Текст
                    мерозты сЛ.
ПОВЕСТЬ ÆМÆ РАДЗЫРД
ЦÆГЛТ ИРЫСТОНЫ АССР-ы ПАДДЗАХАДОН РАУАГЪДАД
Дзæуджыхъæу * 1952


БЕРОЗОВ АСЛЛМБЕК БРАТЬЯ (ПОВЕСТЬ И РАССКАЗ) Для среднего школьного возрастæ на осетинском языке Государственное Издательство- Северо-Осетинской АССР Дзауджикау * 1952
ÆФСЫМÆРТÆ I 1æрдыгон, нэуы цæугæйæ, денджызы был хæдзæртты сæртæ хуры*рухсмæ айдæнау æрттивын байдайынц. Горæт дардмæ фæзыны денд;>кызы былæй. Хур йæ тынтæ уафы бæрзонд галуанты цъуппытыл. Ранæй-ран , хæдзæрттæ сæхи си- стой денджызы был бæрзонд къæдзæхтæм. Бынæй та денджызы уылæнтæ æнæрынцойæ сæхи хойынц айнæгыл: хæцаг фырытау, фæ- з
цæуынц фæстæрдæм, æрбамбырд вæййынц, размæ азгъорынц, айнæгыл сæхи ныццæвынц,! сæ комы фынк акæлы... Айнæг йæ бынатæп нæ цуды, фæлæ, нæртон уæйыгау, ныууынæр-| гъы, йæхи мидæг базырзыр кæны... Уылæнтæ кæрæдзийы сургæ аздæхынц фæстæмæ. Айнæджы сæр, иу уæлвæзы, уыди бæрзонд галуан. Галуанæн йе ’ргом—денджызмæ арæзт. Йæ райдзаст рудзгуытæй, кæнæ балкъонтæй денджызмæ кæс, уæд дзы, арвы айдæнау, фæ- зынынц денджызы алыхуызон наутæ. Адæм зæрдæхъæлдзæгæй науты цæуынц алы рæт- тæм, сæ алыхуызон дарæс цæстыты раз ты- бар-тыбур кæнын байдайы, хуссайраг дидин- джытау. Мæйдар æхсæв маяк денджызы, куы иу ранæй, куы иннæ ранæй йæ цæст фæны- къул-фæныкъул байдайы, цæмæй дардæй цæ- уæг наутæ сæ фæндаг ма рæдиой, сæхи ма- цæуыл скъуырой, уымæн. Бирæ фæндтæ рай- гуыры ахæм æхсæв адæймаджы зæрдæйы ден-' джызмæ кæсгæйæ. Ацы галуаны дыккаг уæладзыджы царди за- воды кусæг Иван Петрович Иванов. Уыдис ын бинонтæ: мад, ус æмæ цыппæрдæсаздзыд лæппу, Виктор Цардысты. Хæдзар ницы хъуаг уыд. Лæг æмæ ус куыстой заводы, зæронд ус та хæдза- ры куыстытæ кодта. Виктор уыди ныллæгго- мау, охæларзæрдæ, хъæлдзæг æмæ сæрæн лæп- пу. Иæ бæзджын бур сæрыхъуынтæ дардта фæстæрдæм аив фастæй. Ахуыр кодта æхсæ- зæм къласы. Уыдис пионерты отрядыо сæрдар. Йæ хъуырыл хаста сырх галстук. Йæ хорз ахуыр, йæ уæздандзинады тыххæй йæ бирæ уарзтой йе ’мбæлттæ, бирæ йæ уарзтой ахуыр- 4
1 æнджытæ дæр. Скъолайы директор арæх æп- пæлыд Викторæй. Ахæм сахат-иу Виктор ныф- сæрмы ис. Уымæй зындæр æм ницы каст. Иу хатт та, скъолайы иумæйаг æмбырды, :скъоладзауты æгъдау æмæ ахуырыл дзургæ- :йæ, директор раппæлыд Викторæй. — Кæм ис Виктор? Уæлæмæ-ма сыст!— фæдзырдта директор. Виктор йе’мбæлтты ’хсæн йæхи йæ бадæн- мæ нылхъывта. — Кæм дæ, кæ?—афарста та директор. Викторæн йæ цæсгом суанг хъусты онг сырх-сырхид афæлдæхти фырæфсæрмæй, аф- тæмæй сыстад. — Уый уын Виктор Иванов, уæ хорз æм- бал. Хъуамæ уый хуызæн ахуыр дæр, æхсæ- ны куыст дæр кæнат, уый хуызæн æфсарм- джын дæруат,—загъта директор.—Сымах æх- сæн та нырма вæййы, советон скъоладзауы кадджын ном хæссын чи нæ фæразы, ахæмтæ... Викторæн йæ сур хид акалд æфсæрмæй. II Уыдис æнцой бон. Диссаджы рæстæг скод- та тезгъо кæнынæн. Зæрдæхъæлдзæг бинон- тæ, æхсæвы уынаффæмæ гæсгæ, сæхи цæттæ кодтой аходæны фæстæ горæтмæ ацæуынмæ. Виктор, рæстæг базоныны тыххæй, радиомæ бауад, фездыхта йæ æмæ радиойæ фехъуыст: Байхъусут! Микрофоны цур ныхас кæндзæн Вячеслав Михайлович Молотов!" „Абон рай- сомæй, æнæнхъæлæджы фашистон Герман æр- бабырста нæ бæстæмæ",—райдыдта йæ ныхас æмбал Молотов... 5
Цавддурау фесты бинонтæ. Сæ мидбынатьг лæугæйæ баззадысты... Виктор бакаст бинон- тæй алкæйы цæсгоммæ дæр. Алчидæр арф хъуыдыты аныгъуылд. Фæци йæ ныхас æмбал Молотов, Иван Петрович йæ сæр ныттылдта æмæ загъта: — Цъаммар фашизм!.. Райдыдта... Хæст1 райдыдта!.. Уалынмæ заводы гудок ныууасыд. Гудо’чы уасынмæ уынджы куеджытæ тындзгæ уады- сты. Йæ бæрæгбоны дарæс аивта йæ кусæн- дарæсæй Иван Петрович дæр æмæ, æнæдзур- гæйæ, ацыд заводмæ. Чысыл фæстæдæр ацы- ди Викторы мад .дæр. Æнæхъæн бон сæ куы- стæй нал æрбацыдысты. Виктор зæронд уси- мæ хæдзар^ы баззад. Ныхас кæнын æй бæргæ фæндыд. Йæ дзых-иу схæлиу кæнынмæ хъа- выд, фæлæ йæ зæронд усы æнкъард цæстæн- гас урæд^а. Тæригъæд дæр ын кодта., Ахæм æнкъардæй йæ никуыма федта. Фæндыди йæ зæронд усæн йæ маст фенцондæр кæнын æмæ загъта: — Фашистты мах ныппырх кæндзыстæм, Сырх Æфсадæй тыхджындæр нæй æфсад! Æн- къард ма кæн, наиа! — Уый бæргæ афтæ у, дæ рын бахæрон, фæлæ хæст, хæст... Туджы зæйтæ... Нæ дзæ- бæх цард нын знаг айсынмæ хъавы... — Йæ бон нæ бауыдзæн, нана, баба дæр, мах дæр, адæм сеппæт сыстдзысты зна- джы ныхмæ. Фендзæн уæд уыцы фашистон Герман!.. Нзæры Иван Петрович йæ усимæ заводæй 6
гербацыд. Афтæ æнкъард нал уыдысты. Ны- хас кодтой заводы кусджыты митиигыл, Сырх Æфсадмæ цæуыны тыххæй. Иумæ ма бахорд- той æхсæвæр. Аныхæстæ кодтой, стæй Иван Петрович загъта: — Нана, Виктор/ цæрут уал дыууæйæ. Зын уын уыдзæн, фæлæ æндæр амал нæй... Мах- райсом цæуæм Сырх Æфсадмæ. Цæуæм бархийæ нæ адæмы амонд бахъахъæныны тыххæй. Знаг нæм æрбабырста... Стыр океаны донау, Советон Цæдис базмæлыд. Алчи æф- садмæ цæуы. Райсом араст уыдзыстæм мах дæр. Сымах цæрдзыстут ам. Хъуаг ницæмæй у хæдзар ныртæккæ... Фæлæ искæд бон, ми- йаг... уæд-иу фæразут мах мысгæйæ, Райгуы- рæн Бæстæйы сæраппонд. Заводæй дæр уæм уыдзæн цæст дард. Тæрсгæ-иу ма кæнут. Знаг йырхгонд æрцæудзæн, æмæ уæд мах дæр фæс- тæмæ æрбаздæхдзыстæм. Дыккаг бон лæг æмæ ус горæты æфсæд- дон хайадмæ æрцыдысты. Семæ уыдысты зæ- ронд ус æмæ Виктор дæр. Æфсæддон хайады цур адæмы зæхх нæ урæдта, сæхи фыстой æфсадмæ. Уырдыгæй адæмы кодтой станцæмæ æмæ сæ æрвыстой Сырх Æфсадмæ. Иван Пе- трович æмæ йæус сæ зæронд мад æмæ Викто- рæн ныббатæ кодтой. Зæронд ус скуыдта. Йæ цæссыг æркалд Викторы мадæн дæр... Виктор йæ мады абоны онг кæугæ кæй ни- куы федта, уымæ гæсгæ йын тынг зын уыд мады цæсты сыгтæм кæсын æмæ йæхи цæсты- тæ дæр доны разылдысты... Иван Петрович ,æмæ. заводы кусæг Волков иуфарс лæууыды- «сты æмæ ныхас кодтой. /
— Æмбал Волков,—дзырдта Иван Петро- вич, — партийы ныхасмæ гæсгæ нырма ды заво- ды баззайдзынæ. Бирæ хæстæ дыл уыдзæн æвæрд, фæлæ мæ Виктор де ’уазæг. Дæ бар æй кæнын. — Уый тыххæй мыл дæ зæрдæ дар, Хи хъæбулау æм мæ цæст- дардзынæн, дæ зæрдæ йæм ма ’хсайæд. Ныр та фæндараст, мæ хорз æмбал,—загъта Волков æмæ сæ къухтæ кæ- рæдзимæ радтой. Иван Петрович йæ бинонтæм, йе ’мбæлт- тæм, йæ горæтмæ, уарзон цæстæнгас æвдис- гæйæ, вагоны асинмæ схызти. Поезд ныууа- сыд æмæ арасти... Вагæтты дуæрттæй адæм кæрæдзийы сæр- ты кастысты... Сæ къухтæ тылдтой, Чи худ- гæ, кæмæн йæ цæстыты —дон, афтæмæй цы- дысты сæ зынаргъ горæтæй, зынаргъ адæмы астæуæй, сæ амонд, сæ адæмы аморщ бахъа- хъæныны сæраппонд. Поезд тынгæй-тынг- дæр кодта йæ цыд... Фæаууон ис... Йæ фæз- дæг ма арвыл зынд дардæй дæр. Волков, Виктор æмæ-зæронд ус вакзалы лæугæйæ баззадысты, стæй поезд куы фæау- уон, йæ цæлхыты хъæр куы нæ уал хъуыст, уæд, кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ, раздæх- тысты. Уыцы бонæй фæстæмæ зæронд ус æмæ Виктор хæдзары цардысты дыууæйæ. Виктор тæригъæд кодта. зæронд усæн æмæ йын-иу фронты уавæры тыххæй ницы дзырдта, кæд радиомæ æдзухдæр *хъуыста, уæддæр. Знаг бырста размæ. Йæ туджы бæгъдулæг кодта, фæлæ уæддæр бырста. Горæты сæрмæ 8
арæхæй-арæхдæр зынын байдыдтой знаджьг хæдтæхджытæ. Иу бон та ахæм уарын æрцыди, æмæ арв æмæ зæхх кæрæдзийы хостой. Арв цæхæртæ калдта. Фæсуард дæр арв нæ расыгъдæг и. Сау мигъ тъæпæн ныббадт горæтыл дæр æмæ ден- джызыл дæр. Денджызы егъау æвзистрагъ уылæнтæ, кæрæдзи сургæ, цæф сырдау, тыз- мæгæй лæбурдтой наулæууæны былгæрæттæм. Советон наутæ æрбацыдысты портмæ æмæ æрбаластой æфсæддон дзауматæ. Чысыл фал- дæр хибарæй лæууыдис иу стыр нау. Нарæг ауыгъд хидтыл æм хастой уæззау цæфты. Йæхæдæг цæуынхъом чи уыди, уыдон та сæхæ- дæг цыдысты наумæ, чи лæдзæджы æнцæйт- ты, чи кæрæдзийы æнцæйтты. Денджыз фæйлауæнтæ хаста. Йæ домбай уылæнтæ узæгау змæлын кодтой науты, Афтæ зынди, цыма сæ ныртæккæ уыцы уылæнтæ фæфæлдахдзысты, йе сæ аныхъуырдзысты æл адæм, æд трубатæ. . Виктор рудзынгæй касти денджызмæ. Ног та байдыдта уарын æмæ тынгæй-тынгдæр код- та. Тæригъæдгæнаг цæстытæй каст лæппу цæф æфсæддонтæм. Йæ чысыл зæрдæйы маст код- та тыхджынæй-тыхджындæр. Æвиппайды ра- дио сдзырдта: — Байхъусут, байхъусут! Горæтмæ æрба- тæхынц знаджы хæдтæхджытæ. Алчи йæхи бафснайæд акъоппыты! Уыцы сахат зæронд ус æмпъызта Викто- ры цъындатæ. Æмæ ныр йæ куыст фæуагъта, кæсæнцæстытæ фындзы рагъыл дæлдæр* аца- ^
уыгъта, сæ сæрты Виктормæ бакаст æмæ загъ- та: „Тагъд, æмбæхсынмæ!" Йæхæдæг фæстæмæ йæ куыст кæнын байдыдта. Виктор зæрдæлхæ- лыны охыл йæ цуры абадт, йæ хъæбысы йæ æрбакодта æмæ лæгъстæгæнæгау сдзырдта: — Нана, мæн дæр демæ лæууын фæнды... Дæ цуры мæ уадз... Ницы нын уыдзæн. . ,Зæронд усы- зæрдæ фæфæлмæн, ницыуал -едзырдта, æрмæст ын йæ цæсты ’нгасæй уай- дзæфау бакодта: „Ныхас-иу æххæстгæнгæ вæй- йы, æххæстгæнгæ". ; Цалдæр минуты фæстæ денджызы былтаёй, горæты кæрæттæй, суанг наутæй дæр сарма- дзанты нæрын.ссыди. Виктор рудзынгмæ баз- гъордта, акаст алырдæм, фæлæ арвыл ницы зынди. Æрмæст наутæй сармадзантæ горæт^ы сæрмæ мигътæм нæмыг нæмыджы фæдыл уагъ- той. .Бæстæ къæрцц-гуыппæй байдзаг. Сармадзанты нæмгуытæ хæлдысты горæты <:æрмæ, се схъистæ хаудтой уынгтæм, хæ- .дзæртты сæртæм... Уалынмæ хъустыл ауади цавæрдæр æна- хуыр. æхсидт: вв-и-и-и-ви-и-и...и... — зæгъгæ. Виктор фыццаг хатт фехъуыста ахæм æхситт ^емæ йын ницы бамбæрста. Фæлæ зæхх, рй- зæгау, куы ныззырзыр кодта æмыр гуыппы- тæй, науты алыфарс денджызæй дон ха^рдмæ куы сфæйлыдта, уæд йæ зæрдæ æнахуыр рыст <:кодта, йæ бон сдзурын нал уыд. Нанамæ фæ- касти, цыдæр ын зæгъынмæ хъавыд, - фæлæ уый йæ куыст кодта, цыма æппыидæр ницы хъуыста, уыйау. Сдзурын ницыуал бауæндыд. Ногæй та бомбæты гыбар-гыбур... Виктор акаст наутæм. Ныр чи æхсы, цæй нæрын у, уый бæ- 10
рæг нал уыд. Сармадзантæ, пулемёттæ æмхуы- зонæй æхстой мигътæм, фæлæ дзы зынгæ ницы кодта. Гыбар-гыбур цыдис зæххæй, ден- джызæй, мигътæй. Арв нæрыд, сармадзанты нæмгуытæ хæлдысты. Хæдтæхджыты мотортæ алы хъæлæсы уагæй уасыдысты. Бæрæг ницы- уал уыдис... Хъустыл ауади хæдтæхæджы моторы зæрдæ- халæн ниуд. Уалынмæ дзы мигъты ’хсæнæй ра- зынд иу судзгæ, йæ фæдыл сау фæздæг ивæзти, афтæмæй... Йæ базырыл ма фæзынди фашистон нысан, афтæмæй науты цур денджызы аны- гъуылд. — Æрхауд, æрхауд! Нана, фашистон хæд- тæхæг æрхауд!—сцин кодта Виктор. Зæронд ус йæ зæрдæйы циндзинад ницæ- мæй равдыста хæдтæхæджы æрхаудыл, фæлæ мæстыйæ загъта: — Иу дæр сæ мауал баззайæд фашисттæй!.. Сеппæты сæртæ дæр денджызы бын фæуæнт,— уый сын мæ хуыздæр арфæ! Викт.оры цин дæр бирæ нæ ахаста. Наутæй дæрддзæф лæууыдис чысыл моторджын лод- кæ. Уылæнтæ дзы лортийау хъазыдысты. Рап- пар-баппар æй кодтой. Ныр ыл бомбæ сæм- бæлд æмæ йæ доны пырхæнтимæ фæйнæрдæм фæхаста. Æрæджиау ма фæйнæджы гæбæзтæ фæзынд денджызы уылæнтыл; уыдоны дæр та уылæнтæ доны арф аныгæдтой. Уыцы хабар зæронд усæн зын кæй уыдзæн, уый зыдта Виктор æмæ йын ницы схъæр кодта. Арф ныуулæфыд лæппу, зæронд усы цур æрбадт, йæ хъæбысы йын йæ сæр авæрдта æмæ уайсахат адæргæй афынæй ис... и
Хæдтæхджытæ атахтысты. Бæстæ рæстæг- мæ фæсабыр ис. Æрмæст ма денджызæй цы- ди науты уасын дæрзæг хъæлæсæй. Уарын нал æнцад. Æхсæвæй-бонæй цыди тыгъды зæй. Сау мигъ æрбадт горæтыл, денджызыл. Арв нæрыд, цæхæртæ калдта. Радио хъусын код- та, зæгъгæ, знаг йæ салдæтты æвгъау нал кæ- ны, калы сæ хæсты артмæ... ,- Циндзинад нал агуырдта зæрдæ. Фашистон æфсæдтæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой горæт- мæ... Знаг йæ маргæйдзаг къухтæ горæты хурхМæ ивæзта. Советон Æфсад кæны хъа- зуат хæст... Знаджы, дæрæнгæнгæ, фæстæмæ атæры, фæлæ та уый ногæй райдайы быр- сын... . Карз хæстытæ фæцыдысты дзæвгар рæстæг, Горæты ма стæм хæдзар баззад æнæ хæлдæй. Уынгты ацæуæн нал уыд хæлддзæгтæй. Со- ветон Æфсад ацыд горæтæй, знаг æй бацах- ста. Уайтагъд горæты йæхи „пълантæ" æрæ- вæрдта. Виктор уыцы рæстæг уыди уæззау рынчын. Зæронд ус дуæрттæ фидар ныхкæдта æмæ йæ цуры бадти. Зæрдæтæ иын æвæрдта, знагæн мах зæххыл баззайæн нæй, пыхргонд æрцæу- дзæн, Советон Æфсад фæстæмæ æрбаздæх- дзæн, за^гъгæ. Иу изæр, хурныгуылды фæстæ, чидæр дуар æрбахоста. Зæронд ус сыстад, дуары цурмæ рацыд. Байхъуыста. Йæ хъустыл -ауад цыдæр æнахуыр ныхæстæ. Баздæхт фæстæмæ æмæ афтæ зæгъы: — Æнхъæлдæн, знаджы салдæттæ... Дуар тынгæй-тынгдæр ныххостæуыд. Фæ- 12
стагмæ йæ афтæ тыхджын ныццавдæуыд, æмæ мидæмæ æрбахауд, пъолыл йæ гыбар-гыбур ссыд.. Æрбакалдысты ^салдæттæ хæдзармæ: бæстæ дыгъал мь!гъул ссис ’ Уайтагъд къуымты зилынмæ фесты. Зæ- ронд ус æмæ Викторы алыфарс амбырд сты. Иу салдат Викторы цурæй æхсыры къус фел- вæста, æмæ йæ анызта. Йæхæдæг йæ мидбыл- ты бахудт, йæ хъуыр æрсæрфта, ома, мæ хъæлæс алæгъзи, зæгъгæ, стæй загъта: „Кæ|- рæсо"! Зæронд. ус æмæ Виктор джихæй баз- задысты. Салдæттæ сæ дарæс ракалдтой. Хæ1- дзары сæхицæн хуыссæнтæ æрцарæзтой. Бæ- рæг уыдис, фæстæмæ цæуыны фæнд сæм кæи нæ уыдис, уый. Иу салдат Викторы цур æр- лæууыд, мæсты цæстытæй йæм ныккаст æмæ барджынæй загъта: — Вег-вег! (ома, тагъд дуары.æтте фæу). Зæронд ус уæдæй нырмæ йæхи тыххæй урæдта, ницы дзырдта, фæлæ ныр салдаты цур æрлæууыд, цæстытæ туджы разылдта æмæ загъта: — Уый рынчын у, рынчын, хайуан, кæдæм æй хизын кæныс? — Ма йæм дзур, нана, цавæр адæймаг у, уый нæ уыныс?—фæлмæнæй йæм дзырдта Виктор. Фæлæ салдæттæ зæронд усы къухыл фæхæцы- дысты æмæ йæ дуары æтте фæкодтой. , Уыцы бонæй фæстæмæ зæронд ус æмæ Виктор цардысты сарайы. Хъæмпæй лыстæныл хуыссыдысты. Салдæттæ та хæдзары æрынца- дысты. Цасдæр рæстæджы фæстæ Виктор фæдзæ- бæх. Кæсаг ахста денджызы æмæ уымæй цар- 13
