Текст
                    АИВАДЫ ХЪУЫДДÆГТЫ УЫНАФФÆДОН
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АССР-ы
АДÆМОН КОМИССАРТЫ СОВЕТЫ
ИРОН ТЕАТР
ЦÆГАТ ИРЫСТОЛЫ АССР-и ПАДДЗАХАДОН РАУАГЬДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ
19 4 0


УПРЛВЛЕПИЕ ПО ДЕЛЛМ ИСКУССТВ ПРИ СНК СО ЛССР ОСЕТИНСКИЙ Т Е А Т Р
РАЗНЫХАС Ацы чысыл чиныг мыхуыры уагъд цæуы Цæгат Ирыстоны АССР-ы Падцзахадон Драмон Театры фæндзæм азы бæрæгбонмæ, цæмæй ирон фæллойгæнæг уæрæх дзыллæты базонгæ кæна нæ профессионалон театры равзæрдимæ, йæ цард æмæ йе’сфæлдыстадон куыстимæ, йæ кусджытимæ. Чиныг асмæ гæсгæ чысыл кæй у, стæй цыбыр æмгъуыцмæ уагъд кæй цæуы, уый адыл йæ разы хæсæн не’вæры цытджыи Октябры социалистон революцийы агъоммæ Ирыстоиы мидæг те- атралон аивад куыд фæзынди, цы хуызты æмæ цы уавæрты уыди, уыцы фарстатæ наукон иртæст ракæнын,—ахæм куыстæн бирæ тых æмæ рæстæг хъæуы, стæй ирон адæмы истори фыст кæй нæма у æмæ историйы мидæг йæ политикон æмæ ькономикон уавæртæ æмтгæй бæстон--бæлвырд ахуыргонд кæй нæма сты, уымæ гæсгæ иттæг зын фыссæн у рагзамаиы ирон культурæйы æмæ театралон аивады нсторион фарстатыл дæр,—фæлæ фæстæдæр театры аивады истори чифысса, уыдонæн кæд исты æххуысæч бабæзза ацы чиныг, уæд йæ къаннæг хæс нымайдзæни æххэдтыл. 3
СОВЕТОН ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АИВАД Цытджын октябры социалистонреволюцифæллойгæ- нæг ирон адæмы фервæзын кодта Уæрæсейы хæдхæцæг паддзахы æмæ бынæттон æлдæртты, буржуазийы ца~ гъардзинады уæззау æфсондзы бынæй, ракодта сæ та~ лынг, æнахуыргонд, мæгуыр æмæ хъизæмары уавæр- тæй сæрибар, амондджын æмæ хъæздыг культурон цардмæ. Раздæр заман паддзахы Уæрæсейæн сырдтон эксплоа- тацийы колони чи уыди, уыцы Цæгат Ирыстон ныр æппæт дунейы фæллойгæнæг адæмы уарзонкоммунис- тон партийы æмæ уыйцытджынфæтæгтæ Ленины æмæ Сталины разамындæй, бæгъатыр æмæ цытджын уырыс- саг адæмы æххуысæй ’сси Автономон Советон Социа- листон Республикæ æмæ Советон Цæдисы æфсымæрон бинонты æмра^нхъ аразы æнæклассон æхсæнад—ком- мунизм. Уалдзыгон фæскъæвда хур-боны рæсугъд быдыры мидæг зайæнхал рæзынмæ куыд фæвæййы, афтæ со- ветон хицаудзинады рæстæджы, Ленинон-Сталинон на- цион политикæйы æмæ Сталинон фондзазонты фæрцы уæлахизæй-уæлахизмæ рæзгæ цæуынц Цæгат Ирыс- тонæн йæ экономикæ æмæ йæ культурæ. Æнæбар, талынг, ссæст чи уыди, хæххон сидзæр- гæсты судзæггаг хъарджытæ кæцæй хъуысыдысты, цард-хуры тын кæдæм нæ хæццæ кодта, уыцы Иры- 5
^топы хъæутыныр дзыллæтæ зæрондæй-ногæй кæнынц рæсугъд зарджытæ Леничыл æмæ Сталиныл, болыле- викты хъæбатыр партийыл, адæмы амондджын цардыл, сæрибар социалистон фæллойад аразджытыл æмæ сæ рухс фидæныл. Ирон адæмы раззагдæр хъæбултæ бирæ, дæсгай æмæ сæдæгай азты дæргъы хъæбатыр тох фæкодтой сæ карз фыдг.улты ныхмæ, бирæ фæхордтой сæ былты цъæрдтæ нæ абоны зæрдæрухс цард æрыййафынмæ æмæ уым ацæрынмæ бæлгæйæ, фæлæ паддзахы Уæрæсе уыдис адæмты ахæстон æмæ-иу сын уый сæ авналæн- тыл æмæ сæ сæрибар хъуыдыты хурхыл ныллæууыдис йæ чъизи цырыхъæй. Иугай хъæбатыр лæгтæ-иу бирæ хæттыты ралæууыдысты æфхæрд хæххонты сæрхъу- зой, уыдон-иу дзыллæтыбархъомыс бахастой кардæмæ фаты бырынкъыл æдтагоу æмг> мидбæстаг тыхгæнæг исджынты, æлдæртты ныхмæ, фæлæ-иу сæ дурзæрдæ паддзахы фæдонтæ куынæг кодтой æгъатырæй. Ирон адæмы ахсджиаг хъæбултæ—нæ профессионалон аива- ды бындур æвæрджытæ—Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ Гæдиаты Цомахъ сæ царды тæккæ хуыздæр азтæ арвыстой паддзахы ахæстæтты, æдтагон дард бæстæм хастæй сæ уарзон адæмæй иппæрдæй. „Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй Фæластон мæ сау зæрдæ дард... Цы ма мын кæндзынæ?—Дæ цæстыты сыгæй Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард,"— афтæ фыста хастæй йæ уарзон адæмы мысгæйæ ирон адæмон цытджын поэт — революционер Хетæгкаты Къоста, Октябры социалистон революцийы фæуæлахизы раз- мæ Цæгат Ирыстоны мидæг аив литературæйы йедтæ- мæ ницы уыдис профессионалон аивады хуызтæй. 1869 азы Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдис уырыс- саг театр, октябры революцийæ цалдæр азы раз- дæр та æртæ кинотеатры. Уымæй уæлдай ма горæ- ды уыдис цыппар чысыл клубы, фæлæ уыдонмæ æф- тыдысты æрмæстдæр исджын аристократтæ, афицертгс 6
æмæ сæудæджергæнджытæ. Ирон профессионалои аивад горæты дæр æмæ хъæуты дæр нæ уыди. Спек^ такль, кинотеатр, цирк, нывкæнын, музыкæйы аивад æмæ скульптурæ цы сты, уый ирон хъæуты зонгæдæр нæ кодтой. Иронфæллойгæнæгфæсивæд иттæг арæхст- джын уыдысты æрмæстдæр спортивон аивады,—бæхыл хъазынмæ, дурæппарынмæ, фистæгæй дугъы уайынмæ, топпæй æмæ фат , æхсынмæ, кафынмæ,—уымæн æмæ уыдон сæ къухы æфтыдысты æнæ скъоламæ бацæу- тæйæ. Скъолатæ, кинотеатртæ æмæ культурон зонына- дон бынæттæ уыдысты бонджынты къухы. Фæллойгæ- нæг уæрæх дзыллæтæн сæ бон нæ уыдис уырдæм бацæ- уын, уымæн æмæ хæдхæцæг паддзахад тарстис, зæгъгæ, адæм скъолатæм æмæ культурæйыл’ ахуыры бынæттæм куы цæуой, уæд базондзысты сæ талынггæнæг фыдыз- наджы æмæ йæ ныхмæ тох кæнын райдайдзысты. Паддзахад, æлдæрттæ æмæ буржуази йæ сæргъы кæ- мæн уыдысты, уыцы хицауад фæллойгæнджытæн нæ уагъта канд сæхи профессионалон аивад саразын нæ3 фæлæ ма экономикон æгъдауæй адæймаджы цард кæ- нын дæр. Фæлæ кæд ирон адæм уыдис æвирхъау хъизæмары царды, кæд цагъардзинады. æнæсцух сау куыстæй фæ- рæз нæ ардта театры, музыкæйы, нывкæныны æмæ аив литературæйы стыр профессионалон аивад аразы- нæн, уæддæр нæ саст йæ ныфс, нæ мынæг кодта йæ хъару æмæ йæ дæсниад, йæ арф зæрдæйы рæсугъд сæрибармæ бæллиццаг сæнттæ уый æвдыста хихъæп- пæрисон аивады. Ирыстоны хæххон æмæ быдираг хъæуты мидæг уыдис дæсгай æмæ сæдæгай адæмон кадæггæнджытæ, исджынты, æлдæртты ныхмæ тохы хъæбатырдзинадæй фесгуыхæг лæгтыл зарджытæ аразæг къордтæ, хъæл- дзæг æмбисæндтæ мысджытæ, паддзахыл æмæ уый фæсдзæуип къæбылатыл, сауджынтыл æмæ моллотыл, æлдæрттыл æмæ сæудæджергæнджытыл сатирикон таурæгътæ аразджытæ. Хъисфæндыры а.чв мело- дийы, сæ зарджыты æмæ сæ таурæгъты æвдыстой 7
адæмы æбуалгъ æфхæрджыты æлгъаг митæ, æбардзи- нады, сагъæс, сæрибармæ адæмы тырнындзинад æмæ адæмы туг чи ныста, уыдон ныхмæ хæцæг ныфсхаст лæгты хъæбатырдзинад. Ирон театр æмæ драматурги куы нæма уыди, уыцы заманы Ирыстоны хъæуты иттæг арæх уыдис импрови- зацийы аивад. Куысты рæстæг фæллойы зарджьпæ, знаджы ныхмæ тохызарджытæ. Марды уæлхъус хъарæг кæнын, хæрнæджы, куывды кæнæ чындзæхсæвы фын- джы фарсмæ кувын æмæ зарын, фæскуыст ныхась! бадгæ~( й æ диссагдæр æмæ худæгдæр таурæгътæ, уыци-уыцитæ кæнæ та æмбисонд радзурын, фæндырæй цæгъдын æмæ кафын, къорийæ æмæ хъæлæй хъазын—æрмæстуыдон уыдыстыирон адæмæн уæды заман сæ хуыздæр æмæ арæхдæр аивады хуызтæ, уымæн æмæ сын нæ уыди дард- дæо авналæнæппæтдунейыстыр аивады бæрзæндтæм... Бынтон заууаты ран уыдис ирон театры культурæ революцийы размæ. Национ драмон уацмыстæ æмæ къордтæ кæй нæма уыдысты, адæмы зæрдæ та театры æвдисгæ хуызтæм тынг кæй бæллыдис, уымæ гæс- гæ-иу тынгдæр хæххон хъæуты мидæг куывды кæнæ чындзæхсæвы заман хъуамæ фæсивæды арæхстджын- дæртæй исчи иæ уæлæ скодтаид зыгъуыммæ фæлдæхт хъуынджын фысдзармæй кæрц, сарæзтой-иу ын дыууæ хъæзын уидыгæй хъустæ, ныссагътой-иу ын уисæй къæдзил æмæ-иу, йæ цыппæртыл бы’ргæйæ, гоби май- мулийы хуызы хъæлдзæг кодта æмæ ирхæвста фын- джы уæлхъус бадджыты æмæ дзагдарты. Гъе уый уыдис ирон адæмы „театры аивады" зынгæдæр хуызтæй иу. Мæнæ куыд æвдисы ирон драматургийы бындурæвæ- рæг Брытъиаты Елбыздыхъо уыцы нывтæ æмæ уæды рæстæджы адæмы тырнындзинад театры аивадмæ йæ иу актон пьесæ „Маймули рухсаг, æгас цæуæд ирон театр", *) зæгъгæ, уым: „Сценæ—Дзывгъисы дзуары кувæндоны систы ’хсæн иу къуым. Маймули дзы рауай-бауай кæны, *) Прытъиаты Ел,—„Маймули рухсаг, æгас цæуæд ирон та- атр", журнал „Хуры тын", № 1, 1912 аз. 8
æвдисы, дзурын æп кæйфæнды, фæлæ гобн кæ.й у^, уый. Тæлмац, маймулийы адæмæн цытæ зæгъын фæнды, уыдæттæ дзуры. Маймулийыл худынц лæп- путæ, фæсивæд, ас-лæгтæ, мæстæй йæ марынц, дæ дзых, дам, лакъамийы ас, де’взаг, дам, фийаджы. хуызæн, хонынц æй сыкъаджын. Маймули дæр ху- дæгæй мары, архайы хъæдын кардæй, хъæдын топ- лæй, Нал ылæрвæссынц маймулийыл адæм. Скуыв- та йын дзуары лæг йæ чъиритыл æмæ ацыд," не- ’рбадт йемæ. Сæ фæстæ алыгъд тæлмац дæр. Ныу- уагътой йæиууылдæр. Маймули æрхауд йæ зон- гуытыл, хъыгкæны, кæуы. Æвиппайды сис фæ- къæрттæмæ дзы рацыди урс-урсид зæронд лæг; йæ уæлæ кард, хъама, топп, дамбаца, ирон \рс дзау- мæттæ; йæ къухысырхтырыса. Сыстын кодта май- мулийы. Загъта йын: „Хъус!.. Адæмæн кусыс... Адæмы уарзыс. Дæ иыфс хæссыс уыдонæн зонд. бацамонынмæ...Æз мæхæдæг амыдтон адæмæн фæн- даг. Мæ бæхыриуæй сын къæдзæхтæ гæрзтон, мæ фаты бырьшкъæйсын сырдтон се’знæгтьь хъахъæд- тон сын сæ бартæмæ карды комæй. Базæронддæн. Мæ куыст нал хъæуы. Цу, ды сын бацамон ног фæндаг, ног зонд, ног хъуыддæгтæ! Дæ зæрдæйæ цæуæд уарзондзинад, зонд та йын фæндагамонæг... Амонд хæссæг у! Амон хорздзинæдтæ! Цу ’мæ хъахъæ! Цу ’мæ дзур! Цу ’мæ амон!и Зæрондлæг маймулийы тырысайæ æрæмбæрзта æмæ маймули фестади рæсугъд 20 аздзыд лæппу. Уый фæстæ дамбаца æртæ хатты маймулийы сæрыл æрхаста æмæ йæ фехста. Маймули уæлгоммæ ахауд, зæ- ронд лæг та цыдæр фæци. Æрбамбырд та сты адæм. Дис кæнынц лæппуйыл. Чидæртæ ма йæ маймули схуыдтой. „Маймули нал дæн,—зæгъы уын,—май- мули рухсаг, æгас. цæуæд ирон театр!". *). ,Ног рæстæг ныллæууыд. Ацы ног рæстæджы царды *) Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæны либретто, сарæзта Лæ Гæдиаты Цо.махъ. Критикон-биографион афæлгæст „Врытъиаты Елбыздыхъо". 9'
зонд æйхæст у адæмы ахуырыл. Æнæ ахуыр дард нæ ацæудзæн нæ адæм дæр. Уыцы ахуыры фыццаг бынат ахсы ирон театр. Худæг маймулийыл нымадтой ирон театры, æмæ ахæм дæр уыдис, цалынмæ Елбыздыхъо- пы фыстытæ нæ фæзындысты, уалынмæ" *). Елбыздыхъойы драмон уацмыстæ куы фæзындысты, уырыссаг æмæ гуырдзиаг классикон драматургийæ ирон æвзагмæ иу къорд тæлмацы куы рацыдис мыхуы- ры, уæд арæх кæнын байдыдтой Ирыстоны хъæуты драмон къордтæ, гæзæмæ фæарæхдæр сты ирон цардæй фыст иу актон æмæ дыууæ актон пьесæтæ дæр, фэ?лæ уый уæддæр нæма уыдис æххæст театры .аивад, чи дзы хъазыдис, уыдон та профессионалон ак- тертæ нæ уыдысты. Æцæг адæмон стыр аивад Ирыстоны фæзынд æмæ рæзын байдыдта æрмæстдæр советон хицауады дуджы. Горæты æмæ хъæуты адæмон хæдзарады экономикæ- пы рæзт пемæ бæрзонд систа йæ апп социалистон кæ- мæн у, йæ формæ та национ, уыцы аивады æппæт хуызтæ дæр. Цæгат Ирыстоны фæллойгæнæг дзыллæтæн сæ къухы цы стыр æнтыстдзинæдтæ бафтыдис идеологон, культурон фронты, уыдонæн се’ппæты стырдæр æмæ ахъаззагдæр у „ÆК(б)П-йы историйы цыбыр курс" ирон æвзагыл мыхуыры кæй рацыдис, уый. Уыцы сыгъ- зæрин чиныг ирон фæллойгæнæг дзыллæты, нæ Цæди- сы æфсымæрон æппæт адæмтимæ, ахуыр кæны боль- шевизмы историйыл, адæмы фыдгулты бынтон фесафы- ныд æмæ коммунистон æхсæнад саразыныл. Нæ республикæйы зын ссарæн у ахæм хъæу, ахæм куыстуат клуб æмæ драмкъорд кæм нæй, библиотекæ æмæ кæсæндон кæм нæма ис, аив литературæ кæм нæ кæсынц, радиомæ кæм нæ хъусынц. Сарæх сты патефон- тæ, музыкалон инструменттæ. Районты клубтæй бирæтæ (Дигорайы, Елходты, Къостайы хъæуы, Бес- лæны Маисон комбинаты, Садоны æ. æ.) ницæмæй сты *) Гæдиаты Помахъ,—уый дæр уым. 10
