæндгæ та мæ кодта, цæмæй мын дарддæр Аслæмырзæ йæ хабæрттæ кодтаид. Ныр, Микъала куы æрбацыдис, уæд æз кæронмæ бамбæрстон, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Аслæмырзæйæн чидæр загъта, зæгьгæ, уымæ гæххæтт куы уаид, кæддæр паддзахы ныхмæ рево- люцион змæлды архайæг уыдис, зæгъгæ, уæд ын йæ пеней фæфылдæр кæниккой. Бамбарын ма йын кодта: гæххæтт æм кæд нæй, уæд æвдисæн лæгтæ ссарæд æмæ уыдоны ныхас дæр закъоны цæуы. Зæронд лæгмæ цæй гæххæтт уыдис. Фæлæ æрхъуыды кодта, йæ хъæуккаг Гæбулты Микъала ма æгас кæй у, уый. Микъала та йын йæ хабæрттæ хорз зондзæнис. Хабар уыдис афтæ. Аслæмырзæ Бодайбойы куы æрбынат кодта, уæд иу-цасдæр рæстæджы фæстæ ардæм æрцыдысты йæ æмхъæуккæгтæ Гæбулты Микъала æмæ Джериаты Гагуыдз. Дыууæ дæр сæ тæккæ усгуртæй уыдысты æмæ æрцыдысты ирæдæн æхца бакусынмæ. Ацы дыууæ æмхъæуккаджы дæр Хадыхъаты Ебæза бауазæг кодта уыцы дард æмæ æнæзонгæ бæстæйы, фæкастис сæм куысты ныллæууынмæ, æмæ кусын байдыдтой. Кæддæр-уæддæр хъæуыхицау Созæйы-фырт фæзындис, æмæ мах æртæйæ дæр: Аслæмырзæ, Микъала æмæ æз бацыдыстæм уый ка- бинетмæ. Хъæуыхицау тьгнг ныццин кодта Аслæмырзæйыл æмæ йæ бирæ рафæрс-бафæрс фæкодта, Алагиры йæ цард куыд цæуы, уымæй. Фæстагмæ Аслæмырзæ хъæуыхицауæн бамбарын кодта йæ æрба- цыды сæр. Хъуыдис æй æвдисæн гæххæтт Гæбулты Микъалайæ, Аслæмырзæ революцийы размæ паддзахы ныхмæ кæй архайдта Бо- 189
дайбойы сыгъзæринкъахæнты революцион змæлды. Уыцы гæххæтт та хъуамæ сфидар кæна, куыд æмбæлы афтæ, хъæусовет. Хъæуыхицау Микъалайы бафарста: - Зæгъ-ма, Микъала, ды цы зоныс, ныхас цæуыл цæуы, уыцы хъуыддагæн? - Æз æмæ Джериаты Гагуыдз — рухсаг уæд! - Бодайбомæ Аслæ- мырзæйæ фæстæдæр ныццыдыстæм. Ацыдыстæм дыууæйæ дæр ирæдæн æхца бакусынмæ. Нæ зæрдæ дардтам Хадыхъаты Ебæза- йыл. Аслæмырзæ дæр уым ис, уый мах нæ зыдтам. Дыууæ дæр ныл тынг бацин кодтой, фæкастысты нæм куысты ныллæууынмæ. Царды æмæ куысты уавæртæ уыдысты тынг зын. Куыстам суткæ 15-16 сахаты. Фидгæ та кодтой тынг гыццыл. Хицæуттæ æмæ алы- хуызон цæстфæлдахджытæ давтой махæн нæ фæллой. Нæ фаг код- та хæринаг, уæлæдарæс, къахыдарæс. Нæ фаг кодта, кусджытæ кæм цардаиккой, ахæм барактæ, æмæ бирæтæ сæрдæй-зымæгæй цардысты зæххы бын землянкæты. Бирæ адæм рынчын кодтой алы- хуызон низтæй, фæлæ нæ уыд фаг дохтырты æххуыс. Æмæ адæм къордгæйттæй мардысты. Большевикты æрвыст лæгтæ адæмы астæу кодтой революцион агитаци. Æмæ фыццæгæм майы мингай адæймæгтæ ра- цыдысты уынгтæм сæ сырх тырысатимæ. Мах, цыппар иронæй дæр, уыдыстæм уым. Ебæза, Гагуыдз æмæ æз цыдыстæм ко- лоннæйы астæуты. Аслæмырзæ та кусджыты фæндонмæ гæсгæ цыдис колоннæйы разæй, хаста даргъ хъилыл конд сырх ты- рыса. Хицауад хорз зыдтой, 1-æм Майы адæм демонстрацимæ тынг бирæйæ кæй рацæудзысты, уый. Æмæ сæхи цæттæ кодтой адæмы ныхмæ. Ам Бодайбойæн йæхи мидæг дæр гыццыл нæ уыдис жан- дармтæ, фæлæ ма ноджыдæр кæцæйдæрты дæр æрбакодтой. Æрмæст махæн нæ, фæлæ дзы Кавказæй чи уыдис, уыдонæн се ’ппæтæн дæр æхсызгон уыдис, Аслæмырзæ ахæм стыр демон- страцийы тырысахæссæг кæй уыдис, уый. Мæнæн мæ зæрдæ тынг æхсайдта, ацы лæг та исты фыдбылызы куы бахауа, уымæ. Æмæ йын рагацау загътон: «Аслæмырзæ, цавæр уавæры дæ, уый зоныс, ардæм арвы кæронмæ дæр цæмæн рафтыдтæ, уый дæр зоныс. Æмæ дæхиуыл абон фидар хæц. Абон тынг тас у стыр бæллæхы бахауынæй».— Афтæ нæ уыдис, Аслæмырзæ? - афарста Микъала. ^- Афтæ уыдис, бæргæ, Микъала, афтæ. Фæлæ та уыцы ран дæр мæхи нæ баурæдтон. Цы бакæнон, Хуыцау мæ, æвæццæгæн, афтæ сфæлдыста. Рæстдзинады хъуыддаг хæлд кæм цæуа, уым абон 190
дæр ма зæрондæй мæхи нæ уромын. Æмæ ме ’ппæт фыдбылызтæ дæр уырдыгæй сты. Микъала дзырдта дарддæр: - Мингай адæймæгтæ: нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ слæууыдысты колоннæтæй. Сæ сæрмæ дымгæмæ фæйлыдтой сырх тырысатæ. Колоннæты разæй бæрзонд зындис æппæты стырдæр тырыса, ууыл, куыд загьтон афтæ, хæцыдис То- майты Аслæмырзæ. Оркестр куы ныццагъта, уæд иу-10 сахатыл колоннæтæ фезмæлыдысты. Алы рæттæй хъуысыд революцион зар- джытæ. Колоннæтæ иу версты бæрц куы ацыдысты æмæ цæхгæрмæ уынджы куы базылдысты, уæд æвиппайды сæ размæ рагæппытæ кодтой сæдæгай жандармтæ лæдзджытимæ æмæ дзæхст-дзæхстæй ралæууыдысты демонстранттыл. Уый æмæ не ’взæрстой, нæлгой- маг уыдис, сылгоймаг, кæнæ сывæллон. Се ’ппæты дæр надтой æмхуызон. Колоннæтæ сæмтъеры сты. Адæмæй чи лидзгæ кодта, чи жандармтыл дуртæ ихуарæгау æхста. Æмæ та ам дæр демонстрации сæйраг тырысахæссæг Томайты Аслæмырзæ йæхи нал баурæ- дта. Бæргæ ма йæм базгьордтам мах Гагуыдзимæ. Хъæр æм код- там иронау, дæхи фыдбылызы ма æппар, зæгъгæ. Фæл йын ба- уромæн нал уыдис. Цалдæр цæфы йыл куы ауадис, уæд йæ маст рафыхстис, айтæ-уыйтæ нал фæкодта, тырыса йæ хъæдæй феппæ- рста æмæ йæ йе ’мбалмæ авæрдта. Йæхæдæг уыцы даргь æмæ ставд тырысайы хъæдæй жандармтыл хафт-хафтæй ралæууыдис. Жан- дармтæ лыгьдысты. Кæй дзы куыд æййæфта, афтæ Аслæмырзæйы хъилы цæфтæй сæрбихъуырæйттæй хаудтой зæхмæ. Хуыцау хорз, æмæ жандармтæм хæцæнгарзæй ницы уыдис - æрмæст дæр цыбыр лæдзджытæ. Сæ хицаумæ уыдис æхсаргард, фæлæ уый, Аслæмырзæ даргъ хъилæй нæмынмæ куыд арæхстис, уый куы ауыдта, уæд йæхæдæг лидзæг фæцис. Уæддæр фæтых сты Аслæмырзæйыл: æрцах- стой йæ, бабастой йын йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ æмæ йæ аластой пъæлицæйы участокмæ. Фæлæ бирæ дзыллæтæ æрæмбырд сты пъæлицæйы агьуысты алыварс æмæ пъæлицæйы хицаумæ барвыстой гæххæтт: цалдæр са- хатмæ Аслæмырзæ æмæ йе ’мбæлттæ уæгъдгонд куы нæ æрцæуой, уæд пъæлицæйы агъуыстæй дур дурыл нал баззайдзæн. Фæтарстысты пъæлицæйы хицауад, сæ маст кæмæн рафыхтис, уыцы кусæг адæмæй, хуыздæр гæнæн сын нал уыд æмæ суæгьд кодтой Аслæмырзæ æмæ йæ цалдæр æмбалы. Æцæг сын сæ къухтæ сæвæрын кодтой гæххæтты, куыд пъæлицæйы æвастæй Бодайбойæ нæ ацæудзысты никуыдæм, уый тыххæй. Кæй радзырдтон, уыцы хабæрттæ æз мæхæдæг мæхи цæстæй 191
федтон æмæ куыд æцæг уыдысты, ууьтл ард дæр бахæрдзынæн æмæ мæ къух дæр сæвæрдзынæн, — загьта Микъала. - Ацы цаутæй иу- цасдæр рæстæджы фæстæ мах Гагуыдзимæ ацыдыстæм дардцæр — горæт Киренскмæ. Ам ссардтам хуыздæр куыст. Æмæ уым, Сыбы- ры, æз Аслæмырзæйыл никуыуал сæмбæлдтæн. Сæмбæлдтæн ыл ам, нæхимæ Хъæдгæроны, бирæ азты фæстæ, уый каторгæйæ куы ссыдис, уæд. Микъала ууыл фæцис йæ ныхас. Йæ æвдисæн ныхæстæм гæсгæ мах Аслæмырзæйæн ныффыстам æмæ радтам, чи йæ хъуыдис, уыцы гæххæтт. Фæлæ йын ацы гæххæтт исты æххуыс фæцис йæ пеней фæфылдæрæн, уый æз абон дæр нæ зонын. — Тагьд Алагирæй фæстæмæ ардæм нæхимæ бынтондæр хъуа- мæ æрцæуон. Ме ’фсымæр Хæчъассæйы лæппу Гадзу мæм ныр цалдæр цыды скодта. Зæронд, дам, дæ, æмæ, дам, æй æз мæ сæрмæ нæ хæссын, цæмæй ды искæй мыггаджы астæу амæлай. Рацу, дам, дæлæ нæ хæдзармæ æмæ, дам, дæ райгуырæн хъæуы цæр, дæ зонгæ адæмы астæу. Мæхи дæр бæргæ тынг фæнды, фæлæ дæхæдæг уыныс, базæронд дæн æмæ зæронд зындарæн у. Æмæ тынг тæрсын, мæ чындз, ома, Гадзуйы бинойнаджы куы стыхсын кæнон, уымæй. Æрæджы мæм чындз йæхæдæг дæр ссыдис Хъæдгæронæй. Уайсадгæ мæм кæны. Æмæ мæм сминæвар кодта, æз, дам, дæм мæхи фыды хуызæн кæсдзынæн æмæ зил- дзынæн. Æппындæр, дам, ницы хъуаг уыдзынæ. Де ’фсарм æмæ, дам, дæ фарн та мах бинонтæн уыдзысты стыр ныфс æмæ кады хос. Хорз, хъæбæр хорз чындз ис мæнæн, стыр бузныг Баситы мыггагæн,— загъта Аслæмырзæ. — Æмæ уæддæр, Аслæмырзæ, дæумæ гæсгæ, кæд фембæл- дзыстæм? Мæн фæнды, дарддæр Сыбыры дæ хъуыддæгтæ куыд ацыдысты, уый базонын. Фæнды мæ, дæ алæмæты дугъон цы бацис, дæхицæн дæ цард дарддæр куыд рацыдис, уыдон базонын. — Æвæццæгæн, уый тагьд уыдзæнис. Куыд загьтон, афтæ: Хуы- цауы фæндæй, тагъд æрыздæхдзынæн фæстæмæ нæхимæ Хъæдгæронмæ. Уæд-иу мæм дæхæдæг фæзын æмæ дын мæ хабæрттæ дарддæр фæкæндзынæн. Аслæмырзæ тамако сдымдта, хæрзбон загъта махæн æмæ ахызт дуарæй. Махæй йын алчи дæр загьта «фысым бакæн». Фæлæ не сразы ис. Уыдон йæ рагон лымæн Микъалаимæ рацыдысты уынгмæ ныхæстæ кæнгæ. Машинæмæ кæм фæкæсынц, уым дæр ма иумæ фæлæууыдысты бирæ. Цæуыл ныхас кодтой дыууæ лæджы, уый, æвæццæгæн, Хуыцауы йеддæмæ ничи зоны. 192
Бирæ рæстæг нæма рацыдис, афтæ Гадзу æмæ йæ бинойнаг Зойæ иу бон машинæ ракуырдтой æмæ Аслæмырзæйы Алагирæй æрлас- той. Йæ чызг Райæ æмæ йæ лæг нæ уагътой зæронд лæджы сæ хæдзарæй. Фæлæ Гадзуимæ ахæм рæстæджы дзурæн нæ уыдис — цыдæртæ йæм хæццæ кодта йæ фыды æфсымæрæй... Уый загьта Зойæ æмæ йæ лæгæн: — Мах, Томайтæ, радтам чызг, ома, дæу, Райæ Мæрзатæн, æмæ сын хайыр у! Фæлæ мах Мæрзатæн лæг нæ радтам. Махмæ лæг уæлдæйттæ нæй! Ис ын, кæм цæра æмæ кæй æнцой цæра, ахæмтæ. Æмæ йæ æз ласын, дæлæ цы хæдзары райгуырд, уыцы хæдзармæ, цы адæмы астæу фацард æмæ базæронд ис, уыцы адæ- мы астæумæ. Цыдæриддæр уыдис, уæдцæр Гадзу æрласта йæ фыд Хачъассæ- йы хистæр æфсымæр Аслæмырзæйы Мæрзаты хæдзарæй йæхи хæдзармæ. Æхсызгон уыдис мæнæн дæр ацы хъуыддаг æмæ тагьд рæстæджы ногæй Аслæмырзæимæ фембæлдтæн. — Айфыццаг, Микъала кæй радзырдта хъæусоветы Бодайбойы 1-æм Майы демонстрацийы тыххæй, уыдон иууылдæр раст уыдыс- ты,— загьта Аслæмырзæ. — Æмæ æз демонстрацийы кæй уыдтæн, уыцы архайд мæнæн æрхаста бирæ фыдбылызтæ. Фæлæ мæ уыцы архайдыл æз фæсмон нæ кæнын. Адæм мæ ахæстонæй куы рауа- дзын кодтой, уæд дарддæр куыстон мæ куысты, фæлæ æдас нæ уыдтæн. Тарстæн ахсынæй. Æмæ мæ сæры сæвзæрдис ног хъуыды — Америкæмæ алидзын. Афтæ куы нæ бакæнон,— хъуыды кодтон æз,— уæд мæ æнæмæнг абон уа — райсом уа æрцахсдзысты, æрлæу- уын мын кæндзысты, нæхимæ пъырыстыфы кæй фæнадтон, уый дæр мæ зæрдыл æмæ каторгæйы амидæг уыдзынæн. Америкæмæ ацæуыны фаг мæм æхца бамбырд ис. Ссардтон ма иу-цалдæр адæймаджы, уырдæм чи хъавыдис цæуынмæ, ахæмтæ. Фæлæ ма мæ сæры сæвзæрдис ноджыдæр иу хъуыды. Æз мæхицæн загьтон: амы хицæуттæй, адæмы стигъджытæй æмæ тугцъиртæй æз мæ зæрдæйы фаг мæ мает куы нæ райсон, уæд нæ ныууадздзынæн. Сывæллонæй дæр сыхаджы кæркдонæй айк никуы радавтон. Мæ фыд Уырысхан мæ сауыгътаид. Æмæ, куы схъомыл дæн, уæддæр давыны æгъдауыл никуы никæй тæригьæды бацыдтæн. Фæлæ-иу хистæртæй хъуыстон ахæм ныхас: «Давæгæй адавын тæригъæд нæу!» Ацы ныхæстыл æз бæстон никуы ахъуыды кодтон, уымæн æмæ давын мæ зæрды никуы уыдис. Ныр сыл арæхæй- арæхдæр байдыдтон хъуыды кæнын. Æмæ сæ æз дæр банымадтон тынг растыл. Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ мæ сæры магъзы 13 Бокоты Солтан 193
сæвзæрдис æвирхъау фæнд: сыгъзæрин къахæнты хицауадæн сæ æхца адавын. Растдæр зæгьгæйæ та — байсын! Дзырд «байсын» мæнмæ растдæр кастис «давынæй». Фæлæ æргомæй иунæгæй, кæнæ цалдæрæй куыд бацæудзынæ æмæ куыд байсдзынæ банчы æхцатæ? Чи дæ бауадздзæн?! Ничи! Æмæ ам ис æрмæстдæр иунæг гæнæн: уыцы æхцатæ ахæссын хъæуы сусæгæй. Уый та уæд давд хуыйны. Æмæ та-иу ам мæ сæры фе- гуырдис фыдæлты ныхас: «Давæгæй адавын тæригьæд нæу!» Мæ фæндтæ баиу сты: иуæй мæ Америкæмæ тагьддæр ацæуын фæндыд, цалынмæ мæ не ’рцахстой, уæдмæ. Иннæмæй та, мæ фæндыд сыгъзæрин къахæнты хицæуттæн сæ æхцатæ адавын. Æмæ фидар скарстон: раздæр ахæссын хъæуы банк, уый фæстæ - Аме- рикæмæ. Фæлæ ам иунæгæй ницы уыдис бакæнæн. Хъуыдис сæрæн, ныфсджын æмæ, зæрдæ дарæн кæуыл уыдис, ахæм æмбæлттæ. Ахæмтæ ам мæнæн нæ уыд. Бодайбойæ иу-цасдæр æддæдæр, куыд загътон, афтæ горæт Киренскы куыстой Гæбулты Микъала æмæ Джериаты Гагуыдз. Сæрæн, зæрдæдаргæ хъæуккæгтæ. Фæлæ бирæ рахъуыды-бахъуы- дыйы фæстæ мæ хъуыддаг адонæн не схъæр кодтон. Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ ацы дыууæ лæппуйы нæхимæ Ирыстоны рак- уырдтой устытæ: Микъала Бутаты чызджы, Гагуыдз та - Ходы чыз- джы. Сæ устытæ бадынц куырдуаты. Лæппутæ ардæм рацыдысты ирæдæн æхца бакусынмæ. Æмæ сæ æз мæ тæссаг хъуыддаджы куы бакæнон, стæй куыд вæййы-цы вæййы, ахсты куы фæуой, уæд мæхи кодтон стыр тæригьæдджын: уыдон бахаудтаиккой каторгæмæ, сæ ногкуырд устытæ та баззадаиккой куырдуаты бадгæйæ. «Нæй, Микъала æмæ Гагуыдзы хъыгдарын раст нæу,- загьтон æз мæхицæн.— Агурын хъæуы æндæрты». Бирæ рахъуыды-бахъуы- дыйы фæстæ æз сбæрæг кодтон æндæр æмбæлттæ. Уыдон уыдыс- ты, алы ’рдыгæй дæр хорз кæй зонын, ахæмтæ нæхицæй, Хъæдгæронæй: Дзуццаты Зауырбег, Хостыхъоты Алыксы, Санаты Тъо æмæ Бутаты Хъуыдайнат. Ацы цыппар цæхæрцæст лæпуйы аз зьгдтон хорз. Стъараполы дæр иумæ службæ кодтам æмæ сыл тынг мæ зæрдæ дардтон. Ныффыссын кодтон, зæрдæ кæмæ нæ фехсайдтаид, ахæм гæххæтт ацы цыппар лæппуйæ иумæ, зæгъгæ, тагъд сæмбæлут ардæм, æмбисонды хорз ис ам, сыгъзæрин къахæнты, бакусæн. Сæмбæлут тагъддæр, куыд амал ис, афтæ. Æцæг ма схъæр кæнут, æз,кæм дæн, уый, уæд мæ фесафдзыстут. Письмо радтон, Дзæуджыхъæумæ чи цыдис, ахæм сомихагмæ æмæ йæ уый сæмбæлын кодта. 194
Дыууæ мæйы бæрц рацыдис, афтæ уæлдæр кæй ранымадтон, уыцы лæппутæ мæ уæлхъус æрбалæууыдысты. Ебæза мæ фæндтæн, мæ хъуыддæгтæн ницы зыдта. Куы сæ зыдтаид, уæд мæ ницы хуы- зы бауагътаид. Уый фæстæ, стыр бæллæхты æмæ фыдбылызты куы бахаудтæн, уæд ма мæ къухы фыдтæ хордтон, Ебæзайы цæуылнæ бафарстон, зæгъгæ. Дарддæр хъуыддæгтæ цыдысты афтæ: Æз бæлвырд бамбарын кодтон мæ хъæуккæгтæн, цæмæн сæм фæдзырдтон ацы дард ранмæ, уый. Адон цыппарæй дæр джихæй баззадысты — мæ фæндон сын уыдис бынтон æнæнхъæлæджы. Сæ иу дæр мæхи хуызæн давыны хъуыддаджы лæуд никуы уыдис æмæ цыппарæй дæр мæ фæндыл дызæрдыг байдыдтой. Æз сын бамбарын кодтон, сыгъзæрин къахæнты хицæуттæ кусæг адæмæн сæ туг куыд цъирынц, сæ фæллой сын сæ дзыппыты куыд æвæрынц, уый. - Нæ хъару куы амонид, уæд ацы тугцъиртæн сæ хъæздыг- дзинæдтæ байсын хъæуы, бæргæ,— дзырдтон æз. — Фæлæ æргомæй уый нæ бон нæ бауыдзæн. Æмæ махæн æрмæстдæр ис иунæг ма- дзал — цыдæриддæр банчы æхца ис, уыдон адавын. Æхцаты хи- цæуттæ сæхæдæг сты давджытæ. Æмæ давæгæй адавын та фыдæлты ныхасмæ гæсгæ тæригьæд нæу! Цыбыр ныхасæй, ме ’мбæлтты мæ фæндимæ сразы кодтон. Мах байдыдтам нæ хъуыддагыл архайын. Ме ’мбæлтты, уырдæм куы ныццыдысты, уæдæй фæстæмæ æддæмæ нæ рауагътон, дард- тон сæ æмбæхстæй. Банчы агъуыстæн бæлвырд сбæрæг кодтам йæ уавæр, йæ бацæуæнтæ æмæ йæ рацæуæнтæ. Фæсæмбисæхсæв За- уырбег æмæ Алыксыйимæ æртæйæ фæстæрдыгæй схызтыстæм цармæ æмæ йæ байтом кодтам æнæ уынæрæй. Хъуыдайнат æмæ Тъо та лæууыдысты дыууæ фынæй хъахъхъæнæджы уæлхъус æмæ сæм дам- бацатæ дардтой. Æз мæхæдæг бæндæныл ныббырыдтæн бынмæ. Ам уыдис цалдæр стыр сейфы, нæ сын байгомгæнæн уыдис, нæ — рахæссæн. Уыдис ма дзы гыццыл чумæданыйас æфсæйнаг асыч- чытæ дæр. Æз се ’ппæтыл дæр схæцыдтæн мæ къухæй æмæ сын сæ уæззаудæры хæцæныл бæндæны кæрон бабастон. Йæ уæз уыдаид дыууæ путмæ æввахс. Куыд æнхъæл уыдтæн, афтæмæй уым уыдис сыгъзæрин æхца æмæ æцæгæй дæр афтæ рауадис. Æфсæйнаг асыкк Зауырбег æмæ Алыксы уæлæмæ сластой бæндæнæй, стæй та мын мæхи сластой. Æхцайы чырын голладжы нывæрдтам, Хъуыдайнат æмæ Тъомæ сусæгæй фадзырдтам. Банк хъахъхъæнджытæ хъал дæр нæ раисты. Æмæ райдыдта нæ фæндаг, æвирхъау тухæнты æмæ фыдæбæт- ты фæндаг. Мах нæ зæрдæ дардтам ууыл, æмæ, банк куыд рахас- 195
там, уый ничи базыдта. Дыккаджы та, хъуыддаг æрцыдис хуыца- уæхсæв. Хуыцаубоны банк нæ куыста æмæ йæ уыцы бон ничи ба- зыдтаид. Цалынмæ давд райхъуыстаид, уæдмæ нæ бон уыдис хъæды дард ацæуын, æмæ ныл нал фæхæст уыдаиккой. Фæлæ нæ нæ зæрдæтæ фæсайдтой... Фыццаджы дæр хъæды асастам чырын. Разындис дзы, куыд загьтон афтæ, сыгьзæрин æхцатæ: фæндзгай сомтæ æмæ тумантæ. Уыдысты фидар кæттагæй барчъиты. Тынг бирæ æхца. Барчъитæ æмхуызон адих кодтам, цæмæй уыдаиккой æнцондæр хæссынмæ. Нæ зæрды уыдис, Бодайбойæ сæдæ версты дарддæр Витимы доныл цы наулæууæн уыдис, уырдæм ныййирвæзын, уырдыгæй уæлæмæ, хуссармæ, цæуæн кæй онг уыдис, уый онг науы ацæ- уын. Уырдыгæй горæт Читамæ дард нал уыдис. Куыд бауынаффæ кодтам, афтæмæй Читайæ ме ’мбæлттæ хъуа- мæ ацыдаиккой поезды нæхимæ, æз та — Владивостокмæ, ардыгæй та — Америкæмæ. Нæ фæндтæ æмæ уынаффæтæй ницы рауад. Банчы адавд ба- зыдтой уыцы райсом æмæ пъæлицæ куыйтимæ нæ фæдыл рацы- дысты. Куыйтæ нын нæ фæдыл фæхæст сты æмæ фæдис гурæй- гурмæ цыдис нæ фæстæ. Хуыздæр гæнæн нал уыдис, æмæ не ’хцатæ иу ран къæдзæхы рæбын, бæрæг бынаты, баныгæдтам. Нæхæдæг лыгьдыстæм размæ. Æз мæхи æфхæрдтон: цæмæн æрцæ- уын кодтон ацы цыппар лæппуйы Ирыстонæй æмæ сæ стыр фыд- былызы цæмæн нытътъыстон, зæгьгæ. Æмæ бауынаффæ кодтон: цыфæнды тæссаг ран куы бахаон, уæддæр архайдзынæн ме ’мбæлтты ирвæзын кæныныл. Райстон сын сæ дамбацайы гил- дзытæ æмæ загьтон: «Сымахæн, куыд амал ис, афтæ цæут. Æз фæдисы ацы ран, комы нарæджы, цас амал уа, уыйас бауром- дзынæн». Нæ разы кодтой ме ’мбæлттæ, кæд, дам, ирвæзгæ — уæд иумæ, кæд сæфгæ, уæддæр — иумæ. Тыхтæй-амалтæй сæ сразы кодтон æмæ райсом боны цъæхтыл сæ фæндаг адардтой. Мæхæдæг комæн йæ тæккæ нарæджы æрбадтæн дуры фæстæ æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдтон фæдисы фæзындмæ. Аходæнтыл уыдон дæр иу- дæс — дыууадæсæй бæхтыл фæзилæнæй æрбазындысты. Æз сæ наганæй цалдæр гæрахы фæкодтон, æмæ фæстæмæ лидзыныл фесты. Фæссихор кæсын, æмæ се ’ппæт нал, фæлæ та дыууæйæ фæзындысты. Æз та сæ цалдæр гæрахы фæкодтон, æмæ та лидзæг фесты. Бон ма уыдис бирæ æмæ мæхæдæг ме ’мбæлтты фæдыл фараст дæн. Æртæ хатты афтæ баурæдтон фæдис æмæ та-иу æрбаййæфтон ме ’мбæлтты. Æртыккаг хатт сæ æрбаййæфтон тынг тагъд, уымæн æмæ бирæ нæ ацыдысты. Æз сæ мæстыйæ бафар- 196
стон, размæ цæуылнæ цæут, зæгъгæ. Исдуг ницы дзырдтой. Стæй Зауырбег загъта: - Мæнæ Хъуыдайнат бастад. Зæгъы, мæ бон, дам, нал у. Иу- цасдæр æй не 'нцой фæхуыдтам, фæлæ афтæмæй дар йæ бон цæ- уын нал уыд. Не ’ккой йæ хæссиккам, фæлæ нæхæдæг дæр тынг бафæлладыстæм. Хъуыдайнат иннæты хуызæн хуыссыдис кæрдæгыл æмæ ницы дзырдта. Иу-цасдæр нæ фæллад куы ссыдис, уæд сын æз загъ- тон: - Мæ наганы иунæг гилдз дæр нал ис, æмæ ма уæм цы гилдзытæ ис, уыдон мæнæн раттут. Хъуыдайнаты ам мемæ уадзут. Райсом сымах фæдыл куы цæуон, уæд ын хъамайæ йæ сæр ралыг кæндзынæн æмæ йæ доны баппардзынæн, кæннод не ’ппæты дæр фесафдзæн. Ме ’мбæлттæ ма мæнæн цалдæр гилдзы радтой, æндæр сæм нал уыдис. Сæхи цæуынмæ куы рæвдз кодтой, уæд Хъуыдайнат фæгæпп кодта, йæ хæссинæгтæ йе ’ккой баппæрста æмæ се ’ппæты разæй фæраст. Уый фæстæ мын бирæ азты фæстæ куыд дзырдтой, афтæмæй Хъуыдайнат никуыуал «бафæллад» æмæ йе ’мбæлтгы разæй згъордта. Уыцы бон мæнæн уыдис мæ фæстаг хæцæн бон. Фæссихор та фæдис барджытæ фæзындысты. Æз сæ дыууæ гæрахы фæкод- тон æмæ цыдæр арбаисты. Уалынмæ кæсын, æмæ мæм дыууæ стыр бирæгъыйас куыдзы рæйгæ æрбатæхынц. Иуы дзы фыццаг гæрахæй бæргæ фæуæлгоммæ кодтон, фæлæ иннæйы фæивгъ- уыдтон. Дыккаг гæрахмæ дæр æм нал сарæхстæн. Уый мыл йæхи бирæгъы хуызæн æрбаппæрста æмæ мын ме уæхск ацахста. Уым йæ даргъ ссыртæ кæрæдзийы ссардтой. Мæ цæстытæ атартæ сты, фæлæ ма фæцарæхстæн æмæ мæ хъама куыдзы гуыбыны иннæрдæм акаст... Афæлдæхтис уыцы бирæгь дæр. Уалынмæ кæсын, æмæ мæм топпæргьæвдæй алы ’рдыгæй жандармтæ æрбатæхынц. Мæ наганы та ма баззадис æдæппæт дыууæ гилдзы. Иу ма дзы фехстон жан- дармтыл. Стæй наганы фындз мæ ныхыл авæрдтон æмæ йæ ныкъкъæпп кодтон, хъавыдтæн мæхи амарын, цæмæй удæгасæй ма бахауон ме знæгты къухтæм. Фæлæ диссаг: фæстаг гилдз не схæцыдис! Уæдмæ мын жандармтæй чидæр фæстейы мæ сæр цыдæр уæзза- уæй ныццавта æмæ, цы фæдæн, уый нал базыдтон. Бахаудтæн, кæмæй тарстæн, уыдоны къухмæ. Мæхи кæд æрæмбæрстон, уый нæ зонын. Ракастæн талынг уымæл ныккæнды. Мæ къæхтæ æмæ мæ къухтыл уыдис хъада- 197
мантæ. Алы бон дæр мæ кодтой фæрсынмæ. Ссыдысты Дзæу- джыхъæуæй, цалдæр азы размæ нæхимæ пъырыстыфы куыд фæнад- тон, уыцы гæххæттытæ дæр. Пъырыстыфы фæнадтон, ууьгл ба- састæн. Банк адавтон, ууыл дæр басастæн. Ацы ран мæхи зылы- ныл банымадтон. Фыццæгæм майы демонстрацийы жандармты тырысайы хъæдæй кæй надтон, уым мæхи аххосджыныл нæ банымадтон. Нæ басастæн, банк давгæйæ ма мемæ æмбæлттæ уыдис, ууыл дæр. Афтæ мæм кæсы, æмæ жандармты къухы куы бахаудтæн, уæдæй фæстæмæ надæй кæй баййæфтон, уыдонæн адæймаг нæ, фæлæ арс дæр нæ бафæрæзтаид. Стæрхон мын кодтой цæргæ-цæрæнбоны иунæгæй хъадаманты ахæстоны фæбадын. Ахастой мæ кæдæмдæр дарддæр. Æцæг кæдæм, уый мын басусæг кодтой. Суткæ иу хатт-иу мæ æхсæвыгон цалдæр минуты рауагьтой æддæмæ кæртмæ. Уыдис мæм иу бандон æмæ къулмæ гуыдырæй фидаргæнгæ гыццыл стьол. Хуыссыны рæстæг йеддæмæ мæ сынтæг дæр фидаргонд уыдис къулмæ гуыдырæй. Хæринаг - ма амæлайы комдзаг. Хæдзары дзаумайæ мæм уыдис цайдан, кружкæ, уидыг æмæ цæхдарæн. Иууылдæр - æрхуыйæ. Æхсæвæй-иу райсоммæ уыцы уымæл ран уыдон цъæх-цъæхид сыс- ты. Æмæ-иу сæ райсомæй афтæмæй куы æрбаййæфтой, уæд — нæмгæ. Ноджы сæ цæмæй сæрфтаин, уый куы лæвæрдтаиккой! Æмæ мæ цухъхъайы фæдджитæ мæ ронбастæй уæлдæр фесты уыцы æрхуы дзаумæттæ сæрфынæй. Цыдысты бонтæ, мæйтæ, азтæ. Æз сæ нымайгæ дæр нал код- тон. Зыдтон: мæ царды кæронмæ мын ардыгæй аирвæзæн нал ис. Иу ахæмы мын Хуыцау арфæ ракодта æмæ мæ ныккæндмæ кæ- уылдæрты æрбатахт иу стыр сау бындз. Æрцардта мæ иу къорд рæстæджы уыцы бындз. Лавæрдтон-иу ын дзулы муртæ, йемæ-иу ныхæстæ кодтон. Расур-басур дæр-иу æй кодтон. Тынг ын тарстæн, хæлуарæг мын æй куы æрцахса, уымæй æмæ нæ уагьтон хæлуарæ- джы тын мæ цæрæнбынаты. Иу æхсæв райхъал дæн мæ бындзы дыв-дывмæ. Уый ныккæн- ды иу къуымæй фæдис хъæр кодта мæнмæ: аирвæзын, дам, мæ кæн тугдзых хæлуарæгæй. Фæлæ йын мæйдары мæ бон ницы бацис æмæ йæ райсомæй мардæй ссардтон. Раст цыма мæ бинонтæй исчи амардис, афтæ хъыг мын уыдис мæ бындзы амард. Куыд загътон, афтæ æз рæстæг куыд цыдис, уымæ мæ хъус нал дардтон. Æмгъуыдмæ мын тæрхонгонд куы уыдаид, уæд ма нымадтаин, уал азы фабадтæн, уал азы ма мæ хъæуы фæба- 198
