Текст
                    Журнал выходит с мая 1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Главный редактор — Ахсар Кодзати
Редколлегия: Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв. секр.)
Шамиль Джикаев
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Михаил Цирихов
Техн. редактор Анна Ядыкина
Корректор Заира Карацева
Владикавказ 1997


_5 '97 Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЬЮДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор — Хъодзаты Æхсар Редколлеги: Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн. Джыккайты Шамил Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Цырыхаты Михал секр.) Техн. редактор Корректор Ядыкина Анна Хъæрæцаты Зæирæ Дзæуджыхъæу 1997
НОМЫРЫ ИС: Фазиль ИСКАНДЕР. Цардыстызæрондлæгæмæус... Радзырд . . .5 СИТОХАТЫ Саламджери. Цыбыр æмдзæвгæтæ 11 АБАЙТЫ Эдуард Æмдзæвгæтæ 13 ТЫДЖЫТЫ Юрий. Хърихьуппытæ тахгысты бæрзæндты. Уацау. . 15 ГАХАТЫ Æхсар. Рухсыхьарм. Æмдзæвгæтæ 39 МÆРЗАТЫ Таймураз. Ханиффæйыхьысмæт. Таурæгъ 43 НÆ ЧЫСЫЛ ХУРТÆН БАСИТЫ Мысост. Нанайы зæрдæ. Æмдзæвгæтæ 74 ИРЫ РАЗАГЬДЫ ЛÆГТÆ БИЦЪОТЫ Григол. Йе уæнджыйæ фыдæлты тугхьазы 77 УИДÆГТÆ ЦАГЪАТЫ Анастасия. Этнографион æрмæг 103 АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Иррн сывæллæтты дзыхæйдзургæ сфæлдыстад 126 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ ХУЫСЕ. Алы хабæрттæ 146 Учредители: СП РСО-А и коллектив редакции Сдано в набор 02. 04. 97: Подписано в печать 04.07.97. Формат издания 60х841/16. Бум. тип. № 1. Гарнитура шрифта Муз1. Печать офсетная. Усл. п. л. 8,60. Учетно- изд. л 7,13. Заказ № 2033. Тираж 650 экз. Адрес редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журнал набран, сверстан и отпечатан на издательско-полиграфическом пред- приятии им. Гассиева, 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. © Махдуг№ 5, 1997 4
Фазиль ИСКАНДЕР ДАРДЫСТЫ ЗÆРОНД ЛÆГ.ÆМÆ УС Р а д з ы р д Чегемы иу зæронд усæн амард йæ лæг. Дзырддзæугæ, кад- джыныл нымад уыди. Кæддæр хæсты йæ къахы ’рдæг баззад æмæ уæдæй йæ амæлæты онг лæджджытимæ цыди. Фæлæ иунæг бон дæр æгуыстæй никуы баззад, Æнæхъæн комы йæхицæй кæрдзын- дæттондæр, уазæгуарзондæр нæ разындаид. Фынджы уæлхъус- иу иннæты æмнозт фæкодта, фæснозт та-иу сæхимæ цæугæйæ йæ лæджджытæ афтæ цæрдæг иста, раст ын цыма тæхгæ кодтой. Æрвонг у, æви расыг, уый никуы ничй раиртæста, уымæн æмæ æппынæдзух дæр иухуызон хъæлдзæгæй æвдыста йæхи. Ныр йе ’нусон бынат ыссардта. Хъæубæстæ йæ кадимæ ба- ныгæдтой. Мæрддзыгойæ уынджы азмæлæнтæ нал уыди — сы- хаг хъæутæй дæр æрцыдысты. Йæ ус, мæгуыр, йæ цардæмбалы амардыл тынг фæхъыг кодта. Мард йæ сыджытыл куы сæмбæлд, уымæй цыппар боны ра- цыд, афтæ зæронд ус федта фын. Цыма йæ лæг кæмдæр фах- сыл лæууыди, хохмæ схизыныл архайдта, фæлæ йын не ’нтыст æмæ йæ усæн лæгъстæтæ кодта: — Не ’фсин, Хуыцауы хатырæй, мæ лæджджытæ мын рар- вит. Æнæ къахæй мæ бон дзæнæтмæ бацæуын нæу. Зæронд ус куы райхъал, уæд сагъæсы аныгъуылди: цæмæ расайдзæн йæ фын? Стæй йын йæ лæджджытæ куыд арвита? Дыккаг æхсæв дæр та ахæм фын федта. Зæронд лæг куырд- та, цæмæй йын æвæстиатæй йæ лæджджытæ рарвитой, науæд дзæнæтæй æнæхай кæны. Ус бынтондæр скатай: куыд ын арвыстæуа йæ лæджджытæ? Ай мыл мæгуыры бон нæй! Æппынфæстаг скарста: иу хатт ма йæ куы фенон мæ фыны æмæ та сæ куы агура, уæд ын йæхи бафæрсдзынæн. 5
Уæдæй фæстæмæ ус æрвылæхсæв уыдта уыцы иу фын, æмæ дзы йæ мой алы хатт дæр куырдта йæ лæджджытæ. Фæлæ-иу ус нæ фæцарæхсти, фæсæццæйау-иу. Гъа, ныр æй афæрсон зæгъгæ-иу куыд загъта, афтæ та-иу йæ фын æрбадæлдзæх. Фæстагмæ йын уæддæр бантыст йæ фæнд сæххæст кæнын: иуах- æмы та йæм йæ лæг фыны куыддæр фæзынд, афтæ йæ сылгой- маг йæ дзых схæлиу кæнын дæр нал бауагъта, афарста йæ: — Омæ дыл куыд сæмбæлын кæнон дæ лæджджытæ? — Нæ хъæубæсты фыццагдæр цы лæг амæла, уымæ-иу сæ ратт, — загъта лæг æмæ йæ иу къахæй цалдæр хатты сгæпп кодта, стæй фæндагыл æрбадт æмæ йæ къахы ’мбис йæ ар- мытъæпæнæй хъавгæ æрсæрфта. Усæн йæ мойы тæригъæдæй йæ цæссыгтæ йæ уадултыл æргæр-гæр ластой. Куы райхъал, уæд фæныфсджындæр: дарддæр ын цы гæнгæ у, уый зыдта. Хъæуы кæрон цард æндæр зæронд лæг. Чи амард, уыимæ лымæнтæ уыдысты, иумæ цæхджын хойраг бирæ хæттыты бахордтой. — Дæуæн циу, — дзырдта-иу ын ацы лæг, — цасфæнды куы баназыс, уæддæр дæ лæджджытæ æрвонгæй баззайынц æмæ дæ æнцонæй фæхæссынц! Мæнæн та сæн мæ къæхтæ цæвы. Ахæм хъазæн ныхæстæ кодта ацы лæг. Фæлæ ныр уæззау рынчын у, хъæубæстæ йын фервæзынæнхъæл нал ысты. Зæронд ус йæхинымæр скарста: хъуамæ уыцы лæгимæ ба- ныхас кæна, куы амæлай уæд мæ сæрыхицауы лæджджытæ дæ чырыны æвæрын бауадз æмæ йыл сæ, дæ Хуыцауы хатырæй, сæмбæлын кæ зæгъгæ. Райсомæй куы сыстад, уæд хабар бинонтæн бамбарын код- та. Йæ фырт, йæ чындз æмæ йæ фыртыфырт сæхи худæгæй схастой. Йæ фыртыфырт бинонты ’хсæн тæккæ ахуыргонддæ- рыл нымад уыди — дæс къласы бакаст. Уый ахæм кæл-кæл кодта, æмæ ма иннæтæ дæр уымæ гæсгæ бакъæцæлтæ сты æмæ сын басабыры хъомыс нал уыди. Æппынæрæджиау чындз фыр- худæгæй йæ цæссыгтæ сæрфгæ афтæ: — Омæ удæгас ’лæгæн куыд зæгъдзынæ дæ фæндон? Тагъддæр амæл æмæ дын мæ сæрыхицауы лæджджытæ дæ чы- рыны сæвæрон зæгъгæ йæм æрхатдзынæ? * Фæлæ зæронд усæн алцы дæр хъуыдыгонд уыд. , — Ацы сахат амæл зæгъгæ йын нæ зæгъдзынæн мыййаг, йæ уд иунæг кадджын Хуыцауы бар у æмæ йын цы саккаг кæна, уый уыдзæн. Æрмæст лæджджытæ йæ чырыны сæвæрыныл куы сразы уаид. Ахæм дзуапп радта ацы фендджын æмæ хæдæгъдау сыл- 6
гоймаг йæ кæстæртæн. Æмæ йæ кæд нæ уагътой, уæддæр тæккæ уыцы бон ацыди рынчын зæронд лæгмæ. Стæй афтидæй нæ, фæлæ дзагармæй. Лæг хуыссыди уаты æмæ, кæд уæззау рынчын уыд, уæддæр йæ лулæ дымын нæ уагъта. Цæмæйдæрты Кæрæдзи афæрстытæ кодтой, стæй ус исдуг фæхъус: йæ ныстуан зæгъын нæ уæнды- ди, ноджы лæг иунæг нæ уыд, йæ хæстæджытæ йæм цалдæрæй рынчынфæрсæг æрбацыдысты, стæй чындз дæр сæ цуры лæу- уыд. Ус бынтондæр ныфсæрмытæ, аив æм нæ касти лæджджы- ты кой ракæнын. Фæлæ ныхас ныхасы къахта, æмæ йын иуафон рынчын йæхæдæг йæ лæджы æрымысыди —Дзæнæты бадæд, хæларæй бирæ фæцардыстæм, — æнкъардæй загъта рынчын æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта : — Мæн дæр тагъд уырдæм хъæуы. Зæронд ус фæныфсджындæр. — Дæ ныхасмæ мæ зæрдыл æрбалæууыди, — къæмдзæстыг- хуызæй райдыдта уый æмæ йын йæ фын радзырдта. — Алы ’хсæв дæр æй мæ фыны уынын, лæгъстæтæ мын фæкæны, нæ хъæуы дам фыццагдæр чи амæла, уыимæ мын мæ лæджджытæ рарвит, науæд дам’ æнæ къахæй дзæнæтмæ бацæуын нæ фæра- зын. Гъемæ дын Хуыцау бирæ цæрæнбон раттæд, фæлæ дæ афон куы ’рцæуа, уæд ыл сæ исты амалæй сæмбæлын кæ. Дæ чырыны дын сæ сæвæриккам... Мæлыны къахыл лæугæйæ дæр йæ лулæ йæ дзыхæй чи нæ ласта, уыцы дада цыргъзонд æмæ дзыхарæхст уыди, стæй уаз- æгуарзон, фæлæ дам алцæмæн дæр бæрц и. Куыд хъуамæ бау- агътаид кæйдæр лæджджытæ йæ чырыны æвæрын! Стæй кæд, кæм æмæ кæй марды чырыны сæвæрдæуыд искæй лæджджытæ? Æвæццæгæн, лæгмæ худинар кастис ахæм хабар. Куы амæла, уæд алы хъæутæй мæрддзыгой кæй æрцæудзысты, уый зыдта. Æмæ хæрзаг ма зæгъой, ацы лæг инвалид куы уыд, уæд нын æй йæ удæгасæй куыд никуы схъæр кодта? Фæлæ уазæгæн цæхгæр «нæ» зæгъа, уый дæр æм аив нæ каст. Гъемæ æнæбары поли- тикæй агæпп ласта уадидæгæн, йæхи фæтылиф кæныныл аф- æлвæрдта: — Æмæ дзæнæты дуарыл болыневиччытæ гуыдыр нæ сæвæрдтой? Фæлæ лæджы фыдæнæн уазæг фендджын æмæ уæзданæй уæлдай дзыхарæхст дæр ма разынди, стæй хорз æмбæрста: хъæддых куынæ фæлæууа, уæд ардыгæй æнæ ницæмæй ацæудзæн, æмæ йæ мой дзæнæтмæ бæлгæйæ йæ былыцъæрттæ кæдмæ хæрдзæни? 7
—Нæ, — фидарæй загъта ус, —болыневиччытæ дзæнæт нæ сæхгæдтой, уымæн æмæ Ленин уæлæуыл баззади, Мавзолейы. Фалæмæ чи баирвæзти болыневиччытæй, уыдоны бон та нæ баци йæ сæхгæнын. «Уæллæй, дæлимоны ахæсты бахаудтæн», — ахъуыды код- та лæг æмæ йæ ныхас хъазынырдæм раздæхта: —Уый бæсты мын мæ чырыны дæ сæнты дзæбæхдæрæй ав- джыдзаг сæвæр æмæ дæ сæрыхицауимæ куы сæмбæлæм, уæд дзы Барастырмæ бакувдзыстæм. — Ды хъазгæ кæныс, уымæн та, мæгуыр, æнхъæлмæ кæсынæй йæ цæстытæ ныуурс ысты. Зæронд лæг хорз зыдта: усимæ быцæу кæнын хърихъупп фистæгæй сурæгау у. Иу мардæрцыд уый уыд, æмæ йæ мæлын æппындæр нæ фæндыди, дыккаг мардæрцыд та — искæй лæджджытæ мæрдтæм хæссын. Æмæ та ног æфсон ыссардта: — Йæ лæджджытæ мын уæз бæргæ нæ кæнынц, фæлæ ма йæ аййафдзынæн, аййафдзъшæн? Уый мæйы размæ ацыд, æз та нырма ам дæн, стæй дын æй цы ’мбæхсон, цæуынмæ мæ бы- лыцъæрттæ нæ хæрын. Æниу уый цы къахвæндагыл арвыстой, уырдæм мæ æмгæрон дæр нæ бауадздзысты. Тæригъæдджын дæн, тæригъæдджын... — Зонын дын дæ тæригъæд, — нæ та сразы ус. — Махонмæ дæр раст ахæм тæригъæд уыди, фæлæ, кæсыс, дзæнæтырдæм æй арвыстой. Æййафыны кой та цы кæныс? Æнæкъах лæджы баййафынæн цастæ хъæуы? Цæвиттон, райсом куы амæлай, уæд æй иннæбон баййафдзынæ. Дард нæ ацæудзæни, ма тыхс... Зæронд лæг хъуыдыты аныгъуылд. Уæдмæ ныхасы йæхи фæтъыста йæ чындз. — Кæд мæрдты исты ис, — йæ былтæ ацъупп кæнгæйæ загъ- та уый, — уæд дын дæ чырыны æнгузты голлаг сæвæрдзыстæм. Мæ рухсы бадингг æфсымæр, мæгуыр, æнгузтæ уарзта... Æвæдза, бæстыл чындзы мыггагæй цыдæриддæр ис — иу халдих ысты, йæхинымæры загъта ус, дæ фæндаг дын фæдæргæвст цы сахат акæндзысты, уый бæрæг нæй. — Куыд уынын, афтæмæй мын мæ чырынæй багалæг ара- зынвæнд скодтат! — мæсты хъæр фæласта рынчын, стæй зæронд усырдæм раздæхти. — Къуырийы фæстæ-иу æрбауай, уæд дын бæлвырд дзуапп ратдзынæн. — Æмæ уæдмæ нæ байрæджы уыдзæн? — афарста ус, стæй, афтæтæ дзурын аив нæу, уый фембæрста æмæ ма йæхи раст- гæнæгау загъта: — Дæ цард дæхи фæндиаг уæд, фæлæ... 8
— Ма тыхс, нæ байрæджы уыдзæни, — зæрдæтæ йын ав- æрдта лæг æмæ та йæ лулæ æхсызгонæй сулæфыд. Зæронд ус ацыди. Сæхимæ бахæццæ изæрыгон. Куыддæр цæлгæнæны къæсæрæй бахызт, афтæ ауыдта æнахуыр ныв: йæ фыртыфыртæн йæ уæраг — баст, йæ дадайы лæджджытæ — йæ дæлæрмтты, афтæмæй лæууы цæлгæнæны астæу. — Цы хабар у? — удаистæй афарста ус. Куыд рабæрæг, афтæмæй лæппу æнгуз бæласмæ сбырыди, бауигъон æй зæгъгæ, æнæнхъæлæджы хус къалиуыл лæуд фæци. Къалиу æрсасти, лæппуйæн зæххыл йæ тъæпп фæцыд æмæ йæ къах фелвæсти. — Лæджджытæ нал æвдæлынц, — загъта лæппу. — Дадайы иу мæйы бæрц æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæни. Зæронд ус йæ мойы бирæ уарзта, фæлæ йын йæ фыртыфырт дæр адджын уыд. Æмæ йæхинымæры бауынаффæ кодта: лæппуйы тынгдæр хъæуынц лæджджытæ. Нæ лæг ма иу мæй бафæразæд, дзæнæтмæ фæндагыл ын суазалæй тас нæу, уым боныхъæд хъуамæ хорз уа. Стæй абон цы зæронд лæгмæ уыдтæн, уый дæр афтæ тагъд амæла, мæгъа. Йæ лулæ-иу цы зæрдиагæй спъæртт ласта! Æппæтæй диссагдæр та уый уыд, æмæ уæдæй фæстæмæ йæ мойы йæ фыны нал уыдта. Цы фæуыдаид, йæхи цæуылнæуал æвдисы, хъуыды кодта ус Кæд мыййаг базыдта, йæ фыртыфыртæн йæ къах кæй фелвæст, уый. Рæстæг цыди, лæппуйæн йæ къах сдзæбæх, лæджджыты сæр æй нал хъуыд. Уæддæр ус йæ мойы йæ фыны нал æмæ нал уыдта. Æмæ та йæм ног хъуыды фæзынд: æвæццæгæн, мæ сæрыхицау дзæнæтмæ куыддæртæй баирвæзти, фæцæйхаугæйæ-иу, чи зоны, фæндаггæрон къудзитæм фæлæбурд- та, афтæмæй йе ’нусон бынатыл сæмбæлди. «Гъемæ дзы фæрнæй бад, нæ лæг», — хинымæры йын раарфæ кодта ус. Фервæзын æнхъæл кæмæн нал уыдысты, уыцы зæронд лæг та, цыма йæ нымæтын ехсæй æрцавдæуыд, уыйау йæ низ æрбай- сæфти, ногæй-ногдæр кæнын байдыдта. Нæ йæ фæндыди кæйдæр лæджджытæ мæрдтæм хæссын. Омæ йын хъыг дæр куыннæ уыдаид: йæ цæргæ-цæрæнбонты къуылых никуы уыди, ныр чы- рыны лæджджытимæ æрхуысса! Абон дæр ма цардæгас у. Афтæмæй, мæлыны къахыл куы ныллæууыд, уæдæй нырмæ фондз азы рацыд. Алы бон дæр хъæды йæ сæгътæ фæхизы. Йæ гыццыл рацъон фæрæт йемæ айсы æмæ сын æхсæруисты тæккæ лæппындæртæ ракæны, йæ дзыхæй йæ лулæ дæр нæ райсы, афтæмæй.
Фæрæтæй — дзæхст! Лулæйæ — пъæртт! Фæрæтæй — дзæхст! Лулæйæ пъæртт! Фæрæтæй — дзæхст! Лулæйæ — пъæртт! Дардæй йæм дæлимон йæ цæст фæдары æмæ йæ дæндæгты къæс-къæс фæцæуы: ацы æнæхайыры мæнг дуне бæргæ срæму- дзин, фæлæ мæ уартæ уыцы хуыцауылгъыст зæрондкуыдз хъуы- ды дæр не ’ркæндзæни! Цалынмæ йæ сæгъты бафсада, уæдмæ йæ уистæ цæгъдын æмæ йæ лулæ цъирын нæ ныууадздзæн. Афтæ гъе, мæ хуртæ, махæн дæр ницы тас у, цалынмæ зæронд лæг йæ фæрæтæй дзæхст ласа, йæ лулæйæ та пъæртт кæна, уæдмæ. Фæрæтæй — дзæхст! Лулæйæ — пъæртт! Сæгътæ та — емынæ макуы бахæрой! — лæппын æхсæруисæй фылдæр ницы уарзынц. Гъемæ уыцы зыдыкаты чи бафсаддзæн? Бес-Уæгъуыры тæлмац
СИТОХАТЫ Саламджери ЦЫБЫР ÆМДЗÆВГÆТÆ * * * Хуры ис кæйдæр мады зæрдæ, Уымæн у æнæкæрон йæ хъарм. Нæлгоймæгтæ, скæсут-ма хæрдмæ, — Мауал таут дунейыл хæрам. * * * Не ’взаг мах кæрæдзиуыл бæтты, Афтæмæй дзы лидзынц бирæтæ дæрдты. * * * Дæ цард фæуыдзæн искæд бон, уырнæд дæ, — Дæ фæстæ ма ныууадз бырæттæ. * * * Æдылыты зондджын адæм дарынц, Афтæмæй сæ æдылытæ марынц. Диссæгтæ! Сæрхъæнтæ ысты кæд, Хуыздæрты куыд базонынц гье уæд? * * * Цæмæй дын цард уа цинхæссæг, Ыстырзæрдæ йыл ма уай, — Цу арæхдæр рынчынфæрсæг, Уæлмæрдтæм дæр-иу бауай. 11
* * * Пенсимæ нæ комы. Скувы зæдтæм: «Аскъуыйæд-иу ам, куысты, мæ цард! Уæлæ хъуыстгонд адæмы уæлмæрдтæм Искуыдæй кæд бахауид мæ мард». * * * — Мæгуырдзинад, кæдæм тындзыс Бæгънæг æмæ мæстыйæ? — Ныууадз ма мæ, цы мæ фæрсыс? Мæн рарвыстой Мæскуыйæ. * * * Ныр зондæн нал ис аргъ, Æвæрæм та йыл сахсæнтæ. Ныр размæ хонынц мах Нæ дæндæгтæ, нæ ахсæнтæ. * * * Йæ мард ын аскъæфтой хъуызгæ Йæ æнусон бæстæмæ. Цыма тæрсгæ кодтой, тæрсгæ, Куы райгас уа фæстæмæ. * * * Иу хицау’ барвæндæй ацыд йæ куыстæй, Цæй-ма ныууадзæм гъе уымæй мыггаг. Хабар кæмæй ратахт, уымæн мæ мыздæй Раттин æз минтæ хæрзæггурæггаг.
АБАЙТЫ Эдуард * * * Фисынмæ ахæм, зыгъуыммæ нæма федтон гуырд: Рудвæлдæхтытæй та скодта йæ дарæс мæ фырт. Фадыджы нæ, фæлæ атъыста дысы йæ къах, Сæрыл хъен слæууыди, тохси куыд ыслæууы сах. Уæртæ фыдхуыссин!.. Фæбæгъдулæг кодта æхсæв, Æмæ та нал зыны базы пакъуытæй йæ сæр. Фестад, гæдыйы æхсæдтытæ акодта хи, Скъæфæццаджы къæбæр ахордта æмæ фæци... Уалынмæ сси та æнæхъæн сых хъæр æмæ ахст, Уынгмæ нæртон Батрадз раирвæзти, цыма, раст. Уисæй нæмгæ йæ æрбатæры уæртæ йæ мад. Уадз æй, йæ рæвдыд ын адджындæр скæндзæн йæ над... Ахæм фыдыздыхт, фыдзыкъуыртæ нæм фылдæр уæд, Æмæ нæ симдмæ Алæфтæ нæ уæнддзысты уæд! Й ’авдæны тъæпæнæй саби ыстыдта йæ къух, Уый дæр та, ’вæццæгæн, ахæм зыгъуыммæ гуырд у... * * * Цымæ цы зæгъдзæн нæ Хуыцау, Рабон кæндзæн æви нæ? Цъæх мигъ у басдых гæгъуызау, Цæсты къух н ’акæндзынæ... 13
Цымæ цы зæгъдзынæ, уæртæ Сау чызг? Дæ дзыхы ис дон? Цыма къуыбылой — дæ зæрдæ, Де ’взаг — йæ суйтæ кæрон. Фæлæ æз дæр дæн дæ раны: Хинымæр дзурын æрмæст. Ис кæд дæ хъуыды дæр цуаны, Хъавы æхстбæрцмæ дæ цæст? Цыма къуыбылой — мæ зæрдæ, Ме ’взаг йæ суй кæрон у. Ехх, зæгъын, æвзаг-æндæхтæй Зæрдæ-къуыбылæйттæ ’хснуд... Цуанæттау цæстытæ хъуызынц, 'Нæсгæрст хъæд хонынц сырдджын... — Цымæ цы зæгьдзысты уыцы Цæстытæ? — хи та фæрсын. * * * Дамбаца кæны топпифтыгъд чидæр Æмæ ноджы цæуыстыгъд дæркъæн. Къухтæ атылдтай мыды ды иугæр, Гъе уæд та сын нæй ’нæасдæргæ... Макæн! Не сты мæ уды рæбынтæ Мæнæ ’нæсгæрст чырыны къуымтау. Басудздзынæ хъæндæлæй дæ былтæ, Кæд нæ зоныс йæ хæрыны ’гъдау...
ТЫДЖЫТЫ Юрий ХЪРИХЪУППЫТÆ ТАХТЫСТЫ БÆРЗÆНДТЫ У а ца у 5 Бричкæтæ фæфале стыФарныхъæуæй. Цасдæр дæрддзæг ма æмæ гæны завод. Уæртæ Теркыл — егъау æфсæн хид. Ууылты ахиздзысты. Фæлæ сæ нырма сæ фæндаг дзыхъытыл æмæ къуып- пытыл хоны. Æмуырдыг къанау кæй февзæрдзæни хидмæ хæстæг, уый лæппутæй Дауиды йеддæмæ ничи зыдта. Дауид ыл иу æмæ дыууæ хатты нæ ацыд. Æхсары æмæ Бечийы уæнгтæ тасдзинады уазалæй барыз- тысты. Дауид сæ фембæрста æмæ сын зæрдæ бавæрдта: — Æппындæр ма мацæмæй тæрсут. Æз галты сæрбосыл хæцдзынæн. Сымах та бричкæты фæрстыл сагæйттæй хæцдзыс- тут, дыууæрдæм къул куыд нæ кæной, афтæ. Къанаумæ фыц- цаг сабыргай æруадздзыстæм бричкæйы раззаг дыууæ, стæй та фæстаг дыууæ цалхы. Афтæмæй сæ радыгай фæфале кæндзыстæм. Дауид æртæ бричкæйы цæлхытæ дæр федта, йæ къахæй сæ бацавта, сæ тæлытæ æмæ дæндæгтæ фидар сты, зæгъгæ. Кæд дзы ничи асæттид. Лæппутæ къанауы фале фæкодтой Дауиды бричкæ. Ныр Æхсары бричкæйы рад у. Дауид, фæстæздæм цæугæйæ, хъавгæ ахæцыди сæрбосыл. Раззаг цæлхытæ фæуæлбыл сты. Фæстæгтæ дæр ма сæ куы бафæзмиккой. Фæлæ дзы иу фæрсырдæм фæбы- рыди. Гæны уæз æнæхъæнæй дæр ууыл æрæнцад æмæ... Йæ дæндæгтæ азгъæлдысты. Бричкæ акъул и. — Гъе, уый та дын ног бæллæх — ныхъхъæрзæгау кодта Дауид. — Абон нæ, æвæццæгæн, Хуыцау ралгъыста. Кæрон. Райдайæн 4 номыры. 15
Æхсары цæсгом аих и. Туджы цъыртт йæ уадулты нал аз- зад. Йæ фæлмæст зæрдæйыл уæззау катай æртыхсти: «Ныр, æцæгдæр, нæ раны стæм. Райсом дæр нал сæфтдзыстæм нæхимæ. Мæ мад цы кæндзæни, мæ мæт æй нæ хæрдзæни...» Бечи йæ мид-зæрдæйы ныццин кодта: «Æгъгъи, афтæ йын хъæуы. Йæ дзых нæ бæззы. Мæныл худти. Ныр йæхæдæг къæппæджы бахаудта; Æз та мæхи исты амалæй фæтылиф кæндзынæн...» Фæлæ æргомæй иу ныхас дæр не скодта. Цыма йын цалхы асаст хъыг у, йæхи афтæ дары. Æмæ Дауиды ныхæстæ рафæзмыдта: — Абон нæ, æвæццæгæн, хуыцау ралгъыста. — Æнæхъуаджы сагъæстæй пайда нæй, — загъта Дауид. — Фезмæлæм та æмхуызонæй. Фæндаг фæндаг у. Цин æмæ йыл маст кæрæдзи фарсмæ цæуынц. Æнцойдзинад ыл цас и, зын- дзинæдтæ дæр ыл уый бæрц вæййы. Бечийы бричкæ дæр ма къанауы фале фæкæнæм. Фæлæ кæуылты? Дауид лæгъз бацæуæн агурæг ауади. Цалдæр уысмы фæстæ фездæхти. — Дæлæ ууылты, — къухæй дæлæрдæм ацамыдта Дауид, — кæд исты амæлттæй бахизиккам. Æмæ бричкæ лæгдыхæй батылдтой лæппутæ. Дауид Æхсарæн афтæ: — Бирæ æнхъæлмæ кæсын дæ нæ бахъæудзæн. Æз Бечиимæ цæуын заводмæ. Сахаты фæстæ ам уыдзыстæм... Æхсар йæ галты хизы Терчы был. Сæ рæзты зилы. Семæ ныхас кæны: — Кусæг фос дæр, адæмау, хæсты азарæй фыдæбойнаг фес- ты. Æнцой сын нал и. Сæ уд сæ хъуырмæ сбырыди. Дауиды загъдау: «Æндæр гæнæннæй». Баба мын дзырдта, фæскъæвда хурбон скæны, зæгъгæ. Æз æууæядын мæ фыды ныхæстыл. Хурбоны сæраппбнд хæцы уый дæр знаджы ныхмæ... Æхсарыл та йæ фæллад æртæфст. Ехх, ныр афынæй кæн. Фæлæ галтæ та? Куы адзæгъæл уой? Кæм сæ агурдзæни? На- уæд абырæг куы фæзына. Фос йæ фыццаг куы скæна? Цы зæгъдзæни бригадирæн? Сæ аргъ сын цæмæй бафиддзæни? Нæ, фæлтау æнæхъæнæй дæр цæстытæ фестдзæн. Иунæг уысм дæр сæ дзæгъæлы нæ фæуадздзæн. Æрдæбон Дауид мæсчъы доны 16
йæхи куыд ныхсадта, афтæ Æхсар дæр йæхи ныхсдзæн. Æмæ йæ хуыссæг тарст тæрхъусау фæлидздзæни. Терк тындзы йæ рагон æнусон фæндагыл. Йæ уылæнты ныр нал и, сæрды сæ цы хъару вæййы, уый. Стæнæг. Йæ бынæй цъæх хъуына дуртæ зынынц. Нарæгæй кæм цæуы, уым арф у. Æхсар гыццылæй фæстæмæ Терчы къардиуыл рæзы. Æмæ йын сахуыр йæ сабыр æмæ фыдуаг митыл. Ныр дæр дзы аленчытæ кæнид. Фæлæ... йæ хид æрысыст. Æмæ^ куы суазал уа. Ас- тæуæй уæлæмæ йæхи абæгънæг кодта. Йæ риуыл, йæ фæсон- тыл æрбакалдта дон. Йæ буар ын асыгъта, ахъыдзы йæ кодта. фæрогдæр лæппу. Галтæ сæ бынаты æнцад хизынц. Арвы тыгъды та хърихъуппыты халсау æндæргæй ферттыв- та. Иæ хæдон кæнгæйæ сæм Æхсар йæ цæстæнгас сарæзта. Сæ дæргъвæтин цъæхахстæй сын банцайæн нæй. Бæрзæндты тæхынц. Уæддæр сæ хъырру Æхсармæ хорз хъуысы. Цымæ цæуыл у сæ цъæхахст, сæ хъырру? Æви уый у сæ зарæг? Æви уымæй хæрзбон зæгъынц æгæрон быдыртæн, арвылæмбæлæг хæхтæн? Æви уым и сæ цин æмæ сæ маст? Чи сын цы æмбары. Фæлæ Æхсармæ афтæ кæсы, цыма хърихъуппытæ сæ базыр- тыл хуссармæ быдырты æмæ хæхты комулæфт хæссынц, цыма Æхсары æвзонгдзинад хæссынц. Уыдон иннæ уалдзæджы фæстæмæ æртæхдзысты сæ райгуырæн быдыртæм фыцгæ ден- джызты æмæ хæхты сæрты. Фæлæ Æхсарæн йе ’взонгдзинад фæстæмæ нал æртæхдзæн. Уый атæхдзæни ацу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл. Кæм ныффæстиат сты Дауидитæ? Мацы бæллæх та сыл сæмбæлæд? Хуыцау бахизæд. Уартæ хиды фале бричкæтæ фæзынд. Ацырдæм цæуынц. Хидыл цæуджытæй фылдæр цы ис. Уыдон кæд не сты? Зæрдæ зонаг у, фæзæгъынц. Æхсар базыд- та Дауидиты схъæлсыкъа галты, сæ хицауы. Æхсары гуырысхо айсæфти. Ныр кæд хъуыддаг фæрæвдздæр уаид. Æртæйæ та хъæддых фæлæудзысты. — Цæй куыд у? — Дауид Æхсары бричкæйы раз æргæпп кодта. — Кæд иунæгæй не сфæлмæцыдтæ? Рады лæууын нæ бахъуыд æмæ уымæн афæстиат стæм; Дæ гæн мæ бричкæйы самайдзыстæм. Дæ гуыффæ та дын Бечийы бричкæйы сæвæрдзыстæм. Дауиды ныхæстæм Бечи йæ фындз акъуырдта, схуыфыди. Дауид ын йæ дæлгоммæ ми фембæрста: — Мæ фæнд æвзæр у? Тынг хорз. Фæлæ мæн нæхимæ тагъд кæнын хъæуы, — сæфсон кодта Бечи. — Ахсæв мæ фыдимæ хъæуысæрмæ цæуæм 2 Махдуг№ 5, 1997 17
мæ мадыфсымæрмæ. Хуынд стæм. Æмæ куы байрæджы кæнон, уæд аив нæ уыдзæни. Мæ уæнгтæ айсынхъом дæр нал дæн. — Цу, цу дæ мадыфсымæрмæ, — мæстæй фæцæйтыдтой Дауиды фæрстæ. — Ды æцæг... Дауид æвзæртæ зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йе ’взаг йæ дæндæгтæй æрылхъывта. — Ды хорздзинад дæр нæ зоныс æмæ æвзæрдзинад дæр, — Бечимæ феххæлд Æхсар дæр. — Дæ риуы зæрдæйы бæсты дур ис, хайуан. — Фæндагыл дам, адæймаджы удыхъæд рабæрæг вæййы, фæзæгъынц, — Дауиды сурхид фемæхсти, — цæугæ нæ разæй! — Æгас хæдзар ссар. 6 Æхсар гæны куыристæ хъæбысыдзагæй фæлæвæрдта Дау- идмæ. Йæ буар дон фестади. Дауиды буар дæр дон фестад. Æмбæлттæ ма сын куы уыдаид, уæд Дауид йæ цалх рафтыдта- ид æмæ йæ саст цалхы бæсты бакодтаид. Фæлæ дыууæйæ гæнæй дзаг бричкæйыл схæцын нæ бафæрæзтой. Æххуысмæ кæмæ фæдзырдтаиккой, ахæм дæр сæм хæстæг нæ фæци. Æмæ гæн самадтой Дауиды бричкæйы. — Дæ галтæ, Дауид, фæллад сты, — загъта йын Æхсар. — Мæ галтæ баулæфыдысты æмæ сæ дæ бричкæйы сифтындз. — Уымæн уæвæн нæй. Мæ галтæ тыхджындæр сты. Се ’фсондз — стырдæр. Дæу уонтæн нæ бабæздзæн. — Сæхи æфсондзимæ, зæгъын... Дауид Æхсары коммæ нæ бакасти: — Ды афтæ ма æнхъæл æмæ дæ æртæцæлхыг бричкæ æнцондæр ласæн у. Саст цалхы къуыдыр зæхх хафæгау зынтæй тулы. Мæныл ахæм цау æрцыди фарон фæззæджы. Дзæуджыхъæумæ сластон нартхор. Нæхимæ здæхгæйæ, мæ фæндаг ракодтон Сал- доныл. Дæргъæй-дæргъмæ уынджы фæцæйцыдтæн. Иу æнæхай- ыры куыдз иу кулдуарæй рагæпп ласта. Срæйдта. Мæ галтæ фæтарстысты. Уромæг сæ уромын нал фæрæзта. Раззаг цалх дурыл сæмбæлди, фесхъиудта æмæ ныссаст. Йæ дæндæгтæ нызгъæлæнтæ сты. Гуыффæйæ мæ асхъиуынмæ бирæ нал бахъуыди. Галтæ та згъордтой. Цалхы афтид къуыдыр хуым- гæнæгау хæххытæ кодта зæхх. Мæ хъустыл уадысты нæлгоймæгтæй æмæ сылгоймæгтæй цалдæры æлгъыстытæ, нæ лæгъз уынг нын фехæлдта, ныкъкъахта, йæ бæрзæй ныссæтта, зæгъгæ. Æмæ ма уыдоныл уыдтæн. Мæ галтæ афтæ ныффæлла- 18
дысты, афтæ, æмæ сæ дыккаг бон сифтыгътон. Ды ма тæрс. Ничи дæ фелгъитдзæни Бесланы. Фæндаг дурæй фидар æмбæрзт у. Стæй нæ сосæйыл бирæ цæуын нæ бахъæудзæни. Завод бы- дыргонды ис. Æцæгдæр, уый цæй завод у? Стыр фæзуат — сындз телæй æхгæд. Пъæлигоныхъæуы хуымты гæны куыристæ куыд хъила- мад сты, ам дæр афтæ. Дауид бричкæ æрурæдта егъау тæразыл. Тæразыл кусæг æм аджих и: — Кæд ма исты хъуыды кæнын, уæд ма æрдæбон дæр ацы бричкæ, ацы галты федтон. — Нæ фæрæдыдтæ, — загъта йын Дауид. — Пъæлигоныхъæуæй дыккаг хатт афтæ тагъд æрхæццæ дæ. Молодец дæ æмæ молодец! Дауид бахудти: — Галтæ æмæ бричкæ мæн сты, гæн та ме ’мбал Æхсар æрлас- та. Фæлæ... Дауид Æхсары саст бричкæмæ йе ’ргом азылдта. — Гъа, ныр æппæтдæр æмбæрстгонд у, æмбæрстгонд, — тæра- зыл кусæг йæ кæсæнцæстытæ йæ комытæфæй баумæл кодта, йæ къухмæрзæнæй сæ асæрфта æмæ сæ фындзыхъæлыл асагъта. Сбарста дзаг бричкæ. Цас у, чи йæ æрласта, уый тыххæй радта гæххæтт Дауидмæ æмæ йын бацамыдта, гæн кæм самай- ын хъæуы, уыцы бынат. Лæппутæ галты бабастой саст бричкæйыл. Сæ разы сын æркалдтой, Æхсары бричкæйы ма цы кæрдæг уыд, уый. Сæхæдæг гæны куыристæ хъиламад кæнынц. Иу цæрдæг февнæлд ма æмæ... 7 Хур фæуырдыг арвыл. Мигътæ йын æрбахгæдтой йæ тæрттæ. Изæрмилтæ цадæггай сæхи æвдисын райдыдтой. Лæппутæ сæ куыст фесты. Цыма хъарсы фидар басастой, уыйау сæхицæй ныббузныг сты. Сæ фæллад æрдумæ дæр нал дарынц. Ныр сын уæззау схæцинæгтæ нал и. — Цæуæм, — цинхъæлæсæй загъта Æхсар. — Чысыл ма багæдзæ кæн. Афтæ бакæнæм: дæ гуыффæ, дæ бричкæйы фæстаг сæмæн æд цалх æмæ гæнæлвасæн хъил мæ гуыффæйы сæвæрæм, бабæттæм сæ. Ды та дæ раззаг сæмæны хъæдыл сбад æмæ мæ бричкæйы фæдыл хъæмæ... 19