цауддæргорæды кинотеатртæйæмæегъаудæр клубтæй, Революцийы агъоммæ горæды цы цыппар клубы уы* дис, уыдон бæсты ныр нæ республикæйы ис 130 клу- бы, раздæры æртæ. кинотеатры бæсты—58 кинотеатры, уыдонæп 36 — стационаронтæ, драмон театртæ та байысты æртæ, кæцытæй дыууæ кусы ирон æвзагыл. Горæды уырыссаг драмон’ театр тынг сырæзти советон хицаудзинады дуджы, афæдзы дæргъы радты 250—270 спектаклы, кæцытæ федтой 140—160 мин адæймаджы. Уырыссаг театр æрæвæрдта йæ сценæйы драматургийы классиктæй: (Шекспиры, Пушкины, Ост- ровскийы, Къостайы, Гольдонийы, Мольеры фыстытæ) æмæ советон авторты (Н. Островскийы, Погодин, М. Горькийы, Треневы, Щкваркины) фыстытæй дæсгай æмæ сæдæгай пьесæтæ. Йæ артистыты коллективы ис бирæ дæсны мастертæ. ^1935 азы Орджоникидзейы горæды байгом ис ирон лрофессионалон драмонтеатр. Фондз азыдæргъы Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театр цы стыр ахъаззаг куыст бакодта, уый тыххæй ацы чиныджы сæрмагонд ныхас ис æмæ йыл ам не’ллæудзыстæм, æрмæст цы- бырæй уый зæгъдзыстæм æмæ йæ сценæйы кæй рав- дыста ныр иу 40 пьесæйы бæрц, йæ спектакльтæ йын кæй федтой иу 500—550 мин адæймаджы бæрц, йæ го- рæды спектакльтæм ын кæй цæуынц æхсæв æдтæйы Йрыстоны алы къуымтæй, алы хъæутæй дæр. Театр горæды куыстæй дарддæр ма фæдæтты алы сæрд дæр гастролон спектакльтæ нæ республикæйы районты,— æдæппæт йæ куысты дæргъы радта 170 спектаклы .хъæууон колхозонтæн. Театр æмтгæй куыд рæзгæ цæуы, афтæ бæрзонд- дæй-бæрзонддæр кæнынц йæ актерты дæсныйад æмæ зонынад дæр. Уыдон канд национ пьесæтæ равдисы- нæй уæлдай ма иттæг хорз æмæ сгуыхтæй раьдыстой уырыссаг æмæ хурныгуылæн Европæйаг классикон драматургийæ бирæ зынгæ уацмыстæ: (Островскийæ, Горькийæ, Мольерæй, Гольдонийæ, Бальзакæй), сове- тон авторты фыстытæй (Циновскийæ, Шейнин æмæ 11
æф. Турæй, Щегловæй, Мдиванийæ, В. Гусевæй æ. æ.). Тынг ахсджиаг куыст бакодта театр Советон Цаедисы æфсымæрон адæмты цардимæ ирон фæллойгæнæг дзыллæты базонгæ кæныны тыххæй. Уыййæхи тыхтæй ратæлмац кодта ирон æвзагмæ æмæ равдыста рæсугъд театралон фæрæзтæй украинаг хуыздæр драматург А. Корнейчукы драмæ „ПлатонКречета,зынгæ гуырдзиаг драматург Ж. Мдиванийы драмæ „Намыс" („Фыды бæс- тæа), Азербайджаны адæмтæ 1917 азы Октябры рево- люцийы сæраппонд куыд тох кодтой, уый тыххæй—Ни- китины пьесæ „Баку", мæхъæлон фыссæг И. Базорки- ны пьесæ ..Сæуæхситтыл" æмæ афтæ дарддæр. ^ 1938 азы нæ Республикæйы арæзт æрцыдис ирон кæфтыты æмæ зарджыты Паддзахадон иационансамбль 40 адæймагæй. Ансамбль раппæлинаг егъау куыст ба- кодта ирон адæмон музыкалон. фольклор æрæмбырд кæныны хъуыддаджы æмæ дзы тынг пайда кæны йæ зарджыты æмæ кæфтыты аивад фæрæсугъддæрæн. Ацы аз арæзт æрцыдисирон национ музыкалон инструментты ансамбльдæр æмæ баиу ис Паддзахадон кафджыты æмæ зарджыты ансамблимæ, цæмæй се’сфæлдыстадон куыст сисой ноджы бæрзонддæр. Ансамбль 1940 азы райдиа- нæй сентябры фæудмæ уыдис гастролон концерттæ са- разынытыххæй Советон Цæдисыегъаудæргорæдтыæмæ йын кæмдæриддæр йæ аивадæн лæвæрдтой хорз аргъ. Тынг сырæзти нæ республикæйы мидæг музыкæйы æмæ эстрадæйы культурæ. Горæд Орджоникидзейы байгом ис сæрмагонд дыууæ музыкалон скъолайы æмæ сæ ахуыр кæны 300 адæймаджы бæрц. 1936 азы Орджоникидзейы горæды байгом ис 1-аг театралон скъола. Скъола цæдтæ кæны актертæ Цæ- гат Ирыстоны Паддзахадон Драмон театрæн æмæ Алагиры горæды кусæг колхозон театрæн. Уыцы скъола тынг ахъаз кæны ирон аивады профессионалтæ цæдтæйы хъуыддаджы. Уыдонæй дарддæр ма нæ республикæйы ис Цæгат Ирьктоны радиокомитеты вакалон ансамбль, ног- дзауты галуапы зарджыты къорд, сывæллæтты ансамбль> „Нывгæнджыты æмбалад*4 æмæ Композиторты цæдис. 32
Уыдон се’ппæт дæр, сæ куысты егъау æнтыетдзинæд- тæ æвдисгæйæ, бæрзонд советон аивад аразынц фæл- лойгæнæг дзыллæтæн. Ацы аз Мæскуыйы Паддзахадон Консерваторийы байгом ис ирон оперæйы хайад, ахуыр дзы кæны 30 адæймаджы. Уыдонæй дарддæр ма Мæскуыйы, Ленин- грады æмæ нæ Цæдисы иннæ стыр горæдты ирон фæ- сивæдæй ахуыр кæнынц аивады куыстыл дæсгай æмæ сæдæгай курдиатджын лæипутæ æмæ чызджытæ нæ республикæйы ку^джыты, зæххы куыстгæнджыты, æмæ советон интеллигенцийы цотæй, культурæйы хæрзхъæд мастертæ суæвыныл. Канд ирон адæмы аивадæй уæлдай >ма Цæгат-Иры- стоны кусынц ноджы бирæ хихъæппæрисон аивадон къордтæ æфсымæрон нацитæй дæр, зæгъæм сомихаг адæмон музыкалон инструментты ансамбль æ. аф. д. 1939 азы нæ бæстæйы æппæт дзыллæтæ арвыстой стыр адæмон бæрæгбон ирон адæмон гениалон поэт,æхсæнадон кусæг, революционер-демократ Хетæгкаты Къостайы райгуырдæй 80 азы сæххæсты бæрæгбон. Ныртæккæ нæ республикæйы партионæмæ советон организациты уынаффæйæ æмбырдгонд æмæ арæзт цæуы уырыссаг æвзагыл мыхуыры рауадзыны тыххæй ирон адæмон эпос—Нарты таурæгътæ, кæцы у стыр политикон æмæ культурон хъуыддаг. Уый стыр æххуыс фæуыдзæни пæ аивад ноджы бæрзонддæр къæпхæнмæ сисынæн. Иууыл тынг сырæзти парти æмæ советон хица- уады разамындæй ирон советон аив литературæ. Хе- тæгкаты Къостайы æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы ли- тературон бынтæ ахуыр кæнгæйæ, ирон советоы фыс- джытæ рауагътой бирæ хæрзхъæд радзырдты, роман- ты, новеллæты æмæ стихты чингуытæ Ирыстоны ряз- дæры цардыл, ныртæккæйы социалистон арæзтадыл, хъæбатыр советон бæстæйы хъахъæнæг Сырх æфса- дыл, адæмы уарзон коммунистон партийыл æмæ йæ цытджын фæтæгтæ Ленин æмæ Сталиныл. Фæстаг аз- ты ирон театры æххуысæй нæ фысджытæ, иттæг зæр- диагæй бавнæлдтой драмон уацмыстæ фыссынмæ дæр 13
æмæ равдыстой иу къорд дзæбæх æнтыстдзинады. Уымæй уæлдай уыдон ратæлмац æмæ базонгæ кодтоГ* нæ бæстæйы фæллойгæнджыты зындгонд, адæмы уарзон фысджытæ Пушкины, Лермонтовы, Толстойы, Шевчен- койы, Некрасовы, Горькийы, Мольеры, Гольдонийы æмæ иннæ классикты фыстытимæ; советон автортæй раивтой Фадеевы, Н. Островскийы, Маршакы, Катае- вы æмæ бирæ æндæрты уацмыстæ. Аивад классон тохы стырдæр хотыхтæй кæй у, уы- мæ гæсгæ коммунистон парти æмæ советон хицауад радтой æппæт фадæттæ советон аивады кусджытæн, цæмæй равдисой се’ппæт сфæлдыстадон таланттæ, ба- зоной дунейы классикок культурæйы хæрзтæ æмæ са- разой нæ дуджы аккаг стыр ссциалистон аивад. 14
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ПАДДЗАХАДОН ДРАМОН ТЕАТР ЙÆ ФОНДЗ АЗЫ БОНМÆ 10-æм ноябры 1935 азы байгом ис Цæгат Ирыстоны Паддзахадон драмон театр. Уый уыди стыр бæрæгбон æгас ирыстоны фæллойгæнæг адæмæн. Уый уыди со- ветон Ирыстоны Социалистон культурæйы фронты стыр уæлахиздзинад. Ирон адæмы культурон рæзты историмæ нæ театры байгомкæнæн бон бацæудзæни æнусон æрттивгæ стъалыйау. 5 азы кусы æмæ хæссы йæдиссаджы рæсугъд бæр- зонд советон аивад уæрæх фæллойгæнæг дзыллæ- тæм Цæгат Ирыстоны Паддзахадон театр—Ленинон- Сталинон национ политикæйы хъæбул. 1931 азы октябры мæйы Мæскуыйы Луначарскийы номыл театралон институтæй Ирыстонмæ ссыди къа- мис æмæ дæс боны дæргъы равзæрста Цæгат Ирыс- тоны хистæр скъолаты, кусæндæдты æмæ заводты драмкъордты курдиатджындæр фæсивæдæй 30 адæй- маджы. ’ Уыцы 30 адæймаджы—12 чызджы æмæ 18 лæппуйы 21-æм ноябры 1931 азы æрвыст æрцыдысты Мæскуы- мæ ахуырмæ. Мæскуыйы театрон институты ирон фæсивæды къорд ахуыр кæнын райдыдта стыр разæнгардæй, кæд куысты мидæг бирæ къуылымпыдзинæдтæ уыд, уæд- 15
.дæр. Уæд институт æгас театры къордтæ иæма цæд- тæ кодта, ахуыр дзы кодтой иугай студенттæ, артист- тæ æмæ режиссертæ. Ирон ахуыргæнинæгты къорд та уыди фæлварыны уагыл,—уома, кæд ирон къордæн артистты коллектив рауайа, уæд институт амæй фæс- тæмæ цæдтæ кæндзæни национ театрты артистты къордтæ. Ирон къордæн иу дзæвгар рæстæгмæ нæ уыдн ахуыргæнджытæ дæр. Æрмæст æртæ мæйы куы ра- цыди, уæд институты дирекци æрбахуыдта артисты дæсныйадыл ахуыргæнæгæн Мæскуыйы Вахтанговы номыл пэддзахадон театрæй УСФСР-ы адæмон сгуыхт артист Р. Н. Симоновы, литературæйы ахуыргæйæг — академик Чирковы, гримы . ахуыргæнæг—УСФСР-ы аивады сгуыхт кусæг А, П. Петровскийы, фехтованийы ахуыргæнæг — Немировскийьь кæфтыть1л ахуыргæнæг— балетмейстер — Шаламытовайы, ритмикæ æыæ пласти- Брытъиаты Ел —„Хазби\ II акт. Хазби- Таутиаты С. Хьæссæй ^ Та’бæхсæут ы Б. 16
Тотраты Б. æмæ По:елянин А. „Фæдис". Инæлар—Тæбæхсæуты Б. Буякьон—Борыхъуаты Б. •кæйы ахуыргæнæг — Збруевайы, ныхасы техникæйы ахуыргæнæг—Толмачевы æмæ æнд. 1934 азы райдианы Мхат-æй хуынд æрцыдис актеры дæсныйадыл ахуыргæнæгæн УСФСР-ы адæмон сгуыхт артист В. Я. Станицын. Стаиицын иттæг хорзсарæхсти къорды уæнгтæй алкæйдæр ахуырмæ æрбахæстæг æмæ сразæнгардкæнынмæ, уый студентты бафтыдта иузæрдион ахуырыл: „Советон артист хъуа- мæ уа стыр ахуыргонд, хъуамæ фæраза æппæт ду- нейы адæм хорздзинадæй цы сфæлдыстой, уыдон йæ дуджы адæммæ хæрзаив обрæзты хæссын. Хæрзаив обрæзтæ аразын та йæ бон у æрмæстдæр’ стыр куль- турæ æмæ арф ахуыр кæмæ уа, ахæм артистæни— амыдта Станицын æмæ йын йæ уыцы амынд зæр- 17
дыл даргæйæ, ирон ахуыргæнинæгты къорд кодта фæз- минаг ахуыр. ’ 1§33 • азы ирон къорд йæ хорз ахуыры тыххæГг райста’институты цæугæ сырх тырыса æмæ йæ суанг Йæ *каст фæуыны бонмæ нал ауагъта. .'* Ирон ахуыргæнинæгты къорд алы аз дæр цыдн Ирыстонмæ институты цы тео’рийы ахуыр райста, уый практикæйы ныффидар кæнынмæ; бацæдтæ-иу кодта клубтæн бæзгæ репертуар æмæ-иу афтæмæй зылди Ирыстоны хъæуты колхозон клубтыл. Уым нæ абоны зртисттæ кастысты адæммæ, ахуыр кодтой ног хъæууоп ца’рды æууæлтæ, æмбырд кодтой сомбоны обрæзтæи ?ермæг адæмы æхсæн. Афтæмæй артистты къорд йæ ахуыры азты дæр баст уыди фæллопгæиæг адæмимæ. 1934 азьг къорд райдыдта цæдтæ кæнын театры байгомьг бонмæ. 7-æм июны 1935 азы Мæскуыйы Луначарскийы но- Брытъиаты Пл.—йДыууæ хойы*. Асиат —Ешерыхъуаты М. Пупæ—Баллаты Вл. 18
М. Гарький—„Часса Железнова". Васса—Хьæрджынты X мыл театралон’ институт’рауагъта фыццаг национ теат- ры кусджытæ—ирон паддзахадон театры артистты къорд. 25-æм июны 1935 азы ирон артисттæ ссыдысты Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Драмон театр. Театры байгом, куыд со- циалистон культурæйы стыр бæрæгбон—айхъуыстис æгас Ирыстоныл. Уыцы бон театр райста арфæйы тел- тæ ССРЦ-ы ЦИК-æй, ССР-иы Адæмон Комиссарты Советæи, анвады стыр кусджытæй, нæ сыхаг æфсы- мæрон адæмты республикæтæй æмæ æнд. , Ныро азы кусы ирон театр. 5азы рæстæгæй бнрæ не’ сты, фæлæ цæ театры куыстмæ лæмбынæгæй куы æркæсæм, уæд фендзыстæм, артнстты коллективæн стыр сгуыхтдзинæдтæ йæ къухы кæй бафтыдис уыцы 19
цыбыр рæстæгмæ. Социалистон реализмы бындурыл кусгæйæ, стыр уырысы аивад æмæ культурæны кус- джыты æрвылбон æххуысæй ирон театр аивады сфæл- дыстады уæрæх фæндагыл цæуы бонæй-бон тыхджын- дæрæй, бонæй-бон уæлдæрмæ. 5 азы дæргъы ирон театр æрæвæрдта 40 пьесæйы. Уыцы пьесæты номхыгъдæй дæр бæрæг у, театр æр- мæст нарæг национ тематикæйыл жæй нæ банцади, фæлæ кæй авнæлдта сыхаг æфсымæрон адæмты дра- матургимæ, уæлдай дæр та уырыссаг драматургимæ. 5 азы дæргъы артистты коллектив нæ фæлæмæгъ- дæр кодта йæ ахуыры хъуыддаг, йе сгуыхтдзинæдтæй йæ сæр нæ разылдис æмæ нæ ныууагъта йæхиуыл ку- сын, никуы ферох кодта йæ политикон ^ахуыр, афтæ- В. Гусев—пКад*. Медведев—Тотраты Б. Лем>- -Хъариаты Т. Очерет—Тæбæхсæуты Б. 2ь\
Нигср æмæ Епхиты Т.—»Къостаи. Къоста—Таутиаты С. Бзар—Гæбæхсæуты Б. мæй арфдæр æмæ бæрзонддæр кодта скъолайы цы теори райста, уый практикон куыстимæ бæдтгæйæ. Театры схъомыл сты курдиатджын артисттæ, ныр- тæккæ канд Ирыстоны фæллойгæнæг адæм нæ, фæлæ ма суанг нæ сыхаг адæмтæ дæр кæй зонынц æмæ кæй уарзынц — Тотраты Бесæ, Таутиаты Солæман, Ко- кайты Исай, Икъаты Симæ, Тæбæхсæуты Володя, Хъæрджынты Варя, Цырыхаты Петя, Цæлыккаты Маирбег, Токаты А.,Баллаты Володя, Дзитойты Раисæ, Дзукъаты Аня, Гуситы Володя, Хуыгаты Самсон, Тсчъи- ты Борис, Къомайты В. æмæ æндæр ахæмтæ. Бынтон сæрмагонд бынат ахсы театры нæ Респуб- ликæйы сгуыхт артист’ Тотраты Бесæ. Бесæ у арф темпераменхджын æмæ стыр курдиатджын артнст, кол- лективы æхсæн цæрынæй æмæ куыстуарзондзинадæй Бесæ у фæзминаг æгас театры кусджытæн дæр. 21
Театры 5;азы дæргъы сырæзтысты режиссертæ: Мак- кæ’ты Арсен: æмæ Борыхъуаты Бимболат. Сæрматон- дæй зæгъын хъæуы ирон театры аивады разамынддæд- тæг ]>. С. Фотиевы тыххæй. Æмбал Фотиев иу аз йед- тæмæ нæма кусы ирон театры, фæлæ уыцы хæрз^цы- быр рæстæджы дæргъы рабæрæг ис Фотиев йæ куысты стыр специалист кæй у, театры разамынд*фидар æмæ дæсны къухты кæй ис. Фотиев йæхи равдыста дæсны режиссерæй, цырд, сæрæн, сыгъдæгзæрдæ æмæ стыр ахуыргоид разамонæгæй. Фотиевы бирæ уарзы театры кусджыты коллектив, куыстуарзаг æмæ дисциплинæ фидаргæчæг кæй у, артисттæн сæ ахуырад фæуæл- дæр кæнынæн бирæ кæй æххуыс кæны, уый тыххæй. Цæгат Ирыстоны Паддзахадон театр йæ фондз азы куысты рæзыны стыр стимул радта нæ советон национ аивады æппæт хуызтæн дæр. Театр нæ республикæйы Островскии—„Арвы нæрын". Варварæ—Икъаты С. Кудряш—Кокайты И, 22
Мамсыуапш Д.—„Номылусы цот". Батуадз—Кокайты^ И. Мæдинæт—Хъариаты Т.