дын, зæгъгæ. Фæлæ мын тæрхонгонд уыдис, цалынмæ цæрон, уæдмæ. Æмæ мæ цæмæн хъуыдис рæстæг нымайын? Ницæмæн! Ам, дард Сыбыры, зыбыты иунæгæй хъадаманты ахæстоны бадгæйæ, кæй зæгьын æй хъæуы, арвылбон мысыдтæн мæ рай- гуырæн бæстæ, мæ хионты, ме ’мгæртты. Уæлдайдæр та, мæ би- нонты, нæ æфсин Хъазионы, нæ гыццыл чызг Гасиаты. Иу минут дæр мæ зæрдæйæ на цух кодта мæ саргъы бæх — кæсгон кънйаз Хамзат Шогеновы лæвар. Зауырбег æмæ мæ иннæ æмбæлттæ Бодайбомæ куы æрцыдыс- ты, уæд мын радзырдтой, дæ бæх, дам, бирæ дугьты фæразæй. Фæлæ, дам, æй дæ бæх ничи хоны. Хонынц, дам, æй иууылдæр Датьриты дугьон. Бынтон сагъæсы та ме ’мбæлтты хъысмæтыл уыдтæн. Мæн æрцахстой, фæлæ уыдон цы баисты: аирвæзтысты æви нæ? «Æвæццæгæн, аирвæзтысты,- хъуыды кодтон æз,— уый йеддæмæ сæ тæрхон кæнынмæ ардæм не ’рбакодтаиккой?!» Тæрхоны размæ мьгл слест куы кодтой, уæд æз нæ басастæн, банк давгæйæ ма мемæ æмбæлттæ уыдис, ууыл. Ацы хъуыддаг дæр, мæнмæ гæсгæ, ме ’мбæлттæн хъуамæ аирвæзынæн тынг фех- хуыс уыдаид. Къорд азы фæстæ, куыд базыдтон, афтæмæй мæ хъуыдытæ уыдысты раст: ме ’мбæлттæ цыппарæй дæр урæд никуы æрцыдысты æмæ сæрагасæй сæмбæлдысты Ирыстоны сæ хæдзæрттыл. — Мæ хабæрттæ мæнæн бирæ бонты конд нæ фæуыдзысты,— дзырдта Аслæмырзæ.— Иу хатт сихорыл байтом кодтой мæ камер- æйы дуар. Æз тынг фæдис кодтон: мæ дуар мын гом кодтой æндæр афонты. Цы уыдзæн, зæгьгæ, мæм сдзырдта мæ зæрдæ. Дуарыл лæууыдис бынтон æнæзонгæ лæг. Уый мæнмæ иу-цасдæр фæкас- тис æдзынæг, стæй загьта: — Мæ фæдыл рацу! Æз ацыдтæн йæ фæдыл. Бакодта мæ стыр æмæ хъарм рай- дзаст уатмæ. Ам бадтысты цалдæр лæджы пъагонты. Мæн сбадын кодтой бандоныл. Мæнмæ мæ зæрдæ сдзырдта, уæддæр мæ кæндзысты кæнæ ауындзгæ, кæнæ — æхсгæ. Æмæ мын ацы хъуыды уьтдис æхсызгон: æз стыхстæн мæ цардæй, мæн уый нал хъуыдис. Пъагонджын хицæуттæ иу-цасдæр аныхас кодтой, стæй сæ иу сыстад æмæ загъта: — Ахст адæймаг, Томайы-фырт! Иу-цасдæр рæстæджы размæ Бетьырбухы паддзах Николай дыккаг æппæрст æрцыдис йæ бынатæй. 199
Ацы стыр хъуыддаджы тыххæй цы закъон рацыдис, уымæ гæсгæ ды дæр уæгъд цæуыс дæ дарддæры ахæстоны бадынæй. Лæвæрд дын æрцæудзæн фæндагмæ иу-цасдæр æхца, хæринаг, хъæугæ гæххæттытæ æмæ хæстæгдæр бонты дæ бон у дæ хæдзармæ ацæуын. Æз мæ цæстытæй ницыуал ауыдтон. Цыма фын уынын, афтæ мæм кастис. Алчи дæр ма ахъуыды кæнæд: æз æнхъæлмæ кастæн ауындзынмæ, кæнæ фехсынмæ, кæнæ та мæ царды кæронмæ хъæдаманты иунæгæй ныккæнды бадынмæ. Мæнæн та загьтой: бынтондæр, дам, суæгьд дæ æмæ дын бар ис дæ хæдзармæ ацæуы- нæн. Мæ зæрдæ фырцинæй куыд нæ аскъуыдис, ууьтл абон дæр ма дис кæнын! Уыцы хабар æрцыдис 1917 азы мартъийы мæй. Æз та ахст фæдæн 1908 азы июны мæй. Фæбадтæн иунæгæй, хъадаманты, æппæты зындæр уавæртæ кæм уыдис, уыцы ахæсто- ны аст азы æмæ дæс мæйы. Кæддæр-уæддæр сæфтыдтæн нæхимæ, Ирыстонмæ, мæ райгуырæн хæдзармæ. Мæнмæ мæ хиуæттæй, мæ зонгæтæй æнхъæлмæ ничиуал кастис, уыдысты мын фесæ- фын æнхъæл. Ме ссыдмæ амардис мæ бинойнаг Хъазион. Мæ иунæг чызг Гасиат та хъомьтл кодта ме ’фсымæр Хæчъассæйы би- нонтимæ. Уæдмæ Хæчъассæйæн йæхицæн дæр фæзындис цот, бинонтæ. Бирæ адæм мыл цин кодтой хионæй, æцæгæлонæй. Æппæтæй тынгдæр та мыл цин кодта, мæ кæнгæ æфсымæр Реуазты Симон. Тынг æхсызгон мын уыдис, ме ’мбæлттæ Дзуццаты Зауырбеджы, Хостыхъоты Алыксыйы, Шанаты Тъойы æмæ Бутаты Хъуыдайна- ты дзæбахæй кæй сыййæфтон, уый. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ уыдонæй искæуыл исты куы æрцыдаид, уæд уым аххосджын æз уыдаин. Æппæты разæй æз ме ’мгæрттæй кæйдæртимæ уæлмæрдтæм ацыдтæн не ’фсин Хъазионы ингæнмæ. Мæ къух сæвæрдтон йæ ингæныл æмæ дзы хатыртæ ракуырдтон, уымæн æмæ мæхи абон дæр зылын хонын йæ разы. Æнæ мæн уый зын царды арвыста йæ бонтæ æмæ æнафоны мæрдтæм бацыдис. Мæ зæрдæ ма фæфидар вæййы уымæй, æмæ æз дæр Хуыцаумæ не скуывтон, цæмæй мæ адджын бинонтæй фæхицæн уон æмæ уал азы зындоны хъизæмæрттæ февзарон. Дарддæр, æгъдау куыд амоны, афтæмæй æз фæзылдтæн мæ хи- онтæй æмæ зонгæтæй ме ссыдмæ чи амардис, уыдоны бинонтыл. Æз гыццылæй кæй ныууагътон, уыдон слæгтæ сты, систы ус- 200
джынтæ, цотджынтæ. Бирæтæ сæ мæн нал зыдтой, бирæты та мæхæдæг нал зыдтон. Фæлæ карджын адæмы хорз зыдтон, сæхæдæг дæр мæ хорз бадардтай сæ зæрдыл. Мæ алæмæты бæх Нæртоны сыййæфтон æгасæй. Йæ кой мын бирæтæ кодтой. Нымадтой мын, кæм æмæ кæй дугъты фæразæй, уыдон. Куыд нæ фæндыдис мæн Нæртоны фенын! Фæлæ мæм уынæг уый бæрц адæм цыдис, æмæ мæн уыдонæй нæ æвдæлдис мæ бæхы бабæрæг кæнынмæ. Иу бон, йæ саргъы ехс йæ къухы, афтæмæй кæрты дуарæй æрбахызт Угъалыхъ йæхæдæг. Бирæ фæцинтæ кодтам кæрæдзийыл. Бæлвырд мын фæдзырдта фынджы уæлхъус Нæртоны хабæрттæ. Фастагмæ загъта: — Хуыцауыхсæв дæм изæрæй мæ хæдзары æнхъæлмæ кæсдзынæн, Аслæмырзæ, æмæ мæм-иу сæмбæл, кæимæ дæ фæнда, уыдонимæ. Æз дын хъуамæ мæхи хæдзары зæгьон æгас цæуай мæ цæхх æмæ мæ кæрдзынæй. Æмæ уæд дæ æмбисонды хайуан Нæртоны дæр фендзынæ. Курын дæ, æмæ мачердæм фæу, æз дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн. Æз зæрдæ бавæрдтон Угъалыхъæн, йæ хæдзары кæд зæгъы, уæд кæй сæмбæлдзынæн, уымæй, æмæ мæ ныхас сæххæст кодтон. Сабаты, изæрырдæм, мæ сыхаг Борæдзаты Барыхъ- оимæ мах нæ бæхтæй æрхызтыстæм Датъриты Угъалыхъы дуа- рмæ. Ам Угъалыхъимæ чи бандоныл, чи дурыл бадтысты сыхы лæгтæ. Се ’ппæты дæр хорз зыдтон, се ’ппæт дæр мæ зыдтой. Кæрæдзийыл куы фæцинтæ кодтам, уæд нæ хæдзары хицау мидæмæ бахуыдта. Æз комкоммæ мæ ных сарæзтон бæхдонмæ. Ам уыдис Нæртон. Мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп хъуысыдис дардмæ... Нæртон уыдис йæ тæккæ хæргæйæ. Æз æм æппæты разæй цы сдзырдтон, уый нал хъуыды кæнын. Бæх, мæ хъæлæс куы айхъуыста, уæд йæ хæрын фæуагъта æмæ хъæлæсы дзагæй ныууасыди. Стæй мæм уæд разылдта йæ цæсгом æмæ æнæрынцайгæ мыр-мыр байдыдта. Йæ раззаг къахæй зæхх хоста. Афтæ мæм фæкастис, цыма мæм йæ мыр- мырæй дзургæ кодта, йæ къахы хостæй та амонгæ, ома, ардæм мæ цурмæ рацу, зæгъгæ. Æз бацыдтæн бæхы размæ, йæ бæрзæйыл ын мæ къухтæ æртыхтон æмæ йын тынг ныхъхъæбыс кодтон. Бæх йæ мыр- мырæй фенцадис. Æз ын йæ сæр мæ риумæ æрбалхъывтон æмæ иу-цасдæр афтæмæй фæлæууыдыстæм. Хи бауромынмæ иу лæгæй мæхицæй фидардæрыл никуы сæмбæлдтæн. Фæлæ ныр мæ хъуыр нылхынцъ ис æмæ мæ бон нал бацис мæхи бауромын. Æз 201
куыдтон сывæллоны хуызæн. Æмæ иу ахæмы куы фæкомкоммæ дæн Нæртоны цæстытæм, уæд федтон стыр диссаг: бæх дæр куыдта мæ хуызæн! Уымæн дæр йæ цæстысыгтæ йæ цæсгомыл кæрæдзийы фæдыл згъордтой. Ацы хабар, чи зоны, æмæ искæй нæ бауырндзæни, фæлæ хъуыддаг æцæгæй дæр афтæ уыд. Махмæ кастысты Угъалыхъ æмæ йæ сыхæгтæ цалдæрæй. Се ’ппæт дæр мæн æмæ Нæртоны кæуынмæ сæрфтой сæ цæсты- сыгтæ. Цас фæдæн бæхдоны,- нал æй хъуыды кæнын. Уæдмæ æфсин æрæвæрдта хæрд æмæ нозт. Цалынмæ мах фынгыл бадтыстæм, уæдмæ Нæртон йæ уасынæй не ’нцадис. Æмæ йæм æз уыцы рæстæг цалдæр хатты рацыдтæн. Уымæн æмæ уый, мæнмæ куьтд кæсы, афтæмæй агуырдта мæн. Диссаг та куыд, нæ уыд, мæн-иу Нæртон куы ауыдта, уæд та-иу йæ уасын фæурæдта æмæ мыр-мыр байдыдта. Æз ын сæрфтон мæ къухæй йæ хъуыр, йæ фæрстæ. Уый та-иу ныхъхъус. Змæлгæ дæр- иу нал кодта. Фынджы у æлхъус^ Угъалыхъ бæстондæр фæкодта ноджыдæр Нæртоны хабæрттæ. Йе ’фсинæн нæ размæ рахæссын кодта бирæ зынаргъ дзаумæттæ: хорз цухъатæ, басылыхътæ, æмæхгæд æвзист хъаматæ æмæ æндæр ахæм лæвæрттæ,— дугъты Нæртон кæй рæмбылдта, ахæмтæ. Уыцы лæвæрттæй алкæмæй дæр Угъалыхъ мæнæн уæздан загъта. Фæлæ æз ницы бакуымдтон. Угъалыхъ дзырдта: - Нæртоныл азтæ рацыдис. Дугъы рауадзынмæ нал бæззы. Фæлæ нырма хъæубæстæн йæхи мидæг, стæй æндæр хъæутæм ауайынмæ дæр хорз у. Кæм ыл вæййын, уым бæхыл æмбырдтæ байдайынц, мæнæ, дам, йæ ном Ирыстоныл кæмæн айхъуыс- тис, Датьриты уыцы дугьон бæх.— (Угъалыхъ ацы ныхас куы загъта, уæд йæхиуыл фæхæцыд). Æвæццæгæн æй нæ фæндыдис, афтæмæй дзы сирвæзт («Датъриты дугъон»). — Бæх, ныртæккæ йæ куыд уыныс, афтæ зылд хъуаг никуы уыдис. Дæ бон æй у, Аслæмырзæ, ныртæккæ дæр акæнын уæхимæ, — загъта ма фæстагмæ Угъалыхъ. — Бæхмæ зылд хорз кæй уыдис, уый дызæрдыггаг нæу,— загъ- тон æз.— Æвзæр зылд æм куы уыдаид, уæд дугъты дæр нæ разæй кодтаид. Хорз æм фæзылдтæ, Угъалыхъ! Æндæр искæмæ йæ куы ныууагътаин, уæд æй æгасæй нал сæййæфтаин. Уый тыххæй дын зæгъын стыр бузныг. Фæлæ Нæртоны æз дæуæй нал акæн- дзынæн. Мæнæн æй кæсгон кънйаз балæвар кодта, дæуæн та йæ Хуыцау радта. Дæуæн дæ амонд разындис тыхджындæр — 202
Ирыстоны дæхи кой дæр айхъуыстис æмæ дæ дугъоны кой дæр. Хайыр дын уæд дарддæр дæр ацы хайуан. Æз æм уынæг никуы- уал æрцæудзынæн, уымæн æмæ мын зæрдæнизы хос йеддæмæ ницы у. — Гъе, уый дын мæ бæх Нæртоны хабæрттæ,— загьта Аслæмырзæ æмæ та тамако сдымдта. Уымæй гыццыл фæстæдæр ногæй райдыдта: — Цыдæриддæр уыдис, уæддæр мæн аразын хъуыдис ногæй хæдзар. Мæ хиуæтты, мæ лымæнты руаджы бацъапп кодтон дыууæ къуымы æмæ бакодтон ногæй хъуыддаг — æрхастон Црауæй Мсой- ты чызджы. Уымæй дæр мын райгуырдис иу чызг. Самал кодтон бæх, хъуг, кодтон мæ быдыры куыстытæ. Мæнмæ иу къорд хатгы ныххатыдысты Алагирæй æмæ Дзæу- джыхъæуæй æрвыст лæгтæ. Лæгьстæ мын кодтой, цæмæй хъæдгæс ныллæуыдаин. Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ хъæдгæс ныл- лæууын уыцы рæстæг ничиуал уæндыдис: цалдæр хъæдгæсы амар- дæуыд. Раст зæгъгæйæ мæ нæ фæндыд ацы куыстмæ, уымæн æмæ уыдис тынг хъаугьайаг куыст. Адæмæн уæд бынтондæр хъæдæй уыдис сæ цард æмæ хъæдмæ цыдысты тынг арæх. Закъон та нæ уагьта, кæй куыд фæндыд, афтæ хъæд цæгъдын. Нæ уагьта хъæдæй лæвар ласын дæр. Адæмæн се ’ппæтмæ та æхца нæ уыд. Æмæ хъæдгæсы алы бон дæр тох кæнын хъуыдис бирæ хъæддзаутимæ. Уыдæттæ иууылдæр æз зыдтон æмæ мæ фæндгæ дæр уымæн нæ крдта ацы куыстмæ. Хъæдгæстæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдысты алыхуызон. Уыдис дзы фылдæр ахæмтæ, æмæ фæллад хъæддзауы дзæгьæлы чи нæ бафхæрдтаид. Уыдон зыдтой адæймаджы тыхст æмæ архайдтой мæгуыр лæджы бахъахъхъæныныл. Фæлæ дзы уыдис æдзæсгæмттæ дæр, мæгуыр адæмы мæт кæй нæ уыдис, ахæмтæ, æрмæстдæр дзыппы пайдайæн чи архайдта, ахæмтæ. Тæригъæд цы у, уый нæ зыдтой æмæ сæ маргæ дæр уымæн кодтой. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ æз сразы дæн хъæдгæс ныл- лæууыныл. Тынгдæр уымæн, æмæ исчи афтæ куы банхъæла, Асла- мырзæ дæр равдыста тæппуддзинад æмæ нæ бауæндыд хъæдгæсæй кусын. Æз цы хъæд хъахъхъæдтон, уырдæм искуы-иутæй фæстæмæ цыдысты нæхи хъæу Хъæдгæроны æмæ Ногхъæуы цæрджытæ. Ацы хъæуты цæрджыты æз зыдтон иууылдæр. Æмæ амал цас уыд, уый барц мæхи уарзын кодтон адæмæн, æххуыс сын кодтон. Æдзæсгом лæг мæнæй ницы пайда фæкæндзæнис, уый иууылдæр 203
зыдтой æмæ æз ацы куысты хылтæ æмæ хъаугъаты никуы ба- хаудтæн, кæд ссæдз азæй фылдæр хъæдгæсæй фæкуыстон, уæддæр. Не скодтон иу хæрам лæг дæр æмæ мын абон зæрондæй у æнцон, фæсмон ницæуыл кæнын. Æвæсмонæй цæрьгн та у Хуыцауы стыр арфæ æмæ йæ мæ цæст алкæмæн дæр уарзы. Куыд загьтон, афтæ Аслæмырзæ арæх дымдта тамако. Æмæ та иу ног тамако куы ссыгьта, уæд иу-цасдæр æнæдзургæйæ зæхмæ факаст. Уæд-иу æз мæхинымæры хъуыды кодтон: цымæ цавæр хъуы- дытæ ис ныртæккæ ацы лæджы сæры? Цымæ цавæр нывтæ уайьтнц ныртæккæ йæ цæстытыл йæ даргь цардæй? О, бирæ фацард, бирæ федта æмæ бирæ диссæгтæ хъуыды кæны абоны уонг ацы лæг. Æмæ куыд хорз уаид, уыдонæн сæ царды фæндаг кæрæй-кæронмæ сныв кæн æмæ бæлвырд равдис! Мæн нæ фæндыди, цæмæй Аслæмырзæ йæ ныхас баурæдтаид. Фæндыд мæ уымæ ноджыдæр хъусын. Æмæ йын загьтон: — Аслæмырзæ, дæуæй дæ гыццылæй абонмæ ницы ферох ис. Хорз хъуыды кæныс дæ даргь цардæн йæ алы фæзилæн дæр. Æз зонын, хъæдгæсы куыст уæды рæстæджы уыдис тæссаг, хъаугьа- йаг. Ды уыцы бынаты бакуыстай бирæ. Æмæ уыцы бирæ азты æнæ исты хабæрттæ рауайгæ нæ уыд. Мæнæн æхсызгон уаид, уыцы хабæрттæй мын иу-дыууæ куы радзурис, уæд. — Хабæрттæ бирæ æрцыдис уыцы азты. Фæлæ уыдон тыххæй, æвæццæгæн, абон ницыуал зæгъдзынæн. Азтæ мын ме уæнгтæ æрбалхъывтой æмæ ма хъару кæдæмдæр алыгъдис. Абон æгъгъæд фæуæд. Райсом дын, кæд амал уа, уæд-иу мæм мæнæ афтæ æрба- уай. Уæдмæ æз мæ хъæдгæсы рæстæджы хабæрттæй истытæ мæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн æмæ дын сæ бæлвырд фæдзур- дзынæн. Ныр та уал цæуын æмæ иу гыццыл æркъул кæнон. Дæуæн та — бузныг, æрцардтай мæ! Æз «бузныг» зæгьтон зæронд лæгæн æмæ дзы хатыр ракуырд- тон. Уый мын, бафысым кæн, зæгъгæ, загъта, фæлæ æз не сразы дæн. Уыцы бон махæн Аслæмырзæимæ ногæй нæ ныхас фæцис. Æмæ та мæнæ цалдæр боны фæстæ æз бадын Аслæмырзæйы раз. — Хъæдгæсæй кусгæйæ æз фæцахуыр дæн цуаныл. Уæды рæстæг мах хъæды алыхуызон сырдтæ уыдис тынг бирæ: æрсытæ, хуытæ, сæгуыттæ, бирæгътæ. Суанг ма дзы уыдис стайтæ дæр. Цуан чи кодта, ахæмтæ дæр бирæ уыдис. Иу ахæмы Суададжы комы тынг мидæгуæз ссардон стыр хъæддаг 204
кæрдо. Фæззаг уыдис йæ тæккæ тæмæны æмæ кæрдо рæгъæдæй згъæлдис зæхмæ. Арс цыдис ардæм кæрдотæ хæрынмæ, æвæццæгæн, алы æхсæв дæр. Уый бæрæг уыдис уымæй, æмæ кæрдомæ скодта къахæйнад фæндаг — лæзгьæр. Арс йæ фæдмæ гæсгæ уыдис тынг стыр. Тæссаг уыдис уымæ иунæгæй бабадын. Цы нæ æрцæуы, йæ фыццаг гæрахæй йæ дзыхъмард куы нæ фæкæнай, уæд цæф арс тынг тæссаг у. Арсы хабар æз ракодтон мæ лымæн цуанæттæ Бокоты Дзабо æмæ Гутнаты Алиханæн. Дыууæ дæр мемæ сразы сты æмæ æртæйæ дæр бауынаффæ кодтам уыцы арсы размæ бабадын. Рухсæй бахæццæ стæм уыцы кæрдойы размæ æмæ бавнæлдтам нæхицæн бадæнтæ кæнынмæ. Уыдон куы барæвдз кодтам, уæд къуылдымæй комы ’рдæм ныххызтыстæм, цæмæй, нæ бадæнтæм, цас амал ис, уымæй фæстæдæр æрбацæуæм. Арс фындзæй тынг æмбары æмæ, адæймаг бирæ кæм æрбынат кæны, уый бамбары. Иу-цасдæр комы доны был куы абадтыстæм, уæд нæ хъустыл уайын байдыдта уынæр. Тынгæй-тынгдæр хъуысын байдыдта махмæ бæхты къæхты хъæр. Æрбайхъуыст-иу нæм иугай ныхæстæ дæр. Мах дисы бацыдыстæм: изæрыгон алчи хъæдæй æддæмæ цæуы, цавæрдæр адæм та бæхтыл хъæды тарфмæ мидæмæ цæ- уынц. «Ам цыдæр ис!»— загътам мах. Схызтыстæм комæй къуыл- дыммæ, нæхи баауон кодтам æмæ байдыдтам хъахъхъæнын. Уæдмæ нæм цыппар барæджы æрбазындис. Дыууæйæ разæй цыдысты, дыууæйæ фæстейы. Фæстæгтæй алкæмæн дæр йæ бæхы фарсмæ ма бает уыдис иу бæх. Барджытæ мах цæмæй уыдтой, фæлæ сæ мах æмбæхстæй хорз уыдтам. Хæстæг нæм куы æрбахæццæ сты, уæд сæ сæ ныхасмæ гæсгæ раиртæстам: ирæтгæ нæ уыдысты, уыды- сты... нæ сыхæгтæй. Уыцы заман Алихан мæнæн мæ хъусы æрба- дзырдта: — Аслæмырзæ! Нæ уыныс, дæлæ семæ кæй ласынц, уыцы бæхтæй иу у Гуытьиаты Иналыхъы бæх! Æз æдзынæг фæкастæн æмæ æцæгæй раиртæстон мæ хорз сыхаг Гуытьиаты Иналыхъы бæх. Махæн æртæйæ дæр нæ зæрдæтæ базыдтой, стыр бæллæх кæй æрцыдис, ацы фыдгæнджытæ байстой Иналыхъы бæх. Иналыхъ та, йæ бæх æнцонтæй чи радтаид, уыдонæй нæ уыдис. Ахæм хъуы- ддаг уый йæ удæгасæй не ’руагътаид. Æмæ уæд, æвæццæгæн, Иналыхъы амардтой æмæ йын йæ бæх раластой семæ. Цы уавæры бахаудтам, уым хъуамæ цы кодтаиккам? Æртæйæ дæр нæ уынаффæ уыдис иу: ацы лæгмартæн ауадзæн нæй! 205
Мах иу-цасдæр сусæгæй æмдзу фæкодтам барджытимæ. Хур ма иу гыццыл уыдис, афтæ иу нарæг æрдузы барджытæ баурæ- дтой сæ бæхтæ, аныхæстæ кодтой æмæ зæхмæ æрхызтысты, сметой сæ сæргътæ бæхтæн æмæ сæ къæхтæбастæй кæрдæгыл хи- зынмæ ауагътой. Стæй уæд дыууæйæ фæстæмæ сæ фæд-сæ фæд ацыдысты. Æвæццæгæн сæ фæндыдис базонын - сæ фæдыл фæдис цæуы æви — нæ. Уæдмæ хур дæр æрныгуылдис æмæ талынг кæнын байдыдта. Мах сæ нал уыдтам, æмæ иу-цасдæр нæхи дарддæр айстам. Бауынаффæ хъуыдис, дарддæр цы ми кæндзыстæм, ууыл. Æмæ æрцыдыстæм иу хъуыдымæ: куыд нæ ныл фæгуырысхо уой, афтæ цас амал ис, уый бæрц хæстæгдæр балæууæм, фыдгæнджытæ æхсæвиуат кæм кæнынц, уырдæм æмæ уым хуры скастмæ арвитæм рæстæг. Райсом, хур куы скæса, уæд «уазджытæ» сæ дины æгъдау æххæст кæнгæйæ æрлæудзысты ламаз кæныныл. Æмæ уæд — нæ лæджы хъæд æмæ нæхæдаг! Кæд цыфæнды зындзинæдты дæр бахаудтæн, уæддæр никуы аздæхтон адæймагмæ топпы фындз. Дзабо æмæ Алихан дæр — афтæ. Фæлæ ацы хатт ацы хъуыддагæй алидзæн нал уыдис. Мæ зонгæйæ цалы бастыгътой æмæ амардтой ацы фыдгæнджытæ. Ныр та мæнæ байстой Гуытъиаты Иналыхъы бæх, стæй ма ноджыдæр иу æндæр мæгуыр лæджы бæх. Æвæццæгæн, лæгты та маргæ акод- той. Æмæ кæдмæ кæндзысты сæ цъаммар митæ адон? Кæдмæ нæ стигъдзысты æмæ мардзысты? Уыдон ныл нæ ауæрдынц, уæд сыл мах цæмæн ауæрдæм? Ахæм хъуыдытæ кодтон, бон куы æрбарухс ис, уæд. Нæ фæнд махæн рауадис иттæг раст. Куыддæр хур скастис, афтæ лæгтæ сæ нымæтты бынæй рабырыдысты. Сæ иу райтыдта сау уæйлаг нымæт. Цыппарай дæр хурскæсæны ’рдæм сæ зонгуы- тыл æрлæууыдысты æмæ байдыдтой ламаз кæнын. Мах сæ æмæхст фæкодтам æмæ дзы æртæ змæлгæ дæр нал скодтой. Цыппæрæм исдугмæ зонгуытыл лæугæйæ аззад, стæй лидзынмæ фæцис. Фæлæ йæ мах нæмгуытæ баййæфтой уый дæр. Нæ фæрæстмæ сæ цыд ацы хатт стигъджытæ æмæ марджытæн. Цы агуырдтой, уый ссардтой. Мах зыдтам: куыддæриддæр ацы хабар айхъуыса, афтæ нæхицæн дæр æмæ нæ бинонтæн дæр уы- дзæнис стыр тас. Сæ туг иедзысты цыфæндыйæ дæр. Ноджы-иу сын нæхионтæй уыдис хъузæттæ. Æмæ æппæты разæй мах дзырд радтам кæрæдзийæн, ацы хъуыддаг кæй никæмæн схъæр кæндзыстæм. Стæй уæд Алиханы рарвыстам Суадагмæ. Ам уый базыдта хабæрттæ. Æцæгæй дæр уыдон амардтой Гуытъиаты Ина- 206
лыхъы æмæ иу хохаджы æмæ сын аластой сæ бæхтæ. Иналыхъы мард аластой сæхимæ Хъæдгæронмæ, хохаджы мард та ма уыдис Суададжы хъæусоветы. Махæн æнæ бахсæв хъæдæй рацæуæн нæ уыдис. Æмæ куы æрталынг, уæд рацыдыстæм. Абырджыты бæхтæ ныууагътам хъæды рæбын иу уæтæры раз. Иналыхъы бæх æрлас- там нæхимæ хъæумæ æмæ йæ йæ хæдзармæ ауагътам. Бæх, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсæвы йæ хæдзармæ бацыдис. Дыккаг бон адæм стыр дис кодтой, ацы бæх ма йæ хæдзармæ куыд æрбаф- тыд, ууыл. Мах дæр æртæйæ уыдыстæм Иналыхъы зианы æмæ иннæты хуызæн «дисæй мардыстæм». Цыдæриддæр уыдис, уæдцæр зианы дыккаг бон нæ хæдзæртты скæнын кодтам æртыгай чъи- ритæ æмæ ацыдыстæм Хетæджы къохмæ. Дзабо нæ хистæр уыдис æмæ скуывта нæ кувинæгтæй. Уый фæстæ кувæндон бæласы размæ мах æртæйæ дæр æрлæууыдыстæм нæ уæрджытыл æмæ ард бахор- дтам дзуары размæ, цы хъуыддаг сарæзтам, уый басусæг кæндзыстæм æцæгæлæттæй дæр æмæ хиуæттæй дæр, цалынмæ цæрæм, уæдмæ. Æмæ йæ æцæгæй дæр басусæг кодтам абоны онг. Дзабо æмæ Алихан раджы амардысты. Мæнæн дæр бирæ цæрæнбон нал баззад æмæ не стыр сусæгдзинад абон схъæр кодтон. Бирæ рæстæг ыл рацыдис... Афтæ рауади нæ цуаны хъуыддаг. Бирæ хабæрттæ æрцыди мæныл хъæдгæсæй дæр. Æмæ, кæд æдзух дæр архайдтон адæмæн хуыздæрыл, уæддæр уыдис ахæмтæ, æмæ мæ не ’мбæрстой. Дардтой мæм хæрам зæрдæ. Комкоммæ мæм нæ уæндыдысты, фæлæ иу-дыууæ хатты бафæлвæрдтой мæн амарыныл дæр. Цард афтæ у — адæм иухуызон не сты. Стæй хур дæр се ’ппæтыл не ’ххæссы. Цалдæр боны фæстæ та æз ногæй сæмбæлдтæн Аслæмырзæимæ. Мæ фæзынд зæронд лæгæн æхсызгон уыдис. Хъæубæсты уый карæнтæ нал уыдис, сыхы дæр кæимæ абадтаид, ахæм ничи уыдис нæлгоймагæй. Æмæ лæг æнкъард кодта. — Æрцардтай мæ! - зæгьгæ-иу загьта алы хатт. Æмæ та мын радзырдта ног хабар. — Ды искуы Бæрæзгаты Газаччы кой фехъуыстай? — афарста мæ. — Фехъуыстон! — дзуапп радтон æз. — Уый уыдис диссаджы лæг,— загьта Аслæмырзæ.— Стыр ныфс æмæ хъаруйы хицау, уаздан æмæ хæдæфсарм. Цыдæр ницæйаг хъуыддаджы тыххæй йæ ахстой æмæ абырæг алыгъдис. Йæ цард æрвыста хъæды, йæ бинонтæм хъæумæ цæуын арæх нæ уæнды- дис. Уыцы заман хъæды рæбынты уыдис бирæ уæтæртæ: Бокоты 207
