Текст
                    Сæйраг редактор
ХЪОДЗАТЫ Æхсар
Редколлеги:
ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег
АГЪНАТЬЗ Гæстæн
ГУСАЯЦ’Ы Барис, бæрнон
секретарь
ДЖЫККАЙТЫ Шамил
КОКАЙТЫ Тотрадз
ТЕМЫРАТЫ Давид
ХОДЫ Камгл
ХУЫГАТЫ Сергей
ЦЫРЫХАТЫ Михал
7-8,93
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ
ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
НАША ЭПОХА
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Корректор Хъæрæцаты 3 æ и р æ
Тех. редактор К о д з ы р т ы Ж а н н æ
Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 1993


НОМЫРЫ ИС: Нигер. Æмдзæвгæ 4 Беджызаты Чермен. Мæсгуытæ дзурынц. Новеллæтæ . 5 Хетæгкаты Дауыт. Æмдзæвгæтæ 89 Къориаты Мухарбег. Къорнаты Бæрег. Таурæгъ . . 96 Æцæгæлон бæстæйы. Дзантиаты Дзамболат, Дигорон Сай- тан, Лескенаг, Бырнацты Алыксандр. Æмдзæвгæтæ . . 107 Токаты Алихан. Фыстæджытæ 112 Арбиаты Хатæхцыхъо. Æмдзæвгæтæ 131 Брытъиаты Созырыхъо. Дзеджы фырт Дзег . . .135 Быдтаты Агуыбечыр, Бтемыраты Бимболат. Ирон хъæл- дзæг ныхæстæ 181 Бестауты Гиуæрги. Æмдзæвгæтæ 197 Хъобайнаг дыууæ таурæгъы 205 Æмбисæндтæ æмæ æцæг хабæрттæ 216 едители: СП РСО, СОИГИ и коллектив редакции Сдано в набор 10.11.93. Подписано к печати 26.01.94. Формат бу- маги 60х84'/1б. Бум. тип. № 3. Гари. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 10,63. Учетно-изд. листов 11,44. Тираж 5200 экз. Заказ № 133. Цена 2 руб. Адрес редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Тслефо- ны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Газетно-журн. типографии Госкомитста РСО по делам издательств, полиграфии и книжной торговли. 362015, г. Владикавказ, пр. Коста, 11.
, ЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛ^^ ХОРЗ АДÆМ! «Мах дуджы» ацы чиныг, иннæтимæ абаргæйæ, æн- дæр хуызы арæзт у. Ацы уацмыстæ, иу-дыууæйæ фæстæ- мæ, амæй размæ дæр ма мыхуыргонд уыдысты. Фæлæ сæ мах ногæй уымæн уадзæм джиппы, æмæ иуæй ног хæрзхъæд уацмыстæй хъуæгтæ æййафæм, иннæмæй та, зæгъæм, аргъау «Дзеджы фырт Дзег» æмæ новеллæтæ «Мæсгуыты бæстæ» æмæ ^Нн’æтæ" тынг рагæй нал уыды- сты хицæн чингуытæй-уагъд. Афтæмæй та сæ бакæсын- мæ æнувыдæй агурджытæ дзæвгар адæм ис. Р е д а к ци. ^^лл/^члллллллллллллллллллллллллллллллллл 3
НИГЕР Цымæ ныр та кæй рад у, Кæмæ бауасыд халон?.. Цы уынын, цы, мæ цæстæй, Æмæ цы уыдтон фарон! Æгъгъæд у, цæй, æгъгъæд у Хæрдты кæсынæн. Цардмæ Лæмбынæгдæр æркæсут Æмæ йæ хатут дардмæ... Нæ дуг заман у махæн, Заман, заман, нæртон дуг! Чи бахаудзæни цардмæ, Чи сисдзæни йæ сонт уд... Мæ Ир, мæ уарзон бæстæ, Дæ ном, дæ фарнмæ дзурын — Бындурон уæьт дæ риуыл Дæ байзæддаг, дæ хъæстæ!
;^^^*^^^^^^^^^*2Яг:я«^Д=;^^;^;г«.: БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН МÆСГУЫТÆ ДЗУРЫНЦ Новеллæтæ МÆСГУЫТЫ БÆСТÆ Урссæр уæйыг,— Лæгъзцъити йæ рахнз цонг раивæзта ны- гуылæнырдæм. Раджы кæддæр нсзаманы æрфæндыд, æвæццæ- гæн, зæронд уæйыджы ацахсын ныгуылæг хуры. Уазал у зæрон- дæн ихын кæрцы, куыпнæ у æхсызгон хуры хъарм салд буарæн æмæ стджытæн? Фæлæ нæ бантыст тызмæг зæрондæн хур ацах- сып æмæ фыр мæстæй алхъывта пæ армы дзыхъы пу чысыл хъæу, Мæсгуытæ, зæгъгæ, йæ ном. Баззад уæдæй фæстæмæ хуыскъивæзтæй зæронд хохы цонг, уæдæ цы; хъæу та ма абон дæр лæууы хохы армы дзыхъы, тæк- кæ хурдзæвæнырдæм скодта йæ риу, афтæмæй. Иæ быны, дæ- лиау кæмдæр, æртæрдыгæй калмау æртыхст Хъæлласæиы дон. Сабыр, фæззæджы мæйрухс æхсæвты ферттивы æрсабыр донæи йæ сæртæг буар хъандзал кардау. Фæлæ уалдзæджы куы рай- хъал вæййы, йæхи куы аивæзтытæ кæны æмæ куы адæнгæл вæййы,— куы раивылы йæ донвæды æмвæтæнæг æмæ дуртæ, къæдзæхтæ куы фæхæссы кæрæдзийыл хойгæ, уæд лæбурынтæ спсы хъæумæ. Дзæгъæлы! Цы хъомыс сты йæ сау æхсидгæ фæй- лауæнтæ хъæуæн, уæлæ мигъты быимæ куы сфардæг, уæд? Куы нæ фæкæрддзысты мыййаг Уæйыг хохы цоиджы. тымбыл къухы дур-стджытæ, фыдуаг доны дæндæгтæ, куы нæ сæ аууилдзысты’. Æмæ уæд стонгæй, масты ’рдиаг ,кæнгæ уайы фыдуаг дон дард- дæр, дæлæмæ, кæмттæм, быдырмæ йæ хъаст хæсгæйæ. Хъæуæн йæ тæккæ ныхмæ, доны фаллаг фарс, фæлмас къуылдымтæ, суанг Гнугъы бæрзонд рагъæй, згъорæнтæ кæ- ныиц, кæрæдзи сæрты гудзитæгæнгæ хъæумæ, цымыдис саби- тау. Сæ бæрзджын, къæбырттæгджын, æхсæрджын, цъуйджын, мыртгæджын хилæй æмбæрзт сæртæ кæрæдзи цъуппытæй фæл- гæсынц — хъæуы æз раздæр фенон мондагæй. Скæсæн æмæ ны- гуылæнырдыгæй та фынæйдзаст нæзы хъæд, хицæн къуылдым- тыл сусæг æмыр сыбар-сыбурæй аргъæуттæ фæкæны, цæуыл æмæ кæмæн — ацу æмæ йæ базон! 5
Хъæуы мидæг æмæ йæ алфæмблай ,хæхты сынæгтыл æмæ рыидзтыл дæр иу шгиæмæй уæлдæр, цыма Лæгъзцъитимæ æз- фæраздæронæй дугъы уадысты æмæ сæ фæндаг-фæндаг фыр фæлладæй дзыхълæуд-фæкодтой, кæй к$ем æрыййæфта йæ фæл- лад, уым, •лæууынц æрдæг кæлдтытæй’ ф’ыдæлтыккон мæсгуытæ. Уæйыджы ихсыд дæндæгтау фæлурс цъæх хъептæй лæууынц уыдон, амцæф-уымцæфæй. Сæ алыварс цъæх къæдзæхты цъуп- пытæй сæ цæст æвиппайды зынтæй равзардзæп суанг хур боны дæр. Талыиг мигъ боны та уыдон схизынц мигъмæ, сæхи дзы батухынц æмæ зына-нæзына уындæуы цъæхнымæтджып уæй- гуыты æндæргтау æмæ уыцы хуызæнæй хъуынтъызæй кæсыпц хъæумæ. ’ ’ , ’ . Зæронд сты зæронд мæсгуытæ. Сæ буæрттæ сдзыхъытæ сты туджджынты нæмгуытæй, УЫрысы паддзахы сармадзанты цæ- фæй, æм’æ ’ма’ рагоп æнæбайгас хъæдгæмтты æмбæрзы ’рмæст ’цъæх бурбын хил — зæро’нд хъуыиа. Бафынæй стьг зæронд мæс- ’гуытæ. Замантæ згъорыпц’ сæ дæлфæдты-бынты, цард ивæп- тæй тулы сæдæгап азты сæ алфæмблай, æмæ ма кæй зæрдыл лæууы, цы цардæй цардысты зæропд мæсгуытæ? Чп ма зоиы, куыд- фыхтысты • кæддæрты цæджджинагау сæ бур гуыбынтæ, куыд’ æрттывтой сæ сау цæстытæ — топпуадзæнтæ. топпыхосы цæхæрæй, куьгд хылдысты се ’нæсæттон фæ’рстыл, залиаг кал- мау Уырысы паддзахы æфсæдтæ, куыд бадтысты сæ хуылфы æвдгай азтæ, ’фыдудæйæхсад æмæ сæрст, иæ фыдæлтæ, чи тьгх- г’æнæгæй йæхæдæ’г, чи ’та тыхгæнæгæй йæ’ сæр æфспайгæиæ. ■ Ивгъуыйынц замантæ, царды цалх тулы’ æнæуромгæйæ — марадз ’ма, бауром æй! Зæронд сты зæронд мæсгуы’таё, чп ма хъуыды кæны сæ цард, кæй зæрдыл ма лæууы? Ньгхасы нал фæбады, куывдтæм нал фæцæуы, -адæмььрæн- хъы нал фендзынæ Бурсæгаты Баймæты. Æнæпымæц азтæ уæз- зау пъæззыйау "тасьш кæнынц зæррнд уæхсчыты ’зæхмæ. Нал у’ро’мынц домд лæдзджытæ-къæхтæ^ у’ыцьг уæз, æр^тæстытæ кæ- ньгпц, æмæ къухтæ ’нындæгъдысты /æртыккаг къахыл — тæгæр къок’ьоци лæдзæгыл. Æмпылд-æицъылдтæ у цæсгом,_ къæдзæхы скъуыдтау, ацу æмæ базон, кæд фæзындысты сырхбын сæ был- ты æмæ чъйзи тарбын сæ арфьг ацы æнцъылдтæ зæропд Бай- ^æтьг цæсгомыл: дæс азьг размæ, æви сæдæ азы размæ? Нал цæуьг адæмьг- æмгæрон зæропд-Баймæт, сæрхызт сæ у хъæуæй зæроид, йæ фыдæлты мæсыг куыд у, афтæ. Царды ивæнты раджы, чи йæ зоиьг, кæд фæци йæ рæстæг æмæ йæм æнæкæрои дард у нырьг дуг, нырьг царды фæлтæр-.- Райсомы ’рдыгæй йын йæ цæуæтьг цæуæтæй исчи йæ хус æндзалм къух-' ты куы авæрьг хъæбæр кæрдзыиы апп æмæ сылыйы къус, уæд æрæгмæ банцайыггц зæронд æнæдæндаг æфсæртæ сæ уæззау
змæлдæй. Стæй расты йæ фыды къæлæтджыиæй зæропд Бай- мæт, йæхи бакæны йæ лæдзæджы æвджид æмæ араст вæйпы Царциаты къуылдыммæ. Уым бавæрд у йæ фыдæлты зæппадзы нæ фыд. Зæппадзы дæле та æрдæг калдæй лæууы йæ фыдæлты мæсыг. Цæй æууæнк ма ис цæстытыл,— куы нал æвзарынц сæ- пæртты цагъд дурыи быруйæ, раджы куы баталынг сты сæиа- ры æмæ цъыхырыйы фæздæгæй йæ зæроид къонайы фарсмæ. Мæсыджы фарсмæ куы схæццæ кæны, уæд рабады уым цъæх пæудзармыл æмæ суанг изæрмæ нал сызмæлы йæ быпатæй зæ- ронд Баймæт. Æмæ нал равзардзынæ уæд Баймæты йæ фыдæл- ты мæсыгæй. Æрлæбырд фысдзармæй зæронд худы фахс мæ- сыджы фахсау. Зæроид кæрцы скъуыдтæй æддæмæ рафæлдæхт æууад хъуын, мæсыджы фæхстыл хъуынайау. Фæгуыбыр астæу мæсыджы æнцойы ’рдæм. Уырысы паддзахы сармадзаиты цæф- тæй мæсыг куыд фæцудыдта размæ, цыма алидзынмæ хъавыд æмæ йын нал баптыст. Æмæ æрмæст иу æпдæриуæг ис адæй- маг мæсыгæй дур мæсыджы ’хсæп,— уый Баймæты зæронд æу- уад æфсæртæ, никуы банцадысты уыдон бонсауизæрмæ сæ уæз- зау æууилыиæй. Зæронд галы ’фсæртау уыдон зивæггæнгæйæ æууилынц æмæ æууилынц сыф тамако æмæ лæмарынц морæ сæт фæздæгæй æмæ рæстæгæй сморæхуыз зачъетыл. Адæймаг — мæсыг, дур— мæсыг. Сæ дыууæ дæр сæдæты талынг кæрдæны иымæхст рох ивгъуыд заманæн удæгас æмæ мард æвдисæнтæ. Фæлæ... æгомыг сты сæ дыууæ дæр. МÆСГУЫТЫ СГАРДЖЫТÆ Хуссар Ирыстоны Бæстæзонæн институтæй æрвыст цыппар студенты: дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы сæ уæлныхты систой канд Мæсгуыты хъæуы пæ, фæлæ ма æгас Мæсгуыты бæстæйы дæр. Кæмдæр, Мæскуыйы иу ахæм цыдæр стыр скъо- лайы ахуыр кæнынц; сæрды сæ рауагътой баулæфыимæ, фæ- лæ цæй улæфтытæ æмæ цæй цыдæр? Чъребамæ куы ’рбахæц- цæ сты, уæд комкоммæ институты бамидæг сты — мæнæ уын, зæгъгæ, цæттæ кусджытæ бæстæ зонынады хъуыддаджы. Ин- ституты хицау дæр арабар-бабар кодта, цы гæнæн ын уыд, æмæ сæ ардæм, Мæсгуыты бæстæм рабæлццои кодта, уæдæ цы уыдаид. Кæм у æпцад-æпцой ныры фæсивæд, уад у рæстæг, уад — цард йæхæдæг, уад йæ аразджытæ дæр. Гъемæ, цынæ къуым асгæрстой, цы зæппадзы нæ багæппытæ кодтой, цы цъуппæй нæ ракастысты ацы цыппар æгæпоны, ахæм ма сып цы баззад æгас Мæсгуыты бæстæйы? Сæ æндон хъапдзал зæнгтæ сæ цы мæсы- 7
джы сæрмæ не сдавтой, цы зæронд хæдзарысæ нæ амидæг кодтой? Лфæлдæхтой æмæ хурмæ райтыгътой сæрæй-быпмæ фы’дæлтыккон царды æвдисæпты се сгарæг цæстытæ. Дзæвгар зынаргъ æрмæг цъырдтой сæ урс фæрстæм сæ фьгссæн чингуы- тæ. Гъе, фæлæ уæддæр æрыпцон нæй сæ’фæсонæрхæджы дæр, æмæ мæнæ абоп дæр та хурæй сыгъд сæ тар морæ. бæгъпæг зæпгтæ æмæ цæнгтæ ’рттивынц Царциаты къуыппæй, Баймæты фарсмæ зæроид сæгджып хæдзары æндзæлмттæ æмæ аххæр- джытау. Цас пыррыччытæ фæкодтой уæвджыйæ дæр, сæкæлмæр- зæнты кæрæтты былтæ ’мбæхстæй чыпдзытæ æмæ чызджытæ дыууæ чызджы æнахуыр уæлæдарæсыл æмæ бæгъпæг æгъдтыл. Цас хатт сæ. æфсæрмдзæстыгæй азылдта хъуызгæ-хъуызгæ йæ цæстытæ хæххон лæппулæг рæгътырдæм, цъититырдæм. Ацæр- гæтæ та-иу сæм феххæлдимæ дæр баздæхтысты комкоммæ, хис- тæры барæн. «Худинаггæнджытæ, ’зæгъгæ, ирон æфсарм дæр пал ис?». Гъе, афтæ цыппар адæймагæй дæр сæ алы ахасты ныхмæ, сæ æнаипп хидарды æмæ уаджы ныхмæ ницы уыд сæ бон зæгъыи Мæсгуытьгбæстæйы цæрджытæн, æмæ сæпыууагъ- той’ сæ? адыл, фæцайдагъ сты бопы фæстагмæ æгъдауыл мард цæрджытæ ацы æнахуыр фæсивæдыл. Æмæ ма акæс, сабитæ æпæдыс хæдæтты æмæ æнæкъах хæлæфты мидæг дугъæптæ кæнынц хъæууынгты. Уазджыты фæзмджытæ фæзынди хъæуты, нырма уал сабиты ’хсæи. Цадæггай сыл куы ’рцахуыр сты, уæд сæм хъармзæрдæ дæр’ ма бадардтой Мæсгуыты бæстæйы цæр- джытæ; æххуыс дæрхын хорз уыдысты уазджытæ. Кæм-иу хос- тæй фæахъаз сты рыпчынæп, кæм колхозонæн йæ куысты бон- тæ апымайыны, к,æм колхозæп хыпцыды æмæ нывæзт аразыпы хъуыддад>кы. Уæд-иу ссивыныл æмæ хоскæрдыныл дæр сиф- тыгътойкуы колхозæн, куы хицæп цæрæгæн. Сæ фæлмастдзи- надæн, сæ хæлардзинадæн та æмбал дæр нæ уыд. Æмæ мæпæ * ныр иу-цалдæр къуырипы дæргъы æвзæр никæмæн загътой, никæй хъыджы бацыдысты, пикæй къухы бафтыд ахæм исты, цæмæй сæ фахъастчыпдæуыдацд. Хæринаг саэ^иМæ дæр уыд, кæ'д-иуч ’исдугæй-исдугмæ исты ^алхæдтой цæрджытæй, уæд ын йæ аргъ уадидæгæн фыстой. Цардысты хицæп халагъудты, чыз- джытæ иумæ, лæппутæ дæр иумæ. Хъæумæ-иу куы бафтыды- сты, уæд-иу хъæугæроп сæ халагъудтæ асагътой. Хъæуы фæсп- вæд-иу бацип кодтой се/рбацыдыл æмæ сæм-иу уадысты аба- дынмæ, ахъазыпмæ, аныхæстæ кæнынмæ, чызджытæ чызджы- , \ тæм, лæппутæ та лæппутæм. Абадынмæ сæм цыдысты ацаргæ- тæ дæр, ауынаффæ каепыпмæ. - . ^ Тызмæг у Баймæт алы хаттау. Дыууæйы фæлыст пака ри- хитæ, иуы фæлыст зæронд æпцъылд даргъ фыидзы бын, иннæйы 8
фæлыст’ æиæныкъулгæ æрдæгцъыид • цæстыты сæрмæ, цæстæн æнæ ацахсгæ фæтыгуыр ’сты. Дзых æмбис/ æмбæхст у дæ’ллаг рпхитæй, цæстытæ уæллæгтæй — æрфгуытæй. Æфсæртæ кæрæ: дзи алхъывтой æмæ тæпæг цæсгомыл бæрæг къуыпп дарынц æфсæрыкъæдзты сæртæ’, къæмисæны стджытæ, уадулты бæн~ дæпгопд хæцъæфтæ. Лæдзæг фæбыцæу фæтæн пыхмæ, кæпнод сæр æрхаудзæп. Цæстытæ иыккомкоммæ сты зæхмæ. Æвзаг — æгомыг уидыг комы арыиджы. Æрмæст хъустæ змæлыпц алыр- дæм зæропд галы хъустау. Хъусы тызмæг Баймæт, пыттыиг ис йæ зæронд буар суаиг ма æфсæртæ дæр фæурæдтой се ’нусон æууилып... — Айдагъ бæгъпæг иационалистон æнкъарæнтæ дар гобытъи дуры цæпдтæм, уый ахуырадон аиализ пæма хуыйны материа- лизмьь быпдурыл,— тæвд ’ кæны Асиат.— Ды сын куыдфæнды аргъ кæп, уый дæ бар у, фæлæ мæнмæ гæсгæйæ, æвзæр талыпг лæгæхтæ — хæдзæрттæ, гуырымыхъ амад гæнæхтæ æнæкарст дурæн, чъырæй æпæпдæгъд къултимæ, ахæм цæрæпуæттæ сты троглодитты цæрæнуæттæ; уыдон сты троглодитты материалон культурæ, æпдæр дарддæр ницы! — йæ къухтæ æнæрвæссоиæй фæйпæрдæм фæхаста æмæ сæ стæй кæрæдзийыл атухгæйæ, ас- къуыддзаг кодта быцæу ныхас чызг. — Уый дге субъективон цæстæнгас у! Ды рæсугъддзинадæн æмæ аивадæп аргъгæнæгæн нæ бæззыс! Куырм дæ интсллектуа- лоп, физикоп æмæ нсихологон æгъдауæй дæр — саугуырм,— фесхъиудта Асиаты ныхæстæм Дзыллæ.— Федтай мæнæ Бап- мæты хæдзары къæлæтджыптæ, сынтæджытæ,' цæджындзтæ? Цы дргссаг лыстæг ажурои у, цы гармониоп æнкъарыиад хъал кæ- пы адæймаджы хуылфы сæ орпамепт! Украипæйы орнамснт бирæ мæгуырдæр у нæ рагон орнаментæй, афтæмæй йыл æгас дуне дис кæпыпц. Дычиæ бамбардзынæ, никуы бамбардзыпæ мæсгуыты гуыры рæхснæг коид, йæ хæххыты грациондзинад. Нæ бамбардзьшæ, пæ бамбардзышæ! Банцай! — йæ къахæп ариуыгъта тæлтæг чызг, цыма Асиаты йæхицæй сырдта. Афтæ кæпы Дзыллаэ кæддæрнддæр, æрдæг фæрсылæй куы фæхуыс- сы æмæ куы стæвд вæнйы, уæд. — Нæ фыдæлты материалои культурæ р^езыди сæ социалон, политикоп. æмæ э’кономикон уавæрмæ тæсгæ. Бæрзопд кæй уыди, уый куырм дæр уыны. Фæлæ сымах дыууæ гæдыйау абоп- дæргъы кæрæдзи ратон-батон кæнут, афтæмæй уæ дыууæ дæр фæдзæгъæл стут диалектикæпæ,— йæ гом зæпг даугæйæ дзуры Апдо. уæзбыпæй, цыма æрмæст уымæ ис æнæгуырысхойаг раст цæстæигас. — Хъæлыпдзы æнкъарæнты пъæр-пъæр марксистои аиали- зы бæсты,— се ’ппæтæн дæр гуым-гуымгæигæ аргъ кæны ма- 9
дзура Тугъан, æмæ йæ æрфгуыты ’хсæп, цæуылдæр хъуыды- гæпгæйæ, фыссæнæй апыхы. Хъусы æнахуыр пыхасмæ зæронд Баймæт. Ирон дзыхæй дзу- рынц ацы цавæрдæр фæсивæд, фæлæ цæйдæр æпахуыр æвза- гимæ хæццæ у сæ ныхас, æмæ йæ Баймæт ие ’мбары. Æрмæст уый хаты, йæ замапы царды кой кæй кæнынц алы хаттау ацы фæсивæд, фæлæ цы базындæуа — хорзæй кæнынц йæ кой, æви æвзæрæй? Æрдæбопсарæй йæ куы афæрсынц истæмæй, уæд га- лы хъуыррыттау «пæ»-йæ «о»-йæ дарддæр ницы схауы йæ дзы- хæй. Æмæ цæмæн исты зæгъа? Чи йæ бамбардзæп, науæд кæй хъæуы рагои заманы цард, куынæ уал аззад йæ тæфаг дæр ног царды гуылфы, уæд?- Кæддæр Ныхасы цыдæр таурæгъ кодта фыдæлтыккоп цардæй, æмæ ма йæ адæмы фылдæр худæджы бып дæр фæкодтой йæхи дæр æмæ йæ фыдæлты дæр. Нæй! Арф ныгæд у йæ хуылфы фыдæлтыккон цард, æвæры йæ йæ зæрдæйы гуылфы Баймæт. Уадз æмæ уым лæууа æмæ йемæ амæла. Ничи йæ скъахдзæп уырдыгæй, æгомыг у зæроид дур- мæсыгау Баймæт, æмбæхст у ивгъуыд замаы æнцъылд буары хуылфы æмæ мæсгуыты хъуыпайы бып. — Гъемæ цы социалон, политикоп, экономикон уавæры цар- дысты, Андо, фыдæлтæ? — Тугъапмæ зулдзаст бахсгæйæ бакод- та Асиат.— Мах иртасæм, нæ фыдæлты цардыуаг куыд уыди, уый 18-æм сæдæазы, 19-æм сæдæазы фыццаг æрдæджы. Уый пæ рох пæ хъæуы, цы цардæй цардысты уыцы дуджы фыдæл- тæ. Хæццæ, æнæбæрæг исты системæ, пæ дон, нæ къуымæл кæй ачыпдæуы. Нæ ’ххæст патриархалон, нæ ’ххæст феодалон, йе базарадон буржуазон системæ. Алы системæ дæр хъацæпджын цард, фылдæр та мыггагоп скондæй. Ахæм хæццæ системæ нæ ары бæрзонд культурæйы, уый нын дзуры адæймаджы истори дæр. Мыггагоп царды сконд та у адæймаджы прогрессивон рæ- зынады историйы асипæп йæ бинаг къахæвæрæнтæй сæ иу. Æмæ æцæгдæр, акæсут ма, хъæддаг сырдты цард кодтой с.т» лæгæтты мæсгуыты фыдæлтæ. Рухсы цъыртт сæм никуыцæй цыд. Капд кæмттæ пæ, суыпг ма мыггæгтæ дæр кæрæдзийæ иппæрд! Дзыллæйадон царды бæсты кæрæдзи агуырдтой кар- ды фындзæй æмæ топпы кæсæиæй. Сар уып сæр кодта, йæ мæ- сыджы æддæ чи фæуыдаид, æддæмæ чи рауадаид. Цы культу- рæ хъуамæ сарæзтаид ахæм сырд, цы материалоп æмæ уды культурæ дæр, йæ уд ирвæзыныл æдзух катапгæиæг адæймаг? — фæлмæндæрæй, куыддæр фенкъардгондæй фæрсы чызг. Асиаты ныхæстæм Аидо æмæ Дзыллæ сæ цæстытæ азылд- той мæсгуытыл æмæ йып исдугмæ дзуапп ничи радта. 1— Хæст уыди, иудадзыг хæст сæры суангæй ирон адæмы царды истори. Уымæй раст зæгъыс, Асиат. Æдзух знагимæ 10
абухыны уыдысты ироп адæм. Райдай суанг гунтæй, зæххы цъар чи баризып кодта сæ бæхы сæппæй, сæ кой ма пыр дæр - кæмæп баззад пæ адæмы ’хсæн, «фыдгулы хай фæу», зæгъгæ;' æмæ стæй маиголтæ, алы хæтæг адæмтæ, стæй кæсæг, суанг уырыссаг монархийы империалистои æрбабырсты опг, чи пæ сфæлвæрдта йæ кард æмæ йæ уарт проп адæмы кард æмæ уар- тыл? Стæй Кавказы хæхты цъасмæ куы ’рбауылæи кодтой, уæддæр ма тох.кодтой æрцæуæг зпагимæ, цæмæй мыггагскъ- уыд нæ фæуыдаиккой. Сæ бæстæйы къуындæджы сæраппонд сæ кæрæдзи ,дæр цагътой сыджыты армы тъæпæиыл. Кæй зæ- гъып æй хъæуы, хæстоп уавæр иувæрсоп культурæ аразы, фæ- лæ куьпшæ уыд бæрзопд ирон адæмæн’уыцы иувæрсоп культу- рæ? Акæсут ма мæсгуытæм, гæнæхтæм, фидæ’рттæм, хæдзæрт- тæм, цы ма уа уыдонæй ифтонгдæр алы уысмы дæр тохмæ уыцы заманы. Акæсут-ма се ’вæрдмæ, сæ быпæттæм. Иырык- коп пуыл дæсны хæстон специалисттæ, ипжепертæ дæр хуыз- дæр стратегион быпæттæ пæ равзариккой. Уæд сæ фидардзи- пад та? Уырысы æфсæдты сармадзанты нæмгуытæ пуртиау схъиудтой фæстæмæ мæсгуыты фæрстæй. Уыди ахæм куырдтæ Ирыстоны, æмæ-иу цы згъæр хæдон сарæзта, уый æрмæст уы- цы куырдæп йæхи арæзт карды йеддæмæ æпдæр кард иæ фæ- карстаид. Сæ гæрзарæхстдзинад та афтæ уыди, æмæ сын æм- бал д&р пæ уыди уыцы хъуыддаджы. Сæ дарæс дæр ахæм æх- хæст ифтонг уыди’ хæстæп, æмæ ма хуыздæр æрымысæи нæ уыди. Нæ, æмбæлттæ, кæд иувæрсоп уыди сæ матерпалоп куль- турæ фыдæлтæн, уæддæр иттæг бæрзонд уыди. Уымæй та Дзыл- *лæ раст зæгъы,— стæй’ æппæт адæмы культурæ уыди! — æнæ- дзырддаг æцæгдзннад цыма дзуры, уый .хъæлæсæп ахицæн кйдта Аидо. ; . — Ды йæ иувæрсоп культурæ хопыс, айдагъ хæстон куль- турæ" Андо, -*фæлæ уый уæрæх культурæ уыди,— æрфидауыи ахастæй дзуры’ Дзыллæ.— Ды рох кæпыс æппæт материалоп культурæ — кусæнгæрзтæ, мпгæпæптæ, дзауматæ! Кæс-ма! — Æмæ чызг фелвæста йæ бурмæ^скуы фарсыл хызыпæй йæ аль- бом алы дзауматы пывгæндтимæ æмæ йæ авæрдта Апдойы хъæбысы. — Уымæй дæр сразы уыдзынæи демæ,— худæпдзастæп куыд- дæр зæрдæбын фæлмæпæй бакаст Апдо æмæ альбом æпæрхъуы- ды рафæлдах-бафæлдах кæпынц къухтæ.— Алыхуызон бапдæт- тæ, сретæ, фыигтæ, сыптæджытæ, фæхсбапдæттæ, кусæпгæрзтæ, уыцы диссаджы орнамепттæ! Уыдон Кавказы адæмтæй иры йеддæмæ зопгæ дæр ничи кодта, даргæ пæ фæлæ. Иууыл бæр- зопд та уыди уды культурæ. Кæцы адæмы эпос æрлæудзæн НартЫ’-кадджыты æмрæпхъ? Уый уымæп афтæ у, æмæ нроп 11
адæм рахастой сæ рагон бæстæй — Иранæй, астæуккаг Азийæ стыр бæрзопд матерпалоп æмæ уды культурæ, рахастой йæ адæймагады культурæйы авдæнæй æмæ йæ сæ хæтæн царды сæрты бавæрдтой æмæ ноджы сбоиджын кодтой Кавказы хæх- ты цъассы. Ахъуыды ма кæнут,—сбуц Андо, ныхмæ дзурæг куы нæ уыди, уæд,— зæронд фидар гæпах. Изæры талынг. Арт юнæхъæп хъæдтæй пиллоп уадзы къонайæ аххæрджытæм. Уæ- ларты цæджджииаджы мидæг пæлхъ-пæлхъгæпгæ фыцы æиæ- хъæн дзæбидыры мард. Цæхæрыл цъыс-цъыс кæнынц бур фи- зонджытæ. Сылтæ зилахæрттæ кæнынц хъæлдзæгæй, фæлæ æф- сæрмдзастæн, æхсæвæр цæттæ кæнынц. Бадынц фæхсбаидоныл хæстифтонг богæлттæ. Кæстæртæ лæууыпц, сæ хъаматы сæр- тыл хæцгæпæ, цæстытæ æрттивыпц, былтæ æмыр, æрфгуытæ æлхыпцъ хъазуат цыбæлæй. Уæле бады зæронд фæндырдзæгъ- дæг æмæ дыууадæстæноныл цæгъды. Барджып хъæлæсæй хæс- сы кадæг рагоп адæмоп хъайтартыл... Рæсугъд!.. Æз разы дæн, уыцы дуджы куы цардаин, ууыл... — Æз дæр! — хъæлындзыйæ йын аокъæфта йæ пыхасы кæ- роп Дзыллæ. — Романтизм æмæ идеализмы арвистон, буржуазон идео- логийы æмбыд бындурыл,— багуым-гуым кодта Тугъа1Г æнæ нскæмæ комкоммæ дзургæйæ алыхаттау. — Уæу, мæпæ цæй æрра сæиттæ хъусын,— фæрсæгау ба- касти Тугъанмæ æмæ йæ къухтæ дисгæнгæ фæйнæрдæм фæха- ста æмæ сæ стæй кæрæдзийыл абыдта Асиат.— Нæ диссаджы хъайтароп дугæн лидзы астæуккаг сæдæазты цардмæ! Кæдæм — примитивон мыггагон цардмæ! Уый пырыдугои хъуыды нæу, советоп бæстæпы схъомыл цæрæджы хъуыды. Уып æмбыд бур- жуазон хъуыды у, æндæр пицы. — Къаты бонтæй æрхæнд у нæ дуг дæр, цъæх, иухуызон, æпæахорæпджып бонтæй. Уæд та иудадзыг рæсугъд, тохы, æх- сардзипады, уарзондзипады, фыдазары, хъасты, æгъдауы коло- рнтон боптæ, колоритон царды,— нæма æрырвопг йæ бæллн- цæй æмæ цыбылæй дзуры Дзыллæ. — Ахуыссыди кълассоп химбарынад ацы сылгоймагмæ,— хъæддыхдæрæп сдзырдта Асиат,— æмæ æвæдза фидар фæском-’ иæдисонæй... — Ома цы? — æрчъицыдта æмæ топпыхосау фæпæртт код- та Дзыллæ. — Уый мæпæй мыййаг зæгъыс, кусæг кълассы идеологийæ фæиртæст дæи, æви мыггагон сконд къласстыл дихтæ кæнын- мæ хъавыс? Аспат фемдзастн йе ’мбалы фæсырх цæсгоммæ æмæ æвип- пайды ницыуал сарæхсти зæгъын. 12
*— Кълассон дихдзинад, кълассон тох цыфæнды сконды дæр уыди, уыди мыггагон сконды дæр,— йæ фæуыргъуыйы цы дзу- ры, ууЫл æнæахъуыдыгæнгæ фидауыны хъæлæсæй бакодта бо- ныфæстагмæ Асиат. — Нæ куыст кæронмæ фæхæццæ кæнинаг у. Цы материа- лоп æрмæг æмæ эпосы æрмæг æрæмбырд кодтам, уыдои уæддæр иицы уыйас давынц 18-æм сæдæазты цардыуаг сбæлвырд кæ- нынæи. Хъæуы нæ фольклоры æрмæг æмæ таурæгътæ уæды дугæй. Æз ам лæууын уыцы куыст бакæныпы тыххæй, цы мæн ма мын баззад, уый дæргъы,— багуым-гуым кодта, йе ’мбæлт- ты быцæумæ æмгæрон дæр не ’рцæугæйæ, алыхаттау Тугъаи. — Æз дæр лæууын мæ мæйы дæргъы,— бузныг цæстытæ базылдта Тугъаимæ æмæ æхсызгон хъæлæсæй сдзырдта Асиат уый цинæй, ныхасы фæндаг кæй фæзылди бырынцъаг ихæй. — Уæдæ æз дæр разы! — Æз, куыд нæ экспедицийы сæрдар,— фидар кæнын Ту- гъаны фæндон,— бынтопдæр æнæразыйæ бакодта Андо, баз- зайыны хъæппæрис уый кæй иæ уыд, уый фæдыл. — Уæдæ хъуыддаг ууыл ахицæн уæд,— багуым-гуым та кодта Тугъан æмæ абондæргъы фыццаг хатт йæ цæстытæ спста йе ’мбæлттæм.— Изæры нывæзт сараздзыстæм æмæ райсомæй райдапдзыстæм кусыи. Æрмæст иу бадзырд. Алчи уæ йæ субъ- ективоп равгтæ йæ хызыиы сæвæрæд æмæ фыссæд, æрмæст аф- тæ, кадæггæнæг куыд æмæ цы дзура. Ды, Дзыллæ, фсрох кæи дæ лыстæг буржуазои эстетон цæстæнгас æмæ идеализм, тфу, цымæ уымæй хъауджыдæр иропау дзурын пæ сахуыр уы- дзынæн,— фæмæсты Тугъан, иæ уарзы иропау дзургæйæ æцæ- гйелои дзырдтæ æвзаджы хæццæ кæнып.— Нæ дуг къаты боп- тæй нæу. Куысты æмæ тохы бонтæй у, æмæ идеологоп дзæгъæл- тæ ма кæн. Ды та, Апдо, дæ буржуазон ромаптизм пыууадз. Уый дын революцион романтизм куы уаид, уæддæр ма йыл хъæцыдæунд, фæлæ дын дæ буржуазон ромаптизм дæ кълас- сон мудæнтæ къуымых кæны, фæдзæгъæл дæ кæпы раст марк- систон аиализæй. Ды та, Асиат, де ’пæныфсхастдзпиад иыу- уадз, кæннод фыртæссæн цы сдзурыс, уымæй дæр ницы уал базоныс æмæ æдылы хъуыдытæй гæрæхтæ райдайыс. Тохæй ма тæрс, тохæй! Стæй æгæр иувæрсон цæстæнгас ма дар фы- дæлтыккоп цардмæ. Царды æппæт йæ алы ’гъдауæй иумæ ба- рын хъæуы, кæннод ын раст саргъгæнæн нæй. Афтæ. Цæй, куыст ерысæй фæуæд,— фæзылдта йæ пыхас Тугъан, куы ауыдта йе ’мбæлтты фæтаргонд цæсгæмттæ æмæ быцæу кæнын æввопг цæстæнгас, уæд.— Хуыздæргъæдон æмæ тагъддæр фæуыпы куыстыл ерысæй сидын уе ’ппæтмæ. — Æз исын дæ сидт,— фæлмасæй бакаст Тугъанмæ Асиат. 13
— Мах дæр æй исæм! Изæры йæ нывæзты кæрон бафыс- дзыстæм,— йæхи æмæ Дзыллæйы бæсты дæр сразы Апдо. Дзыллæ фæпыхцыл кæнынмæ хъавыд Апдомæ, фæлæ йын йæ хæлар цæстæпгас куы ацахста, уæд йæ къахæй.ар-иуыгъта æмæ Тугъаимæ фæзылди:—Хорз, пæ ортодокс, хорз, фæуæд афтæ! Асиат Тугъаны базмæлгæ куы ауыдта, уæд сыстад æмæ йæхи аивæзтытæ кодта. Йæ фæдыл сæ бынæттæй фæгæппытæ кодтоп Дзыллæ æмæ Андо дæр. — Хинайынмæ кæй фæнды, уый мæ аййафæд! Асиат, рай- йаф ма мæ,— фæхъæр кодга Дзыллæ æмæ уырдыджы доиы ’рдæм атахти. МÆСГУЫТÆ СДЗЫРДТОЙ Фæззæг, хъулои-мулоп хилджын фæззæг æрбалæууыд Мæс- гуытьг бæстæйы дуармæ, хæлары уазæгæй. Бур-бурид бурæй æрттивынц кæрдинаг хуымтæ, фæмæкъуылджын сты уыгæр- дæптæ. Хъæд фæхъулонтæ ис алыхуызоп ахорæнтæй. Бæрзонд хæхтæ нал дасыпц сæ хил ,æмæ æруагътой сæ урс зачъетæ сæ уæрæх риутæм — бæрзопд фæтæнтæм. Зачъемит’ арвыл бон даргъæй-даргъдæр кæпы, стæй иу бон бамбæрздзæи æппæт Мæсгуыты бæстæйы буар. Йæ хуыз нæ ивы æрмæст тарбын кæрдæгхуыз нæзы хъæд. Царциаты къуыппыл пæзы хъæды къох фæлгæсæнтæ кæпы фæппæрдæм бæрзопд цъуппæй æмæ хаттæй-хатт басусу-бусу’ кæны рог уддзæфимæ. Йæ хъæдбып — Барсæгаты зæппадз, йæ дæлейы та сæ мæсыг æмæ фидæртты хæлдтытæ; уыдоп дæр пæ ивынц сæ фæныкæпгæс хуыз, сæ алфæмбылайы къулаив фæз- тæ бæзджын гауызауы мæцъæл сты сæууон æртæхæй, хур æх- хæст пæма систа æртæхы, æмæ пæ тынтæ хъазынц æртæхы цæ- стыты диссаг æрттивæнтæй. Баймæт бады йæ бынаты æмæ хпмидæг дис кæпы: — куыд раджы ссыдысты абон йæ цурмæ йæ хæлар æпахуыр фæсивæд! Нæзы хъæды къох йæ иу гæбазæй æрбаххæст суапг мæсыджы æмбуар. Мæсыджы хæдфарсмæ хицæпæй, иннæ бæлæстæй ир- тæстæй, слæууыд æвæджиау стыр пæзы бæлас. Æвæджиау йæ бæрзопдæй æмæ йæ ставдæй дæр. Йæ лæуды уаг афтæ у, цыма кæддæр незаманы æвзаргæ æфсады зæропд домбай фæтæг æд æфсад мæсыгмæ æрбалæбурдта, æмæ цыдæр хинæй йæхæдæг нæзы бæлас фестад, йе ’фсад та пæзы хъæд. Йæ домбай цæпгтæ ма бæргæ баивæзта стыр бæлас, фæлæ мæсыгмæ пæ баххæст. Бæласæн йæ сæр лыг у æмæ уый адыл æхсæвыгон бæласы фен- 14
Зсъæлдæуыдзæн дыккаг тъæпæнсæр мæсыг, æрмæст ноджы бй- рæ б&рзонддæр æмæ ф&тæпдæр мæсыг Барсæгаты мæсыгæй. Вайм&т бады алыхаттау æгомыг, æдзыпæг. Хъусы амæлгæ Хъустæй фæсивæды пыхасмæ, фæлæ диссаг, хъыг ын уый уыди, ацы фæсивæд кæй цыдысты ардæм Баймæты хибар бынатмæ, кæй пæ хъыгдардтой сæ сонт дыбал-дыбулæй. Ныр та йып цыма æхсызгон у, йæ цуры кæй сты, уый, æмæ куыддæр йæ зæрдæ фæсæххæтт кодта сæ пыхасмæ. — Не ’мгъуыд фæуыиыл у, æмбæлттæ, афон у Чъребамæ аздæхынæн, стæй нæ ахуыры азы райдиаи дæр æрыввахс. Чъребайы чысыл аулæфдзыстæм æмæ Мæскуымæ сбæлццон уыдзыстæм фæстæмæ, æрымысыдтæн Мæскуыйы, цы йæ æмбæх- сон. — Андо, æмæ ма иу дыууæ бопы куы афæстиат уæм, уæд цы кæны. Акæс-ма, цы диссаджы рæсугъд у фæззæг Мæсгуыты бæстæйы. Æз ам цæрынæй нæ бафсæдии,— цыбæлæй дзуры Дзыллæ æмæ стыр пæзы бæласы цонджы къалиуыл хъсллæут- тæгæнгæ фæлгæсы фæйнæрдæм. — Нæ куыст фестæм æмæ цæуын хъæуы, Дзыллæ. Æниу, æвæдза, мæныл дæр цыма базыртæ базад ацы диссаг бæстæйæ, афтæ "æпкъарын мæхи. Ныртæккæ дæр фестин, мæ базыртæ аивазин æмæ атæхин цæргæсау,— акасти Андо Дзыллæмæ куыд- дæр æнахуыр фæлмæн цæст ферттывдимæ. Чызг ып йæ цæстæн- гас ацахста, фемдзаст лæппуйы цæстытæм, стæй цæсгом фæ- сырхимæ йæ мидбылты бахудт, æмæ цæстæнгас атыдта лæп- пуйæ, æнæдзургæйæ. — Æмæ уæртæ фаллаг фарс куырм уыгау дæхи къæдзæх- тыл сцæвис,— багуым-гуым кодта Тугъан æпæхудгæйæ, Андо- мæ бакæсгæйæ. — Андо, схиз-ма, кæддæра нæ чи раздæр схæццæ уанд бæ- ласы сæрмæ,— фæхъæр кодта Дзыллæ. — Аидойы сыййафдзыпæ ды, хъæлдзæг сæныкк! — фæгæпп кодта цингæнгæ лæппу æмæ уыциуæхст скодта йæхи, чызг цы хус къалиуыл бадти, уымæ. Дыууæйы уæзæп хус къалиу æр- саст, рахаудтой æмæ кæл-кæлгæпгæ фæзы, уырдыджы атыл- дысты дæлæмæ. — Æнкъард мæм кæсыс, Тугъан, цыма разы пæ дæ цардæй Мæсгуыты бæстæйы. Ау, æппын дæ зæрдæ пицæмæй байради сæрды дæргъы? — фæрсæгау бакодта Асиат, йæ цæстæнгас Андойы фæдыл хæсгæйæ. Уыдон кæрæдзи фесхойыиц æмæ ту- лынц дæлæмæ, куы сæ иу, куы сæ иннæ фæразæй вæййы, аф- тæмæй. — Рагон царды цаутыл таурæгътæ фаг не ’рымбырд код- там, кæд æнæуи фольклор æрæмбырд кодтам, уæддæр. Æпæ 15
уыдон та зын сбæлвырдгæиæн у, цы социалоп, экономикоп цард кодтой, цы кълассои тох уыди фыдæлтæм, уый. Дысоп дæр æй куы загътоп, нæ куыстытæ куы бахыгътам, уæд. Цæмæп ма мæ фæрсыс? — æмæ Тугъап мæстыгæрæп йæхп Лæгъзцъитпмæ кæ- сæг скодта. — Уый куыстæй ма у разы, фæлæ æндæр пицæмæй дæ ра- зы, ам цы рæстæг арвыстпй, уый дæргъы? — æхсгæ каст бакод- та лæппумæ чызг. — Æмæ мæ æндæр цы æидæвта Мæсгуыты бæстæпы? — джихæй афарста Тугъап æмæ йæ цæстытæ зæхмæ æруагъта, фыссæпæй йæ дыууæ ’рфыджы астæу пыхгæйæ. — Ннцы! — хъæстгæнгæ фæзыллапг кодта чызджы хъæлæс. Лæппу джихæй бакаст чызгмæ. хъуыдыгæпгæ азылд йæ цæс- тытыл, йæ фæлурс цæсгомыл. Стæй куыддæр химидæг тыхар- хайд акодта, цыма цыдæр уæззау уаргъ йе ’ккойæ аппæрста, афтæ суæгъд кодта йæхи йæ хъуыдытæй æмæ чызгмæ фæком- коммæ йæ æпкъарæнтæй. Уадидæгæп ацахста чызджы æхсгæ цæстæнгасы мидæг мастимæ цыдæр фæлмасы ’рттывд æмæ но- джы пыджджихдæр. — Асиат! Æмæ æз...— хъуыры цыдæр къуыбылой фæсагъд æмæ дзырдты пæ уадзы уæлæмæ. Чызг куыддæр æпхъæлма> гæсгæ пыттынг, фæгæмæл, цыма Тугъаны æд ныхæстæ апы- хъуырдзæн... — Æпдæр... пицæуыл хъуыды кодтоп. Д*ы та?—схаудта фæстагмæ Тугъаны дзыхæй æмæ уадидæгæп фæмæсты йæхпмæ пе ’парæхст æмæ æпæуæпдаджы тыххæй, быптондæр уыцы ны- хæстæ зæгъипаг нæ уыд чызгæн. — Æз? Æз та бнрæ цæуылдæрты, фæлæ ды цы фсидзыпæ, цы баикъардзыпæ? Куырм дæ! — уæззау пыуулæфтæй феуæгъд кодта йæ фæгæмæлæп йæхи æмæ фæхъæр кодта мæстыгæрæй чызг, стæй фестад æмæ хъæды фæмидæг. — «Куырм? Цымæ цы зæгъынмæ хъавыди Лсиат уымæй? Ау, цы пæ уыпып, цы пæ æпкъарын?» — катæйттæ кæпы Ту- гъаи. «Æмбаргæ чызг у, æрвопг сæры магъзджып Аспат, фæ- лæ мæ цыдæр домы, цæмæдæр мæм æпхъæлцау у æмæ йæ куы нæ æмбарын. Æвæццæгæп æй фæнды мемæ æрдзы рæсугъддзи- падыл дзурып, цип кæпын, æпдæр цы? Æмæ уымæн раст у, чызг у! Сылгоймаг арфдæр æнкъары рæсугъддзинад, эмоцио- палои æгъдауæй тыхджындæр у пæлгоймагæй. Айдагъ иптел- ле,кт ын бирæ ницы давы... Фæлæ мæ зæрдæмæ цæуы Асиат, æмбалæп бæзгæ у æмæ мын ме ’пкъарæптæ куы бамбара,- уæд мыл куы фæхуда, куы мæ схыпджылæг кæпа? Цæй, исчерды- гоп сæ бамбæхсдзыпæп». 16
— Лсиат, о, Асиат! — фæхъæр кодта Тугъан йæ катæйттæ аскъуыпгæйæ. — Цы дæ бахъуыди? Хъуыддæгтыл уыпаффæтæй бафæл- ладтæн,— кæцæйдæр æрбайхъуыст чызджы хъæлæс. — Рацу, цæуыл дæ фæпды, дзур! — Мæп дзурып кæныс? Æмæ æз дæ дзурынмæ куы ’нхъæл- мæ кæсып! — йæ фæстæ февзæрди æмæ фæлмæнæй бакодта Асиат. Тугъан фæстæмæ азылди чызгмæ æмæ йын йæ цæстæнгас куы ацахста, уæд сыстади. Бакæстытæ кодта Асиатмæ, стæй пып æнæрхъуыдыйæ йæ къухыл фæхæцыд. Чызджы къух куыд- дæр бадыз-дыз кодта, фæлæ йæ нæ атыдта. Лæппуйæн йæ цæс- гом фæсырх,.цыдæр зæгъинаг иыхæстæ сæры згъорæнтæ кæ- пыпц, фæлæ сæ æвзаг зæгъын ’пæ арæхсы. Уалыпмæ чызг йæ къух атыдта æмæ фæхъæр кодта: — Гъей, Дзыллæ! Ма фæхудипаг кæи сылгоймаджы! — Æз фæразæй дæн,— тыхулæфт кæны æмæ амонды цæс- тæнгас æрттивæнтæ кæпы йæ цæстытæп.— Гъы, хорз лæппу, пыр дæр ма æппæлдзыпæ дæхицæй? — æмæ цæхгæр фæызлди Апдомæ. Уый дæр лæфлæфгæпгæ схæццæ ипиæтæм. — Уый хæрды... ды фæразæй дæ! Фæзы мæ никуы... аййаф- дзынæ! — уарзæгой цæстæй бакаст Андо Дзыллæмæ. — А-а-а, сæрæй сымах хæрды зындзинад ахицæн кодтат! — бахудти Асиат. — Æмæ сымах та? Цы дыл æрбамбæлди, Тугъап, дæ цæ- рæпбопты дæ ахæм уыргъуыйауæй куы пикуы федтон? — хын- джылæг кæны Дзыллæ æмæ Асиатмæ фæрсгæ цæстытæй ба- каст. Дыууæ чызджы куыддæр иу уысмы дæргъы сæ цæстытæй кæрæдзиимæ пыхасыл фесты. — Æвæццæгæп, хæрды не сфæрæзта Асиаты фæдыл,— ху- ды Андо. Дзыллæ Асиаты цæстæпгасмæ æиæ разыйæ йæ сæр бан- къуыста. Тугъан пицы æмбары æмæ хипымæр мæсты кæны. — Цæй, хъазыпæн æмæ хынджылæгæп æгъгъæд уæд,— йе ’муд æрцыд æмæ та гуым-гуым кæиы Тугъап, куыддæр тызмæ- гæй.— Мæнмæ иу зæгъинаг ис сымахæн. Цæвиттон, алы æрмæг дзæвгар æрæмбырд кодтам. Уыдопыл ма, алы ахуырадон чин- гуыты ироп адæмы ивгъуыд царды тыххæй, уыдон куы бафта- уæм, уæд ис пыффыссæн сæрмагопд куыст исты проблемæйыл. Цæй, æмæ райсæм пæхимæ исты ахæм проблемæйыл иртасы- нады куыст бакæныны хæс. — Æмæ цы, ахæм проблемæ сыхалæн ис цардыуагæй фоль- клоры æрмæджы фæрцы? — йæ цæстытæ æпæразыйæ æрцауыгъ- та Тугъапыл Асиат.— Æрæмбырд кодтам кадджытæ, таурæгъ- 2 Мах дуг № 7-8 17
тæ, уыцп-уыцитæ, æмбис&ндтæ, аргъæуттæ. Фæлæ, раст дыи зæгъон, цы пайда сæ скæндзыстæм мах, уып бæстоп нæ хатыи. — Уый ннстптуты хъуыддаг у, мæнмæ гæсгæ. Спайда сæ кæнæд, куыд æй фæпды, афтæ. Мах нæ хæс сæххæст кодтам уæлдайджыптæй. Асиат цы раиымадта, уыдон пæ уæлдай куыст сты, уымæн æмæ пæ хæс æрмæст материалоп культурæ уыди рафæлгъауын. Мæнæп уый зонып дæр æгъгъæд у, иæ адæмоп фольклор иттæг бæзджын æмæ бæрзонд кæй у, кæй сыпзæрдп 1:æ адæмы историйы хицæн дугты, кадджын, хъайтарджып дуг- ты. 0, фæлæ иыи кæд пнститут бахæс кæна йæ «уацтæн» ахуы- радоп куыст ныффыссып, уæд æз «нæ» зæгъинаг нæ дæи,— пыхзс айста йæхимæ Андо. — Стæй, цæй диссаджы рæсугъд кадджытæ æрæмбырд код- там, цæ. Кадæггæнæгмæ хъусгæ-хъусын мæ рох дæр афбаци, фыссып сæ кæй хъæуы, уый,— бæллицæй бакодта Дзыллæ æмæ пæууыл йæхи æруагъта. Фæсивæд зæронд бæласы бын пæууыл сæхн æруагътой æнæ- дзургæйæ, кæмæ куыд хуыздæр касти, афтæ. Чи бадгæ æркод- та, чи æрдæг фæрсыл. Чысыл фалдæр хибарæй мæсыджы аууоп бады зæропд Баймæт. Адæмæй сæрхызт, дис кæпы йæхимидæг, цæмæй йæ æлвасынц сæхимæ ацы æнахуыр фæсивæд, афтæ æнæхииæй йын йæ сæрхызтдзипад чи халы æмæ йæ ам дæр чи хъыгдары. Цæмæп æм кæсы дзæбæх ацы фæсмвæдмæ хъусын, хъыг ып куы у хъусын адæймаджы ныхасмæ. Æмбаргæ сæ куы кæпид, уæддæр ма цынæ вæййы, фæлæ сæ æрдыг цъæррæмыгъд- тытæй гæзæмæ йеддæмæ æмбаргæ дæр куы нæ кæны. Стæй йыи цæмæн афтæ хъыг у сæ сомы кой? Мæиæ сæм ныр дæр алы хаттау æдзынæгæй хъусы, лæдзæг ныхмæ быцæу сæвæргæйæ, æмæ дис кæиы, куысты койæ дарддæр сæм кæй никуы пицы вæййы, ууыл. Раст у, абопау хаттæй-хатт æнæ аипп хъæзты- тæ дæр акæпынц, фæлæ цыма фефсæрмы вæййынц, афтæ уади- дæгæи фæуадзыпц, сæ хъæзтытæ. Стæй сæ рох пикуы уыд. Бай- мæт ам кæй бады, æмæ дзурыпц сабыр, хъазыпц æпæ хъæлæба, цæмæй йæ йæ хъуыдытæй ма фæиртасой; уый пæ хатыпц, Бай- мæт уыдонмæ хъусæг кæй вæййы, цалыпмæ йæ цуры вæййыпц, уалыпмæ. Рæсугъд фæсивæд сты. Мæнæ иу æртæ къуырийы дæргъы сæ ам къуыппыл пал федта æмæ сæ мысыди. Æпæр- хъуыдыйæ сæ агуырдта, афтæ сыл фæцахуыр ис. Цæмæйдæр ын байдзаг кодтой йæ иунæджы царды боштæ, фæлæ цæмæй, уый пæ хаты. Дзæбæх фæсивæд сты, адæмыл сæхи бæттыпц, æ^хуыс сын кæиьгнц алцæмæй, æгъдауджын сты, æфсармджыи. Гъе, фæлæ куыддæр æнахуыр сты, йæ дуджы æфсармджын фæ- сивæды æууæлтæй сæм ницы ис, пицы уадиссаг ныры фæсивæ- ды æууæлтæй дæр. Науæд искуы-ма уый дæр æрцыди, æмæ 18
чыидздзоп чыджытæ æмæ усгур лæппутæ боптæ иумæ æрви- той? Пæп. Ироп фæсивæд сты, фæлæ цавæрдæр æндæр царды фæспвæд, Баймæт кæй пæ зопы. Гъе, стæй сæхи пог царды койтæ куы фæкæпынц, уæд æй барæптæ сисынц Баймæты ду- джы цзрдпмæ. Æвзарынц пæ дуджы цард. Хаттæй-хатт сæм- бæлыпц нæ дугои цардыл, гъе, раст цыма сæхи цæстыты раз ацыд, хаттæй-хатт та ’ пæ быптои зыгъуыммæ æмбарынц. Дис- ( аг фæсивæд. Ста?й сæ пæмæн бахъуыд рагоп дуджы цард зо- пып, иы дзы къахынц? Хъæуы фæсивæдау, хуымæтæджы цы- мыдисæп æмæ аргъауыл хи прхæфсыпæп пæ! Уый Баймæтæн бæрæг у. Фæлæ уæдæ цæмæп? — Æмæ^ Баймæт ноджы тынг- дæр гæмæл кæиы йæ хъустæ фæсивæдмæ. — Фоль’клор æмæ уæлдайдæр та цардæй исты таурæгътæ раст сыхалдзысты махæп æхсæнадон дзыллæйоп ахастытæ, зжопомикоп уавæр, кълассты скопд æмæ кълассон тохы змæлд- тытæпæ фыдæлты ’хсæп. Уыдоп нын ратдзысты раст сбарып кæ дзыллæпои рæзыпад. Фæлæ, раст зæгъгæйæ, мах цы ’рмæг æрæмбырд кодтам а-фæстаг къуыриты дæргъы, уыдон иттæг бæзгæ æрмæг ие сты. Раст зæгъып хъæуы, фæззæджы куысты- ты тæмæпы адæмы не ’вдæлы махмæ. Фæлæ мæнæ Баймæты хуызæи зæропд адæм иып куы ракæпиккоп комкоммæ цардæй гсты, сæ цæстыты раз æрцæугæ, науæд фехъусгæ хъуыддæгтæ, гхопæм уыцы ’рцæугæ хабæртты кадджытæ, гъе, уæд нæ хъул сах абадид, гъе. Асиатæп æрæджиау дзуапп дæтты Тугъан: — Мах цы ’æрмæг æрæмбырд кодтам, уыдоп дæр æгъгъæ- дыл нымайын цыфæпды проблемæ сыхалынæн дæр,— йæ къа- хæй ариуыгъта Дзыллæ.— Æпиу ахæм куьгст махмæ пæ кæсы, Апдойы загъдау, фæлæ... — Æмæ уæдæ æрмæг куы ’мбырд кодтай, уæд дæ зæрдыл ппкуы æрлæууыд хицæп фарстытæ? Дзырдæн зæгъæм: цы уа- вæры уыд сылгоймаг æмæ цæмæп? Цæй фæдыл уыдис карз тугисы.иы хъуыддаг æмæ цы экопомикоп бындурыл æнцади? Цæй тыххæп цагътой кæрæдзи фыдæлтæ? Ау, уæд цы ахуыра- дои кусæг дæ æмæ йæм бафтау — политикоп кусæг,— йæ къух- тæ фæппæрдæм дисгæпгæпæ фæхаста Асиат.— Раст зæгъы Ту- гъан,— пыхасы апп аивта Аснат, цæмæй та Дзыллæ ма сзагъд кæпа,— цардæй псты хабæрттæ нæм цъус ис, стæй нæм цы ис, уыдон дæр фæсивæд ракодтой, æмæ цух пе сты сæ ракæпджы- ты субъективои æпгасæп, романтизмы дæлдзырдтæп, уый адыл нттæг бæзгæ а^рмæг пс сты, æиæ асыгъдæг кæнгæйæ. — Æз пыртæккæ дæр цæттæ дæн пыффыосыпмæ куыст, кæцыфæпды проблемæйыл дæр, цы æрмæг пæм ис, уый бып- 19
дурыл. Æгæр хорз æрмæг дæр ма у! — хиппæлæгау бакодта Андо. — Æмæ рауайдзæн æмбыд романтикон, пауæд идеалистон Дзæнгæда,— фæтызмæг Тугъап,— Махæп институт, куы ма йæ зæгъын, чи зопы, бафæдзæхса псты ахуырад-иртасæг куыст ныффыосын хицæн социалои кæиæ экопомикон фарстыл 18-æм сæдæазæй. Ахæм стыр баууæнчы хъуыддагыл «нæ» зæпышаг стæм мыййаг? Æппындæр пæ. Гъе æмæ иæ уый тыххæй хъæуы поджы лæмбынæгдæр бакусыи. Хъæуы нæ ссарып зæропд ка- дæггæнджыты, цæмæй нын уыдон радзурой сæ дуджы царды ’рцæугæ нывтæй, пауæд кæй фехъуыстой сæ фыдæлтæй, уыдо- пæй. Ахæм зæрæдтæ ницы субъективон цъарыг хæссынц цауæи нæхи аивадон æвзагæй дарддæр. — Уый фæнд у, гъе! —сции кодта Асиат.— Фæлæ ахæм кæн зонæм Мæсгуыты бæстæйы? Амопынц иып, кæй фæрсæм, уыдон уæлæ Къæбырджын хъæуккаг Асæхы, æмæ мæиæ Бабийы. Асæх фырзæронд у кæмдæр, стæй хæццæ кæпы цаутæ. Баби та рагæй нал кæны кадджытæ. Æвиппайды Асиат цæуылдæр фæкатайхуыз, стæй цыма йæ сагъæсы абырста, йæ сæр батылдта, сыстад æмæ Баймæтмæ бараст. Баймæты цур йæхи æруагъта. — Баби, о Баби, ракæн ма нын дæ кадджытæй, æхсызгоп нæ куы хъæуынц,— ласы фæлмасæй чызг йæхи Баймæтмæ, æмæ æнæуæпдонæй дауы зæропды лæдзæг йæ къухæй. Фæсивæд кæрæдзимæ бакастысты Асиаты ныфсхастыл ди- сæй, стæй сæхи æввахс байстой Баймæтмæ. — Баби, æз дæр дæ курын, æмæ мæнæ не ’ппæт дæр.— Дзыллæ адæргъ Баймæты къæхты раз æмæ фыр фæлмасæй ризы хъæлæс. Лæппутæ дæр æрбадтыеты Баймæты цур. Фæсивæд æфсæр- мæй сæ улæфт фæурæдтой æмæ æпхъæлмæ кæсынц Баймæт-- мæ,— цы зæгъдзæн? Зæрдæ куыддæр бахъыдзы кодта зæронд Баймæтæн. Æх- сызгоп ып у чызджыты рæвдаугæ, æфсæрм лæгъстæпы пыхас. Зæрдæйы их атади æмæ хъарм донау атавта зæрдæйы хъусты. Уыцы хъарммæ хъусæг фæци Баймæт, ницы дзуры. Фæсивæд алы хаттау «пæ» зæгъыны æнхъæлцауæй фенкъард сты. Фæлæ сæ дисæп ацы хатт Баймæт пæдæр «нæ загъта, пæдæр «о». Йæ фыдæлты мæсыгау ма æнæзмæлгæ аци иу дзæвгар, йæ цæс- гом цъæх айнæджы фарсау, стæй æнæфенгæ уæззау систа пæ сæр, ныхыл фæхæрд кодтой уæллаг рихитæ — æрфгуытæ, æпæ- уынæг цæстытæ ’рзылдысты, арв Лæгъзцъитийыл кæм æрып- цад, уырдæм, сабыр базмæлыдысты æууад зачъетæ, сæ фæстæ та хус фæйнæджытæ — æфсæртæ æмæ диссаджы фæлмæн, ри- 20
уæй цæугæ зæлджып хъæлæс ныззарыд фæсивæды хъусты. Сдзырдта Баймæт — зæронд мæсыг: — Куырм дæн æхгæд зæппадзау, къуырма калд мæсыгау. Бампылдысты мæ хъуыды, мæ зонд хус серайау. Бахуси ме ’взаг мæ дзыхы, фæйпæджы гæппæлау. Къуымых у мæ ныхас, хуыр-хуыр кæны мæ хъæлæс. Кæд искуы æвзыгъд уыди мæ зопд, кæд искуы мæ хъæлæсы хъуьгсти æндон зæлланг, уæд абон талыиг у мæ зонд, талыиг мæйдарау, æмыр у мæ хъæлæс уæртæ уыцы’бæласы зæнгау. Бирæ мæ ма ’нхъæлут, бирæйы адæймаг пал дæи. Стыр уынаффæты мидæг стут, мæ хуртæ, цыргъ у, фæрин- кау, уæ зонд, хъримагау уæ цæст, æрдыны босау уæ хъус, фæн- дырау уæ хъæлæс, фæлæ уын уадиссаг ницы хаты мæ талынг зопд. Æнахуыр фæсивæд мæм кæсут. Нæ мæ дуджы фæсивæды ’игæс стут, иæ пырыккон фæснвæды. Нæ кард æмæ уарт у уæ бæллиц, нæ хорз бæх, нæ хорз чызг, нæ æхсары ном æмæ кад, пæ чыидзæхсæв, нæ марды дугъ — ахæм бæллицтæй цардп мæ дуджы фæсивæд. Ныр дæр цæры фæсивæд хорз хссдз:уы, хорз ахуыры, хорз барæджы, хорз кафæджы бæллицтæй, фæлæ уы- дон дæр не сты уæ бæллицтæ. Æви æппæт царды бæллицтæ арф бæллиц ут, афтæ дæр мæм фæкæсы, фæлæ сæ æргом пе ’вдисут æфсæрмæй, цы уын зонын. Æдзух уæм ис цыдæр ахуы- рады кой, хæссут арæх фыдæлтыккон царды койтæ, фæлæ не ’взарын, нæ хатын, цæмæй мæ фæрсут. Гъе, фæлæ цы зоиын, уый уын нæ бахæлæг кæпдзыпæн. Фыдæлты памыс рæгъмæ хæссут, агурут, æвæццæгæн, ныры цардæн хуыздæр фæрæзтæ, адæмы амошдæн æпцондæр фæндæгтæ. Рæстмæ уын уæд уыцы фæнд, рæстмæ уæ куыст, мæ хуртæ, мæ зæронд сæр уын уый фестæд, цæмæй дзы райгонд уат. Зæгъьгнц, цыдæр æмдзæрин цард, дам, рæзы, цыдæр хæлары цард,— баптысæд уьш мæ фæндиаг æмæ уæхи фæндиаг. Дзурын иæ зоиын, мæ хуртæ, сымахау, ма мыл бахудут, куыд къуындæг мæ зонынад, афтæ ме ’взаг дæр, куыд цыбыр мæ хъуыды, афтæ мæ пыхас дæр. Цы зопын æмæ куыд зонын, уымæй уын ра-кæндзынæн мæ фыдæлты кой, цæмæй цардысты, цæмæй радысты, гъе, цæмæй рыстысты, цæмæй тыхстысты, уый,— зæронд Баймæт йæ тамакойы æууылд райста йæ дзыхæй æмæ йæ йæ худы счъилы цæвæрдта, йæхæдæг мæсыджы фарсыл бан- цой кодта æмæ йæ зачъе уæззау æрдаудта. Фæснвæд цинæй барухсгонд цæсгæмттимæ рабадтысты Бай- мæты алфæмблай, кæмæ куыд рæстмæ каст, афтæ. Тугъан йæ фарсыл хызынæй систа егъау блокнот, йæ фыссæны фындзмæ ’ркасти æмæ йæ аив цыргъæй куы федта, уæд блокнот йæ уæр- 21
джытыл æрæвæрдта æмæ фыссынæввонг æпхъæлмæгæсгæ ным- дзаст Баймæтмæ. Уалыпмæ Баймæт райдыдта дзурыи: 1. Кодзыртæ — Æз цæстæй нал уынып, мæ хуртæ, фæлæ ма уæлæ хурыс- кæсæпырдæм скæсут. Уым иу цъупп ис фаты фыпдзы хуызæп хох. Уый фидар хох хуыйны. Хохæн йæ тæккæ раз бынæй ис пу хъæу. Мидæггаг хъæу. Уæллаг Ермап дæр æй хопыпц. Ар- дыгæп йæ мыййаг не суыидзыстут, уæлæ Къуыбырджын рагъы фæсаууоп ис. Уыдоны æрцыдмæ мын хорзæп фæцæрат, раджы кæддæр уыцы хъæуы цардысты Кодзыртæ. Чысыл мыггаг уыди, æнæкъабаз мыггаг Кодзырты мыггаг. Мпдæггаг хъæуы пу иып- пар хæдзарæй цардысты Кодзыртæ хъæугæрон. Кæд æп уæ зæрдыл бадардтат мыййаг, æнхъæлдæн, уыдыстут дзы, гъе, уым допы фаллаг фарс, суары сæрмæ уæзæгыл ис иу стыр дур. Уый Кодзырты къæдзæх хуыйны — гъе, уыцы дуры фарсмæ уыдысты сæ цæрæптæ, сæ хæдзæрттæ. Цыбыр мыггаг уæвгæйæ, лæгæй дæр цух уыдысты, уæдæ цы, Кодзыртæ. Лæг цух та, мæ хуртæ, уыцы дуджы цы мыггаг уыди, уый ныфс цух дæр уыди æмæ цард цух дæр уыди. Афтæмæй мæгуыр мыггаг уыдысты, æпиу, æвæдза, куысты æмбал кæм уыди Кодзыртæн. Цы уыды- сты, уымæп номхæссæн уыдысты цыфæнды куысты дæр. Сæ хосдзауæп æмбал хосдзау кæм уыди, сæ хуымонæн — хуымоп. Зæхх дæр сæм ницы уадиссаг уыди — мæгуыр мыггаг хæхбæ- сты зæхцух, доп цух куы пæ уаид, уæд мæгуыр дæр пæ уаид, æмæ Хъоротæй тыхджын, зæхджын мыггагæй истой зæхх хац- цонæи æмбис хаймæ. Афтæмæй цардысты, тухæн кодтой бапæд- дæдæр Кодзырты байзæддаг, уæдæ цы. Уæд Кодзыртæй иу Тохтæ хуынди, лæппулæг, кæмдæр æрд- хæрæи хъаруйæ æмæ æхсарæй, помхæссæп — йæ куыстæй. Йæ мад æмæ йæ фыд, дыууæ дæр зæрæдтæ, цардысты, фæлæ мæпæ мæпау куыстæн æххуые пал уыдысты. Узæлыд дыууæ зæропд- мæ æмæ сæ дардта сæ чындз, уый дæр лæдж’ыхъæдджып сыл- гоймаг. Тохтæйы бинойнаг Рубайон. Цас фæцардаиккой афтæмæйты, фæлæ иу ахæмæй фæстæ- мæ Тохтæ йæ хæдзары арæх нал лæууыд, æддæты хæтыди, чи йьгн цы зыдта, кæмыты уыдысты йæ хæтæнтæ? Фæлæ хæдзар- мæ ’рцыди йæ балцæй, уæд афтид армæй пикуы æрыздæхти; цы нæ дзаума-иу æрхастаид йæ сау бæхыл. Мыггаг дæр ппцы дзырдтой Тохтæйы арæх балцытæй, кæм сæхи мыггагджын лæг уыди, кæм йæ фыднмæ Кодзырты мыггаджы ’хсæп дзырддзæу- гæ уыдп, кæм та, æвæццæгæи, æпæхайджып дæр пæ уыдысты 22
Тохтæйы æрхæссæггæгтæй. Иузæрдыг уыдаиккой Тохтæйыл, æви дзы æфсæрмы кодтой, науæд тæрсгæ, уымæп дæспы пæ дæн, фæлæ хосгæрдæн уыдаид, уæд хуымгæрдæнæй зæгъай, акæс æмæ Тохтæйы уыгæрдæитæ карст æмæ мæкъуыл амад, йæ хуымтæ раздæр уыгæсгопд. Куыстой æрвадæлтæ Тохтæйæн, уæдæ цы, кæм зиуæй, кæм хæрзиуæг æихъæл. Иу ахæмы та, Хуыцау уьш хорз ракæна, кæцæйдæр æрцыди Тохтæ дзаг рифтæгтимæ йæ сау бæхыл, æмæ йæ фарсыл æр- хаста днссагæн дзурииаг фæрипк. Дыууæ куысты астæу расс- тæг уыди, уалдзæджы куыстытæ фæуд уыдысты, фæззæджы куыстытæи та лæугæ пæма ныккодта сæ афон, афтæмæй æв* дæлои адæм Ныхасы къæцæлтæ амадтой, уæдæ цы кодтаик- кой. Рацыди уæд йе ’рцыдæи йæ райсомы Тохтæ Ныхасмæ, фæ- сивæды ’хсæн бацыди æмæ йæ сины сæрыл хæцгæйæ зæгъы: — Гъе, Куырттаты сахъ фæеивæд! Чи уæ у абоп раппæли- наг йе згъæропæй, пауæд йæ кардæй, гъе, йæ уартæй, уый ма йæ сфæлварæд мæпæ мæ кардыл. Иу æфсæйнаджы фæлахс кæмдæр ссардтоп æмæ фарсыл дарьшы аккаг у лæгяу-лæгæп, æви хуымоиы къухы æхсырфæй хуыздæр сфидаудзæп, у’ый рав- зарын мæ ’рфæндыди,—• æмæ сæрыстырæй йæ мидбылты ба- худти Кодзыры-фырт, афтæмæй йæ кард сласта. Уæд-иу, мæ хуртæ, фæсивæд арæх хъазыдысты кард æмæ уартæй, дамбаца æмæ топпæй. Фыд рæстæг уыди æмæ алчи йæхи ахуыр кодта хорз арæхсыныл хотыхæй, алчи архайдта æвзаргæ хотыхтæ самал кæныиыл. Куыппæ разындаид Хъороты æмæ Джеллыты хъал фæсивæдмæ дæр хорз хотыхтæ? Тохтæйы ныхæстæм фелвæстой сæ кæрдтæ, уæдæ цы уыдаид. Фæлæ уал уæдмæ Тохтæйы кард æрми-армы азылди Ныхасы бадджыты ’хсæп æмæ фæсивæды къухтæй бахæццæ хистæртæм дæр. Ас- гæрстой йып зæрæдтæ дæр йæ фыстытæ, йæ ком, йæ буар, суанг ыи йæ фистои дæр æруындтытæ кодтой æмæ уæд иу зæ- ронд лæг бакодта: — Фæрнæй дар, Кодзырон, дæ æфтиаг, лæджы аккаг дын у, фæлæ хорз бакæпис æмæ йæ йæ кæрддзæмы куы сæвæрис. Хъазгæ дзы ма кæн, мæ хур. — Бæзгæ кард у, æмбал ып бирæ нæ разындзæп иæ хъæуы. Сæвæр æй йæ кæрддзæмы, Кодзырон, де знаджы дьш дæ амæд- даг кæпæд,— дзуры иипæ зæронд æмæ дæтты карды йæ хи- цаумæ. Ацы ныхæстæм фæсивæд сæ кæрдтæй уыцы пыфсхаст иал уыдысты, æмæ Т0хтæ йæ кард кæрддзæмы куы нывæрдта, уæд уыдои дæр æрсабыр сты. Хъороты Бæдтумæ дæр хорз кард хуыдтой. Хъал уыди Бæд- ту, рæстæмбис лæг, йæ ис, йæ бопæй, хъал уыди йæ кардæй. 23
Рахызти размæ æмæ зæгъы: — Гъе, Кодзыры-фырт, куыд тагъд фæтарстæ дæ кардæп? Æрдар ма йæ, æз дыи æй сфæлвароп! Фæлæ пæ дзырд ууыл фæуæд: кæмæн фæцъула уа, уый йæ инпæмæн радтæд,— йæхæ- дæг дыууæ карды дардта æмæ, йæ галиу фарсыл чи уыд, уый фæцъипп кодта кæрддзæмæй. Ныхасы дыууæ лæгыл дæр сæ цæстытæ æруагътой, уæдæ цы. — Фæуæд дæ загъдау, Бæдту, кæд дзы æндæр хос пал нс, уæд,— æвæндонæй бакодта Тохтæ, нæ йæ фæпдыд Бæдтуимæ, хинæйдзаг лæгимæ сифтыпдзып, æмæ йæ кард сласта.— Фæ- лæуу уæдæ, афтæ цæв, æмæ ма мын дæ карды лыггагæй æх- сырффаг уæддæр куыд рауайа,— йæхæдæг кард æрдардта. Фæмæсты хъал Хъориоп, уæдæ цы уыдаид, чи куыдз, чи хæ- рæг у Тохтæ, йæ кард ын чи схынджылæггаг кодта. — Уæдæ фæхъахъæ дæ кардмæ, хъал Тохтæ! — фæхъæр кодта мæстыйæ Бæдту, бæрзопд фæхаста йæ кард æмæ цæлхъ, зæгъгæ, тых-тыхæгæй пырриуыгъта Тохтæйы карды. Уæ балгън- тæджы кард дæр афтæ, кард йæ цæвæпы хæрисы къалиуау дыууæйыл ахаудп. Тохтæйы кардыл нос дæр пæ фæзынди. — Ай фыдæбоны кард разындтæ æмæ уый,— дауы йæ ар- мы тъæпæнæй йæ карды æрттиваг буар Тохтæ, цыма йæ саби- йы уадул рæвдауы хибарæй, æмæ сæрыстырæй йæ мидбылты худы.— Æнæрай дæ счындæуа, ацы фыдæбопы кард, кæд дып адæмы кæрдтæ хæрисгæрдтæ пе сты. Æви хæрисгæрдтæ дарыпц сабитау сæ фæрстыл нæ хъал фæсивæд мыййаг цы? — Гъе, фыдæбопы гуырд Кодзыроп, айс мæ саулохаг æд саргъ, æд уидои. Айс дыууæ стдæсы æвзаргæ стуртæп, сæ уæлæ ма мæнæ меннæ кард дæр, рауæлдай мын кæп дæ фæринкы,— дзу[ш йæм сæрыстыр Бæдту.— Ды та ссардзыпæ, хæтæг барæг дæ хæтæиты,— æмæ мæстыгæр бахудти. — Æмæ цы мс мæ сау æфсæйнаджы гæппæлмæ бабæллиц- цагæй, уæ, Бæдту, утæппæт фос кæуыл дæ рауæлдай кæнипаг? Уартæ Дайрапы, зæгъыиц, Арвы комы нарæджы Терк хорз кæрдтæй кæмдæр ауæзт у. Æрхæсс уырдыгæй гъе дæ исæй, гъс дæ æхсарæй Хуыцауы лæвар. — Гъе, Тохтæ, æгæр-æгæр ма кæн, æгæр-æгæр! Хорз кард æпдоп уартыл æмбæлаг у! — тызмæгæй йæм дзуры фыдуаг Бæдту. — Æмæ мæ уæд цы тæрсып кæныс, уæздап Бæдту? Хорз кард æндон уарты дæр хаттæй-хатт акæрды фæлмæн цыхтау,— уазал хъæлæсæй бакодта Бæдтуйы æмбæхст æртхъирæнмæ Ко- дзыры-фырт. 24
Ныхасы адæм, фыдбылызæй тæрсгæйæ, æпдæр койты бацы- дысты, уæдæ цы уыдаид, афтæмæй аивæй-аивæй ахицæп код- той сæ дыууæйы дæр. Фæлæ арф пымбæхста уæдæй фæстæмæ пæ сау зæрдæйы маст хин æмæ кæлæп Бæдту, йæ æпæнхъæлæ- джы маст. Уæдæй фæстæмæ дыи райдыдта мæстытæ кæныи Кодзыртæп сусæгæй-æргомæй, пал ауæрста разпаггадыл — æф- сон ссарæи разнаггадыл. Куы сын-иу сæ хуымтæм фос бауагъ- та, куы еып-иу сæ уыгæрдæптæм йæ фыййæутты сардыдта. Цы сдзырдтаиккой, мæгуыртæг, Кодзыртæ, быхстой Бæдтуйы æф- хæрд, уæдæ цы, кæм ныллæууыдаиккой цыбыр мыггаг Хъоро- ты ныхмæ, сæдæ топпæхсæджы чи нымадта йæ лæгрæгъауы. Чысыл-иу бахъуыр-хъуыр кодтой, фæлæ Бæдтуйæп æфсæиттæ агурын хъуыд, цы? Æхсары сæрыл ныххæцыдаиккой æмæ уæд та сар сæ къоиа кодта, цынæ ис, фыдбылыз мыййаг асапгæйæ сып уæд æгæрстæмæй мæсыг дæр нæ уыди, сæ сæр кæм бафс- найдтаиккой. Хъороты дыууæ авдбынатон мæсыджы та арвмæ фæцыдысты, цæмæй, пауæд кæмæй фæтарстаиккоп? Гъемæ быхстой Кодзыртæ, кæд хоры къæрмæг сызгъæрипæй йе ’муæз- мæ цыд уыцы дуджы, уæддæр. Тохтæйы та хæдзары чи ссард- таид, науæд-ну кæд æрæфтыд йæ хæдзармæ, уæддæр-иу æй хп- стæртæ.басабыр кодтой. Бонтæ цыдыеты, уæдæ цы уыдаид, æмæ дын иу ахæмы Бæд- тумæ æрфысым кодта Гаглойтæй иу Парса, зæгъгæ, йæ ном. Рæуæг, æиæуаг адæймаг уыди кæмдæр уыцы Пареа. Бæдту æргом фыдбылыз скодтаид Кодзыртæп йæ масты фæдыл, уый йæ ныфс, æвæццæгæи, нæ хаста, пауæд æй цæмæй зоны, фæпд- гæ дæр нæ кодта исты зыпдзипад скæнын йæ мыггагæп. Гъе фæлæ пæм Парса куы ’рбафтыди, уæд цыдæр хипы хъуыды ба- цыд йæ зæрдæйы. Цæвиттоп, уын агъоммæ дæр Парсаимæ хæ- лар уыди, иу-цалдæр хатты йемæ Гуры быдыры гуырдзиаг хъæутыл дæр æй цопджы уæз æруагъта æмæ зыдта Парсайы æууæлтæ, рæсугъд сылгопмагмæ-иу йæ бæдтæптæ атыдта. Иу хатт сæ Амылахор æлдар, чысыл ма бахъæуа, ма бабыи кæна йæ чегъретимæ. Иу хъæуы афæстиат сты, сæ иу æлдары куыйты уæлхъуе, се ’ппæ— æлдары чызджы уаты... Афтæмæй сыл Амы- лахоры фæсивæд æрхъула кодта æмæ ма тыххæй рапрвæзты- сты: чегъреты ’хсæп кардæй рафæпдаг кодтой сæхнцæн уæл- бæхæй. Ныр æм Парса куы ’рбафтыд, уæд фæцæл кодтой стыр фæ- сахсæвæрмæ дыууæ хæлары, цæмæй фæцæл кодтаид йæ уаз- джытимæ, уый цæмæннæ уыдаид Бæдтупы дзаджджын хæдза- ры. Стæй Бæдту йæ уазæджы хуыссæнуатмæ куы акодта, уæд ын алы хип пыхас фæкодта. Уалынмæ пæхи бипойпаджы уат- мæ ацыди æмæ йып бацамыдта,— Тохтæйы ус Рубапопмæ ми- 25
пæвар куыд фæуа Парсайæ, æмæ йæ куыд сразы кæна. Ус дæр пæ лæджы зопды сæрты цæмæи ахызтаид æмæ йып ком радта. Парсайыл æхсæв бопмæ хуьюсæг пал æрхæцыд, цыма йæ хуыссæп артау пиллон уагъта, афтæ рафт-бафтæй йæхиуыл сбон кодта. Цы ’гъдауæй фепа Рубайопы, ууыл катæйтты хъуырдухæп ’фæкодта. Фæстаджы ну хъуыды йæ сæры ’рба- лæууыд... Бонрæфты фсстад Парса æмæ йæ бæхы йæхæдæг доимæ иылласта. Уым æй дописæпы пыпнадта æмæ йæ араскъæр-бас- къæр кодта. Уалынмæ устытæ суадопæй доихæссын куы сиф- тыгътоп, уæд уыцырдæм базылди æд бæх. Афтæмæй цыдæр фыдбылыз æрхаста Рубайоны суадонмæ зыбыты иупæгæн. Пар- са йæ уадидæгæп базыдта Бæдтуйы амыпдæй. — Хорз ус, бахатыр кæн, дæ донæй мып авæр, аипп у æпæ- зопгæ сылгоймагмæ бадзурып, фæлæ,— бадзырдта Парса Ру- байоимæ æмæ йыл йæ цæстытæ ныццавта. Ус йæхи бацамыдта æмæ йын доп радта, уæдæ цы. Рæсугъд уыди, æпамонды рæсугъд Рубайон. Рæсугъд куыд уыди, хъаруйæ æмæ æгъдауджыпæп дæр афтæ æххæст. Парса фæсоптау. Цы ми кодта, кæм ис, уымæп ницыуал æмбæрста æмæ, усмæ допы къус æрдæг пуæзтæй фæстæмæ куыд авæрдта, афтæ йып йæ цонг ацахста. — Гъей, рæсугъд Рубайоп, бæгуы æвгъау дæ æгуыдзæг мыг- гагæн, хæтæпхуаг лæгæн. Сызгъæрин, налхъуыты, ыалмасы дæ сфæлыпдзин, ком мын куы радтис, уæд. Цом, абадæм мæ бæ- хыл. Науæд дæ кæд нæ фæпды фидар хох Уанелы уæлвæзтыл ивын, уæд та кæрæдзи зопыныл сразы у! Айс мæ зæрдæ, æри дæ зæрдæ мæпмæ, цæмæй-иу рæвдауоп дардæй мæ бæлопы Хъелы рæгътæм. Æз Гаглойон дæп — тыхджын, уæздан разагъ- та лæг. Дæ худипаг худинаджы хыгъд нæ, фæлæ кады хыгъ- ды цæудзæн, куы фæхъæр уæм, уæддæр. Афтæмæй ус йæхи атон-атоп куыд кодта, афтæ йып ныпъпъа кодта æмæ пæ фе- уæгъд кодта. Ницыуал сдзырдта хорз сылгоймаг, æрмæст дзаг къус дард фæхаста æмæ йæ Парсайыл ныххуырста, пæхæдæг хæдзармæ фæраст. Лæг цавддурау фæци фырджихæй æмæ мæстæй. — Фæлдыст хæрæгæй фæцу Мидæггаг хъæуы æвзæрдæр мæрдтæн, цъаммар цыдæр, æмæ дæ мадмæ æрæввæпгтæ кæн дæхи,— уæлбылæй ма фæхъæр кодта Рубапоп æмæ хæдзары фæмидæг. Ныпниудта сæрыстыр æнæрцæф сылгоймаг, сæ къоиайы раз йæ кæлмæрзæп къæйыл иыццавта,— пал æфсæрм, нал æгъдау. 1— Уæ, авд дæлзæххы ’рбауа мæ пыйпарæг, уæ, дæлæмæ фæуайа, мæ амопд скæнæг, мæп ацы джидзæггаг мыггаджы 26
къæсæрæй чи æрбахнзып кодта. Сæ лæг лæджы æргъмæ пæ цæуы, сæ сыл сылы æргъмæ, сæ ном худинаг, — уæййаджы ном, сæрмæ сæ ппчи хæссы, æфсæрмы сæ ничи кæпы, сæ сылгоймæг- тæп та сып алы дзæгъæлдзутæ хыпджылæг кæпынц. Мæгуыр мыггагæй æнæрцæф мыггаг уыдысты Кодзыртæ. Ралæбурдтоп дып, мæ хуртæ, сæ разæп Тохтæ, афтæмæп æмæ Гаглойы-фырты хъæугæроп æрыййæфтой. Бæргæ ма сдзурыи кодта йæ дамбацайы Гаглопы-фырт, бæргæ ма фæцъипп кодта йæ хъапдзал кард, фæлæ йæ Тохтæ рариуыгъта æмæ де зпаг дæр афтæ,— ропбастмæ йæ ахауьгн кодта йæ бæрзæнæ. Афтæ- мæй Кодзыртæ ныммардтон се ’фхæрæджы. Хъоротæ сæ уазæ- джы сæрыл куыппæ рахъызыдапккой, фæлæ адæм кæрæдзпйæп æвзæр куыд сты, хорз дæр афтæ сты, дыууæ мыггаджы ’хсæи бацыдысты æмæ сæ фыдбылызæй баиргъæвтой. Глглойтæ сæ марды ахастоп, уæдæ цы кодтаиккой. — Уæд сыстади Бæдту æмæ райдыдта Гаглойтæм æвзаг дарын. Кодзырты Гаглойты къухæй фæцæгъдыпы фæидтæскод- та. Æмæ сыл æниу цы ауæрстаид, сæ зæхх лæвар баззаданд Хъоройы мыггагæн. П"у бон куы уыди, уæд дып, хмæ хуртæ, фæззæджы сызмæ- лыдысты Гаглоптæ æмæ ’рбафсад кодтой Кодзыртæм. Хъæды сыфтæртæй фылдæр уыд сæ пымæц, Хъоройы мыггаг сыи фæр- сдарæг кæп уыдп, уый та уæлдай. Кодзыртæ уый агъоммæ дæр куыппæ зыдтой сæ арвы цæф — æнкъардтой, æвыдæй кæй нæ баззайдзысты Гаглойтæй æмæ фидауыиыл зылдысты, фæлæ сæм Гаглоитæ сæ хъус не ’рдардтой. Афтæмæй фыдбылызыл дæр сфæнд кодтой. Хъоротæ дæр сыи туджджып зпаг уыдысты, сæ уазæджы сын кæй амардтой, уый охыл, æмæ ма сып Ерма- иы зæххыл цæп цæрæн уыди, фæлæ фæлидзын дæр сæ къухы пал Сафтыд, фæззæджы куыстытæ сæ баурæдтой, уæддæр, мæ хуртæ, роибæгъдæй нæ сæмбæлдысты Гаглойтыл æмæ сып хæст бацапдагъ дыууæ мыггагæш. Хъоротæ дæр Гаглойты фарс, уæдæ цы. Уалыпмæ хæдзæрттыл арт куы сирвæзт, уæд дып уыцы и>гуырæп рахызтысты Кодзыртæ æддæмæ, Тохтæ сæ ра- зæй, афтæмæй. Æмæ сæ знæтæй ассыдтоп Гаглойты æмæ Хъо- роты уым,— уыцы стыр дуры фалемæ. Сæхæдæг уыцы стыр дуры сынæджы балæууыдысты æмæ цъыччытæ самадтой, гæ- рæхтæ. Афтæмæп Тохтæ йæ разы цæгъдтæ самадта Гаглойты мæрдтæй. Фæлæ, мæ хуртæ, иуæн дыууæ дæр æфсад, акæныпц, сæ фылдæрæй басастоп Гаглойтæ æмæ Хъоротæ Кодзырты. Лæгтæй куы нпчпуал’ баззад удæгасæй, уæд ралæууыдысты са- битыл, æмæ пæлгоймаджы ’рдыгæй мыггагскъуыд фæкодтон Кодзырты сæ фыдызнæгтæ. Стæй сып Гаглоптæ рассывтой сæ муртæ æмæ сæ мæрдтимæ рацæуæг сты сæхимæ. 27