—Дæхицæн æмæ та дæ галтæн — уæлдай фыдæбон. Мæ бричкæ æртæ цалхыл дæр стулдзæни. — Мæ галтæ сæ кæвдæсмæ изæрæй тагъд фæкæнынц, дæ галтæ сæ зынæй æййафдзысты. Æрмæст æндæр фæндагыл цæу- дзыстæм Терчы былгæрæтты. Бесланæй Калонкæмæ. Калон- кæйы нæ хъæуы бынты Терчы тæнæджы бауайдзыстæм. Ауыл- ты фæндаг хæстæгдæр æмæ лæгъздæр у. Хур тулы йæ авдæнмæ, цъæх мигътæ цъæх кæфхъуындартау арвы риуыл уæлдæр-уæлдæр лæсынц. Æмæ сыл хуры тынты сырх фæдтæ бæрæгæй дарынц. Лæппутæ Бесланæй рухсæй рахызтысты. Æмбис фæндагыл сыл æрталынг и. Давид ракæсы Æхсармæ. Кæд, мыййаг, афынæй æмæ цæлхыты бынмæ ныххаудта. — Фидар бад, — радзырдта йæм. Æмæ базарыд. Ацы хатт хæстонты зарæг. Æмæ та йæм Æхсар зæрдиагæй ныхъхъуыста. Фæззыгон æгуыппæг æрдз ын му- зыкæйы уæлмонц зæлтæ фестад. Йæ цæстытыл ауад йæ фыды фæлгонц. Йæ баба-иу æй йæ бричкæйы арæх ласта быдырмæ. Лæппу-иу ахста гæлæбуты. Хæрдмæдзогцъиутæ-иу йын сæ фæндыртæй цагътой. Уыгæрдæн-иу ын æрбарвыста дидинджы- ты хæрзддæф. Æмæ йæ гыццыл зæрдæйы сыгъдæг хуымы æвзæрын райдыдта æрдзмæ уарзондзинады рæсугъд æвзар... Фæндаг Терчы рахизфæрсты ныддаргъ и. Цыма йыл Æхсар цыди, фæлæ кæд? Йæ сæр æй нæ ахсы. Æмæ рохгæнаг куы нæ у. Цы фены, уый йæ зæрдыл хорз бадары. Хъуыдыйы зынг йæ сæры магъзы ссыгъди зынджы стъæлфæнау. Уый йын барухс кодта йæ зонд. Нæ, ауылты нæ... Терчы галиуфæрсты цыди. Уæддæр уæлæмæ. Харбызты обау кæй хонынц, уырдыгæй — Пъæлигоныхъæумæ. Йæ бабайы бричкæйы. ... Сæрдыгон сатæг изæр. Быдираг мæргътæ зарыдысты. Бæстæ фидыдта се ’хсызгон зæлтæй. Цъыс-цъысæгты цъыс- цъыс хъуыст. Æ^Сар бадти ног карст хосыл. Нырау йе ’рбадæнтæ хъæбæрыл нæ рыстысты. Хосы адджын тæф æвдадзы уæлдæфимæ йæ рæу- джытæм ивылд. Йæ сæр-иу йæ фыды уæрагыл æрæвæрдта. Куы та-иу æй фæхъил кодта. Быдираг нывтæй алцыдæр иртæста йæ цæст. Фæлæ дзы ацы ныв абон дæр нæ ферох и. Цымыдис лæппуйæн йæ хъустæ ацахстой Терчы фаллаг фарсæй сонт хъæр. Фæсабыр-иу ис, стæй та-иу ногæй райхъуыст. Æхсар, хосыл йæ уæрджытыл алæугæйæ, уыцырдæм афæлгæсы- ди. Пæлæхсар бæрзонд бæлæсты астæуæй йæм ницы зынд. 20
Æрмæст сау фæздæджы уадздзаг згъордта арвмæ. Æмæ-иу уай- тагъд уым айсæфти. фыд исдуг нæ бамбæрста йæ фырты цымыдисдзинад. Йæ хъус æм нæ дардта, сывæллон рафт-бафтгæнаг, змæлаг у, зæгъгæ. Фæлæ йæ цæстытæй Терчы фарс уæгъд куынæуал уагъ- та, уæд ын йæхимæ аздæхта йæ хъуыдытæ. Æмæ куы йæ фыр- ты цæсгоммæ бакæсы, куы та — доны фаллаг фарсмæ. Уалынмæ бæлæсты æхсæнæй быгъдæг фæзмæ æмбойны рагæпп ласта сау егъау æндæрг, йæ фæстæ — хæдзаргæндтæ. Сывæллон о^едæцæстон фестад. Ныддис кодта, йæ къухтæ сцагъ- та. Фыд нæ уыди, зæгъгæ, бричкæйæ асхъиудтаид. Фæлæ йæ уый йæ хæдоны æфцæгготæй ацахста: — Ма дыууæрдæмты кæн: — цæлхытæ дыл атулдзысты. Æнцад бад. Фæлæ Æхсар ноджы сцымыдисдæр. Æмæ ныхъхъæр ласта: — Уæртæ кæйдæр хæдзæрттæ фæцæуынц! Уæртæ кæйдæр хæдзæрттæ ссыгъдысты! Фыды цæстытæ фæирд сты. Йæ къуыбыр рихиты бынæй ба- худт: — Уый хæдзар нæу. — Уæдæ циу? — фæхæлиу Æхсары дзых. — Поезд. Ахæм дзырд фыццаг хатт фехъуыста сывæллон. Æмæ та бафарста фыды: ■ — Поезд та циу? Баба стыхсти: куыд ын æй бамбарын кæна, цавæр дзырдтæй? Йæхæдæг дæр æй мæнæ-мæнæ бæлвырд хорз нæ зоны. Поезды ацыд Дзæуджыхъæуæй Бесланмæ æмæ Бесланæй Дзæуджы- хъæумæ. Æмæ йын цыбыр рæстæгмæ йæ сусæгдзинæдтæ кæцæй базыдтаид? Фæлæ йæ уæддæр дзуапп раттын хъуыди. — Поезд у вагæттæй арæзт, уыдон сты кæрæдзимæ баст. Ис сын цæлхытæ. Цæлхытæ тулынц æфсæйнæгтыл. Рельсытæ кæй хонынц, уыдоныл, — Вагæттæ та цы сты? — хынцфарст æй акодта йæ фырт. — Вагæттæ сты ныллæг, дæргъæлвæс хæдзæртты хуызæн. Ис сын дуæрттæ, рудзгуытæ, мидæгæй бандæттæ, пецтæ... Би- лет балхæн æмæ дæ кæдæм фæнды, уырдæм аласдзæни. Нæ хъæуæй быдырмæ дæр? Баба йæ цæстытæй бахудти: — Нæ, уый цæуы горæтæй горæтмæ быдырты, дæтты сæрты, хидтыл... Фыд йæ фырты фарстатæй сфæлмæцыди. Фæлæ йын æхсыз- 21
гон уыд, йæ сывæллон исты базонынмæ кæй тырны, уый. Æмæ йын æнæкъуылымпыйæ лæвæрдта дзуапп. — Ласгæ йæ галтæ кæнынц? — Паровоз. — Паровоз та циу? Фырт ма йæм ахæм фарста ратдзæн, уый æнхъæл нæ уыди. Фæлæ йын йæ зæрдæхудт нæ райста. Лæппу йæ сæр батылдта, ныр æй базыдтон, зæгъгæ. 8 Поезд, уасгæ, цæлхытæ рельсытыл къупп-къупгæнгæ, ныс- сыффытт ласта лæппуты галиуфæрсты. «Кæд уыдзæн ацы æнæхайыры фæндаджы кæрон? — тыхсын та райдыдта Æхсар. — Ме ’рбадæнтæ мæхицæй куынæуал сты». — Гъей, нæма бафынæй дæ? — æрбайхъуыст æм Дауиды хъазæн ныхас. — Нæма, нæ! — Уæдæ, хорз. Æхсары галтæ Дауиды бричкæйы фæстæ æнæзивæгæй цæ- уынц. Мигъты скъуыдтæй, сабийы сырхуадул тыппыр цæсгомау, тымбыл мæй сæрттывта. Æхсармæ дзы Зинæйы сурæт разынд. Йæ сæнттæй, йæ мад æмæ йæ фыдау, нæ хицæн кæны чызг.. Зинæимæ куы вæййы, уæд æм цард дидинæгджын фæзы хуы- зæн райдзаст фæкæсы. Æнæ уый та — хуыскъ бæласджын дыргъдон... Цард йæ фæндагыл æнæ фæкæсгæ цыд. Уыцы амондджын æмæ зæрдылдарæн бонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, Багиан æмæ бабайы цæстытæ ныуурс сты. Æмæ ныр фыццæгæм сентябрь йæ фарны къах æрбавæрдта. Мад йæ лæппуйæн бахуыдта ног хæдон æмæ хæлаф, сæракын хызын, хæцъил дзабыртæ, урс далысы къуымбилæй йын баууæрста нымæтхуд. Ныййарджытæ сæ хъæбулимæ ацыдысты скъоламæ. Цин кодта Æхсар. Къаддæр нæ уыди мад æмæ фыды цин дæр: абон сæ иунæг фырт фыццаг хатт бахиздзæни скъолайы къæсæрæй. Сбаддзæни партæйыл. Фысдзæни дамгъæтæ, ахуыр кæндзæн æмдзæвгæтæ, кæсдзæни чиныг... 22
Скъолайы кæрт ныййарджытæй, ахуыргæнджытæ æмæ сывæллæттæй байдзаг и. Сæ цæсгæмттыл фæззыгон хуры ирд тынтæ хъазыдысты. Фыццагкъласонты слæууын кодтой хицæнæй. Æхсары фарсмæ лæуд фæци сæ уæ’лæсыхаг чызг. Кæрæдзимæ фæкæмкоммæ сты. Сæ цæстытæй бахудтысты уал- дзыгон дидинджытау. Æхсар зыдта Зинæйы. Сæ ныййарджытæ сæ иумæ рæвдауæн- донмæ кодтой. Иу къорды уыдысты. Кæрæдзиуыл фæцахуыр сты цæрæццаг сабитæ. Ныр та иу къласы ахуыр кæндзысты. Кæрт фæсабыр и. Директор размæ рахызт. Йæ цæст адæмыл ахаста. Ног ахуыры азы тыххæй арфæ ракодта æвзонг чыз- джытæ æмæ лæппутæн. Уæлдай зæрдæмæхъаргæдæр ныхæстæ загъта фыццагкъласонтæн: — Сымах абон ныллæудзыстут ахуыры рухс фæндагыл. Æмæ йыл макуы фæцудут, кæронмæ йыл ацæут ныфсджынæй. Тыр- нут зонындзинæдтæм: Ныззæлланг ласта дзæнгæрæг. Худæндзаст сывæллæттæ ба- ивылдысты кълæстæм. Æхсар æмæ Зинæ дæр. Уыдонæн æбæрæг дунемæ айтынг и зын æмæ рæсугъд фæндаг. Цин йæ уидæгтæ арф ауагъта тæлфаг сабиты æнæнцой зæрдæты. Фæлæ Æхсар фенкъард. Ахуыргæнæг ын загъта: — Æхсар, ды асæй иннæтæй бæрзонддæр дæ. Æмæ фæстаг партæйыл сбад. Кæннод дæ чъылдымæй иннæтæ фыссæн фæйнæгыл ницы уындзысты. Зинæйы та сбадын кодта раззаг партæйыл. Йæ фарсмæ сбадт йæхи йас къаннæг хæбуздзыхъ цæсгом лæппу. Рæстæджы цалх æнæрлæугæ тылди размæ. Аивгъуыдта иу аз. — Зинæ,арфæ дын кæнын, дыккаг къласмæ кæй бахызтæ,уый тыххæй. — Æз та, Æхсар, дæуæн. Сывæллæттæ ныххудтысты. Скъолайæ æд хызынтæ кæрæдзи къухтыл хæцгæ згъордтой Терчы был фæзмæ. Тыдтой дзы урс, бур æмæ сырх дидинджытæ. Зинæ сæ сбыдта дыууæ худы. Иу дзы Æхсары сæрыл æркодта, иннæ та — йæхи. Кæрæдзи-иу ассырдтой. Кæрæдзи сæрты-иу асхъиудтой. Кæл-кæлгæнгæ хъазыдысты сæныччытау. Ныффæлладысты. Хуыссæг сæ йæ хъæбысы æрбатыхта. 23
V? * * Хъæуы фос сæ сыкъатыл æрбахастой изæрмилтæ. Уалдзы- гон хур хæхты фæсонтæй йæ къахдзоныгътыл абырыд. Йæ зынг цæстæй ма асырх кодта арвы тыгъды æврæгътæ, урсбоцъо Сæнайы ирд тенка. — Уæдæ кæм уа мæ лæппу, — быдырæй æрбацыди Багиан æмæ хæдзары Æхсары куы нæ ’рбаййæфта, уæд фæкуыд- дæр.— Ацафонмæ æддæ куы нæ вæййы, йæ уроктыл куы фæба- ды. Æви та йæ йæ фыд йемæ искуыдæм аласта? Ацагурын æй хъæуы. Æмæ сæ хъæугæроны обауырдæм атындзыдта. Ам арæх фæс- урокты фæхъазы Æхсар. Кæд уым уаид. Фæлæ уым нæ ра- зынд.Æмæ Теркмæ атындзыдта. — Дæ-дæдæй, уæд та йæ змæст ивылд дон аласта, — скатай ныййарæг мад. Зинæйы мад Сланон ахордта Багианы хал. Уый дæр йæ чыз- джы агурыныл сеи. —Мæ къухы ма куы æрæфтис дзæбæхæй, — æртхъирæнтыл сбæндæн тызмæг ма|\ — цьæхснаг уисæй дын дæ зæнгтæ, де ’рбадæнтæ стæлмытæ кæниа Æмæ иннæ хатт дæ хæдзар афоныл агурис Терчы къардиу&л дæлæрдæм ауад, фæлæ диссаг. Сылгоймаг фæдурдзæф. Ныджджыгъгъъ1тт лæнкаумæ. Уым Зинæ æмæ Æхсар ныффынæй сты. Лæппуйы сæр — чызджы цонгыл. Ус фырмæстæй фесхъиудта, ныууынæргъыдта: — Гъе, дæ мад дæ быныл баззайа! Гъæ, уыцы кармæ макуы ахæццæ уай. Уый цы бакодтай, дæ зынг ахуысса! Мæ худинаг ныр æгас хъæубæстæ цъиутау нæ уасдзысты, дзыхæй-дзыхмæ йæ не скъæфдзысты?!. — Кæимæ загъд кæныс, кæимæ, Сланон? — зæххы скъуыдæй февзæрæгау йæ цуры алæууыди Багиан. — Дæ разы куы ничи ис? — Уæ, уас дæ лæппуйы сæфт фенай? — Цавæр судзгæ æлгъыст мын *&еныс мæ иунæджы? Æппын дын цæсгом нал ис? Æвзæрæй дын цы сарæзта? — Дæлæ ма ныккæс. Дæ къулбадæг мын мæ чызджы... Багианы пырыкк фæурæдта Сланоны æнæууылд æмæ æлгъитæн ныхас. Фæлæ æваст йæ дзыхыл йæ къух авæрдта. Сланоны сæртæг мастыл ма цæхх чи зæры. — Зæгъын ма цæуыл у дæ загъд-замана? — Уый ды цы хоныс? — Дæ сæр мауал риссын кæн. Банцай... 24
Багиан йæ сагъæсæй фæиппæрд: йæ лæппу — æвыд. Фæлæ йын Сланоны карз æлгъыст йæ тъæнгтæ ацагъта. — Мæ дзыхыл ма цъутта дæр æз сæвæрон? Худинаг мæн фæкодтат... — Цæй худинаг. Сабитæ цы ’мбарынц. Æвæццæгæн, ратæх- батæхæй сфæлмæцыдысты æмæ сыл хуыссæг фæтых и. Сывæллæттæ уыдыстæм мах дæр. Нæхицæй нæ зонæм, æвзонг уд, гæдыйау, фынæй кæнынмæ æмхиц кæй у, уый. —0, уый хорз фынæй у, — йæ фæдджитæ сцагъта Сланон. — Бын бауай, кæд тугтæ цы мысыс сабитыл? Сланон йæ маст ныккалдта лæппуйыл. Фæлæбурдта йæм... Фæлæ... Йæ мид-зæрдæйы’æрымысыд Æхсар. * 9 Фæллад галтæ сæ цыды кой æдзæмæй кæнынц. Фæллад цæлхытæ æнæбары , тулынц. Дауид йæ фарсмæ сбадын кодта фæлмæст Æхсары, йæ галтæ — æрмахуыр æмæ иннæ галты фæдыл цæуынц. Дыууæ хæларæн та ныхас бацайдагъ. — Æхсар, скъолайæ куыд ралыгътæ, уыцы хабар ма мын ракæн. Фыццаг æй хъус-хъусæй æрыхъуыстон. Уый Дауиды зæрдыл цæмæн æрбафтыд, уымæн Æхсар ницы æмбары. Фæхудыны тыххæй! Æмæ дзы ахæмæй уыйас ницы ис. Кæд фæндаг цыбырдæр кæныны охыл? Æмæ æндæр цæуыл дзурой, уый сын нæй? Фæлæ йæм йæ хæлар кæм бахатыд, уым ын «нæгъ» нæ загъта. — Фыццаг бон фыццаг къласмæ бацыдтæн, — дзурын рай- дыдта Æхсар, — иу урочы дзы фæдæн. Мæ фырцинæй мæ нæхимæ аходæн скæнын айрох и. Мæ мады фæдзæхст мæ зæрдыл æрбалæууыд: «Куы-иу сæххормаг уай, уæд-иу нæхимæ — згъоргæ». Æз — афтæ бакодтон. Мæ мад мæ дисгæнæгау фæрсы: «Куыд раджы æрцыдтæ?» Æмæ мын дæхæдæг куы за- гътай...» Мад ныххудти: «Нæ мæ бамбæрстай, æдылы. Æз дын урокты фæстæ загътрн». Фæстæмæ — скъоламæ. Ахуырдзау- тæ апырх сты сæ хæдзæрттæм. Ахуыргæнæг æмæ Зинæйы сæййæфтон. Ахуыргæнæг мын бауайдзæф кодта: «Абоны хуы- зæн уроктæм куы нæ цæуай амæй фæстæмæ дæр, уæд мах нæ бафидаудзыстæм». Æз ын загътон: «Нал фæцух кæндзынæн ИУ урок дæр». Зинæ мæм мæ хызын авæрдта æмæ иумæ нæ хæдзæрттæм азгъордтам. — Ахуыр кæнынæй хуыздæр цымæ цы ис? — Дауид ныр- 25
хæндæг и!. — Фысс, чингуытæ кæс æмæ исты зонай. Фæлæ мæ тæригъæд фæхæссæд, мæн цы хуыцау сæнамонд кодта, уый. Сывæллонæй хæдзардарæг сдæн. —Ахуырæн дæр та нын рæстæг фæуыдзæн. — Мæнæн нал. Нудæсаздзыдæй ма уæ карæнтимæ иу къла- сы æрбаддзынæн? Хæрзаг мыл сывæллæттæ сæхи худæгæй схæссиккой: «Мæнæ та нæ зæронд ахуыргæнинаг фæчепп- фæчепгæнгæ æрбабырсы...» 10 Стъалытæ мæйы алыварс æрдзыгуыр сты. Цыма тымбыл хъазт æрцарæзтой. Фæлæ сæ мигътæ бамбæрзтой. Бæстæ æрталынг и. Терчы иугæндзон хæл-хæл ын хæлдта йæ сабырдзинад. — Хъуыды ма кæныс, Дауид, фароны уалдзæг? — Куыннæ, куыннæ. Быдырты кусæг нал уыд æмæ скъолайы дуарыл гуыдыр сæвæрдæуыд. — О, фæлæ мæ ныхас æндæр хъуыддагыл у. — Хъусын дæм, Æхсар. — Бригадир Габион мын: «Лæппу, цырд дæ фæлæууын хъæудзæн. Хуым кæнæм æмæ дæ Дауидæн æмбалæн æрвитын. Куыд кусдзынæ, уый дын йæхæдæг мæнæй хуыздæр баца- мондзæн. Уарзы æнæхин æмæ бæстон куыст. Йæ хъыджы ба- цыдтæ — йæ уæнгæл фестадтæ. Ныртæккæ нæ бригады уымæй кусагдæр лæг нæй. Зонын, фыдæбон кæндзынæ. Нæ абоны цард афтæ домы...» — Æнхъæл уыдтæн, æндæр исты, ног хабар мын зæгъдзынæ. — Æмæ уый мæнæн ницы у? Уый мæнæн ногдзинад нæу? Æмæ Æхсар æрæмысыди Дауидимæ йæ фембæлдтытæ, йæ куыст... Уалдзыгон хуры тынтимæ уалдзыгон мæргътæ пæр-пæр код- той арвы цъæх хъæбысы. Мит атади. Фæлæ ма зæхх уымæл уыд. Йæ урс фæздæг калди. Дыккаг бонмæ сбæззыди хуым кæнынмæ. Райсомæй Дауид йæ гутонимæ архайы хуымгæрон. Йе ’фсæн ыл балвæста. Йæ хъæдын хæцæнтыл ын хæцъилтæ æртыхта къухтæн фæлмæндæры тыххæй. — Ныр афон у гутон адарынæн, — хуымгæнджытæн хæри- наг кæм кодтой, уыцырдæм акасти Дауид. — Фæлæ мын Габи- сон æмбал куыд æрæгмæ æрвиты? Æхсар æм æрбацыди, салам ын радта. — Бирæ цæр, Æхсар. Дæ фæндаг кæдæм дарыс? — Бригадир мæ дæумæ рарвыста. 26
— Мæнмæ, зæгъыс? Дауид æм æдзынæг æркæстытæ кодта, йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ йæ сбарста. Йæ сыхаг у. Зоны йын йæ дæргъ æмæ йæ уæрх дæр. Йæ зæрдæ йыл ницæмæй фæхудт. Æхсар — æнæзивæг, коммæгæс. Йæ фыды бæсты-иу галты аифтыгъта. Йæ фыды бæсты-иу æфсондзæй галты суагъта æмæ-иу сæ сæрвæтмæ аскъæрдта. Уый иу хъуыддаг у. Хуым кæнын та хъызт зымæджы хъæдæй сугтæ ласынæй уæлдай нæу. Ахæцын дзы хъæуы, ахæцын! Æвзонг, æвæлтæрд лæппумæ уый бæрц хъару разындзæни? Райсомæй изæрдалынгтæм фæлтæрдджын Дауи- димæ кусын бафæраздзæн? — Уæдæ ды мæ цæдисон æмбал уыдзынæ?— Дауид, дыз- æрдыггæнгæ, афарста Æхсары. -О. — Æмæ ууыл раздæр ахъуыды кодтай? -О. — Дæ ныфс хæссыс? — О. — Мæнæ ацы стыр тъæпæнтæ цыбыр рæстæгмæ афæлдахын мæн æмæ дæумæ кæсы. Знон хуымгæнджытæн хæйттæ брига- дир йæхæдæг байуæрста. Æмæ нæм дзы, уыныс, нард хай æрха- удта. Фæсте баззайын худинаджы гакк у. Уый хъуамæ мах нæ сæрмæ ма ’рхæссæм. Бамбæрстай? — Бамбæрстон. Дауиды æргом, разæнгардгæнæг æмæ зондджын ныхæстæ арф бынат ссардтой Æхсары зæрдæйы. — Райдайæм? — Райдайæм. Дауид схъæр кодта галтыл. — Размæ, мæ уæйгуытæ! Галтæ сындæггай араст сты дæргъæй-дæргъмæ тъæпæны. Зæхх егъау гæбæзтæй æрфæлдæхы. Æхсар хæцы сæрбосыл. Хуым кæныны райдайæны йын Дау- ид бафæдзæхста: «Галтæй иу ауæдзыл цæудзæн, иннæ та — æнæконд зæххыл. Зæгъгæ иуварс фæзылдысты — нæ куыст фæдзæгъæл и. Ранæй-рæтты зæхх æнæ хуымæй аззайдзæн. Æмæ йыл ногæй гутон адарын бахъæудзæн. Уый у дыккаг фыдæбон, уæгъды фесæфы рæстæг. Уый дæ зæрдыл дар». Æмæ Æхсар ауæдзыл раст аразы галты. Чысылдæр сæ исчи иннæрдæм ахæцыд, уисæй йын йæ фарс рог æрцæвы. 27
Хур нындæвта. Уæлдæф сæнуд и. Галтæ фæллайын райдыд- той. Куы сæхи иуырдæм аппарынц, куы та — иннæрдæм. Ныр Æхсары æнцойдзинад зындзинады малы аныгъуылд. Йæ буар дон фестад. Йæ хид ын йæ цæстытæ къахы, йæ былтæ дзы сцæхджын сты. Дойныйæ йæ хъуыр ныххус и. Сæрбосыл ныззæгæл. Йæ къухтæй йæ уæгъд нал уагъта. Йæ фæдыл галты ласæгау кæны. Смæсты сæм. Афтæ схивæнд æмæ сызнæт уыд- зысты, уый ныр банкъардта Æхсар. Ауадзид сæ сæхи бар, сæ хæдзармæ ныббындз уаид. Фæлæ бригадирæн дзырд радта. Æмæ йæ ныр йæ ныхас фæсайын нæ фæнды. Нæ йæ фæнды Дауиды иунæгæй ныууадзын. Тæппуд æй нæ рахондзæн? Йæ карæн лæппутæ æмæ чызджытæ йыл сæхи худæгæй схæсдзысты. Зæронд лæгтæ æмæ устытæ дзы зæгъдзысты: «Хуыммæ галæй ацыди, сæхимæ хъугæй æрбаздæхти». Цы цæстæй йæм рак- æсдзæни Багиан? Иæхи ма куыд равдисдзæн Зинæмæ? Гутон дарын зындæр у. Æмæ фæразы Дауид. Йæ риуæй æлхъивæгау æй нылхъивы. Хуымы кафонмæ куы схæццæ вæййынц, уæд Дауид фæфæлдахы гутон, йе ’фсæн ын асыгъдæг кæны. Ногæй та йын йæ «дзыргъа» фæсадзы зæххы. Йæ хæдон йæ фæсонтыл нындæгъди. Цыма йыл фæззыгон чырс сбадт, уыйау хиды «цæххæй» урс хъулæттæ ссис. Æхсар йæхиуыл æрхудти. Цымæ йын Дауид йæ сусæг хъын- цъым бамбæрста? Кæд нæ, уæд — хорз. Йæ сæрæй йæ ницæй- йаг хъуыдытæ, йæ мад хуртуанæй кæрчыты куыд асуры, афтæ суры. Фæлæ та сæ ахæсты бахауы. Йæ армытъæпæнтыл дондæппæлттæ фæзынд. Йæ буар æрлæмæгъ. Йæ къæхтæ йæ быны нал цæуынц. Къодæхтау суæззау сты. «Лидзгæ, мæнæй уый, ардыгæй», — дзуры йæм йæ иу зонд. «Кус, фæраз, — амоны йын иннæ зонд. — Дæ карæн лæппутæй бирæтæ знаджы ныхмæ тохы хъæбатырдзинад æвдыстой æмæ æвдисынц. Мæлæты дзыхмæ комкоммæ цыдысты æмæ цæуынц. Ды та?..» Ацы быдыры Æхсарæн йæ адзал куы уа, уæддæр йæ куыст æрдæгыл нæ ныууадздзæни. Ногконд хуымы сау тъæпæн фæйнæрдæм ивæзы. Сыджыты. тæф æхсызгон хъыдзы кæны адæймаджы фындзыхуынчъытæ. Ныр бамбæрста, кæрдзын дидинæгау æвæлмонæй фæзы кæй нæ рæзы, цас хъару, цас хид ыл хардз кæнын хъæуы, уый. Æнуд хур балæст бæзджын æврæгъты. Зæххыл аууæтты сау нымæттæ байтыдæуыд. Уадымс æрбаулæфыди. Сатæг уæлдæфæй анæрстысты куыстдзагъд хуымгæнджыты риутæ. 28
Хур бирæ нæ афæстиат. Æврагъы чъылдымæй рабырыд. Æмæ та йæ судзгæ тынтæ æркалдта быдырмæ. Уадымс æрбайсæфти. — Ныр иучысыл аулæфæм. Æфсæйнæгтæ, мыййаг, не стæм, æгæр куы ныффæлайай, уæд ма мын райсом дæ хуызæн цæрдæг æмбал чи ратдзæни! — Дауид раппæлыд Æхсарæй. Суагьтой галты. Æркалдтой сын хосы муртæ. Сæхæдæг, къанауг- æрон чи фæцъæхкъалиу, уыцы къудзийы бынмæ сæхи байстой. Изæрæй Багиан йæ уæнгдзагъд лæппуйы дондæппал къухтæ куы федта, уæд хорзау нал фæци. Йæхи æфхæры. — Нал дæ ауадздзынæн быдырмæ, нал! — Багиан ын йæ къухтæ хосæй сæрды. — Дзæгъæлы сразы дæн бригадиримæ. Хуым кæнын сывæлллоны аккаг куыст нæу, мæ хъæбул. — Æз ныр лæг дæн, дзыцца, æмæ мын тæрсгæ ма кæн. — Нæ, нæ, йæ кой дæр мын мауал скæн. Бригадирæн зæгъдзынæн æмæ дын кæд æнцондæр куыст радтид. Кæнæ рай- сом мемæ цом картоф æвзарынмæ. — Нæлгоймаг хъуамæ хуымгæнæг уа. Картоф чызджытæ дæр равзардзысты. Фæлтау мын... Мады уарзæг зæрдæмæ рухс ныккаст йæ лæппуйы ныфс- джын æмæ æнæхин ныхæстæй. Йæ армытъæпæнтæ йын бинтæй бабаста. Фынгыл ын æрæвæрдта нартхоры кæрдзын, хъæдуры къус æмæ сылыйы агуывзæ. Æхсар зыдæй æвналы. Стыр рустæ ныккæны. Уайтæккæ равдæлон къус. Хъæдын уидыгæй йæ æрхоста, абон сихорафон хуымгæнджытæй чидæртæ сæ къустæ куыд хостой, афтæ. Сæ ныхас сын афæзмыдта: — Кæд ма дын æнтысы, уæд ма мын дæ хъæдурæй... — Уыйас дæр дæ куы хъæуид, мæ хъæбул. Ныронг лæппу афтæ бирæ æмæ адджынæн къæбæр йæ дзыхмæ никуы систа. Уый диссаг фæкасти Багианмæ. Æхсар йæ былтæ асæрфта. Йæ къухтæ#стъолыл дзуарæвæрд акодта, йæ сæр сыл æрæвæрдта, иу хатт ма хуыссæгхъæлдзæгæй йæ мадмæ бакаст. Æмæ афынæй. Мад уат бакодта. Йæ лæппуйы дæларм бацыди, схæцыд ыл: — Цом, цом хуыссæнмæ, дæ нывонд фæуон. — Райсом-иу мæ раджы ... — цъæррæмыхстæй ма йæ ком аивазгæ сфæрæзта Æхсар. Мад æрбадт йæ лæппуйы уæлхъус. Бирæ йын фæкаст йæ хУрсыгъд цæсгоммæ. Бирæ йын фæхъуыста йæ фæлмæст чæрдæйы цæфмæ. Цыма йæ знон дæр йвдæны уызта. Цыма йын 29
знон дæр авдæнмæ зарыди. Ныр йæ лæппу æмбойны ралæг и. Хуымгæнæг ын сси. Дыккаг кæркуасæнтæ. Ныййарæг мад ма уæддæр бадт йæ’ хъæбулы сынтæджыуæлхъус. Ныхъхъæрзыдта: «Адæмыфыдæх дæ фæдыл æфтыд фæуæд, хæсты рынтауæг!..» Сæууон хуры тынтæ æрбатахтысты рудзынгæй, æркафы- дысты Æхсары уадултыл æмæ йæ райхъал кодтой. Сывæллон райсомæй фынæй кæнын уарзы. Æмæ йæ нæма фæндыди сыс- тын. Йæ цæстытæ аууæрста. Йæ дæлфæдтæм, йæ къæхтæ йын йæ хъæбысы бакæнгæйæ, хуыссыд йæ мад... Лæппу атындзыдта быдырмæ. Уым ныййæфта Дауиды. — Дæ райсом хорз. — Æгас цу, Æхсар. — Гутон та адарæм, и? — Адарæм... — Куыстмæ бавналыны агъоммæ, дам, хуымгæрон иу-дыу- уæ уысмы абадын фæхъæуы. Уæд, дам, адæймаг æнæхъæн бон уæнгрогæй фæкусы, фылдæр дам ын бантысы. — Абадæм. Фæлæ знон афтæ цæуылнæ бакодтам? — Ды æрæгмæ æрбацыдтæ. Дыккаг бон Æхсарæн кусын фенцондæр. Æртыккаг бон йæ фæллад къабæзты æлхынцъ райхæлди. Цыппæрæм бон Дауид æмæ Æхсар фесты сæ зæххы хай хуымгонд. Кæрæдзийы зæрдæтæ, кæрæдзийы сагъæстæ хуыздæр бам- бæрстой æмæ сæ хæлардзинад фæкъабузджындæр. Дауид йæ фарсыл æрцауыгъта фысдзармæй хызын. Байдзаг æй кодта нартхорæй. Æмæ бригады дыууæ ацæргæ лæгимæ райдыдта нартхор тауын. Цыдысты фæрсæй-фæрстæм. Фæйнæ къахдзæфы-иу размæ акæнгæйæ, сæ хызынтæй систой армыд- заг нæмгуытæ æмæ-иу сæ хуымыл апырх кодтой. Æхсар дыууæ похцийы рæхысæй бабаста æфсондзмæ. Гал- ты фæсте тæргæйæ, хуымыл ауагъта похцитæ. Афтæмæй тауи- наг фæдæлсыджыт. 30
Иу изæр Æхсар æмæ Дауид галтæ бричкæйы куыд ифтыгъ- той, афтæ сæм æрбауад бригадир æмæ Дауиды афарста: — Æхсар куыд арæхсы? Ныр куыстытæ фæрогдæр сты æмæ ма дæ йе ’ххуыс хъæуы? Дауид фæгуырысхо Габионыл. — Æхсар цыма галтæрæджы дæсныйадимæ райгуырд, афтæ хорз арæхсы, — радта йын дзуапп. — Мæн хъæуы æмбалæн æмæ мæ кæддæриддæр хъæудзæн. Йемæ кусын удыбæстæ у. — Йæхицæн ын галтæ раттынвæнд кæнын, йæ фыды галтæ. Æхсар, дæхи нæ фæнды? Лæппу куы бригадирмæ бакæсы, куы — Дауидмæ. Иуæй йын æхсызгон у, афтæ йыл кæй æууæнды бригадир, уый, нннæмæй та йæ нæ фæндыд йæ иузæрдион æмæ куыстуарзаг æмбалæй фæиппæрд уæвын. Фæлæ абон уа, райсом, уæддæр ын Дауидимæ кусгæ нал уыдзæн. Уымæн æмæ иу бричкæйæн дыу- уæ хицауы нæ вæййы. Уый зоны Æхсар æмæ æнхъæлмæ кæсы Дауиды тæрхонмæ. — Æхсар, рæзыс, — йæ уæхск ын æрхоста йæ хæлар. — Дæхи æвзыгъд лæппуйæ равдыстай. Æрхæц дæ фыды галты сæрбосыл. Кус сыл, йæхæдæг сыл хæстмæ ацæуыны агъоммæ куыд райгондæй куыста, афтæ. — Райдайæны уал, — загъта бригадир, — дон ласдзынæ, хæринаг-иу бадавдзынæ хуымгæнджытæн... Уый фæстæ рæстæг йæхæдæг йæхи амондзæн. — Уæллæгьи, — Дауид та дзы раппæлыди, — Гутон-иу æм куы авæрдтон — кæсгæйæ-иу æм баззадтæн. Арæхстджынæй йын хæцыд йæ хъæдыл. Хуымы-иу йæ къухы змæлгæ дæр нæ кодта гутон — цыд æмраст. Цыфæнды куысты дæр ыл ис зæрдæ дарæн. Æхсар ныфсæрмы. II Алыхуызон мысинæгтæ ивылынц кæрæдзийы фæдыл лæппуйы еæры. Йæхи сæ атонынмæ хъавы. Нæ комынц, къæмдзыджы- тау ыл нындæгъдысты. Сæ иутæ йын хъæлдзæгдзинад хæссынц, еæ иннæтæ та — æрхæндæгдзинад. Сæ тæлтæг æфсургъыл æй ^скъæфтой асæрдмæ. Æртæ боны нал федта Дауиды. Хъæдæй еУг ласта бригадæн. — Æхсар, ды ацæудзынæ уыгæрдæнмæ, — бафæдзæхста йын к)айсомæй бригадир, — хос ласдзынæ. — Хос мæм чи калдзæни? 31
—Чызджытæ æмæ лæппутæ. Афонмæ уым сты. Мауал фæсти- ат кæн. Уыгæрдæн айтынг и, Сау дон кæй хонынц, уый дæлвæзы. Сахаты æрдæджы фæстæ Æхсар йæ галтимæ уым балæууыди. Ныр æйтт-мардзæ галтæрæг у. Нартхоры хуымтæ ласта пох- цийæ, губакк кодта картоф. Куыст — куысты фæстæ. Йæ гал- тимæ кæрæдзи æвзаг бамбæрстой. Схъæр кæнын сыл, æрцæвын сæ нæ фæхъæуы. Ифтындзгæйæ, сæхæдæг æфсондзы бынмæ бацæуынц. Бауасынц сæ ног хицаумæ. Æхсар сын сæ хъуын йае армæй æрфасы. Цыма тæккæ райдзастдæр уаты ис Æхсар, афтæ йæм фæкаст хæрздæфджын уыгæрдæны. Хæрдмæдзогцъиу йæхи арвмæ пур- тиау фехста, ацауындзæг дзы æмæ йæ зæрдиаг зарæгæй салам æрвиты галтæрæгæн. — Дзæнæты къуым, — уыгæрдæнмæ кæсынæй нал æфсæст Æхсар. Уалынмæ йыл амбырд сты йæ карæн сывæллæттæ æд сагæйттæ. Се ’хсæн ауыдта Зинæйы. Цыма йæ тъæнджы мæй уалдзыгон хуры тынты зæй йæ быны ануæрста. Йæ риумæ æрба- ивылд хъыдзыгæцæг цины комулæфт. Уыцы бон уæнгрогдæрæй æмæ зæрдæрухсдæрæй бакуыста Æхсар. Дæс къухы йыл базади. Къæдзæхтæ дæр афæлдæхтаид. Фыдуаг æмæ домбай Терчы йæ урс барцæй æрурæдтаид. Из- æрмилтæм нæ лæвæрдта æнцой хоскалджытæн дæр æмæ рагъ- амайджытæн дæр. — Стырдæр сагойгæмттæ мæм æппарут. Кæннод уæ æмбисæхсæвмæ дæр ам фæдардзынæн. Ацы хосæн иууылдæр рагъы æнæ самайгæ нæй. Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд! Хосы тъыфылтæ-иу дынджыр гуыффæмæ сгуылф ластой. Æхсар-иу сæ быны фæци. Æрбæстон-иу сæ кодта уайсахат йæ сагойæ. — Гъе, уый уын мæ зæрдæмæ цæуы. Сывæллæтты хъæлдзæг хор-хор нал æнцад. Алчидæр æй хъазæн ныхасæй рæхуыста. — Æхсар, ныронг дæ ахæм æвзыгъд кусæгæй куы нæ зыдтам. — Зæд дыл атахт? — Уæддæр дын хæрзиуæг нæ ратдзысты! — Æви искæй цæстмæ? Чыэ-джытæ æмæ лæппутæ сæ цымыдис цæстытæй фæцæйныхъуырдтой Зинæйы. Чидæртæ дзы ныппыррыччытæ кодта. Уый фæхъыг и Зинæйæн дæр, Æхсарæн дæр. Фæлæ сæ дзыхтыл цъуттатæ сæвæрдтой. 32
Хосы тъыфылтæ та калдысты гуыффæмæ. Бричкæ та атыл- ди рагъамайджытæм.. Дыууæ зæронд лæджы хос амадтой уыг- æрдæны уæле фæндаггæрон. Æхсар-иу сын сæ къæхты бын арæхсгæ æрæвæрдта хосы тъыфыл. Уыдон-иу æй сæ сагæйттæй алæгъзытæ кодтой. Рагъ куыд рæзт, афтæ изæрмилтæ дæр сæхи арвмæ исын байдыдтой. Тæнæг фæлурс мигътæ Сæнайы дæллагхъуыртыл хъуырбæттæнау æрбатыхстысты. Иу цыд ма, æмæ уыгæрдæны хос амад фæуыдзæни. Фæстаг бричкæ æрлæууыди рагъы рæбын. Лæгтæй иу æрдзырдталæппутæм: — Хос амайын уæ чи зоны, уый рагъы сæр дзæбæх æрæхгæнæд, къæвда дзы куыд нæ ахъара, афтæ. Мах æй нæхæдæг бабæстон кæниккам. Фæлæ куыд æрхиздзыстæм зæхмæ? Асин нæм нæй. Æргæпп кæнын та нæ бон нæу — нæ уыргтæ нызгъæлдзысты. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты. Иу дæр дзы йæ ныфс нæ бахаста: — Æвзæр лæг, дам, йæ надыл нæ сæтты. Нæ зонын... — Мæнæуы куыристæй уыгæстæ самайын æрмæст. — Хосы мæкъуыл никуыма самадтон. — Æз дæр... — Цæй, кæд æй нæхæдæг... — Фæлæуу, — лæджы ныхас фæурæдта Æхсар. — Æз ба- фæлвардзынæн. — Гъе, мæ хур, —.тыхстхуызæй загъта иннæ лæг, — фæлва- рынтæ йедтæ фæстæдæрмæ фæуадз. Сæппар хос. — Æхсар зоны,' — йæ фарс рахæцыди лæппутæй иу. — Ай- размæ Терчы был уыгæрдæны хосы рагъ уый самадта. Дыууæ зæронд лæджы, уф-уфгæнгæ, Æхсары æнцæйтты ^рхызтысты зæхмæ. Йæхæдæг сгæпп ласта рагъы сæрмæ: — Сдæдтут мæм мæ сагой. Дыууæ лæппуйы бричкæйæ уæлæмæ скалдтой хос. Æхсар -й æрбæстон кодта. Абондæргъы Зинæ Æхсармæ куыд аивæй каст, афтæ йын :ьФ дæр каст йæ алы фезмæлд, йæ алы архайдмæ дæр. Йæ ^æрдæ дзы ныббуц и. Тæрсгæ дæр ын кодта: «Мыййаг, хосыл !1æ къах куы фæбыра æмæ куы расхъиуа». Фæлæ Æхсар рагъы сæрæй чи расхъиуа, ахæм æнарæхст !Уырд нæу. Рагъ амад фæци. — Уый лæппу, гъе! — зæронд лæгтæ дзы фæбузынг сты, — ч- Ь1А рæвдз æмæ дзæбæх ацамадта хос. Æхсæвæй-бонæй йыл Чч*дуг№5, 1997 оо