дысты. Зæронд усæй салдæттæ сæхицæн кæ~ стæриуæггæнæг сарæзтой. Сæ дæрзæг смагг гæнаг дзаума æхсынæй йæ къухтæ схъæдгæмт- тæ сты. Æхсын ын кодтой пъолтæ, сæ дарæсг сæрфын ын кодтой сæ батинкæтæ. . Иу бон та райсомæй раджы зæронд ус пъолтæ ’хсадта. Салдæттæ сæ дзаумæттæ код- той. Иу салдат йæ чъизи батинкæтæм куы, ’ркаст, уæд зæронд усмæ фæдзырдта. Иннæты батинкæтæ ’æхсæвы бæргæ ныссыгъдæг крдт^а, фæлæ ацы салдат хæтынмæ уыди. Зæрондлус йе ’рбацыдмæ схуыссыд^ æмæ йын уый тыххæй. чъизийæ баззадысты. Йе ’мбæлттæ йылч^уы схудтысты, уæд уый мæсты кæнын байдыдта усмæ, фестад æмæ йыл ралæууыд. Пъолтзё ’хсæн чъизи хæцъилæй йын пæ цæсгом фæ- хоста. Зæронд ус сыстад. Йæ къабайы фæччийæ йæ цæсгом, йæ цæсты сыгтæ ныссæрфта. Су- сæгæй фæкуыдта... Цы загътаид, йæ хъаст кæ- мæ хастаид... Пъолтæ ’хсын райдыдта дарддæр! Сихортыл æрцыд Виктор кæсаг ахсынæй. Зæронд усы æрбаййæфта хуысгæйæ, кæуын- вæлладæй. Æнкъард-иу уыд æдзухдæр, фæлæ абон йæ зæрдæйы стырдæр маст кæй уыду уый бæрæг уыди. Лæппу кæсæгтæ æрæвæрдта, йæ цуры абадт, йæ цæстытæм ын лæмбынæг бакаст æмæ загъта: — Ацы нæл хуытæм кæ- сьш мæ бон нал у, нана!Волков дæр кæдæм- дæр ацыд...уый йедтæмæ дзы æз искæйы... Абон дзы денджызы был иу гæрæм салдат расыгæй хуыссыди. Мæстæй йæм бæргæ мардтæн. Дам7 баца мæм куы уыдаид, уæд ыл дзы банымад- таин. Зонгæ дæр мæ ничи бакодтаид... ’ . 14
Кæд зæронд усæн æхсызгон уыдысты уы* цы ныхæстæ, уæддæр ын маст йæ зæрдæ хордта. Æррынчын ис, лыстæнæй нал стад. -Ноджы хæринагæй дæр хæдзары ницыуал уыд/Кæд. ма-иу кæсаджы муртæ... Уыдонæй дæр зæрдæ фæцъæх и. Зæронд усы хо цард горæты кæрон. Иу бон сæм йæ зæронд лæгимæ æрбацыд. Хæдза- ры пълантæм куы ’ркаст, уæд сæ акодта йемæ. Кæд мæгуыр цард кодтой, уæддæр кæрæдзи- йы руаджы сæ зæрдæтæ фидардæр уыдысты.. Иу;изæр Виктор уынджы æрбацæйцыд сæхи- мæ, Уынджы тигъыл бадти даргъ рихи зæронд. лæг. Йæ уæлæ æвзæр дарæс: Виктор йæ цур- мæ куы ’рбахæццæ ис, уæд æм зæронд лæг фæдзырдта. Куыд сбæрæг, афтæмæй уый разынди Иван Петровичы æмбал—Волков. Фыццагæй Виктор* нæ базыдта æмæ йæм æнæууæнк каст кодтаг стæй йыл ныттыхсти æмæ йын ныббатæ крд~ та. — Ахæм хуызы барæй дæн ам,—загъта Вол- ков;— бирæ ныхæстæм мæ не ^вдæлы, фæлæ мемæ цом нæхионтæм! Ам дæ хъуыддаг хорз^ нæ уыдзæнис, — лæппуйы уавæр бамбаргæ- йæ, загъта Волков. — Кæм сты нæхионтæ?—тагъд-тагъд афар- ста Виктор. — Ссардзыстæм сæ. Æз уырдыгæй æрвыст/ дæн. ^ Лæппу зыдта Волковы. Зыдта, сæ хæдзар- вæндагмæ сын цы хæлардзинад дары, уый. Æмæ^ уымæ гæсгæ сразы ис, фæлæ ма загъта: — Нанайы ма афæрсон. — Уæдæ иумæ цом æз дæр фенон дæ фыды 15
мады. Ныхæстæ кæнгæйæ бахæццæ сты зæронд усмæ. Волковимæ. тынг бацин кодтой кæрæ- дзиуыл. Викторы хабар ын бамбарын кодта Волков. Зæронд усы нæ фæндыди, фæлæ фæс- тагмæ срязы ис. Лæппу ныхъæбыс кодта накайæн, хæрзбон загъта зæрæттæн æмæ, цæттæ лæгау, дуары .æтте фæци. Йæ фæдыл рацыд Волков дæр. Хæдзарæй йемæ никæйы рауагъта. Зæронд ус ма сæ фæдыл рауад, фæлæ сæ кæрты. куы никæйы раййæфта, уæд къæсæрыл" æрбадт, йæ* уæрджытæ дыууæ къухæй уæззау æрцавта æмæ йæ зæронд рустыл цæсты сыгтæ нызгъæл- дысты. Æнæхъæн бон фæцыдысты фæсвæдты. Дык- яаг бон райсомæй хуры ’рбакастмæ хъæды иу дидинæгджын æрдузмæ бахæццæ сты. Æрдузы алфæмблай нæзы бæлæстæ арвыл æндзæвы- дысты. Рог дымгæ сын сæ сыфтæртæ зына нæ- зына змæлын кодта. Цъиутæ райхъал сты сæ фынæйæ æмæ бæзджын къудзиты ’хсæн, цъй- бар-цъыбургæнгæ, къалиуæй-къалиумæ пæр- рæстытæ кодтой. Хуры хъармæй райхъали хъæд... æрдзы райдзастдзинадæй рухс кодта зæрдæ. Афтæ дзæбæх уыд уыцы сахат хъæды, афтæ рай- дзаст уыд æрдз, æмæ Викторæй æрбайрох сты йæ бирæ мæстытæ. Æрбадтысты арф кæрдæджы... Æрбафтыди ма сыл иу къорд адæймаджы. Волков æмæ Викторы къухтæ райстой. Бæрæг уыдис Вол- ковимæ ам фембæлыны дзырдгонд кæй уы- 16
дысты, уый. Ныр араст сты хъæды уæлæмæ. Ныхæстæм гæсгæ Виктор бамбæрста, ’ завод горæтæй ласт кæй æрцыд хурыскæсæны ’рдæм, уый. Бирæ кусджытæ ацыд йемæ. Иинæтæ та горæты партион организацийы разамын- дæй, партизантæм ацыдысты. Горæты ма чи баззад, ахæмтæ дæр уыд. Уыдонæй дæр иутæ ацæудзысты партизантæм, иннæтæ та горæты уыдзысты, æххæст кæндзысты^партизанты ко- мандиры фæдзæхстытæ. Афтæ ныхæстæгæн- гæ цыдысты. Хъæды фæндаг нæ уыд. Ранæй-ран—какон- сындз, къæдзæх, ныллæг æхсæры къудзитæ. Изæрмæ бахæццæ сты иу уæлвæзмæ. Уым Сæ размæ рацыд иу æнæдаст хъæлдзæг лæг. Йæ уæхскыл — автомат. Сæ къухтæ сын райста, стæй йæ Волков афарста: — Мæ фæстæ уæм ногæй цы хабар ис? — Ног хабæрттæ бирæ, — дзуапп радта хъæлдзæг лæг. Авд æмæ ссæдз лæджы уацары райстам, дыууæ эшелоны салдæттимæ афæл- дæхтам, хæцæнгарз—бирæ! Нæхицæй дæр аст лæджы фæмарди,—æмæ сын сæ нæмттæ раны- мадта. Сеппæт дæр иудзæвгар зæхмæ кæс- гæйæ алæууыдысты, стæй Волков загъта: — Рухсаг уæнт нæ хъæбатыр æмбæлттæ!.. Уый фæстæ хæрды уæззаугомау араст сты. Фæндаг хъахъæнæг йæ бынаты баззад. Хуры аныгуылдмæ схæццæ сты бæрзонд æфцæгмæ. Сæ размæ фесты æртæ автоматджыны. Иуы дзы Виктор базыдта,—уый уыди фæскомцæди- сы горкомы кусæг Андрей... Викторы къух кУы райста, уæд æм Андрей йæхæдæг дæр фсекомкоммæ ис: 1-Фсымæртæ. 17
— Æмбал партизан, цыма демæ зонгæ дæн. афтæ мæм -кæсы. Виктор бахудт: — Æз дæм фæскомцæдисы горкоммæ пио- нерты куысты тыххæй арæх цыдтæн. Хорз дæ зонын. Дæ ном—Андрей. — Раст у, раст... Æз дæр дæ хорз хъуыды кæнын—Виктор Иванов. — Бацин кодтой кæрæдзиуыл. Викторæн ног хъару æмæ ныфс йæ уæнгты ацыды- сты. — Ныр та- иу отряды стæм демæ. Пырх кæндзыстæм фашистты!..— загъта Андрей æмæ- Викторы уæхск æрх’оста лымæндзинады фæ- дыл. Изæры схæццæ сты партизанты отряды штабмæ. Æхсæвæры фæстæ фæлмæцыд адæг^ схуыссыдысты фæлмæн дзалайыл. Дыккаг боц сеппæты дæр.бакодтой отряды начальникмæ, Начальник дыууæ командиримæ хуымæтæг арæзт стъолы алфæмблай бадти æмæ, картæмæ амонгæйæ, ныхас кодта. Адæм халагъудмæ куы бацыдысты, уæд начальник сыстад йæ бынатæй, сеппæтыл дæр æнæдзургæйæ йæ цæст ахаста. Уый уыдис бæрзонд, бæзæрхыг, дæргъдзæсгом лæг. Кæд фынддæс æмæ дыууиссæдз азы сæ халас фæд ныууагътой рихитыл, сæры хъуынтыл, уæд- дæр йе ’уæнгты конд, йæ алы фæзылдæй бæ- рæг уыдис, йæ хъару кæй нæма фæцу- дыдта. ( Бæзджын æрфгуыты бынæй сау дыууæ цæ~ сты сабыр каст кодтой, йæ уæлæ — æфсæд- дон дарæс. Рахиз фарсыл—даргъ босджын 18
маузер. Фыццаг бакастæй Виктормæ мæсты- гæр, тызмæг адæймаг фæкаст. Уымæ гæсгæ йæм касти Волковы аууонæй —сусæгæп. Къух- тæ- исгæ Виктормæ куы ’рбахæццæ ис, уæд йæ цæсгом бынтон æндæрхуызон фæци. Сывæл- лонау йæ хъæлæсы дзаг ныххудт. Æмæ пæ дзыхэей урс-урсид дæндæгтæ ферттыв- той. — Дыккаг лæппу мын,—загъта хъæрæп, стæй йæ йæ фарсмæ сбадын кодта æмæ рай- дыдта ныхас кæнын отряды тыххæй, ног æр- бацæуджытыл цы хæстæ æвæрд уыдзæн, уы- доныл. Цыбыр ныхасы фæстæ, йæ фарсмæ цы лæг лæууыд, уымæн загъта:—Адонæй чи кæ- цы ротæмæ хауы, уый сын бамбарын кæн. Лæппуйы та уал Иванмæ арвит. — Хорз,—загъта уый æмæ адæмы йæ фæ- дыл акодта. Халагъуды ма аззадысты Волков, Виктор^ æмæ штабы начальник. — Йæ фыд мемæ заводы куыста. Æз æй ракодтон горæтæй дæр, —загъта Волков,— æмбаргæ, уæздан лæппу у! — Хорз, хорз... Иттæг хорз! Ныр мын дыууæ лæппуйы ис. Солтанбеджы цинæн та æппын нал уыдзæн кæрон, —загъта штабы на- чальник.—Цом, исты бахæрæм. Солтанбег æн- хъæлмæ кæсдзæн. Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ хала- гъуды фæмидæг ис Солтан&ег йæхæдæг. На- рæг, бæрзонд лæппу. Сау æрфгуыты бынæй сау дыууæ цæсты, зынгау æрттывтой. Уæнгты конд, цæсгомы æвæрд, йæ сæрæн змæлдæй бæрæг уыдисойе уæнгты туг фæйлауæнтæ кæй кæны, уый. Йæ цæрдæг фæзылдтытæ, сæрæн 19
цæстæнгасæй кæй фæнды зæрдæ дæр барухс уыдаид. Йæ уæлæ æфсæддон дарæс. Сæрыл— ныллæг, аив цæрмын худ. Йæ фарсыл браунин\ Раст цыма семæ райгуырд, семæ схъомыл п, афтæ йыл фидыдтой. Викторы ауынгæйæ, джихæй аззад, — Солтакбег, мæнæ дын ног æфсымæр,— загъта начальник. Солтанбег æрбауад. Виктор йæ бынатæп фестад, кæрæдзипы къухтæ райстой. Началь- ник сæм худæнбылæй каст, стæй фестад, кæ- рæдзимæ сæ æрбахæстæг кодта, ахъæбыс кæнут, зæгъгæ, æмæ йæ хъæлæсы дзаг ных- худт. Халагъуды чи уыд, уыдон дæр бахуд- тысты. Сеппæтæй хъæлдзæгдæр уыд началь- ник йæхæдæг. Уый дыууæйы дæр йæ риумæ æрбалвæста. — Цæут æмæ уал исты бахæрут, æз дæр уæм фæцæуын. Дыууæ лæппуйы цингæнгæ разгъордтой. Аходæны фæстæ атезгъо кодтой лагеры алы- фарс, кæрæдзийæн фæдзырдтой сæ хабæрттæ. Дыууæ дæр уыдысты пионертæ. Сæ иу ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы, иннæ та-Хъы- рымы; ныр баиу сты, балымæн сты. Æхсæвы хуыссыдысты фæрсæй-фæрстæм. Дыккаг бон хуры скастмæ сыстадысты. Уазал рæсугъд суадоны сæхи цæхсадтой, бахордтой ахо- дæн. Бæстæ уыд райдзаст, хъарм. Начальник никæцæй зынд. Дысон ам кæй, федта Виктор, уыдонæй дзы ничиуал баззад. Æрмæст ардæм кæимæ ссыди, уыдон къудзийы рæбынты бад- тысты къордгæйттæй. 20
Райхæлдтой пулемёттæ, автоматтæ, топпы- тæ, нагантæ æмæ сын сæ хæйттæ ахуыр, код- той. Дысон ам чи нæ уыд, ахæмтæ та фынæй кодтой. Кæмæн йæ сæр баст, кæмæн—йæ къух... Дыууæ лæппуйы чысыл къудзийы бын æрбадтысты. Солтанбег хæрынкъайæ ралыг кодта æхсæры къалиу æмæ йæ, æнæ дзургæйæ, амадта. Иу дзæвгар фæлæууыдысты, стæй Вик- тор бафарста: —- Солтанбег, начальник ма ныры онг хуысгæ кæны? — О, хуысгæ.’Уыдон дысон æхсæвай ацы- дысты „цуаны". Афонмæ та немыцаг эшелон- ты фæлдахынц,—дзуапп радта Солтанбег.— Æз дæр æртæ хатты уыдтæн хæстон опера- циты. Дысои дæр хъуамæ ацыдаин, фæлæ мæ дæу тыххæй ныууагътой... Ды наганæй æхсын зоныс?— чысыл фæхъусы фæстæ, афарста Сол- танбег. — Наганæй? Нæ зонын... . — Автоматæй та? — Автоматæй? Нæ зонын... — Пулемёт дæр никуы федтай? — Уынгæ фæкодтон, фæлæ дзы æхсын нæ зонын. — Уæдæ ма дæ ам штабы цæрын бирæ бахъæудзæн. Ам та æрмæст цæфтæ, рынчын- тæ вæййынц. Дзæгъæл бадæн нæй. Немыц хæстмæ ласынц сармадзантæ, гплдзытæ, сал- дæттæ. Мах та сæ хъуамæ пырх кæнæм, хæст- мæ куыд нæ хæццæ кæной, афтæ. Иу бон мах отряд схæцыд немыцаг ротæимæ, сæ хæцæн- гæрзтæ сын байстам. Авд æмæ ссæдз лæджы та уацары райстам, стæй фæстæмæ ралыгъ- 21
дыстæм. Махæй дæр аст лæджы фæмарди... Уый фæстæ нæ сармадзанæй æхсын байдыд- той, фæлæ уæдмæ мах фидармæ ссыдыстæм. Виктор ма уыцы хабæрттæ фæндагыл фе- хъуыста, фæлæ йæм уæд ныры хуызæн нæ бахъардтой. Сæйраг хъуыддаг автомат сахуыр кæнын у. ’— Солтанбег, ды цасмæ базыдтай авто- мат?— бафарста Виктор. — Æз дæр æи æрæджы базыдтон. Зын базонæн нæу. Æхсын дзы сахаты ’рдæгмæ базондзынæ, Куы ферхæца, уæд уый арæвдз кæнын у зын. Хæринаггæнæг Иван мæ сахуыр кодта. Кæд дæ фæнды, уæд уал дын мæхи браунингæй æхсын бацамондзынæн. — Бацамон,—загъта Виктор. Солтанбег йæ дзыппæй газет систа, зæх- хыл æй райтыдта. Браунинг сласта хуымпъы- рæй æмæ йын райдыдта амонын. — Цалынмæ йын йæ гилдзытæ раппарай, уæдмæ йæ хæрдмæ дарын хъæуы. Гилдзытæ сты абоймæйы,. абоймæ та. мæнæ... Абоймæ æд гилдзытæ раппæрста, гæххæт- тыл æй æрæвæрдта. — Дарддæр кæс!—Бæлвырд ын радзырдта: цал гилдзы дзы цæуы, уый, куыд æвæрд у браунинджы, куыд æй æппарын хъæуы, æх- сын, хъавын, зилын æм куыд хъæуы, уы- дæттæ. Лæмбынæгæй хъуыста Виктор. Солтанбег ынкæй фæамыдта, уыдон уайтагъддæр ба- зыдта. Браунинг æхсын æввонг скодта, йæ гилдзытæ йын ракалдта зæхмæ. Лæппуйæн фырцинæй хурау ныррухси йæ зæрдæ. 22
— Базыдтон уал браунинг! Базонын ма хъæуы автомат дæр æмæ уæд Солтанбегимæ пумæ цæудзыстæм хæстон операцитæм... Изæры партизанты штабы начальник Вик- торæн афтæ зæгъы: — Райсом ам баззайдзынæ мæнæ старшина Иванимæ. Цы дын зæгъа, уый кæн. Иванæн йæ дыстæ рæмбыныкъæдзтæм тылд, урс цикъæ худ йæ сæрыл, афтæмæй лæууыдис начальничы фарсмæ, æдзынæг каст йæ чысыл цъæх цæстытæй Виктормæ зæрдæ- ^æларæй... — Уый дын мæ быгъдуан. Æз æй сахуыр кæндзынæн,—загъта Иван, йæ цæсгом фæирд кæнгæйæ. Æртыккаг бон Солтанбег лагеры нæ уыд. Виктор баззад Иванимæ. Картофты голлаг ын йæ разы æркалдта Иван, фæрсæгау æм бакаст, ома, дæ ахаст куыд у. — Ахæм инæлар нæй, картæфтæ чи нæ стыгъта, пъолтæ чи нæ ’хсадта,—дзырдта Иван йæ сырх цæсгомæп хид дыууæрдæм сæрфгæйæ. — Салдатæй — афицермæ, афице- рæй—инæлармæ... Афтæ у æфсæддон æгъдау... Салдатæй хорз чи нæ бакуса, уый инæлар нæ кæны... Зæгъæм, нæ начальник Садуллæ, фед- тай йæ? Демæ нæ ныхас кодта? — Федтон, хорз лæг у мæнмæ гæсгæ!.. — Гъы, хорз лæг у!—фæзмæгау бакодта Иван.—Ай-гъай у хорз лæг! Уый булкъон у, мæ хур, булкъон. Фыццаг та салдат уыдис. Пъолтæ æхсадта, картæфтæ стыгъта, дон дæр- иу æрбадавта хæринаггæнæгæн, мæнæн та мæнæ мæ кас æгæр бæзджын рауад. Донмæ 23
дæр та, æнхъæлдæн, мæхи цæуын бахъæу- дзæн, фæлæ та мæ мæ цæф зæнгыл æрлæууæв нал ис, тынгдæр та мын риссьт,—уайдзæфгæ- нæгау бакодта Иван. Виктор уæды онг Иваны къуылыхдзинадæн ницы æмбæрста, фæлæ ма йын ныр тæригъæд дæр фæкодта, цыма Иваны рагæй зоны, бирæ йæ уарзы, афтæ дæр ма йæм фæкасти. Азгъорд- та донмæ. — Афтæ, гъе,—загъта Иван. Дзаг ведрз йын йæ къух^эей райста, аджы йæ ныккодта, стæй стыр стауæнæй кас сыстыдта.—Цалынмæ мæнæй дзырд рацæуа, уæдмæ дæ операцитæм ничи акæндзæн, стæй гæнæн дæр нæй. Раз- дæр уал ме скъола каст фæуын хъæуы. Ома уал базон: хъæрмхуыпп, кас, лывзæ кæнын. Уый фæстæ та—автомат, пулемёт, топп, ливор. Уыныс, Солтанбег куыд сахъ лæппу у! Стæй кæм!.. Уый а-лæппу сахуыр кодта. Раздæр мæ курсытæ фæци каст. Ныр дзы немыц куыд тæрсынц, уый зоныс. Ордеи дæр ма райсдзæн, орден!Хæсты йе- мæ чи уыдис, уыдон дзы куыд æпцæлынц! Уæ- дæ цы! Æз ме скъолайæ æдзæллаг лæппутæ нæ уадзын. Стæй йæ мæхимæ исгæ дæр нæ ракæндзынæн. Солтанбеджы хуызæн лæипу- ты—табуафси! Йе ’фсæддон скуыхтдзинæдты тыххæи^ дын ницы дзырдта? — Йæхи тыххæй ницы, иннæты тыххæй дзырдта. — Хæдæфсарм лæппу у. Йæхи тыххæй ни- цы ^зæгъдзæн. Йæ автоматы, заегъы, гилдз куы нæуал баззад, уæд та ливорæй хæцыд, Иу бон ын бацамыдтон ливор—базыдта йемæ ар- 24