Хæст куы фæцæйцыдн йæ фæуыпмæ, уæд Кодзырты сылтæй алчп йæ цæгаты ’рдæм лпдзыпмæ пыууырдыг пиугæйæ, уæдæ цы уыдаид. Хъелы фæпдагыл ныллæууыд лидзьшыл йæ цæгат- мæ Рубайон дæр. Къæссапы къуымбилты ’хсæп, мæгуырæг, атъыста йе ’нахъом иупæг лæппуйы æмæ фæпдаг-фæпдаг фæ- раст былтæ бастæй. Сывæллон хъыллист кодта къ’æссайы ми- дæг, уæдæ цы. Уæд Гаглойтæй иу ацæргæ лæг басырдта усы: — Æпцад дæ бынаты, цы ис дæ къæссайы, тагъд æй зæгъ! — Ницы, дæ пывопд фæуон, мæ сывæллоиæп иу гæдыйы лæппып уыди, бирæ йæ уарзта, сывæллон амардтатæмæ йын йæ гæдыйы лæппыпы мæ зæрдæ аппарыи пæ’ батардта. Уый хæссып къæссайы,— йæхæдæг хæкъуырцц куыдæй кæуы сахъ сылгоймаг. Чи пып цы зопы, бамбæрста хъуыддагæн йе ’цæг æви нæ Гаглойы-фырт. — Цæугæ уæдæ, хорз ус, дæ фæпдаг дæ бар у. Амæпдты хуыздæр дæ хай, зæгъгæ, загъта Гаглойы-фырт æмæ фæстæмæ фездæхти. Рубайон фæцыди йæ цæгатмæ, лæджы фæдыл дæр нал ацыди, афтæмæп йæ фыды къопайы фарсмæ схъомыл кодта йæ хъæбулы. Лæппуйыл сывæрдта ном — Гæды, зæгъгæ, гæдыйы тыххæп йып кæй аирвæзтн Гаглойты къухæй, уый сæраппон- дæп. Гæдыйæп цæуæт рацыди, мæ хуртæ,— смыггаг ис. Никуы фехъуыстат Гæдиатæ, зæгъгæ, пу дзы помджып лæг дæр ра- цыди. Цомахъ æй хуыдтой, стыр ахуыргопд уыдн кæмдæр. Ныр, дам, амарди, афтæ æрыхъуыстоп, рухсаг уæд! Афтæ фссæфтысты Кодзыртæ, сæ пом дæр фесæфти Мидæг- гаг хъæуы ’хсæп. Æрмæст цы дуры раз фæцагъды сты, ууыл баззади сæ пом, адæм æй Кодзырты къæдзæх фæхопыпц. Цы пæ ис, Мидæггаг хъæумæ куы бафтат пскуы, уæд-пу æрфæрсут Кодзырты къæдзæх — чпдæриддæр уып æй бацамопдзæн. 2. Бонджын цынæ кодта — мæгуыр цынæ ’взæрста Цæпбæрц сабыр кусæг адæм уыдысты Къабузты Тотыратæ, уыйбæрц æгæпоп хъал, магуса адæм уыдысты Ходзы Тотыра- тæ. Сæ зыд æмæ сæ кæрæфæн æмбал кæм уыдп æгас Мæсгуы- ты бæстæйы. Æдзух æхсары сæрыл уыдысты, тых хастой ал- кæмæ, хастой йæ сæ къабузтаг æрвадæлтæм дæр, уæдæ цы. Уымæй дæр се ’ппæт мыййаг ахæм пæ уыдысты. Фæлæ сæм уыди Ходзы Тотыратæм иу дыууæ хæдзары, лæгджып, исджыи хæдзæрттæ æмæ тугуарæп фесты адæмы ’хсæн. Никæмæн уыгæр- 28
дæн .уагътой, иикæмæн хуым, нал сæ фæрæзтой нæдæр адæм, иæдæр хи мыггаг. Кусгæ мыйнаг нæ кодтоп, ппцы уадиссаг кусæгæй сæ зыдтой адæм, фæлæ-иу, гъеныр ды, цæвиттоп, дæ уыгæрдæн æркарстай, мæкъуыл амад æй скодтай æмæ мæкъуыл æфтауцмæ æрластай, нæ? Уæд-иу ахæмы бас-къæрдтой галтæ æмæ раластапккой де ’вастæй æвзаргæ мæкъуылтæ де ’фтау- цæй, зæгъгæ, нæ уыгæрдæпæй нын уый бæрц æркарстай. Афтæ дып кодтой дæ хорæн дæр æмæ дæ фосæп дæр. Æфсопы сæ- рыл лæууыдысты æмæ дæм исты æфсон баххæссæпт, уадидæ- гæн де ’ккой абадтаиккой. Æргом гуырымыхъ тых кæп хастой, уый адыл сæм хъæу дæр схæрам сты, уæдæ цы, сæ туг сып æхсныфæй нуæзтой. Гъе, фæлæ сæм уæндæг ппчп уыд, кæуыл- ты мыггаг уыдысты дæ зæрдæйæ Тотыратæ дыууæ хъæуы ми- дæг дæр. Ап-гъай! Марадз-ма, сдзур сæм, мыггаг уадидæгæн сæ сæрыл рахъызыдаиккой æмæ уæд сар дæ сæр кодта. «Ме ’взæр уæддæр мæхи, мæ хорз дæр мæхи»,— уый чи нæ хыгъта уæды дуджы? Уæд-иу, мæ хуртæ, ахæм æгъдау уыди нæ фыдæлтæм: цæ- виттоп, мыггаджы ’хсæн исчи сфыдуаг ис æмæ æгæр-æгæр хъыгдары мыггаджы, æфхæры сæ лæгæй, зæххæй, допæй, фæл- лойæ, пæ? Уæд ахæмыл мыггаг хъоды кодтой æмæ-иу æп æм- вæплæй фæцагътой. Быцæуы æгъдауыл бирæ хæцыди. Ходзы Тотыраты ’хсæп цы дыууæ хæдзарæй загътоп, уыдоп уыдысты гъемæ ахæм фыдбылыз тыхгæнæг æгас мыггагæи дæр æмæ, мæпæй ма, цæмæнпæ уыдаиккой ахæм дæр, æввопгæй хордтой мыггаджы фæллой, сбопджын сты, бæх хуыздæр уы- донмæ, кард хуыздæр уыдонмæ, авд быпатоп мæсыг дæр ма пыццамадтой. Бирæ хæттыты сыл бафæпд кодтой сæ мыггаг, фæлæ дзы ницы рауади. Уыцы дыууæ хæдзары — Тотазы бай- зæддаг-иу мыггаджы сæ кæрæдзи мидæг схæццæ кодтой, æмæ- иу афтæмæй хъуыддаг фехæлди, æмвæпд никуы бапсты. се ’рвадæлтæ сæ пыхмæ Ходзы. Боптæ цыдысты уæдæ цы, афтæмæп дып иуахæмы Къабуз- ты Тотыратæ бафæпд кодтой: «Нал нæ пыуудздзысты æвыдæй цæрын Тотазы байзæддаг, цæй æмæ сæ фæцæгъдæм». Радæлæ- бауæлæ, афтæмæп кæрæдзи æмбарæг адæм сæ фæпд сфыхтой. Зæрдæвæрæнмæ бамгъуыд кодтой. Зæрдæвæрæпмæ рæстæг æр- хаста, афтæмæн сæрвыстоп хонæг сæ уæллаг æрвадæлтæм: «Уæй, æрцæут пæм зæрдæвæрæп æхсæв æмæ мæпæ нæ иумæй- аг мæрдтæн иумæ рухс зæгъæм». Тотазы байзæддаг, æввопгхор ахуыр адæм, лæгрæгъауæй куыппæ ’рцыдаиккой Къабузтæм? Æрцыдысты Ходзы ипнæ То- тыратæ дæр, уæдæ цы уыдаид. 29
Уæд рабадтысты сæ фыигты раз дывæлдахæй Тотыратæ. Райдыдтой уым хæрыптæ æмæ пуазыптæ. Уалыпмæ куы бара- сыг сты се ’ппæт, уæд Тотазы байзæддаг зарыпмæ баздæхты- сты æмæ фыдохы фыпгæй куывды фыпг фестып кодтой. Мæс- тæй куыннæ аскъуыдаиккой. дæллаг Тотыратæ. Бæргæ уæл- лæгтæй бирæ йæхиуыл хæцыди, фæдзæхстой иппæты дæр за- рыпæй, фæлæ ма Тотазы байзæддаг кæм лæууыдысты, кæмæ байхъуыстаиккой. Афтæмæй зæххыл пал хæцыдыспл. Тотазы байзæддагæй иу Елхъан хуыпдн, Хуыиоуы къахлгр- гæвдæг кæм фсдтат, ахæм уыди. Райста дын уыцы Елхъап пуазæн нæ къухмæ — бæгæпыйы нуазæи, уæрæхтæ рабадти æмæ фыдæнæп Къабузты Тотыраты зæрæдтæм базары: Æрсдзуапы иу сæумæйы æз араст дæп, Арсмæ æд хъыбылтæ иу лæгæты уæд бафтыдтæн. Акæион сæ, мæ галтимæ мын кусдзысты, Цъыхыры зæгъай, мæкъуьптæ зæгъай, æнувыдæп мын æмпъухдзысты. Уæд Къабузты Тотыратæй иу æдылы — рæуæггомау уыди. Нал фæлæууыд Елхъаны дзырдтæм æмæ йæм дзуагшæп базары: Арсы дæпдæгтæ фæринк кардæй цыргъдæр вæййынц. Арсы пыхтæ — цъæх æрцытæ — сырх туг дæйыпц. Уæууау, галты æд хицау мын куы нытгона. * Кæлды быиты сæ æхсæвæрæн куы пыгæна. Елхъан та поджы мæстæймарыпæп айсы йæ æртхъпрæпы зарæг: Арсы дæндæггæн мын болатæй конд цæттæ фæрæт, Арсы ныхтæ хъандзал кард у хуыздæр цæгъдæг. Арсыты мыггаг мæ цагъартæ, мæ хуымгæнæг, Науæд фæззæг мæ хосгæрдæг. Фæлæ, хъавæгæй цæвæг фæраздæр вæнпы, мæ хуртæ. Нæ- ма фæци Елхъан æххæстæп йæ зарæг, афтæ Къабузты Тотыра- ты фæсивæды къухты хъаматæ ферттывтой æмæ арпы иæфау арæхуыстытæ кодтой Тотазы байзæддаджы. Уæ балгыпæг дæр афтæ, калд бæлæстау фынгтыл бафæлдæхтысты æмæ туджы зæптæ хæринæгтыл лæсæнтæ кæпыпц зæхмæ. Ходзы Тотыратæп ма дзы чи уыд, уыдаи фынгтæй фæтæррæттытæ кодтой æмæ сæ кæрдты сæртæм фæлæбурдтой, фæлæ æдзæм фæлæууыды-сты. — Уæй, багъæц ма, Тотыры мыггаг, дæ карды сæрыл ма ма пыххæц,— пыхъхъæр кодта уæлсйæ бадæг ну зæропд лæг — Къабузты Тотыраты хистæр æмæ уырдыг слæууыди,— зпагмæ пæ мыййаг пе сласдзыпæ! 30
— Ацы ,бирæгътæ дыи, кæд æнæ чи дæ ’взаргæйæ дæ< фос калдтой, дæ туг дып пуæзтой, дæ мæгуыры хурхыл хæцыдысты, уæд дæ цы сæр хъæуы, уыдон тыххæй дæ карды сæрыл цæмæн хæцыс? Нæ иумæйаг бирæгътæ сты, иумæ сæ пс ’хсæпæп ацух кодтам, иумæ сæ тыхстæй пæхи фервæзын кодтам. Ууыл ахицæп хъуыддаг. Тугкалд пал æрцыд Тотыраты ’хсæм. Марды уæлхъус бафидыдтой. Стæй Ходзы Тотыратæ схæцыдысты æмæ раластой сæ мæрдты, æмæ сæ сластой сæ зæппадзмæ. Нæдæр хист, пæдæр хъыллист — бакалдтой сæ зæп- падзы æмæ алчи йæхицæи сбадти йæ фæрныг хæдзары. Фæлæ фыдбылыз фыдбылызы къæдзилыл баст у, мæ хур- тæ. Тыхджыны фыдбылызæй-та æдыхы сæр судзаг вæййы. Уыцы дуджы дыи Куырттатæ — æртæ Ермапы æрдхорд уыдысты, йæ мыпгаджы чи пыццæгъда, уый иыццæгъдыиыл. Уыцы ард хас- той канд сæхимидæг пæ, фæлæ æндæр хъæутæм дæр, æпдæр мыггæгТæм. Уыцы ардмæ æртардтой Куырттаты мыггæгты сæ мыггæгты хистæртйе, разагъд адæмы лæгтæ, æвæццæгæп, алчи сæ йæхи мыггагæй уыцы æдас кæм уыдаид, æндæра сæ цы сæ- рæп хъуыди ахæм ард? Афтæмæп иу боп куы уыди, уæд бавдæлдысты Куырттатæ, æмæ сæ ардмæ гæсгæ рафсад кодтой Къабузты Тотыратæм æмæ сын сæ мæсгуытыл æмæ сæ цæрæнуæттыл æртыхстысты, уæдæ цы уыдаид. Тотыратæ стырæй, чысылæй дуры гуыбыиы бацыдыс.ты æмæ уырдыгæй хæцынтæ систой Куырттатимæ, хæ- цынтæ. Уæд Тотыратæп иу лæппу балцы кæмдæр уыди. Афтæмæй пæ цыдæр фыдбылызтæ æнæихъæлæджы Куырттаты ’хсæпмæ бафтып кодтой — йæ балцæй æрыздæхт. Балыгъди ма, мæгуы- рæг, мæсыджы дуармæ, дуар дæр ын фегом кодтой мидæгæй. Фæлæ Фæрпиаты Состæ хорз топпæхсæг уыди, мæсыджы дуар- мæ фехста Тотырапы-фырты æмæ де зпаг дæр афтæ, йæ сæры тепка йын фæхаста. Куырттатæ дын, мæ хур акæпат, цы ракодтаиккой дуры гуыбыпмæ Тотыратæн? Схæцыдысты æмæ Тотыраты нсæй цæ- уыл фæхæст сты, уый ратæлæт кодтон æмæ сæхимæ бафардæг сты. Уым фæллæйттæ айуæрстон сæ кæрæдзи мидæг сæ тых- джыпдæртæ, уæдæ цы уыдаид æмæ алчи йæхицæи сбадти. Сызмæлыд уæд Тотыры мыггаг æмæ зилынтыл схæцыд Со- стæйы фæдыл, зилынтыл. Къæсæрмæ дæр æй пал ауагътой ра- кæсып æд хæдзарвæндаг Тотыратæ, йæ мыггагмæ дæр ын æр- хъавыдысты. Чи уыди йæ сæрыл сдзурæг мæгуыр лæгæп, пæ хиопæй, нæ мыггагæй фæхæцæг кæй ачыпдæуы. Бæргæ-иу ныл- лæгъстæ кодта Куырттатæи, «сымах тыххæй сæфыи, уæ рып 31
бахæрон, æмæ мæ баиргъæвут фыдызпагæй», зæгъгæ. Уыдон ып-иу хуыздæр дзуаппæн: — Æмæ дæ чи кодта, чи, топпæхсæг, мах дæ лæгмарынмæ куынæ акодтам, цы сæр дæ хъуыди? Архай пыр дæхæдæг, цæ- мæй дæ къухы æфты, уымæй. Цы боп ма уыди мæгуыр лæгæп? Рахæцыд æмæ Слаптæм пыллыгъд. Бырытъатæм, йæ сæр уыдонмæ бафснайдта, сæ хистæры худ йæ сæрыл æркодта. Уырдыгæй бамииæвар кодта Тотыратæм: «Уе ’взаг уæ тæрхон, бафидауæм», — фæлæ Тоты- ратæ æмгæроп дæр пе ’руагътой Состæйы минæварты æмæ уы- дон дæр сæргуыбырæй æрыздæхтысты мæгуыр лæгмæ. Æдзæллагмæ æрцыди Состæ, уæдæ цы уыдаид, æдзæллагмæ æд хæдзар. Нал хуым бакæпын уæпдыди, нал хос кæрдып уыцы хуызæнæн. Уæлæ-пу Кæфойауы сæрты йæ иу æфсымæр, милтæ дæр ыл пæма фæхæцыди, ахæм лæппу, пыууади сусæгæй, бæрæг нысапгопд бонты Состæмæ Бырытъатæм. Уым-иу кæрæдзийыл бардиаг кодтой, уæдæ цы уыдаид. Иуахæмы дзуры Состæйæн йе ’фсымæр: — Радт мæ туджы аргъмæ Тотыратæп, æпдæр гæиæп пын ницыуал ис. Кæд мæ искуы суæгъд кæпиккон, сæ маст куы ’рсыса, уæд. Кæд мæ уæй акæной, уæд та лидзгæ ракæпдзыпæп дард бæстæй; куыд уыдзæп, цы уыдзæп, фæлæ мæ куы радтай, уæд кæд уæддæр бзфидаупккой. Худинаг касти Состæмæ йæ иупæг æфсымæры зпагæн рат- тып. Иратамапы пикуы ма пичи радта лæг тугмæ. Лæвæрдтоп- пу тугмæ чызг мæгуыр æдых мыггаг, фæлæ-иу уый дæр, бон уæвгæйæ, сæрмæ чи хаста,— æгад уыди дæттæгæп. Уæд цы кæиа Состæ, куыд радта йе ’фсымæры. Боиыфæстагмæ гæнæп нал уыди Состæпæн, æпдæр гæпæн æмæ пе ’фсымæры зопдыл иыллæууыди. Иуахæмы та баминæвар кодта Тотыратæм. — Мæ иунæг æфсымæры уып дæттыи уæ тугмæ, Тотыратæ, æмæ бафидаут. Тотыоатæ æрдомдтой, цæмæй Состæ радта йе ’фсымæры фидыды агъоммæ. Никуы æрцыд ахæм хъуыддаг, фæлæ дзы Состæйæп хуыздæр гæиæн кæм уыд æмæ та сæм барвыста: — Уыцы бои æмæ уыцы боп уæм цæудзæни ме ’фсымæр Кæфойауыл. Кæд мып ып нæ уд пæ аскъуыпат, уæд хохы дау- джытæ уæ арфæгæнæг. Р1æ уæлæ айсут — зæххæй, донæй мып цы ис, уыдон æмæ бафидаут. Рараст дып сты Тотыратæ, уыцы фыдбопы æмæ лæппуйы раз бабадтысты. Лæппу куы схæццæ сæ размæ Кæфойауы сæ- рыл, уæд æм рагæппытæ кодтой, се ’ууæпк бахордтой, æмæ лæп- 32
пупы уым пард уæпыджы кæрдæнтæ скодтой. Сæхæдæг уырды- 1ссн рараст сты æмæ æпæ бафидаугæйæ бафсад кодтой Состæйы хæдзармæ. Хосгæрдæн уыдп æмæ адæм уыгæрдæнты уыдысты. Цы муртæ ссардтой мæгуыры хæдзары, цы фосы къæрмæг, уы- юп иууылдæр сæ разæй скодтой æмæ сæ сæхимæ ’рхæццæ код- той. Сæхæдæг Состæйы æфсымæры хъус сæ марды ингæиы ба- гæрдтой, пыффæлдыстой лæппуйы сæ мардæн, уæдæ цы. Худинаджы кæрц скæпып йæ сæрмæ нал схаста Состæ, мæ- гуыр, уыцы æбуалгъ хъуыддаджы фæстæ, худинаджы царды сæрыл пал пыххæцыди: иу ахæмы йæ кард рабаста, йæ хъри- маг йе ’фцæджы бафтыдта æмæ абырæг алыгъди. Æбуалгъы ард бахордта йæ кардыл, Бырытъатæй куы алыгъди, уæд. Цалыпмæ мæ цоиг кард дарынхъом уа, цалынмæ мæ цæст топпы кæсæц ахса, уалыпмæ æз искуы куы сауæрдои адæйма- гæй гуырдыл,— хиопæй, æцæгæлопæй, хæларæй, зпагæй, уæд- пу мæрдты мæ æргæвст æфсымæры цæсгом ма феноп. Уæд-иу, проп адæмæй ма цалыпмæ байзæддаг цæуа, уæдмæ мæ пом се '>.сæп æлгъыстагæй, худинагæй лæууæд». Афтæ рауæлдай кодта пæхи Состæ. Бирæгъ фестади хиопæн дæр æмæ æцæгæлонæп дæр. Райдыдта дын йæхи мыггаджы, стæй Куырттаты мыггæгты ’хсæи дзырддзæугæдæрты фæдыл зилыптæ. Афтæмæй дын рамардта иу-цалдæр лæджы, тæккæ тыхджыидæрты, дзырддзæугæдæрты. Бæргæ зылдысты Куырт- татæ йæ фæдыл, фæлæ йæ никуы æрыййæфтой. Арвы кæрæт- тæм дæр-иу фæфардæг Состæ, хиумæ зæгъай, мæхъæлмæ зæ- гъай, цæцæпмæ зæгъай, кæмдæрпддæр йæ хæтæнтæ — йе ’мхуы- зæттимæ. Уæд иуахæмы дзæвгар йæ кой куы пæ уал хъуысти а-бæс- ты, афтæмæй Къабузты Тотыратæ цыдæр куывд кодтой,— мыг- гаджы куывд. Куывд йæ тæккæ карзы куыд бацыд, афтæ дыи Состæ се ’хсæп стонг бирæгъау фæмидæг æмæ сæ цъыччытæ систа, цъыччытæ. Афтæмæй дзы иу дзæвгары йæ карды амæд- даг фаакодта. Бæстæ схъæрахст ис Тотыратæ дæр уайтагъд фæцарæхстысты æмæ Состæ йæ мæлæт ссардта сæ кæрдты бын. Йæ маст уæлдайджынтæн райста, фæлæ хæдзарвæндагæй дæр аскъуыд Состæ, йæ зæххытæ та йæ мыггагæп баззадысты. Ахæм цæрдтытæй цардысты иæ фыдæлтæ, мæ хуртæ, талынг сырды цардæп. Боп-æддæдæрæй æрвыстой сæ цард. 3. Уанслы тутыр Фыдæлты замапы пæ хохы дзуæртты ’хсæп Уапелы тутыры хуызæн кадджып иичи уыди дзыллæты ’хсæн. Чъехæй мидæмæ 3 Мах дуг № 7-8 / 3
цæрæг адæмæй суанг Зæрæмæгмæ чи ие ’рцыдаид тутыры æр- тæ боны Уапелмæ, ахæм нæ баззадаид. Канд уыдон нæ, фæлæ цыдысты тутыры æртæ боны Уанелмæ суанг Уæлладжыры, Куырттаты, Хъобапы кæмттæй, цыдьгсты суапг Гуырдзыстонæй дæр, гъе, стæй, дæ хорзæхæй, куьгннæ æмбырд кодтаиккой дзыл- лæтæ тутыры бонты Уанелмæ, стыр базар-иу уыди тутыры боп- ты Уанелы æмæ. Нæ хæхбæсты цæрæг адæм хастой уæймæ сæ къуымыхцыйы муртæ, къуымбил, скъæрдтой уæймæ фос. Фалæ Ирæй хастой Уанелы базармæ уæймæ алыхуызон кæрдтæ, хъа- матæ, топпытæ, дамбацатæ. Гуырдзыстонæй ластой цæхх, ну- рытæ, хъæдындз, хор, хъæдур, сæп зæгъай, æмæ хъуымац — бæмбæгæй ирон æлзыст хъуымац. Уыцы хъуымацæй кодтой адæм сæхицæп хæдæттæ, сырх ахорæпæй ахуырстæй дзы сыл- гоймæгтæ кодтой сæхицæн уæрагæмбæрзæнтæ дæр. Æмæ цынæ федтаис, æвæдза, Уанелы-базары, уæд æвзнст дзаумайæ, уæд хæрдгæйæ, уæд хъæдабæйæ! Кæй бон уыди, уый æлхæдта æмæ дардта, кæй бон пæ уыди, уымæн та йæ цæстæн æхсызгон уы- дысты. Фæлæ Уанелы базары уæлдай тутыры æртæ бон дæргъы уыди кусыны фадат дæр ал-кæмæи. Цæвиттоп, ахæм фыдбы- лызæй хызт ут, фæлæ ды туджджын дæ, нæ? Уæд æхсæвæй дæр боп кæныс, архайыс дæ æддæ куыстытæ баиæпыпыл, кæм хъæдтæ ласыныл, кæм дуртæ, кæм цы, фæцагайæн дæм пæ уыди. Тутыры æртæ боны æмгъуыды боптæ уыдысты æгас ирон дзыллæйæн. Туджджын-иу туджджыны фарсмæ дæр абадтаид — нæ йæм уыди сдзурæп. Тарстысты Тутырæй, æмæ чи фс- хæлдтаид æмгъуыды боитæ, уый уæлтау афастаид. Афтæ дзырд- той уæды адæм. Уалынмæ-иу уыцы æртæ боны куы ацыдысты, уæд-иу ацæ- уæнтæ нал уыди. Туджджын-иу йæ туджджыны агуырдга кард æмæ уартæй, туджджып-иу тых хаста æдыхмæ, бонджып мæ- гуырмæ. Иугæр-иу тыххæссæг æрцахста мæгуыр лæджы, уæд-иу царæфтыд фæци мæгуырæг, цагъар æй кодта, уæй йæ кодта, мардта йæ,— йæ бон нæ уыди цы? Уыцы æмгъуыды бонтæ уыдысты тутырæн йæ къуырисæр, дыццæг æмæ æртыццæг — уыцы бонты дæ хъуыддаг кæн. Сæ фæстæ цыппæрæмы алчи йæ хæдзармæ тындзæд, хæдзар агу- рæд, цыппæрæмы дæр кæрæдзимæ февналæн нæ уыди. Фæлæ йæ фæстæ, майрæмбоиы, лæбурæн майрæмбон æй хуыдтой, Хуыцау дæ бахизæд, дæ хæдзарæй æддæ баззайын, уæд додоп æмæ сар дæ сæр кодта. Чи дыл рамбæлдаид, чи дыл баныдзæв- даид, уый дыл иугæр фæтыхи, уæд дæ п«е маргæ кодта, гъе дæ йæхицæн цагъар кодта. 34
Гъс, уый адыл-пу Уаиелмæ чи ацыдаид æмæ фæстæмæ хæ- дзар чи ссардтапд, ууыл-пу цинтæ кодтой йæ бипоптæ, йæ хъæу- бæстæ, зæрдæрухсытæ. Æхсадтой йæ, уæрджытæй дæлæмæ йын сойæ сæрстой йæ къæхтæ йæ бипоптæ, «цæй, дард балцæй мып, мæпæ ма йæ уд æрирвæзт», зæгъгæ. Гъе ахæм æууæпчытæп цардысты фыдæлтæ, сæ цард æр- выстой. Ныр та сыст дæ хæдзарæй, мæ хур, æмæ Мæскуымæ дæр ахæццæ у, суанг Сыбырмæ дæр фæфардæг уги? Уæд Гаглойтæй пу Заза хуыпди; кæм федтат, ахæм æбуалгъ, фыдуаг, Хуыцауы гæрах. æмæ мæпгард адæймаг уыди кæмдæр уыцы Заза. Афтæмæй дып иу тутыры фалæ ирæй иу лæппулæг, Колыты Беци, зæгъгæ, æрхызти Уанелмæ фæсæфцæгæй, уæймæ æрхаста пу æрдхæрæпы хъримаг ауыгъдæй. Кæсы Колыйы- фырт,, æпахуыр уыди а-бæсты æмæ дзыллæтæ хъомпал кæныпц мыдыбыпдзытау, бæстæ змæлæг ссп, алчи сæ хъуыддаг кæны, пæ хъуыддаг. Уалынмæ дын адæмы гуылфы кæцæйдæр ауыдта Заза Колыйы-фырты. Бакæстытæ кодта зæропд хниæйдзаг Заза лæппумæ, бакæстытæ кодта топмæ дæр, уæдæ цы уыдаид æмæ химидæг хъуыдытыл фæци. «Мæпæ ай топп дзæбæхдæр, æмæ ай та лæг дзæгъæлдæр, цæй æмæ æрхæцоп мæхицæн сæ дыууæйыл дæр». Уæдæ сыл куыд æрхæца, уæдæ сæ йæхицæн куыд бакъад- дæр кæпа фыдуаг зæронд? Ай иырма тутыры фыццаг бои у, И’счи топп балхæндзæн, лæппу хæдзар æрцагурдзæн, Заза та къæпдзыхæй аззайдзæн, уæдæ сыл тыххæй æрхæцыдæуа æмæ тутырæй, стæй адæмæй дæр куыд бауæпдыдæуа? Цы бачын- дæуа? — катæйттæ кæны йæхицæн зæропд Заза. Боиыфæстагмæ æбуалгъ хъуыды бацыди Зазайы сæры æмæ лæппумæ баздæхт: — Мæнæ лæппу, дзæбæх мыггагæй гуырд мæм кæсыс, дзæ- бæх лæппу дæ! Ам дып къæбæр ахæр пичи зæгъдзæп, мæ хур. Кæд Зазайы хæдзарыл æрвæссыс, уæд цом, цæхх æмæ дын кæрдзынæй мæгуыр фысым, лыстæпæй дын мæгуыры хуыссæи. Æпдæр дыи хион ахæм дæр куынæ хатып а-бæсты,— дзуры Заза рæвдаугæ хъæлæсæй Колыйы-фыртæп. Лæппу акатайтæ кодта, акатайтæ æмæ арфæтæ кæны рæдау Зазайæп. Уыцы хуызæпæй скодта изæры лæппупы йæ хæдзармæ æмæ йæ минасы фынгæй сыстып пал суагъта тутыры æртæ боны дæргъы. Топп æлхæпыны æфсонæй куыддæрты æрурæдта Заза лæппуйы тутыры цыппæрæмы дæр. Кæм ма уыд Зазайæп æр- вад, хæстæг, кæм ма пып уыд æфсымæр, хъæбул Колыпы-фыр- тæй дарддæр, æмæ йыл лæппу дæр куыинæ баууæндыдаид. 35
Уалынмæ дын, мæ хур, куы ралæууыд лæбурæн майрæм- бон, уæд баздæхти хинæйдзаг зæроид Бецимæ. «Æфцæгыл топпы хуыздæр ацы топп рахызт, лæг дзæгъæл- дæр та ды»,— афтæмæй топпыл дæр æмæ лæппуйыл дæр æр- хæцыди, уæдæ цы. Топпы рагъæпыл æрцауыгъта. Бецийæ та йæхицæн бæхгæс скодта мæнгард Заза. Цы ма бакодтаид мæгуыр Колыйы-фырт дæр, йæ мыггагмæ фæдпс ныхъхъæр кодтаид æмæ йын фæсæфцæгмæ кæдæм фе- хъуыстаид, науæд куы фехъуыстаид, уæддæр цы хъомыс уыды- сты Колытæ Гаглойæн иу бæстæйæ иныæ бæстæм? Æфцæгæп ацырдыгæй та Беци хионæп хъæды халон дæр нс ссардтанд. Гъемæ райдыдта, мæгуырæг, цæрынтæ Зазамæ, цæрынтæ æм& тухитæ, бон уæнгмардæй, æхсæв уæпгбастæй. Бæргæ ма сар- хайдта йæхи байсыпыл дæр, фæлидзыныл дæр сфæлвæрдта, фæлæ никуы æмæ пицы. Заза йын æдгæрзтæ фæсивæд йæ уæл- хъус дардта — йæ гуырдзйæгты боныгон, æмæ фезмæлæн ничер- дæм уыди Бецийæн. Æхсæв та-иу йæ Заза фидар мæсыджы сæх- гæдта. Уалыпмæ мит дæр ныууарыди, зымæг хæхты сæрæй æр- бырыди æфцджытæм, хъæутæм, кæмттæм æмæ сæхгæдта фæн- дæгтæ, уæдæ пы- Уæд Колыйы-фырт цæхгæр фæфæлдæхти. Цæйбæрц уый агъоммæ маст кодта, никæмæн дзырдта, химарыитæм цыди, нæдзæрпн кодта йæхи æмæ, сырдау, агæппæввонгæй лæууыдн, уыйбæрц ныр æрсабыр, бахъæлдзæг, йæ фæлмасдзинадæн æмæ йæ хъазæи-худæн ныхæстæн кæрон дæр нал ардта. Зæрдиагæй бавнæлдта куыстмæ, раст цыма йæхи хæдзары кусы æмæ За- зайы бæхты дымгæсур фестын кодта. Зылди бæхтæм афтæ, цыма йæхп сты æмæ йын цыма арвæй зæххы ’хсæп уыдои йед- дæмæ никуы ницы уыди, цыма йæ дарæг, йæ уромæг уыдон сты. Æгас зымæджы дæргъы уыйбæрц æрыууæндын кодта йæхиуыл Зазайы бипопты, уыйбæрц бахызти сæ зæрдæйы, æмæ йæ хи бинонтæй пал æвзæрстой. Æмæ-иу кæд Заза карз сфæпд кодта уый агъоммæ Бецийыл, уæд ныр та ахæм фæид йæ фæсопæр-' хæджы дæр нал уыди, куыстмæ æрдхæрæы, хъаруйæ иннахæм, исчемæ феххæлыдаид Заза кæпæ йæ фырттæ — сæ сæрыл хох уыди Колыйы-фырт. Ацу æмæ ауæй кæн ахæм æвæджиау гуырды. Джиуæргуыбаты тызмæг Заза æрхаста йæхицæн дыккаг усæи иу Тлиаг чызджы æмæ йын чындзхоиæгæп ипиæ цыты уазджыты ’хсæн уыд Колыйы-фырт дæр, гъе, афтæ схион кодта уый йæхи Зазайы хæдзары. Уæдæ хæдзары мидхъуыддаг зæ- гъай, æддæ хъуыддаг иннæ ахæм чи йæ бакодтаид Бецийы хуьь зæн? Хъуыддаг уый уонгтæм æрцыд, æмæ Заза хипымæры фæндтæ дæр кодта йæ иомылусы чызджытæй сæ хистæры Ко- 36
лыйы-фырты фыццаг скæнын æмæ йæ афтæмæй быптоп хиуыл сбæттын хæстæджы охыл. Гъе, ахæм хъаруджынæй разынд Беци. Афтæмæй ацыд зымæг Бецийыл, уæдæ цы. Зымæг бæстон йæхи куы айста Зикъара æмæ Бурхохы сæрмæ, бæстæ куы ба- сау, кæрдæг куы рахæцыди æмæ æфцджыты цæуæнтæ куы бай- гом сты, уæд ма æнæууæнк Заза хипымæры фæгуырысхо йæ цардыл, куы мын алидза, мыййаг, зæгъгæ, æмæ лæппуйы аивæй хъахъæдта. Фæлæ Колыйы-фыртæй цыма рох дæр фæци, æпдалр хæдзары райгуырд, уый — афтæ дардта йæхи. Æрыууæпдыд ыл Заза дæр бопыфæстагмæ, уæдæ цы уыдаид, нал æй æхгæдта мæсыджы, хæдзары йыи фосы кæвдæсы фарсмæ иу къуым ^Ьæ- хицæн кодта æмæ йæ уым æрцæрын кодта. Уый хыгъд, цип дын фенон, сæвæрдта Бецийыл куыстытæй ахъаззаг уаргъ. Фæлæ цас фылдæр йæ туг акалдтаид лæппу куыстытыл, уыйас фыл- дæр куыстытæ æвæрдта Заза лæппуйы бæрзæйыл, хъуыр-хъуыр- гæпгæ «æввонгхор» ма у, зæгъгæ. Цы бон уыди Колыйы-фыртæн дæр, æмпъухта куыстыты уаргъ, уæдæ цы кодтаид. Гъе, фæлæ-иу куыстытæн сæ тæккæ зыитæм куы бахæццæ, уæд зарыди æмæ-иу сæ зардимæ бах- хæст кодта. Зазайы иннæ гуырдзиæгтæ ма йæм мæсты дæр кодтой: уыдонæй дæр Заза уыйбæрц куыст домдта æмæ сæ туг сæ хъæлæсæй калд, уæдæ цы. Фæлæ кæд Колыйы-фыртимæ утæхсæнæй æрынцади Заза, уæд æндæр утæхсæны бацыд тызмæг зæронд. Йæ ног ус йæхи æпæдзæрин кодта. Тыххæй хаст уыди Зазайæп йæ мæгуыр фы- дæй хæсы ньгхмæ, ирæды фиддон дазр дзы нæ уыд. Бæргæ нæ радтаид æгады лæвæрдæй йæ чызджы Зазайæн, фæлæ дзы хуыз- дæр гæнæн кæм уыди Мæргъийы-фыртæи, хъуырмæ йæ скодта йæ хæсы фæдыл фыдуаг зæронд, хæс бафидынæн та Мæргыь йы-фырты хæдзары гæды дæр нæ уыд. Гъемæ не ’руарзта За- зайы, æмгæрон нæ цыд йæ зæронд лæгмæ мæгуыр чызг, йæхи хъуырбæстытæ кодта, йæ туг ын æхсныфæй нуæзта тызмæг зæ- ронд, ныцъцъæл-иу æй кодта, æхгæдта йæ фосдоны, сыдæй йæ мардта, галау ын кусын кодта, фæлæ нæ ’фхæрдæй, пæ ’ххор- магæй, нæ куыстæй бадомдта Заза йæ ног усы. Адæмæи æрдхæрæн куыппæ уыди Колыйы-фырт. Иугæр куы федта Зазайы ног усы хъуырдухæн, куы йын бакаст йæ дисса- джы хъарумæ, йе ’мбисондæи хæссииаг куыстмæ, уæд цыдæр хины фæид бацыд йæ зæрдæйы. Рæсугъдæй дæр раст Сæлхæйы рæсугъд баптыст Мæргъионæи, æмæ йæ Колыйы-фырт фыдуарзт бакодта. Æвæджиау æмбаргæ сылгоймаг, æвæццæгæп, æмбæр- ста Бецийы зæрдæ, фæлæ æргом иицы дзырдта, æрмæст-иу хат- тæй-хатт, куысты уæлхъус уыдаид, хæдзары уыдаид, сæ цуры- 37
иу куы пичи фæци, уæд-иу уысммæ фемдзаст лæппуйы цæсты- тæм, æмæ-иу уæд лæппу цыма чызджы цæстыты ацахста: — Уæ, æгуыдзæг, цы ми кæныс? Дæ амопд дæр æмæ мæ ’монд дæр дæумæ лæвæрд куы сты адзалæй, уæд цы боны хорз- мæ æпхъæлмæ кæсыс? Уарзоны æвзаг цæстытæ сты, мæ хуртæ, бамбæрстой дыууæ адæймаджы цæстæпгасæй кæрæдзи зæрдæтæ. Афтæмæп дын иуахæмы Колыйы-фырт фæрæдыди Мæргъпонмæ. Бонтæ сæ цыди хъуыддаг кодтой, уæдæ цы. Уалдзæг ацыд, сæрд дæр пыллæууыдп. Заза йæ усмæ быптоп стызмæг, æбуал- гъы æфхæрд ып кодта. Иуæй йæ йæ ус йе ’мгæрон нæ уагъта емыпæйæ хъауджыдæр, инпæмæй удхæссæджы цæстæй касти æгас хæдзарвæндагмæ уый сæраппондæн, уæдæ цы. Иу хорз, æмæ пæдæр Заза, иæдæр йæ хæдзарвæпдагæй исты фæфип- пайдтой дыууæ адæпмаджы ’хсæн, æндæра дæ балгъитæгыл дæр ахæм боп акæпæд, уыдопыл цы боп акодтаид, бабып уы- даиккой. Усæн йæ дзыккутæ æмæ йæ фыпдз ракодтаиккой æмæ йын сæ пæ армы фæсагътаиккоп, йæ уæрджытæ æмбæрзæи ыи йе ’фцæгыл æрцауыгътаиккой æмæ йæ хæрæгыл зыгъуыммæ бадтæй хъæууынгтыл æрзилын кодтаиккоп, стæй та йæ уырсы къæдзилыл бабастаиккой, лæппуйы та уадидæгæн фыдджыны кæрдæнтæ скодтаиккой. Афтæ уыд æгъдау. Фæлæ дыууæйæн дæр сæ амопд куыд уыди, афтæмæй сæ ничи пицæмæй фип- пайдта. ’ Афтæмæй æрвыстой боптæ æмæ æхсæвтæ: цардысты Зазайы хæдзары. Иу хатт куы уыди, уæд Заза арвыста йæ цаг^арты æмæ йæ кæстæрты уыгæрдæптæ ’хсæдыимæ. Иу фæтæпы фехсæстой, уæдæ цы уыдаид, иннæ ададжы дæр æмæ та æндæр,мæ бацы- дысты, цъус уыдис, мыййаг, цы Зазайæп уыгæрдæптæ? Чыртæ- чыртæй та райдыдтой æхсæдып. Колыйы-’фырт, зæххыбынты цæуæг лæппу, уыйбæрц бакодта, æмæ йæхп ’хсæдæг скодта сылгоймæгтимæ. Мæргъиоп дæр уыдоп æхсæп. Нæлгоймæгтæ дзы схынджылæг кодтой, фæлæ уый дзуры: — Мæиæ ацы ефсыты куы пæ бакусын кæноп, уæд сæ æвыд нæ ныууадздзынæн! Афтæмæй иу хибар ададжы æхсæдынц Колыйы-фырт, Мæр- гъион æмæ иу адртæ усы. Устытæ пицы уадиссаг зыдæй кусыпц, чи дзы йæхибар дæр нæ уыд, чи рыпчын, чи æпæфæразгæ æмæ сæ Колыйы-фырт дæр ныууагъта, æмæ уыдои дæр далæ дæ- лейы кæмдæр сабыргай æхсæдыпц сæ фæстæ, фæлæ уый хыгъд Мæргъиоиы баййардта. Уæлæмæ-уæлæмæ йыл тыпдзы, «тагъд- дæр æхсæд», зæгъгæ, "æмæ дыууæ иипæтæй дзæвгар сразæп сты, æвæццæгæн, ус дæр цыдæр хатыдта æмæ йæхиуыл пæ 38
ауæрста. Дзæвгар схицæн сты ипнæ ’хсæдджытæй, уæд æм ус иал фæлæууыд: — Уæ, дæлæмæ фæуайай, мæнæ лæг, кæдмæ скъæтхафæг уыдзынæ, кæ, зæронд цъаммарæн, æви мæнау ды дæр æиæхæ- дзар дæ? Æви дæ дæ ныййарджытæ хуыздæр куыстыл нæ са- хуыр кодтой, æмæ дæ ныфс сæрмагонд цардмæ нæ хæссыс? — Æвæццæгæн мæ Заза пыр та дæуæй фæлвары, Маргъион. Цы кæны — зæгъ ын уый: Бецийы Зазайы хæдзарæй хуыздæр хæдзар пæ хъæуы, хуыздæр цард нæ домы,—• сджидзæг кодта лæппу усæй. Уый бæрц æнæууæичытæ кодта æмæ суанг Мæргъи- опыл дæр æххæст не ’ууæндыд, цыфæнды йып бавæййæд Бе- цийæп, уæддæр Зазайы бинойнаг у. — Зæгъ ын-иу, дæуау ыл æз дæр мæ зæрдæ пе сивдзыиæн зæропд Зазайыл,— йе ’ууæнк ын пæ фехалдзынæн, Уæд æй ус фембæрста æмæ фырмæстæй йæ цæссыгтæ арæ- хæй æрызгъæлдысты. — Уæ, авд дæлзæх фæуа ме скæнæг мæ тæригъæдæй. Иу- нæг ацы адæймагыл ма мæ зæрдæ дардтон æмæ дзы зæрдæхæлд куы ’рбадæн. Лæппу бамбæрста, усы афарст зæрдæбыпæй кæй уыд æмæ йæм дзуры: — 0, мæ сæууоп стъалы, ма ку, хъазгæ дæ кодтоп. Стæй, мæ уды гага, Зазайы къухы мæхиуыл дæр æнæууæнчытæ кæ- пыи, фæлæ мæ дæуæй ныфс куы уаид, уæд дын сыхалип ме ’ууæнк æмæ дып зæгъин ацауал мæйы дæргъы мæ карз фæн- доп. — Зæгъ, мын, Беци, æмæ уæфтæ къæдзæхæй дæр мæхи фехс- дзынæн. Цы дæп, уымæй дæуæн куы радтон мæхи. Мæ зæрдæ ма дæуыл лæууы, æфсоны цард ма у мæ тæригъæддаг цард,— дзуры Бецимæ сылгоймаг. — Уæдæ дын уый мæ ныхас: дæхи мæнау æрфæлмас кæи Зазайы биноптæм, кæннод мæ зæрдæ тæгæлтæ хауы де ’фхæрд- мæ кæсынæй. Кæд æппын сæ зæрдæмæ бахизис. Стæй дæхи цæттæ дар æмæ мæм æнхъæлмæ кæс. — Æмæ мæ, гормон, уыцы зæронд куыдзæн ком дæттып кæныс? Уæдмæ дæр уал йæ цардæй æндæр мацы фепæд. — Ууыл дæ æз дæр пæ ардауын. Æнæуи уал дæхи æрлæгъз кæн! — Æмæ стæй? Цы иыфсæй мæ цаарын кæныс, цы сфæид кодтай? — фæрсы лæппуйы ус, цæсгом фæрухсæй. — Уый та, рæстæг куы ’рцæуа, уæд базондзынæ, мæ дунейы рухс! Цæй, ныр дæхи аддæдæр кæн, куыд ничи нæ бафиппайа,— бакодта Беци æмæ æндæры ’рдæм фæраст æхсæдгæ-æхсæдгæ æмæ заргæ-заргæ. 39
Уæдæй фæстæмæ Мæргъиои дæр æрсабыр, нæдзæрин пал кодта æмæ пæ æфхæрд дæр фæкъаддæр ис. Заза дæр цииы цар- ды ленчытæ куынпæ кæна, йæ хæдзарвæпдаг сæрæгас æмæ йæ коммæгæс, йæ цагъартæ кусаг æмæ æфтиаггæпæг. Хæдзар — царвы кæхц. Мæргъион ма йæ мæстæй мары — æхсæв æп æм- гæроп нæ уадзы, фæлæ уын дæр æрсабыр, æмæ абоп уа, рай- сом уа, æруарздзæн æй. Йæ номылусы чызджы дæр ратдзæп Бецийæн, бакой йæ кодта бшюнтæп æмæ Бецийæп дæр æмæ цыма лæппу разы у. Боптæ згъордтой дугъоп бæхтау, æмæ мæнæ хосгæрдæп дæр къæсæрмæ ’рбалæууыд, фæрпæй уыл цæуа алаз дæр, мæ хуртæ. Афтæмæй дып а-пыр инпæбоп цæуынц адæм хосмæ, афтæ Ко- лыйы-фырт фыдрыпчын æрци. Хуылфæй схъæрзыдта æмæ пæ буары нуæрттыл ратул-батул кæиы, сурхид суадопау фемæхст, дæндæгтæ кæрæдзиуыл сæхи хойыпц. Хуыссы йæ мазгуыр лыс- тæны, сæнттæ цæгъды, артау судзы. Заза фенкъард æмæ фæ- мæсты. Тажкæ хосмæдзæуæпы йæ хуыздæр хосдзауæй æпæхап кæпы. Бафтыдта йæ номылусы чызджы æмæ Мæргъионы рын- чынмæ кæсыпыл. Фæлæ кæм, мæлæты фæпдагыл пыллæууыд мæгуыр лæппу. Уалынмæ хосмæцæуæп боп адæм пыххæррæтт кодтой æмæ ацыдысты уыгæрдæнтæм. Кæрæф Заза дæр ацыд, уæдæ цы, хæдзары хосмæцæуыпхъом иæлгопмæгтæй иу дæр нæ фæуагъта, иууылдæр сæ акодта. Аходæн афопмæ хæдзары устытæ аходæн ацæттæ кодтой æмæ уыдоп дæр уыгæрдæпмæ ацыдысты. Аха- стой лæгтæн аходæн, халамæрзæитæ æмæ мæхъитæ æмæ æргъо- мæй антъыхтой, Заза сын куыд ныффæдзæхста, афтæ. Хур йæхи зæххыл хафта, ахæм боп скодта æмæ ссивыимæ дæр цæттæ кодта йæхи зæронд Заза. Мæргъиоп баззад хæдзары. Колыйы-фырт мæлæтыл тухæ- нимæ ныллæууыди уыцы бон, æмæ Мæргъионы устытæ нæ ауагътой семæ Зазайы тæссæй, лæппуйыл исты куы ’рцæуа, уæд æй æвæгæсæгæй ныууагътой, зæгъгæ, æмæ сæ аргæвддзæп. Устытæ куы ацыдысты, уæд Мæргъиоп иу уæлпбых бахаста Бе- цийæн, исты дæ хъуыры ауадз, зæгъгæ, йæхæдæг йæ цæстысыг- тæ пыхъуыры, хæкъуырцц куыд кæны. Феуæгъд кодта кæуыпæп йæ зæрдæйы маст Мæргъион. Чи йæ уыны, хæдзары пичи ис, æмæ Бецийы риуыл пыффæлдæхы иупæгæй. Уæд ып Беци су- сæгæй дзуры йæ хъусы: — Хæдзары ма исчи ис? 1 — Ничи æппыпдæр,— Бецийы æвиппайды æрчъицыпыл ци- нæй æмæ джихæй сагъд фæци Мæргъпоп.— Сабнтæ сты æмæ хъæууынгты хъазыпц. Нæ помылусы чызг у æмæ фæсхъæумæ чызджытимæ бадынмæ ацыд, æпдæр хæдзары пичп ис, Беци! 40
— Уæдæ тагъд дæхи аифтонджытæ кæп, æмæ — цæугæ! — фæтæррæст кодта Беци йæ хуыссæнæй. — Мæ къоиа ’рбайхæлд, уый та куыд уа, ахæм рынчыпæй? — фæуынгæг ис ус, афтæ фенхъæлдта, Беци сæпттæ цæгъды æмæ йæ тæвдæй фестад. Уæд зæрдæбыпæй ныххудт Колыпы ’рдхæрæн фырт. — О, æдылы, уый æфсоп кодтон, æфсоп, æз абопмæ хъавыд- тæп лпдзыпмæ рагæй,— азымæг мæхи куы ’рфæлмас кодтон, уæдæй уыди мæ фæпд конд... Фæлæ, цæй, уыцы таурæгътæ фæстæдæр кæпдзыстæм, æз бæхтæ аифтындзоп æмæ хæдзар æрцагурæм, хæдзар, мæ уды гага! — йæхæдæг дуарæи федде и. Гъæйдæ-мардзæ! Æввахс сæрвæтмæ ауад Беци. Уым Зазайы æмбисопды бæхрæгъауæй тæккæ дыууæ хуыздæр бæхы — дыу- уæ саулохаджы, уæлдай хуыздæр кæмæ зылдп Беци, уыдон къæбæлбастæй феуæгъд кодта æмæ сæ кæртмæ ’рбатыгуыр кодта. Уым сæ цæсты фæныкъуылдмæ аифтыгъта Зазайы хуыз- дæр æвзист сæргътæй, пæхæдæг фæстæмæ хæдзары фæмидæг. Йæхи топп, Зазапы хуыздæр кæрдтæй дыууæ, дыууæ дамба- цайы æмæ иу хъама йæ уæлæ ’рбаста. Фырцинæй кафæг Мæр- гъиоп дæр уæдмæ йæхи ацæттæ кодта, рауадысты, бæхтыл абад- тысты æмæ дымгæйау атахтысты. Хъæуæй куы ахицæп сты Беци æмæ Мæргъион, уæд сæ За- зайы помылусы чызг фæфиппайдта. Зæрдæхæлд куыпнæ ’рба- уыдаид, йæ мойагæй æпæ мойæ аззад. Уайыптæ дып систа уыцы хуызæнæй йæ фыдмæ хæрзгæнæгæй. Заза хабар куы фехъуыста, уæд арсы богъ пыккодта æмæ бæхтæм рарвыста йæ хосдзауты. Уадидæгæи фæдис сурыптæ райдыдтой Колыйы-фырты, сурын- тæ, Заза сæ разæп, афтæмæй, фæлæ ма цы, суанг Зикъарапы æфцæджы сæрмæ схæццæ фæдис, фæлæ Бецийæн пæ дымгæ дæр нал баййæфтой: æфцæгæн фæфалейæ. Æпæмард æрдиаг бакодта Заза æмæ маст дæпгæл зæрдæпæ раздæхт йæ хæдзар- мæ. Ахæм æбуалгъ ми сæмбæлди фыдлæг Зазайы сæрыл, мæ хуры чысылтæ, æпæпхъæлæджы бои, аходæп афоп. 4. Зæххы фæдыл Уæлæ хъугомы дæллаг кæрон, æрдузыл, раст допы тæккæ сæрмæ ис иу амад — уый Тбаууацилайы кувæидон у,— йæ хор- зæх уæ уа. Йæ бакомкоммæ доны фаллаг фарс, айнæджы сæ- рыл, нæзы хъæды тæккæ раз иу æрдæг кæлддзаг куы зыны, уый та Кобеты мæсыг у. Сымах дардуыпцæст стут — скæсут-ма, мæсыджы раз пыр дæр ма бæрæг дарынц хæдзæртты бынæттæ, 41
сæ быпдуртæ дæр ма амаццагæй зыпыиц. Уыдоп та Кобетæн сæ хæдзæрттæ уыдьгсты. Кобетæ цардысты сæхицæн хицæнæй — чысыл хъæуæй а- хъæуы Мæсгуыты хъæуы фарсмæ, сæ цуры нæзы хъæды фале- йы иу чысыл æрдуз ис, уым та Кобетæн сæ хуымтæ уыдысты, фæлæ ма абоп дæр уыцы æрдуз Кобеты хуымтæ хуыйны. Ныр æрдуз сæрвæт у пæ хъæуæи, зæхх ихсийы, мæ хуртæ, смæгуыри, къæвдатæ йæ ныхсадтой æмæ раджыйы хуымгæнд сæрвæты йеддæмæ хуымæн пал бæззы. Стæй адæм æпдæр куыстыты фæ- дыл хæцын дæр фæцахуыр сты æмæ сыл зæхх æххæссы. Ны- мæцæп дæр, æвæццæгæп, фæкъаддæр сты, чи фæцагъды мыг- гæгтæй, Æлбегатау, чи лидзгæ фæкодта æидæр бæстæм зæх- къуындæджы азарæй, науæд туджджыитæй, чи та æддæ куыст- мæ пæхи айста æмæ уымæй цæры. Гъе, зæххы фæдыл сæмбæлди æбуалгъ æмбисоид Кобетыл дæр. Даргъ, уæрæх мыггаг нæ уыдысты Кобетæ, иу фараст хæ- дзары уыдаиккой æгас мыггагæй сæ къуыппыл, æндæр нæ. Фæ- лæ дзы иу хæдзары авд æмхуызон æфсымæры рацыд. Кæмдæр æрдхæрæн уыдысты уыцы авд æфсымæры хъаруйæ уæд, æхса- рæй уæд, гъе стæй фыдуагæй дæр афтæ уыдысты. Æмбисонд фесты куыстæй дæр. Сæ хуымты гæппæлтæ уæлдай хуыздæр задысты ипнæ адæмы хуымтæй, уæд сæ фосæй зæгъай, нард- дæр,— хуыздæр уыдысты иннæ фосы хъауджыдæр — æхсар- джыпдæр. Иу ахæмы Кобейы мыггаджы цыдæр фыдбылызтæ фæбы- цæу кодтой Барсæгатимæ иу чысыл хуымы гæппæлыл. Зæхх кæм уыди, мæ хуртæ, уыцы дуджы, не ’ххæсти адæмыл æмæ йыи туджы аргъ кодтой. Хъуг кæм æрхуыссыдаид, уый цыди хъуджы аргъмæ, гал кæм æрхуыссыдаид, уый — галы аргъмæ, гъемæ амæлттæ кодта алчи, зæхх амæлттæ, уæдæ цы. Чи хуыр- джынтыл æккойæ æрхæсгæ сыджытæй хуымты гæппæлтæ арæз- та, чи йæ уыгæрдæпы къæхтæ саста, чи сæрвæты кæрæттæ, чи та, чысыл фылдæр кæмæ уыди, уымæй хаццопы иста тыллæ- джы æмбисмæ. Цæрæн та сын уыцы дуджы ’рмæст зæххæй уыд, уæдæ æндæр цæмæй уыданккой? Хуымзæхх дæм ис, уæд хорæй æфсæст, уыгæрдæн дæм ис, уæд фосæй æфсæст. Æндæр куыст мыййаг та ахæм ницы зыдтой æмæ кодтой Мæсгуыты бæстæйы. Хъæд дзы ахæм пæ уыд, цъыхырыйæ дарддæр — цы хъæды дæсиыйады бацыдаиккой? Згъæр ахæм дзы пæй, цы згъæры куыст кодтаиккой? Ай-гъай, зыдтой иттæг хорз тыпуафыи, уæ- лæдарæп нымæттæ кæныи, фæлæ уыдои дæр фосджын чи уыд, фосæн та зæхх хъуыд. 42
Зæххы къуыидæджы тыххæй фылдæр хылтæ, фылдæр лæг- мæрдтæ дæр уыцы дуджы зæххы фæдыл цыди. Алчидæр куын- пæ хъахъæдтаид йæ зæххы гæппæлтæ цæсты гагуыйау? Куын- нæ архайдтаид йæ зæхх фæфылдæрыл, йæ боп цæмæй уыдаид, уымæй? Гъемæ зæхх цыди уыцы рæстæджы ирæдмæ, цыди ту- джы ныхмæ. Чысыл зæхджындæр чи уыди ппнæтæй, уый уыди æлдар дæр æмæ паддзах дæр пæхицæп. Барсæгатæ зæххæй иттæг хъæздыг мыггаг уыдысты. Иннæ мыггæгтæ дæр ма уыдопы зæххытæй цардысты. Зæххы фæдыл бирæ мыггæгтæ бакодтой сæхи уазæг Барсæгаты стыр мыгга- гæн. Цæвиттоп, цыбыр, æдых мыггаг тыхджып мыггагимæ куы сызпаг уыдаид истæй фæдыл, уæд-иу архайдта йæхи бауазæг кæнын æндæр стыр æмæ тыхджын мыггагæн. Гъемæ Барсæга- тæн ахæм бауазæггæпдтæ дзæвгар уыди, иуæй тыхджыи мыг- гаг уыдысты, ипнæмæй та, зæхджып уыдысты æмæ-пу сæ уазæ- джы сæ зæххыл дæр æрцæрып кодтой. Афтæмæй сæ зæххы ных- мæ, сæ бауазæггæндтæй истой фос уæд, хор уæд, дзаума, ахæм исты уæд, хъалопау. Уыцы мыггæгты нымайгæ дæр сæ дæлдæр- тыл кодтой, уæдæ цы. Кæм æххæсти зæхх Кобетыл дæр. Авд æфсымæрмæ æрхаудта зæхх — сæ фыды хай, иу æфсымæры хай. Уалыимæ уыцы авд æфсымæры сæхæдæг дæр фæцæуæтджын сты æмæ æххормаг æййæфтой, фæуынгæг сты иннæ мыггаджы уæлдай. Барсæгатæй Кобейы мыггагмæ цы хаццопы зæхх уыди, уымæй авд æфсы- мæрмæ цас бирæ уыдаид, æмæ нывыл не стыхстысты зæхцухæй! Уæд авд æ’фсымæры сæ сæрæп пицыуал хуыздæр зыдтой æмæ сын Барсæгатæй кæимæ дæр иу бонгæпды цыппæрæм хай рагæй дзырддаг уыди, уый афæлдæхтой иуахæмы. Стæй хуым куы ’рзад, уæд Барсæджы фыртæн хаццон хай дæр ыал радтой уы- цы гæппæлæй. Барсæджы фырт фыдуаг уыди кæмдæр, фæмидæг дын авд æфсымæры хæдзары æмæ къæсæрæй сæ хистæрмæ бахъæр кæны: — Хæрæг Кобейы-фырт! Мæ бопгæпды цыппæрæм хай куы æркарстай, уæд мæ хаццойиагæн — айс зæгъын дæ куыд ферох ис? Кобстæ ма бæргæ дзырдтой, бæргæ лæгъстæ кодтой, дзырд- даг у, зæгъгæ, æмæ хъуыддаг раст адæммæ æрхæссæм, фæлæ сæ хъал Барсæджы фырт кæм уагъта. Рæхысмæ йæхи баивæзта «хаццойнагæн æй хæссып», зæгъгæ, хæдзар скъуымбил кодта. Кæм уæидыдысты стыр фыдуаг мыггагæп лæгмæ Кобетæ. Бых- стой, уæдæ цы уыдаид, фæлæ æгæр-æгæр куы кодта Барсæджы- фырт, уæд сып загъд ацайдагъ. Загъд хылмæ аздæхти. Барсæ- джы-фырт сыл схсæй балæууыди æмæ уæд æфсымæртæ радæргъ 43
кодтой лæджы æмæ, хъæуы ма дæ — иал, ахъаззаг ын йæ цар- мыл абырыдысты. Хæрам ахастой уæдæй фæстæмæ Барсæгатæ Кобетæм, уæдæ цы уыдаид. Сæ лæджы нады ныхмæ сын Кобетæ фынг кæй скодтой, табу сыи кæй фæкодтой, уый дæр ма цæмæ æрдард- таиккой хъал мыггаг, æрдумæ дæр пал. Афтæмæй Кобетæн нал фос фосы пывыл уагътой, пал хор хоры нывыл. Фæстæмæ ай- стой сæ хаццонтæ дæр Кобетæй æмæ сæ афтæмæй донмæ æр- тардтой æмæ сæ æпæ допæй фæстæмæ аздæхтой. Уæ балгъитæг æпæрцæф Барсæгаты хъыджы бацыдаид, æхсай цыппар хæ- дзары уыдысты, цыппар гæнахы æмæ сын авдбынатои мæсы- джы уыди, сæдæ цыппар топпæхсæджы, æмæ сæ сæрты маргъ тæхын дæр нæ уагътой, арв дæр сæ иæ уæндыд нæрын. Уыимæ бпрæ зæхджыи мыггаг æмæ цардысты айдагъ Мæсгуыты хъæуы мыййаг нæ, фæлæ Хъæлласæны дæр, Тахойы хъугомы дæр, суанг Тлийы дæр, афтæмæй æвæджиау æнгом мыггаг уыдысты, иу дзы иннæйы тыххæй мæлæтмæ бацыдаид. Кобетæ куы суын- гæг сты, уæд бæргæ афæндтæ кодтой ныхмæ лæууыныл, фæлæ цы сæ бон уыди æмæ уæд иуахæмы мыггаг тæрхоны ’рбадты- сты æмæ загътой сæ авд æфсымæрæи: — Ай сымах тыххæй сæфæм, æмæ гъе Барсæгаты зæрдæйы бацæут исты амалæй, гъе та уæ сæрæн исты хос скæнут. Уæд авд æфсымæры хуыздæр хосæп сæ сæрæн ницы ссард- той, сыстадысты æмæ Дæллаг хъугоммæ балыгъдысты. Иугæр Барсæгаты цæсты раз сындз пал уыдысты, уæд уыдон дæр фæ- сабырдæр кодтой сæ азар, райстой авд æфсымæры зæхх, сæхи йæ бакодтой, стæп сын æй фæстæмæ хаццоны радтой, æндæр та сæ цæмæн хъуыди? Иппæ Кобетыл дæр та сæ хæлары къух æрæвæрдтой. Уыцы авд æфсымæры Дæллаг хъугомы хуыры ’хсæн пых- сытæ æмæ хуыртæ ссыгъдæг кодтой æмæ дзы хъаймæты куыс- тæй хуымгæндтæ скодтой, дзывыр сæ мыййаг нæ разылдаид — чысыл гæппæлтæ уыдысты, фæлæ сæ-иу белтæй скъахтой, аф- тæмæй-иу сæ байтыдтой. Афтæмæй цардысты, мæгуыртæг, сæ царды бонтæ ’рвыстой, фæлæ сæ хъал зæрдæдзинад нæ ныу- уагътой. Уæд иуахæмы æрымысыдысты уыцы авд æфсымæры авд- бынатоп мæсыг амайын. Дæсны уыдысты мæсыг амайынмæ — æндæр мыггæгтæн дæр-иу амадтой, æмæ сæм дзæвгар пайда цыди уыцы дæсныйадæй. Амайынц сæ мæсыг, амайынц. Мæсы- гаён йе ’ртæ бынаты куы сæххæст кодтой, уæд. Хуыцау уын хорз ракæпа, æмæ цыппæрæммæ куы бавпæлдтой, уæд дын иу бон амайгæ-амайын дур рахаудта æмæ æфсымæртæй сæ иуы сæр 44
асаста — сæ хнстæры сæр. Амбырд сты æфсымæртæ сæ цæф æфсымæрыл, уæдæ цы уыдаид, æмæ йæ сæ хæдзармæ бахастой. Куы ’рчъицыдта цæф æфсымæр, уæд йæ хуыссæныл рабадти æмæ инпæтæм баздæхти. — Тутыры бонтæ нæ уæлæ сты,— загъта.— Бавдæлут æмæ мын мæ сæр фидар бабæттут æмæ мыл мæ худ арф æркæнут, баст куыннбв зыиа, афтæ. Райсом Мæ Мæсгуыты хъæумйе иык- кæнут ТутырУ хъ&зтытæМ. Уым Барсæгаты хъазыпмæ рахонут, хЪаЗгае-ХъаЗынмæ Ма кæд Мæ уд пе схауид. Уæд мæ исчи фес- Хойдзæп уыдЬпæй æмæ маэ сæр дурМæ бахæсдзыпæи. Стæй мыи ы’æ Ма|эд уыдоныл сæвæрут æмæ сæ тугæн зæхх æрцагурут — уæхй Зæхх уын уæддæр ратдзысты, кæд æппып иæ, уæддæр. Каеннод уын зæхх нæй, æмæ цæмæй фæцæрипаг стут? Æз куыд хатын, афтæмæй уæлæуыл баззаинаг нал дæн æмæ мæ мæлæт дзæгъæлы куыннæ фесæфа нæ хæдзарвæндагæн, афтæ бакæпут, мæ хуртæ. Æцæг, тутыры бонтæ уыдысты æмæ-иу уæд адæм хъазаг уыдысты уыцы бонТы. С&уМæраджы-иу æрæМбырд уыдаиккой Мæсгуыты хъæумæ адæм æгас Мæсгуыты бæстæй, сылæй-пæ- лæп æм^е-иу бопсауизæрмæ Мæсгуыты хъæуы уынгты сæ хъаз- Ты кæрон нæ аскъуыдаид. Рараст дын кодтой дыккаг боп Кобетæ сæ цæф æфсымæри- мæ хъазынмæ Мæсгуыты хъæумæ, уæдæ цы уыдаид. Кæсыпц æмæ дуне хъазыпц — лæу-лæу кæпынц хъæу. Дæлкъух-уæлкъух ныххæцыди адæмæн сæ дзæвгар хай æмæ хъæуæн йæ иу кæро- нæй йе ’ннæ кæропмæ симы уыпгты. Дзассатæи уæрæх уæлхæ- дз&р уыди — авд хæдзары пыхæст уæлхæдзар — уым иу дзæв- гарæй хъазынц гæлæмытæй æмæ быныбадджытæй. Сыджыткъа- хæнæй уырдыджы бырынц ипнæтæ тъепайыл æмæ къахдзоныгъ- тыл æмæ фæзы хуымы бæрзонд быруйы сæрты быргæ-бырып расæррæтт кæнынц чи дарддæр ахаудзæпыл! Хъæуы фарсмæ Фæзы иннæтæ хъазынц гуыппытæй, фыднад кæпынц кæрæдзи- йæн. Аннæтæ кафыиц, сæ фарсмæ æрæфтыдтæй уæхск-уæхск дывæрццыгæй, бинæгтæ схъæр кæныпц: «Æрæфтдзыстут», уæл- лæгтæ сæм æрдзурынц: «Не ^рыфтдзыстæм». Хъæу йемдзаг у хъазæг адæмæй, къух акæнæн дæр дзы нал ис. Уæд Кобетæ бараст сты гуыппытæй хъазджытæм. Уыдон уыдысты сыгъдæг Барсæгатæ æмæ сæм Кобетæ бадзурыпц: — Уæ, Барсæгатæ, уæ хъазты нæ айсут! Барсæгатæ былысчъилтæ акодтой, æпæрвæссоитæ, фæлæ стæй загътой: — Цæй, уазджытæ стут æмæ рацæут, фæлæ куы фембылды уат, уæд-иу хъæстгæнæгæй ма фæцæут. 45
Афтæмæй дын хъазыптæ райдыдтой, гуыппытæй хъазыптæ, цæмæй хæйрæг уыдысты Барсæгатæ, ай Кобеты ’хсæп æрдæг мард ис. Афтæмæй дын хъазгæ-хъазып Барсæгатæй чидæр Ко- беты цæфы ныггуыпп кодта. Цæф йæ сæр дурмæ бахаста æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ, сæр фæйнæрдæм пызгъæлæнтæ æмæ лæг дзыхъмард фæци. Куыд бахъуыды кодтой, афтæ рауад сæ хъуыддаг Кобетæп. Фæлæ тæлтæг адæм уыдысты уыцы æфсы- мæртæ, сæ зонды нал афарстой, сæ маст сæ пал баурæдта, аф- тæмæй дын лæбурынмæ фссты æмæ Барсæгатæй иуы æрбамард- той. Цалынмæ сæм фæдис нргъæвыимæ хæццæ кодта, уалыпмæ сæ Барсæгатæ дæр дыууæ æрбамардтой. Иппæ Кобетæ дæр слæбурæг сты, фæлæ адæм уæдмæ дыууæ мыггаджы ’хсæп ба- цыдысты, æндæра Кобетæ мыггагдзагъд фæуыдаиккой, кæм цы бакодтаиккой Барсæджы мыггагæп, уый дæр быгъдæг раи. Аф- тæмæй ма уыцы авд сгфсымæрæй хæдзарыл сæмбæлд æрмæст цыппар. Туг ахаста дыууæ мыггагæн уæдæй фæстæмæ, уæдæ цы уы- даид, æмæ ма Кобетæ иу амардтой Барсæгатæй, фæлæ та сæ Барсæгатæ поджы æртæйæ амардтой, æмæ ма авд æфсымæрæн æрмæст баззади иу. Стæй рафæнд кодтой Барсæгатæ хæдзар- мæ фæцæгъдын бынтондæр Кобейы мыггаджы, мыггагскъуыд æй фæкæнып. Ноджы сæрысуангæй аххос Кобетыл бадти æгъ- даумæ гæсгæ. Цæвиттон, хъазты æнæбары чи фæмард уыдаид, уымæн йæ туг пæ истой йæ мыггаг, фæлæ-иу бафидыдтой æмæ фидыдмæ гæсгæ тугмæ истой гъе фæллоп уыдаид, гъе зæхх. Кобетæ та хъазты мидæг сæ лæгмæ лæг амардтой. Гъе, уыдæт- тæ дæр сыл æртыхтой Барсæгатæ, кæд Кобетæй фылдæр фæ- цагътой, уæддæр æмæ сын æфсонæи уыд Кобеты быныскъуыд скæпып хъуыддагæп адæмы цæсты раз. Кобетæ хъуыддаг куы ’рымбæрстой, уæд ма сыи, мæгуыртæг, цы гæпæп уыди æмæ фидауыпыл ныллæууыдысты. Адæмтæ сы- стадысты æмæ пыззоныгуыл кодтой фыдуаг мыггаджы раз — Кобейы мыггаг ма аскъуыпут, зæгъгæ, æпæуи сын цы кæиут, уый кæнут, уæ дзых сын тæрхонгæпæг фæуæд. Æрдардтой сæ хъус дзыллæты лæгъстæмæ Барсæгатæ дæр, уæдæ цы æмæ ныффидыдтой Кобейы мыггагимæ. Цы ма пыу- уагътаиккой, мæгуыртæг, Кобетæп хъал мыггаг, туг фиддæпмæ сын рахастой сæ исфæллой. Фидыды чызг дæр æркодтой Кобе- тæй. Æгад уыди тугфидтæны чызг раттын пæ фыдæлты цæсты. Чызг айсæг-иу чызджы кусæг скодта, уæй дæр æй кодта. На- уæд чызджы исчи мыггагæй йæхицæн номыл ус куы скодтаид, уæд йæ цæуæт дæр кæвдæсардыл — сауыл пымад цыдысты. Гъе, фæлæ ма дзы Кобейы мыггагæн хуыздæр гæнæп кæм уыди æмæ 46
чызг дæр радтой. Мыггагскъуыдæй кæй аирвæзтысты, уый дæр сын стыр хæрзиуæг уыди. Йæ фæстæ ма сын цæй цæрыпы фадат уыдаид а-бæсты. Зыдтоп сæ арвы цæф. Барсæгатæй сыстадысты æмæ кæдæмдæр сæ сæр фесæфтой. Кæсут ныр, цæрæгæй æдзæрæг фæци уæртæ Кобеты къуылдым. Ахæм тугуарæн хъуыддæгтæ цыди, гъе, мæ хуртæ, уыцы фыдзамаиы зæххы фæдыл. 5. Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз Æхсар бæрæггæпæг лйегнымæцæп уыди, мæ хуртæ, раджы заманы, цард бæрæггæнæг зæхфылдæрæй æмæ исбонæй, лæг бæрæггæнæн та æгъдауæй. Æгъдауыл мард уыдысты фыдæлтæ, царды сæрфат аразæг дæр æгъдæуттæй. Æмæ уæдæ, æндæр куыд уыдаид, паддзах уыдон нæ зыдтой, æлдар иннæ ахæм, хицау æмæ закъон та æрхæсгæ сты нæ бæстæм.,Уæд та хицау — мыггаджы хистæртæ, закъон — иæ хæхбæсты æгъдæуттæ, уы- допæй цардысты, уæдæ цы, чи ахызтаид æгъдауы сæрты, уыцы быны сæфт чи уыдаид, фæлæ тыхджынæп цынæ ’нтысы — æгъ- дауы сæрты дæр-иу ахызти, йæ зæрдæ куы загътаид, уæд, æмæ йын батадаид, æвæдза, æгъдауы сæртыл карздæр дзурæг кæд- дæриддæр тыхджын уыди. Цæй, дардыл цы иывæпдон ныхас, таурæгъæн райдайын хуыздæр у йе ’цæгæй. Æгуыдзæг мыггагыл, мыййаг, нæ хыгътой нæ Мæсгуыты хъæу, нæ, æппæт нæ Мæсгуыты бэостæ дæр Æлбеджы мыгга- джы. Лæг ифтонг, гæрзифтонг уыди Æлбеджы мы’ггаг, цы ма хъуыди цæрыпæн уæдæ æмæ хæрыиæп ахæм мыггаджы. Цар- дысты Æлбегатæ дæр, уæдæ цы, алцæмæй фагджыпæй. Цар- дæй бухъытæ кодтой. Бон сын куывдæн уыди, æхсæв та чын- дзæхсæвæн, афтæмæй цардысты сæ рыпдзыл, уæлæ акæсыны сæрмæ ныр дæр ма куы зыныпц сæ мæсгуыты, сæ хæдзæртты быпдзæфхæдтæ кæлдтытæй. Фæлæ кæм вæййыпц пудадзыг царды боптæ амоидæй, хур- джын уалдзæгау, хаттæй-хатт схъызыпц тымыгъ æнамондæй зымæгау. Æрзылд æнамонды тымыгъ бонтæ Æлбеджы мыгга- гыл дæр. Ахæм æпамопды тымыгъ бонтæ, æмæ Æлбеджы мыг- гагæн йæ кой дæр ныддымдтой. Æлбеджы мыггагæй та тыхджьгндæр æмæ пыфсджындæр Барсæджы мыггаг уыди. Кæуылты мыггаг уыди йæ лæг арæ- хæй, æхсарджып, æпæбасæттоп йæ лæг хæцæгтæй! Зæххæй та афтæ исджып уыди, æмæ уын хæххоп æлдар зæгъон æмæ кæм, 47
Тæгиатæм дæр уыдоны зæххы бæрц щ уыдаид. Фæлæ бирæ исджыны цæст æпæфспс у. Барсæгатæ дæр афтæ, кæм æхсарæп, кæм фыдмнйæ ноджы фылдæр кодтой сæ исбон, сæ зæххытæ. Адæм сæ фæразгæ дæр пал кодтоп, фæлæ сæ цы боп уыди, æм- ризæджы рызтысты ипнæ мыггæгтæ. Барсæгатæй, фыдуаг уы- дысты, æпæбароп, æнæрцæф Барсæгатæ: сæ сæрты маргъ тæ- хып дæр пæ уæпдыд. Хæлар уыдысты Барсæгатнмæ Æлбегатæ, Хуыцау зоны, цы сæ фæхæлар кодта уыцы тызмæг мыггагпмæ, гъо, фæлæ ст сæфт дæр уыцы хæлардзинады фæдыл æрцыди. Куахæмы тутыр æрлæууыди. Адæм æрымбырд сты æгае Мæсгуыты бæстæйы Мæсгуыты хъæумæ тутыры хъæзтытæм, уæдæ цы уыдаид, æмæ бæстæ æмризæджы рызт, æмбу кодтд алæмы хъæрæй. Барсæгатæ хъал мыггаг — сæ сæр кæм дардтой æпдæр мыг- гæгтпмæ хъазынмæ æмæ хъазыдысты сæ кæрæдзиимæ. Фæлæ уалыпмæ сыстад Æлбегоп лæг Сæлдженыхъ, зæгъгæ, æмæ ба- лæууыд Барсæгаты хъазты. Æрдхæрæп барæг уыди кæмдæр адæмæн Сæлджеиыхъ, иуыл æрдхæрæп та йæ сау араппаг уыди, кæддæр стæры уыди Гуырдзыстопы æмæ йæ стыр æлдары бы- нæй байста. Барсæгаты æвзаргæ фæепвæд бæхтыл хъазыдысты æмт Сæлджеиыхъы айстой сæ хъазтмæ: рафæнд дын кодтой, мæ хуртæ, рафæпд барæгæй, бæхæй, йæ хъару равзарып Æлбсго- пæн. Куыднæ уыдаид хорз бæхтæ Барсæгаты фæспвæдмæ дæр, куыд пæ уыдаид сс ’хсæп хорз барджытæ дæр, афтæма?й хъа- зынтæ систой Сæлдженыхъимæ, хъазынтæ. Дзæвгар фæхъазы- дысты, уæдæ цы, бон акъул, фæлæ дзы пичи басаст помдзыд барджытæй. Уæдæ дугъæй зæгъай, уæдæ тæргæ бæхыл иысан æхсыпæй зæгъай, уæдæ бæхыл хъазып арæхсыиæй зæгъай, уæл- бæх хъазтæй ипнæ ахæм, уæлдай пичи пикæмæн уагъта. Уæд Сæлдженыхъ йæ бæхы æфцæг дауы æмæ зæгъы: — Уæдæ афтæмæйты дæр ма уæд, Барсæгаты сахъ фæсп- вæд. Нæ бæхты бафæлварæм сыджыт къахæиы сæрæй æмуы’р- дыг дæлæ комы допы былмæ. Чи раздæр пыххæццæ уа, чи пæ фссхъиуа нæ бæхæй, уый амбылдта. — Фæуæд дæ дзырд, уæ, хорз Æлбсджы фырт. Æрмæст дæ рагацау фæдзæхсып, дæ бæхæй дæхæдæг уырдыджы допы был- мæ раздæр ма пыххæццæ у,— бадзырдта йæм хъазæп пыхасæй Бар-сæгаты фæсивæды ’хсæн разагъды Дадай. т— Уый дæр феигæпæ у, хъæбатыр Дадай,— бакодта Сæл-- джеиыхъ æмæ барджытимæ схæрд кодта сыджыткъахæиы сæр- мæ. 48
Æмуырдыг у, уæлæ ма пæм скæсут, сыджыткъахæпы фахс суапг донмæ, кæуылты бирæ бæрзоид у. Ныры фæснвæд дзы æдæрсгæ тагъд æруайын дæр нæ ,бауæпддзысты фистæгæй, бæ- хыл бадгæйæ нæ, фæлæ. Уæд та, мæ хуртæ, домбай уыдысты адæм, арæхстджып уыдысты алцæмæ дæр, хæстон хъуыддагмæ æмæ æхсар равдисынмæ та æрдхæрæи. Ахæм чи иæ уыдаид, уый фæсивæд сæ рæнхъы дæр нæ уагътой, чызджыты ’хсæнмæ нæ тардтой се ’хсæиæй «лæгæн бæзгæ пæ дæ», зæгъгæ. Чызг дæр ыл æнæрвæссонтæ кодта, былысчъилтæ æмæ сар йæ сæр кодта, æвзæры пом ыл-иу сбадти пъæззыйау. Æвзæры ном та пæ сæрмæ ннчи хаста æмæ уый адыл алчи архайдта рæгъы цæуын, æвзæры помы бæсты мæлæт æвзæрста фæлтау. Куы схæццæ сты Барсæгаты фæеивæд Сæлдженыхъимæ сыджыткъахæны сæрмæ, уæд дын уыциу тъæбæртт фæкодтой æмуырдыг, уæдæ цы. Æртæхынц уырдыджы сахъ фæсивæд, иуæй-иутæ дзы фæстейы дæр аззади. Уалынмæ доны уæлхъус балæууыдысты барджытæ æмæ Сæлдженыхъ иннæтæй фæра- зæй раст бæхы сæры бæрц. Арвы цæфау куыпнæ фæуыдаиккой хъал фæсивæд. Дыккаг хатт дæр та сфæлвæрдтой æмæ æртыккаг хатт дæр, фæлæ-иу зына-пæзына гъеуæддæр фæразæй Сæлдженыхъы араппаг. Уæд æм баздæхт æиæрцæф Дадай æмæ бадзуры мæстыго- мауæй: — Хæларæй цæрæм, Сæлдженыхъ, æфсымæртау демæ. Бæ- хы байраг не ’хсæп ма бацæуæд фыдæхы хæссæгæй. Рауæлдай кæн дæ араппаджы æмæ йæ дæ дзых цы зæгъа, уымæй дын мæнæ лæг цæттæ.— Чи зопы, нæ бацауæрстаид Сæлдженыхъ бæх Дадайæп, хæлар уыдысты, фæлæ йæм хъыг æркастысты йæ ныхæстæ, мæстыйæ кæп загъта, æмæ йæм бадзуры: — Æвæлтæрдæй дын исты разнаггад кæндзæн, Дадай, мæ хайуан. Фæлтау йæ цип дæр æмæ йæ маст дæр мæн уæнт, йæ амонд дæр æмæ йæ фыдбылыз дæр. Ницыуал сдзырдта Дадай, фæлæ маст бавæрдта арф йæ зæрдæйы. Уæд Сæлдженыхъæн иу æфсымæр уыд Кудзан, зæгъгæ. Ни- цæйаггомау уыдис, сæрхъæн, рæуæг лæг Кудзан. Йæ сырх цу- хъа-иу нарæг æрбалвæста, бабадти-иу йæ кафаг бæхыл, стæй фæкæс æмæ уæртæ Кудзап фæтæхы уым чыпдзæхсæвмæ, уым куывдмæ, уым дзуары бæрæгбоимæ. Афтæмæйты æрвыста йæ цард къуыдипп магуса Кудзап. Гъе, уыцы Кудзапы быи бацыди Дадай. Æнæуи дæр дыууæ æфсымæры ’хсæн пицы уыцы фарпы хæлардзинад уыди. Цас зæрдæмæдзæугæ уыдаид Сæлджепыхъæп йе ’фсымæры æдзæл- гъæд къуыдипдзинад лæджыхъæды бæсты, йе ’пæхъуаджы 4 Мах дуг № 7-8 49
цоппай куысты бæсты? Амыдта-иу рæвдаугæ уæд, тызмæгæй уæд йе ’фсымæрæп Сæлдженыхъ, фæлæ амыид кæй хъусы ба- хызтаид, ахæм гуырд дæр нæ уыди Кудзан. Гъемæ йе ’фсымæ- рæн мастхæссæг уыди Кудзан. Афтæмæй Дадай æдылы Кудза- ны ноджы ардыдта Сæлдженыхъыл. — Ус æмæ зæнæгджып у Сæлджепыхъ, хæдзары куыстыл дæр йæхи галау сифтыгъта, ды та уыцы иу уды къоппа дæ æмæ иу’бон куы уа, уæд дæ афтид армæй æмæ гом риуæй рарвит- дзæн, бауырнæд дæ. Ныры онг дæр дын бакодтаид уыцы æбу- алгъ ми, фæлæ йæ зæнæджы бахъомылмæ кæсы. Нæ йæм хъу- сыс, æвзæрæй æмæ дæ_ æдылыйæ куы тоны хæдзары зæгъай, адæмы рæпхъы зæгъай, уæд афтæ чи фæкæиы йæ уарзон æф- сымæрæн? — дзырдта-иу Дадай Кудзапæн æмæ-иу хибарæй зæрдиаг ныхасы, фæлæ-иу æй мæстæй дæр арæх мардта æм- гæртты ’хсæп ахæм иыхæстæй: «Уæ, Æлбегаты уæлдайаг», уæ, иу боньг гæлæбу, уæ, æнæхайвæндаг» — æмæ йын ноджы цынæ дзырдта гæрдах Дадай. Иуахæмы та дын Дадай стыр фæсахсæвæрмæ фæдардта йæхимæ Кудзаны. Куынпæ йын бадардтаид цъæх арахъы нуа- зæнтæ, сау бæгæныйы дзæбидыртæ, хæрд æмæ нуæзт нæ уыдп пы йæ дзаджджын, бæзджын хæдзары. Цы базындæуа, цытæ йыы фæдзырдта уым Дадай йæ фынджы рагъыл, фæлæ Кудзан куы рараст ис йæ хæдзармæ, уæд йæ хъримаг йе ’фцæгыл дæр нал бафтыдта,— афтæ йæ йæ дæларм рахаста. Цухтæ-мухтæ- гæнгæ сæ хæдзары куы фæмидæг, уæд кæсы æмæ уæртæ арт- дзæсты къæйыл, йæ чъылдым арты ’рдæм, афтæмæй хуыссы йе ’фсымæр. Рынчын уыди, æнæфæразгæ кæмдæр уæд Сæлдже- ныхъ. Иннæ биноптæ дæр батылдысты сæ сыитæджытыл, æгæ- рæстæмæй йæм йæ чыпдз, Сæлдженыхъы ус дæр нæ бады, аф- тæ, æдгæрзтæ йæхи æруагъта кæмдæр къуымы. Кудзан фæмæ- сты, йæ чындз æм кæй нæ фæбадти, уый тыххæй, зæгъгæ, мын æндæр аргъ иæй мæ хæдзары æмæ фæскъонайы дыууæ цæджыи- дзы ’хсæнмæ йæхи бахаста æмæ уырдыгæй топп ныххуырста йе ’фсымæрыл. Топп æрхуы нæмыгæй ифтыгъд уыди. Нæмыг чъыл- дымы стæгыл басаста дыууæ уæны астæу æмæ риуы гуыдырæй ахызти. Де знаг дæр афтæ, змæлгæ дæр нал скодта Сæлдже- ныхъ йæ бынаты, дзыхъмард фæци. Уæдæй фæстæмæ цыдæр фыдбылызы сæфты къахыл ныл- лæууыдысты Æлбегатæ æгас мыггагæй. Дзырдтой, Гуырдзы- стоны дам сæ чидæр уыди æмæ уырдыгæй цыдæр рын æрба- хаста,—- рынчынæй æрбаздæхт йæ балцæй уыцы дуджы. Уый аххос уыдаид, æви сыл нæ хохы дзуæрттæ рахаттысты Кудзаиы æбуалгъы ракæиды фæдыл, чи у йæ зонæг, фæлæ бирæ нæма рацыд Сæлдженыхъы фæмардæй, афтæ цавæрдæр рын сыста- 50 ^|
ди мыггагыл æмæ сæ цæгъдыптæ райдыдта, цæгъдыптæ, æхсæ- пæй-бопæй дзы хъарæджы æмæ дзыназьшы кæрон пал скъуыди. \дæм рыпæй фæтæрсгæйæ лигъдоптæм фæцыдысты. Æлбега- 1æм ма гъе фæкæсыимæ йе мæрддзыгоймæ чи бауæыдыдаид бæгуы, уыцы æрра чи суыдаид. Цалыпмæ ма сæ боп уыд, мæ- гуыртæг, уалыпмæ мæрдты хастой сæ мыггаджы зæппадзмæ, стгæй сæ бон нал уыд, æмæ сæ æддæмæ кæсæг дæр пал разын- 41. Бопы фæстагмæ сæ кæуып æмæ дзыназыи дæр пал райхъуы- стис, фæздæджы худ дæр нал бадти сæ рудзгуыты сæрмæ. — Мыггагыскъуыд фæци, мæгуырæг, Æлбеджы мыггаг,— ^агътой адæм лигъдонуæтты æмæ алчи фæстæмæ йæ фæрныг лæдзармæ ’рфардæг ис. Иу бон куы уыди/ уæд дын Æлбегаты мæсыгæн йæ тæккæ сæрæй райхъуысти: — 0, Мæсгуыты’хъæу! Рын-сопæй уæ нæ хохы дзуæрттæ бахизæнт. Рынæй фæцагъды ис ме стыр мыггаг. Иунæг удæй VI дзы æз баззадтæн. Уæй, кæд исчи йæхицæн удыбæстæ кæ- ппнаг у, уæд мæм фæкæсæд—мæ мыггагæп мын рухс зæгъæд. Адæм сае цæстытыл схæцыдысты, уæдæ цы уыдаид. Кæсынц, æмæ мæсыджы сæрæй хъæр кæпы Æлбегат’æй иу, Батай, зæгъ- гæ. Æвæджиау хæрзхъæд, æгъдауджын лæппуйæ зыдтой хъæу Батайы. Ныхасы хистæртæ бадыпц, уæдæ цы уыдаид, æмæ зæ- 1ъыпц кæстæртæн: — Рынæй тас пал уыдзæп, фæлæ бавдæлут æмæ Æлбегаты сгуыхтыты уæлæуыл ма ныууадзут, худинаг у. Сыстадысты уæд хъæу мæрддзытой Æлбегатæм, фæбогъ- богъ сыл кодтой, фæкуыдтой, стæй сæ сæ зæппадзы бавæрдтой, Зæппадз байдзаг йæ дуары дур ыл бахгæдтой, хæдзæртты ныс- сыгъдæг кодтой, сæ фостæ йеддæм сып базылдысты, стæй сæ хæдзæрттæм æрцыдысты. Иæ хæдуæлвæд Батай хæрпæг кæпып æрымысыд йæ мыгга- гæн, мæгуырæг. Фервыста, хæстæгæй-хиопæй чи уыд йæ мыг- гагæн, уыдонмæ, æппæт адæмтæм пæ Мæсгуыты бæсты кæмт- ты. Æмгъуыды бои дып дуне дзыллæ куы æрæмбырд сты, уæд бавдæлд Батай æмæ цыдæриддæр мыггагмæ хорæй уыди, уый хойрагæп фæци, цыдæриддæр фосы къахæй уыди,— уый кусар- тæн. Бæргæ ма йæ иргъæвтой адæм — дæхн дæр ма истæмæй цæрып хъæуы, зæгъгæ, фæлæ иикæй коммæ бакасти, цыдæр фæнд бацыди йæ хуылфы. Адæм хæрпæгыл æрбадтысты, уæдæ пы уыдаид, æмæ рухс загътой мæгуыр мыггагæн. Уалынмæ хæрнæг куы фæци, уæд Батай ралæууыд адæмы ’хсæп æмæ зæгъы: — О, мæиæ ихорз адæм! Арфæ кæпып уе ’ппæтæн дæр, абон мæ мæгуыр мыггагæп чи балæггад кодта. Уæлдай арфæйаг 51
уæнт иæ хохы дзуæрттæн Барсæгатæ, мæ мæгуыр мыггаджы йæ сыджытыл чи сæмбæлын кодта, уæлæуыл сæ чп пæ пыууагъта; Цыдæриддæр ма ис фосæй, агъуыстæй, зæххæй, допæй Æлбе- джы мыггаджы помыл, уыдон иууылдæр, мæ бар сыл цæй бæрц цæуы, уыдон дæттыи Барсæджы мыггагмæ. Цæрæит æмæ сыл кусæнт хуыздæр амопдимæ. Искæмæн дзы хорз зæгъипаг уой, пскæй дзы æрымысой, æви нæ, сæ бар уæнт. Абонæй фæстæмæ сыл мæ бар иал цæуы. Æз та мæ«царды сæр райсипаг пал дæи, мæ дынджыр мыггаг кæм сты, уырдæм мæ фæпдаг. Чи мæ баиргъæва уыцы фæндагæй, уый Æлбеджы мыггагæн фæлдыст фæуæд, уып мыггаджы Æлбеджы мыггагау адзал банйафæд. Йæхæдæг джих адæмы ’хсæпты рахызт, бараст сæ зæппадз- мæ, бахызт йæ хуылфмæ æмæ йæхиуыл зæппадзы дуар бафæл- дæхта. Бæргæ ма йын ныллæгъстæ кодтой дзыллæтæ, йс ’мгæрт- тæ «дæ мыггаг ма аскъуып», зæгъгæ, фæлæ никæмæ уал бай- хъуыста. Тыххæн уромынмæ та йæм йæ ныфс ничи бахаста йæ ралгъысты фæдыл. Кæм ма фæцыдаиккой адæмы хæрзæджытæ æмæ дзырддзæу- гæдæртæ Маосгуыты хъæуæй. Æдзæлгъæды адæм куы аивылды-, сты хæрнæгæй сæ хæдзæрттæм, уæд кæм цы хорз лæг уыд, уы- дон æрæмбырд сты Мæсгуыты хъæуы Ныхасы æмæ тæрхæттæ кодтой, цы ’гъдауæй расайой Батайы зæппадзæй. Бирæ алы мадзæлтты сæрыл-иу бæргæ ныххæцыдысты, фæлæ нæ басасти Батай, нæ рахызти зæппадзæй. Суанг æм хатæгæй сæрвыстой Барсæгаты мыггаджы хистæр зæропд, дунейыл кадджып Бæ- тæджы дæр. Фæлæ иицæмæ æрдардта Батай уый арф зондджып ныхæстæ дæр, пæ ракуымдта уымæн дæр зæппадзæй. Афтæмæй лæг хуыздæр нал баззади а-бæсты, чи не ссыди хатæг Батаймæ, æмæ адæм ницыуал сæ сæрæн зыдтой, цы амалæй ма йæ ракæ- ной йæ фыдæлты зæппадзæй. Бонтæ та сæ цыд кодтой, уæдæ цы, æмæ рацыди фондз боны Батайы зæппадзмæ бахызтæй. Уæд иу зæронд лæг Къæлæутæй Хæмæт, зæгъгæ, фысыммæ Абайтæй иу сидзæргæсмæ уыд. Уыцы сидзæргæс Къæлæутæн сæхн чызг уыди æмæ йæм Хæмæт дæр уый охыл æрфысым кодта. Къæлæуон ацæргæ сылгоймаг уыди, æмбаргæ, хæрзæгъ- дау æмæ Хæмæтмæ куыннæ уыдаид алы æхсæвæрыл дæр Æл- бегаты Батайы кой Къæлæуонимæ. Ус дæр ныхæстæ кодта йе ’рвадимæ, уæдæ цы. Фæлæ Батай куы нæ ’мæ куынæ хызти зæп- падзæй, уæд иу æхсæв баздæхти Къæлæуон Хæмæтмæ æмæ йæм дзуры: — Батайы рахизынæн ма æз иу фæрæз зоиын, фæлæ стыр тæригъæддаг фыдбылыз тæссæй мæ сæры хъуыптæ арц слæу- уьЫц, мæ зæрдæ цъæх арты судзы æмæ ме ’взаг пæ тасы комы арынджы, уæ, ме ’фсымæр! 52