тæрк къæвдатæ куы цæуа, уæддæр дзы доны æртах нæ ахъ- ардзæн. Йæ ныййарæг йæ хурæй бафсæда! Æхсар ма иу хатт рагъы сæр алæгъзытæ кодта. Йæ зæрдæ йæм нал æхсайдта. Йæ фæсонтæ рагъмæ фæцаразгæйæ, йæхи бынмæ æруагъта. Фæлæ йæ рахиз къухы сагой уыди. Куыддæр зæххыл сæмбæлд, афтæ фæдзуццæг и. Сагойы дæндаг фæсагъд йæ рахиз къахы дыууæ кæстæр æнгуылдзмæ хæстæг. Судзгæ рыст скодта къах. Ныхъхъæрзыдтаид, фæлæ йæ цуры — зæронд лæгтæ, Зинæ, æмбæлттæ... Нынныхъуырдта йæ дудаг рис. Сæфтыдта сагой. Туг фемæхст æмæ хæцъилдзабыр тарбын сырх аци. Лæгтæй иу фæцарæхсти. Цæфыл йæ былтæ андæгъта. Цалдæр хатты сцъырдта туг. Ату-иу æй кодта. — Уый йын цы пайда у? — сывæллæттæй фыццаг хатт ахæм ныв чи федта, уый афарста. — Æнæуый дæр йæ туг... — Мæ хур, уымæн æмæ сагой хъæстæ куы уа, цæфмæ згæ кæнæ чъизи куы бахауа, уæд къах ныддæнгæл уыдзæни, — Кæсæджы молло дæр ын нал схос кæндзæни. — Кард къæдзилыл асаст, — йæ мидбылты тыххудт бакодта Æхсар. — Æнарæхстдзинад, æнæрхъуыдыдзинад адæймаджы цæмæ æртæрынц?.. — Фидар фæлæуу, лæппу, — Æхсары къахмæ æргуыбыр иннæ зæронд лæг, — исчи ма дугъысыф æрбадавæд. Лæппутæй иу фæндаггæронмæ азгъордта. Азылди дзы. Ра- тыдта хъæддыхдæр дугъысыфтæ. Фездæхти. Зинæйæн йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Цыма Æхсар нæ — йæхæдæг фæцæф и. Цыма цæф Æхсарæн нæ — уымæн рыст. Куы уæндыдаид — хъæрæй ныккуыдтаид. Фæлæ кæд йе ставд цæссыгтæ, кæрæдзи къуыргæ, судзгæ, йæ рустыл нæ фемæхстысты, уæддæр йæ цæстыты бынæй ныттагъдысты зæрдæйы уидæгтæм. Къахæй туг цы лæг цъырдта, уый лугъысыф андæгъта цæфыл, йæ хæлафы дзыппæй систа хидæйдзаг, скъуыдтæ къухмæрзæн., Хъуамæ дзы бабæтта Æхсары къах. Лæппу йæ нæ уадзы: 1 — Мæ хæдонæй гæппæл раскъуындзынæн... | Зинæ йæ сæрæй йæ буртæппытæ сæрбæттæн райхæлдта. Ба| дардта йæ зæронд лæгмæ. | — Айс æй. I — Нæ, нæ, æвгъау у, — ныццæхгæрмæ Æхсар. | .— Лæппу, дæ уавæр зон æмæ хистæрмæ хъус, нæ, нæ т| уæхимæ кæндзынæ, — лæг ын йæ цæфыл Зинæйы сæрбæттæн æртыхта парахатæй. — Дæ мад дæ куыд ныййардта, къуыри쫧 афтæ фестдзынæ. 34
Æхсар цыма банкъардта Зинæйы сæрбæттæны рæвдауæг хъарм. Цыма йын æвдадзы хос фестад — йæ цæф хъуыды дæр пал кодта. — Æхсар йæ къах ныццавта, — изæрæй хъæддзау Дауид сæ хæдзары къæсæрæй нæма бахæццæ, афтæ йын æй йæ хоты кæстæр загъта. Лæппу кулдуарæй дæр нал бахызт,. йæ дзаумæттæ дæр нал раивта,уыциу растай ацыд йæ хæлармæ рынчынфæрсæг... 12 Бричкæтæ тулынц. Тулынц бричкæтæ... Æхсары сæр æрхаудта Дауиды уæхскыл. Йæ уæлтъыфалтæ йын æрæхгæдтой иæ цæстытæ. Фынæй кæнынæн æнцондæр куыд уа, уый тыххæй йын йæ астæуыл Дауид йæ къух æрбатыхта. Цалх йæхи дурыл скъуырдта. Лæппутæ фестъæлфыдысты. — Оу, фæцæй та фынæй кодтон, — фæйнæг бадæныл раст абадт Æхсар. — Каркæй лæмæгъдæр сдæн хуыссæгæн. — Дæ цахъæн лæппутæ афонмæ хъуамæ сæ хъарм хуыссæн- ты æнæмæтæй хуыррытт кæниккой. — Хуыссæгæй ма бафсæд. — Бафсæддзыстæм, бафсæддзыстæм. Рæхджы не ’фсæддонтæ знаджы бæрзæй ныссæтдзысты. Сæ хæдзæрттæм фæцæудзыс- ты. Кусдзысты та быдырты. Дæ фыд дæр ссæудзæн. Æмæ та гутон адардзæни. Ды та де скъоламæ хъæлдзæгæй уайдзынæ. — Уыцы рæстæг тагъддæр куы ралæууид. — Ралæудзæни, ралæудзæни! Ды амондджын дæ, Æхсар. — Цæмæй? Мæ мад рынчын кæй у, мæ фыдмæ æнхъæлмæ ^æсгæйæ мæйтæ, къуыритæ, бонтæ кæй нымайын, уый тыххæй? — О, æрмæст уый тыххæй дæр. Мæнæн ма мæ мад рын- чьшэей дæр нæ хæдзары куы уаид. Мæ дæндагæй йын цырагъ Ларин. йæ къух ын уазал доны тулын нæ бауадзин. Мæ фыд га--. Æгас ма мын куы уаид, уæд æм æнхъæлмæ кæсин æмæ ,ч^син... Талынджы дæр Æхсар федта йæ сидзæр хæлары рæсыд :^естытæ доны зилгæ. Йæ тæригъæдæй йæ зæрдæ бынтондæр ^Уынгæг. Ахæм фаёрæз, ахæм мадзал йæ къухы куы бафтид, — '1сС рис ын иууылдæр йæхимæ райсид. 35
— Ныййарæгæй зынаргъдæр цы ис? — Ницы. Дауид Æхсары галтæм акаст. Уыдон йæ бричкæйы фæстæ æмбаргæ цыдæй цæуынц. Сæ хицауы зæрдæ сæм не ’хсайы. Лæппуты ныхас та аздæхти ныййарджытырдæм. — Чи фæзæгъы: «Мæнæн мæ мад мæ зæрдæмæ хæстæгдæр у». Чи та йæ фыды фылдæр уарзы. Нæ зонын, фæлæ, Дауид, уый мæнмæ раст нæ кæсы. Цы уæлдай сæ ис? Мæнæн сæ хъауд- жыдæр нæй. — Раст зæгъыс, Æхсар. Йæ ныййарджытæй иуы бæрзонддæр чи æвæры, уый, мæнмæ гæсгæ, сæ иуы дæр æмæ иннæйы дæр нæ уарзы. Ау, адæймагæн йæ дыууæ цæстæй, йæ дыууæ цонгæй хъауджыдæр ис? — Нæй. Хæст куы райдыдта, уымæй дыууæ мæйы фæстæ мæ фыдмæ фæсидтысты. Мæ мад ын йæ фæндаггон хызыны ныв- æрдта хæринæгтæ,йæхи конд тæбын цъындатæ, къухмæрзæнтæ... Уыцы бон бирæ цыди нæ хъæуæй æфсадмæ. Ныфсæвæрæн æмæ æнкъард ныхас, фæндыры цагъд, фæндагсары зарæг æмæ æнæбон дзыназын баиу сты хъæугæрон фæзы. Дзыццайæн йæ къухы — дзаг хызын, афтæмæй лæууыди бабайы раз. Æз — сæ астæу. Баба мын æрмæст мæ сæрыхъуын фаста æмæ фаста. Дзыццайы цæссыг згьордта фæрдгуытæй йæ уадултыл, Уалынмæ сиддонтæ сбадтысты бричкæйы. Сæ тохы зарæг ныццæлхъ лас- той. Баба бричкæмæ нæ бакуымдта. Йæ хъæбысы мæ фелвæс- та. Афтæмæй мæ фæхаста Паддзахвæндагмæ. Æз ын дзырд- тон: «Суадз-мæ, суадз, зын дын у». Уый мæ коммæ нæ бакас- ти. Дзыццайæн-иу сабырæй цыдæр дзырдта. Фæлæ цы, уый нæ хатыдтон. Æрмæст-иу мæ хъустæ зына-нæзына ацахстой: «Чи зоны, фæстаг хатт, чи зоны...» Мады цæстытæ æгасæй дæр æнæбын суадæттæ фестадысты. Æрлæууыдыстæм Паддзах- вæндагыл. Æрæргъæвта мæ зæхмæ баба. Мæ уæхскыл мын йæ къух æрæвæрдта. Æз кастæн дзыццамæ дæр. Æз кастæн ба- бамæ дæр. Мад йæ цæстытæ доны зылдта. Фыд та худгæ кодта Афтæмæй фæхицæн сты. Фыд мæ цæугæ-цæуын дзыццайæ афæдзæхста: «Сывæллоны хъахъæн...» Цымæ ныр кæм и баба. Фæстаг хатт ма дзы фыстæг Киевæй райстам... — Фидар лæуу, Æхсар. Зындзæн уæм иу бон. Йæ риуыл ды схæсдзæн ордентæ. — Цымæ ахæмбон скæндзæни, Дауид?.. 36
Лæппутæ ныхас кæнгæ схæццæ сты Калонкæмæ. Йæ дæлæты фæндаг къардиуæй Теркмæ фæуырдыг и. Галтæ йыл ныххыз- гысты. Дон фæтæндæрæй кæм цæуы, тæнæгдæр уым вæййы. Уый Дауид хорз зоны. Æхсар йæхи бричкæйыл сбадти. Лæппутæ Терчы иннæ фарс фесты. Æхсары къæхтæм дон скалд. Йæ ^забыртæ схуылыдз • сты. Фæлæ йын сæ рæхджы дзыцца сæ асцыл ахус кæндзæн... Дауйдитæ сæ бричкæтæ колхозы сарамæ батылдтой. Сæ галты (гхсæвгæсы бар бакодтой. Æхсæвгæс Æхсармæ æнкъардæй бакасти æмæ тары йæ кæрцы дысæй йæ цæстытæ асæрфта. Лæппутæ хъæугæрæтты сæхимæ аивгъуыдтой. Фæлæ Æхса- ритæ уынгмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд ауыдтой цалдæр сылгоймаджы тигьæй фæзилгæ. Æхсары зæрдæйыл цыма зынг сæмбæлд, уыйау фестъæлфыди. Дауид фегуыппæг и. Сæ размæ фæци бригадир. Æхсары йæ хъæбысы ныккæнгæйæ, Габион нык- куыдта: «Фидар фæлæуу...» Лæппу йæхи атыдта, «Дзыцца! Дзыц- ца!» — æрдиаггæнгæ сæхимæ азгьордта. Зинæ уынджы иæ размæ куыд фæци, куыд æй урæдта, уый дæр нал бафиппайдта. Сæ сарайы фæтæген цырагъ мынæгæй судзы. Хæдзармæ бацæ- уæны фæйнæгыл бадынц æртæ зæронд лæджы. Æхсар сæ рæзты бауад. Æмæ, сыстгæйæ, ныббогъ ластой æмхуызонæй. Мад устытимæ хæдзары хъарджытæ кодта. Йæ лæппуйы кæуын фехъуыста. Кæртмæ рахызти. Дзыццайы ауынгæйæ, лæппу феррайау, ай цы хабар у, зæгъгæ. Мад ын йе ’фцæджы :|ь1ттыхсти: — Нæ дарæг нæ фæсайдта, мæ хъæбул. Нæ дарæг нæ иунæгæй ныууагъта, абон ын йæ сау гæххæтт райстон, мæ бон бакæла. Æмæ дыууæйæ дæр ныккуыдтой. Сæ судзаг кæуынмæ адæ- :'Ь1 зæрдæтæ хæлдысты. — 0 Хуыцау, уый нын цытæ.æвзарын кæныс? — зæронд -"-ттæй иу арвмæ скасти. — Нæ хуыздæртæ хæсты быдыры 1 Уы сæфынц... Иу бон ма нæ æнæ зианæй бауадз. Дæлæмæ а>Рхауай! Зинæ зæрдæрыстæй куыдта... Дауид æнкъардæй Æхсармæ цалдæр хатты бахатыди: ~~- Кæуынæй амал нал и. Цом нæхимæ? — Дауиды коммæ бакæс, лæппу, — лæгъстæгæнæгау загъта у’ Ронд лæгтæй чидæр. — Дæ фыды нал райгас кæндзынæ. ^рзмæ дыл аудæд. 37
Æхсар нæ ракуымдта: — Мæхи бар мæ уадзут... Уæ салам бирæ уæд. Йæ фыртыхстæй-иу цæхæрадонмæ йæхи айста. Сæ кæрты къуымты-иу разылди сæркъулæй. Дымгæ хæхтæй дымдта. Фæлæ йæм уазал нал хъардта. Йæ зынгхуыст фыды фæлгонц нал хицæн кодта йæ рæсыд сырх цæстытæй. Фыркуыдæй ныффæсус. Йæхи-, иу нал баурæдта æмæ та-иу арф ныхъхъæрзыдта: «О баба...» Боныцъæхтæм Дауид йæ цурæй нæ ацыд. Æхсары былтæ куыд фенгомдæр сты, йæ цæсгомыл æнцъылдтæ кæй фæзынд, йæ цæстытæ куыд бахаудтой, сæ къуырфытæ куыд фæуæрæх сты, йæ сау сæрыхъуынты урсытæ кæй сæрттывта, уый фыццаг^ Дауид бафиппайдта... Хъуынтъыз мигътæ æрбадтысты Пъæлигоныхъæуыл. Боныцъæхтыл Æхсары хъустыл ауади хърихъуппыты æнкъард уаст. Фæлæ уайтагъд кæмдæр бамынæг и. Лæппу сæ ауыдта гæзæмæ. Уыдон тахтысты мигъты сæрты бæрзæндты. Æмæ цыма сæ базыртыл æнусмæ ахастой Æхсары æвзонгдзинад. 1978 аз, декабрь
ГАХАТЫ Æхсар РУХСЫ ХЪАРМ ДУР ФЕХСТОН Дур фехстон. Уый куыдзыл нæ бауад. Дур фехстон. Уый фæндагыл баззад. Дур фехста кæйдæр цалх, Ныссаста кæйдæр къах... Нæ уыд раст мæхи уаг, — Дур ног уыд æхсинаг. Дур фехстон. Уый куыдзыл нæ бауад. Куыдз фестон! — Мæ цæсгом мыл баруад. БÆЛЛИЦЦАГ ХЪÆД Æрдхæрæн хъæд. Дзæнæтбæстæ. Нæ кæлы цæст йæ пыхсытыл. Фæттау æрмæст нæзбæлæстæ Фæхæссынц арв сæ пух сытыл. Цы карз уаг дзы ныббæстон и, Нæ мæм кæсы уый галиутæй: Нæй сыхаджы, æмбæстоны Рæхойæн хихтæ, къалиутæй. 39
Зыдыкайау дæ уæрæхыл Хæцыны бар нæй алырдæм. Кæд рæзыс, уæд — дæхи зæххыл Æмраст хæрдмæ, — ыстъалытæм. ХЪУГ Ам зары хъæд. Хъæдуры михтæ ракъуырын æдæрсгæ. Куы схид дæн, уæд — Æхцонæн ласгæ æдцаг бæзджын гæрстæ. Æрхæцыд цæст: Чысыл æддæдæр лæнкауы цъæх нæууыл Къæм æнæппæрст Хъуг роды цур хæбæццæй слæууыд. Мыдау ын раст Мад сысдæры йæ ных, йæ хъуыр, йæ фæсон. Фæзилы ’васт, — Йæ дзыхы сæрмæ бахæссы дымст фæздон. Фæлæ кæцæй! Уыд мард цыкурайы фæрдыджы хуызæн рæуæд Фыдох зæфцæй Мад-бирæгъыл дæр мацы уавæрты æрцæуæд!.. Хъæд нал зары. Ныууасыд, айдзаг халæтты хъуахъæй. Хъуг — азары. Тызмæгæй сцæвы уæлдæф сау сыкъатæй... Фæзынди лæг. Уый уыд, мæгуырæг, мæрдджын мады хицау. Хъыгтæ... Хъæлæкк, Скъæры ’хъуджы. Кæм кæны родæй хицæн! Куыройвыдау Йæ алывæрсты зылд, нæ хæст кæны æххуысыл. Йæ уаст, куыдау: «Нæ йæ уадзын ам хæдмæлхортæн», — хъуысы.
Ног халæтты Ысрæхойы, æмæ та му-тæ сисы. Уæд, халаты Тыхтæй, лæг роды хъавгæ ронмæ сисы. Æмæ фæраст Хъæмæ. Уым нал хъуыдысты уис, ныхæстæ. Хъуг ныр æмраст Фæцæуæг и сæргуыбырæй сæ фæстæ... О, хатын æй, Хъыгæлгъæд дæ, тæригъæд дæ, бецау æгомыг. Дæ карз зынæй, Дæ арф æцкъарæнтæй мæ уæлмонц уд æрзоныг. МÆЙ ФÆХЪÆСТÆ ДÆ УЬЩДÆЙ Æхсæв-боны фæзмыны. Бæстæ — рухстын нывæзт. Худгæ мæйы æрдыныл Къам нæ ахсы мæ цæст. Уый фæхъæстæ дæ уындæй, Дысон æфсæрмæй уарзт Мах куы сыгъта йæ зынгæй, Мæймæ куы уыд нæ каст. О, фæхъау дын æрбаон, Чи мæ стауы бынтæй. Уæртæ рахызт дæ аууон Мæйы хæрдгæ тынтæй! ДÆ РУХСЫ ХЪАРММÆ Дæ фæрныг уатæн Йæ рухс нæ хуыссы. Сахаты фатау Мæ зæрдæ ’нкъуысы. 41
Сахаты фатæн Йæ нымад — рæстæг. Йæ балцы фæтæн У зиллакк ’рмæстдæр. Зæрдæйы цавды — Мæ уарзты барæг, Æбæрæг цауты Æвæдтæ сгарæг. Хъызты, æнтæфы Йæ тахт — æгæрон. Куы ам ыстæлфы, Куы та — æрвгæрон. Дæ уарзтыл стæры Тæхы фæдисы. Æппын йæ тæлы Дæуæй нæ исы. Ныр дыл у хъула Уæлдæфы хуызы. Фæлæ Нæдзура Дæумæ нæ хъызы. У рухс дæ рудзынг, Нæ дзы дæн ’фсæдæг. Дæ цырагь судзы, Æви дæхæдæг? Мæн нал æндавы Цæуын хæдзармæ. Мæ уды тавын Дæ рухсы хъарммæ.
МÆРЗАТЫ Таймураз ХАНИФФÆЙЫ ХЪЫСМÆТ Т а у р æ гъ Райсомæй хур скаст æмæ йæ сызгъæрин тынтæ аивæзта хæхты цъуппытыл, зæлдаг æндæхтæ æнæвгъауæй тауын байдыдта хъæдтыл æмæ сæрвæттыл, стæй хъуызгæ-хъуызгæ хъæумæ йæхи баласта. Уæлдæф уыдис рог, сыгъдæг, райдзаст. Арв цъæх- цъæхид тæмæнтæ калдта, цæстытæ йæм нæ лæууыдысты. Лæг ныхас куы кодта, уæд комы тæф зындис, цыма дада лулæйы дымы, афтæ. Фæздæг хæдзæртты тохнатæй хæрдмæ йæхи ив- æзта æмæ арвы хъæбысы тадис. Ацы бон фыййауæй ацыд бæрзонд, дæргъæлвæс, рихиджын лæг Ахберд. Нымæт йе уæхсчытыл хорз фидауы. Ахберд хъæуы фысвос аскъæрдта хизынмæ фæсхъæды сæрвæттæм æмæ æрдузтæм. Фæззæг йæ бартæ нæма лæвæрдта æмæ нырмæ сæрвæтты æмæ æрдузты нæма бахус сойджын кæрдæг. Фос-иу сæхи бафсæстой, стæй-иу бæлæсты бынтæм сæхи баластой, хуры тынтæй æмбæхсгæйæ, æмæ-иу уым ривæд кодтой. Фæлæ хорз рæстæг бирæ нæ ахаста. Фæссихор комæй сын- дæггай-сындæггай йæхи систа тар мигъ æмæ æртыхст хъæуыл, йæ быны банорста хæхтæ, хъæдтæ. Æвиппайды фæталынг. Адæм катайы бахаудтой, æмæ иугай- дыгай цыдысты хъæугæронмæ, фос-иу кæдæм æрбаскъæрдтой изæрæй, уырдæм. Ахæм æнахуыр бонтæ-иу куы скодта, уæд-иу фыййау рагацау аербатардта йæ фос хъæумæ. Фæлæ ацы бон пикæцæй зынынц фыййау дæр, фос дæр. — Фыдбылызы ма бахауæнт, — загъта хъæуы Азырддзæугæдæр лæгтæй иу Сахуыг æмæ фæсидти хъæуы сæрæндæр лæппутæм. Кыка, Цоби, Гæбис, Алыксандр, Ха- \зырæт, исдуг алæууыдысты æнæдзургæйæ, стæй сын Сахуыг :*агъта: 43
— Хабар хорз нæу, цыдæр бæллæх æрцыд. Бирæ уынаффæтæк} рæстæг нæй. Цæуын хъæуы фæдисы. Цыбыр рæстæгмæ фæдисонтæ уыдысты сæ фæндагыл.| Бахæццæ сты иу æрдузмæ, иуцасдæр сæ фæллад суагътой, стæй Сахуыг загъта: — Æз æмæ Кыка ацæудзыстæм агурæг дæллаг æрдузмæ, æмæ зилгæ-зилгæ схиздзыстæм уæллаг Лæгæтырдæм. Цоби; æмæ Алыксандр ацæудзысты «Æрхы былмæ», галиу æрдузмæ, Гæбис æмæ Хадзырæт та «Кæрзы Мæскъмæ». Даргъ тагыл æрхиздзысты астæуккаг рындзмæ. Фембæлдзыстæм Цъæх æрду- зы... Ахберд куы федта, боныхъæд æвзæрдæр кæны, уый, уæд рагацау фысты раскъæрдта хъæуырдæм, фæлæ йын бирæ нæ бантыст. Хæрæмигъ фæндаг бамбæрзта, развæндаг нал ахста цæст. Фыййаумæ афтæ фæкаст, цыма саугуырм баци. Мигъы фæлмы бын фæци æмæ адзæгъæл. Фыстæ дыууæ къорды фесты, æмæ сæ иу хай хъæдбынты ахызт лæгæтырдæм. Ахберд куы бам- бæрста, фысты растæмбис цыдæр кæй фæцис, уый, уæд йæ буар ныррызт, йæ ныхæй уазал хиды æртæхтæ лыстæг фæрдгуытау æрызгъæлдысты. Зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд. Фыстæй ма йæ цуры чи уыдис, уыдон æрбатымбыл кодта ставд тæрс бæласы бын æмæ сæ алыварс сцоппай, куы иуырдæм атындзы, куы иннæрдæм. Хъуыдыты аныгъуылд: «Ныр куыд кæнон, ныр цы кæнон, ацæу- ин фысты агурæг æмæ адон кæй бар ныууадзон? Нæ-æ адонæн нал ис ныууадзæн, бынтондæр бацарæфтыд уыдзынæн». Сахуыг æмæ Кыка Хъусоимæ ахызтысты æрдузæй. Иу за- ман куыдз дзыхъ лæуд фæкодта, цыма йын æндæр куыдз йæ дзыхæй йе стæг исынмæ хъавы, уыйау. Сахуыг æмæ Кыка сæхи разылдтой Хъусойырдæм, сæ уæрджытыл сæхи сындæггай æр- уагътой, æмæ къуыбырырдæм кæсынц. Мигъы фæстæ куы иу ран, куы иннæ ран сæ цæстытæ ацахсынц цавæрдæр зынджы стъæлфæнтæ. — Балбирæгътæ... Лæджы сæр нæ бахъуыди, — загъта Кыка. Сахуыг Хъусойы йæ дыууæ ставд уæраджы ’хсæн банорста, æмæ йæ стæлфын нæ уадзы, сабыр æй кæны. Фæдисонтæ сын- дæггай сæ хъримæгтæ æристой уæхсчытæй æмæ сæ сифтыгъ- той. — Кыка, ды ацу дæлæты æмæ сæм бахъуыз чъылдымыр- дыгæй. Æхсгæ — нæ! Бирæгътæ кæй фæзындзысты, уымæй бæрæг у, нæ фысты дзуг дæр ам кæмдæр кæй ис. Æз та сæм Хъусоимæ комкоммæ фæцæуын, цы амал æмæ гæнæн уа, уымæй сæм мæхи хæ-стæгдæр байсдзынæн. 44
Алчидæр сæ араст йæ фæндагыл. Цæуынц сындæггай, къахы уынæр куыд нæ хъуыса, афтæ. Тугдзыхтæ бамбæрстой тæссаг уавæр æмæ аевиппайды, æнæнхъæлæджы сæхи ныццавтой сæ марджытыл. Сахуыг фæцарæхст, йæ хъримаг фæцарæзта ,чи ’рбацæйтах- тис, уыцы бирæгътæм. Гæрах! Гæрах! — Æмæ дыууæ бирæгъы фæфæлдæхтысты, фæлæ йын дыккаг дыууæ гилдзы нал бан- тысти хæцæнгарзы хæтæлы бавæрын. Цæсты фæныкъуылдмæ топп атахт иуварсмæ. Хъæбысхæст бацайдагъ бирæгътимæ. Хъусой йæхи ныццæвы куы иу бирæгъыл, куы иннæ бирæгъыл, сæ хурхы уадындзтæм сын лæбуры. Кыка гæрæхтæ куы фехъуыста, уæд уайтагъд йæ хистæры уæлхъус февзæрд. Ралæууыд бирæгътыл, фæлдахы сæ иугай- дыгай. Тугдзыхтæ лидзынмæ фесты. Фæлæ Сахуыг æмæ йæ амæддаджы хъæбысхæст нæма ахицæн. Кыка бæргæ фæцаразы хъримаг бирæгъмæ, фæлæ та нæ фехсы, уымæн æмæ Сахуыг кæм бирæгъы бын фæвæййы, кæм йæ уæлæ февзæры. Æрæджиау Сахуыг йæхæдæг фæцарæхсп йæ хъама фæцъорт ласта æмæ йæ бирæгъы зæрдæйы ауагъта. Æрмæстдæр уæд феуæгъд сырдæй. Рæвдз фестад, зæххæй фелвæста хъримаг æмæ гæрæхтæ ныййазæлыдысты. Фехъуыстой сæ се ’мбæлттæ. Кыка æмæ Са- хуыджы цур февзæрдысты. Бирæгътæй ма чи аззади, уыдон лидзыныл фесты, фæлæ сæ Цоби, Алыксандр, Гæбис æмæ Ха- дзырæт чъылдымырдыгæй æхсын байдыдтой æмæ сæ бынты бы- ныцагъд ныккодтой. Сахуыг æмæ Кыкайы уæлæдарæс ныддæрæн, дыстæ æмæ фæдджитæ æрзæбултæ сты. Мигъ куыд æвиппайды фæзынд, афтæ æвиппайды йæхи хæрдмæ систа, цыма ацы цаумæ æнхъæлмæ кастис, уыйау атад, æрбайсæфт. Æрбарухс, хуры цæст ныгуылæнæй зынд. Иу цъусдуг Сахуыг джихæй аззад. — Хъусой... Хъусой кæм и? Рацагур-бацагур кæнынц. Уалынмæ йæм фæкомкоммæ сты. — Мæнæ ам и, — фæхъæр кодта Алыксандр. Батахтысты йæм сеппæт дæр æмæ федтой æнахуыр диссаг. Хъусой бирæгъы хурхы хæтæлтæ æрцахста, йæ дæндæгтæ йыл нындæгъдысты æмæ йын ратонын нал комынц. Сахуыг дыууæ къæцæлы Хъусойы æфсæрты ’хсæн батъыста æмæ сыл ахæцы- дысты фæйнæрдæм. Куыдзы æфсæртæ феуæгъд сты. Лæппутæ ратардтой фысфосы уæлвæндагмæ æмæ сæ рас- къæрдтой хъæумæ. Иуцасдæр куы рауадысты, уæд Сахуыг дæрддзæфгомау ауыдта: цалдæр дуры расхъиудтой рахиз фарс къæдзæхы цъуппæй. Фæндагыл сæ гыбар-гыбур ссыдис. Сах- 45
уыг дзыхълæуд фæкодта. Дуртæ кæцæй разгъæлдысты, уырдæм базгъордта, хæрдмæ скасти æмæ йæ зæрдæ бауазал. Дынджыр къæйдур размæ фæбырыд, йæ фæстæ къаддæр дуртæ обæуттæй мæнг лæуд кæнынц. Иучысыл ма, æмæ уыдон дæр фæбырдзыс- ты. Дынджыр дур куыддæр йæ бынатæй фезмæла, афтæ фос дæр æмæ адæм дæр бабын уыдзысты. Сахуыг фæзылд фæстæмæ æмæ тарст хъæлæсæй ныффæдис кодта: — Рæвдздæр раскърæрут фос. Зæй!... Алыксандр, Цоби," Кыка фæстейы тагъд-тагьд скъæрынц фос, Хадзырæт та галиуфарсæй суры фысты размæ. Лæппутæй ал- чидæр æмбары тæссаг уавæр æмæ æмхуызонæй тындзынц размæ. —Сахуыг скаст къæйдурмæ æмæ федта: зына-нæзына фенкъуыст, рацæйбырд. Хъуыдытæ сæмтъеры сты.Хъримаг хохы къулæнцой авæрдта, уарыйау стахт дынджыр къæйдурмæ, йæ фæтæн синтæ йæм фæцарæзта, къæхтæ ныссагъта зæххы, дур бауромыныл архайы. Фыстæ згъорынц размæ нарæг фæнда- гыл. Дур сындæггай-сындæггай æлхъивы Сахуыджы синты, уæззауæй-уæззаудæр кæны. Сахуыг зоны, куыддæр йæхи фе- уæгъд кæна, афтæ ныххæррæтт кæндзæн дурзæй. Зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ цæуы. Буар зыр-зыр кæны. Хъустæ фæкъуырма вæййынц, тартæ кæнынц цæстытæ. Туг цæсгомы ныббатт, нал у йæ бон, асаст йæ хъару. Иу каст ма акодта бынмæ, æмæ федта: фыстæ аирвæзтысты. Лæджы сæр разылд æмæ ахауд. Къæйдур ратылд, зæй фемæхст, æмæ йæ быны банорста Сахуыджы. Кыка æмæ Алыксандр хъæумæ азгъордтой фыдуацхæссæг. Къахыл цæуынхъом чидæриддæр уыдис, уыдон фæдисы рацыдысты. Чи згъордта къахæнимæ, чи белимæ, чи бæндæнтимæ. Скъахтой Сахуыджы марды. Кæугæ æмæ дзыназгæйæ, хъарджытæ кæнгæ йæ сæ къухтыл фæхастой хъæдæй хъæумæ. Дзыназгæ йæ ба- хастой йæ хæдзармæ æмæ йæ хъавгæ æрæвæрдтой сынтæгыл. Бирæ фæмаст, фæхъыг кодтой дзыллæтæ. Бирæ зæрдæлхæнæн ныхæСтæ фæкодтой, бирæ ныфсытæ февæрдтой Сахуыджы бинойнаг Мартæйæн, стæй сæ алчидæр сæргуы- бырæй, æнкъардæй араст йæ хæдзармæ. Сахуыгæн йæ фæстæ баззадис иунæг лæппу. Хуындис Уырызмæг. Кæд ыл дыууадæс азы йеддæмæ нæма цыдис, уæддæр хæдзары зылд æмæ куыст уымæ æрхауд. Сахуыгæн уыд æрдхорд-æфсымæр Мацыкъа æмæ уый нæ рох кодта йæ хæлар бинонты. Арæх-иу сæм æрбауад, уæдæ 46
мацæуыл батыхсой, уæдæ сæм мачи ракæса сидзæры цæстæй... Сихорафон чидæр кулдуар æрбахоста. Хæдзары дуары хъист фæцыдис, кæртæй райхъуыст къахдзæфты уынæр. Кулдуар байгом æмæ уазæгмæ разынд Мартайы æнкъард сурæт. — Дæ бонтæ хорз уæнт, мæ хойы хай, мах та дæ абæрæг кодтам, — загъта ныллæг уæздан хъæлæсæй Мацыкъа. Ацы хатт Сахуыджы хæлар иунæг нæ уыд, йемæ ракодта йæ сыхаг Хъасболы æмæ йæ лæппу Дадойы. Марта джихæй аззад: — Мæ хæдзар куыд уыд, мидæмæ рахизут, — фæлмæн хъæлæсæй загъта фысым. Уазджытæ бахызтысты мидæмæ. Хæрзæфснайд, сыгъдæг хæдзары уыди сатæг. — Сбадут, — йæ къухæй бацамыдта Марта бандæттæм. Уазджытæ сæхи æруагътой бандæттыл. Марта сæ уæлхъус лæууыд. — Цæй, куыдтæ цæрут, куыд стут, кæм ис Уырызмæг? — афарста Мацыкъа.æфсины. — Абон райсомæй раджы хъæдмæ ацыд хæрæгуæрдонæй. Ныр æй тагъд ардæм хъæуы. Абадут уал æз ныртæккæ... — Æфсин къæбицы фæмидæг. Хъасбол фестадис йæ бынатæй, Мацыкъа йæ фембæрста, цæмæн фестадис, уый, æмæ загъта: — Ацу, æмæ сæ ардæм рахæсс. Хъасбол уынгмæ рацыд. Уæззау чумæдан æмæ хызын райс- та бричкæйæ. Бæхты размæ кæрдæг æркалдта, стæй хæссинæг- тыл схæцыд æмæ сæ мидæмæ бахаста. Мацыкъа æмæ Дадо рахызтысты кæртмæ. Кæртуыдис уаты хуызæн хæрзæфснайд, донæй пырх, уисойæ сæрфт. Йæ иу кæронæй иннæмæ æхгæд уыдис ставд бæрзуисæй быд бæрзонд кауæй. Талачъи хъæмпæй æмбæрзт. Мацыкъа йæ цæст кауыл ахаста æмæ ахъуыды кодта: «Адон ма Сахуы- джы хæдзардзин куыстытæ сты», — æмæ та æрæнкъард. Уалынмæ уынгмæ æрбайхъуыст уæрдоны цæлхыты хъæр. Уый уыдис Уырызмæг. Дардмæ бафиппайдта, Мацыкъа та сæм кæй æрбацыд, уый. Йæ хæрæгуæрдон кулдуармæ фæуагъта æмæ уыцы цыренæй батахт кæртмæ худæнбылæй. Мацыкъа йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста, æмæ Уырызмæг йæ хъæбысы смидæг. Уазæг лæппуйы фелвæста, йæ риумæ йæ нылхъывта, стæй йæ зæхмæ æруагъта. Уырызмæг æфсæрмхуызæй Хъасбол æмæ Дадойы къухтæ’ райста. —О-о, уый ды дæ, Дадо, — кæрæдзийы ныхъхъæбыс кодтой лæппутæ. Мацыкъа сæм хæстæгдæр бацыд, разыхуызæй сæм дзуры: 47
— Абонæй фæстæмæ уыдзыстут дыууæ æфсымæры. Кæрæдзийы макуы бафхæрут. Кæрæдзийыл гадзрахатæй ма- куы рацæут. Ныр та уæ уæрдоны кой бакæнут, стæй уæхи аир- хæфсут. Лæппутæ азгъордтой уынгмæ. Уайтагъд сугтæ равдæлон кодтой, кæрты сæ бафснайдтой. Хæрæджы суагътой æмæ йæ хизынмæ аскъæрдтой. Уырызмæг йæ мадмæ базгъордта: — Мах найынмæ ауайæм. — Мæнæ уал хæргæ исты акæнут, уазджытæй дæр худинаг у, — дзуры йæм мад. — Цæй-ма, Дадойы дæр найын фæнды. Мацыкъайæн дæр бамбарын кодтой сæ бæллиц дыууæ лæппуйы, æмæ найынмæ афардæг сты. Марта фынгыл æрæвæрдта арахъы графин, уæливыхтæ, фыдызгъæл, судзаг хæлттæ. Мацыкъа иу-дыууæ сидты куы фæкодта, уæд фæдзырдта Мартамæ, йæхæдæг слæууыд. — Хъасбол сыкъа байдзаг кодта æмæ йæ радта Мацыкъамæ. Уый разылд Мартайырдæм æмæ ныллæг, уæздан хъæлæсæй загъта: — Марта, мах абон нæ базыдтам кæрæдзийы. Ацы хæдзармæ мæ фыццаг къахæрбавæрдæй абоны онг бирæ азтæ рацыдис, æмæ мын мæхи хойы ад кæныс. Уырызмæг та мын мæхи хъæбулæй уæлдай нæу. Ныр ме ’рдхорд Сахуыг нал и. Æз дæ курын, мацæмæй æфсæрмы кæ мæнмæ, исты дæ куы бахъæуа, истæуыл куы батыхсай, уæд мыл дæхи æфсымæрау дæ зæрдæ дар. Нæ дыууæ сабийы та уыдзысты æфсымæртæ. Цалынмæ скъолайæ уæгъд сты, уæдмæ сæ рæстæг иумæ арвитæнт. Рæзæнт, хъазæнт, сæхи ирхæфсæнт... Ацы нуазæнæй та арфæ кæнын дæуæн. Дæ хæдзар макуы фæцудæд, дæ хъару, дæ ныфс макуы фесæфæнт, дæ сабийы хуртæй бафсæд, де стыр зын дын куыд ферох кæнын кæна, ахæм амонд дæ уæд. Уазæг сыкъа радта Мартамæ. Уый нуазæн райста, раарфæ кодта йæ хæрзгæнæгæн, стæй йæ радта Хъасболмæ. Хъасбол нуазæн райста æмæ загъта: — Дæ нуазæнтæ бирæ уæнт, царды хорздзинадæй дæ не сфæлдисæг Хуыцау хайджын кæнæд, дæ гыццыл куыд сдынджыр уа æмæ Уастырджи кæддæриддæр йæ рахиз фарс куыд лæууа, ахæм амонд дæ уæд. — Нуазæн анызта, стæй дзы ногæй æркодта æмæ йæ радта Мартамæ. Мацыкъа нуазæн райста Мартайй къухæй. Куыддæр уаз- джытæ сæхи сæ бандæттыл æруагътой, афтæ дуарæй 48
^басхъиудтой дыууæ лæп’пуйы, цыма сæ исчи æсхойгæ æрба- коЛта, афтæ. Сæ сæртæ хуылыдз, æрдæгхус дзыккутæ зулмæ фаст. — Кæс-ма, кæс, итувæрдæй нæ фæзындысты, — бахудти Ма- пыкъа. Марта хатыр ракуырдта Мацыкъа æмæ Хъасболæй, лæппу- аы иннæ уатмæ акодта, æмæ сын аходæн радта. Йæхæдæг фæстæмæ йæ уазджытæм раздæхт. Уырызмæг æмæ Дадо сæхи бафсæстой, аныхæстæ кодтой, фæлæ сæм цы бæллиц фæзынд, уый зæгъынмæ сæ ныфс нæ хастой. Фæстагмæ дыууæ лæппуйы, кæрæдзийы къухтыл уæцгæйæ, сындæггай бахызтысты къæсæрæй, уазджытæ кæм оадтысты, уырдæм. — Баба, — Дадо дзуры йæ фыдмæ. Цалынмæ каникулты дæн, уæдмæ мæ ам уадз, Уырызмæгимæ, нæхи найдзыстæм доны, хурмæ судздзыстæм, хъæдмæ æрыскъæфтæм цæудзыстæм, стæй Уырызмæгимæ зымæгмæ суг дæр æрцæттæ кæндзыстæм... Мацыкъа куы Мартамæ бакæсы, куы Хъасболмæ, куы та дыууæ сабимæ. Мартайы цæстыты ацахста разыйы ирд æнгас, æмæ йæхинымæр хъуыдытыл фæци. «Диссаг нæу, куыд мын банкъардтой мæ сагъæс, мæ фæндон, æз мæхæдæг куы хъавыдтæн зæгъынмæ уыцы ныхæстæ. Æгайтма сæхæдæг мæнæй фæраздæр сты, цыма сын исчи сæ хъусы бацагъта мæ хъуы- дытæ». — Хорз, æз разы дæн, — худæндзастæй загъта Мацыкъа. — Æцæг афтæ. Хъусдзыстут уæ иумæйаг мад Мартамæ, кæд ын пе ’смаст кæндзыстут, цы зæгъа, уый æххæст кæндзыстут æнæзивæгæй, æвæстиатæй, уæд табуафси, мах не ’ппæт дæр разы стæм. Марта йæхи нал баурæдта, дыууæ сабийы æрбахъæбыс код- та, цинвæйлыдæй йæ’ риуы дзаг сулæфыд æмæ загъта: — Стыр бузныг, Мацыкъа. Сæхæдæг куы нæ загътаиккой, уæддæр дæм мæхæдæг мæ ныфс бахастаин. Иу туг, иу стæгау сты, æмæ уадз æмæ кæрæдзийы хуыздæр бамбарой. Сыстадысты уазджытæ. Хъасбол чумæдан байгом кодта, æмæ систа лæвæрттæ, Ма- Цыкъа кæй балхæдта, уыдон. Къахæй сæрмæ алыхуызон фæлыс- * ытæ Уырызмæг æмæ Мартайæн — сæрдыгон æмæ зымæгон дарæс Хъасбол, ма къæсæрмæ фæндагсар Уастырджимæ скуывта -мæ лæугæйæ банызта йæ сыкъа. Фысым æмæ уазджытæ агрæдзийæн фæарфæтæ кодтой, стæй бæлццæттæ араст сты ’ аг фæндагыл. " ^хдуг№5, 1997 Д9