Тепсарыхъойы уæтæр, Гутнаты Асæхмæты уæтæр, Датъриты, Мецъаты, Хатъызаты æмæ æндæрты уæтæртæ. Дзахотæ æмæ Ла- зартæн та уæтæртæ уыдис хъæды рагъыл Зыгъарисчъы. Æмæ Га- закк йæ цард фылдæр æрвыста уыцы уæтæрты. Сæрдыгон-иу мæнмæ дæр мæ мусонджы арæх уыд. Æз дæр ын сусæгæй арæх хастон хæринаг. Иу ныхасæй, иууьтлдæр æм тынг сыгьдæг зæрдæйæ нæ цæст дардтам æмæ кæмæн куыд æмæ цæмæй йæ бон уыдис, афтæ йæ хъахъхъæдтам. Иу фæззыгон хъарм изæр мах Газаккимæ бадтыстам хъæды рæбын æмæ ныхæстæ кодтам. Иуахæмы дыууæйæ дæр раиртæ- стам, фистæгæй Алагиры ’рдæм чи цыдис, ахæм лæджы. Уый цыдис сындæг, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу зæххыл æрбадтис. Мах ма бафиппайдтам, - лæджы фæстæ цыди стыр цъæх куыдз. Лæг- иу куы æрбадтис, уæд æм-иу дæрддзæфгомау æрбадти йæ фæстæгтыл куыдз дæр. Лæгæн йæ цыдтытæ, йæ æрбæдтытæм гæсгæ мах алыг кодтам: уый у æххормаг æмæ фæллад, кæнæ та тынг рынчын. Æмæ бауынаффæ кодтам: нæ иу йæ размæ ац- æудзæн æмæ нæ комкоммæ куы æрбахæццæ уа, уæд æй нæ му- сонгмæ æрбахондзæн. Нæ зæрды уыдис, тыхст фæндаггонæн нæ бон цæмæй бауа, уымæй баххуыс кæнын. Лæджы ма мах ком- коммæ иу-дыууæ сæдæ санчъехы куы хъуыдис, уæд та æрлæу- уыд. Куыдз дæр та дæрддзæф ныллæууыд. Лæг куыдзыл цалдæр дуры фехста, куыдз дарддæр алыгъд. Бæрæг уыдис, йæхи куыдз кæй нæ уыдис, уый. Стæй уæд йæ уæхскыл цы дзæкъул хаста, уый зæххыл æрæвæрдта æмæ йæхи уæлгоммæ æруагъта. Газакк æм уырдæм цæуынмæ куыд хъавыд, афтæ кæсæм æмæ федтам стыр диссаг: куыдз иу-цасдæр йæ гуыбыныл æрбабырыд лæджы ’рдæм, стæй сыстадис æмæ сындæг-сындæг бацыдис йæ размæ. Лæг, æвæццæгæн, уæдмæ афынæй. Куыдз иу-цасдæр фæкастис лæгмæ, стæй йын уæд йæ хурхмæ фæлæбурдта. Лæг фестыныл афæлвæрдта, фæлæ йæ куыдз не суагьта, хæцыд ын фидар йæ хурхы сæртыл. Фæндаггон йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ тылдта — нæй куыдз æй нæ уæгъд кæны. Иуахæмы йæ феуæгъд кодта, йæхæдæг иуварс ацыд æмæ æдзынæг кæсы йæ амæттагмæ. Уый ма, мæгуыр, иу хатт фестад, стæй ахаудта æмæ ныссабыр. Уæдцæр æм куыдз æнцад кастис. Мах ацы хъуыддаг куы федтам, уæд æрвдзæфы хуызæн фестæм. Ницæмæуал арæхстыстæм. Газакк раздæр æрцыдис йе ’муд. Баз- гъордта мусонгмæ, топп раскъæфта. Фæхъавыдис куьгдзмæ æмæ йæ фехста. Куыдз хæрдмæ фæхауд æмæ йæ къæхтæ хъилæй азза- дысты. 208
Мах ныццыдыстæм лæгмæ. Куыдз кæй æнхъæлдтам, уый ра- зындис стыр сыл бирæгь. Алыг кодта фæндаггон лæгæн йæ хурхы- уадындзтæ, æмæ уый мах ныццыдмæ амардис. Æз фæфæдис дæн Суадагмæ. Хъæуыхицау рацыдис дыууæ лæгимæ уæрдонæй æмæ лæджы марды Алагирмæ аластой. Уый фæстæ, куыд базыдтон, афтæмæй бирæгъ кæй аргæвста, уыцы лæг уыдис хохы кæцыдæр хъæутæй. Ахст уыдис, суæгьд ис æмæ цыди сæхимæ хохмæ. — Абон дæр ма уыцы хъуыддаг мæ зæрдыл куы ’рлæууы, уæд мæ буар ныддыз-дыз кæны æмæ мæ урс сæрыл цы цалдæр сæры хъуыны ис, уыдон арц слæууынц,- загьта ма Аслæмырзæ æмæ та тамако сдымдта. Нæ ныхас Аслæмырзæимæ уыцы фембæлдыл ахицæн. Цалдæр боны рацыдис, фæлæ æз Аслæмырзæимæ нал сæмбæлдтæн. Тынг-иу бафæллад зæронд лæг мемæ бадынæй, кæд йæхи дæр тынг фæндыд йæ рагон хабæрттæ кæнын, уæддæр. Æмæ дзы æфсæрмы кодтон. Хатгæй та-иу мæ æвдæлгæ дæр нæ ракодта. Иу райсом куыстмæ цæугæйæ фæкастæн Аслæмырзæты ’рдæм. Сæ дуармæ лæууыдысты къорд лæджы. Уыцы ’рдыгæй дыууæ лæджы та мæ размæ æрхæццæ сты. — Цы хабар у? - афарстон сæ. — Аслæмырзæ амардис - дзуапп радтой уыдон.— Бафынæй æмæ нал райхъал. Æз иу-цасдæр алæууыдтæн, стæй мын æмбал фæцис, æмæ уыимæ ссыдтæн зианмæ. Ам, дуармæ чи лæууыдис, уыдонæй иу загьта: — Аслæмырзæ хорзæй, адæмæн уарзонæй фæцардис сæдæ азы. Æмæ йын Хуыцау дæр радта амондджын адзал. Иу бон дæр нæ фæсадис, никæй сфæлмæцын кодта. Стыр кад скодтой адæм Аслæмырзæйæн йæ фæстаг фæндагыл. Мемæ ныхас кæнгæйæ Аслæмырзæ йæхи цалдæр хатты схуыд- та æнамонд адæймаг. Адæймаджы хорз миниуджытæй алцæмæй дæр æххæст уыди, афтæмæй йæ цард хорз нæ рацыд. Зæрондæй амард, йе ’фсин баззад æнæ хæдзарæй. Æнæуи йын æвзæр нæ уыдысты, йæ фыццаг усæй йын чи баззад, уыцы чызг Гасиат æмæ йæ цот. Æвзæр ын нæ уыдысты йæ кæстæр чызг Райæ æмæ йæ сиахс. Фæлæ «хорз амондæн аххуыс нæу»,— зæгъы ирон æмби- сонд. Æмæ ацы æмбисонд раст кæй у — уымæн Аслæмырзæйы цард у хорз æвдисæн. Фæлæ-иу Аслæмырзæ йæхи амондджын дæр хуыдта: 14 Бокоты Солтан 209
— Æз-иу фыдæлтæй хъуыстон, лæг æмæ, дам, бæхæн сæ адзал кæм æрцæудзæн æмæ сæ мард кæм баззайдзæн, уый ничи зоны. Æмæ дардбæсты стыр тухитæ æмæ хъизæмæрттæ кæнгæйы уыцы æмбисонд мæ зæрдæйæ нæ цух кодта. Нал уыдтæн æз мæ ирон зæххыл сæмбæлын æнхъæл. Фæлæ Хуыцауы руаджы, Уастырджийы руаджы ныртæккæ дæн мæ райгуырæн хæдзары æмæ мын ам амæ- лын зын нæу. Гъе, уый тыххæй мæхи амондджын адæймаг дæр хонын. Ам, нæхимæ, мæ мард æгад нæ уыдзæнис. Аслæмырзæ æваст, æнæнхъæлæджы кæй амард, уый мæнæн тынг хъыг уыдис. Æз ма æнхъæл уыдтæн уымæй ног хабæрттæ фе- хъусынмæ, фæлæ сæ уый йемæ мæрдтæм ахаста. Аслæмырзæ уыдис æнæхъæн лæг. Æмæ лæгæй лæг зæгъын хъæуы! 210
л. мдзæвгæтæ, кадæг
ИРЫСТОНЫ ХЪÆБУЛ Хъулаты Хъуыбадыйы руаджы ирон фæсивæдæй, 1926 æмæ 27-æм азты чи райгуырд, уыдоны Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ нал акодтой Уæддæр цытæ нæ бавзæрстай, Ирыстон, Дæуæн уыд рагæй хицæуттæ дзæвгар. Мæскуыйæ сæ дæу æвастæй æрвыстой, Сæ алкæцы дæр махæн уыд æлдар. Æцæг зæгьдзынæн, о Хуыцау, нæ сайын: Уыдис иронау улæфын дæр зын, Иронау нын нæ уагътой мард æфснайын, Иронау нын нæ уагьтой чындз хæссын. Тъыстой сæхи нæ царды алкæд алкæм, Хъуыддаг сæ уыд, кæнæ та сæ нæ уыд. Сæ «разамындæй» уæд хъæрзыдтой адæм, Фæлæ ысдзурæн, фезмæлæн нæ уыд... Тæссаг ыссис цæрынæн Иры бæстæ, Фыдбылзтæй нæ зæрдæ — алкæд цъæх. Цъæх худджынтæ лæууыдысты нæ фæстæ Æмæ цу, марадз, исты ныхас зæгь! Сæ арт ныр абон уыдонæн æрмынæг, Мынæг кæнынц сæ кад æмæ сæ цыт. Нæ кувæндæттæй кодтой-иу хынджылæг, Æмæ сыл зæдты карз æлгъыст æрцыд! Фæлæ у хорзæй иу хицау нымады,— Дзæнæты бадæд æмæ рухсаг уæд! Джетæгъæзы фырт Хъулаты Хъуыбады, Ныууагьтай ды нæ зæрдæты дæ фæд... 212
Нæ кодтай æлгъ ды не ’взагыл кæйдæртау, Дæумæ кæйдæртау ничи ’рхæсдзæн фау. Дæуæй рæсугьддæр чи дзырдта иронау? Дæуæй бæстондæр чи зыдта æгьдау? Ды Уастырджийау фесгуыхтæ, Хъуыбады, Мæхæдæг дын æвдисæн æз лæууын! Сæ хъæбултыл ирæттæй мин-мин мады Хæкъуырццæгæй нæ бауагьтай кæуын! Дæ размæ абон къул кæнæм нæ сæртæ, Зæгьæм дын: — Бузныг! Курæм дæ хатыр! Ды бахызтай нæ кадавар фæлтæртæ, Æндæр, цымæ, куыд уаиккам мах ныр? Зылын ыстæм, Хъуыбады, ныр дæ разы, Мах не стыр хæс нæ бафыстам нырма... Цæмæн æргъæвæм хъуыддаг азæй-азмæ? Цæмæн ыстæм æнæуæздан, къуырма?! Куырыхон лæг бæрзонд Куырттаты комæй, Ды абон дæ нæ адæмæн сæ фырт! Æз дын зæгьын Иры дзыллæты номæй: Ирыстон дын ныссадздзæн аккаг цырт! 213
ЭПИГРАММÆТÆ 1. ИУ ЧИНЫДЖЫ ХЪАРÆГ Мæ хъысмæт мæн æфтауы абон дисы: Фынддæс азы ам тæрхæгыл лæууын, Кæсынмæ мæн йæ къухмæ иу нæ исы, Мæхиуыл нæ, мæ авторыл кæуын! Мæнæй чи хъазы, уый йæхицæй хъазæд! Кæй аххосæй æз афтæ æгад дæн? Фæсмон фæкæнæд уый, мæрдты дзыназæд — Мæн чи сфæлдыста, чи ныффыста мæн! 2. ПОЭТÆН Тыхамæлттæй дæ чиныг каст фæдæн, Хид суадонау мæ цæсгомыл ызгьордта. Поэт! Зæгъ-ма: цæмæн фыссыс, цæмæн Æмдзæвгæты ’фсон ребустæ, кроссвордтæ? * * * Гæды зæгьæд, фыдæлты загьдау, де знаг, Æмæ зæгъын æргом, æцæгæй, абон: У арвистон дæ æмдзæвгæтæн се ’взаг, Куыд уа тæрккъæвда рагуалдзæджы лакъон... * * * Кæныс фæдисхъæр: «Критикæ нæм нал ис, Кæрæдзийæ зæрдæхудтæй тæрсæм!» Фæлæ дын, багъæц, мах дæхи фæрсæм: — Дæхимæ критикой статьятæ цал ис? 214
* * * Поэт, дæ сæрæй макуы кæнæд хицæн Фыдæлты ’мбисонд: зонд-хъуыды фæлтæрæн. Ды сир кæнын куы нæ зонай дæхицæн, Уæд ма амон дзыкка кæнын æндæрæн! * * * Хатийаг æвзаг бауарзтай дæ мадау, Дæуæн дæ фаг нæ ирон æвзаг нæу! Дæ хъуыдытæй сыгъдæгæй зайæм авгау: Кæсæм дæ, фæлæ не ’мбарæм мах дæу! * * * Æппынфæстаг ныхъхъæр кæндзыстæм: «Ерры!» Кæнæ нæ Ирыл айхъуысдзæн: «Фæдис!» Цæмæн кæныс ирон æвзаг æмтъеры? Дæ фыстытæй ныл бахæцыд сæрниз! * * * Æз дис кæнын æхсæв дæр æмæ бон дæр: Хатийаг дзырдтæ уый бæрц та кæм арыс? Кæнæ мæнæн мæ зонд фæцыд бынтондæр, Кæнæ та ды ирон æвзагæй хъазыс! * * * Поэт! Дæхи дæр, мах дæр хурхæй марыс, Ыскодтай нæ дæ фыстытæй нæ хъуырмæ. Æхсæвæй-бонæй ды дæхи лæмарыс, Поэзийы ’фсон махæн дарыс хъылма. * * * Ссис уæларвы дауджытæн æмбал, Бынмæ ныл ихау йе ’мдзæвгæтæ згъалы, Сæ дзырдты ’рттывд бæргæ цæхæртæ калы, Фæлæ сæ аппæн нал и ’мбарæн, нал. 215
ИРОН ÆВЗАГ Ныууагьтой нын нæ фыдæлтæ сæ фæстæ Ирон æвзаг — нæ ныфс, нæ кад, нæ намыс. Цæуы æнустæй, мингай азтæй рæстæг, Уæддæр зæронд нæ дæ æмæ нæ хъавыс! Дæуыл дзырдтой скифтæ ’мæ сæрмæттæ, Сæ ирон куывд алантæн хъуысти дардьгл. Дæ фæрцы нартæн уыд цыбыр сæ хæтæн,— Ирон ныхас сæ стæрты тавта артау.
ÆРГОМ НЫХАС Дохтыр Заремæйæн Нæ бонтæ ’нкъардæй уæд æрвыстам. Уыдыстæм низахæсты мах. Æнæбанцайгæйæ рыстысты Кæмæн йæ къух, кæмæн йæ къах. Æз-иу куы бадтæн хатгай демæ, Куы кодтам алцæуыл ныхас. Мæ низ-иу айрох уæд, Заремæ,- Мæнæн уый цас æххуыс уыд, цас! Цы ис хуыздæр, зæгь-ма дунейыл — Куы ’рцæуы, ’хсæвы фæстæ бон! Хуыцаумæ кувдзынæн, Заремæ, Цæмæй дæ арæхдæр уынон. Мæнæн зын у дæуимæ дзурын: Кæстæр дæ ды мæнæй дзæвгар... Хуыцауæй курæгау дæ курын — Кæд сонт ныхас — уæд мын ныббар! 27 октябрь 1983 аз 217
КОЛЛЕКТИВУ ТЕРАПЕВТИЧЕСКОЙ БОЛЬНИЦЫ г. Орджоникидзе (травматологическое отделение) Больного вы встречаете как брата, И на душе от этого легко. Всегда верны вы клятве Гиппократа И мудрым завещаниям его. Везде уют здесь, чистота, порядок,- Поверьте мне: я от души пишу. И борщ у вас так вкусен и так сладок, Что часто сам «добавку» я прошу! Раздал бы всем вам чудные подарки, (Мне ненавистна и противна лесть!) И от врача до старой санитарки Я спел бы песню громко в вашу честь! Везде забота здесь - и это зримо - О нас, больных,— бегут болезни прочь! И я горжусь: вас возглавляет Римма — Моя землячка, Кадгарона дочь! Мне было трудно, но опять здоров я — На свете счастья большего и нет. Желаю всем вам крепкого здоровья И счастья в жизни много, много лет! 25 января 1983 год <§@©§*
ХУЫЦАУМÆ КУЫРДИАТ Э л е г и Фæрыстис зæрдæ сагьæс æмæ мастæй, О не сфæлдисæг, Стыр Хуыцау, нæ дарæг, Цы ныл æрцыд? Куывдæй æмæ чындзхастæй Нæ хъуысы абон Уастырджийы зарæг... О Уастырджи! Уæларвон кадджын барæг, Фæцу Хуыцаумæ, ракур нын дзы хатыр! Куывдæй кæддæрау нал хъуысы нæ кадæг — Бабайы хъисын фæндыр къулыл бамыр... Æрвитæм мах нæ чындзæхсæв ныр рогæй, Гуыбын ыссис йæ сæйрагдæр нæ цардæн. Кæдцæрау ныр зæрондæй æмæ ногæй Нæ симæм хъазты циндзинады кадæн. Иры дзыллæ! Нæ сæрмæ уый кæд хастам: Кæрæдзийæ зæрдæхудтæй нæ тæрсæм, Нæ мæрдтæн дæр сæ сабат бон мах байстам — Кæнæм уæд куывд, чындзытæ дæр уæд хæссæм... Хæрд æмæ нозтыл бафтыдта мах хæйрæг, Цы ма кæнæм, цы, кафтæй æмæ зардæй?! Стæм аххосджын æрмæстдæр ам нæхæдæг: Æгьдау, æфсарм æппарæм мах нæ цардæй... Кæд лæууыд хистæр кæстæрæн йæ цуры? Кæд хъуыстой сых сæ ног чындзæн йæ хъæрмæ? Кæйдæр æвзагыл фыд йæ цотмæ дзуры, Йæхи æвзаг уый нал хæссы йæ сæрмæ... Бæллы æфсымæр хомæ - хойы мысы, У хо дæр иунæг — уымæн нæй æфсымæр... Ироны кæртæй абон ныр нæ хъуысы Кæдцæрау бирæ сабитæн сæ уынæр... Нæ тыхстытæ фыдгæнджытæм нæ хъарынц, Кæнынц æххæст æнæфсармæй сæ фæндтæ. Нæ фыдæлты рухс кувæндæттæ халынц, Æмæ ныл хъоды бакæндзысты зæдтæ... 219
Кæм ис нæ Реком? Знаджы къухæй басыгьд, Фыдгæндыл та ма чи дæтты дзуапп абон? Кæдæмдæр дард нæ Хуыцауы хай алыгъд — Æвæццæгæн нын ахаста нæ амонд... Тæтæртуппæн дæр афæлдæхт йæ мæсыг — Нæ бæлццæттæн сæ ныфс, сæ зæрдæдарæн. Рæсугъд Дзылат ыл калы ныр йæ цæссыг, Кæддæрау нал ис зæдтæн ам сæ бадæн. Куы фæзынид æваст Къоста нæ разы Куы фенид мах цард абон уый йæ цæстæй, Нæ уаид уæд йæ фæстагæттæй разы, Æмæ фæстæмæ амæлид фырмæстæй... О, ме ’мбæстаг! Хатыр мын бакæн — курын! Кæд дын мæ ныхас æз фæкодтон дардыл, Æргомæй дын æз комкоммæ кæй дзурын Æбуалгь, æвирхъау хабæрттыл нæ царды. О не сфæлдисæг! Бахиз нæ ызнагæй, Цæстуарзонæй нæ Ирæн бакæн ахъаз! Ды раздах мах сæрсæфæны фæндагæй Фæстæмæ ’мæ нæ раст фæндагыл сараз! 19.09.96 год даз> 220
СЫРДОНЫ ЧЫНДЗ Уырызмæг Нартæн се ’хсæн бады, Йæ быны — тинтычъийæ баз. Æфсарм, æгъдауыл æмæ кадыл Кæны йæ кæстæртæн ныхас: — Цыдæр мæ рæзты иубон ауад, Йæ дарæс диссаджы цыбыр... Йæ сæрыл хосы мæкъуыл амад, Уыд гом йæ ронбастмæ йæ гуыр. Мæ пылыстæг лæдзæгæй даргъдæр Тамако та йæ дзыхæй зынд. Фæтæрсдзæнис йæ ныхтæй арс дæр, Бынтон æнахъинон йæ уынд... Йæ цæсгом ахуырст хъулон-мулон, Æппын дзы ницуал уыд бæрæг... Фæхуыдтон æй фыццаг дæлимон, Фæстагмæ мæм факастис лæг... Æдзынæг æм лыстæг ныккастæн, Йæ уындæй бацыдис мæн тас... Æз уымæй афтæ тынг фæтарстæн - Тыххæй ма баззадтæн æгас! Кæмдæр дзы анызта сыкъайæ, Йæ цыдыл дæр уыдис бæрæг. Йæ кæнæгæн дæр нозт нæ тайы - Фыдæлты ныхас у æцæг! Уый разындис — куыд нæ у диссаг! — Нæхи, мæгуыр, Сырдоны чындз. Сырдонæн ныр йæ зæрдæ риссы - Чындзы æфсон архаста сындз... 221
Сæ кæрты, дам, знон фæцæйцыд Лæджы хæлафы æмæ ’васт Йæ къахыл ын сæ куыдз фæхæцыд — Сæ куыдз дзы афтæ тынг фæтарст... — Кæм ысхъомыл? Цы ран? Цы бæсты? — Дис кодта айфыццаг Сырдон. Нæ, дам, уæндæм цæуын йæ рæзты, Мæлæг удæн нæ ратдзæн дон. Хæдзары хистæртæм нæ хъусы, Нæ уадзы уыдон мастæй цух. Кæны йын уæнгæлад та кусын,— Нæ тулы уазал доны къух. Æз ахæмты æнаккаг хонын, Йæ цæсгом чи суагъта бынтон, Тæригъæд кæнын æз Сырдонæн — Цæй мæгуыр дæ, уæдæ, Сырдон! 10.02.92 год 222
РАЗГОВОР С ВЕТЕРАНАМИ-АФГАНЦАМИ Не Родина послала вас в Афган,— Ведь, вы не шли туда на вечер танцев... Какой же был бессовестный обман - Спасать афганцев от... самих афганцев... Вам был приказ — стрелять и убивать, И наводить в чужой стране порядки. В конце концов пришлось нам удирать, Нам, всей стране, с позором без оглядки... За что сражались там и за кого? И от кого афганцев защищали? Так далеко от дома своего Зачем? За что, вы, парни, умирали? Зачем же наши матери с тех пор По ненаглядным сыновьям рыдают? Зачем нам нужен был такой позор — Нас и сегодня за Афган ругают... Я сам — калека, тоже воевал, Нас в бой с фашизмом Родина послала! Но мне вас жаль, ребята, очень жаль — За что же ваша молодость пропала... Как раз, когда вам так хотелось жить, И время вашей зрелости настало, Чужую кровь заставили вас лить, Да и своей там пролито немало... Сегодня правду хочет знать народ: По чьей вине вы стали все калеки? Теперь мы знаем: четверо господ В Кремле вам жизнь испортили навеки! 223
Теперь кошмары снятся вам во сне, И часто ночью ноют ваши раны... Дай Бог, чтоб в жизни больше о войне Вы не слыхали, наши ветераны!!! 14.02.1994 год Стихотворение написано специально для торжественного вечера, посвященного 5-летию вывода наших войск с территории Афганистана, в Ардонском районном Дворце культуры 18 февраля 1994 года. Четверо господ: 1. Л.И. Брежнев - тогдашний Генеральный секретарь ЦК КПСС. 2. Ю.В. Андропов — тогдашний Председатель комитета Госбезопасности. 3. А.А. Громыко - тогдашний Министр иностранных дел. 4. Дм. Устинов — тогдашний Министр обороны. Вопрос о вторжении наших войск в Афганистан был принят на совещании этих четырех тогдашних руководителей страны. 224
5 X )Х о СП о О- О СС < О |_ о. с и О) о о щ
N О и о 2 О 1_0 5 а; и
ь.! О К О ' ^’ ЕС о о ы. о I О а. о 1_ сг О Оч сц Ю 3 О и X О X ^ X 1- и о т > < $ со О О с: >^ СЕ .. < а: зов X |_ ф ьа |_а < СП Ф О ^ о и «. X 1_! ой а> о X X Хут г |_ и ей Ф О ^ О ьа о со О О. С о X о СО ф с и^
9 мая. Односельчане Бокоева С.Г. генералы Огоев С.Н. и Огоев У.С. Ансамбль ветеранов с. Кадгарон. 1989 г. (слева направо: Чехоева Р., Назарова И., Бокоев С, Биджелова П., Гугкаева Б., Мецаев М.)
и си о о ш с; Ф н X ее О О со О с; О О о х О О. о |_ СГ О о х О о. О) с; О и х <
Бокоев С. Г., 9 мая 2002 г. Сел. Кадгарон
9 мая 1995 г. 50-летие Дня Победы (слева направо: Бокоев С, Хубаева В., Заоев А., Мецаев М.)
X О О- О |_ СГ О ^ с! 0) и со О СП X ^ X X О X >ч X 35 X О О. О у- Ф СО СЗ О |_ 1_* и ей а; о ^ о 1X1 ь- X =1 X и О ш Ш >х х 1- Ф а. ^ о о о
ФЫДЛÆДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС Адзал дæу абон ингæнмæ æрхаста, Æмæ цы зæгъæм мах дæу тыххæй ныр? Хуыцау дæуæн æгæр бирæ фæбарста, Фæкодта дын æгæр бирæ хатыр. Пайда нæ хастай адæмæн дæ куыстæй, Уыдис æдзухдæр фисынмæ дæ зонд. Зæххыл фæцардтæ сау зæрдæ æлгъыстæй, Зындоны у дæуæн дæ бынат конд. Дæ фыдзæрдæйæ алкæй дæр хъыгдардтай,- Æфсымæр уа, хъæуккаг уа, йе æрвад. Ды хорз фæндиаг иумæ дæр нæ дардтай, Æмæ дын нæй дæ адзалы бон кад. Лæджы зыныл дæ зæрдæ никуы барызт, Дæхи ыскодтай адæмæн ызнаг. Дæ къæсæрыл бæрæгбон лæг нæ бахызт, Нæ дæ федта йæ хæдзары сыхаг. Ныр дыл зæрдæйæ иу лæг дæр нæ кæуы, Цæмæн фæцардтæ абонмæ дæр ды? Цы байтыдтай цæрæнбонты уæлæуыл, Гъе уыдон ныр æркæрддзынæ мæрдты! Æнæ хъаугьа, æнæ загъдæй нæ зыдтай, Нæ кодтай, нæ, дæ хуыссæны фынæй. Дæ бинонты дæ хæдзарæй фæсырдтай, Æмæ дзы иу дæ цуры абон нæй. Ды хицæуттæм ныхæстæ махьгл хастай, Нæ ныл ауæрстай ’мæ нæ кодтай уæй. Фæцъæх ысты нæ зæрдæтæ дæ мастæй, Æмæ, гъе, ныр фæцух ыстæм дæуæй. 15 Бокоты Солтан
Кæронмæ мах дæ диссæгтæ куыд дзурæм! - Нæй уыдонæн, æвæццæгæн, кæрон. Мæрдты Барастыр, не ’ппæт дæр дæ курæм: Ыскæн ын ды тæккæ карздæр тæрхон! 226
БИБОЙЫ МАСТ Памфлет Зæронд Бибо та бады дурыл. Бæрæг у, бацыдис дзы маст. Æрбадын кодта мах йæ цуры Æмæ нын ракодта йæ хъаст: — Уыдис нæм незамантæй, рагæй Нæ фыдæлты рæсугьд æгьдау — Нæ кодтам хионæй, ызнагæй Нæ къæбæр иуæн дæр æвгьау. Чындзхаст у хорздзинад нæ царды, Чызгæрвыст дæр дæлдæр лæуд нæу. Сæ кой дæр уымæн хъуысы дардыл, Æмбырд дæр уымæн вæййы хъæу — Бæллынц куывдмæ дæр алкæд адæм,- Куывдæй нæ мæгуыр кæны лæг. Æрцæуынц уарзон адæм ардæм. Кæнынц лæгæн йæ цин бæрæг. Кæддæр бæрзонд хастам нæ сæртæ: Ирон фынгæй уыдыстæм хъал, Фæлæ дзы иу лæгæй мæ зæрдæ Мæнæн ныр нал рухс кæны, нал. Цæсгом æй дзурын дæр нæ хъæцы, Куыд уа лæгæн йæ бадт хæлар? Ирон йæ цæхх æмæ йæ кæрдзын Ныр фынгыл нал дæтты лæвар. Чындзæхсæв абон ис Ладемæ, Йæ цинмæ агуры мæн дæр. Фæлæ, дам, туман рахæсс демæ,— Фылдæр куы уа, уæд та — хуыздæр. Чызг дæр æрвитынц хъæуы иу ран, Гъе, уырдыгæй дæр мæм — хабар. Æцæг, дам, демæ рахæсс туман,— Нæй, нал ис иу фынг дæр лæвар! 227
Хъасболмæ та стыр куывд абон, Фæлæ ма куывд кæм у куывдау? Хъæудзæнис уым дæр фидын «хъалон» - Ныр ахæм рацыдис æгьдау! Сæ «писыр» фысымтæн дæ цуры Мæгуыргурау æрлæууы ’нцад. Æнæфсарм алкæмæн дæр дзуры: Дæ мысайнаг уал раздæр ратт. Мæстыйæ уыдонмæ фæкæсын, Æмæ фæзæгьын: гье, уæууæй! Цæрæнбонты дæ цæхх, дæ кæрдзын Кæд кодтай кæд, ирон лæг, уæй?! ©да 228
РÆДИГÆ - НАЛ! Фыстæг мæ хъæубæстæм «Кæрцæй хæдон хæстæгдæр у!» - ирон æмбисонд. «Своя рубашка ближе к телу.» — уырыссаг æмбисонд. Мæ хъæубæстæ! Уæ бон мын хорз! Уæхи фæндиаг та уе ’хсæв! Мах не стæм уемæ зулдзых кæнæ хыл. Æууæндын уыл, цæрын æз уымæн уе ’хсæн, Сымах дæр абон баууæндут мæныл! Мæ цин, мæ хъыг сымахимæ æрвитын, Æмæ уæ дæн кæдцæриддæр рæвдыд. Гъе, уымæн уæм цæстуарзонæй æз сидын, Цæмæй уыл дарддæр ма цæуа рæдыд. Сымах та хатгай мæн æфтаут дисы, Зæгъут æргом, фæрсын уæ абон æз: Æцæгæлæттæй махыл иу нæ риссы, Уæд сыл æдзух цæмæн кæнам хъæлæс? Мах аргъ кæнын нæхионæн нæ зонæм, Æцæгæлон куы фæзыны, гъе уæд Цæмæндæр уый уæларвон лæг ысхонæм, - Цыма уæларвæй махмæ ’рхауы зæд... Нæ сомбоныл нæ хъуыды кæнæм — дардыл, Цæмæн фæдарæм алкæуыл нæ къух? Нæ зонæм хицау равзарын нæ цардæн, Æмæ та сайды баззайæм æдзух... Ис ахæм лæг! Йæ зæрдæ махыл риссы, Нæ йын баззадис давын та фыдæй, Нæ сахуыр уый куысты гæртæмттæ исын Æмæ йæм махау бирæ æхца нæй... 229
Цæуы мæ ныхас Мецъаты Эдуардыл — Нæ хъæуккагыл, ныфсы хъæздгуытæй нæу! Кæд ма æууæнк ис адæймагыл царды, Уæд уарзы мадау, Хъæдгæрон, уый дæу! Мæнгарддзинадæй амонд нæй ыссарæн, Эдуардæн радта уый бæсты Хуыцау Цæстуарзонæй цæрæнбонты лæварæн Æфсарм, сæры зонд, ныфс æмæ æгьдау! Мæ зынаргь хъæу! Æрсагьæс кæн дæхиуыл, Дæхицæн базон аргъ кæнын ды дæр. Æцæгæлæтты мауал хæсс дæ риуыл — Æддагонæй дæхи фырт у хуыздæр! Рæдигæ-нал! Хъуыды хъæуы мах дардыл, Ыскæнæм, цæй, нæ рæдыдтæн кæрон! Хъæлæс кæнæм нæхи лæппу Эдуардыл! - Кæрцæй лæгмæ хæстæгдæр у хæдон! Мæ зынаргь æмхъæуккæгтæ! Ацы рæнхъытæ бæлвырд бакæсут, стæй-иу уый фæстæ уынаффæ рахæсс>т! 11.11.1997 аз 230
ВЕСЬ МИР ПОТРЯСШИЕ ГОДА Пришла беда для нас всех вместе, Для городов и деревень. Настал июньский, тот воскресный, Войны кровавой первый день. И грозно по стране раздался Тревоги клич, набата звон,— Народ за Родину поднялся, На смертный бой поднялся он. В огне боев, в дыму сражений Враг ненавистный был разбит. Мы для грядущих поколений Завоевали право жить. Мы шли сквозь смерть, сквозь слезы, беды, Мы шли сквозь тяжкий, адский труд! О, долгожданный День Победы, Как до тебя был труден путь! Но в вечной памяти народа Нет, не померкнут никогда Четыре долгих,' трудных года - Весь мир потрясшие года! 231
ÆРЫДОЙНАГ ДОХТЫРТÆ «Æвæдза, рагæй-æрæгмæ Æрыдон стыр лæггад бакодта нæ Ирæн йæ дохтыртæй. Уый бæрц хорз дохтыртæ Ирыстоны иу хъæуæй дæр нæ рацыд». Æргом ныхас, дам, аипп нæу,— Дзырдæн уый баззадис фыдæлтæй. Нæ Ир, Æрыдон, уарзы дæу, - Ды махæн цал дохтыры радтай!.. * * * Йæ ном ныр дæр нæма у рох Æмæ йæ ’нустæм хъуамæ зонат! Куыд кодта сау низтимæ тох Кæддæр Тæбæхсæуты Хъасболат! Уый сусæг нæу — уый у æргом: Лæгæн æцæг дохтыр цард радты. Ирыстоны цæрдзæн сæ ном Агуыбе ’мæ Галкайæн Тлатты! * * * Рынчынæн кодта рог йæ зын, Куысты йын никуы уыд фæллайæн. Æмбæлы алкæд дæр зæгьын Йæ рухс ном Дзугаты Къолайæн! * * * Хъаруйы, зонды руаджы сдæ Нæ номдзыд ахуыргæндтæн се ’мсæр, Дæуæй сæрыстыр мах ыстæм, Валодя Реуазты — профессор!