— Зыпг зæгъыпæй ком пæ судзы, мæ хо! Кæд ма исты фæ* рæз зопыс Батайы рахизыпæн, уæд æй зæгъ. Æцæгæлон иыи пе сты Æлбегатæ, пæ хæстæджытæ сты. Ничи нæм хъусы, пæ дыууæ стæм, æмæ кæд исты фыдбылызаг уа, уæд æй нæ дыу- уæпæ дарддæр ничи зопдзæн,— дзуры усæи Хæмæт. — Уæдæ мæ дыууæйы судзгæ мæрдты цæсгом ма фен мæрд- 1Ы бæс;гы, ды куы сыргом кæнай хъуыддаг, цалыимæ йыл уæз- .зиу пыхъхъуыды кæпзй, уалынмæ. Æз æдылы сылгоймаг *дæн æмæ ницы зопын, рæдийыи аеви нæ, уымæп ницы æмбарын, дæ сæр мæ сæр фсстæд, фæлæ ратай дзырдта Барсæгаты Дадайы ус Цæрæхонмæ. Арвæп зæххы ’хсæн ын уымæй адджыпдæр йæ бабыи мыггаг дæр нæ уыдысты. Цæрæхопы йæм барвыстæуыд, зæгъгæ, уæд йæ зæрдæ нæ фæлæудзæи æмæ рахиздзæи, афтæ мæм дзуры мæ зæрдæ. Фæлæ фыд мыггаг сты Барсæгатæ, куы базоиойхъуыддаг, уæд Батайы зæппадзагй дæр скъахдзысты сæ маст райсынмæ, стæй Цæрæхопы дæр ныргæвддзысты. рьемæ, цы хуыздæр хос счындæуа, уымæп ницы зонын æз, æдылы ус, дæ фæхъау фон,— тæрсгæ-ризгæ дзуры ус. — Æмæ ды хъуыддаг уыцы бæлвырдæй кæцæй хатыс? — Куыннæ йæ хатып, сæ минæвар мæхæдæг куы уыдтæп. Чызгæй дæр уарзта Батай Цæрæхоны, стæй Барсæгатæм куы ’рцыди, уæд лæппу хæстæджы охыл мæнмæ арæх цыди æмæ кæрæдзи зæрдæ мæнмæ базыдтой. Арзæп зæххы ’хсæп хъуыд- даг не ’ртæ удæй дарддæр ничи зоны. Гъенырæй фæстæмæ та йæ ды дæр зопыс, æрмæст æн дæхимæ дæр ма пыуулæф, æз дæ мæрдты уазæг, уыцы дыууæ уды зын мын ма фенып кæн,— лæгъстæ кæпы ус. — Тæрсгæ мын ма кæп, мæ хо, цы хуыздæр уа, уый сæрыл ныххæцдзыстæм, басабыр у, уæлдай тæригъæд пал æруадздзы- стæм,— дзуры усæн Хæмæт дæр. Æхсæв бопмæ хуыссæг нал æрхæцыд зæронд Хæмæтыл. Уæдæ куыд бачындæуа? Цæрæхоны зæппадзмæ барвитыны хъуыддагæн цы æнæ фæхъæр ис. Хъуыддаг æнæ фæхъæрæй барвыстæуа Цæрæхопы æмæ, уæу-ау, цы нæ ис, мыййаг куы рахиза Батай, уæд ма Барсæгатæн цы бамбарып хъæуы хъуыд- дагæи йецæг. Уæд ма сифтыгъдæуа Цæрæхопы уыцы хъуыдда- гыл, æмæ æндæр дæр куы ницы уал хос арынц адæмы хæрзæ- джытæ æмæ зæпджыптæ Батайы расайыиæн. Афтæмæй йыл катæйтты сбон ис Хæмæтыл. Райсомæй хуыздæр фадатæи æндæр ницыуал ссардта Хæ- мæт, фæлæ дын асидти æртæ дзырддзæугæдæр за^ропдмæ — мыггаджы лæгтæм æмæ сын хъавгæйæ ’рымбарын кодта хъуыд- Даг. Ратæрхон-батæрхои фæкодтой цыппар зæронды æмæ боны фæстагмæ Бæтæгимæ æрныхасыл пыллæууыдысты æмæ йæм 53
хибар асидтысты йæхи хæдзармæ. Уым Бæтæгмæ дæрдтыл æр- зылдысты, афтæмæй йып сæргом кодтой хъуыддаг, сæхæдæг йæ разы æрзоыыгыл кодтой æмæ йын загътой: , — Гъеныр махмæ зоидæй пицы уал ис, фæлæ дæ зопдæй ,цæрæг сты нæ мæгуыр дзыллæтæ æмæ дæ зонд нæ тæрхопгæ- пæг, æмæ уыцы æпамоыд удты тæрхоыгæыæг дæр, дæ рыы ба- хæрæм. Æыдоы лæг уыди зæроыд Бæтæг, ыицы фезмæлыд йæ цæс- гомыл æыамоыд хабар фехъусгæйæ, ыицы сдзырдта иу дзæв- гар, стæй фæстагмæ бакодта: — Уæ ыыхас мæ хъустæы бахызти, кадджыы зæрæдтæ, сæ- рыл сæмбæлдзæн, æви зæрдæйыл,— зоыды фæдыл ацæудзæы, æви зæрдæйы, уымæй уыы ыырма ницы зæгъиыаг дæы, фæлæ уал мæ кæстæрты феыоы. Уазал рызт бакодтой зæрæдтæ æмæ дуарæы феддæ сты. Уалыымæ Барсæджы мыггаг хотых ифтонгæй æрæмбырд нæ мыггаджы хистæры стыр хæдзармæ, мыггаджы уынаффæмæ, иу хотых хæссынхъом дæр дзы фæстейы нæ баззади. Цы ба- чыыдæуа, цы дзырдта æмæ цы бауыыаффæ кодта Бæтæг йæ мыггагæн, фæлæ хур акъул, уæддæр нæма рацыд мыггаг Бæ- тæджы хæдзарæй. Адæм дистæгæнгæ хъомпал кæыыыц уыыгты: цæмæы æрæмбырд æвирхъау Барсæгаты мыггаг мыггаджы уы- ыаффæмæ. Хъуыддаг зонæг зæрæдтæ дæр сыыдзытыл бадыиц Ныхасы: æыхъæлмæ кæсынц, цы хуыздæрæы равзардзысты тыз- мæг, æыæрцæф мыггаг. Боны фæсташæ Бæтæджы хæдзар байгом ис> æмæ дзы Бæ- тæг рахызти йæ лæдзæджы æицæйтты,- йæ фæстæ йе стыр мыг- гаг, уыдон æхсæн Дадай дæр саудæигæлæй. Бæтæг Ныхасмæ ссыд æмæ уым рабадт. Адæм æнхъæлмæ кæсынц. Уæд Бæтæг зæгъы: — Æлбеджы мыггаджы аскъуыдыл райæг æз нæ зонын ацы дзыллæты ’хсæп. Номджып, æгъдауджып мыггагæй пæ зыдтой пæ бæстæ йæ адзалы бонмæ. Ныр йæ адзал æрцыд, æмæ ма дзы иу æдылы саби баззад,— уый дæр цæрдудæй мæлæты дуар йæхиуыл бахгæдта. Фондз боны дæргъы фæцархайдтат, мæнæ адæм, йæ раздахыныл,' фæлæ уæ къухты нæ бафтыд. Ныр бав- дæлут æмæ ма сæрвитут, æппæт а-хъæуы цы сылгоймæгтæ ис, уыдон уазæгæй, бынæттонæй зæппадзмæ иропвæидаггæнгæ. Гъе уым нæм иу чындз ис, хорз кæуæг æй хоныпц, уый сæ разæй, афтæмæп. Æммыст æмæ кæд сылгоймæгты кæуыимæ йæ зæрдæ н-ал бауромид æмæ рахизид æнамонд Æлбегон, гъе уыцы хос ма зонын, мæпæ хорз адæм, æмæ йæ бафæлварут. Уæд дын дзыллæтæ сызмæлыдысты, æрæмбырд кодтой сыл- гопмæгты æмæ сæ уæлæ лæгъздæр фæндагыл сраст кодтоп 54
Æлбегаты зæппадзмæ иропвæпдаггæпгæ, сæ разæй та кæугæйæ Цæрæхон. Сæхæдæг адæм цы уыдысты, уымæй сыстадысты, фæлтæргай-фæлтæргай, сæ разæй'^гзæрæдтæ, афтæмæй æрлæу- уыдысты зæппадзы фæйнæрдыгæй æмæ зæхмæ сæ цæстытæ æруагътой. Уалынмæ иронвæндаг дæр схæццæ зæппадзмæ, æр- тæ фæлтæры рæгъæй, æртæ раззаг сылгоймаджы хъарæг кæ- рæдзи дзыхæй исынц. Уæд райдыдта хъарæг кæнын мæгуыр Цæрæхон. Диссаг уыд; кæмдæр, æнæуи дæр адæмæн номхæссæн кæуын.- мæ Цæрæхоп. Ныр куы ныккуыдта Æлбегаты зæппадзы *раз, куы фергом кодта йæ хъæлæс æфсæрмыйы чындз уайсадæг с’ыд- гоймаг йæхи æнамонддзипадыл, йæ æнамопд уарзондзииадыл, куы сæргом кодта, цы талынг уазал фидæнмæ кæсы фыды мыг- гаджы æрдыгæй йæ худинаджы фæдыл. Батай куы нæ рахиза, уæд, стæй Батайы сфæлывдыл, уæд адæм сæмбу кодтой. Суанг зæрæдтæ дæр сæхи нæ баурæдтой зæрдæхалæн куыдмæ æмæ тымбыл къухæй райдыдтой цæстысыг сæрфын. Хъæдтæ æмæ къæдзæхтæ згъæлæптæ кодтой Цæрæхоиы кæуыимæ, дои дæр иыхъхъус æфсæрмæй йæ хъæлæбайæ. Цы ма загъдæуа сылгой- мæгтæй та, цæстысыджы суадæттæ уади сæ уадултыл æмæ ивылд къадайау згъордтой дæлæмæ хъæумæ. Адæмæй Батай æрбайрох, фæлæ сæ кæуын уыди мæгуыр сылгоймаджы тæ- ригъæддзинадыл. Нал баурæдта Æлбеджы фырт, зæппадзы дуар уыциу тынд ракодта, рахызти æмæ Цæрæхоны цур зæххыл дæлгоммæ иыф- фæлдæхти богъ-богъгæнгæ. Адæм сæ кæуынæй сæхи куы æрымбæрстой, уæд схæцыды- сты æмæ Батайы бахæццæ кодтой сæ хæдзармæ. Сылгоймæгтæ дæр æрыздæхтысты хъæумæ. Фæлæ инпæ хъæутæй адæм «хæдзар» ссарон нæ загътой, Тарстысты фыдбылызæй Цæрæхоиæи дæр æмæ Батайæн дæр тызмæг мыггагæй, уæу-уа, куы нæ сæ баурома сæ маст Барсæ- гаты, уæд дыууæ мæгуыр удæн сæ хурхытыл бахæцдзысты. Барсæгатæ та чысылæй, стырæй, усæй, лæгæй сæ хæдзæртты бацыдысты, хъырдтæзмæлæг сæ нæ зьгнди, цы базындæуыдаид, цы уыди сæ фæнды æмæ адæм æмризæджы рызтысты тасæй. Бæргæ ’рвыстой зæрæдты Бæтæгмæ, фæлæ сæ фыццаг хатт куы пæ айста, уæд сæ ныфс нал хастой æмæ та-иу хæдзары кæртæй фæстæмæ раздæхтысты. Уæд адæм хуыздæрæн равзæрстой бан- хъæлмæ кæсын, баззайын хъæуы мидæг, цалынмæ хъуыддагæн исты кæрон æрцæуа. Афтæмæй адæм уырдыг лæугæйæ сæхиуыл сбоп кодтой, цъынды хъæстæ пичи фæци. Хур рæгъты йæхи нæма сцавта дыккаг боы, афтæ дын Бæ- тæг дыккаг хатт фæсидт йæ мыггагмæ, цыдæриддæр дзы уыди 55
хæстхъом æмæ уыиаффæхъом нæлгоймаджы къахæй, уыдопмæ. Æрæмбырд та сты сæ мыггаджы хистæры хæдзармæ Барсæга- тæ, уæдæ цы уыдаид. Бæтæг бады уæлейы, йæ фыдæлты къæ- лæтджыныл æнæзмæлгæйæ, æнæдзургæйæ, цыма дурæй амад у. Æнæдзургæйæ цæуыпц мыггаг стыр хæдзармæ æмæ алчи йæ кар- мæ гæсгæ бадджыты æхсæп йæ бынат ссары, гъе лæуджыты æхсæн. Хъыпп-сыпп нæй хæдзары, цыма дзы удæгасæй ницы ис. Æрфгуытæ æлхыпцъ, къухтæ хъаматы сæртыл алкæмæн. Мыггаг иууылдæр æрæмбырд, фæлæ æгомыг у Бæтæг. Æмæ уый адыл æгомыг у алчи дæр. Æппынфæстагмæ Бæтæгæн уæззау байгом сты йæ цæсты тъыфылтæ æмæ цæстытæ комкоммæ арæзт разыпдысты рæхысмæ. Буар æнæзмæлгæ баззад, фæлæ цæстæн æиæацахсгæ гæзæмæ базмæлыд даргъ урс зачъе æмæ былтæ. Райдыдта Бæтæг дзурын, фæлæ цæсты тъыфылтæ иу хатт дæр пал æрныкъуылдтой. .— Æпæфеигæ, Иратаманы æнæрцæугæ худинаг худау дæ сæрыл æркодтой, Барсæджы мыггаг!.. Де ’фхæрд зопгæйæ, де ’фхæрæджы раздæхтай ингæнæй. Ирыстопы алы къуымты адæм æфсæрæлпæстытæ кæиынц фыр^жихæй ахæм æнæрцæугæ хъуыд- дагыл. Дæ пом фаджьдры ныгæд, ^дæ цæсгом цъыфы тъыст, чи ма дып бахæрдзæн д’æ къæбæр, Барсæджы мыггаг? Кæдмæ хæсдзыпæ дæ чъизи цæсгом адæмы ’хсæнмæ, æмæ дыл сабитæ тутæ кæпдзысты, хъæдтæ æмæ дыл бæлæстæ кæугæ кæндзы- сты хохы цъупмæ,— æмæ дыл зымтæ худинаджы зарджытæ кæпдзысты, быдыр æмæ дæ зæхх иæ бауромдзæи дæ худинаги- мæ, цъыфдзастмæ дæ атулдзæп, цæмæй ма цæринаг дæ, Барсæ- джы мыггаг, æнæ пом, æнæ цæсгомæй цæрæн куы иæ ис нæ хæхты, уæд? Туджь! зилынц цæсгæмттæ, пиллон арты сцъыс-цъыс кæнынц зæрдæтæ, мæстæй цæетытæ рахауынц сæ бынæттæй Барсæгаты тызмæг, æпæрцæф богалтæн. — Дада, мæлæты бар хæрзиуæгæн курын, мæлæты бар. Радт, дæ хорзæхæй! — пиудау схауд Дадайы хъуырæй. — О, мæлæты бар, дада! — æмткæй сыхъуысти æппæт хæ- дзары лæууæг æмæ бадæг нæлгоймæгты риутæй. Ссæдзаздзыд богалы цæстытау ферттывтой Бæтæджы цæс- тытæ. — Мæлæт?! Æмæ кæд уыди мæлæт мæрддзаг хæдон худи- пагæн? Кæд ферох кæнын кодта худинаджы мæлæт адæмæн? — Мæлæт?! Æмæ кæд уыди мæлæт мæрддзаг хæдон худи- иагæп? Кæд ферох кæнын кодта худинаджы мæлæт адæмæн? Мæлæт худинагæй првæзынгæнæг уа? Стулут уæ кæрдты фыпдз- тæ Æлбегоны цъаммар туджы. Цæрæхты чызджы туджы, æмæ худипаг уымæй ферох уыдзæн? Бафтут Цæрæхы мыггаджы 56
кæрдтыл, бафтут, Æлбегæн цыдæриддæр хæстæгиуæг мыггæг- тæ кæпы, уыдрн кæрдтыл уæхи фæцæгъдып кæнут, мæрдтæм мыййаг уемæ ацæудзæп уæ худинаг? Ракалут хурмæ Æлбега- ты мæрдты, рахæссут сып сæ рæхыстæ фаджысмæ, нæ маст уымæй байсысдзæп? Мæлæт? Мæлæт цæсгом не ссыгъдæг кæн- дзæп худииагæй! — æруагъта йæ сæр зæхмæ тызмæг зæронд. — Маст фæтоиы фæрстæ, зопд талыигтæ кæпы, цы зопд æнхъæлмæ гæсæг дæ махæй, о, нæ хистæр! Цы пын амоныс, уый нын зæгъ, мауал пæ мар масты мардæй, уый бæрц дæ хор- зæх нæ уæд дæ кæстæрты,— иыллæгьстæ кодта Бæтæджы фарс- мæ бадæг иу зæронд лæг. Цæхæрцæст лæппуйау фæгæпп кодта йæ къæлæтджыиæй зæ- ронд Бæтæг. Хæдзары цар систа йæ уæлæ æпдон хъæлæс. — Уæдæ цы ,бакæпат, уый уыи зæгъы зæропд Бæтæг. Худи- паджы хæхтæ рафæлдæхæнт Барсæджы риуыл, худинаджы ивылд фурд хойæд дуртæ, къæдзæхтæ Барсæджы риуыл, нæ асæтдзæп æндон риу, бауромдзæн, Иратаманы цы нæма ’рцыд, уый бакæндзæн Барсæджы мыггаг, йæ кады пом куыд баззапа æнусмæ, цалыпмæ ироп дзыхæй дзурæг ис, уалынмæ. Цæут, сцæттæ кæнут Цæрæхоны чындздзон цæттæ, цæмæйдæриддæр æмбæлы, уымæй йæ сфæлыидзут. Æгуыдзæг мыггаг не ’рвиты чындзы, Барсæджы мыггаг у! Уæхæдæг чызг æрвитæг, уæхæдæг чындз хонджытæ! Райсом æхсæвæй схæосут чыпдз Æлбеджы фыртæн. Цæут чызг æрвитынмæ, Барсæгатæ. Æпæдзургæ, æнæкъæрццæй, сабыр, æнцад-æпцойæ рацыды- сты мыггаджы хистæры хæдзарæй Барсæгатæ. Райсом дзыллæпыл ахъæри Барсæгаты æнæфехъусгæ фæнд. Адæм фырдисæй сæхиуыл æнæууæнчытæ кодтой. Стæй хъуыддаг æцæг кæнып куы райдыдта, уæд иыххæррæтт кодтой дзыллæтæ зæронд Бæтæгмæ. Сæ арфæйы, сæ бузиыджы хъæр хъуысти уæлæрвтæм. Дзыллæ хастой Барсæгаты ном кады тырысайау. Стыр цытимæ схастой Барсæгатæ Цæрæхопы Æлбегаты хæдзармæ. Номхæссæиы чыпдзæхсæвтæ дыи куынпæ фæкодтаиккой иннабонæй-нннабонмæ. Стæй алчи Барсæгатæн арфæтæгæнгæ æрцагуырдта йæ фæрныг хæдзар. Батай æмæ Цæрæхонæн зæпæг рацыди. Æлбег та фæмыггаг ис. Æрæджы дæр ма сæ иу куы уыди, зæронд Сосе, зæгъгæ,— кæуылты номджын лæг уыди! Стæй Хъобанмæ куы алыгъди. Цардысты Батай æмæ йæ байзæддаг Барсæгаты дæлбазыр. Цæмæй бæззыдысты Барсæгатæн, уымæй сын кæстæриуæг æмæ лæггад кодтой. Барсæгатæ дæр сып æрвадиуæг кодтой. Фæлæ даргъ — уæрæх пæ рахаста Батайы цæуæт. Цыдæр фыдбылызы æфтыд фесты æмæ-иу фæмардысты, саби сæ лæджы раьшæ нæ хъомыл кодта гæзæмæйы йеддæмæ. А-хъæуы сæ пичиуал-ис. 57
Нæ зопын, кæд ма Сосепæн исты баззад Хъобаны, уый педдæ- мæ мыггагскъуыд фесты Æлбегатæ Мæсгуыты хъæуы, сæ зæхх, сæ доп та Барсæгатæн баззад. Ахæм цæрдтытæп цардысты, гъе, мæ хуртæ, нæ фыдæлтæ. 6. Ахлæуаты чындз Æвзæр æгъдæуттæ куыпнæ уыди нæ фыдæлтæм!.. Уыди сæ цард цинæй дæр æмæ мастæй дæр, æууæнкæй, стæй мæнгар- дæй дæр, цард цæмæйты вæййы, уæдæ!.. Уыдис сæм хорз æгъ- дæуттæ дæр. О, фæлæ сын æвзæр æгъдау уыди, уæдæ цы, кæстæр æмæ сæм сылгоймаг æбарджын кæй уыди. Бæгуы у, сабийæи амопып хъæуы, хъомыл æй хъæуы, царды домæнтæм гæсгæ, фæлæ адæймаг йæ карæны куы бацæуы, йæхæдæг куы æрæвæры æмæ царды размæ йæ домæнтæ рахæссыпхъом куы фæвæпйы, йæ зопд сæрмагопдæй куы райдайы царды амæлт- тыл тæрхæттæ кæнын, уæд ма йæ уыцы дæрзæг уæрдæхæй, ба- рпосыны уæрдæхæй цæмæн фæхъæуы æпæхъуаджы æптъухып? Гъе, фæлæ æптъыхтой се уæпгтæ фæсивæдæп æмæ сылгойма- гæп дæр пæ фыдæлтæ, æмæ цас райгонд уыдысты уыцы æгъ- дауæй, уый Ахлæуаты чыпдзыл фæбæрæг. Стыр дзуар у Рагъы дзуар, æппæт адæмтæ сæхи йæ фæдон хоиыпц. А-бæстæ пæ, фæлæ йæ бопы Иры кæрæттæй уыцы дзуа- ры бын кæй пæ федтаис куывддоиæй, ахæм нæ баззадаид. Раст бæстастæу вæйпы йæ бон, дыууæ куысты ’хсæи. Æвдæлон^ адæм æрæмбырд вæййыпц алы бæстæй æмæ æмбæр-бæр фæкæныпц дзуары бын. Ныр цард ивæптæ кæпы æмæ йæм уый бæрц иичи- уал фæцæуы, дзуæртты кад иал ис. Фæлæ-иу раджы, ныр куыд загътоп, афтæ иттæг арæхæй цыдысты адæм йæ бопы Рагъы ’дзуармæ: чи дæсныйы амыпдæй, чи барвæндон куывддонæй, чи та афтæ, адæмы фепыпмæ, хъазтмæ, куывдмæ, хи равдисынмæ. Йе сыфтæп зыи у, дзæвгар цæуып хъæуы хæрдмæ дзуармæ. Фæлæ иугæр сыфтыдтæ уæлæмæ, уæд райдзаст, уæрæх, дар- дыл ахаста фæз, миптæ дæр дзы бацæудзæн адæмæй. Иуахæмы та дын адæм дзуары бои чыртæ-чыртæй цыды- сты уæлæмæ, дзуармæ. Алкæмæн йемæ йæ кувинæгтæ, алчи ху- даистæй æмæ бæгъæввадæй, чи йæм уæндыд цæуын къахы да- рæсы мидæг, карз дзуар æй хуыдтой Рагъы дзуары. • ;, Диссаджы хурбонтæ уыди рæстæг, афтæмæй æваст бирæ адæм æрæмбырд куывддопæй. Гъемæ, куы схæрд кодтой дзуар- мæ, уæд æгас рагъ дæр нал зынди, Агуыры æфсад дын зæгъои, æмæ уый дæр уыцы адæмы бæрцæп пæ уыдаид. Ирыстоны алы кæрæттæй æрцыдысты адæм, уæд Куырттатæй зæгъ, уæд Уæл- 58
ладжырæй, уæд Æгъуызатæй, Дзауы кæмттæй, Къуыдарæй, суанг дзы дыууæ Иры быдыры хъæутæй дæр уыди куывддонтæ. Сæмбырд сты адæм Рагъы дзуары фæзмæ, уæдæ цы уыдаид. Алчи дзы йæхи бафæдзæхста, алчи йæ нысайнæгтæ радта дзуа- ры лæгмæ, стæй куывдтыл сбадтысты адæм, фæсивæд та къорд- тæ-къордтæ иу-цалдæр бынаты хъазт сарæзтой, иу хъазты кæм бацыдаиккой — симдыл сифтыгътой. Иу нарои дæр дзы куыиддон уыди йæ фырт æмæ йæ чыз- гимæ, адæмæн, кæмдæр, æмбисондæн хæссимаг рæсугъдæй дæр æмæ хъаруйæ дæр — Фарпзетимæ. Симды лæппутæ архайдтой, кæрæдзийæп бар дæр пæ уагътой Фаризетимæ расимыныл. Уæлæ Сæныкджыны Дудайтæй иу лæппу, Цæрай, зæгъгæ, уый дæр раст уыцы симды фæци. Чызджы куы ауыдта, уæд цыма хъамайæ зæрдæрæхуыст фæци, афтæ йæ йæ зæрдæмæ айста. Мæгуыр хæдзары цыбыр къух мад æмæ фыды лæппу уыди Цæрай. Гъе, фæлæ, уæддæр бакæс æм æмæ Уастырджийы фыр- тау хæрзкопд, уыпдджыи,— бакастджыи, хъаруйæ дæр уæлдай никæмæн ауагътаид, уыд арæхстджын алцæмæ дæр, хъазты дæр бæрæг зыпди ипиæ фæсивæды ’хсæп. Афтæмæй Цæрай Фари- зеты куы федта, уæд ыл йæ цæстытæ бандæгъта. Чызг дæр фæ- фиппайдта лæппуйы æмæ иттæг йæ зæрдæмæ фæцыди, йæ сим- ды рад арæхдæр кодта Цæраимæ æмæ-иу симгæ-симын Цæрай чызджы цонг æпæцæстахадгæ тыигдæр куы ’рбалхъывта, цы æмбæлди, уымæй, уæд-иу ницæмæй равдыста чызг, хъыг ыи у, уый. Афтæмæй кæрæдзи зæрдæты ахаст æрымбæрстой. Чыз- гыл йæ цæстытæ ’руагъта уæртæ Фæсзæпгаг бонджын Ахлæуа- ты Хъараманы фырт Азæмæт дæр. Хъал уыди йæ цардæй, пæ исæй Азæмæт, уæдæ цы уыдаид... Афтæмæй йæхæдæг тъæпæн, арсау бæзæрхыг, æпæуыидджын уыди Азæмæт. Чызгмæ бакæс- тытæ кодта, стæй аивæй фæрсынтыл схæцыд, кæй чызг у, кæ- цон у, æмæ йын æй уалыимæ иу захъайаг бацамыдта. Уæд Азæмæт йæхи баласта чызджы æфсымæрмæ, уый дæр хъазты уыди, æмæ йемæ ныхæстыл схæцыди. Изæрырдæм хъазт куы фехæлди æмæ куывддæттæ куывдæй куы сыстадысты, уæд Цæрай дæр йæ æрвадæлты чызджытæй иуы сардыдта, хъазты чи уыд, ахæмы, цæмæй базопа Фаризе- ты, æмæ йæ кæд Цæрайæ æрфæрса, уæд ын æй бацамона. Æр- вадæлты чызгæн баптысти уыцы хъуыддаг бакæнып. Афтæмæй чызг æмæ лæппу кæрæдзи базыдтой. Дыкаг бои дæр та куывддон адæмы гуылфæнты аивæй кæ- рæдзимæ хъахъæдтой Цæрай æмæ Фаризет, стæй та-иу хъазты бацыдысты, фæсимдтой-иу иумæ, æмæ афтæмæй кæрæдзи сбæр- джытæ кодтой, æмæ фыдбылызы уарзт бакодтой кæрæдзипæп. 59
Азæмæт дæр кодта йæ хъуыддаг, уæдæ цы уыдаид, фæхæ- лар кодта йæхи чызджы фыд æмæ æфсымæримæ, куывды дæр семæ бадти, уæгъд сæ нал суагъта, суанг ма сæ йæ хæдзармæ дæр хуыдта. Фесты уыцы хуызæнæй Рагъы дзуары бонтæ, фæфардæг сты, æмæ фæрныг адæм дæр куывддоиæй æмæ уазæгæй дæр — алчи йæ хæдзар æрцагуырдта. Рацæй-рабон, афтæмæй дын, иу боп куыд уыд, уæд Цæрай йæ бæхыл саргъ сæвæрдта æмæ иу-цалдæр æмбалимæ усгур арасти Нармæ — Фаризеты курыимæ. Нары иу зопгæмæ æрфы- сым кодта, стæй йе ’мбæлтты æмæ йе ’фсымæры барвыста Фа- ризеты фыдмæ. Раныхас-бапыхас, радзур-бадзур фæкодтоп уым, уæдæ цы уыдаид, æмæ бопыфæстагмæ Фаризеты фыд ком радта, фæлæ бамбарын кодта Цæрайы минæварæп,— чысыл ирæдыл кæй нæ ратдзæн йæ чызджы, уый. Ирæдыл бæстоп фи- дыд кæд не ’рцыд се ’хсæн, уæддæр дзырд радтой кæрæдзийæн, кæрæдзи къухтæ айстоп æмæ Цæрай рафардæг фæстæмæ йе ’мбæлттимæ. Куы ’рцыди Цæрай хæдзармæ, уæд рахъуыды-бахъуыдыйыл схæцыди, уæдæ утæппæт ирæд куыд самал кæна, æмæ хуыздæр ам’ал куы нæ ссардта, уæд сыстад æмæ Хъудмæ афардæг йæг мады ’рвадæлтæм, цæмæй истæмæйты бафыстаид ирæд. Фæлæ Хъуды дæр цæй куыст уыдаид, афтæмæй йæ йæ мады ’рва- дæлтæ арра кодтой æвæлмон фæллой ссарыны фæдыл. Æмбар- гæ, цæсгомджыи уæвгæйæ, бæргæ нæ фæндыд Цæрайы ахæм фæидагыл пыллæууып, фæлæ ма йыи хуыздæр гæпæн кæм уыд. Загъта йæхицæи,— «мæ ирæд куыддæр ахицæп кæпон, афтæ хъоды бакæидзыиæи ахæм хъуыддагыл». Æмæ уый ныфсæй йæ мады æрвадæлты фæсивæдимæ афардæг кæдæмдæр Гуырдзы- стопмæ æмæ бирæ рæетæджы йæ кой дæр пал æрыхъуыст ацы бæстæм. Уыцы сæрды фæуды фæстæ Азæмæт дæр фервыста мипæ- вæрттæ Фаризеты фыдмæ, дæ чызджы дып курын, зæгъгæ. Зыдта, кæй дзуры Фаризетыл Цæрай дæр, куырдуаты дæр ын кæй ис чызг, фæлæ цы аргъуц кодта гуырымыхъ Азæмæт мæ- гуыр лæппуйæ, кæд йе ’мгар уыд, уæддæр. Кæрæф лæг уыди Фаризеты фыд, стыр ирæд бафидынхъом лæг сдзырдта иугæр йæ чызгыл, уæд ком радта. Уадидæгæн бафидыдтой дыууæтæ ирæдыл, æмæ Азæмæт йæ ирæд уадидæгæн амидæг кодта чыз- джы фыды хæдзары, чызджы арвитынæп та Джеуæргуыбатæ снькан кодтой æмгъуыдæн. Джеуæргуыбатæм ма ц’ы хъуыд, уымæй йæхи бацæттæ кодта Азæмæт æмæ хъуыддаг быптоп ахицæп. Бæргæ ма хурхбæстытæ кодта нæхи, сæр бæгънæджытæ Фаризет, бæргæ пиудта йæ фыды 60
раз, мæхи мын ма амарыи кæп, зæгъгæ, фæлæ йæм чй æры- хъуыстаид, кæрæф фыд дыпджыр нрæд куы райста, уæд ауæЛ- дай кодта йæ чызджы, йæхицæп пыфсытæ æвæргæ, зæгъгæ, сонт æдылы у æмæ йæ коммæ кæсын нæ хъæуы, йæ амонд кæм ис, уый нырма иæ уыны. Æфсымæр та ма бæргæ хæцыд чыЗджы фарс, хæлар уыди Цæраимæ, саузæрдæ Азæмæт йæ зæрдæмæ пæ цыди. Стæй нæдæр æнæзоигæ уыди, цы фыдбипоптæ сты Æзæмæты бинонтæ, æмæ цы хæлар бинонтæ сты Цæрай æмæ йæ мад, кæд мæгуырдзæф сты, уæддæр, æмæ куыннæ ’мбæрста, йæ хопæн хуыздæр кæм уыдзæн, кæй уарзы, уый — Цæрааы къухы. Гъе, фæлæ фыд ницæмæ æрдардта фырты дзырд дæр. Джеуæргуыба ’рлæууыд, уæдæ цы, æмæ Азæмæт æрхаста Фаризеты, стыр чындзæхсæв дæр ма скодта. Джсуæргуыбайæ иу æртæ къуырийы рацыдаид, афтæ æрыз- дæхт йæ хæтæнæй Цæрай дæр, кæмдæр дзæвгар фæллæйттæ æрхаста, йемæ иу рæсугъд диссаджы саргъы бæхыл. Йе ’рцы- дæй йыл Фаризеты хабар тагъддæр сæмбæлди. Иттæг бахъын- цъым кодта, маст ып йæ хуылфы арт суагъта, афæндтæ кодта Азæмæтыл дæр, уый уоигтæм æрцыди, фæлæ йæ мад йæ лæп- пуйы хъуырыл йæхи æрцауыгъта. — Æппын мацы æрхъуыды кæн, мæ хъæбул, бабын кæн дæ уды, фæлæ мæн, зæронд-зæронды кæуыл ныууадздзынæ, мæн — дæ ныййарæджы? — дзырдта æдзухæй йæ фыртæн æмбаргæ ус. Зыдта, йæ лæппу йæхи дæр йæ мадыйас кæй нæ уарзы. Цæрай дæр цадæггай йæхиуыл æрхæцыд, фæлæ йæ боп йæхи бауромын нæ уыд, тарст йæ масты фæдыл ацæуыиæй. Фаризет йæ цæстыты разæй нæ хицæн кодта æмæ та балцы цæуыныл ныллæууыди. Иу бон асидти йæ ’зæронд мадмæ: — Напа! Мæ зæрдæ ам нæй æппыпдæр, ауадз мæ балцы. Фосæй, холлагæй, хорæй мацæуыл батыхс, кæд дын фæззæджы нæ бакуыстоп хæдзары куыстæй, уæддæр дæ алцæмæй сфаг- джып кæндзынæи, цы æвæлмон фæллой æрхастои, уымæй. Здæхгæ дæр дæм тагъд æркæпдзынæп, саузым хæссы æмæ мæ æфцджыты пæ бауромдзæи. Мад ма бæргæ архайдта йæ хъæбулы бауромыпыл, фæлæ иннæмæй та æмбаргæ кодта, лæппу йæхи куы пæ аирхæфса, уæд исты фыдбылызы кæй бафтдзæы Азæмæтимæ, æмæ лæппу куы нал лæууыд, уæд ын ком радта. Цы фæллой æрхаста Цæ- рай, уыдонæй фæивта хор, хорз хъуццытæ, иу дзæвгар лыстæ- джытæ, уыдонæн зымæгваг холлагæй цы хъуыд, уый, стæй йæ сау бæхыл бабадт иу бон æмæ йæ зонгæ дæр ничиуал ба1рдта, кæдæм скодта йæ фæйдаг, уый, хæдзар та дзагæй пыууагъта. Боптæ цыдысты, уæдæ цы, рæстæг ивгъуыдта, зымæг дæр та ацыди æмæ ралæууыд уалдзæг. Гъе, фæлæ Цæрайæн йæ кой 61
дæр нал æрыхъуысти. Йæ лæджыхъæдджып мад уæддæр хæ- дзар цудын иæ бауагъта. Зылди йæ чысыл муртæм æмæ æрвы- ста йæ æрвадæлтæм, кæд исты мыййаг зонынц Цæрайæ, фæлæ йæм пицы хабар хъуысти уырдыгæй дæр. Фаризет царди Азæмæты хæдзары. Диссаджы хъаруджып сылыстæг уыди кусыимæ дæр, æгъдаумæ дæр — адæм ыл джн- тæптæ кодтой. Фæлæ фыдбинонты ’хсæн бахауди æмæ йæ утæх- сæпæй мардтой, утæппæт биноптæп лæггадгæпæг уыди æмæ руади. Азæмæт дæр ып æвзæр уыди. Æфсон, æпæ ’фсонæй йæ æфхæрдта ме ’лхæдæй,— чысыл ницæуыл дæр-иу æм куы фæ- мæсты, уæд-иу ыл фæхъæр кодта: — Дæ ирæд цалынмæ баххæст кæпай, куыдзы гуыбыпæй- дзыд,—- уалыимæ дæ уд куы схауа, уæддæр хырх æхсæв дæр æмæ боп дæр. Куыст æй уыйас пæ бадомдтаид, фæлæ пæ æнæвгъау, æиæ- хъуаджы кæй æфхæрдтой æппæт бипонтæ, уымæй царæфтыд фæци мæгуыр чызг. Фыдбипонтæ йып мысыдысты, уæдæ ’цы, йæ ирæд кæй нæ куымдта Цæрайы тыххæй, уый, æмæ сæ уай- дзæфты кæроп иал скъуыди æнæуи æфхæрды уæлæмхасæп — дзыхæй дæр æмæ армæй дæр. Афтæмæй, уалдзæг куы ’рцыд, уæд иу бон пал баурæдта æмæ йæ фыды хæдзармæ фæлыгъди. Хуыздæр фæрæз нæ сæрæн не ссардта, йæхи амарын та пæ сæрмæ не ’рхаста, уæд æй тыхæн куы ’рвыстой Азæмæтæп, уæд амардтаид йæхи. йæ фыдмæ куы ныллыгъд, уæд æй хорз фæ- надта фыд,—дæхи аххос у, зæгъгæ, коммæгæс сын пæ дæ, æмæ йæ фæстæмæ рарвыста йæ лæгмæ. Дæ балгъитæгыл дæр Фа- рпзеты бон куы ракæнид, æнæтуг æргæвст æй акодта йæ лæг, помхæссыиы цъæл ыи пыккодта. Уæдæй фæстæмæ быптондæр зындон фестад мæгуыр чызгæи йæ цард. Æрлæууыди Уациллайы бæрæгбоп, афтæ кæцæпдæр фæзыи- ди Цæрай æнæихъæлæджы. Дзæвгар фæллæйттæ та æрхаста, йæ хæдзары куыстытæ бакодта иууылдæр æмæ цыма никуы пицы уыди, афтæ хъæлдзæгæй дардта йæхи. Нал дæр æп йæ хæдзары пæдзæрип кодта, пал дæр æм балцы койтæ уыд, бып- тондæр æй цыма ферох йе ’намонды уарзондзинад Фаризетмæ. Уациллайы кувæндон Фæсзæнджы ис æмæ йæм куывдмæ куыннæ ’рымбырд уыдаиккой æгас комы адæм. Æрцыди йæм Цæрай дæр. Хъаруджып уыд — хъаруджып гуырд Цæрай. Бæ- рæг зыпди уæд хъазты мидæг, уæд фынджы рагъыл æмæ адæм цы* уыдысты, уымæй йыл сæ цæст æрæвæрдтой, алкæй дзыхы бафтыд йæ лæгдзинады кой. Цыдæр фыдбылызæн Азæмæт йæ быпы бабырыд, хъазты дæр йемæ, фыпгыл дæр афтæ. Цæрай сæрысуапгæй сау дæнгæл аци, фæтигъ кæпипаг уыди йæхи Азæмæтæй, фæлæ йæм цыдæр хъуыды ферттывта йæ зæрдæйы 62
<тмæ йæхи нывыл дардта. Афтæмæй Цæрайæп йæ фысым дæр ц&ттæ уыди, йе ’рвадæлты чызг уыцы хъæуккаг ус уыднс æмæ уымæ, фæлæ Азæмæт уый онг бакодта, æмæ йæ æхсæв дæр иал ауагъта сæ хæдзарæй. Йæхи сæры суангæй кæлæхы галау ауагъта Цæраймæ, сардыдта йыл хъæуы дзырддзæугæты’ дæр æмæ бафидыдтой дыууæ лæппуйы. Æхсæвæры уазæгдоиы куы бадтысты Азæмæты хæдзары, уæддæр ма катайты уыдп Цæрай, уæдæ цæмæн йсмæ фидыдта æмæ йыл цæмæн афтæ зæрдиагæй узæлы Азæмæт. Йæ усаджы йыи кæй байста, уый тыххæй, айгъай, у азимаг Азæмæт, фæлæ ахæм хъуыддæгтæ бирæ ’рцæуы, æххæст фидыд иæ уыд Цæрай прæдыл, фидгæ дæр пицы бакодта Фаризеты фыдæп, æгæрыс- тæмæй- йын исты нысайнаг лæвæрд дæр нæ уыд, æмæ цы бар- дариуæг кодта чызгмæ. Стæй дæр уыцы уæздапæй иæ зопы Азæмæты, ахæм лыстæджытæ чи æрхъуыды кæна; æмгары охыл нинтæ кæна, æмæ уыцы хæлар дæр никуы уыдысты, афтæмæй катайты пыгъуылы Цæрай. Фæлæ уальгнмæ, æхсæвæр куы ахицæн кодтой, уæд бамбæр- ста Цæрай хъуыддаг. Азæмæт дæрдтыл фæзылд, стæй йæ уæд æрфæрстытæ кодта йæ хæтæнтæй æмæ фергом кодта йæ сусæг хъуыды, кæй йæ фæиды бамбал кæнын Цæраимæ йæ хæтæпты. Цæрай дæр ын «нæ» нæ загъта, фæлæ йын цæхгæр иыфс дæр иæ радта, зыдта, ц-ы æууæнчы æмбал у Азæмæт, уый, куыипæ йæ зыдта. Æхсæвæр ахицæн, пыхæстæ дæр фесты, æмæ уæд Азæмæт бахъæр колта хæдзармæ, уазæгæн хуыссæп ба’кæнут, зæгъгæ. Йæхæдæг Цæраимæ æддæмæ рахызт, Цæрайы бæхмæ базыл- дысты, сæ кæиипæгтæ бакодтой æмæ та уæд фæстæмæ уатмæ бахызтысты. Цæрæй йæ мидхъуыдыйы бæллыди Фаризеты фепыпмæ, æх- сæвиуатыл дæр Хъараманты хæдзармæ уымæн сразы, фæлæ йæ пырма нæ федта. Хъарамантæи иудароп Фаризет — никуыцæй фæзыпд уазæгдопмæ, æвæпиæгæн, куыстытыл уыди, пауæд та, чи зоны, йæ лæджы зопдæп йæхи не ’вдыста. Фæлæ пыр, уат- мæ куы бахызт Цæрай, уæд æй ауыдта, хуыссæптæгæнæг Фа- ризет уыд, æмæ йып арфæтæ ракодта: — Зæрдæрухсæй у, Фаризет, дæ царды ныв кæимæ саккаг кодтай, уыимæ. Фæризет митвæлурс аци иу уысммæ Цæрайы фепдæй, хими- дæг батыхсти æмæ цыдæр арфæ ракодта Цæрайæн æхгæд хъæ- лæсæй æмæ цæстытæ зæхмæ уагъдæй. Цæрай, цæмæй ус ма стыхса быптопдæр, цæуылдæр пыхæстæ кæпыпыл схæцыди Азæ- мæтимæ. Уæд Азæмæт фæрсырдæм бакæсы: 63
— Уазæджы æрынЦайын кæиут,— йæхæдæг Цæрайы хотых- тæ рауыи-бауын кæпы Цæраимæ ныхæстæгæнгæ. Фаризет Цæрайы хæдбыптæ æмæ зæнгæйттæ раласта, стæй хъæрмустдонимæ тас æрæвæрдта Цæрапы раз æмæ йып йæ къæхтæ æхсыныл балæууЫдй. Цæрайы зæрдæ бахъыдзытæ код- ^а, Фаризеты къухты хъарм йæ буар куы бапкъардта, уæд æмæ суанг сæр&й къæхтæм барызти. Æнкъары Цæрай йæ бæгънæг къæхтæй, Фаризеты къухтæ дæр кæй ризынц лыстæг рызтæй, фæлæ йæхи ныхъхъæддых кодта æмæ цыдæр худæн æмбисæнд- тæ хæссы Азæмæгæп. Азæмæт иицы фæфиппайдта: Цæрайы хо- тыхтæ рауып-бауыныл у æмæ æмбисæндтыл бахуды. Фаризет куы фæци Цæрайы къæхтæ æхсад æмæ сæрфт, уæд уыцы æхсгæ каст скодта Цæрайы цæстытæм фыццаг хатт изæр- сарæй. Дыууæйы цæстытæ иу уысммæ кæрæдзимидæг апыгъуыл- дысты æмæ кæрæдзийы зæрдæтæм пыккастысты, зæрдæтæ ссыгъ- дысты, пиллон уагътой уарзондзинадæй. Стæй Цæрай арфæ ра- кодта Фаризетæн, æмæ ус уатæй рахызти. Рафт-бафты арвыста уыцы ’хсæв йæ бафхæрæджы — йæ амоид фехалæджы хæдзары Цæрай, йæ хуыссæнтыл цъыиды хъæстæ дæр нæ фæци. Дыккаг бон сæумæцъæхæй фестад, йæ бæхыл абадт æмæ сæхимæ сфардæг. Зæрдæ дымстытæ, æмпылд- тæ кодта æмæ тарст йæхицæй, ноджы мæгуыр сылгоймаджы фыддæр зынты хай куы фæкæна, мыййаг. Уæдæй фæстæмæ фæцагъуыди Цæрай Фæсзæнгмæ. Куы-иу цæй æфсоп, куы цæй, фæкæс æмæ та дæлæ Фæсзæиджы балæу- уыд Цæрай, йе ’рвадæлты чызг та йып фысым уыди. , Афтæмæп дын иуахæмы Цæрай йе ’рвадæлты чызгæн йæ фæид бамбарып кодта æмæ дын, иу бон куы уыд, уæд ус ацыди сæ хъæуы уæле уым — бæрзджынмæ кæлддзаг сугтæ æрхæссын- мæ, æмæ Фаризсты дæр йемæ акодта. Бæрзджыны арф куы ба- цыдысты дыууæ сылгоймаджы, уæд сугтæ уидзыны фæдыл фæиппæрд сты, уæдæ цы, кæрæдзийæ. Афтæмæй дып уым Цæ- рай Фаризетыл амбæлди, æрбадтысты уым, мæгуыртæг, иу ду- ры хъæбысы, дыууæ æпамонды сæ зæрдæты бæттæптæ кæрæ- дзимæ сыхæлдтой, чызг хæкъуырцц куыдимæ фæкодта йæ мæс- тытæ, лæппу та йæ æнамонд уазал царды хабæрттæ. Афтæмæй дын, мæ хуртæ, уым лæппу æмæ чызг кæрæдзимæ фæрæды- дысты. Цас рæстæг арвыстаиккой хъæды арфы, чи зоны, стæй Цæ- рай раргом кодта Фаризæтæн йæ сусæг раджы бахъуыдыйы фæндон. Йæ фæстаг балцы, кæмдæр, Хъобаны дæр уыд Тæгиа- тæм, уыдонимæ хæтæнты фæхатт, стæй сын куы базонын кодта пæ’ зæрдæйы рисс, уæд ын фысымы ыыфс бавæрдтой. Зæхх æмæ йып доы дæр ныббастой. Ныр Фаризетмæ пыууырдыг, цæмæй 64
сразы уа йемæ фæлидзыныл. Цæрайы мады дæр семæ акодтаик- кой, Фаризет цæхгæр дзуапп нæ радта, катай кодта, худинагæй тарст йæхицæн æмæ йæ фыд, йе ’фсымæры сæрæн, тарсти хъуыд- даг фæхъæрæй дæр, фæлæ «нæ» дæр нæ загъта, æрмæст куырд- та лæппуйæ иучысыл фæгæдзæ кæнын. Уæдæй фæстæмæ ’мбæлдысты исдугæй-исдугмæ дыууæ адæй- маджы уыцы хъæды, уæдæ цы. Цæрайы Фæсзæнгмæ цæуыны сæр нал хъуыди. Фаризетимæ-иу йæ дзырд конд уыди — уыцы æмæ уыцы бон сæмбæлыныл. Чи йæ зоны, кæдмæ уыдаид афтæ, фæлæ иу бон куы уыди, уæд Фаризет сразы ис Цæрайæн фæлидзыныл, æмгъуыды бон дæр скодтой æмæ боныфæстагмæ, æвæццæгæн, алыгъдаиккой Хъобапмæ. Уым тыхджын мыггаджы уазæг сæхи бакодтаиккой, сæ кой дæр куыпнæ уал æрыхъуыстаид а-бæстæм, фæлæ адæй- магæн йæ фыдбылыз йæ фæсхъус бады æмæ йæ æнæнхъæлæ- джы цæвы. Иу бон куы уыди, уæд дьш æнæуаг Азæмæт цæуылдæр фæ- мæсты йæ сыхаг усмæ, Цæрайы æрвадæлты чызгмæ æмæ йын алывыд фæкалдта, цæфтæ дæр æй ракодта — фыдæх цæфтæ. Фыдсыл ус пæхи нал баурæдта æмæ йын бафидис кодта. — Кæд уыцы æнæрцæф дæ, уæд дын, лæппуты бын цы ус баззад, уый баиргъæв. Гъайда-мардзæ, усмæ дын фæлæбурдтой Ахлæуитæ æгас мыггагæй, суанг йæхи лæг дæр, йæ хурхыл ып ,кард сæвæрдтой, радæргъытæ йæ кодтой. — Тагъд зæгъ, цы зоыыс Фаризетæй! Гæнæн ын нал уыд æмæ бар-æнæбары ус радзырдта, цы зыдта, уый. Уæ балгъитæгыл дæр æрцæуæд, Фаризетыл цы ’рцыди, уый. Цæраймæ ма слидзинаг уыд, слидзын йæ къухы нал бафтыд. Афтæмæй сбастой мæгуыр чызгæн йæ цæнгтæ, йæ фьшдз, йæ хъустæ æмæ йын йæ дзыккутæ ракодтой, стæй йын йæ уæрагæмбæрзæн йе ’фцæгыл æртыхтой, хæрæгыл æй зыгъ- уыммæ сæвæрдтой æмæ йæ хъæуы лæппутæ хъæууынгты æрзи- лын кодтой. Тæригъæддаг дæр ма цы федтаид адæймаджы цæст, туг тæригъæддагæй мардта Фаризет, йæ тæригъæдæй фæрсскъ- уыдтæ кодтой къæдзæхтæ, зæнг скъуыдтæ бæлæстæ, фæлæ дзы адæймæгты зæрдæтæй Фаризетæн тæригъæдгæнæг пæ фæци æыаккаг мыггаджы ’хсæн. Стæй йæ, мæ хур, æнæрдыст бæхы къæдзилыл бабастой, æмæ йæ уый хуыртыл æмæ дуртыл гуыр- гай бакодта. Афтæ бабын ис æнамонд Фаризет. Цæрай дыи уый куы фехъуыста, уæд бирæгъы ниуд нык- кодта æмæ æд гæрзтæ хъæдмæ афардæг ис. Зилынтæ райдыдта Азæмæтыл, зилынтæ, Ахлæуатæ дæр цы уыдысты, уымæй йæ фæдыл бафтыдысты. Афтæмæй дын, раст Рагъы дзуары бон 5 Мах дуг № 7-8 65
Азæмæтимæ хæрхæмбæлд фæкодтой кæрæдзийыл. Рагъы дзуа- ры бын хъæдджын ададжы, куывддонæй цыдысты Ахлæуатæ Рагъы дзуармæ. Дамбацатæм æмæ топпытæм нал фæцарæх-1 стысты сæ дыууæ дæр, фæлæ кæрдтæм фæлæбурдтой, кæрдтæй райдыдтой кæрæдзи цъыччытæ кæнын дыууæ знаджы. Тыхджын уыди арсау Ахлæуы-фырт, фæлæ уымæй гæрзарæхстдæр та Цæ- рай уыдн, рариуыгъта дын Азæмæты æмæ йын йæ бæрзæн аха- уыи кодта, йæ сæр дзагъырдзастæй зæххыл атылди. Уыцы афон бахæццæ сты Цæрапмæ Ахлæуаты иннæ фæсивæд дæр. Хъазуа- ты тох ма бæргæ самадта мæгуыр лæппу, кæмæп йæ цонг аха- уын кодта, кæмæн пæмыгæй йæ риу байгæрста, фæлæ йыл бæр- цæй фæтых сты æмæ йæ боны фæстагмæ скъуыхтæ кодтой, ца- лынмæ фæдис хæццæ кодтой сæ цурмæ, уалынмæ. Афтæ бабып æпамонд Цæрай дæр. Аластой Ахлæуатæ сæ мæрдты æмæ сæ цæфты, фыд бæрæг- бои фесты. Сластой Цæрайы мард дæр хъæубæстæ æмæ йæ* фыдæлты зæппадзы бавæрдтой. Сылтæ та хъарджытæ уагътой: дыууæ æнамопд адæймаджы байсæфтыл. Уыцы фыдæгъдæуттимæ цардысты, гъе, нæ фыдæлтæ. Ныр фыдæлтимæ фæиыгуылыиц æмæ сымахмæ дисау дæр ма кæс~ дзæн, о, мæ дзæбæх хъусджытæ, куыд сæ фæрæзтой адæм, зæгъ- гæ, фæлæ уæд сæ цард уыдæттæй конд уыдн, мæ хуртæ, уыдæт- тæй. 7. Слантæ æмæ Фæрниатæ Кæуылты кадджын зæрондæй базæронд Сланты Дæхтæби,. уый зæгъæг нæ зæгъдзæн. Дардыл ныхъхъæр ис Дæхтæбийы зонд æмæ æмбаргæдзинад. Уынаффæйы лæг уыди, кæиæй йæм нæ цыдаиккой фæрсынмæ, туджы тæрхоны бацæуьп;мæ, мыг- гæгты бафидауып кæнынмæ, ахæм ком нæ уыдаид иæ хæхбæ- сты. Кадджынæй базæронд Дæхтæби, кадджынæй амарди зæ- роид лæг. Фæлæ бирæйæи æлгъыстаг фæци йæ мæлæты фæстæ. Куы амарди Дæхтæби, уæд ын стыр кады хæрнæджытæ ярмæ хистытæ фæкодта Сланты мыггаг, пæ йæм уыди, цы, хойраг кæнæ кусæрттаг Слапы мыггагмæ, кæуылты бирæ мыггаг уыди, кæуылты исджын-бонджын. Афæдзæй-афæдзмæ хистыты кæрон пæ аскъуыд, афæдзæй-афæдзмæ Слантæ фæкодтой марды кæпд- тæ Дæхтæбийæн, цæмæй йып, уæлæуыл цы кад уылн, уый мæрдты дæр ма фесæфтаид, ма фæцудыдтаид. Стæй сæхицæи дæр кад уыди, уæдæ цы, йæ мардæн фылдæр чи бахæрын код- тёид, уый йæхицæн стыр пом кодта нæ бæсты раджы замапы. Иуахæмы дын Дæхтæбийæн æмæ се ’ннæ мæрдты пом сса- рыпæн дæр Слантæ æрымысыдысты хæрнæг скæиын. Фæстаджы 66
хæрнæг уыди уый Дæхтæбийæн, æмæ Слантæ бафæнд кодтой, зæххыл цы нæма уыди, ахæм хист скæныи сæ кадджыи мар- дæн. Уæд-иу, мæ хуртæ, уæлдай кад чи скодта йæ мардæн, уый-иу арæзта дугътæ, хъабахъытæ, æлæмтæ æмæ бирæ цыдæр- тæ. Слантæ дæр ахæмтæй цух цæмæн пыууагътаиккой сæ мæрд- ты æмæ а-ныр хæрнæг уыдзæн, афтæ уымæй æхсæз мæйы размæ байуæрстой дугъты. Дугъ байуæрстой, фылдæр сын хæлар чи уыди Слантæн, уыдонæн, кадджын адæмæн, алчи дæр:иу афтæ кодта. Афтæмæй дзы иу Слантæп сæхи уыди, иу та дзы Фæр- ииаты Тотазмæ лæвæрд æрцыд, цас кадджын лæг уыди, фæлæ сын цæйдæр хæстæг баххæсти, апнæтæ дæр æндæр æмæ æндæр мыггаджы лæгтæн. Дугъы-иу æртæ бæхы уыди,. фæлæ Слантæ уæлдай цытæн байуæрстой фопдз. Куыниæ бацæттæ кодтаиккой, дугътæ кæмæн лæвæрд уыды- сты, уыдон сæ бæхты. Фæрииайы-фыртæн йæхицæн диссагæн хæссинаг бæх уыди. Райдыдта йæм зилынтæ, райдыдта. Сыгъ- дæг хорæй йæ хаста, кæрдæджы цъупмæ йæ нал ауагъта, æр- вылбон æй надта сыгъдæг суадопы, хъазыд ыл, фæлварæи æмæ йæ ссЬæлтæрьты раскъæр-баскъæр кодта, афтæмæй æвæджиау сыууæрста йæ бæхы. Бæх æидоиау сси, сылвæста, æндон хъан- дзалау хъазыдысты йæ уæигты хæцъæфтæ, фæринк кардау æрт- тывта йæ’буар. Апнæ мыггæгтæ дæр зылдысты сæ дугъонтæм, уæдæ цы. Йæхи бæхæй ныфс кæп пæ уыд, уый æркодта номхъуыст бæх æмæ йæм йæхи хæдзары зылди,— æууæрста йæ дугъ’мæ. О, Слантæн сæхимæ дæр пæ разынд, сæ зæрдæ кæуыл дардтаик- кой, ахæм, бæхæмæ Нары иу помдзыд бæх уыди, уый æрластой æмæ йæм хорз фæзылдысты хисты бонмæ. Уалыимæ æрлæууыди хæрнæджы бои дæр. Æрæмбырд сты адæмтæ Брытъатæм æмхист хъæутæ, цъиуæй-бæдулæй, фæстейы ничиуал баззад æгас Мæсгуыты бæстæйы хъæутæй. Куьшнæ уыдаиккой цæттæ’ Слаптæ, афтæмæп бон аходæн афон рабадын кодтой дзыллæты Брытъаты хъугæмтты, Слан- ты зæппадзы дæлейы, рагацау æвæрд фыпгты уæлхъус. Фынг- тыл къæбæр пæма æрæвæрдтой уырдыглæуджытæ, афтæ дын зæппадзты цурмæ бакодтой фоидз дугъои бæхы. Адæм уырдыг сыстадысты, æмæ Сланты зæрæдтæй сæ иу, иу дзæвга’р адæ- мимæ æмæ дугъы бæхты хицæуттимæ, бацыди зæппадзты цур- мæ. Уым арфæ ракодта, дугъ лæвæрд кæмæн уыдп, уыдонæп, рухсаг загъта мæрдтæн æмæ рапымадта дугъы лæвæрттæ. Лæ- варæн та дзы уыдысты хъримаг, дамбаца, кард. Иу-цалдæр хъаматæ, æмæ пу-цалдæр стуры, стæй уæлæдарæс. Чи куыД раздæр æрбацыдаид, уымæн фылдæр лæвар. 67
Адæм дистæ кодтой ахæм æнæуæвгæ стыр лæвæрттыл æмæ арфæтæ кодтой Слантæн, рухсаг та сæ -кадджын мæрдтæн. Стæй дын, Хуыцау хорз ракæна, басгæрстой æвзæрст лæгтæ барджы- ты. Дзырдмæ гæсгæ барджытæ хъуамæ алцæмæй дæр æмхуы- зон уыдаиккой.-.æмкарæн, æмас, æмуæз. Барджытæ æмхуызон разыпдысты æмæ Фæрниаты бæхыл сбадт Тотазæн йæхи кæстæр фырт Æгай, зæгъгæ. Сланты Ах- лæу, зæгъгæ, мыггагæй дугъ лæвæрд уымæп уыди, уый та йæ хистæр фырт Мураты сæвæрдта йæ нарон бæхыл. Иннæ дугъсш бæхтыл дæр сæ барджытæ сбадтысты, уæдæ цы. Уалынмæ бар- джытæн байуæрстой хæссынæн рог, хæрынæн адджын фæндаг- гæгтæ æмæ сæ абæлццон кодтой Уанелмæ, дугъ хъуамæ уыр- дыгæй уыдаид. Ахлæу йæ фыртмæ йæ цæстытæ ферттивын код- та æмæ йын хибарæй зæгъы: — Мæнæ иæ фæразæй дæ, лæппу, уæд дæ удæгас ницыуал у. Куыд дæ фæнды, афтæ кæп, фæлæ хъуамæ фæразæй уай. Ма мæ ныххудинаг кæн. Уый фæстæ барджытæ фæцагайдтой бæхты. Бæхтæ кафгæ, рог айстой сæхи æмæ уадидæгæн фæтары сты Брытъаты худй- сæны дæлейæ. Уæд адæм та дзаджджыи хæрнæгыл æрбадты- сты, уæдæ цы. Уалынмæ дын равæрдтой фыигтыл сыгъдæг мæнæуæй коцд дзултæ, фыдызгъæлтæ, æрхастой нуæзт, уæдæ куыд вæййы. Цы нæ уыдысты, уымæй дæр номыл мæлæг Слантæ, ном скæныны охыл,,кæд скодтой сыгъдæг цæхджын фæхсынæй æмæ сæнæй хæрнæг. Уый дæр алы æхсæз лæгæн иу цæхджын фæхсып æвæрд- той сæ разы, сæп та сын Брытъаты донæй арæхдæр. — Гъе, стæй хъæуæн хайæн та алы хъæуæн æнæхъæн гал. рахицæн кодтой. Диссагæп дзуринаг куыпнæ уыди ахæм хæр- нæг æмæ ма йæ адæм абоп дæр фæкæнынц сæ ныхасы, исчи хорз хист куы скæпы йæ мардæн, уæд: «Раст Сланты хæрнæг скодта», зæгъгæ. Кæй къухты ’фтыд айдагъ цæхджын фæхсын- тæй хæриæг скæиын, мæ хуртæ, уæлдайдæр утæппæт дзыллæ- йæн! Фæлæ Слантæ бирæ уыдысты æмæ бирæ исджып дæр уыдысты. Зилынц Слантæ хæрпæджы бадджытæм, уæдæ цы, «ахæр- аназæй», стæй ноджы уæлдай буцæн Дохтæбийы цæуæт — йæ хистæр фырттæ, хæрнæг йæ тæккæ тæмæны куы бацыд, уæд ныццæлхъ ластой æмæ зарæг ахастой. Адæм сыи арфæ ракодтой ахæм уæздандзинадæп æмæ схъæлдзæг сты. Уæд Дохтæбийы хистæр фырт разылди, сылгоймæгтæ кæм бадтысты, уыцырдæм, уæлхæдзармæ схызти æмæ ныхъхъæр кæны: — Уæй, абон мæнæн чи балæггад кодта æмæ мæ мардæи рухс чи загъта, уыдонæн мæ бæсты Хуыцау арфæ ракæнæд. Уæй, €8
дурын кæмæ ис, уый йæ дурыны дзаг, • авг кæмæ ис, уый йæ авджы дзаг, мигæнæн кæмæ иæй, уый куы иæ ссара, сæнæй йæ куы нæ байдзаг кæна, æмæ йæ йемæ куы нæ ахæсеа йæ фæр- ныг хæдзармæ, уæд мæ мæрдты тæригъæд дæр æмæ мæ тæ- ригъæд дæр фæхæссæд. Устытæ хæрнæджы дæр æмæ хисты дæр чысыл бадæг уыдысты* фыпгæй сыстадысты уыцы пыхæсты размæ, æмæ уыцы ныхæс- тæм хæссынтæ райдыдтой мигæнæнтæ, уæдæ цы. Бæгæныдоны уырдыгыстджытæ дын дæ дурын айдзаг кодтаиккой æмæ цæу- гæ, дæуæн дæр æй куы айдзаг кодтой, уæд хæсгæ. Ахæм кад скодтой сæхицæн Слантæ. Уалынмæ бон акъул, афтæ дын Слантæ хъил æрсагътой сæ мæсыджы сæрыл, хъилы сæрыл æвзист сом æрфидар кодтой æмæ ныхъхъæр кодтой: — Уæй, цины хъуыддæгты хъазæнт сæ æхсæнтæй ацы адæм. Дзæбидыр æмæ саг амæддагджын уæд алчи йæ фехсты фæр- цы. Ацы-сом чи акъуыра зæппадзы сæрæй, уымæи йæ лæвар дыууæ галы, кæнæ саргъы бæх. Цы йæм хуыздæр фæкæса, уый. Хуыздæр топпæхсæг фæсивæд фæхæррæтт кодтой зæппадзы къуылдыммæ хъабахъ æхсынмæ, уæдæ цы уыдаид, бирæйы уыди ныфс йæ цæст æмæ йæ топпæй, бирæйы бафæндыд ахæм стыр хъабахъ райсын, æмæ бирæ кæм уыдысты, уым рад рауагъ- той æхстыл, сывæрдтой хъахъæнджытæ, Гъæйтт-мардзæ, æхст дын сарæх, топпы фæздæг мигъау сбадт. Фæлæ æгæр дард сæ- вæрдтой хъабахъ хинæн Слаитæ, цæст дæр рæстмæ нæ ахста хъабахъы сом, стæй дæр хурæй тыбар-тыбур кодта æмæ сом хъавд сайдта. Судзынц адæм сæ топпыхос, уайынц сæ нæмгуы- тæ, фæлæ кæм; хъил ныххуынчъытæ, сом нæ цæф кæиы. Уалын- мæ Саумæсыггаг Хæдайтæй иу Тлатт, зæгъгæ, хъуыстгонд топ- пæхсæг уыд, бахъавыд хур мигъы бындзыджы бацыды уысммæ, ныхъхъавыди æмæ гæрах, зæгъгæ,— сомы зæлланг фæцыди, нæ- мыг æй йёмæ адавта. Адæм æгъдау скодтой Тлаттæн æмæ та хæрнæгыл рабадты- сты. Хур дзæвгар акъул кодта арвы уырдыджы, афтæ хъахъæн- джытæ фæхабар кодтой, зæгъгæ, дугъ Згъуыбирæй æрбахызти. Уæд Сланты зæрæдтæй иу галы сгуы йæ армы райста чысыл тырысаимæ æмæ дзæвгар адæмимæ зæппадзы цурмæ ссыди, уым Дохтæби цы зæппадзы уыди æвæрд, уый раз æрлæууыди. Чи фæразæй уыдаид дугъы барджытæй, уый къухты зæронд лæг авæрдтаид сгуы æмæ тырыса. Уалынмæ дугъ дæр Брытъа- ты худисæнæй æрбахызт æмæ дæлæфарс фæндагыл æрбатæхынц барджытæ. Разæй цæуы Сланы-фырт, йæ фæстæ Фæрииайы- фырт, иннæтæ та дзæвгар фæстæдæр. Адæмæй чидæртæ абадт 69
сæ бæхтыл, фæлæ адæм схор-хор кодтой, стай-тай æмæ сæ ра- хизын кодтой сæ бæхтæй: дугъы хъузæттæ дзырд пæ уыд сæ- рысуангæй. Уайынц бæхтæ, уæдæ цы, фарс фæпдагыл. Сæ фæздæг арвыл ■ æмбæлы. Æрбаввахс кæнынц зæппадзмæ. Адæм хъæр-ахст кæ- пынц, Сланы-фырт æрбаразæй уыдзæн, зæгъгæ. Уалынмæ дын Фæрииайы-фырт куыддæр æпахуыр æхситт фаэкодта, йæ бæхы æрцæфтæ кодта æмæ йын йæ рохтæ суагъта. Кæс æмæ дын уæр- тæ уадау’ æрбаййафы Сланы-фырты. Адæм дисты бафтыдысты, Сланы-фырт уайы нарæг фæндагæй рæбыны ’рдыгæй. Бæргæ ма нæмы пæ бæхы, йæ »бон цæмæй у, уымæй, фæлæ кæм, Фæр- ниайы-фырты бæх цыма пыртæккæ фезмæлыд дугъы, афтæ æвæлладæй рог уайы размæ. Адæм бамбæрстой Фæрниайы- фырт ныры опг йæ бæхы тыхыл кæй ауæрста æмæ йæ ныр кæй рауагъта йæ тых-йæ бопæй. Уынынц, Фæрниайы-фырты бæх æр- баразæй уыдзæн æмæ хор-хор кæнынц. Ахлæу тдсау дæнгæлтæ кæны, мигъæрфгуытæ. Уалынмæ дын Фæрниайы-фырт æрбаййæфта Сланы-фырты ’ æмæ а-ныр æрбаразæй уа, афтæ Сланы-фырт йæ бæх фæцæх- гæр кодта æмæ Фæрниайы-фырты ’бæх йæ фарсæй сæмбæлди йæ бæхы риуыл. Дæ -балгъитæг дæр афтæ, бæх æд барæг фёе- хаудта былы ’рдæм, фæдæлвæндаг æмæ дæлæ комы рæбын нып- пырх, нызгъæлæнтæ сты барæг дæр æмæ бæх дæр. ;- * Бæргæ ма фæлæбурдтой сæ хотыхтæм Фæрниатæ, фæлæ сыи цы баптыстаид утæрпæт адæмы ’хсæн. Аиргъæвтой сæ. Æбуалгъ æркаст адæммæ Сланы-фырты ракæнд. «Уæ мард уæхæдæг сæиаккаг кодтат, æмæ уæ марды кæнд дæр», зæгъгæ, загътой адæм, фыпгтыл дæр нал сбадтысты. Цы уыдысты, уы- мæй рацыдысты, ахастой Фæрпиайы-фырты, схастой нæ кæугæ ’мæ ниугæ йæ^мыггаджы зæппадзмæ. Астæуккаг хъæумæ æмæ йæ уым ’бавæрдтой, стæй алчи йæ хæдзармæ фæфардæг. Туг асайдта дыууæ мыггаджы ’хсæн, уæдæ цы уыдаид. Топ- пы кæсæпæй æмæ иæрдты фыпдзæй кæрæдзи агурыныл ныл- лæууыдысты. Ахлæуы фырты æбуалгъ ракæнд Слантæи сæхицæн дæр уадиссаг бпрæйы зæрдæмæ дæр ’кæм фæцыдаид, худшга- джы ном сыл сæвæрдта, сæ марды кæнд сын сæиаккаг, кодта, æмæ сæ чъылдымæп азылдысты Ахлæумæ. А-Фæрниатæ та сæ зæрдæмæ фыд маст бахастой, цы уыдысты, уымæй.кæд цъус мыггаг.уыдысты, уæддæр æмæ Ахлæуы йе ’ввахсдæр æрвадæл- тимæ æддæмæ кæсын дæр нал уагътой.- , Фæззæг куы ралæууыд, мæ хуртæ, фæззæджы куыстыты рад куы æрзылди, уæд Ахлæу иттæг тыхсынты бацыд. Бонджын,. мулкджын лæг уыд йæ мыггаджы ’хсæн дæр æмæ йæ комы 70
’хсæн дæр, фæззæджы куыстытæ йæ кæнын хъуыди, фæлæ кæм ч ^ндыди Фæрпиатæй хуым’мæ дæр æмæ уыгæрдæнмæ дæр. Гæнæн ын нал уыди, афтæмæй бавдæлд æмæ æмгъуыд ку- ))ыныл ныллæууыди Фæрниатæй. Фæрниатæ дæр бар-æиæбары. гразы 'Сты, æгъдау нæ уыд туджджынæн æмгъуыд ма раттын, иугæр куры, уæд. Радтой мæй æмгъуыд Слапы-фыртæи Фæрниа- гæ. Мæргъитæ та сын фидары бацыдысты æмгъуыд бонмæ, æмæ Лхлæу æмгъуыддаг бафыста йæ туджджынтæн æхсæз хъуджы, æвзаргæ хъуццытæй. Стæй йæ фæззæджы куьгстытæм æргуыбыр •кодта æдасæй, уæдæ цы уыдаид. Æиæуаг, æнæгъдау адæймаг уыди Ахлæу, -мæ хуртæ, бухъ уыди йæ цардæй æмæ дзы хъулау хъазыд. Йæ зæрдæ-иу цы срæмыгътаид, æмæ цы нæ бакодтаид, ахæм ын пæ уыдп. Уæлæ йын Къæбырджыны хъæуы лæджыхай уыди иу идæдз ус, æнæ ’рвад, æнæ мыггаг сидзæргæс æмæ-иу æм æхсæвты цæуаг уыди. Боны цъæхæй та-иу йæ хæдзармæ ныффардæг, куыд ничи йæ бафи’ппандтаид. Æмгъуыды мæй йæ къухты куы бафтыд, уæд дын иуахæмы Сланы-фырт ссыд йæ лæджыхай идæдзмæ. Цы базыидæуа, цæ- мæй йæ хъыджы бацыдаид усæн, дзырдтой уый фæстæ, тыххæй, дам, æй балæджыхай кодта æмæ, дам, æм карз фыдзæрдæ ха- ста ус. Цæвиттон, кæддæр иуахæмы Къæбырджыиты чындзæх-. сæвы . бахауд уазæгæй Сланы-фырт. Чындзæхсæвы пыррасыг æмæ нæхи хъуыдыйы æддæмæ рацыд, стæй уыцы усы хæдзары фæмидæг, æвæццæгæн, усæн хицау кæм уыд æмæ йыл уым йæ хæдзары тыххæй пыххæцыд æпæуаг лæг,— афтæ йæ фæзмыдтой. Лфтæмæй дын ус фæхабар кодта, хæрзгæнæг фæци Фæрниатæм, бамбарыи сып кодта, уыцы ’хсæв æмæ уьщы ’хсæв Сланы-фырт дæудзæн Къæбырджынмæ — уæ хъару æмæ уæхæдæг. Æмгъуыды мæйæ уыди уыцы æхсæв, ус сын кæй самыдта, фæлæ Фæрниаты сæ маст нал баурæдта, нал бафарста. Бабад- тысты дын, мæ хур, уыцы ’хсæв Ахлæуы раз Брытъаты худи- сæпы уæлейæ хъæды. Уалыпмæ мæйрухсы Ахлæу сæ разы æр- -балæууыд, цæмæй зыдта йæ фыдбылыз. Фæрниатæ йæм фæлæ- бурдтой æмæ йæ сæ кардæй скъуыхтæ кодтой, фехæлдтой æм- гъуыды ’гъдау сæ масты фæдыл, æнæгъдауæй сæ туг райстой. Кæм удæстой, мæ хуртæ, уыцы дуджы адæм æгъдау халын. Æбуалгъ фæкасти æмгъуыд фехалын адæммæ, кæд сæрысуан- гæй аххос Ахлæуыл уыд, уæддæр. Иуыл æбуалгъ та фæкасти Мæргъитæм, фидары цыд уыдысты Слантæн Фæрниаты раз. Афтæмæй дын, фæззæджы иу бон хъæды сыфтæрыйасæй æрбаф- сад кодтой Фæрниатæм. Бацыдысты дын Фæрниаты зæппадзмæ: 71
Уым скъуыхтæ кодтой гадзайы æд хъæвдынтæ æмæ сæ зæппа- дзы бакалдтой, сæхæдæг фæстæмæ раздæхтысты. Уæд æгъдау афтæ уыди æмæ-иу туджджын æмгъуыд куьт фехæлдтаид, уæд-иу æмгъуыды бонмæ фидары чи бацыди, уый хльуамæ куыдз аргæвстаид æмгъуыд халæджы мæрдтæн æмæ йæ зæппадзы баппæрстаид. Уый иæ бакодта фидары бацæуæг, уæд йæ худинагæй адæммæ нал рацыдаид, йæ къæбæр ын ничиуал бахордтаид, æмæ дзы чызг дæр ничиуал ракуырдтаид. Зæппа- дзы куыдз аргæвдынæй карздæр æфхæрд ирон адæм зопгæ дæр нæ кодтой. Уый лæг амардæй дæр фыддæр уыди, чызг аскъæ- фынæй дæр æмæ мыггаг иыццæгъдынæй дæр. Мæргъитæн дæр æгъдау нæ сыххæст кæнынæн цы гæнæн уыди æмæ афтæ ба- кодтой. Фæрниатæ уый куы базыдтой, уæд сæ куыстытæ фæуагътой^ афтæмæй рафсад кодтой æмæ Дæллаг хъугомы хæст æрцыд дыууæ мыггагæп. Цалынмæ кæмттæ иргъæвынгæнæгæй сызмæ- лыдысты, уалынмæ дыууæтæ кæрæдзийæн фыдмитæ фæкодтой. Стæй адæм се ’хсæн бацыдысты æмæ сæ тыхтæ-фыдтæй баир- гъæвтой. Мæргъитæ сæ мæрдты аластой хъус цухтæй, Фæрниа- тæ сын сæ ракодтой хæсты æмæ сæ сæ зæппадзы бакалдтой сæ мæрдтимæ, сæ зæппадз дæр ссыгъдæг кодтой, афтæмæй. Йæ фæстæ, адæмы фарн бирæ у æмæ æртæ мыггаджы дæр бафидауын кодтой, уæдæ цы. Афтæ æгъдауыл мæлæг уыдысты адæм уæды дуджы, цард халæг æгъдæуттыл мæлæг. 8. Туджы фæдыл Раджы адæмы царды мидæг туджы хъуыддагæй æнамоид- дæр хъуыддаг ницы уыди. Ныр дæр ма дзы хъæрзынц нæ хохьг адæм. Уæд та туг ноджы тыхджыпдæр уыди æмæ-иу дыууæ мыггаджыкуы фæтуджджын сты, уæд сæ алчи дæр æрымбырд уыдаид мыггаджы хистæры хæдзармæ, ’мыггаджы уынаффæйыг батæрхонтæ-иу кодтаид мыггаг, стæй кæмдæриддæр уыдаид, арвы кæрон куы уыдаид уыцы мыггагæй, уæддæр æм фервы- стаиккой: «Уый, уыцы æмæ уыцы мыггагимæ туджы хъуыдда- джы бацыдыстæм, дæ сæр хиз æмæ дæ туг ис»,— зæгъгæ. Ту- гæн-иу йæ кæрон нал скъуыди, хызти фыдæй-фыртмæ, цалын- мæ мыггаг мыггаджы ныццагътаид, кæнæ сæ фæрныг адæм ба- фидауын кодтаиккой, уалынмæ. •Ахæм туджы хъуыддаг ахаста дыууæ мыггаджы — Æлбега- тææмæ Кобеты ’хсæн, кæддæр, иезаманы æмæ йын кæрон нал уыди. Цалдæр фæлтæры раивта, фæлæ- уæддæр ницы кæрош 72
ссардтой сæ тугæн дыууæ мыггаджы. Ныр дæр ма фырдарпь истæмæй куы фæзæгъынц абæсты, уæд афтæ фæкæиынц: «Æл- бегаты æмæ Кобеты туджы дæргъæн ныцци», зæгъгæ. Æмби- сондæн баззад адæмы ’хсæн сæ туджы хъуыддаг дыууæ мыг- гагæн. Æмæ истæуыл дæр куы уыдаид, исты ахæм куы фæтудж- джьш уыдаиккой Æлбегатæ æмæ Кобетæ, уæддæр ма цы нæ вæййы, адæмы зæрдæмæ сын цыдаид, фæлæ зыбыты ницæуьш рауад хъуыддаг. Кæддæр уыди дыууæ мыггагæн дзырддаг дыу- уæ мæкъуылуат уыгæрдæн, раст Мæсгуыты хъæуы тæккæ арæ- ныл хъæды бæетастæу иу чысыл æрдуз фæци, æмæ уый. Уыгæр- дæн цæй уыгæрдæн уыди, æхсæны сæрвæтæй иу гæппæл уыди, фæлæ йæ иу аз, Кобетæй иу æдылыгомау уыди, уый æркарста. Дыккаг аз та йæ, Æлбегатæй иу кæрæф лæг уыди, уый æркар- ста æмæ ма йыл гæрæн дæр æрцарæзта, цæмæй йæм хъæуы рæ- гъауы фос ма хызтаиккой. Зæхх кæм æххæст адæмыл æмæ алчи зæххы гæппæлыл мæлæтмæ цыди, уæдæ цы. Адæм ын загътой, зæгъгæ, сæрвæтмæ ма агай, æхсæны сæрвæт у, æмæ-дын чи ныууадздзæн уыцы æрдуз, фæлæ «абон», «а сом» кодта Æл- беджы-фырт, гæрæн нæ фехæлдта. , Уалынмæ-дын æртыккаг аз куы æрцыди, уæд æм кæрдынмæ рацыд уыцы гæппæлмæ Кобейы-фырт дæр æмæ Æлбеджы-фырт дæр. Цыдæр фыдбылызтæ сæ уыцы иу бон рацæуын кодтой, æвæццæгæн, ын, кæрæдзийæ тæрсгæйæ, рацыдысты æз-раздæро- нæй хосмæдзæуæнбон, æмæ хæрхæмбæлд фесты кæрæдзийыл æрдузы. ...— Хæрæг, Кобейы-фырт,— хъæр кæпы Æлбеджы-фырт,— ам дæ цы хъæуы мæ уыгæрдæны? .. — Хæрæджы фырт дæр дæ æмæ куыдзы фырт дæр, дæу цы хъæуы ам, æз æй куы ’ркарстон фыццаджыдæр, уæд? — хъæрл кæны Кобейы-фырт дæр. ,. — О, куыннæ стæй, дæ хорз фыдæй дын баззад æмæ дзьг дæ цæвæг æрсадздзынæ! Айс дæхи æнæ фыдбылызæй, гаццайæ* гуырд цыдæр! — загъд кæны, тæрсын кæпы Кобейы-фырты Æл- беджы-фырт. Дзырд дзырды фæдыл, æлгъыст æлгъысты фæдыл, афтæмæи дын загъд асайдта дыууæ лæгæн. Иргъæвæг дæр сæ цæй иргъæ- вæг фæцадаид уыцы хибар ран, афтæмæй дыи Кобейы-фырг цæвæгæй ныххафон, куыд загъта, афтæ йæм Æлбеджы-фырг фæраздæр æмæ йын йæ гуыбыны хъама фæцавта, сау лæджьг цæф ын ныккодта. Лæг атылд, уæдæ цы уыдаид. Æлбеджы- фырт та йæ хæдзармæ бафардæг, фыд хосмæдзыд фæци. , Кобетæ сæ лæджы æрцагуырдтой æмæ йæ æрдæг мардæй уыды æнамонды æрдузы ссардтой. Бахастой йæ, уæдæ цы, йаг 735
^сæдзармæ, фæзылдысты ма йæм, фæлæ лæг нал ссæрæп æмæ пу дыууæ къуырийы фæстæ амарди. Баныгæдтой сæ мардьг Кобетæ. Адæм ссыдьгсты, æмæ æрдузы цы гæрæи уыди, уый фехæлдтой, абоп дæр ма уыцы гæппæл æхсæны сæрвæтæй баз- зад, дыууæ мыггаджы та туджджьпьфе’сты. Кæрæдзимæ ма дард коймæгтæ куы фæтуджджын вæййынц, шауæд дыууæ æндæр æмæ æндæр, хъæуккаджы, уæддæр ма фæ- разгæ у исчердыгон хъуыддаг, кæрæдзийæ иппæрд вæййынц, кæрæдзи уындæй сæ цæсты фиутæ нæ фæтайы, кæрæдзи цæсты сындзбадæн нæ фæкæныиц. Фæлæ судзгæ замана у, иу хъæуы мидæг дыууæ мыггаджы куы фæтуджджын вæййынц, уæд уый вæййы. Ницы уал сынч адæм фæфæразынц сæ иргъæвынæн, нал сæ хъæубæстæ арынц æрынцой. Ту акæпыимæ та, «уæй, фæдис, уæлæ кæрæдзи фæцагътой», зæгъгæ, æмæ та, уайгæ иргъæвын- мæ, куыст дæр фæуадз æмæ хъуыддаг дæр. Нал дæр сæхæдæг фæфæразынц, уыцы æнамонд хъуыддаг кæуыл сæмбæлы, уыцы мыггæгтæ. Афтæмæй иоджы фыдцъылыс уыдысты дыууæ мыг- таджыдæр æмæ ницы кæрæдзийæн фæрæзтой, ницы фидауынæн, нпцы уал сæ хъæубæстæ фæрæзтой, хъуырмæ систы. Скæсут-ма, мæ хуртæ, уæлæ .рындзыл уый Æлбегаты мæ- ’ сыг æмæ цæрæнуæтты хæлдтæ сты, сæ бакомкоммæ та топпæх- сты фалдæрæн ’доны сæрмæ, уæртæ хъæды сынæгыл уын Ко- беты мæсыг æмæ цæрæнуæттæ. Ныр дыууæтæй хъырттызхмæлæг дæр нал ис. Комкоммæ кæрæдзима; кæсынц дыууæ мæсыджы. Куы фæтуджджын сты, уæд фыццаг азты дæргъы æдзух хæст цыди дыууæ мыггаджы ’хсæн, æпæ ’рынцайгæ хæст. Мæс- гуыты бацыдысты, афтæмæй бон-изæрмæ сæ хæсты къæдзил нæ аскъуыдаид, æмæ-иу дыууæ мæсгуытыл топпы фæздæг мигъ- ау сбадти. Ныр дæр ма куы фенат Кобеты мæсыджы ных, уæд тыгуыр нуæстæ сты йæ дуртæ. Уый /Елбегаты нæмгуытæй сты афтæ нуæстæ. Æлбегатæн сæхи мæсыг дæр афтæ нуæстæ уыди Кобеты нæмгуытæй, фæлæ ныр нал ис йæ бындзарæй дарддæр. ГУырысы æфсæдтæ йæ ныккалдтой, Хъуды абырджытимæ куы хæцыдысты, уæд. Афтæ фæхæцыдысты дыууæ мыггаджы, уæдæ цы. Фæлæ азтæ цыдысты, афтæмæй бафидауынæн ницы фæрæзтой æмæ сæ хъæубæстæ дæр сфæлмæцыдысты. Бирæ хæттыты сфæлвæрдтой адæмы хæрзгæнджытæ, бирæ хæттыты бацыдысты се’ ’хсæн, фæлæ ницæмæ æрдардтой дыууæ мыггаджы дæр адæмы кур- .диат æмæ уынаффæтæ, æмæ сæ адæм дæр ныууагътой сæ адыл:" Фæстагмæ хъуыддаг уымæ æрцыди, æмæ-иу дыууæ мыгга- гæй исчи искæй куы амардта, æмæ та-иу дыууæ мæсыджы топ- пы фæздæджы быи куы фесты, уæд-иу сыл адæм худтысты .æмæ-иу дзырдтой: «æй, кæсут, уæлæ та Æлбегатæ æмæ Кобетæ 74
дуры гуыбынмæ кæрæдзи цæгъдынмæ æрхъавыдысты». Æмæ сыл куыпнæ худтаиккой адæм дæр, мæсгуыты хуылфмæ кæрæ- дзийæн цы ракодтаиккой, æнæ комкоммæ бабырсгæйæ, дзæгъæ- лы топпыхос хардз кодтой æндæр. Æмæ-иу сæ хæст куы бапцад, уæд-иу сывæллæттæ цыдысты æмæ дыууæ мæсыджы ’хсæн зды уыгътой. Бынтон сыл сæхи атпгъ кодтой дыууæ мыггагыл адæм иу æбуалгъ хъуыддаджы фæстæ. Цæвнттон, нæ фыдæлтæм уыди иу æгъдау. Мыггаг-иу мæсыгмæ куы бацыди, уæд йе хойрагæй цух кодта, йе донæй. Уæд-иу сылгоймæгты рарвыстой. Сылгой- маг мæсыгмæ йе хопраг, йе дон хæссы, зæгъгæ,— фæцагайæн æм пæ уыд. Уый æгъдауæн уыди адæмы ’хсæн. Стæй æнæуи дæр сылгоймаджы тугмæ пичи мардта, худинаг уыди, æпæ^ъ- дау нæ фыдæлтæм. Афтæмæй иуахæмы та дыууæ мыггаджы дзæвгар куы фесты сæ мæсгуыты, уæд рарвыстой сылгоймæг- ты.— Æлбегатæ донмæ, Ко’бетæ та хойрагмæ,— фæйнæ сылгой- маджы. Уæд Кобетæй чидæр бахъавыд æмæ, Æлбегаты сыгой- маг дои куыд æргъæвта мæсыгмæ доиисæн къæйыл, афтæ йæ фехста æмæ сылгойм>аг йæ бынаты æрхауд, фæмард ис,.Æлбе- гатæ дæр айтæ-уыйтæ нал, фæлæ æрбадæнг кодтой Кобеты сыл- гоймаджы, хойраг куыд фæцæй хаста мæсыгмæ, афтæ æмæ йæ амардтой. Адæммæ æбуалгъ куынпæ фæкаст ахæм æбуалгъ хъуыддаг, нытту сыл кодтой æмæ сæ ныууагътой: «Кæрæдзи фæцæгъдут, æгъдаухал æнаккæгтæ», зæгъгæ. Кобетæй иу Радзам, зæгъгæ, хъæздыг лæг, йæ сæр фидауын- мæ нæ .хаста æмæ йæ мыггагыл дæр зыгъуыммæ базыртæ уый басагъта. Æфтаг уыди Гуырдзыстонмæ Радзам æмæ гуыр- дзиагау дæр чысыл цыдæртæ æмбæрста. Рацæй-рабон, афтæмæй иу хатт куы уыди, уæд æрыхъуыстис, цæйдæр тыхгæнæг, дам, Хады комыл æрбабырсы Арагвийы дон-дои æмæ бæстæ сафы. Фарс, дам, æй хоиынц, Гуырдзысто- пы дæр, дам, бабып кодта. Уæд Радзам йæ бæхыл бабадти æмæ Хъелæн фалейæ фарсы размæ, цæхгæр фæндагыл ацыд Уалынмæ та иæуæгæй æрыхъуысти чысыл фæстæдæр, фарс, дам рабырсы Хъелы Мæсгуыты бæстæм. Радзам дæр дам семæ ис, афтæмæй. Хъæды сыфтæртæй фылдæр уыдысты кæмдæр фар-, сы æфсад. Уæд адæм ныххæррæтт кодтой, æмæ, цы уыдысты, уымæй бацыдысты гæнæхты, фидæртты æмæ мæсгуыты хæстæв- вонгæй. Фарсæн Хъелы фæстæ йæ фыццаг æрыфтæн Мæсгуыты бæстæ уыди. ■ Уалынмæ, æцæг, уæлæ лыстæг æрдузæй æрзыиди дунейы æфс.ад, сæ разæй сæ фæтæг йæ цъæх бæхыл. Мæсгуыты хъæу- мæ, сæ иу хай разæй æрирвæзти æмæ уадидæгæн хæдзæрттыл дрт бафтыдтой, афтæмæй сыл хъæуы адæм ралæууыдысты мæс- 75-
гуытæй. Барсæгатæй иу номдзыд топпæхсæг уыд, уый дын мæ- сыджы сæрæй акаст фарсы фæтæгмæ, ахъуыды кодта, стæй йæ- топпы дывæр ифтыгъд ауагъта, афтæмæй уæлæ уæлбылмæ4 фехста фарсы фæтæджы. Уый йæ бæхæй расхъиудта. Фарс дын уый куы ауыдтой, уæд джихæй баззадысты, цыдæртæ сапп-упп- кодтой сæхирдыгонау, мардыл фæхæцыдысты æмæ лидзынмæ- фесты. Чи ма сæ фæмард, уыдои дæр фæуагътой, уадидæгæи. Хъелæн фæфале сты. Фарсы фæстæ дыи, мæ хуртæ, адæм æрæмбырд сты, æгас Мæсгуыты бæстæйы адæм. Рауынаффæ-бауынаффæйы фæстæ загътой, зæгъгæ, ай нæм Радзам æркодта æцæгæлон знаджы, афтæмæй хъæудзырд — хъоды бакодтой Радзамыл æмæ йæ* фæтардтой æд хæдзарвæндаг. Радзам йæ сæр кæдæмдæр фе- сæфта. . Радзам куы нæ уал уыд Кобеты ’хсæн, уæд сын уый фæци æвдадзы хос. Бирæ нæ рацыди фарсы фæлыгъдæй, афтæ дыи; адæмы коммæ æркастысты æмæ ныффидыдтой Æлбегатимæ. Ахæм фыдбылызы æгъдау уыди туг. Туджджын-иу йæ ма- сты фæдыл æцæгæлон знаджы дæр æрхуыдта, адæмы хæрамæй: дæр-иу нал фефсæрмы. 9. Дзуарылæг Нæ зыдтой раджы заманы нæ фыдæлтæ сауджынты, нæ сæм^ уыди аргъуантæ.— Уырысы агъоммæ иу аргъуан дæр нæ фед- таис хæххон бæсты. Уый уырысы паддзах тых хæссын куы рай- дыдта нæ бæстæм, æмæ, боны фæстагмæ, куы стыхджып æмæ- куы ’рфидар нæ кæмтты, уæд адæмæн хицæуттæ дæр баурæдта, сæ фылдæры ’лдары къухмæ дæр радта æмæ аргъуантæ дæр пыццарæзта, уæдæ иæм тых дæр æидæр цæмæ хаста? Аргъуанп та æнæ сауджын нæ вæййы æмæ сауджынтæ дæр баурæдта. Мæнæ Мæегуыты хъæуы аргъуан дæр уырысы паддзах сарæзта, æз мæ тæккæ лæджы бынаты уыдтæн уæд, æмæ йын йæ арæзт хорз хъуыды кæнын, ныр дзы, æнхъæлдæн, хъæууон кооперат, цыдæр æй хонынц, уый ис, Ницæмæ уадиссаг дардтой фыдæлтæ уырысы æрхæсгæ дин, ницæмæ йæ сауджынты дæр. Сауджынтæ-иу гуырдзиæгтæ уы- дысты, иронау дæр дзырдтой. Фæлæ кувгæ иронау пæ кодтой æмæ-иу цы дыгъал-дыгъул кодтой, уымæн чи цы зыдта. Гъе, сæ- кад дæр афтæ. Уæлæ Рагъы хъæумæ иу хатт ссыд-сауджын. Донæй сæ аргъуыдта, знареба сын лæвæрдта æмæ ницы уадис- саг йæ коммæ кастысты фыдуаг адæм. Сауджын сæ тæрсын кодта, йæхи сыгъдæг уд схуыдта, Хуыцауæй æрвыст лæг, æмæ7.