Бонтæ цыдысты. Нæ фæсайдтой сæ ныхæстæ Уырызмæг æмæ Да^й Марта тынг бузныг уыдис сæ дыууæйæ дæр. Йæ зæрдæ бонæй бонл| рухсæй рухсдæр кодта, цыма æцæгæй дæр иу мады хъæбултæ ст| афтæ зындис, æмæ йæ рыст уд æрсабыр. Æнæхъæн сыхæн дæр д| цины хос фесты, чи дзы кæцы у, зæгъгæ афтæ æнувыд æмæ уа| зонæй æрвыстой сæ рæстæг, афтæ буц дардтой сæ иумæйаг мады! Иу зымæгон бон сихормæ æввахс Мацыкъа йæ хъомтæ расктЗ æрдта дон дарынмæ. Цæугæдоны хæл-хæл нал хъуысы их| бынæй. Их цъæх-цъæхид айдæнау æрттивы. Сывæллæттæ йъц дзыгуыртæй хъазынц, згъорынц къахдзоныгътыл, кæрæдзий| дзоныгъты ралас-балас кæнынц. ] Мацыкъа ихы хуынчъы ведра аскъæры æмæ йæ уайтагъ; дзагæй фелвасы — донæй æфсады стурты. Фыстæн дон куы| фæцæйхаста, афтæ цавæрдæр хъæлæс ауад йæ хъустыл: | — Фæдис! Фæдис! Умары дон фæласы! ; Лæг цæстыфæныкъуылдмæ февзæрд фæдис хъæргæнджыт^ ЧУР- Фæдис хъæргæнджытæй чидæр æнгуылдзæй ацамыдта, и^ кæм ныттыдта, уырдæм. Мацыкъайы цæстытæ ацахстой цыдæр сау æндæрг — куь фæзыны, куы та уылæнты бын фæвæййы. Рахъуыды-бахъуы- дыйæн рæстæг нал уыдис. Йæхи баппæрста гуылфæнмæ Сывæллæттæ цъæхастгæнгæ згъордтой былгæрæтты Мацьр къайы фæдыл. Лæг уылæнтимæ хъуырдухæн кæнгæйæ, • куыддæртæй рацахста Умары æфцæккот æмæ йæ тых йæ бонæ* уыциу риуыгъдæй сæппæрста ихы сæрмæ. Фæлæ йæхицæн щ тых асаст, уылæнтæ йæ сæ быны анорстой, æмæ ихы бын ба| царæфтыд. ] Бирæ азты дæргъы мысыдысты хъæубæстæ Мацыкъайн лæгдзинад. 1 —Дæхæдæг дæр æй хатыс, нæ хæдзар сылгоймагхъуаг кæй щ уый. Дæ куыст дын æгъгьæд нæу, хæдзары зилæнтæ та ма кæдмД кæндзынæ? — арф ныуулæфыд мад, стæй æнахуыр фæлмæ! хъæлæсæй сдзырдта:-— Зæлинæ дæр куыд никуыцæй зыны. I Зæлинæйы ном куы айхъуыста Уырызмæг, уæд йæ цæсго! сырх-сырхид афæлдæхт... Æрæджиау Уырызмæг йæхи фембæрсд та æмæ йæ мадæн уайдзæфгæнæгау загъта: 50
-- Нана, ахæм ныхæстæ ма-иу ма кæн. Куыстæй æфсис чи ,., зоны, ууыл фаутæ ничи æвæры. Мæнæн дæр мæ куыстытæй цпцы уыдзæн, æрмæстдæр мын ды адзæбæх у. —-0, о, дæ рынтæ дын ахæра дæ нана. Æз дæр уæд адзæбæх улдзынæн, æмæ мæ хæдзары чындз куы фенон. Æз Зæлинæйы ;лæхи хъæбулы хуызæн уарзын. Хæдæфсарм, уæздан, сыгъдæг \'Д. Уырызмæг, мадмæ хъусгæйæ, райдзаст хъуыдыты аныгъуылд. Гыццылæй нырмæ Зæлинæимæ сусæг уарзтæй уарзынц к ерæдзийы, фæлæ арæх не ’мбæлынц. Иуырдыгæй фадат цæ У ,1д, иннæрдыгæй та — ирон æгьдау. Кæрæдзийы-иу федтой армæст изæрæй, Зæлинæ-иу сыхы чызджытимæ донмæ куы р^цыд, уæд. Чызг-иу чысыл афæстиат, йе ’ккойы донхæссæны д *аг ведратæ дзагæй. Уырызмæг-иу æм хæстæг куы бацыд, уæд- иу дыууæйæ дæр цавддуртæ фестадысты. Лæппу уыдис йæ с>ыды хуызæн бæрзонд, фæтæнриу, фæтæнуæхск. Фæскуыст- иу астæуæй уæлæмæ бæгънæг буарыл уазал дон аскъæрдта, Г.’-ехи-иу хисæрфæнæ’й куы сæрфта, уæд-иу цæнгты нуæрттыл : ьухтæ не ’ххæссыдысты, цыма сæ исчи уæлдæфæй ныддымс- :а, уыйау. Фæлæ-иу Зæлинæйыл куы сæмбæлд, уæд-иу æм афтæ 1 аст, цыма йæхицæй тæппуддæр, æнæхъарудæр ничи уыдис. Зæлинæ та йыл йæхимидæг худæгæй марди, йæ бон-иу нал \ ыдис уымæ кæсгæйæ, æмæ-иу тагъд-тагъд йе ’мбæлтты фæдыл -тындзыдта. Афтæ уыд æдзухдæр. Ныр æм тынгдæр бахъардтой йæ мады пыхæстæ, æмæ кæд æфсæрмы кодта, уæддæр сразы йæ ный- ~1арæгимæ. ... Скодтой чындзæхсæв. Дуне дзыллæтæ æрымбырд сты Мартайы иунæг лæппуйы циндзинадмæ — кæдæй-уæдæй хорз -рцыдис æфхæрд сылгоймагыл. Фæкуывтой, бирæ гаджидау- 1 æ фæуагътой бинонты дзæбæхдзинады тыххæй. Марта æмæ Уырызмæгæн зын уыди се ’рдхорд-æфсымæр "'.адо кæй нæ фæзынд чындзæхсæвмæ, уый. Хъуыдыты-иу г1ыгъуылдысты: уæдæ цы уа, цæуылнæ сæмбæлд? Зæлинæ Мартайы бирæ уарзта æмæ йæ хъуаг ницæмæй уагъ- Ц дардта йæ итувæрдæй. Хойраджы дзæбæхæй йæ буц кодта, с фтæмæй а æмæ о-йæ, уарзонæй сæ бонтæ æрвыстой. Мартайы зæрдæ нал æхсайдта йæ бинонтæм, Хуыцауæй разы А М, фæлæ кæд цыфæнды хъæлдзæг уарзон цард кодтой, уæддæр ’’ е низæй нæ фервæзт. Хæргæ дæр куыд æмбæлы, афтæ нал 1 }дта, æмæ бынтон сцола. Æмæ йæ бирæ фыдæбæтты фæстæ 1 - зынг ахуыссыд. 51
Дыууæ азы фæстæ Зæлинæйæн райгуырди чызг. Уырыз æгъдаумæ гæсгæ фæдзырдта сыхмæ, хионтæй цалдæрмæ аёа| сывæллоныл сæвæрдтой ном — Ханиффæ. Сабийыл æхсæз ма] куы сæххæст, уæд æм адæймаг кæсынæй нал æфсæст — тЦ былдзæсгом, ирдæнгас, цъæхбын цæстытæ дыууæ фæрды тыбар-тыбур кодтой. Ханиффæ йæ къахыл ауад æмæ Зæлинæйæн фенцонд; Хæдзары зилæнтæм ын ныр фылдæр рæстæг фæцис. Уырызм, иу изæрæй йæ куыстæй куы ’рбаздæхт, уæд-иу Ханиффæ мадæй йæхи атыдта æмæ та-иу пæррæстытæ æмæ дыгъал-ды улгæнгæ йæ фыды хъæбысы смидæг. Чызг цумахъом, йæ мадæн æххуыс кæнын байдыдта хæдз; ры куыстыты. Авд азы йыл куы сæххæст, уæд Зæлинæ æвщ§ пайды æрбарынчын. Уырызмæг фæдисонау згъордта дохтыртæм йæ сыхбæстæм, хъæубæстæм. Æххуыс агуырдта иуæй, иннæмæя фæлæ йын никæй бон ницы бацис æмæ — йæ цардæмбал æвас| æнæнхъæлæджы ахицæн. Бынтон æвæгæсæгæй баззадыстьн фыд æмæ чызг. Адæм зæрдæхæлд фесты. Уырызмæдж! зæрдæрыст æмæ зындзинадæн зæгъæн дæр нæ уыдис. Нькд сытæ йын æвæрдтой хистæртæ, йе ’мбæлттæ, сыхæгтæ, фæла йæм ницы бахъардта, удæнцой нал ссардта. Ахуыссыд йа хур, баталынг йæ бон. Æхсæв-иу йæ сынтæджы йæхи куы 'ру| агъта, уæд-иу уайтагьд йæ цæстысыг фемæхст. Нал ракуырдт! ус, цардис йæ чызджы амондæн. 1 Ханиффæ бонæй-бонмæ рæсугъдæй-рæсугъддæр кодта, йа хуыз бынтондæр аивта, чызгхуыз фæцис — хъуымбылдзыкку! сауæрфыг, ирдцъар. Чызг бирæты зæрдæтæм ныххызт, кæд ыл цыппæрдæс азæй фылдæр нæма цыдис, уæддæр. Куы-и| бахудтис, уæд-иу йæ урс-урсид цæсгомæй цыма хуртæ æма| мæйтæ скастысты, йæ сау цæстыты та-иу цыма стъалытæ ссыгъ^ афтæ зынд. Кæй цурты-иу рацыд, уый-иу ма æрлæууыдаид! æмæ-иу йæ фæдыл кæсгæйæ ма баззадаид, уымæн гæнæн на уыд. 1 Сæрдыгон бон изæргæртты кулдуар чидæр æрбахоста. Уырызмæг ракаст. Дуармæ лæууыд бæрзонд, бурхил, сырхцæц гом, булкъдаст уазæг. Сау костюмтæ йыл, урс-урсид хæдо| æрттивгæ сау туфлитæ. — Дадо! Дадо! — фæхъæр кодта "Уырызмæг. Дыууæ æрдхорды хъæбыстæ кæнынц кæрæдзийæн. 52
-— Мидæмæ рахиз, — дзуры йæм Уырызмæг. Хæдзары бандæттыл сæхи æругътой æмæ хабæрттæй кæрæдзийы фæрсынц. Ханиффæ уайтагъд арт кæныныл фæци, стаей иуцасдæры фæстæ фæсидтис йæ фыдмæ. Уырызмæг ха- гыр ракуырдта Дадойæ. Кæрты дынджыр гогыз рацахста, æмæ Йае Ханиффæмæ æргæвстæй бахаста. Чызг цыбыр рæстæгмæ 1 огызы уæларт фæкодта æмæ хыссæ кæныныл фæци. Цалынмæ гогыз фыхтис, уæдмæ уæливыхтæ дæр цæттæ уыдысты. Уырызмæг цалдæр сыхагмæ фæдзырдта, мæ уазæджы мын бабуц кæнут, зæгъгæ. Бирæ фæбадтысты лæгтæ, фæцин кодтой уазæгыл, стæй сæ фысымæн загътой хæрзизæр. Уырызмæг æмæ Дадо бахуыссыдысты иу уаты, Ханиффæ — иннæ уаты. Лæгтæн хæлар ныхас бацайдагъ. — Кæдæй нырмæ нал федтам кæрæдзийы! Куыд сты дæ лæппу æмæ дæ чызг? Куыд цæры дæ цардæмбал Зиновя? Сымах хорз- дзинæдтæ... — дзырдта Уырызмæг. — Мæ хабæрттæй мæ фæрсыс... Фæкуыстон шахтæйы, цехы хицауæй, мæ къæхтыл слæууыдтæн, балхæдтон дыууæ уæла- дзыгон куырой, лыстæг урс ссад кæм ссынц, ахæм. Балхæдтон ма фермæ дæр. Исбоныл алы бон дæр куынæ ’фта, уæд лæг мæгуыр кæны. Мæгуырæн та салам дæр ничи дæтты, никæй хъæуы, ничи йæм æнхъæлмæ кæсы. Æз уынгты куы рацæуын, уæд мын суанг булкъонтæ дæр сæ сæртæй акувынц. Ныр æркæсæм дæ цард, дæ уавæртæм. Кæдмæ цæрдзынæ ацы та- лынг зæхбын хæдзары? Кæдмæ тухи кæндзынæ? Кæдмæ кæндзынæ къухбæттæнтæ? Цы дын зæгъын, уымæ байхъус. Мæнæн ис хæрæфырт, кусы æрзæткъахæнты хицауæй. Хъæуы йæ сыгъдæг уд, æнæсайд лæг.’Фидар зонды хицау, хъаруйæ æххæст, зондæй тыхджын. Мæнæн мæхи бон нæу уырдæм ацæуын. Кæмæн ныууадзон мæ исбон? Цыбыр ныхасæй, мæн фæнды, мæ хæрæфыртмæ ды куы ацæуис, уый. Дыууæ-æртæ азмæ бакус- дзынæ бирæ æхца æмæ дæ цард сараздзынæ, исбон самал кæндзынæ. Æмбарын дæ, Ханиффæ цы фæуыдзæн, зæгъгæ, сагъæстыл фæдæ. Ханиффæ уал цæрдзæнис нæхимæ мæхи хъæубултау. Ууыл дын ард хæрын нæ фыдæлты цæсгомæй. Тыхурæд дæ ничи бакæндзæн. Цас дæ фæнда, уыйбæрц бакус- дзынæ æмæ ссæудзынæ ардæм дæ фæрныг хæдзармæ. Æмæ та цæрдзыстæм æфсымæртау. Бирæ фæхъуыды кодта Дадойы ныхæстыл Уырызмæг. Йæ зæрдæмæ бæгуыдæр фæцыдысты, фæлæ йæ чызджы хъысмæт 53
1 къуылымпы кодта. Иннæрдыгæй та... Сомбон йæ хъæбулæи цавæр æгъдау ратдзæн? Цы йын ныууадздзæн? Цы йын фæуь*| дзæн? Æгæр мæгуыр гауыз дæр нæй мæ хæдзары... | Катай кодта Уырызмæг æмæ фæстагмæ сразы ис Дадойы фæндоныл. Цалдæр боны фæстæ Ханиффæйы Дадойы хæдзармаа ныккодтой, йæхæдæг аивгъуыдта йæ дард фæндагыл. | 1 V? * * ; Дадойы бинойнаг Зиновя уыди хæрзæгъдау, хæдæфсарм, уæздан адæймаг. Мыдхуыз цæсгом, тъæпæн сылгоймаг. Йæ уæ- лæдарæс — сау даргъ къаба, сау куатæ йæ астæуыд баст, йæ сæрыл бурбын кæлмæрзæн. Кæлмæрзæны бынæй зындысты даргъ быд дыууæ дзыккуйы. Зиновя Ханиффæйы бирæ бауарзта, хи хъæбулау æй рæвдыд- та. Чызг дæр ыл æрхъæцмæ нæ хъæцыд, стæй уайтагъд ба- лымæн Алычкæ æмæ Аланимæ, Зиновяйы чызг æмæ лæппуимæ. Бонтæ цыдысты. Ханиффæ йæхи сидзæр нал хуыдта, Зино- вя йын ссис дыккаг мад. Хæдзары куыстытæ йæхимæ айста. Кæм гауызтæ цæгъды, кæм кæрт мæрзы, кæм гæрзтæ æхсы, кæм фосмæ зилы, кæм цы... Зиновя ма-иу ын уайдзæфтæ дæр кодта: — Ныууадз-ма дæ куыстытæ, иу гыццыл-иу дæ фæллад дæр суадз, чызджытимæ дæхи аирхæфс. Хатгай-иу йæхи сабиты æнæрæвдыдæй фæуагъта, сидзæр чызджы та-иу йæ хъæбысы анорста. Хæринаг æмæ йын дзау- майы дзæбæхæй æвгъау ницы кодта. Буц æмæ рæвдыдæй чызг йæ хуыз скалдта. Йæ даргъ къæлæт æрфгуыты бынæй фæлмæн каст кодтой цъæхбын цæстытæ. Дадойы хæдзармæ иугай дыгай цæуын байдыдтой минæвæрттæ, фæлæ сæ уый мидæмæ дæр никуы бауагъта. Ха- ниффæ никæй зыдта уазджытæй, минæвæрттæ кæй фæдыл сагъуыдысты, уымæн дæр ницы æмбæрста. Иу изæр та бинонтæ æхсæвæр хæрыныл æрбадтысты. Ха- ниффæ куыддæр æрæнкъард, хæргæ дæр ницы ахæм бакодта, стæй Дадойы цурмæ бацыд æмæ лæгъстæгæнæгау загъта: — Дадо, кæд ссæудзæн мæ фыд? Афтæ куы загътай, æртæ азы фæстæ фæзындзæн, зæгъгæ æмæ ныр цыппæрæм аз куы аивгъуыдта. Дадо йæ бынатæй сыстадис æмæ загъта: — Дадо уын уæ рынтæ ахæра, Уырызмæджы тагъд ардæм хъæуы. Æз æм раджы арвыстон фыстаег, æгъгъæд дын уæд, 54
раздæх нæхимæ зæгъгæ. Цалдæр боны размæ райстон дзуапп: ч<уЕнхъæлмæ мæм кæсут, тагъд фæзындзынæн». Æз уын æй 5арæй не схъæр кодтон, уадз æмæ зæгъын, фæзына -нæнхъæлæджы. Ханиффæйы зæрдæ барухс, Зиновяйæн ныхъхъæбыс кодта, стæй загъта: — Никуыдæм уал æй ауадздзынæн. Цæмæн хъæуы мулк? Ддæймаджы мулк у æнæмаст, æнæниз цард, бинонты иудзи- над, сыхбæсты, хъæубæсты уарзондзинад. — Зонды къуыбар дæ, зонды, мæ бæлон, ахæм хъуыдытæ кæмæ ис, — загъта Зиновя. Дадо рæстытæ нæ дзырдта Уырызмæджы тыххæй, йæхи дæр цыдæр æнахуыр хуызы æвдисын байдыдта хæдзары дæр, уын- джы дæр. Хатгай иу салам дæр нал радта сыхæгтæн, бинонтæй цыма йæхи иуварс ласта. Куы иу ран, куы иннæ ран, афтæмæй лæугæйæ аззайы. Иу бон куы уыд, уæд Дадо йæхи къухæй Уырызмæджы номæй ныффыста фыстæг: «Дæ бон хорз, мæ иунæг æфсымæр Дадо. Мæнæн бирæ ныхæстæ фыссын мæ бон нал у, загътон зæгъын фæдзæбæх уыдзынæн, фæлæ никуы æмæ ницы. Схъæр кæнынмæ йæ нæ хъавыдтæн. Ныр æй æргомæй зæгъын. Мæ низ тых- джынæй-тыхджындæ.р кæны, нæ зонын, цас ахæсдзынæн, уый. Æз дæн уæззау рынчын. Курын дæ, Хуыцауæй курæгау, кæд ма мæ искуы зæгъдзынæ æфсымæр зæгъгæ, уæд мын фенын кæн ма иунæг чызджы, кæннод мæрдты дыккаг мард ак- æндзынæн. Ацы фыстæг куы райсай, уæд æвæстиатæй рацæут, æмæ мын рухсаг зæгъут». Изæрæй Дадо æнкъардæй сæргуыбырæй бацыд хæдзармæ. Сындæггай йæхи æругъта бандоныл. Мынæг хъæлæсæй фæсид- ти Зиновя æмæ Ханиффæмæ. Сылгоймаг йæ лæджы уыцы уав- æры куы ауыдта, уæд фæтарст æмæ йæ сонт фарст акодта: — Цы кодтам, цы ныл æрцыдис? Дадо йæ сæрыл схæцыд, риуы дзыпмæ нывнæлдта æмæ сис- та фыстæг. — Ацы фыстæг сæрвыста Уырызмæг. — Бакаст æй кæрæй- кæронмæ. Дæ фыдгул æмæ дæ балгъитæг афтæ фæуæд, Ханиффæ æмæ Зиновя куыд фесты. Чызг кæуы хæкъуырццæй, цæстысыгæн бауромæн нал уыдис. Зиновя ма йæ бæргæ сабыр кæны, фæлæ кæм. Дыккаг бон Дадо бæхтæ файтоны баифтыгъта, æмæ араст сты сæ даргъ фæндагыл. Уыдис сусæны мæй. Сыгъдæг рог уæлдæф буары хъардта. 55
Æмбис бон уыдаид, хъæды астæу иу æрдузмæ куы бахæцц^ сты, уæд. Нарæг фæндаг фæуырдыг кодта. Галиу фарсырдыгæ^ бæрзонд рындз, сæ рахизырдыгæй та айнæг къæдзæх. Сæ альй варс тархъæд, ставд бæрзонд бæлæстæ сæхи арвы риумæ сивд æзтой. Доны хæл-хæл дардмæ хъуысы, комы бын зæлланг кæны Дадо бæхты баурæдта бæлæсты бын æмæ загъта: — Цæй, мæ чызг, ’комдзаг скæнæм, стæй та нæ фæндаг дар- дзыстæм. — Мæнæн æххормаг нæу, куы сæххормаг уæм, уæд цæугæ- цæуын дæр исты ахæрдзыстæм, — батыхст Ханиффæ. Дадо нæ байхъуыста чызгмæ. Бæхты феуæгъд кодта, нымæт цъæх нæууыл айтыдта, аходæн æрæвæрдта — уæливыхтæ, кар- чы мард, дыргътæ, нозт, халсартæ. — Сбад æмæ иу комдзаг скæн, — хаты Ханиффæмæ. — Дадо, ахæр дæхæдæг, мæн зæрдæ хæринаг нæ агуры. — Ау, æз хæргæ æмæ нуазгæ кæнон, ды та мæ сæргъы лæу- дзынæ, — загъта Дадо, стæй йын йæ къух ацахста æмæ йæ тыххæй сбадын кодта йæ фарсмæ. — Æз кæмæ дзурын, кæд дын мыййаг гыццыл гаги нæ дæн. Ханиффæ нымæтыл йæхи æруагьта, йæ къæхтæ цъæх къабайы фæдджийæ бамбæрзта. Дадо гаджидаутæ уадзы. Арахъ йæ куыст кæны. Ханиффæ фынгмæ не ’вналы. Лæг йæхи сындæг- гай ласы чызгмæ: — Æз ныр афтæ зæгъын. Æнæ фæтыхсгæ дæр нæй, фæлæ дæ фыд хъуамæ адзæбæх уа, дæуæн дæ фыд, мæнæн — ме ’фсымæр. Ацы сыкъайæ æз сидын Уырызмæджы цæрæнбоны тыххæй. Дзæбæх нын уæд. — Аммен! — загъта Ханиффæ. — Ныр кæд дæ фыды уарзыс, уæд ацы сыкъа айс æмæ йæ аназ. — Цытæ дзурыс, — тарстхуызæй загъта Ханиффæ. — Дæ хæдзары куы цæрын. Искуы мæ бафиппайдтай нозтмæ смудгæ. Æз ын йæ тæфæй дæр тæрсгæ куы кæнын. — Айс æй, иу дыууæ ныхасы зæгъ, стæй йæ мæхимæ ав- æрдзынæ. Ханиффæ уырдыг слæууыд. Сыкъа райста, раарфæ кодта Дадойæн æмæ йæм сыкъа фæстæмæ дæтты. Лæг цыма нуазæн исы, афтæ йæ къух бадаргъ кодта, рацах- % ста Ханиффæйы. Йæхимæ йæ æрбаскъæфта. Чызг йæхи Да- дойы дзæмбытæй суæгъд кæныныл бæргæ архайы, фæлæ та^; йæ уый ацахсы. Хъæбысхæст сын бацайдагъ. Ханиффæ йæхи куыддæртæй ратыдта æмæ лидзынмæ фæци, фæлæ та йæ Дадо| 56
^ацахста. Ратул-батул кæнынц кæрдæгыл. Чызджы хъару асаст, :2гр адзæгьæл вæййы. Йæ бон кæй ницыуал суыдзæн, уый куы бамбæрста, уæд загъта: — Хорз Дадо, æз разы дæн, æцæг мæ гыццыл суадз, мæ ^лаефт мæхимæ æрцæуа. Суадз мæ, никуыдæм алидздзынæн, иæ алыварс тар хъæд, хæхтæ, къæдзæхтæ... Дадо æнцад лæууы æмæ хъуыдытæ кæны: æцæг, æцæг, кæдæм мын лидзы? Æмæ суагъта Ханиффæйы. — Æз дæу никæдæм ауадздзынæн. Дæу искæдæм ауадзыны бæсты мæхиуыл топп ныццæвдзынæн. Æз дæн тынг хъæздыг, ис мæм бирæ сызгъæрин. Уыдон махæн нæ фаг уыдзысты, дыу- уæ сæдæ азы куы фæцæрæм, уæддæр. Алидздзыстæм фæсарæнмæ, балхæндзыстæм хæдзæрттæ, зæххытæ æмæ цардæй тъæпп хаудзыстæм, — дзырдта Дадо. —0. Дадо, уый хорз хабар у, ды лæг дæ æмæ куыд зæгъай, афтæ фæуæд. Æцæг мæм иу курдиат ис. — Зæгъ æй, мæ зæрватыкк. — Тыхми —нæ, мæнæ куыд æмбæлы, афтæ барвæндонæй. — Æз дæр афтæ зæгъын. — Фæлæуу гыццыл, мæ ныхас нæма фæдæн. — Хъусын дæм. — Мæ мад йæ мæлæты къахыл куы ныллæууыд, уæд мын афтæ бафæдзæхста. Мой дам куы кæнай, уæд дам фыццаг æхсæв дæ къæхтæ цæхсдзынæ сыгъдæг доны, стæй-иу бацу дæ лæджы уатмæ. Æмæ ныр æрцыд уыцы рæстæг. Мæ уæлæдарæс дæр аивон. Ханиффæйы къаба ныскъуыдтæ хъæбысхæсты, ратон-батон кæнгæйæ. — Хорз, — загъта Дадо. — Æцæг рæвдздæр. Ханиффæ ног фæлыст систа йæ чумæданæй: туфлитæ, мид- æггаг дзаумæттæ æмæ Дадомæ дзуры: — Адон сты мæ чындздзæгтæ. Чызг дзаумæттæ йæ риумæ нылхъывта æмæ дæлбыл цы суа- дон калди, уымæ ныххызт сындæггай, бæгъæввадæй, къахы æнгуылдзтыл. Йæ иу туфли æрхауд йæ къухæй æмæ суадоны смидæг. Дадойы æцæгдæр бауырныдта чызг йемæ кæй сразы, уый, æмæ ма иу-цалдæр сыкъайы анызта, йæ цырыхъытæ раласта æмæ йæхи ауагъта нымæтыл. Æнхъæлмæ кæсы, Ханиффæ, фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ, тархъæды смидæг æмæ лидзгæ! Згъордта, цалынмæ йæ йæ къæхтæ хастой, уæдмæ. Иу заман Дадо уыциу схъиуд фæласта, цыма йыл тæвд дон бакалдæуыд, афтæ æмæ былмæ батахт. Хъæр кæны: 57
— Ханиффæ, Ханиффæ! Ратæх-батæх кæны, былæй суадонмæ ныууад, рацагур-бац^! гурыл схæцыд, фæлæ чызг зынæг нæй. | Бæхты аифтыгъта, амбырд кодта йæ дзаума, файтонмæ са| бакалдта, бæхты æрцъыччытæ кодта, фæцарæзта сæ фæндагмæ| æмæ уыдон дæр уаритау тæхынц. Дадо сыл уæддæр йæ пырз) калы. Бæхтæ фæтарстысты, ссонт сты, уырдыджы сæ уромьн| нал фæразы. Лæг бамбæрста хабар: йæ бон сыл нал цæуы. Бози йæ дыууæ къухæй бæргæ æлвасы йæхимæ, фæлæ... Нал кæсынц бæхтæ йæ коммæ æмæ былæй асхъиудтой. Иу-цалдæр боны фæстæ хъæдгæстæ банкъардтой цыдæр æвзæр тæф. Дон-дон араст сты æмæ иу ран ссардтой бæхы мард, иннæ ран æндæр бæхы мард разынд. Ныддымстысты. Чысыл дарддæр федтой файтоны пырхытæ. Кæсынц сæ алы- варсмæ, æмæ доны бæрæг астæу дынджыр дуры бын ауыдтой мард лæджы. Йæ гæххæтмæ гæсгæ йæ базыдтой æмæ йæ алас- той йæ хæдзармæ. Зиновя йæхи бахордта, бынтон зæрдæхæлд та фæци, Ха- ниффæйы кæй не ’ссардтой, уый тыххæй, æхсæвæй, бонæй йæ цæстысыгæй йæхи æхсадта. Ханиффæ, цас йæ бон уыдис, уыйас згъордта хъæды, ца- лынмæ æдыхæй нæ ахауд, уæдмæ. Йе ’муд куы ’рцыд, уæд ракæс-бакæс кæнын байдыдта, кæм дæн зæгъгæ. Кæсы, æмæ йæ бакомкоммæ бæрзонд ставд мæра бæлас. Рæвдз фестад, бацыд бæласы бынмæ. Бæласы хуылф уыд аф- тид. Къухæй йæ асгæрста, бырæттæ ракалдта, хус сыфтæр æм фæхаста. Йæхицæн æхсæвиуатæн бынат скодта. Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй. Мæйдары-иу уыг куы ныууасыд, уæд-иу фесхъиуд- та, йæ цæссыг-иу фырадæргæй фемæхст. Афтæмæй йыл æрба- бон. Хуры тынтæ иугай-дыгай бæлæсты цæнгты ’хсæнæй куы фæзындысты, уæд йæ зæрдæ фæфидар, æмæ æвиппайды афынæй. Хуыцауы фæндæй уыцы райсом сыхаг хъæуæй рараст сты цуанæттæ. Ханиффæ фехъал, хур дзæвгар куы стылд арвы хъæбысмæ, уæд. Уалынмæ йæ уалхъус алæууыдысты цуанон куыйтæ. Лæбу- рынц чызджы æмбæхсæн бынатмæ. Чызг фыртæссæй йæхи нылхъывта къуыммæ. Буар ризы. Йæ амондæн æрбахæццæ сты цуанæттæ. Хъримæгтæ фехсынæввонг фæцарæзтой бæласы 58
цонгмæ. Куыйты асырдтой. Бæстæ куы ’рсабыр, уæд бæласы ■ уылфæй райхъуыст кæуын. Цуанæттæ ракæс-бакæс кæнынц ^ерæдзимæ: уæдæ цы уа, уæдæ чи уа? Цуанæтты сæрæндæр Æхсарбег бæласмæ хæрзхæстæг ба- ,^ыд. Бæрзонд, хæрзконд, саухил, къæбæлдзыгсæр лæппу йæ ^æст дæр нæ фæныкъуылдта, тас циу уый йæ фæсонырхæджы уæр никуы уыд. Астæу фæтæн хъатарайæ æлвæст, йæ уæлæ г^ыбыр морæхуыз куырæт, дыстæ цæнгты онг мидæмæ тылд. Къæхтыл бæзджынбын цырыхъытæ, сæрак даргъхъуыртимæ. Йæ оакаст — ныфсджын, йæ уæлæдарæс — аив, йæ фезмæлд — сæрæн. Æхсарбег чызджы фæлурс цæсгом куы ауыдта, уæд фесхъиудта, цыма йыл исчи ихдон бакалдта. Цуанæттæ йæ бакъуымы кодтой: — Чи у? Цы зæд, цы дуаг у? Æхсарбег æрæджиау загъта: — Зæд у уый!.. Йæхиуыл йæ зæрдæ æрхудт æмæ та хæстæг бацыд бæласмæ. Ханиффæ сындæггай рахызт бæласы хуылфæй. Æхсарбе- джы цæстытæ атартæ сты, зæрдæ сæнкъуыст, йæ буар куы ауазал вæййы, куы та йыл сурхид анхъæвзы. Къодæхты хуы- зæн фидар къæхтæ йæ цыма нал уромынц, уыйау фæцуды. Нал æууæнды йæхиуыл. Кæм и? Цы уыны? Цуанæттæ хæлиудзыхтæй кастысты Ханиффæмæ: «Æцæгæй дæр зæд куы у! Кæцæй æртахт ардæм?» Цыма тарф фынæйæ фехъал сты, уыйау базмæлыдысты, сæ сæртæй йын кувæгау салам радтой, æмæ фæстæмæ-фæстæмæ сæхи айстой. Дæрддзæфгомау слæууыдысты, æнхъæлмæ кастысты, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. Æхсарбег хъуыдыты аныгъуылд! «Куыд, кæцæй æрбахауд ардæм? Кæд, мыййаг, дзæгъæл фæци, æмæ уæд бæгуыдæр æххормаг уыдзæн». Систой сæ фæндаггæгтæ, фынг æрæвæрдтой, дзурынц Ха- ниффæмæ: — Хуыцауы хатыр бакæн, æмæ немæ иу комдзаг скæн. Ханиффæ фырæфсæрмæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта: куыд сбада æнæзонгæ цуанæтты æхсæн, уый худинаг у ирон чызгæн. Æхсарбег фемоæрста чызджы катай. Хицæн фынг ын аца- рæзта æндæр бæласы бын. Ханиффæ кæд цыфæнды æххормаг уыдис, уæддæр хæри- нагмæ зыд æвнæлд нæ бакодта, иучысыл цыдæртæ ахордта, уазал суадонæй анызта æмæ йæ фынг бафснайдта. Цуанæтты фæндыдис бæстондæр базонын чызджы хабæрттæ, 59
>3 фæлæ бафæрсынмæ сæ ныфс нæ бахастой. Цуаны мæт дæр са| нал уыдис — уайтагъд фæраст сты хъæумæ. Ханиффæйы дæ| семæ акодтой. 1 Æхсарбегæн уыдис мад æмæ фыд. Олинка рæстæмбис карь| сылгоймаг. Фыд Тотрадз — бæрзонд, бæзæрхыг лæг. Уыдис ый йын хо дæр — хæрзконд, хæдæфсарм Кæлимæт. Цуанæттæ хъæумæ бахæццæ сты изæрдалынгты. Алкæй дæр сæ фæндыд чызджы суазæг кæнын, фæлæ сæ Æхсарбег сдзу- рын дæр нæ бауагъта... Ханиффæ фысымты хæдзармæ нæма бахæццæ, афтæмæй æрлæууыд æмæ загъта: —Мæнæн мæ бон нæу дæ хæдзармæ бацæуын, цы фен- хъæлдзысты дæ мад æмæ дæ фыд? Фæлтау... — Уый та куыд? Цытæ дзурыс? — тарстхуызæй загъта Æхсар- бег. Уыцы цыренæй хæдзары фæмидæг. Бинонтæ фæтарстыс- ты, сæ фырты ракæнонхуызæй куы ауыдтой, уæд. — Нана, уынджы нæ дуармæ уазæг лæууы, мидæмæ нæ комы, æмæ йæм акæсут. Уый фæстæ уын радзурдзынæн хабæрттæ. Кæлимæт æмæ Олинка разгъордтой уынгмæ. Кæлимæт Ханиффæйы йæ уатмæ акодта. Фыд нæма æрбаздæхт йæ куыстæй. Æхсарбег йæхи уаты йæ дарæс аивта, æмæ та йæ мадмæ фездæхт. Йæхи бандоныл нæма æруагъта, афтæ хæдзары хи- цау дæр бахызт къæбицы къæсæрыл. Олинка йын, цыма — хæрзæггурæггаг агуырдта, уыйау загъта: — Уазæг нæм ис. — Уазæг Хуыцауы уазæг, — загъта Тотрадз. Йæхæдæг йæ куырæт раласта æмæ йæ къухтæ æхсынмæ ацыд кæртмæ. Фыд æмæ фырт сæхи фынгмæ куы байстой, æрмæстдæр уæд радзырдта Æхсарбег Ханиффæйы хъæды куыд ссардтой, уыцы хабар. Уырдæм куыд бахауд, цы бæллæх ыл æрцыдис, уымæй чызджы бафæрсынмæ лæппутæй ничи сарæхст. Мад æмæ фыд æнæдзургæйæ, сæ хъуыдытæ æлвыстой. Ханиффæ æмæ Кæлимæт дæр сæ уаты сæ тыппыртæ не су- агътой. Уазæг не ’вналы фынгмæ. Тыхст хъуыдытæй нæма фервæзт, дзæгъæл кастгæнгæйæ баззайы. Цæстытыл ауайынц Дадойы хъæддаг митæ. Йæ сæр æруадзы æмæ йæ цæссыг фем- æхсы. Кæлимæт Ханиффæйы йæ хъæбысы бакодта гыццыл га- гийау æмæ йæ сабыр кæны. — Цæуыл марыс дæхи? Мыййаг дæм цуанæттæй исчи исты сдзырдта? Зæгъ-ма мын æй. — Æз æй мæхи фыдыл нымадтон. Уый та... — йæ кæуын нал 60
„;,едта Ханиффæ. — Уый та цы ми кæнынмæ хъавыд... Æз дт’.схи рындзæй аппæрстаин, исты куы ’рцыдаид, уæд. Æгады ^'.ссты — мæлæт! Иу чысыл алæууыдысты чызджытæ æнæдзургæйæ. Ханиффæ ;«|-аерфта йæ цæстысыгтæ, стæй, цы йыл æрцыд, уый радзырд- л ,. Кæлимæт æй йæ хъæбысы ныттыхта, æмæ загъта: • — Æгайтма сыгъдæгæй баззад дæ уд, дæ сæрмæ не ’рхастай чьизидзинад, нæ фегад кодтай дæ фыды сæр, дæ мыггаджы цæсгом. Ханиффæ фæхъæлдзæгдæр, стæй уæд куы» бахудид. — Цæй, ныууадз дæ сагъæстæ, ферох сæ кæн. Æгайтма дæ ^хсарбегитæ ссардтой, кæннод, чи зоны, цы фæуыдаис. Ныр мацæмæйуал тæрс. Абонæй фæстæмæ мах цæрдзыстæм дыууæ .:ойау. Дыккаг бон Кæлимæт бинонтæн радзырдта Ханиффæйы хабæрттæ. Æхсарбег хæрзæрæджы фæцис каст уæлдæр скъола. Ссис инженер, араздзæн заводтæ, фабриктæ, цæрæн хæдзæрттæ. Бирæ хæлæрттæ йын уыдис горæты дæр, сыхаг хъæуты дæр, арæх-иу фембæлд семæ, æмæ-иу сæ хъæлдзæг ныхæстæн кæрон нал уыди. Фæлæ йыл ныр цыдæр æрбамбæлд. Нал хъуысы йæ худæн ныхас, нал цæуы цуаны, йæ чингуытæ дæр дзы ферох сты. Мад æмæ фыд катайы бахаудтой: уæдæ цы кодта нæ фырт? — Чызг! Цы фæдæ, чызг? — Олинка сиды Кæлимæтмæ. Кæлимæт уайтагъд алæууыд мад æмæ фыды уæлхъус. — Æппын дыл смудæнтæ нал ис... Де ’фсымæр фæрын- чын. Рафæрс-бафæрс æй кæнын, æмæ ницы дзуры. Дохтыры æрбакæн, уадз æмæ йæ фена, исты хостæ йын рафысса. Кæлимæт дохтыры æрбахæццæ кодта. Бацыдысты, Æхсар- бег кæм хуыссыд, уыцы уатмæ. — Цæй, куыд сты дæ хабæрттæ? Цы дæ риссы? Лæппу ницы дзуры. Дохтыр æй сгары, хъусы йæм, фæлæ йын йæ низæн ницы хаты. Федта цæстыты бынтæ, æвзаджы уæлцъар, æмæ та йæ сæр батилы. Дохтыр бамбæрста хъуыддаг, бахудт æмæ рацыд кæртмæ, мад æмæ фыды цурмæ. Иу чысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй загъта. — Уæ фырт у саг сырды хуызæн æнæниз. — Ау, уый та куыд? — батыхст мад. — Уый та афтæ! Æз мæхæдæг кæддæр фæрынчын дæн ахæм пизæй, фыццаг хатт куы бауарзтон, уæд. Тынг тыхджын низ у. Йæ хос ис чызджы къухы. Хæрзбон уал... 61