хайын, бацамыдтон ын автомат—мæхицæй йæ хуыздæр базыдта. Уый фæстæ мæм начальник фæдзырдта: „Æмбал старшина, Солтанбег хæс- тон операцитæм бæззы? Куыд арæхсы авто- матæй, ливорæй?—„Бæззы, зæгын, æм- бал начальник! Цæттæ партизан у, табуафсп!" Ныр уый нымад у хуыздæр партизантæй иуыл. А-дыууæ боны йын хъуамæ ефрейторы ном дæр радтой! Мæнмæ каст чи фæуа, уымæн ал- цы дæр йæ бон у бакæнын. Ефрейтор, суанг сержант, стæй ноджы уæлдæр ном райсын дæр... Ис ма дзы уæлдæр нæмттæ, дзæвгар сты. — Иван, уæдæ мæн та кæд райдайдз.ынæ ахуыр кæнын? — Дæу? Ахсæв. Ахсæвæй фæстæмæ рай- дайдзыстæм. Кæд рæвдз уай, уæд тагъд Сол- танбегимæ иумæ цæудзынæ. Уыцы бонæй фæстæмæ райдыдтой ахуыр кæнын. Йæ хъуыдытæ фыны дæр нал цух код- той хæцæнгæрзтæй. Солтанбеджы ныхас дæр йæ зæрдыл дардта: „Штабы цæфтæ, рын- чынтæ вæййынц". Æртæ боны фæстæ Сол- танбег æрбаздæхт операцитæй. Сæрыстырæй ныхас кодта æртæ æмбалæй хид куыд фехæлдтой, ууыл. Цыма Солтанбе- джы раз истæмæй зылын у, афтæ каст Вик- тормæ. Уымæ гæсгæ, æнæбарыгомау загъта: —Æз та картофтæ сыгъдæг кодтон, дон хас- тон Иваны касæн. Автоматыл дæр мæ ахуыр кодта. Райсом мæ фæрсдзæн, æмæ кæд хорз дзуапп раттон, уæд æхсгæ дæр кæндзынæн. — Старшина Иван хорз лæг у. Уын взво- ды командир уыдис, хъæбатыр старшина, фæ- 25
лæ хæсты уæззау цæфтæ фæцис, йæ зæнг саст уыдис, ныр дæр ын бынтон нæма байгас и æмæ пъовыр дæр уый тыххæй у, фæлæ уал ныр рæстæг дзæгъæлы ма сафæм, фæлтау цом, æмæ автомат ахуыр кæнæм. — Цом!—фæцырд пс Виктор. Ацыдысты хибар ранмæ. Æрбадтысты кæр- дæгыл æмæ райдыдтой ахуыр кæнын. Ныр Виктор йæхæдæг зыдта автомат райхалын, ацаразын, гилдзытæ æвæрын, хъавын, æхсын. Уый фæстæ уыдис стыр цины бон. Экзамен сфæрæзта. Автомат базыдта, æхсгæ. дæр, дзы фæкодта хорз. Иван æппæлын нæ уарзы,, фæ- лæ йæ Садуллæ йæхимæ куы æрбакодта, уæд загъта: — Мæнмæ гæсгæ, операцитæм арвитынмæ бæззы. Бузныг, Иван,—загъта Садуллæ æмæ йын йæ къух райста,—Виктор та нын—ног пар- тизан. Солтанбег цырд æрбауад, фыр цинæй йæ цæстытæ зынгау сыгъдысты, начальничы цур ллæууыд æмæ афтæ зæгъы: — Бар нын ратт абонæй фæстæмæ иумæ. операцитæм цæуынæн! — Опе-ра-цнтæм?—ныхас даргъ ауагъта Садуллæ.—Бар уындæттын. Кæддæра уæ лæп:- пын базырты цас тых бацыди. Дыууæ лæппуйы ницы уал сдзырдтой. Дуа- ры æтте фесты. Къахфæндагыл, кæрæдзийы аеууæрдгæ, азгъордтой суадонмæ. Суадоны был сын хъæбысæй хæст бацай- ж дагъ ис. Дыууæ æмбалы исдугмæ фæхæцы- дысты, фæлæ сæ куы нйчн саст, уæд Солтанбег загъта: 2б
— Уый ницы хæст у, фæлтау хæцæм кав- казаг бархи хæстæй. Ома дæ куыд фæиды, кæм фæнды, уым хæц, ’ æрмæст фæуæлахиз у. Къах- аразынæй, хиндзинадæй, роныл хæцынæй, сæр- ты æппарынæй,—дæ хъару ’мæ дæхæдæг! Бирæ фæхæцыдысты кавказаг хæстæй, фæ- лæВйкторæнйæ хъуыддаг ничердæм цыд, уы- мæн æмæ Солтанбег тынг тагъд æвнæлдта, къах арæзта æмæ та-иу уайтагъд Виктор фæ- бынæй ис, г — Кавказаг бархи хин хъæбысæй хæст зонын хъæуы, Виктор,—загъта Солтанбег, — кæннод ’знагимæ хъæбысхæст куы фæуай, уæд дзы дзæгъæл „растдзинæдтæ" нал вæййы, куыд арæхсай, афтæ йæ фæуæлгоммæ кæн. Бирæ фæхъазыдысты, фæхудтысты. Стæи Солтанбег райдыдта, операцийы цæугæйæ адæй- магæн йæхи куыд дарын хъæуы, уый тыххæп дзурын: — Махæн иу хатт нæ хъуыддаг æхсныр- сæджы тыххæй баззад!. — Ома куыд?—фæдис кодта Виктор. — Æхснырсæг æмæ хуыфæгæй æвзæрдæр кицы нс. Цалдæр æмбалæй хъуамæ фехæлдтаик- кам, æфсæнфæндаг кæуыл цыд, ахæм ;хид. Хи- дыл лæууыд немыцаг хъахъæнæг. Гæрах кæ- нæн цæй. Чысыл фалдæр—сæ пост. Фехъуыс- таиккой нæ. Уымæ гæсгæ сусæгæй бабыры- дыстæм хйды бынмæ. Фæлæ нæ иу æмбалыл æхснырсæг уыдис. Куыддæр райдыдтам кусын, афтæ йæхи нал баурæдта æмæ „ныччихи ’код- та’. Салцат хæрдмæ фæхауд. Цыдæртæ:'сды- гъал-мыгъул кодта. Ныхъæр кодта. Бæстæ. гæ- рах, гуыпп, фæдис сси. Мах- ралыгъдыстæм . 27
æмæ ма тыххæй раирвæзтыстæм, нæ хæс нæ баххæст кодтам, афтæмæй. Нæ дзауматæй бирæ уым баззад. Нæ фыдæбон та бынтон лæвар фæ- ци. Уыныс? — О, уый æцæг у... Фæлæ лæгыл æхсныр- сæг куы уа, уæд та цы кæна хъуамæ? — Цы кæна? Уæд ахæм операцитæм цæ- уæн нæй. Цæуын хъæуы æндæр хъуыддагмæ. Чысылгæйттæй рог операцитæм фæцæуæм. Би- рæйæ—стырдæртæм. Тынг стыр операцитæм та—неппæт дæр иумæ. Раздæр пълан саразæм, уыцы пъланмæ гæсгæ фæйнæрдыгæй бабырсæм знагмæ... Знагыл хинæй цæуын хъæуы, хннæй. Тæрсгæ ма _кæн. Сахуыр уыдзынæ ды дæр. Ныр уал цом бынатмæ. Дыууæ лæппуйы, кæрæдзийы уæхсчытыл хæцгæйæ, æрбацыдысты лагермæ. IV Цыдысты бонтæ. Партизанты отряд хъа- зуат тох кодта знаджы ныхмæ. Садуллæ, кæд зæрдæ бавæрдта Викторæн, уæддæр æй опе- рацитæм нæма ’рвыста. Тæрсгæ йын кодта. Виктормæ та хардзау каст хъуыддаг æмæ бо- нæй-бон æнкъарддæр кодта. Иу бон ын изæ- рæй Садуллæ афтæ зæгъы: — Ахсæв Волковимæ балцы ацæудзынæ. Дæхи бацæттæ кæн! Уæ хæс цы у, уый дын Волков бамбарын кæндзæн. Ацу æмæ уал ба- улæф! I Викторæн фыр цинæй йæ сæр зилæгау ракод- та, цæстытæ цæхæртæ акалдтоц. Зæрдæ æна-, хуыр гуыпп-гуыпп скодта. 28
Садуллæ йæм йæ -къух радта, йæ фæлмæн бур сæрыхъуынтæ йын рæвдаугæ æрсæрфта! Цингæнгæ разгъордта Виктор начальникæй æмæ хæрхæмбæлд фæци Волковыл. — Æз та дæу агурын,—загъта Волков,— пыртæккæ хуысгæ! Ахсæв дæ æмбисæхсæв стын бахъæудзæн. — Хорз,—загъта Виктор æмæ хъæлдзæ- гæй азгъордта. Солтанбег чысыл цырагъы #рухсмæ чиныджы каст. Йæ цуры ма уыдис чидæртæ, фæлæ йæ Виктор йæ цонгæй радав- та. Дыууæ лæппуйы цыдæртæ асусу-бусу код- той. Сæ цæстæнгасæй бæрæг уыдис, дыууæ дæр цавæрдæр стыр циндзинадæй хайджын кæй сты, уый. V Уыдис мæйдар æхсæв. Цъæх арвыл стъа- лытæ тыбар-тыбур кодтой, фæлæ хъæды уыд талынг, фæндаг бæрæг дзы нæ уыди. Æртæ æмбалы кæрæдзийы фæдыл цыдысты цавæрдæр сæрсæфæн былтыл. Цыдысты кæрæдзимæ хæс- тæг. Раззаг æмбал ранæй-ран æрлæууы, аны- хас кæны Волксвимæ, фæлæ чи у, уымæн ни- цы зыдта Виктор. Бæлвырд у, фæндагамонæг кæй у, ацы рæт- ты фыццаг хатт кæй нæ цæуы, уый. Æппынæ- дзух хъæлдзæг, фæлмæн ныхас кæны æмæ йæм уый тыххæй Викторы зæрдæ фæхæлар ис. Æхсæвы мæйдары дардæй хъуысын байдыдта моторты нæрын, стæй хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. — Танк,—йæ цыд фæсабыргæнгæйæ, загъта 29
раззаг, — соса фæндагмæ фæхæццæ кæнæм. Немыцаг танктæ... хъусут? фронтмæ цæ- уынц. Уыцы ныхæстæм, йæ автомат йæ риуыл ауыгъд, афтæмæй Виктор йæ хæд размæ алæу- уыд. Тæфсæгæй ризæгау, йе уæнгтæ ныззыр- зыр кодтой танкты корлмæ, фæлæ уый тас зæр- дæйы охыл нæ уыд. 1 Раздæр йæ зæрдыл æрбалæууыд пæ зæ- ронд фыды мад. Иунæгæй,_рынчынæй баззад гор'æты.^Л^онмæ цы фæциТчТГ зоньь.. Иннæ- мæй та знаг размæ бырсы. Горæт, йæ райгуы- рæй горæт ис знаджы къæхты бын. Ныр та ноджы, мæстæй марæгау, знаджы танктæ æрбацæуынц, зæхх сæ быны ризы. Вик- торæн мæстæй йæ зæрдæйы тугтæ йæ риуы ныккалдысты, хурхы уадындзтæ æрбахкæдтой, сдзурын йæ бон нал уыдис. — Тæрсгæ ма кæн, Виктор,—загъта Вол- ков æмæ йын йæ уæхск æрхоста,— фыд лæг æмæ фыд бон бирæ’нæ хæссынц. Танктæ дæр дард нæ ацæудзысты. Садуллæйæ, уыдон дæр рох не сты. Мах хæс та æидæр у. ЦомГ Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ фæхицæн кæ- нынмæ куы-хъавыдысты, раст уыцы афон æр- тæ ’мбалы æрбахæццæ сты стыр соса фæндаг- мæ.Хоса фæидаг цыдис хъæдæн йæ астæу- ты. Стыр нæзы бæлæстæ фæндаджы дыууæ былæй кæрæдзимæ, æгомыг уæйгуытау, кастыс- ты. Рог дымгæ сынсæ хихтæ сабыр базмэглыя кæны. Сыбарсыбур дард. ацæуы. Афтæ каст Зиктормæ, цыма уыдон дæр немыцы ныхмæ кæрæдзийæн сæ сусæг ныхас кæнынц. .' . . ;■ . /— Уæдæ афтæ,—загъта фæндагамонæг,— 30
ныртæккæ танктæ æрбахæццæ уыдзысты, уы- донимæ мах ницы. хъуылдаг нс æмæ уал нæ- хи бæлæсты бын æрæмбæхсæм. Виктор æмæ Волков фæидаджы был иу бæ- ласы аууон арф кæрдæджы абырыдысты. Æр- тыккаг æмбал дæр чысыл дарддæр.арф кæр- дæджы æрæмбæхсти. Танкты уæззау уынæр хæстæгæй-хæстæгдæр цæуын байдыдта. Вол- ков автомат æхсынæввонгæй йæразы æрæвæрд- та. Афтæ бакодта Виктор. дæр. Цыма æппæт дуне дæр уымæ каст уыцы сахат, афтæ хатыд- та, фæндыдæй хъæбатыр уæвын, фæлæ, фыд- дæрадæнау, къухтæ зырзыр кодтой, йæ ком- мæ нал кастысты, ком ныххус и, хурхы уадындз- тыл цыдæр низ ныббадт, йæхи мидæг хъизæ- мар кодта. — Мийаг тæрсгæ кæныс? — зæгъгæ, йæ Волков куы бафарста, уæд сæр батылдта æмæ æнахуыр, кæйдæр хъæлæсæй сдзырдта: — Нæ тæрсын! Уыцы рæстæг сосайыл хурскæсæны ’рдæм иу машинæ ацыди. — Уый бронемашинæ у,—загъта Волков,— ныртæккæ танктæ цæудзысты. Уый фæстæ ма—дыккаг, æртыккаг броне- маштшæйы, стæй хъустæ æмыр кæнын байдыд- топ — æрбахæццæ сты танктæ. Сæ сармадзан- тæ кæрæдзийы фæдыл хъилæй хастой. Зæхх æмризæджы рызти, ныхас нæ, фæлæ ма авто- маты хъæр дæр сæ уынæры бын фæцадаид. — „Тигртæ", — немыцаг танктæ. Афтæ сæ хонынц,—бамбарын кодта Волков Викторæн. „Тигртæ" цыд фесты. Фæндагамонæг тарст хуызæй сæ цуры алæууыд æмæ загъта: 31
— Æмбал Волков, тагъд нын фадат уы- дзæн, цæттæ кæнын хъæуы. Виктор уæды онг ницы ма зыдта, цы хъуа- мæ кæной, уымæн, фæлæ йын ныр Волков бам- барын кодта: — Ныртæккæ немыцаг мотоциклист ацы фæидагыл цæудзæн се штабмæ, хъуыддаджы гæххæттытæ йæм уыдзæн, æмæ сæ хъуамæ мах яæ начальничы къухтæм сæмбæлын кæнæм. Кæд мотоциклист йæхæдæг нæ къухы æгасæй баф- та, уæд—уæлдай хорз, на уæд æй фæуæлгом- мæ кæндзыстæм. Бамбæрстай? — Бамбæрстон!—загъта Виктор *æмæ йæ зæрдæ фæфидар ис. Къухтæ дæр зырзыр уый бæрц нал кодтой, хурхы уадындзтæ дæр фæ- уæгъддæр сты. — Æхсын зоныс? — Зонын,—дзуапп радта Виктор. , — Уæдæацы ранæй кæс дыууæрдæм. Фæн- дагыл исчи куы фæзына, уæд мæм фехситт кæндзынæ. Цы фæнды куы фæуй, уæддæр æнæ мæ ныхасæй æхсæн нæй. Дзæгъæл гæрах дæр ма, фæкæн. Лæхимæ кæс: Хъуыддаг сусæгæй кæнгæ у. Бамбæрстай? — Бамбæрстон! Уый адыл Волков æмæ фæндагамонæг бæ- лæстыл азылдысты, стæй зонгæ бынатæй даргъ телыл рахæцыдысты. Йæ иу кæрон ын сосайы фаллаг фарс бæласмæ афидар кодтой. Иниæ кæ- ро’н та ацы фарс уыдис. Сæхæдæг фæстæмæ æр- базгъордтой. Куыддæр æрæмбæхстысты, афтæ цалдæр уæззау машинæйы сосайыл, кæрæдзи- йы1 фæдыл фронты ’рдæм ацыдысты. — Нæ „герой" æгæр æрæгмæ кæны, —йæ 32
с#р тилгæйæ, сдзырдта Волков. Фæндагамо- пæг сахатмæ æркаст, стæй загъта: — Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. Ницы кæ- пы. Куыд æмбæлы, ахæм салам ын раттдзыс- тæм мах. Афтæ нæу, мæ лымæн Виктор?- æмæ пын йæ худ размæ ^йæ цæстытыл æркодта. Виктор худ фæстæмæ сæрыл дзæбæх акодта æмæ та автоматы хъæдыл дыууæ къухæй ныф- фидар. Арв ирд кæнын байдыдта, фæлæ ма хъæды уыдис талынг, цæст дзæбæх нæма уыдта. — Цыдæр уынæр хъуысы,—тарст хъæлæ- сæй сдзырдта Виктор. — Нæ „герой",—загъта фæндагамонæг. Волков телы кæрон бæласыл æрбабаста. Тел йæхи дзæвгар систа фæндагæй. Сосайы сæрмæ ауыгъдæй лæууыд. Уадидæгæн мото^ци- клист сыфсыфгæнгæ æрбахæццæ ис телмæ. Йæ- хи йыл сонтæй сцавта. Телмæ æрбахаста хурхы уадындзтæ, тел æй иуфарс фехста æмæ фæнда- джы был къæдзæхдурмæ сæр æрхаста. „Ыхъ" — зæгъгæ, ма иу хатт фæкодта... Мотоциклет сонт зылд фæкодта фæсфæндагмæ, хъентæ- ме^тæгæнгæ бæласыл йæхи ныццавта. Волков рæвдз фæгæпп кодта йæ бынатæй, тел айхæлд- та бæлæстæй æмæ йæ фæсфæдмæ аппæрста. Фæндагамонæг та немыцагыл йæхи ныццавта, иуфарс æй хæмпæлы йæ быны ракодта. Йæ хызын ын йæ фарсæй айхæлдта, уæдмæ йæ дыууæ ’мбалы дæр йæ цурмæ бахæццæ с^. Мотоциклист уыди немыцаг афицер. Фæндагамонæг афицеры дзыппытæ аскæрс- та, систа дзы документтæ, хызыны сæ авæрд- т-а. Хызын Викторы ’фцæджы ацауыгъта. 3 Æфсымæртæ. 33
Мардыл схæцыдысты дыууæйæ æмæ йæ фæн* дагæй дæрддзæф хæмпæлы бын акодтой. Уый адыл уырдыгæй тындзгæ рацыдысты æртæ ’мбалы Фæндагæй дзæвгар куы адард сты, уæл фæндагамонæг афтæ зæгъы: — Нæ хæс дзæбæх баххæст кодтам. Ныр æрбадæм, исты ахæрæм, нæ трофейтæм дæр æркæсæм. Ам нын тас нал у. Кæд не ’нгуыр æндæр кæсаг æрцахста, уæд та? Фæлæ, мæн- мæ гæсгæ, „нæхион" у. Хызыны уыдис стыр писмо, фондз хат- ты мыхуырæвæрд бецъебийæ. Ноджы бирæ документтæ. Сеппæтыл дæр немыцагау фыст. Фæстæмæ сæ бафснайдтой хызыны. Волков хызын йæхимæ райста. Фæндагамонæг йæ сæр ныттылдта, йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: — Уæдæ ма ардæм кæсут ноджыдæр. Нæ „геройы" дзыппыты разынд фондз сахаты, уы- донæй иу—сыгъзæрин. Йæ чыссæйы разынд æртæ зыгъзæрин къухдарæны.' Мæнæ, —æмæ сæ газетыл æрæвæрдта, стæй систа махоркæ, газеты гæххæтты дзы атыхта, ссыгъта йæ, йæ рухс куыд нæ фæзына, афтæ, æмæ йæ ад- джынæн сдымдта. — Сыгъзæрин сахатыл йæ хицауы ном æмæ мыккаг дæр фыст сты, —загъта уый æмæ ма- хоркæйы бæзджын фæздæг, мигъы къуымбй- лау, йæ дзыхæй рауагъта. >\ Волков систа сахат æмæ дзы фæстæрды- гæй бакаст: „Мæхи Верæйæн мæ зæрдæйы лæвар. Петро". Стæй Виктормæ фæрсæгау йæ цæсты ’нгас азылдта. — Ацы сахат кæй у, уымæн ницы зоныс? 34