дам, мæ коммæ куынæ кæсат, уæд уæ Хуыцау фесафдзæн, æз, дам уæ уæ тæригъæдтæй сыгвдæг кæнын. Уыдон бавдæлдысты æмæ иу хъæдын къус хъуджы фаджысæй байдзаг кодтой æмæ йæ сауджыны раз авæрдтой,— гъе, уый уæдæ ссыгъдæг кæн,— зæгъгæ. Сауджын сыл сфудтытæ кодта, уæдæ цы уыдаид. Уæд уыдон дæр бавдæлдысты æмæ къусы дон айдзæгътой æмæ къус ссыгъдæг, уæдæ цы, æмæ зæгъынц сауджынæн: «дæуæй ницы сыгъдæг уд ис, дои дæуæй сыгъдæгдæр у» æмæ йæ фæтардтой. Гъе, уæддæр паддзахы азарæй тарстысты æмæ-иу бар-æиæбары дæр адæм хъуыстой сауджынтæм, ком сын лæвæрдтой. Фæлæ уырысы æрцыдмæ дæр æнæ дин нæ уыдысты ирои адæм, ардтой Хуыцауы ном, зыдтой дзуæрттæ дæр, уыди сын дзуарылæгтæ æмæ куыд арæхстысты, афтæ куывтой Хуыцауæп æмæ дзуæрттæн, сæ дин кодтой, фæлæ-иу зыны куы бахауды- сты, уæд-иу дзуары дæр фелгъыстой æмæ-пу дзуары лæгæн дæр аккаг фесты, цин дын фепон, тызмæг адæм уыдысты фыдæлтæ. . Цас зæхх уыдис нæ хæхты, мæ хуртæ, къуындæг уыдис, уын- гæг, сæракдзабырау, уый адыл сæм хор дæр цас уадиссаг цы- даид æмæ уыимæ хор иттæг зып æрбафтæн кæй уыд, уымæ гæс- тæс хорæй тыхсгæ дæр ницæуыл кодтой. Исты фыдбылыз-иу куы сæмбæлди тыллæгыл, гъе басийыпæй, гъе ихæй, гъе лæсæ- нæй, уæд-иу бынтондæр царæфтыд фесты адæм. Иу фыд уалдзæджы иу хатт фыд къæвда скодта а-бæстыл. Бæстæ допы бын фæци. Афтæмæй уæлæ уыпгæг адагыл лæсæн рацыд, донлæхъир, лæмæгъ зæххы уæлæ фæтæпты нæ баурæдта, æмæ а-хъæуы хуымтæп сæ фылдæр æрдæг раласта æмæ сæ ко- мы доны амидæг кодта. Сау æрдиаг куыннæ бакодтаиккой мæ- гуыртæг адæм. Хуымгæнæн сæ уæлхъус æрбалæууыд, хуым цы бакодтаиккой, уый та сæ къухты пал уыд. Чи ма къахта йæ уыгæрдæпы кæроны. Чи айпæджы тигътæ, фæлæ цас хуымгæнд уыдаид уый дæр. Иу бон дын куы уыд, уæд адæм пыхасы бадыпц уæихъилæй, цыма сыл судзаджы мæрдтæй æртыгæйттæ æрцыди алкæуыл. Ратæрхон-батæрхон кæпынц, цæмæй ма цæрдзысты, ууыл, сæ сæр сæ кой сси. Уæлæ хъугомы кæрон Хуыцауы дзуары кувæн- дон ис, йæ разы иу ссæдз бопгæны фæз — замаыайы хорз зæхх. Фæз æгайнæг уыди, астæумæ дзы кæрдæг зади. Ныхасы бадæг адæм уыцы фæзыл сæ цæстытæ æрæвæрдтой æмæ бафæнд код- той, дыккаг бон бакæнын уыцы фæз æгасæй. Кувæндон та хæс- синаг баисты йæ уæлейæ, уæлæ айнæджы сæрмæ, пыр дæр уым ис. Зæхх цухы тыххæй нæ хастой нæ сæ дзуæртты кувæндæттæ цъуппыты сæртæм адæм цымæ? Бæргæ ма сæ иргъæвта дзуары- лæг, бæргæ ма архайдта зæронд бонджын Хъуыдайнат дæр, цæмæй ахæм æбуалгъ хъуыддагыл ма пыххæцыдаиккой адæм 77
— ничи сæм байхъуыста, гуыбын тæригъæд æмæ æфсæрм иæ зоны, æхсарæй дæр æм нæ пыллæудзьгнæ. Сыстадысты дыккаг бон адæм æмæ æмдзыхæй, æнæ ауæдз лыгæй афæлдæхтой уыцьг фæз æмæ йæ ’хсæны байтыдтой. Йæ хурх ракæпыны хуызæн фæкасти хъуыддаг зæроид Хъуыдайнатмæ. Зæхджыи, уыгæрдæнджын уыди бонджыи Хъуы- дайнат. Алаз дзы хъæуы зæхх цухтæ æмбисыл истой хаццон хуымы гæппæлтæ æмæ йын дзæвгар пайдатæ кодтой. Уыцы аз та ноджы фылдæр пайдатæ хыгъта йæхицæн йæхинымæры лæ- сæны- фæрцы. Лæсæн ын æппындæр нæ фæцагайдта йæ хуым- ты Хъуыдайпатæи, лæсæнвæдыл ыи дзы ничи уыди æмæ æи- хъæл уыди хъæу бынтон сæ зонгуытыл æркувдзысты йæ разы. Фæлæ иугæр дзуары фæз куы басастой, уæд Хъуыдайыатмæ фæстæмæ дæр ничиуал фæкаст адæмæй. Æмæ ма гъа уыцы аз цы ’рцыди, уый æрцыди. Фæлæ Хъуыдайнат зыдта хъæубæсты дзуары фæз иннæ азты дæр бакæндзысты, уæгъд æй кæй нал суадздзысты, кувæндон дæр кæй ахæсдзысты уырдыгæй, стæй ма уымæй уæлдай иумæйаг сæрвæтмæ дæр кæй февналдзысты, хицæп тъæпæн гæппæлты хуымгоидæн кæй скъахдзысты æмæ йæ уый æнæ кард æргæвст кодта. Уæд.хъуыдытæ байдыдта Хъуыдайнат, катæйттæ. Цæмæй фехала хъæубæстæн дзуары фæз схуымгонд кæпыны фæнд, ууыл уыдысты йæ сагъæстæ. Афтæмæй’ дын иу бон дзуарылæгмæ фæспдти хибарæй. Бирæ ныхæстæ фæкодтой дзуарылæгимæ, æр- койтæ кодтой, адæм »кæй схивæнд сты, ууыл, кæй пал зонынц мард æмæ дзуар, кæй ферох кодтой цæсгом æмæ æгъдау, ба- сагъæстæ кодтой. Стæй Хъуыдайнат фергом ис дзуарылæгмæ. — Дæ хорзæхæй,— дистæгæпгæ, фæлмæнæй дзуры дзуары- лæгæн,— куыд бары Хуыцауы дзуар ацы æнæгъдау хъæуæп уый бæрцытæ, куыннæ сæ бабыи кæны сæ æбуалгъ мийы фæ*- дыл? Искуы дæр ма цард-цæрæпбопты уый æрцыд æмæ дзуары фæз афæлдах, искуы фехъуыстай ахæм æбуалгъ хъуыддаг? — Ма дыи амæлои, Хъуыдайнат, Хуыцау тагъд нæ кæиы, фæлæ куы цæвы, уæд ахъаззаг. Æвыдæй кæй нæ анрвæздзы- сты а-хъæу сæ æбуалгъ мимæ, уый дæр дæ уырнæд,— дзуры йын дзуары лæг дæр. — Адæм гъе, дзуарæй, гъе Хуыцауæй куынæ уал тæрсой, уæд сæ бæттæптæ атопдзысты æмæ хъæддаг сырдтæ фестдзы- сты, цард цард нал уыдзæн, æгъдау æгъдау, мæлæт та мæлæт. Стæй дзы лæг та лæджы бынаты нал уыдзæн. Ды дзуарылæг дæ, дины лæг æмæ адæмы æгъдауы æфсарм дæумæ ис. Хъуамæ йæ сыгъдæгæп ды хъахъæнай,— хатæгау кæыы дзуарылæгмæ- Хъуыдайнат. 78
— Æз дæр Хуыцау æмæ дзуæрттæи лæгъстæгæнæг лæг дæн- æмæ мын кæд айсиккой мæ мæгуыр куывд. Фæкæсдзынæ, кæд- дæра ма уыцы фæзæн йе ’мгæрæтты дæр ацæуиккой,— ныфс æвæрдта дзуары лæг Хъуыдайнатæп. Ууыл ахицæн сæ ныхас. Иу ахæмы дын Хуыцауы лæг бараст ис Хуыцауы дзуарьк кувæндовмæ. Кæсы æмæ æрдхæрæны зад æркодта дзуары фæз, диссаджы хор дзы æрзади. Йæ нæмыг топпы нæмыджы йас, йæ æфсир æрмæрины дæргъæн, ахæм хорæрзайгæ хæхбæсты пикуы ма федта. Уый зæрдæйæ дзуар ссæуын дæр иæ бауадз- дзæн фæзы æмæ йын тынг маст нæ уыди ныр диссаджы хорæр- зад. «Уæдæ мæ куывдтытæ дæр дзæгъæлы фесты»,— уайдзæф- гæнгæ бакасти дзуарылæг дзуармæ. Адæргæй арауай-бауай* кодта дзуары алывæрсты, стæй йæм цыма цыдæр хорз хъуыды ’рцыди, йæ мидбылты бахудти, цæхгæр фæзъшди æмæ хъæумæ фæцæуæг. Хъæуы иу ацæргæ ус, дæсны уыди, ницы уадиссаг кад дзы уыди адæмы цæсты, йæ уаг нæ бæззыд, кæмдæр, фыдсыл, ра- сыггæнаг, стæй хæтаг дæр уыди, æвæццæгæн. Дзуарылæг дын комкоммæ уыцы дæснымæ бацыди æмæ йæм изæрымгъуыдмæ фæсидти йæ хæдзармæ. Изæры йемæ бирæ зæрдпаг ныхæстæ фæкодта, чи сын цы зоны, цæуылты ’ бадзырдтаиккой дыууæ* адæймаджы. Уыди тæккæ хосгæрдæны карз, афтæмтй дып иу изæр куы уыди, уæд адæм куыствæлладæй æрцыдысты уыгæрдæптæй сæ* хæдзæрттæм. Дзуарылæг балцы уыди æ^мæ йын кувæндоны дæгъæлтæ йæ хæдзары æфснайд уыдысты. Адæм фæлладæй ба- хъилтæ сты сæ лыстæпты, уæдæ цы уыдаид, æрмæст ма мæй- рухсмæ изæры иу дыууæ магусайы Ныхасы бадыпц, къæцæл- тæ амайыпц. Уалыимæ сæ иу фæхъæр кодта: — Кæс-ма, кæс, дæ хорзæхæй, уæлæ дзуар ратахти — æмæг йæ худ систа, стæй уырдыг сыстади. И’пнæ дæр фæтæррæтт ласта, кæсы æмæ дзуары кувæндопы сæрмæ рагъæй цыдæр цæхæркалгæ ратахти æмæ дзуары ку- вæндоны цур фæтары. Дыууæ лæджы сæхи Хуыцауы дзуарæн бафæдзæхстой æмæ та сæхи сæ бынæтты æруагътой. Уалыпмæ та сæ иу инпæмæн дзуры тæрсгæ-ризгæйæ: — Кæс-ма, кæс, дæ хорзæхæй, Хуыцауы дзуары кувæпдо- нæй уый цæй рухс цæуы? Кæсыиц дыууæ дæр æмæ æцæг кувæндоны хуылфæй рухс цæуы, фæрссагæй пиллон уадзы. Джихæй, сагъдау аззадысты сæ дыууæ дæр, стæй уæд сæ иу бакодта табугæнгæ: — Чидæр нын пæ дзуар фæкъахта, науæд та дзуар иниæ дзуарртты йæхимæ тæрхоны æрхуыдта, адæмы адзалыл тæрхоп кæпынмæ. Цæй æмæ фæдис ныхъхъæр кæиæм нæ хъæубæстыл. 79
-Афтæмæй фæдис ныхъхъæр кодтой сæ дыууæ дæр хъæуыл. Хьæу сызмæлыдысты цъиуæй-бæдулæй æмæ æдгæрзтæ Ныхас- мæ æртымбыл сты. Уым сын дыууæ лæджы уæлдайджынтæй радзырдтой, цы федтой, уый æмæ адæм афæдис кодтой дзуары кувæндопмæ. Уалынмæ дзуары кувæндонмæ сабыр бацыдысты æмæ æв- вахсиæ уæндынц. Кæд дзы хуыснæджытæ ис, уæд уыдонæй тас у, кæд дзы дзуæрттæ тæрхоны сты, уæд уыдон фæхъызы- лæй. Уæд иу лæппулæг йæхп фæхъæбатыр кодта иу ас Улда- нимæ æмæ сæ фæстæ Хъуыдайнат, афтæмæй дзуары кувæндои- мæ сæхи баластой. Бакастысты фæрссагæй æмæ уынынц: мыда- дзын цырагъ судзы, фæлæ мидæгæй иичи зыны. Уæд адæммæ фæдзырдтой æмæ адæм дзуармæ æрбагуылф кодтой. Дуарыл архайыиц æмæ.дуар нæ комы. Дуар гуыдырæй æхгæд. Арвыс- той дзуарылæджы фырты хъæумæ дæгъæлмæ, уый йæ лæф-лæф- гæнгæ æрбахæццæ кодта. Бакодтой дуар, сгарыпц кувæидопы .хуылф, иикуы æмæ шщы. Дисы бафтыдысты, ай цы диссаг уы- дзæн, зæгъгæ. — Фескъуыйын, мæнæ адæм, фæтонын, уæуу, цы ма • кæ- нои? Адæм хъæрмæ ракалдысты, уæдæ цы. Кæсынц æмæ мæнæ дæспы адæнгæлтæ, йæ комы фыик иалы, йæ тæрттæ æрымыгъта æмæ зæххыл сæмбæлди, хъæр кæны дæсны. — Æз .куы пицы кодтон, Хуыцауы дзуар, куы ницы аххос- джын дæн. Адæмы тæригъæд мæнæй цæмæн исыс? Мæ уд дæ къæхты быпты фæхъхъау, ма фесаф дæ кувæг адæмы, сæ рæ- дыдыл фæсмон кæпдзысты! И-и-и, Хуыцауы дзуар, фыд тæр- хон ма скæиут, ма фесафут талынг, ницы æмбарæг адæмы,— сæнттæ цæгъды, йæ буары пуæрттыл ратул-батул кæпы дæспы. Уæд Хъуыдайнат ныхъхъæр кæпы адæмыл: — Дзуæрттæ нæм æргом рацыдысты, фæфыдæх нæм сты. Кувгæ, адæм, лæгъстæ кæигæ, сæфæм! Адæм сæ зонгуытыл æрхаудтой,— кувынц, лæгъстæ кæнынц, сæ риутæ хойынц, фæсмон кæнынц сæтæригъæдтыл. Уым дып адæм пывоид ныббастой урс гал æмæ ахицæн кодтой алаз дзуа- рæн йæхи «бæрæгбоны уæлдай бæрæгбон кæй кæндзысты уыцы бон, нывонд та йын урс гал æргæвддзысты. Фæкуывтой, фæта- бутæ кодтой адæм, стæй рацыдысты, уæдæ цы. Хъæумæ куы рацыдысты, уæд Ныхасæй кæсыиц æмæ кувæп- доны мидæг цырагъ ахуыссыд йæхи гъæдæй! Райсомæй гал адзæигæл кодтой, дзуарылæг дæр бонрæфты æрцыди æмæ уым уыди, федтой æмæ цырагъ уыди æрдæг сыгъдæй. Цалынмæ куывдыл æрбадтысты, уалынмæ дзуарылæг адæ- мы бафæдзæхста, стæй куывдыл куы æрбадтысты, уæд фæсидти 80
дæснымæ æмæ йæ адæмы ’хсæн æрфарста, цы амоиынц адæмæн дзуæрттæ, уымæй. Дæсиы загъта: — Хуыцауы дзуар фæсидти нæ хохы дзуæрттæм дысон изæр :емæ иæ хъæуы тæрхон кодтой, <мæ бон ба’калд, сæ сыгъдæг дæсгæмттæ пиллон рухс кодтой фыдæхæй æмæ мæм Хуыцауы дзуар куы фæкомкоммæ, уæд ницы уал базыдтон, мæгуыр мæ бон, адæнгæлтæ дæн. Уæ амондæн мын ме ’взаг нæ байстой дзуæрттæ æмæ пыхъхъæр кодтон. Стæй куыд зæрдиагæй табу кодтат, афтæ сæ цæсгæмттæ рухс кæнын байдыдтой, мæ уд сæ къæхты бынты фæхъау фæуа, æмæ алаз урс гал нывонд куы пыббастат, уæд Хуыцауы дзуар дæр барухсцæсгом æмæ мæм лæгъзæй ракаст. Стæй мын загъта: «Зæгъ адæмæн, дзуæрттæ сьш барынц сæ рæдыд æмæ сыл тæрхон нал кæнынц ацы хатт. Фæлæ мæ номыл мауал кусæнт майрæмбон, сабат æмæ къуыри- сæры. Стæй мæ кувæпдоны фæзæй цы хор æркæрдой, уый æр- мæст дзуæртты бæрæгбонты хойраг æмæ хуымилагæн куыд фæхъæуой, æвæргæ та йæ дзуарылæгмæ ныккæпæд, æмæ мын мæ фæзæн йе ’мгæрон дæр куыннæ уал ацæуой». Стæй куы ра- цыдыстут, уæд уын дзуæрттæ тæрхон кæй нал кæнынц, уый федтат уæхæдæг, цырагъ ахуыссын кодтой. Адæм фæтарстысты уый бæрц алæмæттæй æмæ æмризæджы рызтысты. Табу æмæ лæгъстæ кодтой, куысты мæт дæр сæ нал уыд æмæ хæрды мæт дæр. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæ ахицæн, мæ хуры тыптæ. Бонтæй рацыд иу дзæвгар, афтæ та фыдуаг адæм æрбайрох кодтой сæ дзырд æмæ та райдыдтой кусын æиæфæдж- джиаг бопты дæр. Хæрам дæр сæм нæ уыд, куысты тæккæ тæ- мæн уыди. Фæззæджы куыстыты карздæр бонтæ бадти сæ уæлæ æмæ сæ куы ауагътаиккой, уæд стæй, зымæг къæсæрмæ æрба- лæууыдаид æмæ хæрз сæфт кодтой. Афтæмæй дын, иу бон та куы уыд, уæд адæм изæры фæс- куыст Ныхасы бадынц. Ныхæстæ кæнынц, хъазæн иыхас, тау- рæгътæ хæссынц. Уæд дзуарылæг баздæхт æмæ сын уайдзæф- тæ кæны, кæй фехæлдтой сæ дзырд æмæ кæй кусынц æнæфæдж- джйаг бонты, уый тыххæй. Æртхъирæнтæ кæны Хуыцауы дзуар фæзыныпæй. Адæм æм хъусынц, уæдæ цы. Уæд Хуыцауы гæрах кæм нæ уыди хъæуы мидæг цæрæг лæг Улдан,, сыстад, йæ сины сæрыл ныххæцыд æмæ ныхъхъæр кæпы æгас Д-1ыхасыл: — Уый цавæр æдылы дзуар у, уæ хорзæхæй, мæнæ адæм, кусын дæр чи пæ уадзы? Мах куы ницы бакусæм æмæ нæм .куы ницы уа, уæд цы бахæрдзæн, стæй мæлынæй дæр нæ тæр- сы йæхицæн? Уæдæ кусгæ нæ, фæлæ та уалдзæджы фæз афæл- дахдзыстæм, ныр та уал тыллæг хæрынæн байуардзыстæм. Бынбауинагæн, цы нæм уа, уымæй скувдзыстæм, нысайнæгтæй 6 Мах дуг № 7-8 81
та йæ байдзаг кæндзыстæм, уый дæр æфсæст æмæ мах дæр... Адæм уыцы ныхæстæм ыыккæл-кæл кодтой æмæ хыпджылæг- худын ахастой, дзуарылæг дæр ма цы сдзырдтаид. Хъуыдайнат дæр ма цыдæртæ сдзырдта дзуарылæджы фарс, фæлæ йæ ны~ хас нпцы уал акарста, адæм уый дæр худыны бын фæкодтой, йæ ныхæстæ йын схыиджылæггаг кодтой. Ууыл ахицæи. Иуахæмы та бадынц хъæу сæ Ныхасы изæрдалынджьь Цæст уый бæрц шщыуал ахсы. Улдан уым нæ фæци, Уæллаг хъæуы йæ канстæй чидæр амарди æмæ йæм мæрддзыгой уыд æд бинонтæ, хъæуы дæсны дæр йемæ, фæстаг рæстæджы ньш Улданимæ тыиг хæлар асайдта. Бадынц адæм, уæдæ цы, Ньь хасы æмæ уынаффæ кæпынц райсом хуыммæ цæуыныл. Дзуары- лæг та сын цыдæртæ дзуры, фæдзæхсы сæ, дзуары хъыджы куыннæ цæуой, фæлæ йæм хъусæг нæй. Уалынмæ адæм кæсынц æмæ уæртæ дзуары кувæндонæй цыдæр æхсидавы хуызæн су- дзгæ рагæпп кодта, йæ цуры хоры смидæг. Адæм сагъдауæй аззадысты, сæ сæры хъуып арцау сбадти. Кæсынц æмæ зад хуым ссыгъди. Хур рæстæг уыд, хур зæххыл атылд æмæ бæстæ схус, дзуары фæзы хор та сызгъæринау æрттывта, дыккаг бон æм кæрдынмæ бавналинаг уыдысты. Дзуары фæзы хуым куы ссыгъд æмæ адæм цавддурауæй чысыл семуд куы ’рцыдысты, уæд афæдис сты. Куы бахæццæ сты, уæд кæсынц æмæ зыиг гуыл’ф-гуылф ’кæпы, хор уыциу гуыппæгæй судзы. Сылгоймæгтæ нынниудтой, уæдæ цы, лæгтæ хъæр кæпыпц, доп хæссут, зæгъгæ. Фæдисонтæй чи фæцарæхст^ ахæмтæ дæр уыди. Уыдон цæвджытæ семæ раскъæфтой æмæ ныр фæзы хуымы алфамблай дыгай уистæ æрзылдысты, цæ- мæй зынг иинæ хуымтæм ма ахиза. Уалынмæ ма дон дæр æр- баокъæфтой, фæлæ сыл дзуарылæг фæхъæр кодта: — Ма бакалут дои, фесæфдзыстут! Дзуар йæхиоы исы, йæ- хицæи æй пывондæн судзы. Кувгæ, адæм, цæмæй Хуыцауы дзуары зынгæй уæхæдæг дæр ма басудзат!.. Адæм калд бæлæстау зæххыл адæлгæмттæ сты, табу кæ- нынц, богъ-’богъ кæнынц, кувынц, лæхстæ кæнынц Хуыцауы дзуарæн, цæмæй сæ быпы сæф’т ма фæкæна. Уалыимæ фæзы хуымгæпд иууылдæр сыгъд фæци. Адæм рабадтысты, худаис- тæй уырдыг слæууыдысты. Дзуарылæг ма зæххыл кæм хæцы. Æлгъиты, æфхæры адæ- мы, уайдзæ’фтæ сын кæпы, йæ коммæ кæй нæ бакастысты, уый- фæдыл æмæ ныхъхъæр кæиы: , — Цæмæн байсæфтыстæм, цæй ныр, æгас хъæуæй. Ныр дæр уыдæттыл баззайдзыстæм, уый Хуыцауы къухы ис. Ул- данмæ хъуыстат? Æмæ уын хорз куы бакуыста Улдаи, уæ 82
дзуары уæм сфыдзæрдæ кодта. Дурты бын ныгæнинаг у ацы хæйрæджыты сайд, дурты бын, мæнæ хорз адæм! Мæсты адæмæп сæ маст сыхсыют æмæ сæ азар Улданы ’рдæм фæци. — Дурты -бын фæкæпын хъæуы, æцæг, уыцы Хуыцауы æл- гъыст хæйрæджы,— ныхъхъæр кодтой иууылдæр, цы уыдысты, уымæй. Афтæмæй дын мæсты адæм рафæдис кодтой дзуары кувæн- донæй Улдаиы хæдзармæ. Агурыпц. зилынц, хæдзары къуым- ты, фæлæ Улданы уым кæм ссардтйинкой. Се знæтæй сæ ферох, Улдан мæрддзыгой кæй ацыд, уый. Уæд хъуыддаг аргъæвтой йæ æрыздæхынмæ æмæ мæстæйдзагæй сæ хæдзæрттæм аздæх- тысты. Улдан куы ’рыздæхт æмæ хъуыддаг куы базыдта, уæд дæс- пымæ фæмидæг æнæ искæмæн йæхи равдисгæ. Бонсауизæрмæ фæузæлыд дæсныйыл, фæнызта йемæ æмæ Хуыцау зоны, цы митæ ма кодта йемæ... Афтæмæй йæ фæракъах-ба’къах кодта, суанг стыр фæсахсæвæрмæ йæ уæгъд нал суагъта. Дьгккаг бон куы уыди, уæд Улдап Ныхасмæ ссыди сæумæ- цъæхæй æмæ йæ хъæлæсы дзаг пыхъхъæр кодта: — Уæй, мæиæ хъæу! Йе ’хсырф чи райста, ,уый йæ фæстæ- мæ æрæвæрæд, йæ цæвæг чи райста, уый та йæ цæвæг æмæ Ныхасмæ рацæуæд, кæд йæ царды^ сæфт йæхи цæстæй фенинаг нæу, уæд! Адæм йæ хъæрмæ æрæмбырд сты Ныхасмæ. Уæд Улдан сыстад, йæ худ систа æмæ сын фæдзырдта; цы- дæриддæр дæсныйæ фехъуыста, уый. Кæмдæр, хъуыддаг сæрæй бынмæ кæигæ уыди, дзуарылæ- джы хиндзинад уыд. Бавдæлди дзуарылæг æмæ фыццаг хатг йæхæдæг цæст фæливыпæп балцы ацыд, йæ фыртæн та рагъæй æхсидав раппарын кодта кувæпдонмæ, «дзуар, зæгъгæ, ратахт». Стæй цырагъ дæр лæппу ссыгъта æмæ адæм куы раздæхтысты кувæндонæй, уæд та йæ ахуыссыи кодта. Хуым дæр лæппу ба- сыгъта, æхсидав раппæрста кувæндоны хуылфæй, афтæмæй. Дзуары хæд фалейæ адаг ныууад донмæ, хъæумæ нæ зыны уыцы адаг, æмæ дæлейы донмæ кæм пыххæццæ, уым хæрис- джын у. Афтæмæй-иу лæппу нæ хъуыддаг куы ба>кодта, уæд- иу адаг-адагныууад æмæ-иу хæрисджыиы пынныгъуылд. Стæй- иу дои-дон рауад æмæ талыиджы адæмимæ баиу. — Гъе, уый уын уæ дзуарылæджы митæ, мæнæ хорз адæм. Ахæм цъаммар, хъæуы зпагыл хъæудзырд бакæпып хъæуы, æндæр ницы,— загъта фæстаджы Улдан. Куынпæ бамæсты уыдаиккой мæгуыр адæм. Дзуарæн дæр алывыд фæкалдтой сæ мæстæй, стæй фæлæбурдтой дзуарылæг- 83
мæ æмæ йын йæ туг йæ .хъæлæсæй акалдтой сау надæй. Стæй йыл бахъоды кодтой æмæ йæ æд хæдзарвæндаг се ’хсæнæй сыстын кодтой, бирæгъы сырд ын фæкодтой. Уый фæстæ дзуарылæгæй баурæдтой Улданы. Ахæм æнаккаг дзуарылæгтæ. дæр-иу уыди, мæ хуртæ, гъе, раджы заманы. ^ ХÆРЗБОН, МÆСГУЫТÆ Уыцы фæстаг ныхæстæ каст куы фæци Тугъан, уæд йæ ’блокнот сабыргай бамбæрзта, йæ фарсдарæн хызын йæ уæр- джытæм æрбазылдта æмæ блокнот хъавгæ хызыны нытътъы- ста, йæхæдæг систа хызыпæй къаннæгдæр блокнот, райгом æй йкодта фыссынæн, йæ ных хъуыдыгæнгæ аныхта æмæ йæ цæс- тытæ йе ’мбæлттæм базылдта. Бадынц фæсивæд æнæдзургæйæ, æдзынæгæй, цæстытæ иуыр- &æм арæзтæн, цыма рагон царды нывтæ сæ разы кинонывыл истæй. кæттагыл згъорынц. Хъуыдыйæ ахсынц рагон цардæн йецæгдзинæдтæй цæмæй уыди, уый куыд уыди, цы бындурæ- йзæрдыл арæзт уыди æмæ дзы цæст атопын иал фæразыиц. Фæтæгенсудзæныл фыцы цайдап, йæ тæф фу кæны æддæ- мæ йæ къæдзфындзæй æмæ йæ сæрæмбæрзæны чысыл хуын- къæй. Халагъуды рæбын, рæбинаг михыл ауыгъд тасмачъи лам- пæ сабыргай пæртт-пæртт кæны, йæ фæтæген сыгъд фæци æмæ иæ хуыссæг ахсы, фынæймæ хъавы. Лампæйы пæртт-пæртмæ халагъуды къуымты бæлццон сынтæджытæ, михтыл ауыгъд бæлццои хызынтæ — рюкзакта^ æмæ лæдзджытæ куы сæхи ир- дæй равдисынц, куы та уысммæ талынджы æмбæхсынц. Æд- дейы мæйрухс æхсæв. Мæйрухсы фæлурс тынтæ лампæйы фæ- мынæгтæ сæхи пыццæвынц халагъуды хуылфмæ кæттаджы зыхъыртæй, стæй та ралидзыпц, лампæ рухс пæртт куы скæны, уæд, тæппуд гæлæбутау. — Нæ фæлæ куыд раст фæфыстай дзырдæй-дзырдмæ зæ- ронд Баймæты таурæгътæ, Тугъаы,— цыма йæ адджын фы- нæйæ райхъал, афтæмæй бакодта Асиат æмæ хæлар цæстæрт- тывдимæ бакаст Тугъанмæ.— Цæмæн æмбæхстай, стенографист !кæй дæ, уый, стæй кæд сахуыр дæ, Мæскуыйы дæ куы никуы фехъуыстон, зæгъгæ, степографи ахуыр кæньгс,— йæхæдæг сы- «стад æмæ ссыгъта йæ цуры авджы хъуыры сагъд мыдадзын дырагъ, бацыд лампæмæ, ахуыссын æй кодта æмæ йæ быны бадæг Тугъаны уæхскыл æруагъта йæ къух. 84
— Алы ахуырадон кусæг дæр хъуамæ стенографист дæр уа, стæй алы фыссæг дæр, æндæра цæй ахущрадон кусæг, кæнæ фыссæг у,— багуымгуым кодта Тугъан æмæ æиæзыигæ йæ уæ- хск фезмæлын кодта, цыма йын чызджы къух дæс центнерон дзæггоры уæз кодта йæ уæхскыл æмæ йын æй æртыдтаид. Андэ æмæ Дзыллæ ныр дæр ма æнæзмæлгæ сты. Цыр дæр ма сæ цæстытыл бадынц рагон царды нывтæ... — Æмæ ирон æвзагыл цæй стенографи ис? — пыууæлæф- гæйæ бакодта Дзыллæ æмæ æнæрхъуыдыйæ ариуыгъта йæ дъахæй. Къах Андойы фарсыл сныдзæвд æмæ лæппу æнæнхъæ- лæджы цыма йæ фынæйæ фехъалчындæуыд, афтæ фесхъиудта^ стæй ’рымбæрста, уæд йæ мидбылты бахудти тæлтæг чызгмæ. — Цал хатты дын загътон, уыцы æвзæр ахуыр ныууада, нæ дын бæззы. Искæй фындз асæтдзынæ иу ахæмы,— йæ къух- тæ фæйнæрдæм фæхаста æмæ сæ кæрæдзийыл атыхта Асиат йе ’мбалыл хъуыр-хъуыргæыгæ. — Æмæ дæуæн цас рæсугъд у дæ къухтæ кæрæдзийыл ту- хын, фæйнæрдæм сæ фæхæссын — цыма пыртæккæ искæй ахъæ- быс кæндзынæ, уыйау,— стай-тай кодта Дзыллæ,— æз дæр дæ бирæ хæттыты фæдзæхстон уыцы æгъдауæй, фæлæ мæм нæ хъусыс. — Цæй, нæ фæндаджы кой бакæнæм,— æнæразыйæ æмæ æнæ фæндгæйæ сдзырдта Андо æмæ сыстади, æгæион чыз- джытæ йæ нæ бауагътой фаг фæбæгъдулджытæ кæпын йæ цы- бæлты, рагон таурæгътæ йын кæй æрдавтой сæ хуызджын ба- зыртыл.— Нæ уæргътæ баст, нæ лæдзджытæ цæттæ, нæ Æлбе- гаты Батайы диссаг сау араппаг ифтыгъд. Мæиæ ма халагъуд бæттын хъæуы æмæч уæлæмæ сыстут. Диссаджы мæйрухс у,— кæсы дуарæй Андо’æддæмæ.— Цъититæ сызгъæрииау тыбар- тыбур кæнынц. Сымахæн уæ халагъуд баст у, фæлæ æнæун дæттæ стут, чызджытæ? — фæзылди Андо Дзыллæмæ. — Цæттæ стæм. Æцæг цæуын хъæуы,— цæуылдæр хъуьг- дыгæнгæ дзуры Дзыллæ. — Мæнæ ма фæстаг хатт цай бацымæм Мæсгуыты хъæуы æмæ стæй фæндараст,— æвæры агуывзæтæ чырыны сæрыл Асиат,— гъæй, цæй æгуыдзæгтæ уын бантыст, цæ, чъизийæ куы иæ уал зыны уæ фынг! Уæдæ ма мах фынг фенут. Кодзырты Тохтæйы фæринк карды буарау рухс калæнтæ кæны! ■—æмæ йæ мидбылты бахудт таурæгъты хъайтары ном æрбаймысъь нæй. — Ууыл æз дæр разы,— рæуæг фестад Дзыллæ æмæ дзул кæрдыныл схæцыд. — Ныр куыд у уæ фæнд,— цай схуыппæй-схуыппы ’хсæн æууилы Тугъан,— цыдæриддæр фембырд кодтам Мæсгуыты «з
бæстæйы æрмæгæй, уый афтæ хохмæй дæттæм институтмæ? — Нæ, физонæгæй йæ авæрдзыстæм институты разы, цъыс- дъыс кæнгæйæ. Уæдæ йып цы ми кæнинаг дæ? — баппæрста йæмАндо худæмдзастæй. — 'Физонæг дæ скæнæд иу галихор кулак, æвзæр цыдæр! — цай йæ дзыхæй ныппыррыкк кодта Дзыллæ раст Асиаты цæсгоммæ. Асиат фесхъиудта, йæ бандоп мæнг æвæрд уыд, фæсайдта йæ æмæ чызг зæххыл афæрсыл, йæ агуывзæ йæ къу- ^æй фæхаудта æмæ æгасæй пыккалд Тугъаны бæгънæг агъдыл. Тугъан фæтæррæст кодта, йе ’ннæ къахыл адæргæй ачипп-чипп ж>дта æмæ мæстыгæрæн багуым-гуым кодта: — Цæй æнарæхст цыдæр етут, физонæг фыцын дæр нæ зо- иут! Тфу,— атутæ кодта адæргæй Тугъан, физонджытимæ йæ зæрдæ адзæгъæл, уый куы фембæрста фæсивæды ныккæл-кæл- мæ, уæд йæхæдæг та чипп-чиппыл схæцыд. — Ра’ййаф ма мæ, Тугъан, кæд лæг дæ, уæд,— фæхъæр кодта Дзыллæ æмæ йæ разæй чипп-чипгæнгæ арæуæг. Лæппу фæзылд æмæ мæсты цæф æркодта йæхи йæ бынаты. Иннæтæ худæгæй къæцæлтæ кæпынц. — Цæй, ныр цы бæгъ-бæгъ кæиут? Стæй уæ дзыхтæ хало.- ны стопг лæппынтау ныххæлиу кæнут.— Хъуыр-хъуыр кæны Тугъан æмæ йæ сыгъд къах, сойæ йыи æй сæрдæг, Дзыллæйы къухтæй атыдта. — Æз хъуыддагыл дзурын, сымах та фæлхæрстытæ феста- дыстут. Æрмæг нæм бирæ ис,, æмæ институтæй ракурæм^ цæ- мæй пын бахæсджын кæна хицæн проблемæтыл иртасæг куыс- тытæ бакæнын. — Гъе, уый чи бæззы, уыцы ныхас у, сæрысуапгæй дæр пæ фæнды куы уыдис! — йæ цæсгом сæрфгæйæ ферттивын кодта йæ цæстытæ æхсызгоиæй Асиат. — Разы, разы, разьг,— йæ мидбынаты скафы Дзыллæ.— Ныртæккæ ахицæн кæнæм темæтæ! Чи цæй фæдыл фыссы? — Æз... — йæ цæстытæ бæллнцæй систа цармæ Андо, фæлæ йæ Тугъан æрчъицып кодта уадидæгæн. — Хицæнæй æппындæр пицы, Аидо. Хъуамæ куыст коллек- тивæй бакæнæм. Æппын кæд пæ, уæддæр дыгæйттæй. Уый нæхицæн дæр хуыздæр уыдзæпи æмæ куыстæп дæр. — Ууыл дæр разы! Чи — чемæ æмбал?—фæзылди Дзыл- лæ Тугъапмæ. — Æз демæ, кæд дæ фæнды, уæд,— Тугъан ып йæ дзырд кæй айста, ууыл нсдугмæ фæмæстыйæ, фæлмæнæй бакодта Апдо, æмæ фæрсæгау бакасти чызгмæ.— Нæ темæ та уыдзæн: «Ирон сылгоймаджы уавæр мæлæг натуралон хæдзарады за- 86
маны æмæ уарзондзинады фарстытæ адæмон таурæгътæм гæс- гæ». — Гъемæ дзы рауайдзæн идеалистои, романтикои дзæпгæ- да!-—багуым-гуым кодта Тугъан.— Æппæт æрмæгæй сархайын хъæуы, æппæт æрмæгæй, суанг фыст æмæ мыхуыргонд æрмæ- гæй дæр. — Омæ хорз, стæй йæ кæрон æппæрст æрцæуæд, науæд ын æндæр ном скæндзыстæм, фæлæ сымах та цы темæйыл фыс- дзыстут? — тæвдæй фæрсы Дзыллæ. — Мах? — хъуыдыгæнгæ бакаст Тугъан Асиатмæ,— мах та ахæм темæйыл: «социалон-экономикон уавæр’ æ^мæ кълассон тох хохы Ирыстоны æстдæсæм сæдæ азты». — Фæци хъуыддаг ууыл — кæрæдзимæ къухтæ карз æл- хъывдæй,— фестад Апдо æмæ йæ къух æнæрхъуыдыйæ бадаргъ кодта Дзыллæмæ, фæлæ стæй фембæрста æмæ Тугъапы къух алхъывта лæппу. — Æри,— фæгуым кодта Тугъан æмæ цыппар къухы дзуар- са æндæгъд акодтой кæрæдзийыл иу уысммæ. — Алыг,— йæ галиу къухæй алыг кодта æндæгъд къухтæ Асиат. — Цæй, ныр æфснайгæ æмæ стæры цæугæ, стæры, сахъ абырджыты бал! — ныззылди Дзыллæ иу къахыл, иннæмæй та фæрсырдæм ариуыгъта... Фæцæуыпц мæйрухсы цыппар бæлццоны. Алкæмæн йæ фæ- суæхск риумæ æмæ астæумæ гæрзтæй баст бæлццон хызыптæ, йæ къухы туристон лæдзæг. Андо идадзæй ласы идон, йæ га- лиу рæмбынкъæдзы ласт лæдзæг дæр уыцы къухы, афтæмæй йæ фæдыл уæззау цæуæг æмæ ту акæнынмæ цудæг бæхы. Бæх уаргъæй нал зыны йæ барцæй йæ къæдзилмæ. Йеииæ къухæй Андо хæцы Дзыллæйы къухыл. Тугъан æмæ Асиат цæуынц разæй кæрæдзи фæдыл. Асиат тындзы, фæлæ Тугъапы пе ’ййафы. Дзыллæ æмæ Апдо æппындæр нæ тыпдзынц, сындæг- гай цæуынц. Бæлццæттæ схал сты Мæсгуыты хъæуы худисæн хъæды. Уалыпмæ Асиат тых уад скодта æмæ фæхæцыд Тугъа- иы къухыл. Бафæлладтæн,— къæмдзæстыгæй сулæфыд чызг. — Æмæ сыфцæй ласипаг фæдæ,— цæуылдæр хъуыдыгæн- гæ багуым-гуым кодта Тугъан, фæлæ стæй чызгмæ фæзылды- сты йæ хъуыдытæ æмæ фæлмæндæрæй бакодта: — Ма тæрс, пыртæккæ схæццæ уыдзыстæм^ хæрды сæрмæ. Мæнæ худисæны сæр дæр. Тугъап æмæ Асиат ауырдыг кодтой фæндаг-фæпдаг, фæлæ уадидæгæн сæ хъустыл аныдзæв- дис Апдойы сидт. — Фæстаджы фæкаст ма, æмбæлттæ, Мæсгуыты бæстæм, Мæсгуыты хъæумæ. 87
Се ’ппæт дæр фæстæмæ фæзылдысты æмæ, кæрæдзимæ æв^ вахс балæууыдысты, стæй сæ лæдзджыты æнцой, сæ къухта&’; сæ кæрæдзимæ лæвæрдæй къайгай. Мæсгуыты бæстæ сæ быны зыны мæйрухсмæ кæттагыл ньь вау рæсугъд, бæзджын ахорæнтæй. Мæйрухс хъазы цъитиджын хæхтыл æмæ цъититæ тыбар-тыбур кæнынц налхъуыты цæс- тытæй. Дæлейæ комы дон зæлланг хъæлхъæл кæны, йæ чысыл уылæнтæ дуртыл, цыма дзы доны чызджытæ мырмырæгтæй хъазынц. Мæйрухсмæ доны буар æрттивæнтæ калы доигонд æвзистау. Сау ыæзыхъæд сиахъ нымæтау йæ тархуызæй бы- цæу кæны уæйыг хæхты аууæттимæ. Фынæй хъæуты цæст гæ- зæмæ ахсы айпæгты рындзтыл цæргæсты цъæх ахстæттау Мæс- гуытæ æрдæг кæлдтытæй. Æмæ Баймæты фыдæлты мæсыджы цур стыр иæзы бæлас ивазы йæ цæнгтæ фæсивæды ’рдæм, цыма сын фæстаджы салам æмæ арфæтæ æрвиты сæ балцы йæхи æмæ Баймæты бæсты дæр. Æгомыгæй лæууынц фæсивæд, зæрдæтæ хъазынц уæрыккау риуты æрдзы фидыц — рæсугъддзинадмæ, суанг Тугъаны цæс- тытæ дæр æрттивынц иттæг æгъгъæдæй йæ разьг райхæлд ны- вæй. — Хæрзбон, Мæсгуыты бæстæ, зæронд царды кард æмæ уарт, ног царды хотыхтæм цадæггай ивæг бæстæ,— сындæг, æнкъардгомауæй сыхъуысти Дзыллæйы хъæлæс. — Хæрзбон, зæронд, дур мæсгуытæ, хæрзбон, зæронд Бай- ’мæт — удæгас мæсыг,— зæрдæбынæн бакодта Асиат æмæ йæ цæстытæ фæкодта Тугъаны цæстыты æмæ ныккаст йæ зæрдæмæ. — Æвæццæгæи Тугъаны зæрдæйы чызг ауыдта йæхицæн цыдæр циндæттæджы æууæл, амоидджын худт бакодта йае мид- былты, лæппуйы къух карз æрбалхъывта, æмзылд фæкодта йемæ æмæ йæ гæппытæгæнгæ ауырдыг кодта фæндаг-фæндаг,. ныззæлгæ хъæлæсæй бахъырнгæйæ хъæлдзæгæй базарæг Ан- дойæи.
ХЕТÆГКАТЫ ДАУЬШ Згъæлæнтæ Амонды згъæлæнтæ, Арфæйы ’мбæлæнтæ... Ма кæ, хур, ма мæ дом,— аппар дæ кæлæнтæ Нал мын ис дауджытæ, Нал ис рæвдауджытæ,— Алырдæм акæс-ма, худынц мæ фауджытæ. Дуртæ ма... дойнæгтæ!.. Зины фæндойнæгтæ... Агайынц кæлмытæ риуы фæсмойнæгтæ!— Зæрдæ нырриздзæни, Йе ’фсиртæ уидздзæни, Уалдзæджы мондæгтæ афтæмæй исдзæни. 1908. Хъарæг Æдзæллаг Ирыстон, Нывонд дын фæуон! Кæндзынæ гæныстон.. Мæ сæфтыл кæуон! Дæ хъæрзын, дæ риссын Æвидигæ — ныр... Уæлæфтау — дæ хъисын, Æвидауц, бызгъуыр! Фыдбылыз дæ хъару Куы сæтты дæуæн. Фыдæхсæн дæ бар у, Мæ уды лæууæн! Кæд искæй зæрдæйы Æхсиды фæндон,— Æгуыппæг фæвæййы, Фæхъæуы бынтон... Дæ низæн, дæ мастæн Кæмæ ис бынат? Дæ худтæн, дæ хъазтæн Нæ вæййы сæрфат! Кæд искæй зæрдæмæ Æрцæуы дæ мæт.— Ныфсиры фæстæмæ... Æрсуры... мæлæт!.. 1912 89*
Кувæджы ныхæстæ Зæдтæ "мæ дауджытæт Махмæ мæгуырæн — Уе ’ппæт рæвдауджытæ, Габаз — цæнкуылæн... Ракæсут бæрзæндтæй Махæн нæ уагмæ!— Сæр æмæ бæрзæйтæй Кувæм мыггагмæ. Сбирæ сты не знæгтæ, Схаттысты иумæ. Зилынц сæ егæрттæ,— Хъавынц нæ риумæ. Баисты иу рæгъау, Тавис нæм дарынц. Алы ран, бирæгътау, Мах уæлхъус бадынц. Нал уæндæм се ’мныхас,— Тарст у нæ зæрдæ! Афæдæд йе ’мыйас Не ’знаг фыд-зæрдæ! Ирæн йæ сæрбостæ Сирынц фæстæмæ... Иугай æвзæр фостæ Уайынц лæгъстæмæ... Райста сæ алчидæр Цардысæр адæн: Хъарм ран, фыццаджыдæр!- Адæм та... надæн! Гъæтт, уæдæ, Уастырджи, Рафæлгæс дардæй! Ма ныууадз раст лæджы... Бавзид дæ кардæй 1912. Хурхортæ Сау пиллон, сау мигъ фæйнæрдыгæй бады, Бамæйдар йе ’хсæв, куы батар и бон. Хурхортæ арвмæ фæцæуынц æфсады, Мæйхортæн нал ис нымæц, йе кæрон. Æй-джиди! Арвы цæлхъытæ куы цæуид! Арв та куы калид тæмæнтæ, цæхæр... Бирæ бон фыдфынты артæй нæ фæуид, Ракæсид хуры цæст..„ мæйрухс уæддæр... 1912 Нæ мæ уырнь) :Нæ мæ уырны,— мæ боны-бонтæ 'Фыдæбонæй кæй бардзынæн, .Абырæгау, æхсæвыгоиты Мæ тар фæндаг кæй дардзынæн... Æппын æмæ мæйдар æхсæвы Мæ развæндаг ныррухс кæна!., Æнафон зæронд æхсæлы Дыдзы рухс мæм æрбакæна!.. Мæ фæдджитæ сæнтурс дзæнхъатæ Æппынфæстаг æруидздзынæн, Гъе уыдонæй цæхæр-дзынгатæ Мæ фидæнмæ нырвитдзынæн. 1913 90
Мысын... Æрмæфтауыл кусы Фæлæ мыл мæ фæллад Мæ уды куырой. Куы ’ртæфсы фæскуыст,— Уæлæфтауыл* мусы — Дæн бурбын ысгæллад!.. Мæ найгонд фæллой. Мæ сæфты кой —хъуыст! Дæу рохуатмæ ’ппарын Ныввæййын æдзæллаг, Тыхамæлттæй, бон. Фæсмонгондæй — цъист... Мæ уадындз ыссарын,— Мæ минас — ызгъæллаг! Æбмулы нæртон... Мæ циндзинад — хист... Дæ цæстæнгас мысын — Зæрдæйы тæлмац!.. Æнкъардæй ныффыссын: «Кæм мын дæ, фæлмас?» 1914 Арвæнгæс Арвæнгæс денджыз, фæллад риуæй, хуртæ ’мæ мæйтæ уал калы, Айдæнау алæгъз йæ ирддзæсгом диссагæн ныр Алы хуызæттæй дæлдон дуртæ ракæсынц иумæты малы, Мадзура денджыз фæлмац у ныртæккæ, æмыр. Уалынджы дымгæ куы радыма, дугътæ куы уадза цъæх мигъæй, Хурыцæст батар уыдзæни, фæфæлдахдзæн фурд. Арф-арфид денджыз та тарбынæй къултæ фæтондзæн кæрдихæй, Уромæг нал уыдзæн уылæнтæн: бæстæ — лæбурд! Урс-бæх æфсæдтæй, дæлдонæй гæппытæ кæндзысты уæлæмæ, Размæ, фæд-фæдыл, тындздзысты, кæрæдзи цæстмæ. Доны чызджытæ æууæрддзысты урс нымæт цæнгтæй гæзæмæ, Хъæр æмæ ахстимæ тулдзысты уылæн рæстмæ!.. Бонзонгæ, царды уæз фервитыи, тыхст æмæ ноджы уырыдæй, Искæй куысты рагъыл рафтыдтои сонтæй мæ тых. Бирæ цæмæйдæрты рагæй мæхи дын ыссардтон рæдыдæй, Кусын кæмдæриддæр, размæ нæ хæссын мæ ных. О, фæлæ, хаттæй-хатт,зæрдыл куы ’рбалæууынц уарзон ныхæстæ,— Амонды хостæ фæхъары сæ дзурæгæн уæд! 91
Джихтæ, фæсмонгондæй, байдайын алырдæм уайтагъд йæ фæстæ! Ме ’уæнгтæ акæлынц, развæнд фесты фыдвæд! Искæй æнæмæтæй худгæ куы фенай йæ фæндырæй хъазгæ^. Искуы мæ хъустыл куы ’рцæуы дын амонды кой, Рафт-бафт мыл бахæцы, риуы ’мбæрц балæууы ме ’нæфæразгæ... Агурын байдайын... чи ма кæна мын æккой?.. 191& Сæнттæ Уæлгоммæ, дæлгоммæ... Æхсæвыгæтты бонмæ... Æнхъæлмæ фæкæсын, Мæхи фынтæй фæхæссын. Æрцæуы! Æрцæуы!.. Ныридæгæн æрцæуы... Æрттывдтытæ калы, Зæлдаг бæттæнтæ халы. Æрцæуы нæм, заргæ, Пыбыр фæндаг æвзаргæ!.. Кæс-ма йæм! Кæс-ма йæм! Иæ къахдзæфтæ нымайæм!.» Уæлгоммæ, дæлгоммæ... Æхсæвыгæтты бонмæ... Мæ хуры хай, зон мæ! Дæумæ кæсын кæронмæ!.. 1915 Катай Уо, мæгуыр, мæ хъæстæ! Уо, мæгуыр, мæ бон! Аку-иу мæ фæстæ, Сау дзыкку ныттон... Ме ’нхъæлцау къуыззиттæй Фиды мын йæ хæс. Рындзæй мæм æхситтæй Бакæны: «дзæгъæс!..» Иунæгæй, мæйдары, Агурын мæ фæд. Хицæнæй мæ дары Алы кой фæсвæд... Афæдай, мæ зæрдæ,— Фервæзин дæуæй! Знагæй мын фыддæр дæ: Ниуыс!.. Йе, уæуу-уæй!.. Хæлæттаг Не 'намондг не ’лгъыст — нæ хъал зæрдæ махæн! Не стыр сæрмæ ма кæй хæссæм, хæлар?! Арæхсгæ нал исæм армыуæз къахæи, Рауæлдай кодтам фыдæлты лæвар. Сидзæрæй, рохуаты джиуы нæ куыстаг: Хъал зæрдæ не ’рвæссы саппы хуымтыл! Хурмæ дзынадзы, нынниуы нæ хъуыддаг: Хъал зæрдæ нал тыхсы сæфты къуымтыл’ 92
’Комæн йæ нарæгæй федде быдырмæ, Хæтæнтæ буцгомау сгары, хæты. Бонзонгæ нал тасы астæу гуыбырмæ, ;Нал цæуы рухс зæрдæ царды мæты. Афтидæй бахъил и къуту, нæ хордон, Азгъæлди зад хуммы нарæг гæппæл... Афоныл сифтындзæм иумæ бæхуæрдон: Бакæнæм зиуы куыстагмæ цыбæл! Цъиутæ ’мæ халæттæ уидзынц нæмыггай Лад хуымы астæуты хъалы фæллой. Иуыл хæлæттаг, цæй,ма фод нæ мыггаг!— Тауынæн рауидзæм хоры кæфой. 1916 Бонвыддæр Бабын уай, ме ’намонд, байсæфай мемæ! Ма фенай уалдзыгон хур, Ноджы та йунæгæй баззадтæн демæ! Цæй, уæдæ, сур та мæ, сур! Сар мын дæ сæр кæны, додой — дæ къона! Абон дæ нал тæрсын, нал: Сау зæрдæ барджынæй ракæндзæн тона, Байсдзæни амонды хал. Искуы дæ былгæрон фехсдзæни доимæ... Фесæф, æлгъыстаг, мæнæй!-— Нал цæуын демæ, дæ балцы кæронмæ: Ам та дын хъалондар нæй! 1917 Зæрдæйæ зæрдæмæ Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæн куы уаид,— Уæд баууæнд мыл, баууæнд, æппæлис мæнæй! Уæд алчидæр ме ’гъдауæй, буцгомау, раид!.. Æнæмæнг у уый, фæлæ ц ’акæнон, цæй?— Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæн нæй!.. Нæ дзыллæйæн рагæй нывондагæй хаттæн; Мæнгæй дзы сæрыстыр нæ уыдтæн, мæнгæй! Йæ низæй, йæ хъыгæй, бæгуыдæр, фæсадтæн... Уæддæр æз мæ сагъæс нæ дзурын хъæрæй... Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæнтæ нæй! 93
Æз хионæй, ’ддагонæй — уе ’ппæты уарзтон, Уый мæнæ бæрæг у мæ царды фæдæй. Мæгуыр лæджы тухи цæстысыгæй барстон... Æнæмæнг у: ме ’вдисæн — хур æмæ мæй!— Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæнтæ нæй! Кæд бонджын—фыдгæнæг—мæн хахуырæй сæфта, Кæд алы фыд-зонд-иу мæн кодта бынæй,— Уæддæр сæ мæ рæстад æдзухæй æййæфта, Уæддæр мæ нæ басастой ’ргомæй, тыхæй!— Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæнтæ нæй!.. Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæн куы уаид, Уæд бузныг фæуиккат ныр уе ’ппæт мæнæй: Зæрондæй, нæуæгæй мæ алчи нымаид... Фæлæ мæ куыд бамбара исчи?.. Цæмæй?— Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæнтæ нæй!.. 1917 Куырттаты чиныг Таурæгъ Сæрдыгон хур дуне рæвдауы ’мæ тавы, Кæрдæгæй, бæласæй ныккæнынц æмзард. Бæллиццагæй, амондæй се’ппæты ’ндавы, Ызмæлæгæй — алчи ма стауы йæ цард. Уæд найфаты, нард фынгыл дзыллæтæ бадынц. Сæ фидар мæсгуытæ уæларвмæ!.. рæгъæй! Сæ комы нæргæ дон æрттивы, дæргъæй. Дзымандытæй хъал зæрдæ се ’ппæт æфсадынц. Диссаг, æбуалгъ ми, дамг кодтой ма иумæ... Чиныг сæрмагонд Хуыцаумæ фыссынцъ... Азымтæ, фаутæ йæм бирæ хæссынц... Чиныг куы дæттынц зæрватыкмæ — цъиумæ: «Минæвар фест æмæ арвмæ фæтæх! Ратт-иу нæ чиныг Хуыцауæн йæхимæ! Мæнæ бæттæм æй дæ мæцъи ныхимæ. Ардæм, фæстæмæ нæм дзуаппимæ здæх!» Ауагътой цъиуы... Фæтæхы Хуыцаумæ. Чиныгæн мах уал æркæсæм йæ саумæ... Иумæ Куырттатæ дзы фыстой! Адæм æмвæндæй цæуылты куыстой: «Зæронд Хуыцау! Рагæй-æрæгмæ дæм кувæм! Фыдæлтæй нырмæ дын нывæндтæ кæнæм. Нæ хортæ дæу тыххæй къæпийæ фæрувæм. Нæл фысæй, уæрыччытæй, хорз дæ уынæм. Гъс уый æдде, ноджы дæ зæдты ном арæм.— 94
Фæлмæнæй, дзæбæхæй цæмæй нæм кæсой. Дæттæм сын нæ уды фæллойæн йæ сой. Тымбыл фынг, цæттæйæ, сæ разы фæдарæм.— Иранæй Донаймæ нæ барæг зылди... Æркæс-ма дæхæдæг: цæмæты нæ ’ртардтай? Æнæвгъау дæ рынæй цæмæн нæ фæмардтай?! Мæйдар æхсæв бонау-иу махмæ зынди. Хуыдалынгау, абон дæ хурыскаст... иууыл!.. Ныртæккæ дæ ивæм! — Нæ хæцыс дæхиуыл.— Дæ зæдтимæ сыст æмæ дардмæ фæцу!.. Æнæбон, зæрондæй,— ды махмæ — хæддзу!..» Чиныг зæрватыкк фæхæссы Хуыцаумæ. Фатау фæтæхы уæлæмæ, хæрдмæ — Уый та цы фыдбылыз касти бецаумæ? Арвмæ куыд хæццæ кæндзæни? Кæдмæ? Иу ран æм хохæн йæ цъуппæй дæлæмæ, Раппæрста уари йæхи та бынмæ: «Ардæм æй рахæсс! — Æри йæ мæимæ!..» Уаримæ хъуыста зæрватыкк гæзæмæ. Уый фæстæ атахти тынгдæр, æваст. Рухсæй уа, галынджы, асхойы размæ. Не ’рлæууы, не ’ркæсы искæй ахъазмæ: ««Мачи мæ уромæд!.. Размæ — мæ каст!.. Дзыллæ, Куырттатæ, кæсынц мæм æнхъæлмæ!..» Бадтысты афтæ Куырттатæ сæ цæлмæ. Абон дæр армæ ыскæсынц хæрдмæ... О!.. фæлæ дзуапп хæссæг нæй сæм иырмæ! * * *
КЪОРНАТЫ МУХАРБЕГ КЪОРНАТЫ БÆРЕГ Т а у р æ г ъ Ацы хабарыл сæдæ азæй фылдæр цæуы. Ныртæккæ горæт Дигора йæ базыртæ кæм райтыгъта, уым цæрæг ничима уыди. Урсдои æмæ Дур-Дуры доиы астæу цы зæххытæ ис, уыдонæн сæ фылдæр хай æмæхгæд уыд алыхуызон бæлæстæ æмæ къу- тæртæй: тæрс, кæрдо, фæткъуы, мугæ, æхсæр, залгъæд... Æмæ дзы цынæ хуызы хъæды мыггаг фепæн уыд! Суанг ма дзы сы- вылдз, тулдз æмæ кæрз бæлæстæ дæр задысты. Фæлæ æрдзоп хъæздыгдзинæдтæ мæрдты бæстау зындысты æпæбоп хохæг- тæм. Кæсыны бар бæргæ уыди æпæхæрд зæххытæм. Фæлæ дзы гутон адар... Ахæм амонд кæмæ хауди. Тугъаптæ æмæ Хъуы- ’бадтæ адæмы сырдтой бæрзæндтæм. Æвадат рæтты, хохы тигъ- тыл рахау-бахау кодтой, сæ сурхид æмæ сæ цæстысыгæй сæхи æхсадтой хохæгтæ.. Ахæм æвадат рæтты мидгомы йæ бонтæ æрвыста Къорнаты Цæппо дæр. Бакастæй — хæрзконд, хъаруйæ — тыхджын, иыф- сæй — ныфсджын. Фæлæ пе ’мгоймæгтау цыбыркъух. Йæ цар- ды ’мбал Бутъионæн æрмæст йе ’ддаг бакаст дæр бирæ мулкты аргъ уыди. Æхсырхуыз рустæ арты хъарммæ нæрст хъæбын- тау, нæлгоймæгты зæрдæтæ хуры хъарм тынтау уацары истой. Хæларзæрдæ, адæмуарзон, къæбæрдæттон. Къухымимæ — хæр- .зарæхст. Хæрдгæхуыдмæ йæ ничи аййæфтаид. Цæппо балцы цæуаг уыди. Афтæмæй амал кодта йæ бинои- тæн мамæлайы къæбæр. Иуахæмы та Цæппо хæтæны афардæг. Бутъиои æнæудбар уыди æмæ йæм йæ зæрдæ æхсайдта. Æниу адзал адæймаджы йæ сау хызхазты куы бадома, уæд ын хос- гæнæгмæ хос кæд уыди? Афтæ рауад хабар ацы хатт дæр. Æв- гъаёды, аргæ-арып йæ цардæй ахицæн Бутъион. Фæлæ йын фырыхъулы хуызæн лæппу райгуырд. 96
Адæм судзаггаг мардыл сæ цæосыгтæ фезгъæлдтой, уæдæ цы. Цæппомæ фæхабар кодтой. Йе ’рцыдмæ йын фенхъæлмæ кастысты. фæлæ нæ зынд æмæ нæ зынд. Хъæубæсты зæрæдтæ, дзырддзæугæ адæмтæ цалдæрæй сæхи бакъул кодтой, сывæллон псчи ахæссæд, зæгъгæ, фæлæ искæй сывæллон къæхтыл слæ’у- уын кæнынмæ йæ ныфс ничи бахаста. Ноггуырды фыдбылызæн хъæубæсты уыцы раёстæг дзидзидарæг- сылгоймаг дæр нæ ра- зынд. Бирæ радзур-бадзурты фæстæ сывæллоны дæр йæ мады фарсмæ сæвæрдтой. Ома дзы уæддæр æнæ мады ’хсырæй ницы рауайдзæн, æмæ сæ се ’нусоп бынатыл сæмбæлып кодтой. Адæм уæлмæрдтæй рапырх сты, афтæмæй йæ .кæрты æрфис- тæг Цæппо. Хабар базонгæйæ йæ мидбыпаты цавддурау лæу- гæйæ баззад. Æмæ кæд йæ зæрдæ фыррыстæй риуы дих кодта, уæддæр йæ кæуыны хъæр нæ райхъуыст. Худинаг уыд уыцы рæстæг усы мардыл кæуын. Æрмæст судзгæ цæссыгтæ згъорд- той йæ фæллад рустыл. Цæстытæ æнæбын суадæттæ фестады- сты. Сывæллопы удæгасæй Бутъионимæ бавæрдтой, уый фе- хъусгæиæ та йæм арвы риуæй ^армытъæпæны йас дæр нал зынди. Æмæ къæппæгæй раирвæзæг сырдау ах-аххæй кæугæ атындзыдта уæлмæрдтырдæм. Цыртыл пыддæлгом, йæ цæсты- сыгæй йæхи æхсадта. Иу рæстæг йæ кæуынæй фæсабыр, цырт- мæ йæхи нылхъывта, æдзынæг ныхъхъуыста ингæнмæ æмæ фæ- сус кæуынхъæр йæ хъустыл æрцыд. — Тагъд бел! — фæхъæр кодта сонтæй йæ фарсмæ лæууæг адæммæ. Чысыл рæстæджы фæстæ йæ хъæбысмæ фелвæста, фыркуыдæй чи ныффæсус, уыцы ноггуырды. Зæрдиаг пъатæ йын иыккодта æмæ йæ йæхимæ æнгом нылхъывта. Буары хъарм бапкъаргæйæ саби дæр фенцад йæ кæуынæй. Мæгуыр амæлæг, ууыл аныгуылы царды хур. Уыцы дунейы бои рухс нал кæны. Хъуытаз хъæлæстæ дзы æмыр кæиынц, худгæ цæстытæ — тайгæ, хъандзал уæнгтæ — æндзыг. Цæрæг уды та цы хъæуы, уайтагъд байрæзы! Бæрег бацæппо-лæппу и. Иæ фыд Цæппойау æрдзон лæ- вæрттæ — удыхъæд æмæ конд-уындæй — хайджын фæци. Уыцы рæстæджы, пыртæккæ горæт Дигора кæм æрынцад, уым фæзынди хохæгтæн уæтæртæ, Тугъаптæ æмæ сын Хъуыбад- тæ æххуырсты радтой ацы зæххы хай. Æмæ иннæ уæтæрты æх- сæп фæзынди Къорнаты Цæппойы уæтæр дæр. Уæдмæ йæ лæп- пуйы кары бацыди Бæрег дæр. «Гайлаг родæй бæрæг у» — хуымæтæджы-иу нæ загътой фыдæлтæ. Бæрег йæ зонд æмæ йæ куыстуарзонæй адæмы йæхимæ æркæсын кодта. Иæ ныхас — бынаты, йæ рацыд — фидауц. Мойгæнæг чызджытæ йын йæ хураууоныл нывтæ карстой, йæ къахвæдтæ йыи уырзæй барстой. 7 Мах дуг № 7-8 97
Иуахæмы рахабар, зæгъгæ, дам, Мæздæгмæ ссæуинаг у уьь рыссаг паддзах. Хъæуырвыст лæгтæ йын йæ размæ цæхх, кæр- дзынимæ арвитын хъæуы алы хъæуæй дæр. Мæздæгмæ стыр фæндаг кæм здæхти, уым къах æрæвæрæн нал уыди. Дзыллæтæ дзы æмызмæлд кодтой. Паддзахæи салам раттын хъæуы. Æрцæуæг адæмтæй цалдæрмæ бахатыдтой, фæ- лæ дзæгъæлы. Йæ ныфс ничи бахаста. — Ды куынæ радтай паддзахæн дзуапп, уæд ничи,— æп- пынфæстаг Хъуыбадты æмæ Тугъанты уæздæттæ бахатыдтой Бæрегмæ. — Мæнæй ахуыргонддæр адæм — бирæ. Æгæрмæгуыр мæ гкъух æвæрын дæр куынæ зонын,— загъта сын Бæрег.— Гоби- йау æгомыг куы дæн, иу ныхас куынæ зонын уырыссагау. — Тæлмацгæнæг дын уыдзæц, ма нæ фегад кæн,— дыккаг хатт та йæм бахатыдтой Хъуыбадтæ æмæ Тугъантæ. — Гъем’æ хорз,— æппынфæстаг сын радта разыйы дзуапп. Райхъуысти тæфæйцæуæг æфсæн бæхы уасын. Адæм уыцыр- дæм сæ цæстæнгас сарæзтой. Гыццыл рæстæджы фæстæ æф~ сæнвæндаджы станцæйы æрлæууыд тæфæйцæуæг. Дидинджы- тæй фæлыст вагонæй рахызти паддзах Николай. Раздæр уый- бæрц бирæ адæм кæм змæлыди, уым ныр иу ^уынæр дæр нал хъуыети. Паддзах къухты змæлд æмæ мидбылты худтæй салам радта дзыллæтæн. — Æгас нæм цу, нæ зынаргъ паддзах! — размæ ракъахдзæф- кæнгæйæ загъта Бæрег.— Хъæриуы хохау фидар æмæ æнæкæл- гæ куыд уай, Хъазыбеджы хохау та — удвидар! Дæ фепд адæ- мæп хуры тынау æхсызгон ’куыд уа! Зæххы цъарыл цы ладдзæх- т<е ис, уыдопæн дæ, æмбал :кæмæн нæй, уыцы хуыцау сæ сæр скæнæд! — Бафтыдта ма йæ ныхасыл Бæрег æмæ йæм зырнæй- зылд тæбæгъы бахаста нартхоры кæрдзыи æмæ цæхх. Паддзах йæ цæстæнгас нæ раивта, æнæуæлдай митæй ра- саста кæрдзынæй уырзыдзаг, атылдта йæ цæххы æмæ йæ йæ дзыхмæ схаста. Уыцы рæстæджы тæлмацгæпæг радзырдта пад- дзахæн Бæреджы козбау ныхæстæ. — Цы зæгъы ацы хорз лæг, цы куры паддзахæй? — бафар- ста паддзах тæлмацгæнæджы. — Хорз лæг, паддзах дæ фæрсы, цы курыс дæ хъæубæстæп, цы хорз дып ракæна? ’— Мæи ницы хорз хъæуы, фæлæ мæ хъæубæстæ— Гæлиатæ хæхты цъуппытыл æвадат цæрдтытæ ’кæнынц æмæ, кæд гæнæн ис, уæд, кæм æрæнцайа нæ хъæубæстæ, ахæм цæрæпбынат иыи радтæнт искуы дæлвæзы. — Радтут ацы лæгæн зæхбарæг æмæ йæ кæмдæриддæр фæнды, уым алыг кæнут цæрæнбынат сæдæ хæдзары фаг! — 98
бардзырд радта паддзах хъæуыхицауæн. Фосдарæн дæр сын дзы куыд уа æмæ цæрын дæр цæмæй фæразой, уый бæрц зæхх хорыкуыстæн. Æмæ сын уæд, ныртæккæ горæт Дигора кæм ис, уыцы бынат бацамыдта Бæрег Къорнаты. Æмæ йæ хонгæ дæр ракодтой — Бæреджы хъæу. Куыд рабæрæг, афтæмæй паддзахæн тынг æхсызгон уыд, Бæрег æй хохимæ кæй сбарста, уый. Дзаг фынгтыл бадгæйæ дæр ма йæ цæсгомæй нал схицæн йæ мидбылты худт. Иæ зæр- дæмæ фæцыдысты ирон хъарм партхоры кæрдзыи æмæ цæх- джын цыхт дæр. Уæдæ ирон арахъы сыкъа дæр равдæлон кодта. Бадты кæронмæ паддзах фæдзырдта йæ фæсдзæуинтæй иу~ мæ: — Рахæсс ма афицеры уæлæдарæс æмæ пъалеттæ! Паддзах афицеры дарæс æмæ пъалеттæ Бæрегмæ куы ба- лæвæрдта, уæд бамбæрстой адæм хъуыддаг. Паддзахимæ фембæлд сæхирдыгоиау бæрæг кодтой бынæт- тон хъæздгуытæ дæр. Урсдоны æмæ Хуысыдоны астæу æхсын- цъыты фæз кæй хонынц, уым Хъуыбадтæ æмæ Тугъанты бон- джынтæ куыд хистæрæй дзаг фыпгты уæлхъус гаджидау- га- джидауы фæдыл уагътой. Иннæрдыгæй фæсивæд симды фæзы арæгъ сты алыхуызон бæрæгбоны дарæсы. Ирон фæндыры зæл- тæ сыл базыртæ сагътой/ 0, фæлæ фынгтыл бадджыты мыды цыдæр къæм бахаудта. Сæ цæстæнгас — тызмæг, тарæрфыг. Иу пыхас дзы никæйуал дзыхæй хауди. Куы схауы, уæд та зæрдæйы уидæгтæ карста: «Дæ тъæнгтæ дын ракалдзынæн!», «Дæ хурхыл дын мæ хъа- майы фындз бадардзынæп!» — чидæртæ дзы æртхъирæн кодтой кæрæдзимæ. Чысыл рæстæг, æмæ дзаг фынгтыл иу бадæг дæр нал баззади. Фенцад фæндыры цагъд, фæпырх сты симды фæ- сивæд дæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй хистæрæн бадти Хъуыбадты Зу- рапп. Фынджы æгъдау хаста, æгъдау куыд амыдта, афтæ, фæлæ хиуарзон Тугъантæй иуы зæрдæмæ иæ фæцыди.Хъуыбадтæ сын ’кады нуазæн кæй пæ рахастой, уый. Хъуыбадтæ та сæ сæрмæ не ’рхастой, нуазæн агурджытæн иуазæн раттын: Ома, дам, нын æй нæ цæстмæ цæмæн бадардтой, нæхи ’гъдаумæ нын цæ- уыннæ банхъæлмæ кастысты, зæгъгæ. Æппынфæстаг, пуазæп агурæгæн Хъуыбадты кæстæртæй иу йæ уадул ныццавта. Æнæ- уи дæр Тугъанты маст сæ зæрдæйы нал цыди — фырмæстæй фæйнæрдæм тыдтой. Цырен артыл фæтæген бакалæгау фынг- тыл бадджытæ базмæлыдысты. Ферттывтой хъаматæ, кæйдæр- ты къухты дзы фæзынди дамбацатæ дæр. Бирæ туг ныккалдаид, уыцы рæстæджы уым кæсгон æлдары чыаг Кябæхан нæ фæци, 99
зæгъгæ, уæд. Фæлæ сын уый се ’рра митæн карз уайдзæфтæ бакодта: — Уæздан канд мулкæй нæ вæййы, фарн уæм бадзурæд, фæлæ. Уæздан лæгæн хъуамæ йæ рацыд дæр уæздан уа, сы- >мах та дзаг фынгтыл минас кæныи дæр куынæ зонут. Сау адæм та уæ цы зæгъдзысты, уæ кæрæдзимæ топпы кæсæнæй куы кæ- сут, уæ маст фыцгæ донау фыцгæ куы кæны, уæд! Уыцы ныхæстæм уæнтæхъил, сæргуыбырæй алчи дæр йæ хæдзар бацагуырдта, сæ хæцæнгæрзтæ сæ хуымпъырты иытъ- тъысгæйæ. «Ихы быны хъарм дон нæ цæуы» — дзырдтой нæ фыдæлтæ. Дыууæ мыггаджы кæд сæхп уæздап æвдыстой, уæддæр сæ ас- тæу цæуæг дон — сызмæст, нал сыгъдæг кодта. Хъуыбадтæ Тугъаптæй хатыр ракурып сæ сæрмæ пæ хастой, сæхицæн æй æгадыл нымадтой, Тугъантæ та се ’фхæрд нæ хатыр кбдтой. Фæлæ адæмы æхсæн нæ басусæг хабар. Уæд Хъуыбадты мыггаджы æмбаргæдæр лæгтæ уыиаффæ рахастой: — Къорнаты Бæреджы барвитæм минæвар нæ хистæрмæ. Уымæ куыпæ байхъуса, уæд пикæмæ. Бæргæ сын зын уыди, сæ тыхсты сахат «сау» адæпмагмæ æххуысмæ бадзурын, фæлæ дам бирæгъыл мæгуыры бон куы ’ркæны, уæд куыдзы бын дæр атулы. Бæрег сыи разыйы дзуапп радта. Нысангонд боны Къорнаты Бæрег бахоста Хъуьгбадты Зу- раппы хæдзары дуар. — Æгас цу, уазæг Хуыцауы уазæг! — бацин ыл кодта Зу- рапп. — Мндæмæ цæугæ уазæг дæн,— ныллæг хъæлæсæй загъта Бæрег. — Табуафси. Мидæмæ. Хабæрттæй кæрæдзийы афæрстытæ кодтой, стæй Бæрег, йе *рбацыд цæй фæдыл уыди, уый загъта. Зурапп зæхмæ ньгккаст æмæ иу рæстæг йæ дзыхæй ныхас нал схауд. — Мæ фыд дæр хатыртæ никæмæй куырдта, æз дæр уыцы хъуыддаг мæ сæрмæ пе ’рхæсдзынæн,— тарæрфыгæй дзуапп радта Зурапп. — Æз дæм адæмы номæй æрбацыдтæн. Арвæй та ахæм дур нæма æрхауд, дзыллæтæ кæй нæ баурæдтой. Адæм дæм ха- тынц, дæ сæрыстырдзинадæй туджы зæйтæ куы ’рцæуа, уымæй тæссаг у. — Туджы зæйтæ нæ, фæлæ дзы денджызтæ куы гуыра, уæддæр мæ помæй минæвар Тугъапты дуармæ не ’рлæудзæн 100
земæ сын сæ дуар нæ бахойдзæн,— ноджы карздæрæй дзуапп радта Хъуыбадты дзырддзæугæ лæг. — Д’зырддзæугæ лæгыл дæ нымайынц æнæхъæн Ирыстоны, Кавказы дæр. Фæлæ дæ кæстæрты та хистæрты нæмыныл ар- дауыс! — нал баурæдта йæхи Бæрег. Ацы дзырдтæ Зураппæн уæларвæй дур æрхауæгау фесты, Фестад йæ бынатæй æмæ иуцаедæр арауай-бауай кодта уаты къуымты. Куы-иу цикъæйау афæлурс, куы та-иу сырх-сырхид афæлдæхт. — Хуыцау дæ ма сразы уæд, зæхх та дын æй баргæ ма.нык- кæнæд, де ’фхæрдæй та мыл фæуæлахиз дæ. Фæуæд дæ дзырд. Тæккæ райсом сæ фервитын хатыр курæг Тугъантæм, — загъта Зурапп æмæ Бæрегмæ йæ къух бадаргъ кодта. Бæрег йæхиуыл никуы æрвæссыд, «Æз дæн» никуы загъта, мæ хъару бирæ у, мæ зонд тыхджын, зæгъгæ, дзы никуы ничп фехъуыста. Кодта хуым, зæххы æппæрста нæмыг, похци ласта. Кæддæриддæр-иу йæ къух бадаргъ кодта тыхет, адæймагмæ. Зыдта йæ хъæуккæгты циныл цин кæиын, сæ зыиæй та сып нæхимæ хай иста. Уыцы хъуыддаг Хъуыбадтæ æмæ Тугъанты уæздæттæн сæ тъæнгтæ цагъта. Амарæм æй, зæгъгæ, цалдæр хатты сфæнд кодтой, фæлæ сæ кæстæртæй уыцы хъуыддаг йæ- химæ никуы ничи райста. Бæреджы хъару æмæ æрдзон арф зонд сын æнæзонгæ нæ уыди. «Сау адæмимæ æмдзæхдоп у, æмæ нæ хуыргæрчыты цагъд ньиокæндзысты» — уыди сæ ,ныхас, сæ хистæртæ сæм, Бæреджы амарут, зæгъгæ, куы хатыдысты, уæд. Æппынфæстаг сын Зурапп бамбарын кодта: — Мæсыг, мæ хуртæ, йæхи дурæй хæлы. Хъаруйæ йыл ничн фæтых уыдзæп, уый зонæм, фæлæ йыл зондæй фæтых уæвын хъæуы, цалынмæ нын нæ артыл дон цæма рауагъта, уæдмæ. Æфсымæр дзы зæгъæм, нæ мыггагæй та йын сылгоймаг усаен радтæм. — Æфсымæр дзы зæгъдзыстæм, фæлæ йыи бинойнаг ис æмæ нын иæ сылыстæгыл куынæ сразы уа, уымæй тæссаг у,— райхъуысти кæйдæрты ныхас. • — Нывæрзæн здахаг у, фæзæгъынц.- Уæздан тугæй сылгой- маг ын йæ сау зæрдæ мартъийы митау æрфæлмæн кæндзæн,— бафтыдта ма йæ пыхæстыл Зурапп æмæ йæ бандопæй сыстад. Уалдзыгон изæр. Зæрин хуры далх узгæ-узын йæхи ныйиста хæхты фæстæмæ. Уыцы афоп Чырыстонхъæуы Къорнаты Бæ- реджы хæдзары дуармæ æрфистæг сты æртæ барæджы. Ирон цухъатæ сыл æд бæрцытæ, бухайраг худтæ. Æвзистæй æхгæд хъаматæ, нарæг гæрзæй конд рæттыл ауыгъд сызгъæриндоны тылд æвзæгтæ æрттывдтытæ калдтой. Сыхы чыидздзон чыз- 101
джытæ сæм кауы хуынчъытæй кастысты. Бæрег кæрты цыдæр- тæ куыста æмæ бæхты къæхты хъæрмæ у.ынгмæ рацыдис. — Де ’зæр хорз! — загъта уазджыты хистæр Аслæибег. — Кæй изæр у, уый хорзæх уæ уæд æмæ нæм æгас цæут,— дзуапп радта Бæрег æмæ сæ разæй бацыд хæдзармæ. Кæрæдзийы хабæрттæп афæрстытæ кодтой. — Нæ хистæртæ пæ мипæвар рарвыстой,— райдыдта йæ ныхас Аслæибег. — Хъусын уæм. Æгайтма уæ ме ’ххуыс бахъуыд,— загъта пыллæг хъæлæсæй Бæрег. — Нæ, мæ хур, мах æххуысхъуаг шщæмæй стæм. Ацы бон æндæр хъуыддаджы фæдыл æрфистæг стæм дæ фæрныг хæ- дзары. Аслæнбег Тугъанты - мыггаджы ’хсæн дзырддзæугæ лæгыл •нымад уыди. Дзырдæн— дзырд ссарынмæ йæ ничи æмбылдта. Æгъдау дæттын искуы бахъуыд, зæгъгæ, уæд дзы дзуапдæттæг уый уыди. Фæлæ пыл абоп цы бæллæх сæмбæлди, уын йæхæ- дæг дæр нал æмбары. Иæ дзыхы дзырд нал бады. Бæрег цæ- уылдæр кæй фæдызæрдыг, уый бамбæрста æмæ йæхимæ мæсты кодта йе ’нарæхстдзинады тыххæй. Фæстагмæ тыхтæ-амæлттæй_ райдыдта: . I • — Кæд нæ фæндыл сразы уай, уæд иæ дæхицæн æфсымæ- рæн саккаг кæн. Нæ мыггагыл дæхи кыффысс. Сау адæмы эем- рæнхъ лæууыпмæ æвгъау дæ. Бæрег дзуапп дæттынмæ нæ тагъд кæны, уый бамбаргæйæ, йæ мидхъуыдыты аныгъуылд Тугъанты минæвар. — Нæ мыггагæй дып сылыстæг дæр саккаг кæндзыстæм. Дæ зæрдæмæ чи фæцæуа, ^уый — дæ бннойнаг. — Кæд ын дæхп хо Зæрæдайы аккаг кæныс,— йæ дзырд баппæрста минæвæрттæй иу. — Ууыл дæр разы дæн, кæд йæ зæрдæмæ цæуы, уæд. — Бæрегæи йæхицæн бипойнаг ис, уый дæм нымады нæу?, — Йæхи бипойиаг пæдæр бакастæй ницы, нæдæр лæджы- хъæдæй... — Фарн уæм бадзурæд, мæ буц уазджытæ,— райдыдта Бæ- рег.— Уе ’рбацыдæй зæрдæфæйлыд фæдæн. Мæ бон уын раар- фæ кæпып дæр нæу — сымах аккаг дзырдтæ кæм.и? Гъе фæлæ. уып мæ бæсты дзуаппдæттæг фæуæд бæрзондыл бадæг иунæг- кадджын Хуыцау. Æрмæст тæрсын, уæ фæпдоныл куынæ сра- зы уон, уымæй. Тугъанты минæвæрттæ кæрæдзимæ бакастысты, фæлæ дзур«. гæ, ницы скодтой: — Уæхи мыггагыл мæ фыссут, æмæ ма уын иу хатт зæгъьш, сæрыстыр дæн уымæй. Фæлæ æнæ мæлгæ дуне нæй. Æмæ нæ 102
фыдæлтæм куы бацæуон, уæд мæ куы нал базоной, уымæй æдас нæ дæн. «Сау» адæймагæй мæ ныууагътой, æмæ сæм уæз- данæй бацæуын мæ ныфс нæ бахæсдзынæн. Сымах мæрдтæ дæр мæ сæхимæ нæ бауадздзысты æмæ дыууæты астæу фæдзæгъæл уыдзынæн. Стыр бузныг дæн уæ дьгккаг æрхъуыдыйæ дæр. Зо- нын æй, алкæмæн ахæм кад кæй нæ кæнут, уый. Фæлæ мæм номдзыд лæджы номæй куы дзурут, уæд мын мæ бинойпаджы исбинонтæй æнæ бинонтæ цæмæн кæнут? Ницæйаг æй хонут, æмæ æз цæй хорз лæг уыдзынæн, иу ницæйаджы куынæ схорз кæнон, уæд? «Фыдбылызæй куыд дарддæр уай, афтæ хуыздæр»,— ахъ- уыды кодта Аслæнбег æмæ дуарырдæм акъахдзæф кодта. Уый бафæзмыдтой йе ’мбæлттæ дæр. — Куыдзы сæр фьшгмæ хастой æмæ зæхмæ тылди,— бæхы æгъдынцой йæ къах бакæнгæйæ ма сдзырдта Аслæнбег. — Куыйтæ уын уæ ницæйаг сæртæ бахæрæнт! — райхъуы- сти сæ фæдыл Бæреджы ныхас. Бæрег цы ком, цы адаг нæ басгæрста, ахæм нал баззад Ды- гуры кæмтты, фæлæ диссаг: сырды номæй йыл æгæр-мæгуыр тæрхъус дæр иæ сæмбæлд. Цуанон цы ком нæ басгары, уыи сырдджын фæхоны. Кæд хур аныгуылынмæ бирæ нал уыд,' уæддæр ма,мæ амонд бавзарон, зæгъгæ, Йхын комыл йæ фæн- даг раиодта. Йæ ном йæ уæлæ и. Сусæны мæйы дæр дзы адæй- маг æнæ хъарм дарæсæй нæ фæразы. Арф уынгæг ададжы фæй: нæфарс бæрзонд фæцыдысты хохы тигътæ, Æмæ æрмæст хуры тынтæй куы уаид æнæхай ацы ком. Кæй батыхсын кæнай, ахæм сырд,æм ма балидзæд, æндæр дзы цъиуы зарæг дæр нæ рай- хъуысы. Ныр æм Бæрег абалц кодта, сырд ыл амбæлдзæн,, ууыл йæ зæрдæ нæ дардта, уæддæр. Фæлæ диссаг: доны змис- джын былгæрæтты йæ цæст æрхæцыд .адæймаджы бæгъæввад къахвæдтыл. Цуаны кæй уыд, уый дæр дзы ферох, æмæ йæ къахвæдтæ кæдæм хастой, уырдæм йæ цыд скодта. Къахвæдтæ цæ бахастой хохы лæгæтмæ. Кæсы æмæ лæгæты дуармæ лыс- тæныл хуыссы ’æрыгон нæлгоймаг. Бæгъæмсар, -æнæдаст. Йæ. дарæс — скъуыдтæ. Бæгъæввад къæхтыл туджы лæсæнтæ ныхъ: хъæбæр сты. Мæллæг, тæпæг рустæ — хурсыгъд бæласы сыф- тæрты æнгæс. Бæрег æй мард фенхъæлдта æмæ исдуг лæугæйæ, аззад.йæ мидбынат, Æваст «мард» базмæлыд, стæй сабыргаи, йæ цæстытæ байгом кодта. Иæ уæлхъус æдгæрзтæ æнæзонгæ лæг фецгæйæ нæдæр тæрсгæ фæкодта, нæдæр ын æхсызгон уыд.. Йæ ’цæстытæ куыд сабыргай байгом кодта, афтæ сабыргай ра^ бадт йæ лыстæны дæр. Лыстæг ныккаст æнæзонгæ нæлгоймаг.-, мæ, фæлæ йæм.дзургæ ницы скодта. 10?,
— Кæцы дæ? — сабыр хъæлæсыуагæй бафарста Бæрег. — Тугагурæг туджджьгны кæцыдæйæ нал фæфæрсы. Каст, ма цæмæ у? Æз дæр фервæздзынæн мæ тухитæй,— фæсус хъæ- лæсæй загъта лæппу æмæ æнæуынон каст скодта Бæрегмæ.—• Хуыцау йæ зонæг, цас дын авæрдзысты мæ дзæгъæл сæр фе- сафæггаг. Де ’хцадон дæ, æвæццæгæц, удайын бахъæудзæн, Афтæмæй дып дзы куынæ бацæуой,— бафтыдта ма йæ ныхæс- гыл лæппу. — Нæ, мæ хур, уымæй рæдийыс. Тæригъæд дзурыс. Фæлæ мын зæгъ, чи дæ æмæ кæцæй дæ? Мыййаг дьга кæд мæ бок иеты феххуыс кæнын у. — Æххуысмæ никæмæ æихъæлмæ кæсын: саухъæды хало- нау дзæгъæл æмæ æнæфæхæцæг, æнæ ничи,— зæрдæбынæйныу- улæфыд æнæзонгæ лæппу. — Иу хатт ма дын зæгъын, нæдæр тугагурæг дæн, нæдæр туджджын. — Цæй, цы ’рцыди, уымæй фылдæр ницыуал æрцæудзæн/ Кæд мын мæлгæ уа, уæд ууыл дæр разы дæн, мыййаг, дзы мæ дзæбæх цард куынæ сæфы,— сдзырдта лæппу, æмæ сабыр хъæ- лæсыуагæй райдыдта йæ ныхас.— Мæ фыд мæ райгуырды раз- мæ ахицæн йæ цардæй, мæ мад та аргæ-арын æвгъæды амард. Иу дзырдæй, мæн хъизæмарæн рауагътой рухс дунемæ, сæхуыд- дæг сæ сæртæ бафснайдтой. Мæ «хорз» хæстæджытæ мæ кæ- рæдзийы æфсæрмæй схъомыл кодтой, сæ хæринаджы уæлдæйт- тæ æмæ сæ дарæсы бызгъуыртæ мын не ’вгъау кодтой. Кæмæя — дондзау, донхæссæг, кæмæн та — сугсæттæг. Куы бахъомыл дæп, уæд та сын агургæ ’мæ æиæссаргæ фыййау. Мызд фидьш сæ, мыййаг, куынæ хъуыд. Иуахæмы фæокъуылдым хызтон фыстæ. Тæвд рæстæг уыд æмæ фос бæлæсты аууæтты бонаса- дæп кодтой. Уыцы рæстæг мын мæ фысымты лæппуйæн рарвы- стой цыдæр æпæбары хæринæгтæ. Лæппу лæппу у, æрыгондзи- над йæ кæнон кæны. Раныхас-баныхасы фæстæ та райдыдтам хъæбысæп хæцын. Мæнæй æдыхдæр иæ уыди, фæлæ хæцгæ та æз рогдæр кодтон. Мæ быны йæ фæкодтон. Ехх, фæлтау мæхи сæр мæ быпы куы фæцадаид! Лæппуйæн йæ галиу къах лыс- тæг мур ныцци. Йæ ,цъæхахстмæ фæфæдис сты адæм, аластой йæ’сæхимæ. Æз дæр уыцы бон аппæрстон мæ фыййауы лæдзæг æ,мæ... Фыдбылыз барæп сарæзтон, зæгъгæ, мæ фæдыл зилын байдыдтой.... Лæплу сын дзырдта, æз никæй аххосджын кæ- нын, зæгъгæ, фæлæ йæм хъусæг нæ уыд. Æз та, мæиæ мæ куыд. уыныс, афтæ — абырæджы хаттæй хæтын сау хъæды къуымтьь Æлгъыстаг фесты мæ ныййарджытæ. Хасæхъо та — мæ ном,— фæци йæ ныхас лæппу, æмæ йæ цæссыгтæ йæ дысæй асæрфта. 104
— Æз та’ Къ’орнаты Бæрег. Мæ фыдæн фыртæн ма райгуы- рон, æз уæ куынæ бафидауын кæнон, уæд. Æрмæст мæм ам æихъæлмæ кæс раст иннæбон ацафон. Мæнæ адои...— Цы хæ- рипаджы муртæ йæм уыд, уыдон ын радта. Иæ уæлæдарæсæй дæр цыдæртæ раласта æмæ уы’цы фæдыл йæ фæндаг ра- Дардта хъæумæ. Тухайтæй уыдысты лæппуйы туджджынтæ. Куыннæ бацин кодтаиккой Бæрегыл! Дзаг фынг ын йæ разы æр^евæрдтой. Фæлæ Бæрег фынгмæ не ’рывнæлдта. Рахастой йын кады нуа- зæн дæр — нæ райста уый дæр. Æмæ йæ уæд бафарстой Ту- хайтæ: — Цы хабар у, пæ зæхх, нæ кæрдзыпмæ æвналгæ дæр куы- пæ кæпыс? Уæд сын Бæрег загъта йе ’рбацыды сæр: — Кæд уын уæ къæбæр бахæроп, уый уæ фæнды, уæд æнах- хос Хасæхъойæн хъæумæ æрцæуыны бар раттут. Мæгуыр лæп- пуйæ хъæддаг сырд цæмæп рауайын кодтат? Туг тугæй не ’хса- дæуы. Нæ фыдæлтæ дæр афтæ кодтой? Фидауц! Фидауцæйг хуыздæр ницы ис. Тухайты хистæр Долæт йæ уазæгæн дзуапп нæ радта æвип- пайды. Йæ бинонтыл ’йæ цæстæнгас ахаста æмæ æнкъардхуы- зæй загъта: — Худинаг ньш фæуæд. Зонд хистæрæй кæстæры сæрыл нæу. Æз базæронд дæп, фæлæ сымах цы фестут, куыд никуы мæ бафарстат, цæуыл æыкъард дæ, цы кæныс, зæгъгæ? Ехх, фæлтау мын мæ мардмæ куы ’рбацыдаид нæ уазæг. Бахатыр мьш кæн, нырмæ дæр æй куы зыдтаин кæм ис, уый, уæд афтæ 'Нæ рауадаид. Тæккæ рансом кæстæртæй исчи ацæуæд Хасæхъо- мæ æмæ дзы мæ номæй хатыр ра’курут. Æрхонут æй мæ хæ- дзармæ. Хасæхъойы æркодтой хæдзармæ. Бæрег фæстагмæ сси хъæбатыр афицер Уырыс æмæ Турчьг хæсты. Уый тыххæй йын радтой ном — Шипкæйы- хъæбатыр.. Ныр ныгæд у Дигорайы уæлмæрдты. :♦
ÆЦÆГÆЛОН БÆСТÆЙЫ 1917 азы революци бындзарæй нынкъуыста канд Уæрæсейы паддзахад нæ, фæлæ æгас дуне дæр. Уæлдай бæллæхы уавæры та бахаудтой чысыл адæмтæ. Сæдæгай азты сæм цы цардыуаг, æгъ- дæууттæ, æхсæнадон фæтк ныффидар, уыдоныл сын æвиппайды сæ къух исын кодтой ног хицæуттæ. Хæлын райдыдтой æнусон цар- ды бындуртæ. Ахæм æнæсæрфат хъæддаг митæ сæ фæдыл цы фыдбылызтæ расайдтой, уыдæттæ алкæмæн дæр зындгонд сты. Æнæджслбетт, æнæхуыцау саулæгты азар басыгъта адæмы хуыз- дæрты: кæмæн дзы революцийы кард йæ цард аскъуыдта, чи та æцæгæлон бæстæм йæ сæр фесæфта. Цæгат Ирыстоны цæрджытæй иу адæймаджы ’культы заман æнаххосæй мард æмæ æфхæрд æр- цыди 12 мины бæрц, Сæ фыдыбæстæй æнæбары фæхауæггаг сты æмæ фæсарæнтæм — Францмæ, Америкмæ, Японмæ, Туркмæ, Гер- манмæ, иннæ бæстæтæм — афтыдысты Гæздæнты Гайто, Цæлыкка- ты Ахмæт, Байаты Гаппо, Гутнаты Елбыздыхъо, Дзантиаты Дзам- болат, Тменаты Хамырзæ, Бигъаты Бечмырзæ æмæ ноджы бирæ- тæ. Кæмæн сæ куыд йæ бон уыд, афтæ æфтуан кодта иры фарнмæ æцæгæлон бæстæйы дæр. Парижы цы ирæттæ æрцард, уыдон сарæзтой сæрмагонд коми- тет академик Н. К. Рерихы музейы европæйаг центры. Йæ нысан — ирон адæмы истори, культурæ æмæ æгъдæуттæ ахуыр кæнын. Ко- митет 1933 азы январы уадзын райдыдта журнал «Осетия». Ра- цыди дзы æдæппæт 9 номыры (фондз чиныгæй). Редактор ын уыди Дзантиаты Дзамболат. Журналы авторты ’хсæн — дзырд- дзæугæ ахуыргæндтæ Н. К. Рерих, Ю. Н. Рерйх. Уыдон бирæ зæр- дæбын æмæ цæстуарзон ныхæстæ загътой ирæтты тыххæй. Жур- налæн кæд бирæ цæрæнбон яæ уыд, уæддæр йæ саразджыты, йæ авторты нæмттæ рох нæ уыдзысты сæ Ирыстонæй. . «Осетия» уагъта поэтикон уацмыстæ дæр. «Мах дуджы» ацы чиныджы мыхуыр кæнæм, иронау æмæ дыгуронау фыст чи уыд, уыцы æмдзæвгæтæ.