* * * Лæгыл куы стыхджын вæййы низ, Йæ цардæй дæр, гъе уæд ыстыхсы. Мæрдтæй ыздахæг лæг уыдис Уæ дохтыр Дзитойты Алыксы! * * * Ныууагьта царды хорзæй фæд. Ирыстонæн йæ алы къуымты - Нæ сылгоймæгтæн уыд сæ зæд Фыдæй фыртмæ Гиуа Уырымты! Бæрзонд йæ дохтыры ном хаста, Мæрдтæм дæр ма йын абон кад и,— Адзалы ныхтæй цалы байста Цæхæрцæст Зембатгы Аркади! * * * Лæгæн куы нал куса йæ уырг — Йæ цард ма уæд вæййы рæстæгмæ... Хаджумар Дзеранты — хирург, Ыздæхта уый мæрдтæй фæстæмæ... * * * Йæ ном цæры æмæ цæрдзæн Нæ Иры тынг бирæ заманты, Сæ зæрдыл дзыллæтæн лæудзæн Æмзор Хатуйы фырт Хоранты! * * * Лæджы цард ирвæзын кæнгæйæ, Адзалæн уый мадзал ыссары... Фæзæгъынц «стыр бузныг» зæрдæйæ Рынчынтæ Реуазты Æхсарæн! 233
* * * Мæлæтæй цал раздæхта, цал! — Æвæццæгæн, сын нæй нымайæн... Цæуылнæ уа йæхицæй хъал Цæлыккатæн сæ дохтыр Майæ?! * * * Йæ цард у карз низтимæ тох, Йæ уд рынчынты цардыл хъары, Æмæ нæ кæнынц уыдон рох Мерденты дохтыры — Æхсары. * * * Æнæниз сабийæн аргъ нæй, Кæрон кæм ис кæм мады цинæн! Фæрнæй фæцæрай, о, фæрнæй Сæ дохтыр, Хадыхъаты Нинæ! * * * Рынчын куы сдзæбæх вæййы, уæд Йæ дунейы рухс ногæй фены. Æмæ йыл арфæтæ цæуæд — Уæ хъæуккаг Касаты Черменыл! * * * Цы лæппутæ нæ астæу нал и, Цæй æвгьау уыдысты мæлынæн! Хаджумар, Георги, Аркади,' Валентин Дзитойты — мæ лымæн... * * * Сæ кой кæмæн не скодтон ам — Æрыгæттæ, сымахмæ дзурын: Табуафси! Ма фæут хæрам — Хуыцауæй курæгау уæ курын... 234
* * * Лæг сæ кæд фæуыдзæн нымад Дæ дохтырты нæмттæ, Æрыдон?! Æскодтой дын æнусмæ кад Нæ Иры дзыллæты ’хсæн уыдон! * * * Æрцыдис, фæсивæд, уæ рад, Мæрдтæй рынчыны зонут здахын! Уæ хорзы кой уæд хъуысдзæн дард, Æрыгон дохтыртæ сымахæн! ©да 235
ÆМБАЛЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС (Гаппуаты Хъасболатæн) Фылдæр дын цард Хуыцау нæ радта, Цæуыс мæрдтæм — цы ис гæнæн? Уæлæуыл кадцжынæй фæцардтæ, Мæрдтæм дæр кад уыдзæн дæуæн! Кæнынц хъыг дзыллæтæ сæ фыртыл, Кæуынц зæрдæбынæй æргом. Нæ Ир ныффысдзæнис дæ цыртыл Сыгъзæрин дамгьæтæй дæ ном! Фæцардтæ нын ныфсæй, мæсыгæй, Кæмæн — лымæн, кæмæн — æмгар. Ныр абон цас хæссыс цæссыгæй, Мæрдты дын уыдон уæнт хæлар! Дæ цард нæ арвыстай ды рогæй, Уæлæуыл баззадис дæ фæд. Кæд ратдзæн Нартыхъæу ныр ногæй Дыккаг Хъасболат махæн, кæд? 11.11.1991 аз 236
ИРЫСТОНÆН Цæуынц æнустæ. Дугтæ ’мæ замантæ Кæрæдзи ивынц - уромæн сын нæй. Нæ рагон Ир — сæ байзæддаг Алантæн, Дæ райсом хорз! Фæрнæй нын цæр, фæрнæй! Зæххон дзæнæт дæ урс хæхтæ, дæ хъæдтæ, Дæ быдыртæ, дæ алæмæты æрдз. Рæстмæ-иу уæнт дæ хъуыддæгтæ, дæ фæндтæ, Мах уарзæм дæу ныййарæг мады бæрц! Дунейы фарн дæ бахизæд ызнагæй, Цъæх у дæ зæрдæ тугкалæн хæстæй, Цæрыс, Ирыстон, адæмты ’хсæн рагæй Сабыр, хæларæй, уарзонæй, рæстæй. Фыдæй-фыртмæ рæстдзинадыл фæкуыстай, Гъе, уымæн дардыл айхъуыстис дæ кой. Дæ тырысайыл хи къухæй ныффыстай: Сабырдзинад, хæлардзинад, фæллой. Кæрдзындæттон фыдæлтæй баззад Ирæн, Дæ уазæгдон нæ кодта никæд цух, Сыхæгтæм никуы кодтай ды æртхъирæн, Нæ систай никуы раст лæгмæ дæ къух. Ныууагътой дын дæ рагфыдæлтæ Нартæ Уæздандзинад, хъару æмæ æгьдау. Куы-иу хъуыд тох дæ цард æмæ дæ бартыл, Лæгдзинад уæд нæ агуырдтай æфстау. Фæдисы хъæр та ацы бонты айхъуыст: Фæнды кæйдæр фæфос кæнын дæуæй. Дæ фарн нырма, нæ Ирыстон, нæ байсыст, Дæ амонд дæр нæма акодтай уæй... 237
Нæртон хъару дæ фæсивæд æвдисы Кæм хъæуы уым: куысты æмæ хæсты, Фæстейы никуы баззадис фæдисы, Йæ Иры никуы бафтыдта цæсты. У бæстæ фаг æппæтæн дæр цæрынæн, Сабыр цæрын у алкæмæн йæ бон. Лымæн кæй хъæуа — уымæн Ир йæ лымæн, Ызнаг кæй хъæуа — уый хардз та фæсмон! Нæ рагон Ир! Дæ æгьдæуттыл, дæ уагыл Уыдзыстæм алкæд иузæрдион мах! Рæствæндаг у дæ фидæны фæндагыл, Кæнæд ыл фидар къахдзæфтæ дæ къах! 238
УСГУРЫ КУЫРДИАТ Гагкукк! Уæ хойы мын радтут! Курын уæ æз иу лæвар — Фервитын уæм минæвар. Горæтмæ йæ кæндзынæн, Уый уарзгæйæ цæрдзынæн. Ласдзынæн æй къареты, Дардзынæн æй къаффетæй,— Хъæдхой тулдзы ныххойы,- Радтут мын, цæй, уæ хойы! 239
ФÆДИС ХЕТÆДЖЫ КЪОХÆЙ Хетæджы къох ирон адæмæн у сæ хæзнаты хæзнадæртæй иу. Нæ фыдæлтæ йæ хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау: мах фæлтæрмæ æрхæццæ аив æмæ рæсугъдæй. Ныртæккæ хъуыддаг афтæ нал у. Нæ фæсивæдæй иутæ ацы алæмæты кувæндонæй сарæзтой æрвылбоны нуазæндон æмæ хæрæндон. Къох тæрынц æдзæллагмæ, чъизи йæ кæнынц, тæрынц сæ машинæтæ мидæмæ, ссæндынц, сæттынц бæлæстæ æмæ зайæгойтæ. Ахæм уавæры Хетæджы къох бирее фаг не суыдзæн. Афон у алы иронæн дæр ахъуыды Хетæджы къохы хъысмæтыл. Бафæзмæм нæ фыдæлты æмæ бахъахъхъæнæм Хетæджы къох нæхицæн æмæ нæ кæстæр фæлтæрæн дæр! Автор Нæ рацыд зæй бæрзонд Хъæриуы хохæй, Нæ сыстад уад, нæ нæры арв хъæрæй — Уый Хетæджы рухс кувæндоны къохæй Цæуы фæдис-хъæр. Байхъусут сæрæй: — Иры дзыллæ! Æз Хетæг дæн — сымах зæд, Фыдæй фыртмæ мæ номæй хордтат ард. Уыдтæн кæддæр цæсты гагуыйау хъахъхъæд, Ныр абон та — æфхæрд æмæ хъыгдард. Цæрæнбонты мæнмæ цыдыстут ардæм,— Æз Ирыл дардтон алкæд дæр мæ арм. Уæ зæрдæты æвзæрын кодтон, адæм, Æз уарзондзинад, ныфс æмæ æфсарм. Мæ рагон бонтæ ауайынц мæ цæстыл, Мæнæн æнусты никуы уыд ызнаг. Ныр арт æндзарынц ме ’нусон бæлæстыл, Ныр кувæндонæй аразынц æлгъаг... Лæууын ам рагон дунетæй æдасæй, Нæ зыдта — никуы — цалхы фæд мæ зæхх. Ам къалиу никуы рачынди бæласæй, Мæ бынмæ никуы ничи тардта бæх. 240
Сæ заманы монголтæ ’мæ фашисттæ Æппæт дæр кодтой м ’алыварс дæрæн, Мæ быны та нæ алыг кодтой уис дæр. Уæд иу мисхал нæ бахъыгдардтой мæн. Ныр абон та? Нæ дæн æз разы иутæй, Кæндзæн мæ фыдæх уыдонæн сæ хай! КамАЗæй, МАЗтæй, ЗИЛтæй, ЖИГУЛИтæй Кæньгнц мæ риуыл ам æрвылбон най... Сæдæтæй ардæм скъæрынц æмæ нуазынц, Мæныл ныууадзынц чъизийæ сæ фæд... Ирыстоны рухс кувæндонæй хъазынц, Кæрон кæд уыдзæн ацы митæн, кæд? Кæнынц мæ бонæй-бон тынгдæр гæныстон. Кæд æрцæудзæн хъæддаг митæн кæрон? Куыд фидаудзæн æнæ Хетæг Ирыстон? Куыд цæрдзæнис æнæ Хетæг ирон? Нæ уыд дунетыл аивдæр мæ фæзæй, Ныр дæн æрвылбон машинæты бын... Мæ риу ныггæмæх бирæ ран сæ уæзæй — Кæнынц мæ ’ргомæй иуæй-иутæ бын! Уыдис_Къоста дæр Хетæгæй сæрыстыр, Уый уарзта бирæ ацы номдзыд къох. Ирыстонæн сæ хорз лæгтæ кæм ысты? Цæмæн дæн афтæ уыдонæй та рох? Ирыстоны домбай нæртон фæсивæд, Хуыздæр арфæ уын чи кæны мæнæй? Æрвылбон уæд цæмæн кæнут ам ривæд? Æндæр бынат фынгыл бадынæн нæй?! Мæ масты хъæр фæдисау дымгæ скъæфы, Кæны мæ уавæр бонæй-бон фыддæр... Мæ кувæг адæм! Ракæсут, куыд сæфын Æрджынарæджы Дзылатау æз дæр... Цы ’рцæуы уымæн нал вæййы ыздахæн, Кæд уæм бахъардзæн, хорз адæм, мæ рис? Фæстагæттæ цы зæгьдзысты сымахæн Нырьг фæлтæр? Фæдис! Фæдис! Фæдис! 16 Бокоты Солтан
ÆРТÆ ЧЪИРИЙЫ ÆМÆ «РЕФОРМАТОРТÆ» Ирон адæмы æгъдаумæ гæсгæ зианы фынгтыл цыдæриддæр æрæвæрынц, уыдон сты хæлар кæнинаг, фæлдисинаг. Ацы фынгыл кувинаг нæ вæййы. Æрæгæй-ардæм иуæй-иутæ зианы фынгыл байдыдтой æвæрын æртæ чъирийы. Æртæ чъирийы та фыдæй-фыртмæ ирон адæм куывтой Хуыцаумæ æмæ йæ зæдтæм. Уæд цæмæн байдыдтой ирон æгъдæутты «реформатортæ» нæ кувинаг æртæ чъирийæ хынджылæг. Нæ Иры фарн, бынæй-бындæрмæ хауыс,— Ныр та дзырддаг æртæ чъирийы систы — Нæ кувинаг, нæ фарн, нæ кад, нæ намыс, Уынæм сæ абон хисты фынгыл, хисты. Æбуалгъ хъуыддаг. Æвирхъау хабар царды Куыд нæ кæна ироны зæрдæ риссын? Æрæгæй-ардæм иуæй-иутæ мардæн Æртæ чъирийы байдыдтой фæлдисын... Куывта ирон лæг уыдонæй Хуыцаумæ, Куывта йæ дзуæрттæм, дауджытæм, йæ зæдтæм. Ныр нал хъусæм нæ фыдæлты æгьдаумæ. Кæнæм хынджылæг, æмæ йыл нæ сæттæм. Фæзынд нæм «реформатортæ» ныр бирæ, Нæртон адæмæй «зондджындæртæ» фесты. Хъуыды кæнынц хъæддаг æгьдæуттæ Ирæн — Фыдæлты ’гьдæуттæ уыдонæн фаг не сты. Фæлдахынц нын нæ царды уаг зыгъуыммæ, Æмæ нæм уымæн диссæгтæ дæр рауад. Раст афтæ фос куы баирвæзынц хуыммæ. Уæд уыцы хуым бынтон ныввæййы заууат. Нæ зондцжынтæ, сымах нæ ’фтаут дисы: Цымæ æндæр цы кусат, уый уын нал ис? Куыд уæндут, куыд, нæ æгьдæуттæм къух сисын? Ирон æфсарм, ирон цæсгом уын нал ис? Хъуыды кæнут, цы не ’мбæлы, цы ’мбæлы. 242
Цы ’рцæуы, уый, дам, хъазгæйæ æрцæуы, Æгьдау кæм нал уа, уыцы ран цард хæлы, Сымахæн дæр уый амонын нæ хъæуы. Нæ мæрдтæн дæр сымах байстат сæ сабат, Ирыстон, «реформатортæй» цы домыс? Сæ Хуыцауы хай уыдоныл ныр рахатт. Нæ мæрдтæм дæр фæхæццæ ис сæ хъомыс. Уæ «реформæтæм» зæрдæ тынг æхсайы. Куы сæ кæниккат, о гормæттæ, къаддæр! Æви мæлдзыгыл базыртæ куы ’рзайы. Уæд афтæмæй æрцæуы йе сæфт тагъддæр? Уый хъазын нæу! Æндæр истæмæй хъазут - Хуыцауы фыдæх тынг зын нæу ыссарын: Æртæ чъирийы зианы фынгæй айсут - Нæ цины сæр, нæ фарн, нæ зæрдæдарæн, Æгæр бирæ, æгæр уæхимæ райстат, Мæсыг амайын хъавут арвмæ митæй, Æмæ Ирыстон бафæлладис бастад Уæ «реформæтæй», уе ’нæхъола митæй! 10.11.96 аз 243
МАДЫ ФЫН К а д æ г Арын дзы хъæдгæройнаг дыууæ сидзæр æфсымæры Тотраты Дæдæгка æмæ Темысойы, стпæй сæ сидзæргæс мад Дзибайы ном. Дзибайæн йæ лæг Хæмæтпхъан кæйдæр къухæй куы фæмард, уæд йæ хистпæр фыртп Дæдæгка баззад дзидзийыл, кæстпæр Темысо та - гуыбыны. Дзиба сæ хорз схъомыл кодпга. Лæппутæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстæн йæ райдайæнæй афицертæй хæцыдысты знаджы ныхмæ. Хистæр Дæдæгка 20- аздзыдæй фæмард Мæскуыйы бынмæ хæстыты 1941 азы. Кæстæр 23-аздзыдæй фæмард Уæлахизы боны хæд размæ, Берлины бынмæ. Бирæ азты дæргъы ацы поэмæйы автор кусы, йæ райгуырæн хъæу Хъæдгæронæй хæстмæ чи ацыд, уыдоны номхыгъд сбæрæг кæныныл. Ныры онг куыд сбæрæг, афтæмæй уыдоны нымæц у 1075 адæймаджы. Уыдонæй хæстæй нал сыздæхт 523, уыдонимæ: 5 хæдзарæй - фæндзгæйттæ, 15 хæдзарæй - æртыгæйттæ, 63 хæдзарæй - дыгæйттæ, 337 хæдзарæй - иугæйттæ. Æмæ, фæндзгæйттæ цы хæдзæрттæй фæмард, уыдонæй дæр ма уæддæр исчитæ баззадис: кæм æфсымæр, кæм хо, кæм чызг, кæм лæппу, фæлæ Тотраты Дзибайы бинонты хъысмæт рауад æндæрхуызон: бахуыссыд бинонты зынг, аскъуыдис сæ уидаг... Хæст бакодта йæ æвирхъау хъуыддаг! Абон дæр ма Хъæдгæроны цæрджытæ арæх æрымысынц Дзибайы лæппуты: сæ зонд, сæ хорз æгъдау, сæ уынд, сæ конд æмæ сæ алы хорз миниуджыты тыххæй. Автор Сабырдзинад! Дæуæй та чи нæу разы! Кæнынц дыл уымæн дзыллæтæ дæр тох. Хæстыл кæд рацыд ныр дыууиссæдз азы, Уæддæр нæ кæнынц уый бæллæхтæ рох. 244
Адзал нæм дуæрттæ алы уысмæн хоста, Нæ зæрдæты, нæ буарыл цас ис ностæ, Нæ фæдыл уый сæдæ хæтæлæй каст, Ысты нырма нæ хъæдгæмттæ дæр баст... Мæ зæрдæ тынг нæ дарын æз мæхиуыл Æмæ мæ уадзы ацы хъуыды тас. Уæддæр хæсты æбуалгъ хъуыддæгтæй иуыл Фæнды мæн абон ракæнын ныхас. Æнцон мын нæу уæззау хабæрттæ дзурын, Фæлæ сæ дарддæр нал æргъæвын ныр. Æмæ, мыййаг, куы нæ сарæхсон — курын Æппæтæй дæр: фæуæд мын-иу хатыр! Дзиба зæронд у. Цастæ ма фæразы, Ысурс æнусон цъитийау йæ сæр... Кæсы æнхъæлмæ ныр дыууиссæдз азы, Дыууиссæдз азæй ноджыдæр фылдæр! Ныййарæг мад! Æндон ысты дæ фæрстæ, Ныууагьта дын дæ цардæмбал цæуæт. Дæдæгка баззад дзидзийыл йæ фæстæ. Темысо та гуыбыны уыди уæд. Цыдысты бонтæ, мæйтæ æмæ азтæ. Кæрæдзи ивтой æхсæв æмæ бон. Куыд кодтай афтæ бирæ та фæразгæ? Куьгд уыд, сылгоймаг, уый бæрц та дæ бон? Куыд рæзтысты йæ хъæбултæ Дзибайæн, — Сывæллонæн йæ райгуырын - йæ зын! Йæ цин куы зæгъид, гъæй-джиди, йæ къайæн, Уæд та куы фенид иуахæмы фын... О сидзæргæс, куыд бирæ сты дæ хæстæ, Æнæ ’мбалæй цæй зын у, цæй, цæрын... Фын дæр уындзынæ бирæ азты фæстæ, Фæлæ уыдзæн æгæр диссаг дæ фын... 245
Æххæст хъару, æгъдауæй æмæ зондæй, Æмгæрттимæ хæлар æмæ цæрæг, Фыры хъултау сæ уынд æмæ сæ кондæй Йæ фырттæ дардтой дардмæ дæр бæрæг. Ысты ныр хъомыл - бирæ мæт æй нал ис - Фæкаст сæм мадау Райгуырæн Цæдис. Фæлæ ныгуылæн сау мигътæй ныттар ис, Æмæ фæцыд нæ арæнтæй фæдис... Æнкъуысыд зæхх, нæрыдис дардыл бæстæ, Цъæх арв нæ сæрмæ фæздæгæй ныссау. Лæджы фырт чи уыд, уый зыдта йæ хæстæ, Цыдис мæлæтдзаг тохмæ уый лæгау! Дзиба дæр загъта лæппутæн фæндараст! «Цæут, æгадмæ ма ’рхæссут уæ сæр!» Дæдæгка ма фæстæмæ иу хатт ракаст, Йæ мадмæ сдзырдта: «Ма-иу тыхс æгæр. Зындзыстæм мах уæлахизимæ иумæ, Нæ амондæн æрцæудзæнис йæ рад, Æмæ та нæ нылхъивдзынæ дæ риумæ, Нæ ныййарæг, нæ фæлмæнзæрдæ мад!» Цыдис писмотæ хъæубæстæм хъæбысгай, Æртæтигъон, хуымæтæг та сæ конд... Зæрдæтæ ’вæрдтой хæстонтæ сæ фыстæй. Лæджы ном хастой карз тохы бæрзонд. Æфсымæртæ нæ рох кодтой сæ мады — Писмотæ уымæ алы къуыри цыд. Хæцыд фæстагмæ хистæр Сталинграды, Мæскуыйы бынмæ кæстæр фырт хæцыд. «Налат у знаг, тыхджын æмæ æгьатыр, Уæддæр уыдзæни додойаг йæ сæр! Дæ фырт Дæдæгка у хæсты хъæбатыр!» - Æрвыста мадмæ полчъы комиссар.
«Темысо знагæн ам æнцой нæ дæтты, Нæртон лæппу ысхъомыл кодта Ир! Дæ сæр, Дзиба, дæ фыртæй хæсс бæрзæндты!» — Ныффыста фронтæй полчъы командир. Цыдысты ахæм арфæйы ныхæстæ, Дзиба дзырдта: — «Æз амондджын мад дæн: Уæззау, зын хæст куы бавзæрста мæ бæстæ, Уæд ын бæззынц мæ хъæбултæ фырттæн!» Хæстон писмо! Æд дзуапп фæстæмæ раздæх, Æрлас салдатæн сау рæсугьды уынд! Фыста Дæдæгка уарзон чызгмæ арæх, Темысойæн та... уарзон дæр нæ уыд... Хæст, дам, хæст у — фыдæлтæй афтæ баззад. Мæлæт лæгæн йæ фæдыл зилы ам. Йæ фыссынæй æваст Темысо банцад... Дæдæгка та уæд сæрвыста йæ къам. Йæ къам кæсы хæстон газеты фарсæй, Хæрзиуджытæй цæхæртæ калы риу! Дзиба ыскувы: «Цæй, уæд та æгасæй Куы сыздæхид мæ дыууæ фыртæй иу!» Дæдæгка дæр та нал фыста писмотæ, Дзиба йæхицæн нал ардта бынат... Дзырдтой цæуылдæр сусæгæй йæ хотæ, Цæмæй зыдта, цы ’мбæрста, мæгуыр, мад. Цыппар азы æнусæй даргьдæр фесты, Æрцыд фыдызнаг мах æхсарæй саст... Йæ амæттаг милуантæ махæй фесты Æмæ æнусты не ссæудзæн нæ маст! Æрцыдысты сæ къонатæм хæстонтæ, Цæй адджын дæ, о райгуырæн хæдзар! Цæуынц, ызгьорынц бонты фæстæ бонтæ, Фæлæ Дзибайы фырттæй нæй хабар. 247
Хабар сæ ссыд, фæлæ Дзиба нæ зоны Сæ сау гæххæтт... Зæгьут æй, хотæ, цæй! Нæ, нæ, сæ зæрдæ хотæн уый кæм комы... Фæлæ сын нæй.., æнæ зæгъгæ сын нæй... Ныййарæг мад! Дæ хъуырмæ дæ дæ мастæй,- О, рахауа фыдызнагæн йæ цæст... Дæ комдзæгтæй цы хъæбулты фæхастай, Гъе уыдоны дын аныхъуырдта хæст... Фæкæн сæ, гормон, иу чысыл цæй рохау, Æвзæр мæрдджын кæмæн бæззы, цæмæн? Ныффидар кæн дæхи Хъæриуы хохау,— Æндæр дын, Дзиба, ницы ис гæнæн! Ныр рацыдис хæстыл дыууиссæдз азы, Дыууисæдз азæй ноджыдæр фылдæр... Нæ кæны мад йæ хъысмæтимæ разы: Кæсы æнхъæлмæ хъæбултæм уæдцæр... Æрвылбон уымæ ногдзаутæ æруайынц, Æмæ йæ хонынц иууылдæр: «Нана». Ныссæттынц сугтæ, агъуыстытæ ’фснайынц,— Цæмæй зæронд ус къаддæр тыхст уына. Йæ аходæн, йæ сихор æмæ ’хсæвæр Нæ бахæрдзæнис уый хъуагæй сыхаг... Дзиба дæр никуы бамбæхста йæ къæбæр — Бынтон бын æй нæ бакодта ызнаг... Фæлмæнæй дзуры алкæмæ «мæ хурæй», Фæзæгъы: «Адæм! Бахæрон уæ рын, Цæрæнбонты мæн чи фæдардта буцæй, Нырмæ дæр ма сымах руаджы цæрын!» Æрцæуы царды алцæмæн дæр афон. Фыдæлтæй баззад алцæмæн æгъдау: Ыскодта мой Дæдæгкайæн йæ уарзон — Мæдинæт, цæй, кæдмæ дардтаид сау?
Æмæ кæд чызг æндæр амонд ыссардта, Йæ мойаг кæд зæрдæхсайгæ нæ уыд, Уæддæр йæхи йæ цæссыгтæй ’хсадта: Дæдæгка зæрдыл иудадзыг лæууыд... Æнхъæлмæ кастис уарзонимæ цардмæ, Фæлæ нæ бацис амонды дуар гом... Æрцыдис иу бон сусæгæй Дзибамæ, Кæугæйæ загьта: «Цæй, Нана, хæрзбон! Цы рцыдис, уымæн нал ис ныр ыздахæн, Дыууæйæ дæр нæ амонд алыгьд дард. Хуыцауы цæст нæ бауарзта, нæ, махæн Чындз æмæ ’фсинæй арвитын нæ цард». «Дæ низтæ уæнт, Мæдинæт, о мæ уды, Дæхи фæндиаг дæ къаимæ фæцæр! Дæуыл мæ зæрдæ, баууæнд мыл, нæ худы, Фæлæ-иу макуы ферох кæн мæн дæр! Ды дæ мæнæн Дæдæгкайæн йæ бæсты, Мæ фырт фæстæмæ райгас кæнгæ нæу... Дыууæйæ дæр мах басыгьдыстæм хæсты, Æмæ фæуæд хуыздæр амонд ныр дæу. Уæд амондцжын дæ акъахдзæф, дæ араст. Фыдбылызæй у дардцæр царды хызт, Фæндараст у, мæ Мæдинæт, фæндараст!»— Кæугæйæ ус Мæдинæтыл ныттыхст... Æндæр сæрд та ног бацыдис йæ рады, У сатæг донбыл бæлæстæн сæ бын. Дзиба йæ сыхы устытимæ бады, Лæмбынæг дзуры уыдонæн йæ фын: «Мæ фыны федтон диссæгтæ æз дысон, Ныр дæр ма уайы цæстытыл сæ уынд. Фыццаг хатт мæм мæ кæстæр фырт Темысо Фæзынд мæ фыны — ме ’дзард фырт фæзынд! 249
Æрбадзырдта æнафоны мæ номæй, Хæрдмæ фæхаудтæн хуыссæны æваст. Йæ хъæлæс ын æз базыдтон æнцонæй, Æдзынæг мæм уый рудзынгæй ныккаст. «Уæлæмæ фест æмæ мын дуæрттæ бакæн, Нæ цины бон кæдæй-уæдæй æрцыд! Æмæ мæ тагьд дæ хъæбысы æрбакæн — Ныр цал азы нæ федтон æз рæвдыд! Кæрон æрцыд нæ хъизæмар, нæ зынтæн, Цæй, рæвдздæр, тагъддæр разгьор мæм, мæ мад! Æз дын хæстæй сæрæгасæй ыссыдтæн, Дæ урс сæр дын нæ фæкодтон æгад!» Нылхъывтон æз мæ хъæбулы мæ риумæ — Мæ фæллад цæнгты цас тых разынд, цас! Куыд хорз уыдис нæ дыууæйæн дæр иумæ, Куыд цин кодтон: мæ хъæбул уыд æгас. Нæ æууæндын мæ цæстытыл, мæ хъустыл, Фырцинæй уайтагъд фестадтæн æз цъил. Ныр ма сæрдасæн не ’рцыдис йæ рустыл, Зына-нæзына фындзы бын фæмил... Ныхъхъæр кодтон: «Мæныл æрцыдис арфæ, Мæ фырт æвирхъау хæстыты хæцьгд, Куыд ацыдис мæ хæдзарæй, гъе афтæ Сæрæгасæй, æрыгонæй æрцыд!» Фæдисонтау мæ сыхæггæ ызгьордтой, Нæртон диссаг сæ цæстытæй уыдтой. Бæлццонæн дæр, мæнæн дæр арфæ кодтой, Мæнау фырцинæй уыдон дæр куыдтой... Лæппуйæ, мадæй — кодтой нын хъæбыстæ, Чызгау мæ уæнгтæ срог ысты мæнæн! Фырцинæй уайтагъд батылдтон мæ дыстæ, Æртæ чъирийы кæныныл фæдæн!
Мæ зæрдæ кодта рухсæй ноджы рухсдæр, Хъуыдыты та-иу аныгъуылдис сæр: «Мæ чындз уыдзæнис чындзыты рæсугъддæр, Мæ кæртæй хъуысдзæн сабитæн сæ хъæр...» Хъуыдытæ згьордтой, базыртæ мыл базад, Цы ма ’рцæудзæн ныййарæгыл хуыздæр! Фæлæ уал раздæр — фыдæлтæй куыд баззад — Кæндзынæн куывд мæ бæлццонæн æз дæр! Æгьдау нæ Ирæн амонын нæ хъæуы, Чындзæхсæвтæй, куывдтæй фидауы цард! Æрхондзынæн мæ куывдмæ æз нæ хъæуы - Уæларвмæ хъуысдзæн хъæубæстæн сæ зард! Фæлæ Темысо уыд æнкъард цæмæндæр, Дæдæгкайæн уый не скодта йæ кой... Æнхъæлмæ кастис раст цыма кæмæдæр, Нæ зыдта уыйау иу минут æнцой... «Нырма гье ныр куы ссыдтæ, лæппу, хæстæй, Мæ цуры ма, цæй, иу чысыл æрбад! «Мæ хъуыддæгтæ нæ фæдæн конд æххæстæй, Æмæ мын нæй æнæ здæхгæ, мæ мад!» Йæхи мæ зæрдæ къултыл уæд ныххоста,— Мæ хъæбул та фæстæмæ цыд мæнæй. Мæныл та ног ыстыр зынбон ыскодта... Æрыхъал дæн мæ диссаджы фынæй. Æрыхъал дæн... Мæ зæрдæ риссы риуы, Мæ уаты ногæй иу ызмæлæг нæй. Кæмдæр кæйдæр куыдз фаллаг сыхы ниуы, Кæсы мæ уатмæ цалхыдзагæй мæй. Цыдæрхуызон мæ фынæй тынг фæтарстæн: Цыма уынæр цыд сынтæджы бынæй. Цырагъ ыссыгьтон, рудзынгæй фæкастæн. Æмæ раст бонмæ нал бадæн фынæй». 251
Дзиба йæ фын æхсызгонæй фæдзуры, Дыууиссæдз азы иунæг фын æрмæст... Æрвылбон та Хуыцаумæ кувы, куры, Цæмæй нæ зæххыл мауал цæуа хæст! Дыууæ къамы дыууæ сынтæгыл уаты Дыууиссæдз азы базты ’нцой лæууынц. Зæронд Дзиба сæ цуры арæх бады, Æдзынæг æм йæ фырттæ дæр кæсынц. Æхсæвæй-бонæй хъæбулты мад мысы,— Фæкæсы йæм: ысты нырма æгас. Кæцæйдæр хатгай уыдон хъæлæс хъуысы, Цыма фæкæнынц мадимæ ныхас: «Æрбабырста фыдгул нæ зæхмæ дардæй, Лæджы дзуапп уымæн мах хæс уыд дæттын. Дæу дæр, нæхи дæр бахызтам æгадæй, Фæлæ нæ бахъуыд карз тохы мæлын. Зынаргъдæр мадæй Райгуырæны хонæм, Йæ сæрыл радта н’ алчи дæр йæ уд... Хатыр нын бакæн! Тынг зын дын у, зонæм,— Уæззау хæсты æндæр гæнæн нæ уыд... У махæй хъал! Бæрзæндты хæсс дæ урс сæр! Æгæр зын рауад мах фæлтæры рад... Цæудзысты азтæ, замантæ, æнустæ,— Уæддæр зæххыл нæ фесæфдзæн нæ кад! Æмбарæм дын дæ зæрдæрызт, дæ сагьæс, Хъæбултæй иу дæр нал баззад æгас. Фæлæ, нæ мад, дæ алыварсмæ акæс: Хæсты цæхæры цас басыгъдис, цас! Нæ дæ ды иунæг, бирæ сты дæ фарсмæ Дæ хуызæттæ. Æгьатыр уыдис хæст! Дæ фырттæ дæр сæ Райгуырæны размæ Куыд æмбæлд, афтæ бафыстой сæ хæс!
Уæдæй ныр рацыд а-цал а-уал азы, Æмæ нæ бæсты нал хъуысы гæрах. Нæ мад! Дæ фырттæм ничи ’рхæсдзæн азым, — Дæ фæдзæхст тохы сæххæст кодтам мах!» Йæ цæстыты цæссыджы суадон байсыст Æмæ сæ рагæй нал хауы цæссыг. Ныййарæг мад! Дæ кой дунетыл айхъуыст, Зæххыл дын, цымæ, чи сбардзæн дæ хъыг? Дæ чындзытæ нæ хъаздзысты сæ сæртæй: Дыууæ фарнæй фæцис дæ хæдзар цух. Сæ хъæр нæ хъуысдзæн сабитæн дæ кæртæй, Дæ цоты цоты н’ауздзæн дæ къух. Нæу никæмæн йæ зæрдæ мадау риссаг,— Дæ хъарæг уымæн хатгай хъуысы тынг: «Хæст аскъуыдта мæ бинонтæн сæ уидаг, Хæсты азарæй бахуыссыд мæ зынг. Мæ рухс фæндтæ фæбадтысты мæ хъуыры, Æндавы судзгæ ’хсидавау мæ рыст. Мæ тæригьæдмæ айнæг хох лæбыры, Хæстæндзарæг! Æнустæм у æлгъыст!» ЭПИЛОГ Дзиба зæронд у. Цастæ ма фæразы, Ысурс æнусон цъитийау йæ сæр. Кæсы æнхъæлмæ ныр дыууиссæдз азы Йæ хъæбултæм... Кæсдзæнис сæм ныр дæр.
НÆРТОН ЛÆГ Б а л л а д æ Кæсæбиты Митяйæн Хуыцау йæ арм нæ Ирыл алкæд дардта, Æмæ уыдысты зæдтæ дæр нæ фарс, Æвæстагæй нæ фесæфтысты Нартæ,— Нырма сты иутæ уыдонæй æгас! Ис ахæм лæг Хуымæллæджы хъæубæсты, Мæхæдæг ын æвдисæн æз лæууын: Йæ цæхх æмæ йæ кæрдзынæн сæ рæзты Æнæ саходгæ н’ ауадздзæн цæуын. Кæйдæртау, кад йæхи дзыхæй нæ куры, Æгъдауыл алкæд хистæрæн цæуы: Куы — минæвар, куы — марды уæлхъус дзуры, Куы туджджынтæн сæ фидауæг лæууы. Йæ сæр у уымæн урсдæр ногуард митæй, Йæ хъæлæс, арвау, заргæйæ нæры: Кæсæбиты Гæбылайы фырт Митя — Куырыхон лæг, Хуымæллæджы цæры. Куы скодта махæн не ’ппæтыл уынгæг аз, Фыдызнаг мах куы нал уагьта цæрын, Хæсты быдыры баззад уæд йæ къабаз, Фæлæ уæддæр нæ бакуымдта мæлын! Зæгьæм æргом, цæмæн æй дзурæм дардыл, Æнæ хистæр ирон царды фарн нæй. Зынаргь дæ, хистæр, махæн ды нæ царды Нæ цин, нæ зиан фидауынц дæуæй!