яартион æмæ советон разамонджыты æххуысæй бай- гом кодта йæхи мидæг 1936 азы театралон студи, фæс- тæдæр театрæй хицæнгонд чи æрцыдис æмæ нæ дыуузе- национ театрæн дæр актерон кадртæ чи цæдтæ кæны, уый. Скъолайы ахуыргæнджытæн сæ фылдæр сты театры актертæй æм« режиссертæй æмæ ахуыргæни- нæгты хъомыл кæнынц н&* театры актертæ сæхæдæг Мæскуыйы цы системæ райстой, ууыл. Театралон скъола 1939 азы рауагъта йæ фыццаг студентты къорд æмæ сæ иу хайæ байгом ис Алагиры горæды колхо- зон цæугæ театр, сæ иннæ хай та бацыдис нæ Пад- дзахадон театрмæ. Цæхгæр фæзындис нæ театры æххуыс республи- кæйы хихъæппæрисон драмкъордты куыстыл. Консуль- тацион æххуысæй дарддæр театры актертæ къорд рæстæджы куыстой драмкъордты разамонджытæн, æх- хуыс сын кодтой æнцон æвæрын æмæ актуалон ре- пертуар æвзарынæй, газетты сын рауагътой иу къорд. статьяйы пьесæтæ æвæрыныл куыд кусын хъæуы, грим куыд аразын хъæуы, ууыл, æ. а. д. Зæрдиаг интенсивон куыст кодта æмæ кæны нæ тезтр йæ спектакльтæй æмæ концерттæй нæ горæды. Сырх Æфсæддон хæйтты. Бæстæйы æдасдзинады те- мæйыл уьш æрæвæрдта гуырдзиаг советон драматург Г. Мдиванийы драмæ „Намыс". Уæлдай тынгдæр фæзындис ирон театры æххуыс ирон музыкалон культурæйы сырæзтыл. Кæд ироп адæмон музыкæ, стыр ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй дунейон музыкалон культурæты æхсæн йæ эмоционалон æмæ аивадон ахадындзинадмæ гæсгæ раз- загдæр бынæттæй иу ахсы æмæ нæ композитортæн ис æнæ кæрон бирæ фадæттæ адæмон зарджыты бынду- рыл ног егъау музыкалон уацмыстæ равдисынæп, уæд- дæр ма абоны онг нæ Паддзахадон национ кæфты- ты æмæ зарджыты ансамбль æмæрадиокомитетывока- лон ансамбль цы ирон зарджытæ фæкæнынц, уыдоны æхсæн бирæ вæййы национ колоритæй хæрз лæмæгъ чи, у æмæ оригиналдзинад кæм нæ вæййы, ахæмтæ. 24
Брытышты Ел.— *Хазби«. Хазбп—Таутиаты С.
Ирон музыкалон культурæиы егъау æмæ оригина- .лон фæзынддзинæдтæй цы уыдис фæстаг азты дæр- гъы, уыдонæн сæ фылдæр хай сырæзыди ирон теат- ры мндæг. Канд национ нæ, фæлæ ма театр класси- кон æмæ советон адæмты драматургийæ цы спектакль- тæ æрæвæрдта, уыдоны музыкалои аив арæзты фæр- ды ирон уæрæх дзыллæты базонгæ кодта æвæрд пье- сæтæ цы адæмты цард æвдыстой, уыцы адæмты музы- калон культурæимæ дæр. Фæлæ уæддæр нæ театрæн йæ сæйраг хæс национ æрмæгыл кусын кæм у, уы- мæгæсгæпæхимæ сæрмагондæй æрбахуыдтаспектакль- тæн ирон музыкæйыл кусынмæ композитор Кокой- ти Тæтæрхъан æмæ уырыссаг композитор А. А. По: ляничы. Театр уыцы дыууæ æмбалæн сарæзта сфæл- дыстадон куысты уавæртæ æмæ цыбыр рæстæгмæ ирон музыкæйы аивадмæ бахастой иу къорд музыкалон уацмысы: Кокойтийы—„Нарты куывд", „Къостайы ка- дæг" — æмæ А. Поляничы кадæг „Хазби", „Музыкалон ныв\ „Ирон рапсоди" æ. а. д. Стыр политикон хъомыладон æмæ культурон куыст бакодта нæ театр фонзд азы дæргъы йæ гастролон спектакльтæй. Ныртæккæ нæ республикæйы мидæг иунæг аивад дæр нæй ахæм, фæллойгæнæг адæм театры бæрц кæй уарзынц. Горæдмæ дард цы хъæутæ сты æмæ театр, йæ куысты уавæртæм гæсгæ, кæдæм’ не’фты, уыцы хъæутæп колхозон адæм æхсæвæдтæйы къордгæйттабй æрцæуынц машинæты сæ уарзон театры рæсугъд аивад уынынмæ æмæ та, спектакльты фæстæ ноджы разæнгарддæрæй бавналынц сæрибар æмæ амонд- джын колхозон куыстмæ. Гуырысхойаг нæу Цæгат Ирыстоны национ каф- джыты æмæ зарджыты ансамблы фæзындæн дæр ит- тæг æххуыс кæй. бакодта ирон театр. Раст афтæ зæ- гъæн ис Орджоникидзейы горæды Вагæттæ цалпæг- кæнæн заводы национ кæфтыты æмæ зарджыты ан- •самблæй дæр. Дыууæ ансамблы дæр ног кафтæй æмæ кæфтыты аивадæй хуыздæр цы ис,—уыдон фæзын- дзысты ирон Паддзахадон театры актерты æххуысæй. 1}б
Пушкин А. С.— щДурын уазæг" Д. Аннæ—Хъариаты Т. Д. Гуан— Тау/пиа/пы С. Сценæйы аивад синтетикон аивад кæй у, — ома дзы аивады æппæт хуызтæ дæр—кафт, музыкæ, ныв- æфтыд, литературæ—сæхицæн бынат кæм арынц иу- мæ, уый адыл нæ театр рæзынырдæм æнæ фæзынгæ нæ фæци декоративон аивадыл дæр. Нæ профессирналон театры фæзынды агъоммæ Цæгат Ирыстоны национ декоративон аивад нæ уыдис æппындæр. Драмкъорд- ты-иу цы хуымæтæг, ницæйаг нывтæ уыдис, уыдон арæзт цыдысты театры аивады дæсниад кæмæ нæ уы- дис, ахæм æдзæдтæ адæймæгты къухæй. Æппæт пьесæтæн дæр дардтой уыцы иу декорацитæ æмæ алы хицæн пьесæйæн неивдыстой йæхи сæрмагонд колорит. Ныртæккæ театры цы декоратор-нывгæнæг кусы Ф. И. Ткаченко—уымæй уæлдай ма дирекци æрба- хуыдта нывæфтыдады уæлдæр ахуырад кæмæ ис, 27
ахæм * хæрзарæхст æмæ курдиатджын чызг—Туат ы Азæйы. Театр сæрмагонд куыст кæны йæ нывгæн- джытимæ национ формæ ахуыркæныныл. Театры куысты фондз азы дæргъы сæрмагонд бæр- нон хъусдард цæуы театры кусджыты политикон æмæ культурон зонынад фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаг- мæ. Афтæ, ,,ÆК (б) П-йы Историйы цыбыр’курс" куы рацыдис, уæдæй фæстæмæ театры коллектив дихтæ- гонд æрцыдис цехтæм гæсгæ æмæ афтæмæй къордты мидæг ахуыр кæнынцтынг разæнгардæй ÆК (б) П-йы Истори, актертæ æмæ режиссертæ кæсынц æмæ ахуыр кæнынц Сталины чиныг „Ленинизмы фарстатæ", марк- сизмы-ленинизмы классикты фæллæйттæ, уыимæ æнæ- сцухæй кæсынц аив литературæйы классикты, уæлдай- дæр та драматургты; театры актерты цехæн арæх вæййы актерон дæсниады семинартæ æмæ уык фæа- хуыр кæнынц Станиславскийы ног чиныгыл „Работа ак- тера над собой* æмæ æнд.. Боцшпы В. æмæ Плиты Г.-„Цардмæ". Сослæибег—Цæлыккаты М Шакро- Баллаты В. 28
Театры мидæг ис бæстæйы æдасдзинад хъахъæ нæн цалдæр къорды æмæ иттæг зæрдиагæй ахуьгр кæнынц хæстон хъуыддаг. Театры кусджытæ се’ппæт дæр райстой ГСОйы нысæнттæ, 10 адæймагмæ дзы ис ГТО-йы нысæнттæ, актрисæтæ се’ппæт дæр сты „Ворошиловон æхсджытæ". Театрæн ис йæхи сæрмагонд библиотекæ—кæсæн- дон, уыцы ран æрвылбон дæр театры кусджытæ кæ- сынц периодикон литературæ—газеттæ, журналтæ, чингуытæ. Фæлæ кæд Ирон театр йæ куысты равдыста бирæ сгуыхтдзинæдтæ социалистон культурæйы фронты, кæд стыр æххуыс бакодта парти "æмæ советон хицауады идейæтæ уæрæх дзыллæты æхсæн популяризаци кæ- 29
Литовский æмæ Гергель—„Мсе лæппу". Бобори—Плиты Гриш, Франческа—Икьаты С. • ныны хъуыддаджы, уæддæр уый æруагъта иу къорд идейон æмæ аивадон рæдыды йæ куысты æмæ æнæ зæгъгæ нæй уыдон тыххæй дæр. Нæ театры коллективы егъаудæр рæдыд уыдис театры байгомæй фæстæмæ дыууæ азы бæрц театры сæргълæууæгæй сæ халыны æмæзнаггады фыдраконд- дзинад чи кодта, уыдокы афопыл кæй нæ базыдта, идейон-политикон къæрцхъусдзинадæй лæмæгъ кæГг уыди æмæ йе сфæлдыстадон аиппзинæдтæ тагъд кæй нæ раст кодта, уый мидæг. Коллектив ма идейон-политикон къæрцхъусдзина- дæй йæ куысты райдианы хæрз лæмæгъ кæй уыдис, уый фыдæй йæ бон нæ бацис ирон драматургийы хуыздæр уацмыстæй иуы —Брытъиаты Елбыздыхъойы классикон драмæ „Хазбийы"—раст бамбарын, социа- листон реализмы методæй равзарын. 30
Нæ республикæиы партион æмæ хицауадон раза- монджытæ бацамыдтой театрæн йæ уыцы рæдыдтæ* æмæ дзы коллектив сарæзта аккаг уроктæ. „Хазби* та ногæи æвæрд æрцыдис театры сценæйы æмæ дзы рауади адæмы зæрдæмæ арф хизæг идейон æмæ эмо- ционалоп спектакль. Театры иннæ зынгæ рæдыд у йæ сценæйы хæрз лæмæгъ пьесæтæ Арбузовы Даня" æмæ еоветон би- ионтыл хахуыры пасквиль—Шегловы „Лыгъд" кæй равдыста, уый. Уыцы фæстаг дыууæ рæдыды театрæн нæ ныббарстой театрмæ кæсæг дзыллæтæ сæхæдæг дæр æмæ-ну номхыгъд спектакльтæм нал цыдысты4—5 рав- дысты фæстæ. Фæлæ иæ театры коллектив фондз азы дæргъы цы •егт-ау политикоп æмæ культурон куыст бакодта, уьш ныфс дæдты нырæй фæстæмæ ноджы тынгдæр кæй архайдзæнис йæ идейои дæсныдзинад æмæ зонынад д^æбæрзонддæр кæпыныл, иттæг арф кæй сахуыр кæн- дзæн маркспзмы-леникизмы теори æмæ йæ рæдыдтæ бынтоп фесафыиы бындурыл ноджы æнувыддæрæй кæй араздзæни ирон адæмон аивад—йæ апп социа- листон кæмæн уа, йæ хуыз та пацион. Ирон театр нæ республикæйы адæмты царды æрцахста стыр бынат, æууæндынц йыл æмæ йæ уарзынц æцæгдзинад æмæ сæм аивады рухс кæй хæссы, уый тыххæй. Ирон театр у Ленинон-Сталинон национ полнтикæйы æнтыстдзинæдты хъæбул æмæ хъуамæ йæ коллектив бæрзонд æмæ сыгъдæгæй дара Ленины —Сталины уалæ- хизхæссæг сырх тырыса. 31*
ИРОН ТЕ\ТРЫ ЗÆРОНДДÆР КУСÆГ ТОТРАТЫ БЕСÆИЫ МЫСИНÆГТÆ Уып уыди 1904 азы сæрды. Æрыдоны семинары иц- теллигенцийæ æрæмбырд сты иу къорд адæймаджы, сæр- .ды каннкулты рæстæджы æмæ сæхицæн Ольгинскæйы, ■арæзтой литературон изæртæ, маскарадтæ, фæсивæды раз кастысты æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Куыд фæстагмæ æнæг къорд сарæзтой æмæ зымæ- джы каникулты, маскарадтæ æвдисгæ, зылдысты канд •Ольгинскæйы нæ, фæлæ ма Зилгæйы, Джызæлы, Хуымæллæджы æмæ æндæр хъæуты. Фæлæ къорды куыст бирæ нæ ахаста, уымæн æмæ уайтагъддæр æх- гæд æрцыдис Терчы облæсты уæды начальникы дзырд- мæ гæсгæ. Къордæй ма сусæгæй сæ куыст цы иугай адæнмæгтæ кодтой, уыдонимæ уыдтæн æз дæр æмæ нæы 1994 азы бахаудтой ирон æвзагыл къухфыстæй Брытъиаты Елбыздыхъойы фы’ццаг пьесæтæй „Худина- .джы бæсты—мæлæт* æмæ „Уæрæседзау". Пьесæтимæ куы базонгæ стæм, уæд бауынаффæ кодтам уыдоныл бакусын. Ольгинскæйы та æрæмбырд стæм æмæ иттæг разæнгардæй бавнæлдтам спектакльтæ цæдтæ кæнын- мæ. Пу стыр сарайы сарæзтам сценæгонд, æмбæрзæ- нæн балхæдта’м кæттаг, сценæйыл æй æрбахгæдтам æмæ райдыдтам репетицитæ кæнын. Спектаклы бон сны- сангæнгæйæ, уынгты баныхæстам афишæтæ, бацæдтæ -32
кодтам бнлеттæ, цæмæй цы æхца æрæмбырд кодтаик кам, уымæй чингуытæ æлхæд æрцыдаид бынæттон скъолайы библиотекæйæн. Стыр сгуыхтæй равдыстам нæ спектакль дыууæ хатты. Спектаклы хæд фæстæ-иу æвдыстам Хетæгкаты Къостайы фыстыты инсценировкæтæй хæххон царды нывтæ. Къостайы „Сидзæргæс" æвдисгæйæ-иу тынг куыдтой адæм, ’уæлдайдæр та уст’ытæ. Адæм-иу уый >бæрц бирæ æр&мбырд ис æмæ сарайы чи нæ цыдис, уыдон кастысты сыхæгты кæртытæй. Нæ фыццаг снектакльмæ æрхуыдтам иу къорд уазæ- джы Дзæуджыхъæуæй, уыдонимæ уыдис нæ кадджын- дæр уазæг, пьесæты автор — Брытъиаты Елбыздыхъо дæр. Иу хатт иæм спектаклы фæстæ бацыдис Елбыз- дыхъо, раппæлыдис нын нæ арæхстдзинадæй æмæнын ’ныфс бавæрдта дарддæр деххуыс кæнынæй. Æз ынуæд загътон мæ фæндондзинад сценæйы куыстыл ныллæ- уыны тыххæй; тынг раст æм фæкасти мæ уыцы фæнд, зæрдæ мын авæрдта æмæ ноджы фæныфсджындæр дæн театры аивадæн мæхи радтыны фæндондзинадмæ. У^шæй фæстæмæ хæрз арæх æмбæлын байдыдтам иу- мæ æмæ-иу нын лæвæрдта пьесæтæ, мах та сæ æвдис- гæ кодтам нæхи арæзт сценæты. Нæ фыццаг спектаклы фесгуыхт айхъуысти Ирыс- тоны алы ран дæр æмæ нæ хонын райдыдтой хъæутæ сæхимæ. Æрыдонæй нæм ссыди сæрмагоид делегаци. Нæ ныццыдмæ скъолайы бацæдтæ кодтой сценæ æмæ дзы æрæвæрдтам спектакль, цы æхца райстам билет- тæй, уый та нысаигонд æрцыдп сусæг кусæг револю- цион къорды хардзæп. Æрыдоны нæ пьесæтæ равдыстам сгуыхтæй, стæй •сæ къухæй рафыстой цалдæргай ^кземплярты æмæ сæ фæстæдæр хъазыдысты Алагиры, Æрыдоны æмæ Чы- рыстон хъæуы. Ирон сылгоймæгтæ драмкъордмæ кæй нæ цыдысты, уымæ гæсгæ æдзухдæр æвзæрстам сылгоймаджы рол^тæ кæм нæ уыдаид, ахæм льесæтæ, зæгъæм,— „Худинаджы бæсты—мæлæт", „Уæрæседзау" æмææнд. зз