ДЗАНТИАТЫ ДЗАМБОЛАТ Дымгæ-бардуаг Дымгæ-бардуаг! Дымгæ-бардуаг! Арвыл, мигъ кæдæм тæрыс? Црен куы калыс, Арвы барæг, Ды кæдæм хæлæф кæныс? Ды кæй тыхсын кæныс ’хситтæй, Уый нæма райгуырд зæххыл. Араз, араз фæндаг митæй, Фидар хæц дæ сау бæхыл! Дымгæ-бардуаг! Дымгæ-бардуаг! О нæ буц ирон фысгæс! Ма ныл кæ, дзыназгæ, хъарæг!— Уым ма ис æцæг цæргæс. Ос-Бæгъатыры мæлæт (Скуыддзаг) Хохы, кæмтты паддзах! Хохы урс сæрдар! Ос-Бæгъатыр ирæн уыд сæ буц æлдар. Иу бон рацыд балцы, рæвдз уыди гæрзтæй... Картвелы паддзахмæ дзаг уыди мæстæй. Рахаста сæ хъалон — диссаджы рæсугъд Сыгъзæркны хъултæй дзаг уыд алкæй худ. «Фидауын дæуимæ, — загъта картвелаг.— Снахсы хуынды рацу, скæ нæ ды аккаг...» Марыны фæнд кодтой картвел уыцы бон... Ос-Бæгъатыр — паддзах — уыд æцæг æндои: Ие Згъарыл-иу рацыд — знаджы кæрд бынтон! Уыд хъæбатыр сæрдар, уыд æцæг ирон. :Мой уыд Ос-Бæгъатыр картвелаг чызгæн. Чызг, сæрæй, хъахтамдар — хин æмæ кæлæн! 107
«О нæ уды гага! О нæ рæсугъд чызг! Марæм дын дæ мойы — ма ныккал цæссыг! Афтæ йæм æргомæй дзуры картвелаг.— Марынмæ йæ хонæм — фат уыдзæн йæ фаг!» «Марадзут! Куыдцырддæр уæд уæ кард, уæ фатГ «Нæй йын фатæй марæн! Йе Згъар у нæртон! Ос-Бæгъатыр сафы картвелы бынтон... Не ’рцæудзæн æнæуи Ос-Бæгъатыр мард! Хъавут-иу æмрастæй, гом кæм уа дæларм, Стæй уæхимæ лидзут, сисдзæн уын уæ царм!» Сйахсы цыды ацыд. Фидар уыд йæ бæх. Ахызт уый дæс комыл рог æмæ дзæбæх... Кад æмæ йæ радæй федтой уыцы бои. Раздæхти сæхимæ Ос-Алан нæртон. ’Рмæст куы ’рбаввахс коммæ — раивылд сæ дон^ Картелтæ уынаффæ скодтой уым бахтон: «Амарæм æй фатæй ивылд доны цур. Ма ныууадзæм остæй мах мыггаг, бындур!» Сдзырдта йæм æнхъæл картвелаг сæрдар: «Размæ, размæ, уæйыг, Иры буц æлдар!» Февнæлдта йæ рохмæ. Сау бæх размæ цыд... Доны ’хсæн Бæгъатыр фатæй мард æрцыд. * * * Цавддурау уæларвæй уари хæхтæ бары: Мигъы цъуптæ къордæй арвы бын лæууыиц. Сыфтæрджын бæласæй маргъ хъæлдзæгæй зары, Бирæгътæ ыстонгæй сидзæртау кæуынц. Аууоны йæхицæн цъæх кæрдæджы бады Карз давон æууилгæ иу лæппын тæрхъус. Знаджы цæстæй абон хъахъхъæны кæ мадыг Бæлæстæ йын калынц радыган æнгуз... Афтæ у хæрзхъулон сæрд нæ Иры бæсты: Алкæмæн йæ бар у равзарын фæндаг. Уым нæ дзыллæ абон мард куы нæма фесты, Дардмæ нæм куы хъуысы зарæджы фæрсаг. 108
* * * Тулдзбæлас сывылдзмæ дзуры: «Æз мин азы куы цæрын. Дымгæ мæм куы ’рбалæбуры, Уæд зæхх банкъуысын кæнын». «Дæу нæ зонын æз æппындæр, Дæн хуымæтæджы сывылдз 'Хсæв æвдауын сындзы къутæр, Боныгон та мыдыбындз». Æйт, бæлæстæ! Иры хохы Смах уæ уидæгтыл хæцут! Уæд ын ницы уыдзæн тохы. Хорз, æфсымæртау, цæрут. Иры ардауы сæ царды Кæрæдзийыл Сырх хæйрæг. Нал ис кад æмгары арды, Фæлæ не стæм мах мæллæг. * * * Мит ныл бумбулийау калы Арвы комæй. Уазал бон. Нал нæм кæсы рухсæй стъалы, Нал хъæр кæны Терчы дон. Уазал ихтæй уый æрчъитæ Скодта фидар, карз зымæг. Уый нæ уадзы йе ’рра митæ, Уымæн у йæ мæй бæрæг. Мæнæу гобанау æмбæрзы Мит нæ быдырты æргом. Тулдз йæ бынаты нырризы, Фæлæ дзаг уыдзæн нæ гон. = ДИГОРОН САЙТАН Нæ над Ахур ан дигорон цардбæл. Федарæй нæ уоди конд. Нæ цæуæн уæ куйти надбæл, Отæ нин зæгъуй нæ зонд. Нæ нæмæ адтæй мæгургорæ, Фидбилиз дæр нæ зудтан. Устур адтæй нæ Дигорæ, Мах нæхе нивгун худтан. 109
Æнæ мадæ, фидæ дзæгъæли Еске бæсти мах цæрæн, Дигорон æгъдау — нæ сæри, Еци надбæл мах цæуæн. Мæ Дигорæ Мæ Дигорæ! Мæ хæдзарæ! Игъосун-ма уин уæ зар, Куд заретæ æнæбарæ, Куд уин есунцæ уæ цар... Мæ Дигорæ! Ду мæ бæстæ! Гъарæнгæ кæбæл кæнис? Рæдовуй нин маст нæ хъæстæ, Ду ба зæнхмæ кæсис. Мæ Дигорæ! Ду мæ мадæ! Ци мæтъæл дæ аци бон? Гъæуайгæнгæ мабал бадæ, Къерековæг дигорон! ЛЕСКЕНАГ * * * Ци ’рбастадтæ сæумæраги Ду нæ тургъи, фидбилиз? Ци агори цъæх адаги, Кæбæл ма кæнис гириз? Ма нин цæгъдæ нæ бæлæстæ, Ма нин содзæ нæ будур. Федар æнæ хонхи фæрстæ, Идзулд, хъал æмæ æстур. Дзорæ, дзорæ ду уой бæсти, Агорæ дæхе бууат. Ниннæуадзæ ду нæ бæсти, Тухуаст æй дигорон фат. Ба-мин-лæдæрæ мæ зæрдæ, Мæ нивгун дигорон цард. Æмбурдæй, мæ хуарз æнгæрттæ, Агоретæ хуаздæр над. Ш
БЫРНАЦТЫ АЛЫКСАНДР * * * Ныууагътам нæ бæстæ, Фæлыгъдыстæм дард. Чи баззад нæ фæстæ,— Кæуинаг сæ цард. Ныккодтой сæ къордгай, Байстой сын сæ мулк. Хæйрæг-хицау скодтой, Сластой сын сæ уд. »
Токаты Алиханы райгуырды 100 азмæ ФЫСТДЖЫТÆ Токаты Лизæмæ1 Бакуйæ Дæргъæвсмæ, 1914 азы 23 ноябрь. Бонæй-бонмæ дæуæй бирæ хабæрттæм æнхъæлмæ кастæн земæ куынæ уыди, уæд та райстон згæ пъеро æмæ дæм хæххы- тæ кæнын. Тынг дзуры мæ зæрдæ сымахимæ. Ам райдыдта зы- мæг, уазал хур дзы кæсы. Уазал хур хъарм кæмæ кæсы, ахæм адæмтæ дæр дзы цæры, уазал хур кæй æргъæвсын кæны, ахæм- тæ дæр дзы ис. Æмæ уазал хурæй чи æргъæвсы, уыдоп кæрæ- дзийы комытæфæй сæхи хъарм кæнынц. Ахæм адæм дзы иучы- сыл йеддæмæ нæй. Цымæ уыцы дыууæхуызои адæмтæй амонд- джындæр кæцытæ сты? Нæхимæ сæрд у æви зымæг? Æз уæм фыстон, мæн хъазахъаг пæ акæндзысты, зæгъгæ, æмæ мып ма тæрсут, нæ мæ кæныпц, скъолайы кæй кæсын, уымæ гæсгæ. Кæй акодтой нæ хъæуæй хъазахъаг? Куыд цæрынц пæ бинон- тæ? Уыцырдыгæй ма мæ цымæ «басйакк» хоныиц? Ха-ха-ха! Мæнмæ уый тынг хорз кæсы. Хуыцау цæ стыр кънйæзтæ скæ- пæд уыцы æнæбасйакк æмæ æд-зонд адæмы, мæ зæрдæ цын зæгъы. Амы адæмы цардæй ма дæм истытæ афыссип, дис кæ- уыл фæкæнис, ахæм хабæрттæ, фæлæ нæ уæндын. Цæй, искуы дын цæ зæгъдзынæн, фыстæг исчи куы бакæса. Мæ зæрдæмæ гæсгæ горæты уазал у уыцы адæмæн, хуры уазал чи нæ æмба- ры: уыдон æй хъарм комытæф хоныиц æмæ дзы сæфынц. Ахæм адæмтæ дзы ссардтон æз, æрæджы цæ базыдтон, ихæп цын кæй у æмæ йæ кæй не ’мбарынц, уый. Зынаргъ Лизæ! Тынг æнхъæлмæ кæсын хабæрттæм. Ма фæ- зицæг кæнæд айфыццаджы фыстæгфыссæг, райсæд йæ сызгъæ- рин пъеро æмæ ныххах кæнæд, хур кæм кæсы æмæ уазал кæм у, уыцы бæстæм уалдзæджы хабæрттæ, йе дзы æцæгдæр цы 112
хабæрттæ ис, -уыдон. Дис мæм кæсы, мæпæй цæмæп агурынц раздæр, фыстæг фыссып, мæ адрис мын чи зоны, уыдон. Бæргæ фæнды мæн, мæ «дзиба» куы амоиид, уæд, иу сом пайда куы лсин мæй, уæд бон ссæдз хатты дæр фыссин. Ацы пыхæстæ чæуæн нæ кæнын, фæлæ мæ хъаст чи кæны, уыдонæн. 1Лæй хæрзбоп. Уæ хъæбæр хохаг Алихан. Цы фесты Æидыри2 æмæ Текко3? Теккойы, æпхъæлдæн, акæндзысты хъазахъаг. Цы хабæрттæ хъуысы пæ уæрæселзау- тæп? Гадæккæп4 пицыма и сывæллæттæй? Токаты Лизæмæ Бакуйæ Дæргъæвсмæ, æвæццæгæн, 1914 азы декабпы кæрои кæнæ 1915 азы январы райдайæп. Дæ бонтæ хорз, зынаргъ Лизæ! Хъæлдзæг бæрæгбоптæ дыл цæуæд... Фæцæйцæуинаг уыд- тæн ногбонты æмæ æваст æрбатахтысты... Зæрдæйы фæиды бæргæ бирæ цыдæртæ, фæлæ. Ихæн, ихæп... Цæй, цы дып ар- витон? М ’алыварс мигъ ныббадт, сау мигъ, æмæ бæстæ у та- лынг, пицæуыл хæст кæны къух, ницы уыиы цæст. О, цæст бæр- гæ уыны... Æрвитын дæм ^æ къухæй хъулон фыстæг. Исты ма дæ хъæуы æидæр? Цæй, схъарм’ уыдзыстæм, мæнæ уалдзæг куы æрцæуа, уæд. Мигъ дæр та фесæфдзæнис æмæ уæд тыпг хорз уыдзæп... Цæй, хæрзбон. Нæхи хохаг Алихан. Цомайты Харлампимæ Бакуйæ Дзæуджыхъæумæ, 1915 азы, æвæццæгæн, февраль. Уарзон фыд Харлампи! Æрмæст знон федтон «Чырыстои цард». Ныррызти фырци- пæй мæ зæрдæ, ахъардта уæнгты йæ хъæр. Тар, æнкъард зæр- дæ та федта рухс æмæ ныуулæфыд бындзарæй. Цин кæны, цин кæны зæрдæ «Чырыстон цард»-ы фæзындæй. Тарф уазал зы- мæджы фæстæ та сдардта йæ был уалдзыгои хур нæ Ирыл. Базмæлыдысты йæ тæфмæ уæнгтæ. Кæд йæ тæфæй стæфсиккой нæ салд бæстæ. Кæд ауадзид уидæгтæ пæ Иры къабæзтæм, кæд цъæх радариккой нæ сау къуыбыртæ, кæд бапырх кæнид рæзгæ дидинджытæ райсомы æрттивгæ уалдзыгон æртæхæй. 8 Мах дуг № 7-8 113
Кæд рафтауиккой сыфтæр нæ хуыскъ бæлæстæ, кæд æртæхик: кой цъиутæ дæр хъарммæ æмæ иын зариккой уалдзыгон зар- джытæ. Уалдзæджы тæфмæ кæд райхъал уаиккой мыдыбып- дзытæ æмæ кæниккой сæ куы’ст. Уалдзæджы цинæй кæд барухс уаид сæ зæрдæ пæ хуымгæнджытæн, кæд бакæниккой хъæл- дзæгæй сæ куыст, байтауиккой мыггаг—адæмæн сæ удылхæ- цæг æмæ зæгъиккой: «Чырысти, æрзайын кæн гъеныр дæ мыг- гаг дæ ироп хуымы дæр, кувæм дæм, кувæм!» Тынг бацин кодтой, ам ирæй дæр цы гыццыл къорд зонын^ уыцы адæмтæ. Йæ бон кæмæн цæмæй уа, уымæй баххуыс кæн- дзæн. Ацы хорз хъуыддагæй йæхи ничи аласдзæн, æз кæй зо- нын, уыцы къордæй. Зæрдæйæ тынг арфæ кæнæм журнал рауа- дзджытæн, иумæйаг хуымы фыдæбонгæнджытæн. Байрайут^ байрайут, мыггагтауджытæ! Токаты Алихан. Токаты Лизæмæ Бакуйæ Дæргъæвсмæ, æвæццæгæн, 1915 азы февраль. Саламтæ зæгъ æппæты фыццаг Æгойæн6. Суанг Джимара- рæбынæй райдай æмæ Хъобаиы бынмæ цы зæронд устытæ уы- най сабатизæры цæугæйæ, уыдонæп. Саламтæ, Дæргъæвсы чыз- джызгъæлæй чидæриддæр ис, уыдонæн сеппæтæн дæр. Ма, дам мæ ферох кæнут, мæ зынаргъ хотæ, æз дæр дам уæ пæ ферох кæндзынæн... Зыиаргъ Лизæ! Фæнды мæ бæргæ, арæх дæм куы фиссип„ фæлæ... Хъæр кæнын мæ хъæлæсы дзаг æмæ дæм мæ хъæр нæ хъуысы, æвæццæгæн. ехх-мардзæ, ацы зымæгон бон нæхи бæ- сты Асæйы7 хæдзары фæскъул хурмæ абад! Ам ихæн у, нхæн. Мах 1 мартъийы рауадздзысты æмæ дæм уæд фысдзынæн. Чи та фæцис хъазахъаг? Цы фесты Текко æмæ Æндыри? Зон, Лизæ... Уарзонæй зынаргъдæр ницы ис. Æз æй нæма зонын, фæлæ йæ æмбарын. Адæймаг зæрдæйæ кæй уарза, уый тыиг зынаргъ у. Æмæ йæ хъуамæ æдзухдæр уарза. Адæймаг уымæй йæхи йеддæмæ макæй фæрсæд... Алихаи. Къутæрты Сабазджеримæ Дæргъæвсæй Бакумæ, 1915 азы 31 май. Дæ бон хорз, Сабазджери! 114
Дæ фыстæг дын раджы райстон, фæлæ дып куыд «тагъд» дзуапп дæттыи, уымæ кæсыс! Уый хорз бæргæ нæу. Нæ кæрæ- дзи хабæрттæ куы зониккам, уый иæ бæргæ фæнды, фæлæ нæ алыхуызои хъуыддæгтæ хъыгдарынц. Цы йыл дзурон, ме ’мбал мæм дæ фыстæг куы радта, уæд тынг бацин кодтон. Æхсызгон фыстæг бæргæ уыд, фæлæ дзы — æнкъард хабæрттæ. Уыцы алыхуызон цæлхдурты пыхмæ æиæтохгæнгæ пæ бои нæу, стæй тох кæнын дæр хъæуы. Дзæпæтмæ фæндаг чи ссардта æмæ йын йæ сыидзджын бацæуæнтæ ссыгъдæг кæнып кæй фæнды, цæмæй йæм иннæты бон дæр уа цæуыи, уый хъуамæ фæсвæдмæ ма здæха, фæлæ ныфсхастæй лæгæрда, уыцы сыпдзджып фæн- дагыл. Хъуыды ма кæиыс Надсоны фыст: «О горячий песок и об острый гранит ты изранил усталые ноги». Ныр тадæм фыссып ног хабæрттæ. Хабæрттæ та — хæрх! Мæнæ уал дын, мæнæи дæр æмæ дæуæн дæр æхсызгон чи у, уыцы хабар: Балц Холыстмæ. Уый уыди 1915 азы 16 майы. Мах Теккои- мæ бæхтыл нæ фæндаг адардтам Дæргъæвсæй, Уыди дисса- джы хорз бои. Æфцæджы фæстæ аззадысты нывæфтыд хæхты рæхыстæ. Дæргъæвсæй Дъорамæ фæпдаджы тыххæй нæ фыс- дзынæн... Къорамæ куы фæхæрд кодтам, уæд федтам дуры сæр хуысгæйæ хъæбæр фынæйæ иу лæппуйы. 8—10 азы кæуыл цыд, ахæм. Мæгуыр, бафæллад, æвæццæгæн, йæ ныфс нал хаста Къорайы хæрды ссæуын. Йæ уæззау хордзептæ уыдысты йæ нывæрзæн. Хуыссыди хуыррыттæй. Бирæ йæм фæкастæн, тæ- ригъæд мæм фæкасти йæ сыхъал ,кæнын. Ададжы дон сæх-сæх кодта, бакъахта дуры быц, рафæлдахыпмæ йæ хъавы. Иæ бы- ныл иукъорд кæрдæджы муры донмæ кувынц: «Ныууадз нæ, иыууадз нæ, ма нæ хъыгдар, кувæм дæм, кувæм». Иæ сæрмæ дурыл та лæппу хуыррыттæй хуыссы, цыма дзуры: «Ыххауын, ыххауын, ыххауын». Тæригъæдæй байдзаг мæ зæрдæ, асæрфтон сурхид мæ худæй. Адард мæм ме ’мбал. Ацыдтæн æз дæр... Ахызтыстæм Бæр- зонд Къорайæ. Æфцæгмæ фæцæуæм. Зæрдæ та барухс Æвз- вæндаг-дзуары9 бын. Табу йæхицæн! Дидипæг алыхуызонæй алырдæм фæйлауы. Мæнæ-мæнæ кæны уалдзæг. Ноджы та иу ныв: стыр дуры цур астæумæ кæрдæджы хуыссы цыдæр. Бын- дзытæ балæй æмбырдтæ кæнынц йæ сæрмæ. Ныккаст æм изæ- ры æнтæф судзгæ хур æдзынæг. Дис кæпæм: цы у ай? Хуыдтон æй фысы мард, бирæгъты уæлдай. Ныццыдтæн æм хæстæгдæр, Кæсын: иу лæппу уынæргъгæ хуыссы æнтæф хуры хъарммæ. Бирæ йæм фæкастæи. Текко мæм къуцбырæй дзуры: «Цы у уый?» Ницы • дзуапп дæттын — зæрдæйы тугтæ кæлынц. Дзу- рын лæппумæ. Нæ хъал кæиы... Мæпæ райхъал ис. Ныуулæ- 115
фыд, асæрфта йæ цæстытæ, ракасти. Æнахуыр тæрсгæ каст;| кæны — хæйрæг мæ æнхъæлы, æвæццæгæн. Загъта, кæцæй фæ^ цис ацы адæймаг нæ хохы, куы пикуы федтон ахæм ныры оиг. - Дзурыи æм: «Кæй лæппу дæ?» Ницы дзуапп дæтты. Фæрсын æп: «Къорайаг дæ?» Зæгъы мын: «0». «Æмæ кæй дзæбæх лæп- пу дæ, ма тæрс?» «Æз (нал ыи зоиын йæ мыггаджы ном) — Табоцийы». Йæ уæлæ нымæтхуды зæронд. Кæрцы къæрит —- астæумæ, хæлынæй. Сæныкдзармæй ныл зæнгæйттæ. Къæхтыл æрчъитæ. Сæрыхъуын арц сбадти: гом — къахæй дæр, къухæй дæр^ Фæрсып æй: «Мад дын ис?» Зæгъы: «Нæй». Бирæ ма алæууыдтæи йæ цуры, систон ын сау суари мæ дзыппæй æмæ бын æй радтоп. Рацу Дæргъæвсыл. Тыпг æнхъæлмæ кæсæм. Æвзæр, æнæ- гъдау саламтæ зæгъ Валодяйæн. Йæ царды хъуыддæгтæ куыд ’сты? Тыпг хорз у дæ фыст, фæлæ йын дис кæнын йæ номыл. Фæу йæ кæропмæ. Хъыг ма кæн. Æз мæхæдæг фæдзæбæх дæн. Макæмæп дзур мæ фыстæджы хабæрттæ, цыма мæ нæ исыс фыстæг, уый хуызæп дар дæхи. Ма æууæнд уыцы «Сау къуымы цæрджытыл — уæхи Бæтæхъотыл, Цицыртæ йæдтыл. Мæ мад та рынчын у. Уыцы «Сау къуымæй» та мыл иукъорд уайдзæфы сæмбæл- дис». Сау къуыммæ» æмгæрон дæр ма цу, никуы бамбардзысты Хасапбегæй фæстæмæ инпæтæ... Кæй зæрдæ зопай, уый йеддæ- мæ дæ пыхас макæмæи кæн. Исты амæлттæй рацу ардæм, æз куыд федтон, афтæмæй цæттæ уыдзыпæ алцæмæй дæр. Де ’фсымæрмæ сидт уыди. Нæ зонын, цы фæци, уый. Мæнæн мæ кæсдæр æфсымæр хъазахъаг фæцис. Æвзæр бæллæхтæ аразынц Иры хъазахъ. Тынг цæ уарзы паддзах. Кæй кой дын-иу кодтон (ме ’фсымæр Æндыри), уый хæстæй ссыди цæфтæй æмæ дис- сæгтæ дзуры. Æз дæр пицыма кусын ныры онг. Фысдзынæп, змал куыд уа, афтæ. Рацу, рацу, рацу. Хæрзбон. Дæхи хохаг Алихан. Къутæрты Сабазджеримæ Дæргъæвсæй Бакумæ. 1915 азы 27 июпь (9). Дæ бон хорз, Сабазджери! Мæ зæрдæ тынг дзуры, фыстæг дæ кæй пæ исын, уый тых- ха^й. Дæ рыпчыны хабар мын фехъусын кодтой æмæ тынг дзу- ры мæ зæрдæ. Цы фæдæ, цы фæдæ, æмгар. Æз фæдзæбæх дæи бæргæ. Нæ фæлмæпзæрдæ сау хох мæ райста йæ уазал хъæбыс- Ш
мæ æмæ мæм худы йæ мидбылты, куы та мыл ньгккалы йæ ,сау цæссыг. Афтæмæй цæрæм — æз ууыл кæуын, уый та, æвæццæ- гæи, мæнæн тæригъæд кæнгæйæ згъалы сау дæссыг. Иæ бæр- юпд сау рыпдзтыл райсомы хур куы æрбады, уæд йæ мидбыл- ты бæргæ бахуды, ацы æнтъыснæгзæрдæ адæймаджы бахъæл- дзæг кæноп, зæгъгæ. Æмæ æз дæр æдзынæг ныккæсын хуры æрттывдмæ, æхсæв та — арвыл хъавгæ тулæг фыдхуыз мæймæ, æмæ мæ зæрдæ фæлæууы йæ гуыпп-гуыппæй, йæ катай, йæ низ æрбайсæфынц. Фæлæ та мигъы къуымбил кæцæйдæр фегуыры, йæ фæстæ иннæтæ — бæлттæ-бæлттæ. Æрбайсæфынц сæнттæ, æмæ рæсугъд, хъæлдзæг цы бон уыди, уый сауталынг бавæй- йы боп-сихорафон. Тызмæг сау уарын йæхи схъулæттæ кæны, арв ныггуыр-гуыр кæны, æмæ бæстæ фæтæрсынц, ныззыр-зыр кæнынц æдас къæдзæхтæ, сæ цæссыг дæлæмæ лæсæптæ кæны. Цæхæртæ^ ныккалы арв, пыппырх кæныимæ фæхъавы иу кæй- дæр, цыдæр, æмæ зæрдæ æрбахгæпы... Фæлæ та уæддæр оонбг схорзыл уырнындзинад фæфи’дар кæиы зæрдæ. Цæй, уыцы таурæгъæн йæ кæрон тынг дард, фæлæ кæропмæ цыма фæци, уый хуызæп æй æмбарæм иæ дыууæ дæр æмæ æн- хъæлмæ кæсæм боны срухсмæ. Дзæбæх, æпæнизæй дæ ,баййафæд мæ фыстæг, хъæлдзæг зæрдæимæ. Фæлæ цыма æгæр бауром-бауром кæнæм нæ ха- бæрттæ. Æз, куыд зоныс, афтæ хохы цæрын, Дæргъæвсы. Бирæ дзæбæхдæр, хъæлдзæгдæр фæдæн нæ хохы уæлдæфмæ. Бынтои та кæм ис фæллад суадзæн, лæг ирои бæсты куы цæра, уæд? ’Ме ’фсымæры хъазахъаг арвыстон. Мæ мад дæр гыццыл рын- чынт’æ кæны. Кæд дыл мыййаг мæ фыстæг сæмбæлд, æз Дæргъ- æвсæй Холыстмæ куыд ацыдтæн æмæ куыд хорз ,уыдис, уыдæт- тæ кæм фыстон, уый? Фысс мæм, кæд ма иучысыл дæр дæ къух’тасы, уæд. Æркæс дæ хабæрттæм, æмæ дын хуыздæр цы уыдзæнис, иучысыл дæ фæллад суадзынæн, уый бакæн. Ардæм куы ’рацæуай, уæд тынг барухс кæидзыпæ дæ ныййарджыты зæрдæ. Æз цæ’ иыронг дæр афтæ куы зыдтаин, уæд цæй хорз уыдаид. Куыд цæры Валодя Болаты-фырт? Цæй сайд акодта æрцæуынæй. Кæд ма йыл’дæ бон цæуы, уæд ын, цы тых дæм ис, уыцы тыхæй йæ къух æрæлвас мæ номæй, тæтæйраг салам ын зæгъ роцъойæ . дзыхмæ, дзыхæй — фындзмæ, сæрмæ æмæ ссæдзæм æрвтæм. Иу пыхасæп, æвзæрдæр,, æнæгъдаудæр цы саламтæ сты, уыдонæй йыл ма бацауæрд. Нæ интеллигент, ахуыргонд старшинаимæ10 ,мæ хъуыддаг хорз нæ цæуы. Иу къуыри йæ ахæстоны адауын кодтон, амæй фæстæмæ дæр нæ зонын, нæ гæпп куыд уыдзæнис, уый. Мæнæ прожектыры кæй федтам дуармæ лæугæ нывы, нал зонын ны- 117
вæй йæ ном. Æвдакаты хъуыддаг æмæ... гъе уыцы Хæдзарæ- джы-фырт, гъе. Цæй, уый ницы у... Хабæрттæ фысс. О, хæдæгай мæнæ дыи иу дзæбæх зæрдиагон хабар.— Байы- фырт Гаппомæ куыд бацыдтæн, уый. Хохы хъазтизæр саразы- ны тыххæй горæты театрæй декорацитæ агуырдтон. Райсомæй 9 сахатыл балæууыдтæн Гаппойы дуармæ. Гаппо хæдзармæ бахизæиы лæууы æмæ йæм нронау сдзырдтон, кæм цæры го- рæты сæр, зæгъгæ. Уый йæ мидбылты бахудтис æмæ загъта: «Мæнæ æз мæхæдæг». Æз (ын дзурын мæ хабар æмæ мæм хъусы. Фыццаг мын пицы дзуапп лæвæрдта саразынырдæм. Чи зоны, куыд зæрдиагæй кæпып хъуыддаг, уый базоныны тыххæй мæ къахгæ кодта. Сардыдта мæ горæты театры къамисы хицау æвдакат Семеновмæ. Æз дæр дам ын зæгъдзынæи æмæ дын кæд декорацитæ радтид. Уый фæстæ ахъуыды кодта, бакодта мæ йæ кусæнуатмæ, афыста мын визиты гæххæтт, уырдыгæй’ мæ бакодта «ирон хæдзармæ», къæбицмæ, ирон хæзпа чингуы- тæ кæм уыдысты, уырдæм. Тынг дзæбæх, фæлмæн уынаффæтæ мын фæкодта, кусын куыд хъæуы, тухи куыд хъæуы, уый тых- хæй. Радта мын Вссволод Миллеры «Осетинские этюды» дыууæ томы æмæ дзы æдзухдæр кæсын. Цæй дзæбæх адæймаг у нæ Иры хистæр, нæ горæты сæр, цæй уарзт бакодта нæ Иры бæ- €тæ! Иæ гæххæтт ын схастон æвдакат Семеновмæ. Дзæнгæрæ- джы хæцæн балхъывтон. Рауади мæм хуырхы лалымы хуызæн адæймаг. Сырды каст мæм æрбакодта. Йæ ус дæр йæ цуры. Ахæм стыр адæм-иу гыццылтæм афтæ фæкæсынц, æвæццæгæн. Радтон æм номы гæххæтт. Аратил-батил æй кодта, дзуры: «Черт •возьми, не разбираю, что оп пишет. Ах, черт, что за черт!», Фæфæлдæхтытæ йæ кодта æмæ мын иæхи мыхуыры гæххæтты афыста: «В Ардон декорации дать не могу». Цыма цæ æз Æры- донмæ агуырдтон!.. Æрхастон æй Гаппомæ. Барвыстон æм æй. Рауадис мæм, йæхи ахъулæттæ. кодта æмæ зæгъы Дис ма йыл кæнын абои дæр: цæмæн фæхъулон кодта йæхи хорз Гаппо? Цæмæн скодта чысыл тызмæг дзырд? Чи зоны, кæд ын «лалымы» фыст хъыг уыди? Фæлæ йæ нæ иртасын. Мæ фыстæгæн сæр æмæ кæрон бæрæг нæй. Мæ ном ма дзы кæм афыссон? Хæххон ирон Алихан Токаты. Къутæрты Сабазджеримæ Бакуйæ Холыстмæ, 1915 азы Хурхæтæны мæйы 27 бон (?) 218
Уарзон æфсымæр, райс стыр бузндзинад мæ иунæг дзыназгæ итрдæйæ дæ фæлмæн, æппæты (знагæй, хæларæй) уарзаг зæр- дæмæ. Сæмбæлд мæ зæрдыл дæ зæрдæйы æцæгдзинады гуыпп- ,-уыпп. Ноджы мæ мæгуыр, алы бон тæригъæдтæ хъусæг хъус- гыл æрвнæргау ауад дæ уынæргъгæ хъæлæс. Иæхæдæг фæллад уæвгæйæ уый æвæлладхуызæй мæнæн хъæрæй фæдзæхсы раст æцæгдзинад. Бафæлмæп кодтой дæ æцæг зонды ныхæстæ мæ маргæй судзгæ цæхæры æвзæгтæ, расыгъдæг ын кодтой йæ цъæйтæ, йæ æрхæмтæ, фæлæ та уæддæр кæсы уыцы æнкъард нæстæй, цыма гуымирыгонд у. Иу ныхасæй, мыд зæрдæйæн зынг адджын вæййы, иоджы пайда, фæлæ уæддæр риуы хыр- рытт-хыррытт не ссæуын кæны. Афтæ зæрдæйы мидæг сусæг цнн æргом бындзарæй уынæргът баиу сты де ’нкъард, дисса- джы дзæбæх тæфкалгæ хохаг дидинджытæм... Ды мæм фыссыс уырнæн иыхас, рынчын кæй уыдтæ æмæ мæм уый тыххæп кæй нæныффыстай иу фыстæг йеддæмæ. Зæ- гъын та: мæ зæрдæ йæ афтæ дæр зоны ацы æцæгдзипад æмæ уый тыххæй æвдисæптæ нал агуры. Афон у зæрдæ базонынæн. Къостайы загъдау: «Кæд кæрæдзийæн фаг нæ фæдзырдтам уарзон ныхæстæ...» Ацы дзырдтæ махыл хорз æрцыдысты æмæ зæгъын: дæ зæрдæйы дзырд мæ зæрдæ æмбары, дæ зæрдæйы сыгъдæй мæ зæрдæ судзы... Ацы дыууæ иууон зæрдæйы хъуа- мæ æмбарой, кæрæдзийы хабар цæ тынг кæй хъæуы æмæ амал уæвгæйæ алцыдæр кæй сараздзысты. Уымæ гæсгæ æз афтæ æнхъæл дæн, цыма дæ зæрдæ зоны мæ амал, мæ зæрдæйы амал; Куыд уыныс, афтæмæй æз ацы ныхæстæй мæхимæ хæ- цын. Æз раджы райстон дæ зæрдæйы хабæрттæ, фæлæ иæ баф- т’ыд мæ къухы дæуæн мæ хабар, мæ дзуапп фехъусын кæнын. Чындзхæссæг .мыййаг нæ уыдтæн æмæ уым нæ ныффæсус мæ хъæлæс зарынæй æмæ дæм уый тыххæй мыййаг нæ уыд æыæ- хъуысгæ мæ хъæлæс. Фæлæ, хæйрæджытæ зыррыттæй кæмæй хъазынц, уыцы цъилтæй нæй, пæй... Æнæбары бацæудзынæ уыцы хæйрæджыты балы... Тепсырханимæ11 куыд сæмбæлдыстут, уый дæм мæхæдæг фыстон бæргæ, фæлæ фыстæг фесафæгмæ хуыздæр зонд æр- цæуæд, цæмæй йæ йæ зæрдæ мауал батæра ахæм чъизи хъуыд- дагмæ. Тепсыр мын дзырдта уæ сæмбæлд, фæлæ уæддæр ныф- фысс уыцы диссаджы рæсугъд пывтæ æмæ та ме ’нкъард зæр- дæмæ сæ рухс ныккалой алыхуызон æрттивгæ хуры тынтæ. Фыссыс дæ дзæбæх хабæрттæ, куыд зын куыст кæны дæ фæлмæн зæрдæ æмæ уæддæр куыд фидар, куыд хъæбæр лæууы цингæнгæйæ. Æрзайæд, æрзайæд дæ мыггаг, уарзон æфсымæр! Дæ зынаргъ мæпæуы гагатæ æрхæссæнт бирæ пайда нæ мæ- 119
гуыр, æнкъард хæхбæстæн, цæмæй нæ фесæфа дæ тухи. Фыс- сыс, кæй хъæуы фæразын, кæй хъæуы уромын нæ мæгуыр, та- лынг адæмы сау ныхæстæ. Зæгъын дын, æцæг мæм мæ зæрдæ афтæ кæй дзуры, уый. Æз фæхæцын мæхимæ: мæ зын тухи, -мæ тауинаг пайда пæ дæттынц, сау зæхмæ уьгцы зылд кæнын, уæддæр. Хъæбæр зæхх бафæлмæн кæнын, мыггаг дæр бауда- йын фæлмæндæры æмæ тагъддæр æвзар суадзыны тыххæй. Мыггаг тау суадзы бæргæ, фæлæ та фегуырынц сау зæххы быиæй хæцаг сау хъæндилтæ æмæ бæстæ фесафыиц. Кæуын æз уый тыххæй. Фæлæ ма хъуыды кæныс мæ уарзон фыссæг Мак- сим Горь’кийы зоиды ныхæстæ: цъыфдзасты хæфсæи арвы рухс куы фенын кæпай, куы бамбарын кæнай, уæддæр, цыфæнды фæкæнай — хæфс та цъыфдза’сты смидæг вæййы. Ацы ныхас мæнæи у мæ зæрдæфæлæууæн... Ныр рæзæнт, рæзæнт дæ сабитæ рухсы мидæг. Рауадзæд æфсиртæ кæрдынæввонг дæ ногдзыд мæнæу. Цы фæци дæ гыццыл саби, дæ сызгъæрин зæды мур, цъиуты чи уарзы, уый? Цас зæрдæ æвæры уый фидæпмæ! Рæзæд, рæ- зæд! Фылдæр дын бауæпт фидæнмæ хорз зæрдæвæрджытæ!.. Фыссыс, хъуамæ ногбоны æрцæуай, зæгъгæ, фæлæ кæцæй ных- хауа мæ тæригъæдджып зæрдæ зындонæй дзæпæтмæ! Мæнæ дып иу хабар. Цæлыккаты чызг-ахуыргæпæджы зо- ныс, æнхъæлдæн. Джимарайы хъæуы ахуыргæнæг у æмæ сайы йæхирдæм мæ дæргъæвсаг уарзон æмгары, нудæсаздзыд лæп- пуйы. Ацы хабар’мæм хорз иæ кæсы. Ныффыстон æмгармæ, фæлæ пæ зопын. Мартъи куы ’рцæуа, уæд, æнхъæлдæн, Дæр- гъæвсы уынгты мартъийы сыл гæдыйау уасгæ æруайдзæн хорз ахуыргæнæг (куыд хъусын мæ уарзон æмгæрттæй, афтæмæй), Исты сараз æмæ фервæзын кæн мæ уарзон хæлары. Æнхъæлмæ кæсын дарддæр дæ хабæрттæм. фысс. Цæй уал ныр æри, уарзон æфсымæр, дæ мæллæг къух æмæ йæ’ æз æрæл- васон мæ тых, мæ боиæй æмæ йæ поджы ныууигъон. Ам и Текко дæр, мæнæ дæм фыссы... Дæ хохаг æфсымæр Алцх’ан Токаты. Токаты Лизæмæ Бакуйæ Дæргъæвсмæ. 1915 азы 26 октябрь.' Нæ хъомты давды хабар фехъуыстон. Хуыцау æнæниз цард раттæд, уый йеддмæ хъомтæ ссаргæйæ сты. Мæ зæрдæ йæ зо- ны/ньтртæккæ нæ хæдзар куыд тыхст.у, уый, фæлæ ницы гæиæн ис. 120
Иыртæккæ бæрæг иæма у, афицерты скъоламæ ацæудзы- лæн æви пæ, уый. Цæугæ кæидзыиæи, фæлæ чысыл фæстæдæр, Лрæхдæр фыссин бæргæ, фæлæ... нæп... æ... ца... Ирон адæм ам тынг рыгæйдзагæй цæрынц. Иу ныхасæй, пфтæ рыгæйдзаг сты, æмæ кæрæдзи нæ уынынц. Саламтæ ахуыргæпджытæн. Къутæрты Сабазджеримæ Бакуйæ Холыстмæ. 1915 азы 27 октябрь. Дæ«бонтæ хорз, Сабазджери! Цы фæдæ, цæй хъус ныддæ? Мæ цæстытæ куы ныуурс стьг дæ фыстæгмæ æнхъæлмæ кæсынæй. Мæ зæрдæ тынг дзуры.. Цæуылнæ фыссыс? Ды та искæмæн ныффыосын кæн, кæд дæ~ хæдæг иæ фæразыс, уæд. Нæ фæлæ кæд æндæр зæрдæ бадард- тай? Æпхъæл иæ дæи. Мæ фыстæджытæ дыл йе ’мбæлгæ нæ* кæнынц, йе исты зыи рапы дæ... Рыичыптæ кæнын та райдыдтон... Ирон адæмæй ам бирæтæ сызгæ сты æмæ згæйы’ адæй уæл- дæф сафыпц. Ноджы сыл рыг тынг сбадтис æмæ кæрæдзи дæр нал уынынц. Болаты-фырт дзæбæх æнæниз у. Мæпæн мæ ха- бæрттæ куыд æрцæудзысты, уып нæ зонын. Мæ низ тыхджыи- дæр куы кæна, уæд хъуамæ нæхимæ ацæуон. Дзæбидыр мæм пьесæйы тыххæй фыста æмæ нæ зонын, цьг йып зæгъон, уый. Сала.мтæ дæ мад æмæ дæ хойæн, ноджы шшæтæи. Тагъд,, тагъд фыстæг. Нæ бæсты цы ног хабæрттæ ис, уый пыффысс... Гуымыдза цард кæнын æз Бакуйы. Цæй уал. Хохаг Алнхан Токаты. Къутæрты Сабазджеримæ Бакуйæ. 1915 азы 12 ноябрь. Уарзон æфсымæр Сабан-Хан-Джери! Дис мæм кæсы... Цæй пыууадзон уал мæ диссаг. Зæрдæйæн" цас.æхсызгон уыди дæ фыстæг, уымæы зæгъæн нæй. Кæд дзьг зынгæ хабарæй ницы уыдис, уæддæр мын мæ бирæ тарст зæр- дæ фæлæууыи кодта. Æрмæст кæд æрвыст у, уый бæлвырд нæ иртасын, нсгæ йæ ракодтон абон, 12 ноябры. Гыццылæй, би- рæйæ дæм фыстæджытæ цы арвыстон, уыдон ныууадзæм, фæлæ* мæмдис кæсы, иу ’ дæр дзы куыд пикуы райстай, уый. Ныр* т:
.-æгайтма сæмбæлын кодтай дæ хабар æмæ базыдтои, кæм дæ, уый. Æгайтма дзæбæх, æнæниз дæ. Фыстæджытæ дæм æрвыс- тон уæ хæдзармæ Холыстмæ. Кæд дзы иу дæр нæ райстай, уæд бабæрæг кæн уæхимæ, кæнæ та Уыналы къæнцылары æмæ цæ -уым ссардзынæ. Фыстон дæм: рахылдтæн та чъизи, рыг, æм- быд Бакумæ. Куыд дзы цæрын, уый дæхæдæг тынг хорз зон- дзьшæ... Никæмæ цæуын иæ «хорз ирæй». Рыг сыл сбадт æмæ :цæ никæй уынын. Болаты-фыртмæ ма искуы-иу хатт вæййын. Рынчынтæ кæнын æмæ хъуамæ нæхимæ ацæуон. Дæлдзæхы амæттаг фæуæд ацы хус наукæ. Стæй, калмы æвзæгтæ кæмæн ис, уыцы дæлимоптæ дæр — мæнæн мæ уд мæ хъуырмæ чи скодта... Бахаудтæн кæлмыты хуынчъы æмæ мын сæ марг сын- ^дæггай мæ хуылфмæ тадзыпц... Цæй, æгъгъæд... Зопдзынæ ныр луыздæр мæ цард. Мæ сæр ныртæккæ афтæ дзæгъæл у, æмæ тынг не ’мбарын, цытæ фыссын, уый. Кæлмытæ м ’алыварс се ^взæгтæ раластой æмæ æхситт кæнынц. Тæрсын цæ тынг... Фысс нæ бæсты хабæрттæ. Ха-ха-ха, я — офицер! О, хæдæгай: Болаты-фырт афтæ зæгъы: цы къуыбырыл, дам, хъазыдтæ, уый, дам, нæуу равæрдта æмæ цъæх радардта. Хохаг Алихап. Къутæрты Сабазджеримæ Бакуйæ Æрхонмæ. 1915 азы 25 ноябрь. Дис, мæм кæсы, кæм сæфынц мæ фыстæджытæ. Искуы мæм .иокæцæй иукъорд æнамопд гурусы куы æрхауы, уæд цæ алхæт пын ахæм гыццыл гом фыстæджытæ ме ’мгæрттæм, мæ хæлæрт- тæм фыссынмæ. Ам ницы фыссæн ис, ноджы тынг лорз зоныс амы адæмы (ирон адæмы). Æппындæр никæй уынын, уымæн .æмæ никæй хъæуы мæ фенд амы ирæй... Кæуын цыл, кæуыи... _Æз цы фæуыдзынæн, уый нæ зонын. Тынг зын у кæлмыты, бирæгъты æхсæи цæрын. Хохаг Алихан. Токаты Лизæмæ Бакуйæ Дæргъæвсмæ. 1916 азы Тъæнджы мæйы 14 (?) бон. Райс нæ дынджыр хохы йас саламтæ, Ногбоны арфæтæ. 1 Мæ зæрдæйы æвæрд сты æмæ мæ цæстытыл уайынц уæ _зындзинæдтæ.,Хуыцауы салам мæ зынаргъ æ^мгар Мамсырæн — П22
V-1>1 й ма мын барухс кæны мæ зæрдæ йæ дзæбæх фыстæджытæй. Æрхъуыды кодтон ныртæккæ ме ’нæххуысдзинад сымахæи æмæ ды зæгъон нырма зæхмæ кæсыны йеддæмæ? Мæ зæрдыл æр- ^æууыд, куы цыдтæн, уæд Дзыццайæ12 æхца куыд истон æмæ йæм куыд ницыуал ныууагътон мæ гыццыл фæллойæ, уый. Цæй >,ып у ныртæккæ мæнæп! Зонын, Инус цы тухитæ æвзары, уый. Фæлæ мын хуыцау мæ фæндтæ мæхи бар ауадзæд. Ныффысс мæм, зынаргъ Лизæ, хабæрттæ иууылдæр. Дæу :емæ Мамсыры13 йеддæмæ никæуыл æууæндын. Лезайæн14 лæппу райгуырди. Уый тыххæй кæмæдæр хæрзæг- гурæггаг фæдæн æмæ мын туман фæлæвар кодта. Фæнды мæ, куы уын æй арвитин, уый, фæлæ тæрсьш пæ сау халæттæй. Цы зæгъдзысты, уый зоныс дæхæдæг... Гадæкк хъаст кæны, фыстæг ;арæх кæй нæ исы, уымæй. Ныронг Армавиры сты. Саламтæ ал- кæмæи дæр. Дæ хохаг æфсымæр Алихап. Токаты Лизæмæ Бакуйæ Дæргъæвсмæ. 1916 азы тъæнджы мæйы 28 бои. Дæ бонтæ хорз, уæ мæ зынаргъ хо Лизæ! Ныртæккæйы сахат æз дзæбæх, æнæниз дæн Хуыцауы фæр- цы. Фехъуыстон, дæ мады мад амарди, зæгъгæ, æмæ рухсаг уæд. Дзæнæт ын Хуыцау раттæд. Ницы хъæуы мæ уды сымах дзæбæхдзинады йеддæмæ. Цæййас æхсызгон уыдзæни мæнæн æмæ цæййас хондзынæн амондджын мæхи, ды хъæлдзæг, æпæ- ннз куы уай, уæд! Нæ худыс ацы гæххæтты гæбазыл? Цæй, ницы кæны, уымæн æмæ дзы нывæнды зæрдæ йæ рухсдæр тыитæ. Зынгæ хабарæй ницы ис. Бакуйы устытæ схъомпал сты, «сбунт кодтой» æмæ магазинтæ пырх кæнынц. Сымах дæр дзы чызджытæ стут! Сымах дæр ныппырх кæнут Алмахситты15 ду- кани. Бынтон нæ рауадздзысты 1-æм апрелы æмæ мæ кæд иу мæй рауæгъд кæной, уæд хъуамæ куадзæнты нæхимæ уыдзынæн, 1кæнæ та уыцы бонты цæуып афицерты скъоламæ. Гадæккæй арæх исын фыстæджытæ. Дзæбæх, æнæниз у. Арвыстон ын 15 сомы. Лизæ, Хъобаны ахуыргæиæг Верæмæ16 мах нæ фыссæм, фæ- лæ йæм мах номæй ды ныффысс. Мæн ардыгæй 1-æм апрелмæ тынг ндл æвдæлдзæни, фæлæ фысс, фысс дæхæдæг. - Хохаг ирон Алихан. • 123
Цомайты Харлампимæ Бакуйæ Дзæуджыхъæумæ. Фыд Харлампи! Райс салам. «Фын» алкæмæн йæ цæстытыл ауайы, мæнæш та мæ хъустыл ауад. Ноджы цы фæци пæ «Фидиуæг»? Куыиæ- нын хъусын йæ хъæр. Курын, базып кæн æмæ мæм рарвит ха- бар: Дзæуджыхъæуы ног журнал «Фын» æмæ газет «Фидиуæг»: рацыыдсты æви нæ? Базонын мын кæн сæ аргъ æмæ редакцийы? адрис. Къутæрты Сабазджеримæ Бакуйæ Холыстмæ. 1916 азы æртхъирæпы мæйы 5-æм: бон. Зынаргъ æфсымæр! Райстон дæ фыстæг æртхъирæны мæпьг 2-æм бон, æмæ та цыма чъизи, æлгъыст дупенæ æмбæхсаг хурьг тыитæй мæ иудадзыгон æнкъард зæрдæмæ згъæлæнтæ ныххауд- та æмæ йæ алыхуызоп ныррухс кодгой, уыйау æхсызгон мын уыди. Ды дис кæпыс, цæй æрæгмæ дæм хъуысы мæ тар зæр- дæйы улæфт, фæлæ дис ма кæн, уарзон .æфсымæр. Куы дæм фыстон фыццаг фыстæджы мæ царды хабæрттæ. Æрмæст пзэ- зонын, райстай йæ æвп нæ... Дæ загъдау, æз дæр цæрыи... æн- хъæлмæ кæсын бопы срухсмæ. Фыссыс: «Де ’нæниз царды ныв- тæ мæ цæстытыл уайынц, фæлæ та кæд рынчын дæ?» Фæрсып дæ, уæ ме ’фсымæр: кæд уыдзыстæм мах æнæниз? Кæд нæ уы- дзыгтæм рынчын æмæ уынæргъгæ, кæд нæ хъæрздзыстæм нæ’ рисгæ риутæй?!. Зæгъын дын: мæ низ мæ буары пæй — ме уæнгтæ нырма хъæддых сты, сæхи бар, фæлæ мæ низ ис уæл~ дæфæй, æдзухæй кæй ныхъуырын, фæлмау зæрдæйы алыварс чи бады æмæ пæм рухсы æртах чи иæ уадзы, уыцы уæлдæфæй. Кæд ныссыгъдæг уыдзæни низтæй, уæ ме ’фсымæр, нæ уæл- дæф? Кæд нал баддзæпи зæрдæйы алыварс низы фæлм? Кæд ныуулæфдзыстæм уæгъдибар, зæрдæбынæп? Уæлдæфы низæй ныр æз ранстои хæст. Хæцын!.. Хæцыи!.. Хæцын!.. Æмæ цæ- рыи... Бонæй-’бон уæрæхдæр мыл кæпы мæ арв, бонæй-бон къад- дæр кæнын æз мæхæдæг... Цæй гыццыл, пицæйаг мур дæи æз- стыр арвы бып!.. Гыццыл къогъо æиæцæстыахадгæ стыр цъыф- дзасты куы ныххауа æмæ йæхи æддæмæ куы рæдува, уыйау- кæсын æз мæхимæ. ’Райстон дæ арфæтæ. Бапырх кодтон æнæмæлгæ суадонæй мæхи. Чырыстийы æцæгдзинад æмæ ирвæзынгæнæг ныхæстæй..^ 124
Фæрсыс мæ: «Цы кусынц нæ ир?» Сæхицæп хъадамантæ ара- {ыиц. Рыджы бын ныйисты быптондæр, згæ сыл ныххæцыдис... Куыссынц, хуыссынц... Бафынæй сты... Заууаты сауæикъард зæрдæ та йæ алы мæт йæ разæй ра- давта... Фыссыс мæм: «Ус кæй курын, уыцы пог хабар фехъуы- С1ай?» Фæлæ кæцæй, кæмæй хъуамæ фехъусон æз уыцы ног хаба*р?.. Мæ зæрдæ уын цы хуызæн арфæтæ кæндзæни, уый æрхъуыды кæн дæхæдæг. Æцæг амоидджын цардыл хæст ут, уæ ме ’фсымæр æмæ (чи зоны) хо! Мæ зæрдæ зæгъы бæргæ, куы йæ ,фенин æз дæр ныртæккæ, фæлæ кæм! Скъолайæ нæ рауадздзысты 3-æм апрелы. Мæ къух ауигъдзыпæи, ныры онг мæ сæры цы хус хъæмпы муртæ æмæ зыгуымы тыхтæттæ фе- фсæрстон, уыдоиыл. Хъуамæ Бакуйы ныууадзои хæйрæджы- тæн. Фысс, фысс, куыд бакæнои? Рапстои стыр æхсызгонæи дæ зынаргъ æмæ мæ зынаргъ •/гады саламтæ. Цæрæд ма иын рухсы мидæг бирæ æмæ æпæни- зæй1 Зæгъ ын мæнæй тыиг саламтæ. Демæ цæры?.. Уæ, афон, уæ, афон, нæ зонын фæрæз, Фыдтухийæ иал у мæ бои. Ох, мнн азы судзын пыр, судзын иыр æз, Нæп сыгъдæп гъеуæддæр кæрон... Уæ, афон, уæ, афон, зæгъ-ма мын æргом, Кæдмæ ма мæ уынæргът цæудзæн? Кæд уыдзæп, кæд æрбарухс уыдзæн мæ бон? Кæдмæ ма мæ сау калм хæрдзæн? Стыр саламтæ Бæдоатæй æмæ Теккойæ. Дæ хохаг Алихан. Баку. Фысс!.. Къутæрты Сабазджеримæ Бакуйæ Холыстмæ. 1916 азы 26 февраль. Дæ райсомтæ хорз, уæ, мæ уарзон æфсымæр! Райс зæрдиагон саламтæ мæ иухуызон хæсгæ зæрдæйæ. Мæ цард, куыд зоныс, афтæ иудадзыг сау хæссы. Фæлæ кæм дæ, кæм дæ, уæ, æфсымæр? Æви-иу нæ фехъуыст дæумæ та мæ хъæр? Мæ зæрдæйы тынг уырны, æдзæрæг бæстæм кæй нæ хъæр кæиын, уый. Хъуамæ егзамин конд фæуон 1-æм апрелы. Мæнæ та дын мæ зыигæдæр хабар... 125
Цы фæцис дæ зæды хай?.. Фысс, фысс дæ хабæрттæ. Кæ сын æнхъæлмæ. Цæй уал пыр хæрзбон. Алихан сау хъæбæр хохаг. 26 февралы æхсæвы 12 сахатыл. Ныртæккæ æз уыдтæн Бо- латы-фыртмæ, дæ хабар ын ракодтон. Раст ыл цыма базыртæ базад, афтæ фæци. Сæрæй дын ныллæг кувы. О, хæдæгай, иу хабар: мæ амондæн знон æнæнхъæлæджы амбæлдтæи Дзаболаты Гæбæтойыл. Зæрдæбынæй мæ ахуыдта тæтæйраг оперæмæ. Иттæг хорз уыди, æрмæст мын тыыг хъыг уыди, æмбаргæ дзы кæй пицы кодтон, уый. Фæлæ уæддæр мæ- зæрдæмæ фæцыди. Дзаболы-фырт мын ноджы рахабар кодта, иронау пьесæ ныффыстоы, зæгъгæ, йæ ыом та, дам — X, ома, ном ын нæй... Гъе афтæ! Æппæлыд йæхицæй дæр æмæ йæ пье- сæйæ дæр, фæлæ куыд у, цы у — Хуыцау йæ зонæг. Æхсызгон мын у, æхсызгон, æгайтма, йæхиуыл йæ зæрдæ даргæйæ, ирæы баххуыс кæнынмæ чи тырны, ахæм адæймаг фæзыыди! Шекс- пир ма дæ зæрдыл лæууы? Махмæ дæр (Дзаболы-фырты ыы- хæстæм гæсгæ) театры гуырын райдыдтой ахæм генитæ. Ха- ха-ха! Мæ риссаг хъустыл ауади ^дам-думтæ, Дзæуджыхъæуы иог ирон журнал «Фын» æмæ газет «Фидиуæг» рацыдысты, зæгъгæ. Нæ зонын, ыæ зонын... Дæ Хуыцауы хатырæй, уыцы хабары тыххæй цы зоныс, уый мæм бæлвырд ныффысс. Хъусын кæ, хъусын кæ алцыдæр. Æнхъæлмæ кæсын. О-о! Ерзерум ист æр- цыд! Фæлæ æххæст нæ... Алихап. Токаты Лизæмæ Бакуйæ Дæргъæвсмæ. 1916 азы 28 март.ъи. Зынаргъ Лизæ! Дæ фыстæг раджы райстон, фæлæ нæ уыди амал пыффыс- сыиæн, уымæн æмæ ныр дыууæ къуырийы егзаминтæ кæнæм. Нырма нæ хъæуы фондз боны. Куы фæуæм, уæд хъуамæ нæхи- мæ ацæуон... Мæ мæгуыр зæрдæ та фырцинæй уæрыккау кафы, нæхимæ та бæстæ уындзынæн, зæгъгæ. Рухс уалдзæг, æнкъард хæхтæ, тызмæг уарын æмæ хохы сау мигъ мæ зæрдæ рухс кæ- ^ыиц мæнæн... Иу ныхасæй, нæ егзаминтæ æвзæр хæрæгæн даргъдæр ныйисты, æмæ адæймаг сындæг хæрæгмæ куыд мæс- тæй мæла даргъ фæндагыл, афтæ мæсты кæнын егзаминтæм. 126
фæуыдзысты 3-æм апрелы. Гадæккæй фыстæг райстон. Дзæбæх^ æнæниз у. Саламтæ Теккойæ. Фыстæджытæ райстон ахуыргæ- иæгæй æмæ Мамсырæй. Рарвит мæм Хадзыгуайы адрис. Йæ- «заводы» хабар куыд у? Кæд хорз, карз арахъ цæттæ кæныг уæд ам къупецтæн зæгъдзынæн æмæ йæм бирæ заказ ратдзы- сты, æрмæст йæ адрис нæ зонын. Цæй уал. Алихан. Къутæрты Сабазджеримæ Дæргъæвсæй Æрхонмæ. 1916 азы 4 ноябрь. Сабазджери! Бавдæлдтæн æмæ та дæм иогæй фыссын, кæд, сæттын ыл,. арæх нæ фыссын, уæддæр. Бæргæ фыссин æмæ фыссин, куьг ницы хъыгдарæг мæ уаид, уæд... Æз сæрæгас дæн, фæлæ дьг кæм дæ? Цы ныхъхъус дæ? Мæ зæрдæ тынг æхсайы, кæй ницьг фыссыс, уый тыххæй. Фæлæ мæ амопдæи Б. Валодяйæ фыстæг райстон æмæ мæм фæхабар кодта, кæй йæм фыссыс, уый. Фæ- лæ куыд цæрыс, цы кусыс, кæм дæ, уыдæттæ нæ фехъусын кодта. Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ йе тынг зивæг кæныс фыс- сыпмæ, йе та мын мæ фыстæджытæ исчи райхалы. Саламтæ* уеппæтæн дæр мæ мад æмæ Лизæйæ. Дæхи Алй-Персы-хаи. Токаты Лизæйæ Ригæйæ Дæргъæвсмæ. 1917 азы 9 май. Дæ боп хорз, Лизæ! Хæццæ раджы æристæм, фæлæ фыссыпмæ байрæджы код~ тон. Дзæбæх æрцыдыстæм. Куыддæр æрхæццæ дæн, афтæ мын дыккаг бон бынат радтой æмæ мæ $ шстой æндæр ранмæ. Мамсырæй фæхицæн дæн. Нырма нæм& ..энын, уый кæдæм ар- выстой, уый. Хадзымураты нæма федтон, æиæуи фыссæм кæрæ- дзимæ. Æвæццæгæн, тагъд баиу уыдзыстæм. Æз дæн тынг дзæ~ бæх, æнæниз, мæ куыст — хæрз æнцон. Пъагонтæ мыл æрхуыд- той, афицеры пъагонтæ æмæ иучысыл фæхъал дæн. Тын-г хорз адæмимæ кусын. Пълантæ исæм æмæ лъланæй барæм, æндæр ницы кусæм. Мызд мын — дыууадæс туманы æмæ фандз сомы. Ноджыдæр уæлдай куыстæн — фондз туманы æмæ авд сомы. Мæй æдæппæт— 182 сомы. Хъуамæ ма мын мæ мыздыл баф- тауой. Куы æрхæццæ дæи, уæд мыи æхца радтой æмæ мæхи- 127
дæн дзауматæ балхæдтон — хъæццул,,хуыссæнты цъæрттæ йед^ .тæ æмæ цырыхъытæ. : Тынг дзуры мæ зæрдæ уемæ, стыр зыны кæй стут, уый зо-; нын. Ацы мæй мып кæд бантыса, уæд уьгн æхца фервитыи, кæ-' нæ та иннæ мæй. Мæ дздуматæ арвитдзыпæп тагъд. - Мæ цæугæйæ кæй нал федтон, уыдон бахатыр кæнæнт, зо- ныпц, кæй мæ фæндыди сæ фепын, уый, фæлæ мæ амал пе сси. Цы хабæрттæ пс, уыдон мæм ныффысс. Нæ хæдзары хъуыддæг- тæ куыд сты, горæты зæххыл псты бакуыстой æвн пæ? Кæд мæм искæцæй фыстæджытæ уа, уæд мыи сæ-иу рарвит. Сабап цымæ цы фæци? Кæд фысса, уæд мып — йæ адрис. Дæр- .гъæвсы цы кусынц, уый мын фехъусын кæн. Хæстырдыгæй иырма æнцад сты. Фидауыпыл тынг дзурыпц. Хæрзбон уал. Хохаг Алихап. Къутæрты Сабазджеримæ Ригæйæ. 1917 азы 27 июль. Сæрæгас у, Савели! Мæхи амопдджыпыл пымайын, дæ фыстæг кæй райстон, уый тыххæй. Мæгуыр не стæм? Чи пæ кæдæм фæхауæггаг, уый иал зыдтам. Æртæ мæйьГ аивгъуыдта, хъысмæты азарæй æз æнтæф ЦæгатхМæ куы рафтыдтæп, уæдæй нырмæ. Æз дæн Ри- гæйæ дыууæ версты æддæдæр. Дæу æмæ Болаты-фырты фыс- тæджытæ мæ бахъæлдзæг кодтой, рухсы цъыртт мын ныттагъ- топ ме ’рхæндæг зæрдæйы. Дæ фыстæг мæм Дæргъæвсæй рар- выста Лизæ. Мæнæн æхсызгон у, фыд кæй сдæ, уый, амонд- джын фыд дæ Хуыцау скæпæд. Уыцы иоггуырд зæдæн мæ зæр- дæ цы зæгъы, уый хъуамæ зопдзынæ... Ардæм куыд рахаудтæн, уый фыссыныл ие схæцдзыиæп, æр- мæст дын хъусып кæнын, сæрæгас кæй дæн, уый. Цæрын тыпг æнкъардæй, иу ныхасæй, фырæрхæпдæгæй сæфып. Мамсыр дæр мемæ рацыди, фæлæ дзы фæхицæн дæи æмæ пыртæккæ кæм ис, уый нæ зоиын. Мæн Вендены сахарæй ардæм рарвыстой, уый’та уым баззади. Кусып минæварады арæзтады управле- нипы къапторы. Мæ цард æвзæр нæу, фæлæ æнкъардæй сæфын. Охх, цас хабæрттæ мæм ис, фæлæ сæ ныртæккæ мæ бон нæу ныффыссын — мæ куыстмæ тагъд кæнын. Хабæрттæ иууылдæр мæхи æрхæндæг цардимæ баст ысты. Ныффыстоп Максим Горь- кцймæ. Мæ зæрдæ йыл тыыг дарын. Фæлæ дзы дзуапп нæма рай- стон, Уырны мæ мæ хъæлæсыуагмæ гæсгæ мын мæ царды ха- бæрттæ кæй бамбардзынæ, уый. 128
Æппæты фыццаг хæрзæггурæггаг фæдæн нæ хæхтæм уæгъ- дибары тыххæй, фæлæ’ныр цы фæцй мæ мæгуыр Ирыстон, нæ зонын. Æнхъæлдæн, æмæ нырма не ’фсæст, йæхи ахуыргонд чи хоны, уыцы адæм хуыссынц, нæма райхъал сты. Акалдтон дзы иукъордыл мæ карз масты пырхытæ. Нæ фыццаг зылды пъы- рыстыфимæ æвзæр фæхыл дæн. Студент. Мелкий палец. Ты- латтатæ йæ йæ бынатæй раппæрстой, ома йæ йæ куыстæй си- стой... Ныббатæ кæн мæн тыххæй Кавказы сау гуымиры дуртæн. Кæд иронæй демæ исчи ис, уæд сын сæ къухтæ æрæлвас. Уæ, æфсымæртæ, куы бафсæдат, уæд-иу рох ма кæнут уæ мад-Иры- стопы. Афтæ сын зæгъ. Дæу зонын æмæ -дын ницы зæгъын. Охх, куыд ма мæ фæнды бирæ фыссын, фæлæ гæнæн нæй. Хабаерттæ,' хабæрттæ хъусын кæн. Цы кусы ир Калачы? Цы мæ хъæуы, уый зоныс? Хуыцауы хатырæй, дæ ныв мын рарвит. Хæрзбон, хæрзбон. Хохаг Алихан. Къутæрты Сабазджеримæ Æрыдонæй Холыстмæ. 1918 азы 22 апрель. Дæ боп хорз, Къутæр! Æз дæн сазрæгас, æнæниз. Лекка кæнын алы ран. Стыр са- лам зæгъ æппæтæн дæр. Дыууæ мæйы иæхимæ нæ уыдтæн. Фыссын Æрыдопæй. Пятигорскы съезды мæ равзæрстой облæ- сты Адæмон Советмæ æмæ уым кусыи. Ардæм мæ командиров- кæйы рарвыстой. Куыд у уæ зæд? Саламтæ Фатъимæтæн. Кæд ницы кусыс, уæд рацу тагъд, хорз бынат ис Советы... Рацу æмæ нын нæ уъшаффæтæ базонай. Мæ адрис: Дзæуджыхъæу, фысымуат «Париж», Терчы облæстон Совет. Æз уым куынæ уон, уæд-иу бацу Бутыринмæ17 кæиæ Тæ- къоты Симопмæ18. Дæхи Алихап. ФИППАИНÆГТÆ Токаты Алиханы сфæлдыстадон бынтæ нырма сеппæт джиппы уагъд иæма сты; Лм ын цы 20 фыстæджы’ мыхуыр кæнæм, уыдон æфснайд сты ЦИГРИ-йы архивы (27 фонд). Алихан сæ фыста дыууæ ’взагыл: хаттæй- хатт-иу уыцы иу фыстæджы дæр иу æвзагæй иннæмæ рахызти — куы иро- 9 Мах дуг № 7-8 129
нæй уырыссагмæ, куы та уырыссагæй иронмæ. Фыстæджыты ис стилисти- ’ кои орфографион рæдыдтæ, уæлдайдæр уырыссаг хъуыдыйæдты. Уыцы рæ- дыдтæ сраст кодтон. Ноджы фыстæджытæ средакци кодтон, сæ апмæ, сæ хъуыдытæм сын нæ бавнæлдтон, афтæмæй, уырыссагау фыст чи уыд, уыдо** та раивтон нрон- æвзагмæ. Фыстæджыты фембæлæм Алиханы хæстæджыты, æроадæлты, зонгæты нæмттыл. Мæ бон сбæрæг кæнын кæй бацис, уыдон нысан кæнын ам. 1. Токаты Лизæ —Алиханы хæстæг æрвад, сидзæр чызг, царди Дæргъæв- сы, поэты бинонтимæ. 2. Æндыри — Токаты лæппу, уыди Фыццаг дунеон хæсты, урядник. З.Текко — Токаты лæппу. 4. Гадæкк — Алиханы кæстæр æфсымæр, амарди тифæй Алиханæй чы- сыл раздæр. 5. Цомайты Харлампи — Хадзырæт дæр æй хуыдтой, зынгæ æхсæны ку- сæг, журнал «Чырыстон цард»-ы редактор, тæлмацгæнæг, амардтой йæ иу адæймаджы культы заман. 6. Æго — Алиханы фыдыфсымæры — Темырболаты — мад, Алихан ден- джызон скъолайы ахуыр кæнгæйæ цард уыдонмæ. 7. Асæ — Алиханы æрвад æмæ сыхаг. 8. Къутæрты Сабан (Сабазджери) — зынгæ революционер, Алиханы æрдхорд. 9. Æвз-вæндаг-дзуар — Æвзæндаг, дзуары ном, йæ кувæндон ис Куырт- таты комы. 10. Нæ «интеллигеит ахуыргонд старшинаимæ мæ хъуыддаг хорз нæ цæуы.— Ам Алихан кæны Хæдзарæгаты Ханджерийы кой. Уый уыдИчДæргъ- æвсы хъæуыхицау. 11. Тепсырхан, кæнæ Тепсыр —йæ æцæг ном Тепсарыхъо, дæргъæвсаг ахуыргæнæг. 12. Дзыцца —Алиханы мад, йæ æцæг ном Дзго, амарди поэтæй дыууæ къуырийы раздæр. Алиханы хуыдта «Лæппу». Алихан райгуырди, Дзго То- кятæм чындзы куы ’рцыд, уымæй авд азы фæстæдæр. 13. Мамсыр — Хабæты лæппу. «Хабæты Мамсырæн»,— афтæ хуыйны поэ- ты æмдзæвгæтæй иу. Фæстæдæр Мамсыр ралыгъди Фарныхъæумæ, уым амар- дн зæрондæй. 14. Леза — Токаты Темырболаты бинойнаг. 15. Алмахситт — Тамбиаты лæппу, Дæргъæвсы йын уыди дукани. 16. Верæ — Мæхъиты чызг, Алиханы уарзон, ахуыргæнæгæй куыста Хъо- баны. Фæстæдæр афтыди Ростовмæ, мæлгæ дæр уым акодта. 17. Бутырин — зынгæ революцион архайæг. 18. Тæкъоты Симон — зынгæ революцион архайæг. ХЪОДЗАТЫ Æхсар.