Æз цас лæг дæн дæуæн, Митя, дæ цуры, Дæуæн дæ алы дзырд дæр у æхст фат! Фæкæсы мæм: Уырызмæг Нарты дзуры,— Дæумæ, тæхуды, Уацамонгæ ратт! Сæттын ыл æз: дæуыл мæхи нæ барын, Фылдæр дæм ис лæгдзинæдтæ мæнæй. Дæ зарынмæ кæмæ не ’рцæуьг зарын, Æвæццæгæн, ирон лæг ахæм нæй! Ирыстоны дæ нæртон хъæлæс хъуысы, Фæлæ нæ куырдиат ды дæ зæрдыл дар: Фыдæлты зарæг зæрдæ арæх мысы, Æмæ нын зар! Фылдæр нын, Митя, зар! Зындгонд ысты дæ кад æмæ дæ намыс, Мах хонæм дæу Ирон Æнæхъæн Лæг. Дæ иу къахыл мæнæй хуыздæр ыскафыс, Æмæ дæм æз фæкæнын уæд хæлæг... Дæ бирæ хорз лымæнты ’мæ хæлæртты Лæг афæдзмæ нæ фæуыдзæн нымад. Бæрзондылбадæг хицæутгæй кæйдæрты Фæнды, бæргæ, куы сæ уаид дæ кад! Ирыстоны цы горæты, цы хъæуы Дæ кад Хъæриуы хохау нæу бæрзонд! Куыд зонæм, афтæ, уымæн та цы хъæуы: Æгъдау, Хуыцауæй курдиат æмæ зонд. Лæггад кæныс дæ дзыллæйæн æнæвгьау, Дæ кары дæр нæ зоныс ды фæллад. Дæ зонд, дæ кафт, дæ зард æмæ дæ æгъдау Дæуæн ыскодтой не ’ппæты ’хсæн кад. Нæ Ирæн дæуйæ чъирикувæг хонæм, Æмæ нæм уымæй кадджындæр ном нæй. Æндæр лæг мах Ирыстоны нæ зонæм — Дзырддзæугæдæр, йе дзуапджындæр дæуæй. 255
Ис хорз лæгтæ нæ хъæуты ’мæ нæ кæмтты, Цæрæнт дзæбæхæй, кадджынæй, фæрнæй, Ирыстонæн зындгонд ысты сæ нæмттæ, Уæддæр дзы ’мбал хуымæллæггагæн нæй! Дæ кадджын ном — уырнæд дæ уый, мæ хæлар! — Дызæрдыггаг нæ дзыллæты ’хсæн нæу. Ирон æгьдау, ирон царды Инæлар Сæрыстырæй мах хонæм, Митя, дæу! Куырыхон лæг Кæсæбиты мыггагæй, Ныллæг дæ разы къул кæнæм нæ сæр! Дæ хорзы кой нæ Ирыл хъуысы рагæй Æмæ нын бирæ, бирæ азты цæр! 03.12.95 аз €@©Э 256
ВЕТЕРАНАМ ВОЙНЫ Надели вы солдатские шинели, Когда война пришла в наш мирный дом. И слишком рано все вы поседели — Спасибо вам за то, что мы живем! Четыре года длилась кононада: Свист пуль, лязг танков, орудийный гром... Какие песни петь о вас нам надо,— Спасибо вам за то, что мы живем! Мы знаем: ночью ноют ваши раны, Кошмары снятся часто вам во сне. Живите долго, долго, ветераны, Вы нам — пример в служении стране. Ряды редеют ваши год от года, Вам столько в жизни выпало тревог. Но в благодарной памяти народа Ваш трудный ратный подвиг не умрет! Пред вами нужно преклонить колени: Спасли вы мир — нельзя забыть о том. И будущие скажут поколенья: - Спасибо вам за то, что мы живем! 17 Бокоты Солтан 257
КУРОРТНИКАМ СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ Салам вам, гости с севера и с юга, С Уральских гор до солнечных Карпат! Мы каждого встречаем здесь как друга, Как только может встретить брата брат. Теплом душевным люди здесь богаты, Не потому ль живут до самого — до ста! Прославили вот эти горы Нарты, Прославил их бессмертный наш Коста. Шумят обвалы, горы в снег одеты, А сколько песен сложено о них! Они великим Пушкиным воспеты, Воспел их громко Лермонтова стих. Наш Ир вам всем протягивает руки, Чтоб бодрость к вам вернулася опять, Чтоб вас совсем покинули недуги, Чтоб каждый был безмерно жизни рад! Веками здесь в ущельях реки пели,— Какая это музыка в горах! Не уезжайте, если вы не ели Фидчин, шашлык, наш чудный уалибах! 10.09.83 год 258
НÆРТОН НОМ СÆВÆРДТАТ УÆ ХЪÆУЫЛ (Концерты размæ) Табуафси, Нартыхъæу, сымахæн Саламтæ Хъæдгæрон ысластой. Бæззут нын рагæй дæр сыхагæн,- Фыдæлтæ дæр-иу афтæ загътой. Кæрæдзийы мах рагæй уарзтам,— Уыдзæнис афтæ царды дарддæр. Сымахæй цал чындзы æрхастам, Нæ зайут, нæ, фæсте сымах дæр... Уæздандзинад фылдæр кæмæ ис Ирыстоны, зæгьут, Куырттатæй? Ут амондджын, ныфсджын, æнæниз, Ут хызт фыдбылызæй, æгадæй! Нæртон ном сæвæрдтат уæ хъæуыл Æмæ æдзухдæр ут нæртонтæ! Уæ кой-иу баззайæд уæлæуыл, Уæнт хорæй дзаг æдзух уæ гонтæ! Нæ цин у иу, нæ зиан дæр афтæ,- Æппæлын хорз нæ хонынц адæм, Уæддæр нæм бакæсут, Куырттатæ: Зæрондæй-ногæй мах куыд кафæм Æмæ нæ рухс цардыл куыд зарæм! 21.05.82 аз (М 259
ЕЛХОТÆН 1 Йæ 150 азы бæрæгбоны помыл Хъæдгæроны номæй арфæ. 1988 азы 3 сентябрь Æфсымæртæ æмæ нæ хотæ, Ыстæм уæм уазæгуаты ам. Нæ рагон номдзыд хъæу Елхотæн Æрвиты Хъæдгæрон салам! Нæхи цæстытæй йæ уынæм, Елхот куыд æрттивы, куыд сырæзт. Æмæ уæ циныл цин кæнæм,— Сæдæ фæндзай азы уыл сæххæст! Елхот зындгонд, нымад хъæу у — Уый зонынц Ир быдырæй, хохæй. Дыккаг ирон герой лæппу — Карсаны-фырт дæр у Елхотæй. Ут амондджын, æнæниз ут, Уæд хъусаг хистæрмæ уæ кæстæр. Фæрнджынæй кадимæ цæрут,— Елхот — Ирыстонæн йæ къæсæр! Æмæ уæ ахæм арфæ уæд: Кæрæдзийы куывдтæм куыд хонат! Чындзхæссæг хистæрæн цæуæд Елхоты номдзыд лæг Ахболат! Нæ Ирыл айхъуысти уæ ном, Æххæст ыстут хъару ’мæ зондæй. Ирыстоны зæххы кæрон Ироны ном хæссут бæрзондæй. 260
Елхоты быдыртæн сæ сой, Сæ бæркад денджызау æнхъæвзы. Уæ рагон гæмæхтæн сæ кой Æрмæст ма зарæджы фæзæлы. Фыццаг ам дзедыртæ кæм зад, Елхотаг уым сырх мæнæу тауы. Æмæ уæ къæбицты бæркад Уæ уазджыты дæр дисы ’фтауы! Уæ зæрдæ — ’ргом, уæ фынг — бæркад, Йæ уазæгæн Елхот у буц ран. Ыскодтой не ’ппæтæн дæр кад Хадзымырзæ, Дакко, Еруслан! — Фæрнæй цæрут!- зæгьæм уын мах, Æрдхæрæны Елхот — нæ фысым. Дæ нæртон адæмыл нырма Хъæудзæни зарджытæ ныффыссын! У абон ног фæлтæры рад,— Кæй къухы æфта зарын, кафын!.. Нæ фыдæлты лымæндзинад Нæ бауадздзыстæм мах дæр сафын! ©да 261
НАРТЫХЪÆУÆН (Вариант) Нæртон Нартыхъæу! Ут дзæбæх! Æнтыстдзинад æфтæд уæ къухты! Фæстейы никуы зад уæ бæх Ирыстонæн йæ бирæ дугьты. Æнус фæрсæй-фæрстæм цæрæм Хæларæй, уарзонæй, сыхагæй. Нæ цæхх - нæ кæрдзын дæр хæрæм Мах иумæ, хорз Нартыхъæу, рагæй! Уæ фыдæлтæй уын баззад уаг,- Фæсивæд — хорз, уæздан — зæрæдтæ... Лæгдзинадæй дæр не стут хъуаг - Цæвиттон, стут æцæг ирæттæ! Уæ хъаруйыл кæнæм мах дис, Нæ Ирæн стут бæрзонд йæ цæсты. Куы фæцыд н’ арæнтæй фæдис,- Фæстаг нæ уыдыстут уæд хæсты! Хъæриуы хохы йас иу уæд Хуымы астæу фæззæг уæ кæри! Уæ фæсивæд хъæбатыр уæнт,- Куыд уыд Кæсæбиты Тæтæри! Æмæ уæ ахæм арфæ уæд: Кæрæдзийы куывдтæм куыд хонат! Чындзхæссæг хистæрæн цæуæнт Гамби, Хъазмæхæмæт, Хъасболат! 21.05.82. аз 262
ХАМБЕЧЕРЫ САГЪÆС... (Мой не скодта) Æнхъæлмæ кастæн лæппуты хуыздæрмæ, Цæмæн уыдтæн æнæрвæссонæй хъал? Дæу дæр, Бибо, æз не схастон мæ сæрмæ, Дæ фæстæ та мæм иу усгур дæр — нал! Мæ былысчъилтæ царды мæн фæсайдтой, Куыд нæ уыдаид усгуртæн уый зын? Æмæ мæ уыдон рохуаты ныууагътой, Æмæ ныр абон хъуахъдзыхæй кæсын... Уыдтæн æххæст хъаруйæ, зæгъай, зондæй, Фæлæ нæ кодтон фидæныл æз мæт. Кæй хъæудзынæн ныр иунæгæй, зæрондæй,- Зын у зæрондæй, цот куы нæ уа, уæд. Кæм уыдзысты мæ хиуæттæ, мæ хъæстæ? Уæдмæ мæ мад дæр нал уыдзæн æгас. Мæныл нæ уыдзæн саударæг мæ фæстæ,— Мæн уадзы алкæд ацы хъуыды тас. Дæ фæндонæн æз аккаг дзуапп на радтон, Уый мæн æндæр цæмæн хъуыди, цæмæн? Æмæ мæхи мæхæдæг æз фæсайдтон, Æмæ фæсмойнаг уый тыххæй фæдæн... Зыдтай мæ хъысмæт, рызт мæныл дæ зæрдæ, Æмæ мын кодтай ’нæкæрон лæвар... Кæнын фæсмон — мæ хъуыдытæн сæ сæр дæ - Цæуылнæ кодтон æз мæхи дæ бар? Къух ауыгьтон мæ уалдзæгыл, мæ сæрдыл,— Зындзæн сæ фæдыл зымæджы хъызт бон... Æрлæудзысты дæ ныхæстæ мæ зæрдыл, Фæлæ ма уæд цы ’рхæсдзæни фæсмон? 263
Куыд цæрдзынæн ныр афтæмæй, кæимæ? Куыд хона лæг ныр амондджын йæхи? Куы ма бæззин, тæхуды, æз цæрынмæ,— Уæд де ’фцæгыл æрцауындзин мæхи... 264
БÆРÆГБОНЫ АРФÆ (А.Б.В.-йæн) Кæйдæртау ды нæ дæ, нæ, бирæгь, Налат, къæйных, тызмæг, фыдзонд. Æгьдау дæм ис, æфсарм дæр — бирæ, Зæдау - дæ уынд æмæ дæ конд. Фыдбылызтæй сыгъдæг у авгау, Дæ зæнæг ноджы уæнт фылдæр! Дæ æфсины рæвдау дæ мадау, Æмæ дæхи фæндиаг цæр! Уæзданы ном бæрзонд куыд хæссай, Куыд нæ йæ фæллайай хæссынæй. Мæнмæ дæр худгæйæ куыд кæсай, Æз дæр дæм не ’фсæдын кæсынæй. Дæ худт, дæ зарын хъуысæнт арвмæ — Бæрæгбоны дын уый — мæ арфæ! 08.03.88 аз <&©§* 265
ДРУЗЬЯМ из Ачхой-Мартановского района Чечено-Ингушской АССР Нам хорошо здесь, - будто в сказке: Друзья вокруг, со всех сторон. Прислал салям вам свой кавказский Ваш друг старинный Иристон. Веками мы - друзья, соседи, В том брал пример сын у отца. Нам завещали наши деды Хранить ту дружбу до конца! За власть Советов бились рядом Мы ради счастья своего. Повел нас в бой в своих отрядах Посланец Ленина Серго. Повел нас в бой бессмертный Киров,— Всех горцев верный русский брат, Ваш храбрый Асланбек Шерипов, Бесстрашный наш Хаджи-Мурат. Из года в год мы лучше, краше Под солнцем Родины живем. О дружбе нашей, счастье нашем Слагаем песни и поем. Вы нас встречаете сердечно, И рады нам от всей души. Пусть дружба наша будет вечной, Друзья чеченцы, ингуши! 01.08.86 ГОД 266
ФЫСТÆГ ИУ ПОЭТМÆ «Никуы ис дунейыл ахæм рæсугьдтæ, Ай-гьай у Æрыдон йæ чызджытæй хъал. Се ’нгасæй ахастой усгурты удтæ, Нал зонынц лæппутæ ’нцойы бон, нал. Махæн нæ чызджытæ урсбазыр бæлæттæ, Кусынмæ арт ысты, нæй сын æмбал. Усгуртæ! Ма цæут махмæ æндæр рæтгæй,— Дардмæ нæ дзæбæхты нал дæттæм, нал! (Боситы Ирбег. «Æрыдоны чызджытæ» ) Ис бирæ Æрыдоны рæсугъдтæ, Кæны сæ уындæй зæрдæ рухс! Зæдау сæ уынд, сæ конд, сæ удтæ, Фæлæ дзы иу дæр нæу дæ ус! — Рæсугъдты тыххæй тынг хорз дзурыс, Æмæ дын уыдонæй ис бар, Фæлæ нæ иуы дæр нæ курыс Æмæ нæ аразыс хæдзар. Уырны нæ, бирæ нæ кæй уарзыс, Стыр бузныг! Фæлæ-ма хъус: Æндæр хъæутæм дæр нæ нæ уадзыс,- Дæхæдæг дæр нæ курыс ус. Зæрдиагæй дæм дзурæм абон: — Æгьгьæд у, мауал кæн фынæй! Æрцæуы алцæмæн дæр афон,— Цæрæн æнæ бинонтæй нæй... 267
Ныццæв дур искæмæн йæ кауыл, Нырма бынтон æрæджы нæу. Æрбарвит минæвар æгъдауыл, Æмæ уыдзæни рæсугьд дæу! Уадз хъуыса уыцы бон дæ кæртæй Дæ сых, да хъæубæстæн сæ зард. Фæстæдæр сабитæн сæ хъæрæй Æрвылбон фидаудзæн дæ цард. Æмæ, уæ гормон, бакæн афтæ, Æмæ нын мауал кæн æфсон! — Гъе, уьтй дын чызджытæн сæ арфæ, Цæмæй ды ма кæнай фæсмон! ©да 268
БУЗНЫГ Хирург Хъаныхъуаты Бечырæн Хъаныхъуаты Болайæ чи уыд Хъаруджындæр! Уæйыг — йа ас! Йæ бирæ байзæддагæй иуыл - Бечырыл - кæндзынæн ныхас: Æнцонæй кад лæгмæ кæд цыди? Æнцонæй чи фесгуыхт, кæцы? Бола богæлттимæ хæцыди, Бечыр та низтимæ хæцы! Чысыл цъутхал дæр фаг у мастæн, Тъæнггы ’лхынцъ уæд — цы уа фыдцæр? Мæ фыны дæр аз уымæй тарстæн, Æмæ йæ баййæфта мæ сæр... Лæууыдтæн уæд мæрдты къæсæрыл, Æмæ мæ никуы уыдзæн рох: Куыд райстай кард, Бечыр, мæ сæрыл Адзалимæ куыд систай тох! Уæд де ’хсæв арвыстай мæтимæ, Æрчъицыдтон æз дæр кæддæр... Мæ зонд гыццылгай цыд мæхимæ, Кæм дæн, уый нал ахста мæ сæр. Æнцад мæ цуры чидæр бадти, Мæ цонгыл мын фæлмæн хæцыд,— Уый ме ’мбал Зембатты Аркади Фæдисы горæтæй æрцыд. Дзырдтат кæрæдзийæн цыдæртæ, Хынцфарст Аркади кодта дæу, 269
Æмæ-иу батылдтат уæ сæртæ,— Æмбæрстон — хорз мæ хъуыдцаг нæу! Æхсæв уæд бон — уыдтæ мæ разы, Нæ дæм хъарыд - цы у фæллад. Куыд нæ уон уæд дæуæй æз разы? Куыд нæ кæнон дæуæн уæд кад? Уæдæй ныр бирæ азтæ рацыд, Дæ фæрцы бирæтæ сты 'гас. Дзæгъæлдзыхтæ, уадз, дзурæнт алцы,— Дæуæн дæ рынчынтæ - дæ фарс! Æнæсæрфат ныхæсты фæдыл Лæгмæ æрхауы хатгай маст... Нæй, хур дæр не ’ххæссы æппæтыл - Фыдæлты æмбисонд у раст! Фæдзурынц иутæ хатгай дардыл, Хæссынц хъæуа-нæ хъæуа фау. Нæ йæ ’мбарынц, кæй у нæ царды Æцæг дохтыр зæххон хуыцау! Хуыздæр ном царды æз нæ зонын, Хуыздæр ном æрдзы мидæг нæй: Æз дæу мæрдтæй здахæг хонын,— Мæн дæр ды раздæхтай мæрдтæй! Дæ руаджы низæй æз фæцух дæн, Цы ис зæххыл хуыздæр лæвар?! Фæрнæй фæдар, Бечыр, дæ къухтæ, Мыд æмæ царвы сæ фæдар! 1990 аз
ГÆРТАМБЕГ Гæртамбег ныр æртыккаг аз нæ кусы, Йæ фæллад уадзы, пеней дæр ын ис. Фæлæ цæмæндæр уый йæхимæ хъусы, Кæны йæ цардыл сагьæс æмæ дис... Кæйдæртау н’ ацыд уымæн цард йæ рæзты, Уыдис йæ цардæй бузныг æмæ хъал. Ныр уыцы бонтæ ауайынц йæ цæстыл, Фæлæ фæстæмæ нал ыздæхынц, нал... Йæ ныры цард йæ зæрдæмæ нæ цæуы - Фæкодта йæ зæххон дзæнæтæй цух. Уый царды ахæм ногдзинад нæ хъæуы, Кæны йæ фыдгой алы ран æдзух. «Мæ рагон бонтæ! Æз сымах куыд мысын! Фæлыгьдыстут мæнæй кæдæмдæр дард. Нырма мæнмæ, гъе ныр байдыдта хъуысын, Кæй у æцæг тæбæгъы донау цард... Æз кодтон ленк кæсагау царды малы, Хуыдтон мæ хъалæй сау æндæрг лæджы. Мæ ивгьуыд бонтыл ныр мæ цæссыг калын,— Цы хъал уыдтæн гье уыцы рæстæджы!.. Мæ кайыс уыд уæд Иры сæргъы - раджы - Йæ ном æнусмæ а зæххыл цæрæд! Цы йæ ’мбæхсон: мæ хорз хæстæджы руаджы Уыдтæн «бæсты бикъ», «комы дæгъæл», «зæд». Йæ хæрзгæнæгыл иуæй-иу нæ сæтты,- Æдзæсгæмттæн-иу худинаг фæуæд! Бæгуыдæр, амæй-ай хуыздæр бынæтты Æвæрдта мæн мæ хорз хæстæг гъе уæд. 271
Мæ дзыпмæ ивылд адæмæн сæ исбон, Уыдтæн æрвылбон хицæуттæн фысым... Табу Хуыцауæн! Цас «лæвæрттæ» истон,— Мæ ныхмæ никуы ничи уæндыд сым... Нæл фыстæ ластой удыгас, æргæвстæй, Уыдис егьау мæ подхалимты дзуг. Кæмæн дзы ацамыдтаин мæ цæстæй,— Нæл фыс цы у — æрыскъæрдтаид хъуг! Куывдæй, дам, царды лæг мæгуыр нæ кæны, Куыд уыдаид мæнæн куывд кæнын зын? Габанты хардзæй водкæ, сæн, бæгæны, Коньяк, хæбизджын, физонæг, фыдцжын... Æз дæр Мыкалгабыры ’ххуысæй хордтон, Мæ хæдзары уыд мыды къусау бæркад. Къуыри æртæ-цыппар кусарты кодтон, Нæ Ирыл хъуыст мæ хорзы кой, мæ кад. Мæ кусджытæ сæ зæрдыл фидар дардтой: Дæ гуырæй рай - куы дæм фæуон хæрам! Сæ бинонты-иу ’ххормагæй ныууагътой, Уæдцæр мæнæн дæттын хъуыдис гæртам! Хъысмæт, хъысмæт! Лæджы куыд арæх сайыс, Цы нæ бавзары д’аххосæй йæ сæр: Йæ бæрзонд куыстæй асхъиудта мæ кайыс,— Æмæ йæ фæдыл фесхъиудтон æз дæр... Кæддæры хорз лæг — нал дæн ныр нымады, Фыццагау фынгтæм нал хонынц ныр мæн... Фылдæр нæ къæсы иунæгæй фæбадын,— Мæ цард, гье, афтæ раивта мæнæн... Фыццагау мæм мæ сыхаг дæр нæ дзуры, Уæз нал ис мæн, мæ дзыхы дзырд - аслам. Йæ уæрджытыл-иу чи лæууыд мæ цуры, Мæнæн уый абон нал дæтты салам!
Бæргæ хуыдтой, бæргæ, кæддæр мæн хорз лæг, Ныр та мæ иу дæр нал кæны хъуыды... Мæйгай мæ дуармæ нал æрлæууы хонæг, Ныр афæдз иу хатт нал вæййын хуынды. Гæртам æхцайæ гуцъулагай истон — Уæдæ мыздæй паддзахы цард кæм уыд?! Ныр нал хауы мæнмæ «æддейæ» иу сом,- Кæдмæ фæраздзæн афтæмæй мæ уд?! Фæкæсын арæх райсомы æртæхмæ: Æрттивы хурмæ, байсысы сындæг... Æз туманмæ нæ гуыбыр кодтон зæхмæ,- Ныр та капекк дæр фелвасын цæрдæг... Уыдтæн мæ цард, мæ Хуыцауæй æз разы: Кæмæн уыд кæм — мæ кад æмæ мæ цыт!? Сæн, дам, æнусмæ иу боцкъа нæ ласы,— Мæныл дæр ацы æмбисонд æрцыд!.. Гæртамхор! Нал у чидæр ныр дæ дарæг, Æгæр дын батад адæмы фæллой! Уæддæр ма хъуысы алы бон дæ хъарæг,— О, фесæфа, гæртамхортæ, уæ кой! 1989 аз 18 Бокоты Солтан 273
БОГЪДАБИ Æрцард Богьдаби мах сыхы æрæджы, Æмæ дзы нал ис иннæтæн бынат. Нæ сыхы махæн а фæстаг рæстæджы Нæ хуыссы иу дæр хуыссæны æнцад. Болойы хох йæхи Богьдаби хоны: — Æрмæстдæр, дам, мæнмæ ис ам диплом! (Кæцæй у, чи у — алчи дæр æй зоны, Нæу дзæгьæлы Богъдаби дæр йæ ном). Æнæуагæн йæ саузæрдæ — æмхасæн,- Богьдабийæ цы нæ фехъусдзæн лæг! Æрмæстдæр кусы уымæн хорз йæ ахсæн, Кæны йæ сæр йæ ахсæнмæ хæлæг... Хъæуа-нæ хъæуа алкæмæ лæбуры, Æз, дам, дæн, æз! — ныххойы къухæй риу. Æппæт сыхбæстæй иумæ дæр нæ дзуры, Нæ йæм дзуры æгас сыхбæстæй иу. Сыхæгты цæхæрадæттæм ныхилы, Йæ зæрдæ калмау - сау æмæ хæрам. Æрхæцы синтыл, тымбыл къух ныттилы, Æз, дам, дæн æз, æрмæстдæр сыхы, ам! Дæрæн кæны йæ сыхбæсты Богъдаби, Йæ кæнонтæ дзы никуы вæййынц рох. Уæлдай йын нæу: зæронд у, æви саби,— Æппæтимæ дæр загъд-замана, тох... Йæ мадмæ дæр фынддæс азы нæ дзырдта, (Йæ ингæн нал у уæлмæрдты бæрæг).
Йæ чындзыты сæ хæдзæрттæм фæсырдта, Фæлыгьд дзы дард Аргуыданмæ йæ лæг. Нæ зоны уый, цы у æгъдау, æфсæрмы. Æвæццæгæн, у æрдзæй дæр æлгъыст. Нæ дуджы ма уый чи хæссы йæ сæрмæ? У ахæмтæй, мæ хорз æмбæстаг, хызт! Хæссы Богьдаби уьгдæттæ йæ сæрмæ, Кæд æрхуддзæн йæхиуыл, цымæ, кæд? Кæд байдайдзæн уый адæмæй æфсæрмы? Кæд зæгьдзæнис йæ митæн уый «æгьгьæд»? Æрчъиц, Богьдаби, ферох кæн дæ кæнон, Æмуд æрцу дæ сыхбæстимæ, цæй! Дæ хъæддаг митæн балхынцъ кæн сæ кæрон,— Бынат сын дарддæр царды мидæг нæй! 30.09.87 аз тсбДлт 275
НÆ ИРЫ МОЙГÆНÆГ ЧЫЗДЖЫТÆМ — Нæ хотæ! Хъахъхъæнут уæ кад,— Æз дзурын мойгæнæг чызджытæм! — Дæлæ кæнат, уæлæ кæнат, Уæддæр уыдзыстут тагьд чындзытæ! Кæндзысты чидæртæ хæрам, Фæлæ цы гæнæн ис, нæ хотæ? Мæ уайдзæфтæй уæ иутæн ам Кæндзынæн тынг риссаг уколтæ. Чындзы цæуын, ай-гьай, нæу зын, Фæлæ дзы бирæ ис цыдæртæ. Æмæ-иу базонут цæрын, Æгадмæ ма хæссут уæ сæртæ! Æвæндонæй йæ ничи ратты,— Йæхæдæг равзары йæ къай, Уæд бон йæ цæгатмæ дæс хатты, Цæмæн фæцæйлидзы тæргай... Мах ахæмтимæ не стæм разы,— Сæ митæй, се ’гъдауæй, сæ уындæй. Сбадын сæ кæн уаты базыл, Æмæ сын уырдæм дæр — æууылдæй! Чызгæй — зæды къалиу, фæлмæн,— Фысы комæй сыфтæр нæ ласынц. Чындзæй та райдайынц дæрæн,- Сæ хъаматæ чындзæй ысласынц.
Æрбайхъусут, Фатъи, Азау,..- Мæ ныхас уе ’ппæтмæ дæр хауы, Æфсарм, уæздандзинад, æгьдау - Сылгоймаг уыдонæй фидауы! 08.02.92 аз <§да 277
ХÆХТЫ (М.Ю. Лермонтовæй) Æхсæвæн йæ тарфы Хæхтæ сты фынæй. Дæлвæзты дæр афтæ — Иунæг сыбыртт нæй. Рыг нæ кæны фæндаг. Не змæлы сыфтæр. Цъус фæлæуу, дæ фæллад Суадздзынæ ды дæр! 278
НÆЗЫ (М.Ю. Лермонтовæй) Дард уазал цæгаты æрзадис цъæх нæзы, У иунæг нæзы — ’мбал ын нæй. Уый баузы дымгæ йæ митын пæлæзы. Фæкæны фылдæр хатг фынæй. Йæ фыны æдзухдæр йæ цæстытыл уайы Æдзæрæг тæвд бæстæйы дард. Рæсугьд пальмæ иунæгæй хохы сæр зайы, Цæмæндæр у уый дæр æнкъард... 279
НÆ БИНОНТÆ (Чысыл сабитæн) Нæ бинонтæн сæ хабæрттæ Фæкæнын арæх æз. Мах хотæ ’мæ æфсымæртæ — Ыстæм æдæппæт дæс. Хæстæджытæ ’мæ хиуонтæ, Фæцæрут нын фæрнæй! Уæддæр сымахæй, бинонтæ, Зынаргьдæр махæн нæй! Æппæты сæр нæ Хуыцау у, Нæ зæдты кой — нæ цин. Баба хæдзары хицау у, Нана та у æфсин. Баба хорз зоны æгьдæуттæ, У уыдоныл йæ дзырд. Куыд бирæ зоны аргъæуттæ! - Фæхъусæм æм бæлвырд. Нана æппæтæй зондджындæр, Нанайæ нæй хуыздæр. Куы скæна уый картофджынтæ, Уæд сæ хæр æмæ хæр! Хæстæджытæ ’мæ хионтæ, Ыстæм уæ алкæд хъал. Уæддæр, нæ дзæбæх бинонтæ, Сымахæн нæй æмбал! ш©
ÆРЫДОНÆН (Бæрæгбоны арфæтæ) Нæ Иры хъуыстгонд у дæ ном, Нæ рагон хорз сыхаг, Æрыдон. Дæ фынг — бæркад, дæ зæрдæ - ’ргом, Дæ фæллой арфæйаг æрвылбон. Дæ бæрæгбоны дын салам Æрластам Хъæдгæронæй мах дæр. Чызджытæ цал ракуырдтам ам,— Нæ зайут, нæ, фæсте сымах дæр! Уæ фæззæг хорæй уæд хъæздыг, Уæ фосы нард дзугтæ дæр хизæнт. Кæмæн уа ацы хъуыддаг хъыг, Æхсæв-иу уый дæндæгтæ риссæнт! Дæттут æнæвгьауæй сымах Йæ разы уазæгæн уæ минас. Уæ хъул æдзухдæр бадæд сах, Цæрут фæйнæ сæдæ ’мæ иу аз! Уæ фæллæйттыл куыд кæнат цин, Уæ фыдгултæ куыд мæлой дисæй. Дæ цыхт, æрыдойнаг æфсин, Фæлдахын ма комæд мæцъисæй! Уæ фыс пылыйас уæд — стыр, Уæ гогыз галæй къаддæр ма уæд. Дæттæд уæ хъуг цистернæ ’хсыр, Уæ карк дæс айчы бон æфтауæд! Куывдтæ, чындзæхсæвтæ кæнут, Фыднозт та уæм æрцæуæд урæд! 281
Уæ хорз фыдæлты аккаг ут, Цыппæргай фазæттæ уæм гуырæд! Уæ дыргъдон уæд æлæмау зад, Фæлмæн къæвда уæ хуымтыл уарæд! Нæртон — уæ къæбицты бæркад, Барту уын булæмæргьау зарæд! Уæ хистæртæ зæрдæрухс уæнт, Кæсæнт сæ кæстæртæм, сæ хуртæм! Уæ рæсугьд чызджытæ цæуæнт Чындзы нæ Иры сахъ лæппутæм! 282
ХЪАСАЙ - ДЫМЫСТÆР Памфлет Цы ис дзырдхæссæгæй æгаддæр! - Уый зæрдæтыл æфтауы низ. Дымыстæр уымæй дæр æлгьагдæр, Æмæ нæм ахæмтæ дæр ис. Нæ фыдæлтæ нæ уарзтой сайын, Стыр аипп сæм сайын каст. Уый зæрдыл даргæйæ Хъасайæн Йæ хабæрттæ кæндзынæн раст. Хъасайы хорз зонынц нæ хъæуы, - Зæдау йæ уынд æмæ йæ конд, Фæлæ уьтй иуы дæр нæ хъæуы, Æдзух у фисынмæ йæ зонд... Мæйгай йæ усмæ дæр нæ дзырдта, Мæстæй йын аскъуыдта йæ цард. Йæ цоты алырдæм фæсырдта, Æмæ цæрынц кæмдæрты дард. Хæстæг ын нæй, нæй уымæн хицон, Нæ зоны ’мбал, хæстæг, æрвад, У иппæрд се ’ппæтæй,— цæвиттон, Æрвиты иунæгæй йæ цард. Хъасай йæ хъæубæстæн нæу адджын, Æнæуынон æй хонынц ам. У йе ’взаг, калмы ’взагау, маргджын, Йæ зæрдæ — сау æмæ хæрам... Сыхбæстæй иуимæ нæ цæры, Ысты йын иууылдæр «æвзæр». 283
Уый хицæутты зæвæттæ сдæры, Ысдæры ноджыдæр кæмдæр. Уæддæр йæхицæй у сæрыстыр, Фæлæ йæм нæй цæуæг хæстæг, Уый хонынц иууылдæр — дымыстæр, Дзырдхæссæг, хахуыртæхæссæг. Куыд дзуры, афтæмæй кæддæрты Бæрзонд бынæтты дæр куыста. Куыстмæ йæ не ’вдæлдис — æмбæлттыл Фæйнæрдæм хъылматæ фыста. Фылдæр хатт та йæ дзыппы кадæн Æфхæрдта иннæты рæстæй. Нæма-иу бахъарм ис йæ бадæн, Æмæ-иу тард æрцыдис куыстæй. Ызгьорынц бонтæ, мæйтæ, азтæ, Цыбыр кæны æрвылбон цард. Нырма, Хъасай, цæрыс, æгас дæ, Фæлæ дæм адзал нал у дард. Кæй цæссыг дыл, гье уæд ызгьæлдзæн? Кæй цæстыбын нæ кæндзæн хус? Уæд хорзæй дзурæг лæг цы зæгьдзæн Дæуæй дæ ингæны уæлхъус? Зæгьдзæн: — Хъасай, æгас ды нал дæ, Дæ цард уыд азымаг, æлгьыст. Дымыстæрæй уæлæуыл цардтæ, Дзырдтæхæссæг дæр уыд дæ куыст! Фæцардтæ алкæмæн ызнагæй, Æмæ дыл ничи кæны хъыг. Æрвадæй, хионæй, сыхагæй Дæуыл æппарæг нæй цæссыг.
Ныр абон чидæриддæр зоны: Хъасай, дæ бынат у цæттæ: Йæ тæккæ зындæр ран зындоны - Ды уырдæм хи къахæй цыдтæ. Дæуæн нæ уыд æгас дæр, мард дæр, Дæумæ нæ уыд æфсарм, æгьдау. Куыд нал гуырой Хъасайтæ дарддæр, Ды ахæм амонд радт, Хуыцау! <ææ* 285
ФÆСТАГ САЛДАТ Æнæмæнг уыцы дуг æрцæудзæн, Хæстонтæй ма цæрдзæнис иу. Зæронд салдат нæ цуры ’рлæудзæн, Æрггивдзæн ордентæй йæ риу. Кæсдзæнис адæммæ æдзынæг, Зындзæн йæ цæстæнгасыл рис, Æмæ йæм хъусдзысты лæмбынæг, Æмæ кæндзысты адæм дис... Йæ сæр нывондæн уый куыд хаста, Куыд уыд Уæлахиз уымæ дард. Уый хуры хурхортæй куыд байста, Куыд байста удхортæй нæ цард... Куыд кодтой урс къуыримæ хæсты Ыстдæсаздзыд лæппутæ уæд. Æмæ цы уæлмæрдты, цы бæсты Йæ рахиз цонг æрцьтд ныгæд, Æмæ йæм диссаг дæр нæ кæсы, Фæзæгъы: диссаг дзы цы ис? Нырма йæ уæны бын куы хæссы, Сармадзаны нæмыджы схъис. Йæхицæн кад кæнын нæ курдзæн, Йæ зынтæй ма уыдзæн фæллад. Бæлвырд йæ хабæрттæ фæдзурдзæн — Йæхицæй не ’ппæлдзæн салдат... Фæлтæрты бахызта зындонæй, Æнусты баззайдзæн йæ кад! Æндонæй конд у уый, æндонæй, Фыдыбæсты хæсты салдат! Кæндзысты йын æмдзæгьд лæугæйæ, Ызмæлдзæн афтидæй йæ дыс... Кæндзысты чызджытæ кæугæйæ, Æнæцонг салдатæн хъæбыс!