Фыццаг спектакль, сылгоймæгтæ кæм хъазыдысты„ уый уыди Ольгинскæйы хъæуы 1905 азы. Уыцы спек- таклы хабар уæлдай диссаг уымæй уыди æмæ дзы хъазыдысты æрмæст дæр сылгоймæгтæ,—нæлгоймæгты рольты дæр æххæст кодтой уыдон. Уыцы спеюаклы сæвæрдтой гимназы æмæ Дзæуджыхъæуы чызджыты приюты ахуыр чи кодта,уыцы сылгоймæгтæ. Спектакль- мæ кæсынмæ дæр бауагътой æрмæст сылгоймæгты. Уымæй фæстæмæ уыцы къорд æвæрын байдыдта æры- гон ирон чызг фыссæг Кочысаты Розæйы иу актон пье- сæтæ „Гæды лæга æмæ „Уарзондзинад æви мæ фыды фæндон". 1905 азы фæззæджы æз ацыдтæн Мæскуымæ æмæ мæ къухы бафтыд театралон курсытæм бацæуын. Кур- сыты каст куы. фæдæн, уæд (1908 азы) раздæхтдæи Дзæуджыхъæумæ, сарæзтон фыццаг ирон драмкъорд ахуыргæнинæгтæй, службæгæнджытæй, ахуыргæнджы- тæй æмæ уæллаг Слабодкæйаг ирон кусджытæй. Къордимæ та ногæй æрæвæрдтон Елбыздыхъойы пье~ сæтæ „Худинаджы бæсты—мæлæта æмæ „Уæрæседзау’ч Спектаклы фæстæ уыдис литературон-музыкалон ха- йад æмæ дзы Къостайы æмдзæвгæ „Додой" ирсн æв- загыл зарыди Алыккаты Ахболат. Фæстагмæ къорды репертуары фæзындысты ног пьесæтæ: Елбыздыхъойы „Хазби" æмæ „Дыууæ хойы% Хубаты М.—комеди „Ир Уæрæсейы", мæхифыст „Æл- гъыста, Арисханы-фырты драмæ „Ирæда, Томайты I1. пьесæ „Хуыснæджы фæстаг цæмæ цæуы", Хъороты Да^ыгы комеди „Æзнæ уыдтæн—гæды уыдиа æмææнд. Фæлæ драмкъорды куыст куыд тыхджындæр кодта, афтæ йæ фæдыл тынгдæр зилын байдыдтой уæды хи- цæудты зæвæттæ сдæрджытæ, сусæг кусджытæ, цензу- рæ нал уагъта æнæ фехалгæ пьесæты æвдисын, хъыг- дарын байдыдтой къорды уæнгты жандармтæ æмæ по- лицæ, æмæтыхæйсастой фыццагсценæйон культурæны кусджыты хъару, нал сын уагътой ирон адæмы’хсæнма* хæссын рухсады куыст. Йæ дарддæры куыстæн ын бæстыхай кæй нæ уыди^ 34
хæдзар аренды райсынæн та хицауад æхца кæй нæ лæвæрдта, уый тыххæй драмкъордæн фадат нæ уыдис репертуар аразынæн. Репетицитæ фылдæр хæттыты цы- дысты къорды уæнгтæн сæхи фатерты æмæ фæстагмæ куы сфæлмæцыдысты, уæд алырдæм хæлиу кæнын байдыдтой,—сæ спектакльтæ та хыгъдмæ гæсгæ дæр æмæ сæ аивадон хъæдмæ гæсгæ дæр дæлдæрæй-дæл- чдæр хаудысты. Афтæмæй ма, хæрзæгуыдзæгмæ æрцæу • гæйæ, къорд æнæ бары архайдта, йæ иугай энтузиаст- ты фæрцы нæ ныххæлиу ис бынтондæр, æмæ йæ, уыцы хуызы, æрыййæфта Октябры Социалистон Революци. Октябрыреволюцийыфæрцы, цытджын уырысы адæ- мы æххуысæй Ирыстоны Советон хицауад æрфидар ис, коммунистон парти æмæ советон хицауад сарæзтой æппæт фадæттæ дæр, цæмæй рæза йæ формæ национ кæмæн уа, йæ апп та социалистон, ахæм культурæ. Райдыдта кусын драмкъорд, лæвæрд сын æрцыдис ку- сæн бæстыхай, хъазæн костюмтæ, къахы дарæс, рек- визит æмæ къорд, организацион æгъдауæй сфидар ис, афтæмæй дæдтын райдыдта Ирыстон районты æмæ го- рæды цæугæ спектакльтæ. Къорды спектакльтæй иу-дзæ- вгар æвдыст æрцыдысты Горæды театры сценæйы дæр. Йæрелертуары ма ноджы, уæлдæр номхыгъд пьесæтæй дарддæр фæзындысты: „Сыбырмæ хаст", Мæнг ныф- сытæ", ..Арсен", ,,Ныр æндæр заман у", „Фыццаг амар- дысты, стæй саргъуыдтой", „Дыууæ æххормаджы", „Æнæбары лечъыра,Чеховы,Дрс", „Усгури æмæ æнд. Къорды куыст цæуын байдыдта интенсивон хуызы, фæлæ бæстæйы экономикæ куыд егъау темпытæй рæ- ^ыди, афтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой адæмы куль- турон домæнтæ æмæ уыдон сæххæст кæнын йæ бон нал уыдис драмкъордæн, хихъæппæрисон аивадыл ны- шд кæй уыдæмæдзытеатрыаивадыл сæрмагонд ахуыр лрофессионалтæ фаг кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ. Фæллопгæиæг уæрæх дзыллæты бирæ культурон домæнтæ баххæсткæнынæн хъуыди сценæйон стыр дæсны мастертæ æмæ уыцы куыст баххæст кæнын та фæстæдæр æрхаудта нæ паддзахадон нрон профтеатрмæ. 35
ТОТРАТЫ БЕСÆ Тотраты Бесæ—Цæгат Ирыстоны АССР-ы сгуыхт артист,—ирон театры пионер, йæ царды æмбис (30 азы) радта ирон театры культурæ æмæ аивады рæзынæн. 15 азы куы цыди Бесæйыл, уæд театры федта Гё- тейы æнæмæлгæ уацмыс „Фауст’", уый фæстæ та Шекс- пиры трагеди „Ромео æмæ Джульеттæ". Æхсидгæ цæ- рæццаг- лæппу Ромеойы образ Бесæафтæбауарзта æмæ никуыал схицæн ис йæ зæрдæйæ суанг абоны уонг. Уæдæй фæстæмæ Бесæ йæ хъуыдытæм арф айста сценæйы уарзондзинад. Бесæ фыццаг хатт рацыди сце- иæмæ 1904 азы Ольгинскæйы хъæуы Брытъиаты Ел- быздыхъойы пьесæ „Худинаджыбæсты—мæлæты" хъаз- гæйæ; дыккаг хатт—Æрыдоны, стæй уымæп фæстæ- мæ— Дзæуджыхъæуы æмæ æндæр рæтты. 1905-æм азы Бесæ ацыди Мæскуымæ æмæ уьш ахуыр кодта театрон аивады курсыты. 1908 азы каст фæци курсытæ æмæфььстæмæ ссыди Ирыстонмæ æмæ сарæзта фыццаг ирон драмкъорд. Уæдæп фæстæ- мæ æнæрынцойæ куыста ирон адæмы драмон къорд- тæ аразыныл æмæ уыдонæн разамынддæдтыныл. 1910 азы Бесæ хъазыди Калачы театры, 1913 азы Петербур- джы Александрийскы театры; 1914 азы та Мæскуыйы Чысыл театры. Цæгат Ирыстоны советоп хицауад куы æрфидар ис,. 35
ТОТРАТЫ Б. И. Цæг. Ир. АССР-ы аивады сгуыхт кусæг, уæдæй фæстæмæ Бесæ уыди Цæгат Ирыстоны Æх- хæсткомы ахуырады хайады мидæг драмкъордты раза- монæг. 1924 азыБесæтынг.бакуыста ирон театрон студи саразыныл æмæ йын разамонæг дæр уыди йæхæдæг. 1926 азæй фæстæмæ Бесæ æнæ’сцухæй кусын райдыд- та Цæгат Ирыстоны Паддзахадон театр саразыны хъуыддагыл. 1931-æм азы Бесæ ацыди ирон фæсивæды къордн- мæ Мæскуымæ, семæ ахуыр кодта режиссеры дæсниа- 37
дыл, уыдй ахуыргæнæг атгистгы къордæн. 1935 азы, артисттæ каст куы фесты. уæд семæ рацыди Ирысгон- мæ æмæ уæдæй нырмæ кусы Цæгат Ирыстоны Пад- дзахадон Драмон театры артистæй æмæ ахуыргæнæ- гæй^театры скъолайы. Йæ куысты Бесæ у фæзминаг куыстуарзæг, дисци- плинæ фидаргæнæг, уæлдай фæзминагдæр та уы- мæй у,—йæхиул æрвылбон иттæг зæрдиагæйкæй кусы. 5 азы дæргъы бирæ рольтæ ахъазыди Бесæ, бирæ хæрз- аив обрæзтæ сарæзта: Гусевы пьесæ „Кадыа Медве- девы обрæз, Хъамболаты обрæз--„Дыууæ хойы*, Ислам—„Хазбийы", епископыобрæз „Галилейы", Кънйа- зы обрæз—„Ханумæйы" æмæ æнд. ресæ кæныæндæр æвзæгтæй ирон æвзагмæ пьесæтæ ивыны куыст. Бесæ раивта 10 пьесæйæ фылдæр, йæ тæлмацгонд пьесæтæ сты хæрзаив, хъæздыг æвзагæй ивд. Бесæ у ирон адæм буц кæмæй сты, йæ иузæрдион æмæ лæмбынæг куыстæй кæстæр фæлтæрæн фæзми- наг чи у, уыдонæй иу. Бесæйы йæ диссаджы хæдæф- сæрмдзинады æмæ аивады æнæкæрон уарзты тыххæй бирæ уарзынц æгас театры коллектив æмæ фæллой- гæнæг дзыллæтæ дæр. Æрæджы сæххæст ис 30 азы Бесæ артисты куыст кæнын, 15 азы та тæлмацкæныны куыст куы рай- дыдта, уæдæй. Цæгат Ирыстоиы фæллойгæнæг адæм аккаг аргъ скодтой ирон театры пионер Тотраты Бесæйæн йæ юбилей æрвитгæйæ æмæ йын Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ лæвæрд .æрцыдис нæ республикæйы сгуыхт артисты ном. за
в. я. стлницын УСФСР-ы адæмон артист (МХАТ). Ирон тсатралон мастерскойы ахчыр- гæнæг æмæ аивадон разамонæг Мæскуыйы*
МАККÆТЫ АРСЕН Дзаххотты фырт Арсен—Цæгат Ирыстоны АССР-ы Паддзахадон драмон театры режиссер æмæ æртист—у нæ профессионалон театры мидæг æппæты разæй на- цион формæйыл сныхасгæнæг æмæ фыццаг ирон спек- такль „Дыууæ хойы" æрæвæрæг. Нæ театры труппæ ГИТИС-ы каст куы фæцис МХАТ-ы кусæг РСФСР-ы адæмонсгуыхт артист В. Я. Станицыны æххуысæй, уæ- дæй фæстæмæ Арсен æнувыдæй кусы коллективы ми- дæг, цæмæй Станиславскийы системæ кæддæриддæр уа æвæрд нæ театры алы ног куысты бындурыл дæр. Арсен, куыд режиссер, архайы æппæт мадзæлттæй дæр, цæмæй йе’вæрд спектакльты парахат бынат дæд- та актеры æппæт курдиатдзинад йæ ролыл куысты рав- дисынæн, цæмæй образтæ уой кæсæгæн æнцон æмба- рæн, уырнинаг, æххæст аив арæзт, типикон. Ирон теат- ры сценæйы Арсен æрæвæрдта иу къорд спектаклы (Брытъиаты Елбыздыхъойы „Дыууæ хойыа æмæ „Ха> би", А. Цагарелийы „Ханумæ\ К. Гольдонийы „Фысым- уаты хицау", Джимиты Г. комеди „Чындзæх- сæв" æ. æнд.) æмæ се’ппæт дæр нымад æрцыдысты нæ театры хуыздæр спектакльтимæ. Уæлдап хуыздæр æмæ разæнгарддæраей Арсен йæ хъус дары ирон спектакльтæ аразынмæ. Йæ режиссе- рон куыстæй уæлдай ма уый актеры дæсиыйады ахуыр- 40
МАККÆТЫ Л. ДЗ. Режиссер, Цæг. Ир. АССР-ы сгуыхт артист. гæиæг уыди Цæг. Ир. театралон скъолайы дæр. Ала- гиры горæды колхозон цæугæ театры актерты æмæ нæ Паддзахадон театрмæ ног ист актерты дæр сценæйон аивадыл ахуыр кодта Арсен. Фæлæнæ Республикæйы кæсæг дзыллæтæ Арсены зонынц ноджы тынгдæр йæ актероп куысты руаджы. Уый арæхдæр хъазы комедион æмæ характерон роль- тæ. Иу стæм эпизодон ролæй фæстæмæ Арсены арæзт обрæзтæй иуæн дæр нæй рохгæнæн,—зæрдиагæй æмæ сценæйы æцæг мастеры куыст кæй, кæны, уый фæрцы 41
хæрз цыбыр рольтæй дæр саразы æххæст аив образ- тæ, Ахæмтæ сты Гольдонийы комеди „Фæлитойыа — Лрлекины роль, Никитины драмæ пБакуа-йы æфсæн- пæндаджы кусæджы роль, Мольеры „Скапены миты*— Скапен, Джимиты Г. „Ног чындзы"—Дудар æ. æнд. Йе ’сфæлдыстадон куыстæй уæлдай ма Арсен театры мндæг кæны тынг бирæ партион, æхсæнадон æмæ по- литикон куыст. Йæ партион, æхсæнадон, режиссерон æмæ актерон куысты сæйраг миниуджытæ Арсенæн сты паотиондзинад, бæрзонд идейондзинад æмæ аивдзинад. 42
Фотиив в. с. Иæг. Ир% ЛССР-ы Паддзахадон Драм- мсагнры сæираг режиссср а\\ии аиоадон разамона\\
БОРЫХЪУАТЫ БИМБОЛАТ Режиссер æмæ актер Борыхъуаты Тъохы фырт Бим- болат, Мæскуыйы ирон театры студимæ бацæуыны ра:-> мæ дæр хъазыди уырыссаг драмон къордты иу цалдæр азы дæргъы æмæ уым дæр бæрæг уыди зæр- дæргъæвд рольтæ æххæстгæнæгæй. Фæлæ йын йе’п- пæт тыхтæ æмæ аивадон дæсныдзинад равдисыны фа- дат фæцис æрмæст ГИТИС-ы ахуыры фæстæ Ирон .Паддзахадон театры мидæг. Ахуырдзинадæй иттæг цæдтæ æмæ уырыссаг адæмы стыр театры аивад бæс- тон зонгæйæ, Бимболат йе ’сфæлдыстадон архайды мидæг пайда кодта æмæ кæны раззагдæр адæмты куль- турæйы хæрзиуджытæй, йæ аивадон хуызтæн кæддæ- риддæр агуры æмæ дæдты идейон цыргъдзинад, цæ- мæй уæрæх дзыллæтæн уой æнцон æмбарæн. Нæ театрæн йæ фыццаг азты æрмæст æрхонгæ ре- жиссерты разамындæй национ тематикæпыл иттæг зын кусæн кæй уыдис æдоæ йын æнтысгæ дæр бирæ кæй ницы кодта, уый адыл йæ коллективы æхсæнæй хъо- мыл кæнын байдыдта ирон адæмы цард зонæг режис- серон кадртæ. Уыдонæй иу уыди Борыхъуаты Бимбо- лат. Хæрз цыбыр рæстæгмæ, йæ ахуыргонддзинады æмæ зæрдæргъæвддзинады руаджы Бимболатæн ирон теат- ры сценæйы бантысти иу къорд хæрзаив спектаклы сæххæст кæнын. Нæ Республикæйы кæсæг дзыллæтæ 44
БОРЫХЪ УА ТЫ Б. ТЪ. Цæг. Ир. АССР-ы сгуыхш артист, режиссер. хора зонынц, бирæ бауарзтой æмæ тынг рапиæлыдыс- ты Бимболаты æвæрд хуыздæр спектакльтæй: „Къос- тайæ", „Намысæй", „Скапены митæй", „Кадæй" æмæ æнд. Бимболат театры йæ актерон æмæ режиссерон куыстæй уæлдай нысангонд æрцыдис актеры дæсниа- дыл ахуыргæнæгæй Цæгат Ирыстоны Театралон скъо- ламæ æмæ уым дæр йæхи равдыста нæтеатртæн арæхст- джып национ кадртæ цæдтæгæнæгæй. Ныртæккæ Бимболат йæ актерон сфæлдыстады хах- 45
хыл зæрдиагæй кусы нæ театры фæндзæм азы юбилеп- мæ цæдтæгонд спектакль „Отеллойы" мидæг Лодо- викойы образыл, театралон скъолайы ахуыргæнинæг- тимæ аразы В. Гусевы вКад"-æй спектакль. Йæ нырмæйы куысты мидæг Бимболат цы лзæбæ.х: æнтыстытæ равдыста, уыдон йæхицæн дæр æмæ теат- ры коллективæн дæр ныфс дæдтынц, амæй фæстæма^ дæр йæ хъуыддаг стуыхтæй кæй ацæудзæнис, уьшæн. №
ПЛИТЫ ГРИШ Цæгат Ирыстоны АССР-ы Паддзахадон Драмок театр литературон хайады сæргълæууæг, актер, орден- джын поэт Плиты Гриш райгуырди 1913 азы мæгуыр хæххон лæджы хæдзары Хуссар Ирыстоны Ручъы хъæуы. Йæ сабийы бонтæй фæстæмæ Гриш райдыдта, мæ- гуыр бинонты ’хсæн хъомылкæнгæйæ, хæдзары уæз- зау куыстытæ, — фийау æмæ хъомгæсæй. 1925 азы Гриш каст фæци Ногиры хъæууон скъола æмæ ахуырмæ бацыди хæрз æрыгонæй горæды Педа- гогон Техникуммæ. Ногиры скъолайы æмæ техникумы .ахуыргæнгæйæ уый хъомыл кодта æмæ активонæй куыста ногдзауты рæнхъыты. 1931 азы Гриш ацыдис ахуырмæ иннæ ахуырдзау- гнмæ Мæскуымæ ГИТИС-мæ Цæгат Ирыстоны партион æмæ советон организациты æрвыстæй æмæ ГИТИС-ы ^зхуыр фæцис 1935 азы ирон театры труппæимæ. 1930 азы ирон газетты æмæ журналты зынын бай- дыдтой йæ литературон фыстытæ æмæ сæхимæ æркæ- сын кодтой кæсæг дзыллæты. ГИТИС-ы ахуыргæнгæ- йæ, фæстæдæр та театры актерæй кусгæйæ, Плийы- фырт тынг йæ хъус дардта литературон сфæлдыстад- мæ, æвæллайгæ куыст кодга йæ аивадон продукцийы 47