АРБИАТЫ ХАТÆХЦЫХЪО* УÆГЪДИБАРЫ ЦАРДМÆ БÆЛЛЫДТÆН Фæрæз Акæс, хур дæр тагъд изæрæй Агуры куыстæй æнцой. Адæм хистæрæй, кæстæрæй Алы ран кæнынц фæллой. Иу ран алы хатт æгуыстæй Ма бад уалдзæг дæр, сæрд дæр. Æмæ алы ’хсæв æртхуыстæй Ма уай хъæуы ’хсæн ды дæр. Исбон бирæ фаг нæ кæны, Зон мæгуырæй дæр æгъдау Æмæ адæмы æхсæны Стыр уай, бонджын уай лæгау. Фæлæ исбонджын лæгæйдæр Сидзæр мæгуырмæ дæр кæс, Цæр æппæтимæ зынæй дæр, Кæн цæрынæн дæр фæрæз. Бæгæны Бæгæны дын, мæ хург куынæ уа, Уæд-иу къуымæлыл дæр æрвæсс. Фæлæ, дæ къуымæл дæр куы фæуа, Уæд та-иу суадонæй ысхæсс. 1 Арбиаты Хатæхцыхъойы райгуырдыл сæххæст 100 азы. Йæ царды ха- бæрттæ, йе ’мдзæвгæтæ йын кæс «Мах дуджы» (№ ]\, 1991) æмæ «Рæст- дзинад»-ы (14.09.91). 131
Кæраз Амондджын никæй ысхонин мæ разы, Хохы цæргæсæй, уæгъдибарæй дард Хохрæбын хъæуты сæр агъуыст-кæразы Хибар æнцадæй куы ’рвитин мæ цард! Бонæй-æхсæвæй æнкъард бæрз бæлæстæ Дымгæ мæ сæрмæ куы змæлын кæнид, Æмæ йæ сагъæс, йæ сусæг ныхæстæ Уыдонæй алчи куы никуы æмбæхсид! Сау хохы домбай цæргæс-иу куы ’ртæхид Кæразы дуармæ изæрæй мæнмæ Æмæ-иу исты хабæрттæ куы зæгъид, Кæмтты куыд ысты нæ Иры дзыллæ. Сау талынг мигъ-иу æнкъардæй, æмырæй " Арæх куы ’мбæрзид мæ цæрæн мæсыг. Алы ран кæмтты уæлхохæй, быдырæй Ставдæй куы кæлид йæ бирæ цæссыг. Даргъ хæххон уазал зымæг-иу уад хæхты Арæх куы дымид дзыназгæ, кæугæ, Алы ран æрхыты, хъæды гæмæхты Арф митæй бирæ хъæпæнтæ кæнгæ. О, уæд мæ рыст уд æнцаддæр æрлæууид, Нал кæнид зæрдæ уæд дунейы хъаст. Кадджытæ бирæ мæ сæрмæ æрцæуид, Ферох мæ уаид мæ зæрдæйы маст. Искуы Кæд искуы бамбарай чысылгай Дæ хъæу, дæ адæмы, дæ цард, Уæд ма кур амондæй дынджыр хай.. Цъиутæ Уайтагъд та урссæр зымæг Уазал æнкъардæй æрцæуы. Зымæджы мæргътæй нæ лæууы Му дæр нæ хæхты цæрæг. Махæн.дæрнал и лæууæн, Адæмнæ се ’ппæт хъыгдарынц, Туджджын ызнæгтау нæ марынц, Мал нын и хæхты цæрæн!.. Махæн зынтæй у нæ цард, Уый ныр нæ балхон дæр зоны, Уымæн нæ алы ’хсæв хоны Ардыгæй хъарм хæхтæм дард.. Мах дæр сæрибар бæстæм Атæхæм балхоны фæстæ, Уадзæм æндæртæн нæ бæстæ... Атæхæм, бархи куы стæм! 132
Ахæм бæстæтæ кæм и, ’ Адæм нæ зардмæ кæм хъусой, Афтæмæй иумæ кæм кусой, Уыцы ’рдæм айсæм нæхи! Хæлар Мæ уарзон лымæн! Фыд-зæрдæ лæгæн — Ды макуы фæкæн Дæ зæрды дзырдтæ, Дæ уарзон фæндтæ, Дæ сыгъдæг сæнтта\ Дæ зæрдæйы дуар Ды фидар-иу дар, Мæ уарзон хæлар! Тыхсты бон Кæд дæм дæ тыхсты бон нæ уыдтæн Кæд дæм уæд не ’рцыдтæн, уæддæр Ныр абон дард ранæй æрцыддтæн, Дæ хъыгыл хъыг кæнын æз дæр. Мæнæй-иу ма райс ды дæ хæс, Мæнæн-иу мацы кæн фыддæрæйу Фæлæ-иу исты хос хуыздæрæн Мæ тыхстæн искуыцæй æрхæсс. Кæд искуы бахауон зын ранмæ, Мæн дæр кæд бахъæуа дæ сæр, Уæд ма ’ркæс ацы тыхст заманмæ, Фæлæ мæм-иу фæзын ды дæр. Кæннодæ фесæфой æдзардæй, Кæмæ нæй бирæйы æгъдау, Куынæ-иу гуыриккой фæлтауг Æдзух ма чи сайы мæнгардæй, Нæ рисс кæй нæ судзы зынгау. Ахæст Куы уаин уæсъдибар мæ дзырдæй, Уæд хъуысид мæ хъарæг бæргæ, Мæ хъару мæм уаид æмбырдæй, Мæ фæндыр кæнид уæд цæгъдгæ. Кæд исчи мæ сæрыл ысдзуры, Кæд базоны уый дæр мæ рис, Уæд иумæ æмгуыппæй лæбуры Æлвæст гæрзтæй махмæ фæдис* Кæд бирæтæн тухи ’мæ мастæй Сæ зæрдæ мæ хуызæн у тар, Уæддæр сыи мæ фæндыры хъазтæй Æрхæссин æз цин æмæ ’хсар. Æмзондæй кæ уайтагъд æрцахсьшцг Рæстæй-иу сæм хъиамæт кæнæм, Фæйнæрдæм нæ иугай фæласынц, Æмæ-иу фыдбонтæ уынæм. Кæд искуы мæ зæрдыл æрлæууы Æнцойад, сæрибары дуг, Уæд арæхгай донау фæцæуы Уæззау.цæдтæй зæхмæ мæ туг. Мах риссæм, мах сæфæм. Нæ бæстæ, Нæ дзыллæ ныл ниуынц, кæуынц. Нæ фыдгултæ иумæ нæ фæстæ Æдгæрзтæ цæттæйæ лæууыиц... №
Ныстуан Чи зоны, уайтагъд куы ’рлæууа Искуы мæ уæлхъус мæлæт, Исчи мыл рисгæ куы кæуа, Гъе уæд-иу раздæр зæгъæд: «Додой фæкæна, æдзардæй Балæууыд уайтагьд мæрдты! Тухи ’мæ сагъæсы цардæй Цардис йæ фыдыбæсты. Рухс ран дзæнæты куы бадай Райдзаст цъæх нæууыл, уæддæр Арæх дæ сагъæс, дæ катай Риссын кæндзысты дæ сæр. Сагъæс дæ сæры куы дарай, Хорз дын куы ниц’уа зæххыл, Хорзæй ма гъеуæд цы ссарай Сауæхгæд талынг бæсты!» *
БРЫТЪИАТЫ СОЗЫРЫХЪО ДЗЕДЖЫ ФЫРТ ДЗЕГ Æхсарджын Дзег тархъæдмæ цуаны куыд ацыди, хуры рæ- сугъд чызг Зæринæйы куыд ракуырдта, хæйрæджыты паддзах Бæлгъуыры куыд амардта æмæ дæлдзæхæй рухс дунемæ фæп- даг куыд райгæрста, ууыл у иæ аргъау. ЗÆРОНД ЦУАНОН ДЗЕГ ÆМÆ ЙÆ ЗÆРОНД УС АЗАУ Куырттаты сау комы, урс хохы рæбын, иу сæгæйдзаг хæ- дзары царди æмæ уыди мæгуыр зæронд цуанои Дзег йæ зæ- ронд ус Азауимæ. Зæронд Дзег цуан кодта Куырттаты саухъæды, урс хæхты .æмæ сау хæхты. Фæцуан-иу кодта бон, дыууæ боны, авд боны, сырдагуо-иу фæзылд æрхыты æмæ адæгты, фæидæгтыл æмæ :а?вæдты. Бафæллад-иу мæгуыр Дзег, фæлæ йын цы гæнæи уыд,— афтидармæй куыд аздæхтаид йæ мæгуыр хæдзармæ. Æмæ-иу æстæймаг бон æрхаста сæгуыт кæнæ сычъи, дзæбиг дыр кæнæ арс, архаста-иу сæрджын саг, хаттæй-хатт та — хъæд- даг гал дæр. Фæлæ-иу афтидармæй куы æрыздæхт Азаумæ, ахæм бонтæ дæр скодта Дзегыл. Дзег-иу цуаны куы уыд, уæд-иу зæронд Азау та хæдзары баззад æмæ йæ лæджы дзауматæ æмпъызта. Æмпъузæн æмпъу- зæныл æвæрдта æмæ æнхъæлмæ касти Дзеджы æрыздæхынмæ. Гъе афтæмæй æрвьгстой сæ зæронды бонтæ Дзег æмæ Азау. Æмæ кæд цыфæнды мæгуыр уыдысты, уæддæр сæ цардæй ни- куы рахъаст кодтой. Фæлæ сын цот нæ уыд, æмæ ууыл тынг тыхстысты. — Хох æмæ быдыры дауджытæ, иунæг сауцæст лæппу нын уæддæр радтут кæнæ та иу цъæхдзæст чызгГ Æлгъыстæй нæ 135
мæрдтæм ма барвитут, нæ мыггаг нын ма сыскъуынут! — куыв- той Дзег æмæ Азау. Фæлæ дауджытæм Дзег æмæ Азауы лæгъстæтæ нæ хъард- той æмæ сыи нæ сауцæст лæппу лæвæрдтой, нæ цъæхдзæст чызг. АЗАУÆН РАЙГУЫРДИ САУЦÆСТ ЛÆППУ Иухатт та зæронд цуанон Дзег йæ бæх Æрфæныл бабадти, йæ уарт, йе ’рдын, йæ фатдон райста, æрцауыгъта уæззау цирхъ æмæ Азауæн афтæ зæгъы: — Æз цæуын Куырттаты саухъæдмæ цуаньг. Кæд Æфса- тийы бафæнда, уæд мæ къухы исты бафтдзæни. Ды та, зæронд, ме ’рцыдмæ дон схæсс суадоиæй æмæ сугтæ æрæмбырд кæн. Куыддæр Дзег хъæды аууон фæци, афтæ Азау дыууæ къæр- тайы йемæ айста æмæ къахвæндагыл нарæг комы суадонмæ* ныццыди. Йæ иу къæрта уазал допæй байдзаг кодта æмæ йæ дурыл æрæвæрдта. Стæй байдзаг кодта дыккаг къæрта æмæ уый дæр иннæйы фарсмæ дурыл æрæвæрдта. Ныр сæ сисон æмæ ара’ст уон куыд загъта, афтæ йæ сæр разылд æмæ йæ цæстытæ атартæ сты. Ныццудыдта мæгуыр ус, йæ къæртаты .фарсмæ къæйтыл æрхауд, æм’æ йын райгуырди лæппу — сауцæст лæп-. пу рапгуырди зæронд Азауæи. Уадзыгæй лæууы Азау суадоны раз. Хур хæхтырдæм фæ- къул, æрмæст уæд æрчъицыдта. Сыстади, сывæллоны систа, йæ риумæ йæ æрбалхъывта æмæ ныккуыдта. Фырцинæй кæуы Азау æмæ дзуры: «Хæхтæ æмæ быдыры дауджытæ! Табу, уæ хорз’æ- хæй, нæ зæронды бонты нæ æнæдарæг, æнæуромæг кæй нæ пыу-. уагътат, уый тыххæй». Азауæн йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ доны къæртатæ æмæ’’хъуыдытыл фæци: «Ныр нæ хæдзары доны цъыртт куьг^ нæ йс, уæд сывæллоны цæмæй цæхсдзынæн?» Ус стыхст, йæ къæртатæн цы каена, уый нал зЬны. • Уæд сывæллон æвиппайды йæхи аивæзтытæ кодта йæ мадьг хъæбысы, зæхмæ æргæпн ласта æмæ афтæ зæгъы: "— Мæт ма кæн, нана! Ды разæй цу æмæ мын.фæндаг амон,. къæртатæ’мæ бар уадз!, Ныддис кодта зæронд Азау æмæ йæ’лæппумæ дзуры: —, Нæ, иæ, мæ хур4. Ды нырма чысыл дæ, де уæнгты хъару; нæма ис. Куыд сисдзыиæ уæззау .къæртатæ æмæ сæ ацы >трæг к-Ёахвæндагыл уæлæмæ куыд схæсдзъпгæ? Нæ, нæ, мæ къона! 136
Къæртатæ мæ бар уадз, ды та мæ фæдджийыл хæц æмæ мæ* фæдыл цу. . - « Фæлæ лæппу йæ мады коммæ нæ бакаст: къæртатæ фелвæ- ста, æмæ нарæг къахвæндагыл уæлæмæ азгъордта. Лæппу аф- тæ тагьд уадис, æмæ йæ Азау æййафгæ дæр нал кодта. ..— Фæлæуу, мæ зæрдæдарæн, дæ мадмæ! Фыдбылызæн би- рæ иæ хъæуы, исты дæ фæрисдзæни, мыййаг,— дзуры йæм фæ- стейы Азау. Лæппу .йæм кæсгæ дæр нæ ракодта. Сæхимæ куы схæццæ сты, уæд Азау къоиайы арт акодта,. уæларт дон авæрдта, хъарм донæй лæппуйы æрæхеадта, æх- сырæй йæ афсæста’, фæлмæн нымæтыл æй æрæвæрдта æмæ йæ* æрсдзармæй æрæмбæрзта. Сывæллон куы афынæй, уæд ын зæ- ронд Азау нымæтын дзабыртæ хуыйыныл æрбадти, фæлмæн тæбынæй та йын хæдои æмæ хæлаф ахуыдта. Уьгй фæстæ бæ- гæны бахсыста æмæ Дзегмæ æихъæлмæ кæсын райдыдта. Феп- хъæлмæ йæм касти авд æхсæвы. Фæлæ уæддæр Дзег зыиæг нæй* æмæ. нæй. Лæппу та афтæ тагъд рæзыд æмæ йыл цыма авд æхсæвьь æмæ авд бопы нæ, фæлæ авд азы рацыд, уыйау адынджыр. Уымæн æмæ бон уылынг рæзт/æхсæв та — дисын. ДЗЕДЖЫ ФЫРТ ФÆЦÆУЫ ЦУАНЫ - Æстæм боп зæропд Дзег æрбаздæхти цуанæй, хæдзары д’уар’мæ Æрфæны æрурæдта æмæ бахъæр кодта: — Гъей, зæропд, дуæрттæ бакæн æмæ сæрджын саджы мард: айс! Уыцы ныхæстæм сауцæст лæппу йæ хуыссæиæй’ фæгæпп ’ ласта, кæртмæ разгъордта æмæ кæрты дуар фегом кодта. Зæ- ронд Азау хæдзары астæу йæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Зæронд Дзег лæппуйы куы ауыдта, у’æд куыннæ пыддис* кодтаид. Суанг ма сæрджын саг дæр йæ къухтæй! [феуæгъд æмæ< зæххыл йæ тъæпп фæцыди. «Кæй у ацы лæппу? Æмæ к.æд лæп- пу ’нæу, уæд та^ кæд дæлимон исты у?» — йæхинымæр хъуыды кæны Дзег’ æмæ уæззау цирхъ йæ кæрддзæмæй сласта, лæп-. пуйы дзы иыццæвон, зæгъгæ. Фæлæ Азау хæдзарæй хъæргæн- гæ разгъррдта: , -~ Мæ арт бауазал, зæронд! Уый дæхи лæппу у! Арфæ ра- кæп Хурты Хурзæрииæн, хæхты æмæ быдыры дауджытæп, лæп- , пу .нып кæй радтой, нæ мыггаг нын кзгй нæ сыскъуыдтой., уыш тыххæй. 13Г
Ноджы тынгдæр ныддис кодта Дзег: — Кæцæй нын æрцыд ахæм лæппу, нæ хæдзарæй авд боны! «æмæ авд æхсæвы размæ куы ацыдтæн, уæд? Æмæ Азау йæ лæгæн радзырдта, хъуыддаг куыд уыди, уый. Бацин кодта зæронд цуанон, цирхъ йæ кæрддзæмы нытъ- тъыста, бæхæй æрхызт æмæ цæстыфæныкъуылдмæ саджы фы- дæй физонæг акодта. Дзег æмæ Азау физонæг æмæ сау бæгæныйæ фыццаджыдæр >сæ лæппуйы бафсæстой, стæй уæд сæхи дæр хорз федтой. — Усай, ныр нæ лæппуйы куыд схонæм? Хохы цæрæм, адæ- мы нæ уынæм, нæхи дæр нын ничи уыны. Æмæ нын нæ лæп- луйыл пæхи йеддæмæ ном чи сæвæрдзæн? Фæрсы лæг йæ усы. — Раст сты дæ ныхæстæ, зæронд,— загъта Азау.— Фæлæ :йыл уæддæр исты ном сæвæрын хъæуы. — Цæй, уæд та йыл мæхи ном сæвæрæм. — Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд,— сразы ис Азау. Афтæмæй зæронд Дзег æмæ зæронд Азау сæ сауцæст лæп- пуйы схуыдтой Дзег. Зæронд Дзег цуанæй куы æрбаздæхт, уæдæй бирæ бонтæ нæма рацыд, афтæ та йæхи рæвдз кæнын байдыдта: цыргъ кæ- ны йæ фæттæ, сырд хуыздæр цæмæй марой, уый тыххæй сыл ;æфтауы цæргæсы систæ. — Афои мын у цуапы цæуынæн,— загъта Дзег йæ ус Аза- уæи.— Кæннод æртæ боны фæстæ дæ уæларт цы сæвæрай, уый дæм фыдызгъæл нал уыдзæн. — Хорз,— дзуапп радта Азау.— Æз дын фæндагмæ кæр- дзын скæндзьшæн, иучыюыл та дын саджы фыд ацурдзынæн. Зæронд Дзег æмæ зæронд Азау ахæм ныхæстæ куы кодтой, уæд сæм чысыл Дзег та, даргъ бандоныл бадгæйæ, æнцад хъуыста. Ныхас цæуыл у, уый куы бамбæрста, уæд фæгæпп кодта æмæ загъта: — Дада, ды цуаны цæуынæн базæронд дæ. Ныр та æз ацæу- .дзынæн Куырттаты саухъæдмæ. Ды нæхимæ къонайы фарсмæ <бад æмæ дæ зæронд стджытæ артмæ тав. Иæ мадмæ та афтæ .дзуры: — Нана, фæсмынæй мын бахунй куырæт æмæ хæлаф, зæн- гæйттæ æмæ цухъа. Хъæддаг галы цармæй — æрчъитæ, арсы цармæй та — худ. Ноджы мын фæндаггаг дæр исты ацæттæ кæн. Мад æмæ фыд уыцы ныхæстæм æрæнкъард сты. Стæй зæ- ронд Дзег йæ лæппуйæн загъта: 438
Ды нырма æгæр ’чысыл дæ цуаны цæуынæн, арф кæрдæджы 1:ырд нæ фендзынæ, искуы фæдзæгъæл уыдзынæ. Дæ къабæзты тых нæма ис æмæ саджы мард сисын дæ бон нæ бауыдзæн. Нæ нæм хъусы Дзег: — Нал мæ фæпды, дада, фæнычы фарсмæ бадын, ауадз мæ цуаны, æмæ йæ уæд фæндагмæ рæвдзытæ кæнын байдыдтой. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы фæхуыдта Азау йæ чысыл лæп- пуйæн фæсмын куырæт æмæ фæсмыи цухъа, стæй фæсмын зæн- гæйттæ, æрсдзармæй — худ, йæ фыд та йын хъæддаг галы цар- мæй фидар æрчъитæ бахуыдта. Лæппу скодта йæ иог дзауматæ, æрбабаста йæ фыды рон, роныл уæззау цирхъ æмæ хъама æрцауыгъта, райста æрдын æмæ фæттæ. Уый фæстæ Æрфæныл саргъ бавæрдта, хордзентæ саргъы раззаг гопмæ æрфидар кодта, сау нымæт фæстаг гоп- пыл æр’баста, схон, арт æмæ зных та зæнгойы хъусы атъыста. Стæй бæхмæ сгæпп кодта æмæ фæрсы йæ фыды: — Кæдæм фæцæуыс цуаиы? Йæ фыд ын загъта: — Нæ хæдзары дуарæй цы къахвæндаг райдыдта, ууыл враст у цæгатырдæм; ма рахизырдæм фæзил, ма галиуырдæм, Æмæ бахæццæ уыдзынæ мæ зæронд лымæны æвзист хæдзар- 1мæ. Уый дын куыд зæгъа, афтæ-иу кæп. Цæугæ æмæ рæствæн- даг у! — Амондджын фæндаг, уæлахизы фæндаг дын фæуæд ал- цæмæй дæр, мæ къона! — бафтыдта ма йæ лæджы ныхæстыл зæронд Азау дæр. Чысыл Дзсг Æрфæны æрцъыччытæ кодта æмæ Куырттаты сау хъæды астæуты нарæг къахвæндагыл цæгатырдæм фæ- раст и. ДЗЕГ ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ХÆДЗАРЫ Цас фæцыдис Дзеджы фырт, чн йын цы зоны, фæлæ иуахæ- мы бахæццæ иу бæрзонд хохмæ. Кæсы, æмæ хохы цъуппыл ху- ры тынтæм дыдæр æрттивы. Уый уыди йæ фыды лымæны æв- зист хæдзар! Лæппу ехсæй ньшцæфтæ кодта йæ бæхы æмæ цæстыфæ- ныкъуылдмæ хохы цъуппыл фестади. Æвзист хæдзары дуармæ йæ бæх æрурæдта æмæ мидæмæ бахъæр кодта: — Ей, хæдзаронтæ! Уазæг нæ уадзут? Хæдзарæй рацыд урсзачъе зæронд лæту урс цухъа æмæ урс луд йæ уæлæ. 139
— Уазæг — амонды уазæг! — загъта зæродад лæг.— Дæ хæ- цæпгаёрзтæ саргъыл æрæвæр, дæ бæх бæхбæттæныл афтау, дæ- хæдæг та мидæмæ рахиз æмæ мын мæ цæхх, мæ ^æрдзынæш саход. Дзег бæхæй æргæпп кодта, хæцæнгæрзтæ саргъыл æрæ- вæрдта, идон бæхбæттæнмæ баппæрста, йæхæдæг зæронд лæ~ джы фæдыл мидæмæ бараст æвзист хæдзармæ: Урсзачъе зæронд лæг Дзеджы æрбадын кодта нывæфтыд. тулдз къæлæтджыи бацдоныл, йæхæдæг дæр æрбадт æпдæр< ахæм баидоныл æмæ йæ фæрсы.: — Зæгъ-ма мын, мæ уазæг: чи дæ, кæцон дæ æмæ дæ фæн- даг кæдæм дарыс? , , — Æз дæн дæ лымæн Дзеджы фырт, цæугæ та ракодтоц- цуаны. Ныддис кодта зæронд лæг, йæ бæзджын урс æрфгуытæ уæ- лæмæ систа, йæ цъæх цæстытæй лæппумæ бакаст æмæ та йæл фæрсы: — Æмæ зæронд Дзегæн ахæм лæппу кæц’æй хъуамæ уа? Ам куы уыд, уæдæй нырмæ ссæдз боны йеддæмæ куы нæма- рацыди! Ау, уæд мын ницы загътаид? Кæд, мыййаг^ раст н» дзурыс, мæ уазæг? . . — Куыд хъуамæ зæгъон мæнг пыхас? Баууæнд ,мыл, æ& дæн зæронд Дзеджы фырт, мæнæн дæр мæ ном хуыйны Дзег. Бон уылынг рæзын, æхсæв та — дисын. Уæд зæронд лæджы бауырныдтой уазæджы ныхæстæ, фæ- дзырдта йæ фырттæм æмæ сын афтæ зæгъы: . . . — Фысты дзуджы тæккæ нарддæр фыркъа равзарут, ар- гæвдут æй, æнæхъæнæй йæ афыцут æмæ йæ ардæм рзхæссут. Æз хъуамæ мæ лымæны фырты хорз фенон. . . . Уайтагъддæр урсзачъе зæропд лæджы фырттæ сивыры æр- бахастой фых фыркъа, фынг æрæвæрдтой Дзеджы раз> сæхæ- дæг уатæй рацыдысты. Уæд зæроид лæг Дзегмæ дзуры: — Цасдæриддæр дæ зæрдæ зæгъы, уазæг, уыйбæрц ахæрг æрмæст стæг ма аппар, стыр стæг уа, чысыл стæг уа — фынгыл сæ уадз. , , Лæппу афтæ стопг уыд æмæ бирæгъау хæрынмæ фæлæ- « бурдта, кусарт æнæхъæнæй ахордта. Æрмæст ма дзы дыууæ* æпæхсыд фæрсчы баззад. Фæлæ уыдон дæр йæ дзыппы авæрд- та,- фæпдаггаг мæм æппындæр ницыуал и, зæгъгæ. Д’зег дыууæ фæрсчы йæ дзыппы кæи авæрдта,, у^ый зæронд лæг не ’рхъуыды кодта. Дзег йæ былтæ æмæ йæ къухтæ асæрфта: — Хорз федтон мæхи, дæ минас бирæ!' 140
Уæд зæронд лæг йæ нывæфтыд къæлæтджынæй сыстад, фыркъайы стджытæ иууылдæр æрæмбырд кодта, сæ бынæтты сæ æрæвæрдта æмæ æнæ дзургæйæ Дзегмæ бакасти. Уый фæ- стæ тулдз лæдзæг райста, дыууæ фæрсчы дзы æрцамадта, иннæ фæрсчытимæ сæ фынгыл æрæвæрдта, нымæтыи ехсæй сæ æр- къуырдта æмæ загъта: — Стджытæ нард фыркъа куыд фестой, афтæ! Æмæ цаестыфæныкъуылдмæ стджытæ нард фыркъа феста- дысты. Фыркъа хæдзарæй ралыгъд æмæ дзуджы астæу смидæг ис. «Æпæхъæн фыркъа кæм ахордта, уым дзы чысыл хъару нæ уыдзæн, фæлæ уæддæр дыууæ фæрсчы кæм амбæхста, уым, æвæццæгæн, æгоммæгæс у»,— ахъуыды кодта зæронд лæг. ’Уый фæстæ фысым Дзеджы æрсдзæрмттыл схуыссын кодта, йæхæдæг та иннæ уаты схуыссыд. Райсом раджы зæронд лæг Дзеджы райхъал кодта, хорз æй федта æмæ йын загъта: — Тархъæды гакъæттæй цæуы къахвæндаг. Æхсæвæй-бонæй •йыл згъорынц алыхуызон хъæддаг сырдтæ: сагтæ æмæ сæгуыт- тæ, сычъитæ æмæ æрсытæ, бирæгътæ æмæ тæрхъустæ. Цæугæ уыцы къахвæндагыл æмраст, рахизырдæм дæр ма фæзил æмæ галиуырдæм дæр, фæлæ сырд амарай — нæ зонын.— Зæронд лæг сфæнд кодта лæппуйы бафхæрын, дыууæ фæрсчы кæй ам- бæхста, уый тыххæй.— Иу рæстæджы бахæццæ уыдзынæ пылы- стæгæй конд хæдзармæ, уый уыдзæн сырдты хицау сохъыр Æфсатины хæдзар,— кодта йæ ныхас зæронд лæг.— Дæхи йыи-иу бацамон, хъæдмæ цæмæн æрбафтыдтæ, уый дæр ын-иу радзур, стæй-иу ып мæнæй дæр арфæтæ ракæн. Дзеджы фырт йæ хæцæнгæрзтæ æрбабаста æмæ бæхмæ сгæпп кодта: Хорзæй баззай, мæ фыды лымæи! — Хуыздæрыл амбæл, амондджын фæндæгтыл фæхæт! — дзуапп ын радта зæронд лæг. Дзег Æрфæнмæ ехсæй февзыста æмæ йæ бæх аскъæфта Куырттаты сау хъæды гакъон-макъон нарæг къахвæндагыл. СОХЪЫР ÆФСАТИМÆ УАЗÆГУАТЫ Бирæ фæцыдаид, чысыл фæцыдаид Дзег гакъон-макъон тсъахвæндагыл, чи йын цы зоны. Фæлæ йæм иу афон хæрын æрцыди. Йæ дзыппæй фæрсчытæ фелвæста, сæ дзидзатæ сын ахсыдта, стджытæ та дæлвæндагмæ фехста. Уый фæстæ йæм 141
æрцыди дон нуазын. Бæхæй æргæпп кодта, æрхмæ ныууад æмæг уазал суадонæй йæ дойны басаста. Фæстæмæ та йæ бæхыл абадт æмæ йæ фæндаг адардта. Фæцæуы къахвæндагыл Дзег, кæсы, æмæ дын уæртæ иу сæрджын саг йæ разæй фæцæуы. Дзег ыл фат суагъта. Фат сагыл иæ сæмбæлд, фæлæ бæласыл ныссагъд, саг та уыциу- гæпп акодта æмæ тархъæды фæмидæг. Цæуы Дзег нарæг къахвæндагыл æмæ та йæ разæй иу гал — дзæбидыр фезгъоры. Дзег ууыл дæр фат суагъта. Фæлæ та уыи дæр галдзæбидыры сæрты атахт æмæ бæласы иыссагъд. Цыди лæппу тархъæды астæуты, алы сырды мыггагыл æм- бæлди, фæлæ дзы иу дæр нæ амардта. «Нæ байхъуыстон мæ фыды лымæнмæ, фыркъайæ фæндаг- гаг амбæхстон мæхицæн æмæ рæстмæ нæ цæуы »мæ цуан»,— ахъуыды кодта йæхинымæр Дзег. Æмæ физонæджы бæсты хордта хъæддаг дыргътæ æмæ йæ хъару бынтондæр басасти., Афтæмæй аивгъуыдта авд боны æмæ авд æхсæвы. Дзег 1ынг сæххормаг æмæ ма тыххæй бады йæ оаргъы базыл, дыдæгътæ кæны. Æппынфæстаг æнусон тулдз бæлæсты аууонæй æрбазыпди урс-урсид хæдзар, йæ алыварс саджы сыкъатæй бæрзонд быру^ амад. Уым царди сырдты бардуаг сохъыр Æфсати. Æфсатийы хæдзар лæууыди сау къæдзæхыл, дæлджинæджы тæккæ былыл. Быкæй, арф комæй, хъуысти знæт доны хъæр. Дзег кæрты дуары цур бæх фæурæдта æмæ мидæмæ бахъæр кодта: — Бй, хорз адæм, уазæг иæ уадзут! Дзёджы хъæрмæ хæдзарæй разгъордта иу лæппу. — Уазæг — Хуыцауы уазæг! — загъта лæппу.— Дæ хорзæ- хæй, дæ бæхæй æрхиз æмæ зæронд Æфсатийы хæдзармæ сак- каг кæн. Дзег бæхæй æргæпп кодта, идон саджы сыкъатæй конд бæх- бæттæныл баппæрста æмæ лæппуйы фæдыл мидæмæ бараст. Кæсы Дзег: иу стыр уаты пылыстæг къæлæтджыныл бады со- хъыр Æфсати. — Фари уæд ацы хæдзары! — загъта Дзег. — Фæрнæйдзаг у, уазæг,— дзуапп ын радта Æфсати! Æфсати Дзеджы æрбадын кодта пылыстæг ’бандоныл æмæ йæ бафарста: — Чи дæ, кæцæй цæуыс, стæй кæдæм? — Æз дæн Дзег, зæронд цуанон Дзеджы фырт. Цæугæ та- кæнын Куырттаты саухъæдмæ цуаны. Æфсатийы нæ бауырныдтой Дзеджы пыхæстæ, йæ бæзджыл сау æрфгуытæ бæрзонд систа æмæ афтæ зæгъы»: 142
— Авд æмæ ссæдз боны йеддæмæ нæма рацыди, дæ зæронд: фыд мæ хæдзары куы уыд, уæдæй нырмæ. Ныртæккæ кæм ба- дыс, уым бадт, афтæмæй хъаст кодта: хох æмæ быдыры дау- джытæ мын, зæгъы, нæ лæппу аккаг кæнынц, нæ чызг. Уæд. ьш ныр дæуыйа-с фырт кæм уыди? — Мæ ныхæстæй мæнг ницы у, баууæнд мыл. Дада цуаньг куы уыд, æз уæд райгуырдтæн, æмæ мæ уый нæма зыдта. Куы райгуырдтæн, уæд бон уылыиг рæзыдтæн, æхсæв та — дисын. Æмæ уымæн афтæ адыиджыр дæн,— бамбарын кодта Дзег. — Тынг æхсызгон мын у ;дæ (фенд. Кæд зæропд Дзег йæ зæронды бонты уæддæр базонид фырты ад,— загъта Æфсати.— Ныр уал исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй райсом раджы, хур куы нæма скæса, уæд цуаны ацæудзынæ. Æфсати йæ уазæгæн аргæвста тæнкæ парддæр дзæбидыр æмæ йæ æнæхъæнæй сфизонæг кæнын кодта. — Нæ цæхх æмæ нын нæ кæрдзынæй саход. Æрмæст стæг ма аштар, стыр стæг уа, чысыл уа — се ’ппæты дæр фынгыл æвæр,— загъта Æфсати, йæхæдæг иннæ уатмæ рацыди. Æфсатийы базонын фæндыд, йæ уазæг коммæгæс у æви нæу. Дзеджы фырт афтæ æххормаг уыд, æмæ дзæбидыр æнæхъæ- нæй ахордта, æрмæст ма дзы дыууæ фæрсчы фынгисæггаг фæуагъта. Мæхицæн дзы фæндагмæ амбæхсин æмæ та мæ цуан куы нæ фæрæстмæ уа, зæгъгæ, йæ пыфс пал бахаста -кусартæй хай амбæхсын. Уый фæстæ иу кæхцы дзаг уазал дон ануæзта,. йæ былтæ асæрфта æмæ æнхъæлмæ кæсы. Æфсати Дзеджы цурмæ бацыди, стджытæ банымадта æмæ, æххæст куы разындысты, уæд сæ æнæдзургæйæ иумæ æрæвæрд- та, нымæтын ехс райста, стджытæ дзы æрцавта æмæ нард, къуыбырсы дзæбидыр фынгæй зæхмæ æргæпп кодта, кæртмæ уыциу сæррæтт аласта, кæртæй та тар хъæдмæ фехста йæхи. Уый фæстæ Дзегæн афтæ зæгъы: — Райсом раджы, куыддæр хуры тыитæ сау хъæды сæрмæ* æрбазыной, афтæ цæугæ хъæды къахвæндагыл цæгатырдæм. Фæндагыл æмбæлдзынæ алыхуызон сырдтыл. Хъæддаг галтæ- æмæ сæрджын сагтыл, сычъитæ æмæ дзæбидыртыл, тæрхъустæ æмæ æрсытыл. Дæ зæрдæ дзы кæй зæгъа, уый мар. — Бузныг дæ цæхх, дæ кæрдзыиæй, дæ рæвдауæи ныха- сæй,— раарфæ кодта Дзег Æфсатийæн. Куыддæр Æфсати ин- нæ уатмæ рацыд, афтæ Дзег æрхуыссыд æмæ уайтагъддæр тарф фынæй аци. 143-
ДЗЕГ СÆМБÆЛДИ ХУРЫ ЧЫЗДЖЫТЫЛ Райсом раджы хуры тынтæ хæхты цъуппытыл нæма андзæц выдысты; афтæ Дзег иæ хуыссæнæй фестад, уазал донæй ’йæхи! ахсадта, йæ фысымæн хæрзбон загъта, йæ бæхыл абадт æыЩ Куырттаты сау хъæды -нарæг къахвæндагыл цæгатырдæм араст^ Фæцæуы Дзеджы фырт гакъон-макъон фæндагыл. Иу æмае> дыууæ сырдыл нæ фембæлди хъæды астæу. Фæлæ сæм Дзег^ не ’вналы. Æнæхъуаджы цæмæн æвнала йæ фыды лымæн са-^1 хъыр Æфсатийы фосмæ! Иу афон æм хæрып æрцыд. «Ехх, иыр) физонæг ахæр»,— ахъуыды кодта Дзег йæхинымæр. \ Æмæ дын хъæды тарæй къахвæндагмæ иу сæрджын саг.куы* разгъорид. Дзег фат фелвæста æмæ йыл æй суагъта. Саг йэй мидбынаты хæрдмæ фæхауд, стæй зæххыл йæ тъæпп фæцыди. Дзег бæхæй æргæпп ласта, фæлтæрд цуаноиау, саг астыгъ-/ та, йæ сæр ын бæласыл ацауыгъта æмае’физонæг кæнынмæ фæ- ци. Физонæг та афтæ кодта Дзег: саджы фыд лыстæг лыгтæй, фиуы тыхта æмæ сæ бæрз уæхстыл кодта цу ипнæйы фæдыл. Сындæггай зилы Дзег йæ физонæг цæхæры сæрмæ. Сой уæхстæп тæдзы æмæ зынгтыл цъыс-цъыс кæиы, йæ тæф æгас хъæдыл апырх. Физонæг куы фæбур, уæд Дзег цъæх кæрдæгыл æрбадт æмæ хæрынмæ бавнæлдта. "Æвнппайды нæ сæрмæ базырты пæр-пæр ссыди. Скаст уæ- лæмæ. Æртæ бæлоны ратæх-батæх кæиыпц æмæ Дзегмæ дæ- лæмæ кæсынц, цыма сæ физонæг ахæрын фæнды, уыйау. «Адон махмæ бæлæтты хуызæн не сты»,— ахъуыды кодта Дзег, йæхæ- дæг сæм дзуры: — Мæ сæрмæ цы ратæх-батæх кæнут æмæ мæм цыбæлæй цы кæсут? Фæлтау мæ фарсмæ æрбадут æмæ уæ бур физопæ- гæй хорз фенон. Бæлæттæ ма иуцасæдр аратх-батæх кодтой Дзеджы сæрмæ, стæй сæхи дæлæмæ æруагътой æмæ артæн йæ иннæ фарс иу кæлдыныл æрбадтысты. — Ахæрут физонæг,— дзуры сæм Дзег. Сæ чысыл сызгъæрин цæстытæй бæлæттæ кæрæдзимæ бакас- тысты æмæ æвиппайды чызджытæ фестадысты. Чызджытæ та хуымæтæг нæ, фæлæ ахæм рæсугъд уыдысты, æмæ сæм лæг кæсынæй пе ’фсæст: сæ цæстытæ арвау цъæх, сæ дзыккутæ сыз- гъæринау æрттывтой, сæ уадултæ — туг æмæ ’хсыр, сæ ныхас та уыди суадоны сыбар-сыбурау. 1 — Æфсатийы хорзæх дæ уæд кæддæриддæр,— загътой чыз- джытæ æмæ физонæгмæ æрæвнæлдтой. 144
Дзег афтæ дис кодта, æмæ дзурынмæ дæр нал арæхсти. Цыма йе ’взаг йæ комарынджы ньюсалд, уыйау æнцад кæсы чызджытæм, фæлæ тынгдæр кæстæрмæ. Иæ цæст дзы нал исы æппын, афтæ фæцыд йæ зæрдаемæ. Чызджытæ хæрд куы фесты, уæд сæ фæрсы. — Чи стут, зæххыл цæрæг æви уæлæрвты? Æмæ кæдæм у уæ фæндаг? Чызджытæ йын дзуапп радтой: — Мах стæм Хуры чызджытæ. Тæхгæ та кодтам дæттæ æмæ денджызты, хæхтæ æмæ быдырты сæрмæ: адæм зæххыл куыд цæрынц, уымæ кастыстæм. Ныр здæхæм нæхимæ. Хонæм дæу дæр, Дзеджы фырт, истæмæйты дæ суазæг кæпдзыстæм. Дæ уынд тынг æхсызгон уыдзæн нæ мад æмæ нæ фыдæи дæр. Афтæ загътой чызджытæ, сæ рæсугъд цъæх цæстытæй та кæрæдзимæ бакаетысгы æмæ та æвиппайды бæлæттæ феста- дысты.' Арвмæ стахтысты, лæппуйы сæрмæ ма цалдæр зылды ^ркодтой æмæ æнусон бæлæсты аууон фесты. Дзег сæ фæстæ кæсгæйæ баззади. Бирæ фæлæууыди Дзег къахвæндагыл æнæ дзургæйæ, арвмæ кæсгæйæ, стæй загъта: — Ард хæрыи арв æмæ зæххæй, æнцад нал æрбаддзыыæн, цалынмæ Хуры чызджыты ссарои æмæ сын сæ кæстæры раку- рон, уæдмæ. ДЗЕГ ÆРТÆ ХÆЙРÆДЖЫ КУЫД . БАФИДАУЫН КОДТА Хуры хæдзары фестын, йæ сызгъæриидзьгкку чызджыты фенын Дзеджы афтæ тыигг æрфæндыд, æмæ зæгъæн дæр нæй! Арф ныуулæфыди лæппу, бæласы б’ындзæфхадыл æрбадт æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Бирæ фæбадтис афтæмæй Дзег, бирæ фæмысыди сызгъæрип Хуры чызджыты, уæлдайдæр та — кæстæр хойы. Уый фæстæ кæрдæгыл æркъул кодта æмæ тарф фыпæй аци. Йæ бæх Æрфæн та, йæ цыргъ хъустæ змæлынгæнгæйæ, хъæды уынæрмæ хъуыста æмæ алырдæм касти: искуы хæстæг хинæй- дзаг стай кæыæ æхсарджып домбай м>а уæд, зæгъгæ. Иæ барæ- джы хъахъæдта Æрфæн. Фæлæ бирæ иæ фæхуыссыди чысыл цуанон: уайтагъд бæс- тæ хъæр æмæ ахст сси. Дзег фæсæррæтт ласта. Кæсы, æмæ Æрфæн йæ разы мыр-мыр кæны. Дзег байхъуыста: лæнкæй цæуы хъæртæ æмæ хъыллист. Дзег лæнчырдæм азгъордта, нык- ^асти дæлæмæ æмæ федта: æртæ хæйрæджы цæуылдæр хъау- 10 Мах дуг № 7-8 145
гъа кæнынц, кæрæдзийы хъустæ ивазынц. — Ей, фæстæмæзæвæтджынтæ! Ей, хъилхъустæ! Адæмы зиæгтæ! — Ныхъхъæр сæм кодта Дзег.— Хъæд уæ сæрыл цы систат? Æнæ уæрстæй уын цы баззад? Хуыссын мæ цæуылнæ уадзут? Кæсут-ма ныртæккæ уæхимæ!.. Æмæ сæм Дзег фат фæцарæзта. Хæйрæджытæ фæхъус сты æмæ Дзегмæ дзурынц: — Уæ, хорз хæххон дзигло! Маргæ нæ ма акæн. Фæлæ нæ дæ хорзæх уæд, æмæ нын нæ хъуыддаг равзар. Нæ фыд куы мард, уæд нын ныууагъта æртæ хæзнайы: худы зæронд, дзæ- бидыры царм æмæ нымæтын ехс. Цы иæ кæнæм, уæддæр сæ байуарын нæ фæразæм. — Æ, даргъхъусджынтæ! Уагæр уын æцæг хæзнатæ куьг ныууагътаид, уæд та ма цы кодтаиккат: сæрыхъуын тæхгæ- тæхын чи лыг кæны, ахæм цирхъ, йе та, йæ æхст мæнг кæмæп нæ кæны, ахæм фат. Фæлæ цы сты зæронд худ, лæгуыи царм æмæ сывæллоны нымæтын ехс? Кæй хъæуынц ахæм ницæйаг дзауматæ? — Нæ, хæххон дзигло, адон цавæр дзауматæ сты, уый ды нæ зоные! — схор-хор кодтой хæйрæджытæ æмæ ныхас кæрæ- дзийы дзыхæй исгæйæ радзырдтой Дзегæн: — Ацы дзауматы хуымæтæг ма хон; уыдон болат кардæй’ дæр æмæ рæстдзæф фатæй дæр хуыздæр сты. Ацы худ гамхуд у æмæ йæ дæ сæрыл ’куы ’ркæнай, уæд дæхæдæг алкæй дæр уындзынæ, фæлæ дын дæхи ничиуал уындзæн. Дзæбидыры цар- мыл куы абадай æмæ куы зæгъай: «Кæдæм мæ фæнды, уым цæстыфæныкъуылдмæ цы фестыи», уæд кæдæм зæгъай, уым фестдзынæ цæстыфæныкъуылдмæ. Нымæтын схс дæр,— дзырд- той хæйрæджытæ,— сывæллоны хъазæн нæу. Саухъæды сырд- тæй æмæ æнæхъæп дунейы фосæй зынаргъдæр у нæ нымæтын ехс. Исты дзы куы æрцæзай æмæ куы зæгъай: «Цы мæ фæн- ды, уый фест!» — уæд дæ цæет дæр нæма фæтъæбæртт кæн- дзынæ, афтæмæй дæ фæндои сæххæст уыдзæн. Гъе ахæмтæ сты махæн иæ фыды бынтæ, хорз лæг! Ахæм диееаджы хæзпатæ куы нæ уыдаиккой, уæд сæ пæ фыдыфсымæр Бæлгъуыр цуа- нæттæй нæ байстаид. Хуыздæр лæварæн сæ нæ фыдæн нæ рад- таид. Æмæ уымæн хъаугъа кæнæм, уымæы хъæр кæпæм авд. боны æмæ авд æхсæвы. Иеты хос нын скæп, байуар ньгн сæ, дæ хорздзинад дын мыггагмæ нæ зæрдыл дардзыстæм. Ахъуыды кодта Дзег. Æркасти худы зæрондмæ, лæгуып царммæ æмæ нымæтын ехсмæ. Æмæ сфæнд кодта, хæйрæджы- тæ раст дзурынц—пæ, уый бафæлварын. — Хорз, æз уын ацы ницæйаг дзауматæ байуардзынæн.. 146
Фæлæ ма худ дæ сæрыл æркæн,— за.гъта хæйрæджыты хистæ- рæн. Куыддæр худы зæронд йæ сæрыл æркодта сæ хистæр, афтæ æрбадæлдзæх, цыма уым æппындæр никуы уыд, уыйау цыдæр æрбаци. Уæд æм Дзег дзуры: — Сис æй ныр фæстæмæ! Хæйрæг худ систа æмæ та йæ се ’ппæтдæр фыццаджы хуы- зæнæй федтой. Уый фæстæ Дзег астæуккаг (æфсымæрæн загъта: — Дзæбидырдзармыл абад æмæ мын ме ’рдын æмæ мæ фат* дои ардæм æрдав. Хæйрæджытæн сæ астæуккаг æфсымæр дзæбидырдзармыл æрбадт æмæ загъта: — Ацы хорз лæг йе ’рдын æмæ йæ фатдон кæм ныууагъта, уым цы фестын! Цæстыфæныкъуылдмæ хæйрæг æрхæццæ кодта Дзегæн йæ æрдын æмæ йæ фатдон æд фæттæ. Фæстагмæ Дзег хæйрæджыты кæстæрмæ дзуры: — Дæ хистæр æфсымæры сызгъæрин къухдарæн фестын кæн, стæй та йæ, фæстæмæ цы уыд, уый фестып кæн. Кæстæр æфсымæр нымæтын ехс йæ хистæр æфсымæрыл æрхаста æмæ загъта: — Сызгъæрин къухдарæн фест! Хистæр æфсымæр æрттивгæ сызгъæрин къухдарæн фестад. Уый фæстæ та кæстæр æфсымæр нымæтын ехсæй къухдарæн асæрфта æмæ къухдарæн зæронд хæйрæг фестад, фыццаг куыд уыд, афтæ. Хæцрæджыты дзауматæ хуымæтæг не сты, Дзег уый куы базыдта, уæд йæ зæрдæ фырцинæй скафыд. — Хъусут уæдæ,— загъта хæйрæджытæн.— Æз ныртæккæ фехсдзынæн æртæ фаты. Иу фат — хурыокæсæнмæ, дыккаг — хуриыгуылæнмæ, æртыккаг фат та цæгатырдæм фехсдзынæн. Хистæр æфсымæр хурыскæсæнырдæм æхст фат æрхæссæд; ас- тæу.ккаг æфсымæр хурныгуылæнырдæм æхст фат æрхæссæд; кæстæр æфсымæр та цæгатырдæм æхст фат æрхæссæд. Фæстæ- мæ уæ раздæр чи æрхæццæ уа, уый æртæ дзаумайæ равзардзæн, кæцы йæ хъæуа, уый. Дыккаг чи фæуа, уый иинæ дыууæ дзау- майæ равзардзæн сæ хуыздæры. Æртыккаджы та фæуыдзæн, чи ма дзы баззайа, уыцы дзаума. — Хорз нын æрхъуыды кодтай, хæххон дзигло! — бацин кодтой хæйрæджытæ. Дзеджы ныхæстæ сæм афтæ раст фæка- стысты, æмæ фырципæй хъыллистытæ, гæппытæ кæнын байдыд- той. 147
Дзег йæ фатдонæй æртæ фаты систа æмæ сæ æртæрдæм фехста: хурыскæсæнмæ, хурныгуылæнмæ æмæ цæгатмæ. Æмæ æртæ хæйрæджы æртæрдæм атъæбæртт ластой. Дзег дæр ма цæмæ æнхъæлмæ кастаид! Æрфæнмæ азгъорд- та, пымæтын ехсæй йæ æрцавта æмæ загъта: — Сызгъæрин къухдарæн фест! Æрфæн дæр куыинæ фестадаид сызгъæрин къухдарæп? Фестади, уæдæ цы! Æмæ йæ Дзеджы фырт йе ’нгуылдзыл ба- кодта, худы зæронд йæ сæрыл æркодта, дзæбидырдзармыл æр- бадт æмæ загъта: — Хуры хæдзары цы фестын! Уый адыл дзæбидыры царм арвмæ фæцыди, тархъæды æну- соы бæлæстæй бæрзонддæр, хæхтæй дæр бæрзонддæр æмæ Хуры хæдаармæ йæ пых сарæзта. ДЗЕГ СХÆЦЦÆ ХУРЫ ХÆДЗАРМÆ Цас фæтахти Дзсг дзæбидырдзармыл, чи йыи цы зоны! Фæлæ уалынмæ æврæгъты сæрмæ ауыдта бæрзоид хох, сыгъ- дæг сызгъæринæй уыди уыцы хох; йæ тæккæ цъуппыл цæхæр- тæ калдта Хуры сызгъæрин хæдзар. Дзæбидыры царм сыпдæггай йæхи æруагъта Хуры хæдза- ры фарсмæ. Дзег рахызт цармæй, иымæтыи ехсæй йæ æр- къуырдта, зæлдаг кæлмæрзæн æй фестып кодта æмæ йæ баф- снайдта йæ дзыппы; нымæтыи ехс та йæ роны æртъыста. Уый фæстæ Дзег -æркодта яуды зæронд æмæ хæдзармæ бараст. Цы уатмæ бахызт, уымæн йæ къултæ уыдысты сыгъдæг сызгъæрин, йæ зæхх — æргъæу, йæ цар та æрттывта сæууон стъалыйау. Бацыд Дзег дьжкаг уатмæ. Кæсы, æмæ Хуры сызгъæрин- дзыкку æртæ чызджы бадынц рæсугъд къæлæтджынтыл æмæ тыхулæфт кæнынц: зæххæй уæд схæццæ сты æмæ сæ фæллад уагътой. Дуары къæсæрæй бирæ фæкасти Дзег æртæ хомæ, тынгдæр та хотæп сæ кæстæрмæ.' Фæстагмæ Дзег йæ худ систа, нымæтын ехс ыл ахаста, бæ- лоны айк æй фестын кодта æмæ йæ бафспайдта йæ дзыппы. Хотæ Дзсджы куы ауыдтой, уæд фырцинæй худын байдыд- той, стæй сæ худыи кæуынмæ раивтой. Цин кæнынц хотæ, тынг- дæр та сæ кæстæр — рæсугъд Зæринæ. Хорз зыдта Зæриыæ, Дзеджы фырт сæ хæдзармæ йæ фæдыл кæй ссыди, уый. — Алæбоп æгас нæм цу, æхсарджып Дзег! — загътой хотæ. Æмæ та фырцинæй худын æмæ кæуын райдыдтой. Ныккæуынц 148
хотæ, æмæ арв мигътæй æрбахгæны æмæ уарын байдайы. Ных- худынц хотæ, æмæ арв иыррухс вæййы, сызгъæрин тынтæ зæх* хыл æрпырх вæййынц. Уыцы рæстæджы Хуры ус æвзист мæймæ уазæгуаты уыди. Кæсы æвзист хæдзары рудзынгæй, æмæ мигътæ куы арв æр* бахгæнынц, куы та фæстæмæ апырх вæййынц. Мæты бацыди Хуры ус, мæ чызджытæ куы кæугæ, куы худгæ цæмæн кæнынц, зæгъгæ. Цæстыфæныкъуылдмæ ус йæ хæдзармæ æрбазгъордта, йæ чызджытæ худгæ-кæугæ цæмæн кæнынц, уый куы бамбæрста, уæд йæхи зæрдæ дæр ныррухс æмæ семæ цин кæнын байдыдта. Хуры ус Дзеджы суазæг кодта, стæй йæ æргъæу чырыны бамбæхста, йæ лæг куы æрбаздæха, уæд æй куыннæ басудза, афтæ. ХУР ИРÆДÆН ЦЫ БАЦАГУЫРДТА Уалынмæ æризæр æмæ Хур дæр йæ хæдзармæ æрбахæццæ> Иæ къултæ сызгъæрии кæмæн уыдысты, йæ зæхх — æргъæу, йæ цар та—сæууон стъалыйау цы уатæн æрттывта, уырдæм бахызти Хурты хурзæрин. — О-о-о! Лæджы тæф мæ фындзыл уайы, не ’фсин. Ардæм ссæуыны ныфс кæмæ разынди, уыцы сæлхæр чи у, цымæ? Куыд æй басудзон, уый йæ фæиды? ’ — Лæгæн нæм йæ кой дæр нæй,— дзуапп’ын радта ус.— Уый дæхæдæг алы бæстæты сæрты хаттæ æмæ демæ лæджы тæф æрхастай. См^æсты ис Хур: — Раст нæ дзурыс, усай! Нæлгоймаг ис нæ хæдзары. Сдзу- рæд, кæннод ын фыддæр уыдзæн! Мад æмæ чызджытæ бирæ фæцархайдтой Хуры басабыр кæныныл, фæлæ уæддæр Дзеджы ссыд нæ басусæг. Æмæ йын хъуыддаг сæрæй бынмæ радзырдтой. Уæд хур ипнæ уатмæ ацыд æмæ уырдыгæй дзуры: — Ма тæрс, лæппу, æз мæ уазæджы нæ басудздзыиæп, уæлдайдæр та зæронд цуанон Дзеджы ф!ырты. — Дæ цæсгомæй рухс макуы схйцæн уæд,— бацин кодта Дзег. — Цы хъуыддаджы фæдыл нæм сæмбæлдтæ? — фæрсы йæ Хур. — Зæгъдзынæн æй, æрмæст дæуæп нæ, фæлæ дæ астæуккаг чызгæп: мæхицæн демæ ныхас кæнын ие ’мбæлы. 149
Цы базонын хъуыди Хурæн, усгур кæй у йæ уазæг, уьп1Ц Дзег хуры астæуюкаг чызгæн сабырæй дзуры: ; — Дæ фыдæн зæгъ, æмæ мын Зæринæйы раттæд. Мæ къæй-; ныхдзииад мын бахатыр кæнæд, зæронд мад æмæ мын зæронд фыд йеддæмæ ничи ис, кæй йæм бамйнæвар кæнон, уый дæр мын нæй. Астæуккаг чызг Дзеджы ныхæстæ йæ фыдæн рафæзмыдта, æфтаугæ дæр сыл ницы бакодта, æппаргæ дæр сæ ницы акод- ,та, афтæмæй. ... Æмæ Хур ахæм дзуапп радта Дзегæн: — Зын хъуыддаджы бацыдтæ, сау зæххы хъæбул. Æхсар- джын лæппу кæй дæ, уый бæрæг у, фæлæ иунæг æхсарæй ницы бакæидзынæ. Фæлтау аздæх дæ мæгуыр хæдзары къуыммæ, Ме ’рвон фæндагыл фæцæйцæугæйæ æз дæ зæронд фыд æмæ мадмæ арæх фæкæсын. Бадынц, мæгуыртæг, урс хохы рæбын сæ чысыл хæдзары дуармæ æмæ сæ цæссыгæй сæхи æхсынц, дæумæ æнхъæлмæ кæсыпæй сæ цæстытæ ныуурс сты. Аздæх æмæ сæ барæвдау. — Хатыр мын фæуæд, нæ фыдæлты æгъдау кæй халын æмæ минæвæртты бæсты мæхæдæг кæй. дзурын демæ, уый,— загъта Дзег.— Мæ зæронд фыд æмæ мады æз буц фæдардзынæн. Фæ- лæ сæм иунæгæй куыд аздæхон? Нæ, æз уый мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн. — Уæдæ мæм байхъус,— загъта Хур.— Мæ чызджы дæ цæс- тæй дæр нæ фендзынæ, цалынмæ мын мæ фосдарæн кæртытæ, мæ бонхæрæнтæ фосæй æмæ, йæ фыд физонæгæн кæмæн бæз- зы, ахæм хъæддаг сырдæй байдзаг кæнай, уæдмæ. Уыцы хъуыд- даг дæ къухы куы пæ бафта, уæд-иу дæ къах дæг ,мауал æр- бавæр ардæм, кæннод дæ фæнык фестын кæндзынæн. Дзег хъусы Хуры пыхæстæм æмæ хъыпп-сыпп нал хауы йæ дзьдхæй. — Зæринæйы мьгн сау зæххы æхсарджын фæсивæдæй чы- сыл нæ куырдта,— сдзырдта дарддæр Хур.— Мæ сыхæгтæй дæр мын æй бирæтæ агуырдтой: Мæпы фырт мæм æрбаминаа- вар кодта, Фисыимæдзæуджыты фырт. Авд хойы иунæг æфсы- мæр дæр мæм æрбарвыста. Фæлæ сын нæ радтон мæ чызджы. Хур иучысыл æнæ дзургæйæ алæууыд, стæй та загъта: — Иу æмæ мæм дыууæ хатты нæ сæрвыста йæ минæвæрт- тæ дæлдзæхы паддзах Бæлгъуыр дæр. Фæлæ æз уымæн мæ чызджы дæттын? Зæххы хæзнатæ иууылдæр йæхи бакодта. Уæлдзæхæй йæ бæстæм мæгуырты Дскъæфы æмæ сæ йæхицæи фыдгуыстыл бафтауы: хæзнатæ йын æмбырд кæныиц. Иæхæ- даёг йæ галуаны æнцад бады æмæ хæры. Хъахъæнынц æй хæн- рæджытæ, кæлæнгæнджытæ æмæ дæонытæ. Дæлдзæхы рацæ- 150
уæнтæ сæхгæдта. ,Чи йæм бахауа, уымæн раирвæзæн нал ис. Æз ын мæ чызджы куы нæ радтон, уæд ард бахордта, кæй йæ закъæфдзæн, ууыл, Уæдæй нырмæ Бæлгъуыр ме знаг у. Мæ- з1æй тынг тæрсы, уымæн æмæ йын æз йæ сау мйтæ рухс кæ- пын. Тæрсын, Зæринæйы дын куы раттон æмæ дын æй Бæл- гъуыр куы байса, йæ саудалынг бæстæм æй куы ахæоса. Хур йæ ныхас фæцис æмæ схуыюсыди. Уый фæстæ схуыс- сыдысты йæ ус æмæ йæ чызджытæ дæр. Æрмæст Дзеджы цæс- тытыл хуыссæг нæ хæцыд. Æмæ куыд бафынæй уыдаид мæ- гуыр цуаноны фырт? Уыйбæрц фос кæм ссардзæн, ууыл уыдис йæ сагъæс. * * # Райсом раджы сызгъæрин Хур йæ боны фæндагыл куы араст, уæд Зæринæ Дзегæн загъта: — Дæхи ма хæр, лæппу. Урсзачъе зæронд лæг æмæ сырдты бардуаг Æфсати дæ фыды лымæнтæ куы сты! Радзур сын дæ маст, дæ хъыг, балæгъстæ сын кæн, æмæ дын кæд мæ фыды бонхæрæнтæ байдзаг кæныны фаг фос раттикой. — Мæ цæстырухс, Зæринæ! Мæ цæсгом нæ хъæцы урсзачъе зæрондмæ мæхи равдисын. Иæ кусартæй йын дыууæ фæрсчы фæндаггагæн амбæхстон æмæ дзы æххуыс куыд ракурон. — Ницы кæны,— загъта Зæринæ.— Зæронд лæг дын ных- хатыр кæидзæни дæ рæдыд. Æрмæст фæстиат мауал кæн. Фыццаг-иу зæрондлæгмæ бацу æмæ йын дæ хъуыддаг радзур, уый фæстæ иумæ Æфсатимæ ацæут æмæ дзы æххуыс ракурут. Цæй, рæствæндаг фæу! Дзег хæрзбон загъта Хуры ус æмæ йе ’ртæ чызгæн, йæ цыл- лæ кæлмæрзæн дзæбидыры царм фестын кодта, худы зæронд йæ сæрыл æркодта, цармыл æрбадт æмæ сдзырдта: — Урсзачъе лæджы хæдзары куыд фестон, афтæ! Æмæ уыциу тахт акодта хæхтæ æмæ быдырты, дæттæ æмæ денджызты сæрты Куырттаты саухъæдырдæм, урсзачъе зæронд ’лæгмæ. ФÆСТÆМÆ ТА КУЫРТТАТЫ САУХЪÆДЫ Дзег уайтагъддæр пыххæццæ ис йæ фыды æрдхорд урсзачъе зæронд лæджы хæдзармæ. Дзæбидырдзарм цыллæ кæлмæрзæн фестын кодта, худы зæронд бæлоны айк æмæ сæ йæ дзыппы бафспайдта, йе ’нгуылдзæи сызгьæрин къухдарæн рафтыдта, жвзист бæхбæттæныл æй абаста, нымæтын ехсæй йæ æрцъьикк ласта æмæ къухдарæн Æрфæн фестад. 151
Зæронд лæгæн тынг æхсызгон уыди Дзеджы фенд. Бацин ыл кодта, кæмыты уыди, цытæ федта, цытæ бавзæрста, уыдæт- тæй йæ афарста. Дзег ын йæ хъуыддæгтæ сæрæй бынмæ радзырдта. Фæстаг- мæ йыи афтæ зæгъы: — Курын дæ, æмæ мыи баххуыс кæн. Æфсатийæ мын Ху- ры цас хъæуы, уыйбæрц фос ракур. Зæронд лæг рахиз къухæй урс зачъе адаудта, зына-нæзына нæ мидбылты бахудт æмæ Дзеджы фыртмæ йæ бæзджын урс æрфгуыты быпæй бакасти: — Фыццаг уал мын дзуапп ратт мæ фарстæн: фьгсæн хъæ~ дын фæрсчытæ кæд вæййы? Дзеджы цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт, йæ цæстытæ фы- рæфсæрмæй дæлæмæ æруагъта: — Фæндагмæ дзы дыууæ фæрсчы куы амбæхсай, уæд. — Æгайтма дæ рæдыдыл басастæ, мæ хур,— бацин кодта зæронд лæг.— Куыд кæсын, афтæмæй дæ фыдæн фыртæн бæз- зыс. Цом иумæ Æфсатимæ. Зæронд лæг æмæ Дзег сæ бæхтыл сбадтысты æмæ тархъæ- . ды гакъон-макъон фæндагыл араст сты сохъыр Æфсатим^е. Цас фæцыдысты, чи зоны, фæлæ иу афон. бахæццæ стьг Куырттаты саухъæды астæу сохъыр Æфсатийы хæдзармæ, Дзег бæхæй æргæпп кодта æмæ зæронд лæгæн æгъдынцо- йыл фæхæцыди, æмæ уый дæр æрхызт йæ бæхæй. Цалынмæ Дзег бæхты бæрзонд быруйыл- баста, уæдмæ хæ- дзарæй авд лæппуйæ разгъордтой. Лæппуты фæстæ рацыд Æф- сати йæхæдæг дæр. Зæрондлæг æмæ Дзеджы мидæмæ бакод- той. Фæлмæн сырддзæрмттыл сæ æрбадыи кодтой, саджы фыд æмæ сæ хоры кæрдзынæй хорз федтой. Стæй сæ Æфсати фæр- сы: — Мæ зынаргъ уазджытæ, цы хур, цы къæвда уæ æрбаха- ста махырдæм? — Зæгъдзыстæм дын æй, мæ зæронд ’лымæн! — дзуапп ын радта урсзачъе зæроид’ лæг æмæ йын Дзеджы хъуыддæгтæ- фæдзырдта. — Дæ хорзæх нæ уæд, Æфсати, баххуыс кæн ацы лæппу- йæн. Ратт ып, Хур цас агуры, уый бæрц хæдзары фос æмæ, сæ фыд хæрынæп кæмæп бæззы, ахæм хъæддаг сырдтæ. Æфсати æнцад фæхъуыста, стæй афтæ зæгъы: — Тынг æхсызгон «мын у де ’р’бацыд, дæ дзыхы ныхас, мæ* зондджып сыхаг! Зæронд Дзеджы фырты æрбаныл дæр мып æх- сызгон куыннæ у. Дæ коммæ -кæй нæ бакаст, уый фыццаг хатт дæр базыдтон, «Цæй, бафæлварон æй»,— загътоп æз дæр. Æмæ мæн нал фæсайдта. Уымæ гæсгæ йын ме ’ххуыс нæ б’ахæлæг 152
кæндзынæн. Мæнæ дын, мæ хур, пылыютæг уадыпдз-. Дæ бæхыл сбад æмæ къахвæндагыл цæгатырдæм араст у; пу æмæ æппы- нæдзухæй дæр уас ацы уадындзæй. Дæ фæдыл ныххал уыдзы- сты алыхуызон хъæддаг сырды мыггаг æмæ хæдзары фос. Фо- сы дзугтæн, хъомы рæгъæуттæн сæ фыййæуттæ цæудзысты сæ разæй. Ды пылыстæг уадыпдзæй уас æмæ уас æмæ дæ цыды кой кæн. Æрмæст, хъусыс, иунæг дæр дзы ма амар! Хуры бон- хæрæнтæ куы байдзаг уой сырдтæй, уæд-иу дæ уасын ныууадз æмæ сæ уæлдæйттæ æрбайсæфдзысты. Дзег раарфæ <кодта урсзачъе зæропд лæгæн æмæ сохъыр’ Æфсатийæн, пылыстæг уадыидз райста, Æрфæнмæ сгæпп код- та æмæ Куыртаты хъæды гакъон-макъон фæндагыл фæраст ис ДЗЕГ ИÆ ИРÆД КУЫД АХИЦÆН КОДТА Цас фæцыди Дзег тархъæды, чи зоны. Фæлæ иу афон йæ* хызынæй пылыстæг уадындз систа æмæ дзы ныууасыди. Дис- саджы зарæг айхъуысти тархъæды сæрмæ. Иæ фæлмæн зæл- тæ арф хызтысты зæрдæмæ; æрдз райхъал йæ фынæйæ: саухъæ- ды сæрмæ мигътæ æрбамбырд сты, æмæ зæххьгл хъарм уарын рацыди, кæрдæг йæх,и сивæзта, хур æмæ уарыны фæлмæндзи- надмæ йæ чысыл сыфтæ рараст кодта, суанг ма булæмæргътæ дæр æрыхъуыстой уыцы диссаджы уасыимæ. Стæй сæхæдæг дæр уадындзимæ æмзард л<æнын байдыдтой. Куырттаты саухъæд банкъуысти. Æнкъуысгæ та уымæн ба- кодта, æмæ фосæй æмызмæлд сси. Дзег хъæдæй цъæх-цъæхид быдырмæ рахызт. Кæсы, æмæ^ цъæх-цъæхид быдыры кæрдæг æппьгндæр иал зыны,— сырдтæ- æмæ фосы æнæкæрон денджыз фестади. Дзег дарддæр йæ цыды -кой кæны æмæ пылыстæг уадыи- дзæй уасы. Йæ фæдыл цæуынц хъæддаг сырдтæ, фиййæуттæ сæ фосы дзугтимæ, хъомы рæгъæуттæ сæ рæгъаугæстимæ. Уа- лынмæ фæхæрд кодтой сызгъæрин хохы цъупмæ, Хуры хæдза- рырдæм. Дзег сызгъæрип Хуры кæртытæ — бонхæрæнтæ фос æмæ сырдтæй байдзаг кодта, чи дзы нæ бацыд, уыдон та цæс- тыфæньгкъуылдмкз цыдæр æрбаисты. Изæры Хур сæхимæ куы æрбаздæхти æмæ йæ бонхæрæнтæ; алы фосæй дзагæй куы æрбаййæфта, уæд йæ зæрдæ бахъæл- дзæг, Дзегмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы: — Дæ ирæд ахицæн кодтай. Куыд кæсьгп, афтæмæй мытг сиахсæн бæззыс! Разы дæн дæуæн мæ кæстæр чызг Зæрипæйьг ’раттыныл. 153^
Æмæ Хурты Хурзæрин ютцр чындзæхсæв скодта. ЧыпдзæхЧ .сæвмæ æ^рбахуыдта стъалыты се ’ппæты дæр. Хистæры быиаты; _Хур йæхæдæг бадти. Иæ дæле та æвзист Мæй. Уый дæлё -^ Бонвæрион. Уыдысты дзы Авд хойы дæр, семæ та Хъазанте- мыр. Фисынмæдзæуджытæ бадтысты фынгты фисынтыл, Хъа~ „заитемырмæ хæстæг. Æппæты дæле бадти Кæрдæджы стъаль!' æмæ цъæхгомау рухсæй æрттывта. Уыдысты дзы иннæ стъа- лытæ дæр, Хур хорз кæй зопы, фæлæ адæм зæххæй кæй иæма уынынц, уыдон. ДЗЕГ ÆМÆ ЗÆРИНÆ СÆХИ ФÆНДАГМÆ РÆВДЗ КÆНЫНЦ Кæд амондджынæй ;царди Дзег Хуры хæдзары йæ рæсугъд усимæ, уæддæр^ æнкъард кæпып байдыдта, мысыд йæ райгуы- рæн бæстæ, йæ* зæронд фыд æмæ ’йæ зæронд мады, Дзег æмæ .Аза’уы. Æрфæндыд-иу æй сæ мæгуыр хæдзары къуымы фестын. _Иу бон йæхи нал баурæдта æмæ Зæринæйæн ’афтæ зæгъы: — Афон нын у .мæ мад æмæ мæ фыды хæдзармæ ’аздæх’ын. .Æгъгъæд фæуæд уæларвы цæрыиæи. Зæринæ йæ лæджы иыхæстæ йæ хотæн æмæ йæ мадæн бам- барын кодта. Мад та сæ Хурæн радзырдта. Сызгъæрин Хур фырмæстæй рафыхт: — Æз мæ чызджы сау зæхмæ нæ ауадздзьгнæп! Не знаг Бæлгъуыр дæлдзæхы кæй цæры, стæй Зæринæйы кæй куырдта, уый дæ ферох ис, усай? Уыцы сау зæрдæ хæйрæг пын нæ сиах- сы амардзæни, нæ чызджы та ныи дæлдзæхмæ фæхæсдзæни. .Зæххыл сæ бахъахъæндзынæп, фæлæ зæххы бын Бæлгъуыр мæнæй тыхджынд’æр у. Хуры ныхæстæм Дзег рамæсты. — Æз мæ райгуырæн бæстæм цæуьгн, мæ зæронд мад æмæ *мæ зæронд фыдмæ æмæ мæ ничи бауромдзæни. Кæуын байдыдтой Хуры у.с æмæ йæ чызджытæ. Сæ цæссыг- тæ тæдзынц сызгъæрип хохыл æмæ цæхджыи мæсчъы-дæттæй . згъорынц зæхмæ. — Сымах зæхмæ куы ацæуат, уæд пып Бæлгъуыр нæ буц * чызджы йæ сау бæстæм ахæсдзæн,— загъта кæугæйæ Хуры ус.— Уый ард бахордта, Зæринæйы нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ. Фæл- • тау махмæ лæуу, хуыздæр дын уыдзæн. — Нæй мын ам баззайæн,— дзуапп ын радта Дзег.— Мæ мæгуыр фыд æмæ мæ мæгуыр мад мæнмæ æнхъæлмæ кæсынæй куы бафæлладысты, кæуынæй сæ цæсты рухс куы байсыст, уяед .154
ез та ам бадон? Æз Бæлгъуырæй æппындæр ницæмæй тæрсып! Сæ сиахс коммæ нæ бакæсдзæн, уый куы бамбæрстой мад -земæ хотæ, уæд бæлццæтты фæ’пдагмæ рæвдз кæнын байдыдтой. Уæларвои хæдтулгæ уæрдоны æхсæз боиы æмæ æхсæз æх- сæвы фаг хæринаг самадтой: æртæ* къуыстилы дзаг дон, фа- раст чыргъæды уæлибæхтæ, тъæпæнæджы дзаг мыд. Уæрдоныл фæлмæндæр æмæ хъармдæры тыххæй рувасдзæрмттæ байтыд- гой. Хуры у,с загъта: — Куыддæр райсом раджы Хур йæ æрвон фæндагыл араст уа, афтæ,сымах дæр .сызгъæрии хохы •цъудпæй.уæларвоп хæд- тулгæ уæрдоны араст уыдзыстут зæхмæ. Æртæ боны æмæ æр- тæ æхсæвы уаргæ кæндзæн. Уый хуымæтæджы уарын пæ уы- дзæни, фæлæ ,мæ цæссыгтæ æмæ Зæринæйы дыууæ хойы цæс- сыгтæ уыдзысты. Æртæ бо’ны фæстæ уарын банцайдзæн, уымæн æмæ нæ цæссыгтæ байсысдзысты. Иннæ æртæ боны уæ Хур хъахъæндзæн, Бæлгъуыр йæ саудалынг бæстæйæ рацæуынмæ йæ ныфс куы’д нæ бахæсса æмæ Зæринæйы куыд нæ аскъæфа, афтæ. Хур уæм комкоммæ ньгккæсдзæни. Афтæ сæнтæф уыдзы- стут, æмæ уе ’ртæ къуыстилы дон уайтагъд бануаздзыстут, æмæ фæстагмæ дойныйæ стыхсдзыстут. Æмæ-иу, Дзег, хæдтулгæ уæрдонæй ма рагæпп кæн, суадонæй дон æрбадавыны зæрдæйæ, кæннод Бæлгъуыр Зæринæйы аскъæфдзæн. ^ХÆЙРÆДЖЫТЫ ПАДДЗАХ ЗÆРИНÆЙЫ ДÆЛЗÆХМÆ КУЫД АХАСТА Райсом раджы сызгъæрин Хур йæ æрвоп фæндагыл куы араст и, уæд Дзег æмæ Заринæ бинонтæн хæрзбон загътой, хæдтулгæ уæрдоны бабадтысты æмæ Дзеджы райгуырæн бæс- •тæ, зæроид Дзег æмæ зæронд Азауы хæдзармæ рараст сты. Ныккуыдта Зæринæйы мад, ныккуыдтой Зæринæйы хотæ, Сæ судзгæ цæссыгтæ ставд æртæхтæй æргæр-гæр кодтой, мæ- Счъы дæттæй згъорынц сызгъæрин хохæй дæлæмæ æмæ суадæт- тæй уайынц зæххыл. у\-фтæ фæкуыдтой æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы сæ уарзон Зæринæйыл æмæ се ’хсарджын сиахс Дзе- джы (фыртыл. < Æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы цыдысты арвæй зæхмæ сæ хæдтулгæ уæрдоны Дзег æмæ Зæринæ. Æмæ уыцы æртæ бопы .æмæ æртæ ’хсæвы уарынæй никуы банцад. Иннæ æртæ боны сызгъæрин Хур йæ цæхæр цæстæй афтæ тынг касти Дзег æмæ Зæринæмæ, афтæ æнтæф сын уыд, æмæ -ее ’ртæ къуыстилы дон иуиæг æрт.ахы онг банызтой. 155
Уалынмæ бæлццæттæ æрхæццæ сты зæхмæ. Мæнæ Куырт- таты саухъæд. Æрвон хæдтулгæ уæрдон фезгъоры æрдузтæ* æмæ къахвæндæгтыл. Дзег хъавы хæдтулгæйæ рагæпп кæпынмæ искуыцæй доы æрбадавыны тыххæй. Фæлæ йын Зæринæ йæ дысмæ фæлæ- бурдта. Хæдтулгæ уæрдон дарддæр тулы æмæ тулы. Кæсы Дзег — хъæды дымæгмæ хæстæг фæцæуы иу лæппу. — Уæ, хорз лæппу! — хъæр æм кæны Дзег.— Мæнæ иын ацы кæхцы дон æрбадав, дойныйæ мæлæм", — æмæ кæхц лæп- пумæ фехста. Лæппу кæхц тæхгæ-тæхын рацахста, пыхсмæ бауади, цæсты- фæныкъуылдмæ хæдтулгæ уæрдон баййæфта æмæ Дзегмæ дзаг кæхц слæвæрдта. — Æлгъыст фæу дæ доиимæ,— фæхъæр ыл’ кодта Дзег,, æмæ кæхц фæсвæндагмæ фехста: кæхцы уаллæттæ, кæлмытæ* æмæ хæфсытæ æмызмæлд кодтой. Хæдтулгæ уæрдон тулы дарддæр, Дзеджы хæдзар та хæстæ- гæй-хæстæгдæр кæны. Фæлæ Зæринæ æмæ Дзег дойныйæн нал фæразынц. Афтæ- сфæлмæцыдысты, æмæ сæхи цы фæкæной, уый нал зонынц. Зæринæ, цикъæйау ныффæлурс, тыхулæфт ма кæны, йæ сæр дя^лæмæ æруагъта, æнтæф ’боны йæ дидинæг куыд æруадзьг^ афтæ. " Дзег, ныр агæпп кæнон хæдтулгæйæ, куыд загъта, афтæ та> йын Зæрипæ йæ цонгыл фæхæст æмæ ныккуыдта: — Ам хæдтулгæ уæрдоны иунæгæй баззайыны бæсты амæ- лыи хуыздæр у. Дзег дæр та бадгæйæ баззад. Иуцасдæр та куы ауадысты, уæд кæсыпц, æмæ хъæдрæбын- ты <иу гыццыл чызг фæуайы, йе уæхскыл дурын. — Гъсй, хорз чызг! — ныхъхъæр æм кодта Дзег.— Доп ма: нын ава^р! Чызг æрбазгъордта хæдтулгæ уæрдоны размæ Дзегмæ йæ дурын слæвæрдта. Дзег дурынмæ уыциу лæбурд фæласта. Фæ- лæ йæ мидæг кæд уыди цъымарайы смаггæнаг дон, сау кæл- мытæ дзы æмызмæлд кодтой. Дзег дурын зæххыл нытътъæпп ласта, æмæ нынпырхытæ ис • Фæлæ уæдмæ чызг цыдæр æрбаци. Хæдтулгæ уæрдон та хъæды къахвæнадгыл дарддæр арасг и. Хур тавы фыццагæй тынгдæр, уымæн æмæ йæ цæхæр цæс- тæй хорз уыны, ныртааккæ хъæды цы лæппу æмæ чызджы фед- той Дзег æмæ Зæринæ, уыдон хуымæтæджы лæппу æмæ чызг* 156
кæй нæ уыдысты, фæлæ дæлдзæхы паддзах, Бæлгъуыр барæй фестади лæппу, стæй та чызг. Зæринæйæн, мæгуыр, дойныйæ йæ былтæ аскъуыдтæ сты. Нал у Дзегæн йæ бон йæ хъизæмармæ кæсын. Хæдтулгæ уæр- донæй уыциу сæррæтт раласта, йæ къухы къус, афтæмæй, æмæ донагур пыхсбынмæ йæхи фехста. Бирæ фенхъæлмæ каст ахæм амалмæ Бæлгъуыр. Хæдтулгæ уæрдонмæ багæпп кодта, рæсугъд Зæринæмæ фæлæбурдта æмæ йæ дæлдзæхмæ афардæг кодта. Зæринæйæн ма куыддæртæй ^бантыст йе ’нгуылдзæй йæ сызгъæрин къухдарæн феппарын .æмæ йæ Дзегæи зæрдылдарынæн хæдтулгæ уæрдоны ныууа- ,дзын. ДЗЕГ СÆМБÆЛДИ ТОХ ÆМÆ ÆТОХЫЛ Дзег уайтагъд фæстæмæ фездæхт уазал доиы къусимæ, фæ- лæ^Зæринæйы хæдтулгæ уæрдоны нал æрбаййæфта. Цавддурау фæцис мæгуыр цуанон, къус йæ къухтæй æр- хауд æмæ афтæмæй лæугæйæ баззади. Йæ саулагъз рæсугъд цæсгомыл фыццаг æнцъылдтæ уæд фæзындысты, йæ бæзджын сæрыхъуынтæй фыццаг æвзист хъистæ уæд рарттывтой. Æппьшфæетаг Дзег нæ сæрыл схæцыд, хæдтулгæмæ хæстæг- дæр бацыд æмæ Зæринæйы сызгъæрин къухдарæнмæ фæком- жшмæ. Къухдарæн систа, йæ галиу къухы астæуккаг æигуылдзыл æи бакодта æмæ загъта: — Мæ мад æмæ мæ фыдæн фыртæн ма райгуыроп, цальш- :мæ Зæринæйы ссароп æмæ Бæлгъуырæй мæ маст æмæ адæмы маст нæ райсон, уæдмæ мæхицæн рухс куы фенын кæнон.— Иæхææдг Куырттаты саухъæды гакъон-макъон къахвæидагыл дарддæр ацыди, хæдтулгæ уæрдоп та уым ныууагъта. Иу афон Дзег ’бахæццæ иу æрдузмæ. Æрдузы астæу стыр ^рты алыварс бадынц дыууæ цуапопы æмæ физонджытæ кæ- нынц. — Уæ бои хорз уа! — загъта сып Дзег. — Æгас нæм æрцу! — раарфæ йын кодтой цуапоптæ дæр.— Æрбад нæм æмæ дæ физонæгæй хорз фенæм. Дзег кæрдæгыл æрбадти, фаглæ иу комдзаг дæр йæ хъуыры нæ ауагъта, иунæг ныхас дæр не схауд йæ дзыхæй. Цуанæттæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ Дзеджы фæрсынц: — Зæгъ-ма нын, хорз уазæг, чи дæ æмæ дæ фæндаг кæцыр- дæм у? 157