ФÆЛТАУ (Кочысаты Мухарбеджы фæзмгæйæ) Æз уыцы цæстытæ куыд уарзтон, Æрмæст сæ иу уалдзæг зыдтон. Мæ сæр сæ æз бæрзæндты хастон, Мæхи сæ айдæнау уыдтон. Фæлæ мæ рохуаты ныууагьтой, Æмæ сæ нал уынын ныр, нал. Сæхи æндæр кæмæндæр радтой, Æмæ куыд нæ уа уый дæр хъал? Мæн уыдон нал хæссынц сæ сæрмæ, Æз рохы баззадтæн бынтон. Кæсынц цымыдисæй æндæрмæ Æмæ сын ницы у мæ бон. Мæ цæстыл ауайы сæ æрттывд, Мæ цæстыл ауайы сæ каст. Цымæ, кæмæн радтой сæ рæвдыд? Цымæ, кæмæн радтой сæ уарзт? Æппын сæ иу уынæг нæ уыны. Кæм ысты абон та, цы сты? Æрмæст ма хаттæй-хатт мæ фыны Æз фенын сау дыууæ цæсты. Мæныл кæд аивтой сæ зæрдæ, Мæнмæ кæд нал цæуынц хæстæг, Уæддæр сæ æрттивгæ цæхæртæ Æрфæны фæдау уæнт бæрæг! Цьт ма кæнон сæ кой ныр дардыл? Уыдысты, гъæй-джиди, æвгьау... Фæлтау куы нæ федтаин царды Æз уыцы цæстытæ.., фæлтау... 287
хъуым* (Литературой народи) «Ныхъхъус ис хъуым... Йæ тар зиллакк быгъдæг у, Æфтауы уый æвронг сагъæстыл мæн... Ныхъхъус ис хъуым...». (Цæрукъаты Алыксандр «Хъуым» «Мах дуг», № 3, 1983 аз) Дард Урсдоны стыр хъæдæн йæ тары Ныхъхъус ис, бамбæхст хæмпæлты бын хъуым. Фæндаг æм уырдæм цуанон дæр нæ ары, Сты Царциатæн сæ диссæгтæ, гье, уым: Тæхын нæ уæндынц зæдтæ дæр йæ сæрты. Нæ уæнды арв дæр уый сæрмæ нæрын. Хæстæг æм хосдзау хосы цъупп нæ кæрды, Лæсы хæрдмæ йæ бынæй мигьау рын... Ам цас ис, цас, гуыппырсартæ, уæйгуытæ, Сæ иу та у дыууадæс сæрон, куырм... Зæрдæнизтæн сæ равзæрæн ды куы дæ, Ды — сæрсæфæн, æлгъыст, æвирхъау хъуым! Дæ бацæуæн — кæлæнтæ æмæ хинтæ, Бæрзæйсæттæн, фыдбылызджын — йæ раз. Æхсæвæй-бонæй хæйрæджытæ, зинтæ Кæнынц ам алла, уадзынц уæнгты тас! Нæ уæнды сугдзау дон нуазынмæ ардæм, Ам не сты рагæй сырдтæ дæр æдас. * X ъ у ы м — хъæды кæнæ быдыры стыр дзыхъхъ, хæмпæлты бын вæййы донæй йедзаг. У тæссаг алкæмæн дæр. Сæрсæфæн.
Тæссаг у хъуым, кæнынц йæ кой ныр алкæм,— Цыд «Мах дуджы» дæр уый тыххæй ныхас... Йæ тары змæлынц донбеттыртæ-йедтæ, Кæнынц йæ былтыл дæлимонтæ хуым. Цæй хорз уынынц йæ цæстытæ поэтæн: Æрмæстдæр федтой æрдзы мидæг хъуым!..
мужская слеза 22 июня 1941 года Великая Отечественная война застала меня в первом Орджоникидзевском Краснознаменном военном училище курсантом. Ровно через 45 лет — 23 июня 1986 г. я вновь посетил родное училище — ныне Орджоникидзевское дважды Краснознаменное высшее общевойсковое командное училище имени Маршала Советского Союза А. И. Еременко. Многое здесь сохранилось, и, конечно, многое изменилось. Перед глазами вновь встали мои товарищи - курсанты, с которыми я учился и уехал на фронт. Многие из них не вернулись. Это стихотворение написано под впечатлением горьких воспоминаний о начале войны, о потере многочисленных друзей и товарищей на войне. Оно написаио, как говорится, кровью сердца. Знакомы мне, друзья, казармы эти, Знаком зеленый этот ровный плац. Здесь в самый, самый длинный день планеты Встречал курсантом я тревожный час. В тот день мы ждали отдых интересный — Не раз курсанту ночью снится он. Ведь был приказ, что в этот день воскресный Поедет в цирк наш первый батальон. Уже готовы были мы в дорогу, Немного оставалось ожидать. Но вдруг... Но вдруг горнист сыграл тревогу - Что было дальше — трудно описать! «Вставай, страна огромная!» — запели, Настало время Родину спасать. Все рвались в бой, вперед к великой цели, С врагом жестоким грудью грудь встречать. 290
Весь батальон уехал ночью темной Туда, где шли жестокие бои. Пятьсот ребят красивых, храбрых, скромных, И все они — товарищи мои, Мне не забыть знакомые их лица. Они с врагом сражались, как могли. Из них вернулись только единицы, Другие за Отчизну полегли... И память снова к этим дням вернулась: Кого-то ищут жадно здесь глаза. И незаметно по лицу скатилась Мужская раскаленная слеза... 291
НАНАЙЫ САГЪÆС Нана зæронд у, федта царды бирæ, Уæлæуыл хорзæй баззайдзæн йæ фæд, Йæ хъысмæтыл, йæ сомбоныл нæ Ирæн Кæны æрвылбон сагьæс æмæ мæт. Уый арæх ныр йæ рагон бонтæ мысы: - Чысыл хуртæ мын къорд радта Хуыцау, Ныр авдæнты хъæр хæдзæрттæй нæ хъуысы — Нæ Иры ахæм равзæрдис æгьдау... Кæм ма ис абон мадæлтæн сæ фæстæ Ирыстоны дзæвгар сабитæ, кæм? Иры дзыллæ! Цыбыр кæны нæ хъæстæ: Куыд дарддæр - тагьддæр ивылæм мæрдтæм... Æфтауыс абон мæн, Ирыстон, дисы, Кæнæм æргом цæстуынгæйæ куынæг. Фæдисы хъæр кæнын хъæуы, фæдисы! — Нæ артдзæст махæн байдыдта мынæг... Æдзух нæм дуæрттæ хъæргæнджытæ хойынц, Æртыгай зиантæм бахъæуы цæуын. Мæт æмæ сагъæс зæрдæтæ ныххойынц — Куы хъусай иу бон уал ранæй кæуын... Фылдæр бон бадæм даргь фынгтыл мах хисты, Фæлæ нæм уый хыгъд — ног гуырдтæ та стæм. Кæдæм цæуæм? Æрхъуыды кæнæм исты - Мах не сæфты фæндагыл лæуд ыстæм. Кæддæрау сомбон йемæ фарн нæ хæссы, Æмæ æз уымæй стыр сагьæсы дæн: Нæ уæлмæрдты ингæнты нымæц рæзы — Фæскъæвда сæрды зокъоты хуызæн... Мæ зæрдæ Иры сомбонæй нæ райы, Æз иу нæ дæн — тыхстдæртæ ис мæнæй. Нæ нымæц митау бонæй-бонмæ тайы, Кæддæрау нæм куырыхон лæгтæ нæй... Мыййаг, кæд рагон тæригъæдтæ фидæм, Кæнæ ныл хинтæ бафтыдта ызнаг.
Иу райгуыры — дæсы мæрдтæм æрвитæм, Кæдмæ уыдзыстæм афтæмæй мах фаг? Чысыл у Ир. Лæджы цæст ыл æххæссы, Нымæцæй дæр мах цастæ бирæ стæм? Цæгьдынц нæ знæгтæ — уый нæм фаг нæ кæсы, - Нæхæдæг дæр кæрæдзийы цæгъдæм. Фыдгултæ та куы ’рбацæуой хæстимæ, Сæ бæллæхтæ нæ кæнынц махæй рох, Ирон лæппу уæд иунæгай дæсимæ Куыд сарæхдзæн, куыд кæндзæн семæ тох? Фыдусы ’лгъыст æрцыдис абон махыл, Нæ хъуырмæ стæм фыдбылызæй, рынæй. Куыд ыслæудзæн Ирыстон уæд йæ къахыл? Уæддæр нæ астæу «Ай циу?» зæгъæг нæй... Æмæ дæ сомбон тынг бæллиццаг нæу! Æрыхъал у, дæ алы фарсмæ акæс, Цæмæй фыдгултæ ма бахæрой дæу... Гъе уый тыххæй цыхуыздæр фæндон рахæсс! Нæ йæ зонæм, кæдæм цæуы нæ фæндаг, Мæн уадзы иуæй ацы хъуыды тас. Мах ихсийæм нæ фыдгултæн сæ фæндиаг, Ды та кæм дæ, нæ Иры «Стыр Ныхас»? Дæ раны дæ, Ирыстон, ды дæ раны, Нæ хъал кæныс, уæддæр кæныс фынæй... Дæумæ кæддæрау ацы тас заманы Куыстхъом, хæстхъом фæсивæд бирæ нæй! Нæ нæртон лæгтæй алчи дæр йæ рады Ирыстонæн йæ амондыл куыста. Кæм ыстут ныр Гаппо æмæ Хъуыбады? Кæм дæ нæ ныфс, нæ раздзæуæг, Къоста? Æрыхъал ут уæ ингæнты нæ хъæрмæ, Мæрдтæм дæр хъуысы ахæм сахат хъæр! Тымыгьтæй зилынц сау мигьтæ нæ сæрмæ, Мах абон ногæй бахъуыдис уæ сæр! Фæцис йæ ныхас зæронд ус кæронмæ. Ныххоста чидæр кæрты дуар уæд. «Æрæнцади Бечмырзæ. Рухсаг уæд!» 24.11.96 аз 293
ХЪАРÆГ ÆРДЖЫНАРÆГЫЛ Нæ культурæйæн йæ тæккæ зынгæдæр объекттæй иу - Дзы- латы мæсыг — цалдар азыразмæ афæлдæхт. Цæйдæр æмæ кæйдæр аххосæй. Ирыстоны уæды разамынд зылынджынты адæмæй басусæг кодта. Нæ сæ хъæр кæны йæ адæмæн ныры хицауад дæр. Уæдæ Дзылаты мæсыг фæстæмæ саразыныл дæр ацал-ауал азы ничи кусы. Ферох ис нæ хицауадæй... Ирон æмбисонд зæгъы: «Хорзæн бын ма скæн, æвзæрæн бын ма ныууадз». Цымæ, абон мах ацы дыууæйæ кæцытæм хауæм? Æрджынарæг. Тæтæртупп. Дзылат - Æндæр ахæм бæстæ кæм ис? Кæддæрты стыр цаутæн сæ бынат — Кæнынц сыл рагæй адæм дис... Ам хан Тимур хан Тохтамышы Ныккодта Терчы был дæрæн. Истори ацы цаутæ мысы,- Нæй уыдон рохгæнгæ цæрæн. Ам абухтой фашистты ’рдонгтæ, Иры бæстыл æфтыдтой арт. Æвзæрстой дзыллæтæ фыдбонтæ. Фæлæ æрцыд фыдызнаг тард. Уыдис ам зæдтæн дæр сæ бадæн, Хъæрæй дзурæн дæр дзы нæ уыд. Ам Дзылаты рæсугъды кадæн Бæрзонд мæсыг хæрдмæ фæцыд. Æнусты ацы ран лæугæйæ Æвдыста райдзастай йæхи. Æмæ йыл дард балцьг цæугæйæ Фæдзæхстой бæлццæттæ сæхи. Ныр мæсыг афæлдæхт, ныммуртæ, Кæй къух æм батасыдис, кæй? Пырхæй лæууынц йæ разы дуртæ, 294
Фæлæ ам: «Ай циу?» - зæгъæг нæй! Уæларвæй иу æхсин æртæхы, Æмбисæхсæв куы вæййы, уæд. Фæзыны райсомы æртæхы Æрфæны фæдау ам йæ фæд. Бæрзонд, гуырвидауц, астæу — нарæг, Кæсынц дзы хуртæ ’мæ мæйтæ. Кæны ам алы æхсæв хъарæг. — Цымæ, ды чи дæ ’мæ кæй дæ? Уый Дзылат агурæг æрцæуы, Йæ мæсыг — нал ын у æгас... Æмæ йæ хъысмæтыл фæкæуы, Ыстæй та байдайы ныхас. - Кæм дæ, мæ хъалгæнæн, ды абон? Кæм дæ æрдхæрæны мæсыг? Нырыккон варвæртæ — гъе, адон Дæуæн дæр акалдтой дæ рыг... Мæныл ныр къорд æнусы рацыд, Нæ мæм уыд иу лæг дæр хæрам. Цыд Пушкин Эрзеруммæ балцы Æмæ æрфысым кодта ам. Æрхызт Ирыстоны къæсæрмæ, Уыдта тызмæг Теркæн йæ хъазт. Ысхызт мæ мæсыгæн йæ сæрмæ Æмæ дзы алырдæм факаст. Тæхын æз алы æхсæв ардæм, Кæнын ам марой æмæ хъыг... Нæуæгæй самайут, о адæм, Мæнæн мæ загъддаджы мæсыг! Кæддæрау ам нæ бадынц зæдтæ, Вæййынц дзы æхсæвтæ мæйдар. Уæдцæр Ирыстоны бæлццæттæ Сæхиуыл бафтауынц ам дзуар. Ызгьæлы Дзылатæн йæ цæссыг. Ызгъоры суадонау бынæй. Фæлгæсы, агуры йæ мæсыг, Фæлæ бæстыл йæ кой дæр нæй... Нæртон Терк уромын нæ комы Æнусты цыд æмæ цæуы. Чысыл фалдæр та Дзылат комы Хæкъуырццæй алы ’хсæв кæуы... 295
Æз дæр æм иу изæр фæхъуыстон, Йæ хъарæг Терчы былмæ хъуыст. Кæд дæм бахъардзæн, кæд, Ирыстон, Дзылаты рæсугьдæн йæ рыст? 22.06.96 аз <æ@э 296
ХÆРЗБОН Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ цæугæйæ Фыдызнаг та æрбабырста нæ бæстæм, Хæцын нæ бахъуыд, нал нын ис гæнæн. Æмæ та ногæй бавнæлдтам нæ гæрзтæм,— О Уастырджи! Фæндараст нæ фæкæн! Тæссаг рæстæджы зонæм мах нæ хæстæ: Æгады цард хуыздæр мæлæтæй нæу! Хæрзбон уал ут, хорз баззайут нæ фæстæ, Нæ бинонтæ, нæ сыхбæстæ, нæ хъæу! Хæсты быдырæй хорз хабæрттæ хъусут, Кæрæдзимæ æрвылбон дарут цæст! Уæ хъару цас у, уый бæрц иумæ кусут — Уый домы абон алкæмæй дæр хæст. Налат у знаг — тыхджын æмæ æгьатыр, Уæдцæр кæндзæн йæ сæр фыдгулæн сар! Нæртон лæгау уыдзыстæм мах хъæбатыр, Фыдæй нын баззад ныфс, хъару, æхсар. Фæстæмæ махæй нал раздæхдзæн бирæ, Уæддæр цæуæм,- æнæ цæугæ нын нæй! Йæ ном æгад нæ фæкæндзыстæм Ирæн,— Нæ баззад уый ирон лæгæн фыдæй! Ызнагæн мах æрцахсдзыстæм йæ рохтæ, Кæндзæнис уый йæ хъуыддæгтыл фæсмон, Ныр та уал, цæй, нæ мадæлтæ, нæ хотæ, Нæ сабитæ, хорз баззайут, хæрзбон!.. 297
САГЪÆС НÆ ИРЫЛ Ирон адæмы нымæц кæны азæй-аз къаддæр. Мæнæ дыууæ дæнцæджы: 1. 1926 азы чи райгуырдис, ахæм лæппутæ Хъæдгæро- ны 1944 азы уыдис сæдæйы бæрц. Ныртæккæ, фæстаг азты, хъæуы 30-35 сывæллонæй фылдæр нал гуыры. 2. 1954 азы нæ хъæуы скъолайы ахуыр кодта 1700 скъола- дзауы. Абон та - 480 сывæллоны. Сагъæссаг хъуыддаг! Уæззау, тæссаг йæ уавæр у нæ Ирæн, Йæ сомбон ноджы сагьæссагдæр, зын. Кæнынц нæм знæгтæ н’ алыварс æртхъирæн, Нæ сæрмæ бадынц сау мигътæ бæзджын. Ирыстон! Сыст уынгæг Дайраны комæй Сечермæ. Ма кæн раздæрау фынæй! Хъæуы ныр хонын алцыдæр йæ номæй, Æндæр гæнæн ныры рæстæджы нæй... Ыстыр Хуыцау! Дæумæ æрвылбон кувæм, Æруадз ныл ды - цы уыдзæнис хуыздæр! Нæ зыны бон дæуæй æмдзыхæй курæм: Фæсивæд радт Ирыстонæн фылдæр. Нæ хъысмæтыл кæнын хъæуы мах сагьæс, Кæддæрау уый бæллиццæг абон нæу... О Уастырджи! Дæ хорз цæстæй нæм ракæс — Нæ ныфсдæттæгыл мах нымайæм дæу! Бынмæ цæуы нæ нымæц азæй-азмæ, Кæддæрау бирæ фæсивæд кæм и! Куыд æрлæудзыстæм уæд фыдгулты размæ? Куыд бахиздзыстæм не знæгтæй нæхи? Цыбыр кæны йæ фæсивæд нæ Ирæн, Уыдзæн йæ сомбон уый тыххæй зындæр... 298
Кæм нæ кусы мыдыбындзытæ бирæ, Нæ вæййы ахæм чыргьæдьг мыд дæр! Ирон сылгоймаг, нал зоныс дæ хæстæ, Цæмæн лæууыс дæ дзыллæмæ ды ных? Кæддæрау нал ис бирæ цот дæ фæстæ, Æмæ сæттыс Ирыстонæн йæ тых... Фыд дуг ыскодта, бамбæхсæн дзы нал ис, Ирон сылгоймаг, бауырнæд уый дæу: Куы нæ дæтга чындз алы аз дæр саби, Уæд ахæм чындз йæ адæмы чызг нæу! Дæ уынд-дæ кондыл дардбæстæты дзурынц, Ды махæн дæ нæ тых, нæ ныфс, нæ кад. Дæу маршæлтæ бинойнагæн агурынц, Нæ дын фесæфт Сатанайы бæркад! Иры рæсугьд! Куы фенæм мах дæ номæй Дæ гыццыл хуртæй фараст кæнæ дæс - Дæ бон у уæд зæгьын хъæрæй, æргомæй: «Мæ Ир, дæ размæ бафыстон мæ хæс!» Нæ Иры мад! Дæ фæхъхъау уæнт нæ удтæ, Дæуæй уыдыстæм алкæд дæр ныфсджын, Æмæ нын радт фылдæр нæртон лæппутæ - Уыдзæн Ирыстон, Нартау, уæд тыхджын! 299
НЫХАС ÆЛГЪЫСТ ХÆДЗАРИМÆ Арын дзыу Дзæуджыхъæуы Бутырины уынджы 7-æм номыр цы хæдзарыл и, уый ном. Ам бирæ дæсгай азты дæргъы ВЧК, ОГПУ, НКВД, НКГБ æмæ КГБ ахстой æмæ цагътой æнæ исты аххосæй нæ адæмы хуыздæрты. Ацы хæдзар йæ уындæй дæр зæрдæниз æфтыдта нæ адæмыл. Кæд алцы хонын байдыдтам йæ номæй, Æцæг кæд райхæлд не уæнггæн сæ баст, Уæд афон у, æмæ зæгьæм æргомæй Нæ зæрдæты, нæ удты судзгæ маст! Æлгьыст хæдзар, нæ дзыллæтæй, нæ дугæй Æрцыд рæстæг дæ зæгьинæгтæн ныр. Ды удæст дæ цæстысыг æмæ тугæй, Ды дæ нæ фыдты дудгæ фыд, нæ рын. Дæ алыварс ам бирæ ис хæдзæрттæ — Бæрзонддæртæ, ныллæгдæртæ дæуæй... Нæ раздæры, нæ абоны фæлтæртæн, Уæддæр дæуæй æнæуынондæр нæй! Æмæ ныр дæр куы фæцæуæм дæ рæзты, Уæд нæ дæ уынд кæмæн нæ вæййы зын? Кæцы лæгæн нæ ауайынц йæ цæстыл — Цæвын дзæбугæй, наганæй æхсын. Ам чи цагьта нæ хуыздæрты æрвылбон, Лæджы хъысмæт кæмæн уыдис йæ бар, Уырыссагау палачтæ хуыйнынц уыдон, Иронау та, æвæццæгæн,— лæгмар! Цыдысты ардæм ризгæйæ, тæрсгæйæ, Фæстæмæ нал уыд ардыгæй фæндаг... Уæд се ’ппæтыл дæр удхортæ, дæсгæйттæй, Æвæрдтой иу ном: «Адæмы ызнаг». 300
Хатыр æмæ тæригьæд дьг нæ зыдтай, Дæумæ нæ хъардта адæймаджы рис... Ды залиаг калмау дзыллæты ныхъуырдтай, Кæфхъуындарау нæ зыдтай ды æфсис... Лæджы хъысмæт цыдис ам лыг цыбырæй, Дæ амæттæгтæй цал баззад æгас? Æнæ дарæгæй, сидзæрæй, мæгуырæй Гыццыл сабитæ цас ныууагьтай, цас! Æхсæвыгон сæ къухтæ фидар бастæй Дард хъæды тарфмæ (уыд фæсвæд йæ ран!) Дæ хицæуттæ сæ амæттæгты ластой — Йæ «рæйдæй» не ’нцад бонмæ ам наган. Æрыгæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ — Ам цас адæмыл нал ысрухс ис бон... Фыссы «Рæстдзинад» къорд азы сæ нæмттæ, Фæлæ нæ зыны номхыгьдæн кæрон... Йæ уæнгты уадзы тас лæгæн дæ кой дæр, Цæуын дæ цурмæ чи уæнды хæстæг... Хæдзары хуызы долапи куырой дæ — Ыссадтай мингай адæмтæ лыстæг... Лæджы цард ам нæ уыд нымад æвгьауыл, Сæдæтæй, минтæй ардтой ам мæлæт. Нырма дæ уынд дæр дзыллæтыл æфтауы Зæрдæниз, Катай, Сагьæс æмæ Мæт... Дæ хабæрттæ дард тар хъæды цыдысты — Тæхуды ’мæ, куы зонид дзурын хъæд, Уæд нын зæгьид, цы ран ысты, кæм ысты Дæсгæйттæ ’мæ сæдæгæйттæ ныгæд! Ыссарæм сын сæ ингæнтæ! Куыд лæууæм? Ыскъахæм зæхх Æрхонгомы уырзгай! Хъæрæй сыл иу бон, дзыллæтæ, ныккæуæм — Нæ цæссыгæй сын бакæнæм ныр хай! Кæд ма ыстæм, æцæгæйдæр, мах адæм, Кæд бавзæрстам нæ уæлæуыл зындон,- Æрцæуæм иу бон иууылдæр уæд ардæм, Ыскæнæм Ног Бастилийæн тæрхон! 301
МÆ ФÆЛТÆР Артиллерийы сæйраг Маршæл К. П. Казаков куыд фыста, афтæмæй 1921, 22 æмæ 23-æм азты гуырд лæппутæй ма хæстæй сыздæхтис æдæппæт 2 проценты, Уыдон дæр фылдæр — чи æнæ къахæйу чи æнæ къухæй, чи къуылыхæй, чи та — цæнкуылæй. Бындæр цырæнхъытæ ныффыстон ме ’мгæрттыл, уыдон сты, куыд фæзæгъынц, зæрдæйы тугæй фыст. Уæззау, зын рæстæг схъомыл ис мæ фæлтæр, Фæкæсы диссаг бирæтæм уый ныр. Хæрынæн махæн фаг нæ уыд къæбæр дæр: Бæгънæг, бæгьæввад, стонг æмæ мæгуыр... Цы ’мбæрстон уæд? Мæ сæр æй абон ахсы: Мæ мад Косер цы тухитæ уыдта! Æхсæв-иу бонмæ бахуыдта дæс уафсы, Нæ бызгьуыртыл æмпъузæнтæ хуыдта. Фылдæр хатт-иу нæ раласта йæ гæрстæ, Æмæ-иу базыл не ’руагъта йæ сæр. Чи бафыста, ныййарæг мад, дæ хæрзтæ? Нæ сæ бафыстон, охххай-гъе, æз дæр... Уæддæр нæ зарын хъуысыд махæн дардмæ, Зын царды дæр нæ цудыдта нæ къах. Тырныдтам размæ, рухс фидæнмæ — цардмæ, Хуыдтам нæ дуджы амондджын дуг мах! Наркотиктæ ’мæ хъылматæ нæ зыдтам, Зыдтам æфсарм, æгьдау, нæ царды уаг. Чапаев, Петкæ, Чкаловы фæзмыдтам, Æмæ нын уыдон амыдтой фæндаг! 302
Уыдис æгъдауыл н’акъахдзæф, нæ бавнæлд, Æрыгонæй дæр хъахъхъæдтам нæ кад. Мах уарзæттимæ дзурынмæ нæ равдæлд — Æваст уæззау хæст мах хъуыры фæбадт... Æнкъуысыд зæхх, нæрыдис бæстæ дардыл, Арв нал уыд цъæх — уый фæздæгæй ныссау. Æстдæсаздзыдтæй н’ ауæрстам нæ цардыл, Цыдыстæм тохы цæхæрмæ лæгтау. Уæрæсейы, Европæйы быдырты Фæцис мæ фæлтæр царæфтыд, зынгхуыст. Æмæ нырма сæ фылдæры цыртытыл Сæ ном нæма у абонты дæр фыст... Цæмæндæр амонд ацыдис нæ рæзты, Цæмæндæр алыгьд махæй уый тæргай. Хъысмæт фæкодта амондæн йæ бæсты Уæззау хæсты фыдбылызтæ нæ хай. Нæ бафтыдтам, о Райгуырæн, дæ цæсты Нæхи зын рæстæг, о Хуыцау, æркæс! Фыдыбæстæйы Стыр тугкалæн хæсты Куыд æмбæлд, афтæ бафыстам нæ хæс. У махæй хъал! Нæ бафснайдтам нæ сæртæ, Лæгтау кæронмæ ахастам нæ уаргь... Æмæ, æнæмæнг, фидæны фæлтæртæ Мах мысдзысты, кæндзысты махæн аргь. Ныййарæг мад! Ды сабитæ фæхастай, Кæсынæй не ’фсæст уыдонмæ дæ цæст. Уыдтæ дæ хъуырмæ сагъæс æмæ мастæй,— Дæ хъæбулты дын аныхъуырдта хæст... Æдзух цыдысты иуæй иннæ карздæр Дæ номыл сау гæххæттытæ хæстæй. Дæ адзалæй мæрдтæм фæцыдтæ раздæр Зæрдæрыстæй, дæ хъæбулты мæстæй... 303
Мæ рæстæджы хæрзконд, рæсугъд чызджытæ, Куыд ис мæнæн æнæскæнгæ уæ кой? Сымах нæ систут разгæмтты чындзытæ: Лæппутæ нал уыд — чи кæны уæд мой? Æнцон мын нæу уæззау хабæрттæ дзурын, — Куыд нæ дзурон? Æмгæрттæй сидзæр дæн. Æмæ хатыр æз алкæмæй дæр курын: Цæрьтн зын у æнæ ’мгарæй лæгæн... Кæнын æз арæх сагьæс æмæ катай, Йæ хъул нæ абадт мах фæлтæрæн сах... Уæддæр мæ зæрдæ барухс вæййы хатгай,— Куы фенын фыны, ме ’мгæрттæ, сымах! ш©
е* æлæмхасæн 20 Бокоты Солтан
ЦАРДÆН ЙÆ ÆРФЫТЫ Хъæдгæроны Культурæйы хæдзары адæмæй къух бакæнæн нал уыд. Ардæм æрæмбырд сты хъæуы цæрджытæ — стырæй, чысылæй. Хæдахуыр артисттæ сын нæ республикæйы автономийы 60 азы бæрæгбоны кадæн бацæттæ кодтой стыр концерт. Мæнæ сценæмæ рахызтысты, сæ кой нæ бæстæйы нæ, фæлæ дунейы бирæ рæтты кæмæн айхъуыст, уыцы фольклорон зарæггæ- нджыты æмæ кафджыты ансамблы архайджытæ. Се ’хсæн ис хæсты æмæ фæллойы ветеран — Культурæйы хæдзары директор Бокоты Солтан дæр. Фæндыры аив, зæрдæмæхъаргæ цагъд æмæ Бокойы-фырты рæсугъд кафт баиу сты. Фæлæ уый та циу? Фæндырдзæгьдæгæн æрдæгыл фескъуыд йæ цагьд. Солтанæн йæ рахиз зæнг йæ быны фæтасыд. Ныдздзой-дзой кодта. Ныр дыууиссæдз азæй фылдæр йæ зæнджы нуæртты астæу цы минæйы схъистæ хæссы, уыдон та ногæй фæцагайдтой раздæры хъæбатыр хæстоны зæрдæ. Йæ хъустыл ма ауад кæйдæр тарст хъæр: — Тагьддæр... Дохтыр... Дохтыр... Фæлæ Солтан рамбырд кодта йе ’ппæт хъарутæ, йæ цæсгомыл фæзынд мидбылхудт, æмæ фæлмæн хъæлæсæй загьта: — Ма тыхсын кæнут уæхи... Нæ хъæуы дохтырмæ дзурын... Ныртæккæ фæдзæбæх уыдзынæн... Фыццагау зарæджы æмæ фæндыры аив цагъды зæлтæ дардмæ хъуысынц Хъæдгæроны Культурæйы хæдзарæй. Арф хъуыдыты ацыд Бокойы-фырт. Йæ цæстыты раз сыстадысты ивгъуыд бонтæ. Лæджы бындзæфхады ном хæссын райдыдта Солтан. Æнтыст- 306
джынæй каст фæцис Хъæдгæроны астæуккаг скъола. Дарддæр ах- уыр кæнынмæ бацыд Орджоникидзейы фыццæгæм Сырхтырыса- джын фистæг æфсæдцон училищемæ. Мады рустыл хъарм цæссыгтæ æрызгьордтой, йæ лæппуйы æфсæддон дарæсы куы федта, уæд. Рæвдаугæ хъæлæсæй йын раарфæ кодта: - Хæсты фыдæхæй хызт у кæддæриддæр, мæ хъæбул... Фæлæ æгьатыр рауад хъысмæт. Радио æрхаста фыдцауы хабар. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Косеры æнцъылдтæ рустыл нал æмæ нал хус кодтой судзгæ цæссыгтæ. Тохы быдырмæ афæн- дараст кодта цыппар хъæбулы: Цæрайы, Георы, Гуыргьохъ æмæ Солтаны. Даргъ æмæ гуыргьахъ рауад йæ хæстон фæндаг Солтанæн. Хæцыд хъуыстгонд 150-æм фистæг æфсæддон дивизийы. Бирæ хæттыты бацыд знагимæ лæгæй-лæгмæ тохы. Солтан уæлдай арæвдæр æрымысы, горæт Мелитополь куы уæгьд кодтой, уæд уым цы тугкалæн хæст бацайдагъ, уый. Уый уыд декабры хъызт зымæгон бонтæй иуы. Лейтенант Бо- коты Солтан æмæ йе ’мбæлттæ æнауæрдон тохы бацыдысты фашисты ныхмæ. Немыцæй бирæты барвыстой мæрдтæм. Фæлæ иу карз ныббырсты æнæнхъæлæджы Солтаны цур фехæлд минæ. Ницуал бамбæрста. Уырыссаг хъæбатыр салдат Давид Длигач йæ ирон хæстон æмбал Бокоты Солтаны йе ’ккой фæхаста цалдæр километры уæрагмæ миты быдырон госпиталмæ. Бæргæ слæууыд ногæй йæ къæхтыл Солтан, фæлæ йæ дохтыртæ нал ауагьтой хæсты быдырмæ. Ссис дыккаг къорды инвалид. Лæдзджыты æнцæйтты, йæ риуыл Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны орден тæмæнтæ калдта, афтæмæй бахызт йæ райг- уырæн хæдзары къæсæрæй. Ам фехъуыста æнамонд хабар: знаджы ныхмæ хæцгæйæ хъæбатырæй фæмард сты йæ дыууæ æфсымæры Гуыргьохъ æмæ Геор. ...Фæсте аззадысты хæсты тугуарæн азтæ. Адæм цин кодтой уæлахиздзаутыл. Хъæдгæронмæ хæсты быдырæй уæлахизимæ чи здæхт, уыдоны æхсæн иу бон Солтан фембæлд йе ’мкъласон Ай- ларты Надяйыл. Уымæн йæ риуыл бирæ хæрзиуджытæ, афтæмæй мидбылхудгæ Солтанмæ сдзырдта: — Мах, чызджытæ дæр, не ’ххуысы хай бахастам не стыр Уæла- хизмæ... Раздæры дыууæ æмкъласоны, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ар- хайджытæ Бокоты Солтан æмæ Айларты Надяйæн хъысмæт баиу кодта сæ царды фæндæгтæ. Скодтой чындзæхсæв. Дыууæйæ дæр дысвæлдæхтæй бавнæлдтой æмæ хъазуатонæй куыстой хæлд хæдза- 307
рад фæстæмæ йæ къæхтыл слæууын кæныныл. Схъомыл кодтой æвæджиау хорз цот: дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. ...Солтанæн чысыл фенцондæр, йæ хъæдгæмтты рис ын фæсыр- дтой фæндыры аив цагъды æмæ зарæджы рæсугъд зæлтæ. Мæнæ та ногæй сценæмæ рацыдысты, царды бирæ гуыргъахъ фæндæгты сæрты чи ахызт, абон нæ сæрибары хуры тынтæ кæй фæрцы та- вынц, зарæг се ’нусон цардæмбал кæмæн ссис, уыцы кадджын хистæртæ: Хæуытаты Агуыбе, Мхциаты Амырхан, Æгкацаты Гæбæдта, Хъесаты Солтан, Гуккаты Азау, Бокоты Тамарæ, Хъæстуаты Даухан æмæ æндæртæ. Се ’мрæнхъ ногæй балæууыд Солтан дæр. Уыдон бæрзонд сметой, нæ республикæйы автоно- мийы 60 азы бæрæгбоны кадæн сæрмагондæй цы зарæг бацæттæ кодтой, уый. ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат <æ©з* СТРОКИ БИОГРАФИИ Вот что писала «ЛИТЕРАТУРНАЯ РОССИЯ» в 1982 году о фольклорном ансамбле ветеранов войны и труда, о директоре Кадга- ронского Дома культуры, участнике и руководителе этого ансамбля С. Г. Бокоеве: «Все мужчины ансамбля - участники Великой Отечественной войны, их ратный подвиг отмечен орденами и медалями Советского Союза. Все они продолжают плодотворно трудиться. И грудь многих из них вместе с боевыми украшают награды мирные. Есть чем гордиться и женщинам, среди которых и Герои Труда, и Герои Материнства. О Солтане Гантеевиче нельзя не сказать особо. Во многом, благодаря именно ему, его энергии, неиссякаемому энтузиазму возник и живет такой полнокровной жизнью этот замечательный ансамбль. Человек он, несмотря на свои шестьдесят с небольшим лет, очень уважаемый в селении. Юношей ушел на фронт. Честно, славно воевал. Вернулся с телесным ранением, с наградами — орденами: Боевого Красного Знамени и Отечественной войны, меда- 308
лями. Учился, много лет учительствовал. Ученическая колхозная производственная бригада, которой он руководил, получила всесоюзную известность. В течение ряда созывов избирался депутатом, председателем сельского совета. Много хороших, добрых дел сделано им. Но одно из самых главных и важных, за которое ему так благодарны односельчане и поныне - создание фольклорного ансамбля ветеранов войны и труда. О событиях почти 30-летней давности рассказывает эта небольшая тоненькая книжечка - «Мандат бригады коммунистического труда». Посвящена она ученической бригаде Кадгаронской средней школы, ее высоким трудовым успехам, достигнутым самоотверженным трудом на колхозных полях. «Осень выдалась дождливая. Погожих дней было мало и бригада торопилась убрать урожай кукурузы. Усталые возвращались ребята вечером на стан. Шли напряженные рабочие будни. Работа на участке подходила к концу. И вот однажды на стан пришел запыленный, улыбающийся бригадир Солтан Гантеевич Бокоев», — так описываются в этой книге события тех далеких дней. - Да, так оно и было, - говорит в беседе со мной С. Г. Бокоев. - Я принес тогда своей бригаде радостную весть - с каждого гектара мы получили по 170 центнеров кукурузы. Коллектив ученической бригады получил тогда правительственную поздравительную телеграмму. На торжественном митинге, посвященном этому событию, было решено организовать красный обоз. В поле вышли учащиеся всех классов. В этот день кадгаронская ученическая бригада послала в закрома Родины 180 тонн отборной кукурузы. Одна за другой на Ардонский заготовительный пункт шли автомашины, доверху груженные отменными початками. ...В строках этой небольшой по объему книжицы не только напряженные будни прославившейся на всю страну школьной производственной бригады из Кадгарона, но и строки биографии Солтана Гантеевича Бокоева. В селении Кадгарон его знают все - от мальца, бегущего в школу, до старца преклонного возраста. Вся его жизнь прошла здесь, в родном селении, на виду у односельчан. Тридцать лет тому назад начал он работать учителем в Кадгаронской средней школе, тогда же возглавил школьную ученическую бригаду вместе с Н. X. Хутинаевым. 309