ПЛИТЫ ГРИШ Цæг. Ир. АССР-ы Драмтеатры Литера- турон ХайаЬы сæргълæууæг, актер. идепоидзинадыл æмæ равдыста дзæбæх æнтыстдзи- нæдтæ. 1933-39 азты Гриш рауагъта йæ стихтæп дыу- уæ чииыджы æмæ сæ кæсæг дзыллæтæ раппæлыдыс- ты сæ критикон статьяты газетты æмæ журналты фæрстыл, Гриш бирæ бакуыста ирон æвзагмæ классикон ли- тературæйæ æмæ советон автортæй тæлмацкæныны хъуыддаджы дæр: уый ратæлмац кодта иу къорд ка- 48
дæджы Пушкинæй, Лермонтовæй æмæ советон поэг^ ты стихтæй. Фæдæ уæлдай егъау æххуыс Гриш ба- кодта Ирон театрæн: уый раивта йæхæдæг дæс пье- сæйæ фылдæр, иу 12 пьесæйы та раивта кæйдæртимæ æмæ се’ппæт дæр æвдыст æрцыдысты нæ театры сце- нæйы. Уымæй дарддæр æмавторæй ныффыста 2 пьесæ- йы ирон цардæй. Иттæг интенсивон куыст кæны Гриш Ирон театры литературон хайады сæргъыл ирон дра- матургийы фарстаты мидæг. Ие литературон сфæлдыс- тады сгуыхтыты фæдыл йын ССР Цæдисы Сæйраг Со- веты Президиум радта орден „Кады нысан". Æмб. Гриш у ÆК(б)П-йы уæнгтæм кандидат æмæ- Орджопикидзейы Горсоветы депутат. 49-
ТАУТИАТЫ СОЛÆМАН Таутиаты Хъырымы фырт Солæман æрыгонæй рай- .дыдта хъазын драмон къордты. Лæппуйæ бауарзта сценæйы аивад æмæ-иу тынг арæх хъазыди национ пьесæты иттæг арæхстджынæй. Драмкъордты кусгæйæ, Солæман хицæн кодта йе’мхъазджыты æхсæн йæ теы- иерамент, хуымæтæг æмæ арф æикъарæнтæ æвдисы- нæй. Мæскуыйы ГИТИС-ы каст куы фæци Солæман, уый фæстæ, Ирон театры кусгæйæ, æххæстæй раргом кодта йеппæт драмон актерон таланттæ æмæ нæ про- .фессионалон сценæйы кусджыты раззаг бынæттæй æр- цахста иу. Драмкъордты ма куы хъазыди Солæмаи, уæддæр ын йæ курдиатдзинадмæ гæсгæ кæддæриддæр лæвæрд- той æппæты ахъаззагдæр рольтæ æмæ сæ алы хатт дæрарæзта кæсджыты зæрдæмæдзæугæ рæсугъдобрæз- тæ. 1929 азы Солæман хъазыди Хазбийы роль Совпарт- скъолайы клубы æмæ ма бирæтæй ныр дæр нæ ферох ис йæ диссаджы арф зæрдæмæ цæугæ хъазт. Ирон Драмтеатры мидæг Солæман сарæзта иу къорд зынгæ обрæзы, Хазби, Къоста, Платон Кречет, Павел Греков (æмномон драмæты) æмæ сеппæт дæр ирон театры обрæзты арсеналмæ бацыдысты, куыд ^æппæчгы хеххæстдæр, аивдæр æмæидейондæр обрæзтæ. Йæ буар- арæзты хæрзконддзинад, стыр темперамент, æвза- .50
таутиАты с. хъ. Пæг. Ир. АССР-ы адæмон аршист. джы сыгъдæгдзинад, фæлмæн æма^ тыхджын хъæлæсг стыр куыстхъомдзинад, тыхджын фантази æмæ царды; зонындзинад—сты Солæманы хуыздæр актерон миниу- джытæ. Йæ обрæзты гаммæмæ æркæсгæйæ, Солæман æмхуызон тыхджын рæсугъдæй æвдисы адæмон ле- гендарон хъæбатыр Хазбийы обрæз, цытджын поэт Къостайы арф зæрдæйы стыр æнкъарæнты æппæты тæнæгдæр нйуанстæ, йæ лирикон фæлмæн зæрдæахаст æмæ, знæгты ныхмæ лæугæйæ, æнæкæрон æнæуынон- дзинад дарæг, цардуарзæг Павел Грековы хъæбатыр тох партнйы знæгты ныхмæ, æмæ йæ алы ног арæзт об- рæзы дæр æвднсы бонæй-бонмæ кæй рæзы, йæхиуыл: 51
зæрдиагæй кæй кусм, йеппæт дæсниад æмæ арæхст- дзинад театры аивадæн дæдтгæйæ. Ирон кæсæг дзыл- лæтæ Солæманы æнæкæрон бирæ уарзынц йе стыр аивадон тых æмæ куысты руаджы æмæ йын дарддæр дæр сæ цæст уарзы æнæниз æмæ зæрдæргъæвдæй нæ •сæрибар советон- адæмтьг аивады мидæг бирæ иог сгуыхдзинæдтæ. 52
ТÆБÆХСÆ/ТЫ БАЛО Бало 13 аздзыдæй клубы рудзыигæн фыццаг хатт федта Брытъиаты Елбыздыхъойы фыст „Дыууæ хойы" хъазгæ. Уæдæй фæстæмæ Æрыдоны иу хъазтизæр дæр ахæм нал уыди, Бало кæм нæ сæмбæлдаид. Бæр- гæ иу æй фæндыд ахъазын дæр, фæлæчизыдта ахæм уæззау арæзт лæппумæ, гыццыл уæвгæйæ, стыр кур- тиат ис, уый: нæ йыл æууæндыдысты. Бало та æх- сæвæй-бонæй хъазтизæртæ йæ хъуыдыты хаста. Куыд пичи йæ уыдтаид, афгæмæй-иу хъазтизæры куыдтæ кодтой, уый-иу сусæгæй фæзмыдта. Фæстагмæ бæх- гæсæй йе’мгæрдты æмбырд кæнын байдыдта æмæ уыдонимæ хъазтизæртæй нæ мондæгтæ уагъта. Бирæ дæр сæ нæ хъуыд—кæнæ харбызы ’рдæгæн кæнæ на- сы’рдæгæн йæ хуылфы дзаумæдтæ ракал æмæ гъе уый дæ сæрыл æрдæлгом кæн, пъагонæн сыфтæр дæр бæззы. Уæдæ хъаматæ ’мæ æхсаргардæн хъæдуры хъилтæ—фаг; 1929 азы, фыццаг хатт йæ къухы куы бафтыди æцæгæй сценæмæ рацæуын, уæд йæ цинæн кæрон пал уыди, суанг ма уынгты дæр йæ роль хъазгæ цы- ди. Уæдæй фæстæмæ Бало драмкъорды’хсæн хуыз- дæр æмæ зæрдиагондæр кусæгыл нымад æрцыд. 1933 азы бацыди Орджоникидзейы уырыссаг дра- мон театры студимæ ахуыркæнынмæ. Сценæмæ дæр 53
ТÆБА-ХСÆУТЫ БАЛО Ц(Р?т Ир, АССР-ы адæмон артист. иу æй рауагътой иугай ныхæстимæ, кæннод та бын- тон æнæ ныхасæи. 1935 азы ’рбацыд Ирон Паддзахадон драмон театр- мае актертæн æххуысгæнæг къордмæ. Фыццаг æрба- цæугæйæ, Балойыл тынг неууæндыдысты театры раза- монджытæ, фæлæ йæ йе’стыр курдиат размæ ратардта æмæ бацахста актерты раззаг рæнхъыты фидар бынат. 5 азы дæргъы ахъазыд 32 ролы. Гъе уыцы 32 ро- лы’хсæн йæхицæн уæлдай адджындæр хоны—Тæтæр- хъаны роль („Дыууæ хойыа — Брытъиаты Е.), Хъæс- сæй („Хазби"—Брытъиаты Е.), Ягор, („Намыс44—Мдива- ни), Келлер—(„Лæгæй-лæгмæа-~æфсымæртæТур æмæ 54
Шейнин), Гуыди („Чындзæхсæв"— Джимиты Г.) Оче- рет („Када—Гусев), („Фысымуаты хицауа-Гольдони1 Галилей („Номдзыд æнæдин"-Персонов æмæ Добр- жинский). Уæлдай курдиатлжын актерæй йæхи рав- дыста Шекспиры 4ыст пьесæ „Отеллойы" стыр актерон дæсниад кæмæн хъæуы — Отеллойы роль схъазыны. Бало сценæйы кусынæн цы миниуджытæ хъæуы, уыдонæй иуæй дæр хъуаг нæу. Æнæуæлдай ми, æргомзæрдæ, цы ми кæны, ууылæууæндындзинад— сгы йæ хуыздæр миииуджытæ йæ куыст 1сæсæджы лæрдæмæ бахæццæ кæнынæн. Уæлдай хуыздæр мини- уæг та у йæ куыстуарзондзинад. Цавæр фæнды гыц- цыл ролыл кусæд,—уæлдай къаддæр æм нæ фæкæн- дзæн йæ цæстæнгас. Иу хорз миниуæг ма йæм уый ис æмæ йын хорз хорз нæу. Хорз ма ноджыдæр хуъшдæр агуры. Бало йæ куыстæй разы никуы кæны. Йæхицæн куы ницы куыст уа, уæддæр куы иу кусæгæн аххуыс кæны, куы—иннæмæн. Бало ныр куыд кусы йæхиуыл, æмæ цы дæсниад æвдисы, афтæмæй бирæ зæрдæтæ’вæры стыр актер суынæн. 55
ХЪÆРДЖЫНТЫ ХАДИЗÆТ Хадйзæт райгуырди 1908 азы. 1926 азы каст фæни Дзæуджыхъæуы 5-æм скъола. 1926 азæй 1933 азмæ куыста ахуыргæнæгæй Садоны, Ходы, Уналы æмæ æндæр рæдты. Хадизæт ахуыры фæндагыл æмбис ахуырдзинадæй дарддæр кæй нал ацыд, уыцы хъуыддаджы хихъæп- пæрисон къордтæм хауы стыр аххос. Уома йæ бон уыди ахуыркæнын, фадат дæр ын уыд. Фæлæ 1922 азы 14 эздзыд чызгæй фыцца’г хатт куы ахъазыд сцё- нæйы, уæдæй фæстæмæ фылдæр цæстæнгас дæдтын байдыдта хихъæппæрисон къордтæм. 1922 аз’æй 1933 азмæ хъазыди Дзæуджыхъæуы 5-æм скъолайы, Ала- гиры, Садоны, Ходы, Мызурыбыны, Уыналы — ирон æмæ уырыссаг хихъæппæрисон театралон къордæй Ха- дизæт кæм нæ ахъазыд, ахæм бирæ нæ уыд. Профес- сионалон ирон театр куы фæзынд, уæддæр ма-иу. хат- тæй-хатт чъизи ныхас æрхауд театры кусæг сылгой- маджы номмæ, театры куыст чи нæ зоны, культурон арæзтады хæстæ чи не’мбары уыдоны’рдыгæй, фаелæ уæддæр Хадизæт йæ куыст нæ уагъта. Кæд-иу йæ мад Ханыспатмæ исты „уайдзæфа æрхауд Хадизæты тых- хæй, уæд ын-иу уый дæр загъта: „Йæхæдæг дæсны- дæр у, цы йæ кæнын хъæуы, уымæн, уадзут æй, æгайт- ма йæ зæрдæмæ цы цæуы, ууыл афтæ æнувыдæй 56
ХЪÆРДЖЫНТЫ ХАДИЗÆ1 Цæг. Ир. АССР-ы сгуыхт артисткæ. кусы". Хъазтизæры цы дзаума бахъуыдаид, уыГе иугæр Хадизæты хæдзары уæд, уый йедтæмæ цынæ дзаума нæ рахастаид, ахæм нæ уыд. Мад дæр ыл ции педтæмæ хъыг никуы ракодтаид. Тынг æй фæндыди профессионалон театрмæ баха- уын, æмæ уый фæдыл 1933 азы бацыди Орджоники- дзены уырыссаг драмон театры студимæ ахуыркæнын- мæ. 1935 азы бацыд Ирон Падзахадон Драмон театр- мæ æмæ абоны онг ахъазыди 30 ролы бæрц. Йæ зынгæдæр куыстытæ, йæхæдæг дæр уæлдай уарзт кæп кæны æмæ йын адæм дæр стыр куыстытыл кæй ны- майынц, уыдон сты: Нана („Хазбийы"), Кабаниха 57
„Гроза"), Мать Естераг („Мой сына), „Вассæ Желез- нова"—Вассæ æмæ æнд. Хадизæтæн рагæй цæмæ бæллыд, уый йæ къухы куы бафтыд, уæдæй ардæм æндæр хорздзинадмæ никуы уалбабæллыди,театры цы куыстыл æрлæууа, уый кæ- ронмæ бабæлвырд кæнынæй дарддæр. Йæ сфæлдыста- ды миниуджьпæй иу у уый æмæ йæм цы куыст æр- хауа, уымæ зæрдиаг цæстæнгас дарын. Цы фæнды гыццыл роль уæд,—цалынмæ йæ сбæлвырд кæна, уæд- мæ йæ æхсæв хуыссæг нæ ахсы. Аивады кусæгмæ хъуамæ уа æппæты фыццаг кур- диат, уый фæстæ стыр уарзондзинад, æртыккаг—фæ- разондзинад, æлæ уыцы æртæ бæрæггæнагны уæвгæйæ нæй аивады кусæн. Хадизæт дзы алкæмæй дæр у хайджын. Актер æппæты фыццаг хъуамæ йæхæдæг æууæнда цы ми кæны сценæйы, ууыл. Хадизæт иу хатт дæр нæма рацыд сценæмæ йæ роль, ^йæ хæста^ æнæ бæлвырд зонгæйæ сценæйы хъазынмæ. Ханумæйы хъазгæйæ къниазæн афтæ куы фæзæгъы, „мæн куы бафæнда, уæд дæ теуа фестын кæндзынæна, зæгъгæ, уæд æцæгæйдæр феууæнды, ахæм тых æм кæй ис, ууыл. Æлæ уæд афтæмæй æдте кæсæгæн дæр æнцон æууæндæн у хъазæгыл. Хадизæтæн йе сфæлдыстады фæндаг у тынгдæр хъæлдзæг ныьты’рдæм арæзт, фæлæ афтæ зæгъæн нæй, æрмæст бахудын кæнынмæ у тых- джын. Æнæуæллай ныхас, фидар дзырд, йæ хъуыдытæ иудадзыгдæр мулчы кæмæн сты æмæ мулчы руаджы цы фæнды цъаммардзинаддæр йæ сæрмæ чи схæсдзæн, уыцы Вассæйы куы фæхъазы, уæд ничи фæгуырысхо уыдзæн, худгæ кæй нæ фæкæны, ууыл. Нанайы хъазгæйæ, Хазбийы марды уæлхъус кæуыв кæны адæмы, куыд æй фæнды, афтæ. Хадизæт у куыстуарзон, йæхицæй домаг фæразон, курдиатджыи актрисæ. Æмæ йын уыцы домæнтæ гом кæнынц йæ разæй уæрæх хъæлдзæг фæндаг аивады. 58
КОКАЙТЫ ИСАЙ Кокайты Никъолозы-фырт Исай райгуырди Къобы зылды, Тырсыйы хъæуы, зæхкуыстгæнæг хæххон мæ- гуыр хæдзары, 1903 азы. Исан йæ сабийы бонтæ ар- выста Тырсыйы уæлыгæсæй. Никъолозæн зæхх фаг кæй нæ уыдис æмæ йæ бинонтæ хорхъуаг кæй æй- йæфтой, уый тыххæй йæ алаз быдырæй Къобмæ хъуы- ди хор, хæссын æккойæ. Фæлæ æккойæ хæсгæ хоры гагатæй бинонтæ зындарæи уыдысты -Никъолозæн æмэе 1913—1914 азты ралыгъдис быдырмæ йæ бинонтимæ æмæ æрцардис горæды. Исай уæд райдыдта æххуыс кæнын йæ биконтæи рады фийау æмæ хъомгæсы мыз- дæй. Сæрвæтæй иу изæрыгæдты йемæ æрхаста дидин- джыты бæстытæ æмæ сæ уæй кодта Дзæуджыхъæуы бульвары; уымæй уæлдаи ма дургæнæнзаводы куыста дурхæссæгæй дæр. 1926 азы Исай бацыди „Кавциикмæ" æмæ дзы фондз азы дæргъы фæкуыста грузчикæй. „Кавцинчьг заводы уыдис клуб, ирон драмкъорд пьесæтæ кæм æвæрдта, ахæм æмæ къорды уæнгтæ изæрыгæдты ссмæ хонын байдыдгой Исайы дæр спек- такльтæм. Иу ахæмы драмкъорд бацæдтæ кодта æрæ- вæрынмæ комеди „Нини’мæ Джими/’Комедийы мидæг Джимийы роль чи хъуамæ хъазыдаид, уый спектаклы агъоммæ пæхи бахъæлдзæг кæнын сфæнд кодта æмæ :л)
КОКАЙТЫ И и. Цæг. Ир, АССР-ы сгуыхпг арпшст. Исайы ахуыдта баназынмæ. Баныстой дзæбæх, уæдæ цы уыдакд, æмæ баздæхтысты клубмæ грим кæнынмæ, фæлæ Джимийы роль хъазæг цудтытæ кæнын байдыд- та, ност йæ сæры бацыдис æмæ спектаклæп нæ уы- дис райдайæн.'Биле/ггæ се’гас дæр ауæй сты, кæсæн зал адæмæй байдзаг æмæ спектакль афоныл кæй нæ райдыдта, уый тыххæп адæм райдыдтой мæсты хъæр. æмæ æхситт кæнын. Гæнæн нал уылис æнæ райдайгæ æмæ байгом ис æмбæрзæн. Джими кулнсты фæстæйæ цудтытæ гæн- гæ рацыдис æмæ куыддæр сценæйы астæумæ рахæи- 60