Дзеджы фырт цуанæттæн йæ хабæрттæ радзырдта æмæ с<е йæхæдæг дæр бафарста: — Сымах та чи стут? — Мах дæр дæ хуызæн мæгуыртæ стæм,— загътой йын уы- дон.— Чысылтæ ма уыдыстæм, афтæ нын иуцæстон уæйыг нæ^ фыд æмæ нæ мады амардта, хæдзарыл арт бандзæрста æмæ нын иæ фос аскъæрдта. Мах уæд хæрз чысылтæ уыдыстæм æмæ кæрты залмы сыфы бын бамбæхстыстæм. Уæйыг куы ацыд, уæд. тархъæдмæ алыгъдыстæм. Цардыстæм алы хъæддаг дыргъ æмæ кæрдæгæй. Куы фæхъомылдæр стэ^м, уæд хъуаз æрцахстам æмæ йæ дыгътам, уый фæстæ та сырды фыд хæрын байдыд- там. Афтæмæй ныл ацыди бирæ азтæ, фæлæ цас, уый нæхæдæг дæр нæ зонæм. Ныр нын де ’рбацыд амонды хос фæуæд. — Оммен! — загъта Дзег. Æфсымæртæ бафарстой Дзеджы: — Дæ ном та куыд хуийны? — Дзег. — Махæн та иæ хистæры Тох хонынц, нæ кæстæры — Æтох» Цæй, æмæ иумæ бацæрæм, цуан дæр иумæ кæнæм. — Бацæрæм! — сразы ис Дзег. . — Ды нæ кæстæр æфсымæр фæу,— загътой Тох æмæ Æтох. Æмæ æртæйæ дæр, фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ, сæ ныхас бафидар кæныны тыххæй, кæрдтæй сæ цæнгтæ фæлыг кодтой, фæйнæ æртæ туджы æртахы дзæбидыры сыкъайы ныттагътой, схæццæ сæ кодтой доыимæ æмæ йæ банызтой. Уый фæстæ æртæйæ дæр рацыдысты, Зæринæ кæм æрба- дæлдзæх, уыцы æрдузмæ. Уым сæхицæн хъæддаг галты цæрмттæй стыр мусонг сарæзтой. Йæ тæккæ бæстастæу ын къона скодтой, йæ сæрмæ йын рæхыс æрцауыгътой, рæхысыл та — аг. Хуры хæдтулгæ уæрдон дæр мусонгмæ æрбатылдтой. Ныр сын уыди цуаны цæуæн. Æмæ æртæ æфсымæры афтæ баныхас кодтой: фыццаг уал цуаны ацæудзысты Æтох æмæ Дзег, хистæр æфсымæр Тох та мусонджы баззайдзæн, хæринаг скæндзæн æ*мæ мусонг сырдтæй бахъахъæндзæни. Дыккаг бон цуаны ацæудзысты Тох æмæ Дзег, мусонджы та баззайдзæп Æтох. Æртыккæгæм бон ацæудзысты Тох æмæ Æтох, хæрииаг скæнын æмæ мусонг бафснайын та Дзеджы бар бакæидзысты. ЙÆ ИУ ССЫР УÆЛАРВМÆ, ИННÆ ССЫР ДÆЛАРВМÆ КÆМÆН УЫД, АХÆМ ЗÆРОНД УС Дыккаг бон æртæ ’фсымæры раджы сыстадысты, уазал суа- доны донæй сæхи цæхсадтой, яходæп бахордтой. Уый фæстаг 158
Æтох æмæ Дзег цуаны ацыдысты, Тох та мусонджы баззади. Тох арт скодта’æмæ æнæхъæн аджы дзаг сæгуыты фыд сæ- вæрдта, фæнычы æртæ кæрдзыны сфыхта æмæ сын хус кæрдæ- джытæй сæ фæнык асæрфтытæ кодта. Куыддæр йæ чкуыстытæ конд фесты, афтæ мусонджы къуы- мæй цæйдæр гуыпп фæцыд, æмæ мусонг фæздæгæй айдзаг. Кæсы Тох æмæ мусонджы къуымы зæхх дæлæмæ ныххауд, æмæ дзы февзæрди арф хуынкъ. Хуынкъæй сыф-сыфгæнгæ сбы- рыди зæронд ус. Иæ иу ссыр дæларвмæ æмæ дæлдзæхмæ ных- хæццæ, йе ’ннæ ссыр та уæларвмæ, æмæ æврæгътæй фæуæл- дæр; йæ фындз, хъæрццыгъайы бырынчъы хуызæн, цыргъ æмæ* дæлæмæ къæдз. Йæ урс æрфгуыты ’бынæй йæ чысыл цæстытæ зынгтау æрттивынц. — Афойпадыл мын хæринаг кæй сфыхтай, уымæй хорз ба- кодтай,— загъта ус, йæхæдæг йæ мæллæг «къухæй æртæ кæр- дзынмæ фæлæбурдта æмæ сæ дзыхы баппæрста; аджы бас дæр’ æд дзидзатæ уыциу калд бакодта дзыхмæ. — Дæ хæринæгтæ мæ дæндæгтæ асхъауын, мæ хъуыр алæгъз кæныны фаг дæр нæ уыдысты, хорз лæг! — загъта зæронд ус Тох афтæ фæтарст, æмæ йæ бынаты сызмæлын дæр нал уæн- дыд, йе ’взаг комы бандзыг и. Зæронд ус фæстæмæ хуыпчъы ныббырыд æмæ мусонджы къуым фыццаджы хуызæн алæгъз и, цыма дзы æппындæр; хуынкъ дæр никуы уыд, уыйау. «Ныр цы бачындæуа? — хъуыды кæны Тох.— Ацы кæлæн- гæнæгæй фæтарстæн, ме ’фсымæртæ уый куы базоной, уæд фæхудинаг дæн». Фæлæ ма йын цы гæнæн уыд: йæхи срыпчын кодта Тох, хи- сæрфæиæй йæ сæр стыхта, афтæмæй мусонджы æыкъардæй бады. Уалыимæ Æтох æмæ Дзег дæр цуанæй æрхæццæ сты, фæй- пæ сæрджын саджы семæ æрхастой. — Тох, исты пыи авæр, сыдæй мæлæм,— дзурынц сæ хис- тæрмæ. — Фæрынчын дæп, æмæ æрсдзæрмттыл фæратул-батул код- тон,— загъта Тох. Хæрииаг скæпын мæ бон пæ баци. Цы ма загътаиккой фæллад, фæлмæцыд цуапæттæ. Æххор- магæй æркъул кодтой сырддзæрмттыл æмæ уайтагъд тарф фы- нæй аисты. Уымæн йæ дыккаг бон мусонджы баззад Æтох. Тох æмæ- Дзег та цуаны ацыдысты. Æ,тох аджы дзаг дзæбидыры фыд сфыхта, аст хоры кæр~ дзыны скодта, басыл дзæбæх тæфгæнаг кæрдæджытæ ныккодта, æмæ йе ’фсымæрты æрцæуынмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта. 159'
Уалынмæ та мусонджы къуымы цæйдæр уынæр ссыди, зæхх дæлæмæ иыххауд æмæ та дзы сбырыд, йæ иу ссыр уæларвмæ кæмæн уыд, йе ’ннæ осыр та дæларвмæ, уыцьг зæронд ус. Ус йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта, цыргъ фындз мусонгыл ахаста’ æмæ Æтохмæ дзуры: — Исты хæринаг-ма мын авæр! Æтох дзы афтæ фæтарст, æмæ йæ дзых схæлиу кæиын дæр йæ бон нал баци. Уæд зæронд ус рæхысæй аг райста æмæ йын йæ дзндзатæ æд бас йæ дзыхы бакалдта, аст хоры кæрдзыны фæд-фæдыл дзыхы баппæрста, цыма хъæдуры гагатæ уыдысты, уыйау æмæ та Æтохмæ дзуры: — Æвгъуаг, мæ дæидæгтæ асхъауыны, мæ хъуыр алæгъз кæпыны фаг дæр нæ уыдысты дæ хæрппæгтæ! — Æмæ фæстæ- мæ хуынчъы абырыди. Мусонджы къуым та фыццаджы хуызæн алæгъз и. Æтох йæхи куы æрæмбæрста, уæд хъуыды кæны: «Ныр ме ’фсымæртæ цуаиæй куы ’рыздæхой, уæд сын цы зæгъдзынæн? Цы цæсгом сæм равдисдзынæн? Зæронд кæлæигæнæгæй фæ- тарстæ, зæгъгæ, мыл нæ худдзысты? Фæлтау мæхи срынчып кæнои». Æмæ Æтох дæр пæ сæр хисæрфæнæй стыхта, схуысеыд æмæ пе ’фсымæрты æрцыдмæ æпхъæлмæ кæсы. Бирæ æнхъæлмæ кæсын æй пæ бахъуыди.— Дзег æмæ Тох уайтагъд æрхæццæ сты, æрхастой фæйнæ дзæбидыры æмæ фæй- нæ сæгуыты. Ахæм фæллад бакодтой, афтæ сæххормаг сты æмæ сæхи цæхсын дæр сæ бон нал уыди. Цуаиæттæ агмæ ныккастысты, æмæ — афтид. Тох фатæй фæнык асхъаудта, фæлæ дзы ницы. Æтох уыдæттæ уыны æмæ та ныхъхъæрзы. — Фæрынчын дæн, ме ’феымæртае,— загъта Æтох,— æмæ мæ боп нæ кæрдзып скæнын баци, нæ бас сфыцын. Æфсымæртæ æххормагæй бахуыссыдысты, уæдæ цы уыданд. Æртыккаг бои мусонджы радгæсæй баззади Дзег. Тох æмæ Æтох цуаны куы ацыдысты, уæд Дзег арт скодта, аджы æиæхъæн сæгуыты мард бафтыдта æмæ йæ рæхыеыл æр- цауыгъта. Фараст хоры кæрдзыпы ракодта, тæвд фæнычы сæ афыхта, сæ фæнык сып афу кодта, хус кæрдæджы гуцъулайæ сæ асæрфта æмæ сæ къæйыл кæрæдзийы сæрыл ацамадта. Му- сонг афснайдта æмæ йæ хистæр æфсымæртæм æнхъæлмæ кæ- сын байдыдта. Æзпппайды та мусонджы къуым дæлæмæ иыххауди æмæ дз’ы сбырыди ссырджын зæронд ус. Йæ цæстытæ сдзагъултæ кодта, Дзегмæ бакаст æмæ загъта: 160
— Хорз лæппу, дæ сæгуыты фыд æмæ мын дæ басæй куы авæрис! — Ныртæккæ дæ æз хорз фендзынæн. Æгайтма мæ конд хæринагыл æрвæссыс. Дзег фестади, зæронд усы раз æртæ кæрдзыны, сæгуытæи йæ раст æмбис æмæ иу стыр кæхцы дзаг бас авæрдта: — Фен нын нæ цæхх, иæ кæрдзын. Зæроид ус сæгуыты æрдæг æмæ æртæ кæрдзыны йæ дзыхы баппæрста, цыма стыр иæрдзынтæ нæ уыдысты, фæлæ мæнæуы гагатæ, уыйау, бас уыциу хуыпп скодта. — Цы сты адон мæнæн, æгæр-мæгуыр сæ мæ хъуыр дæр нæ алæгъз кодтон, ме ’ссыртæ сæ нæ асхъаудтон! — сбустæ кодта Дзегыл. — Æз ма дын ноджыæдр ратдзынæн, уыйас дæр хæр,— загъта Дзег æмæ та йын йæ разы сæгуыты фыд, кæрдзыи æмæ бас æрæвæрдта. Ссырджын зæронд ус фынг иуварс асхуыста æмæ Д’зегыл хъæртæ ’кæны: — Мæн дæ дзæбидыры ;фыд æппынæдр ницæмæн хъæуы, иннæ ахæм дæ кæрдзын! Цæй уазæг дæн æз дæуæн! Ды ме ’фсымæр Бæлгъуыры фесафыны тыххæй ард бахордтай,. фæлæ ма ныртæккæ дæхимæ фæкæс. Æз дæ ныр æртæ боны куы агу- рын,— æмæ йæ мæллæг къухтæ Дзегмæ бадаргъ кодта, акъа- бæзтæ йæ кæнон, зæгъгæ. Дзег æхсидав фелвæста æмæ дзы зæронд усы къух æркъ- уырдта. Ус, йæ марг сæт калгæ, Дзеджы цонгмæ фæлæбурдта æмæ дзы ныр мессыртæ ныссадзон куыд загъта, афтæ Дзег дæр йæ фыды цирхъ фелвæста æмæ усы лыстæг (къуыхтæ акодта. Мусонджы къуььмы цы хуынкъ уыд, уый афтæ гомæй баз- зади. Дзег даргъ бандоныл æрбадт æмæ йæ хид асæрфта. Уалын- мæ Тох æмæ Æтох дæр æрхæццæ сты. Фырæххормаг æмæ фæл- ладæй ма сæ къæхтæ сæ фæдыл тыххæй ласынц. — Ныр æй бамбæрстон, цæмæн фæрынчынтæ стут, уый,— дзуры сæм Дзег. Цы хъуамæ загътаиккой Тох æмæ Æтох? Сæ сæртæ дæлæ- мæ æруагътой. Дзег сæ кæй амбылдта, уый сын тынг хъыг уыди æмæ уыцы хæрам арф бамбæхстой сæ зæрдæты. Дзег йæ кæнгæ ’фсымæрты бас æмæ сæгуыты фыдæй хорз федта, уазал суар сын æрбадавта æмæ сын лыстæнтæ бакодта, йæхæдæг та ноджыæдр суармæ ацыд, æхсæвы сæ искæмæ нуа- зын (Куы ’рцæуа, зæгъгæ. Куыддæр Дзег мусонгæй ахызт, афтæ Тох йæ къæхты бы- нæй ныуулæфыд: 11 Мах дуг№ 7-8 161
— Ацы лæппу нæ фæхудинаг кодта, Æтох. Æвæццæгæн^ æмæ нæ фæндаг иу пал у. — Раст зæгъыс, Тох, фæхудинаг стæм,— дзуапп радта Æтох. — Адæмы ’хсæнмæ нын ацæуæн нал ис. Исты йЫн æрхъуыды кæиып хъæуы. — Куы ’рбаздæха æмæ куы бафыпæй уа, уæд æй амарæм,— загъта Тох. Тох æмæ Æтох сæ ныхас сиу кодтой æмæ схуыссыдысты^ сæхи фынæй окодтой. Дзег дыууæ лалымы дзаг суар æрбахаста, йæ алыварсмæ* акаст æмæ мусоиг æфснайынмæ бавнæлдта: зæронд усы мард æддæмæ раппæрста, зæхх бæрз уисойæ рамарзта, фæттæ сцыргъ кодта, сæгуытдзармæй хуыйæпдæгтæ рауагъта æмæ æрчъиты хуыды хæлттæ бахуыдта. Уый фæстæ арт скодта, саджы фыд уæларт бавæрдта æмæ кæрдзынтæ ракодта. Уæдмæ Куырттаты саухъæды сæрмæ сзынди Бонвæрпон. Хур хæхты тигътæ сызгъæрин доны атылдта, тархъæд райхъал. æмæ байдзаг цъиуты уасыиæй, сырдты уынæрæй. Дзег райхъал кодта Тох æмæ Æтохы: — Сыстут уæлæмæ, афоп у цуаны цæуынмæ. Цæмæй зыдта æхсарджын Дзег, йæ кæнгæ ’фсымæртæ Тох æмæ Æтох фынæй кæй нæ уыдысты, фæлæ æрсдзæрмтты бын кæй ныхъхъус сты йæ амарынæввонг, уый. ДЗЕГ ДÆЛЗÆХЫ БÆСТÆЙЫ Тох æмæ Æтох сæ хуыссæнтæй фестадысты, уазал суадопы донæй сæхи ахсадтой æмæ хæрыныл æрбадтысты. Бадынц æфсымæртæ фынджы уæлхъус æмæ хæрынц. Æвип- пайды сæ хъустыл ауади сылгоймаджы кæуын. — Кæцæй цæуы, цымæ? — фæдис кодтой æфсымæртæ, му- сопджы къуыммæ бауадысты æмæ хуынкъмæ ныккастысты. Хуынкъæй ницы зынди, æрмæст дзы хъуысти кæуын, дзыназын. — Цæй кæуып у, уый куы пæ базоион, уæд нæ иыууадздзы- нæн,— загъта Дзег. — Обæрæг кæнын æй хъæуы,— сразы сты Тох æмæ Æтох дæр. — Цæйут, æмæ сырддзæрмттæй уадздзæгтæ рауадзæм, бæн- дæп сæ сбийæм, искæй дзы бабæттæм æмæ йæ хуынкъмæ ауа- дзæм. Даргъ бæндæн сбыдтой æмæ фыццаг кæй ауадзой дæлæмæ, ууыл тæрхæттæ кæнын байдыдтой. 162
— Уе ’гопæты кæстæр æз дæн: фыццаг уал мæн ауадзут,—- зæгъы сын Дзег. — Фыццаг уал нæ хистæры уадзæм, уый фæстæ мæп, дæу та æппæты фæстæ ауадздзыстæм,— загъта Æтох. — Цæй, афтæ дæр фæуæд,— сразы ис Дзег. Тохы бæпдæнæй фидар сбæстытæ кодтой æмæ йæ хуыичъы ауагътой. Фæлæ йæ астæумæ хæццæ дæр нæма ныцци, афтæ хъæр кæнын байдыдта: — Тагъддæр мæ фæстæмæ сласут ацы фыдбылызы ранæй! Æфсымæртæ Тохы сластой, уæдæ цы уыдаид! Уый фæстæ сау хуынчъы ауагътой астæуккаг æфсымæр Æтохы, фæлæ та уый дæр йæ хъæлæсы дзаг хъæр кæнын байдыдта: — Тагъддæр, тагъддæр мæ сласут ацы æлгъыст ранæй! Æмæ та уый дæр сластой. Æрцыди Дзеджы рад. Уый рай- ста йæ фыды уæззау цирхъ, йæ хъæддых æрдын æд фæттæ æмæ йæ кæнгæ ’фсымæртæн бафæдзæхста: 4 — Куы ныхъхъæр кæноп, уæд мæ-иу иоджы бындæр ауа- дзут. — Ауадздзыстæм, ауадздзыстæм,— зæрдæ йып бавæрдто’й Тох æмæ Æтох. Уыдоны æндазр хуыздæр цы хъуыди! Тох æмæ Æтох Дзеджы бæндæнæй сбастой æмæ йæ хуын- чъы ауагътой. Дзег сæм хъæр кæны: — Бындæр мæ ауадзут. Тагъддæр! Тох æмæ Æтох Дзеджы бындæр ауагътой. Сæ къухты цыргъ кæрдтæ, хъуамæ æрбалыг кæпой бæндæн, Дзег дæле куыд баз- зайа, афтæ. Фæлæ Дзег йæ баст райхæлдта æмæ бынмæ ныг- гæпп кодта. Зæххы бын уыди талынг, фæлæ хорз цуаионы цæст æхсæв дæр боны хуызæн уыны, стæй сырды фæд дурыл дæр равзар- дзæн. Æмæ Дзег араст уыцы саудалынджы. Цæуы, цæуы æмæ бахæццæ пу стыр хæдзармæ. Йæ къултæ лæгъз дуртæй амад, йæ рудзгуытæ цæхæртæ калынц, йæ дуæрттæ та æфсæйнаг æмæ æрхуыпæ конд. Бацыди лæппу мидæмæ. Хæдзарæн пæ зæхх — æвзистæй астæрд, йæ цар та — сызгъæринæй. Кæдæмдæриддæр акаасы Дзег — алы ран дæр алыхуызон хæзиатæ кæритæй лæу- уыпц; афтæ бирæ сты, æмæ сын банымайæн дæр пæй. Уаты астæу стыр цырагъдарæи ауыгъд æмæ цъæх рухс кæпы. Цъæх рухс хъазы къултыл æмæ зынаргъ дуртыл. Дзег бахызт иинæ уатмæ. Уыцы уаты къултæ та, сæумæрай- сом уыгæрдæны æртæх куыд æрттива, афтæ æрттивынц. Бацыди Дзег æртыккаг уатмæ. Кæсы, æмæ дзы æртæ чыз- джы сызгъæрин къæлæтджып бандæттыл бадынц, хæкъуырц- цæгæй кæуынц. 163
— Уæ бонтæ хорд, мæ хотæ! — загъта лæппу. Фæлæ чызджытæй хъыпп-сыпп ничи скодта. — Цæуыл кæут! — бафарста сæ Дзег. Се ’ппæты кæстæр хо йын дзуапп радта: — Дæ амонд уыд, уазæг, æмæ нæм мæ хотæ, зæгъгæ, сдзырд- тан. Кæннод дæ рацахстаиккам æмæ дæ пæ мады ’фсымæр Бæлгъуырмæ йалæууын кодтаиккам. Уый дын дæ туджы æм- бис сцъырдтаид, уый фæстæ дæ йæхицæн фæкусын кодтаид, де ’мбæстæгты куыд кусын кæпы, афтæ. Тæригъæд дын кæнæм æмæ уал ын дæ кой пе окæндзыстæм. Нæ куыды сæр та ууыл у, æмæ нын хурджып бæстæйы чидæр нæ мады амардта. — Æмæ уæ мад уæлдзæхы адæмæн фыдмитæ цæмæн код- та? —фæрсы йæ Дзег. — Мах ын æдзухдæр дзырдтам: хурджын бæстæмæ ма цу æмæ йын йæ цæрджыты ма ’фхæр, кæннод дæ исчи амардзæн. Фæлæ нæм нæ байхъуыста. Ныр ныл нæ сау бæстæйы нæ дуне ноджыдæр нытталынгдæр. — Æ’мæ уæд афтæмæй ам цæмæн цæрут? — бафарста та Дзег. — Уæдæ цы фæуæм, хæххон лæг? — загъта кæстæр хо,— Ацы хæдзар пæ хæдзар у, нæ бæстæ та Бæлгъуыры бæстæ у æмæ нæ уый ардыгæй уадзы? — Уæдæ æз дæлдзæхмæ æрхаудтæн, Бæлгъуыры бæстæм? — пыццин кодта Дзег. — О, дæлдзæхмæ, Бæлгъуыры бæстæм. Фæлæ дæ цины сæр цæуыл у?* — Куыннæ цин кæнон! Æз афтæ фехъуыстон, Бæлгъуыр, дам, адæмæи царды’хос чи у, уыцы хæзнатæ зæххы бын бам- б’æхста, æмæ сæ ныр мæхи цæстæй фендзынæн. — Раст дын дзырдтой, уазæг, ам цы хæзнатæ ис, уыдонæн кæрон нæй. Фæлæ уыдон арф æмбæхст сты. Уæлдзæхмæ сын ахæссæн уыд, нæ мад кæй хъахъæдта, æрмæст уыцы хуынкъыл, — загъта чызг. — Æмæ уæд цæргæ та кæм кæны уæ паддзах? Кæм сты йæ хæзнатæ? Чызг йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццавта æмæ иннæ уатæй иу сатæгсау лæппу рагæпп кодта, фыргуыстæй йæ царм йе «етджытыл кæмæн бахус, ахæм. — Нæ мады ’фсымæр., нæма зоны, уæлдзæхæй иæм хæххон лæг æрæфтыд, уый. Æмæ уал уазæгæн иæ паддзахы хæзнатæ фенын кæн, уый фæстæ та йæ Бæлгъуыры галуантæм акæн. ÆргЛæст, хъусьгс, уазæджы кой макæмæн скæнай! — бафæдзæх- ста йын чызг. 164
Сау мæллæг чегъре Дзеджы къухыл ныххæцыд æкæ ’йæ ’уыр- дыгæй акодта.» Фæцæуынц иу сау доны былтыл Дзеджы фырт æмæ йæ сау чегъре. — Цæй фæдыл æрæфтыдтæ ацы æиамонд бæстæм, хорз лæппу? — бафарста сау чегъре.— Чи дæ æмæ ам цы агурыс? Дзег йæ сау чегърейæн сæрæй-бынмæ фæдзырдта йæ ха- бæрттæ. Ныццин кодта сау чегъре, йе ’нкъард цæстытæ хъæлдзæг æрттывд скодтой, зæрдиаг арфæтæ фæкодта Дзегæн, Уæд æй Дзег дæр бафарста: — Ды та куыд æрæфтыдтæ ардæм, хорз лæг? Стæй чи д& æмæ кæм цардтæ? — Æз дæр, дæ хуызæи, кæддæр мæ дыууæ æфсымæримар хурджып бæстæйы цардтæн. Нæ хйстæр æфсымæр цуаноп уыдн, астæуккаг æфсымæр хорз арæхст хæсгард æмæ судзинæй, æ$ та уыдтæн зæрингуырд. Уыди нæм цыппар хæзпайы: дзæбцды- ры царм, нымæтын ехс, худы зæронд æмæ сызгъæрин чырын* Дзæбидыры цармыл-иу куы абадтакю, уæд дæ уайтагъд кæдæм загътаис, уырдæм бахæццæ кодтаид. Худы зæронд æркæн, уæд дæ уынгæ дæр ничиуал фæкодтаид, нымæтын ехсæй та исты куы æрцавтаис, уæд цæстыфæны’къуылдмæ, цы дæ бафæнды; даид, уыи фестадаид. Сызгъæрин чырын та мардæгасгæиæп уыд: мард дзы куы цæвæрдтаис, уæд фæстæмæ райгас уыдаид, Фыдзæрдæ Бæлгъуыр нын иæ хæзнатæ байста, нæ хæдзар нын басыгъта, йæ фæнык та йын дымгæмæ ныддардта. Нæхи нып ацы сау бæстæм æрхаста. Æмæ’фыргуыстæй фыццаг нæ хистæр æфсььмæр амарди, уый фæстæ нæ астæуккаг æфсымæр. Бæлгъ- уыр дзæбидыры царм, худы зæронд æмæ иымæтын ехс йæ хи’о тæр æфсымæрæи радта, сызгъæрин чырын та йæхицæн ныу- уагъта. Ныр Бæлгъуыры хистæр æфсымæр амард æмæ нæ хæз- натæ йе ’ртæ фыртæн баззадысты. — Уыцы хæзнатæ хæйрæджытæм иал сты, фæлæ мæнмæ,— загъта Дзег. Ноджы тынгдæр сæрттывтой сау чегърсйы цæстытæ, йæ ципæп кæрон нал уыди. Зæрдиаг арфæтæ фæкодта æхсарджын Дзегæн, стæй йæ акодта сау цæугæдоны былтыл уæлæмæ. Кæсы Дзег, æмæ мæллæг, фæлмæцыд адæм сæ хид калгæ, допы бынæй урс æрттиваг зынаргъ дуртæ исынц æмæ дзы æнæ- хъæн кæритæ амайынц. Иннæтæ æхсынц сызгъæринджыи змис æмæ дзы цы сызгъæрин равзæры, уый дæр æнæхъæи хæхтæй æмбырд кæнынц. Бæстæ хъæр æмæ ахст, дзолгъо-молгъо, къуырцц-къуырцц æмæ хъыррыстæй байдзаг. Зынаргъ дуртæ æмæ дзы æндæр алыхуызон хæзиатæ афтæ бирæ уыд, æмæ т
Дзег йæхипымæр^ ахъуыды кодта: «Диссæгтæ! Цымæ ацы сау/^ бæстæйы уыйбæрц хæзнатæ кæцæй æрæмбырд ис? Адæм сæ ^ цыры онг цæуьышæ зонынц?» - " Л; Бирæ фæлæууыд Дзег уыцы ран, бирæ фæкаст æфхæрд, \ куыствæллад мæллæг адæммæ, æмæ та дарддæр араст сты. Сау •; чегъре цæуы Дзеджы разæй æмæ йыи æвдисы сызгъæрин хæх-\ тæ, æвзист æмæ алмасийы хæхтæ. — Гъæй-джиди, ныр Бæлгъуыры амар æмæ ацы хæзнатæн Хуры рухс фснын кæи,— зæрдиагæй загъта сау чегъре.— Уæд зæххыл мæгуыртæ нал уаид. Бæлгъуыры æпæкæрон хæзнатæ адæмы баупккой. Чегъре иучысыл æпæ дзургæйæ алæууыд, стæй Дзегæн загъта: — Дæ размæ ис дыууæ фæндаджы. Иу фæпдаг — уæлдзæх- мæ, бонырухсмæ, Хур цæхæртæ кæм калы æмæ кæддæр æз дæр кæм цардтæн, уырдæм. Уый æнцон фæндаг у, лæмæгъты фæн- даг. Иннæ фæндаг та — Бæлгъуыримæ тох кæныны фæндаг — уый уæззау фæпдаг у, мах фæндаг. Гъемæ фæстæмæ уæхимæ здæхыс æви Бæлгъуыры ныхмæ слæудзынæ? Дзег сау чегърейы къух райста æмæ йын æй тыхджын цæл- хъывта.. — Дзырд дын дæттын æфсымæр, нæхимæ кæй иæ аздæх- дзынæн, уый тыххæй, æз хъуамæ сымахимæ уон. Фæлæ ма мын зæгъ, Бæлгъуыр кæм цæры æмæ йын амарæн куыд пс? — Йæ амарын æнцон хъуыддаг нæу. Цæргæ ардыгæй дард кæны, сау сойы фурд кæм гуыры, раст уыцы ран. Æрмæст дæ рох ма уæд: уыцы тугцъирæн иупæгæй ницы бакæпдзынæ. Йæ- хицæн уацайраг кæъ скодта, хæзнатæ йын чи æмбырд кæпы, æрмæст уыцы адæмы æххуысæй басæтдзынæ Бæлгъуыры. ЦЫ ФЕДТА ДЗЕГ ДÆЛДЗÆХЫ БÆСТÆЙЫ Фæцæуынц Дзег æмæ йæ чегъре сау фурды былтыл. Сæ алы фаре быдыртæ, саухъæдтæ, саусауид хæхтæ. Уынынц сау суа- дæттæ æмæ сау цадтæ. Сау та уымæп сты, æмæ сæ дон нæй, фæлæ зæххы сау-сауид сой. Хур дæр сæм арвæй кæсы, фæлæ, уæлдзæхы Хурау, сызгъæ- рин нæу а бæстæйы Хур. Дæлдзæхы-Хур цъæх у, йæ рухс дæр цъæх. Хур кæсгæ кæпы, йæ цъæх рухс дæр тауы, фæлæ æндав- гæнæ кæны æппындæр. Фурдæн йæ фæрсты стыр хæхтæ арвмæ фæцыдысты, хæхтæн сæ иутæ митау урс сты, ипнæтæ æвзалыйау сау. Ис дзы бур 166
хæхтæ, сырх хæхтæ, кæрдæгхуыз хæхтæ дæр. Д’зег базылд иу хохы фахсмæ. Кæсы, æмæ æнæхъæнæй дæр кæд у дурæвзалы. Араст сты Дзегитæ дарддæр, æмæ та мæнæ сæ размæ февзæрд æндæр хох. Уый уыди здыйы хох. Уый фæ- стæ федтой æрхуыйы æмæ æфсæйнаджы хæхтæ. Цæуынц Дзег .æмæ йæ чегъре, фæлæ уыцы диссаджы хæхтæн кæрон нæй. Цъæх Хур сау арвыл куы фæкъул, уæд Дзег йæ сау чегъреи- ыæ иу хъæумæ бахæццæ. Фæлæ хъæуы мидæг змæлæг нæй. Æрмæст хъæугæрон иу сау хæдзары, дурæвзалыйы фæзгъæр- тæй кæй самадæуыд, ахæмы баййæфтой иуиæг зæронд лæджы. — Уæ, æгас нæм æрцæуай, хурджын бæстæйы цæрæг! — •бацин кодта зæронд лæг. — Цард дын бацайдагъ уæд, хорз лæг! — дзуапп ын радта Дзег. — Ацы талынг, мæгуыр бæстæм дæ цы фыдбылызы къах язрхаста? —бафарста зæронд лæг. — Мæгуыр хъæлæкк нæу уæ бæстæ,— загъта Дзег.— Уæ хæзнатæн кæрон куынæ ис. Арф ныуулæфыди зæронд лæг: — Раст у дæ ныхас, хорз лæппу. Фæлæ ацы бæстæ кæд хъæздыг у, уæддæр дзы амоидджынæй Бæлгъуыр æмæ йæ хæй- рæджытæ йеддæмæ ничи цæры. Стæй уыцы хæзнатæ мах куы уаи.ккой, уæддæр цы пайда сты, ацы сау бæстæйæ нын ацæуæн куы иæ ис, уæд! Уæлдзæхмæ ссæуæн хуынкъ Бæлгъуырæн йæхи хо хъахъæны, ссырджын фыдзæрдæ ус. Фæлæ, мæ хур, ды чи дæ æмæ дæ фæндаг кæцырдæм дарыс? Чегъре йын сæрæй-бынмæ Дзеджы хъуыддæгтæ радзырдта. Бæлгъуыры ссырджып ’хо мард у, уый зæронд лæг куы ба- зыдта, уæд йæ цинæн кæрон нал уыди. — Дæ хъару фылдæр кæнæд, сахъ гуырд, рæствæндаг у кæддæриддæр. Ныр уал исты ахæрут, уæ фæллад суадзут: рай- сом хъуыддæгтæ сæхæдæг сæхи амондзысты. Афтæ загъта зæропд лæг æмæ уазджыты хорз федта, стæй сæ къæйтыл схуыосын кодта. БÆЛГЪУЫРЫ ХОСДЗАУТÆ ÆМÆ ДЗЕГ Райсомæй раджы зæропд лæг йæ уазджытæм дзуры: — Тынг зын хъуыддаг райстат уæхимæ, мæ хуртæ, уæ фæн- даг хуымæтæг иæу,— уый у амоиды фæидаг. Ацæут сау фур- ды былтыл уæлæмæ, сихорафон схæццæ уыдзыстут Бæлгъуыры мæнаэугæрдджытæм, уый фæстæ йæ хосгæрдджытæм, стæй та 167
ссивджытæм. Дарддæр цы кæнын хъæуа, уый уын уым баца- мондзысты. — Хорзæй уал баззай,— загътой зæронд лæгæн Дзег. æмæ йæ чегъре æмæ сæ фæндаг адардтой. Фæцæуынц сау фурды былтыл æмæ схæццæ сты иу стыр хуыммæ. Хуымы, йæ алы гага дæр æхсинæджы айчы йас кæ- мæн уыд, ахæм мæнæу конд. Мæнæугæрдджытæ иууылдæр къæсхуыр, фыргуыстæй ныггуыбыртæ сты; сæ куыстæфхæрд къухты стыр æхсырфытæ, мæнæу кæрдынц æмæ куы кæуыи байдайынц, куы та сын æнæнхъæлæджы худын бацайдагъ вæййы. — Уæ бон хорз! — загътой сын Дзег æмæ сау чегъре. — Сымах бон дæр хорз уæд! — дзуапп сып радтой мæпæу- гæрдджытæ. — Зæгъут-ма, цæмæн афтæ у: куы кæугæ кæнут, куы та æвиппайды худын байдайут? —бафарста сæ Дзег. — Мæнæу карст куы фæуæм, уæд æй хъуамæ æрыссæм æмæ дзы скæнæм хохы йас дзул. Дзулы хуылфы хъуамæ бавæрæм ацы фæсивæдæй авд лæппуйы æмæ иу чызджы. Уый фæстæ æрбацæудзæн хæйрæджыты паддзахы нæл хуы æмæ дзул дыу- уæ комдзагæн аныхъуырдзæн. Гъе, нæ куыды сæр ууыл у„ хорз лæппу. Худгæ та ууыл скæнæм, æмæ, дам, уæлдзæхæй иу сахъ гуырд Бæлгъуыры ссырджын хойы амардта æмæ ацы сау бæе- тæйæ хурджын бæстæм фæндаг байгом кодта. Æмæ уый нæ зæрдыл куы ’рбалæууы, уæд та фырцинæй ныххудæм. Уæд сау чегъре загъта: — Мæнæ ацы лæппу амардта Бæлгъуьгрьг ссырджын хойы. Йæ ном хуыйны Дзег. Мæнæугæрдджытæ уый куы фехъуыстой, уæд Дзегыл фæ- цинтæ кодтой. Бирæ буц ныхæстæ, бирæ арфæтæ фæкодтой æхсарджын- Дзегæн. — Кæд Бæлгъуыры ссырджын хо æгас нал у, уæддæр, ца- лынмæ Бæлгъуырæн йæхи амарæм, уæдмæ нын ацы сау бæс- тæйæ аирвæзæн нæй,— дзуры дарддæр чегъре. — Дæ пыхæстæ раст сты, ие ’фсымæр, Бæлгъуырæн йæхп амарын хъæуы!—схор-хор кодтой алырдьггæй мæнæугæрд- джытæ. — Æмæ йæ куыд амарæм, куыд? — фæрсы сæ Дзег. — Уымæй хосдзауты бафæрсут. Цы уын зæгъой, уый нып- иу фехъусын кæнут æмæ мах дæр нæхиуыл нæ бацауæрддзыс- тæм. Æрмæст, хорз лæппу, тагъддæр кæн. Ныртæккæ Бæлгъ- уыр йæ чындзæхсæвмæ цæттæ кæны йæхи æмæ фырцинæй йæ сау бæстæйы цытæ цæуы, уый пал уыны. Фæлæ та чындзæхсæ- вы фæстæ йæ гаччы абаддзæн. Йæ хæйрæджьгтæ дæр æмбæхст 168
сты. Бæлгъуыры хойы амардæуыд, уый куы фехъуыстой, уæд: афтæ фæтарстысты, æмæ хæхты скъуыдты, дурты бын, бæлæ- сты мæраты æмæ уæрмыты бамбæхстысты æмæ æмризæджы ризыпц. Æндæр дын афонмæ дæ алы къахдзæф, дæ алы фæ- зылдмæ дæр кæсиккой æмæ сæ паддзахмæ дзырд хæссиккой. Дзег æмæ йæ чегъре мæнæугæрдджытæн раарфæ кодтой æмæ дарддæр сау фурды былтыл уæлæмæ араст сты. Иу афон схæццæ сты иу стыр уыгæрдæнмæ. Кæсынц, æмæ хосдзаутæ хос: кæрдынц æмæ зарынц. — Уæ бон хорз! — загъта сын Дзег. — Æгас пæм цу, уазæг! Фæлæ махæн та хорз бон цы Хуы- цау дæтты? Дæхæдæг æй нæ уыныс? — дзурынц хосдзаутæ. — Мæнæугæрдджыты кæугæ баййæфтон æмæ сæ куыды сæр цæуыл уыд, уый зонын. Фæлæ сымах цæмæи худут, уымæн ни- цы æмбарын: уыгæрдæн сымах нæу, уе ’рæгътæ гом, уæ гуы- бынтæ афтид, уæ царм æмæ уе стæг кæрæдзиуыл баиыхæсты- сты. — Раст дзурыс, хорз лæппу,,— дзуапп радтой хосгæрдджы- тæ.— Нæ цард ацы бæстæйæ талынгдæр у. Фæлæ заргæ уымæьг кæнæм, æмæ, дам, цавæрдæр цуанопы фырт Бæлгъуыры ссыр- джын хойы амардта æмæ хурджын бæстæм фæндаг байгом ис. — Уыцы лæппу уæ цуры лæууы,— бацамыдта чегъре Дзег- мæ. Дзег сæ сæрылхæцæг у, хосдзаутæ уый куы базыдтой, уæд. сæ цинæн кæрон нал уыд. Зæрдиаг арфæтæ йын фæкс^гой. — Зæгъут-ма мын, Бæлгъуырæн куыд ис амарæн? — бафар- ста Дзег. — Афтæ æнцоп амарæн пæу тыхгæиæг Бæлгъуыр. Бирæтæ фæлвæрдтой сæ тых йæ амарыныл, фæлæ сæ бон нæ баци. Бæл- гъуыр фæуæлахиз се ’ппæтыл дæр, йе зиæгты сæры къуыдыр- тæй та йе стыр галуапы алыварс бæрзонд быру æрзылдта. Уыцы пыхæстæм зæроид хосдзау загъта: — Осырджын зæронд усы чи скъуыхтæ кодта, уый Бæлгъ- уырæн йæхи дæр амардзæн. Ссивджытæм ацæуæд, æмæ йын уыдон исты бауынаффæ кæндзысты. Мах дæр нæхи фæстæмæ- нæ аласдзыстæм. Араст та сты Дзег æмæ йæ чегъре сау фурды былтыл уæлæ- мæ æмæ æппыпфæстаг схæццæ сты æидæр уыгæрдæпмæ. Уым Бæлгъуыры фæлмæцыд, куыстдомд æххуырстытæ ссывтой хос, амадтой дзы стыр цъына, сæхæдæг хæкъуырццæй кæуынц, сæ тæригъæдæй сау бæстæ ноджы саудæр кæны. — Уæ бон хорз,— дзурынц сæм Дзег æмæ йе ’мбал. — Амопдджынæн цæрут,— диуапп радтой ссивджытæ, сæ> судзаг цæссыгтæ ныхъуыргæйæ. 169
— Кæугæ та цæмæн кæнут? — бафарста сæ Дзег. — Куыннæ кæуæм, хорз лæппу.— Хос иууылдæр куы æрыс- «сивæм, уæд цъынайы хуылфы хъуамæ нæхицæй искæй бавæрæм, йæ хал кæмæн схауа, уый. Стæй йыл уæд Бæлгъуыры хъæддаг хуы йæхи раскъæрдзæн æмæ цъыиа æд лæг уыциу ныхъуырд акæндзæн. — Мæи-ма дзы цæвæрут,— зæгъы сын Дзег. — Бæлгъуыры ссырджын хойы ды кæй амардтай, уый не ’ппæт дæр зонæм. Дæ иыййарджытæ дæ хурæй бафсæдæнт. Фæлæ ды уазæг дæ, уазæджы та ахæм ранмæ ауадзын æмбæл- >гæ пæ кæны. — Цæвæрут мæ цъынайы,— загъта та сын Дзег.— Æз хъæд- ,даг хуыйы дæр амардзынæн, уыцы зæронд кæлæнгæнæджы куыд амардтон, раст афтæ. — Куыд уын зæгъы. афтæ бакæнут,— йæ фарс фæлæууыд сау чегъре. Æмæ" ссивджытæ сразы сты Дзеджы хосы цъынайы цæвæ- рыныл. Дзегæн йæ фатдон, й’е ’рдып йе ’фцæгыл, йæ фыды уæззау -цирхъ йæ астæуыл баст, афтæмæй бахызти цъынамæ. ДЗЕГ ХЪÆДДАГ ХУЫЙЫУÆЦЪÆФЫ Лæууы Дзег цъынайы астæу æмæ æпхъæлмæ кæсы Бæлгъ- уыры хъæддаг хуымæ. Æнхъæлмæ кæсы æмæ йæ фат, йе ’рдын :цæттæйæ дары. Уалынмæ зæхх ныррызти, цъыпа ныдздзойтæ кодта. Сырды комы тæф Дзеджы артау асыгъта. Æрдын æмæ фæттæ хуыйы дзыхы скъæр-къæр кодтой. Дзегæн йæхи цыдæр цънлау ныз- .зылдта, стæй сæрбихъуырæйттæгæнгæ цавæрдæр сау комы атахт æмæ фæстагмæ иу лакъон цады йæ тъæпп фæцыд. Чысыл-ма бахъæуа, æмæ дзы ма фæхуыдуг уа. Фæлæ цады былыл иу ца- вæрдæр къуыбырмæ фæгæпп ласта. Йæ алыфарсмæ куы акаст, уæд Дзег бамбæрста, хъæддаг хуыйы уæцъæфы кæн аирвæзти, уый. Фæлæ æхсарджын цуанон нæ фæтарст: йæ фыды цирхъ кæрцдзæмæй фелвæста, райдыдта цъыччытæ кæнын æмæ хуыйы гуыбынæй æддæмæ фæндаг гæрдыныл сси. Ныхъхъуыххыттытæ, ныхъхъыллистытæ кодта хуы, катай кæны, йæхи зæххыл хойы. Дзег хуыйы уæцъæфæй уыгæрдæнмæ æргæпп кодта. Хуы афтæ тынг фæтарст,, æмæ хæхты ’рдæм йæхп уыциу зыв- :вытт нылласта. 170
Ссивджытæ исдугмæ фæйнæрдæм фæпырх сты, фæлæ Дзе- джы дзæбæхæй куы ауыдтой, уæд æм базгъордтой. — Ныхджыи лæппу кæй дæ, уый бæрæг у. Фæлæ уæддæр иунæгæй Бæлгъуырæн дæр æмæ йæ хуынæп дæр ппцы бакæн- дзынæ,,— загътой йын сспвджытæ. — Раст сты уæ ныхæстæ, хорз адæм. Фæлæ мьш уæд хуыйы лмарынæн исты амал бацамонут. — Ацы хуы хæцæнгарзæн маргæ нæу, зопдæй йыл фæтых у, стæй Бæлгъуырæн йæхицæй райдайын хъæуы,— загъта ссив- джынтæй иу. — Æмæ йæ куыд райдайои, куыд? — фæрсы йæ Дзег. — Дарддæр сау фурды былтыл уæлæмæ цæугæ æмæ иу за- ман схæццæ уыдзынæ Бæлгъуыры галуаитæм. Хуры чызджы бафæрс æмæ дын уый, дарддæр цы кæныи хъæуа, уый бацамон- дзæн. Цавæр хæцæпгарзæй маргæ у Бæлгъуыр, уый куы базо- най, уæд-иу хабар махæн дæр фехъусын кæн. Дзег ссивджытæн хæрзбон загъта æмæ йе ’мбалимæ сау фурды былтыл уæлæмæ араст. ЗÆРИНÆЙЫ ЛÆГГАДГÆНÆГ ЧЫЗГ 'Фурды былтыл бирæ фæцыдысты Дзег æмæ йæ чегъре. Æп- пынфæстаг схæццæ сты Бæлгъуыры галуантæм. Цъæх Хур хæхты аууон фæци. Изæрæхсиды рухсмæ галуан- ты мæсгуытæ æмæ цъуппытæ цъæх адардтой. Быдырырдыгæй *сау мигътæ арв æрбахгæдтой æмæ саудалынг бæстæ иоджы пыт- тардæр ис. Бæрзопд быруйæ бирæ мин сæры къуыдыры сæ цæс- тыты къуырфытæй кастысты дæлæмæ, фыдырмæ. Фæлæ æхсарджын Дзег уыдæттæй нæ фæтарст, йæ маст йæ риуы ноджы тышгдæр рафыхтй; æрфæндыд æй тагъддæр Бæлгъ- уыримæ схæцын æмæ йæхпцæн цагъапраг кæй скодта, уыцы адæмы фервæзын кæ/ныи. Дыккаг бон раджы, дæлдзæхы Хур бæрзонд хæхты аууопæй йæ был нæма сдардта, афтæ Дзег йæ чегърейы фæрсы;- — Дарддæр та куыд чындæуа? — Уартæ уал сырх къæдзæхы аууопмæ цом æмæ галуанæй «суадонмæ чи рацæуа, уымæ бакæсæм. Дзег йе ’мбалимæ сырх къæдзæхы фæстæ æрæмбæхст æмæ йæ каст къахвæндагмæ скодта. Бирæ æпхъæлмæ кæсын сæ нæ бахъуыди. Уайтагъд къуы- быры аууонæй иу чызг разынди, дурып йе ’ккой, афтæмæй зар- гæ æрцæуы: 171
Хæрзконд, рæсугъд чызг у Зæринæ, Бæстыл рæсугъддæр уымæй нæй. Йæ фæлмæн уадултæй æрттивынц Сæууон хур, стъалытæ ’мæ мæй. Чегъре Дзегмæ дзуры: — Уый Хуры чызджы лæггадгæнæг у. Дон дзы ракур. Чызг фæстæмæ галуашмæ куы баздæха, уæд æй Хуры чызгæн дзур- дзæн, æмæ уæд хъуыддаг йæхæдæг йæхи амондзæни. — Ныртæккæ йæ æз Зæринæйæ афæрстытæ кæндзынæн,— æмæ Дзег къæдзæхы аууоиæй рацыд. Чызг суадопмæ æрызгъордта, дурыны дон фелвæста æмæ* фæстæмæ куыд фæцæйздæхт, афтæ йæм Дзег фæдзырдта: — Хорз чызг, дæ дурынæй ма мып дон авæр! Мæ дурынæй дын ницы авæрдзынæн, уый æз Бæлгъуыры чындзагæн хæссын æмæ мын æй счъизи кæндзынæ! — Иуиæг хъуыртт мын дзы авæр, æрмæст иунæг хъуыртт!" — .п^тъстæ кæны Дзег. Уæд чызджы зæрдæ фæфæлмæн æмæ дурын Дзегмæ радта. Лæппу дурынæй иу хъуыртт скодта, сусæгæй дзы Зæринæйы сызгъæшин къухдарæн цæппæрста æмæ йæ фæстæмæ чызгмæ радта. Чызг йæ дурын фелвæста, йе уæхокыл’ æй авæрдта æмæ уыциу тъæбæртт аласта. Дзег фæстæмæ дурыл æрбадт æмæг æнхъæлмæ кæсып байдыдта. ДЗЕГ БÆЛГЪУЫРЫ ГАЛУАНТЫ Æрбазгъордта чызг Бæлгъуыры галуантæм æмæ Зæринæй’ы къухтыл доп кæныпмæ фæци. Уалыпмæ Зæринæйы армытъæ- пæнмæ сызгъæрин къухдарæн æрхауд. Ныддис кодта Хуры чызг,, фырцинæй пæ зæрдæ уæрыккау ’скафыди. Цы ма акод- таид, уымæи ницыуал зыдта. Лæггадгæнæджы фæрсын дæр нæ уæндыди. Бæлгъуырыл æй куы сардауа, мыййаг. Фæлæ фæстаг- мæ пал фæлæууыд æмæ йæ афарста: — Дæ дурынæп псчи нозта дои? — Ничи! — фæтарсти чызг. — Куыд ничи? Тæрсгæ ма кæп, раст цы у, уый зæгъ, æмæ дын æз ног къаба балæвар кæндзынæн. — Иу лæг дзы бапызта. — Цавæр лæг? Æмæ пыр кæм и? — Нæ суадоны раз дурыл бады. — Згъоргæ, тагъддæр, мæ къона, æмæ йæ ардæм ракæп!' 172
Æрмæст æй федтай, уый мажæмæн зæгъ. — Ма тæрс, никæмæн ницы зæгъдзынæн! — загъта чызг .земæ суадонмæ уыциу згъорд аласта. Бирæ рæстæг пæ рацыд, афтæ лæггадгæнæг Дзедж’ы æрба- лæууын кодта Зæринæйы уаты. Хуры чызг йæ мойы куы ауыдта, уæд ыл йæхи баппæрста, -фырцинæй йæ цæстысыгтæ æргæр-гæр .кодтой. Дзегæн дæр йæ зæрдæ суыигæг æмæ йæ рæсугъд усы йæ хъæбысы ныккодта. Кæрæдзиуыл куы фæциптæ кодтой, уæд Дзег Зæринæйы ба- фарста: — Бæлгъуыры куыд амарæм? Цы ’гъдауæй аирвæзтæуа яцы æлгъыстаг бæстæйæ? — Æнцон амарæн нæу фыдгæнæг Бæлгъуыр. Æнцон аздæ- зсæн нæ уыдзæн нæ райгуырæн бæстæм. Мæнæ уал исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй сау коммæ дæспы зæронд лæгмæ фæцу æыæ уый бафæрс. — Æз уæдæ хæргæ нал, фæлæ ме ’мбалимæ цæуын уыцы дæснымæ. Дзег тагъд-тагъд рацыди галуапæй. Суадонмæ ’пыууад æмæ йæ чегъреимæ зæронд лæгмæ араст сты. Зæронд дæсныйы хæдзар æддейы бакæсгæйæ уыди дæл- дзæхы иннæ хæдзæртты хуызæн сау; фæлæ мидæгæй — рай- дзаст, рухс, хурджын бæстæйы хæдзæртты куыд вæййы, афтæ. Къултыл хус кæрдæджыты бæстытæ ауыгъд, фæйнæг тæрхæ- гыл уыди фыст хæлыитæ, дуртæ, æлыджы къæрттытæ. Уазджы- ты фенгæйæ зæронд лæг бацин кодта. Сæ цыды сæр цæуыл. у, уый куы бамбæрста, уæд иучысыл ахъуыды кодта, стæй загъта: — Байхъус мæм лæмбынæг, мæ хур, æмæ дын æз куыд зæ- гъон, кæнгæ дæр раст афтæ бакæн. Бæлгъуырæн нæдæр цирхъ- зей ис амарæн, нæдæр фатæй, йæ басудзын дæр никæй бон ба- уыдзæн .Уьгмæн æмæ йæ уд, йæ ныфс æмæ йæ хъару æртæ ха- лоны хуылфы сты. Халæттæ та чысыл сызгъæрип чырыны ми- дæг сты. Чырын бабызы цъæхбылы æмбæхст у, бабыз хъæрц- дьггъайы цъæхбылы, хъæрццыгъа — хъазы цъæхбылы. Уыцы хьаз та хъæддаг хуыйы уæцъæфы ис. Хъæддаг хуы дæр хуы- мæтæджы хуы куы уаид, фæлæ æнæхъæп хохы йас у. Ды йæ уæцъæфы куы уыдтæ, уæд уыцы хъазыл лæууыдтæ. Фæлæ хьазы дæр, хъæрццыгъайы дæр æмæ бабызы дæр амарæи ис æрмæст Бæлгъуырæн йæхи фæттæй. Уыдон кæддæриддæр йæ- химæ вæййынц, æппыпдæр сæ уæгъд иæ уадзы. Сызгъæрин чырын дæр, йæ куырæты галиу дзыппы цы чысыл дæгъæл ис, «æрмæст уымæй гом кæиы. Фæттæ, æрдыи æмæ чысыл дæгъæл куы ссарай, уæд амардзынæ хуыйы дæр, хъазы дæр, хъæрц- щыгъайы дæр, бабызы дæр. Бабызы куы амарай, уæд сызгъæ- 173
рин лагъз райс, Бæлгъуыры дæгъæлæй йæ байгом кæн æмæ дзы уыдзæн æртæ халоны: сау, фæиыкхуыз æмæ цъæх. Сау хало^г Бæлгъуырæн йæ уд у, фæньжхуыз — йæ тых, цъæх халон та — Бæлгъуыры ныфс у. Фыццаг уал-иу,— дзырдта дарддæр зæ- ронд лæг,— басæтт знагæн йæ иыфс, уый фæстæ — йæ тых, æп- пæты фæстæ та йын йæ уд сыскъуындзынæ. Фæттæ, æрдып æмæ чысыл дæгъæл ссарынæн дып Хуры чызг куы нæ баххуыс кæна, уæд дæ къухы нæ бафтдзысты. Ноджыдæр ма дын зæ- гъын, тагъддæр кæи, кæпнод Бæлгъуыр æмæ йæ хæйрæджытæп сæ тарст куы фæлидза, уæд дып байрæджы уыдзæн. Уазджытæ куы рацæйцыдысты, уæд дæсны лæг Дзегмæ хæ- цънлы тыхтæй цавæрдæр урс ссад радта æмæ йын загъта: . — Ацы ссад-иу Хуры чызг доныл ныккæнæд æмæ йæ Бæл- гъуырæн бадарæд. Æрбаздæхти фæстæмæ Дзег Бæлгъуыры галуантæм æмæ зæронд дæсныйы ныхæстæ Хуры чызгæн рафæзмыдта, радта йæм ссад дæр хæцъилы тыхтæй. — Хорз, æз дыи ссардзыпæн Бæлгъуыры фæттæ, æрдьш æмæ дæгъæл. Ныр уал ба’мбæхс, кæпнод уыцы лæгхор куы ’рба- цæуа, уæд дæ аныхъуырдзæн,— загъта Зæринæ æмæ сызгъæ- рин уаты дуар бакодта. Уый фæстæ байгом кодта æндæр уаты дуар—уый та æргъæу уат уыди. Æргъæу уаты астæу Зæринæ- сызгъæрин къæйыл схæцыди æмæ Дзегмæ дзуры: — Ныккæпдмæ ныххиз, æмæ дæм цалыпмæ æз æрбацæуоп, уæдмæ змæлгæ дæр ма фæкæн. Дзег ныккæндмæ куы ныххызти, уæд ыл Зæрипæ сызгъæрпл къæй æрфæлдæхта æмæ уатæй рацыди. ДЗЕГ БÆЛГЪУЫРЫ ХУЫЙЫ КУЫД АМАРДТА Уалынмæ Бæлгъуыр йæхæдæг дæр æрбахæццæ. — Уф-уф-уф, Хуры чызг, мæ фындзыл хæххон дзиглопы тæф уайы! — Цæй хæххон дзигло нæм хъуамæ уа,— фæлмæн хъæлæ- сы уагæй йæм дзуры Хуры чызг,— афтæ дæм фæкасти, æндæр. — Раст у дæ иыхас, Хуры чызг,— дзуры та Бæлгъуыр.— Ды ам куы дæ, уæдæй фæстæмæ мæ сау адæм кæмыты кусыпн, уыцы бынæттæм нал æфтын: мæ хæйрæджытæ сæм кæсыиц Фæлæ дзы исчи алидзынвæнд куы скæна, уæддæр пæ аирвæз- дзæц мæ бæстæйæ. Сфизонæг æй кæндзынæн цырын артыл. Се- ’ппæты дæр басудздзынæн! Сау фæпык сæ фестын кæидзынæн! Зæронд Дзеджы фырты дæр амардзынæн! Уый ныртæккæ ам 174
ис, мæ бæстæйы. Мæ хойы мын амардта æмæ афтæ æнхъæл у^ ныр та мæн дæр амардзæн! Нæ! Дзег ардыгæй нал аирвæз- дзæн, æхгæд у уæлдзæхмæ цæуæн хуынкъ! Ме ’дзард хойгы бæ- сты дзы æндæр гæстæ æрæвæрдтон. Бæлгъуыр йæ хъæрæй галуаны къултæ фæцæйхаста. йæ- йунæг цæстæй цæхæртæ калди. Иæ хъуын арц сбадти. Иæ даргъ лыстæг къухты æмæ къæхты æнгуылдзтæ кæлмытау къæлæсытæ кодтой. Куы ’рсабыр Бæлгъуыр, уæд Зæринæйæн афтæ зæгъы: — Уæ, Хуры чызг, хæринаг мын куы ’рбахæссын кæнисГ — Æз дын мæхæдæг æрбадавдзынæн хæрд дæр æмæ нозт дæр,— фестади Зæрииæ йæ бынатæй æмæ цæстыфæныкъуылд- мæ Бæлгъуыры раз фынг авæрдта алыхуызон хæрииæгтимæ. Стæй йын къусы нозт æрбахаста, зæронд дæсны лæг ын цы ссады уырз æрбарвыста, уый дзы ныккодта, афтæмæй. Бæл- гъуыр хæрд-нозтæй йæхи хорз куы федта, уæд Зæринæмæ* дзуры: — Хуры чызг, куы дæ æрхастон, уæдæй нырмæ бирæ бонтæ* рацыди. Фæлæ дæ иунæг фæлмæп пыхас дæр пæма фехъуыс- тон, мæ фарсмæ пикуыма абадтæ, иунæг хатт дæр мæм нæма бахудтæ. ,— Раст зæгъыс, паддзах. Фæлæ дæм куыд худон, æууæндгæ* мыл куынæ кæпыс, уæд? Афтæ куы нæ уаид, уæд дæ куырæты галиу дзыппы мæнæй чысыл дæгъæл не ’мбæхсис! Бæлгъуыр йæ дзыхыдзаг пыххудти, куырæты галиу дзып- пæй чысыл дæгъæл фелвæста æмæ загъта: — Мæмæ амæй зæгъыс? Гъа, æгайтма дæ хъæуы, айс æй. Фæлæ, хъусыс, сафгæ йæ ма фæкæн! — Уанцон сæфт пæу,— загъта Зæринæ, йæхæдæг дзы ал- дымбыд аласта æмæ йæ æрцауыгъта йæ хъуырыл. Уый фæстæ та йын Зæринæ бауайдзæф кодта: — Де ’рдын æмæ дæ фæттæ демæ куы хæссыс, уæд цавæр у! Æвæццæгæн дын мæнæй зынаргъдæр сты. Йæ дзыхыдзаг та пыххудти Бæлгъуыр, йæ цæст алырдæм скатай ис. Æриста йе ’фцæгæй йæ фатдон, йе ’рдын, сызгъæ- рии даргъ бандопыл сæ æрæвæрдта æмæ фæрсы Зæринæйы: — Хуры чызг, ныр дæр не ’рбаддзьшæ мæ фарсмæ? — Бæгуыдæр æрбаддзынæн. Фæлæ бадгæ цæмæн? Мæиæ уал тъахтшшл æркъул кæн æмæ дæ фæллад суадз, хæтæнты куы фæхаттæ, цæуæнты куы фæцыдтæ. Бадгæ уый фæстæ дæр акæидзыстæм. — Уымæй дæр раст дæ, Хуры чызг,,— загъта Бæлгъуыр. Сыстад йæ къæлæтджынæй, тъахтиныл æрхуыссыд æмæ уай- тагъд йæ хуыр-хуыр ссыд. 175
Уæд Зæринæ æргъæу уатмæ азгъордта, сызгъæрин къæйыл схæцыди æмæ Дзеджы йæ æмбæхсæнæй рауагъта. Стæй йæм радта чысыл дæгъæл, фатдон æд фæттæ, Бæлгъуыры хъæддых æрдын æмæ йын загъта: — Тагъддæр цæугæ мæнæугæрдджытæм. Уыдон Бæлгъуыры хуьгйæн дзул фыцынц. Балæгъстæ сын кæн æмæ дæ дзулы хуыл- фы бавæрой. Гъе стæй уæд дæ хъару æмæ дæхæдæг,— амар хуыйы, хъазы, хъæрццыгъайы æмæ бабызы. Сызгъæрин чырын райс æмæ дын зæронд дæоиы куыд амыдта, афтæ бакæн. Дзег райста дæгъæл, æрдын, фатдон æд фæттæ æмæ галуа- нæй ратахт. Йæ чегъремæ æрызгъордта æмæ йæ йемæ акодта. Дзег æмæ йе ’мбал ныххæццæ сты, Бæлгъуыры хос кæм ссывтой, уыцы быдырмæ. Радзырдтой ссивджытæн хъуыддаг *сæрæй бьшмæ. Уырдыгæй Дзег азгъордта хосдзаутæм. Уыдо- пæн дæр æй бамбарын кодта. Азгъордта Дзег дарддæр йе ’мба- лимæ æмæ æрхæццæ сты мæнæугæрдджытæм. Уыдон раджы фесты карст Бæлгъуыры мæнæутæ, раджы сæ фесты найгопд æмæ ссад дæр. Ссадæй хыссæ сызмæстой æмæ дзы хохы йас дзул кæнын райдыдтой фæлмæцыд, æххормаг адæм — Бæлгъ- уыры дæлбартæ. — Уæ бон та хорз,— загътой сын Дзег æмæ йе ’мбал. — Мах бонæн хорзæй тас нæу, мæпæ ацы дзулы кæй цæвæ- рæм, ууыл сагъæс кæнæм. — Мæн дзы цæвæрут,— загъта Дзег. Мæнæугæрдджытæ исдугмæ ком нæ лæвæрдтой. Фæлæ фæс- тагмæ сразы сты æмæ Дзеджы дзулы хуылфы цæвæрдтой, йæ алыварс ыи хъæмпын арт скодтой æмæ дзул фыцын райдыдтой. Дзул уайтагъд афыхти, уæдæ цы уыдаид! Раст гъе уæд сау хæхтæй æрбайхъуысти Бæлгъуыры хуыйы хъох-хъох. Иæ къæхты бын зæхх ныррызти, йæ уынæрæй хæх- тæ, быдыртæ арауыыц, йæ комы тæфæй тыхджын дымгæ сы- стади. Хуы дзулмæ базгъордта æмæ йын йæ растæмбис срæдывта. Уæд æхсарджын Дзег фестад, Бæлгъуыры æрдыныл Бæлгъ- уыры рæстдзæвин фат авæрдта æмæ йæ хуыйыл баскъæрдта. Иæ тæккæ сæры астæу сæмбæлди фат, æмæ дæ фыдгул афтæ,— зæххыл уыциу гуыпп нылласта хуы. Дзег æм фæрæвдз æмæ йын цирхъæй йæ гуыбын сфаста. Уырдыгæй дынджыр, хæрз дынджыр хъаз стахти æмæ æврæгътæм йæхи систа. Дзег ныхъ- хъавыд хъазмæ æмæ йæ æрæппаэрста, акъæртт æй кодта æмæ дзы хъæрццыгъа куы спæр-пæр кæнид. Дзег айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ та ууыл дæр фат суагъта. Хорз цуанон куын- нæ уыдаид зæропд Дзеджы фырт. Тæхгæ-тæхын цъиуы цæст нæ ивгьуыдта. Ныр дæр йæ фат хъæрццыгъайы иннæрдæм 176
ахызти. Зæххыл йæ тъæпп куы фæцыди хъæрццыгъайæн, уæд дзы бабыз ратахт æмæ йæхи сау фурдмæ фехста. Фæлæ мара- зæгъай. Кæд уæле ленк кæна,,— доны бын аныгъуылди бабыз. Дзеджы рæстдзæвин фат æй доны бын дæр ссардта. Мард ба- бызы дон йæ сæрмæ сласта æмæ йæ уылæнтæ дæлæмæ ахастой. Мæнæугæрдджытæ фурдмæ сæхи бакалдтой, бабызы мард ра- цахстой æмæ йæ Дзегмæ æрбахастой. Дзег адæмы раз бабызы акъæртт кодта æмæ йын йæ цъæхбылæй сызгъæрин чырын си- ста. — Мæнæ ацы чырыны сты Бæлгъуыры уд, хъару æмæ ныфс. Мæпæ ам и сымах æмæ ме знаджы цард! Ныр кæстæртæй исчи азгвдрæд æмæ, зæххы хæзнатæ чи къахы, фыргуыстæй чи ныг- гуыбыр æмæ чи ныссау, уыдонæн ацы цины уац фехъусын кæ- нæд. Ноджы сын зæгъæд æмæ ардæм рацæуой. Хъуамæ Бæл- гъуыры галуаптæм не ’ппæт дæр иумæ бафсæрæм. — Раст зæгъыс, не ^фсымæр!— схор-хор кодтой, йæ алы- парс цы адæм уыд, уыдон. * * * Фæцæуыиц сау бæстæйы мæгуыр адæм се знаджы марынмæ. Æппæты разæй цæуынц æхсарджын Дзег æмæ йæ чегъре. Уы- дон фæдыл та куыствæллад мæллæг адæм сæ дзæбугтæ, къа- хæнтæ æмæ белтимæ. Сæ фæстæ ныххал сты мæнæугæрдджы- тæ, хосдзаутæ æмæ ссивджытæ. Афтæ бирæ сты, æмæ сæ зæхх пæ уромы. Тæмæнтæ скалдтой сызгъæрин æмæ ’взист, æрхуы æмæ ал- маси хæхтæ, хъæлдзæгдæрæй схæл-хæл кодтой сау къададæт- тæ, цæупæдæттæ æмæ фурдтæ. Суанг ма дæлдзæхы цъæх Хур дæр йæ цыдæй ныллæууыд æфхæрд адæмæн сæ фæндаг ба- рухс кæныны тыххæй. БÆЛГЪУЫРЫ МÆЛÆТ Уыцы бон Бæлгъуыр тыиг раджы ацыди хурджын бæстæм адæмæн фыдмитæ кæнынмæ, уымæн æмæ-иу Бæлгъуыр фыд- митæ цы бон кæ бакодта,, уыцы бон-иу мæлыны къахыл ныл- лæууыд. Æвиппайды йæ зæрдæ срысти. Иæ къабæзтæ дудыи бай- дыдтой. Уæды онг тас кæмæ нæ хъардта, уыцы зæрдæ тасæй айдзаг и. «Цымæ цæмæн афтæ уа? — хъуыды кæны Бæлгъуыр.— Мæ зæххытæн, мæ хъæздыгдзинæдтæн кæрон куы нæ ис, зæххы хæзнатæ иууылдæр мæ къухы куы сты. Мæ сау адæм мæ койæ 12 Мах дуг № 7-8 177
дæр æмризæджы куы ризынц. Суанг ма мæ Хур дæр куы тæр- сы, уæд мыл æвиппайды цы ’рбамбæлди цымæ?» Æмæ Бæлгъуыр сфæнд кодта дæлдзæхмæ фæтагъд кæнын æмæ йæ бæстæйыл æрзилын. Бацыд, мæгуыр адæм сæдæгай азты дæргъы сызгъæрин, алмаситæ æмæ æндæр алыхуызон зы- наргъ дуртæ кæм æмбырд кодтой, уыцы бынæттæм; басгæрста, йе ’ххуырстытæ зды, цинк æмæ æвзист кæрæдзийæ кæм хицæн кодтой, уыцы рæттæ; бацыд сау æвзалыйы уæрмытæм, сау зæх- хы сойы гуырæнтæм. Уырдыгæй катайгæнгæ азгъордта, йæ хо- хуры бæстæм цы хуыпкъ хъахъæдта, уымæ. Фæлæ Бæлгъуыр иушæг адæймагыл дæр пикуы фембæлд. Æрмæстдæр йæ хæй- рæджытæ тæрсгæ-ризгæйæ бадтысты къæдзæхты окъуыдты, сау дзыхъыты æмæ талынг къуымты. Мæты бацыди Бæлгъуыр. Фырмæстæй йæ хæмхудтæ куы сырх-сырхид афæлдæхынц, куы„ зæххы сойау, сау-сауид авæй- йынц, куы та бур æлыгау абур вæййынц. Фырадæргæй азгъордта Бæлгъуыр йæ галуантæм. Йæ уат- мæ уыциу тахт бакодта æмæ сырддзæрмттыл бахауд: ныхъхъæр- зыдта, нæ дæндæгты къæсчкъæс ссыд. Уыцы рæстæг йæ галуантæ ныррызтысты, æрбайхъуыстысты. адæмы хъæртæ: «Мæлæт фыд-зæрдæ Бæлгъуырæн!» Уыцы хъæртæй æрызгъæлд, лæгхор адæмы сæры къуыдыр- тæй цы быру самадта, уый. Афæлдæхти Бæлгъуыры уаты доны дурын: дурын лыстæг пырх ныцци, йæ дон та уаты сызгъæрин астæрдыл сау калмау къæлæсытæ кæнгæйæ асаха кодта Бæл- гъуыры тъахтипы бынмæ. Бæлгъуыр тъахтинæй фæтæррæтт ласта. Уæд Дзег сызгъæрин чырыпæй иу халон систа, цъæх халоп систа лагъзæй æхсарджын Дзег æмæ йын йæ къубал сыздыхта. Бæлгъуырæн йæ ныфс асаст æмæ фæстæмæ æрхаудта. Уый фæстæ Дзег сызгъæрин лагъæзй систа фæныкхуыз халоны æмæ уымæи дæр йæ къубал сыздыхта,— Бæлгъуыры тых басаста цуаноны фырт. Æхсарджыи Дзег æмæ сау коймаг дæспы лæг хæзнатæ æм- бырдгæнджытæй, хос ссивджытæй æмæ мæнæугæрджытæй фæй~ нæ авд лæджы ракодтой æмæ Бæлгъуыр æнæ тых, æнæ иыф- сæй кæм хуьгссыд йæ тъахтипыл, уыцы уатмæ бацыдысты. Бæлгъуыр фæкасти Дзегмæ, бакаст урсзачъе дæснымæ; йæ цæст ахаста йæ цагъайрæгтыл дæр; æмæ фæтарсти фыдгæпæг паддзах, йæ хид йæ къæхты бынæй акалд. Уæд дæсны лæг адæмæн афтæ зæгъы: — Мæпæ уын, нæ туг нын æнæвгъуауæй чи нызта, зæххы бын1 нæ чи бакодта æмæ нæ йæхицæи чи фæкусын кодта æф- хæрд, æххормагæй, уый. Мæнæ ис, хурджыи бæстæйы хæзнатæ 178
зæххы бып чи бамбæхста æмаё Хуры чызг’ Зæринæйы чи аскъæф- та, уыцы фыдызнаг! Иу пыхас дæр нал скодта Дзеджы фырт. Сызгъæрин чыры- нæй æртьжкаг халоны систа, сау халоны систа æхсарджьш Дзег æмæ йын сыздыхта йæ къубал,— аскъуыди дæлдзæхы паддзах Бæлгъуыры цард. Зæринæйы цæсгом цинæй сæрттывта, æмæ хæйрæджыты паддзахы-тар галуантæ Хуры тынтæй айдзаг сты. Дзег æмæ йемæ мидæгæй чи уыд, уыдоп кæртмæ рацыды- сты. Дæсны зæропд лæг, сау комы йæ мæгуыр хæдзары уæззау бонтæ чи ’рвыста, уый йæ къух хæрдмæ систа æмæ, адæм куы фæсабыр сты, уæд загъта: — Арфæгопд ут, хорз адæм, амондимæ цæрут, рухсæй баф- сæдут! Арфæгонд уæд æхсарджыи Дзег дæр’. Хуры чыгз Зæри- нæимæ сæ цард рæсугъдæй арвитæнт. Бæлгъуырæн цыдæрид- дæр хæзнайæ фембырд кодтам, уыдон амæй фæстæмæ нæхи сты. Фæндаг иын байгом и хурджьш бæстæм Уым, æцæг Хуры тынтæм, а >бæ'стæйы хæзнатæ се ’дæг хуыз скалдзысты æмæ уæлдзæхы адæмы цард самондджын уыдзæн. Æхсарджын Дзег йæ дзыппæй цыллæ хæцъил систа, пы- мæтын ехсæй йæ æркъуырдта æмæ йæ дзæбидыры царм фес- тын кодта. Уый фæстæ Дзег дзæбидыры цармыл æрбадын код- та дæсны зæронд лæджы æмæ рæсугъдты рæсугъд Зæринæйы. Йæхæдæг дæр æрбадти сæ фарсмæ. Æмæ хæдтулгæ уæрдон атахти сау фурды былтыл Хуры бæстæм рацæуæн фæндагмæ. Хæдтулгæ уæрдон уайтагъд æрхæццæ ссырджын усы æртæ чыагмæ. — Мах дæр и?л лæууæм ацы саудалыпг бæстæйы,— ззгъ- той æртæ хойы Дзегæн.— Демæ нæ акæн хурджып бæстæм, да> хорздзипад дын никуы ферох кæндызстæм. Хæдтулгæ уæрдои сау хуыпкъæй стахти. Кæсы Дзег, æмæ Тох æмæ Æтох мусонджы бадынц. — Цæмæн æрфæлдæхтат уæззау къæй æмæ мæ дæлдзæхы цæмæн ныууагътат? Уæ ард цæмæн фехæлдтат? Худинаг уып уæд! — бауайдзæф кодта Д^ег Тох æмæ Æтохæп. Ссырджын усы æртæ чызгæн та загъта: — Сымахæи хорз амæндтæ уæ хай.— Йæхæдæг тархъæдмæ азгъордта æмæ хотæи æрбахаста сагтæ æмæ сæгуытты мæрдтæ, дæлдзæхы мын кæй феххуыс кодтат, уый тыххæй уып мæ лæ- вар, зæгъгæ. 179
Уый фæстæ Дзег хæдтулгæ уæрдоны бабадт æмæ йæ рæсугъд усимæ араст и йæ зæронд мад æмæ фыды хæдзармæ. Цас фæтылди хæдтултæ уæрдон, чи йын цы зоны. Фæлæ æшшнфæстаг батылди зæронд Дзеджы мæгуыр хæдзармæ. Нал уыди кæрон зæронд цуаноны цинæн. Нал æфсæст йæ фырты æмæ йæ чындзы уындæй зæронд Азау. Дзег йæ фыртæн хорз чындзæхсæв окодта, Æрхуыдта, дæлдзæхæй чи ссыд, уы- цы адæмы. Чындзæхсæвы хистæрæн бадти сау коймаг дæсны лгвг, сау чегъре та — йæ галиуфарс. Зæронд Дзег азрхуыдта сæ каисты дæр: Хурты Хурзæрины усы йæ дыууæ чызгимæ. Æвзист Мæйы ус дæр нæ фæзивæг кодта. Урсзачъе зæронд лæг æмæ сохъьгр Æфсати дæр уым уыдысты. Куырдалæгон, Бонвæрнон, Авд хойы, Фисынмæдзæу- джытæ,— иууылдæр чындзæхсæвмæ æрцыдысты. Æппæты дæле бадти Кæрдæджы стъалы æмæ цъæхбын рухс кодта. Куырттаты саухъæд, хурджын бæстæ æгасæй дæр цин æмæ амонды зарджытæй ба-йдзаг ис. Хурты Хурзæрин та арвы астæуæй касти. Уый йæ цæхæр цæст ныддардта йæ буц чызг Зæринæмæ, йе сиахсмæ æмæ, зæ- ронд Дзеджы хæдзары чындзæхсæвы чи бадт, уыдонмæ се Чшæтмæ дæр.
БЫДТАТЫ АГУЫБЕЧЫР, БТЕМЫРАТЫ БИМБОЛАТ Тоталитаризмы æвирхъау цалх стыр хъæдгæмттæ кæуыл ныууагъта, тыхтæ-амæлттæй дзы чи аирвæзт æмæ æцæгæлон бæстæм хауæггаг чи фæци, уыдонæй иу уыди Бтемыраты Бимболат дæр. Бимболат 1924 азы Быдтаты Агуыбечыримæ иумæ Берлины Гутнаты Цлбыздыхъойы типографийы рауагъта чиныг «Ирон хъæлдзæг ныхæстæ æмæ фыдæлты æмбисæндтæ». Уæвгæ уал ын йæ царды хабæрттæ, цыбырæй, йæхæдæг сæ куыд ныф- фыста, афтæмæй ракæнæм. Бтемыраты Аслæнбеджы фырт Бимболат райгуырди 1895 азы Дзæуджы- хъæуы. Астæуккаг техникон ахуырдзинад райста æмæ сæйраг бухгалтерæй куыста Цæгат Ирыстоны Адæмон комиссарты советы. Фыста адæмон æмбы- сæндтæ, > хъæлдзæг ныхæстæ, уацхъуыдтæ, уагъта сæ «Рæстдзинад»-ы æмæ иннæ ирон газетты. 1930 азы йæ æнæнхъæлæджы æнаххосæй æрцахстой æмæ йын дæс азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой. Афæдзы фæстæ йæ арвьгстой копд- лагерьмæ. Фæци дзы 1934 азы онг. Уыцы аз уалдзæджы Бамлагæй алыгъд Ашхабадмæ. Уым æм æнхъæлмæ кастысты йæ бинонтæ: »йæ цардæмбал Фа- тимæ (Клавдия) æмæ йæ фырт Таймураз (уыди шофыр-механик). Фæззæ- джы (1934 азы) йæ бинонтимæ фистæгæй ахызт Ираны арæныл. Куыста æфсæйнаг æмæ сосавæндæгты арæзтæдты. 1950 азы йæ йæ бинонтимæ ныф- фыстой Америкмæ (Нью-Йоркмæ) цæуджыты номхыгъды — квотæны ^ь 727—729... Ууыл аскъуыди, Бимболат йæхæдæг кæй фыста, уыцы автобиографи. Цы ма йын зонæм йæ царды хабæрттæй? Фыста фыстæджытæ (уырыс- сагау) Нью-Иоркæй Дзæуджыхъæумæ йæ хотæ Сæниатмæ, Душамæ. Иæ хъуыдытæ дзырдта хиуылхæцгæйæ: тарстис, йæ хæстæджыты йын.больше- викон хицæуттæ куы бафхæрой, уымæй: «Каждый раз, когда я приступаю к ппсьму, меня всегда терзает сомнение, всегда задаю себе вопрос, хорошо ли я делаю, не могут ли мои письма повредить кому-нибудь. Хотя я ма- ленький человек, врагов там у меня нет, отсутствую уже 29 лет, но все же пишу из другой страны». (1958 азы 11 мартъийы фыстæгæй). Мæнæ’ ацы ныхæстæ та ныффыста 1960 азы: «Можно ли выкладывать на бумагу свои родственные чувства, говорить о неизмернмой боли, созданной этой бессмысленной и никому не нужной разлукой?» Суанг йæ амæлæты бонмæ дæр Бимболат зæрдæуынгæгæй мысыд йæ къабæзты, хæстæджыты, зонгæты, йæ иубæстон адæмы. йæ фыдæлты бæс- тæп иппæрд кæй у æмæ суанг йæ цоты цот дæр Ирыстонæй æнæхай кæй !в!