Виктор исдугмæ нйцы сдзырдта. Сахат куыд- дæр федта, афтæ дæр ыл фæгуырысхо ис, фæлæ сдзурын ницы сфæрæзта. Ныр æнкъард хъæлæсæй загъта: — Æнхъæлдæн, мæ мады сахат... — Æнæмæнг, дæ мады сахат!—загъта Вол- ков æмæ йæ цæстæнгас аздæхта фæндагамо- пæгмæ: — Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы, Викторы фыд Петро ус куы куырдта, уæд ын ацы сахат иумæ куыд балхæдтам, уый. Ацы фыст дæр ыл иумæ ск’æнын кодтам зæрингуыр- дæн. Уый уыдис мин фараст сæдæ авд æмæ ссæдзæм азы. Рæстæг куыд тагъд цæуы, йе- мæ та цы диссæгтæ хæссы, цы!.. Уæдæй нырмæ фæндагамонæг ныхæстæм фæхъуыста,—ныр уый дæр ныддис кодта: —* Уæу мæнæ æнæг диссæгтæ! Мæнæ цы диссаджы æмбæлд скодта фырт йæ мады амон- дыл! Хæц, хæц, уæдæ, дæ ныййарджыты уар- зондзинады нысаныл, ма йæ фесаф, дæ мады къухтæм-иу æй ратт. Ды амондджын бинон- ты ^æппу дæ. Виктор райста сахат. Батыхта йæ къухтæ сæрфæны æмæ йæ йæ риуы дзыппы нывæрд- та. Абадтысты ма иу цасдæр. Хур дзæвгар суади арвыл. Хъæды æрбахъарми... Уазал хæх- хон суадон, къæдз-мæдзыты, цæстысыгау, сыгъ- дæгæй уади цъæх айнæгыл, æмæ дзы хуры тынтæ сæхи надтой. Дард сармадзаны нæрын хъус чысылтæ ахста. — Фронт адарди. А-дыууæ боны махмæ дæр хъуамæ „уазджытæ" фæзына, — загъта Волков," фæлæ цавæр „уазджытæ", уымæн ни- 35
цы бамбæрста Виктор, бафæрсын та йæм авд нæ фæкаст. / — Исты фæнд сæм уыдзæн. Чи зоны, нае хабæрттæй истытæ бамбæрстаиккой, — ны: хасмæ бафтыдта фæндагамонæг,—æгæр бадæм фæндаг та дард у. Цомут! Сыстадысты, сæхи æрбарæвдзытæ кодтой æмæ кæрæдзийы фæдыл тар хъæды араст сты’ VI . Æртæ бæлццоны, Садуллæ æмæ партизан: ты штабы хицау бадтысты чысыл халагъуды. Садуллæ уыд хъæлдзæг. Йæ цæстытæ цæхæр- тæ калдтой. мидбылты худтæмæ дзырдта: — Бузныг, бузныг, мæ хæлæрттæ! — Æнхъæлдæн, æмæ тынг бафæлладтæ, Виктор? Ныртæккæ баулæфдзынæ. — Нæ бафæлладтæн,—йæхи фæхъæлдзæг кодта Виктор æмæ Садуллæмæ йæхи хæстæг байста. Документтæм гæсгæ куыд сбæрæг, афтæ- мæй партизанты архайд немыцы æфсæ.?ты чъылдыммæ, партизантæн сæ нымæц, сæ хæ- цæнгарз бæрæг уыдысты немыцы командæ- гæнæгæн. Уымæ гæсгæ фыста пъæлицæйы хи- цаумæ: „Æртæ боны æмгъуыдмæ партизанты от- ряд иырхгонд куыд æрцæуа, афтæ". Кæд уыцы дзырд баххæст кæна, уæд ын— арфæ, ноджы крест, иа уæд та йæ бынатæй æрцæудзæн ист, ахст, чи зоны, ауыгъд дæр. Писмойы мидæг уыди картæ дæр. Уым бæл- вырд бæрæг уыдысты партизанты бынæттæ. 36
—- Сымах уал ацæут, уæ фæллад суадзут. Уæ сæр мæ куы хъæуа, уæд та уæм фæдзур- дзынæн,—загъта Садуллæ. Æртæ ’мбалы кæрæдзийы фæдыл рацы- дысты. Уыцы ’хсæв партизаиты отряды æп- пæт командиртæ дæр æмбырд уыдысты Садул- лæйы „кабинеты". Садуллæ сын бамбарын кодта знаджы пълантæ. Картæ сын сæ разы æрæвæрдта. Æрæмбырд сты картæйы алыфарс, лыстæг æм кастысты. — Уæдæ куыд уынут, афтæмæй мах дæр рох не стæм знагæй,—райдыдта Садуллæ, æмæ даргъ, бæзджын æрфгуытæ суанг ныхыл авæрд- та, цæсгом фæирд ис, урс-урсид дæндæгтæ митау ферттывтой дзыхæй. — Фæлæ ницы кæ- ны. Арс куыд зæгъы, арсгæс афтæ нæ зæ- гъы. И? — Афтæ, афтæ!—Æмæ хъæлдзæг сусубу- су ацыд командирты ’хсæн. Уыцы ’хсæв ко- мандиртæ бирæ бафæстиат сты Садуллæмæ. Бирæ ныхæстæ фæкодтой. Алчи дæр загъта иæ хъуыдытæ. Фæстагмæ сыстад Садуллæ. Йæ цæст ахаста йе ’мбæлттыл. Иу дзæвгар кар- тæмæ кæсгæйæ баззад, стæй загъта: -ч — Зынаргъ æмбæлттæ! Мах дæр стæм Советон Æфсадæн йæ иу хай. Нæ командæ- гæнæг мах уавæр, стæй знагмæ мах тыххæй цы пълантæ ис, уыдон чи, зоны, æмæ нæ зоны. Куыд уынæм, афтæмæй та знаг тагъд быр- сын райдайдзæн мах ныхмæ. Ацы фидары знаджы бирæ рæстæг бауромын нæ бон нæ бауыдзæн. Уæдæ цæфтæ æмæ рынчынтимæ тыгъд быдырмæ ацæуæн дæр нæй. Мах та æиæмæнг хъæуы нæ бынат аивын. Уæдæ æнæ
7 командæгæнæджы æххуысæй нæ бон ам бирæ хæцын дæр нæ бауыдзæн, стæй æндæр хъæд-; мæ ацæуын дæр. Куыд уынут, афтæмæй, цы, уын æй .сусæг кæнон, нæ уавæр тынг зын у. Фæлæ адæймагæн йæ хорздзйнад дæр, йе ’взæрдзинад дæр зын сахат рабæрæг вæййынц. Мæнмæ гæсгæ, зынаргъ æмбæлттæ, знагæн нæхи цæстысыгæй не сбуц кæндзыстæм. Мах зын сахат фæразон, домбай стæм удыхъæдæй. Авд боны фаг суыдзыстæм ам алцæмæй дæр. Сар йæ мæрдты къона кæны, мах ныхмæ чи рацæуа, уымæн! Уæдæ уæм кæд хорз фæкæса, уæд. махмæ штабы начальникимæ ис ахæм уынаффæ: . Райсом раджы æрвитæм командæгæнæгмæ писмо æмæ дзы курæм, цæмæй нын нæ цæф- ты, нæ рынчынты ахæссын кæна хæдтæхæджы æнцойдæр ранмæ, кæнæ та денджызы сæрты— не стыр зæхмæ. Уæд махæн нæ бон бауыдзæн тыгъд ,быдырты ацæуын, уым адæм сыстдзыс- ты, фæфылдæр уыдзыстæм нымæцæй æмæ аф- тæмæй, фæд фæливгæйæ, æндæр хохмæ нæ- хи айсдзыстæм. Нæ фæидон баххæст кæныны тыххæй бахъæудзæн фронты сæрты ахизын, Зын у, фæлæ гæнæн нæй. Чн уæ цы зæг^?- дзæи? . Ныхас ничи райста, фæлæ командирты ’дсæн сабыр разыйы ныхас ацыд. ,Бæрæг уы- дис, иууылдæр начальничы фæндыл разы кæй сты, уый. Уыцы ныхасмæ байхъуыста Садул- лæ, стæй загъта: -- Уæдæ нæ ныхæстæ ууыл ф.есты, ацы 'хс;æв.. Бар ис алкæмæн йæ бынатмæ цæуы- нæн, йæ хæстæ æххæст кæнынмæ. 38
Командиртæ сыстадысты, ныхасгæнгæ лцыдысты. Штабы ма баззадысты æртæйæ. Садуллæ, чысыл æхсæр лæдзæг йæ къухы тил- гæйæ, загъта: — Политхайады хицау æмæ штабы началь- ник, ацы фыдуынд лæдзæджы мидæг цы пис- мо ис, уымæй аразгæ у нæ хъуыддаг. Не ’ртæйæ дарддæр хабар ничи зоны, зонгæ дæр æй хъуамæ мачи кæна. Уымæн æмæ ма дзы, нæ- хи курдиатæй фæстæмæ, æрвитын немыцы лълантæ, командæгæнæгмæ бæлвырд ныффьлс- тон уый тыххæй. Райсом æхсæвæй Солтанбег æмæ Викторы сосамæ ныххæццæ кæнын хъæуы. Сæ уаглæ ^ъæууон æвзæр дзаума куыд уа,, афтæмæй. Сæхи куыд дардзысты, куыд хондзысты кæ- рæдзийы, кæцон стæм дзурдзысты фæндагыл, уыцы легендæ скн мæхæдæг сарæзтон, бамба- рын сын æй кæндзынæн. Ахæсдзысты ацы лæдзæг. Командæгæнæ- гæн æй иæхимæ раттдзысты. Ныр та уал’нæ иыхæстæ фæуæм. Хæрзæхсæв! VII Соса фæндаджы былтыл дыууæ лæппуйы, .сæ ,хад:сæрфгæ, рыджы. цыдысты хурскæсæ- Бы4рД13^|Изæ1р;1:хъомь1 æрбацæуын афон, ба- ^æццæ’ сты иу^чысыл хъæумæ. Хъæуы иу чы- <:ыл фæзы иу зæронд ус цъайæ дон иста, аф- тæмæй йæ цуры алæууыдысты дыууæ лæппуйы рыгæйдзаг, фæллад хуызæй. Дон ракуырдтой яуазынæн, банызтой, бузныг загътой усæн, 39
стæй, араст кæнынмæ куыд хъавыдысты, афтæ сæ ус афарста: — Кæцæй цæут, мæ хуртæ, ахæм рæстæг, бæлццон арæзт куы стут? Лæппутæ кæрæдзимæбакастысты „дызæгъ", зæгъгæ, стæй Солтанбег дзуапп радта: — Мах æфсымæртæ стæм. Ростовы цæрæм. Хæсты агъоммæ нæ мады ’фсымæрмæ ацыдыс- тæм Бессарабимæ. Ныр нæ мады ’фсымæр хæс- ты фæмарди. Æмæ нæ йæ ус ратардта, цæ- мæй уæ хæссон, мæхицæн дæр ницы уал ис, зæгъгæ. Ныр цыппар боны æххормагæй цæуæм нæхимæ. Кæм ныл баталынг вæййы, уым ных- хуыссæм... Дыууæ лæппуйы зæхмæ ныккастыстьк Сæхи афтæ :мæгуырхуыз ныккодтой,оæмæ зæ- ронд ус йæ кæуын нал баурæдта. Йæ цæс- сыгтæ æруадысты йæ зæронд æнцъылд цæс- гомыл.. — Цомут, мæ хуртæ, ахсæв мæнмæ. Кæдæм ма фæцæудзыстут, ныр изæр куы у. Лæппутæ сразы сгы. Фæйнæ ведрайы рай- стой усы къухтæй æмæ емæ араст сты. Æх- сæвы зæронд усы хæдзары фесты. Райсомæй аходæны фæстæ зæронд ус ныллæууыд æмæ загъта: — Сымах хуызæн сывæллæттæ.. кæдæм фæхæццæ уыдзыстут? Фашисттæ æнаккагсты^ хисдæр, кæсдæр нæ зонынц, тæссаг рæстæг у... Фæлтау ам, мемæ, цæрут. Хæст-куы фæуа, уæд иумæ ацæудзыстæм Ростовмæ. -Мæхæдæг уæ бахæццæ кæндзынæн. Мæнæн^ дæр æндæр ничи уал ис. Иу лæппу ма мын уыд...— æмæ: та зæрорщ ус скуыдта.— Фашисттæ йæ амард-' 40
той, йæ фыд, дам, коммунисту, зæгъгæ... Нæг мæ хуртæ, нæ. Мæхицæй уæ нæ ауадздзы- нæн. Адæм куыд зæгъдзысты. Æз цæмæй цæ- рон, уымæй цæрдзыстут мемæ. Кæннод тæри- гъæд уыдзæн мæ зæронд урс дадалитæн. — Махæн æнæ цæугæ нæй... нæ мад фыр мæтæй цы фæуыдзæн? Ауадз нæ. Æнæ цæу- гæ нæй. Зæронд ус сæм ницыуал сфæрæзта. — Цæут, уæдæ, цæут. Амондджын фæуæд. уæ фæндаг!—зæгъгæ сын раарфæ кодта. Дыууæ лæппуйы зæронд усы хæдзарæй куы рацыдысты, уыцы рæстæг немыцаг машинæ æд салдæттæ уынджы æрлæууыд. Йæ цалх ын раппæрстой æмæ шофер йемæ архаййта. Сал- дæттæ æмæ афицер йæ разы рацу-бацу кодтой. Лæппутæ йæ цуры куы æрлæууыдысты, уæд зæронд ус дæр сæ размæ бацыд: — Ацы сывæллæттæ сæ мадмæ цæуынц. Мæнæ мæ зæронды хатыр бакæн, алас сæ дæ машинæйы, - загъта афицерæн. • — Кæцæй цæуынц?—сæрыстырæй афарста афицер. —. Мæнæй, мæнæй,— загъта зæронд ус,. хæдзармæ къухæй амонгæйæ/Афицер усы цон- гыл ахæцыд хæдзары ’рдæм: .— Арахъ ис? — Иу чысыл дын ссардзынæн. Æрмæст мын мæ сывæллæтты алас. — Хорз. Арахъ радав! Зæронд ус . рахаста арахъы авг. Афнцер ын хæдзары аууон йе ’рдæг анызта, йæ зæр- дæ фæхъæлдзæгдæр и. Тагъд-тагъд рауади. Машинæ цæттæ уыд. 41
Æнхъæлмæ кастысты афицермæ, фæлæ уый куы æрбахæццæ ис, уæд фæхъæр кодта сал- дæттыл æмæ уыдон, тарст хуызæй, машинæйы абадтысты. Йсдугмæ джихæй аззадысты дыууæ лæп- пуйьт, стæй афицер кабинæмæ куы бахызт, уæд уыдон та машинæмæ сгæппытæ кодтой. Салдæттæ ма схъæлæба кодтой, кæдæм бадут мах машинæйы, зæгъгæ, Солтанбеджы фæстæ- мæ рацæй æппæрстой, фæлæ йыл Виктор ных- хæцыд æмæ, ’ лæгъстæгæнæгау, æмдзыхæй сдзырдтой. — Афицер нын бар куы радта. Салдæттæ сæхæдæг дæр сæ бэлцæй рай- гонд нæ уыдысты. Чындзхæссæг кæй нæ цæ: уьшц, уый зыдтой. Уымæ гæсгæ тых ныхас нал скодтой. Лæппутæ, сæ лæдзæджы къæцæл сæ быны, лфтæмæй машинæйы иу къуымы кæрæдзиуыл бакъул^сты. ^Машинæ йæ цыд кодта. Салдæт- тæ æппынæдзух тамако дымдтой, ныхас ничи кодта. Æркув-æркувгæнгæ цыдысты маши- нæйы. Цас хæстæгдæр кодтой фронтмæ, уыйас машинæ сабырæй-сабырдæр цыд, уымæн æмæ фронтæй "къордгæйттæй цыдысты немыцаг цæф салдæттæ чъизи, мæгуыр хуызæй. Уæз- зау цæфты та машинæтæй ластой. Фæндæгтæ æмызмæлд кодтой машинæтæй, фистæг цæуджытæй. Изæрдалынгты бахæццæ сты иу стыр украинаг хъæумæ. Машинæ бæ- лæс,ты бын æрлæууыд. Афицер рагæпп кодта каб^нæйæ. Йæ хъустыл ауад хæдтæхджыты уынæр! Тагъд-тагъд цыдæртæ сдыгъал-мы- 42
гъул кодта. Салдæттæ тарст хуызæй сæхи ра- калдтой машинæйæ. Арвыл хæдтæхджыты мо- торты гуывгуыв æргом тыхджындæр кодта. Æрбахæццæ сты хъæумæ. Хæрз ныллæджыты сæхи æрбауагътой æфсæдты сæрты. Афицер сæ разæй, афтæмæй немыцаг салдæттæ сæхи акъоппмæ бакалдтой. Æхсæр лæдзæг Солтан- беджы къухы, афтæмæй Викторимæ уыдон дæр акъоппы салдæтты быи абырыдысты. Иу гæрæм салдат Викторы æккойы сбадти акъоппы, фыр тарстæй зырзыр кодта, фæлæ Виктор æнцад лæууыд. Йæхи ныттьтмбыл код- та. Хæдтæхджытæ райдыдтой бомбæтæ згъа- лын. Зæхх æнкъуысти. Хъустæ æмыр кодтой бомбæты хæлынæй. Алчи йæ сæр зæххы бындæр тъыссыныл’ архайдта. Солтанбеджы лæдзæджы кæроныл салдат йæ фындз æрцавта. Кæуæгау, схъæр кодта, цыдæртæ сдыгъал-мыгъул кодта, Сол- танбеджы йæ уæрагæй ныццæфтæ кодта, йæ лæдзæг ын йæ къухæй акъахта æмæ йæ иу- фарс фехста. Солтанбег ницы загъта. Салдæт- ты бынæй рабырыди. Акъоппæй схызт уæлæ- мæ, фæлæ лæдзæг чердæм ахауд, уый нæ федта. — Виктор, Виктор! — тыхст æмæ мæсты хъæр кодта Солтанбег,—салдат мын мæ. лæ- дзæг фехста, нал æй арын. Тагъд рахиз! . Бирæ рацагур-бацагуры фæстæ лæдзæг ссардтой. , Уыиы минут Виктормæ хæстæг бомбæйы сыфсыф ссыдис. Хъустæ ныддыздыз кодтой. Цæстытæ размæ цæхæры кæфой акалдтой..Кæм уыди, цы уыди, уымæн ницы уал бамбæрста. 43
VIII Чысыл рудзынгæй хуры тын бакаст æмæ Викторы цæсгомыл, рæвдауæгау, хъазыди. Уæззау гуыппытæм ракаст йæ цæстытæй. Хæ- дзары къуымты йæ цæст рахаста, йæ риу æр- сæрфта, йæ ныхыл æрæвæрдта йæ къух, ауыд- та Солтанбеджы. Уый бадти æнкъардæй йæ цу- ры. Ауыдта ноджы æнæдаст бурбоцъо зæронд лæджы. Æнæдзургæйæ зæронд лæг йæ дзабыр- тæ хуыдта мæцъыйæ. Стæй йæ куыст ньгуу агъта, зынтæй сыстад йæ бынатæй, Виктормæ бацыд, ставд дæрзæг къухæй йын йæ цæсгомы хид æрсæрфта. — Ма тæрс, мæ хур, ма. тæрс! Ницы дын уыдзæн ахæм раг цæфтæй. — Солтанбег,—сабыр сдзырдта Виктор, — кæм стæм, цы кæнын? Лæдзæг кæм и? Солтанбег хуыссæнмæ йæхи æруагъта, йæ хид ын асæрфта, цæстытæй ацамыдта зæронд лæгмæ. Виктор хъуыддаг фембæрста æмæ хорз, зæгъгæ, йæ сæр батылдта. — Уый чсæнттæ цæгъды,—загъта Солтан- бег, зæронд’ лæгмæ дзургæйæ, стæй та фез- дæхти Виктормæ æмæ йæм дзуры: — мах ды- сон акъоппæй кæй рацыдыстæм, уый нæ амонд уыди. Акъоппæн йæ тæккæ астæу бомбæ сæм- бæлди. Немæ чи уыди, уыдон къухгай, сæр- гай баисты. Бомбæ сæ фæйнæрдæм фæхаста. Дæу дæр уыцы бомбæйы дымгæ аппæрста иу- фарс. Нæ амонд уыл, æмæ дыл йе схъистæй^ ницы сæмбæлд. Уый фæстæ дæ æрбахастон мæ^æ ацы зæронд лæджы хæдзармæ. Æндæр нæм ницы хабар ис. 44
— Уæдæ хорз! Æгайтма ды дзæбæх дæ! — Мæн мæт ма ьæн. Дæхæдæг дзæбæху. Æрæгмæ куы зынæм, уæд нæ мад фыр мæ- тæй амæлдзæн. Цæуын хъæуы нæхимæ, фронт хæрз хæстæг у. Зæронд лæг нæ доны фале фæкæндзæн йæ лодкæйы. IX Уарын банцад. Арв скæсæны ’рдыгæй сыгъ- дæг кæнын байдыдта, æмæ йыл зынгхуыз мæй йæ цалхыдзагæй стылди. Сармадзаны нæрын фæсабыр и. Æрмæст пулемётты къæркъæр, минæты сыфсыф æнцой нæ кодтой. Хаттæй-хатт минæ сæмбæлы доны, æмыр гуыпп ныккæны, дон хæрдмæ фантанау фæиæуы, стæй уарынау пыр- хæнтæй æрцæуы фæстæмæ. Стыр доны уылæн- тæ чысыл лодкæ хæрдмæ фелвасынц, æвиппай- ды бынмæ ныххауы, доны уылæн æй æрбацæй- æййафы, йæ быны йæ фæцæйкæны, æмæ та дыууæ лæппуйы лодкæйы тигъыл ныффидар вæййынц. . Донæн йæ бæстастæумæ куы бахæццæ сты, уæд фæстæрдыгæй хъамылæй чидæр ныхъæр кодта: — Æрлæуут!.. Цæвын уæ!.. Зæронд лæг фæстæрдæм йæхи фæзылдта: — Æнцад бадут! Уадз æмæ куыдзау рæйа. Мах нæхионтæм æрбахæццæ стæм! Уый адыл ,:нулемётты ,нæмгуытæ сцъуых- цъуых кодтой хъусты рæзты, лодкæйы алы- фарс дон пырхæнтæ схаста. Зæронд лæг йæхи ницы хъусæг скодта, цы 4.'