лие, афтæ актер афæлдæхтис æмæ та æмбæрзæн <Ьы тæмæ бахгæдтой. ч,«сшг -Залы уæвæг кæсджытæ хабар бамбæрстой æмæ- систой тыхджын хъæр-ахст. Актертæ стыхстысты æмæ хъуамæ фехъусын кодтаиккой кæсджытæн, зæгъгæ Джимийы роль хъазæг уæззау рынчын фæци æмæ* спектакль хаст цæуы иннæ хаттмæ, фæлæ уыцы рæс- тæджы грузчик Исай сценæмæ бацыдис йе’мбалы бæ- рæг кæнæг æмæ йæ драмкъорды уæнгтæ ацахстой, скодтой йыл Джимийы дарæс, ахорæнтæй йын йæ цæс- гом ахъулæттæ кодтой, ацамыдтой йын суфлермæ хъусын æмæ та спектакль ногæй райдыдта. Репетицæ- тæ кæнгæйæ-иу Исай драмкъордимæ кæй уыдис, уый руаджы мизансценæтæ йæ зæрдыл бадардта, фæлæ уæддæр сценæйы фыццаг хатт кæй уыдис, уымæ гæс- гæ æфсæрмы кодта æмæ спектакль куыд фæцис, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Уæдæй фæстæмæ Исай райдыдта хъазын „Кавцинчы" клубы драмкъорды æмæ йын кæддæриддæр æппæлы- дысты йæ арæхстдзинадæй. 1931 азы Цæгат Ирыстоны партион æмæ советон разамонджытыæххуысæй Исай æрвыст æрцыдис ахуыр- мæ Мæскуыйы Театралон аивады скъоламæ. Куы раст кодта, уæд ын ^йе’мгусæг æмбæлттæ бафæдзæх- стой дзæбæх кусын’æмæ ахуыр кæнын æмæ Исай идтæг разæнгардæй баххæст кодта йе’мбæлттæ дзы цы ныфс æвæрдтой, уый. 1935 азы Исай каст фæцис театралон скъолайькæмæ уæдæй нырмæ кусы ирон театры æмæ советон аивады мадзæлттæй æххуыс кæ- ны социалистон арæзтады дæсны мастерæй. Исайæ’н йæ хуыздæр æмæ егъаудæр рольтæ сты: Лелио—(Гольдонийы ,,Фæлывди). Акъоп—(Цагарелийы „Ханумæ") Бублик (Корнейчукы—,,Платон Кречет"), Фийау (Брытъиаты Е.—,,Дыууæ хойы)^ Æхсар (Боци- ты Б. æмæ Плиты Гр.—„Цардмæ"), Нарзулаев (Павел Грекови—Войтеховы), Тузар—(,,Хазби" — Брытъиаты Ел.), Сганарель (Мольеры—,,Тæхæг дохтыр" æмæ ,,Æнæбары лечъыр, Фабрицио—(Гольдонийы—,,Фысым- 61
уаты хицау"), Бартолен — (Æвдакат Патлен"), Жосеф Бине—(Памела Жнро"—Бальзакы) æ. а. д. Ирон театры 5 азы куысты дæргъы Исай йæхи тынг бауарзын кодта кæсæг дзыллæтæн, сарæзта бирæ дзæбæх зæрдæмæ дзæугæ æмæ æнæрохгæнгæ обрæзтæ. нæ дæсныдзинад уæлдæрæй уæлдæр кæны, размæ тырны, цæмæй бацахса раззагдæр бынат советон лктерты æхсæн. полянич а. а. Цæг. Ир, АССР-ы Драмтеатры Музы- калон хайады сæргълæууæг. 62
ИКЪАТЫ СЕРАФИН Икъаты Серафин Георгийы чызг, Цæгат Ирыс- тоны Паддзахадон Драмон театры актрисæ; райгуырди’' 1909 азы Алагиры горæды, зæхкусæджы хæдзары. Зык царды фадæтты руаджы афтыдис йæ ныййарджытимæ Грознамæ æмæуым йæфыдбацыд нефтгуырæнмæ сау- кусæгæй. 1917 азы амард йæ фыд æмæ бинонтæ фæс- тæмæ раздæхтысты Алагирмæ. Алагиры къорд азты фæстæ Серафин ацыд моймæ. Æртæ азы фæстæ ахи- цæн йæ лæгæй æмæ ацыд ^адонмæ, кæцы ран куыста библиотекæйы, хицауæй. Уым Садоны клубы ирои драмон къорды тынг активон куыст райдыдта Серафин фылдæр фæндырдзæгъдæгæй æмæ кафæгæй. 1931 азы Мæскуымæ театралонинститутмæтеатры кадртыцæдтæ кæнынмæ фæсивæд æвзаргæйæ Икъаты Серафин рав- дыста стыр курдиатдзинад æмæ æрвысг æрцыд ахуыр кæнынмæ. Уым театртæм цæугæйæ, театралон оГрæзтæ фенгæйæ, Серафин райхъал ис, зæрдиагæй кусын рай- дыдта йæхиуыл. Актерон ахуыры фæндагыл Серафины рæзындзинад уыдис фидар санчъехтæй æмæ афтæмæй каст фæцис раззагдæртимæ. Йæ хорз куысты тыххæй йын институты лæвæрд æрцыд кады грамота. 5 азы- дæргъы ирон театры мидæг Серафин æвдисы йæхи курдиатджынæй. Тынг бирæ }арзы йæ куыст æмæ йын бирæ æнтысы. Уый тынг лыстæг кæсы æмæ нымайы 63
ИКЪАТЫ С. Г. Цæг> Ир. АССР-ы сгуыхпг артистка\ иæ алы санчъех дæр, йæ алы ныхас дæр йæ куысты лмидæг. Рæзы азæй^азмæ æмæ фидар кæны дæсниадæн æмæ техникæйæ. Йæ 5 азы куысты театры мидæг сарæзта иу 20 обрæзæй фылдæр. Йæ алы обрæз дæр вæйпы реалон цардæй ист. Æххæст вæййыиц æцæг- дзинад æмæ бæлвырддзинадæй. Фæлмæн ’сты йæ хъæ- лæс, пæ ныхасы уаг, аив у йæ алы фæзылд сценæйы. Уæлдап бæлвырд æмæ тыхджын сарæзта Серафил „Дыууæхойы" Ханысйаты обрæз, „Фæдисы" — Зæирæйы, <54
^Фæлывды" Коломбинæ, „Уазæгуаты хицау"— Мирондо- линæйы, „Чындзæхсæвы"—-Дзыгыдайы æмæ æнд. Икъаты Серафин йæ райдайæнæй абоныонгу театры кусджытæй фыццæгтыл нымад. Сценæйы куысты æдте ма_ Серафин 5 азы дæргъы кæны ахуыргæнæджы куыст дæр ирои театралон скъолайы. Нывгæнждыты цех: Тупты А., Нырков М.$ Ткаченко Ф. И. 65
ЦÆЛЫККАТЫ МАИРБЕГ Цæлыккаты Маирбег театры скъоламæ бацæуыны? размæ уыдис „Кавцинчы" заводытокарь. Зын базонæн. у абоны хæрзарæхст, æвзагæй дæр æмæ сценæйон фæзылдæй дæр цæрдæг чи у, уыцы Маи^бег, 1931 азы ирон театры студимæ экзаментæ дæдтгæйæ къамисы раз цы дæрзæг, æрда^гахуыр æмæ æнæ’хсæстМаирбег лæууыдис, уыимæ абаргæйæ. Маирбег уæд уыдис ахуырады хæрз ныллæг къæпхæныл—æгæр мæг.уыр,. æмдзæвгæтæ кæсынмæ дæр нæ арæхсти. Фæлæ йын Мæскуыйы театры скъолайы ахуыры рæстæджы физ- культурæ, пластикæ æмæ ритмикæ фæлмæн рæсугъд- дзинад бауагътой йæ фæзылдтыты, ныхасытехникæ йьш бынтондæр раивта йæ раздæры æнæ’хсæст хъæлæс æмæ дзы ныр хъуысын байдыдтой зæрдæирхæфсæн æмæ нывтæ аразæи аив мыртæ. Ирон театры актерты коллективы æхсæи Маирбег хнцæн кæны иу иттæгхорз миниуæгæй: йæ куыстхъом- дзинад æмæ йæ куыстмондагдзинадæй. Театры актерты æхсæн иу дæр ахæм нæй, Маирбеджы. бæрц рольтæ чи ахъазыди йæ фондз азы куысты дæргъы. Уыимæ ма ноджы хæрз æнувыдæй æвдисы йæхи æхсæнадон куыстыты дæр. Театр кусын куы байдыдта, уæдæй фæстæмæ Маир- 60
ЦÆЛЫККАТЫ МАИРБНГ Цæг. Ир. АССР-ы сгуыхпг артист. бег æнæ сцухæй æххуысдзинад дæдты горæды ирон драмкъордтæй бирæтæн,—ныффыста æмæ сын газеты рауагъта иу къорд статьяйы драмкъорды куыд кусын яемæ цы фæрæзтæй архайын хъæуы, уый тыххæн. Ныр Маирбегтеатры мидæг нысангонд æрцыдис режис- серон коллегимæ режиссеры ассистентæй æмæ уым дæр, иу къорд спектаклæн ассистент уæвгæйæ, йæхи равдыста дзæбæх арæхстджын режиссердзыкæй рауай- дзæнис, ахæм æууæлтимæ. Фæлæ уыдонæй се’ппæтæй сæйрагдæр æмæ егъау- дæр у театры мидæг Маирбегæн йæ актерон сфæлды- стадон куыст. 67
Фондз азы дæргъы уый Ирон театры сценæйы ахъа- зыдис иу 35 ролы бæрц, уьтдон æхсæн уыдысты: Панталоне—(„Фæлывд"— К. Гольдони), Руссо—(„Памела Жиро';—О. Бальзак), Алеко—(„Цигантæ4—А. Пушкин) Сильвестр—(„Скапены митæ"—Мольер), Сослæнбег—(„Цардмæ"—Боциты Б. æмæ Плиты Г.) Каханов — („Къоста" — Нигер æмæ Епхиты Т.) Æлдар—(„Сырдоны байзæттаг"—Соколовский), Ковач—(„Мæ хъæбул") æмæ а. д. Йæ куысты мидæг Маирбег æмхуызон аив хъазт кæны драмон геройты, комедион обрæзты æмæ харак- терон рольтæ дæр. Цæг. Ирыстоны театры 5 азы бæрæгбонмæ Маир- бег кусы англисаг генион драматург В. Шекспиры трагеди „Отеллойы" ахъаззагдæр æмæ зындæр хъазæн ролы Агойы образ саразыныл. Ахæм роль актермæ бирæ хæттыты не’рхауы йæцардцæрæнбонтæ сценæйы куы арвиты, уæддæр. Театры куыст æцæг уарзт чи кæны, уыцы актертæй чидæриддæр бабæллы ахæм роль ахъазынмæ æмæ йæм сæхи фæцæттæ кæнынц къорд азты дæргъы. Уыцы обрæз куы сараза, уæд уьш уыдзæни Маирбегæн йæ иннæ бирæ рæсугъд æмæ дæсны арæзт обрæзтæн дæр се(ппæты фидыц. Кæп йæ сараздзæнис, уымæн та æвдисæн сты йæ куыстхъом- дзинад æмæ театрмæ йæ стыр уарзондзинад. Маирбеджы схъомыл кодта Ленинон—Сталинон фæс- комцæдис æмæ ныр бацыдис ÆК(б) П-йы рæнхъытæм. Йæ зæрдиаг куысты тыххæй Маирбегæн Цæг. Ир. АССР-ы Сæйраг Советы Президиум 1940 азы радта кады грамотæ. 68
ТОКАТЫ АСÆХ Токаты Асæх Инусы фырт, Цæгат Ирыстоны Пад- дзахадон Драмон театры артист, райгуырди 1910 азы, хохы Дæргъæвсы, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. 10 аздзыдæй баззад сидзæрæй æмæ хъомыл кодта тынг зын вадæдты, кæм æххуырстæй, кæм бонгай кусæгæй. Йæ хистæр æфсымæр, поэт-революционерТокаты Али- ханы амарды фæстæ ист æрцыдис сидзæр сывæллæтты хæдзармæ. Æртæ.азы фæстæ, сидзæрты скъола куы "сæхгæдтой, уæд та райдыдта æххуырсты кусын фий- ауæй, рæгъаугæсæй Дæргъæвс æмæ Хъобаны хæхты. 1927 азы йæФарныхъæуыфæскомцæдис арвыста горæды рабфакмæ цæдтæгæнæн курсытæм. Рабфакмæ нæ бахауд æмæ бацыд „Рæстдзинадьг4 типографимæ наборщикæй, фæлæ уæддæр цæмæ бæллыд, уый нæ ныууагъта æмæ æфæдзы фæстæ бацыд рдбфакмæ. Рабфачы куыста ирон драмон æмæ. литературон къорд. Уыцы къордты тынг зæрдиагæй райдыдта кусын Токаты Асæх дæр. Уæлдай зæрдиагдæрæй та куыста драмон къорды æмæ арæх хъазыд сценæйы. 1931 азы театралон куысты ахуыркæныны тыххæй нæ Республикæйы хицауад Мæскуымæ фæсивæды куы’рвыста, уæд уыдонимæ æрцыд æрвыст Токаты Асæх дæр. Мæскуыйы театра- лон институты Асæх тынг зæрдиагæй куыста йæ ахуыр- дзинадыл. Тынг æнувыдæй йæхи хъардта театралон 69
ТОКЛТЫ А. И. Цæг. Ир. АССР-ы Дралипеагпры актер. куыстыл, аивадондзинад фылдæр сахуыркæныпыл æмæ базоныныл. Йæ ахуыры æдтейæма цыдис æмæ ахуыр кодта режиссеры факультеты. Институт каст куы фæ- цис, уæд йæ хорз ахуыры тыххæй райста кады гра- мота. Ныр"5 азы театры куысты тынг бирæ бантыст Асæ- хæн. Бирæ æххуыс кæны æхсæнады куысты театры мидæг. Тынг рæзы азæй-азмæ актеры куыстыл. Уый æдтема Асæх’^у пьесæтæ тæлмацгæнæг канд театрæн нæ, фæлæ ма адæмон, сфæлдыстады драмкъордтæн дæр. 70
Театры куысты Токаты Асæхæн бантыстис бирае обрæзтæ саразын. 5 азы дæргъыахъазыд25 ролыбæрц, Йæ обрæзтæ вæййынц æххæст æмæ тыхджын царды æгъдауæй æмæ реалондзинадæй. Уæлдай хуыздæр обрæзтæ сарæзта Асæх: Соколовскийы пьесæ: „Сыр- доны байзæттаг а — Сырдоны обрæз, Брытъиаты Ел- быздыхъойы ’ пьесæ „Дыууæ хойы"—Аслæмбеджы, Мдиванийы пьесæ—„Намыса—Сардионы, Гольдонийы коме)1и~„Уазæгуаты хицау"—Маркизы обрæз æмæ æнд. Йæ ахуыр æмæ йæ культурондзинадмæ гæсгæ Токаты Асæх у театры кусджыты фыццæгтæй иу. 71
ДЗИТОЙТЫ РАИСÆ Садоны æрзæткъахæнтæн ма Октябры социалистон революцийы агъомæ бельгийаг акционертæ хицауиуæг куы кодтой, уæд шахтæтæ механизацигонд нæма уъ(- дысты æмæ шалтертæ ма’мæлайы къæбæры фаг мыз- дыл, стыр уæззау, гуымиры уавæрты кусгæйæ, кодтой хæрз мæгуыр цард. Хæххоп .æнæзæхх адæм цыдысты къордгæйттæй æмæ æрзæткъахæнты хицæутгæн—ка- питалисттæн уæй кодтой сæ шх хæрз аслам аргъыл. Шахтæты мидæг сыгъдæг уæлдæф æмæ рухс кæй нæ уыди, цартæ фидаргонд кæй нæ уыдысты æмæ дзы зæйтæ арæх кæй цыди, æппæт куыстытæ дæр лæг- дыхæй æмæ æккойæ хæсгæйæ кæнын кæй хъуыди, царды уавæртæ та бынтои заууаты уавæры кæй уыды- сты, уымæ гæсгæ дзы кусæг шахтертæ кодтой иизджын æмæ цагъды, сæ даринæгтæ та цыдысты гæвзыккмæ. Цæг. Ир. АССР-ы Сæнраг Советы депутат, Ирон театры актрисæ—Дзитойты Раисæ райгуырдисиу ахæм æфхæрд, кусæг шахтер Дзитойты Агуыбейы хæдзары 1910 азы. Фæлæ Раисæйæн йæ фыдæбæттæ канд • мæ- гуыр хæдзары кæй райгуырдис, ууыл нæ ахицæн сты: 3—4 а?ы иыл куы рацыдис, уæд йæ мад æмæ йæ фыд амардысты. Паддзахы заманы дæрзæг талынг цард мæгуырхæх- хон сылгоймагæн цы сау хъизæмартæ æвзарын кодта, 72
ДЗИТОЙТЫ Р. А Цæг. Ир. АССР-ы Сæйраг Советы депутат, Ирон драмтеатры актрисæ. уыдон се’ппæт дæр æнхъæлмæ кастысты Раисæмæ, фæлæ æрцыди Октябры цытджын социалистон револю- ци æмæ амондджын уæрæх фæндаг радта, Советон бæстæйы æппæт фæллойгæнæг сæрибар сылгоймæг- тæн, уыдон æхсæн Раисæйæн дæр. Куы рахъомылис, уæд уæнгфидар æмæ куыстарæхст Раисæ раивта бирæ алы хуызон куыстытæ: уы- дис аптекæйы—æфснайæг, вагæттæ тулæг—Садоны ауыгъд фæндагыл, сывæллæтты рæвдауæндоны—сестра, 73
æмæ кæмдæриддæр йæ куыст кодта зæрдиагæй, æнæ- аиппæй. Фæлæ Раисæйæн йæ куыст æмæ йæ цард бынтон амондджын систы театры студимæ куы бахаудта æмæ аивадон куысты куы бацыдис, уæдæй фæстæмæ. Хæрз æнахуыргондæй æмæ театры аивад нæ зон- гæйæ, Раисæйы цыбыр рæстæгмæ бахъуыдис канд ахуырдзинады бындуртæ базонын нæ, фæлæ ма, уыи- мæ йоджы аив литературæ, иолитикон ахуырад æмæ театры культурæйы бæрзæндтæбазонын дæр. Куыддæр нæ Цæдисы стыр горæд Мæскуымæ афтыдис Раисæ, афтæ бавпæлдта ахуырдзинад æмæ актерон дæсны- дзинад райсыныл кусынмæ иттæг æиувыдæй. Театралон скъолайы каст фæуæвгæйæ дæр Раисæ æнæсцухæй куыста æмæ кусы йæ идейонполитикон æмæ культурон æхсæнадон зонындзинад бæрзонд кæ- иыныл. Ирон Паддзахадон драмтеатры фондз азы куысты дæргъы уый сарæзта иу къорд æххæст аив сценæйон обрæзы, Ирыстоны кусджытæ, колхозонтæ æмæ советон интеллигепци сæ зæрдыл идтæг хорз кæй дарынц: ахæм обрæзтæ сты Бочкарева—Корнейчукы драмæ „Платоп Кречетæй", Сабинæ—Мольеры комеди мТæ- хæг дохтырæп",Мусон— Брытъиаты Е.-—„ДыууæХойы", Текъле—Цагарелийы „Ханумæйæ" æ.а.д. Йæ сценæйон сфæлдыстадон куыстæй уæлдай ма Раи- сæ иттæг активонæй йæхи æвдисы театры æхсæнадон царды дæр. Цæгат Ирыстоны фæллойгæнæг адæм Раисæйыл сеууæнк кæй дарынц, уымæ гæсгæ пын стыр аргъ скодтой йæ зæрдиаг куыстæн æмæ йæ равзæрстой депутатæн иæ Республикæйы Сæйраг Советмæ. 1940 азы Раисæ ист æрцыдис ÆК (б) П-йы рæнхъы- тæм кандидатæй. 74