уыдзысты, уыцы удхæрæн рис ын цыбырдæр кодта йæ цард. «Бедный маль- чик вырос среди чуж’их людей и не вполне может понять глубину и чистоту родственных связсй. Да и мы отвыкли от всего за эти долгие годы скита- ний по разпым страиам, очерствели порядочно, временами доходя до пол- ного безразлияия»,— фыста Бимболат йæ фыстæджытæй иуы. Амарди 1963 азы. Бтемыраты Бимболат ноджы иыффыста йæ царды хабæрттæ: концла- геры, цы хъизæмæрттæ" бавзæрста, уыдон (уырыссагау). Йæ фыстæджытæ, йæ мысиналтæ сты Дзæуджыхъæуы йæ хæстæджытæм, хъæуы сæ бабино- иыг кæнын æмæ рауадзын. ’ • Мыхуыр кæнæм, Быдтаты Лгуыбечыр æмæ Бтемыраты Бимболатæн 1924 азы Берлины цы чиныг рацыд, уымæй иу хай. Архайдтам, фæстæдæры чингуытæм чи нал бахауд, адæм арæх кæп нал дзурынц, уыцы хъæлдзæг цыхæстæ равзарыныл. Ноджы бахъахъæдтам автортæн сæхи растфыссынад. Хъæлдзæг ныхæсты райдайæны — Агуыбечыр æмæ Бимболатæн сæхи раз- цшхас. Уый уыди ,1924 азы уагъд чиныджы дæр. Хъодзаты Æхсар. ИРОН ХЪÆЛДЗÆГ НЫХÆСТÆ Ацы хъæлдзæг æмбисæндтæ сты ирон адæмы цардæй ист. Хъуыды сæ иичи æркодта, мысгæ — иннæ ахæм, фæлæ сæвзæрдысты сæхæдæг æмæ сты адæмы царды мндæг. Царды фæйлауæнты сæ, уæлдапдæр нæ фыдæлты æмбисæндтæй, рæсугъд дидинæгау зæрдæ дзæбæх кæны. Ирон адæмы царды быдыры ахæм рæсугъд дидинджытæ тынг бирæ сты; нымадæн дæр æмæ хуызæнæн дæр. Уыдон æрæмбырд кæнын æмæ сæ *хсæны цæхæрадоны ныссадзын хæс у нæ алкæмæн дæр. Уымæн хъæуы: арæхст, зонд æмæ бæлвырд зæрдиаг фыдæбон. ’ ’ Махæн се ’ппæт ссарыи нæ бои нæ баци, фæлæ дзы æрæмбырд кодтам, нæ рæстæг цас уыди æмæ нæ цыбыр къух кæмæ æххæссыди, 7ыиы Д«* дияджытæ. Нæ ныфс хæссæм Р1ры фæсивæдæй æмæ цыл иæ зæрдæ дарæм, фæзын- дзæн сæм ахæмтæ: йæ рæстæг хуыздæр кæмæн амона, йæ авналæнтæ тых- джындæр кæмæн уой, æмæ нæ царды быдыры дидинджытæй не ’хсæны цæхæрадоны тынгдæр чи срæсугъд кæна. Агуыбечыр Быдтаты æмæ Бимболат Бтемыраты. 182
«ÆЗ УЫН ХÆСТ САРÆЗТОН»... Иу тентекк лæджы аххосæй дыууæ мыггаджы фæхыл ысты æмæ дзы йе ’фсымæртæ æртæйæ мард фесты. Ныгæнгæйæ цæ ингæны уæлхъус куы ’рæвæрдтой, уæд адæмæй чидæр дзуры: — Тæригъæддаг мард ысты æмæ цæ исчи иу ныхас ’куы зæгъид.— Уыцы ’ныхасмæ се ’фсымæр хæстæгдæр æрбалæууыд æмæ дзуры: — Рухсаг ут 5ме ’фсымæртæ! Зонын æй, мæрдты мæ хъаст кæй кæн- дзыстут, уый, фæлæ ’цы кæнон, æз уын хæст хорз сарæзтон æмæ сымах нæ сарæхстыстут, уый мæ аххос нæу. «ФÆДИС, ХУЫЦАУ!» Иу лæгæн йæ цыппар сывæллоны дзуарæй фæрынчын ысты æмæ дзы фæд-фæдыл æртæ амарди, цыппæрæм дæр — мæлæтдзаг. Сæ фыд, фыркатайæ, кæрты дыууæрдæм рацу-бацу кæны. Уалынмæ йæм радзырдтой, уый дæр та амарди, зæгъгæ. Уæд лæг уыциу хъæр фæкодта: — Фæдис, Хуыцау! Фæдис! Мæнæ мын иу цавæрдæр, гæбæррагъ дзуар эдæ сывæллæттыл сагъуыд æмæ цæ де ’вастæй ныццагъта. УЫРЫС ИРОН ХИСТЫ Раджы кæддæр уырыссаг пецамайджытæ иу хъæуы хисты дæллозгомау хибарæй бадтысты. Зæронд лæгтæ цын сæ нуазæн рарвыстой. Уæд пец- змайджытæ арфæ кæнынц æмæ дзурыиц: — Дай бог вам помирать, а нам поминать!.. МАХСЫМÆЙЫ ЛАЛЫМ Иу къуымæлуарзаг лæг, лалымы дзаг махсымæ йе ’ккойы, афтæмæй хос кæрдынмæ фистæгæй фæцæйцыди. Фæндагыл куы бафæлмæцыди, уæд нæхинымæры дзуры: — Ныр ацы лалым та ма ме ’ккойы цы хæссын? Цæй, æмæ йæ баназон! Фæндаджы иу фарс æрбадти, махсымæ иууылдæр анызта, лалым фæс- роны асагъта æмæ фæцæуы. Ногдыгъд къуымæл гуыбыны æнхъизын бай- дыдта, лæг ахауди, æмæ бæстæ змæст сси. Изæры йæ фæндагыл цæуджытæ йæ хæдзармæ рынчынæй æрхæццæ кодтой. «ФИДÆНМÆ ДЗЫ МАУАЛ ФÆЗЫН!..» Фæсхохы дыууæ ’фсымæры мусы мæнæу банай кодтой. Кæстæр кæрийы рæбын æрхуыссыд æмæ хчстæрмæ дзуры: 183
— Зынын ма дæм дзы, цы? Уæд æм уый дзуры: — Нырма мæм зыныс, фæлæ мæм дзы фидæнмæ мауал фæзынГ.. ССÆДЗ АРАХЪÆЙ ИУ Джызæлы иу æнæвдæлон бæлццонæн кæртмæ арахъ рахастой. Уый дзы фæд-фæдыл ссæдз анызта æмæ дзуры: — Æгъгъæд фод, гджызæйлаг арахъæй ссæдзæй кæд иу æрæвзæрид æма& райсом раджы иу арахъ æгъгъæд у. «РУБ СЕРЕБРО» Иу лæгæн .базары йæ хосы уæрдон сом æмæ æрдæг кедта æмæ йæ нæ радта. Уæд æм дыккаг æлхæнæг дзуры: — Руб серебром хочешь? Лæг ахъуыды кодта: «Уый дын сом, стæй ноджыдæр æвзист». Бафидыдтой, аласта æмæ йæ акалдта. Уырыссаг ын æвзист сом систа, Уæд лæг аджих и æмæ йæ фæрсы: — Ай дын мæнæ сом, уый раст у, фæлæ ме ’взист та кæм и?.. ХЪАЗЫ АЙК Мидæг Санибайы хъæу иу хатт æрæмбырд ысты æмæ тæрхон кодтой Дзæуджыхъæуæй сæхимæ конкæ æрбацаразыны тыххæй. Уæд цæм иу мæ» гуыр лæг фæстозæй дзуры: — Уæу мæнæ та ног диссаг. Саниба цъиуы йас уæвгæйæ хъазы айк æфтауынмæ хъавы. ГУЫБЫНЫ ХЪУЫР-ХЪУЫР Иу æппæлаг лæг йæ хæдзары цай бацымдта, Ныхасмæ рацыд æмæ дзуры: — Диссаг нæу, хорз адæм: дыууæ адджын цайы бацымдтон æмæ мæ гуыбыны хъуыр-хъуыр нал æнц^гйы! Уæд æм Ныхасы лæгтæй иу фæстæмæ дзуры: — Омæ, Дзæнгæл, дæ гуыбыны адджын цай куынæ фидауы, уæд æй цæмæн цымыс? ÆНАХУЫР ДÆНДАГЛАСТ Иу ног чындзæн йæ дæндæгтæ рыстысты, хуын сцæттæ кодта æмæ иу дæндагласæгмæ æрбацыди. Уый йæ бинонты астæу зæххыл тъæпæн æрба- дын кодта, йæ иу дзабыр ын раласта, йæ. астæу ын æртасын кодта æмæ* 184
бæхсныг дæндагæй хистæр къахкъухмæ фидар бабаста, стæй йæ сæрты цы- дæр ныхæстæ кæнгæ рагæпп-багæпп байдыдта æмæ йæм æвиппайды фев- нæлдта. Чындз Хуыцаумæ фæхауди. Февнæлд, цъæхахст, къахы риуыгъд æмæ дæндаджы атахт иу баисты. Уæд чындз дæндагласæгмæ дзуры: .. — Дæ бындур ныззила! Мæлæты æнахуыр ласт нæ зоныс!.. ДИНГÆНÆГ Иу лæг Елхоты хъæуæй дуканийы бынат агуырдта æмæ йын загътой: — Дæхн пысылмон скæ æмæ дын бынат. Лæг йæхи пысылмэн скодта æмæ-иу ламаз конд куы фæци, уæд ламаз- дыхъæй чысыл æддæдæр ауади, хурыскæсæнырдæм йе ’ргом фæцарæзта æмæ-иу уыцырдæм дæр кувын райдыдта: — У-у, Уастырджи! Иесо .Чырысти! Афтæ ма зæгъут æмæ сымах дæр* фёрох кодтон! Табу уæ мад, уæ фыдæн, табу уæхицæн! ÆХХОРМАГ УÆЗДАН Иу лæг цавæрдæр хъæуы уынджы мæнæу уæй кодта æмæ йæ иу ус фæрсы: ■ — Хорз лæг, иу мæрт цас кæныс? Уый йæм дзуры: — Цыппар абазийы, тынг хорз мæнæу у. — Ау, уый та цавæр аргъ у! — ныддис кодта ус— Уанцон нæу! — Æмæ-ма æркæс, æркæс, хорз ус! Сызгъæрины хуызæи. Ды дæ цæс- тæй дæр никуыма федтай ахæм мæнæу! Айс дзы, зынаргъ нæу. Ус фæмæсты æмæ йæм дзуры: 1 — Мæн уæздан цы Хуыцау скодта, уый стæн уыцы аргъ дын нæ рат- дзынæн. Уæд æм мæнæу уæйгæнæг дзуры: — Дæу сыдæй чи мары, уыцы Хуыцауыстæн, æз дæр дын æй уымæй асламдæр нæ ратдзынæн. «МÆ БÆХ ДÆР МÆ НАЛ ХЪÆУЫ...» Иу лæгæн фæндагыл йæ бæх, байстæуыди æмæ хъæумæ фæдисы фæци. Уыдш сахат чидæр аргъуаны дзæнгæрæджы фæдисы цагъд ныккодта, æмæ хъæу æгасæп сызмæлыди. Уæд бæхы хицау худаистæй хъæр кæны: — У-у, Хуыцауы хатыр бакæнут! Дзæнгæрæджы цагъд, бауромут!.. Ар- гъуаи тæригъæд у, фæлтау мæ мæ бæх дæр нал хъæуы! 185
ÆНГУЗ Иу лæг фæндагыл æнгуз ссардта æмæ Хуыцаумæ скуывта: — Йæ мæ рафæлдисæг Хуыцау, уæлæ мын мæ хæдзар мæнæ ацы’ æн- хузы хуызæн дзаджджын скæ. Æнгуз систа, асаста йæ æмæ разындн афтид. Лæг исдугмæ джихæй баз- лади, стæй æппынæрæджиау дзуры: — Тобæ, тобæ, Хуыцау! Куыдзы коммæ ма бакæс! ХАБАРДА Арвыкомы къордæй Калакмæ чырæ фæцæйластой æмæ дзырд бакодтой: *сæ хæрд иу куыд уа, хибарæй куыд ничи бахæра, афтæ. Æрæхсæв. Цæуынц. Уалынмæ разæй хъæр цæуы: — Хабарда, хабарда. Чырæйы разæйдзог Боцо «хабарда» цы у, уый нæ зыдта æмæ йæ цыд кæны. Мæйдары хъазахъаг ехсæй Бацойы ныццавта æмæ йæ былты туг :акалди. Риуыл æмæ цæсгомыл райсоммæ былты туг ныхъхъæбæр и. Бон куы ’рбарухси, уæд дзы иу фæстæмæ йе ’мбæлттæм дзуры: — Афтæ нæ загътат, хибарæй уæ мачи мацы бахæрæд? — Ау æмæ чи цы бахордта? — сдис кодтой æмбæлттæ. — Уæлæ ма Бацоны былтæм кæсут! Дысон кæйдæр фысы хомæй •ахордта! «УÆЛЕЙЫ ДÆР МА ДЗЫ ИС?» Абырджытæ иу лæгыл фæндагыл амбæлдысты æмæ йыл хъæртæ кæ- ’иынц: — Тагъд дæ бæх суадз! Лæгмæ иу саст æхсаргарды æрдæг уыд æмæ цыл уымæй ралæууыди. Кэе- мæн дзы йæ цонг ахауын кодта^ кæмæн йæ хъус, кæмæн та йæ бæхы счъилтæ суагъта. Дыууæ ма дзы аирвæзт æмæ иу иинæмæ хъæр кæны: — Уæле-уæле! Уæд лæг ссырддзаст æмæ дзуры: — Ау æмæ ма дзы уæлейы дæр ис?.. «ÆЗ ДÆ НЕ ’ЛГЪИТЫН!..» Иу æлгъитаг зæронд лæгмæ Ногбонæхсæв йæ ус дзуры: — Хъусыс, уæртæ лæг, ахсæв нæ макæй ралгъитай! Ахсæвы æлгъыст цæуаг у, дæхи бауром! Уæд æм лæг дзуры: — Æз дæ не ’лгъитын, фæлæ дæ Тыбауы-Уацилла ралгъитæд!.. 186
СÆНАРЫ РАГЪ Фæсхохагыл сæнары рагъ рафæлдæхт æмæ амарди. Ингæны былыл жй куы ’рæвæрдтой, уæд йæ ус хъарæггæнгæ дзуры: — Мæрдты-иу ма схъæр кæ, сæнары бын фæдæ, уый! Афтæ-иу зæгъ, сау хох мыл рафæлдæхт. Уæд æм сыхæгты ус бахъарæг кодта: — Омæ дæ цуры йæ дзых сæнарæй йедзаг куы у, уæд æй уымæй дæр **æ базондзысты? ÆРТТИВАГ ЦЫРЫХЪЫТÆ Иу уæрæседзау йæ къæхтыл æрттиваг цырыхъытæ схаста æмæ-иу адæ- яиæн дзырдта: ’ ч — Йæ мады æмæ йæ фыды фенын кæй фæнды, уый мæ цырыхъы хъу- «сы æрбакæсæд!.. Уæд адæмæй иу бацыди, цырыхъы хъусы бакаст æмæ дзуры: — Уæу, мæнæ æцæг диссаг! Ацы цырыхъыты хицауæн йæ мад æмæ йæ *фыд куадзæнрайсом къонайыл бæгъæмзæнгтæй бадынц! РУДЫ СКЪÆФТ Дзæуджыхъæуы рудгæнæгæн салдат йæ руд аскъæфта. Уый йæ расырд- та æмæ йæ цалынмæ расур-басур кодта, уалынмæ салдат руд ахордта, стæй адыллæууыд æмæ йæ фæрсы: — Цы дæ хъæуы мæнæй? — Мæ руд цы фæци? — Гъа баджигул кæ!.. «АРАКА» Райсом раджы иу хъæуы уырыссаг расыггæнаг писыры тагъдгомау про- токол фыссын кодтой. Уый æрбадт æмæ гæххæттыл хъуыддаджы сæр про- токолы бæсты ныффыста: «А р а к а». САУДЖЫН ПÆЛÆЗЫ ФÆТЫХСТИ Сауджын æмæ диакъон бæхуæрдонæй фæцæйцыдысты æмæ фæндагыл *сæ бæх фæтарсти. Диакъон асæррæтт ласта, фæлæ сауджыныл уæрдон афæл- дæхт æмæ йæхи ныццавта. Куы. сдзæбæх, уæд диакъоныл бахъаст кодта, тæрсаг бæхы уæрдоны мæн тыххæй барæй сифтыгъта, зæгъгæ. Уæд тæрхоны лæг диакъоны фæрсы: —- Цæмæн сифтыгътай тæрсаг бæхы? 187
Уый йæм дзуры: — Бæх фыдуаг нæ уыди, фæлæ бындзæй фæтарсти. Æз рагæпп бафæ- рæзтон, фæлæ сауджын йæ пæлæзы фæтыхсти, уымæн æз цы кæнон? Хъæды? бындз мауал ныууадзон? Æви пæлæз фæцыбырдæр кæнон? БÆГЪÆМЗÆНГ СИАХС Иу хохаг лæг сæрдыгон Джызæлмæ йæ каистæм фистæгæй æрцæйцыди^ Комы дæтты уайгæйæ раласта йæ дзабыртæ, зæнгæйттæ æмæ хæлаф. Хъæу- гæронмæ куы ’рхæццæ, уæд зæнгæйттæ æмæ дзабыртæ скодта, фæлæ хæлаф- æфцæгыл басылыхъгондæй ферох и. Афтæмæй йæ каистæм æрфардæг æмæ тыргътыл бæрзондгомау бандо- ныл хæлиу æрбадти. Чындзытæ йыл исдугмæ бацин кодтой, стæй йæ куьк ауыдтой, уæд пыррыччытæгæнгæ фæйнæрдæм фæлыгъдысты. Сиахс сгуызавæ и, ракæс-бакæс кæны, уалынмæ фестъæлфти, фæсæр- рæтт ласта, скъæтмæ балыгъд æмæ уым йæ хæлаф акодта. «ÆМÆ ЕЛХОТЫ БРАНЫЛ ЦÆУЫЛНÆ ЦЫДИ?.. Фæсхохаг лæг Куырттаты хъæуы иу хæдзармæ, кæддæр дыууæ аз*ые кæм бакуыста, ахæммæ æрфысым кодта. Бинонтæ йæ размæ рауадысты* æмæ йыл цинтæ кæнынц. Фæсхбхаг фæрсы: 4 — Дзабо та уын кæм и, Дзабо? Уæд Дзабойы ус дзуры: — Дæ Дзабо нал ис, мæ хур," нал!.. * — Ау, цы фæци? Цы кодта? — Уæлæ, мæ хур, Немыцы сæрмæ Терчы рацæйуад æмæ йæ дон алаета. Уæд фæсхохаг аджих æмæ дзуры: — Уæ, йæ хæдзар фехæла, æмæ Елхоты браныл цæуылнæ цыди? — Мæгуыр лæг уыд æмæ йæ хæдзарыл тагъддæр цæмæй сæмбæлдаид,, уын тыххæй ууылты рацыди. — Æмæ йæ мардыл цас цæудзæни ныр? — Йæ афæдз йæхи фæци. Уæд та фæсхохаг ныддис кодта: — Ау, æмæ Елхоты браныл ныр дæр нæма схæццæ уыдаид?.. ХÆРДДЖЫН ÆМÆ МÆРДДЖЫН Дыууæ лæджы кæрæдзиуыл сæмбæлдысты æмæ иу иннæйы фæрсы: — Гъы, дзæбæх стут? — Дзæбæх стæм. — Æмæ уæддæр уæ царды уаг куыд у? Уый йæм дзуры: ’1- Хуыцауæй бузныг, цæрæм, хъæдур хæрæм æмæ æмбисæхсæвмæ хæрд- джын, уымæй бонмæ та — мæрдджын... 188
БОГЪЫ СÆРЫЛ ЦÆФТÆ Иу лæг дыккааг ус æрхаста. Дыууæ ^усы нæ бафидыдтой æмæ хистæр яæстæры фæнадта. Уый йæ цæгатмæ алыгъд æмæ æфсымæрты йæ лæгыл -сардыдта. Къорд бонты фæстæ лæг йæ усы кæнынмæ ссыди. Уæд æм усы æфсы- змæртæ ралæбурдтой æмæ йын йæ сæр аскъуыдтой. Лæг йæ сæры туг калгæ уынджы æрцæуы æмæ йæ Ныхасы лæгтæ фæрсынц: — Цы кодтай уый цы? Уый къух ауыгъта æмæ фæстæмæ дзуры: — Ницы, ницы, богъы сæрыл цæфтæй фылдæр цы уайы. ХЪÆДУРЫ КЪУС Уазæгуаты иу лæгæн дынджыр къусыдзаг хъæдурдон æркодтой. Æххор- чиаг уазæг уидыгæй къус змæнты æмæ дзы æрмæст иу къорд гагатæ йед- дæмæ нæ ары. Уæд лæг уырдыгыстæгчындздзон чызгмæ дзуры: — Чызг! Тагъд ма мын мæ дзабыртæ алас! Уый йæм дзуры: — Уау æна! Хæргæ уал акæ, хæргæ!.. — Хæргæ кæнын, хæргæ. Мæнæ мæ къусы цалдæр хъæдуры гагайы ис æмæ уыдон рацахсон! ÆХСÆРФАРСЫ ЦÆФ Иу лæппуйæн хъæдмæ чызг аскъæфтой æмæ иу ран æрынцадысты. Чызг лæппуйы æмгæрон нæ уадзы, фæлæ йæм уый уæддæр йæхи ласы æмæ дзуры: — Цæмæн афтæ кæныс? Цæй тыххæй мæ нæ уадзыс хæстæг? Ды ныр мæн куы дæ? Уалынмæ чызг къух дард фæхаста æмæ æхсæрфарсæн дзæхст. Лæппу гшббогъ ласта, кæуы æмæ дзуры: — Амæй бæллæхы дæр чи фæуыдзæни, аимæ куыд цæрдзынæн, нæ зо- нын!.. ХИСТЫ НАД Иу хæдзар йæ мæрдтæн хист кодта æмæ сыхбæстæ æрæмбырд ысты. Фысымтæ сæ иу сыхагимæ цæйдæр тыххæй фæбыцæу сты æмæ йæ аууæрс- той, бæстæ хъæлæба сси. Сыхаг уынгмæ раирвæзт æмæ йæ уым фæрсынц: -— Цы хабар у? Уый сæм дзуры: Мæнæ, сæ мæрдтæн хист кæныны æфсонæй мæн марынмæ æрсайдтой æмæ сæ мæрдтæ мæ хæрæджы бахæрæнт. 189
КУСАРТ ÆВИ САСИРГУР Иу лæгæн йæ каистæм загътой: — Кæд дæ фæнды, кусарт акæ, на уый нæй — сасиргур ауай! Уæд цæм сиахс дзуры: — Кусарт ницы акæндзынæн, фæлтау сасиргур ауайдзынæн. ДЖИТЪРИ УАРЗТА Иу усæн йæ лæг амард æмæ хъарæг кæны: — Джитъри мын уарзта, джитъри. Лдæм джитърийы койæ сфæлмæцыдысты. Уæд гуырдзиаг сауджын усмæ- йæхи хæстæг баласта æмæ йæм дзуры: — Хорз ус, гитърийы кой ныууадз, гитърийы, худинаг у. — Уæдæ ма цы кæнон цы? — дзуры ус— Уæ сауджын, сауджын, сау~ джын? Уæд та йæм сауджын дыккаг хатт бацыди æмæ йын дзуры: — Хуыцауы хатыр бакæ, æмæ «саугин» мауал кæ! Фæлтау та «гитъ- ри» кæ!.. , «КÆД МÆНЫЛ КÆУЫС?..» Фæсхохы иу ус йæ чызджы чындзы æрвитгæйæ тынг куыдта, æмæ йæ сиахс фæрсы: — Уæ Дзеда, дæ мады мæрдтыстæн цæмæн кæуыс? — Куыннæ кæуон? — дзуры ус.— Чызг фæхастон æмæ йæ ды хæссыс Уæд æм сиахс дзуры: — Нæ фæлæ кæд дæ чызг нæ бæззы æмæ мæ тæригъæдæй кæуыс?.. ЛÆДЖЫ СÆРЫЛ БÆЛОН Иу лæджы сæрыл æрмахуыр бæлон абадт æмæ йæм йæ къух æрцач- сынмæ куы сцæйиста, уæд æм йæ æмбал дзуры: — Фæлæуу, сындæг, фæлæуу, мæ бар æй уадз, атæхдзæн дын!..— Æн- цад фæстæрдыгæй æрбахъуызыди, лæдзæг дард фæхаста æмæ — хафт. Бæлон атахти, сæрæн йæ туг акалди. РОГ УСГУР Уæрæсейæ чи ссыди, ахæм тæлтæг лæппу иу чызгмæ фидауджыты бар- выста, æмæ фæстæмæ æрæгмæ куы цыдысты, уæд цæм лæппу йæхæдæг бацыдн, дуарæй бадзырдта, æмæ йæм чызджы æфсымæр рауади. Усгур æм дзуры: 190
-=■ Цæй-ма, мæ лæгтæ цы фесты? Кæд ис, уæд хорз, науæд мæнæн Уæ- рæсейы æнæ ирæдæй лæхстæгæнджытæ дæр бирæ ис. УÆЛДЗАРМЫ ХÆРД Иу лæгæн йæ уæлдзарм куыдз бахордта æмæ райсом раджы Ныхас- мæ куы рацыди, уæд адæмæн дзуры: — Уæллæгъи, дысои та мын замманайы æртæ абазийы аргъ куыдз мæ* уæлдзарм бахордта... «КÆД ЦÆРÆМ, УÆД ИУМÆ...» Иу мæгуыр усæн йæ лæппу хъæдæй къæртайы дзаг цымтæ æрхаста^ Ус йæхинымæры æрхъуыды кодта: «Мæнæ нæ сыхæгтæм гал æргæвст, цæй, æмæ цын цымтæ сдавон, кæд мын иучысыл дзидза авæриккой». Дыууæ хатты цын схаста æмæ — нæй. Æртыккаг хатт та цын куы сха- ста, уæд æм сæ ус дзуры: — Уау æна, нал нæ ныууадзай æви цы? Дæ цымтæ иууылдæр махæн: куы схастай!.. Уый йæм дзуры: -— Уæ мæ бон! Кæд цæрæм, уæд иумæ цæрæм, иумæ!.. ИÆ МАСТ РАЙСТА Иу хъæдгæс йæ сыхаджы хъæды суг кæнгæ æрцахста æмæ йын байста йæ фæрæт. Уæд хъæддзау мæстыхуызæй хъæдгæсмæ дзуры: — Цæй, ницы кæны, Дзæнгæл! Фендзыстæм!.. Хъæддзау æнæ фæрæтæй куыддæр хъæумæ æрхæццæ, афтæ йæ Ныхасы лæгтæ фæрсынц: — Цы хабар у? Цæй æнкъардæй цæуыс? Уæд цæм хъæддзау æнкъардæй дзуры: — Цы хабар ма уа! Æвзæр хабар, æвзæр! Уæлæ хъæды фæндагыл хъæдгæс Дзæнгæлы амардæуыди. Уыцы сахат Дзæнгæлы мард æгас хъæуыл айхъуысти. Сыхбæстæ æм- хуызоиæй Дзæнгæлы хæдзармæ кæугæ бараст ысты. Бæстæ æрдиаг сси; Дзæнгæлы æртæ хойы æмæ йæ мад сæ цæсгæмттыл царм буар нал ныу- уагътой. Уалынмæ Дзæнгæл дæр, хъæддзауы фæрæт йæ дæлармы, афтæмæй æр- хæццæ. КУЫДЗЫ МАРД Иу лæджы хæдзармæ æхсæв кæйдæр куыдз сагъуыд æмæ йын йæ ку- винæгтæ хордта. Лæг æм иу æхсæв бабадт æмæ йæ топпæй амардта, фæлæ 191
Лæ быдырмæ цæмæй аластаид, уый нæ уыди. Уалынмæ сæударæй йæ сыха- джы æххуырст уæрдонæй хъæдмæ рацæуы. Лæг йæ размæ рауад æмæ йæ арахъ нуазынмæ баздæхта. Хæдзары устытæ æххуырстæн арахъ дæттынц, лæг куыдзы марды хъæддзауы уæрдоны хосы бын авæрдта. Æххуырст нозтджынæй йæ уæрдоны сбадт æмæ афардæги. Хъæдмæ куы схæццæ* уæд йæ бынæй куыдзы сæр разынди. Хъæддзау æвиппайды фæтарст æмæ уæрдонæй асæррæтт ласта. ДОНАЙЫ ХÆСТЫ Донайы хæсты Иры æфсæдтыл иу ран тынг æххормаг рæстæг скодта, <æмæ дзы иу лæг зæххыл ратул-батул кæны. Уæд æй сæ сæрдар фæрсы: — Цы кодтай? Цы дыл æрцыди? Уый йæм дзуры: — Цы ма кæнон, сыдæй мæ уд схауы! — Ау æмæ мах дæуæн уæлдай цы бахордтам? Уый йæм фæстæмæ дзуры: — Æмæ мæнæн тынг стонджы у, тынг. ПЪЫРЫСТЫФЫ НАД Джызæл пъырыстыфы куы фæнадтой, уæд дзы чидæртæ афтæ дзырд- той: — Йæ мукъутæн ын дзæбæх авæрдтон! — Тымбыл къухæй йын йæ уадул дзæбæх куы ныммыхъ ластон! Чи та загъта: фæхостон ын йæ фæрстæ, былтæ, риу, фындзыхъæл. Уалынмæ хъæуыл æфсæдтæ куы ’ртыхстысты, æмæ цæ иугай гхсын куы байдыдтой, уæд та афтæ дзырдтой: — Æмæ æз Къардоны куы уыдтæн. — Æмæ æз Æрыдонæй нырма абон куы схæццæ дæн! — Æмæ æз рынчын куы уыдтæи! БЫДЫРЫ МАРДЫ АРФÆ Иу мæгуыр лæг къорд æфсымæртимæ фæхыл и, æмæ цæ адæм баир- гъæвтой. Æфсымæртæ мæгуыр лæгмæ тынг æртхъирæн бакодтой, афтæмæй æхсæвæддæйыл хос кæрдынмæ ацыдысты. Æртæ-цыппар боны фæстæ цыл мæгуыр лæг быдыры фæндагыл уæргъæф- тыд баци. Æфсымæртæ йæм рагæппытæ кодтой. Уый дæр рахызти уæрдо- иæй, æнкъардæй къухтæ æруагъта, мæрдадзы лæуд æркодта æмæ дзуры: — Рухсаг уæд уæ фыд! Хъæргæнæг уæм рарвыстам, фæлæ уæ ие ссард- та, дзæнæт ын Хуыцау радтæд. Æфсымæртæ джихæй баззадысты, æнкъардæй сæ уæрдоны сбадтысты. Хъæумæ æрхæццæ сты. Куы сæввахс сты, уæд хæдзармæ кæрæдзийы фæс- 192
тæ хъæрæй кæугæ бараст сты. Каеуынмæ сæ фыд хæдзарæй рагæпп кодта лæдзæгæй йæ сæр хойгæ æмæ дзуры: — Цы кодтам! Цы ныл æрцыди?.. -™ъ-^., ГÆМÆХСÆР ЛÆГ Уазæгуаты фынгыл бадгæйæ иу гæмæхсæр лæджы фысымы ус^фæрсы: — Дæ рын бахæрон, хорз лæг, лæджы сæр-иу цæмæн афтæ ныггæмæх вæййы? Уый йæм дзуры: — Зондджын лæгæн кæддæриддæр афтæ кæны, стыр хорз адæмты сæр- тæ куы фенис, уæд сеппæт дæр афтæ гæмæх сты. Уæд æм ус дзуры: — Æцæг зæгъыс, æцæг, уæртæ Бицойы фаджысмæрзæг салдатæн дæр афтæ гæмæх у. «ÆЗ ДЗЫ УÆДДÆР МÆ ХАЙ РАЛАСДЗЫНÆН...» Æртæ æфсымæры нал фидыдтой иумæ æмæ уарджыты æркодтой. Бирæ ныхæсты фæстæ уарджытæ дыууæ æфсымæры бафидауын кодтой. Æртык- каг, иу уæдæгонд магуса, фидыды фæстæ кæцæйдæр æрбацыди æмæ æфсы- мæрты фæрсы: — Цæйут-ма, уарæм æви нæ? — Ау, æмæ дæу та цы хъæуы? Ды та нæм цы æрхастай? Уæд цæм уæдæгонд дзуры: — Сымахæн дзы фыркуыстæй уæ тъæнгтæ куы аскъуыдаиккой, æз дзы уæддæр фæрсылæй мæ хай раласдзынæн. НОГБОНЫ АРФÆ Æхсæвыгон иу лæгæн йæ хæдзар ыссыгъди. Хъæубæстæ фæдисы фесты æмæ йæ хуыссын кæнынц. Хæдзары бинонтæ кæуынц, æрдиаг кæнынц. Уа- лынмæ иу хъазаг лæг æрхæццæ, хæдзары хицауы уæлхъус æрлæууыди, дамбаца фелвæста, хæрдмæ дзы фондз æхсты фæкодта æмæ йæм дзуры: — Гъеныр дæ дæ ног азы хорзæх уæд! Ды дынджыр арт скодтай, æз та дын гæрæхтæ фæкодтон. «ÆЦЦÆЙ, ИСЧИ ДÆ АМАРДТА?» Иу лæг йæ уæдæгонд æфсымæры сыхæгтимæ æхсæвæдтæйыл гутоны æрвыста, йæхæдæг æндæр хъæумæ балцы ацыди. Уæдæгонд æфсымæр æхсæв быдыры æвзæр фын федта æмæ райсом раджы йæ гутондзау æмбæлттæн дзуры: — Уæллæгъи, цыма мын дысон ме ’фсымæры чидæр амардта. 13 Мах дуг № 7-8 193
Уæд æй æмбæлттæ рог-рогы систой, æмæ йын дзурынц: — Тынг æвзæр фын федтай, æцæг дын ма разына? Цæугæ йæм фæл- тау тагъд. Лæджы мæт бацыди, гутонæй бæх феуæгъд кодта æмæ æнæсаргъ бæ- хыл йе ’фсымæрмæ фезгъоры. Иу дзæвгар куы ауади, уæд дыууæ ’фсымæ- ры баиу сты æмæ йæм уæдæгонд æфсымæр дзуры: — Æццæй, Хъæрæби, исчи дæ амардта? ’ г ^ Уый йæм дзуры: ,,! — Гъæй æвзæр, фыд-зонд! Чи та дæ сардыдта? «ФÆСАЙ ЙÆ! ХАРБЫЗ ДÆР МА АППАР!» Дыууæ мæгуыр æфсымæры сфæнд кодтой: — Цом æмæ Дзæуджыхъæуы базары харбызы цъæрттæ хæрæм. ÆрбацыдЫсты, кæсынц æмæ дзы цъар нæй, фæлæ базары астæу иу харбызы уæрдон лæууы. Æрлæууыдысты йæ уæлхъус. Иу иннæмæ дзуры: — Дæ цуры дынджырдæр харбыз сис æмæ лидзгæ, æз дæр дæ фей- йафын. Уый харбызыл йæхи ныццавта æмæ уæлæ фæлидзы. Хъазахъаг уæрдо- ны сæрæй агæпп ласта æмæ йæ фæсуры. Куыддæр æй фæцæйæййæфта, афтæ фæстаг æфсымæр раззагмæ хъæр кæны: — Фæсай йæ, фæсай йæ! Харбыз дæр ма аппар! Раззаг йæхи фæгуыбыр кодта, æмæ хъазахъаг йæ сæрты асхъиудта. Харбыз къухтæй æрхауд æмæ зæххыл ныппырх и. Хъазахъаг фестад æмæ та йæ фæсуры. Фæстаг æфсымæр æрбадт æмæ харбыз хæры. Раззаг дардыл æрзылди, харбызы цурты йæхи æрбауагъта, иу фарк дзы фелвæста æмæ фæстæмæ дзуры: — Иууылдæр æй ма бахæр, мæнæн дæр дзы фæуадз! АРАХЪ ÆМÆ КÆРДЗЫН Иу зæронд усы пъырыстыф арахъ уадзгæ æрцахста. Хъуыддаг тæрхон- допмæ бацыди, æмæ йæ фæрсынц: — Дæхи сраст кæныны тыххæй ма цы зæгъыс? Уæд зæронд ус йæ ронæй хъæбæр нартхоры кæрдзын раласта æмæ тæр* хоны лæгмæ дзуры: — Мæнæ ма ацы кæрдзын афтидæй бахæр, æмæ кæд дæ хъуыры нæ ныссæдза, уæд мæнæн тæрхон нæ, фæлæ мæ топпытæм æрæвæрут!м Уыцы дзырды тыххæй зæронд усы сраст кодтой. | ЙÆХИЦÆЙ АУМÆЛЫ ФЫРТ Мæгуыр лæг æмæ усы сыхæгтæм бирæ бæгæны уыди, æмæ дзы куыд банызтаиккой, уый тыххæй æрхъуыды кодтой: ус лалым йæ дæлармы ба- 194
кодта, æмæ йæ лæг дынджыр лæдзæгимæ сæ сыхæгты хæдзармæ басырдта. Ус цъæхахстгæнгæ суанг къæбицы скуыси æмæ уырдыгæй æддæмæ лæгмæ дзуры: — Гъæ, дæлæ хъæбæр хъæдалæджы фырт, æмæ нæдзыцæуыйы фырт! Уæд æм йæ лæг мидæмæ дзуры: — Гъæ, йæхицæй аумæлы фырт, мæ къухмæ дæ нæ хъæуы? Ус йæ лæджы дзырд уыцы сахат бамбæрста, лалымы дынджыр бæгæ- ныйы гарзы нытътъыста æмæ байдзаг и. Уыцы хуызæнæй ус кæлмæрзæпы бын лалымы дзаг бæгæны йæ хæдзармæ æрфардæг кодта. НÆЛ БÆХ ÆВИ ЕФС? Иу лæгæн йæ бæх адавдæуыди. Дыууæ азы фæстæ Дзæуджыхъæуы базары иу мæхъæлоны бæхыл ныххæцыд йæ бæхы æфсон æмæ лæбурд са- мадта, кæрæдзимæ фесты, æмæ мæхъæлон нады фæци. Уалынмæ пъæлицæ æрхæццæ сты æмæ дыууæйы дæр акодтой. Ироны фæрсынц: — Радзур-ма дæ бæх цы хуызæн уыди? Уый йæм мæстыхуызæй дзуры: — Дæлæ йæ нæ уынут? Гъеуый мæ бæх у! — Нæл бæх дын уыд æви ефс? — Нæл бæх! ^ — Цума уæдæ йæ фен. Лæг рацыди, кæсы æмæ ефс куы разынди, уæд лидзæг фæци. ХЪАМАЙЫ РÆХУЫСТ Йу лæг бæхуæрдоны æндæр хъæуæй йæ хæдзармæ расыгæй рараст и. Хъæуæй куы рахицæни, уæд фæцагайдта æмæ бæхы фыднад кæны. Исдуг- мæ бæх дзæбæх фæуади, стæй йæ æгæр куы надта, уæд нычъчъыллиппытæ кодта. Лæг йæхицæн фæтарсти, фæмæсты, дынджыр сауарæзт хъама фел- вæста æмæ бæхы фæсте барæхуыста. Чысыл ма куы рауадысты, уæд бæх æрхауд æмæ амарди. Лæг фистæ- гæй йæ хæдзармæ схæццæ. Кæрты дуарæй куы бахызти, уæд йæ ус йæ раз- мæ фæци æмæ йæ фæрсы: — Ау, æмæ дæ бæх, дæ уæрдон кæм сты? — Ард дæ хæдзары бацæуæд! — сбустæ йын кодта лæг.— Æрра бæхы мын мæ разæй скодтай, Хуыцау хорз æмæ ма мæ хъама мæхимæ фæци, уыййедтæмæ мый фæндагыл раст куыдзы мард кодта. УСЫ ТЕЛЕГРАММÆ Дыууæ фæсхохаджы Уæрæсейы иу ран куыстой, æмæ дзы иуæн чыры- нæй йæ хæдон’фесæфти. Хæдоны хицау йе ’мбалы фæрсы: 195
— Мæ перанри мын ды систай? — Нæ! Æз ницы систон! — Ау, уæдæ мын цы фæци? — Макæ, кæннод æз иу карз æлгъыст ракæндзынæн! — Æниу мæм дардæй æрцыдæуыди. — Уæдæ, кæд æз дæ перанрийæн исты зонын,-— смæсты лæг,— у&д мæм Хуыцау мæ усы телеграммæ æруадзæд! Уæд хæдоны хицау йæ бадæнæй фестад æмæ дзуры: — Æллах, цæй судзгæ æлгъыст ракодтай! Фæлтау мæ мæ салбари дæр куынæ уыдаид. РОДТЫ ДАВД Иу сыхы кьухы æндæрхъæуккаг родтæ бафтыдысты æмæ цæ аргæв- стой. Уыцы хабар сæ хицауы хъустыл æрцыд æмæ цæм иу бон бæхыл Ны- хасмæ æрцыди, уайдзæфтæ цын фæкодта. Сыхбæстæ сæхиуыл къæм абадын нæ уагътой. Уæд иу, зæрдæргом лæгæи, хъуыддагæн æппындæр чи ницы æмбæрста, ахæмæи фæхъыг и. Ралæбурдта барæгмæ ронбæгъдæй æмæ загъд самадта. Барæг æм бæх батардта æмæ йæ ехсæй ныццæфтæ кодта. Рон- бæгъд лæг мæстæй ссыгъди, цæхгæр фæзылд æмæ фезгъоры сæхимæ дзургæ: — Фæлæуу, æз мæ дамбаца радавон. Хæдзармæ куы бахæццæ, уæд йæ ус хабар бамбæрста æмæ йыл дуар ахгæдта. Лæг лæбуры, хъæр кæны уатæй, барæг æм уынджы æнхъæлмæ кæсы. Уæд Ныхасы лæгтæй иу барæгмæ дзуры: — Хорз лæг, дзæгъæлы йæм мауал æнхъæлмæ кæс, йæ ус ыл фæтых- джындæр и, уый нал рацæудзæни. Æндæр хатт æм-иу æрцу. о:
БЕСТАУТЫ ГИУÆРГИ ÆХСÆРДЗÆНЫ ПЫРХÆНТÆ Уадтымыгъ I Ды мæ зарæгæн йæ сæр. Цæй, сыст, ызнæт фæдисон, цырддæр! Нынниу сæдæвзагæй, ныннæр.— Фæу фæндаггæрдæг мæ дзырдтæн! Куыд нæй зæххы цъарыл фæуæн Æнустæн, размæбырстæн, цардæн, Нæй афтæ басæттæн дæуæн, Ныххуыссæн — де ’нæнтау цъæх артæн. Дæ нысан — иудадзыг тырнын, Дæ цард, дæ ции — дæ хæст, дæ тохы. Нæрыс, бырсыс ’мæ дæ уырны,— Дæ цæлхъæй атондзынæ хохы. Уæлахиз къухты бафтдзæн тагъд — Æдзух дæ размæ скъæфы уый ныфс. Минут дæр фескъуыдтай дæ тахт,— Нæ, уæд ды уадтымыгъ нæ хуыйныс!.. II Уыдтæн уырзыйас саби, раст, Æхсæв-иу рудзгуытæ ныххостан Æмæ-иу де ’хситтæй æваст Мæ хуыссæг, ме ’нцойад фæхастай. Цыдис-иу бæлæсты къæс-къæс, Мæстыйæ дæм сæ сæртæ ’нкъуыстой. Æз-иу уæд не ’рцъынд кодтон цæст, Зыдæй, цымыдисæй дæм хъуыстон. Цæмæн?— нæ хатыдтæн бæлвырд, Цы мæ скъæфта дæумæ — нæ зыдтон, Фæлæ мæм диссаджы монц гуырд, Цыбæлæй дæм мæ былтæ ’хсыдтон... 197
Мæсты ’хситт-иу куы систай хатт, Куы-иу хъуыст де ’ртхъирæн, дæ додой,— Мæ сæры хъуын-иу барц ысбадт, Мæ уæнгтæ цины дыз-дыз кодтой... Кæиын дын номдзыд лæгау кад, Чызгау дæ судзгæ уарзтæй уарзын. Арв саудалынг куы ’рвæййы хатт, Зынг хуры сау мигътæ куы байсынц, Куы вæййы ’фхæрд æрдз тар, æнкъард, Йæ сæр куы ’руадзы бæрз — гуырвидыц Æнаххос дидинтæ сæ цард Мæстæй цæссыгкалгæ куы ’рвитынц, Æлхынцъæрфыгæй сыстыс уæд (Хæлар, нæ дæ кæнын æппæлгæ) Æмризæджы нырризы ’ппæт,— Фæхæссыс сау мигъты гæппæлгай... Æмæ ныццæхæр калы хур, Ног райгуыры, ныххуды бæстæ, Цард фесты ’хсидгæ денджыз, фурд,— Ныззары мæргъты мин хъæлæстæй. IV Зæххыл дæм ничи ’рхæсдзæн фау, /Енусты ’нæмæлгæ бæгъатыр; Ды дæ æнæсæттон ныфсау Æмæ рæстдзинадау -— æгъатыр! Ысуадзой ног талатæ нау,— Ыстоныс хус тулдзы бындзарыл: Цъæх фурдыл ма ’рхæца хъуына,— Иæ уылæнтыл ын арт æндзарыс. Бæстыл дæ уромæг кæм ис!— Дæ сæрыл сау зæххы цъар исыс — Дзыхъхъæй-къуыппæй сæ ’мвæз кæнысг Сæттыс, Фæлдахыс, Ног фæлдисыс... - Æдзух нæ кæныс, зæгъгæ, ’рвнæрд, Нæ дæттыс фезмæлды тых цардæн,— Уыдаид дун-дуне уæлмæрд, Мæлæт ыл дардтаид йæ бартæ. V ( Ды дæ мæ зарæгæн йæ сæр — Тызмæг ызнæтдзинады бардуаг! Æнусмæ ме ’мдзæвгæйы цæр, Кæрддзæмы тъыст цыргъ фæринк кардау! 198
Кæнын дын номдзыд лæгау кад, Чызгау дæ судзгæ уарзтæй уарзын. Кæсыс, ныр дæр, мæ хæлар уад, Æдæрсгæ демæ уынджы хъазын: Цæуын, мæ гом риу мын цæвыс, Куы та мæ ихуырзтæй рæвдауыс, Мæ зæрдæ мын цырын кæныс, Мæ уæнгтыл мын цъæх арт æфтауыс. Цæуын, дæуау мын ’рынцой нæй, Æрхъæц нæ зонын азаёй-азмæ. ХъæДдаг, æнæрЦæф æфсургъ, цæй, Дæ базыртыл мæ аСкъæф размæ!.. VI Церечы згъæрау судзы мæи Дæ тызмæг тохмонц сидт, дæ зарын, Мæ цард, мæ зæрдæйы тæмæн ( Дæ тых дæ размæбырстыл барын, Æмæ кæд ахуысса мæ зынг Мæлæтмæ’’лгъыст низы нымыгъдæй,— Ныннæрут уæд, нынниут тынг, Ысхъызут дунейы тымыгътæ: Бындзыггай мæ фæхæссут дард, Æваст мæ арвы тыгъдмæ фехсут, Куыд уадзон иудадзыг цъæх арт, Куыд хъусон уе знæт уынæр, уе ’хситт. Цæмæй мæ хæтæн уа уæрæх, Мæ хуыз тъымы-тъыматæм ивон, Куы-иу уон мигъ, куы та æртæх,— Зынг хурмæ кæрдæгыл æрттивон... 1958 аз. * * * О, уый номæй мын ма ракæн хъæстытæ: Æнкъард сагъæс мын ма бафтау мæ удыл. Фæлтау мын зæгъ, куыд ыл фидауы худын, Куыд æрттивынц йæ сау цæхæр цæстытæ... Кæд у фыдсыл, къæйных, дывзагон, суцца, Уæддæр æй хон æфсæрмдзæстыг, чырыстон, Кæннод мæ риу зындоны артæй судздзæн Æмæ уромæн нал уыдзæн мæ ристæн.. Кæд у рынчын, уæддæр уал мын æй ма зæгъ,— Мæ зæрдæмæ мын ма фæцагай кардæй. Фæлтау мын зæгъ, æдзынæгкæсгæ арæх Сæ рудзынггæрон цас фæбады ’нкъардæй; 199
Фæлтау мын зæгъ: йæ сау цæстытæ уарзтæн Цæстысыгæй уæззау хъалон куыд фидынц; Фæлтау мын зæгъ: куыд нарæг у йæ астæу, Йæ уæнгты конд — уæздан æмæ гуырвидыц. Йæ фыдкой дæ нæ домын, гормон, дзуаппæн. Дæ хуызы уæд мæ туджджыны уындзынæн. Мæ хорз дæ кæд фæнды, уæд мын дзы раппæл Æмæ мæрдтæм дæуæн кувæг уыдзынæн... 1957 аз. Стай зоопарчы Парк — æгуыппæг, æнтæфы ныНкъйрД, Нйкуы Змæлд щ Никуы ’ртæхдзырæтътæ, Залмы сыфтæ — онгуагъд æмæ Калд, Заеххыл хуры бур тынтæ — дыдæгътæ, Сæрд цыма мæлæтæн судзы буд,— Бæстæ бандзыг, нал хъуысы сыбыртт дæр. Уæлдæф у мæрдонæдзæм, æнуд. Аууæтты хуыссынц цъынддзаст æрсытæ. Сырддонмæ йæ сабиимæ кæд Иу ыстæм хахх иу исчи фæзыны, Бахъæуы къæпдзыхæй лæугæ уæд Саби бур гæрæм сырдмæ кæсыныл. «Карз ыстай» — æфсæн æмбондыл фыст. Нæ, уый кæд йæ бур быдыргъ у ’мпылдæй. Уæнггæ — уагъд, æндон цæстытæ — хуыст,— Сырд, бызгъуырау, фæскъæсæр тымбылтæ. Нæ, зынгæи зынг зæгъæн нæй хуыстæй,— Хъуамæ уый цæхæр тыфылтæ калид! Арвæрттывд у, уадтымыгъ у стай,— Ахстæй йын ыстай ысхонæн нал и.„— Уссурийы донбылгæрон рæз1,— Æрдзы знæт, тызмæг тыхы сырдвидыц. Царды монц, æнæнцойдзинад, хæст Уым æдзух йæ тугдадзинты ’хсидынц. Хъамылы йæ иу тызмæг фæкаст... Ферттывта йæ цæстыты рухс уæртæ,— Электронау атахти фыдтас Уæлдæфы дыз-дызгæнгæ фæйнæрдæм. » Фестъæлфыд æгуыппæг æрдз æваст; Алфæмблай ызмæлд ыссис æгасæй: Сырдты знæг лыгъд, мæргъты тахт, цъæхахст, Ризынц дуртæ, бæлæстæ дæр тасæй. 200
Ауыдта йæ фыдгулы — тæррæст! Фатæрттигъау йе ссыр урс фæдардта. Фен ыстайæн хъамылы йæ хæст, Уым у стай, гъе уым судзы цъæх артау... Ам æрмæстдæр й’афтид буар хуыссы,-— Дардмæ хаст йæ удынцой хæцæнтæй Æмæ йын йæ бырынчъы тъыссы Горæтаг тæппуд саби къæцæлтæ. * * * Гъæйгт! — къæппæгæй лыгъд цæргæсау, Цырд мæ базыртæ тындзын, Тарстæй ме знонмæ фæлгæсын, Райгæ райсоммæ тындзын. Райсом — хохрындз мæм иннæбон Талынг сæрсæфæн кæсдзæн; Ме знаг — сæрсæфæн æнæбын, Хох мын удæнцой хæсдзæн. Иунæг размæтахт — мæ катай,—■ Макуы ’рулæфон зæххыл Æмæ мигъты тары, фатау, Æз цæхæркалгæ тæхын. Фæсрагъ.хур æрттисгæ стулы,— Æз йæ фембæлдмæ тындзын, Ивгъуыд тар бонтæй мæ суры, Мигъау, талынджы бындзыг. Искуы къæбыртыл фæкалдтæи,— Уый мыл атыхсдзæн æваст. Фæлæ ме ’нæрцæф уд дарддæр Хурмæ уайдзæнис æмраст. 1964 Сахат Мæ ра^ы та цъыбар-цъыбур кæны Индустрийы алæмæттаг цъиу мæнæ. Нæ, уый æцæг нæ узæлы мæныл, Фæливы мæ цæстмæмийы кæлæнæй. Йæ зарæгæй мæлæтмæ сайы мæн Уый, «Одисейы» базырджын чызджытау. Тъымы-тъыма — йæ комулæфт, фæлмæн,— Кæлынц мæ риуыл минуттæ сыджытау. 201
Заоæг Æз æмдзæвгæтæ нæ фыссын, Дзырдты топпыхос нæмын. Зарæг, ферттивæд дæ хуызы Сау лæгсыолмарæн нæмыг! Ныстуан Нæ, мæ бон, ничи мæ Дардзæнис азымы, Уадз æмæ дун-дуне зона: Рæзтæн Ирыстоны Аргъæутты зазы бын, «Ало-лаз"» хъуыстон иронау. Ацы чъылыхдон, Хуырджын мæры равзæрдтæн, Хурмæ дзы, билцъау, ыскастæн, к Рахастон мемæ Мæ Иры рæдау зæрдæ, Къæйтæм мæ уидæгтæй баст дæн. Систы мæ удæнцой Тымыгъы ’хситтытæ, Арвæрттывд, арвы гæрæхтæ. Хæхтæй æнусон Цæхæркалгæ цъититæ Дарынц мæ удмæ цырæгътæ. Иры бæрзæндæй Фæлгæсдзынæн а-бæстыл, Ир у мæ фыццаджы сагъæс,— Бацыдис, ахъардта Тугау, мæ къабæзты. Йе ской мæм уайдзæфæн ма ’рхæсс! Ме сконд, мæ мидгуырдзæй Ахицæн Иры ’гъдау,—- Уаин, быдыргъау, хæрзафтид. Ахæм фыдæрцыдæй, Карды нырриуыгъдау, Мæрдтыл, цæрдудуæвгæ, бафтин. Канд æз нæ хитин Æнæ мæ Ир цинхызтæй, , Рухс-ма фæхъæуид æнустæй: Иу хуыз ирон хуыз у Дунейы мин хуызтæй, . Арвырон уаид фæлурсдæр... 202
Нæ, мæ бон, ничи мæ Дардзæнис азымы, Уадз æмæ дун-дуне зона: Рæзтæн Ирыстоны Аргъæутты зазы бын, «Ало-лай» хъуыстон иронау. Ме скаст — Ирыстонæн Ингæнмæ кувдзынæн, Уарт ын куы фестин æз абон! Никуы куырдтон æмæ Никуы дæр курдзынæн Уымæй ыстырдæр хæрзамонд. * * * Ехх, цы цæстытæн радтон æрхæндæг, Ехх, цы цæстытæн байстон сæ цин! Æмæ се ’нкъард, сæ джихтыл хъæцин, Фæлæ се ’рвгъуыз цæссыгты пырхæндæг!.. Нæ, цыкурайы судзгæ фæрдгуытау, Рухс нæ ныллæууынц зæхмæ цæджындз; Уый куы сæ ’ркалы фатдзæф сæгуытау, Уæд мæ зæрдæйыл тугтау тæдзынц. * * * Ды æрцыдтæ ’мæ мсмыдзаг бадæн дæуæй... Никуы хуссары афтæ нæ нæрыди арв, Ма ’нхъæл, ахсæв фынæй дын æз бакæнон тарф, Нæй фынабй мын, мæ дардбæстаг рухс Музæ, нæй. Уый цы тас у, Цы фыдохаг арвы къæр-къæр, Æви райхъал мæ уды Дæ рагон кæл-кæл... Æмæ сцагътой дзæнгæрджытæ ’васт Ме ’ндзыг зæрдæйы цин æмæ маст. 1970 * з * Цæмæн дæ агуырдтон куырмæджы, Æрвгъуыздзаст, саудзыкку, гуырвидыц, Куыд рæджы бакодтон, куыд рæджы,— Нæ сæртæ урс-урсид æрттивынц. Фæрси-фæрс фæндæгтæ рыгкалгæ Тæхынц æнæнысан бæрзæндтæм, Ныр мах уырыдамонд мыггагмæ, Æбар нæ бæллицтæ, нæ сæнттæ. 203
Ныр бонтæ ниудзысты æмбуйæ, Фæстейæ — ихуазал фыдджитæн,— Кæддæр дæ сатæг-сау дзыккуйæ Йæхи æрцауыгъта мæ фидæн. 8-10/ХП-70 * 1- * Дуне уыд æндзыг уадау æдзæм. Адæргæй истерикон цин кодтон. Уый, нæ зыдтон,— арвы нæрд ныццæм,— Тугзæйау мыл рацæудзæн йæ додой. Прометейы риуæвзон цæргæс Хурæй ме ’хсæн райтыгъта йæ базыр, Арв мæ сæрмæ раскъуыди нæргæ, Мигъты ’хсæн йæ судзаг нæмыг хъазыд. Уарзоны цæстыты ’нгæс цъæх арв Байдзаг ис æрвæрттывды цæхæртæй. Дæнг! — æмæ мæ тугдадзинты арф Азгъордтой дыз-дызгæнгæ йæ хъæртæ. Æмæ цæрдтæй мæрдты ’хсæн æваст Зоныгылæй ауæдзыл æрхаудтæн. Удисгæ æрæнцади мæ каст Сыджытыл мæ сау цæстыты хаутæ.К Ныр фæскъæвда хур бон у, мæрдтæй Сыстади Чырыстийау мæ уд дæр, Арвы цъæхы мигъы бындзыг нæй — Уый та мæм мæ чъынды зæд фæхудти! Кувын дын цырагъармæн: чысыл Ацы уысм фæдаргъдæр кæн уæд та ма, Цины стъæлфæн ма бауадз хуыссын,— Зæрдæмæ тыххæй бырсы цыргъ хъама. 22-28/Х1-69,
ХЪОБАЙНАГ ДЫУУÆ ТАУРÆГЪЫ ХАЗБИ КÆСГОН ÆЛДАРЫ КУЫД АМАРДТА Рагон ивгъуыд заманы тыхы фæндагыл кæсгон æлдæрттæн ирон фæл- лойгæнæг адæм фыстой хъалон. Æлдæрттæ-иу сæ зæрдæйы дзæбæхæн бу- хъытæгæнгæ сæ фæсдзæуинтимæ рацыдысты хъалон исынмæ. Уыдон-иу Иры Зыдыртæ æмæ хæхтæм æрбацыдысты æмæ-иу уым фæллойгæнджытæй хын- джылæг систой. Гал, бæх никæмæ уагътой, тыххæй сæ истой, сæ ныхмæ-иу *зи сдзырдта, уый та-иу нæмгæ æмæ маргæ кодтой. Иу рæстæджы та дын уыцы æлдæрттæй иуæн йæ зæрды хъалон исын æрлæууыд. Йæхи æрбацæттæ кодта, райста йемæ дыууадæс фæсдзæуины æмæ мæнæ Чысыл Кæсæгæй хъалон исынмæ рараст Хъобангоммæ. Хъобанмæ куы бахæццæ, уæд уым Ныхасы бафарста адæмы: — Ам мын хуыздæр фысым чи фæуыдзæн? — Алыккаты Хазбийæ хуыздæр фысым ам не ссардзынæ,— зæгъгæ, йын загътой уым. Кæсгон æлдар айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ комкоммæ йæ ных са- рæзта Хазбийы хæдзармæ. Кæртмæ куы бахæццæ, уæд йæ бæхæй не ’рхызт, афтæмæй йæ бæх батардта Хазбийы уатмæ. Уым Хазбийы ногхаст усы къа- базыл фæхæцыд æмæ йæ æддæмæ фехста. Уыцы заманы Хазби уыдис балцы. Æлдар бæхыл бадынæй сфæлмæцыд æмæ йæ цъыфæндзаг дзауматæ нæ раласта, афтæмæй ног чындзы хуыссæнтыл йæхи уæлгоммæ ауагъта. Уай- тагъд йæ фæсдзæуинтæ йæ фæдыл бауадысты æмæ йын йæ бæх æддæмæ раластой. Бирæ рæстæг нæма рацыд, æлдар ног чындзы хуыссæнтыл йæхи куы ауагъта, уæдæй, афтæ Хазбийы ссыды хабар фехъуысти хæдзармæ. Уалдзы- гон хур хуриыгуылæны ’рдыгæй къæдзæхтæ æмæ Хъобаны рæгътæ ныррухс кодта, алы мыггаг фос хизæнуæттæй хъæумæ тырныдтой, алчи йæ изæры куыстытæ кодта. Уалынмæ Хазби кæцæйдæр фæзындис. Йæ кæрты æдсаргъ бæхтæ куы федта, уæд афтæ æнхъæл уыдис, æмæ йæм цавæрдæр уазджытæ æрцыди. Тагъдгомау йæ бæхæй рафистæг æмæ бæхы идон бæхбæттæныл баппаргæйæ даргъ къахдзæфтæгæнгæ бауади хæдзармæ. Хазбийæн йæ ахуыр афтæ уыдис: куыддæр-иу балцæй æрцыд, уæд-иу йæ бæхы саргъ нæма систа, афтæ-иу хæдзармæ тагъдгомау фæмидæг æмæ-иу йæ мадыл цинтæ кæны- ныл фæцис. 15 Мах дуг № 7—8 205
Куыддæр дуарæй бакасти Хазби, афтæ йæ мады цæсгомыл ауыдта æн~ къарддзинад. Уыцы æнкъарддзинадæй Хазбийы хъæлдзæг цæсгом фæтар- дæр и. Хазби тагъддæр бахызти къæсæрæй, йæ дзых куыд схæлиу кодта мады афæрсынмæ, афтæ галиуырдыгæй фæсдуары ауыдта йæ усы. Уыцы ран Хазбн дурдзæфау сагъдæй баззадис, изæрдалынгты сау мигътæ арв куы бамбæрзой, уыйау йæ цæсгом æгасæй ныттар ис. Иудзæвгар æнцад алæу- уыдн, стæй йæ мадмæ дзуры: — Цы хабар у ай? Нырма йе ’рхастыл афæдз куы нæма цæуы æмæ дæ чындз хæдзармæ куы æрбацыд æмæ дæ уæлхъус куы ’рлæууыд?! — Цы бакæион, мæ хъæбул, чындзы æрбацыд хæдзармæ нæдæр мæи аххос у, иæ- дæр чындзы аххос — йæхæдæг ын хъуыддаг кæрæй-кæронмæ радзырдта. Уьщы хабæрттæ дзургæйæ мадæн йæ цæсгомы хуыз рафæлив-бафæлив кодта: куы-иу фæтар и, куы та-иу фæрухс. Хазби, кæм лæууыд, уырдыгæй мидæг- дæр кал бацыдп. Мады ныхæсты фæстæ йæ дзыхæй уддзæф дæр иал схаудг афтæмæй даргъ æмæ фидар къахдзæфтæгæнгæ фæстæмæ раздæхт. Изæрдалынгты кæрты астæу саргъы бæхты цур цалдæр лæджы, сæ гæрзтæ сæ уæлæ, афтæмæй лæугæ ауыдта. Уыдонмæ ницы сдзырдта, афтæ- мæй комкоммæ йæ уатмæ араст. Йæ уаты дуар ехсы бырынкъæй мæсты цæф бакодта, æмæ дуар фегом и. Хазби бахызти мидæмæ. Уым федта йæ* сьпггæгыл бæзæрхыг тыппыргомау лæг уæлгоммæ хуысгæ. Йæ сырх цæсты- тæ зæбул фындзы фæйнæфарсæй Хазбийы ’рдæм сзылдта. Йæ уæлæ уыдис урс цухъа, сау куырæт, уæлдзарм худ, йæ къæхтыл зилгæхъус быдæй ду- мæдангонд дзабыртæ æмæ сæрак зæнгæйттæ. Сынтæджы алыварс лæууыди цалдæр фæсдзæуины, фæсдзæуинтæй иутæ æлдарæн йæ бындзытæ сырдтой, инкæтæ та йын йæ дзаумайы рыгтæ асæрф-асæрф кодтой. Хазбины сонт бацыдыл æваст фæджих сты. Æлдар Бæтæхъо йæ дзых^ куыд схæлиу кодта, Хазбийыл схъæртæ кæнон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ йæм Хазби æнæсдзургæйæ бавнæлдта, йæ рахиз къабазыл ын фæхæцыд æмæ йæ кæрты астæумæ ныззыввытт ласта æмæ зæронд халонау зæххыл фехæл- ди. Фæсдзæуинтæн сæ бон цы уыд! Куы федтой ахæм хабар, уæд кæрты къуымты фæйнæрдæм лыгъдысты. Хазби рацыд æмæ хæдзармæ бадзырдта, уат бафснайут, зæгъгæ. Уай- тагъд йæ ус æрбауад æмæ уат афснайдта. Уат æфснайд куы фæцис, уæд Хазби кæртмæ рацыд æмæ æлдары къух райста: — Алы бон æгас нæм цæут, уазджытæ, мидæмæ еблагъæ бакæнут. Æмæ сæ уатмæ æрбакодта. Фæсдзæуинтæ æмæ æлдар кæрæдзимæ ба- кæстытæ кодтой æмæ кæрæдзийæн цæстæй бамбарын кодтой, ахæм тых- джын лæгыл фыццаг хатт кæй фембæлдысты, уый. Уыцы сахат æлдары зæрды уыди Хазбийæ йæ маст райсып, фæлæ Хазбийы уæнгты ахаст æмæ хъару куы бамбæрста, уæд йæхиуыл ныххæцыди. Бæтæхъо ирон адæмæй тынг бирæ хъалон фæиста, бирæ фыдуаг митæ æмæ сын тыхмитæ фæкодта, фæлæ дзы Хазбийы хуызæн хъаруджын лæгыл никуы сæмбæлд, æмæ йыл. абон сайд дæр уый зæрдæйæ æрцыд. Бæтæхъо йæ абоны балцыл мæстæй 206
тъæппытæ хаудп: иуæй йæ фæсдзæуинты цæсты фегад, аннæмæй та йын й& тæнпуд æмæ æиæхъару базыдтой ирон адæм. Йæ цæстытæ ’гасæп сæ къус- чытæй рацæйхаудтой, йæ зæрдæ риуæй æддæмæ тыдта фырмæстæй. Цæттæ уыдис Хазбпйы гæбазгай атоныныл, фæлæ Хазбийы цæхæрцæст æнгас æмæ хъаруджын уæнгтæм кæсгæйæ йæхи æруагъта. Иудзæвгар джихæй аззад» стæй йæ сæры цыдæр хъуыды фæмидæг æмæ уæд загъта, æфсымæртæ скæ- нæм, Хазби, зæгъгæ, йæхæдæг фестад æмæ Хазбимæ йæ къух дæтты. Уыцы замаиы æгъдаумæ гæсгæ æнæ сразыгæнгæ хос нæ уыдт æмæ кæд Хазбнйы Бæтæхъоимæ æфсымæр кæпын нæ фæндыд, уæддæр æм йæ къух бадаргъ кодта æмæ, скæнæм, зæгъгæ, загъта. Хазби уазæгуарзаг уыдис, ауад æмæ% хъомдонæй гал раласта æмæ йæ уазджыгæн аргæзста. Дыууæ къуырийы уæлæмæ не сыстадысты, афтæмæй уазджытæ минас фæкодтой. Æрæджиау Бæтæхъо йæхи бынтон лæгъз ауагъта Хазбимæ æмæ, дзы хатыртæ куырдта, кæй фæрæдыднс, йе ’вастæй йьш йæ иогхаст усы уатмæ кæй бацыдис, уый тыххæй. Дпууæ къуырины хорз куы фæцæл кодтой, уæд кæсгон æлдар Хазбимæ басидт æмæ афтæ зæгъы: — Дыууæ къуырийы ныр дæ хæдзары минас фæкодтам, æнæхъæн хъæу- бæстæ дæр пæ уæлхъус фæлæууыдысты, тынг ныл фæцин кодтат, нæ дыууæ :«ы дæр æфсымæртæ скодтам. Хи æфсымæрæй кæьтæ æфсымæр зæрдæмæ бнрæ хячгтæгдæр у. Нырæй фæстæмæ канд демæ нæ, фæлæ ма æнæхъæи Ирыстояимæ дæр уыдзынæн æфсымæр. Дзырд дьш дæттын, мæ. уарзон æф- сымæр, æз ардыгæй фæстæмæ хъалон нсынæй мæ арм кæй сисдзынæн Иры- стонæй. Ныр дæ курын, Хазби, æмæ ма базивæг кæн, рацу æмæ фен, æл- дарчгуæг кæмæн кæнын, уыцы адæмты, фен мæ хъару, базонгæ у мæ би- нентимæ. ме ’фсымæртимæ. * Хазбн æдзыиæг каст Бæтæхъойы цæстытæм æмæ йын æрæджиау бæз- джын æмæ уæзбын хъæлæсæй загъта: — Мæ уазæг кæй дæ, уый тыххæй дын ныронджы рæдыдтæ хатыр сты, нырæй фæстæмæ та фендзыстæм! Ныр у, æмæ стыр бузныг, кæй мæ хоныс дæ райгуырæн бæстæ, де ’лдариуæгдзинад фенынмæ! Цæуын, уый тыххæй æмæ мæнæн мæ туджыхъæлы нæй, исчи мæ куы хона, уæд уымæн «нæ> зæгъын. Уыцы ныхæсты фæстæ Хазби хæдзармæ æрбацыд æмæ йæ мадæн ха- бæрттæ иууылдæр радзырдта: æлдар йæ раконд хъуыддæгтыл фæсмон кæй кæиы æмæ йæ уарзондзинады фæдыл уый дæр сæхимæ Кæсæгмæ кæй хоны* Мад æнцад байхъуыста йæ хъæбул Хазбимæ æмæ йын афтæ зæгъы: — Мæ хъæбул Габи, кæсгон æлдар дæ марынвæнд скодта. Ам дæм йæ ныфс иæ хæссы æмæ дæ уымæ гæсгæ сæхимæ марынмæ сайы. Цы гæнæя дын ис æнæ ацæугæ, мæ хъæбул, æнæ ацæуын дын худинаг уыдзæн, фæяæ. ма дын иу гæнæн амонын. Уартæ Куырттаты комы тæлмацгæнæгмæ аръит* цæмæй уый дæр демæ ацæуа æмæ дæ марыныл сæхи æвзагыл куы уыгнаф- 201
фæ кæной, уæд дын уый бамбарын кæндзæн æмæ уæд — дæ хъару æмæ дæхæдæг, дæ худинаг райхъуысыны бæсты фæлтау дæ мæлæт уым æрцæ- уад. Мады ныхæстæ Хазбимæ тынг дзæбæх фæкастысты, уæлдай ницыуал загъта æмæ æцæгдæр уайтагъд куырттатаг тæлмацгæнæгмæ арвыста, тагъд шем хæрзивтонгæй фæзын, зæгъгæ. Куырттатаг тæлмацгæнæг уыдис тынг номдзыд æмæ хъаруджын лæг. Фæдисы йæм цы сахат бадзырдтаис, уыцы сахат кæддæриддæр ифтонгæй яæууыди. Ныр æм абон Хазбийæ хабар куы фæцис, уæд фæстæмæ дæр нал фæкастис. Хуры бирæ нал хъуыди хæхты аууонмæ ныттулынмæ, афтæ куырт- татаг Хъобаны рагъæй сау мигъау хæстхуызæй æрбазынд. Йæ бæхы фæз- дæг йæ сæрмæ мигъау сбадти, бæхы къæхты стъæлфæнтæ сау халæттау йæ сæрты тахтысты. Куыддæр хъæумæ ’рбахæццæ, афтæ йæ бæхы цыд фад- дзуйæ ауагъта. Уайтагъд Хазбийы кæрты дуармæ æрбахæццæ. Бæхæй рахызт æмæ йæ бæх йæ фæстæ ласгæйæ кæртмæ бараст. Хазби йæ куы ауыдта, уæд йæ размæ цингæнгæ рауад. Уым куырттатаг æмæ Хазби фырцинæй кæрæдзийæн иыхъхъæбыстæ кодтой. Хазби Иналы къухæй идон райста æмæ бæхы бæх- бæттæныл абаста, йæхæдæг уазæджы цонгыл фæхæцыд æмæ хæдзармæ бацыдысты. Жазбийы мад Сахти Иналы куы федта, уæд æм цыма æнæнхъæлæджы хорздзинад искуыцæй æрхауд, уыйау йæ зæрдæ ныррухс. Кæрæдзиуыл куы ациитæ кодтой, уæд уый фæстæ дзурын байдыдтой, цы хъуыддаджы фæдыл æаз фæдзырдтой Иналмæ, уый тыххæй. Иналæн кæрæй-кæронмæ хъуыддæг- тæ иууылдæр бамбарьш кодтой, стæй дзы уæд куырдтой, цæмæй Хазбиимæ ацæуа æмæ, мыййаг æлдар æмæ йæ фæсдзæуинтæ кæсгон æвзагыл марыны #ой куы кæной, уæд Хазбийæн аивæй бамбарын кæна. Ноджы йын Хазби æмæ Сахти фæдзæхстой, цæмæй кæсгонау зоны, уый нæдæр æлдар, нæдæр фæсдзæуинтæ базоной. Куырттатаг Хазби æмæ йæ мады ныхæстыл уæлдай ницыуал загъта, йæ фидауцджын сау зачъе адаудта æмæ загъта: — Хазбийы сæрыл мæлæтмæ дæр цæттæ! Йæхæдæг йæ рахиз къух æрбатымбыл кодта æмæ йæ гыццыл стъолыл жркъуырæгау кодта. Сæ цæуыны æмгъуыд уыди майрæмбонмæ æмæ æхсæ- вы уым баззадысты. Райсом уалдзыгон хур дзæвгар куы суади, уазджытæ аходæи куы бахордтой, уæд рараст сты Хазбийы хæдзарæй. Хазби æмæ кæсгон æлдар разæй фæрсæй-фæрстæм цыдысты. Хазби бадтн бæрзонд, сынты базыры хуызæн сау бæхыл. Хазбийыл уыди тарбын сырх цухъа, урс сыкъа бæрцытæ, сау бæрзоид уæлдзарм худ, сæрак зæн- гæйттæ æмæ зилгæхъус дзабыртæ, йæ уæлæ уыди ноджы стыр сау хъама, æхсаргард, ирон дамбаца æмæ берданкæ. Йæ фæсарц уыди сау уæйлаг ны- шет æмæ хордзентæ баст. 208
Хазби æмæ Бæтæхъо рæгътæм сæ ехсыты бырынчъытæй амонгæйæ иын хасгæнгæ цыдысты, фæсдзæуинтæ æмæ куырттатаг та сæ фæстæ дыууæ рæн- хъæй цыдысты. Бæлццæттæ куы рахызтысты Хъобангомæй, уæд тагьддæр ацыдысты лæгъзы. Мæнæ ахызтысты Æрджыиарæгæй. Уалынмæ сæм сзыи- дысты кæсæджы хъæутæ æмæ фæз быдыртæ. Хур аныгуыльшмæ бирæ иал хъуыдис, афтæ уыдысты Мыртазаты хуссары. Уым куыддæр Урсдоиы хидæи ауадысты, афтæ фæсдзæуинтæ се ’лдармæ дзурынц: —- Дæ фарсмæ цы хъуысхæ цæуы, уый ма дæлдæр цæмæ уадзæм, цæ- мæй нæм йæ тæф цæуа, уый тыххæй? Кæд æй марæм, уæд мæнæ ацы хъж- ды рæбынæй хуыздæр бынат кæм ссардзыстæм? Куырттатаг куыддæр уыцы ныхæстæ фехъуыста, афтæ бæхимæ иæх» загъдгæнæг скодта æмæ йæ ехсæй æрцæфтæ кодта æмæ, цыма бæхимæ загъд кæны, уыйау йæхи скодта æмæ афтæмæй аивæй Хазбимæ дзуры: — Гъе ныр, гъе, нæхион, гъе ныр дæ кой кæнынц, æмæ дæ хъару æм& дæхæдæг. Хазби уайтагъд хъуыддаг фембæрста. Йæ уæнгтæ æрбалвæста, йæ идоя йæ галиу къухмæ æрбайста æмæ йæ бæх ехсæй æрцæлхъытæ кодта. Цъæх кæрдæгыл хъæды рæбынмæ бахъазыд, цыма бæхыл хъазын арæхсы нæ, уый фæлвæрдта, уыйау, стæй бæх фæстæмæ фæзылдта, æлдарырдæм, æмæ ахæк зыв-зыв сласта йæ бæх æмæ йыл цæст нæ хæцыди. Куыддæр æлдармæ æр- бахæццæ Хазби, афтæ æхсаргард фелвæста æмæ дзы сæрфтаив æлдары бæрзæй ныцъцъыкк ласта. Сæр уайтагъд фæцудыдта рахизырдæм æмæ зæх- хыл цъилау ныззылди. Гуыр сонт хауд нæ акодта, цалдæр цæстыныкъуылды ма алæууыди бæ- хы уæлæ, стæй галиуырдæм фефсæрста æмæ хæрисы ставд лыггагау зæххьи йæ гуыпп фæцыди. Хазби æлдары фæсдзæуинтæм фæзылди. Фæсдзæуинтæй кæй мард фæ- кодта, кæй та — цæф. Уалынмæ Чысыл Кæсæгæй фæдис стыхджын. Фæдисы ныхмæ Хазби ву- нæгæй æрлæууыд æмæ семæ хæцынтæ систа. Хазби берданкæйæ кæм вæ арæхст, уым та йæ кардæй хæцыд. Уыцы бон Хазби диссаджы хъару рав- дыста. Йæ сау бæх-иу карды комау фæдисæтты ’хсæн фегуырд æмæ-ку Хазби семæ лæгæй-лæгмæ тохы бацыдис. Уыцы бон Кæсæджы æлдæрттæ æмæ уыдон фæсдзæуинтæй Хазбийьс къухæй мæрдтæм бирæ бацыд, бирæйы та дзы уæнгхъуаг фæкодта. Уалдзыгон хурæн ма йæ фæстаг тынтæ хохы аууопæй зына-нæзына рухс дардтой, афтæ фæдисы хабар æнæхъæн Кæсæгыл дæр айхъуыст. Хæцыи- хъом чи уыди, уыдонæй иу фæсте нал баззад — иууылдæр фæдисы рацы- дысты. Хазби ма суанг талынгмæ семæ фæхæцыди, стæй йе ’ргом разылдтэ Ирыстонмæ æмæ рараст. Фæдисæттæ ма йæ фæсте дардæй æхстой, фæлæ сæм Хазби кæсгæ дæр нал кодта. * Хазби тынг фæлладæй сыздæхти Хъобанмæ. Уым куы фехъуыстой Хаз- бийы хабар, уæд æм фæйнæрдыгæй йе ’мбæлттæ æмæ йæ хæстæджыта* згъордтытæ кодтой. 203
Хазби афтæ æнхъæл уыдис æмæ куырттатаг йæ разæй схæццæ Хъобан- зяæ, фæлæ уым куы нæ разындис, уæд ын йæ уæлахиз дæр ад нал кодта, йæ сæр йæ риуыл æрхаудта æмæ йæм рухсы цъыртт никуыцæйуал цыдис. Цы гæнæн уыди, куырттатаджы мардыл банымадта, æмæ йæ сæранпонд кæй фесæфг, уый тыххæй йьш сфæнд кодта стыр хист скæнын. Æнамонд хабар Куырттачы коммæ дæр фехъусын кодта. Хист кæнын майрæмбонмæ сиысан кодта. Галтæ, фыстæ аргæзста хнстæн. Майрæмбоны дзыллæтæ æрæм- фырд сты. Куырттатаджы хъуыддаг та рауадпс афтæ: Хазби æлдары куы амардта æмæ фæдис куы стынг ис, уæд Хазбийы фарсмæ æрлæууыд Инал дæр æмæ хъазуатоп тох кодта кæсæгимæ. Иу заман куыддæр æгъдауæй фæдисæтты æхсæнмæ бахауд æмæ йæ ацахстой. Куырттатаг куы базыдта, æнæ маргæ &æ нал рауадздзысты уый, уæд бацыд æмæ æлдары мардыл ныддæлгоммæ æмæ йыл йæхи хъæрæй кæуæг скодта. Фæдисæттæй иутæ загътой: амарæм æй марды уæлæ. Иинæтæ загътой: фæлæуут, æххæст æлдары æфсымæртæ æрбацæуой æмæ йæ уыдон сæ тугмæ амардзысты. Æртыхкæгтæ та загътой: уадз æмæ уал ыл кæуа, стæй йæ уæддæр амардзыстæм, куы нæ иын аирвæз- дзæн, мыййаг. Уыцы ныхæстæ куырттатаг æмбæрста æмæ нæ куыдыл тынг- дæр бафтыдта. Иу заман куы уыдис, уæд Инал кæугæ-кæуын, æлдар йемæ цы хъуывгъан хаста, уымæ фæлæбурдта. Йæ къухы йæ райста æмæ, цыма ламаз кодта, уыйау Терчы былмæ фæзылди. Терк уыди сæ галиуфарс, хæрз хæстæг. Пысылмон динмæ гæсгæ ламазгæпгæйæ лæгмæ дзурæн дæр нæ уыди. Куыддæр Инал Теркмæ бахæццæ, афтæ хъуывгъан фехста æмæ Тер- чы уыциу гæпп баласта. Сæрæн лæг уыдис æмæ уайтагъд Теркæн иннæрдæм агæпп кодта æмæ, калм тыххæй кæм абырыдаид, ахæм сындзы бырын бай- дыдта. Кæсæг ма йæ фæстæ бæргæ бауадысты, фæлæ сæ Терчы ахизын йæ иыфс ничи бахаста. Куы сын аирвæзт, уæд ма фæдисæттæ сæ къухты фыд- тæм лæбурдтой мæстæй, фæлæ ма сын уымæй цы рауадаид! Ииал уьщы сындзы фæбыоыд æиæхъæн æхсæв-боимæ, стæй æртыккаг бон бынтон пырх дзаумæтты, йæ туджы пырх кæлгæ бæхæццæ Хъобаимæ. Хъобаиы сæ тæккæ хист кæнгæйæ уыдысты æмæ Иналы куы ауыдтой, уæд дзы исдугмæ тæрсгæ фæкодтой, нæ сæ уырныдта. Стæй йæ куы ба- зыдтой, уæд адæмы цинæн кæрон нал уыяи. Сылгоймагæй, нæлгоймагæн йæм фæйнæрдыгæй згъордтой æмæ йын хъæбыстæ кодтой. Хазбийы цинæн та æппын кæрон нал уыдис. Уым сæ хист куывдмæ раздæхтой, ноджыдæр ма кусæрттæгтæ аргæв- стой æмæ сæ бапт иу майрæмбонæй иннæ майрæмбонмæ ахæццæ. Уыцы бонæй фæстæмæ Хъобангом дæр хъалонæй фервæзтысты. Кæсæ- джы æлдæрттæн уыцы бонæй фæстæмæ Хъобангоммæ йæ ныфс ннчиуал &ахаста. Ныффыста йæ Гутнаты Хъан.ымæт 1 («Мах дуг», № 10, 1941). @ : 210
БÆТÆЙЬЗ ФЫРТ АСЛÆНБЕГ АБЫРÆГ ЦÆЙ ТЫХХÆЙ ССИ Фыццаг уæздæттæ кæй хуыдтой, уыдон-иу афтæ кодтой: лæппуйæн-иу йæ ускурын афон куы ’рцыдис, уæд-иу рæстæгмæ сæ дæлдæртæй чызг æр- хаста. Йе ’мсæр адæмæй-иу чызг куы ’рхаста, уæд ын-иу ард хæрын кодтой, фыццаг усмæ хæстæг кæй нал æрцæудзæн, уый тыххæй. Фыццаг усæн-иу йæ ном номылусæй баззад. Номылусæй-иу цы цот рацыдис, уыдон та-иу хуыдтой кæвдæсæрдтæ кæнæ номылусы цот. Афтæ мæнæ Тлаттаты Бæтæ дæр, йæ ускурыны рæстæг куы ’рцыдис, уæд сæ дæлдæртæй Цæлойты чызджы йæхицæн усæн æрхаста. Бæтæ Цæ- лонимæ фæцардис иукъорд азы æмæ йын дзы райгуырди цыппар лæппуйы æмæ иу чызг. Лæппутæн сæ нæмттæ хуындысты: Аслæнбег, Будзи, Бæдыг -æмæ Уæгъыллæ. Æфсымæртæн сæ хистæр уыдис Аслæнбег. Уый уыди тынг сæрæн. Йæ ускурын афон куы ’рцыдис, уæд Цмийы уæздæттæй Слонаты Хамбечеры ра- куырдта. Уыцы хъуыддаг Тлаттаты уæздæттæн тынг хъыг уыди, нæ кусæ- джы фырт Аслæнбег уæздæттæй чызг цæмæн æрхаста, зæгъгæ, æмæ уымæ гæсгæ Тлаттаты Цорæ Слонатæм ныццыд æмæ сын афтæ зæгъы: — Нæ кусæджы фыртæн чызг цæмæн радтат, ныр ма æз та кæй чызджы ракурон? Цорæ бавдæлдис, ацы хъуыддаг нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм, зæгъгæ, æмæ Аслæнбеджы ус Хамбечеры Хъаныхъуаты зæронд Тъæрæсæн аскъæ- фын кодта. Аслæнбег йæ сæрмæ не ’рхаста ахæм хъуыддаг: Цорæ æмæ Тъæрæсыл марыныл зилын байдыдта æмæ афтæмæй абырæг сси. Иукъорд заманты фæстæ, иу бон куы уыди, уæд Цорæ Дзуарæфцæгыл дæлæмæ æрцыдис æмæ Дзæнхъаджыны. коммæ æрхызтис. Аслæнбег æй куы базыдта, уæд Дзæнхъаджыны йæ размæ рацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Уæ тæппуд уæздан Цорæ, нал фæцæудзынæ, кæс-ма гъе ныр дæхи- мæ! — Æмæ йыл топп ныццавта, æмæ Цорæ мард фæци. Бæтæйы фырттæ Цорæйы куы амардтой, уæд сын Хъобаны цæрæн нал уыдис æмæ алыгъдысты Уæлладжыры коммæ æмæ Мызуры стæрон лæг Зæнджиаты Ахмæтмæ æрфысым кодтой. Бæтæйы фырттæ Аслæнбег æмæ Будзи Тъæрæсы фæдыл зилын байдыдтой. Тъæрæс зыдта, Бæтæйы фырттæ йæ кæй нæ ныууадздзысты, уый æмæ йæхи тынг хъахъæдта. Мызуры дæр йæхицæн дзырдхæсджытæ сарæзта. Ахæм дзырдхæссæг ын уыди Хъобайнаг Цæруатæй иу. Бæтæйы фырттæ куы базыдтой, Цæруайы-фырт Тъæрæсы 211
дзырдхæссæг у, уый, уæд æй амардтой. Иу бон та Аслæнбег æмæ Будзга æрбацыдысты Хъобанмæ. Æхсæвы Аслæнбег топпыхосы боцкъаимæ Тъæрæ- сы ердойыл хæдзармæ ныббырыдис, хæдзары куы никæй ссардта, уæд фæс- тæмæ сбырыди. Хæрдмæ куы бырыдис Аслæнбег, уæд йæ арт ныххаудю фæныкмæ. Райсомæй Тъæрæсы ус хæдзар куы марзта, уæд къонайыл ссард- та Аслæнбеджы арт æмæ йæ бахаста йæ мой Тъæрæсмæ. Тъæрæс æм куы ’ркæстытæ кодта, уæд æй базыдта, уый æцæгдæр Аслæнбеджы арт кæй у, уый. Тъæрæс Бæтæйы фыртты къухы æрæгмæ куы ’фтыдис, уæд та иу бонг æрцыдысты Аслæнбег æмæ Будзи Хъобанмæ æмæ загътой: уæдæ сын сæ рæгъау атæрæм, æмæ уæд Тъæрæс фæдисы уæддæр цæудзæн æмæ кæд нæ* къухы бафтид, зæгъгæ. Бæтæйы фырттæй иу, Бæдыг уыдис æвзæргомау æмæ йе ’фсымæртæ куы лыгъдысты Хъобанæй, уæд уый уым баззадис æмæ йæ Тæгиатæ сæхицæк рæгъаугæс скодтой. Аслæнбег æмæ Будзи рæгъау тæрынмæ куы ’рбацыды- сты, уæд уыцы бон Бæдыг рæгъау хызта Ныхыдуры рæбын. Йæ къæхтæ Бæдыгæн бæгъæввадæй ныскъуыдтæ сты, йæ къæхты скъуыдты сындзытæ байдзаг сты æмæ уыдон æхсæдыныл иу ран æрбадт æмæ йæ цæссыг кал- гæйæ æлгъиты йе ’фсымæрты: «Уæ мæ тæригъæд фæхæссат ме ’фсымæртæ, мæн ам Тлаттаты хъалтæн æххуырстæй чи ныууагъта, куы нæуал фæразьщ бæгънæг-бæгъæввадæй». Йе ’фсымæртæ Аслæнбег æмæ Будзи хъæды æмбæхст уыдысты æмæ се ’фсымæры йæ хъæлæсæй базыдтой. Аслæнбег æм аууæтты хæстæгдæр бацыд æмæ йæм сусæгæй дзуры: — Хæстæгдæр ма рауай, Бæдыг! Цæуыл нæ æлгъитыс, мах æнæуи дæр æлгъыст куы стæм? Ныр æрбайхъус, куыд изæр кæна, афтæ рæгъау æд- дæмæ-æддæмæ здах, стæй дæ мах изæры немæ акæндзыстæм. Бæдыг уыцы ныхæстæ куыддæр айхъуыста, афтæ кæуын зарынмæ фæ- зылдта. Куыд изæр кодта, афтæ Бæдыг рæгъйу æддæмæ-æддæмæ здæхта. Йæ алыфарс цы фыййæуттæ хызтой, уыдон дисæй мардысты, абондæргъьр Бæдыг кæугæ куы кодта, уæд ыл ныр цы ’рбамбæлди, цæуыл зары, зæгъгæ. Куы æризæр ис, уæд Бæтæйы фырттæ рæгъауыл рахъæр кодтой. Ныхыдур- мæ куы бахæццæ сты, уæд рæгъау баурæдтой æмæ уым се ’фсымæр Бæды- джы фæрсынц: — Тынгдæр дæ чи хъыгдардта? Уый сын загъта: — Тъæрæс! Уый мын мæ хызыны кæрдзын дæр никуы цæвæрдта. Уæд ын Тъæрæсы бæх æрцахстой æмæ йæ ууыл сбадын кодтой. Будзи æчмæ Бæдыг рæгъауыл рахъæр кодтой, Аслæнбег та фæсте ныллæууыди, кæд исчи фæдисы рацæуид, зæгъгæ, фæлæ, маразæгъай, рæгъауы фæстæ иу цъиуызмæлæг дæр нæ рацыд. Мызурмæ рæгъау куы батардтой, уæд рæгъа- уы астæу иу дынджыр урс гал уыдис, æмæ уый аргæвстой æмæ йæм æнæ- хъæн хъæубæстæ æрхуыдтой. 212
Иу заманы та Бæтæйы фырттæ ацыдысты, стæй Аслæнбеджы каистæ Слонатæ Асимæ хæстæг Аслæнбег йе ’мбæлтты иуран ныууагъта, йæхæдæг йе ’рдхорд кæсгон æлдармæ бацыд. Æлдарæн йæ ус ног хаст уыдис. Аслæн- бег æм рудзынг бахоста æмæ йæм æлдар æддæмæ дзуры: — Чи дæ? — Æз дæн, æддæмæ ма мæм ракæс! Ныртæккæ, зæгъгæ, йæм æлдар радзырдта. Аслæнбег кæрты рацу-бацу кодта, стæй йæм æрæгмæ куы касти æлдар, уæд та дыккаг хост бакодта, æлдар та йæм радзырдта, ныртæккæ, зæгъгæ, йæхæдæг фæстæмæ бафынæй. Аслæпбег тынг смæсты æмæ афтæ зæгъы: уе ’нæгъдау æлдар йæ ног усы сæр райста, мæ сæр та æппаргæ акодта, ныр æз лæг нæ дæн, дæуæн дæ- рæгъау куы нæ атæрон! Йæхæдæг йе ’мбæлттæм рацыдис æмæ сын загъта: цомут, ме ’рдхорд æлдары фос ратæрæм. Аслæнбег йе ’мбæлтты бакодта æмæ æлдары фос ратардтой. Рæгъаугæстæй иуæн Аслæнбег загъта: — Цу æмæ æлдарæн зæгъ, де ’рдхорд Аслæнбег дын дæ рæгъау фæ- тæры... Аслæнбег йе ’мбæлттæм дзуры: — Уæхиуæттæ цæттæ дарут, æлдарæн йæ бадыны бæх нæ раластон æмæ нæ тагъд æййафдзæн, уæлдай дзаума уæ кæд искæмæ ис, уæд æй рагацау аппарæд. Уæд æм куырттлтаг ных фæлæууыдис, цæй уæлдай дзаума нæм исг зæгъгæ. Бон цъæхтæ кодта, афтæ кæсæджы фæдис стынг. Уæд Аслæнбег дзуры йе ’мбæлттæм: — Кæуыл сæфæм, уыцы фос ма ныууадзæм, сымах фос тæрут, æз та фæсте лæууын æмæ фæдисæттимæ хæцдзынæн. Фæсте йæхи баурæдта. Уалынмæ кæсы Аслæнбег æмæ фæндаджы иу фарс йе ’мбæлттæй кæйдæр дамбаца ферох, бауад æм æмæ йæ уæлбæхæй фелвæста. Ай уæ кæй дамбаца ферох, зæгъгæ, сæ фæсте расырдта. Куырт- татаг, мæн у, зæгъгæ фæкодта. Уæд ын Аслæнбег афтæ зæгъы: — Æз уын раджы куы загътон уæхимæ кæсут!.. Куырттатаг фæсырх æндæр ницы сдзырдта. Аслæнбег фæдисæттæм фæс- тæмæ фæзылд. Кæсы æмæ йе ’рдхорд æлдар фæдисы разæй æрбатæхы. Куы ’рбахæстæг Аслæнбегмæ, уæд æм дзуры: —■ Гъей, ме ’рдхорд Аслæнбег, хæс дын нæ уыдис мæ фос ратæрын. Ныр афтæ кæм рауад, уым æхсты бар дæуæи, цæв ма! — Ды дæ ногхаст усы сæр райстай, мæ сæр аппæрстай, ме ’рдхорд æл- дар,— дзуры Аслæнбег,— уый йеддæмæ дæ .рæгъау мæнæн фос не сты. Ныр фæдисон йæ маст йæ уæлныхты хæссы æмæ раздæр ды цæв! Æлдар уæд фесхста Æслæнбеджы æмæ йын нæмыг йæ гуыбыны цъар* фæлыг кодта. Уæд æм Аслæнбег дзуры: — Фæ*ъахъæ уæдæ, æлдар, ныр дæхи! — фæхъавыд æлдармæ æмæ уай- тггъд æлдар бæхы размæ æрхаудта. Æлдар куы фæмард, уæд æм Аслæнбег бауад, йæ топп, йæ кард ът 21$
.стыдта, бæхы уæлæ сæ атыхта æмæ, æлдары бæх дæр йемæ, афтæмæй йе ’мбæлпы æрбаййæфта. Уæд Аслæнбег йе ’мбæлттæм дзуры: — Тæрсгæ мацæмæйуал кæнут, ницæмæй уал у тас. Аслæнбег йæ гуыбын басылыхъæй фндар æрбатыхта æмæ размæ йæ цыды кой кодта. Уæлладжыры коммæ куы схæццæ сты, уæд йе ’мбæлтты фæстæ зайын байдыдта, йæ цыд сабырæй-сабырдæр кодта. Уалынмæ кæоы æмæ комы донæн йæ фаллаг фæрсты фæцæуы Бутаты Абæ. Уымæй зараг- дæр Уæлладжыры комы нæ уыдис æмæ йæм Аслæнбег дзуры: — Абæ, ме ’цæг фæндагмæ æрхæццæ дæн, æмæ мын мæ ном сафын ма бауадз! Абæ уæд æваст фæлæууыди æмæ æвиппайды Аслæнбеджы зарæг ныз- зарыдис. Абоны къоппа тогор къоппа. Уæй, Аслæнбег, ды дæр нын æгæр кодтай. Аслæнбег, йæ буарæй чи басау, уыдои ралыг кодта æмæ йын йæ гуы- бын бахуыдтой, кæд æмæ фервæзид, зæгъгæ. Стæй кæйдæр амындмæ гæсгæ Аслæнбегæн йæ гуыбыны фиутæй сфыцын кодтой æмæ сын сæ басæй Аслæн- бегæн цымын кодтой. Уæд Аслæнбег бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Мæ удæгасæй мæ фыдтæ бирæ фæхордтон, ныр æгъгъад у. Нæ дзы бакуымдта. Йæ цуры Бутатæй иу лæууыд, æмæ йын дзы æз бацымьш кæндзынæн, зæгъгæ, басы къус райста æмæ дзы йæхæдæг фыдæ- лæн æртæ хуыппы скодта, мæстæй йæ къæс-къæс ссыд æмæ афтæ зæгъы: — Тъæрæсæй мæрдтæм цы маст хæссын, æртæ ахæм маст Будзийы фыртæй хæссын. Йæ мæлæтмæ æввахс Аслæнбег Будзимæ басидт æмæ йын афтæ зæгъы; — Будзи, нæ цардæй кæй тыххæй фæхæтæгхуаг стæм, уый зоныс, æмæ дыл мæ зæрдæ дæр дарын, цæуыл тох кодтам, уый кæронмæ кæй ахæццæ кæндзынæ, фæлæ дыл дæ хуыссæгæй сайд ма ’рцæуæд. Уыцы ныхæсты фæстæ Дслæнбег амардис æмæ йæ Мызуры уæлмæрдты баныгæдтой. Иу къорд заманты фæстæ Будзи Хъобанмæ ацыдис, Аслæнбеджы фæ- дзæхстытæ дзы рох нæ кодтой. Алыккаты рагъмæ куы схæццæ, уæд иу дзыхъы урс дур йæ нывæрзæн бакодта æмæ йыл йæ сæр æрæвæрдта. Будзи -рагæй дæр хуыссæгыл æнувыд уыдис æмæ «мæрдон» фынæй бацис. Йæ фыдбылызæн уыцы заманы иу фыййауæн йæ сæгътæ, Будзи кæм хуыссыдис, уырдæм ныццыдысты. Фыййау сæгъты фæстæ ныууад æмæ Будзийы фынæйæ федта. Уайтагъд фæфæдис Хъобанмæ, уалæ Алыккаты рагъыл Будзи иу дзыхъы бафынæй, зæгъгæ. Уыцы хабар Хъобаиы уæздæттæ куы фехъуыстой, уæд дзы иу дæр фæсте нал баззад, фæфæдис сты æмæ Будзийы алы фарс æртымбыл сты. Будзи нæма райхъал, афтæ йыл нæмгуытæ уыциу, калд нык- кодтой. Будзи уьшиу тæррæтт фæласта, йæ алыфарсмæ акастис æмæ федта, уæздæттæ йыл куыд æртымбыл сты, уый. Топпæй фæхъавыдис, æмæ сын сæ чьшдзы чи ахаста, уый æфсымæр йæ размæ æртылдис, уый разындис, '214
ЗСъаныхъуатæн сæ кæвдæсæрдтæй. Кæд Будзи тынг нырдиаг кодта, гъæтт, мæ рахяз цонг куыд ахаудис, сагмæ хъавыдтæн æмæ мын сæгъыл сæмбæл- .дис, зæгъгæ. Уалынмæ та Будзийыл дыккаг калд ныккодтой æмæ йæ уæнг фæцæф. Æртыккаг калд ыл куы ныккодтой, уæд Будзи бамбæрста, кæй нал аирвæздзæн, уый æмæ йæ берданкæ дурыл лыстæг пырх пыхкодта, гаууыр- ты къухмæ ма бахауа, зæгъгæ. Будзи куы ахауди, куы нæ уал тæлфыд, уæд æм бацыдысты Хъобаны уæздæттæ. Цæриатæй цы дзырдхæссæджы амардта, уый æфсымæртæй ,иу Будзийыл мардæй топп ныццачта, мс ’фсы- .мæрæн фæлдыст фæу, зæгъгæ. Ныффыста йæ Гутнагы Хъанпмæт «Мах дуг» (Л’Ь 1, 1941).
ÆМБИСÆНДТÆ ÆМÆ ÆЦÆГ ХАБÆРТТÆ УАЗÆГ ÆМÆ ФЫСЫМ Уазæг йæ дзæкъулæн давынæй тарст, фысым — йæ хæдзар къахыкæй^ æмæ дыууæ дæр æнæхуыссæг фесты æхсæв-бонмæ. КУЫВДДОН ÆМÆ ДЗУАР Куывддон ацыди дзуары бынмæ, æрæвæрдта йæ кувинæгтæ. Стæй куы скасти дзуары къулмæ æмæ ракæлынæввонг куы уыди, уæд дзуры: — Мæнæ дзуар, дæ хорзæх мæ нал хъæуы, кæлгæ мыл ма ныккæн^ «УАСТЫРДЖИ ХУЫЦАУЫ РАЗ БАЛÆУУЫДИ...» Уастырджи Хуыцауы раз балæууыди: — Кæм бафæстиат дæ? — дзуры йæм Хуыцау. — Зыгуымон (зæдтæй зыгуымты хицау) амард æмæ уым бафæстиат дæн. — Ау, æмæ уый та ма цавæр Зыгуымон у? ДЖЕРДЖЫТЫ БАЛЛÆ Фыдæлты рæстæджы иу рæучигонд ахæм лæг — Джерджыты Баллæ — Ходæй Мызуры астæу иу пыхс хъæды фæрæдыдис æмæ ныфтыди Мызурьг Ногхъæумæ. Уым цардысты уæды рæстæджы иу дæс — ссæдз хæдзары бæрц: Калотæ, Таболтæ, Маккотæ йедтæ. Хъæубæстæ бацин кодтой Баллæйыл æмæ йæ бафарстой: — Хорз лæг, кæцон дæ? Знаджы рæстæг куы уг цы Хуыцау дæ æрг- хаста? 216
Баллæ цын загъта: — Æз дæн тыхджын дардбæстон — Ходон Джерджыты Баллæ æмæ .æрвыст дæн ардæм, цы адæмыхатт дзы цæры, уый бæрæг базоныны тых- хæй. (Афтæмæй та Ходæй Мызуры Ногхъæуы æхсæн ис æдæппæт 3—4 вер- <сты). Хъæубæстæ æрæмбырд сты æмæ хорз сбуц кодтой Баллæйы æмæ йæ иу къуыри нæ рауагътой. Уæдмæ, мæгуыр, Ход æмæ Джерджытæ фæца- гуырдтой Баллæйы. Æмæ йæ куынæ ссардтой, уæд æй банымадтой хастыл -кæнæ мардыл æмæ ирон хистытæ фæкодтой. Ногхъæу Баллæйы буцæй рарвыстой æмæ йын загътой: — Мах стæм Къул-Калаг Цъæхилтæ. Уыцы хуызæнæй Баллæ фæзынди Ходмæ. Джерджытæ хъæугуывд скод- той, сæ лæг кæй фæзынд, уый тыххæй. Æрæмбырд ысты Ход Баллæйы куывдмæ æмæ йæ фæрсынц: — Гъы, Баллæ, зæгъ, дæ хорзæхæй, кæм бæсты хаттæ? Мах дæ мардыл -куы банымадтам, радзур нын хабæрттæ. Уый цын загъта: — Æз уыдтæн Къул-Калачы (ома Тифлисы) æмæ дзы ис иттæг хорз адæмтæ æмæ мæ хорз ысбуц кодтон. Ходы бауырныдта, уæдæ Баллæ æцæг уыдаид Калачы, æмæ йыл уыцы сахат хъазты чызджытæ фæндыры цагъд скодтой: Баллæ Калачы, Баллæ быдыры. Дæлладжы гæккуыри! Дзургæйæ-иу бадгæ кафт æрæджы дæр ма кодтой. Уæды рæстæджы-иу хæзгул (искæй лæг) цы усæн нæ уыдис, ууыл-иу худгæ кодтой. Æмæ уыцы ницæйаг Баллæйыл ныххæлæф кодтой Ходы устытæ æмæ дзы, кæм цы ’взæр ис, уыдон фæгуырдис. ÆФСОНДЗАГ ÆМÆ СÆМÆЙНАГ Едзиты Дзадза Ходы сау хъæдмæ йæ лæппумæ (Мæхæмæтмæ) ныстуан жрвыста Хъайтыхъты Хъуырманæн: — Уæ Хъуырман, дæ хорзæхæй, нæ лæппуйæн-иу зæгъ: æфсондзаг æмæ-иу сæмæйнаг йемæ рахæссæд. Æфсондз — дыууадæс ивазны, сæмæн — аст ивазны. Хъуырман зæхмæ ныккаст æмæ афтæ бакодта: — Гъе, цы мæгуыр дæ, паддзах, уыдонæн та Уæллагкомы фæндаг чи кæндзæнис! Дзадза, къуырмагомау ус, ницы бамбæрста æмæ дзуры: — Хъуырман, зæхмæ цы ныккастæ? Хъуырман афтæ зæгъы: 217
— Уæ Дзадза, æмæ æгæр даргъ нæ уыдзысты, æгæр даргъ? Уый афтæ бакодта: — Нæн-нæ, мæ хур, даргъ нæ уыдзысты, цыбыр ма фæуæнт, æндæр.. ХОРДЗАУ Зджыды Æгъуызарты Самил раджы рæстæджы Чырыстонхъæуы уыд« хор æлхæньшмæ. Балхæдта хор, рацыдис æмæ Чырыстонхъæуы сæр Урсдоны был йæ уæрдоны сæмæн асасти. Самил уыцы ран йæ галтæ (æд сæмæн) суæгъд кодта æмæ сæ йæ разæй раскъæрдта æмæ Зджыды балæууыди. Сæ хæдзары бацин кодтой, нæ хордзау æрбахæццæ, зæгъгæ, æмæ фа?р- сынц: — Гъы, дæ хортæ æмæ дæ уæрдон кæм сты? Уый сын афтæ зæгъы: — Дæлæ Урсдоиы был мæ сæмæн асаст æмæ мæ уæрдонимæ мæ хор- тæ уым ныууагътон. Зджыды дæр ис Урсдон, æмæ бинонты зæрдæйæ Самил йæ уæрдон уымг ныууагъта æмæ уый тыххæй хæрджытæ курыныл фесты. Уæд сын Самил афтæ бакодта: — Гъс, хæрджытæ, хæрджытæ, уыцы хæрджыты кæдæм æрæмбырд код- тат: æз мæ уæрдон ныууагътон дæлæ быдыры Урсдоны былыл. Самил сæмæн ыскодта æмæ йæ Чырыстонхъæумæ йе ’ккой фæхастаг йæ уæрдон сарæзта æмæ йæ Зджыдмæ баласта. ГАБО — КУЫРОЙДЗАУ Габойæн йæ фырт Тæтæрхъан Битартæм æххуырсты уыдис æмæ уый тыххæй Габойæн Мыртазагы тъæпæны иу дæсæтин хуым кодтой. Уæд иу бон Габойы саргъы бæхыл арвыстой Чырыстонхъæуы куырæйттæм се ссад- мæ — иу дыууæ путæй фылдæр. Габо куыройы раз рафистæг бæхæй, ссад рахаста куыройы дуармæ æмæ катай байдыдта: — Ныр цы æгъуыстуай кæнон: гъа, ссад хæсдзынæн ме ’ккойы, фæлæ бæх та? Ссад бæхыл сæвæрын нæ базыдта æмæ иу лæппуйы баххуырста сомыр- дæгæй бæхыл бадынмæ æмæ йæ фæдыл цæуынмæ. Йæхæдæг голладжы дзаг дзуллаг ссад йе ’ккой ракодта æмæ йæ Чырыстонхъæуæй Мыртазатæм фæ- хаста. 218
ДЫУУАДÆС СИХОРЫ Таматы Гæвдын раджы рæстæджы хос кæрдынмæ зиу кодта Мызурæй- Ходы æхсæн. Æмæ йын Ходы йæ хæстæджытæ зæрдæ бавæрдтой дыууадæ- сæй. Тамайы-фырт дыууадæс зиууоны фаг ысцæттæ кæнын кодта сихор, йæхæдæг ацыди уыгæрдæимæ æмæ дзы иу зиууон дæр нæ уыны. Уалынджы Гæвдынæн йæ дыууадæс лæджы сихор ацæттæ. Уæд Тамайы- фырт уыгæрдæн 12 хайы акодта æмæ алы хайы сæр дæр (фæлтæрсæр) ны- вæрдта иу лæджы сихор. Йæхæдæг кæрдьш байдыдта æмæ-иу иу лæджы хай (фæлтæр) куы ракарсга, уæд-иу иу лæджы сихор бахордта. Афтæмæй ныккарста дыууадæс лæджы хæнттæ. Карста иукæгæй æмæ бахордта дыууадæс лæджы сихор. Йæхæдæг Ходмæ ныхъхъæр кодта: — Уæ, Ход, Ход! Хуыздæр уæм макуы фод! ХÆРÆГ — ДÆЛАРМЫ Таматы Гæвдь;и иу хатт Цъæйæ хæрæгыл цырагъ рацæйхаста æмæ йæ фæсте Хачымтæ йедтæ расырдтой. Уæд Нузалы цур иукъахыг хидыл (Æры- доны сæрты) йæ хæрæг нæ уæндыди бацæуын. Гæвдын фæмæсты æмæ йæ хæрæджы уæпгътæ фелвæста, йæхæдæг хæ- рæджы нæ иу дæларм фæкодта, йæ цырæгъты хæрæгуаргъ аннæ дæлармы,. афтæмæй сæ хидыл бадавта иннæ фарсмæ. КЪАДЗТЫ БОБОЛ Уæлладжыры комы æрбацæйцыдн сæ хæдзармæ Бобол. Йæ цыды кой кæны бæлццон. Уæд иу дуры сæрæй Боболы æккоймæ багæпп кодта Кар- тыхъты Зауырбег æмæ дзуры: — Хуыцау радта! Бобол, къæдзæхы йас лæг, сæпнæлдта лæгмæ, дæларммæ йæ æриста æмæ уый дæр загъта: — Æцæг та радта Хуыцау Къадзты Боболæн. Лæджы афистæг кодта, абæстытæ йæ кодта æмæ йæ Тибмæ баласта. Фæхабар кодтой Бадмæ. Нартыхътæ сæ лæджы аргъ бахастой Къа~ дзтæм æмæ йæ балхæдтой. Радзырдта сæ Хъайтыхъты Михал, цæры Алагиры, уырдæм ралыгъди Ходæй. Цæуы йыл 50 азы. Ныффыста сæ Æмбалты Цоцко. Мыхуырмæ сæ ба- цæттæ кодта Хъодзаты Æхсар. 219
ЛА/^^ЛЛАЛ/\ЛЛЛАЛЛАЛ/\У\АЛЛАААААЛЛЛ^ ЧИНГУЫТЫ ТÆРХÆГ Бязырты Алыксандр. Нарты таурæгъты истори. Дзæуджы- хъæу, 1993. Ног фæдзæхст. Библи тæлмацгæнæг институт. Стокгольм, 1993. В. А. Кузнецов. Алано-осетинские этюды. Владикавказ, 1993. Гуыцмæзты Алеш. Азарут иронау, лæппутæ. Дзæуджыхъæу, 1993. В. Я. Икскуль. Кавказские новести, 1993. Периодическая печать Кавказа об Осетии и осетинах. Т. 5. Цхинвал, 1993. Хрестоматия по истории осетииского народа. Т. I. Цхинвал. 1993.