- Многие из членов дружной ученической бригады остались работать в родном селе, — рассказывает Солтан Гантеевич. Взгляд его потеплел, когда он стал показывать старые, бережно хранимые им фотографии, на которых были запечатлены молодые девушки и юноши на кукурузных и конопляных полях, заседании совета бригады, в минуты отдыха. - Солтан Гантеевич, — обратилась я к нему. — Я не ошибусь, если скажу, что это были самые тревожные и самые любимые дни вашей молодости... - Да, вы правы. Жизнь — это книга. У каждого своя. Одни строки более яркие, другие полустертые. Перелистывая мысленно страницы своей жизни, как бы вчитываешься в яркие строки былого или пытаешься вспомнить, а что же было здесь. Одно могу сказать, — время моего учительствования мне дорого и памятно, особенно период, связанный с ученической бригадой. А вот еще один памятный снимок - Всероссийское совещание председателей исполкомов и сельских советов депутатов трудящихся. Большой Кремлевский Дворец. Ноябрь, 1970 год. - К этому совещанию меня попросили подготовить доклад на тему «Сельский совет и вопросы соблюдения социалистической законности». Собрались со всей страны председатели сельских советов. Разговор, помню, получился хороший, обстоятельный. За долголетний период работы председателем сельского совета много пришлось решать больших и малых проблем сельского быта, строительства. ...В 1965 году, в год 20-летия Победы над фашистской Германией, председатель сельского совета Солтан Гантеевич Бокоев предложил односельчанам увековечить память тех, кто не вернулся в родное село, к теплу родного очага. Место было выбрано хорошее - в центре селения. 6 ноября 1969 года впервые в нашей республике был торжественно открыт памятник погибшим односельчанам. Имена 523 кадгаронцев, не вернувшихся с поля брани, обрели свою вторую жизнь, теперь уже вечную, в граните, в центре родного села. От трассы до южной окраины Кадгарона ведет дорога длиной около 6 километров. Сейчас это ровная асфальтированная лента, но сельчане помнят ее и другой — обыкновенной проселочной ухабистой дорогой. С большим трудом сельский совет смог выполнить один из важных депутатских наказов — заасфальтировать въездную дорогу, засыпать все улицы села гравием. 310
В период работы председателем сельского совета Солтан Ган- теевич Бокоев много внимания уделял вопросам развития художественной самодеятельности. Особое место в культурной жизни села занимал фольклорный ансамбль стариков. Издавна в селе любят и спеть, и послушать мужественные героические песни, так хорошо отражающие характер наших гор, нашего народа. Храня древние традиции осетинских сказителей, донесших до нас все величие и мощь нартского эпоса, участники хора и сами создавали песни о своих земляках, о своих товарищах и героях. Много песен, сценариев было написано для фольклорного ансамбля С. Г. Бокоевым. Неоднократно кадгаронский ансамбль выезжал за пределы нашей республики и страны, чтобы порадовать своим искусством многочисленных зрителей разных народов Советского Союза и зарубежных стран. Более 30 публикаций о фольклорном ансамбле из селения Кадгарон поместили на своих страницах многие центральные газеты и журналы. - Солтан Гантеевич, расскажите, пожалуйста, как возник ваш ансамбль? - Десятки мужчин, отдавших свою жизнь за свободу и независимость нашей Родины, не вернулись в родное село. Разве их подвиг менее величественен, чем подвиг тех, о ком говорится в старинных песнях? Разве они не достойны новых песен? — вопросом на вопрос отвечает мне Солтан Гантеевич и продолжает. - Само собой пришло решение восславить песней наших героев. Я обратился к старейшинам селения. Они согласились и одобрили мое предложение. Первой песней о героях-односельчанах, по общему мнению, должна была стать песня о братьях Каллаговых. Вместе подобрали слова, мелодию. Когда впервые эту песню исполнил мужской хор, у многих кадгаронцев на глазах были слезы. Так возник наш ансамбль. Позднее мы привлекли к участию в ансамбле женщин, дополнив и разнообразив репертуар старинными танцами. - Как сейчас обстоят дела в кадгаронском ансамбле ветеранов войны и труда, не поблекла ли со временем слава этого коллектива? - спросила я у С. Г. Бокоева. - Был временный спад. Некоторые из активнейших участников ансамбля по состоянию здоровья не могут больше принимать участие в репетициях. Невосполнимой утратой для нашего коллектива была и смерть Афако Сокаева. Сейчас с обновленным составом ансамбля мы готовим вокаль- 311
но-хореографическую сюиту «Победа». Впервые эту сюиту мы исполнили в 1976 году в рамках Всесоюзного фестиваля самодеятельного художественного творчества. Она имела большой успех. Сценарий сюиты написан мною, но сейчас я его доработал и будем готовить постановку к празднованию Дня Победы. С любовью и старанием хранит Солтан Гантеевич все документы, фотографии, вырезки из газет, в которых рассказывается о деятельности фольклорного ансамбля. Так же бережно хранятся среди всех документов, посвященных ансамблю, и Приветствие Генерального секретаря ЦК Социалистической Единой партии Германии Эриха Хонеккера, подписанное им лично и адресованное ансамблю в период их выступлений в ГДР. Солтану Гантеевичу Бокоеву в марте этого года исполнилось 65 лет. Вместе с супругой Надеждой Моисеевной они воспитали четверых детей. Все они получили высшее образование, живут своими семьями. Трагедия, которая несколько лет тому назад обрушилась на эту семью, не сломила их духа. Они стойко перенесли гибель сына. По-прежнему это честная, принципиальная, жизнелюбивая семья. Будущее свое Солтан Гантеевич связывает с возрождением ансамбля ветеранов войны и труда. Сейчас он работает художественным руководителем Дома культуры. Хранитель старинных традиций песенного фольклора, Солтан Гантеевич мечтает и готовится к тому дню, когда вновь ансамбль ветеранов всколыхнет сердца зрителей своим неповторимым искусством. - Надо сохранить наши песни и танцы, чтобы героика народного эпоса, народных традиций жила и в последующих поколениях, - говорит Солтан Гантеевич. - Я чувствую горячее желание и стремление продолжать и развивать эти традиции. Успехов вам и добрых пожеланий. Чтобы нить, связывающая поколения, была крепкой, никогда не ослабевала и не оборвалась. Чтобы истоки народного творчества умножали силу и богатство народа. Л. ГУДИЕВА 312
И СНОВА ПРОШЛОЕ НА СЦЕНЕ Коллектив Кадгаронской художественной самодеятельности объединил в своих рядах ветеранов войны, труда, людей пожилого возраста, молодых любителей сцены и художественного слова. Сегодня эта группа, которая выступает перед зрителями с удачными постановками, подкупает ярким талантом самобытных актеров, их непосредственностью, отличающихся на сцене оригинальностью воплощения роли, отсутствием бездарного подражания. Звучат ли строки стихотворных произведений или речи действующих лиц спектакля - они свои, присущие только им, кадгаронским артистам сельской сцены. Непременно нужно отметить, что такому удачному перевоплощению непрофессионалов в талантливых артистов на сцене первоосновой было то, что художественным руководителем коллектива стал Солтан Бокоев. Романтическая натура руководителя, поэтический дар облегчают ему дирижирование деятельностью коллектива. Именно он, Солтан, был первым организатором фольклорного ансамбля в Кад- гароне в 1961 году. Рядом с ним тогда проявили инициативу и другие сельчане: Афако Сокаев, Амурхаи Бегизов, Джорджи Ка- дзов, Ислам Алкацев, Еграс Абоев, Бабо Гугкаев, Дзбо Газданов, Гадзбе Караев, Дзабег Бокоев, Агубе Хаутов, Николай Лазаров. Пригласили в ансамбль и женщин пожилого возраста, чтобы они гармонировали со старшим возрастным составом мужчин. Ими были Надежда Борадзова, Азау и Тамара Гугкаевы, Земфира Дзо- дзикова, Ира Назарова, Мисурат Цуциева, Тауырзат Чехоева, Тамара Бокоева, Надежда Айларова и Лидия Кучиева. Так родился и обрел жизнь фольклорный ансамбль песни и танца с. Кадгарон. Под руководством тов. Бокоева, который сам сочинял для ансамбля и песни (например, «Песня радости», «Песня о Кадгароне»), и сценарии, коллектив успешно выступал на разных сценах, завоевывал симпатии зрителей. Так, о талантливых артистах не раз тепло отзывались журналисты на страницах «Правды» в период 1973—1984 годов. Громкие аплодисменты звучали на сценах Германской Демократической Республики, когда там на сцене танцевали и пели кад- гаронцы. Немало времени прошло со дня образования фольклорного ансамбля с. Кадгарон. Его коллектив за эти годы завоевал заслуженный авторитет и все это — благодаря умелому руководителю. 313
Недавно жители селения Ногкау попросили коллектив показать им что-нибудь из своего репертуара. Кадгаронцы подумали и остановились на музыкально-драматической сюите Солтана Бокоева «Радость со слезами на глазах», которую он написал к 50-летию Великой Отечественной войны. И вот на сцене селения Ногкау перед зрителями выступает коллектив кадгаронцев. Удачное по замыслу, творчески умело сочиненное произведение произвело должное впечатление, вызвало эмоции. А фабула сюиты такова: спокойная жизнь села отражается в обыденных домашних заботах. Женщина убирает в доме, готовит что- то и вдруг тревожный голос в репродукторе... Как эхо «Вставай, страна огромная» прокатилось по стране сообщение о вероломном нападении гитлеровской Германии на нашу страну. Женщина выскакивает на улицу и кричит: «Война, война, война, немцы напали на нашу страну». За кулисами звучит тревожная музыка, призывно подает свой голос труба. Собираются сельчане. На первый план выходят старшие Амурхан Мхциев, Хангуасса Каллагова. Они призывают встать на защиту Родины. А Хангуасса выводит своих сыновей и благословляет их на ратный подвиг, провожает в дорогу, по которой им не будет возврата. Так уходят на войну более 1000 мужчин-кадгаронцев. Старшие села уходят в партизаны. Вот и настали те долгие тяжелые дни, полные ожиданий и тревог, когда и заботы по дому, и сельскохозяйственные работы судьба взвалила на плечи женщин, немощных стариков, и не по возрасту повзрослевших ребят. Часто за кулисами звучат слова песни «Два письма». Грустными нотами трогают душу: «Когда же, родной, вернешься с победой к родному порогу, ей»... А с фронта, из окопов идут вести, идут треугольные письма, вызывающие слезы радости от теплого чувства, что где-то жив или сын, или муж. Значит, есть пока надежда, что он может вернуться к родному порогу. Но идут и с короткими строками скорби похоронки, и далеко раздаются женские вопли отчаяния и постигшего горя. Люди вот уже почти четыре долгих года так проводят нелегкую жизнь. И вот опять, который раз собравшись вместе, женщины грустно рассуждают о том, сколько еще продлится это мучительное время ожидания, страданий и надежд, как вдруг слышится голос Левитана. Все как будто замерли, слушая веселые нотки этого властного голоса, оповещающего о подписании акта о безоговорочной капитуляции Германии. Беспредельна радость людей, они ликуют, даже дети, осмыслив истину, шалят и кричат безумолку. В село возвращаются парти- 314
заны. На первый план выходит Хангуасса, просит спеть песню о ее сыновьях, и зазвучала она как реквием, не только по сыновьям, но и по всем недожившим до этого дня, сраженным фашистской пулей. Реквием тем, кто больше никогда не приласкает своих детей и тем, у кого их еще и не было, которые еще даже не долюби- ли, а пуля безжалостно перечеркнула им жизнь. Потом на сцене радость победы выражается в веселом танце, за которым следует песня «День Победы». Вот смолкла сцена, и появляется солдат в каске (это руководитель ансамбля Солтан Боко- ев). Зрители напряженно смолкли и в тишину ритмично полились строки стихотворения «Последний солдат». Это его, Солтана Бо- коева, творение, и он с мастерством обладателя художественного слова декламирует. А в зале по-прежнему тишина, только иные зрители часто прикладывают платки к глазам. В тот вечер много слов благодарности услышали кадгаронцы от своих соседей-ногкауцев, которым доставили истинное эстетическое удовольствие. Об этом вечере, о выступлении кадгаронских самодеятельных артистов в редакции рассказал житель с. Ногкау, ветеран войны Хаматкан Тезиев. Он настоятельно просил, во-первых, от имени ветеранов войны, потом всех жителей села поблагодарить через газету этот одаренный, самобытно-талантливый коллектив. Мы присоединяемся к ногкауцам и называем тех, кто доставил людям такую радость, удовольствие, хоть и грустное, чего и говорить, увидеть отрывки прошлой жизни на сцене. Вот они, сельские артисты: Солтан Бокоев (он же руководитель), Амурхан Мхциев - 90 лет, Даухан Бегизова, Евгения Дзу- цева, Лидия Биджелова, Ирина Лазарова, Раиса Чехоева, Долмат Бегизов, Гасан Хутинаев, Хаматкан Агкацев, Таймураз Бадаев, Тамара Бокоева, Валентина Дзахова, Венера Босиева, Земфира Дзодзикова. Это старшие в коллективе. А вот и его молодое поколение: Марина Цаликова, Альберт Кулов, Эльбрус Дзапаров, Алан Бадаев, Альбина Чехоева, Элла Чехоева, Фатима Бугаева, Марина Бурнацева. Пожелаем коллективу еще много ярких выступлений на сцене. Хасан ДЗУГАЕВ 315
ВСПОМИНАЯ ПРОШЛОЕ Используя накопленный опыт, руководитель бригады С.Г. Бо- коев и воспитатель бригады Н.Х. Хутинаев, предприняли еще целый ряд мер. Надо было теснее увязать обучение с работой в поле, улучшить воспитательную работу. В состав бригады следовало вовлечь как можно больше учащихся. Если до этого в бригаду входили учащиеся 8-9 классов, то теперь решили присоединить к ним 5, 6 и 7 классы. Создали 7 полеводческих звеньев и, кроме них, звенья кролиководов, механизаторов, шелководов. Общее количество членов бригады составило 160 человек. Был полностью реконструирован бригадный стан. Согласно производственному плану бригада обязалась обработать уже 146 га кукурузы, 35 га конопли, 4 га подсолнечника, 4 га гороха. Правление колхоза с большим желанием выполнило все требования ребят и обязалось засеять эти площади сортовыми семенами. Это говорило о доверии колхозников. После занятий и в выходные дни бригада готовила землю для весновспашки - очищала участки от остатков прошлогодних культур. К первой декаде июня, к моменту выхода в поле, были составлены планы работы совета бригады, комитета комсомола, спортивных кружков и кружков художественной самодеятельности, разработаны режим дня бригады, условия социалистического соревнования между звеньями, а также правила внутреннего распорядка. Вот как выглядел распорядок дня бригады. Горн объявлял подъем и начало нового трудового дня. После утренней гимнастики и завтрака все шли организованно на работу. 8 11 часов возвращались на стан. Приводили в порядок себя, свой рабочий инструмент. После обеда (готовили сами ребята) до 5 часов занимались в различных художественных и спортивных кружках. Ходили на озеро. С 5 до 7 — снова работа. По окончании рабочего дня состоялись спортивные игры, по радиоузлу сообщались последние известия. После ужина демонстрировался кинофильм или были танцы во дворе бригады. Кончался трудовой день вечерней линейкой, на которой подводили итоги прошедшего дня и давались задания на следующий. Такое сочетание производительного труда с мероприятиями вос- 316
питательного характера, в полевых условиях, делало жизнь бригады кипучей и разносторонней. Жизнь бригады, ее успехи и недостатки в работе освещались в стенной газете «Учеба и труд». Оправдавший себя метод звеньевой системы применяли в уходе за посевами, т.е. внутри звена каждый человек получал свой определенный участок. Шла острая борьба за свою честь, за честь звена, бригады. В жизни бригады было очень много вопросов, которые совет бригады решал на своих заседаниях. Нельзя сказать, что все дела в бригаде шли гладко. Приходилось обсуждать поведение некоторых ее членов и наказывать их, штрафовать трудоднями. Школьники научились здесь веселиться и разумно проводить свой досуг. Особенно увлекали ребят хоровое пение, шахматы и национальные танцы. Еще год назад они почти не танцевали, один не умел, другие стеснялись. Личный пример активного участия учителя в общественной жизни вдохновляет учащихся на учебу и труд, на хорошие поступки сильнее самых горячих слов. Вот почему часть учителей кадгаронской школы, не посчитавшись со своим профотпуском, вышла в поле наравне с учащимися, занималась всеми видами полевых работ. Члены учительского звена в своей работе руководствовались принципом: систематически приобщать учащихся к труду личным примером. Все работы, начиная от прополки и кончая сдачей на пункт, проводили сами. Учителя имели время уделять внимание своим питомцам, руководить их работой. К каждому был прикреплен класс, где проводились культурно-воспитательные и спортивные мероприятия. В звене учителей был математик, физик, преподаватели литературы, пения, физкультуры, труда и др. Это создавало благоприятные условия для всестороннего развития учащихся. Вот и получается, что учитель своей жизнью должен утверждать то, чему учит. Закончив прополку на своих участках, ученическая бригада помогала колхозу обработать кукурузу, огурцы, кабачки, томаты. Помогали убрать и сложить колхозное сено. Уже в этом проявлялось сознательное отношение ребят к труду, их забота о развитии экономики родного колхоза. 317
Все больше и больше становилось точек соприкосновения колхоза и школы. Колхозники гордились тем, что у них росла достойная смена. Ученическая бригада хорошими делами доказала, что она способна решать большие задачи, для выполнения которых требовались инициативные, напористые, грамотные кадры, хорошо разбирающиеся в сельскохозяйственном производстве. Юным кукурузоводом особенно запомнилась осень 1959 года. ...Наступила пора уборки. Осень выдалась дождливая. Погожих дней было мало. И бригада торопилась в сжатые сроки и без потерь убрать богатый урожай. Шли напряженные рабочие дни. Работа на участке подходила к концу. «Инспекторская» группа бригады подвела окончательные итоги соревнования на уборочных работах. Тщательно проверила качество уборки, урожайность на каждом участке в отдельности, количество дней, затраченных на выращивание урожая. Не зная усталости, с песней ребята шли на работу, а вечером усталые возвращались на стан. Все без исключения, с уважением относились к «королеве полей», и кукуруза ответила на заботу детских рук высоким урожаем. Однажды запыленный, улыбающийся бригадир Солтан Гантее- еич Бокоев, придя в бригаду, сообщил: «Ребята! Подсчитали наш урожай. С каждого гектара получается по 170 центнеров кукурузы». Сколько было радости у ребят! И было отчего. В 1959 году их бригада сдала в закрома Родины 180 тонн отборной кукурузы, вырастила 5000 цыплят, 200 кроликов, 350 свиней, обеспечила уход за 116 коровами. Школьники решили поделиться своими успехами со всей страной, написали письмо Н. С. Хрущеву, а вместе с письмом ребята отправили подарок - початки кукурузы, выращенной на своем участке. Через неделю ребята получили проникновенное, теплое письмо от руководителя партии и правительства, высоко оценившего работу кадгаронских юношей и девушек. Высокая оценка и добрые пожелания глубоко запали в души ребят, воодушевили их на новые успехи в учебе и труде. Следующий день был необычным — готовился красный обоз с кукурузой на заготовительный пункт. Сотни детских рук перебирали кукурузу. Работа спорилась и к полудню у правления выросла колонна автомашин с алыми флагами — сорок пять автомашин и тридцать семь подвод везли в тот день отборную кукурузу на Ардон- ский калибровочный завод. 318
На состоявшийся на стане митинг к ребятам приехали первый секретарь обкома партии В. А. Агкацев, ряд ответственных работников республики. Они поздравили ребят с заслуженной победой, а в порядке поощрения отдельные члены бригады за хорошую работу были направлены на экскурсию в Москву. Многого добились ученики из Кадгарона. И об этом узнала, вся страна. Все центральные газеты и журналы писали о них, печатали фотоснимки. Со всех концов необъятной России полетели в Кадгарон письма и телеграммы. А раньше всех свое слово сказала об успехах кадгаронской ученической бригады районная газета «Лениной», выходившая тогда на двух страницах. Редакция командировала в бригаду ответсекре- таря газеты Ирбека Босиева. В течение двух суток (с ночевкой) он изучал жизнь бригады и подготовил материал. Номер, посвященный юным кукурузоводам, редакция выпустила на четырех полосах. На второй и третьей страницах (с фотографиями) подробно рассказывалось о жизни бригады. Велась активная переписка ученической бригады и ее членов с другими бригадами, школами и отдельными лицами. Юные натуралисты из Литвы, Украины, Туркмении, Пермской области, Грузии, Курской области, Белгорода, городов Москвы, Благовещенска, Липецка и многих других в своих письмах просили поделиться с ними опытом, прислать семена «богатырской» культуры и просто предлагали дружбу. Много писем получали из воинских частей. Авторы некоторых посланий посвящали бригаде стихи. И на все письма находились теплые дружеские слова ответа. Так было. А сегодня эти красивые девушки и крепкие подростки - умудренные жизнью мужчины и женщины. Многое поменялось в их жизни за почти четыре десятка лет. Но о жизни в ученической бригаде они будут помнить, пока будут жить. И если у кого- то из вас, бывших «знаменитостей» появятся приятные воспоминания о тех незабываемых годах вашей юности, напишите о них в газету. Пусть об этом знает молодое поколение 90-х годов. Жанна ГУГКАЕВА <橧* 319
БОКОТЫ СОЛТАН Бокоты Солтан, Додтан дæр æй хонынц, Хъæдгæроны зынд- гонд лæппу уыдис. Къæсхуыртæ, бæрзонд, хæрзконд, раст цыма цæмæй афицер суыдаид, уый тыххæй райгуырд, ахæм. Хъæууон скъолайы 9 къласы каст куы фæцис, уæд бацыд ахуыр кæнынмæ Дзæуджыхъæуы фистæг æфсады сырхтырысаджын училищемæ. Æргомдзырд, хъæлдзæг, хъазаг Солтаны цыбыр рæстæгмæ æфсым- æрау бауарзтой курсанттæ. Ахуырмæ уыдис зæрдæргьæвд. Топпæй æхсынмæ, згьорынмæ — æвзыгъд. 1941 азы июлы училищейы хуыздæр курсанттæ æрвыст æрцы- дысты хæстмæ, Солтанæн æмгьуыдæй раздæр радтой лейтенанты цин æмæ балæууыд Украинæйы 150-æм дивизийы 756-æм полчъы, снысан æй кодтой ротæйы командирæй. Уæд ыл сæххæст 19 азы. - Мæ ротæ уыдис интернационален. Службæ дзы кодтой уырыссæгтæ, украинæгтæ, тæтæйраг, сомихæгтæ, белоруссæгтæ. Сæ фылдæр мæнæй хистæртæ уыдысты, — дзуры Солтан.— Цалдæр бонмæ се ’ппæтимæ дæр лæгæй-лæгмæ базонгæ дæн. Нæхи цæттæ кæнын райдыдтам нæ фыццаг хæстмæ. Æз сын зæрдæтæ æвæрдтон, амыдтон сын хæцын, цыма мæхæдæг Хъарсы фидар басастон, уыйау. Уæддæр командиры хæс æххæст кодтон. Тæккæ фыддæр хæст махæн уыд горæт Мелитополмæ хæстæг. Знаг ныл уым фæуæлахиз. Нæ ротæйæ бирæ нал аирвæзт. Полкъ фæстæмæ цæуын райдыдта. Афтæмæй æрбахæццæ стæм Ростовмæ. Уыдис тугкалæн хæстытæ ам дæр, фæлæ Ростов дæр бахъуыд ныу- уадзын. 1942 азы 27 мартъийы фæдæн уæззау цæф. Знаджы сар- мадзаны нæмыджы схъис сæмбæлд мæ рахиз цонджы рæмбыны- къæдзыл. Цонджы ’мбис ауыгьдæй аззад... Афойнадыл госпитæлмæ нæ бахаудтæн, зæгьгæ, уæд цонг лыг кæнын бахъуыдаид. Фæлæ мын, мæ амондæн, Воронежы госпитæлы хирургтæ мæ цонг «бам- пъызтытæ» кодтой. Кæстæр æмæ æнæном æнгуылдз бахуыскъ сты, фæлæ цонг æнæ лыгæй аирвæзти. Дыккаг къæпхæны инвалидæй сыздæхтæн Хъæдгæронмæ. Райдыдтон скъолайы æфсæддон хъуыд- даджы ахуыргæнæгæй кусын. Фæсаууонмæ фæдæн каст педагогон институты уырыесаг æвзаг æмæ литературæйы факультет. Уыцы дæсныйадыл фæкуыстон 1961 азы онг. Стæй мæ равзæрстой Хъæдгæроны хъæусоветы сæрдарæй. Гъе, уый дын мæ хъуыддæгтæ цыбырæй... Растзæгьы, Солтан цыбырæй ранымадта йæ хъуыддæгтæ. Фæлæ уыцы хъуыддæгтæй иу-цалдæры тыххæй лæмбынæгдæр æмбæлы ра- дзурын. 320
Бокойы-фырт скъолайы ахуыргæнæгæй куы куыста, уæд æрлæу- уыд ахуырдзауты быдырыкуыстгæнæг бригады сæргьы. Уыцы бригады æнтыстдзинæдтæ айхъуыстысты æппæт Цæдисыл. 1959 азы бригад зылдис нартхоры 146 гектармæ æмæ алы гектарæй дæр баф- снайдта 170 центнеры. Уыцы хабар ныхъхъуыст Мæскуымæ. Уыцы азы 4 ноябры Коммунистон партийы уæды Фыццаг секретарь Н. С. Хрущев сæрвыста хъæдгæройнаг скъоладзауты бригадмæ ар- фæйы фыстæг. Стыр аргъ скодта æрыгон нартхорыкуыстгæн- джытæн. Арфæйы фыстæджытæ æмæ телтæ ихуарæгау ныккодтой Хъæдгæронмæ бæстæйы цæдисон æмæ автономон республикæтæй, горæттæй. Делегацитæ, экскурситæ Меккæмæ цæуæгау, сарæх сты Хъæдгæронмæ. Алкæй дæр фæндыд бафæзмын нартхоры бæрзонд тыллæг исыны раззагдæр фæлтæрддзинад. Хъæдгæройнæгты тыххæй фыстой æппæт центрон газеттæ. Бирæ интервьютæ фæлæвæрдта Бокойы-фырт дæр. Бригадæн лæвæрд æрцыд коммунистон фæллойы бригады ном, республикæйы Сæйраг Советы Президиумы Кады грамотæ, зынаргь лæвæрттæ. Афтæ зæгьæн нæй, æмæ скъоладзауты бригады æнтыстдзинад æрмæст Бокоты Солтаны фæрцы бафтыд къухы. Бригад арæзт æрцыд æмæ кусын райдыдта, Сохты Махарбег скъолайы директор куы уыд, уыцы рæстæджы. Стæй директорами нысангонд æрцыд Адаты Мæхæмæт. Дыууæ директоры, хистæр кълæсты ахуыргæнджытæ ахъаззаг куыст бакодтой скъоладзауты бригадæн æмбæлгæ уавæртæ саразыныл, сывæллæтты ахуыр, фæллой æмæ фæлладуагъд, педа- гогикæйы домæнтæм гæсгæ, æвæрд куыд уой, ууыл. 1961 азæй æхсæрдæс азы ранымайæм æмæ ахъуыды кæнæм, цавæр цаутæ сæ æрцыд, ууыл. Уыдысты Н. Хрущевы æнæсæрфат æмæ змæст рацарæзтытæ. Нæ республикæйы хъæууон районтæ хæлд æрцыдысты æмæ сæ сарæзтой дыууæ куыстадон управленийы — Рахизфарсы æмæ Галиуварсы управленитæ, сæ центртæ уыдысты Беслæны æмæ Æрыдоны. Нал уыд партийы райкомтæ - скодтой управлениты парткомтæ. Хрущевы хицаудзинады рæстæджы тох цыд адæмы хиæххуыса- дон хæдзарæдты ныхмæ. Фос дарын, маргъ дарын, дам, ницæмæн хъæуы хæдзæртты. Æхсæнадон фос, дам, нæ æфсаддзæн дзи- дзайæ, æйчытæй æмæ æхсыры продукттæй. Уый фæстæ райдыдта Л. И. Брежневы рæстæг. Фæлæ, дам, ын бирæ нæ бантыст, «мид- бынаты цоппайæ» дарддæр, дам, нæ ацыд. Хъæдгæроны хъæусо- веты сæргьы уыцы 16 азы дæргъы чи лæууыд, уый сæ мидбынаты цоппайы азтæ нæ хоны. Хъæусовет куыста хъæуы фæлгонцыл, цар- ды, фæллойы уавæртæ хуыздæр æмæ æнцондæр кæныныл. 21 Бокоты Солтан 321