ЦЫРЫХАТЫ ПЕТЯ Цырыхаты Петя райгуырди 1911 азы Быдыры Дæр- гъæвсы, мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары. Сывæл- лон ма уыди Петя, афтæмæй амарди йæ мад. Бæгъ- нæг, æххормагæп цъулбертæм æххуырсты рахау- бахау кæнгæйæ, бирæ зынтæ бавзæрста Петя. 1930 азы бацыди Орджоникидзейы горæды рабфакмæ æмæ дзы фæцахуыр кодта 1931 азмæ. 1931 азыЛетя æрвыст æрцыди Мæскуыйы Театрон’’Аивадьг скъоламæ æмæ йæ 1935 азы фæци каст. 1935 азæй фæстæмæ кусы Цæг. Ир. Паддзахадон театы актерæй. Ирон театр кусын куы райдыдта, уæдæй нырмæ Цырыхаты Петя бирæ рольтæ ахъазыди. 1936 азæй нырмæ Петя хъазы .Дыууæ хойы" фи- йауы роль. Фийауы Петя хъазы рæвдз,хъæлдзæг, ’ кафаг, зараг, цырд лæппуйæ. Аиы мнниуджытæ сты авторы литературон обрæзы. Фæлæ ма дзыПетяноджы ссард- та ног ахорæнтæ. Уый йæ æвдисы канд кафаг, зараг булæмаргъæй нæ, фæлæ мæгуыр хæххоп фийауæй, æх- хуырсты цардæи, эксплоатацийы уæз йæ уæхсджытыл уæззау уаргъау кæмæн æнцайы, æфтæмæй уæддæр йæ лæппуйы тыхты руаджы йæхимæфаг хъæлдзæгдзи- над чи ары, ахæм фийауы обрæз. Уæдæ чи нæ зоны нроп театры кæсæг адæмæй
ЦЫРЫХАТЫ П. ХЪ. Цæг. Ир, АССР-ы Драмтеатры актер. Мулдары? Кæй цæстытыл нæ уайысхъæл рихи къленц- Мулдары обрæз? („Чындзæхсæв'*). " Ис ма нæм иуæй-иу рæдты Мулдары хуызон магу- сайæ цæл уарзджытæ. Уыдон нырма бирæ зиан хæссынц нæ ног царда- рæзтæн. Бон сау изæрмæ хъæуи-хъæу, хæдзари-хæ- дзар разил-базил кæнынц кæм цы аназон, каем цы ахæ- роны фæдыл. Петя Мулдары обрæзæй худы цардæй фæстс чи баззади, уыцы магусатыл. Мулдар йæхицæй аразы хæтæг барæг. Нæ социалистон царды йæхицæй æгуыст хæтæг барæг чи аразы, уыдон цардæй фæсте баззадысты, уыдон сты худинаг. Ахæм хъуагдзинæд- 76
тæ цы адæммæ ис, уыдои ракæнын хъæуы уæр&х дзыллæты астæумæ æмæ сып сæ хъуагдзинæдтыл фае- худын хъæуы. Ахæм хъуагдзинæдтæ хурмæ рахæссын æмæ сыл адæмы фæхудын кæнынæн та хъæуы кур- диат, юморы курдиат. Гъе, уыцы юморы курдиат ис Цы- рыхаты Петямæ. „Чындзæхсæв* чи федта ирон театры, уыдон зонынц, Петя куыд хорз сарæхсти Мулдары хуызæдтьк хурмæ рахæссын æмæ сыл адæмы фæхудын кæнынмæ. Цырыхаты Петя у курдиатджын, куыст уарзаг æмæ культурон актер, хæдæфсарм, хæларзæрдæ æмæ æу- уæнкджын æмбал, Ленинон—Сталиноя фæскомцæдисы хъæбул. 77
ИРОН ТЕАТР ÆМÆ ДРАМАТУРГИ Фæсоктяброн ироп аив литературæйы жанрты æх- сæн йæ сырæзтмæ гæсгæ æппæты фæстаг бынат ахсы драматурги. Ирон адæмон цытджын поэт Хетæгкаты Къостайы стыр литературон бынтæ ахуыргæнгæйæ, ирон советон фысджытæ фæстаг дæс азы дæргъы равдыстоп се’сфæл- дыстады мидæг раппæлинаг бирæ сгуыхтдзинæдтæ поэ- зийы æмæ беллетристикæйы, уыдон ныффыстой æмæ- мыхуыры рауагътой фæллойгæнæг дзыллæтæн бирæ дæсгап чингуытæ сæ поэтикои уацмыстæй, радзырд- тæц,вемæ новеллæтæй; а фæстаг азты нæм фæзындис пыронг нæ. литературæйы чи нæма уыдис, ахæм егъау аив фыстытæ дæр—-ромаитæ, зæгъæм, Боциты Бароны фыст „Саст рæхыс", Мамсыраты Дæбейы дыууæ романы „Уæззау операци" æмæ „Зауырбег", Бесати Тазейы „Ныфо" æмæ æндæртæ. Поэт Дзанайты Иван (Нигер) мыхуыры рауагъта ирон аив литературæмæ ног стыр хæзна кæмæй бахас- та, ахæм иу къорд кадæджы æмæ бирæ лирикон стихтæ. Фæлæ драматурги аив литературæйы æппæты зын- дæр æмæ бæрзонддæр жанр кæй у, уый тыххæй йæм ныронг нæ фысджытæ, иуæй, сæ ныфс нæ хастоп, ин- иæмæй та нæм профессионалон театр æмæ актсртæ 78
I § 5! 3
кæй нæма уыдис, уьшæ гæсгæ нæ фысджытæй драмсш уацмыстыл чи куыста, уыдон дæр фыстой æрмæст иугай кæнæ дыгай акт*он цыбыр пьесæтæ клубон сценæты* хихъæппæрисон драмкъордты фæрæзтæй равдисынæн. Æмæ бирæ актон пьесæтыл куыст баззадис хæрз фæс- тиау. Октябры Революцийы размæ, стæй уый фæстæ дæр ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдис иу къорд уацмы- сы Хурныгуылæн Европæйаг æмæ Уырыссаг классн- кон драматургийæ, фæлæ, профессионалон театр нæ уæвгæйæ, драмкъордтæн классикон драмæтæ хъазы- нæн сæ бон нæ цыди æмæ уыцы тæлмацтæ дæр æв- дыст нæ цыдысты кæсæг дзыллæйæн. Гъе уыцы уавæртæм гæсгæ, нæ театры коллек- тивæн, Мæскуыйы скъолайы каст фæуæвгæйæ, нæ уыди национ спектакль кæмæй сарæзтаид, ахæм пьесææмæ йæ фыццаг къахдзæф ракодта профессиоиалон театры сценæмæ æндæр æвзагæй тæлмацгонд драмон фыстыти- мæ. Ахуыры фæстæ, нæ театр Ирыстонмæ слас^а цæдтæйæ цыппар спектаклы: К. Гольдонийы комеди „Фæлитой", Л. Циновскийы драмæ „Хъысмæт", фран- цаг адæмон фарс „Æвдакат Патлен" æмæ украинаг зынгæ советон драматург А, Корнейчукы драмæ „Пла- тон Кречет". Уыдон се’гзс дæр тæлмацгонд уацмыстæ- кæ~й уыдысты, уымæй спайда кодтой нæ театры фæзынд сæ цæстытæ кæмæн къахта, уыцы æлгъыстаг буржуа- зон националисттæ æмæ ирон театрыл райдыдтой цъыф калын, хахуыр кæнын, зæгъгæ, уый ирон национ театр нæу, фæлæ -уырысеаг театр ирон æвзагыл. Уыцы цъаммар знæгтæ бавдæлдысты æмæ мыхуыры бай- дыдтой фыссын Брытъиаты Елбыздыхъойы сфылдыста- дон продукцийы ныхмæ, цæмæй уагъд ма ’рцыдаид ирон театры сценæмæ. Фæлæ сын советон суд сæ мæн- гард митæ хурмæ ракалдта æмæ сын рахаста аккаг тæрхон! 1935 азы Орджоникидзейы горæды Цæгат Ирысто- ны АССР-ы Паддзахадон Ирон Драмон театр куы бай- гом ис, уæд йæ актерты æмæ режиссерты коллектик, ?•
! зз 5-, о § $* 55 21
«сæнрагдæр хæсæн æрæвæрдта йæ разы советон адæ- мы знæгтæ кæй ном фæчънзи кодтой, уый—Брытъиа- ты Елбыздыхъойы фæстæмæ йæ кадджьгн бынатмæ си- -сын æмæ йын йе’стыр аивадон уацмыстæ адæмæн рав- дисын, уымæн æмæ кæд тæлмацгонд пьесæтæй нæ театрæн гæнæн уыдис йе’сфæлдыстадон продукцийы социалнстон апп равдисынæн, уæддæр ын, национ рес- лублнкæйы театр уæвгæнæ, нæ уыди мадзал йæ спек- такльтæн, æнæ ирон пьесæтæ, национ формæ радты- нæн, æмæ йæ фыццаг спектаклæн равзæрста социалон æгъдауæп тæккæ тыхджындæр æмæ аивдæр драмæ „Дыууæ хойьГ. Уыцы хъуыддаджы ахъаззагдзииад ба- хынцгæйæ, театр спектаклы æрывæрын бахæс юдта .драмæйы авторы сфæлдыстимæ ирон адæмы царды уаг æмæ этикæ чи зыдтаид, ахæм режиссерæн, цæмæй уыцы спектаклы фесгуыхты фæстæ фадат фæуыдаид Ёлбыздыхъойы иннæ драмæтæ равдисынæн дæр. Æмæ театры коллектив нæ фаерæдыдис йæ бахыгъд- ты: „Дыууæ хойьг спектакль рауади канд театрæн нæ, •фæлæ нæ республикæйы æппæт фæллойгæнæг адæмæн дæр социалистон культур’æйы стыр цины бæрæгбон. Уыцы спектаклы равдыстæй фæстæмæ театрмæ кæсæг дзыллæтæ уæлдай тынгдæр бауарзтой сæ театры, рай- дыдггой пæм арæхдæр цæуын. Йе’рывæрдæп фæстæмæ „Дыууæ хойьГ æвдыст æрцыдис иу 90 хатты æмæ ма йæм ныр дæр, йæ фыц- цаг бонтау, цæуынц капд ирон адæм нæ, фæлæ уы- рыссæгтæ, мæхъæлæттæ, гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ æмæ иннæ адæмтæ дæр. Бирæ иæ разынид ахæм адæм- тæ нæ реснубликæйы, уыцы спектаклы цалдæр хатты *чи нæ федта. „Дыууæ хойы’4 у Ирон театры кусджы- ты коллективы тæккæ уарзондæр спектакль. Уыцы спектаклы фæстæ театры коллектив ноджы стырдæр ныфс æмæ разæнгарддзинадимæ бавнæлдта Елбыздыхъойы иннæ геронкон драмæ—„Хазби" æрæ- вæрынмæ. Цыбыр пыхасæй, нæ театры фондз азы сфæлдыста- дон продукцийыл афæлгæсгæйæ, актерты коллективы 52
^1 11 ^ ч. ^ ? ’О
æмæ режиссерты коллегийы ахъаззагдæр куыстытæй иу у Брытъиаты Елбыздыхъойы уацмыстæ сыгъдæгæй -адæмæн кæй равдыстой, уый. Фæлæ театры иу æмæ дыууæ азы куысты фæстæ ног драматурги æнцон саразæн кæй нæ у, национ пье- •сæтæ та æГкæмæнг кæй хъуыдысты, уымæ гæсгæ теат- ры коллектив йæхи ’хсæн хъомыл кæнын байдыдта арæхстджын тæлмацгæнджытæ, цæмæй, Ирыстоны фæллойгæнæг уæрæх дзыллæтæн классикон драматур- гийы æмæ советон æфсымæрон адæмты хуыздæр дра- мон уацмыстæ æвдисгæйæ, практикон æххуыс радтаид .ирон советон фысджытæн сценæйы уавæртæ æмæ дра- мæйыл куысты техникæ базоныны хъуыддаджы. Аф- чæмæй цыппар —фондз азы æмгъуыдмæ нæ театр рав- ,дыста иу 32 тæлмацгонд драмон уацмысы драматурги- йы æппæт жанрты фыст чи уыдис, ахæмтæ; пьесæтæ, комедитæ, драмæтæ (социалон, героикон, психологон), фарстæ æмæ водевильтæ. Театры разамынд сæрмагон- дæй хонын райдыдта уыцы спектакльтæм ирои фыс- джыты, байдыдта сын æхх^ыс кæнын консультацитæй æмæ афтæмæй куыст ыстынг ис ирон драматургимæ ног хæрзхъæд уацмыстæ бахæссыны æмæ театрæн фи- дар репертуар саразыны тыххæй. Театры Ьайгомæй чысыл фæстæдæр ирон фысджы- тæн се’ппæты разæй театрæн ног пьесæ „Сæрибары хъæбысы" бакасти ирон советон фыссæг Бониты Ба- рон. Фæлæ Барон уæд сценæйы миниуджытæ æмæ .драмон уацмысы домæитæ хорз кæй нæма зыдта, уы- мæ гæсгæ йæ пьесæ рауади лæмæгъ, нæ дзы уыди æххæст аив арæзт литературон обрæзтæ, бирæ дзы уы- дис композицион аиппдзинæдтæ æмæ „Сæрибары хъæ- быеы" хаст не’рцыдис репертуармæ. Фæлæ кæд „Сæ- рибары хъæбысы" сценæмæ хаст не’рцыдис йе техни- кон аиппдзинæдты тыххæй, уæддæр йæ автор Барон равдыста ирон адæмы царды уаг иттæг арф кæй зоны, æвзагæй хæрз арæхст кæй у æмæ театрæн йæ дард- .дæры куысты хæрзхъæд пьесæтæ фыссынмæ хорз кæй «34
I 5 § 5 о! 8 3 §
сарæхсдзæни, уыцы хъуыддагмæ ноджы тынгдæр йæ- ’хъус куы’рдара, уæд. Баронæй чысыл фæстæдæр театрæн пьесæ „Зæхх"- радта уырыссаг æвзагыл • фыссæг ирон драматург— Хъуысаты Дмитри. Хъуысаты Дмитри драмон уацмйс- тæ бирæ ныффыста, уыдонæй иу къорд сты тынг рап- пæлинаг рæсугъд фыстытæ, драматургийы хаххыл дæр- кусы иу 30 азы бæрц, фæлæ авторæн йæ жанр цыбыр* пьесæтæ фыссынырдæм кæй у, стæй царды уаджы лыстæг миниуджытæн æгæр бирæ бынат кæй радта пьесæйы, уый тыххæй „Зæххы" мидæг йæ бон нæ ба- ци мидхæсты героикæ æмæ революцион пафос куыд. æмбæлы афтæ равдисын æмæ „Зæхх" фæцыди театры æрмæстдæр иунæг сезон. Хъуысаты Дмитримæ драма- тургийы хаххыл стыр практикон фæлтæрддзинад кæйг ис æмæ профессионалон драматург кæй у, уымæ гæс~ гæ дзы н& театр йæхкцæн ныфс æвæры "æмæ йæм æихъæлмæ кæсы аив фыст ног драмон уацмыстæм. Елбыздыхъойы драмæты фæстæ ирон æвзагыл ирон цардæй фыст пьесæтæй нæ театры сценæйы æппæты разæй фæзындис Цæгат Ирыстоны мидхæсты заманг æвдисæг героикоп драмæ „Цардмæ"— Боциты Бароны æмæ Плиты Гришы фыст. Фæлæ „Цардмæ" дæр рауа- ди композицион æгъдауæй лæмæгъгомау, æнаив аги- тацион драмæ, йæ автортæ драмон уацмыс фыссынмæ фыццаг хатт кæй бавнæлдтой æмæ йæ цыбыр æмгъуыд- мæ кæп ныффыстой, уый тыххæй. „Цардмæи-йæ фæстæ театрæн колхозон цардæй ко- меди „Чындзæхсæв,; ныффыста драматург Джимиты Георги. Кæд аивдзинадæй иттæг лæмæгъ уыди ,.Чын- дзæхсæви, уæддæр театры коллектив, уæлдап дæр та? спектакль ’æвæрæг Маккæты Арсен, тынг æнувыдæи зæрдиаг куыст бакодтой авторимæ æмæ æмдыхæй: .,Чындзæхсæвы" рахастой театры сценæмæ. Иæ куысты дæргъы театры коллектив иттæг зæр- диагæй бакуыста æмæ баххуыс кодта дæсгай пог рап- дайæг драматургтæн пьесæтыл куыд кусыи хъæуы, уы- цы фарстаты фæдыл æмæ кæд нырма йæ уыцы бах- 86
й 1^ $ ^