Олинка ма иуцасдæр алæууыд, стæй бахызт Кæлимæт æ Ханиффæйы уаты къæсæрæй. Уат уыдис хæрзæфснайд. Чызджытæ бадтысты стъол фæйнæфарс æмæ алыхуызон æндæхтæй, рæсугъд нывæфтыдт нывæстой. Урс-урсид хъуымац уыди тыхивæзт сасирхуь æнæбын тæлыйыл æмæ дидинджытæй тæмæнтæ калдта. Мад бацыд Ханиффæйы цурмæ æмæ йын æркаст йæ куыстм — Диссæгтæй цы кæныс? Сызгъæрин къухтæ дын ис. — Нана, æмæ мæнæй та цы зæгъдзынæ? —0, мæ къона, .ды дæр хорз арæхсыс, — загъта мг мынæгдæр хъæлæсæй. — Дохтыр афтæ зæгъы: ахæм тыхджы низæн дам мах бон ницы бауыдзæн, нæй дам нæм ахæм хостæ. Тæссаг дам у уæ лæппуйæн... Олинка аивæй йæ цæст дары Ханиффæмæ. Чызг æваст аф- æлурс, аемæ уыциу стъæлфт фæкодта. Мад фембæрста хабар. — Уартæ пецы сæрыл хъарм хæринаг, ахæссут сæ рынчынмæ, кæд сымах руаджы иу комдзаг уæддæр скæнид. Кæлимæт Æхсарбеджы уаты дуар байтыгъта æмæ бахызт разæй, Ханиффæ йæ фæдыл. Лæппу кæд чъылдымырдæм хуы- ссыд, уæддæр бамбæрста йæ хойы къæхты уынæр, фæлæ йæм йе ’ргом нæ раздæхта. Ханиффæйы къухы — тæбæгъ, уæливых æмæ карчы дзидза. Уæддæр уæззау къахдзæфтæ кæны, рын- чынмæ хæстæг бацæуын нæ уæнды. Кæлимæт йе ’фсымæры цур сынтæгыл æрбадт. — Разил-ма дæхи нæ уазæджы хатырæй. Ракæс-ма, чи дæм фæзынд.. Æхсарбег разылд, фестад. — Ханиффæ!.. Уый ды дæ?.. Чызг фæцудыдта, фæцæйхауд. Лæппу йæ рацахста, йæ къухты йæ систа æмæ йæ сынтæгыл хъавгæ æрæвæрдта. — Кæлимæт! Тагъд дон æрбаскъæф. Кæлимæт цæстыфæныкъуылдмæ дон хæцъилимæ æрбадав- та. Хæцъил доны къусы атъыссы æмæ йæ Ханиффæйы ныхыл авæры. Уалынмæ Олинка дæр æрбазгъордта уатмæ: — Мæ хæдзар- куыд уыд, цы йыл æрбамбæлд? Ныртæккæ • дæр ма дзæбæх куы уыд, — йæхæдæг чызджы уадултæ фæлмæн армæй къæрцц-къæрцц кæны. Ханиффæйы цæстытæ байгом сты, ракæс-бакæс кæны. — Кæм дæн? Цæмæн дæн сынтæджы? — Ма тæрс, мæ къона, ницы дын уыдзæн. Фылдæр уаты , бадут, сыгъдæг уæлдæфмæ арæх нæ цæут, æмæ уый аххос 62
,(>1дзæн. Усæн æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ пец æмæ р сбдз феддæдуар. — Мæ хæдзар, мæ кæрдзын арты фæуагътон, афонмæ ба- с лгъд. Ханиффæ рабадт, фæлæ йæ йæ зæнгтæ хорз нæма уромынц. Бмае Кæлимæт йе ’фсымæрмæ фæдзырдта: — Рацу-ма, фæкæс мæм! Æхсарбег цыма уыцы ныхасмæ æнхъæлмæ каст, афтæ бауад Ханиффæйы цурмæ. Райста Ханиффæйы урс-урсид къух æмæ .:æ чызджыты уатмæ ракодта. — Æхсарбег, ды уал ам абад, æз дон æрбадавон. Нырма нæ азæг лæмæгъ у æмæ йæм дæ цæст фæдар. Æхсаребг æмæ Ханиффæ хибарæй аззадысты, кæрæдзийæн оаргом кодтой сæ уарзондзинад. Нал уыдис зæххы цъарыл ацы дыууæ уарзонæй сшондджындæр. Ферох сты Ханиффæйæ йæ мæстытæ. Афтæ йæм кæсы, цыма йыл базыртæ базад, цыма цъæх арвы хъæбы- сы, бæлонау, ратæх-батæх кæны, цыма хуры тынтыл хъазы. Лæг æмæ ус хъуыддаг бамбæрстой, хæдзармæ бацыдысты, бандæттыл сæхи æруагътой æмæ фыд загъта: — Ацы хъуыддагæн дарддæрмæ æргъæвæн нал ис. Æхсарбегæн бирæ уыдис зонгæтæ æмæ хæлæрттæ, фæлæ йæм сеппæтæй хуыздæр зæрдæ дардта Мырзак, фæтæнриу хъæбысæйхæцæг, сырх уадул, саухил лæппу. Чызджыты сæртæ-иу арæх разилын кодта. Фыццаг къласæй фæстаг къла- сы онг дыууæ лæппуйы бадтысты иу партæйыл. Сæ хæрд, сæ хъазт, сæ цин, сæ маст уыдис иу, сæ кæрæдзийы зæрдæ- худтæй тарстысты. Кæнгæ æфсымæрты хæлар цард йæ тъæнгтæ ацагъта уæлæсыхаг лæппу Додтанæн. Йæ бинонтæ хъæуы мидæг нымад уыдысты хъæздыг цæрæг адæмыл. Уымæ гæсгæ сæ лæппу рæзыд буцхастæй, хъал æмæ æнæрвæссонæй. Гуыбыр фындз, цыппæрдигъон фæтæн цæсгом, бурхил лæппу цæсты нæ аха- дыдта. Æртæ сабийы фыццаг къласмæ бацыдысты уыциу аз. Додтан цыппæрæм къласмæ куы бахызт, уæд иу.æмæ дыууæ хатты нæ фехæлдта уроктæ, ахуыргæнджытæ дзы фæлмæцы- дысты. Йæ мад æмæ йын йæ фыдмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фæсидтис скъолайы директор: уæ лæппумæ фæкæсут, уæ цæст æм фæдарут, ахуыр нал кæны, уроктæй алидзы, хылтæ ракъ- ахы.,. Уыдон-иу сæ къух ауыгътой, сывæллонæй цы агурыс, чæгъгæ. Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ, Додтан къулыбадæгдæр кодта, сæ хæдзармæ-иу æрбацыд кæм фындзы пырх, кæм та Дæлдзæстытæ сау тæлмытимæ. 63
* V? >'с Тотрадз бадзырдта йæ мыггаджы хистæртæм ауынафф кæнынмæ. Олинка хæрд æмæ нозт æрæвæрдта фынгыл. Хистæ æртæ чъирийы акувыны агъоммæ, Тотрадзы афарста: — Дæ фæндон ньщ бамбарын кæн, цæй фæдыл у не ’мбыр нæ фембæлд? Тотрадз фестаД æмæ загъта: — Хорз хабар, цины хабар. Уæ фарн бирæ уæд, æмæ мы бахатыр кæнут. Фæлæ, сывæллон рухс дунемæ куы фæзыны, уæд ныййарджытæ фенхъæлмæ кæсынц, уæдæ кæд схъомы * уыдзæн, уæдæ кæд ралæудзæн йæ кад æмæ рады бон, йæ цинь бон. Алчи дæр уыцы хорзæхмæ фæбæллы. Дæ кæстæрты хорз-> дзинад куы фенай, уæд ма уымæй амондджындæр хъуыддаг цы уа? Фыдæлты æгъдау æмæ кад бæрзонд чи хæссы, уыцы кæстæртæ уадз æмæ фылдæрæй-фылдæр кæной нæ мыггаджы æхсæн. Æз дæр бæллын уыцы амондмæ æмæ уе ’ппæты дæр зондæй фæрсын. Æнæ сымах бафæрсгæйæ, æнæ сымах фæндон зонгæйæ, мæ бон нæу хъуыддаг алыг кæнын. Æхсарбег æмæ Мырзак сæхи бамбæхстой рудзгуыты бын, æмæ хъуыстой хистæрты ныхæстæм. Олинка та Кæлимæт æмæ Ханиффæйæн фынг ацарæзта иннæ уаты, æмæ чызджытæ уым бадынц, цин кæнынц, фæлæ Ханиффæ цыдæр æнкъардхуыз уыд, цыма цæмæйдæр стъæлфы, цыдæр тас дзы бацыд. Тотрадз йæ ныхас куы фæци, уæд хистæр йæ бынатæй сыс- тад æмæ загъта: — Æз сымахæй дæн сæрыстыр, сымах стут мæ ныфс, æмæ мын дзæбæх, сæрæгас ут. Слæууыдысты иннæ æфсымæртæ дæр æмæ хæдзары хица- уæн хъæбыстæ кæнынц. Æртæ чъирийæ Хуыцаумæ скуывтой. Уастырджийы ном ссард- той, стæй хистæр загъта: — Æхсарбег æмæ Ханиффæйы уарзондзинад у сыгъдæг, райсомы кæрдæджы ’ртахау. Ды нæм куы нæ арвыстаис, уæддæр мах нæхæдæг фæзындаиккам дæ хæдзармæ. Уыцы чызгæн æндæр ранмæ кæй нал ис ауадзæн, уый мах раджы алыг кодтам. Уыцы дыууæ уды чи фæхицæн кодтаид, уымæн Хуыцау дæр нæ ныб- барстаид. Æмæ зæгъын афтæ: фæстиат нал, чындзæхсæв са- разæм. Куыд раздæр уа, афтæ хуыздæр. Стæй ма иу хабар. Ссарын хъæуы Ханиффæйы фыды, кæмфæнды уæд. Ацæуæнт Мырзак, Æхсарбег, Ханиффæ æмæ йæ ссарæнт. 64
— Ханиффæ та цæмæн? — афарста дыккаг хистæр. — Ханиффæ та уымæн æмæ йын махæй иу дæр йæ фыды нæ 3()яы. Кæм кусы, кæм цæры? — дзуапп радта бадты хистæр. Дыккаг бон бæлццæттæ араст сты чызджы фыды агурæг. Уырызмæг æрбаздæхт йæ хæдзармæ цалдæр мæйы размæ. Хъæуы цæрджытæй ничи зыдта йæ чызг Ханиффæ цы фæцис, \'ый. Дадойы бинойнаг.рахабар кодта Уырызмæгæн: — Ацыдысты дæумæ бæрæггæнæг, æмæ былæй ахаудтой. Дадойы мард куы ’рластой, уæд дыккаг бон хъæуы фæсивæд иалдæр къордæй араст сты Ханиффæйы агурæг. Дыууæ боны пæ фæцагуырдтой, нал ныууагътой æнæсгæрст иу мæскъ, иу перф. Йæ мард дæр ын не ’ссардтой, æгасæй дæр нæ разынд. Æмæ уый гуырысхойаг уыдис. Уырызмæг фондз мæйы дæргъы агуры йæ чызджы. Хъæу- ;ыл зилы, фæндаггонæй, фыййауæй, дард бæлццонæй алкæйы \æр бафæрсы. Дзуапп вæййы иу: «Нæ федтам». Уырызмæг йæхимæ мæсты кодта. Æхсæв ыл хуыссæг нал хæцыд. Йæ цæстытыл æппынæдзух уайы Ханиффæ. Ницы ферох Уырызмæгæй, йæ цæстытæ нал бахус сты цалдæр мæйы. Æмæ та мæстæлгъæдæй фæзæгъы: — Цæмæн мæ хъуыдысты ацы æнæхайыры æхцатæ? Рухсы цъыртт зæрдæмæ куы нал хауы, хуры тын мæ куы нал тавы, уæд мæн цæмæн хъæуы ахæм цард? 0, дуне сфæлдисæг стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ, баххуыс мын кæнут! Кæд мыййаг мæ иунæг чызг искуы тыхсы, æнхъæлмæ мæм кæсы, ме ’ххуыс æй хъæуы, уæд мын ратт уыцы амонд æмæ куыд фембæлæм! Кæд зæххон нал у, уæд та фесаф мæн дæр, нал мæ хъæуы мæ цард. Ханиффæ йæ фыд кæм кусы, уый нæ зыдта, æмæ рацыдсты Дадойы хæдзарыл, Зиновяйы бафæрсынмæ, уый зондзæн Уырыз- мæджы кусæн быцат, зæгъгæ. Мырзак дæрддзæфгомау баурæдта бæхты. Ханиффæ йæхи •1е ’вдисы, йæ зæрдæрыстæй йæхи нæ хъæр кæны. Мырзак хаестæг бацыд хæдзармæ, дуар бахоста, æнхъæлмæ кæсы. Кæрты луар байгом, дуарæй рахызт сау уæлæдарæсы Зиновя. — Уæ бонтæ хорз, — загъта Мырзак. — Уазæг æгас цæуæд, мидæмæ, — ныллæг хъæлæсæй загъта Зиновя. — Хатыр бакæнут, рæстæг нын нæй мидæмæ цæуынмæ, фæлæ [1е де ’ххуыс бахъуыд. Дадойы бинойнаг нæ дæ? 'Махдуг№5, 1997 65
—О, æз дæн ацы хæдзары æфсин, — дзуапп радта Зиновш — Мах агурæм Уырызмæджы, — загъта Мырзак. I — Уырызмæджы? — тарстхуызæй афарста Зиновя. — Æщ сымах чи стут? Цæмæй зонут Уырызмæджы? 1 — Æз дæн Уырызмæгæн йæ фыды æмхæрæфырты лæпга Мырзак. Мæ фыды хорз зонгæ та уыдис Дадо. Уый хорз зыдта Уырызмæг кусынмæ Дадойы зондæй кæй ацыд, уый. Уырызмад нæ хъæуы, уый агурæм. | Зиновяйы цæстыты раз февзæрд Ханиффæ æмæ йæ цæстЦ сыгтæ нал баурæдта. \ — Стыр хатыр бакæн, мæ ныхæстæй кæд исты дæ зæрдæма нæ фæцыд, уæд, — сабыр кæны Мырзак сылгоймаджы. 1 — Нæ, нæ, дæ ныхæстæ се ’ппæт дæр бынаты сты, — загът! Зиновя. — Мидæмæ рахиз, уынджы лæууын худинаг у. Цæх кæрдзын, табуафси... — Бузныг, нæй рæстæг, нæ фæндаг дард у. Зиновя бамбæрста Мырзакы хъуыды æмæ загъта: — Уырызмæг раджы сыздæхт йæ балцæй. — Уый та куы^ — сонт фарст акодта Мырзак. —0, о, фæлтау куы не ссыдаид, уый тæригъæдмæ кæсынæ! хæхтæ куыд нæ хæлынц? — Цы кодта? — афарста та йæ Мырзак. — Уый бæргæ ницы кодта, фæлæ йæ чызг кæм фесæфт, уьи бæрæг нæй, æмæ йæ цард йæхицæн аккаг нал кæны. Мырзак базыдта хабæрттæ, раарфæ кодта Зиновяйæн æмæ! йе ’мбæлцæттæм раздæхт уыцы хъæлдзæгæй. Фыццаг Ханиф^ фæйы ныхъхъæбыс кодта, стæй Æхсарбеджы, æмæ сын райгæ| хъæлæсæй загъта: ] — Ссардтам, ссардтам Уырызмæджы. Уæхи хъæуы; хæдзæрттæ балхæдта. Ханиффæ, ныр фондз мæйы дæргъы дæу1 агуры. Ханиффæйы цæстытæ атартæ сты. Иуцасдæры фæстæ чызг’ байгом кодта йæ цæстытæ. Мырза бæхты аскъæрдта сæ дарддæ-: ры фæндагыл. Æхсарбег фыццаг хатт бандзæвыд Ханиффæйы) къухыл. Чызг дæр фыццаг хатт банкъардта йæ уарзоны æндзæвд*] Кæрæдзийы къухтыл хæцынц, афтæмæй тæхынц, дыууæ зæрва-^ тыччы фестадысты æмæ арвы хъæбысы пæр-пæр кæнынц. Дымгай сын фæйлауы сæ дзыккутæ, сæ дарæс, худынц, цин кæнынвд тæхынц. Тæхынц хохы сæрмæ, уырдыгæй цъæх нæзы хъæдмæ^ Хъусынц мæргьты тйæллангмæ, доны хæл-хæлмæ. Ацы фæндагæн кæрон куы нæ уаид, афтæ фæнды лæппуйы,^ фæлæ йæ йæ бæллиц фæсайдта. Ханиффæ, цыма йæ фынæйа^ 66
^ехъал, уыйау фестъæлфыд. Æхсарбеджы къух иуварс айста. ’ —- Куыд дæ? — фæрсы йæ Æхсарбег. -— Цы кодтон?' Ахæм уавæры никуы уыдтæн, — сагъæс- ч уызæй загъта Ханиффæ. — Фырцинæй дæхи нал бамбæрстай. Дæхиуыл фæхæц. Дæ (1)ЫД У æгас, дзæбæх, æнæниз, — загъта Æхсарбег, æмæ :ергомæй Ханиффæйы йæ хъæбысы ныттыгъта. Чызг æфсæрмы кæны Мырзакæй æмæ йæхи айста. Æхсар- />ег йæхи æруагъта чызджы фарсмæ, йæ къух ын райста æмæ аæ рæвдаугæ асæрфы куы иуырдæм, куы иннæрдæм, афтæмæй дзуры: — Дæ фыдмæ фыццаг бацæудзæн Мырзак. Уымæн амо- нын ницы хъæуы. Дзырдарæхст æмæ йæ дзуаппджынæй зо- нынц адæм. Дæ зæрдæ йæм ма ’хсайæд. Дæ фыдимæ фембæ- \ын дын æнцонæй нæ уыдзæн, фæлæ тæрсгæ ма кæн, ал- цыдæр хорз уыдзæнис. Уырызмæджы та бацæттæ кæндзæн Мырзак, æнæнхъæлæджы фембæлд ын йæ зæрдæ куыд нæ фехала, афтæ. — Хорз, — загъта Ханиффæ. — Рæстытæ дзурыс. Нæ цины бон дæр тæссаг у. ... Æрфистæг сты хъæуы. Мырзак афарста, уынджы тигъыл чи лæууыдис, уыцы лæппутæй иуы: — Уырызмæг кæм цæры? — Мæнæ ацы хæдзарæй анымайгæйæ фæндзæм хæдзар, фых дурæй уæладзыг хæдзæрттæ, — загъта лæппу. — Бузныг, — р!аарфæ йын кодта Мырзак. — Табуафси. Мырзак бæхтæ баурæдта сыхаг хæдзары цур. Рахызт фай- тонæй, йæ рыгтæ æрцагъта æмæ бахоста кулдуар. Лæууы, æнхъæлмæ кæсы. Нæй, ничи зыны хæдзарæй. Дыккаг хатт та бахоста тыхджындæрæй. Дуары æфсæйнаг æхгæнæны хъæр фæцыд æмæ йæ размæ рахызт бæрзонд, хæрзконд, æлвæст лæг. — Дæ бон хорз, — йæ сæрæй йын акуывта Мырзак. — Уырызмæг ам цæры? — Ам цæры, ам. Мæнæ дæ размæ лæууы. — Æз та Мырзак дæн. Дæ фыды æмхæрæфырты лæппу. — Хъасболы лæппу дæ? —0,иттæг раст, — йæ ныхас фæфæлмæндæр Мырзакæн. Кæрæдзийы къухтæ райстой æмæ хæдзармæ бацыдысты. Уаты астæу лæууыд даргъ стъол, йæ алыварс къæлæтджын фæлмæн ^андæттæ. Бандæттыл сæхи æруагътой. 67
— Æз ацы фæндагыл арæх фæцæуын, — дзуры та лæппу. ->* Æмæ мын нæхимæ бафæдзæхстой: дæ фæндаг нæхионтыл акæЯ фен сæ, базонгæ у семæ, уыдзæнис дзы кæстæртæ дæр, хъуама кæрæдзийы зонат, кæннод дам искуы куы фембæлат, уæд, ч| зоны, кæрæдзийы дæр фæнæмат. I —О, раст зæгъы Хъасбол. Адæймаг æнæ хион, æнæ къабаз! æнæ сыхагæй, æнæ къах æнæ къухæй уæлдай нæу, — загъта Уырызмæг. Æргом ныхас кæнынмæ нæ хъавы фысым, фæлæ т| уазæг ногæй афарста: 1 — Æмæ уæдæ ’кæм сты бинонтæ? | Уырызмæг хъуыдыты аныгъуылд, бандонæй сындæггай сыо| тад, йæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта, йæхи байста рудзынгмæ^ разылд Мырзакмæ, æмæ радзырдта йæ царды хабæрттæ. Йае чызг Ханиффæ фесæфт, хъæды халонау, иунæгæй баззад. Мыр^ зак ын йæ ныхас айста: ,: — Фæлæуу-ма, фæлæуу, Ханиффæ зæгъыс? Уый дæ$ æнхъæлдæн Ханиффæ хуындис, — Мырзак йæ цæстытæ цармæ сарæзта, цыма цыдæр рох хабар æрымысинаг уыд, афтæ.1 Æрæджиау ма загъта. — Кæд ма исты зонын, уæд уый дæр хуынди Ханиффæ. Уырызмæг йæхи хæстæгдæр байста Мырзакы цурмæ. — Сæнттæ цæгъдыс æви? Кæй Ханиффæйы кой кæныс? — Сæнттæ нæ цæгъдын, фæлæ уый у æцæг хабар. — Цы у æцæг хабар? — тарст хуызæй та афарста Уырызмæг. — Иу хатт нæ хъæуы лæппутæ ацыдысты хъæдмæ цуаньь Уым сæмбæлдысты, чи фæдзæгъæл, ахæм чызгыл. — Æмæ цы фæцис уыцы чызг? — Чызджы ракодтой семæ, æмæ йæ лæппутæй иу суазæг кодта. — Æмæ чи уыдысты уыцы цуанæттæ? Кæмæй сты? Кæм цæрынц? — Ардæм дард цæрынц, цуанæттæй Ханиффæйы чи суазæг кодта, уый бæлвы’рд нæ зонын. Уырызмæгæй йæ фыркатайæ ферох уазæгæн фынг æ{эæвæрын. Куы Мырзакы цур алæууы, куы рудзынгæй акæсы. Иæхицæн бынат нал ары. Фæстагмæ лæппуйæн загъта: — Æз мæхи арæвдз кæнон. Æвæстиатæй демæ цæуын. Æз хъуамæ фенон мæхи дыууæ цæстæй уыцы чызджы. Уæд та кæд| æцæгæй дæр мæхи чызг у, фæлæ... Ахæм амонд мæгуыр лæгмæ| кæцæй кæсы? Уа, нæ уа, уæддæр цæугæ, цæугæ! Мырзак фестад æмæ курæгау зæгъы: 68
— Уырызмæг, хатыр бакæн, фæлæ иу гыццыл ауынаффæ кæнæм. Æз фæндагыл дæн. Фæлмæст, фæллад. Дыккагæй та — 1{зæргæрæттæ... Æхсæвыгон ма кæдæм цæуæм? Адæймаг дзæгъæл кæнын дæр зоны мæйдар æхсæв фæндагыл. Нæ фæллад суадзæм, стæй Хуыцау хорз у. Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. —0, гормон фæуай, куыд æгуыдзæг разындтæн. Уазæгæн ма цæхх-кæрдзын дæр нæ загътон, — хæцы йæхимæ Уырызмæг, æмæ фынг æвæры. Фæйнæ сыкъайы ануæзтой, Мырзак фæныфсджындæр, æмæ афарста фысымы: — Ныр Хуыцау куы зæгъид, æмæ Ханиффæ нæ цуры куы фестид, уæд цымæ куыд уаид? — Уæд æз кувин мæ зонгуытыл æхсæвæй-бонæй Хуыцаумæ. Мæнæй амондджындæр нæ уаид зæххы къорийыл. — Уæдæ кув Хуыцаумæ, дæуæй амондджындæр нæй зæххыл. Дæ чызг Ханиффæ у æгас, дзæбæх, æнæниз. Дæхи цæттæ дар уæ фембæлдмæ. Мырзак уынгмæ разгъордта. Хабар бамбарын кодта Æхсар- бег æмæ Ханиффæйæн. Чызг йæ фыды куы ауыдта, уæд æм уыциу тахт бакодта æмæ йыл ныттыхст, йæхи йæ хъæбысы анорста. Уырызмæг фырцинæй нал уромы йæ цæстысыг, стæй чызджы къухыл фæхæцыд æмæ йæ раскъæфта уынгмæ æмæ хъæр кæны: — Ракæсут-ма, ракæсут-ма, хорз адæм. Мæнæ мæ чызг Ха- ниффæ! Рацæут æмæ йæ фенут. Сыхæгтæ згъорынц Уырызмæджы хæдзармæ. Тæхгæ-тæхын рафæрс-бафæрс кæнынц кæрæдзийы: — Цы хабар у, цы ’рцыди? Базмæлыд æнæхъæн хъæу. Цыбыр рæстæгмæ Уырызмæджы кæрты фезмæлæн нал уыдис адæмæй, арфæтæ, хъæбыстæ... Арфæтæ Уырызмæгæн, Мырзак æмæ Æхсарбегæн... Æрсабыр сты адæм, Уырызмæг хатыр ракуырдта мыггаджы æмæ хъæуы хистæртæй: — Стыр бузныг уеппæтæй дæр. Мæ чызджы ма фендзынæн, уый æнхъæл нал уыдтæн. Фæлæ табу Стыр Хуыцауæн, нæ мæ ферох кодта, нæ мæ фесæфта. Уæ ныфсæй, уæ фæлмæн ны- хасæй мæ цæст нæ батар, мæ хъару нæ асаст. Абон мæныл ^ерцыд стыр хорздзинад. Ссарæм стыр Хуыцауы ном, скувæм г*е ’сфæлдисæгмæ, æгайтмæ ныл кувæн бонтæ скодта. Хистæртæ ~— уынаффæ! Кæстæртæ — кусæрттæ. Æфсинтæ — уæливыхтæ, фыдджынтæ... Ахсæв-Хуыцауы ’хсæв. Куывд абонæй иннæ Хуы- Цауы æхсæвмæ! Кувгæ, заргæ, кафгæ! 69
Кæстæртæ агтæ æвæрынц суанцъæтыл. Чи дон скъæфы, Щ суг сæтты, чи та кусæрттæ кæны. Хистæртæ зилынц æмæ кæсынот чи цы кусы, уымæ. щ Арвыстой хонджытæ хъæуæй-хъæумæ, хохæй-хохмаЯ Æрæмбырд сты дуне дзыллæтæ. Фынгтæ дæлæмæ тонынш Кæстæртæ хъазты симынц, зарынц, сæ цины зæллангмæ арвзд риуыл стъалытæ тыбар-тыбур кæнынц, цыма уыдон дæр кафгй кæнынц, уыйау. 1 Æрхæццæ иннæ Хуыцаубон. Ханиффæ иунæг адæймаджм дæр нæ ауагъта æнæ фæндаггаг. Арфæйагæй, хъазгæ æмæ худгæйæ алчи дæр ссардта йæ фæрныг хæдзар. | Ахæлиу сты хионтæй ма чи уыдис, уыдон дæр. Мырзак баца-^ гуырдта Уырызмæджы ныхасмæ. \ — Сбад, — хаты лæппу Уырызмæгмæ. I — Мырзак, хатыр бакæн, фæлæ дæ Æхсарбегæй фæрсгаа; дæр нæ акодтон, чи у, кæй лæппу у? Фырцинæй мæ куыддæр иуфарс аззади, хæрзаг загъта, йæхионтыл фæци, мæн та хъуьь дыдæр ничи æркодта. \ — Нæ, уый ахæм лæппу нæу, фæлæ мæ ныхасы сæр дæр уый| у. Чи у зæгъгæ, куы фæрсай, уæд дын зæгъдзынæн: уый у, дай чызджы чи фервæзын кодта, хъæды йæ чи ссардта æмæ йæ чгё! суазæг кодта, къæм абадын ыл чи нæ бауагъта, уыцы цуанон'; Æхсарбег. Йæ мад æмæ фыд Ханиффæйы барæвдыдтой хи;: хъæбулау, æрхъæцмæ йыл нæ хъæцынц. Чызг æмæ лæппу та сæ^ фыццаг фембæлды кæрæдзийы бауарзтой сыгъдæг уарзтæй.г Уыцы дыууæ уды абон дæр нæма бакастысты кæрæдзимæ æргомæй. Чызгæн йæ фыды къæсы баззайын аив нæу. Абон куы нæ, уæддæр райсом ссардзæн йæ амонд. Æхсарбеджы фыд, мыггаджы хистæртæ курынц дæуæй, цæмæй сын бар радтай æмæ дæм æрбарвитой сæ минæвæртты. Зонæм æй, нырма ныр федтай дæ чызджы. Нырма нæма бафсæстæ йæ уындæй. Нæ дæ тыхсын кæнæм. Хъуыды кæн æмæ æнхъæлмæ кæсдзыстæм дæ фæндонмæ. — Æз дæм тынг лæмбынæг фæхъуыстон — иуфарсмæ кæсгæйæ загъта Уырызмæг. Раст куы зæгъон, уæд мыл иу ахæм бон никуы скодта, æмæ мæ чызджы сурæт мæ цæстытыл ма. ауайа. Сагъæстæ мын бахордтой мæ уд. Иу æмæ дыууæ хатты. нæ хъавыдтæн мæхимæ мæ къух сисын. Иунæг ныфс ма мыл^ хæцыд æмæ мæ нæ фæсайдта. Йæ мад рухсаг уæд, дзæнæты5 бадæд. Иу æхсæв фыны мæ размæ февзæрди æмæ мæм дзуры:^ «Дзæгъæлы ма хæр дæхи. Нæ чызг æгас у. Тагъд дæм- фæзындзæн». ; — Нæ дæ бауырндзæн, фæлæ райхъал дæн уæнгрогæй,,'
^ердæхъæлдзæгæй. Цыма ногæй райгуырдтæн. Ныр абон цы заегъон дæуæн? Фенон мæ чызджы, базонон йæ фæндон, стæй ]1Ь1хас кæндзыстæм. Мæ чызджы ныхас мæнæн уыдзæн мæ дзу- ШП. Æхсарбег æмæ Мырзак сæ фæндаг акодтой дуканитыл. Бал- хæдтой Ханиффæйæн чындздзæгтæ æмæ бирæ лæвæрттæ. Мырзак радзырдта Тотрадзæн хабæрттæ кæрæй-кæронмæ. Нæртон чындзæхсæв скодтой Æхсарбег æмæ Ханиффæйæн. Ханиффæ Олинкайæн йæ къух уазал доны атулын нал уа- дзы. Кæлимæтимæ кæнынц дыууæ хойы цард, æнæ кæрæдзи комдзаг дæр никуы’ скодтой. Сыхаг устытæ æппынæдзух арфæтæ кæнынц Олинкайæн йæ чындзы тыххæй. Цыдысты азтæ. Ханиффæйæн райгуырд дыууæ фырыхъулы хуызæн фаззоны. Тотрадзы бинонтæй амондджындæр нал уыдис а-бæстыл. Дыууæ фаззонмæ бакæсæнтæ нæ уыди сæ фыр- рæсугъдæй. Тымбылтæ — арсы лæппынты хуызæн. Бурбын, фæлмæн зæлдагхуыз дзыккутæ сын. Фаззæттæ сæ къахыл куы ауадысты, уæд бинонтæ бауы- наффæ кодтой, Ханиффæ йæ фыды бабæрæг кæнæд,зæгъгæ. Уадз æмæ Уырызмæг дæр фена йæ гыццыл хæрæфыртты. Æгъдаумæ гæсгæ худинаг уыдис лæгæн йæ бинойнагимæ ка- исмæ цæуын æмæ Тотрадзы уынаффæмæ гæсгæ чындзимæ йæ цæгатмæ ацыдис йæ къухылхæцæг Мырзак. Уыдис сæрдыгон æнтæф бон. Хур тæмæнтæ калдта, æрдз зæлланг кодта мæргъты зардæй. Бæлæсты цъæх-цъæхид бæзджын фæтæн сыфтæ змæлынц фæлмæн дымгæйы узæлдæй. Бæлццæттæ ныхæстæгæнгæ бахæццæ сты стыр доны былмæ. Файтоны цæлхытæ куыддæр доны смидæг сты, афтæ пыхсбынæй, æрра бирæгъау, æвиппайды Мырзакыл йæхи уыциу цæф нык- кодта Додтан. Йæ къухы хъама цæхæртæ калдта. Мырзак æм фæцарæхст. Рацахста йын йе ’фцæггот, æмæ йыл тымбыл- къухæй ралæууыд. Додтаны къухæй фесхъиудта хъама æмæ доны гуылфæны йæ тъæпп фæцыд. Сывæллæттæ фæтарстыс- ты, къуыбар цæссыгæй кæуынц. Ханиффæ сæ йæ риумæ балхъы- вта, сабыр сæ кæны, бæргæ сæ бамбæхсид искуы хъæды, фæлæ бæхтæ доны астæумæ бахæццæ сты æмæ уым æрлæууыдысты, 71
цыма уыдон дæр æвирхъау хабар бамбæрстой, уыйау. Мырзак та ацахста Додтаны, æмæ йæ рæтæнагъдмæ ныл| вæста. Æнаггагæн йæ хъару сæттын байдыдта. Йæхи мардй ’фсон скодта. Мырзак фæтарст, мыййаг кæд амард зæгьгæ, æмай йæ суагъта. Разылд Ханиффæмæ, басабыр æй кæнон, зæгъга&| Додтан йæ цырыхъы хъусæй кард фæцъортт’ласта æмæ йæ Мыр| закы синты ныссагъта. Лæппу гуылфгæнгæ донмæ ныттылд| Ханиффæ сывæллæтты нымæты бын анорста æмæ Додтаныл йæхи баппæрста. Бацайдагъ сын хъæбысхæст. Лæппу Ханиф^ фæйы къух ацахста æмæ йæ здухы фæстæмæ. | — Цы-ма тыбар-тыбур кæныс, кæсаг хызы куы стæлфа,* уыйау. Кæм дæ, уый бамбар! 1 — Суадз мæ, æна’ггаг! Лæгау лæг никуы æрхаста йæ сæрмæ1 сылгоймагимæ хъæбысæй хæцын, фæлæ дæу хуызæн куыдзæн1 цы уæлдай у. — Тыхулæфт кæны Ханиффæ. — Цы дæ хъæуы? Цæуыл сæрра дæ? — Цы мæ хъæуы зæгъыс. Нæ йæ хатыс? Ды мæ хъæуыс, ды!| Æгьгъæд фæуæд Æхсарбегæн. Ныр та уыдзынæ мæ ус! — Дæ ус?! Сæнттæ цæгъдыс? Æхсарбег у мæнæн мæ цин, мæ ныфс. Никуы фæчъизи кæндзынæн ирон сылгоймаджы намыс: æмæ кад. Æгады бæсты райсдзынæн — мæлæт. — Мæлæт, зæгъыс? ^— Додтан феуæгъд кодта Ханиффæйы. Сывæллæттæм батахт. Йæ иу къухæй бæрзонд систа сывæллоны, йæ иннæйæ карды цыргь фындз сывæллоны бæгънæг гуыбынмæ сарæзта. Сывæллоны цъæхахстмæ Ханиффæйы цæстытæ атартæ сты, йæ къæхтæ йæ быны фæтасыдысты æмæ фæцудыдта. — Фæстаг хатт ма дæ фæрсын! — Додтаны карды фындз андзæвыд сывæллоны бæгънæг гуыбыныл, æмæ йын æи фæцъæррæмыхст кодта. Туджы æртах фæзынд карды комыл. — Ма йæ амар! Разы дæн демæ. — Æцæг сывæллоны йæ бынаты сæвæр. Додтан сывæллоны æруагъта нымæтыл, йæхæдæг бараст Ханиффæйы цурмæ. Уый йæхи азылдта донырдæм, сындæггай ’æфтауы йæ риуы æгънæджытæ. Байгом кодта йæ риу. Додтай. æм хæстæгдæр бацыд, йæ къутæ Ханиффæйæн ахъæбыс кæнын æввонг баивæзта. Æвиппайды йæ Ханиффæ йæ уæраджы сæрæй!. уыциу цæф ныккодта. ’ Додтанæн йæ кард йæ къухтæй æрхауд. Ханиффæ йæм уыциуИ лæбурд фæкодта, йæ къухты ферттывта кард, нырриуыгъта йе? ’фхæрæджы. Додтан йæхи фæсайдта, фæцудыдта æмæ доны! смидæг. Ханиффæ бамбæрста: кард сæмбæлд æнаккагæн йае, 72
фæсæрфыгыл. Æркаст кардмæ. Йæ ком уыдис тугæйдзаг, æмæ йзе уыциу æхст фæкодта донмæ. Сывæллæттæм базгъордта. Сабыр сæ кæны, йæ зæрдæ суынгæг йæхицæн дæр æмæ йæхæдæг дæр кæуы. Рацыдаид иу сахаты æмбис. Банцадысты сæ кæуынæй сыв- æллонæй, мадæй. Сабитæ афынæй сты, æмæ сæ æрæвæрдта фæлмæн нымæтыл, куыд нæ райхъал уыдаиккой, афтæ. Йæхæдæг сындæггай сыстад. Бози райста, бæхты разылдта æмæ фæстæмæ сæхимæ араст. Донæй куыддæр схызт, афтæ ауыдта æнахуыр диссаг. Йæ комкоммæ дзойтæ, цудтытæгæнгæ æрбацæйцыд цавæрдæр лæг. Уайтагъд æй базыдта Ханиффæ. Рагæпп кодта файтонæй æмæ Мырзакы уæлхъус алæууыд. Лæппу сæдых, фæцæйхауд æмæ йæ Ханиффæ рацахста. Тыхтæ æмæ йæ амæлттæй сæргъæвта файтонмæ. Йæ къабайы фæдджи аскъуыдта дæргъæй-дæргъмæ’ æмæ дзы бабаста йæ къухылхæцæджы цæфтæ. — Ма тыхс, дæ цæф тæссаг нæу, зæрдæ æмæ рæуджытæ хъыгдард не сты, — загъта Ханиффæ. — Мæнæн ницы уыдзæн, фæлæ уæхæдæг куыд стут? Кæм сты дæ фаззæттæ? Ханиффæ Мырзакæн радзырдта алцыдæр. Изæрдалынгты æнамонд бæлццæттæ бахæццæ сты сæ хæдзармæ.
НÆЧЫСЫЛ ХУРТÆН БАСИТЫ Мысост НАНАЙЫ ЗÆРДÆ ЛÆППУ ÆМÆ ЦÆРГÆС Æртæх ма мæ цурмæ, хъæбатыр цæргæс, Уæлæрвтæй мæм абон хабæрттæ æрхæсс, Кæдцæридцæр балцы фæтæхыс рæвдзæй. Уæлæрвты куыд цæрынц ыстъалытæ, мæй? Дæ ныфсмæ, дæ тыхмæ æрвылбон бæллын. Дæуау мæ фæфæнды бæрзæндты тæхын. ТУЛДЗ Рæзы тулдз-тала нæ кæрты, Акаст ныр мæнæн мæ сæрты... Хур ыл хъарм тынтæ фæтауы, Мадау æй нæ зæхх рæвдауы. Айрæз дам нын ды хæрзудæй, Къабазджын, домбай, рæсугъдæй. Айрæз, айрæз, мæ хур, тагъдцæр, Бадцзыстæм дæ быны мах дæр!
ÆХСÆРЫ ТАЛА ДЗУРЫ Ыстыхстæн дымгæйы фыдмитæй: Куы мæ бынтон нымбæрзы митæй, Куы та мæ акæны йæ быны, Сæрхъæнау, тар хъæды рæбыны. Уый уарзы хъазынтæ мæнимæ. Бынтон тыхджын кæсы йæхимæ. Æрмæст уый хъал тулдзмæ нæ уæнды. Мæлын-иу карз тохы кæй фæнды! РÆСУГЪД У НОГУАРД МИТ, БÆРГÆ Рæсугъд у ногуард мит, фæлмæн, Æрттивгæ урс-урсвд фæкæны... Æрмæст нæу хъазæнуат мæнæн, Уый тар ком уадимæ ныхгæны. Æмæ уæд нал вæййы фæндаг Нæ хъæумæ быдырæй æппындæр. Мæнæй дæр ахъазы йæ фаг, Цæмæй йæм ма уæндон кæсын дæр! НАНАЙЫ ЗÆРДÆ Мæ кæстæр æфсымæр Фыдуаг у æгæр, Нана та йыл цинтæ Фæкæны уæддæр. Йæ авдæнæй зæхмæ Æривазы сæр. Нана та йын батæ Фæкæны уæддæр. 75
Раст уынгмæ фæхъуысы Йæ кæуын, йæ хъæр, — Нана та йæм худгæ Фæкæсы уæдцæр. Æз дæр æм æппындæр Нæ кæнын мæсты, Йæ авдæн ын узын Нанайы бæсты. НАНА КÆНЫ ЧЪИРИТÆ Уæлæ цары двдитæ: — 0, двдитæ! Нана кæны чъиритæ, 0, чъиритæ!.. Цæрвджын хæйттæ сабитæн - О, сабитæн, — Кувæггаг та — уазджытæн, — О, уазджытæн!.. Мæн дæр нана ауыдта, О, ауыдта... Йæ цинтæ мын авæрдта, О, авæрдта!