хъару йæм уыд, уымæй дыууæ фийагæй лод- кæ размæ тæрыныл архайдта. Нæмгуытæ тынгæй-тынгдæр сыфсыф кæнынц сæ алы фæрсты. Зæронд лæг „ох",—зæгъгæ, фæкодта. Дыууæ фийаджы феуæгъд сты йæ къухтæй, йæ риуыл фæхæцыд, лодкæйы мидæг йæ галиу фарсыл æрфæлдæхт æмæ ныууынæргъыдта... Солтан- бег Викторы къухты фæцавта лæдзæг, стæй йæхи баппæрста фийæгтæм, фæлæ ма дзы йæ къухы бафтыд æрмæст иу. Иннæйы уылæнтæ хемæ ахастой. Иунæг фийагæй ма архайдта, фæлæ дзы хорз нæ арæхст тæрынмæ. Лодкæ йæ мидбынаты тымбыл разылди, афтæмæй йæ уылæнтæ скъæфынц. Фыр мæстæй фестад, фийаг доны атъыста, размæ ахæцыд йеппæт тыхæй. — Тагъддæр, тагъддæр, Солтанбег,—сдзырд- та Виктор, фæлæ Солтанбегæн йæ галиу къух судзæгау скодта, лодкæйы хуылфмæ æрхауд. Минæ хæстæг фехæлд доны, лодкæйы хæрдмæ феппæрста, стæй фæдæлгом и. Уазал, арф уылæнтæ сæ быны акодтой’ лæгæй, лодкæйæ. Солтанбег та уылæны бынæй куы фæзынд, уæд фæхъæр кодта: — Виктор, лæдзæг,—дарддæр ницыуал сбæ- рæг йæ ныхасæн. Хъæлæс донæй айдзаги. Лæдзæгыл фидар хæцгæйæ, Виктор доны фал- лаг былмæ фæцæй хæстæг кодта. Бирæ йæ нал хъуыд, афтæ * йæ размæ донæй иу сæр фæзынд, æмраст ,æрбацæйцыд Виктормæ. Æнæ- дзургæйæ йын йæ къухыл фæхæцыд æмæ йæ арф хъамылы ’хсæн акъоппы смидæг кодта. — Ме ^мбæлттæ сæфынц доны! — иу.хъæр 46
ма фæкодта Виктор, хуылыдз цæргæсы лæп- пынау, акъоппы сырхæфсæддонты ’хсæн бад- гæйæ. Уалынмæ иу салдат йæ хъæбысы æрба- хаста Солтанбеджы дæр, акъоппмæ йæ æрис- та æмæ загъта: — Æмбал лейтенант, дæ ныхас баххæст кодтон. Сæфæг адæймаджы донæй рахастон. — Иу æмбал ма нын уыдис,—тарст хъæлæ- сæй сдзырдта Виктор, æмæ акъоппæй сгæпп кæ- нон куыд загъта, афтæ йæ лейтенант рацах- ста: — Уый дæр ныртæккæ ам уыдзæн. Уæ лод- кæ дæр ма уын æрцахсдзысты. Уыцы ныхæстæм дыууæ сырхæфсæддоны акъоппы фæмидæг сты æмæ сæ иу тарст хъæлæсæй загъта: —Æмбал лейтенант, чи фæдæлдон ис, уый уыди Матвеев Иван. Æвæццæгæн мæлæтдзаг цæффæци, стæй йæ доны уылæнтæ сæ бынæй нал суаг’ътой æмæ нæ къухы нæ бафтыд йæ æрцахсын. — Рухсаг уæд райгуырæн зæххы патриот. Нæмгуыты бын нæм йæ лодкæйы бирæ фæцыдн. Бирæ æххуыс фæци Советон Æфсадæн æмæ йæ нæ зæрдыл дардзыстæм... Лейтенант йæ худ систа. Иу дзæвгар æнæ дзургæйæ алæууыд. Афтæ бакодтой иннæтæ дæр. X Командæгæнæджы кабинеты фæрсæй-фæрс- тæм бадтысты Виктор æмæ Солтанбег. Коман- дæгæнæг бæрзонд, фæтæн риу лæг, стъолы цур бадгæйæ, сабыр фæлмæн ныхас кæны иу къорд 47
инæларимæ. Инæлæрттæ стыр дæргъæццон стъолы фарсмæ бадынц æмæ лæмбынæгæй хъусынц. Алчи лыстæг кæсы йæ размæ "цы чысыл картæ ис, уымæ. Командæгæнæг сæ кæй мыккаг фæзæгъы,уый картæйы кърандасæй æр- бæрджытæ кæны.— Ис! æмбал командæгæнæг. Цыбыр ныхас кæны сеппæтимæ дæр. Уыдон дæр йемæ разы кæнынц: —Дæуæн цæуыны бар ис,—кæмæн фæзæгъы, уый йæ бынатæй фесты, йæ разы цы картæ уыд, уый райсы, йæ сæрæй акувы æмæ тындзгæ рацæуы. — Фæндараст!—фæзæгъынц командæгæнæг æмæ иннæ инæлæрттæ дæр. Æппыифæстаг сеп- пæт дæр ацыдысты. Командæгæнæг ма иу дзæв- гар картæмæ фæкаст. Ставд цъæх кърандасæй йыл тагъд-тагъд цыдæртæ афыста, стæй йæ æрæвæрдта, бандоныл йæхи фæстæрдæм ауагъ- та æмæ загъта: — Уый дæр хорз: тагъд мах уынджы дæр бæрæгбон уыдзæн... Дыууæ лæппуйы уынд ын цыма йæ зæрдыл цыдæр хъуыддаг æрбалæууын кодта, уыйау æндæр хъæ;æсæй райдыдта: — Фронты сæрты æрбахиз! Дæ алыфарс— знаджы танктæ, сармадзантæ, хæдтæхджытæ, уыдонæй мацы æрбахæсс, фæлæ командæгæ- иæгæн зылын, лæдзæг æрбахæсс лæварæн! Ныр сымахимæ чердæм лымæнгæнæн ис? Дыууæ лæппуйы кæрæдзимæ бакастысты, сæ цæсгæмттæ фæсырх сты, фæлæ уæдмæ коман- дæгæнæг дзырдта дарддæр: , — Бузныг, бузныг, мæ лымæнтæ! Уæ тухи- тæ, уæ лæгдзинады тыххæй уæ дыууæйæн дæр хицауады номæй дæттын ордентæ! Цин кæнын 48
уæ циндзинадыл æз дæр æмæ уын арфæ кæ- пын хицауады номæй. Командæгæнæг сыстад йæ бынатæй, æмæ сын сæ къухтæ райста. — Ныр бадгæ скæнут. Радзурут мын уæхи хабæрттæ. Иннæ хабæрттæ мын уæ лæдзæг бамбарын кодта. Садуллæ та ацы хатт дæр æмбисонды хиндзинад æрхъуыды кодта. Лæ.ппутæ лæмбынæгæй хъуыстой командæ- гæнæгмæ, фæлæ цавæр хиндзинады кой кодта, уымæн ницы бамбæрстой. — Сымах цæй тыххæй æрбацыдыстут, уый ахсæв баххæст уыдзæн. Ныр та базонгæ уæм. Исдугмæ æфсæрмы кодтой ныхас кæнын. Ницы уæндыдысты сдзурын, стæй Виктор рай- дыдта:—æз Виктор Иванов, ме’мбал та у нæ начальник Садуллæйы фырт,—Солтанбег йæ ном. Мах æфсымæртæ стæм...—æмæ Солтан- бегмæ бакаст, йæ ныхæсты растдзинадæн фидар агурæгау. Солтанбег сæры батылдæй разыйы дзуапп радта. — Уæдæ кæд афтæ у, уæд мемæ дæр æфсымæртæ стут, уымæн æмæ Садуллæ,-та ме ’рдхорд у! Мах иумæ ахуыр кодтам æфсæд- дон академийы. Иумæ Кавказы хæхты цуан кодтам, ныртæккæ та нæ лымæндзинад уæлдай фидардæр у. Солтанбег дæр у мæ рагон æрд- хорд. Хъуыды ма кæныс, мыды чыргъæдмæ^ æвналгæйæ дæ, бындзытæ куыд ныххостой, уый?Уæд дæ чи баиргъæвта мыдыбындзытæй,' уый ма зоныс? Æз нæ уыдтæн? — Уыдтæ,—æфсæрмыгæнгæ загъта Сол- танбег æмæ командæгæнæджы раз зæххæй цæс- тытæ нал иста. Фыццаг бакæсгæйæ дæр æм 4 Æфсымгертæ. 49
зонгæ адæймаг фæкаст, фæлæ чи у, кæм æй федта, уый нал хъуыды кодта. — Ай-гъай! Уый æз уыдтæн! Уæд дæуыл фондз азы йеттæмæ нæма цыд. Ныр та! Уыныс, Виктор, рагон хæлæрттæ куыд разындыстæм! Æрмæст кæрæдзийы нал базыдтам æмæ уым диссагæй ницы ис. Æз ма йын мæнæ,—йæ къухæй ныллæг ацамыдта,—ахæм лæппу æн- хъæл уыдтæн. Хорз, хорз,— йæ ныхас даргъ- гомау ауагъта командæгæнæг,—нырæй фæс- тæмæ кæрæдзийы нал ферох кæндзыстæм. Дьг та кæцы горæтæй дæ?—командæгæнæг йæ цæсты ’нгас аздæхта Виктормæ. — Æз денджызы фаллаг фарс К-йы горæты цæрын... — Фæлæу, фæлæу!—дисгæнæгау æй фæу- рæдта командæгæнæг. — Хорз зоныс уыцы горæт? — Хорз!—иæрдæг дзуапп радта Виктор.— Мах денджызы был цардыстæм, ныр уым нал’ цæрæм. Немыц нæ ратардтой, — фæстаг ныхæс- тæ æнкъардæй загъта æмæ йæ сæр æр- уагъта — Ратардтой... багъæцæнт! Мах сын тагъд сæхи фæтæрдзыстæм. Ууыл дæр нæ баззай- дзысты. Ныр уал ацæут, уæ дарæс æфсæддон дарæсæй аивут,—Викторы ныхасæн кæронбæт- тæн скодта командæгæнæг. Солтанбеджы баст цонгмæ куы фæкомкоммæ ис, уæд афтæ зæгъы: — Фæлæуут. Дохтырмæ фæдзурон. Дохтыр æрбацыд æмæ йæ командæгæнæг бафарста: — Ацы лæппуйы цæф федтай? оО
— Федтон, бабастон æй. Тæссагæй дзы ни- цы ис. — Фæрæвдз æй кæн. Ахæм лæджы рын- чын кæнынмæ æвдæлгæ дæр нæ кæны, хъæугæ мæ кæны. Уыцы рæстæг тагъд-тагъд уаты фæмидæг ис иу булкъон. — Æмбал командæгæнæг, Мæскуы! Сталин!.. Телефонмæ дæ агуры! Командæгæнæг фестад. Худ йæ сæрыл акод- та. Тындзгæ ацыд кæройнаг уатмæ. Дыууæ лæппуйы Сталины коймæ джихæй баззадысты. Сталины ныхасмæ байхъусын сæ тынг фæндыд, фæлæ булкъон фæстæмæ æрбауад æмæ загъта: — Цомут уæ дарæс ивынмæ. Æнхъæлмæ уæм кæсынц. Чысыл фæстæдæр уæ командæ- гæнæгмæ цæуын хъæудзæн, хæрзиуджытæ уьш дæттдзæн. XI Командæгæнæг тæригъæд кодта Солтан- бегæн йæ цæфы тыххæй. Йæ ацыд æй нæ фæн- дыд, фæлæ дыууæ лæппуйæн кæрæдзийæ фæ- хицæн зын кæй у, уый куы бамбæрста, уæд загъта: — Цæут, уæдæ... фæндараст фæут! Уæ æфсæддон хæс та баххæст кæнут ацы хатт дæр! Горæты сæмбæлдзыстæм! * Рог автоматтæ сæ риутыл ауыгъд, сæ уæлæ æфсæлдон дарæс, сæ риутыл Сырх Стъалыйы ордентæ, афтæмæй фæрсæй-фæрстæм лæу- 51
уыдысты катеры Солтанбег æмæ Виктор. Æх- сæв. Денджызы мæстыгæр уылæнтимæ абухг.ав: йæ, катер К-йы горæтмæ сусæгæй бацыд. Адæм тагъд тагъд лодкæтæм рахызтыстьк Лейтенанты дзырдмæ гæсгæ æнæ къæрцц, æнæ дзургæйæ бшыдысты кæрæттæм. .' „Мæ зонгæ бынæттæ. Ам-иу мах нæхи надтам",—йæхи нымæр загъта Виктор. Горæт уыд сабыр. Нæртон уæйыгыл пъæззы куыд ныббада, афтæ йæ немыц сæ быны нык- кодтой. Ныхъус ис К-йы горæт. — Виктор, кæм дæ?—æмыр хъæлæсæи афарста лейтенант. — Æз—мæнæ!—дзуапп радта Виктор. — Райдайьш хъæуы. Ныртæккæ десанттæ æрбацæуынц денджызы. Æнхъæлмæ кæсдзыс- ты рухсмæ. Рухс раттын хъæуы! Рухс!.. Нау- тæн хуыздæр æрбацæуæн кæм ис денджызы был, уым —арт!.. Чысыл рæстæджы фæстæ денджызы был горæты оцалдæр раны арт гуыпп-гуыппæй сыгъди. Йæ даргъ сырх æвзæгтæ адардта денг джызы бырсæг наутæм. Науты капитантæ æн: ^ъæлмæ кастысты уыцы рухсмæ.. Ныр дзырд радтой æмхуызонæй: : \ -: — Размæ! Рухсмæ! Ксмандæгæнæгæй суанг сырхæфсæддоны онг арт сыгъди алкæйы зæрдæйы дæр уыцы рæстæг. Арт сыгъди денджызы был дæр. Зæр- дæйы мидæг тох æмæ цин баиу сты. „Тæхуды, æмæ бирæ царды бонтæ кæмæн ис!, Иууылдæр сæ ацы ’хсæв нæ адæмы, рай- гуырæн советон зæххы сæраппонд нывондæн æрхæссин",—хъуыды^кодта Виктор йæхи ны* 52
мæр æмæиу хъæмпын сарайыл судзгæ ,'хсидав бадардта, уадз-æмæ уый дæр советон наутæн ныррухс кæна денджызы сæ фæндаг. :}: ::: Знаг афтæ æвиппайды ныббырсын æнхъæя нæ уыд. Цалынмæ наутæ хæстæг æрбацыдысты горæтмæ, уæдмæ ницы бамбæрста хъуыддагæн. Ныр горæт, мæлдзыджы губакк куы базмæнтай, уыйау базмæлыд. Немыц сæхи бакалдтой ден- джызы былтæм. Сармадзантæй, пулемёттæй æхстой денджызмæ. Денджызы былтыл цы десанттæ æрфидар ис, уыдон джебогъæй хъазуат хæсты ныббырс- той. Немыц сæ размæ ныллæууыдысты, æмæ та- лынг мæйдар æхсæв, хæлддзаг хæдзæртты ’хсæн, райдыдта тугкалæн хæст. Советон наутæй „катюшæйы" цæхæр, кæ- фойæ калæгау, мæсты лæбурд кодта знаджы бадæнтæм. Æппæт наутæй дæр сармадзанты дзыхтæ азылдысты немыцы ’рдæм. Денджыз фыцæгау кодта нæмгуытæй. Горæт æнкъуысыд йæ бына- ты. Зды нæмыгæй зæгъ-уарын æрцыд. — Солтанбег, Виктор!—фæхъæр кодта лей- тенант. Дыууæ лæппуйы фæзылдысты лейтенантмæ. Арты’рухсмæ ауыдтой, знаджы афицер лейте- нанты æккой куыд абадт, дыууæйæ дæр зæх- хыл куыд атылдыстьь уый. Лæппутæ лейтенантæн феххуыс кæнынмæ азгъордтой, фæлæ Виктор йæ цурмæ нал ба- хæццæ ис, — йæ хъустæ ныззæланг кодтой, зæнгтæ фæдыдагъ сты... зæххыл æрхауд. 53
Солтанбег, лейтенантæн тæрсгæйæ, авто- матæй æхсын нæ уæндыд. Кард фелвæста. Ныццæвон, ныццæвон кæны, фæлæ куы сæ иу фæбынæй вæййы, куы иннæ. Лейтенант куы фæхъæр кодта: „ Аппар æй иу фарс;"зæгъгæ, уæд бамбæрста, афицер ыл уæлахиз кæй кæны, уый. Солтанбег фæтарст. Рахиз цонг цы карста, уымæй кардæй ныррæхуыста афицеры фæсон- тæ. Афицер ныббогъ ласта, иуфарс ахъил ис. Ногæй та йын Солтанбег йæ хурхы кард ацавта. Хъарм туджы пырхæнтæй фæтарст æмæ лейтенанты фæстæ алæууыд... Денджызы кæрæттæй Советон Æфсад сы- стадысты æмæ абырстой размæ. — Ура-а!..—советон æфсæддонты хъæрæй хъустæ зæлланг кодтой. Советон Æфсад, зна- джы пырхгæнгæ, бырста размæ. Солтанбегмæ фынау каст уыцы ’хсæвы хабар. Викторы хъæрзынмæ цæхкæр фæзылд... Виктор, йæ русыл хæцгæ, тымбылæй денджызы был хуыс- сыди. — Ма тæрс, Виктор, æз дæ цуры дæн,— загъта Солтанбег æмæ йæ рахъил кодта. Туг къухы саггæмттæй æттæмæ уади, тæрттыл дæ- лæмæ æркалд. Лейте.нант æрбауад, йæ дзып- пæй бæттæнтæ фелвæста, туг асæрфта бæмбæ- гæй, стæй хъæдгом тагъд-тагъд абаста. К-йы горæт æхсæв бонмæ асыгъдæг код- той знагæй. Знаг байдыдта ныгуылæны ’рдæм лидзын. Дыккаг бон лейтенант дзырд радта Викто- ры рынчынтимæ ныууадзыны тыххæй. Виктор лейтейанты фæндон куы бамбæрста, уæд йæхи схъæлдзæгхуыз кодта, цыма бынтон æнæниз 54
у, уыйау, фæлæ йæ цæсгомы рæсыды тыххæй, лейтенант йæ фæндон аивынмæ куы нæ хъа- выд, уæд Виктор загъта: — Æмбал лейтенант, мах нырма нæ хæс нæма баххæст кодтам. Садуллæ нæм æнхъæл- мæ кæсдзæн; стæй мæ рисгæ дæр ницы кæны, Ам мæ ма ныууадз!—лæгъстæ кодта Виктор. — Садуллæ та чи у? —бафарста лейтенант. — Нæ начальник, партизанты отряды на- чальник! — А-а-а! Хæдæгай,—йæ къух ауыгъта лей- тенант, — сымах партизантæ куы стут, парти- зантæ... Сымахæн хицæн æгъдæуттæ æмæ за- къонтæ куы ис æмæ мæнæй куы ’рбайрох и. Командæгæнæг мын дзырдта, фæлæ ма мын .афтæ дæр загЪта: „Исты сыл куы ’рцæуа, уæд хъуыддаг хорз нæ уыдзæн". Дзуапп æз, дæт- тын. Дæ русы рæсыд тынгдæр куы кæна, уæд цыфæнды партизан куы фестай, уæддæр дæ рынчындонмæ цæуын бахъæудзæн. Ныр та уал мæ дзырд фæстæмæ исын. Размæ! Хур- ныгуылæнмæ! Афонмæ уæ отряд дæр немыцы æрурæдта фæндагыл, уым хъазуат хæст цæуы. Æмæ ахæм рæстæг рынчындоны хуыссын уæл- дай зын кæй у зæрдæйæн, уымæй раст у дæ ныхас! Солтанбег Викторы уæхскыл йæ къух æрæ- вæрдта æмæ æд автоматтæ, цъыфæйдзаг, фæл- ладæй араст сты размæ æфсадимæ. Исдуг са- быр хъуыдытæ гæнгæ фæцыдысты, стæй Сол- танбег райдыдта дзурын: — Виктор, хæст куы фæуа, уæд Кавказмæ ацæудзыстæм иумæ. Рæсугъд дидинæгджын фæхстыл цуан кæндзыстæм. Хъусдзыстæм æх- 55
сæрдзæнты зарджытæм, кæсдзыстæм урссæр цъититы бæрзæндтæм! Куыд рæсугъд у Кав- каз, куыд æм бæллын æдзухæй дæр!.. — Æз дæр . бирæ уарзын Кавказы,- уыи тыххæй ма уæлдай уарзт кæнын Лермонтовы, Пушкины, Къостайы. Уыдон бирæ аив нывтæ ныффыстой Кавка- зы рæсугъддзинады тыххæй. Æз скъолайы дæр нæма кастæн, афтæмæй зыдтон Къостайы фыст „Джук-тур". Кæд дæ фæнды, уæд дын æй ныртæккæ яæр радзурдзынæн. — Радзур, æз æй мæхæдæг дæр бирæ уарзын. — Уæдæ хъуо, Солтанбег. Цыма стыр артист у, уыйау йæ цæсгом фæхъæлдзæг кодта, раздæр рог схуыфыд, стæй райдыдта: „Бестрепетно, гордо стоит на утесе " Джук-тур круторогий в застывших снегахг И, весь индивея в трескучем морозе, Как жемчуг, горит он в багровых лучах. Над ним лишь короной алмазной сверкает В прозрачной лазури незыблемый Щат; У ног его, в дымке, Кавказ утопает, Чернеют утесы, и реки шуршат...а ч Дзырд фæци Виктор. Иу дзæвгар дыууæ дæр хъуыдыгæнгæ, æнæ дзургæйæ фæцыды- сты’, стæй та дарддæр райдыдта: — Афтæ рæсугъд, Пушкин, Лермонтов æмæ Къостайæ фæстæмæ, иу фыссæг дæр нæ загъ- таид. Уыдоны фыстытæ кæсгæйæ, тынг ра- зæнгард сдæн Кавказмæ, æдзух бæллыдтæн йæ фенДмæ, фæлæ мæ къухы нæма бафтыд. Ныр* æнæмæнг ацæудзыстæм хæсты фæстæ. Пяти- 56