хуысæй бираг стыр аив пьесæтæ нæма разындис, уæд- дæр ныридæгæн бæрæг у, ирон фысджытæ сæ хъус кæй æрдардтой драматургимæ, æмæ кусын кæй бай- дыдтой пьесæтыл æмæ тагъд рæстæджы нæ театр, ны- роигау, тынг æххормаг кæй нал уыдзæнис ирон адæ~ мы цардыл фыст драмоп уацмыстæй. 1939 азы ирон адæмон цытджын поэт, революцич- нер-демократ æмæ зынгæ æхсæнадон кусæг Хетæгка- ты Къостайы райгуырды 80-æм азы юбилеймæ нæ фыс- джытæ Дяша&ты Иван (Нигер) æмæ Епхиты Тæтæри ныффыстой театрæн драмæ „Къоста". Кæд драмæйы бирæ аиппдзинæдтæ уыдис(æнæсюжет æмæ поэты цар- дыл хроникалон афæлгæст), уæддæр уымæй рауадис театрмæ кæсæг дзыллæтæ арф кæй бауарзтоп æмæ сæ зæрдæмæ чи ныххызтис, ахæм хъæздыг идейон рæсугъд спектакль. Драмæ „Къоста" æмæ йæ спек- такль ирон литературæйы æмæ театры культурæйы сты иог егъау фæзынддзинад, ног егъау санчъех рæ- зынырдæм. Хъыгаг æмæ хъаст ракæнинаг хабар у æр- мæст уып æмæ йæ автортæ сæ драматургион куыст уыцы иуиæг пьесæйыл кæй фæлыг кодтой æмæ ног пьесæтыл кæй нал кусынц. ^Къостайы" фæстæ театрæп бркасти йæдрамæ „Но- мылусы цот" совегон фыссæг ’Мамсыраты Дæбе. Дæ- беимæ кусын инпæ автортæй уæлдай тынгдæр фæцы- дис актерты æмæ режиссерты зæрдæмæ, уымæн æмæ уый театры кусджыты критикæ иста рæстырдæм, цы хуызы иын амыдтой драмæйы рацаразын, уымæ зивæг никуы бакодта, хъыг æм нæ кастысты æмæ „Номыл- усы цоты" театры бацамындмæ гæсгæ рацарæзта цал- дæр хапы, цы фæнды зын-иу кæд уыдис, уæддæр. Дæбейы уыцы хорз миниуæг æмæ куыстуарзондзинад бафæзмынæн бæз?ы нæ ипнæ рæзинаг драматургтæн, стæй йæ хъуамæДæбе йæхæдæг дæр ма аппара. Æр- мæст, раст зæгъын хъæуы, кæд „Номылусы цоты" размæ нæ театр мндхæсты темæйыл равдыста цыппар «шектаклы (Никнтииы „Баку", Хъуысаты Дмитрийы „Зæхх% И. Базоркины „Сæуæхситтыл", Боциты Б* 8$
к’ й*1 «2 §
æмæ Плиты Г. „Цардмæ") æмæ Дæбейæн уыдис йæ драмæйыл кусгæйæ, зæрдыл бадаринаг миниуджытæ,— уома ногæй" цавæр æрмæг æмæ цы хуызы равдисын хъæудзæнис, уый,—уæддæр ма йæ фысты раирвæзтис фыццаг’драмæты бæрæггонд аиппдзинæдтæй—схематиз- мы элементтæ, зынбауырнæн сценæйон фæзынддзинæд- тæ, актерæн зындзурæн хъуыдыйæдтæ æмæ æндæртæ. Фæлæ ма кæд фæстаг азты фыст пьесаёты дæр арæх фембæлæм идейон æмæ техникон лæмæгъдзинæдтыл^ уæддæр уыцы "пьесæты фæзындæй бæрæг у, иæ теат- ры æмæ драматургты куысты бастдзинады бындурыл ирон д’раматурги раст фæндагыл кæй ныллæууыдис, дзæбæх рæзын кæй байдыдта æмæ рæхджы заманмæ нæ театрæн кæй ратдзæнис хæрзхъæд æмæ фаг æр- мæг национ темæтыл. Цавæр зынгæдæр аиппдзинæдтæ ма ис арæхдæр нæ исг драмон авторты фыстыты? Æппæты фыццагдæр—-цы æрмæгыл фыссынц, уый хæрз уæлæнгай зонындзинад. Райдайæг драматург Понятовский цыппар хатты касти театры труппæйæн Цæгат Ирыстоны мидхæсты заманы прон цардæй пье- сæ „Азау". Æмбал Попятовскийæн театры коллектив бирæ фæамыдта пьесæ куыд .рацаразын хъæуы, ахæм мадзæлттæ, фæлæ кæд автор фæфыдæбон кодта, уæд- дæр йæ пьесæ нæ рауадис, уымæн æмæ цы заманы æмæ цы адæмы обрæзтæ равдисынмæ хъавыди, уыдон нæ зыдта, раздæр сæ нæ сахуыр кодта. Нывгæнæг цы зæгъынмæ хъава, уый бæстон бæлвырдæй куынæ зо- па, уæд йæ бон иæу нывтæ аразын. Æрмæст исгæй фыстытæ бакæсгæйæ æмæ фехъусгæ хабæртты бынду- рыл нæй аив уацмыстæ аразæн. Цалдæр пьесæйы автор æмæ киносценарист Джи- миты Георги Цæгат Ирыстоны колхозты никуы уыдис, газетты æмæ аив литературæйы цы бакастис, уымæй дарддæр йæхæдæг нæ басгæрста колхозон адæмы куыс- ты æмæ царды уаг, афтæмæй, æмæ ноджы æндæр рес- публикæйы уæвгæйæ, ныффыста Цæгат Ирыстоны кол- хозты цардæй пьесæ „Ног чындз". Пьесæйы цас лæ- 90
ГАЛАЗТЫ В. Цæг. Ир. Драмтеашры актер. мæгъдзинæдтæ уыдис æмæ йæ саразыныл театры аива- дон кусджыты авторимæ цас фыдæбон бахъуыдис, уый тыххæй нал дзурдзыстæм, уымæн æмæ йын йæ спек- таклы адæм федтой æмæ йæ зонынц. Зæгъын хъæуы -æрмæст уый æмæ автор Джимиты Георги хъуамæ ны- рæй фæстæмæ йæ пьесæйы æрмæгмæ кæса бæрнондæр цæстæн, рагацау-иу æй лæмбынæг сахуыр кæна æмæ уæд, æнæмæнг, Георгийæн йæ къухы ёафтдзæнис бæр- зонд идейон æмæ рæсугъд сценæйон фыстытæ рав- дисын. 91
Нæ драматургийы зынгæдæр аиппдзииæдтæй иу у национ формæмæ фаг хъусдард кæй нæ цæуы, уып. Ацы ран фада г нæй пьесæтæн æмæ автортæн се’ппæтыл номхуындæй æрдзурынæн, фæлæ, æмтгæй райсгæйæ, фæстаг рæстæджы фыст ирон пьесæтæн сæ фылдæры архайджыты нæмттæ æмæ уæлæдарæс, стæй цы ран архайынц, уыдон æндæр раны адæмы хатты нæмттæй æмæ уæлæдарæсæй раивгæйæ, пьесæты ницы фесæ- фид, уымæн æмæ сæ нæй ирон адæммæ цавæр типи- кон миниуджытæ æмæ фæзынддзинæдтæ арæхдæр ис, уыдон. Социалистон аивадæн та хъуамæ йæ формæ уа национ. Ирон драматургийы классик Брытъиаты Ел- быздыхъойы „Дыууæ хойы" кæнæ „Хазбийы" архай- джытæй исчи сценæйы куыддæр фæзыны, афтæ йæ фыццаг сныхасимæ фæбæрæг вæййы канд ирон адæй- маг кæй у, уый нæ, фæлæ ма цы рæстæджы цæры, цы зæрдæйы хпцау у æмæ йæм цавæр хъуыдытæ ис, уый. Æмæ йын фæнды йæ ном ив, фæнды йæ дарæс, фæн- ды пьесæйы архайд суанг Бразилимæ ахæсс, уæддæр цалынмæ уацмысы быитондæр фехалай, уæдмæ бæрæг уыдзæн йæ национ хуыз. Райдайæг драматург, СОГПИ-йы студент Цебоп- ты Ал. ныффыста иу 8 пьесæйы ирон адæмы цардæп. Уыдон æхсæн ис ахæмтæ: „Король æмæ фийау", „Пад- дзах æиæ йæ хуыгæс" æмæ æнд. Фæлæ автор, уытæп- пæт фыстытыл кусгæйæ, хъуыды дæр никуы акодта, ирон адæммæ корольтæ кæй нæ уыдис, ахæм фарстыл. На уæд паддзахты хуытæ æмæ хуыгæстæ дарыны сæр хъуыдис, æви нæ, уыцы фарст дæр автор ницæмæ ’рдардта. Афтæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, пьесæйау пьесæ ныффыссæн нæй. Стыр аиппдзинадыл банымаинаг у нæ драматургийы хæрз лæмæгъ æвзагзонындзинад дæр. Пьесæйы æвзаг нæу романы, радзырды, кадæджы кæнæ стихы чи хъæ- уы, ахæм æвзаг. Пьесæйы алы дзырддæр хъуамæ ны- сан кæна архайд, кæнæ йæ зæгъæджы æмæ уый ал- фæмблай уæвджыты характеристикæтæ. Фæсоктяброн ирон драмон уацмыстæй бирæтæй нæй зæгъæн, зæгъ- 92
Костюмерон цех’- Мартьлнова Л. М., Туаты Н., Голик Т. гæ. уыцы уацмысы архайджытæй алчидæр дзуры йæхи сæрмагонд (индивидуалон) æвзаджы хаттæй. Номдзыд советон фыссæг Максим Торькнй афтæ фыссы пьесæты ’взаджы фæдыл. „Общим и печальным пороком пашей молодой дра- матургии является прежде всего бедность языка авто- ров, его сухость, бескровность, безличность. Все фигу- ры пьес говорят одним и тем же строем фраз и не- приятно удивляют однообразной стертостыо, заношен- ностью слов, что совершенно не совпадает с нашеп бурной действительностыо, стем напряжением творче- ских сил, в котором живет страна и которое не может не отражаться и в области словотворчества. Подлое и вредоносное или честное, социально ценное дело пре- 94
æращается на сцене театра в скучный шум бесцветных ’небрежно связанных слов.1) Алы иывгæнæгæн дæр ис йæхи сæрмагонд фæрæз- тæ: композиторæн—нотæтæ, скульпторæн—æлыг, хъæд, •æфсæйнаг, дур а. д., артистæн—йæ буары хъæд, лите- •раторæн—дзырд (æвзаг). Æвзаг национ формæйы æп- !пæты егъаудæр фактор кæй у, уый хъуамæ рох ма 1кæной нæ драматургтæ. Нæ рæзгæ драматургниæн йæ иннæ сахъатдзинад у •æххæст арæзт характертæ (цардæгас обрæзтæ) дзы кæй нæ ис, уый. Нæ фæстаг пьесæты мидæг эксплоатаци чи кодта, уыцы класстæй цы архайджытæ фæзыны, уыдон æвдыот вæййыиц æрмæст тугцъирты, фыдгæн- джыты æмæ сырдты хуызы, пицы сын радтынц автор- тæ адæймаджы мипиуджытæн æмæ рауайынц æрмæст схемæтæ. Афтæ Мамсыраты Дæбейы драмæ „Номыл- усы цоты" булкъон Алиханы æмæ Уыгъалыхъы о,брæз- тæ, стæн Боциты Бароны æмæ Плиты Гришы драмæ .„Цардмæйы" булкъон Сослæмбег стыæрмæст сырд-зæр- дæ знæгты маскæтæ, марын æмæ ауыидзыпæй дарддæр чи ницы кусы æмæ ницы ’мбары, хæсты мидæг такти- кæ æмæ стратеги чи нæ зоны æмæ хæрз æпцон ба- -сæдтæн чи у. Кæй зæгъын æй хъæуы, æцæг знаг тых- .джындæр æмæ хиндæр вæйпы уыцы „нывтæй", стæй йæм уыимæ вæйны адæпмаджы зæрдæ дæр. Нæ цытджын разамонæг æмæ стыр ахуыргæнæг -М. Горький мæнæ куыд зæгъы помхуынд фарсты тых- ^хæп: Кл’ассовый признак" еще не дает живого, чцельного человека, художественно оформленный хара- ктер’* -). Цыбырдзырдæй, драматург цы адæймаджы обрæз араза, уый цы ’классæй рацыдис, æрмæст ууыл куы хъуыды кæна, æндæр ын, заманмæ гæсгæ," "типикон т) М Горький—.,Литсра1урæГ]Ы тыххæй", ф.^рс —145. ГИХЛ-ы рауагъд. 1935 аз. 2) Л1. Горький—.Ллтературæйы",—фарс—149, ГИХЛ-ы ра- уагъд, 1935 аз. •9Г4
Дзсстелты Н. (бутафоргæнæг), "Матошвилй М., Лсбедеза М. А. Коэ/сиков А. Н. (парикмахер.) миниуджытæ куы нæ дæдта, уæд обрæз нæ рауайы цар- дæгас, стæй хаттæй-хатт асайы политикон рæдыдтæм дæр. Сæ иннæ лæмæгъдзинады зынгæ миниуæг нæ пье- сæтæн у лæмæгъ сюжеттæ сын кæй ис, кæнæ та сын сюжет æппындæр кæй нæ вæййы, уый. Æвзагæй хæрз сыгъдæг аив фыст драмæ „Къоста" (Нигер æмæ Епхи- ты Т.) æнæ сюжет кæй у, поэты царды хроникæйы фæдыл кæй ацыдысты автортæ, уымæ гæсгæ спектак- лы хицæн эпизоды мидæг социалон æмæ психологон драматизм бæрзонд куы сисынц актертæ, уæддæр та уыцы* эпизоды фæстæ темп æрхауы дæлæмæ. 95-
Тыхджын сценæйон архайдтæ саразæн ис æрмæст дæр йæ сюжет фидар арæзт кæмæи уа, ахæм пьесæйы «бындурыл. Фæлæ ма канд уæлдæр ранымад аиппдзинæдтæй дарддæр нæ драматургимæ ис ноджы иу стыр сахъат- дзинад—актуалон темæтыл фыст уацмыстæ дзы фаг кæй нæ ис, уый. Нæ республикæйы кусæг классы цар- дæй нунæг пьесæ дæр нæма ныффыстой нæ драматург- тæ æмæ дзы ницыма равдыста нæ театр; нæ респуб- ликæйы колхозты цардæй иунæг хæрзхъæд драмæ дæр нæма. балæвæрдтой нæ фысджытæ актертæм æмæ ре- жиссертæм; канд драматургийы нæ, фæлæ æппæт со- ветон ирон аив литературæйы дæр ницыма фыст ис ирон советон интеллигенцины цардæй; ныртæккæ æп- пæт советон аив литературæйы ахъаззагдæр хæстæй иу у хъæбатыр Сырх Æфсады æмæ нæ зынаргъ рай- гуырæн бæстæйы æдасдзинад хъахъæныны темæйыл хæрзаив литературон уацмыстæ ныффыссын,—уыцы темæтыл ницыма равдыстой нæ драматургтæ; уæдæ уыдонæй ноджы ахъаззагдæр у Киров æмæ Орджони- кидзены разамындæй хæххон адæмтæ Цæгат Кавказы «социалистон революцийы куыд фæуæлæз кодтой æдта- гон æмæ мидбæстаг фыдгултыл, фæлæ абоны уонг уы- мæ дæр нæма бавнæлдтой нæ драматургтæ. Уыцы те- мæтыл фыст драмон уацмыстæм æнхъæлмæ кæсы нæ театр ирон драматургтæм, фысджытæм æмæ сæ хъуамæ <фысгæ дæр ныккæной, уымæн æмæ ахæм темæтыл кусын алы советон фыссæг дæр йæхицæн хъуамæ ны- лхайа стыр кад æмæ цамысы хъуыддагыл. Совегон хицаудзинады руаджы, Ленинон-Сталинон национ политикæйы бындурыл Цæгат Ирыстоны фæл- лойгæнæг адæмæн фæзынди æмæ фондз азы дæргъы стыр культурон æмæ хъомыладон куыст кæны паддза- хадон национ драмтеатр; театры лæмбынæг æххуысæй æмæ уын бындурыл фæзынди æмæ рæзын райдыдта нрон национ драматурги. Театрæн нæй кусæн æнæ драматурги. Драмон уац- мысы идейæтæ кæсæг уæрæх дзыллæтæм цардæгас '96
обрæзты хæццæ кæныпц æрмæстдæр театры фæрæзтæй. Театр æмæ драматурги хъуамæ уой кæрæдзийыл æн- гом баст фидар организм, цæмæй сæ бон уа нæ хъæ- батыр социалистон дуджы, нæ бæстæйы уæлахиздзи- нæдтæ, иæ адæмты амондджын æмæ хъæлдзæг царды рæсугъд нывты æвдисын, цæмæй уыцы уæлахизы ныв- тыл нæ республикæйы фæллойгæнджытæ ахуыр кæноп æмæ сæ разы æвæрд классон хæстæ хъæбатырæп æххæст кæнои стыр уæлахиздзинæдтимæ.
СÆРГÆНДТÆ Разныхас 3 Советон Цæгат Ирыстоны аивад #. . 5 Цæг. Ир. Паддз. Др. Театр йæ 5 азы бонмæ ... 15 Тотраты Бесæйы мысипæгтæ 32 Тотраты Бесæ 36 Маккæты Арсен 40 Борыхъуаты Бимболат 44 Плиты Гриш г 47 Таутиаты Солалдаи ’ 50 Тæбæхсæуты Бало , • .... 53 Хъæрджынты Хадизæт 56 Кокайты Исап • -59 Икъаты Серафин 63 Цæлыккаты Мапрбег 66 Токаты Асæх 69 Дзитойты Раисæ 72 Цырыхаты Петя * 75 Ирои театр æмæ драматурги 73
Яæрнон редакгор ЦæллагтьГМ. Технн- ’кон редактор Дзгойты Л. Бæрнон кор- ректор Цогоиты Н. Æмбырл кæнынмæ лæвæрд æрцыд 6|ХИ-40 аз. Мыхуырмæ лæвæрд æрцыд 26|ХП-4С аз. Мыхуырон •сыфтæ 6,25. Лвгорон сыф1æ 5,3. Гæ\- хæтты формаг 60x84. Рауагълады № 102. Заказ № 3984. Тнраж 1600. ЕИ5789, Цæгат Ирыстоиы АССР-ы Рауагъдады тпографн. Орджоннкндзе, Коминтерны уынг, 20.