ИРЫ РАЗАГЪДЫ ЛÆГТÆ БИЦЪОТЫ Григол ЙЕ УÆНДЖЫ ЙÆ ФЫДÆЛТЫ ТУГ ХЪАЗЫ Дунейы адæмтæ нæ кæй руаджы базыдтой, ироны ном æрвон бæрзондмæ чи систа, нæ ахæм лæгты кой куы рацæуы, уæд æппæты разæй Хетæгкаты Къостайы, Абайты Васойы æмæ Плиты Иссæйы нæмттæ ранымайæм. Фырбуцæй фæзæгъæм: Къоста, Васо, Иссæ. Уыцы нæмттимæ фыст цыдаид Токаты Ахмæты фырт Гогкийы (Григорийы) ном дæр. Æнæмæнг афтæ уыдаид, ранымадтаиккам-иу: Къоста, Васо Иссæ, Гогки... Фæлæ Гогкийы ном уыди хъодыгонд. Журнал «Новый ученый»-йы (джиппы уагъд цыди Лондо- ны) 1971 азы мыхуыргонд æрцыди очерк «Г. А Токати, косми- ческий первопроходец». Йæ автор Сера Уайт афтæ фыссы: «Чы- сыл адæмтæн сæ гæнæнтæ дæр къуындæг вæййынц, фæлæ То- каты Г. А. цард куыд цæстахадæн рауад, уый нæ æндæр хъуы- дытыл бафтауы. Стыр Советон Цæдисы схъомыл æмæ ныр Ныгуылæны йе сфæлдыстадон куыст йæ тæмæны бацыд, уæддæр йе уæнгты чысыл Ирыстоны туг хъазы». Диссагæн дзуринаг у уæдæ цы! Æрæджийы онг советон мыхуыры нæ уыди Токаты номдзыд лæджы кой. Йæ царды хабæрттæ йын базыдтам фæсарæйнаг мыхуырæй. Сера Уайты очеркы кæсæм: «Токайы-фырт райгуырди ирон хъæу Сечеры (уырыссагау «Новый Урух») 1916 азы 13 октябры, ома зæгъæн ис: у Октябры революцийы карæн. Григорий райгуырди цæга- тираг зæхкусæджы хæдзары, йæ уæле уыди æртæ хистæр æфсымæры. Уыдон æртæйæ дæр уыдысты активон архайджытæ революцийы заман дæр æмæ уый фæстæйы рацарæзты дæр. 1971 азы бæрзæндæй кæсгæйæ абон Великобританийы цæрæг адæймаджы уырнгæ дæр нæ бакæндзæн, Токаты Григорий йæ сабибонты тыхст цард кæй кодта, уый. Сабыр хъæлæсæй 77
дзургæйæ мын зæрдæхæларæй йе ’нгуылдзтыл ранымадта, йц сабибонты æмæ йе ’взонджы азты цух цæмæй баййæфта! уыдæттæ; æййæфта æххормæгтæ, йæ фадыварц дæр æмæ й|| уæлæйы дарæс дæр нывыл нæ уыдысты, йæ гуырæн бонты йьш лæвæрттæ нæ чындæуыди. Цæвиттон, махмæ, Англисы уавæр| ты æнæмæнг хъæугæйыл нымад цы у, уыдæттæй хайджын на| уыди». Йæ райгуырæн хъæуы тыххæй Гогки йæхæдæг афтæ загъта: «Æцæгæй дæр, æз райгуырдтæн романтикон хъæу Сечеры, уыад арвыстон мæ рагсабибонтæ; уым ныгæд ис мæ фыд, уым стц нæ хæдзарвæндаджы уидæгтæ, мæ мад æмæ мæ мæ фыд уьщ сбуц кодтой «Гогки» номæй (газет «Слово», 95 аз, 20 янв.) Скъолайы къæсæрæй та Гогки бахызти Ставд-Дурты. Трактор тæрын дæр ам базыдта. Уæды рæстæджы нымадæй уый æнахуыр’ стыр диссаг уыди, цыма царды арæныл аргьауы дунемæ бахыз- ти. Фæлæ уал æрхæссæм уыцы дуджы тыххæй Сера Уайты зæгъинæгтæ: «Æнахуыр диссагæн дзуринаг сты, Токайы-фырт ахуыры фæндагыл куыд фæцалх, уыдæттæ. Нæ рæстæджы стырдæр ахуыргæндтæй иуæн — Гогкийæн нывыл уавæрты са- хуыр кæныны фадат уæвгæ дæр нæ фæци, уымæн æмæ йын уыцы фадат нæ радтой революци æмæ мидхæст æмæ, зæгъæн ис, райдиан скъолайы иу бон дæр нæ сахуыр кодта. Фæлæ йын уый хыгъд цард æндæр лæвæрттæ ракодта æмæ махæй бирæтæ бахæлæг кæниккой, уæды уникалон стыр цауты гуылфæнты бахаугæйæ, цардæй цы фæлтæрддзинад райста, уымæ. Проф- ессор Токайы-фырт мын йæхæдæг афтæ загъта: «Революцийы заман ахæм уыди, æмæ йæ алы аз дæр тæры нывыл азтæй дæсы бæркад». Фыссын æмæ кæсын куыд базыдта, уый тыххæй Гогкийæн йæхимæ дæр бæлвырд зæгъинæгтæ нæ разынди, гье фæлæ уыцы цæлхдурты сæрты дæр ахызти. Дыууынæм азты стыр куыст рапарахат бæстæйы æнахуыргонддзинад фесафыны сæраппонд. Гъе, Токайы-фырт йæхæдæг та 1929 азы (уæд ыл цыди 13 азы) сæ районы нымад уыди зындгонд тракторист-механикыл. Уæд æй Облæсты Профессионалон Цæдис арвыста Ленинграды Хæххон Академийы Рабфакмæ. Уыцы рæстæг Гогки уыди Фæскомцæдисы бюройы активон уæнг». Гогкийы ахуыры тыххæй йе ’фсымæр Дзибайы фырт Хамби афтæ радзырдта: «Ставд-Дурты скъола каст фæуыны фæстæ ацыди нæхи горæты рабфакмæ. Цыма йæ каст фæци, афтæ мæм кæсы. Дзиба йæ нæ уагъта ахуырмæ, фæлæ Гогки йæ 78
фæнд атардта, алыгъди хъæуæй. Фæндаггаг æм нæ уыди. Æз къутумæ бабырыдтæн æмæ нартхоры æфсиртæ мæ къæхтæй æддæмæ ссыдтон. Цы фæрæзта, уый æккойæ ахаста...» Дзугкойты Уæсмæн загъта: «Гогкиимæ ахуыр кодтам иу рæстæджы. Немæ ма скъоламæ цыдысты Фæрниаты Сослан, Пагæты Бобо, мæхи хистæр æфсымæр Митъыр. Гогки негасæй дæсныдæр уыди ахуырмæ. 3-аг кълас куы фæци, уæд æй баф- æндыд «Фордзоныл» кусын...» Токаты Георги загъта: «Сечеры скъола Ставд-Дурты кусын райдыдта 1925 азы. Гогки дзы сахуыр кодта 5 къласы». Цæвиттон, Токайы-фырты царды уыцы заманы хабæрттæй цыдæртæ фæбæлвырддæргæнинаг сты. Гогки тракторыл куыд куыста, уый хъуыды кодтой цалдæрæй. Токаты Георги (райгуырд 1907 азы) афтæ радзырдта: «1927— кæнæ1928 азы мах æмæ Гогкиты хæдзæртты нартхоры хæйттæ фæрсæй-фæрстæм тыд уыдысты Перевалы бынмæ. Алы куыст дæр иумæ кодтам. Змейкæйы туацъæйырдыгæй нæм хъуысти тракторы уынæр. Гогки-иу уæрдонмæ схызти æмæ-иу, уыиæр кæцæй цыди, уыцырдæм кæсынтыл фæци. Йæ зæрдæ цæмæ æхсайдта, уыдæттæ йæм дзæбæх нæ зындысты æмæ обауы сæрмæ ссыди. Уырдыгæй дæр та фæкасти Змейкæйырдæм. Акуы- ста та, стæй иурæстæджы цыдæр æрбаци. Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй трактор уынынмæ афардæг. Суанг изæрмæ йæ фæдыл фæцыди. Дыккаг бон дæр та иуафон йæхи фæаууон кодта æмæ та уым балæууыд. Æфсæн бæхы фæстæ та цыди, цыди... Трактор æрлæууыди, тракторист æй йæ фарсмæ сбадын кодта. Цæстуарзон лæг, æвæццæгæн, цымыдис лæппуйæн амонгæ дæр истытæ акодтаид. Цыппæрæм бон Гогки йæхæдæг тракто- ры рулыл æрхæцыд...» Уæды хабæрттæй цыдæртæ бахъуыды кодта Токаты — Куы- дзиаты Федуся дæр: «Æппæты разæй Ставд-Дуртæм трактор æрласта Гогкийы хистæр æфсымæр Дзиба. Тæргæ та йæ кодта мæздæггаг уырыссаг. Йæ бинойнагимæ махмæ цардысты. Уæд нæ хъæуы æмбалад уыди, бацыди йæм 23 хæдзары. Тракторис- ты ном нæ хъуыды кæнын, йæ усы йын хуыдтой Ульянæ. Хæргæ дæр махмæ кодтой. Мæй нæм фесты æмæ сæхи хъæуæй айстой — дуканийы балхæнынмæ ницы ардтой æмæ стыхстысты. Трак- тор нæ кæрты баззад. Лæууыди, дзынæзта. Лæппутæ-иу ыл аерæмбырд сты, сгæрстой йæ, ныхылдтой йæм æмæ-иу сæхи сызмæстой. Уæд Гогки æрцыди трактормæ, скусын æй кодта æмæ йæ сæхи кæртмæ атардта. Уый фæстæ йыл цасдæр йæхæдæг фæкуыста...» 79
Токаты Георги куыд бахъуыды кодта, афтæмæй трактой балхæдтой æмбаладæн. Йæ сæрдар уыди Айларты Гацыр. Трагс| торыл куыста Фæрниаты Савели. Уый ахуыр кæнынмæ куь| ацыди, уæд тракторæн хицау нал уыди, Гацыр Гогкимæ æрвыо| та: «Æрцу, тракторыл кус æмæ дын мызд æхцайæ фид-| дзыстæм». Гогки горæтæй æрцыди, трактор срæвдз кодта æмЦ йыл куыста...» ] Фæрниаты Барысби æрыгон уыди, фæлæ ма хъуыды кодта,1 Гогки-иу æфсæн бæхы сæ кæртмæ куыд фæцæйтардта, уый. Мах, сабитæ-иу, загъта, йæ цурæй^нал цыдыстæм, уырзæй йæ сгæрстам, цыма удæгас уыди. Йæ ивæн хæйттæ нын-иу фæтæгенæй ныхсын кодта æмæ-иу нæхицæй ныббузныг стæм, куыд ныл æууæнды зæгъгæ. Гогыцаты Альщсандр загъта: «Æз дæр дзы-иу мæ къухтæ самæстон. Адæм æм-иу быдырмæ дæр уынæг цыдысты. Гæр, ифтыгъд дзы куы ницы ис, уæд куыд цæуы, зæгъгæ-иу дисæй мардысты». Гогки-иу сæ фæхсхъæдтæй арæзт быруйыл æвза- лы кæнæ мелæй хæдтæхæджы нывтæ куыд акодта, уый дæр ма хъуыды кодта Алыксандр. Федусяйæ нæ ферох ис се ’рвадæлты лæппу Темыр дæр. Трак- торыл æй Гогки сахуыр кодта. Фыдыус Темыры сæ хæдзармæ æмгæрон дæр нæ уагъта, нæ уынг, нæ кæрт, дам нын сызмæнтыс Ахæм зæгъджытæ дæр фæци, цыма Темыр йæ ахуыргæнæджы фæндиаг нæ рауади, йæ трактор дам-иу ауæдзæй фæуæле æмæ- иу æнæдомд хайуанау йæ коммæ нал касти. Иуахæмы та Ду- бинæйыхуым кодта Темыр æмæ йæ йæ æфсæн бæх тæссармæ ахаста. Йæ ныхмæ адæм æрбацæйцыдысты æмæ сæм тракторист хъæр кæньс «Мæ бæх фæтарсти æмæ дзы уæхи хъахъæнут!» Темыры хабæрттæ хорз хъуыды кодта Зæнджиаты Хъасбо- лат дæр. Загъта: «Фордзон» куыста фæтæгенæй. Гогкийы Мæскуымæ ахуырмæ арвыстой, тракторыл сбадти Темыр æмæ йыл хорз арæхсти. Чи йæ раивтаид, уый нæ уыди æмæ-иу æхсæвæй-бонæй дæлæмæ нал хызти. Иуахæмы Ираны бынмæ хуым кодта Темыр. Æхсæвы иуафон лæппу афынæй, руль къухтæй феуæгъд, трактор ауæдзæй схызти æмæ иу зиллаччы фæзилдух кодта. Йæ фæтæген куы схардз ис, уæд æрлæууыди. Уæддæр Темыр нæ райхъал. Куы æрбабон, уæд, ирайнæгтæй йæ хъомтæ чи раскъæрдта, уыдон тракторыл æрæмбырд сты — уыди дзы, æввахсмæ йæ чи никуы федта, ахæмтæ. Нæ бауæн- дыдысты йæ цурмæ бацæуын. Сæ иу йæ уисæй трактор скъæрæджы басхуыста æмæ йæ райхъал кодта. Темыр, загъ- 80
гой, йæхи куы æрæмбæрста, уæд фефсæрмы æмæ афтæ бакод- га: «Мæ трактор фæтарсти æмæмæ кæдæм рахаста...» Уæды рæстæджы тыххæй газет «Слово»-йы кæсæм Гогкийы пыхæстæ: «Ставд-Дурты, Змейкæйы æмæ Владикавказы трак- торты æмæ автомашинæты æрмадзты сæйраг механик, мæ ахуыр- гæнæг æмæ мæ зондамонæг Белокудря мæ хуыдта «мазутный Гогки», уымæн æмæ мæ дарæстæ æдзухдæр кодтой матортæ сæрдæны æмæ бензины тæф. «Сечер æмæ йын Ставд-Дуртæ æмхуызон адджын сты, — сæ иуы гуыргæ ракодта, иннæйы та йе ’взонджы уа^ззау азты базыдта фæллойы ад. Æмæ зæгъы: «Адæймаджы царды сабидуг æмæ фæллойæ адджындæр ницы ис». Уыцы фыццаг тракторыл куыста Токаты Къала дæр. Фæрни- аты Данелы йæхимæ райста, тракторыл дæ сахуыр кæндзынæн зæгъгæ. «Къала-иу тракторы шатунтæ алы бон дæр подтяжкæ кодта, — уæды хабæрттæ æрлæууыдысты Фæрниаты Данелы зæрдыл, — æмæ-иу йæ рæстæгæй дуне схардз ис. Сæрды Гогки Ленинградæй ссыди. Æз æм бацыдтæн æмæ йын загътон: «Нæ трактор ма нын фен». Мæ мады хо Дзыгойы лæппу у Гогки. Æрбацыди, байхъуыста Къаламæ æмæ мæнæн афтæ: «Картер ма раппар». Йæ курдиат ын сæххæст кодтон. Ша- тунтæм базылди æмæ мæйы дæргъы нал сызмæлыдысты... Чи- ныг тынг бирæ уарзта Гогки, махæн-иу мæйрухсмæ чиныг кас- ти... » «Гогки Мæскуыйæ Темырмæ фыста: «Дæхи исты амæлттæй бацæттæ кæн æмæ рацу ардæм ахуыр кæнынмæ». Ацыди Те- мыр Мæскуымæ, æмæ йæ трактор иуцасдæр æнæ хицауæй баззади. Иу рæстæджы тракторы чидæр атардта (цыма Æлбега- ты Харбе уыди) æмæ дзы Токатæ фервæзтысты. Темыр сахуыр кодта, тæхæг дзы рауади æмæ Мæскуыйы цæргæйæ баззади» — ацы хабар дæр мын Федуся радзырдта. Токаты Дзандар Гогкийæ загъта: «Уыди фыццаг тракто- рист. Курдиатæй æххæст рауади. Лæдзæг-иу йæ дзыхы бакод- та, æнгуылдзтæ-иу йæ хъусты батъыста æмæ-иу базыдта, трак- тор цы хъуаг у, уый. Иу хатт та горæты уынджы федта, иу лæг йæ тракторимæ архайгæйæ куыд хъизæмæрттæ кодта, уый. Афтæ йын: «Бар мын радт æмæ йæм æркæсон». Гогки уайтагъд ску- сын кодта трактор...» Гогки иунæгæй нæ ацыди Мæскуымæ, зæгъгæ дæр загътой: фембал ын ис Закаты Бачче. Загътой: фæйнæ роды Змейкæйы ауæй кодтой æмæ — сæ фæндаггаг цæттæ. Бацыдысты раб- факмæ. Бон кусгæ кодтой, изæрæй — ахуыр, афтæмæй йæ каст 6Махдуг№5, 19976 81
фесты. Уый фæстæ сæ ахуыры фæндæгтæ фæхицæн сты. Бач*Я бацыди Бастдзинады академимæ. ;1 Уæлдæр ма йæ загьтон: Токайы-фырт бирæ азты дæргъй иртæст уыди Советты бæстæйæ. Йæ кой-иу куы рауад, уæддае! ныгъуылдæй. Алы .зæрдаив ныхæстæ дзы кодтой. Æмæ адæм щ дзурынц, уыдон, чи зоны, æдзух бæлвырд нæ вæййынц, фæлæ йæм æдзухдæр хорз зæрдæ кæй дардтой, уымæн та ирд æвдисæн сты. 1 Сера Уайты очерк та Гогкийæн йæхи ныхæсты бындуры| арæзт у. Уый афтæ фыссы: «Революцийы сæйраг нысантæй щ уыди, цы гæнæн ис, уымæй хуымæтæг адæмæн ахуыры æппæ! фадæттæ саразын. Адæм уыцы хъæппæрисмæ иу цæстæй нæ кастысты. Гъе æмæ дард ирыстойнаг фæллойгæнæджы фыр? Токаты Гогкийы цард ирд æвдисæн у, кусæг къласы бон цы саразын у, уымæн. Рабфактæ кæй хуыдтой, уыдон уыдысты кусджыты Университеттæ. Паддзахад сæ сæрмагондæй байгом кодта Токайы-фырты хуызæн хуымæтæг кусджыты цотæн. Ре- волюци, мидхæст æмæ æххормаг азтæ уыдонæн нæ радтой ны- выл уавæрты райдиан æмæ астæуккаг ахуырад райсыны фадат. Фæлæ царды чи сфæлтæрдта, уыдонæн рабфактæ басгуыхтыс- ты ахуыры фæндагыл дарддæр ацæуыны æмæ уæлдæр ахуырад райсыны фæрæз. Гъе, уыдонæй уыди Хрущев дæр, уæвгæ ахуыр- гонд Токайы-фырты æмæ политик Хрущевы кæрæдзиуыл абарæм, уый нын аив нæ уаид. Токайы-фыртмæ тракторист-механикы дæсныйад кæй уыди, уый йын фæндаг байгом кодта уæлдæр ахуырадмæ. Йæхæдæг куыд нымайы, афтæмæй уый уыди Цæгат Кавказы фыццаг трак- тористтæй иу. Америкаг «Фордзоныл» кæй куыста, уый* бæлвырд хъуыды кæны. Гъе, тракторы механикæимæ æрыгонæй кæй базонгæ, уый йын тынг фæпайда: Ленинграды рабфачы ахуыркæнгæйæ йæм фæзынди инженер-механичы теори æмæ практикæ базоныны тырнындзинад. 1930 азы Мæскуымæ куы ацыди, уæд цасдæр рæстæг йе ’ргом аздæхта паровозты теори æмæ сæ арæзт сах- уыр кæнынмæ. Уый та уыди, Рабфак Бауманы номыл Уæлдæр техникон училищемæ кæй хауди, уый фæрцы — уым цæттæ кодтой паровозтæаразыны дæсныйадыл хæст инженерты. 1932 азы майы, Рыковы номыл Рабфак каст фæуыны фæстæ, Токаты Г. А. æрвыст æрцыд Бауманы номыл УТУ-йы механи-; кон факультетмæ. Гъе, уыцы рæстæг Гогки сси партийы уæнг! æмæ партийы амындмæ гæсгæ æвæрд æрцыди аэронавтикæ æмæ космосон технологи сахуыр кæныны фæндагыл: уыди, хæстон- уæлдæфон тыхтæ чи сфидар кодтаид æмæ æппæт дунейы дæр 82
:,ындгонд Жуковскийы номыл хæстон-уæлдæфон Академимæ ^рвыст чи æрцыд, уыцы мин партионтæй иу. Уым фæцахуыр ]:0дта фондз азы. Академи фæуыны фæстæ Гогки æнæрынцойæ хызт иу бæрзонд къæпхæнæйиннæмæ. 1937 азы бахъахъæдта дипломон проект æмæ йын паддзахадон къамисы уынаффæмæ гæсгæ •>зевæрд æрцыди Академийы Аэронавтикон лабораторийы ин- ;ченер-иртасæджы бынат. Афæдзы фæстæ сси уыцы лаборато- рийы хицау. Уый кары адæймагæн уый уыди стыр кад. Уæд ыл цыди 23 азы. Уым бакуыста суанг 1941 азмæ. Уыцы Академи уый размæ каст фесты советон авиацийы æмбисонды дæснытæ Ильюшин, Кузнецов, Яковлев, Артем иикоян. Токайы-фыртæн йæхи куыстæн разамынд лæвæрдтой æмæ йе ’мтохгæнджытыл нымад дæр уыдысты советон аэро- иавтикæйы бындурæвæрджытæй бирæтæ — академик Б. Н. Юреньев, академик Борис С. Стечкин, профессор Владимир В. Голубев, профессор Борис М. Земский æмæ æндæртæ. Уыцы уавæрты Токайы-фырты куыст комкоммæ баст уыдис бæстæйы иннæ авиацион æмæ ракетон организацитимæ. Уыдон уыдысты Хæстон-уæлдæфон тыхты паддзахадон наукон-иртасæг инсти- тут, Централон аэро-гидродинамикон институт, Ракетон на- укон-иртасæг институт æмæ æндæртæ. Уыдоны руаджы разын- дысты советон авиаци æмæ техникæ (æддаг дуне нæ, фæлæ советон адæмæн сæхицæй дæр сусæггонд цыди сæ куыст). Токайы-фыртмæ ракетæтæ базоныны зонд фæзынди Кон- стантин Циалковскийимæ куы сæмбæлди, уæдæй, 1933 азæй, фæстæмæ. Уæд райдыдта ахуыр кæнын Евгений Зенгеры чиныг «Ракетон техник». Ныр ын фæци, «Ног техникæйы бюроимæ» æдзух баст цæмæй уа, уыцы фадат. Уыцы бюро арæзт æрцыди хæсты размæ æмæ’йæ хæс уыди дунейы авиаци æмæ ракетæты тыххæй фыст куыстытæ æмæ теоритæ ахуыр кæнын, Токайы- фырт æнгом баст уыди ракетæ «Катюшæ» саразæг конструк- тортæ Клейменов, Королев æмæ Лангемакимæ, хорз зыдта фыццаг уырыссаг реактивон куынæнггæнæг хæдтæхæг БИ—1 саразæг Болоховитиновы. 1941 азы Токайы-фырт сси 3-аг къæпхæны хæстон инженер, хæдтæхæгаразæг инженер-механик, техникон наукæты канди- дат. 1943 азы йын ССР Цæдисы Уæлдæр аттестацион къамис саккаг кодта хæдтæхджытæаразæг кафедрæйы ахуыргонд до- Центы ном. Ныр уый сси фидар интеллектуалон принциптæй хайджын хæдбар ахуыргонд». 83
Сера Уайт куыд фыссы, афтæмæй хæсты фæудмæ Гогки уыдга немыцаг ракетон техникæ хорз чи зыдта, уыцы стæЦ адæймæгтæй. Иннæ эксперттимæ йæ Советон хицауад арвыст| Германмæ. Семæ уыди, æфхæрд чи ’рцыд æмæ ныр концла! герæй кæй ракодтой, уый дæр — Сергей Королев. Сæ разма^ лæууыди немыцаг ракетæты технологи æмæ ракетон авкащ сахуыр кæныны бæрнон хæс. 1 Гогкийы царды уыцы азты тыххæй бæстон информаци ра^ зынди Сидахъаты Юрийы уац «Мистер «Х»-ы (кæс газет «Пра^ вительственный вестник» № 2, 1992 аз). Ацы уац ныффыссый авторы къухы бафтыди, Паддзахадон Æдæсдзинады комитеты архивтæм цæуыны бар ын кæй уыди, уый руаджы. < Фашистон Герман састы бынаты кæй баззайдзæн, уый гуып рысхойаг куы нал уыди, уæд цæдисон паддзахадты сæрмагонд службæйы кусджытæ сæлхæрты хуызæн систы — хæстон сус- æгдзинæдтыл цуангæнæг резидентон къордтæ æмæ хицæн агенттæн лæвæрд цыди, ахсджиагдæр нæй зæгъгæ ахæм хæс. — Хъуамæ ссардтаиккой, дæрæнгонд рейхы хæдтæхæгаразæг фир- мæты сусæгдзинæдтæм сæ чи бахуыдтаид, ахæм фæндæгтæ., Хæсты рæстæг «Мессершмитты», «Фоке-Вульфы», «Юнкер-} сы» æмæ «Хейнкелы» конструкторон бюроты гуырыдысть^ дардмæтæхæг куынæггæнæг æмæ бомбæцпарæг хæдтæхджыты! проекттæ. Уыдон ифтонггонд цыдысты реактивон мотортæй æмæ гæрзифтонг уыдысты удеды рæстæджы æппæты ногдæр’ хæцæнгæрзтæй. Хæстон карз уавæрты ерысы бацыдысты АИШ-ы, Англисы^ Германы æмæ Советон Цæдисы конструктортæ, — маневыртæ; кæнынмæ кæй хæдтæхæг рæвдздæр разына,* тагъд æмæ дардмæ’ тæхæг хæдтæхджытæ кæй къухы раздæр бафта, цæвиттон, сæ| тактикон-техникон æууæлтæм гæсгæ кæйонтæ æнаипдæр’ рауайой. Гъе, уыцы рæстæг мах «ТУ-2», немыцаг «Юнкерс-^ И8А» æмæ «Хейнкель—НЕ1Н»-æн сæ бон æнæ æрбадгæйæ ат-^ æхын уыди 2000 километры дæрддзæгмæ. Англисаг «Ланкас^ тертæ» та тæхын байдыдтой 4000 километры дæрддзæгмæ. ’, Уæды онг авиацион техникæйæн бирæ фæлварæнтæ аразы^ ны фадат нæ уыди, фæлтæрдтой сæ карз хæстыты рæстæг^! Хæстон хæдтæхджытæ сахатмæ 600—700 километрæй дарддæр] нæ тахтысты. Фæлæ хæдтæхджытæ мотортæ реактивоЕ|| хъомысæй кусын куы байдыдтой, уæд сæ уынæрæй уæлдæф^ 84
гæгæлтæ хаудта. Уыцы рæстæджы фюреры бункеры (фидары) ^егæрон ныфс сæм чи гуырын кодта, уыцы æнахуыр дзырд «ФАУ» йедтæмæ .æндæр дзырд нал азæлыди. Уыцы ног про- скт райгуырд Фон Брауны конструкторон бюройы, уымæ гæсгæ погæй рацарæзтой сæ хæстон пълантæ. Англисæгтыл мæлæты тас бафтауæм зæгьгæ Лондон æхсын байдыдтой «ФАУ—I» æмæ «ФАУ—2» ракетæтæй. Æндæр уыди советон паддзахады реактивон техникæйы рæзты фæндаг. Академик Борис Сергейы фырт Стечкин уыди уæлдæфон-реактивон тыхæй ифтонггонд фыццаг мотортæ са- разæг. 50-æм азты райдианы арвмæ сфардæг сты Туполевы, Яковлевы æмæ Ильюшины конструкторон бюроты арæзт фæлварæн—эксперименталон реактивон цалдæр хуызы куы- нæггæнæг хæдтæхæджы. Немыцаг «ФАУ»-тæ дардмæ кæй тахтысты, уый домдта ан- глисаг конструкторты, цæмæй ракетæаразыны хъуыддæгтæ фæтагъддæр кæной... Гъе, æмæ немыцаг хæстон уæлдæфон тыхты æмæ конструкторон бюроты сусæгдзинæдтæ цæдисон- ты сæрмагонд службæтæн систы цыбæлгæнæг фæсайæны хуы- зæн. Уыцы проекттæ кæм æмбæхст сты, сæ автортæ чи сты, уыдæттæ сбæрæг кæнын æрмæстдæр сæрмагонд службæты бон уыди. Немыцаг конструкторты сейфты æфснайд æмбæхсинæгтæй мах фылдæр фæуа зæгъгæ цæдисонты сгар- джытæ ерысы бацыдысты. Америкаг сгарджытæ, æвæццæгæн, сусæг бастдзинæдтæ сарæзтой, удмидæг ма чи уыдысты, рейхы уыцы сæрмагонд службæимæ, æндæр-иу махонты разæй Фон Брауны конструкторон бюромæ фæндаг куыд ссардтой? (Не ’фсæддон хæйттæ Германмæ цæдисонтæй раздæр бацыдысты). Немыцы конструкторты сусæгдзинæдтæ цæдисонты къухтæм куы бахауой, уымæй тæссаг уыди æмæ змæлын хъуыди рæвдздæр. Гъе, уымæ гæсгæ оккупацигонд паддзахадмæ æвæсти- атæй æрвыст цыдысты хæстон хъуыддæгтæ зонæг дæсныты къордтæ. Уыцы къордтæй иуы сæргъы лæууыди Токаты Гогки. 1945 азы июлы Токайы-фырт Германмæ арвыста Советон Цæдисы хæстон уæлдæфон тыхты кадрты разамынд. Бакодтой йæ, Советон хæстон авиацийы администрацийæн Германы цы хайад уыди, уый бæрны. 1946 азы онг та Гогки фæкуыста маршæлтæ Жуковы æмæ Соколовскийы секретариаты. Немы- цагау æдæрсгæ кæй дзырдта, техникон æмæ политикон æгъда- уæй хæрзифтонг кæй уыди, уый руаджы йын цыбыр рæстæгмæ Цы саразын бантысти, уыдоны тыххæй хицауадæн фехъусын кодта. Цы вазыгджын уавæрты архайдта, уый бамбарыны 85
тыххæй зонын хъæуы, фæсхæсты азты Берлины цытæ ЦыдЦ уыдæттæ. Гогки ацы горæты йæхи бирæтимæ сбаста æмæ-иу ь! уыдоны руаджы фæци Германы хуыздæр авиаконструкторты бя зоныны фадат. Фæлæ сын сæхи фæдыл дæр зылдысты фæсараеЯ наг сæрмагонд службæты агенттæ. Гогки йæхицæн равзæрста бый æттон цæрджытæй лæггадгæнджытæ. Йæ шофыр уыди Вилли Щ сылгоймаг лæггадгæнæг — Гертруда. Фæстæдæр Виллийы баив-й Норбертæй. Хъуыддаджы фæдыл-иу искæдæм куы цыди, уæд-ш машинæ йæхæдæг тардта, уый уымæн æмæ Виллийыл фæгуыры! хо, сæ фæдыл зилджытæн æххуыс кæны зæгъгæ. щ Гогкийы сæйраг хæс уыди, Советон Цæдисы кусын чи баё| тыдтаид, ахæм немыцаг зындгонд специалистты ссарын. 194| азы Токайы-фырт базонгæ немыцаг профессор Курт Танкима^ Уый царди, англисаг зонæмæ чи хауди, ахæм горæт Шадек| бургы. Уыимæ йæ сбаста Витенберджы горæты цæрæг Шланг^ (уый та уыди советон зонæйы). Шланге Гогкийыл æмбæлыв кодта Танкы фыстæджытæ. Профессор фыста: цы уавæртй цæрдзынæн, уыдон мæ зæрдæмæ куы фæцæуой, уæд разы дæв Советон Цæдисы пайдайæн кусыныл. 1947 азы августы мæй Танкы минæвæрттæ Хилль æмæ Дюш- тердик фæзындысты советон зонæмæ, семæ æрбахастой проф* ессоры курдиат, советон командыкæнынадимæ баныхас кæны- ныл разы кæй у, уый тыххæй. Дæлбулкъон Токаты Гогки уæ/ улæфгæ кодта æмæ йæ æвæстиатæй йæ куыстмæ рацæуын код* той. Августы кæрон Токайы-фырт æмæ Клыков (уый дæр — дæлбулкъон) Танк, Хилль æмæ Дюштердикы æрбаластой Кар: лсхорстмæ æмæ сæ къуырийы æмгъуыдмæ æрцæрын кодто* хицæн хæдзары. Немыцæгтимæ Гогки баныхас кодта æнæ искæ* æххуысæй, инæлæрттæ Александров, Баринов æмæ Дратвин п бацагуырдтой тæлмацгæнджытæ. Кæронмæ нæ бафидыдтой, афтæмæй уал Танкы ауагътой, дыууæ къуырийы фæстæ та нæл фæзындзынæ зæгъгæ, ахæм дзырдæй. Фæлæ сæм йæ бæсть; фæзынди Хилль йæ писмоимæ. Уым ранымадта, Советон Цæдись кусыныл разы цæй тыххæй нæу, уыцы æфсæнттæ. ) Гогки бирæ хæттыты сæмбæлди, Танк кæм куыста, уыцьа конструкторон бюройы сæйраг специалисттимæ æмæ уыдонь! руаджы йæ къухы сусæг документтæ æмæ æндæр ахсджиа^ зонинæгтæ нæ бафтыдаид, уымæн уæвæн нæ уыди, æмæ профеЫ сор йæ фæнд кæй аивта, уый йын хъуамæ ныххатыр кодтаиккой,' Фæлæ Токайы-фыртæн уæдæй фæстæмæ йæ куыст нывыл нал ацыди, уазал цæстæй кæсын æм райдыдтой, йæ фæдыл зилджыта^ фылдæрæй-фылдæр кæй кодтой, уый дæр фиппайдта. 86
Гогкийы хъысмæт цæхгæр чи фæзылдта, уыцы хатдзæгмæ кæд æрцыд, уый базоныны тыххæй Сидахъаты Юри лæмбынæг гахуыр кодта архивты æрмæг. Ахæм хатдзæгмæ æрцыди: про- фессор Танк ракетæтæ аразыны хъуыддагыл дарддæр кусыны тыххæй Советон Цæдисмæ кæй нал ацыд, уый советон сæрма- гонд кусджыты «гуырымыхъ архайды» аххос кæй у, Гогки уый ;енхъæл нæ уыди. Советон æфсæддон администрацийы кус- джытæн бамбарын кодта, чысыл ницæйаг хъуыддаджы тыххæй ахæм специалистæй æнæхай цæмæй ма фæуæм, ууыл архайын хъæуы зæгъгæ. Уыдон ын загътой: «Танкы нын нæ роны тъыс- сы англисаг разведкæ». Гогки та сæм фæрæвдз ис: «Уый тыххæй уыдонæн арфæ кæнын хъæуы». Æмæ йын уæд æртхъирæнгæнæ- гау афтæ бакодтой: «Хъуыддæгтæ Мæскуыйы лæмбынæг равзар- дзысты». Танкмæ куы «джигултæ кодтой», уæд Гогки семæ нæ уыди, дæумæ та цы хъуыды ис зæгъгæ йæ фæрсæг нæ фæци, уымæ гæсгæ хъуыддаг кæй нæ фæрæстмæ, уый тыххæй дзуапп хъуамæ æндæртæй домдтаиккой. Гъе, уыцы æндæртæ та бав- дæлдысты æмæ хабар æвæстиатæй Мæскуымæ фæхæццæ кодтой. Уæдæй фæстæмæ Токайы-фырт цыма ауындзæгæй аззади. 1947 азы 10 октябры рапорт балæвæрдта йæ разамонджытæм, цæмæй йæ Советон Цæдисмæ фæстæмæ кусынмæ ауадзой. Загъта: Гер- маны фæдæн 2 азы æмæ 3 мæйы æмæ мын уыцы рæстæджы дæргъы нæ уыди наукон æмæ ахуыргæнæджы куыстытæ кæныны фадат. Кæронмæ йæ фæуын хъуыди йæ докторы диссертаци дæр. 1947 азы 1 ноябры йын уыцы бар радтой, йæ дзаумæттæ контейнеры бафснайдта æмæ сæ шофыр вагзалмæ аласта. Фæстæдæр уыцы шофыры куы фарстой, уæд загъта: «Фондз сахаты фенхъæлмæ кастæн багажы хицаумæ æмæ куынæ фæзын- ди, уæд фæстæмæ йæ фатермæ æрбаздæхтæн. Токайы-фыртæн йæхи нал баййæфта, фæлæ йын лæггадгæнæг радта 100 мар- кæйы, уыдон дам, дын дæ куысты тыххæй ныууагъта. Токаты Григорий сæвæрдта цалдæр чумæданы йæ машинæйы, сбадын кодта йæ бинойнаг æмæ йæ чызджы æмæ йæ машинæ скусын кодта. Уый фæстæ сæ сыхæгтæй ничиуал федта. Гогки куы цыди, уæд сыхæгтæ æмæ йæ бинойнагæн загъта: «Цæуæм вагзалмæ». Цæугæ та акодта англисаг зонæмæ. Сера Уайты очеркæй базонæм, Токайы-фырт уыцы зын са- хат цы зæрдæрис бавзæрста æмæ йæ бинонтимæ англисаг зонæмæ йæхи айсынвæнд цæмæн скодта, уыдæттæ. Йæ фæдыл зилдж:ытæ куы сарæх сты, уæд фыццаджыдæр йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, хорз кæй зыдта, советон цар- дарæзты сæраппонд йæ цард æгасæй дæр нывондæн чи æрхас- 87
та, уыцы хæстон стыр разамонджыты иу рæстæджы куй| сæфтой... Уыцы бæллæхтæ йын йæ зæрдæ сфæйлыдтой... Фæл| авиацийы æмæ ракетæтæ аразыныл иумæ кæимæ куыста, й| уыцы æмбæлтты — Клейменов æмæ Лангемакы куы агæрах кощ той, Королевы куы æрцахстой, уæд цы зæрдæрис бавзæрста уый та ныр сног ис. Партийы уæнг уæвгæйæ куыд æбар разыш ди, уый дæр ыл æртæфсти. Йæ Райгуырæныл иузæрдион хъæбу! æмбæрста, бæстæйы æдасдзинадæн уыцы бæллæхтæ цы стьга зиантæ æрхæсдзысты, уый. Цæмæйдæртимæ разы кæй нæу, уы| æмбæхсын йæ бон нæ уыди æмæ йæ 1941 азы кæрон Аэродина| микон лабораторийы хицауы бынатæй æривтой уыцы Акаде| мийы наукон-иртасæг хайады хицауы хæдивæджы бынатмæ. Й æмæ уæд йæ сæрыл фидарæй сдзырдтой йе ’мкусджытæ. ЦаЛдæ| мæйы фæстæ Жуковскийы номыл академийы райдыдта лек? цитæ кæсын, уыцы иу рæстæг куыста Мæскуыйы инженеро^ институты. < Токайы-фырт англисаг зонæмæ йæхи кæй айста, уымæн м^ уыди æндæр æфсæнттæ дæр. Гогки йæ къордимæ Берлины ць техникон информаци амал кодта, уый лæвæрд цыди Мæскуы’ мæ Королев æмæ уый къордмæ. 1947 азы Мæскуыйы Политбк* ройы æмбырды Токайы-фырты саккаг кодтой Советон Социа* листон Республикæты Цæдисæй Германмæ кæй хъуамæ ар: выстаиккой, ракетæты æмæ авиацийы уыцы сæйраг специалио ты бынатмæ. Сталины уынаффæмæ гæсгæ йын йæ къамись сæргъы сæвæрдтсж Мидхъуыддæгты Адæмон комиссариатй хицауы фыццаг хæдивæг инæлар-булкъон И. А Серовы. Къами; сы уæнгтæй сфидар кодтой Василий Сталин æмæ академи* Келдышы. Токайы-фырт разы бæргæ нæ уыд, уыдоны дæлба| æй кæй бакодтой, уымæй, фæлæ йын æндæр гæнæн цы уыд Æмæ йыл Серов æндзарынæй нæ бацауæрстаид. * * * 1951 азы Реуазты Ладикко ахуыр кæнынмæ бацыди 23-æл Хæстон-авиацион училищемæ Читайы облæсты. Уым курсант’ ты къухы федта ахуыргæнæн чиныг «Учебник по теории авиа^ ционных моторов и двигателей» æмæ йæ зæрдæ ныссæххæ’И ласта — йæ ныффыссæг уыди Токаты Григорий (Гогки). Йй зæрдыл æрбалæууыди — Токаты Цыччытæм арæх цыди æмй уыдонмæ федта ацы чиныг. Токайы-фыртæн уыцы рæстæдж^ йæ кой скæнæн дæр нæ уыди, цыфыддæр знагыл æй банымаД? 88