горскы ~- Лермонтовы ингæн, Дзæуджыхъæ- уы — Къостайы ингæн,. сæ музейтæ дæр :сык фендзыстæм, базондзыстæм алцы дæр, нæ? Ахуыр та кæндзыстæм Дзæуджыхъæуы. ••': — Æнæмæнг, Виктор! — загъта Солтанбег æмæ сæ цыд фæтынгдæр кодтой. XII Сахатæй-сахатмæ партизанты отряд æн- хъæлмæ касти немыцы ныббырстмæ. Алы ’рды- гæй фæндæгты ссæуæнты æрцарæзтой пуле- мёттæ. Алчи йæ хæцæн бынат æрфидар кодта. Рæстæгæй-рæстæгмæ фæзынынц Садуллæ^ штабы начальник, политикон хайады сæргъ- лаеууæг. Æркæсынц сæ фидæрттæм, амынд- дзинæдтæ раттынц командиртæн, аныхас кæ- нынц партизантимæ, знаджы куыд хуыздæр ныццæвын хъæудзæн, ууыл, стæй та дарддæр зилгæ ацæуынц. Отряд йæхи цæттæ кодта хъазуат хæстмæ. Суанг ма хæринаггæнæг Иван дæр.æрхы • схиза&ны, бæласы рæбын йæхицæн æрцарæзта хæцæн бынат. Ныр дæр та йæ цалцæг куыд кодта, афтæмæй йыл æрбафтыдысты отряды разамонджытæ. Куы сæ ауыдта, уæд йæ\бы- натæй фестад, сæ размæ æрлæууыд æмæ ра- порт радта: — Старшина Иван йæхи цæттæ кæны не- мыцы фæзындмæ. Иу-дыууæйы дзы хъуамæ æз дæр æрхы дæлæмæ сæ фазыл быргæ аз- дахбн. — Уый хорз пълан у,—загъта Садуллæ,— - 57
фæлæ дæ сихоры хъуыддаг та куыд у? Рæх- джы хæрын афон уыдзæн. — Сихор цæттæ у. Рынчынты бар æй фæ- уагътон. Дæ зæрдæ йæм ма ’хсайæд, фæлæ цы фæцадаиккой уыцы лæппутæ, æмбал на- чальник? — Эх, Иван, Иван! Ранæй-ран æвзонг са- би цы бакæна, уый ас адæймагæн йæ къухы нæ бафтдзæн. Мæнæй дæр уæлдай нæ уыды- сты, фæлæ... Тæрсгæ ма кæн,—загъта Садул- лæ æмæ дарддæр араст и. Бæрæг уыдис, йæ- :хи зæрдæ дæр судзгæ кæй кæны, уый. — Цæмæн ын афтæ загътай? Уый дыккаг бон фыр мæтæй хуысгæ куы нæ кæны, хæр- гæ куы нæ кæны, — бауайдзæф кодта штабы начальник Иванæн æмæ Садуллæйы фæдыл ацыд. Иван дæр йæ ныхасыл фæфæсмон кодта. Уыцы бон изæр^ырдæм арвыл фæзынди со- ветон хæдтæхæг. Йæхи ныллæг æруагъта. Ла- геры сæрмæ æртæ зылды æркодта. Æрбады- ны нысан радта, стæй лагермæ хæстæг чысыл лæгъзы æрбадт. Циндзинад уайтагъд анхъæвз- ти æнæхъæн лагерыл. Отряды разамонджытæ рацыдысты халагъудæй æмæ æнхъæлмæ кас- тысты пилотты фæзындмæ. Хæдтæхæджы раз- мæ азгъордта отряды дежурнæ. Дыууæйæ рахызтысты хæдтæхæгæй. Де- журнæимæ кæрæдзийы къухтæ райстой, уый фæстæ æртæйæ дæр æмраст сæхи сарæзтой отряды начальникмæ. Рапорт радтой Садул- .лæйæн, стæй сæ иу хызынæй систа бецъебийæ æхкæд фыстæг æмæ загъта: — Командæгæнæгæй отряды начальник Са- дуллæмæ. -58
Садуллæ фыстæг райста, уазджытæн æгас- цæуат загъта. — Уæ улæфт уал суадзут. Марадз, Иван, кæмдæр ма дæм авджы цыдæр куы уыд! Кад- джын уазджытæ нæм ис! — Уый дын мæ быгъдуан,— йæ цæсгомæй хид сæрфгæ, худгæ разгъордта уазджыты раз- мæ Иван. Уазджытæ дæр Иваны хъæлдзæг- дзинадмæ бахудтысты æмæ йæ фæдыл араст сты. Садуллæ æрхъæцмæ нал хъæцыд фыстæ- гыл. Халагъуды фæмидæг сты штабы началь- ник æмæ политхайады хицауимæ. Тагъд-тагъд айхæлдта фыстæг æмæ йæ зыдгæнгæ акаст. Командæгæнæг фыста: „Дæ курдиат мыл сæмбæлд дысон. Рох нæ уыдтæ мæхицæй дæр. Дæ зын уавæр æмбарын, фæлæ ныр цин кæн! Размæ фæцæуын. Знаджы лидзын ма бауадз. Дæ амал цы у, уымæй йæ размæ æрлæу! Йæ фæндæгтæ йын æрæхкæн. Дыууæ бонмæ кæ- рæдзийы къухтæ райсдзыстæм горæты! Лæп- путæ сæ хæс баххæст кодтой. Диссаджы хин æрхъуыды кодтай. Солтанбеджы нал базыдтон. Цæф у йæ галиу цонг, фæлæ дзы тæссагæй ницы ис. Сæ дыууæйæн дæр лæвæрд æрцыд ордентæ. Æфсадимæ æрвыст æрцыдысты К-йы горæтмæ. Æфсæддон салам дын. Командæгæнæг". Каст фæци. Фыр цинæй цæстытæ цæхæр акалдтой. Стыр дыууæ къухæй фыстæджы дыууæ кæроны стъолмæ æрæлхъывта, цыма йын лидзынæй тарст, уыйау. Дыккаг каст æй райдыдта лæмбынæгæй, сабыр... Уый фæстæ йæ штабы начальничы къухты фæсагъта. Цæрдæг фестад. Нуарджын ставд 59
цæнгтæ чысыл халагъуды се ’мбæрц фæйнæ- рдæм акодта. Къухтæ’ æрбатымбыл ^кодта, цы- ма йæ хъæбысы искæйы ныцъист кæнынмæ хъавы, уыйау, стæй загъта: — АбЬны’онгмыл ахæм цин нæма сæм- бæлд. Цы диссаджы рæсугъд бон у, уæдæ! Æрдз дæр цæй райдзаст у, куыд дзæбæх у! Размæ, размæ горæтмæ! Æмризæджы риз, знаг! Сар дæ мæрдты хæдзар кæны! Фæц&- уæм дæм! XIII Советон Æфсады разæй лидзгæ, знаг æрба- ,хæццæ ис гррæтмæ. Æмæ уым йæхи æрфи- дар кодта. Йæ зæрды уыд горæт нæ раттын, горæтмæ ног тыхтæ æрбаппарын æмæ уыцы иу цæфæй горæты раз Советон Æфсады нып- лырх. кæнын. Уый фæстæ ноджы размæ ныб- бырсын! Советон Æфсадæй ма чи аззадаид, уыдоны та денджызы бакалын. Фæлæ йæ пълантæ фæсыкк сты. / Знаджы чъылдыммæ фæзынди партизанты отряд. Фæндæгтæ йæхи бакодта. Æфсæнфæн- дагыл пырхгонд æрцыд, немыцы командæгæ- ’нæг ма йæ зæрдæ кæуыл дардта, уыцы танк- ты ’эшелон. Иннæрдыгæй денджызы стыр де- санттæ ныббырстой горæтмæ. Сур зæххыл, та бырста фистæг æфсад. Æртæ ’рдыгæй дæр, æф- сæн уæйыгау, Советон Æфсад цъист кодта зна’джы. Йæхи ма раппар-баппа}з бæргæ кодта знаг,' фæлæ йæ зæрдæ амард. Йæ алфæмблай Совётон Æфсад æрхъула ис. Цыбыр, хъазуат хæсты фæстæ знаг йæ къухтæ хæрдмæ сдард- та. Знаджы командæгæнæг, йæ бон куы базыд- 60
та, уæд лидзын сфæнд кодта. Горæтæй аэро- дроммæ куыд фæцæйлыгъд, афтæ штаб парти- занты къухмæ бахауд. Уыцы рæстæг горæт- мæ ;æд шгаб æрбахæццæ Советон Æфсады командæгæнæг. Партизанты отряд баиу и^ æфсадимæ æмæ иумæ абырстой размæ. XIV Автоматчикты ротæйы командир лейтенант Петров æрбахæццæ полчъы штабæй машинæйы. Уыцы минут фæдзырдта Солтанбег æмæ Вик; тормæ. Дыууæ лæппуйы æд автоматтæ йæ цуры алæууыдысты, рапорттæ радтой, стаей лейтенант загъта: — Командæгæнæг уæ йæхимæ агуры. Ма- шинæйы сбадут æмæ тагъд — горæтмæ! Ма- шинæ командæгæнæгæн йæхи у. Шофер уае сæмбæлын кæндзæн. Фæндараст, мæ чысыл хъæбатыр цæргæстæ,— загъта лейтенант, йæ- хæдæг уарзон цæсты ’нгасæй ныккасти лæппу- тæм, æмæ кæй хицæн кæны, уый йын йæ зæр- дæ æрбауынгæг ксдта. Лæппутæн дæр зын уыдис лейтенантæй фæхицæн уæвын. Хъæба- тыр, æнæзæрдæхудт хæстон æмбалæй цух кæ- нын æнцон нæ вæййы. кæддæриддæр. Лейте- нант дыууæ лæппуйæн ныббатæ кодта, стæй сæ сбадын кодта машинæйы. Цалынмæ зынди машинæ, уæдмæ сæ фæдыл каст, стæй арф ныуулæфыд, хызынæй систа гæххæтт æмæ дзы ныффыста: „Дыууæ ’фсымæры Виктор æмæ Солтанбег, командæгæнæджы ныхасмæ гæсгæ, мæ ротæйæ ацыдысты абон уал сахатыл, уа- лæм бон, уалæм аз". .01
XV Машинæ уайтагъд бахæццæ ис горæтмæ. Горæтгæрон иу агъуысты кæрты æрлæууыд. Рахызтысты. Шофыры фæдыл дыккаг уæла- дзыгмæ ссыдысты. — Ам уал чысыл фæлæуут, — загъта шо- фыр, йæхæдæг тагъд-тагъд иу уаты фæми- дæг ис. Автоматтæ сæ риутыл ауыгъд, афтæмæй дыу- уæ лæппуйы къултыл портреттæм кæсыныл фесты. Сталины портрет маршæлы формæйы, Суворов, Кутузов... Портреттæм кæсгæйæ, сæ хгьуыдытæ арф балцы фæцæйцыдысты, фæлæ шофыр дуар фе- гом. кодта æмæ радзырдта: — Мидæмæ рацæут, маршæл уæм дзуры. ; Лæппуты зæрдæтæ артау ныггуыпи кодтой. Сæхи арæвдзытæ кодтой. Рæттæ æнгомдæр æрбалвæстой. Хæдæтты æнцъылдтæ адзæбæх- тæ кодтой. Кæрæдзийы фæстæ бараст сты. Стыр уаты бадт иукъорд афицеры. Командæгæнæг- мæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, сæхи мидæг сабыр ныхас кодтой. .Пæппутæ маршæлы кабинетмæ бахизæм куыд загътой, афтæ чидæр фæхт^æр кодта: — Виктор! Виктор фæстæмæ фæзылд. — Папæ!—зæгъгæ, ныхъæр кодта, æмæ кæрæдзийыл ныттыхстысты. Сæ иуæн дæр сдзурын йæ бон нал уыд. — Мæ лæппу, Виктор!—Æрæджиау сдзырд- та л&г, фæлæ та дарддæр сдзурын йæ бон нал баци. Иннæ афицертæ, Солтанбег, суанг 62
ма шофыр дæр, джихæй баззадысты. Æдзы- нæг кастысты фыд æмæ фыртмæ. — Ацу, ацу уал командæгæнæгмæ, — фыр цинæй худгæ-кæугæ дзырдта фыд æмæ йæ цæсты сыгтæ къухсæрфæнзей асæрфта. — Мæ лæппу, Виктор,— загъта афицер, йе ’мбæлттæм аздæхгæйæ. Кабинетмæ бахизгæйæ, лæппутæ фыццаг ауыдтой командæгæнæджы. Уый стъолы фарс- мæ бадти хъæлдзæгæй. Лæппуты ауынгæйæ сыстад. — Æмбал маршæл, дæ дзырдмæ гæсгæ сырх- æфсæддон — иартизан .. — дарддæр сдзурын йæ бон нал баци Солтанбегæн, уымæн æмæ цæсты зулæй ауыдта Садуллæйы. Уый иуфарс лæууыд инæлæрттимæ. Йæ мидбылты худти æмæ бынтондæр ныкъуыхцы кодга лæп- путьь — Хорз, хорз, æппæт дæр хорз у, —загъта маршæл. -<- Æгас цæут, æфсымæртæ! Бузныг, уæ æфсагддон хæс та кæй баххæст кодтат, уымæй. Уæ къордæн сеппæтæн дæр уый тых- хæй хæссын мæ арфæдзинад! Хорз фæхæцы- дыстут. Ныр та ахуыр кæнын хъæуы. Уый адыл сын маршæл райста сæ къухтæ æмæ фæлмæн бахудт. — Ныр та Садуллæйы къух райсут! Дыууæ лæппуйы сæхи баппæрстой Садул- лæйыл æмæ йыл ныттыхстысты. Маршæлы ныхасмæ гæсгæ Иван Петрович кабицетмæ æрбацыд. Дыууæ лæппуйы Садул- лæйыл ныттыхсгæ куы ауыдта, уæд фыр ци- нæй сдзурын нал фæрæзта. — Бахатыр кæн, командæгæнæг, — æрæ- 63
джиау.загъта,—кæд гæнæн ис, уæд чысыл фæс- тæдæр, ныртæккæ... мæ сæр зилæгау кæны.. — Æмбарын. дæ. Ницы кæны. —Ацæут.уал цьшпарæй; дæр. Аныхас кæнут. Базонгæ у Садуллæимæ. дæр. Иу сахат атезгъо кæнут, стæц мæм/фæстæмæ, æрбаздæх. Маршæл æмæ Садуллæ кæрæдзийæн хæрз- бон-фæндараст загътой, æмæ цыппарæй дæр рацыдысты йæ кабинетæй. Садуллæ йæ дзыппæй систа сахат. — Иван Петрович, дæ бинонты амонды нысан!. Райс æй æмæ иæ бафснай. Виктор бæрнон операцийы æрвыст куы уыди, уæд сахат мæхимæ.райстон. — Бузныг, Садуллæ, бузныг, —загъта Иван Петрович.—Маршæл мьш дæу тыххæй дзырдта, бузныг. Исын дын дæ сыгъдæг къух. Бузныг! Верæ ныртæккæ рынчындоны ис, цæфтæ у^ фæлæ дæм уæддæр йæхæдæг арфæйы фыстæг æрвитдзæн. Хæсты фæстæ та æртæйæ. дæр ра- дæут нæхимæ. Æнхъæлмæ уæм кæсдзынæн! Исдугмæ сæ кæрæдзимæ æдзынæг фæкас- тысты, кæрæдзийы къухтыл хæцгæ, стæй ны- хъæбыс кодтой. — Хæрзбон уал у, Иван Петрович, мах дæуын хъæуы, æнхъæлмæ нæм кæсынц не- ’мбæлттæ. Виктормæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Скъоламæ уал сæ æрвитæм. Хæсты фæстæ уæм æртæйæ дæр. сæмбæлдзыстæм, — машинæйы бадгæйæ ма загъта Садуллæ. , — Уе ’нæниздзинадмæ бæллын! — Садул- лæйы ныхасыл бафтыдта Иван Петрович. Ма- шинæ базмæлыд, С^дуЛлæ йæ дыууæ лæппуи- мæ арасти йæ æфсæддон хаймæ. 1946 а1. 64
ÆРЫГОН ХЪÆБАТЫРТÆ. ин фараст сæдæ цыппор дыккæгæм аз; :3наг мауæд размæбырста. СоветонÆф- сад уæззау хæстытимæ цыдис -фæстæрдæм. фронт æрбахæстæг ис.. Сармадзантьг ,,нæрын хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Пулемётты къæр- шьæрæй ,хъуетæ нал цух кодтой иу минут дæр; .Бæрæг уыдис,, :стыр тасдзинад; сзайлаг калмау, быдырты кæй æрбабыры, уый. Хæстæ- 5 Æфсымэертæ. .65
гæй-хæстæгдæр кæны, тагъд æрбахæццæ уы- дзæнис хъæумæ æмæ йыл, кæфхъуындарау, ныб- баддзæн... I Фæзыхъæуы ничиуал баззад сæрæн лæгæй. Алчи йæхи айста Советон Æфсадимæ. Дзырд уыдис скъоладзаутæн дæр, сæ хъомылтæ куыд. ацæуой, аф1æ. Уый фæстæ директор сывæл- лæтты рамбырд кодта скъоламæ, хабар сьш бамбарын кодта æмæ, ныр цыппар боны цæуы^ афтæ бричкæйы дзаг сывæллæттимæ ацыдис. Иукъорд скъоладзауы ма ам æд дзауматæ бдз- задысты æмæ æнхъæлмæ кастысты скъолайы кæрт.ы. Дзырд куыд уыдысты, уымæ гæсгæ^ кæд директор уыцы бон сихормæ не ’рбахæццæ: уа, уæд хъуамæ ’дзауматæ ныууадзой æмæ* фистæгæй араст уой... Уæддæр хъæуы базза- йæн нæй. Хур арвыл чысыл стылди, афтæ æрбахæц- цæ ис директор йæ бричкæйы. Сывæллæттæ бацин кодтой æмæ бричкæйы алыфарс амбырд сты. Директор загъта: — Тагъд цæуын хъæуы ацы хъæуæй! Чи зоны, знаг тагъд æрбахæццæ уыдзæн. Советон Æфсад чысыл дарддæр æрынцад, йæхй хъа- зуат хæстмæ цæттæ кæны. Ам дæр хæст уы- дзæн, фæлæ тагъд цæуын хъæуы срронтæйдард- дæр, нæхионты чъылдыммæ. Сывæллæттæ бричкæмæ сгæппытæ кодтой, бæхтæ базмæлын кæнæм, куыд загътой, афта^ хъæуы сæрмæ мигъты аууонæй æртæ хæдтæ- 66
хæджы разынд æмæ сæхй æруагътой скъолайы сæрмæ.Сывæллæттæ исдуг’фæджйх сты,:стæй сæ чидæр фæхъæр кодта: — Фашистон хæдтæхджытæ!. Уалынмæ бомбæты æхситт ссьтдис. — Къанæуттæм! Къанæуттæм! — зæгъгæ, директо’р фæхъæр ’кодта, фæлæ сывæллæттæ фыртарстæй ницыуал арæхстысты, кæсгæйæ баззадысты хæдтæхджытæм. Бомбæты хæлæн нæры’нæй .бæхтæ фæтарстысты, иуфарс сæхи аппæрстой, æмæ ’сывæллæттæ кæрæдзийы сæр- тыл акалдысты -зæхмæ. Ноджы та — бомбæты æхситт. Бæстæ æмызмæлд ’сси. Бомбæты æх- ситт æмæ хæлæн уынæ’р, хæдтæхджыты мо- торты гуывгуыв, сывæллæтты тарст хъæр, фæз- дæг æмæ рыг баиу сты, цæст ницыуал уыдта^. Æвиппайды, тар мылазон æхсæвау, баталынг ис бон æмæ зæрдæ æнахуыр рыст скодта. II Хæдтæхджытæ атахтысты/Рыг йу чысыл æрбадти. Сывæллæттæ иугай-дыгай стадысты зæххæй æмæ æнæдзургæйæ кастысты кæрæ- дзийы рыгæйдзаг цæсгæмттæм. Бæхтæ дыууæ дæр фæмард сты. Æд бричкæ къанауы кæрæ- дзиуыл ныхъилтæ сты, — бомбæйы уылæн сæ аппæрста уырдæм. — Ма тæрс, ма тæрс, Мисурæт,—зæгъгæ, директоры ныхас куы ссыдис фæстæрдыгæй, уæд иууылдæр уыцы ’рдæм фæзылдысты. Дирек- тор йæ хъæбысы æрбацæйхаста цыппæрæм къласы ахуыргæнинаг Мисурæты. Сывæллæт- тæ йыл куы амбырд "сты, уæд директор ныу- 67