Байхъусæм Бокоты Солтанæн йæхимæ: — Æз хъусоветы сæрдар уьгдтæн 16 азы. Уыцы рæстæджы Хъæдгæроны арæзт æрцыд 12 æфсæнбетон хиды, культурæйы, посты, хъæууон советы ног хæдзæрттæ, универмаг, кафе æмæ хозмаг. Асфальтæй бамбæрзтам хъæуы сæйраг уынг суанг Æрыдонæй Дзæуджыхъæумæ фæндаджы онг. Хъæуы æппæт уынгты дæр, 20 километры бæрц, сарæзтам хуырæй фæндæгтæ. Хъæуы бæстастæу ныссагьтам сусхъæд бæлæсты бульвар. Иудадзыг архайдтам хъæуьт газификацийыл æмæ йæ кæронмæ ахæццæ кодтам. Хъæуы сæвæрдтам, телефонты автоматон станцæ, 200 номырын кæм уыди, ахæм. Бирæ пайдайаг ногдзинæдты хъæппæрис æвдисæг уыд хъæууон совет æмæ йæ сæрдар Бокойы-фырт. Домаг уыд депутаттæй æмæ хъæуы, колхозы разамонджытæй дæр. Хъæусоветы куыстæн, Сол- таны æнæхин фæллойæн аргъ кодтой уæлдæр хицæуттæ. Уыцы рæстæджы социалистон ерыс кодтой нæ республикæйы хъæууон совеггæ, æмæ-иу Хъæдгæроны совет бацахста фыццаг, уый нæ, уæд дыккаг кæнæ æртыккаг бынат. 1970 азы ноябры Мæскуыйы Кремлы Стыр галуаны уыд хъæуты æмæ поселокты советты сæрдарты Æппæтуæрæсейои æмбырд. Уырдæм Цæгат Ирыстонæй делегат уыд Бокоты Солтан. Афтид къухæй нæ ацыд æмбырдмæ — скодта дзы доклад «Сельский совет и вопросы соблюдения социалистической законности в селе». Делегат™ æмбырд аразджыты зæрдæмæ доклад фæцыд æмæ фæндон бахастой, цæмæй мыхуыргонд æрцæуа хицæн брошюрæйæ. Иæ хорз куысты тыххæй хъæусоветы сæрдар Бокоты Гантейы фырт Солтанæн лæвæрд æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орден. Йæ хæстон ордентæ æмæ майдантæм ма бафтыд фæллойадон æнтыстдзинæдты тыххæй иу кадджын хæрзиуæг. Хъæдгæройнаг фæсивæдæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайд- та 1088 лæппу æмæ чызджы. 537 адæймаджы радтой сæ цард Рай- гуырæн бæстæйы сæраппонд. Хъæусоветы сæрдар Бокоты Солтаны фæндонмæ гæсгæ Уæлахизы 20 азы бонмæ, 1975 азы хъæуы астæу æвæрд æрцыд æдзард хæстонтæн номарæн стыр цырт. Мрамор къæйтыл фыст сты сæ нæмтгæ. Хъæдгæрон уыд йе ’дзард хъæбултæн æнусон цырт ныссадзæг Цæгат Ирыстоны фыццаг хъæу. Йæ хъæппæрис ын бафæзмыдтой æндæр хъæутæ æмæ горæтгæ. Ныр Солтанмæ ис æндæр фæндон. — Нæ хъæуы астæу цы æнусон номарæн цырт ис, ууыл фыст сты,' хæсты чи фæмард, уыдоны нæмттæ. Уæлахизы боныл рацыд 50 азы. Ветерантæй бирæтæ амардысты, уæдæ иннæтæ дæр, дзæбæх уæнт, фæлæ уæлæуыл нæ баззайдзысты. Æз фæндон бахастон, 322
цæмæй цырты раз сæрмагонд къæйтыл фыст æрцæуой, Фыдыбæ- стæйы хæсты нæ хъæуæй чи архайдта æмæ æгасæй чи сыздæхт, уыдонæн се ’пгтæты нæмттæ дæр. Цырт лæудзæн æмæ лæудзæн. Уадз æмæ фидæны фæлтæртæ дæр зоной, уыцы тугуарæн хæсты нæ хъæуккæгтæй чи архайдта, уыдоны нæмттæ. Æвзонджы бонтæй фæстæмæ æмхиц уыдис аивадмæ Бокойы- фырт. Йæ фæндонæй арæзт æрцыд фольклорон ансамбль 70 адæй- магæй. Йæ активондæр архайджытæ уыдысты хъæуы хистæртæ: Сокаты Афæхъо, Гугкаты Бабе, Дзапарты Дзапар, Мецъаты Гап- по, Беджызаты Амырхан, Хæуытаты Агуыбе, Лазарты Къола, Гугкаты Тауырзæт, Хъæстуаты Даухан, Гугкаты Азау, Гугкаты Лидæ, Гугкаты Тамарæ, Гугкаты Тая, Лазарты Ирæ, Хæситы Эммæ æмæ æндæртæ. Æппæт Ирыстон дæр зоны хъæдгæройнаг Хъалæгаты Тæтæрийы æмæ Хангуассæйы фондз фырты хабар. Тулдзы фондз талайау фи- дарæй, рæсугъдæй райрæзтысты сæ куыстуарзаг фыды æмæ фæлмæнзæрдæ мады фæндиаг фондз сагсур æфсымæры. Радыгай фæцыдысты Фыдыбæстæйы хæстмæ æмæ фондзæй дæр фæмард сты. Хъæуы хистæрты ансамбль фыццаг зарæг скодта Хъалæгаты æфсы- мæртыл. Сæ хъæуккаг хъæбатыр хæстонты ном зарæгæй æнусон скæнынæй дæр та хъæдгæройнæгтæ Ирыстоны уыдысты фыццæгтæ. Уый фæстæ сæ бафæзмыдтой иннæ хъæуты хихъæппæрисадон къордтæ. Хистæрты фольклорон ансамблæн хъуыдис зарджыты репертуар. Хъæугæ ныхæстæ кæм ардтаиккой æмæ-иу арæх пайда кæнын райдыдтой сæхи сфæлдыстадон хъарутæй. Лазарты Никъала ныф- фыста зарæджы ныхæстæ æмæ музыкæ цалдæр зарæгæн. Поэтикон сфæлдыстадмæ бавнæлтда Бокоты Солтан дæр. Ныффыста «Цины зарæг», «Зарæг Хъæдгæроныл» æмæ æндæртæ. Ансамблы архайджытæ æмæ сæ разамонæг Бокоты Солтан бау- уæндыдысты сæ хъарутыл. Адæм сæ бауарзтой, аргь кодтой сæ аивадæн. Уæд сфæнд кодтой канд зарджытæ нæ, фæлæ кæфтытæ бацæттæ кæнын дæр. Æрыгон чызджытæй бирæты бæргæ фæндыд кафын, фæлæ зæронд лæгтæ æрыгон чызджыты фарсмæ не сфи- дыдтаиккой. Уæд ансамблмæ хуынд æрцыдысты хæдзары æфсинтæ — ацæргæ сылгоймæгтæ. Афтæ райгуырд Хъæдгæроны зарджыты æмæ кæфтыты ансамбль. Йæ саразæг, йæ хъæппæрисджын аива- дон разамонæг уыд Бокоты Солтан. Ансамблы кой айхъуыст æппæт бæстæйыл. Йæ арæхстдзинады тыххæй фыстой центрон газеттæ æмæ журналтæ. 1980 азы немыцаг фашизмыл Стыр Уæлахизы 35 азы кадæн арæзт 323
æрцыд социалистом бæстæты аивадон хихъæппæрисадон хуыздæр къордты хъарутæй иумæйаг концертон бригад. Уырдæм Хъæдгæронæй хуынд æрцыдысты Хæуытаты Агуыбе, Дулаты Мыр- таз æмæ Бокоты Солтан — разамонæг. Концертон бригад фыццаг концерттæ равдыста Мæскуыйы, уый фæстæ ацыд Берлинмæ, стæй Польшæмæ, Чехословакимæ. Арфæйы гæххæттытæ, Кады грамотæ, дипломтæ, зынаргь лæвæрттæ - æмæ цы хуызы кады аккаг нæ уыд хъæдгæройнæгты ансамбль. Фидар бастдзинæдтæ йын уыдис хъæуы колхозы фæллойгæнджыты хъуыддæгтимæ. Традицион ссис «Фыццаг куырисы» бæрæгбон. 1989 азы 15 апрелы Дзæуджыхъæуы Афицсрты хæдзары уыдис хæсты æмæ фæллойы ветеран™ аивадмæ æркаст. Хъæдгæроны ансамбль æм бацæттæ кодта æмæ равдыста музыкалон-литерату- рон сюитæ «Сойгæнджытæ», æндæр хуызы зæгъгæйæ та - Кæхцгæнæны бæрæгбон. Сценари йын ныффыста ансамблы ра- замонæг, Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны инвалид Бокоты Солтан. Ныртæккæ æрмынæг ансамблы архайд. Фæлæ ма Хъæдгæро- ны Культурæйы хæдзары аивадон разамонæг Бокойы-фырты æвæллайгæ уæлтæмæнады фæрцы кусы адæмон героикон зарджы- ты къорд. — 1905 азы Японы хæсты хъæбатырдзинад равдыста Дзеранты Габо. 1918 азы мæхъæлон тыхгæнджыты ныхмæ тохы фæмард Бокоты Тæтæрхъан. Уыдон цард æмæ тохыл зарджытæ скодтам. Но- джы ма нæ репертуары сты Басаты Муссæйы, Елуаты Алыксанд- ры, Кодзырты Дзæрæхы, Беккуызарты Саукуыдзы, Къубалты Куы- дзыгусы æмæ Къарджиаты фаззæтты зарджытæ, — дзуры Бокойы- фырт.— Уадз æмæ сæ намысджын цард æмæ удуæлдай тох рох ма уой адæмæй. Фыдæлтæй баззад ирон адæмæн иу хорз æгъдау — кæнгæ æфсымæртæ кæнын. Уый нæ, уæд æрдхæрдтæ кæнын. Хорз лæгæн, дам, хъуамæ алы хъæуы дæр хорз æрдхорд уа, — дзырдтой-иу нæ хистæртæ раздæр. Октябры революцийы размæ æмæ уый фæстæ дæр хъæдгæройнæгтæн бирæ хорз æрдхæрдтæ уыд хъазахъаг ста- ницæ Æрхонкæйы. Хъæдгæройнаг-иу Дзæуджыхъæуы базармæ бæхуæрдоны куы рараст, уæд-иу æхсæвиуат кодта Æрхонкæйы йæ хорз æрдхордмæ. Æрхонкæйæгтæ уазæгуаты арæх цыдысты Хъæдгæронмæ. Бæрзонд æвæрд сæм уыдис хæлардзинад. Уыцы хорз’ æмæ пайдайаг æгъдау сног кæныныл ацы азы райдайæнæй нырмæ кусы Бокоты Солтан. Февралы райдайæны Солтан ацыд Æрхонкæмæ æмæ фембæлд 324
станицæйы администрацийы сæргьлæууæг Владимир Рындяимæ. Дзырдтой хæлардзинады æмæ дзыллон-культурон бастдзинæдтæ сфидар кæныны фарстатыл. Къуырийы фæстæ хъæдгæройнæгтæ аст адæймагæй уыдысты Æрхонкæйы уазæгуаты. Тынг хорз сæ сбуц кодтой æмæ баныхас кодтой сæ дарддæры æмархайдыл. 23 феврали хъæдгæройнæгтæ æмæ æрхонкæйæгтæ станицæйы цæрджытæн радтой иумæйаг хъарутæй концерт Хæлардзинады дзуаппон цыд æрбакодтой æрхонкæйæгтæ Хъæдгæронмæ 10 мартъийы. Уый стыр бæрæгбон уыд хъæуы æмæ станицæйы цæрджытæн. Ирон æмæ хъа- захъаг хæлæртты ног фембæлд уыд 9 июлы дæр - Хетæджы бон. Цæры адæймаг хъæуы. Хъæуы фарн бирæ у, аргъ кæнын ын чи зоны, уымæн. Аргъ ын чи кæны, уый æфтауы Йæ хъæуы фарныл фарн, кадыл — кад. Мæнгæн нæ дзурынц Иры дзыхъхъы: цы къуыбырыл бадай, уый бæрзонддæр хон, зæгьгæ. Бокоты Солтан Йæ хъæуы цардæй æмæ хъуыддæгтæй Йæхи никуы фæтылиф кодта. Уый нæ, фæлæ уыд бирæ арфæйаг ногдзинæдтæ расидæг. Йæхи хуызæн хъæуы патриот рауад йæ цардæмбал Айларты Надя. Иу скъо- лайы ахуыр кодтой. Дыууæйæ дæр архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Надя хæстон фæндæгтыл фæцыдис Хъæдгæронæй Буда- пештмæ, стæй уæлахизимæ сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ хистæр сержантæй. Хæсты фæстæ ссис Бокоты чындз. Бирæ азты дæргьы куыста ахуыргæнæгæй. Ныр фæндзай азмæ ’ввахс иу цæды, уар- зонæй, хæларæй цæуынц хæдзары дыууæ хистæры, хæсты дыууæ ветераны Солтан æмæ Надя. ХЪÆУБÆСТÆН - АРФÆЙАГ Цард адæймагæн æрмæст иу хатт лæвæрд вæййы æмæ йæ фæцæрын хъæуы афтæ, цæмæй дæ цардвæндаджы кæрон фæсмой- наг мацæуыл уай. Цы хорз хъуыддæгтæ аразыс, уыдон дын æрмæст абон нæ балæ- вар кæндзысты æхсызгондзинад - адджын мысинæгтæ дын фидæ- ны суыдзысты ныфсæнцой. 325
Адæймаг исты куысты сæр куы лæууа, уæд хъуамæ йæ бон сыгъдæгзæрдæйæ уа истæмæ бацамонын: ай мæ къухы фæллой у. Ацы ныхæстæ сты Хъæдгæроны куырыхон хистæртæй иу, хæсты æмæ фæллойы ветеран Бокоты Солтаны. Цалдæр хатты сæмбæлдтæн Солтанимæ. Цымыдисæй-иу хъуы- стон йæ хъæздыг цардвæндаджы тыххæй раныхасмæ. Мæ зæрды йæ ис, зынаргъ газеткæсджытæ, сымахæн дæр радзурын. Солтан хъæууон скъола каст куы фæцис, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы Сырхтырысаджын училищемæ. Алцæмæ дæр хæрзарæхст, хъæлдзæг, æргомдзырд, ахуырмæ зæрдæргъæвд - ахæмæй равдыста йæхи курсантты ’хсæн хъæдгæройнаг лæппу. 1941 азы 19 аздзыдæй училищейы хуыздæр курсанттимæ æрвыст æрцыд хæстмæ. Немыцаг лæгмартимæ хæцыдис Украинæйы 150- æм дивизийы 756-æм полчъы. Снысан æй кодтой ротæйы командирши. Æфсымæртау, фæрсæй-фæрстæм знаджы ныхмæ тох кодтой уырыссæгтæ, украинæгтæ, тæтæйрæгтæ, сомихæггæ, белоруссæгтæ. Æмæ кæд сæ фылдæр сæ командирæй хистæр уыдысты, уæдцæр сæ Солтан кæрæдзиуыл баста, ныфсытæ сын æвæрдта, амыдта сын хæцын. Бирæ тугкалæн хæстытæ æрæмысыд Солтан. Тæккæ фыддæр хæст уыд горæт Мелитополмæ хæстæг, стæй Ростовы. 1942 азы 27 мартъийы уæззау цæф фæцис. Знаджы сармадзаны нæмыджы схъис сæмбæлд рахиз цонджы рæмбыныкъæдзыл. Бахауд Воронежы гос- питæлмæ. Дыккаг къæпхæны инвалидæй сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Куыста скъолайы æфсæддон хъуыддаджы ахуыргæнæгæй. Фæса- ууонмæ каст фæцис педагогон институты уырыссаг æвзаг æмæ ли- тературæйы факультет. 1961 азы онг куыста ахуыргæнæгæй. Уыцы аз æй равзæрстой Хъæдгæроны хъæуы советы сæрдарæй. 1961 азæй 16 азы фæкуыста ацы бæрнон бынаты. Йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, архайдта хъæубæстæн, адæмæн фылдæр хæрзтæ сара- зыныл. Уыцы рæстæджы Хъæдгæроны арæзт æрцыд 16 æфсæнбетон хиды (абон дæр ма фидарæй лæууынц), культурæйы, посты, хъæууон советы ног хæдзæрттæ, универмаг, кафе æмæ хæдзары дзаумæтты дукани. 1966-1967 азты хъæуы æппæт уынгты дæр арæзт æрцыд хуырæй фæндæгтæ. Асфальтæй бамбæрстой хъæуы сæйраг уынг суанг Æрыдонæй Дзæуджыхъæумæ фæндаджы онг. 326
Солтаны фæндонмæ гæсгæ калд æрцыдысты, хъæуы астæу цы зæронд бæлæстæ сагьд уыд, уыдон æмæ сæ бынаты ныссагътой сусхъæд бæлæсты бульвар — хъæуы фидауц абон. Хъæусоветы сесситы, колхозонты иумæйаг æмбырдты цал æмæ цал хатты æвæрдтой фарста хъæумæ æрдзон газ æрбауадзыны тыххæй, æмæ иумæйаг хъарутæй уыцы куыст кæронмæ ахæццæ кодтой. Уыцы рæстæг хъæуы сæвæрдтой телефонты автоматон станцæ — 200 номырæн. Ацы бирæ хорз ивддзинæдтæ æрцыдысты хъæууон совет æмæ йæ сæрдар Бокоты Солтаны хъæппæрисæй. Додтан — (афтæ хонынц Солтаны) - бирæ азты дæргъы фем- бырд кодта хъæуы историйы æрмæг. 25 азы дæргьы фыста нæ бæстæйы алы къуымтæм, йæ хъæуккæ- гты царды цымыдисаг фæндæгтæ базонын тыххæй. Æмæ та уыцы хъуыддаг дæр йæ къухы бафтыд. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдиан цыфыддæр знаджы ныхмæ Хъæдгæронæй тохы быдырмæ ацыд 1100 лæпгту æмæ чызджы. Уыдон се ’ппæт нал федтой Уæлахизы цин. 537 адæймаджы нал сыздæх- тысты тохы цæхæрæй. Абон нæ республикæйы алы хъæуты фенæн ис, хъæубæстæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ цард чи радта, уыдонæн егъау мыггагмæйы цыртытæ. Фæлæ, æвæццæгæн, бирæтæ нæ зонынц, ацы хъуыды Бокоты Солтаны сæры кæй райгуырд æппæты разæй, уый. 1965 азы 9 Майы хъæуы цы стыр митинг уыдис, уым фыццаг хатт ацы хъуыды загъта Солтан. Митинг та уыдис, хъæдгæройнаг лæпгту Гагкайты Алиханæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном лæвæрд кæй æрцыд, уый кадæн. Ацы митинджы Солтан, уæды хъæусоветы хицау, куы загъта хъæдгæройнæгтæ сæ зынгхуыст хæстонæн хъæуы астæу сараздзыс- ты аккаг цырт, зæгьгæ, уæд уыцы хъуыды тынг фæцыд уæды Цæгат Ирыстоны партийы обкомы секретарь Хъæбæлоты Билары зæрдæмæ. Хъæбæлойы-фырт фидарæй загъта, партийы обком кæй бацар- хайдзæн, цæмæй Ирыстоны æппæт хъæуты дæр арæзт æрцæуа ахæм цыртытæ. Æмæ абоны онг æцæгæй дæр ахæм цыртытæ арæзт æрцыд алы хъæуы дæр. 1969 азы хъæуы бæрæг астæу уыдонæн æвæрд æрцыд стыр цырт. Æхсæвæй-бонæй сын судзы æнусон арт. Цырты раз алюмин къæйтыл фыст сты сæ нæмттæ. Уадз æмæ сæ зоной адæм, уæлдайдæр та кæстæрæтæ. Уæлахизы 50 азы бонмæ та, Солтаны амындмæ гæсгæ, сæрма- гонд къæйтыл фыст æрцыдысты, Фыдыбæстæйы хæстæй æгасæй чи сыздæхт, уыдонæн се ’ппæты нæмттæ дæр. 327
...Солтан, йæхи куы хъуыды кæны, уæдæй абонмæ тынг бирæ уарзы ирон аивад,— кафын æмæ зарын. Ссæдзæм æнусы 60-æм азты йæ фæндонмæ гæсгæ арæзт æрцыд хистæр фæлтæры фольклорон ансамбль, кæцы ссис Республикой, Æппæтуæрæсеон æмæ Æппæтцæдисон æркастыты лауреат. Тыхджын къухæмдзæгьд сын кодтой Германы, Чехословакийы, Польшæйы аивадуарзджытæ. Сæ арæхстдзинады фæдыл фыстой центрон газеттæ æмæ жур- налтæ. Хъæдгæройнæгты фæзмгæйæ, ахæм ансабльтæ арæзт æрцы- дис Ирыстоны бирæ хъæутæ æмæ горæтты. Фыццаг дæр Ирысто- ны сæ хъæуккаг хъæбатыр хæстонты ном æнусон скодтой зарæгæй хъæдгæройнæгтæ. Солтаны хъæппæрисæй æмæ уый разамындæй фыццаг хатт Ирыстоны фыст æрцыд кады зарæг Хъалæгаты фондз æфсымæ- рыл. Уыдон сæ цард радтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Æмæ та ам дæр Ирыстоны хъæутæ бафæзмыдтой хъæдгæройнæгты: скодтой хъæбатыры зарджытæ сæ хъæуты зынгхуыст фæсивæдæй би- рæтыл. Зарынц сæ абон æмæ сæ зардзысты фидæны фæлтæртæ дæр. Дæсгай сценаритæ ныффыста Солтан канд йæхи ансамблæн нæ, фæлæ ма скъолайы æмæ сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæн- джытæн, сæ хихъæппæрисадон куыстæн. Æмæ кæд ансаблы архайд иу-цалдæр азы æрмынæг, уæддæр та æрæджы, Уæлахизы 53 азы бонмæ хъæуы клубы сценæйыл Солтаны фæрцы ансамблы архайджытæ равдыстой литературон-музыка- лон композици «Цæссыгæй хи æхсгæйæ цин». Сценари йын ныффыста ансамблы разамонæг Бокоты Солтан. Хорз лæгæн, дам, алы хъæуы дæр хъуамæ хорз æрдхорд уа,— дзырдтой иу нæ фыдæлтæ. Йæ заманты хъæдгæройнæгтæн бирæ æрдхæрдтæ уыд хъазахъаг станицæ Архонкæйы. Уыцы хорз æгьдау сног кæныныл бакуыста Солтан æмæ абон ирон æмæ хъазахъаг хæлæрттæ арæх цæуынц кæрæдзимæ уазæгуаты. Хъæдгæроны ахæм цины кæнæ зианы хабар нæ вæййы Солтан йе ’гьдау кæм не скæны, арфæйы ныхас кæм нæ ракæны. Абон Ирыстоны хъæуты æмæ горæтты зианы хæрнæджы æдзухдæр дзыллæтæ сæрмагонд сидтæй рухсаг фæзæгъынц сæ зынгхуыст хæстон фæсивæдæн. Фæлæ бирæтæ нæ зонынц, ацы сидт æппæты разæй 1970 азы 7 мартъийы Дауыраты Сурæты зианы, уæдьг Хъæдгæроны хистæр Беджызты Амырханæн Бокоты Солтан кæй зæгьын кодта, уый. Ирон адæмы ’хсæн афтæ фæзæгъынц: цы къуыбырыл бадай, уый, дам, бæрзонддæр хон. Бокоты Солтан йæ хъæуы цардæй æмæ 328
хъуыддæгтæй йæхи никуы аиуварс кодта. Бирæ ногдзинæдтæн æрхъ- уыдыгæнæг, расидæг уыд йæхæдæг. Солтаны арфæйаг хъуыддæгтæ зонынц канд Æрыдоны районы нæ, фæлæ æгас Ирыстоны дæр. Бирæ адæмтæ, суанг æндæр хъæутæй дæр, бахизынц Бокоты къæсæрæй алыхуызон курдиат- тимæ, уæдæ нæм Солтан нæ хъуыддаг саразынмæ фæкæсдзæн, зæгьгæ. Дыууæ æмæ ссæдз хатты та туджджынты бафидауын кодта. Ацьт азы райдианы арæзт арцыд хъæууон ветеран™ организа- ци. Йæ номхыгьды абон ис 700 адæймаджы бæрц. Ныртæккæйы зын уавæрты, хистæр фæлтæрæн хорз фадат фæцис сæ бартæ хъахъ- хъæнынæн. Чындзæхсæвы рæстæг æппæты арæхдæр цы арфæ фæкæнынц уый — «А» æмæ «0»-йæ иумæ куыд базæронд уой. Ацы арфæ æрцыд Солтан æмæ Айларты Надяйыл. Уыдысты æмгæрттæ, ахуыр дæр иумæ кодтой. Иу рæстæг ацыдысты тохы быдырмæ.^Хæстон фæндæгтæ Надяйы бахæццæ кодтой суанг Будапештмæ. Йæ райг- уырæн бæстæмæ уæлахизимæ сыздæхт хистæр сержантæй. Хæсты фæстæ ссис Бокоты чындз. 33 азы бæрц бакуыста скъолайы ах- уыргæнæгæй. Фæрнджын бинонты кой кæнын, бæгуыдæр, æхсызгон вæййы. Бокоты бинонтæ сты бафæзмыны аккаг алцæмæй дæр. Солтан æмæ Надя схъомыл кодтой хорз цот, раст фæндагыл сæ сæвæрдтой. Ныр та цин кæнынц сæ цоты хъæбултыл. Бузныг сты хæдзары хистæртæ сæ чындзытæ Эльзæ æмæ Аллæйæ. Куыд хи чызджытæ, афтæ сын лæггад кæнынц. Никуы райхъуыст сæ хæдзарæй хъæр ныхас. Æмæ, æвæццæгæн, æнæ афтæ гæнæн дæр нæй, уымæн æмæ кæстæртæ хъомыл æмæ ахуыр кæнынц ахæм æгьдауджын хистæрты къухы. Бокоты Солтаны хæстон хæрзиуджытыл ма бафтыд фæллойа- дон Сырх тырысайы орден. Адæмы хæдзарады æнтыстдзинæдтæм æркасты Стыр æвзист æмæ бронзæ майдантæ, Уæрæсейы Федера- цийы Сæйраг Советы Президиумы Кады Грамотæ æмæ æндæртæ. Кад æмæ цард æмбæлттæ сты, фæзæгъынц. Солтанæн стыр кад ис мыггаджы, сыхбæсты, хъæубæсты ’хсæн. Æмæ ма фидæны бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын йæ къухы бафтæд. ГУГКАТЫ Жаннæ 329
РОХ СÆ МА КÆНÆМ Мæскуыйаг журналист Анатолий Слобожанюк 1993 азы 8 майы газет «Сельская жизнь»-ы раззагон уацы фыста: «Дзæуджыхъæуы чингуыты дуканиты фæзынд стæм рауагъд. Чиныг, æргом зæгъгæйæ, йæ фарсмæ цы детективтæ, эротикон æмæ æндæр уæрæхфæлхасадон литературæ ис, уыдон цур æддаг бакастæй рыг дæр нæ калы, уымæн æмæ йын нæй æрттиваг лæгьз цъар, нæй йæ цъарыл ронбæгъд рæсугьд чызджыты нывтæ. Уыцы цæстыхауæг лæгьз цъæртты æмбæхсы мæнг уарзондзинад æмæ ты- харæзт сгуыхтдзинæдтæ. Ацы чиныджы та ныхас цæуы æцæг сгуыхтдзинæдты æмæ æцæг стыр уарзты тыххæй. Хуыйны чиныг «Цæгат Ирыстон Фыдыбæс- тæйы Стыр хæсты 1941-1945 азты». Мæнмæ гæсгæ, чиныджы ра- цыдæн ацы æмтъеры заманы схонæн ис диссаджы фæзынд. Нæ фехъуыстон, æмæ ма кæмдæр ацы сæрзилæджджын заманы, йæ лозунг «балхæн-ауæй кæн» кæмæн у, уыцы дуджы сæ ныфс бахастой ахæм чиныг рауадзынмæ, æнтыст ын кæй нæ уыдзæн, уый зонгæйæ. Фæлæ чиныг æлхæнынц. Ацæргæ нæлгоймаг, йæ риуыл хæрзиу- джытæ кæмæн уыд, уый дзы балхæдта дыууæ экземпляры». «Давно замечено, - фыссы дарддæр автор, - что отважный народ свято чтит память солдат, отдавших жизнь за его свободу. Свыше 20 тысяч советских воинов полегло на земле Северной Осетии». Уыцы нымæцмæ ма Цæгат Ирыстоны хъæбултæй 48 мины - Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдон куы бафтауæм, уæд ирддæрæй разындзæн, рес- публикæйы ныры фæлтæр сæ разы цас хæсджын у, уый. Æппæты стырдæр хæс та у - рох куыд нæ уой. Республикæйы цæрджытæ аудынц бирæнымæцон цыртдзæвæнтыл, хæстонты ингæнтыл. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард, уыдон адæмæй рох кæй не сты, ууыл дзурæг у, нæ цины æмæ хъыджы бонты дæр, чындзæхсæвты, куывдты æмæ зианы фынгтыл дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмардуæвæг хæстонты ном сæрмагонд сидтæй кæй ссарынц, рухс сын кæй фæзæгъынц, уый. Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ йæ цард чи радта, уыдон ном мы- сыны тыххæй цы сидт райгуырд, уый хъуамæ азты фæлм макуы бамбæрза, хъуамæ баззайа историйы. Уыцы сидт та райгуырд афтæ: 1970 азы 5 мартьийы Æрыдоны районы Хъæдгæроны фолькло- рон ансамбль Фыдыбæстæйы Стыр хæсты инвалид Бокоты Солта- 330
ны разамындæй концерт лæвæрдта республикой телеуынæны æмæ изæры æхсæз сахатмæ æрхæццæ хъæумæ. Ансамблы æрцыдмæ хъæуы активисттæй иу - Кучиты Петя ка- фейы банкетты залы фынгтæ æрцæтгæ кодта. Хистæрæн бадт Бе- джызты Амырхан. Йæ дæле, кармæ гæсгæ, сбадт Бокоты Солтан. Хъæуы фæсивæдæй хæсты чи бабын, уыдонæн цыртдзæвæн сара- зынæй фæстæмæ иу хьуыды йæ сæрæй нæ хицæн кодта Солтанæн. Æмæ йын мæнæ фадат фæци йæ зæгъынæн. Æртыккаг сидты фæстæ хистæртæй хатыр ракуырдта æмæ загьта: «Ивгьуыд азы ноябры мах байтом кодтам, нæ хъæуæй хæсты чи фæмард, уыдонæн цыртдзæвæн. Ахæм цыртдзæвæнтæ æвæрынц æппæт хъæуты дæр. Фæлæ цыртдзæвæн сæвæрын æгьгъæд нæу хъæбатырты ном æнусон скæнынæн. Хæсты чи фæмард, уыцы æфсымæртæ уый аккаг сты, цæмæй сын нæ куывдты, чындзæхсæвты æмæ æндæр мадзæлтты, суанг зианы фынгтыл дæр, сæ ном арæм, хъуыды сæ кæнæм. Кæд хистæртæ мемæ сразы уыдзысты, уæд мæн фæнды нæ æдзард хъæба- тыр хæстонты тыххæй сæрмагонд сидт ракæнын. Хистæртæ: Беджызты Амырхан, Сокаты Афæхъо, Мецъаты Гап- по, Гугкаты Бабо, Хуытъинаты Уырысби, Дзапарты Дзапар, Гио- ты Габо, Хъараты Гадзыбе, Гæздæнты Дзыбо, Къадзты Георги, Хъантемыраты Бадджери, Хæуытаты Агуыбе, Лазарты Коля, Цæлыккаты Гугус æмæ иннæтæ иууылдæр сразы сты Солтанимæ. Æртыккаг бон хъæубæстæ фæстаг фæндараст загътой сæ кад- джындæр сылгоймæгтæй иу — Дауыраты Сурæтæн. Бирæ адæм æрцыд зианджыны кæртмæ. Хисты уæле бадт Беджызты Амырхан. «Мыййаг, кафейы цæуыл бауынаффæ кодтам, уый дзы куы ферох уа»,— тыхсти йæхимидæг Бокоты Солтан. Фæлæ дзæгъæлы уыдис йæ тыхст. Дыууæ рæгъы фæстæ Амырхан сыстад æмæ бадты адæмæн бамбарын кодта, хъæуы хистæрты уынаффæ - цины æмæ зианы фынгтыл дæр, хæсты чи фæмард, уыдон ном сса- рын. Æмæ сын æрбадгæйæ рухсаг загьта. Афтæ бакодтой иннæтæ дæр. Уыцы хъуыддаг фæцыдис, зианы иннæ хъæутæй чи уыд, уыдо- ны зæрдæмæ. Уæдæй нырмæ хæсты æдзард хъæбатырты ном æры- мысыны æгьдау цæрæццаг у æнæхъæн Ирыстоны. Хъæдгæройнæг- ты бафæзмыдтой иннæ хъæуты æмæ горæтты цæрджытæ дæр. Адæмон сæрыстырдзинады æмæ стыр фыдохы уыцы æнкъарæ- ныл афтæ лæмбынæг ахъуыды кæнын æмæ йæ æгъдауы хуызы ныф- фидар кæнын йæ бон уыд, йæхæдæг хæсты азты фыдæвзарæнты маеты къус чи ныххуыпп кодта, ахæм адæймагæн. Æцæгæй дæр, ахæм у ротæйы кæддæры командир, отставкæйы капитан, уырыс- 331
саг æвзаг æмæ литературæйы раздæры ахуыргæнæг, хъæусоветы сæрдар, ныр кадджын ветеран Бокоты Солтан. Уæлдæр цы хорз æгьдауы тыххæй фыссæм, уый æмæ Фыдыбæ- стæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдонæн цыртдзæвæн хуымæтæ- джы нæ райгуырдысты Хъæдгæроны. Æрмæст Огъуаты Созыры- хъойы хæдзары бахъомыл артиллерийы дыууæ инæлар-лейтенанты æмæ дыууæ булкъоны. Хъæдгæрон Советон æмæ Уæрæсейы æфсадæн радта инæлар-лейтенанттæ Абациаты Дзамболаты, Огъуаты Созырыхъо æмæ Уырызмæджы, инæлар-майор Къаболаты Сол- таны, Советон Цæдисы Хъæбатыр Гагкайты Алиханы. Хæсты бы- дырæй сæ райгуырæн хъæумæ нал сыздæхтысты сæдæгай хъæдгæройнæгтæ, дæсгай бинонтыл нал сæмбæлдысты сæ цыппæ- ргай, фæндзгай, æхсæзгай хæстонтæ. «Ницы ферох, ничи ферох!» Уыцы девиз хъуамæ рохуаты макуы баззайа махæй. Бузныг Бокоты Солтанæн, хæсты инвалидæн, уыцы девиз царды æнæкъæрццæй кæй æххæст кæны, уый тыххæй. ХУЫДÆЛТЫ Темырсолтан <§©©§*
СÆРГÆНДТÆ Дыууæ иыхасы Бокоты Солтаны тыххæй 5 Радзырдтæ, уацтæ, документалон уацау 7 Хъæдгæройнаг хабæрттæ 8 Аслæныхъо 14 Цы байтауай, уый æркæрддзынæ 16 Хъæдгæрон æмæ хъæдгæройнæгтæ 21 Огьуаты хæдзар 27 Бинонты фарн — Арты нæ сыгьди, куысты нæ фæллад 34 Сослæнбеджы чиныг 38 Æнæнхъæлæджы хабар 42 Дæлимонты сæфт 52 Гæрæйы куыйтæ 56 Хъабахъ 60 Алиханы бел 65 Бирæгьы сомы 74 Ныхасæй рахизæм хъуыддагмæ 78 Хæдзар 81 Алцæмæн дæр фæтк хъæуы 87 Тотрадзы дзуапп 93 Хынцфарст 99 Сæфынц нæ адæмы хæзнатæ 104 Бокоты Тæтæрхъаны зарæг 113 Æртын æртæ азы фæстæ 114 Гамбол 118 Иу хатт ма не ’гьдæутгы тыххæй 126 Ирон хъæбатырты зарджытæ цæмæн баззадысты рохы? 130 333
Батрадзы кафт 132 Уæд, хæсты размæ 137 Царды уылæнтæ 144 Мастисæг 151 Садуллæйы ехс 154 Сигайы фырттæ 159 Тохтиаты Тотрадз 163 Лæгæй лæг зæгьын хъæуы 169 Æмдзæвгæтæ, кадæг 211 Ирыстоны хъæбул 212 Эпиграммæтæ 214 Ирон æвзаг 216 Æргом ныхас 217 Коллективу терапевтической больницы г. Орджоникидзе . . . .218 Хуыцаумæ куырдиат 219 Сырдоны чындз 221 Разговор с ветеранами-афганцами 223 Фыдлæджы ингæны уæлхъус 225 Бибойы мает 227 Рæдигæ - нал! 229 Весь мир потрясшие года 231 Æрыдойнаг дохтыртæ 232 Æмбалы ингæны уæлхъус 236 Ирыстонæн 237 Усгуры куырдиат 239 Фæдис Хетæджы къохæй 240 Æртæ чъирийы æмæ "реформатортæ" 242 Мады фын 244 Нæртон лæг 254 Ветеранам войны 257 Курортникам Северной Осетии 258 Нæртон ном сæвæрдтат уæ хъæуыл 259 Елхотæн 260 Нартыхъæуæн 262 Хамбечеры сагьæс 263 Бæрæгбоны арфæ 265 Друзьям 266 Фыстæг иу поэтмæ 267 Бузныг 269 334
Гæртамбег 271 Богьдаби 274 Нæ Иры мойгæнæгчызджытæм 276 Хæхты 278 Нæзы 279 Нæ бинонтæ 280 Æрыдонæн 281 Хъасай — дымыстæр 283 Фæстаг салдат 286 Фæлтау 287 Хъуым 288 Мужская слеза 290 Нанайы сагьæс 292 Хъарæг Æрджынарæгыл 294 Хæрзбон 297 Сагьæс нæ Ирыл 298 Ныхас æлгьыст хæдзаримæ 300 Мæ фæлтæр 302 Уæлæмхасæн 305 Цардæн йæ æрфыты 306 Строки биографии 308 И снова прошлое на сцене 313 Вспоминая прошлое 316 Бокоты Солтан 320 Хъæубæстæн — арфæйаг 325 Рох сæ ма кæнæм 330
Литературно-художественное издание БОКОЕВ СОЛТАН ГАНТЕЕВИЧ Вопны жизни Редактор С. 3. Хугаев Художник Т. Г. Торчи нов Технический редактор Б. Т. Бесаева Корректор •* Б. Л. Сарматова Компьютерная верстка Ю. О. Степановой Подписано в печать 06 12 04. Формат бумаги 60х841/16. Бум. офс. № 1. Гарн. шрифта Кудряшов. Печать офсетная. Усл.п л. 19,53+0,46 вкл Учетно-изд листов 18,86+0,18 вкл. Тираж 1000 экз Заказ № 1651 С 35 Отпечатано с готовых диапозитивов в ОАО «Издательско-поли- графическое предприятие им В А Гассиева» 362011, Владикавказ, ул Тельмана, 16