, ой æмæ ма йын уæд йæ чиныгæй куыд пайда кæнынц? Ладик- ио ахъуыды кодта: «Æвæццæгæн сæм æндæр чиныг нæй». Политикон репресситы амæддæгты растгæнæг Цæгат Ирыс- .оны-Аланыстоны Къамисы сæрдар Сидахъаты Юри йæ уац «Преодолев земное притяжение»-йы/«Северная Осетия», 1995 аз, № 6) фыссы: «Махмæ ис, стыр фидæн кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы æрыгон ахуыргондæн Берияйы сæркъуыртæ æгъатыр гæрхон кæй цæттæ кодтой, ууыл дзурæг фаг æвдисæйнæгтæ, гъе уымæ гæсгæ Хæстон-уæлдæфон тыхты хистæр афицер То- каты Гогки цæмæй йæхи æмæ йæ бинонты цард бахъахъæдта- ид, уый тыххæй йын англисаг зонæмæ бацæуынæй хуыздæр мадзал нæ уыди». Гогкийы сурæт цæмæй цæстыты раз æххæстæй слæууа, уый тыххæй йын арф бамбарын хъæуы йæ царды мидис. Хуыцауæй йын цы æгæрон курдиат лæвæрд у, уымæн барæнтæ ссарын хъæуы. Уыцы барæнтæ сты наукон-техникон дуджы зонын- джынтæм. Байхъусæм уыдонæй иуы — Великобританийы Ави- ацийы Маршал, аивæдты Магистр, Хæстон-Уæлдæфон Советы уæнг Виктор Годдарды ныхасмæ (ныхас кодта Ахуыргæндты гом Советы æмбырды 1973 азы 8 сентябры. Лæвæрд цæуы цы- быртæгондæй): «Иттæг æхсызгонæй уæ базонгæ кæндзынæн доктор-профессор Токатиимæ — мыхуыры æмæ радиомæ гæсгæ та — «Токаев». Аэронавтикæйы колледжы доктор Токайы- фырты фæзынд йæ рæстæджы канд стыр цау нæ уыди, фæлæ нымад æрцыд сенсацийыл. Уый размæ Уæрæсейы каст фæци хæстон-уæлдæфон Академи æмæ иу университет. Уыдонмæ йын фæндаг байгом кодта наукæйы æмæ технологийы паддзахадон скъола. Махмæ Кранфильды иттæг æнтыстджынæй каст фæци Аэронавтикæйы Колледж. Ныр æй нал сусæг кæнæм: иуцасдæр нæ мадзæлттæ аразын бахъуыди, не ’нахуыр уазæджы æнцойдзинад бахъахъæныны тыххæй». Годдард зæгъы зæгъгæ Токайы-фырт у, наукæ æмæ техно- логи йæ царды мидис кæмæн сси, ахæм адæймаг. Зæгъы: адæй- магæй диссагдæр ницы сфæлдыстæуыд зæххон дунейæн. Адæй- маджы миниуджыты æппæты æмбисонддæрыл та нымайы зонд. 89
Профессор Токайы-фырты цард уымæн рауади уæлдай ирддае! æвдисæн. Чи зоны, йæ уыцы миниуджыты суадон у йæ ир6| æрдз, йæ ирон удыхъæд. Уыцы хуызы та йæ мах фаг нæ зонæщ Иуцасдæр мæм диссагау дæр кæсы ныронг ахуыргонд ис| триктæй иу дæр кæй нæ афæлвæрдта авиаци æмæ аэронавтика баиу кæныныл. Профессор Токайы-фырт ацы хъуыддаджы йæхй тынг равдыста — хæсты быдыры архайæг хивæнд хæстонау йæхи баппæрста зындæр ранмæ æмæ сарæзта нæ тæригъæдджы^ зæхх æмæ æгæрон æрвон тыгъдад бæттæг уæрæх хид. Бамба^ рын нæ хъæуы уый, æмæ ам канд æгæрон курдиаты хицау ыЦ тематик æмæ физик кæй нæ хъуыди, — ам хъуыди сæдæгаи азты хъуыдыкæнынад æмæ зондиугæнæг бирæ нациты кулМ турæ. Агрокультурæ æмæ анатомийæ, философи æмæ астро^ номийæ, гидростатикæ æмæ метеорологийæ, хæххон инженер^ æмæ химийæ, ядерон физикæ æмæ аэродинамикæйæ «Апол* лон» æмæ æндæр ракетæты æхсæн уыди æгæрон стыр быдыртæ. Æмæ ам хъуамæ æз бафиппайон: профессор Токайы-фыртæн уыцы æгæрон дæрддзæгыл ахизын йæ къухы бафтыди æнцонæй æмæ, рæгъмæ кæй рахаста, йæ уыцы иумæйаг теори рауади æмбисонды хорз. Уæлдæр æй бафиппайдтон: профессор Токайы-фырт гуыр- дзæй у ирон, ис æм ирон туг. Райдианы уый сси трактор зонæг механик, 1930 азæй фæстæмæ йæ цард сбаста наукæ æмæ тех- нологиимæ. Доктор Токати уыди тыхджын интеллектуал, бацыди «стыр наукæйы» дунемæ, йæ принциптæ уыдысты фидар, гъе, уымае гæсгæ мæ бон у зæгъын: абон уа, райсом уа, господин Стали- нимæ ма фæныхæй-ныхмæ уыдиаккой, уымæн уæвæн нæ уыди. Берлинæй Лондонмæ куы æрбафтыд, уæд райдианы æрбына- тон Паддзахадон Колледжы Наукæ æмæ Технологийы Депар- таменты, уырдыгæй йæ йæ профессион хъомыс æркодта Кран- фильдмæ, Аэронавтикæйы Колледжмæ. Уæд æз уыдтæн Кол- леджы хицау, райстон æй æмæ æрбынатон ахуыргæнæг — проф- ессорты æхсæн. 1953 азы доктор Токайы-фыртæн йæ бæрны бакодтам фре^ онгазыл арæзт Аэродинамикон хæтæл кæронмæ саразыны æмаё эксплуатацимæ лæваерд цæмæй æрцæуа, ууыл бацархайыны хæс Хъуыды кодтам: «ацы уырыссагæн» дæр йæ размæ уыдонау йæ бон ницы бауыдзæн. Фæлæ, æнхъæл куыд уыдыстæм, уымæй бирæ раздæр федтам ацы зонынджыны куыст — ничи йæм ницьУ бар дардта, иунæгæй куыста, афтæмæй нæ дисы бафтыдта;| цалдæр азмæ нæ, фæлæ нын цалдæр мæймæ нæ размæ рахаст^ 90
дзыхъынног теори æмæ уыцы проблемæ практикон æгъдауæй лыггæнæг æргом мадзæлттæ. Хъуыды ма йæ кæнут: мæ иу ныхасы загътон: «Кæд уырыс- саг ахуыргæндтæ сегас дæр ахæмтæ сты, уæд нæ фæтагъддæр кæнын хъæуы». Æмæ диссаг нæу, доктор Токайы-фырт уайтагъддæр Сити Университетмæ хуынд кæй æрцыд, уый. Ам ын йæ бæрны ба- кодтой Аэронавтикæ æмæ космосон Технологийы Департаменты сæргьлæууæджы хæстæ. Университеты сæргълæууæг Джеймс Тайт, профессор Токайы-фыртæн æрæджы цы чиныг рацыд, уый тыххæй йæ рецензийы афтæ фыста: «Цыбыр рæстæгмæ Токайы-фырт Сити Университеты Аэронавтикæ уæлдæфон тым- былæджы æмвæзæй систа æппæты нырыккондæр космонав- тикæйы бæрзæндмæ». Профессор Токайы-фырт йæ фæлтæрæнты руаджы бар- æстытæ кодта, наукæйы истори æвдыст кæм цæуы, уыцы чин- гуытæ. Йæ æнувыд лымæн профессор, доктор Теодор фон Кар- ман йæ хæлары «æгæр бирæ чи зоны», ахæм лæг кæй рахуыд- та, уымæй ницы мæнг загъта. Ууыл дзурæг сты Токайы-фырты чингуытæ, уацтæ, лекцитæ, радио æмæ телеэкранæй раныхæстæ. Ахæм адæймаг кад скæндзæни Оксфорды æмæ Кембриджы кæцыфæнды департаментæн дæр. Мæнæ ныр мæ хъустыл æрцы- ди, зæгъгæ йæ хоны Лос-Анджелесы Калифорнийы универси- тет. Уыдонæн мæ дзуапп у: нагъ, Токайы-фырт хъуамæ баз- зайа Англисы». Сидахъаты Юри дзуры, Гогкийæн тæрхон куыд хастой, уыд- æттыл дæр. Тæрхон ын кодтой фæсаууонмæ. Хæстон трибунал йæ дуарæхгæд æмбырды 1949 азы 25 январы Гогки æмæ йæ бинойнаджы тыххæй сæ уыныффæ аскъуыддзаг кодтой: 25 азы æмгъуыдмæ ист æрцæуæнт — сæ бартæ, сæ бынтæ сын кон- фискаци скæнгæйæ. Сæ уынаффæйы загъд уыди: йæ бинойнаг æмæ йæ чызгимæ райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацыдыс- ты, Англисмæ алыгъдысты, уым рапарахат кодтой советон цар- дарæзтæн знаггадхæссæг куыст. Газет «Социалистическая Осетия»-йы фæзынди Токаты Гогкийы «æцæг цæсгом æвдисæг» уац. Иутæ дзырдтой: «Хуын- ди «История одного предательства», иннæтæм гæсгæ — «Ис- тория одной измены». Æз мæхæдæг, хъыгагæн, нæ кастæн æмæ алкæй дæр фарстон: кæцы аз фæзынд уыцы уац? Алы азты алы 91
мæйтæ мын амыдтой, æмæ афтæмæй афæлдæхтон къорд азн комплекттæ, фæлæ йыл нæ фæхæст дæн. Уацы мидисæй дæр сЦ фарстон — бæлвырд ныхас дзы нæ цыди, гъе, хус ныхæста! дам-думтæ, фыдгойтæ... 1 Гогки Берлины куы уыди, уæд æм фыстæджытæ фыста йэа хæстæг æрвад Георги. Хъомыл кодтой иумæ, кæрæдзиуыл æну| выд уыдысты, фыстой писмотæ. Георги уæд куыста Кировь| райæххæсткомы. Иуахæмы Гогкийæ цасдæр писмо нал райста| уæддæ’р та-иу æм йæхæдæг хабæрттæ арвыста... *< Лæгæй-лæгмæ ма йæ хæсты размæ 1941 азы федта. Георг^ йæ рæуджытæй фæсæйгæ æмæ йæ партийы Цæгат Ирыстонв! обком арвыстой Мæскуыйы партийы горкомы санаторимæ] Гогки уæд царди, «Специалистты хæдзар» кæй хуыдтой, уымЦ Æмæ йæ Георги бабæрæг кодта. Уый уыди июны райдианьь Гогки йын дзырдта: «Ацы сæрд хæстæн æнæ райдайгæ нæй». Иу бон Георгийы Паддзахадон Æдасдзинады районы хайа^ ды хицау йæ кабинетмæ бахуыдта, йæ разы йын фыстæджытæ æрæвæрдта æмæ йæ бафарста: — Адон кæй фыст сты? Георги йæ фыстæджытæ ауынгæйæ, бадис кодта, аджих æмае афтæ: — Мæн. —Æмæ, кæмæ фыстай, уый дын цы бавæййы? •- — Гогкийы фыд æмæ æз дыууæ æфсымæры цот стæм, —^ дзуапп радта Георги. ПÆК-ы районы хайады хицау та загъта: — Гъе уæдæ дын æй хъусын кæнын — де ’фсымæр фалæмæ алыгъд æмæ дын дæ писмотæ фæстæмæ рарвыстой. Цы йæм фыстай? — Бакæс сæ... ... Чысиаты Ануси фæсурокты Ставд-Дурты скъолайае уынгмæ куы рахызти, уæд ауыдта: Токаты Дзибайы дуармæ —- дунейы адæм æмæ машинæтæ. Мацы сыл æрцæуæд зæгъгæ сæ^ стындзыдта. Милицæйы кусджытæ уыцы хъуынтъызæрфыг уыдысты. ^ — Дзибайы бинонты сегасы дæр бавæрдтой машинæйы. Дзи^ байы бинойнаг хъарæг кодта, йæ уæрджытæ хоста. Куы ниць) дам дзы зонæм, уæд нын ай цы у? Адæм сæ тæригъæдæй куыд-^ 92
той, алцытæ сын скъæфтой, — зæрдæриссæн хабæрттæ дзырд- га Ануси. Дзибайы хæдзары цыдæриддæр уыди фосæй, æндæрæй — аластой сæ. Хæдзары иу хай радтой Къубалтæн, иннæ æндæр кæмæндæр ауæй кодтой. Дзибайы фырт Хамби Зджыды куыста æрзæткъахæны хицауы хæдивæгæй. Иу бон æм фæдисы згъорд бакодтой «Дæ фыды дын æрцахстой!» (Дзиба 1918 азы бацыди болыневикты партийы рæнхъытæм, сырх партизанты рæнхъыты урсытимæ хæцыди). Хамби Дзæуджыхъæумæ раивгъуыдта. Йе ’фсымæр Валодя пединституты ахуыр кодта, царди Ватутины уынджы æмдзæрæны. Баййæфта йæ бынаты, æмæ йæ арвыста бæлвырд хабæрттæ базонынмæ, йæхæдæг уал йе ’фсымæры сынтæгыл йæхи æруагъта. Цасдæры фæстæ дыууæ лæджы æрбахызти æмдзæрæны уатмæ. Сæ иу Хамбийы афарста: — Ды чи дæ? — Токатæй дæн, — загьта уый, — мæ ном — Хамби. — Æмæ кæм вæййыс? — Садоны æрзæткъахæнты кусын. — Гъе, мах кæй агурæм, ды уый куы дæ! — Сымах мæ агурут, фæлæ уæм æз не ’нхъæлмæ кастæн, — сбустæ сыл кодта Хамби. Се ’вдисæндартæ йæм бавдыстой — разындысты Паддзаха- дон Æдасдзинады комитетæй, акодтой йæ семæ. Фæсæмбисæх- сæвы æртæ сахатмæ йæ сæ сасиртæй фæлорстой. — Дæ фыдыфсымæры тыххæй цы зæгъдзынæ? — афарстой йæ. — Æфсады уыдтæн æмæ йын йæ хабæрттæн ницы зонын, — загъта Хамби. — Фæстаг хатт ма йæ кæд федтай? — Æфсады размæ. Фæсæмбисæхсæв æй рауагътой, бонмæ фæфынæй кодта про- спекты бандæттæй иуыл. Уыцы рæстæг йæ фыд Дзиба бадти Бутырины уынджы ПÆК-ы ныккæнды. Дзибайы куы æрцахстой, уæд се ’рвадæлты лæппу, Быдзы- гайы фырт Ким уыди Елхоты паспорт исынмæ. Фæстæмæ здæхгæйæ Змейкæйы йе ’рдхорды бацагуырдта. Уæд паспорт райсын æнцон нæ уыди æмæ, йæ къухы кæй бафтыд, ууыл ба- Цин кодтой. Фынг ын сарæзтой, хъазт скодтой. Кафыдысты, худтысты. Бонырдæм сæм фæзынди Ставд-Дурты хъæуыхицау Аыууæ æфсæддон дарæсджынимæ. Токатæй цы хæсджын стæм, '1гуринаг цæмæн фæдæ зæгъгæ бауайдзæф кодтой Кимæн. Кимыл уæд сæххæст ис 16 азы, цыдæр ныл æрцыди зæгъгæ йæ 93
зæрдæ ныссæххæтт ласта. Хъæуыхицау ын афтæ: «Дæ мад дьш пысырайы æууæрцъытæ сцæттæ кодта æмæ, куынæ фæзындтае| уæд бæстæ фæдис скодта». Æфсæддонтæй иу — майор, инна| — дæлбулкъон. Кимы «Виллисы» куы сбадын кодтой, уæд сы| йæ зæрдæ фæкъæпп кодта: «Адон хуымæтæджы уазджытæ н| сты, цыдæр фыдбылыз мæм кæсы». ] Змейкæйы сæйраг уынджы машинæ фæурæдта, хъæуыхицау æрхызти, æфсæддон салам сын радта æмæ фæхицæн сты. \ Уæд Ставд-Дурты хъæуыхицау уыди Зæнджиаты Хъасбо- лат. Афтæ радзырдта: «Иуафон æхсæвы нæ дуармæ æрлæу-4 уыдысты машинæтæ. Æрбахостой нæм. Мæ дарæстæй цыдæртæ мæ уæлæ акодтон æмæ сæм акастæн. — Дæ къахыл# исты акæн æмæ немæ цом! — бардзырд дæттæгау мæм сдзырдта майор. Мæ зæнгтухæнтæ радавтон, æмæ сæ мæ къæхтыл æрбатухон, зæгъгæ куыд æргуыбыр код- тон, афтæ та мæ майор бадомдта: «Уыдон уадз! Рæвдздæр!» Мае цырыхъытæ стъыстон бæгъæввад къæхтыл æмæ йæ фæдыл рауадтæн. Кæрты мын бамбарын кодтой: «Ссарын хъæуы То- каты Кимы!» Машинæйы мæ абадын кодтой æмæ сæ дуармæ балæууыдыстæм. Кимы мад Дзегойы райхъал кодтон, хабар ын бамбарын кодтон. «Знон паспорт исынмæ районмæ ацыди Ким æмæ нæ фæзынди», — загъта Дзего. Æнафондзаутæ нæ бау- уæндыдысты зæронд усыл, хæдзары къуымты æрзылдысты, хуыс- сæнтæ сфæлдæхтой. «Змейкæйы ме ’мбалмæ баззайдзынæн загъта», — катайаг хъæлæсæй та сын бамбарын кодта Дзего, афарста-иу, цы фыдбылыз ракодта зæгъгæ. Зæрдæтæ йын ав- æрдтой: «Ахæмæй дзы ницы ис». Змейкæйы балæууыдысты, Кимы фысымты хæдзары алыварс цæг æрæвæрдтой. Хъасболат бацыди мидæмæ, Кимы аивæй ракодта. Аластой лæппуйы, Хъас- болат уыцы æнафоны рараст Ставд-Дуртæм. Уайтагъд йæ къæхтæ схаудысты, сæ туг рахъардта. Йæ цырыхъытæ йе ’ккоймæ сæппæрста æмæ бæгъæввадæй араст ис. Сæударæй йыл сæ цæст чи æрæвæрдта, уыдон-иу аджих сты. Сæ иу ыл бадис кодта: «Нæ хъæуыхицау фæивддзаг ис». Кимы баластой Елхоты милицæйы хæдзармæ, баджигул æм кодтой. Айстой йын йæ рон æмæ йæ чысыл хæрынкъа. Æмæ та йæ сбадын кодтой машинæйы. Сæ рæзты ратылди æндæр «Вил- лис» æмæ адоны машинæ уый фæдыл атындзыдта. Фæндагыд йае фарсмæ бадти булкъон. Иуахæмы йæм йе ’ргом раздæхта:" —Æз уыдтæн Англисы, федтон Гогкийы. Тынг мын фæдзæхста: «Ме ’рвадæлты мын-иу бабæрæг кæн». Æххуыс уын фæкæны? 94 5 &
— Фæкæны, — сæрыстырæй загьта Ким. — Писмотæ дæр уæм фыссы? — Фæфыссы, — æппæлыныл нæ ауæрста лæппу. — Арæх дзы исæм фыстæд’жытæ. Никуы истой Гогкийæ фыстæджытæ, æххуыс дæр дзы нæ зыдтой, фæлæ Ким сæрыстыр уыди йæ номдзыд æрвадæй, фа- дат ын фæци æмæ дзы æппæлыди. Сластой йæ республикæйы Мидхъуыддæгты Адæмон комис- сарадмæ, ныккæнды йæ смидæг кодтой. Афицер æм бахатыд, фæйнæ баназæм, зæгъгæ, фæлæ не сразы лæппу. Гогкийы тыххæй йæ къахтой. Загъта сын: «Иу рæстæджы ацыдтæн Мæскуымæ, мæ хистæр æфсымæр Дзандармæ, уырдыгæй- иу Гогкитæм бауадтæн, фæлæ йæ сæ хæдзары никуы баййæф- тон». Дыууæ мæйы фæстæ Кимы суæгъд кодтой. Фæндаггаг ын æхца 5 туманы радтой. Уынджы лæугæ раййæфта Хамбийы. — Дзибайы нæ федтай? — афарста йæ Хамби. — Æмæ Дзиба дæр ам ис? — ныддис кодта Ким. Хамби йын радзырдта, Дзибаимæ сæ иу æхсæв кæй ралас- той Ставд-Дуртæй, сæ разæй чи цыди, уыцы «Виллисы» кæй бадти Дзиба. Уый фæстæ Ким иу мæйы бæрц акуыста Бехъаны ГЭС-ы арæзтады. Сентябрь ралæууыд æмæ, техникуммæ бацæуон зæгъгæ йæ куыст ныууагъта. Хъæумæ ныххæццæ кæм уæрдо- ны, кæм фистæгæй. Скъолайы тигъæй сæхирдæм куы скасти, уæд ауыдта: Дзибайы дуармæ — дунейы адæм. «Æвæццæгæн, Дзиба суæгъд ис ’æмæ йыл адæм цин кæнынц!» — ахъуыды кодта Ким. Йе ’рвадæлты дуармæ куы схæццæ, уæд федта: сыл- гоймæгтæ сæ цæссыг згъалынц. Афарста сæ: — Ам цы хабар ис? — Дзибайы бинонты хæссынц... Йæ мад Дзего йæ уæлхъус алæууыд, уый дæр куыдта. Мад æй дзæбæх дæр нæма афарста, афтæ æфсæддон дарæсджын Кимы уæхск æрцавта, иуварс æй акодта, йæ дзыппæй гæххæтт фелвæста æмæ йын бамбарын кодта райгуырæн бæстæйыл гадз- рахатæй рацæуæджы тугхæстæг кæй у, уый тыххæй ахст кæй цæуы... Дзибаты дуармæ лæууыди машинæ. Сыхæгтæй чи нартхоры æфсиртæ хаста, чи настæ, чи цы æмæ сæ машинæйы æвæрдтой. Пъагонджын Кимæн машинæмæ ацамыдта: — Сбад! — Нырма ныртæккæ æрхæццæ дæн, нæ къæсæрæй дæр нæма 95
бакастæн, — сдзырдта лæппу, сæ. хæдзармæ ацамыдта. — Уæл! уым цæрæм. | Дыууæ пъагонджыны йæ сæ разæй акодтой, сæ иу ын да^ баца йæ къæбутмæ ныддардта, сбустæ ласта: | — Рæвдздæр! Изменниктæ! | Мад, цæссыгæй йæхи æхсгæ, сæ разæй фæкодта йæхи. Тех! никуммæ йын цы царвы банкæ æмæ цыхтытæ сцæттæ кодта; уыдон ын атыхта, хъарм дарæсæн ын цыдæртæ ацагуырдта^ Ким Бехъанæй куы цыди, уæд, нæ алтъамитæй мæхи бафсад^ дзынæн зæгъгæ куыд сцыбæл, уый æрбалæуыд йæ зæрдыл..^ Æмæ уæд, сæ сарайы цармæ хус кæнынмæ кæй скалдта, уыць^ хос та?!. Уыцырдæм фæцæйуад. <• — Кæдæм?! — фæтъæлланг ыл ласта пъагонджын. ; — Хос афснайон, — сдзырдта лæппу. — Мæ зæронд мады бон сарайы цармæ схизын нæ бауыдзæн. ; — Лидзынвæнд скодтай!.. — дамбацайæ йæм бартхъирæнтæ кодта пъагонджын. Схызти сарайы цармæ Ким, фæлæ-иу сагой йæ къухæй æрхауди. Мад æрдиаг кодта. Пъагонджынтæй йын иу афтæ: — Басабыр у. Афæрсдзыстæм æй æмæ йæ рауадздзыстæм. Кимы ныфс бауагътой уыцы ныхæстæ, ома зæронд усæн мæнгтæ куыд хъуамæ зæгъа ахæм бæрнон лæг. Кимы дæр аластой Дзибайы бинонтимæ. Дзиба йæхæдæг — ахæстоны. Урс ахæстæтты сæ иу камерæмæ баскъæрдтой. Чы- сыл фæстæдæр уыцы камерæйы дуарæй бахызтысты Хамби æмæ Дзиба дæр. Уым фесты цыппар боны æмæ сæ аивтой «Хъæды завод» кæй хуыдтой, уыцы ахæстонмæ. Кимæй рох нæ уыдыс^ ты, пъагонджын йæ мад Дзегойæн цы зæрдæвæрæн ныхæстæ загъта, уыдон, æнхъæлмæ касти, кæд æй суæгъд кæндзысты, уымæ. Фæлæ, йæ чысыл рудзгуытæ телын хызæй æхгæд кæмæн уыдысты, ахæм поезды куы фæмидæг сты, куы араст ис, уæд йæ зæрдæ амарди. Грознайы сæм вагоны цурмæ батылди, «Сау халон» кæй хонынц, уыцы æмыр æхгæд машинæ, уый сæ ах- æстоныл сæмбæлын кодта. Пец æй цыма æрцахста, афтæ фæци лæппу, машинæйæ хизгæйæ йыл хæцгæ кодтой. — Æфсон кæны! — схъæр ыл кодта чидæр, стæй йæ топ- дзæгатæй æрбацавта. Грознайæ сæ аппæрстой Астраханмæ. Вагоны — æнуд, лæвæрдтой сын сур хæринаг, æхсæв æмæ боны дæргъы иу адæй- магæн — чысыл кружкæйы дзаг дон. Астраханæй сæ аластой; æмæ ахæццæ сты Оренбурджы облæстмæ Соль-Илецкы горæтмæ. Æппын æрæджиау сæмбæлдысты сæ фæстаг бына- 96 $
гыл — ахæццæ сты Казахстанмæ. Æнхъæлмæ сæм кастысты ] æрзифтонг адæм сæ куыйтимæ. Ныр сын сæ алы къахдзæфмæ дæр сæ цæст дардтой. Загътой сын: «Горæты арæнæй чи ахиза — 25 азы йæ сбадын кæндзыстæм». Токаты бинонтæн сæ тæрхон рагацау бæрæг уыди — куы сæ хастой, уæд сын æй фехъусын кодтой: фæйнæ фондз азы хъуамæ ахæсты ном фæхæссой. Кимæн айстой йæ фæскомцæдисон билет. Сæ гæххæттытæм сын касти майор. Хамбийы афарста: — Партийы уæнг дæ? — Хамби йæ сæр батылдта «о» зæгъгæ. — Дæ билет ардæм æри. — Ды мын æй нæ радтай æмæ мын æй исгæ дæр ды нæ акæндзынæ. — Ома куыннæ йæ ратдзынæ?! — Æз уый тыххæй фронты мæ туг ныккалдтон, — нæ састи Хамби æмæ ма цыдæр цæхджын ныхæстæ дæр загъта. Майор телефонæй адзырдта партийы горкоммæ, бамбарын кодта ха- бар. Уыдон ын загътой: йæ билет ын исын куы хъуыдаид, уæд ын æй сæхимæ айстаиккой. Къорд боны æмæ æхсæвы гом арвы бын баззадысты, æмæ Хамби майормæ бацыди, йæ хъаст æм бахаста: «Фос стæм, уынджы нæ цæмæн ныууагътат? » Иу уæгъд уатмæ сæ бауагъ- той. Фынæй кодтой пъолыл. Цалдæр боны фæстæ сæм фæзын- ди майор, уат дам суæгъд кæнут. «Бынат нын ссар æмæ йæ суæгъд кæндзыстæм», — уыди Хамбийы дзуапп. Сæ хабар æрцы- ди цæцæйнаджы хъустыл, хæрæгуæрдонæй сын сæ муртæ сæхимæ баласта. Йæ уæттæ — зæхбын. Цалынмæ æххуырсты фатер агу- ырдтой, уæдмæ цæцæйнагмæ фесты. Дзиба сцола, слæмæгъ, иннæтæ змæлынхъом уыдысты æмæ куыст агуырдтой. Ким бацыди пырындзы заводмæ, хаста уæзæгтæ. Куыстой дзы цæцæйнæгтæ æмæ мæхъæлæттæ. Ластой сæм æдцъар пы- рындз. Хæссын хъуыди дзаг голджытæ, æмæ-иу Ким сæ быны фæдыдагъ. Йе ’мбæлттæ хицауæн балæгъстæ кодтой, æндæр куыстмæ йæ баив зæгъгæ. Артгæнæнмæ йæ баивтой. Донæй- дзаг стыр вываркæйы-иу пырындз ныккалдтой æмæ-иу æй па- ровозы æндзарæны басхуыстой. Цасдæр-иу басыгъди пы- рындзæй, иннæ хай-иу бахордтой. Токатæ уалдзæгмæ бамбырд кодтой се ’хцайы капеччытæ æмæ хæдзар балхæдтой. Хамбийы бинойнаг сывæрджынæй баз- зад Ирыстоны. Дзибайы фæдзæхстмæ гæсгæ йæ æрцæуын код- той. Райгуырд ын лæппу, фæлæ ноггуырд уымы карз климæтæн нæ бафæрæзта æмæ æртæ мæйы фæстæ фæзиан. Хамбийы 1 Махдуг№ 5, 1997 97
æфсымæр Валодяйæн уым хъуыддаг бакодтой. Уыцы чындз т| аргæ-арын амарди, саби дæр йæ фæстæ бирæ нал ацард. | Дæс бонæй дæс бонмæ сæ цæуын кодтой ПÆК-ы хайадмай Цалдæр хатты Сталины номыл хъæстытæ арвыста Хамби, цас^ дæры фæстæ-иу бацыди дзуапп базонынмæ. Гæххæтты гæбæзты^ фыст ницæуылдзурæг дзуаппытæ йын-иу бакастысты, йæ къух-| иу дзы æрæвæрдта æмæ та-иу рацыди. | Суæгъд сты 1953- азы амнистийы рæстæг. Ким сæ хæдзар сæййæфта хæрз æдзæллагæй. Хæсты размæ йе ’фсымæр Бындз| фанерæй кæй сæхгæдта, уыцы уаты пъолыл хъæмпын лыстæнц хуыссыди. Адæмы знаджы ном кæуыл нынныхæсти, уыдонма* алчи æввахс цæуын нæ уæндыди. Фæлæ-иу разынди, чи йæ барæв^ дыдта, ахæмтæ дæр. \ Хамби йæ хъаст арвыста Советон Цæдисы Сæйраг СоветЦ Президиумы сæрдар К. Е. Ворошиловмæ: рæстæй нæ бафхæрд-^ той, нæ бынтæ ныххæлæттаг сты æмæ ныр цæмæй цæрæм, уьш нын нал ис зæгъгæ. Уырдыгæй йæ хъаст æрцыди бæстæйкв Генералон прокурормæ. Уыдон æй æрæрвыстой Сæйраг Æфсæддон прокуратурæмæ. Уырдыгæй хъаст йæ фæндаг ра* кодта Цæгат Кавказы æфсæддон прокуратурæмæ. Æппынфæс- таг, сæмбæлди Цæгат Ирыстоны Сæйраг тæрхондоныл. Уыдо- ны дзуапп уыди: «Дело судом прекращено...» Æлбегаты Хамбийæ базыдтон: йе ’фсымæр Валодя йæ рæстæджы куыста Хамбиимæ «Фордзон» тракторыл. ,Уый фæстæ сæ цардвæндæгтæ фæхицæн сты. Валодя фæсхæст баф^ тыди Мæскуымæ. Бацагуырдта Гогкийы фатер. Сæ дуармаё гæрзифтонг милиционеры кæй баййæфта, уый йæм диссаг нæ фæкасти, ома паддзахад йæ зынаргъ лæгты хъахъæны. Мили- ционер æй бафарста: «Чи дæ ды? Токайы-фыртæн цы бавæй-' йыс?» Валодя йын цыбырæй йæхи бацамыдта. Милиционер те^ лефонæй адзырдта. Æрæвæрдта хæтæл æмæ загъта: «Чысыл банхъæлмæ кæс». Фæзындысты æртæ æнæзонгæ лæджы, Ва^ лодяйы семæ акодтой æмæ йæ ахæстоны фæмидæг ластой. Чй[ у, цы мигæнæг уыди уыдæттæ цалынмæ бæрæг кодтой, уæдмай рауади къуыри. Къухбакæнæн æм не ссардтой, æмæ йæ рауагъ-, той. \ Уарзиаты Адамыл та æндзаргæ бачынди. Мæскуыйь| Æфсæддон трибуналмæ фæхабарчындæуыд: уæ юристтæй и)^| — Уарзиаты Адам — у райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй раЦ-| 98
æуæг Токаты Гогкийы фыды хойы лæппу. Адамы æфсымæр Микъалайы кæстæр чызг Риммæ загъта: «Адам Мæскуыйы ин- ституты ахуыр кодта, сси юрист. Йæхи ныхæстæ йын фехъуыс- тон: иу бон йæ кусæнуаты фæмидæг сты æмæ йын йæ пъагæттæ стыдтой. Цасдæр нæ куыста. Кæддæр ын Мæскуыйы облæсты районтæй иуы радтой куыст. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ уæззау рынчын фæци. Амарди æмæ йæ бавæрдтой Ставд-Дур- ты». Уæлдæр цы уацы кой кодтам, уым Сидахъаты Юри хъусын кæны: Гогкийы хæстæджыты курдиатмæ гæсгæ сæ Къамис лæмбынæг кæй равзæрста архивы æрмæджытæ æмæ кæй æрцы- дысты иу хатдзæгмæ: «Токаты Гогки «йæхи знаджы къухтæм ратгæйæ, гадзрахатæй рацыд йæ райгуырæн бæстæйыл», зæгъгæ йæ кæй зылынджын кодтой, уымæн ницы бындур ис. Германы оккупацийы рæстæг англисаг зонæйы фегуырди, зæгъгæ йæ куы аххосджын кæнæм, уæд хынцын хъæуы, Гогки уырдæм йæхи куы байста, уæд Англис æмæ Советон Цæдис уыдсты Гитлеры ныхмæ тохгæнæг йу коалицийы. Æмæ уæд, Токайы-фырт зна- джы фарс фæци зæгъгæ нымайæн нæй... 1949 азы трибуналы тæрхонгæнджытæ уыцы ахсджиаг бахынцинагмæ сæ хъус не ’рдардтой. Уæд цы тæрхон рахастой, уый 1993 азы ивд æрцыд». Хуыцауæн табу, рæстдзинад сбæрæг! Канд дыууæ хъæуы Сечер æмæ Ставд-Дуртæ нæ — Ирыстон æгасæй дæр æгæрон адджын у Гогкийæн. Уый уæлдай тынгдæр банкъардтон, йе ’рвад Мураты лæвары фæдыл цы зæрдæйы арфæй райгуыргæ ныхæстæ загъта, уыдон кæсгæйæ: «Дзæу- джыхъæуы цæры Токаты Мурат. Æз амæйразмæ куырдтон ме ’ввахс къабаз Хамбийæ, цæмæй Муратæн арфæ ракæна, — цы сарæзта, уый бæрцæй у чысыл, фæлæ сахадыдта нæртон хæзнайау, уымæн æмæ йын ис зæрдæты фарны тæгтæй бæттæг хъомыс. Кæй зыдтон, зæрдæрухс мыл чи бафтауы, уыдонмæ карæй дард лæууы. Римы Папæ у, Францы Наполеон, стыр политик æви кæмдæр фæсвæд ран цæрæг хуыйæг — хъау- джыдæр мын дзы нæй — йæ уæзгæ фыстæг хуымæтæг адæй- маджы зæрдæйы хъармæй дзаг кæй у, уымæй мæ дисы бафтыд- та. Зонынджын ахуыргонд кæнæ гæххæтты дæсныйæн, зэердæбын арфæтæ кæнгæйæ, йæ зæгъинæгтæ афтæ ныккуыр- 99
мæлхынцъытæ уаиккой æмæ сæ мидис нал рабæрæг уыдаи|| фæлæ Мураты ирон ныхас рауад уалдзыгон хуымы æвзарта! хуымæтæг æмæ æрдзон. Йæ даргъ писмо йын куы кастæн, уæ| цыма æз Альберт Эйнштейны къæлæтджыны бадæн, æмæ, фенæ| кæмæн нæй, фæлæ дзыллæты иумæ чи бæтты, уыцы фарны тынт^ цæстæй уыдтон. Мурат мын Англисмæ æрбафтæгимæ æрбащ выста, хуымæтæджы газеты кæй æрбатыхта, ахæм æмбисондь! стæм лæвар — ирон хуымæтæг хъуымбыл-сæхтæг хæдон. Ащ гъайдæр, хæдонхъуаг нæ дæн, фæлæ мæ ацы лæвар мыггагмæ нал ферох уыдзæн. Даргæ йæ нæ кæндзынæн, — мæ аккаг на| рауади, — уый хыгъд, цæст æй куыд уына, ахæм ран ауыгъдæ^ лæууы æмæ æгомыг æвзагæй æппæтæн дзуры: ис дунейы Ирь! бæстæ æмæ уыцы бæстæйы лæгтæ фыдæлтæй нырма дарынй мæнæ ахæм хæдæттæ. Мурат бакодта, культурон хъуыддæгта^ кæмæн бафæдзæхсынц, ахæм атташейы куыст, чи зоны, уыЦ æгас дунейæн йæ бæстæ кæй æвдисы, ууыл хъуыды дæр наз акодта». . | Газет «Слово»-йы Гогкийы ныхас куы фæзынди, Токать} Мураты уый фæстæ федтон æмæ базыдтон, хъуымбыл-æгънæ^ хæдон Гогкийыл куыд сæмбæлди, уый. Сæ æрмадзмæ æрбацы-1 ди дзæуджыхъæуггаг сылгоймаг æмæ загъта: Лондоны горæтæй нæм ис уазæг, Асетæй/йæ ном ын нæ бахъуыды кодта). Ирыс^ тонæй йæ чызгæн хуыздæр лæварæн цы аласа, ууыл фæхъуыды кодта æмæ скарста: хъуамæ йын аласа разкъæртт къаба»; Æрмадзы кусджытæ нæ бацауæрстой сæ дæсныйад равдисы- ныл. Ахаста къаба Асеты лæджы фысым. Уый фæстæ бон хуый- джыты æрмадзмæ фæзынди дардбæстаг уазæг йæхæдæг. Загъ- та: «Æз æрбацыдтæн, мæ чызджы лæвар мын афтæ хорз чи бахуыдта, уыдоны фенынмæ». Фæарфæтæ Сын кодта, загътц сын, Лондоны кæй цæры ирон бинонтæ фараст, иу сты сае бæрæгбæттæ, сæ цин, сæ алы æгъдау. Уазæг иронау нæ дзырд-1 та сыгъдæг. Муратимæ куы базонгæ, уæд æй афарста. Гогкийы нæ зоныс, зæгъгæ. Хæстæг æрвадæлтæ сты, уый базонгæйæ йын загъта: «Æмæ дæ де ’рвадмæ фыстæг арвитын нæ фæнды? Æз ыл æй сæмбæлын кæндзынæн ». Фыстæг райгуырди ирон æвза- гыл. Мурат уазæгæн йæхицæн балæвар кодта цухъа æмæ хæдон. Йæ зæрдæ йæм сдзырдта: «Æххæст Гогкийæн дæр исты арви- тон». Скъаппæй райста цæттæхуыд хæдон æмæ йæ газеты ба^ ты^ста. ’ Уæлдæр æрхастон Гогкийы ныхæстæ, Мурат æнæнхъæлæджЫ культурон хъуыддæгтæ аразæг атташейы куыст бакодта зæгъгæ- Гогки нæ фæрæдыди — Мурат 8-10 азы размæ æцæгæйдæ^ 100
разынди ахæм æрхъуыдыджын — фехъуыста официалон хъусынгæнинаг: уæд æмæ уæд М. С. Горбачев цæудзæн Шве- цимæ, анымадта бонтæ æмæ йе ’рмадзы кусджытæн бамбарын кодта: Швецийы хицауадæй Горбачевæн æгас цу чи зæгъдзæн, уыдонæй дыууæйыл ’хъуамæ уа ирон дарæстæ. Æмæ бахуыд- той уымы къаролы фыртæн цухъа, æмæ къаролы чызгæн разкъæртт къаба. Аласта сæ Ботъоты чындз. Цасдæр рæстæджы фæстæ Швецийæ райстой, уыцы фембæлды тыххæй къамтимæ æрмæг лæвæрд кæм уыди, ахæм журнал. 35 азы бакуыста Национ дарæстæ хуыйæн æрмæдзы Токаты Мурат. 1970 азы онг ирон дарæстæ хуыдтой æмæ карстой гуыр- дзиаг сылгоймаг æмæ уырыссаг лæг. Мурат бахъынцъым код- та: «Нæхимæ цæуылнæ ис ахæм дæснытæ?» Уый размæ каст фæци Волгограды технологон техникум. Ныр-иу ацыди Ро- стовмæ, дыууæ азмæ райста конструкторон-модельеры дæсный- ад. Ныронг нæхимæ уыди национ дарæстæ чи хуыдта , ахæм дæснытæ, фæлæ нæм кæрдæг нæ уыди. Ныр уыцы дæсныйад амонын райдыдта Мурат йæхæдæг. Дзаума адæймаджы феры- гондæр кæны, гуырвидауцдæрæй йæ равдисы. Ирон дарæстæ- иу цы лæг дардта, уый-иу уæлдай æфсарм бацыд. Ирон дарæстæ- иу чи скодта, уый расыгæй рацæуа, æгъуызæй йæхи равдиса, уымæн уæвæн нæ уыди. Йæ алы къахдзæф дæр барст цыди. Афтæ хъуыды кæны Мурат. Хистæртæй кæйдæрты зæрдыл æрлæууыди Гогкийы мад Дзы- гойы фын. Гогки, æнхъæлдæн, 1925 азы ахъаззаг рынчын фæци. Хъæуы дохтырæн йæ кой дæр нæ уыди. Хæдзарон хостæ йын фæкод- той, фæлæ йын нæ фæахъаз сты. Ныттарф ис, удмидæг нал уыдис æмæ йын йæ цæстытыл æрхæцыдысты. Ныккуыдтой, нырдиаг ластой. Ахæм рæстæг куыд вæййы, афтæ сыхæгтæ фев- нæлдтой зианы лæггæдтæ кæнынмæ. Уаты Гогкийы дæлфæдтæм лæугæйæ баззади йæ хо Нинæ, иннæтæ раивылдысты. Иуахæ- мы чидæр уатмæ бауади, кæсы, æмæ Нинæ пъолыл дæргъæй лæууы. Нырдиаг ласта. Фæфæдис сæм сты. «Цы кодтай, Нинæ?!» — кæугæйæ дзурынц, уигъынц æй. Чызг æрæджиау æрчъицыд- та æмæ загъта: «Гогкийы къахы æнгуылдз базмæлыд æмæ ни- цуал бамбæрстон». Уæд бауыгътой лæппуйы дæр, йæ номæй йаем-иу ныдздзырдтой. Йе ’муд æрцыди Гогки, цæстæй ракаст. Уый фæстæ йæ мад Дзыго йæ фыны федта йæ кæстæр тиу 101
Гидойы (æгас нал уыди). «Гидо, сымахæй мæрдтæй куыд нич раздæхти? — бафарста йæ Дзыго, — Гогки куы раздæхти», Уый дам афтæ: «Гъе Фæрнион, Гогки тынг амондджын разынд. Уый бирæ фæцæрдзæн. Стæй æвзæр нæ цæрдзæн...» Уæд та йае Дзыго ногæй бафарста: «Уæддæр Гогки мæрдтæй куыд раз- дæхти?» Гидо йын ахæм дзуапп радта: «Амондджын разынди. Галуæрдоны цыди. Æрдæгфæндагыл йæ цалх асаст. Иунæг уыди. Бирæ фæцархайдта цалх бакæныныл. Уæдмæ хур æрныгуылд æмæ йæ мæрдтæ сæхимæ нал бауагътой...»