улæфыд.^æмæ загъта: „Тæрсгæ фæкодта, æн- даер ын ницы у; Цæф ныртæккæ бабæттдзыс- тæм æмæ адзæбаех- уыдзæн. Æццаей, Мисуг рæт? Ма тæрс, мæхи дзæбæх Мисурæт, ма тæрс!" Фæлæ уыдон уыдысты æрмæст зæрдæвæрæн ныхæстæ. Мисурæты чысыл сау цæстытыл мæ- лæт йæ нысан авæрдта. Амард... Буар уазал кæнын байдыдта. Йæтугæйдзаг чысыл -цæсговд ма. йын донæй бæргæ æрæхсадтой, фæлæ—ни- цыуал. Нал ’ байгом кодта йæ цæстытæ Мису- рæт; Нæууыл æй æрæвæрдтой. -Йæ сау сæры хъуынтæ йын рог дымгæ фæйлыдта. Сæрæй рауади туджы лыстæг саха, æрфыгæй цæстмæ æрхызт æмæ уым амбырд, стæй уырдыгæй фындзы фæрсты æруад, былтæ асырх кодта æмæ роцъойæ фæдæле. — Мæ зынаргъ сывæллæттæ, — æнкъард хъæлæсæй загъта директор, — федтат уæхи цæстæй, фашисттæ нын цы æрбахастой, уый. Уæ зæрдыл-иу дарут ацы сыгъдæг, æнаххос туджы тæдзæн, — ацамыдта йæ къухæй Мису- рæты цæсгоммæ. Сывæллæттæй иутæ скуыд- той се ’мбалыл. - Хъæуккаг адæмæй дæр: чидæртæ æрбам- бырд стььмардыл, баныгæдтой йæ. Уæлмæрд- тæй: раздæхынмæ куыд хъавыдысты фæстæ- мæ, афтæ бæстæ моторы гуывгуыв, пулемётг ты къæркъæр сси ногæй. „Знаг æрбахæццæ и!и — зæгъгæ, чидæр тарст хъæлæсæй фæхъæр кодта. Æмæ æцæг: хъæуæн йæ дыууæ фæр- сты, йæ астæуты æрбацæйзгъордтой фашистон мотоциклисттæ æмæ уæлмæрды адæмы куы ауыдтой, уæд дзы иу сау кæсæнцæстджын уæл- 69
мæрды ’рдæм ацамыдта æмæ иукъорд мото- циклисты -уырдæм- йæ фæдыл фездæхтысты/ : — Фæинæрдæм! Уæ хæдзæрттæм!—фæхъæр кодтадиректорадæммæ, æмæадæм фæпырх стьь Мотоциклисттæ æрбахæццæ сты, цалдæрæй ра- гæппытæ кодтой, _ директоры алыфарс алæу- уыдысты: _ - — Ды скъолайы директор дæ? — бафарста иу сырхцæсгом афицер æмæ, йæ мидбылты худгæйæ, йæхæдæг дзуапп радта: „Зонæм, зо- нæм, дæ ном — Хъамболат, коммунист, адæмы мах ныхмæ ардауыс, хорз... Мах алцыдæр зо- нæм, уыныс, суанг ма дын дæ ном дæр куы зонын..." . - — Æз не ’мбарын, мæнæй дæ цы хъæуы, уый. Стæй мæ дæуимæ ныхас кæнынмæ æв- дæлгæ дæр нæ кæны, — загъта директор æмæ йæ фæндагыл араст, фæлæ афицер йæ размæ фæци, йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Хъамболат, сбад номдзыд мотоциклеты, . æз дæ бахæццæ кæндзынæн хъæумæ. Уæлдай- дæр нæ тынг æхсызгон хъæуыс. — Æз сымах.кæд тынг æхсызгон^хъæуын, уæддæр сымах мæн æппындæр ницæмæн хъæут, — загъта та директор. Уыцы ныхæстæм адæм сæхи фæйнæрдæм айстой. Бæрæг уыдис, хъуыддагæн йæ кæрон лæгъз кæй нæ уыдзæн, уый. Æрмæст ма цалдæр скъоладзауы дæрд- дзæфæй лæмбынæг хъуыстой ныхæстæм. Афи- цер йæ сæр ныттылдта, йæ мидбылты бахудт æмæ та загъта: — Адæймаджы нæмыгæй хæбизджынæй бар куы уа, уæд хъуамæ хæбизджын райса!, Мах- мæ афтæ фæзæгъынц! ’ ’) 69
—■ Уый сымахмæ афтæ у, фæлæ махмæ та афтæ фæзæгъынц, æмæ чъизи хæбизджынæй зды нæмыг бирæ адджындæр вæййы хаттæй- хатт,=— загъта Хъамболат, æмæ йын уæд афи- цер йæ цонгмæ фæлæбурдта, . мотоциклетмæ йæ æрбаппæрста. Хъамбол фæкалд æмæ зæх- хыл дæлгоммæ ахауди. Скъоладзаутæ уæдæй нырмæ дæр лæмбы- нæг кастысты, хъуыстой ныхæстæм. Сæ зæр- дæтæ риуы нал цыдысты фыр мæстæй. Ныр директормæ армæй бавналгæ куы федтой, уæд бынтон рафыхти сæ маст. Кæмæндæрты дзы йæ цæсты сыгтæ йæ рустыл æруадысты. Фыц- цаг бон федтой æмæ бамбæрстой, фашизм цы у/ уый. : Уыцы бон изæрæй лæппутæ ныхас кодтой, зæгъгæ, Хъамболы йæ къухтæ бастæй уыцы хъæуæй кæдæмдæр аластой машинæйы., Ш Сау мæтыхау, знаг ныббырста хъæумæ. Хорæй, фосæй ницыуал баззади адæммæ. Адæ- мæй бирæты ахстой, мардтой. .Хæдзарæй æттæмæ дзæгъæл цыд ничиуал кодта. Алчи æмбæхсти знагæй, æрра куы- дзæй æмбæхсæгау. Кæуын, цæсты сыг, маст — гъе æндæр ницыуал уыдис адæммæ. Худын -нæ, фæлæ дзурын дæр никæмæ уал цыди. Бонæй- бон фылдæр æмæ карздæр кодта адæмы маст оккупанттæм. ~ Ныллæууыдысты зымæджы уазал мæйтæ. Иу бон* цыппæрæм къласы ахуыргæнинæг- тæ Солтан, Зауыр, Хасан æмæ Дадо баиу сты 70 ->
еæрвæты. Бирæ фæныхас кодтой Мисурæты мардыл, директоры æрцахстыл,- знаджы цъам- мар митыл, стæй æрбацыдысты се ’мбал Ми- шатæм. Кæрæдзиуыл фæцин кодтой, стæй Ми- ша афтæ зæгъы: — Лæппутæ, зонут, æз боныг фыссын, фæлæ йæ цæй æмæ иумæ фыссæм, бон-иу «ацæудзыстæм, æмæ цы фенæм, уый æхсæв нæ ’боныджы фысдзыстæм. Фæнды уæ? — Фæнды, фæнды, — æмхуызонæй загътой лæппутæ, —хорз фæнд, диссаджы хъуыды. — Æрмæст æй нæхицæй, нæ фондзæй дард- дæр куыд ничи зона, афтæ,—загъта Солтан. Уыцы бонæй фæстæмæ райдыдтой иумæ боныг фыссын. Уым бæлвырд фыст уыдис фыццаг бон Мисурæты мард æмæ йæ ныгæ- ды хабар, директор Хъамболы ахст, сæ хъæ- уæй цал хъуджы, цал фысы, цас хор аласта знаг; хъæуæй знаг цал лæджы æрцахста æмæ змардта, чи у æмдзæхдон знагимæ æмæ æнд. Иу дзырдæй, ахæм хъуыддаг хъæуы не ’рцыдаид, æмæ ацы боныджы йæ фæд чи нæ лыууагътаид. . Иу бон изæрæй Мишайы мад знаджы су- сæгæй ацыд быдырмæ, иу-дыууæ. нартхоры ^куырисы миты бынæй ракъахон, зæгъгæ, æмæ Æхсæвы талынджы куыддæр хуымтæм бахæс- тæг и'\ афтæ хъæрзын йæ хъустыл ауад. Ус фæтарсти. Фæстæмæ фездæхт æмæ тарст х;уы- зæй сæ хæдзармæ æрбахæццæ ис. Уым фондз æмбалы чысыл хибар уаты, сусу-бусугæнгæ, дыдæртæ фыстой. Раздæр сын нииы схъæр 1<одта, стæй Мишамæ фæдзырдта, Рахабар ын а<одта, зæгъгæ, быдыры иу хъæмпы мæкъуылы 71
рæбынæй хъæрзын цæуы/„Æз. дзы талынджы? фйтарс’тэ^н, —загъъа ус, — æмæ фæстæмæ ра- лыгътæн"'. Миша хабар радзырдта йе ’мбæлт- тæн.Уыйадыл цалдæр минуты фæстæхæдза- рæй араст сты сеппæтдæр. Семæ ахастой бæт- тæнтæ,-бæмбæг... Фæндагыл сæхи мидæг уы- наффæ кодтой цы йын бакæнæм, зæгъгæ,.æмæ алыг кодтой: кæд сырхæфсæддон уа, уæд æй æрбахæсдзыстæм. Мишатæм. Мишайы мад ык йæ сынтæг раттдзæн æмæ йæ уым знаджы сусæгæй сдзæбæх кæндзыстæм. Уыцы ныхæс- тæгæнгæ хæстæг бацыдысты мады амынд бы- натмæ. Цыппарæй уым æрлæууыдысты, Миша æмæ Дадо’ та кæрæдзийы фæдыл хъуызгæ цыдысты хъæмпы ’рдæм. Æцæг сабыр;. уæз- зау хъæрзын хъусын байдыдтой уыдон дæр. Алæууынц,-байхъусынц æмæ, цыма . искæмæн. райхъалæй тæрсынц, уыйау сæ къахы фындз- тыл сабыргай-цæуыиц, хъæрзын кæц’æй цыди>. уыцы ’рдæм. Хæрз хæстæг куы бацыдысты, уæд. ’зæххыл -• æрхуыссыдысты фæрсæй-фæрстæм æмæ Миша бафарста: - — Ам чи ис?.. . — Æмæ ды дæхæдæг та чи дæ? — тых- улæфтгæнгæ .сдзырдта фæллад хъæлæс. * . -т — Æз Миша дæн! :. —-Мйша! Мæ лæппудæр Миша хуыйны.,.. Кæй Миша дæ ды та? —бафарста хъæрзæг. Йæ хъæлæсы ахастыл бæрæг уыд, йæ зæрдæ- уынгæг кæй кодта, уый. Дыууæ лæппуйы фæ- гæппытæ кодтой >æмæ йæ цуры алæууыдысты. Уы^ разынд сырхæфсæддон. Раст фатхъулæй. чыСыл уæлдæр’ рахиз къахы стæг ныппырх и мйнæйьь схъисæй,-стæй ма æнæуый дæр цæф-
тæ уыдис, фæлæ уыдон ницæмæ. дарДта, Бæл- лæх зæнджы саст уыдис, æппындæр æйгзм&- лъш нæ уагъта/ - Ч — Дæ ном нын зæгъ. Ныр мах демæ уы- дзыстæм æдзухæй дæр. Сæрмагонд дæумæ ра- Цыдыстæм, — загъта Да’до, — мæнæ Мишайы мад дæр немæ ис. Аргæ дæр дæ уый скодта изæры... : — Бузныг, бузныг, мæ хæлæрттæ, — загъ- та рынчын æмæ фыр цинæй йæ зæрдæ æрба- уынгæг и,—æз та афтæ æнхъæл уыдтæн, ах- сæв... Райсомæй фылдæр нал ахæсдзынæн ам, дзæгъæл быдыры. Ныр бузныг... Мæ ном-— ;Николай. Иу дзæвгар фарстыты фæстæЛ(1иша- йы мад Маринæ загъта: > . ... ’,- — Уæдæ мæнмæ хъусут. Æппæты раздæр уал ын бабæттæм йæ цæф, — йæхæдæг йæхи фæрæвдз кодта. Цæф сырхæфсæддоны рабадæ- гау кæнын кодтой хъæмпы æнцой. Раздæр ын Мйша йæ цæф къахæй чъизи, тугæйдзаг нор- тянкæ раппæрста, стæй йæ ног, сыгъдæг бин- тæй æрбабаста. — Ныр, мæ хур, цом нæхимæ. Мах дæ ахæсдзыстæм нæ хъæбысы. Цæрдзынæ махи- мæ. Тагъд фæдзæбæх уыдзынæ. 1 Фæлæ Николай куы бамбæрста, зиаг хъæ- уы’ ис, уый, уæд цæхкæр ныллæууыд: ’ — Уый гæнæн нæй. Мæнæн хъæумæ цæ- уаен! нæй. Знаг куы бамбара хабар, уæд... Мæ- хи мæт нæ кæнын, фæлæ сымах æфхæрд.æр- цйеудзыстут. Нæ, уый гæнæн нæй! Бузйыг... Фæлтау мæ-иу ам дзæгъæлы ма ныууа- дзут... 9\ :/ Маринæ æмæ лæппутæ зæрдиагæй ныллæу- 73^
уыдысты хъуыддагыл, фæлæ дзы куы ницы рауад, уæд ын загътой: — Алы æхсæв дæр дын ардæм хæринаг хæсдзыстæм. Райсом та дæм Маринæ рацæу- дзæнрухсæй, дæ цæфтæ дын бабæттдзæн. — Бузныг, бузныг,—загъта Николай, —ацæ- ут, уæхи- фыдæхсæв мауалкæнут. Ныр мын ницыуал у. — Хæрзæхсæв у, мæ бон! — загъта Мари- нæ æмæ йæ цæстытæ доны разылдта, кæд ис- куы дзæгъæл быдыры мæхи мой дæр ахæм уавæры ис, зæгъгæ Æфсæддоны ныхæн ныб- ба кодта æмæ араст и хъæуы ’рдæм. Фондз лæппуйæ алчи дæр Николайы къух райста .æмæ сабыр йæ цурæй рараст сты. Баййæфтой Маринæйы. Сабыр ныхасгæнгæ цæуынц, цавæр хæринаг бæззы ахæм рынчынæн, хостæ йын куыд амал кæндзысты, куыд æм зилдзысты, стæй Миша афтæ фæкодта: — Лæппутæ, цæй æмæ йæм боцыгон зилы- ны тыххæй рад скæнæм. Бон хъæуы æмхуы- зонæй куы нæ уæм, уæд ныл исчи фæгуыры- схо- уыдзæн. Стæййын йæ бынат дæр схъарм кæнæм. Кæннод æгæр уазал у. Æхсæв дæр ын рохуаты уадзæн нæй, кæй зæгъын æй хъæуы. — Тынг раст зæгъыс. Хорз фæнд!—загъ- той æмхуызонæй лæипутæ. Маринæ дæр сра- зы и -семæ. — Уæдæ афтæ,—загъта та Миша,—райсом фæуæд мæ рад! - Баныхас кодтой. Уыйадыл Миша, цингæн- гæ ;фездæхт æмæ Николайы цур балæууыд. Йæ цуры йæ зонгуытыл æрбадт æмæ йын йæ хъз’сы сусæгæй дзуры: 74
: — Николай, мах рад скодтам бон дæ цуры бадынæн, райсом мæ рад у, раджы дæм ра- цæудзынæн. Æхсæв дæр дæ цух нæ уадздзы- стæм. — ;Хорз, Миша, хорз, — загъта Николай, æмæ Миша фæстæмæ фездæхт. Николайæн чысыл лæппуты æнувыддзинадæй, Маринэёйы фæлмæн цæстæнгасæй йæ зæрдæ ныррухс и. Афтæ йæм каст, цыма йæ уæззау цæф йæ рыс- тæй фæсабырдæр ис. Йæ зæрдыл æрбалæу- уыдысты йæ бинонтæ: йæ лæппу, ус, мад... „Ныр, чи зоны, уыдон афтæ æнхъæл сты, æмæ æз ацы мæйдар æхсæв автоматимæ немыцы ныхмæ хъазуат хæсты цæуын. Æз та... Æз та мæнæ, быдыры иунæгæй, цæфæй, æнæсæрæнæй хуыссын. Уæвгæ ныр иунæг нал дæн. Ам дæр нæхи адæм ис, советон адæм. Æгайтма мæ ныр базыдтой,—дзырдта Николай йæхи нымæр. Уый фæстæ ма стъалытæм иу дзæвгарфæкасти. Йæ хъуыдытæ афардæг сты дард балцы, стæй ба- фынæй ис. Лæппутæ æмæ Маринæ хъæумæ фæсвæд- ты æрбацыдысты. Уыцы бонæй фæстæмæ лæп- путæ радæй бадтысты рынчыны цуро. Маринæ та йæм йæ цæфмæ зилынмæ цыдис. Йæ лæджы дзауматæ йын хаста ивынмæ. Бонæй-бон дзæбæхдæр кодта Николай. Лæп- путæ йын æрбахастой, быдыры кæй ссардтой, ахæм автомат. Николай йæ райхæлдта, йæ хæйттæ йын æркалдта кæттагыл æмæ сæ амыд- та -лæппутæн. Лæппутæ хорз куы базыдтой автоматы хæйттæ, уæд та сæ æхсын ахуыр кодта. Тагъд базыдтой автоматæй æхсын.Лæп- путæ дæр Николайæн алы хабæрттæ кодтой, 75
оккупа’нттæ хъæубæсты фæсивæды. кукд-ах- сйрц, :адæмæй йæхи чи. куыд :дардта æмæ:ныр чи куыд;дары, уыдæтты тыххæй. Иу ныхасæй, афтæ балымæн сты Николаимæ, афтæ тынг æй: ’бауарзтой, æмæ-иу^изæр æмбисæхсæвмæ йæ.цуры фæбадтысты. Йæхæдæг дæр сын йæ хабæрттæ фæкодта. Хæсты размæ цардис Ук- раинæйы. Куыста колхозы. Парахат. уыдис цард. Алы æнцойбоны дæр-иу хъæуы фæси- вæд фæндыртимæ уынгты цыдысты хъазгæ, худгæ, кафгæ. Николай дæр-иу йæ ус æмæ. йæг лæппуимæ тезгъо кодта рæсугъд изæрты сæ горæты уынгты. ; . . • г 'Уый фæстæ • райдыдта хæст. , Знаг æрба- бырста нæ бæстæмæ. Фæсивæд Сырх Æфсад- мæ дыдысты. Николай дæр ацыд Райгуырæн б^æстæйы сæраппонд хæцынмæ. Уæдæй абон- мæ æдзух уыдис хæстыты. Цъæррæмыхст дæр никуы фæцис. Фæлæ ныр, иу талынг мæйдар æхсæв, полкъ фæстæмæ куы цыди, уæд рог цæфтæ фæци, дæрддзæф чи фехæлд, ахæм минæйы схъистæй. Исдуг сæ ницæмæ дардта, отæйглуг куы нæ уал æнцад,уæд уыдон абæт- тыны тыххæй фæфæстиат ис, æмæ йынафтæ- мæй æндæр минæйы схъис йæ къах ныппырх кодта. Æхсæвы талынджы ма бирæ фæхъæр кодта^йе ’мбæлттæм, фæлæ уыдон тынг адард сты. 0æ хъæр ын нал фехъуыстой. Николай баззад .хæсты быдыры. Иу бон та изæрæй, йæ алыфарс куы афæм- бырд сты лæппутæ, уæд сын афтæ зæгъы; ^ иг—; Ме ’ннæ цæфтæ бæргæ фæдзæбæх сты, фæлæ^ мæ къах æгæр тæвд кæны æмæ уымæй тыхсшн, Дыккаг бон тынгдæр тыхсын бай’дыд- 76^
та; Лæппутæй-иу Маринæмæ фæдисы ^фæуад, Николай-тынгтыхст у, тагъд æм рахаецвде у, зæгъгæ. Маринæ, цыма хъæмп хæссынмæ.цæ- уы, уыйау бæндæнимæ фæраст и быдырмæ. Бахæшдæ ис. Николайы къах. куы райхæлдта, уæд ын зæрдæ авæрдта: ■;*: — Уый цæф дзæбæх куы фæкæны, ,уæд кæддаериддæр афтæ вæййы, йæхи мидæг та хъуыды кодта: хъуыддаг хорз нæу,- таг^д дохтырмæ- æрвитын хъæуы горæтмæ. Æмæ тындзгæ рацыд фæстæмæ хъæумæ. Цьщпар лæппуйы сæхимæ ’рбаййæфта æмæ - сын загъта: : — Нæ рынчыны хабар мæм хорз нæ ка^- сы. Горæтмæ цæуын хъæуы. Уым мын ис хорз зонгæ дохтыр-хирург Карпов. Тагъд дыууа&- йæ мемæ рацæут. Йæ фатер ын зонын, ба- цæудзынæн æм, тыхст рынчын ис, зæгъгæ. Зæронд æмæ дæсны дохтыр у уый. . с - Уыцы[-ныхæсты фæстæ лæппутæ ницыуал •запьтой. Хасан æмæ Дадо -Маринæимæ фæ- раст сты горæтмæ, Миша æмæ Зауыр та;Ни- колаймæ ацыдысты. Маринæ æмæ дыууæ лæппуйы горæты уынджы куы фæцæйцыдысты, уæд сыл фæ- хъæрчындæуыд: — Чи стут, æрлæуут?! Æрлæууыдысты, уæдæ цы уыдаид,, æмæ сæм æрбацыдысты расыг немыцаг патрульт-а?. Маринæйы куы ауыдтой, уæд сæ-иу/загъта: — А гъа, гъа... Сылгоймаг... Уый дъщг хорз... Комендатурæмæ!.. . <\ , — Мæн не ’вдæлы, мæ лæппу тынг-рын- чын у, дохтыр агурын,—загъта Маринæ. :г,ф (77
’ — Дохтыр! Нæ хъæуы дохтыр, ницæмæн хъæуы, уадз, нæ хъæуы лæипу... Мæ фæдылГ Айн-цвай!.. Маринæ фæмæсты ис. Йæ уадул ын бæр- гæ ныдздзæхст ластаид, фæлæ йæ цыды сæр бынтон куы бакъуылымпы уа, уый тыххæй йæг хи ’баурæдта. Бирæ ракæ-бакæйы фæстæ -Ма’- ринæйы дыууæ лæппуимæ акодтой коменда- турæмæ; Дыууæ боны æмæ сæ дыууæ æхсæ- вььуым ныккæнды ’фæдардтой. Аххосджын код- той Маринæйы, æнафоны уынджы кæй уыды- сты, уый тыххæй. Стæй сæ рауагътой, Тыххæй ма сæ къæхтыл лæууыдысты. Фæлæ уæддæр уыцы-иу цыд бакодтой дбхтыр Карповы хæ~ дзармæ.’Дохтыр рынчын уыдис. Хуысгæ кодта, фæдæ йын Маринæ йæ хабæрттæ куы радзырд- та; уæд загъта: — Æз дæр ам нæ уыдтæн. Бæргæ фæ- цæйцыдтæн не^фсадимæ, фæлæ мæ амонд нæ’уыдис, фæрынчын дæн æмæ уый тых»хæй баззадтæн ам. Тынг зын мын у, ацы лæгхор- тæм кæсьщ, фæлæ хуыздæр амал нал и. Æз дæр мæ адæмы раз мæ хæс æххæст кæнын. Зилын нæхи рынчынтæм. Немыцмæ мæрынчын- донмæ кодтой, фæлæ мæхи тынг рынчын скодг тон æмæ уый æфсонæй нæ бакуымдтон. Карпов æмæ Маринæ рагæй зонгæ уыды- сты\ кæрæдзй хорз æмбæрстой, сæ кæрæдзийæ ницы æмбæхстой. Дбхтыр^йæхй арæвдз кодта. Цы дзауматæ, цы хостæ- йæ ’бахъуыдаид, уыдон æрæфснайд- та цинкæ къоппыты, Маринæмæ сæ радта, йæхæдæг райста *йæ лæдзæг æмæ араст сты фæсфæдты. Маринæ зæронд лæджы къухыл 78
ныххæцыд æмæ йæ, сывæллонау, æхсæвы мæй- дары сабыргай размæ кодта. Дыууæ лæппу- йы та разæй уадысты. Фæндаджы лæгъзытæ агуырдтой. Ныр сæм афтæ каст, цыма Карпов куыддæр бахæццæ уа, афтæ Николай адзæбæх уыдзæни æмæ фестдзæни. Уый. тыххæй се ’ххормаг, сæ зынтæ дæр ницæмæ дардтой. Куыддæр æрбахæццæ сты, афтæ дыууæ лæп- пуйы, цингæнгæ, Мишаты хæдзары фæмидæг сты, „дохтыр æрбахæццæ и", зæгъгæ. — Дысон йæ ахаст хорз куы-нæ уал. уыд, уæд æй мах ардæм æрбахастам. Артау сыгъ- дис æгасæй дæр. Уазал хæцъилтæ йыл æвæрд- там, æмæ чысыл æрсабырдæр ис йæ тыхстæй,-- загъта Солтан. Иннæ лæппута дæр.сынтæджы алыфарс лæууыдысты, æнкъардæй кастысты рынчынмæ. Дохтыр уатмæ куы бацыд, -уæд лæппутыл йæ цæст ахаста, стæй æркасткъахмæ, æрсæрфтытæ кодта рынчыны цæсгом æмæзагъ- та: тæссаг у низ, фæлæ йæ мах сдзæбæх. кæн- дзыстæм. Æрæджы нæу ныр дæр. Тæрсгæ ма кæн! Дæ ном цы хуыйны, — афарста • рын-, чыны. — Мæ ном Николай,— загъта уый æмæ. йæ хид йæ ныхæй асæрфта. Уымæй фæстæмæ бон цухæй Карпов цы- дис Николаймæ зилынмæ. Маринæ æмæ ’лæп- путæн амыдта рынчынмæ, куыд зилын хъæуы, уый. Николай фæдзæбæх. Фыццаг лæдзæджы æнцæйтты, фæстагмæ æнæ лæдзæгæй дæр рай- дыдта йæ къахыл лæууын. -Сывæллон цыма фыццаг хатт слæууыд йæ къахыл, афтæ иу слæууыд Николай дæр, йæ ^къухтæ фæйнæр- дæм ныббазыр кæнгæйæ. Йæ алы фарс иу 79
хъæлдзæг хутт кодтой йæ фондз æмбалы æмæ Маринæ. * , / - • .— Рауай,* рауай, ма тæрс, ны.фсджындæр у, — дзырдтой-иу . æмхуызонæй ’ æмæ-иу уæд Николай худгæйæ дзуапп, лæвæрдта, — мæ къах фидар у," фæлæ йын уæддæр тæрсгæ кæ- нын; •-:•-, Фæстагмæ Николай æдæрсгæ райдыдта цæ- уын. Æрмæст ма-иу къæвда рæстæг рысти саст къах, фæлæ уæддæр дзырдта Маринæ æмæ лæппутæн:—хорз мæ бахъахъæдтат бирæгъ- тæй, фæлæ æз ме ’фсæддон хæс_ нæма бах- хæст кодтон нæ бæстæйыраз æмæцæуынмæ хъавын мæ хæстон æмбæлттæм, ссардзынæн сæ... Лæппутае, æмæ Маринæ тæригъæд код- тои Николайæн, . тарстысты йын йæ къахæн æмæ сæ нæ фæндыд йæ ацыд:—уæд та ма чы- сыл’ фæлæу,—дзырдтой йын æмхуызонæй, фæ- лæ. Николай йæ фæндоныл фидар лæууыд. Иу.райсом лæппутæ. Маринæйыл кæрты куы фембæлдысты, уæд сæм Маринæ писмо радта:—Николай дысон ацыди хæцæг Советон Æфсадимæ. Сымах тынг æрæгмæ куы цыдыс- тут,уæц тыхсти, стæй уæд ныффыста мæнæ ацы писмо. Уыцы ныхæстаем • лæппутæ сагъдауæй баз- задысты сæ бынæтты, стæй райстой писмо.æмæ дзы бакастысты: . - ;„Мæ Кавказаг хæлæрттæ. Сымах мæ фер- вæзын кодтат мæлæтæй. Уæ бирæ тухитæ, уæ лæгдзинад, уæ хæлар зæрдæты тыххæйгуын арф^æ кæнын. Æз цæуын хæцæг Советон Æфсад- мæ æмæ баххæст кæндзынæн мæ хæс Райгуыг рæн бæстæйы раз. Уырнæд уæ знаг пырх кæй -80
Æрцæудзæн, уый. Советон Æфсад фæстæмæ æрбацæудзæн æмæ уæд фендзыстæм кæрæдзййы. Уæ хъару равдисут знаджы ныхмæ. Уæхи дæр дзы фæразут хъахъæнын. 7 Уæ хæлар, Советон Æфсады салдат -Нико- лай!!!" IV Рæстæг цыдис. Фыд лæг æмæ фыд бон би: рæ нæ хæссынц. Знагæн йæ фæстаг бонтæ æрхæстæг сты. Иу ахæмы арвыл фæзынди со- ветон хæдтæхæг. Хъæуы сæрмæ йæхи ныллæг æруагъта. Тæхæг йæ къух куыд тылдта, уый дæр дзæбæх зынди. Адæмы зæрдæ уый фен- дæй фæфидар ис æмæ сусæгæй кæрæдзийæн дзырдтой: „Мæскуы йæ бынаты йс! Сталин мах зындоны нæ ныууадздзæн!" Дыккаг бон дæр та æрбатахт хæдтæхæг. Хъæуы сæр ракалдта бирæ фыст сыфтæ, зæгъ- гæ, Советон Æфсад тагъд ам уыдзæн. Тæрс- гæ ма кæнут! Адæмы цинæн кæрон нæ уыд, фæлæ йæ циндзинад æргом ничи ма æвдыста, уымæн æмæ знагæн æлхæд лæгтæ уыди хъæуы:уайтагъд дæ ацауындзын кодтаиккой. * Нæ фехæлд сæ’ лымæндзинад Миша- æм’æ йе ’мбæлттæн. Знаг цас цъаммардæр митæ кодта, уынас фондз æмбалы кæрæдзимæ хæс- тæгдæр лæууыдысты> уыйас тыхджындæр- ар- хайдтой знаджы ныхмæ. Ныртæккæ та уæлдай арæхстджындæр кусынц. Бон-изæрмæ сусæгæй фæфыссынц знаджы ныхмæ лозунгтæ, æхсæв та сæ къултыл бакæнынц. Къултыл фæзындис ахæм ныв дæр: знаг, йæ дзауматæ фæндæгтыл 6 Æфсым*Ртæ- 81
калгæ, мидæггаг дзаумæтты .советон танкты разæй лидзы. Уый уыди сæ иумæйаг ныв. Фæзыхъæуы комендантæй адæм афтæ дзырд- той:— „Уымæй цъаммардæр адæймагæн скæнæн нæй".;Фосæй, хорæй, хъæуы ншдоуал ныууагъ- та. Адæмы хурхыл бахæцыд. Адæм знаджы ныхмæ се ’нæуынонцзинад æргомдæр æвдисын байдыдтой. Уый адыл иу бон горæты комен- дант цалдæр афицеримæ æрбахæццæ ис хъæу- мæ. Адæмы рамбырд кæнын кодта: — Уе ’хсæн ис æвзæргæнджытæ, бандит- тæ æмæ сæ дзæбæхæй кæд раттат, уæд хъыг- дард нæ уыдзыстут,—райдыдта æртхъирæн кæнын. —Æз раздæр дзæбæхæй дзурын, фæ- лæ и}тæр куы смæсты уон...- Уæд хатыр нæ зонын! Æз уæ фæрсын: чи фыссы къултыл æнаккаг ныхæстæ? Чи уæнды? Адæм ныхъус сты. Алчи зæхмæ ныккасти, стæй саугуырм зæронд Цопан фæрсы: — Ныхæстæ дард цæуынц, фæлæ цавæр „ныхæстæ" сты, цавæр? Бакæс ма нын сæ! — Бакæс! -загъта комендант æмæ афицер- мæ йæ сæр фæзылдта. Афицер уæдæйныр- мæ дæроцæттæйæ лæууыдис коменданты ны- хасмæ. Йæ портфель фегом кодта. Бирæ гæх- хæттытæ фелвæста, кæсы: „Мæлæт фашиз- мæн!" (Дадо æмæ Хасан адæмы ’хсæн лæууы- дысты, кæрæдзимæ бакастысты, сæ мидбылты бахудтысты). „Нæ адæмытугзнагæйисгæ.у!",— кæсы дарддæр афицер. „Æгас цæуæд Советон Æфсад!", „Æгас цæуæд Сталин!" Адæм кæрæ- дзцмæ бакæстытæ кодтой, се ’хсæн хъæлдзæг сусу-бусу ацыд. Комендант йæ цæстытæ туджы разылдта æмæ хъæддаг сырдау фæхъæр кодта: 82
— Цы зæгъдзыстут уыцы ныхæстæм?! Чи сæ фыссы? Чи бауæндыди?! Йæ бынаты базмæлыд Цопан æмæ загъта: .— Мæ ныхас стырдæр хицаумæ у. Мах мæ- нæ цалдæр зæронд къодахы стæмæмæ нæ кæд фæрсыс, уæд дыи æй сабырæй зæгъæм: тынг дзæбæх ныхæстæ сты, иу дæр дзы ап- паринаг нæу, тынг раст сты, адæмы бæллиц сты сеппæт дæр... Комендант фæмæсты ис, цæс- тытæ туджы разылдта: — Зæронд хæрæг,—загъта Цопанæй,~чи сæ ныффыста, æздæ уымæй фæрсын?! . — Æз, уæдæ, æз! Кæд æнæдзургæ- нал ис, уæд!—загъта Цопан,—уыдон æз ныффыстон, мæ зæрдæ сæ ныффыста æнаккаг хайуантæ!.. Йæхæдæг стыр цым лæдзæг бæрзонд систа, цыма дзы искæйы цæвынмæ хъавыди, уыйау. Адæмæи Цопанæн марынæй чи фæтарст, иу ахæм лæг фæхъæр кодта: — Цопан нæ ныффыста, уый куырм, æна- хуыргонд куы у! Цопан уыцы фæхъæргæнæг- мæ мæсты цæстæнгас аздæхта æмæ ноджы фи- дардæрæй загъта: — Æз уыдтæн!.. Æз! Мах Советон Æфсадмæ æнхъæлмæ кæсæм.—Цопан йæхи нал урæдта.— Ахъуыдты ут ардыгæй, Кавказы зæхх уын уæ чъизи буар йæхимæ дæр нæ райсдзæн! Адæм схъомпал сты. Комендант афицермæ дзуры: . — Ныртæккæ фехс уыцы зæронд хæрæджы адæмы раз, уадзæмæ æмбарой! — Хорз!—загъта афицер æмæ салдæттыл фæхъæр кодта: . „ раласут æй-размæ!.. аз
Салдæттæ сæхи Цопаныл куыд ныццавтой, афтæ Дадо æмæ . Хасан Цопаны разæй сæхи фæкодтой. — Ма ’вналут зæронд лæгмæ! Худинаг у зæронд лæгмæ æвналын... Адæм бакалдысты Цопанæй салдæтты æх- сæн. Иу салдат афтоматæй Дадойы нырри- уыгъта. Автоматы дзых Дадойы рахиз цæстыл сæмбæлд æмæ дзы аныгъуылд. Цæстæй нæма фæхицæн ис, афтæмæй: дзы цалдæр гæрахы фæкодта. Сæр ныппырх и. Туг фæйнæрдæм акалди. Дадо ныццудтытæ кодта, æрхауди зæхмæ... Хасан салдатыл йæхи ныццавта, йæ авто- мат ын ратыдта, къах æм фæцарæзта, æмæ салдат куы ахауд-, уæд ыл уырдæм цалдæр нæ- мыджы банымадта. Уый фæстæ къанаумæ йæ- хи баппæрста æмæ знæгтыл уырдыгæй ралæу- уыд. — Цæгъдут сæ æмхуызонæй! — фæхъæр кодта комендант æмæ йæхи .фæаууон кодта. Бæстæ автоматы къæркъæр сси. Хасанæн йæ автоматы гилдз куы нæ уал уыд, уæд афице- рыл йæхи ныццавта, йæ ливор ын ратыдта, фæлæ уалынмæ цалдæр нæмыджы риу судз- гæ ацыдысты, размæ бахаудта. Фæстæмæ сыс- тад, фæлæ йæ къабæзтæ йæ коммæ нал кас- тысты. Риу та, цыма дзы куыройы фыдтæ ис, уыйауæй зæхмæ æлвæста, уæддæр афицермæ хъæбысхæсты фæцæйцыд, ныццудыдта, уæр- джытæ фæдыдагъ сты, лыстæг бал бæласыл ма фæхæсти, уый дæр æй нал баурæдта. Ногæй та ахаудта зæхмæ. Дæндæгтæ кæрæдзиуыл ан- дæгъдысты, ливор ма къухы бæргæ цæлхъыв- 84
та, сыстыныл афæлвæрдта, фæлæ йæ бон нал баци. Тугæй зæхх сырх-сырхид адардта. Адæм фыдбылызæй фæйнæрдæм лыгъды- сты. Иу къорд адæймаджы фæмардис, иу къорд та цæфтæ фæци. Йæ лæдзæджы æнцой лæу- уыд Цопан æмæ дзырдта дарддæр: — Уæ бон ныккалат, фашисттæ, уæхи дæс- ны хонут, фæлæ дæсны не стут, нæ! Иу хъуыд- даг уæ ферох и. Ферох уæ ис, кæй зæххыл лæуут æмæ уыцы Кавказы зæхмæ цы ’гъдау ис цæрынæй-хæрынмæ, уый. Ферох уæ ис Советон иу туджы æртах дæр дзæгъæлы кæй нæ фесæфдзæн, уый! Байхъусут, байхъусут! Сармадзантæ нæрынц! Уый Советон Æфсаду, Советон Æфсад! Додой уæ сæр кодта!Уыдоны раз уæ дзуапп дæттын бахъæудзæн. Уе ’взæр хæрам тугæй уæ æгæр бирæ калын бахъæу- дзæн нæ адæмы тугмæ! — Уыцы зæронд хæрæджы фехсут! Мачи йæм хъусæд! — загъта афицер. Цалдæр авто- маты æмхуызонæй скъæркъæр кодтой. Цопан фесхъиудта, цыма йæ зынг асыгъта, уыйау, стæй йæхи ныкъæдз кодта æмæ, тулдз бæласау, йæ риуыл хæцгæ, размæ бафæлдæхт. Комендант йæ афицертимæ машинæйы абадт æмæ афардæг и. Фæзыхъæуы комендан- ты дзырдмæ гæсгæ мæрдтæ иу машинæйы кæ- дæмдæр ласт æрцыдысты. Хъæуы чидæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй сæ уыцы æхсæв иу уæрмы ныккалдтой хъæдрæбын æмæ сыл сы- джыт бакалдтой. Адæмы зæрдæйы маст уыцы бонæй фæс- тæмæ ноджы тынгдæр змæлын байдыдта туг- дзых знаджы ныхмæ. 85-
V Иу изæр лæппутæ сæ тæккæ кусгæйæ уы- дысты, афтæ Маринæ цингæнгæ уатмæ баз- гъордта. — Лæппутæ, акæсут ма! знаг лидзы! уæхи цæттæ кæнут! Нæхионтæ станцæмæ æрбахæц-4 цæ сты. Ныртæккæ нæ разведкæ ам уыдис. Николай... Николай йæхæдæг ам уыди. Хъамбол та, дам, мæ командир у, фарста уæ, фæстæмæ фездæхт, тагъд æрбахæццæ уыдзысты. Дон исæны мыл фембæлд... Лæппуты цинæн кæрон нал уыд. Ныхас сæ ничи скодта, фæлæ сæ бынæттæй фестадысты. Уьщы изæр уыиджы æрцыдис цыбыр, карз хæст. Знагуынджы фæзилæнтæ æрцахста, æрцарæзта дзы пулемёттæ. Хъæддыхæй ныллæууыд. Дард- дæр нал куымдтой тæрын, фæлæ сæ чъылдым- мæ автоматты уынæр куы ссыдис, уæд лидзын- мæ фесты. Сырхæфсæддонтæ. размæ абырс- той. Знаг пырхгонд æрцыди Фæзыхъæуы. Марицæ, Хъамбол æмæ Николай лæууыдысты’ уынджы тигъыл. Маринæ сырхæфсæддонтæм йæ къух тылдта, фæндараст, фæндараст, зæгъ- гæ, æмæ фыр цинæй. йæ цæсты сыгтæ рустыл уадысты. — Дадо æмæ Хасаны хабæрттæ мын фæ- дзырдтай, Маринæ, фæлæ’не ’ннæ геройтæ та кæм сты, мæ цæст сыл куынæ хæст кæны?— бафарста Хъамбол. — Уыдон дыл ныртæккæ ,æмбæлдзысты. Ам кæй дæ, уый зонынц. Уынджы хæстыты дæр’уыдысты. Хабæрттæ сæм бирæ ис, сæхæ- дæг дыц сæ фæкæндзысты. Уыцы ныхæстæм 86
æртæ æмбалы уынджы фæзындысты æд авто- маттæ. Хъамбол æмæ Николайы базыдтой æмæ сæм æмхуызонæй æрбазгъордтой: *Хъамбол, Николай, Хъамбол, Николай!..—æмæ сæ дыу- уæйыл дæр ныттыхстысты, — Нæ зæрдæ æдзухæй дæр сымахмæ æх- сайдта. Цы фæдæ, кæдæм дæ акодгой, Хъам- бол, уымæн ницыуал базыдтам,—загъта Ми- ша.— Ныр дæ курæм, æмæ нæ дæхимæ райс, мах фæнды знаджы пырх кæнын. Нæхимæ ис афтоматтæ... Дыууадæс салдаты æмæ æхсæз афицеры * уал ’ ауæлгоммæ кодтам, фæлæ нæ пълан æххæст’нæма у. — Бузныг, æрыгон хъæбатыртæ! Исын уæ мæхимæ. Фæуыдзæн хæст, фæстæмæ раздæх- дзыстæм. Ныллæудзæн. уæ -царды æцæг уал- дзæг æмæ уæм уæд фыны фенæгау кæсдзысты абоны зынтæ. Мæхи хабæрттæ уал уын зæ- гъын цыбырæй. .Знаджы дзæмбытæй алыгътæн дыккаг бон. Мæйдар æхсæв мæ нарæг фæн- дагыл фæцæйкодтой. Иу’салдат— мæ разæй, иннæ—мæ фæстæ. Иу зонгæ фæзилæны раззаг салдаты къухæй автомат ратыдтон, былæй мæхи аппæрстон æмæ нæхионтæм... Мæнæ <мæм Николай та бынтон æнæнхъæлæджы æр- бахауд, фæдзырдта мын уæ хабæрттæ, йæ цæфы истори æмæ мын æхсызгон уыди. Ныр та Маринæйæн ’хæрзбон зæгъут, æры- гон хъæгбатыртæ, æмæ размæ, размæ, уæлахиз- дзинадмæ! Хæрзбон загътой Маринæйæн а^мæ араст сты кадджын хæстон фæндагыл. 1945 аз.
СÆРГÆНДТÆ Фарс Æфсымæртæ (аовесть) 3 Æвзонг хъæбатыртæ (радзырд) . . . 65 Скъоладзау астæуккаг карæн. Æмбæлттæ чиныгксесджытæ! Цсегат Ирыстоны Паддзахадон Рауагъ- дад куры, ацы ниныг уæм куыд фæкасти, цы аишгытæ бафиппайдтат, уыдоны тых- ’ хæй нæм фехьусын кæнут ахæм адресыл:г. Дзæуджыхъæу Сæрибары фæз, Советты хæ- дзар, Цæгир. Паддзахадон Рауагъдад. Нывгæнæг ’В. В. Лермонтов. Редактор Мамиаты Н. Тедредактор Дзгойты А. Корректор Саукуйты М. Æмбырд ьæнынмæ лæвæрд æрцыд 15Х/П-51 г. Мыхуырмæ лæвæрд æрцыд 26/11—52 г. Мыхуырон сыфтæ 4,51. Рауагъдады хыгъдон сыфтæ 3,1. Рауагъпады № 215. Заказ № 4145. Тираж 3000. Гæххæтты формат 84Х 1087з2- ЕИ00383. Аргъ '■^ #5к. Цæгат Ирыстоны АССР-ы полиграфрауагъдады тнпографи. Дзæуджыхъæу, Дзанайты Иваны уынг, 20.