УИДÆГТÆ ЦАГЪАТЫ Анастасия Чысыл разныхас Раздæр куыд фыстам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны географион нæмттæ æмбырдтæнгæйæ иуварс нæ ацы- дыстæм нæ адæмы царды хабæрттæй дæр — æцæг цау- тæ, мыггагон таурæгътæ, аргъæуттæ, суангма хъæлдзæг ныхæстæ дæр фыстам. Абон та уын уæ размæ хæссын Уæлладжыры комы фыст æрмæгæй иу хай. ЦЪÆЙЫ ХЪÆУЫ РАВЗÆРД Ам, Цъæйы, раздæр цæрæг нæ уыди. Уæд Бицъотæй иу лæг цуанон уыди (уыдон гуырдзиаг уыдысты) æмæ, цуаны æрбафтгæйæ, кæсы æмæ ацы ран хъæды астæу, ныр Æддаг хъæу кæм и, мæнæ раст Дзалатæ кæм цæрын, уым федта стыр дур. Раст мæсыджы хуызæн уыд, уыцы дур. Бынæй та стыр фæтæн лæгъз æрдуз.Уый йæ мæсыг фæхуыдта, æмæ ’рбацыди, цымæ дзы чи цæры зæгъгæ. Федта, цæрæг дзы кæй нæй, уый. Бынат йæ зæрдæмæ фæцыди ’мæ ам æрцарди. Бицъотæй раздæр ам цæрæг нæ уыди. Ныр æм дардмæ чи зынди, уыцы стыр дур та ногæй дæрдтыл зылд у, уæлейы йыл зæхх ис, æндæр мæнæ æнæхъæн сыхы хæдзæрттæ дæр ууыл æвæрд сты, æмæ иуæй-иу рæттæй йæ кæрæттæ зынынц. Уымæл рæстæг куы фæхæссы, уæд уыцы дурæй фæрдгуытæ- фæрдгуытæ цыдæр дон рахъары, ’мæ йæ цæрæн уымæ гæсгæ 103
Бицъоты лæг схуыдта Цъæй. Уый фæстæ хъæуы номмæ тæстЩ ком дæр афтæ хонын райдыдтой. Дзалаты Хадзымæты чызг Еленæйы ныхæстæй нщ Цъæйы ныффыста Цагъаты Анастасия 1962 азы Щ августы Еленæ уыди 18% азы гуырд. ÆРХОН ÆМÆ ДÆЙЫХЪÆУ Дыууæ доны астæу царди дыууæ æфсымæры. Уырдыгæй цуа- ны рацыдысты. Ацы ранмæ куы схæццæ сты, уæд æфсымæртæй сæ иуы зæрдæмæ фæцыди ацы бынат æмæ загъта: «Æз ам æрцæрдзынæп æмæ-иу мæ фæллоймæ алырдыгæй æрхондзынæн мæ зонгæты». Иннæ æфсымæры зæрдæмæ та фæцыди, уæртæ Дæйыхъæу кæм ис, уыцы бынат. Уым хъæддаг дыргъ бирæ уыди æмæ загъ- та, дæу бар ис, æз та уым æрцæрдзынæн æмæ цæттæ дыргъ дæйдзынæн æмæ афтæмæй мæхи дардзынæн, зæгъгæ. Дæйыхъ- æу дæр уымæп хуыйиы. Уæд дыууæ доны астæуæй ралыгъдысты æмæ ам æрцардыс- ты. Уыцы дыууæ æфсымæрæи сæ фыд хуынди Сидæмои. Сид- æмоны цæуæтæй рацыдысты: Æрхон, Дæйыхъæу, Луар æмæ Цъус. Уыцы хъæуты цæрæг адæм иууылдæр сты Сидæмоны цот. Сидæмон æмæ Цæразон та уыдысты Ос-Бæгъатыр гуыр- дзиаг æлдары чызджы раскъæфта. Дыууæ лæппуйы йып рай- гуырд уымæй — Сидæмон æмæ Цæразон, стæй уæддæр усы фæстæмæ байстой гуырдзы. Дыууæ лæппуйы ам баззадысты. Цæразоны цотæй рацыдысты Бады хъæу, Нузал, Нæзыджын. Дыууæ лæппуйы фыд фыццаг (гуырдзиаг) усы фæстæ дык- каг ус æрхаста ’мæ йын уымæй цы цот рацыд, уыдонæй та смыггаг сты, Мызур, Донысæр, Цъамад, Уынал æмæ Урсдоиы цы адæм цæры, уыдои. Уыцы хъæутæ сты Цъæхил, Хъусæгка æмæ ... се ’ртыккаг æфсымæры ном мæ ферох, цот. Хуыдæлтæ Иласы фырт Сæрæбийы ныхæстæй йæ Æрхоны хъæуы 1962 азы 16-æм августы ныффыста Цагъаты Анастасия. Сæрæби уыди 1888 азы гуырд. 104
ХИЦÆН МЫГГÆГТЫ ТЫХХÆЙ ТАУРÆГЬТÆ Æгъуызарты мыггаг. Æгъуызартæ Астæуккаг Зджыдмæ Ну- залæй æрбалыгъдысты. Æгъуызартæм дам цуанон гæды уыди. Æхсæв дам куы ацыдаид уыцы гæды, уæд ын æнæ сырды мард æрхæсгæ нæ фæуыдаид. Уæд сын æй сæ сыхаг амардта. Рай- сомæй гæдыйы мард куы федтой, уæд агуырдтой, чи йæ амард- таид зæгъгæ. Нузалы иу ног чындз уыди, ’мæ сын уый бацамыдта, гæдыйы чи амардта, уыцы лæджы. Ууыл сын загъд бацайдагъ æмæ фæтуджджын сты. Гъемæ уæд сыстадысты Нузалæй æмæ ацырдæм рацыдысты ’мæ ам, Зджыды, æрцардысты. Æгъуызарты Алымбеджы чызг Ханиффæйы ныхæстæй йæ 1%2 азы августы ныффыста Цагъаты АнастасияДæллаг Зджыды. Ханиффæйыл уæд цыди 58 азы Цæгæраты мыггаг. Цæгæратæ Куырттатæй рацыдысты. Уым сæм цуанон гæды уыди æмæ сын æй чидæр амардта. Чи сын æй амардта, уыцы лæджы амардтой Цæгæратæ. Ууыл фæтудджын сты æмæ уæд ардæм рацыдысты. Мæнæ Дæллаг Зджыды æрцар- дысты. Томæты Клых та уæлæ мæсыджы фæстæ тигъыл царди ’мæ цæрмттæ надта нæрвы (уый йæ куыст уыд). Цæгæрайы-фырт та мæсыджы царди, Дæллагхъæуы мæсы- джы. Цæгæрайы-фырты фæндыди йæ фыртты лæджыхъæд базонын æмæ сын загъта: «Лæппу, кæд топпыхсæг дæ, уæд уæлæ Томæйы- фыртæн йæхи хъахъæ, фæлæ нæрвы хъусмæ хъав!» Лæппу фех- ста ’мæ фат нæрвы хъусы ауади. Уæд дыккаг лæппуйæн дæр фех- сын кодта. Уый фæивгъуыдта нæрвы хъус, æмæ лæг фæмард и. Уæд Цæгæрайы-фырт Томæтæй æфсæрмы кодта, æрвадиуæг кодта уæдмæ, æмæ сыстади ’мæ Дыгурмæ алыгъд. Дыгуры Ба- дилатæ тыхджындæр уыдысты ’мæ уыдонмæ алыгъдысты, бау- азæг нæ кæндзысты зæгъгæ. Цас фæцарди уым, фæлæ Томæтæм хорз лæг уыди, æмæ йæм уый арвыста, барæй лæг нæ амардтай æмæ фæстæмæ æрцу дæ бынатмæ зæгъгæ. Уæд Цæгæрайы-фырт фæстæмæ æрцыд æмæ ам цæргæ баззадысты. Уымæн фæзæгъынц иуæй-иутæ, Цæгæратæ Дыгурæй æрæфтыдысты зæгъгæ. Чысыл ахуыргонд Цæгæраты Алыксандры фырт Иваны ныхæстæй йæ 1962 азы августы мæйы Дæллаг Зджыды ныффыста Цагъаты Анастасия. Иван уыди 1910 азы гуырд. 105
Еццеты сæфт. Æппæты разæй Цъæйы цардысты Еццетæ. Ныр дæр ма сæ хæдзары хæлддзæгтæ бæрæг сты, уæлæ хъæуы сæрмæ, къуыбырыл. Иухатт уыдон се скъæты бирæгъ æрцахстой. Удæгасæй йæ бастыгътой æмæ йæ ауагътой. Уый се ’дде иу тигъмæ ссыди. Уырдыгæй бон-изæрмæ фæниудта, стæй амард. Уый тæригъæдæй Еццеты мыггаг фесæфт. Гогаты Макъары фырт Понайы ныхæстæй фыст Цъæйы 12 августы 1962 азы. Понайыл уæд цыди 60 азы. Еццеты сæфт (æндæр вариант). Ецеттæ стыр мыггаг уыдысты. Ныр дæр ма уæлæ сæ хæдзæртты хæлдтытæ бæрæг сты. Уыдон фондз хæдзары уыдыс- ты, цæрæг адæм. Цæрвхæрæнтæм цы царв сæвæрдтой, уым сын калм ныббы- рыди ’мæ йæ нæ базыдтой. Цæрвхæрæнтæ куы ’рцыди, уæд сæ иу гыццыл чызг æмæ лæппу, Дацейы чызг æмæ лæппу, сæ мадырвадæлтæм уыдысты. Иннæ фондз хæдз’ары сæ цæрвхæрæны куывды иууылдæр иумæ уыдысты æмæ уыцы царвæй сæ чъиритæ дæр байсæрстой, хæргæ дæр дзы се ’ппæт дæр бакодтой. Афтæмæй райсоммæ бындзагъд фесты. Æрмæст ма дзы, сæ мадырвадæлтæм чи уыди, уыцы чызг æмæ лæппу аирвæзтысты. Уæдæй нырмæ йæ сывæллæттæм чи фæмæсты вæййы, уый сæ афтæ фелгъиты: «Еццеты чызг æмæ лæппуйы задæй баз- зай!» 66-аздзыд Дзалаты Хадзымæты чызг Еленæйы ныхæстæй йæ Цъæйы 1962 азы 14 августы ныффыс- та Цагъаты Анастасия. Цогойты мыггаг. Цогойты мыггаг Æрхонимæ цардысты. Цогой чи у, уый фыййау æрыскъæрдта, уæлæ Мидæгхъæу кæй хонæм, уырдæм. Уым сæгъ радыгъта ’мæ йе ’хсыр дуры сæрыл æрæвæрдта, йæхæдæг ныккуывта: «А, Хуыцау, кæд мын ам цæрæнбынатæн бæззы, уæд ацы æхсыр куыд ацахса». Йе ’скуыв- димæ æхсыр ацахсти. Уæд байуæрста Æрхонæй æмæ æрлыгъди Цогой Луармæ. 106
Саниба та сын дзуар уыди Æрхонимæ, æмæ-иу Луар уырдæм цыдысты куывдмæ. Луары Бесатæй иу хæдзар царди, иннæтæ Цогойтæ уыдысты. Кæддæр дзы раздæр Æлбортæ дæр царди зæгъынц, фæлæ бабын сты. Цæвиттон, уыдон кæмæйдæр лæг амардтой (Æлбортæ) æмæ сæ уыдон тугмæ ныццагътой. 80-аздзыд Цогойты Созырыхъойы чызг Зæрæдайы ныхæстæй фыст 17августы 1962 азы Уыналы Ныф- фыста йæ Цагъаты Анастасия. Цогойты мыггаг (æндæр вариант). Фыццаг заманы уыди Та- солтан æлдар. Уый кæсгон уыд. Иуахæмы сфæнд кодта хæхбæсты фенын. Рацыди йе ’фсадимæ æмæ Бызы бын æрлæу- уыдысты. Ныр кæм бафысым кæнæм загътой. — Цæй æмæ Стыр Мызурмæ фæцæуæм æмæ уæздан мыггаг Зæнджиатæм бафысым кæнæм. — Уыдонмæ ницы ацаудзыстæм: дыууæ куыдзы размæ хæри- наг куы нæ нывæрдзысты. — Уæд та уæздан мыггаг Сохитæм бафысым кæнæм. — Уыдонæн дæр сæ сывæллæттæ сæ уазæджы къæбæрмæ æнхъæлмæ фæкæсынц æмæ ницы бакæндзыстæм ахæм фысы- мимæ. — Цæй æмæ уæдæ уæздан мыггаг Бæцойтæм бафысым кæнæм. — Уыдон та дыууадæсæй адæджы бын фесты, уæд куыд ба- фысым кæнæм уыдонмæ? — Уæд та стыр мыггаг Икъатæм бафысым кæнæм. — Уыдон дæр сæ нымæтуæрдджыты сирмæ æнхъæлмæ фæкæсынц. — Цæй уæдæ уæздан мыггаг Сæхуыгтæм бафысым кæнæм. Æмæ ссыдысты Сæхуыгтæм. Уыдонмæ бафысым кодтой. Фысымтæ сын хорз куы срæвдз кодтой, æмæ сын куы æрæвæрдтой, уæд Тасолтан йæ дæлдæртæй иумæ фæдзырдта æмæ йын загъта: — Куыд нæ дæ базоной, афтæмæй бацу æмæ базон, цымæ ацы хæрд, ацы диссаг чи срæвдз кодта, уыдон кæддæра сæхæдæг та цы хæрынц. Уый бацыди. Бинонтæм фæкасти ’мæ хордтой хъæбæрхоры хъарм кæрдзын хъæбæр цыхт æмæ къæдзылы фыдимæ. Абад немæ зæгъгæ йæм дзурынц. — Нæ, мæнæ зынгмæ æрбауадтæн мæ лулæйæн. — Уæд та нæ хай ахæр зæгъгæ йæм комдзаг радтой. Уый йæ райста. Ахаста йæ йемæ æмæ йæ Тасолтаны раз 107
æрæвæрдта. Æмæ Тасолтан загъта, æркæсут ма, ме ’мбæлттæ^ кæддæра уæздан мах стæм æви адон сты. Уазджытæ сæм дыууæ боны фесты. Уæд Тасолтан загъта, уазæг дам йе ’гъдау куы бакæна, уæд дам йе ’ргомæй йæ чъыл- дым хуыздæр у, ома цæуын хъæуы. Фысымтæм уыди куыдз. Тасолтан æй курынвæнд скодта. Бакой кодтой æмæ йæ хъус нæ дардта хæдзары хицау. Куы нал æй уагътой, уæд загъта, æз мæ куыдзы ницæй тыххæй фесаф- дзынæн, бæхæй дæр æй нæ баивдзынæн. Араст сты уазджытæ æмæ сæ Æрхоны фæсивæд Хуыцауы дзуары онг афæндараст кодтой. Уæд Тасолтан дзуры: — Цæй, куыдз чи куырдта, уый дыууæ куыдзы. Куыдз чи нæ радта, уый та — æртæ куыдзы. Уæд куыдзæн йе ’фцæджы бæндæн бакодтой Æрхон æмæ йын æй йæ фæдыл арвыстой. Тасолтан Сæхуыгтæн сæрвыста чызг. Чызг хуынди Дзанбег. Уыцы чызг дзæгъæлзæдтæ кодта æмæ йын афтæмæй райгуырди лæппу Лекъ, стæй та — чызг. Уыцы чызг та Æлбортæм ацыдис, фæлæ та уымæн дæр райгу- ырди дзæгъæлзадæй лæппу. Лæппуйыл сæвæрдтой ном Цогой. Уымæй смыггаг сты Цогойтæ. 65-аздзыд Бæцойты Газойы чызг Машайы ныхæстæй фыст Уыналы Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия 1962 азы 17 августы Цæллагты мыггаг. Цæллаг дам раздæр уæлæ Хъæздоны цар- ди (Хъæздон — зæронд хъæууат Æрыдоны доны фаллаг фарс Уыналы бакомкоммæ). Уым цардысты æртæ æфсымæрæй: Цæллаг, Дауыр æмæ Суан. Дауыр алыгъди уæртæ Санибамæ; Суан алыгъди Мамысон- гомы Тлимæ, Цæллаг та, ардæм — Уыналмæ. Ныр дæр Цæллагтæ, Дауыратæ ’мæ Суантæ æрвадиуæг кæнынц. Ам, Уыналы’мыггæгтæй, Цæллагтæ æрвадиуæг никæимæ кæнынц. ,_ гг . „ _, 62-аздзыд ЦæллагтыДженалдыхъоиы фыртГришаиы ныхæстæй фыст 1962 азы 18 августы Уыналы Ныф- фыста йæ Цагъаты Анастасия. Бæцойты равзæрд. Бæцойты фыд Хадзы хуынди, ’мæ йæ Иры хадзы хуыдтой. Царди Æрхоны Бурсæрты фарсмæ. Бурсæртæн та дам уæлмæрдты сæ мардæн дæр бынат нæ уыди. 108
Æхсæвы сæм æрбацыдæуыди Бурсæртæм æмæ сæ адавдæ- уыд ус æмæ лæг æмæ æртæ сывæллоны. Хадзы та уыцы рæстæджы Куырттаты уыд, зæрингуырдæй >суыста. Хадзымæ йе ’рдхорд фæхабар кодта: Хадзы, дæ ирон гуг сæфы æмæ ацы æхсæв дæ фæстаг æхсæв æрцыд, Æрхонæй Бурсæрты бинонтæ радавдæуыд æмæ Куырттаты хъæуы кæрон æмбæхст сты æмæ сæ бахъахъæ. Æхсæвы сæм Хадзы бацыди. Дуар сæм бакодта æмæ сæм загъд кодта Бурсæртæм: «Мæнæ куыйтæ, хъæу цæмæн фæху- динаг кодтат, фосы тард уæ цæмæн ракодтой?! Ныртæккæ цæугæ- ут хъæумæ!» Ракодта сæ æмæ сæ æхсæвыгон Куырттаты æфцæгыл, уыр- дыгæй та Холысты æфцæгыл ныххизын кодта Æрхонмæ æмæ сæ йæхи хæдзармæ æркодта. Уæдæй фæстæмæ уыдон (Бурсæртæ) дæр Бæцойтыл нымад сты. Уыцы ус æмæ лæгæй цы цот рацыди, уыдон сты Бæцойты мыггаг. Фæстагдæр сæ цотæй иу хай фыды номыл, Тымырхъ- антыл, фыссын райдыдтой сæхи. Бæцойты Газойы чызг Машайы ныхæстæй йæ Уыналы ныффыста 1%2 азы 17 августы Цагъаты Анастасия. Гаситы таурæгъ. Гаситæ Уыналы комы мидæгæй цардысты. Уыдысты мад æмæ фыд. Уыди сын авд фырты. Авд фыртæй алкæмæн дæр йæхицæн уыди саргьы бæх æд рæвдз. Авдæн дæр уыди бинонтæ, цот. Зæдтыл дæр нал æрвæссыдысты, адæмыл дæр нал æрвæссы- дысты сæ фырхъалæй. Хуыцаумæ хъыг фæкаст, æмæ фыццаг сæ мад амарди. Ууыл сæ фæллойæ дзæвгар бахардз кодтой. Уый фæстæ фыд амард. Ууыл дæр та дзæвгар бахардз кодтой фæллой. Стæй æфсымæртæ мæлгæ ацыдысты. Æмæ ма кæстæрæн æртæ лæппуйы баззад, иннæтæ иууылдæр амардыс- ты. Хæдзары дæр ницыуал баззади, хардзгонд æрцыдысты зи- анты фæдыл. Æртæ сывæллоны (лæппутæ) хæстæджытæн фыййау, уæ- лыгæс цыдысты, афтæмæй рæзыдысты. Иу заман, сихорыл æрбадгæйæ, хистæр загъта: «Цæй, æмæ нæхицæн уынаффæ бакæнæм. Адæмæн къæбæрыл фос хизынæй ницы пайда ис. Фæлтау Куырттатæм фæцæуæм æмæ уым нæ сæрæн исты амал бакæнæм». Сразы сты иннæ æфсымæртæ дæр хистæримæ. Фос уым фæуагътой æмæ Куырттатæм бацыдысты. Уым иу хъæуы 109
фæйнæ хæдзармæ æртыгай азтæ æххуырсты ныллæууыдыстЛ Хистæр æфсымæр сын загъта: нæ удтæ суæлдай кæнæм æмЭ кусæм æхсæв дæр, бон дæр. Щ Айхъуысти Куырттатыл, зæгъгæ ахæм диссаг никуы ис: æхсæЯ дæр нæ хуыссынц, бон дæр йæ бадынц, афтæ кусынц. I Куыд бакуыстой, афтæ се ’мгъуыд куы ’рцыдис, уæд дывæрæщ райстой сæ мызд. | Рацыдысты. Хъæуæй куы схызтысты, уæд хистæр æфсымæщ дзурьк «Цæй-ма, æрбадæм». Æрбадтысты ’мæ та хистæр дзурьщ — «Цæй-ма, фæнд бакæнæм». «Бакæнæм». «Ныр махмæ фос| дæр ис, æхца дæр, фæлæ хъæуы махæн ныр хæдзар нал ис| цæмæ ма дзы цæуæм. Фæлтау нæхи быдираг скæнæм, загъта! хистæр. 1 Сразы сты кæстæртæ дæр. Ацыдысты, ’мæ дæлæ, Хъæдгæрощ кæм и, уырдæм куы ныххæццæ сты, уæд та хистæр загъта:| «Цæй, ныр ам не ’хца искуы бафснайæм, æрмæст дзы сакъла-| ды фаг немæ ахæссæм». Сразы сты кæстæртæ дæр. Се 'хца| къоппы мидæг иу стыр бæласы бын баныгæдтой. РацыдыстЫ; хъæутыл зилгæ, мæ никуы ссардтой зæрдæмæ цæугæ бынат.*- Цраумæ ссыдысты ’мæ уым иу хъæмпынсæр къуым балхæдтой.; Загътой, цом ныр не ’хца æрбахæссæм æмæ рараст сты. Ссы- дысты. Фæндагыл æрбадтысты ’мæ кæстæр æфсымæрæн загъ- той: «Цу, æхца рахæсс». Уый бацыд æмæ ныхъхъæр кодта: «Æхца ам нал сты!» Астæуккаг загъта: «Адавди сæ». Хистæр та загъта, кæд сæ адавдæуыди, уæд сæ адавта бурхил коса лæг. Астæуккаг загъта, æмæ сæ кæд бурхил коса лæг адавта, уæд уый дары цъæх формæ, æндæр формæ йыл нæй. Кæстæр загъта, зæгъгæ сæ адавди ’мæ сæ адавта бурхил коса лæг, цъæх дарæс дары, йæ ном Аслæнбег. Загътой уæд, уæдæ цом æмæ йæ ссарæм. Рацыдысты агургæ ’мæ Хъæдгæронмæ æрцыдысты., Хъæдгæроны агургæйæ иуыл сæмбæлдысты. Хуызæй ахæм уыд,' фæлæ йæ ном уый нæ, ’мæ йæ фæуагътой. Агурынц æмæ йыл сæмбæлдысты уынджы сæ давæгыл. Йæ ном куы загъта, уæд ыл-ралæууыдысты æмæ сæ фæдисмæ æрæмбырд сты сых/ Фæрсынц сæ: «Цы кодта, цæуыл æй марут?» Æмæ загътой, не ’хца нын адавта зæгъгæ. Афтæмæй стъарцинмæ бацыди сае, хъуыддаг. Æмæ сыл стъарцин хъæртæ кæны, цы кæнут, цæмæй йæ зонут, адавта уын сæ, уый?! «Зонд æмæ фæндæй». «Ау,\ куыд?» «Зонд æмæ фæндæй». Уæд сын загъта: ацæут æмæ искæмæ бафысым кæнут. Рай-; сом раджы æрбацæут. Кæд зонат, уæд уæм бæрæг уыдзæнй^ науæд уе сæфт æрцыди. 110
Æхсæв иу мæгуыр сидзæргæс усмæ бафысым кодтой. Стъарцин та баздæхт æмæ пълотникæн лагъз скæнын кодта. ]"1æ хуылфы йын уасæг сæвæрдта. Æддейы та йæ алыхуызы ^æсугъд ахорæнтæй байсæрста ’мæ йæ стъолыл нывæрдта. Райсомæй бацыдысты. Адæм дæр æрæмбырд сты. Стъарцин с æм дзуры: «Гъы, зонд æмæ фæндæй зонджытæ, ницы хуыздæр >.ъуыды кæнут?! «Ницы» зæгъгæ загътой. «Уæдæ уæлæ стъолыл уЫЙ ЦЫ у?» Хистæр дзуры, цыфæнды уæд, разæй дæр схъæл, фæсте дæр схъæл. Астæуккаг дзуры: разæй дæр схъæл, фæсте дæр схъæл, бынмæ йын къæхтæ.' Кæстæр загъта: кæд разæй дæр схъæл, фæсте дæр схъæл,. бынмæ йын къæхтæ, уæд уый у уасæг. Уæд адæм схор-хор кодтой. Стъарцин дæр косайыл фæхъæр кодта: «Тагъд, се ’хца сын рахæсс!» Коса æхца æрбахаста. Банымадта сын сæ. Айстой сæ æмæ сæхимæ, Цраумæ сфардæг еты. Хæдзæрттæ скодтой, бинонтæ æрхастой. Уалдзæджы хуым бакодтой, æмæ кæстæр æфсымæр бæхтæ къæуы бынмæ нылласта. Хистæр иуафон дзуры кæстæрмæ: «Цу- ма, бæхтæ фен, мачи сæ аласæд». Ныццыд, æмæ бæхтæ уым нал. Ссыд æмæ фехъусын кодта. Ныццыдысты æртæйæ дæр æмæ слæууыдысты, бæхтæ кæм уыдысты, уым. Хистæр дзуры: «Фæласынц сæ». Æмæ дыууæ кæстæры дзурынц: «Сурæм сæ».«Мæнæ рувæн у, æмæ сæ сурыныл куы схæцæм, уæд нæ хуымтæ æнæ рывдæй баззайдзысты. Нæ хуымтæ куы барувæм, уæд сæ агурдзыстæм». Рывд куы фесты, уæд та дыууæ кæстæры загътой: «Цæй, ныр цом нæ бæхты агурынмæ». «Мæнæ хуымгæрдæн у, æмæ æххæст нæ хуымтæ карст фæуой, стæй ацæудзыстæм». Æркарстой сæ мæнæутæ, ’мæ та дыууæ кæстæры загътой, цæй ныр рæвд-з кæнæм. Хистæр сын загъта: «Хоскæрдæн у, ’мæ хос куы нæ ныккæрдæм, афтæмæй нæ бæхтæ куы æрласæм, уæд нын фесæфдзысты». Хос карст та фесты. Æмæ та дыууæ кæстæры загътой: «Рæвдз кæнæм ныр». Æмæ та хистæр загъта: «Нартхортонæн ралæу- уыд, æмæ ма æххæст нæ нартхæрттæ æртонæм, æмæ уæд цæу- дзыстæм». Нартхор тонын байдыдтой. Бон — тонгæ, æхсæв курæггаг уæрдæтты — ласгæ æмæ æфснайгæйæ. Куы бафснайдтой, уæд араст кодтой æмæ Æрджынарæгмæ куы ныххæццæ сты, уæд хъæды астæу æрдудзы фæндаг. Фæндагмæ кæсынц æмæ хистæр дзуры: «Нæ бæхтимæ ма иу бæх бафтыди, бур бæх, зыгъар бæх». Астæуккаг дзуры: Уæд 111
кæд бур бæх, зыгьар бæх уыди, уæд йæ галиу цæстæй хъæрай бæх у. Кæстæр загъта: «Уæдæ кæд бур бæх зыгъар бæх у, Щ галиу цæстæй хъæрæу бæх у, уæд йæ фæстаг къах урс у æщ къуылых бæх у». | Ныр, бæхы хицау фæндагмæ хæстæг хъæды цыдæртæ кус! ’мæ сæм хъусы. Куы сын фехъуыста сæ ныхæстæ, уæд сæ| æргæпп ласта ’мæ семæ загъд самадта, мæ бæх мын цæмае| адавтат зæгъгæ. Уыцы ран сыл фæндаггон адæмтæ дæр æмбыщ кæнынц. Уый дæр сæм фæрæтæй лæбуры, мæ бæх мын адавто^ адон абырджытæ сты, мæ бæхы кой мын кодтой зæгъгæ. Афтæмæя сæ Даргъ-Къохы стъарцинмæ бакодтой. Стъарцин сæ фæрсь! «Цæмæн адавтат бæх?» «Ницы адавтам, нæхи бæхтæ нын адавд дæуыд. Уыдон агурынмæ цæуæм æмæ афтæмæй базыдтам, га§ бæхтимæ бæх бафтыд, уый». «Ау, цæмæй йæ зонут?» 1 Хистæр æфсымæр æм дзуры: «Æ, дæу хицау чи сæвæрдта| куыд нæ йæ зонон, бæх кæм стылди, уыцы ран дзы баззади бу$ хъуынтæ, сæрырдыгæй та г— урс хъуынтæ. 1, Астæуккагмæ дзурьс «Цæмæй зоныс, йæ галиу цæстæй хъæрæ^ бæх уыди, уый?» «Хизгæйæ кæм цыди, уыцы ран галиуырдыгæй кæрдæг æнæ хъыГдардæй зади, рахизырдыгæй йæ хордта, æмæ хъæрæу бæх уыд, уый цы зонын хъæуы!» «Ды та йæ цæмæй зсн ныс, йæ фæстаг къах урс уыди, стæй къуылых бæх уыди, уый?»' «Фæндагыл йæ къах æрдæгфæд кодта, ’мæ дзы урс хъуынтæ уагъ- та. Æмæ уый урс-къах къуылых бæх у, уый стыр зонинаг у? Уæд сыл схъæртæ кодта стъарцин: «Æнтъæргæ кæнут ар-1 дыгæй! Адон хæйрæджытæ сты, æви цы!» Араст кодтой æмæ Кæсæджы æлдары хъæумæ бацыдысты;, Æлдары хъæуы уынгты ссæуынц, æмæ сæм æлдар кæсы уæла-! дзыгæй æмæ йæ мадмæ базгъордта ’мæ йын загъта: «Ирон лæгтæ ссæуы. Мыййаг, махмæ сæ фысым куы уа, ирон æгъдау сын хъæуы». «Мæ ирон æгъдау куыд вæййы, нæ йæ зонын»*! «Ирон æгъдау вæййы бæгæны, арахъ, уæливыхтæ, физонæг»^ «Уыдон мæнмæ сты, физонæгæй фæстæмæ». «Физонæгмæ мæ фыййæуттæм арвитдзынæн, æмæ æрбатæрдзысты». Уыцы комкоммæ цъыфæйдзæгтæй Гаситы æртæ æфсымæры бацыдысты æмæ æлдары уазæгдоны æрбадтысты. Æлдар чи у,; уый бацыди сæ размæ æмæ сыл бацин кодта. Уыдон дæр ып арфæ ракодтой. [ Мад архайдта хæринагыл. Фыййæуттæм æлдар йæхæдæг ар*5 выста: нарддæр æмæ стырдæр цы кусæрттаг у, уый тагъд куы.% сæмбæла хæдзары, афтæ. 1 Æрæвæрдтой фынг. Бадынц, хæрынц, нуазынц. Хистæр^ 112
^фсымæр афтæ бакодта: «Æллæх, æллæх, диссаджы бæрæчет сты, фæлæ сæ чъирйтæ адæймаджы туджы ад кæнынц». Ас- гæуккаг афтæ зæгъы: «Уæдæ кæд сæ чъиритæ адæймаджы ту- джы ад кæнынц, уæд сæ бæгæны та кæны гæдыйы туджы ад». кæстæр æфсымæр загъта: «Уæдæ кæд сæ чъиритæ адæймаджы гуджы ад кæнынц, сæ бæгæны — гæдыйы туджы ад, уæд сæ физонæг та кæны куыдзы фыды ад». Æлдар мæстæй асау. Æмæ йыл æрхæцыдысты, æмæ йын за- гътой: «Ма йыл мæсты кæн, ахæм бæрæчет никуы скæндзынæ, ермæст цы зæгъæм, уый раст зæгъæм æмæ йыл ма мæсты кæн». Сыстад æмæ бацыди æлдар йæ мадмæ. Мадæн афтæ зæгъы: «Цы бакодтай?» «Куыд загътай, афтæ». «Æмæ уæдæ афтæ куы зæгъынц, дæ уæливыхтæ адæймаджы туджы ад кæнынц?» «Гъе, мæ лæппу, хæйрæджытæ дыл бафтыд, сæхионтæ сын сæхирдыгæй фæкæн, мауал сæм бацу. Адæймаджы туджы ад кæнынц, уымæй дын раст зæгъынц: ссаддон мæ къухæй куы ’рбасæрфтон, уæд мæ къух зæгæлыл фæлыг, æмæ йыл туг æркалди». «Æмæ уæд бæгæныйæ та, гæдыйы туджы ад кæны зæгъгæ цæмæн загътой?» «Уымæй дæр раст зæгъынц: гæды хуымæллæджы ныззад æмæ йæ не ссыгъдæг кодтон». Фыййаумæ æрбасидтис æлдар æмæ йæ фæрсы: "Цы ’рбалас- тай?" "Куыд мæм арвыстай, афтæ, хуыздæр æмæ дзы нарддæр чи уыди, уый». «Æмæ мын уæд афтæ цæмæн зæгъынц, дæ фи- зонæг куыдзы туджы ад кæны зæгъгæ?» «Уымæй дын раст зæгъынц. Уыцы хъызт зымæджы мæм куы бацыдтæ, уæд мæ бынаты фыс федтай?» «Нæ федтон». «Уæдæ фыс ныззад æмæ хъызты амард, æмæ уæрыкк куыдзы ’хсырæй схъомыл кодтон». Уæд ын мад загъта, мауал сæм бацу, дæ цард дын æнад кæнынц, сæхионтæ сын сæхирдыгæй фæкæн. Æлдар нæ байхъуыста йæ мадмæ ’мæ та сæм бацыди. Æрбад- тысты, æмæ та хистæр æфсымæр афтæ бакодта: «Ныр ды æлдар дæ?» «Æлдар дæн». «Нæ дæ æлдар». «Уæдæ цы дæн?» «Ды дæ хъуымиаг!» Фæгæпп та ласта æмæ йæ мадмæ бацыди ’мæ дзуры: «Афтæ мын зæгъынц, ды æлдар нæ дæ, фæлæ хъуымиаг. Æмæ мын афтæ цæмæн зæгъынц?» «Нæ дын загътон, мауал сæм бацу, сæхионтæ сын сæхи фæкæн зæгъгæ. Уыдон раст дзурынц». «Куыд раст дзурынц?» «Мæнæн цот нæ уыди. Уæд дæ фыд хъуымиаг ус æрхаста! Уый дæу аргæйæ амард, æмæ дæ æз схас- тон. Курын дæ, ’мæ сын радт сæхионтæ!» Арвыста æлдар рæгъаумæ ’мæ загъта: сæхи æртæ бæхы дæр еын æрбакæнут, стæй ма сын бæхты хуыздæртæй дæр æртæ Ч Махдуг№ 5, 1997 113
æрбакæнут. Бæхтæ сын æрбакодтой. Уый сын се ’рбацыдД саргъæй, нымæтæй срæвдз кодта ’мæ сæ рарвыста сæ хæдзардД Уыдон сфардæг сты сæ хæдзармæ æхсæз бæхимæ. Абон д^Щ ма уыцы æртæ æфсымæрæн сæ цот далæ Црауы цæрынц. 1Я Æртиссæдзаздзыд Гогаты Макъары фыртПонащ ныхæстæй фыст. Цъæйы 1962 азы 13 августы. Ныщ фыста йæ Цагъаты Анастасия. Пона ацы таурæÆ фехъуыста фыййау уæвгæйæ зæронд адæмæй. *ш Дæллаг Дзалатæ æмæ уæллаг Дзалатæ. Дзалатæ дыууæ фыдщ фырты цот уыдысты. Мæн куы куырдтой, уæд сæ лæгтæй щ минæварæй æрбацыди. Ныр мæнæн та мæ фыдыфыдыфьщ уæллаг Дзалаты хæрæфырт уыди. , Ц Сæ минæвар ныхæстæ кæны. Мæ фыдымад та йæм сынтæгаей хъусы. Дзырд куы фæци лæг, уæд дын зæронд ус дзуры: «ЛЯ тæхуды, Додти, стынхъом дæм куы уаин, уæд дын раст дæл« суджы фахсæй дæ сæр асæттин! Ныр куыд æрбауæндыдтш курæг! Махæн нæ хицæуттæ Дзалаты хæрæфырттæ куы стыГЙ Уæд æм лæг дзуры: «Ой, Гæрдæу, цытæ хъуыды кæныаЦ Дæллаг Дзалатæн уæллаг Дзалатæй чызг курын куы 'мбæлы.;| Æз уыцы ныхæстæ мæ зæрдыл бадардтон. Чындзы сæм куь^ æрбацыдтæн, уæд иуахæмы ме ’фсины файнусты бафарстон^; Додти цæмæн загъта афтæ зæгъгæ. Уæд мын мæ хицауы æфсымæр Пленка ратаурæгъ кодта: «Махæн не ’стыр фыд чк уыди, уый уыцы Арсæгты хæрæфырт у. Усæн иунæг сывæллоЦ} райгуырд, афтæ йæ лæг амарди. Хæдзары йын ничиуал уыди| йæ гыццыл лæппуйæ дарддæр. Дыгуырæй йæм йæ авд æфсымæ§ ры рацыдысты æмæ йын загътой, нæ дæ уадзæм ам, стын да| кæнæм. Нæ дын тиу и, нæ дын хæстæг æрвад и, уæд ам и$| лæппуйæн кæдмæ баддзынæ? Ус загъта: мæ амæлæт ме ’мгъуыд^ æз мæ сывæллон сидзæрæй нæ ныууадздзынæн æмæ нæ сыст-| дзынæн. |§ Æфсымæртæ ацыдысты. Æвдисæнæй дæр æм æртхъирæй| кодтой, фæлæ сæм уый уæддæр нæ бакоммæ каст æмæ йæ сыв^ æллонимæ цæргæ баззад. Уæллаг Дзалатæй та æртæ æфсымæры байуæрстой. Уыдонæй: та зæронд мад æмæ фыд’уыди. Куы байуæрстой æртæ æфсым^] æры, уæд сын æнæуæрст баззади кæрисыгъдæггæнæн хъæдьЦ^ сагой. Уаргæйæ-иу иу дзаума æнæуæрстæй куы баззади, уæд^ иу æй æгъдаумæ гæсгæ буцдæрæн радтой кæнæ хистæрæн, кæнЦ? кæстæрæн. Фæлæ йыл Дзалаты æртæ æфсымæры нæ фидыД^ той, æмæ йыл кæрæдзи снадтой. Фидисæн дæр ма баззад, Дза^ 114
датæ хъæдын сагойыл нæ фидыдтой, æмæ ма сæ хорз фыды фырты дæр ууыл куы мардтой. Сæ фыд сæ кæрæдзи нæмгæ куы федта, уæд сæм дзуры (уый куырм лæг уыди, æмæ йæ хуыссæнæй дзырдта сæ хъæлæбамæ): «Уæ, æнамонд хæйрæджытæ, ныр сагойы тыххæй уæ кæрæдзи куыд марут! А дыууæ боны дæлæ дæллаг лæппуйы амардзыс- тут, æмæ уæ уæ фаг фæуыдзæн алкæй дæр, уæд сагойыл цæуыл хъаугъа кæнут!» Уыцы ныхас кæстæр æфсымæры ус (Арсæгты хæрæфыртыл аргъаугæ куы кодтой, уæд æй аргъуаны йæ хъæбысмæ райста, мад ын уыди) фехъуыста. Æмæ æхсæв-бонмæ хуысгæ дæр нал бакодта, мардзысты мын мæ кæнгæ лæппуйы зæгъгæ. Райсомæй уыцы чындз йæ фос раздæр æрыскъæрдта ’мæ, цалынмæ Арсæгон йæ фос куы раскъæрдта ’мæ йæ размæ куы ’рхæццæ, уæд скуыдта мæ йын афтæ: «Хъæуыс мæ». Уый йæм æрлæууыди. Чындз ын загъта. «Кой мæ ма скæ, амардзысты мæ, фæлæ дын адон (ома нæ хæдзар) дæ лæппуйы марынвæнд скодтой. Æмæ ахсæв дæ хæдзары дæр мауал схуысс, дæ лæппуйы фервæзын кæн». Алчи дæр дзы йæ хæдзармæ ацыд. Ус хъуыды кодта æмæ ам, йæ уæле та Абайтæ цардысты. Уыдон тыхджын æртæ æфсым- æры уыдысты. Сæ мад æмæ сæ фыд дæр ма æгас уыдысты. Ус бахъуыды кодта, уæдæ йæ Абайты бар бакæнон зæгъгæ. Къæвда рæстæг уыд, æмæ ус йæ сывæллоны къухтыл рахæцыд æмæ Абайтæм бацыди. Мидæмæ йæ бакодтой æмæ æнкъардæй æрбад- ти, фæлæ дзургæ ницы кæны. Бирæ куы бадти, уæд æй æфсин фæхъуыды кодта ’мæ йæ йæ лæгæн загъта: Арсæгон нæм æрба- цыд, æмæ йæ, æвæццæгæн, исты фæнды, фæлæ дзургæ ницы кæны. Зæронд лæг та загъта, бацин ыл кæнут æмæ йын зæгъут, фæкæсдзыстæм æм хос кæрдынæй дæр, сугæй дæр, тыхсгæ мацæуыл кæнæд, тыхсын æй нæ бауадздзыстæм. Уалынмæ йæ сидзæр дæр айрæздзæни. Сидзæр фынæйæ фехъалы хуызæн тагъд рæзы, айрæздзæн ын. Хæринаг ын скодтой: уæливыхтæ, дзыкка. Æрæвæрдтой йын, æмæ нæ бахордта. Уыдон та зæронд лæгæн загътой, Арсæгон нæ хæры зæгъгæ. Зæронд лæг загъта: зæгъут ын, цы йæ хъæуы, уый зæгъæд æмæ йæм фæкæсдзыстæм. Куы йын загътой, уæд скуыдта æмæ загъта: «Мæ цæсгом бахордтон, фæлæ мын æндæр гæнæн нæй. Ацы сывæллон мын кæд исут уæхицæн, науæд нæ бахæрдзынæн, цæугæ дæр нæ акæндзынæн ардыгæй». Уыцы ныхас та зæрондæн загътой. Зæронд æй бамбæрста. Абайæн та сæ кæстæрæн авдæны уыди чызг æмæ зæронд 115
лæг загъта: «Кæд цæрой, уæд кæрæдзийæн бæззынц æмæ с’а амонд иу уæд! Уадзæд лæппуйы ам, исæм æй». 1 Уæд Арсæгоны бафарстой, цы кæны, цæмæй тыхсы, уымæй| Уый сын радзырдта, йæ номæвæрæг, йæ аргъуыды мад æрцыд| æмæ мын загъта, уæллаг Дзалатæ йæ марынвæнд кæнынц, уый;| Уæд Абайты æфсымæртæй иу бæхыл сбадти. Дыгурмæ ацыд; æмæ Арсæгты авд æфсымæрмæ фæхабар кодта, сывæллоны; марынмæ кæй хъавынц, уый. Стæй сын загъта, лæппуйы уый ардæм дæтгæ дæр нæ акæндзыстæм, мах æй айстам, фæлæ цæугæ< æркæнут. • -\ Арсæгты авд æфсымæры æрцыдысты ’мæ уæллаг Дзалатæм! ныртхъирæн кодтой: «Адоныл æгæр бахордтой кæрдзын зæгъгæ, афтæмæй дæр исты куы ’рцæуа, уæд уæ ам мыггаг нал ныууадз- дзыстæм, сындзын арты уæ басудздзыстæм!» Ацыдысты. А лæппу баззади Абайтæм. Мад-иу куыстмæ ацыд,, изæрæй та-иу æрцыд æмæ сæ дыууæйæн дæр дзидзи бадардта. Чызджы мад дæр дзидзи дардта дыууæйæн дæр. Уæд-иу дзи- дзи авд азы дардтой сывæллонæн. Афтæмæй лæппу Абайтæм царди, цалынмæ йыл цыппæрдæс азы рацыд, уæдмæ. Чызгимæ рæзт иумæ, иу мады зæнæг куыд уа, афтæ. Цыппæрдæс азы фæстæ йæхи мадмæ цæрын райдыд- та. Уæд Абайты чызджы æрбахастой Дзалатæ. Лæг æмæ ус цæрын байдыдтой æмæ сын æртæ фырты райгуырди: Хачым, Мысырби æмæ Батæ. Уæдæй фæстæмæ уыцы Дзалатæ Абайты хуыдтой се стыр мадырвад, сæ ирвæзынгæнæг. Гъе уый тыххæй дыууæ Дзалаты ’хсæн уазалдзинад рацыди ’мæ сæ минæвар дæр уымæн загъта: »Дæллаг Дзалатæн уæллаг Дзалатæй чызг курын æмбæлы». 1896 азы гуырд Дзалаты Хадзымæты чызг Еленæйы .ныхæстæй фыст 14 августы 1962 азы Цъæйы. Ныф- фыста йæ Цагъаты Анастасия. Бицъотæ сæ туг франкæн дæр нæ ныббарстой. Бицъотæ тыхджын æмæ уæздан мыггаг уыдысты. Уыдонмæ æртæ æфсымæры уыди.Уыдон диссаджы цуанæттæ æмæ дура- майджытæ уыдысты. Уæлæ сæ уыгæрдæны дæр дурæй амад хæдзар скодтой. Сæ уыгæрдæн та хъæды астæу æрдузы уыди. Иуахæмы сæ хистæр хос кæрдынмæ фæцыди. Хос фæкарста бон-изæрмæ. Стæй хæдзармæ бацыди. Бафынæй, æвæццæгæн, æмæ уый адыл лæг цыдæр фæци. 116
Куы нæ зынди, уæд æм æрцыдысты агурæг йе ’фсымæртæ. Ссыдысты æмæ ма йын йæ туджы згъæлæнтæ ’мæ дзаумайы гæбæзтæ ссардтой. Фæхъыг кодтой. Цыдæр æй кæй бахордта, уый бамбæрстой æмæ æфсымæртæй астæуккаг загъта, æнæ базонгæ мын нæй, ме ’фсымæры мын цы бахордта, уый. Уымæй æнæ мæ туг райсгæ, мæнæн цæрæн нал и. Лæг йæхи гæрзтæй барæвдз кодта. Уæд-иу ирон топпытæ дардтой. Йæ ирон топп райста. Ссыди сæ уыгæрдæнмæ. Хæдзары æмкъул ма сис ацамыдта. Дыууæ сисы æхсæн гыццыл рудзынг фæкъæртт кодта кæсынæн, æмæ æрбадти уым. Уый зыдта, йе ’фсымæры йын чи бахордта, уымæн та уырдæм æнæ фæзынгæ кæй нæй, уый. Æнхъæлмæ кæсы æмæ 5-æм æхсæв куы уыди, уæд цыдæр футтытæгæнгæ æрбацæуы. Дуар куыддæр бакодта сырд, афтæ йын лæг йæ ныхыл топп дыууæ хатты фæкодта, ’мæ сырд афæлдæхт богътæгæнгæ. Хъæу куыддæр топпы хъæр æрыхъуыстой, афтæ афæдис сты. Уый сæм хъæр кæны: «Хæстæг ма бацæут, цæвгæ йæ ныккодтон, фæлæ мард нæма у!» Дардæй ма йæ фæдисæттæ дæр фехстой. Сырд йæ уынæргъынæй куы банцад, уæд æм бацадысты ’мæ йæ ракъæртт кодтой, æмæ ма йын лæджы къухы æнгуылдзтæ йæ гуыбынæй райстой. Уæдæй нырмæ дзырдæн баззад: Бицъ- отæм та дзурын куыд уæндыс, уыдон сæ туг франкæн дæр куы нæ ныххатыр кодтой. Дзалаты Хадзымæты чызг Еленæйы ныхæстæй фыст Цъæйы 1962 азы 14 августы Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. Бадилаты æрцыд Цъæймæ. Махмæ, Цъæймæ, емцегæн уыди Бадилатæй сидзæр лæппу. Куы йæ хъомыл кодтой, уæд æй кадæй акодтой сæхимæ. Уыдон загътой: «Уæлладжыр кæй схастой, уый нын хистæрæн бæздзæни». Хистæр æй скодтой сæхицæн. Иу дыууæ азы куы ацарди æлдарæй, уæд загътой, цæй æмæ Уæлладжырæй фос фæкæнæм. Се ’мцег сын загъта, Уæлла- джыр стыр у, фæлæ Цъæйы хъару зонын æмæ уырдæм цом. Ракодта сæ цалдæрæй æмæ æрцыдысты. Тигъыл иу зæронд лæг бады æмæ фембæрста, тыхгæнæг сты, уый æмæ лидзæг фæци. Æрлыгъди æмæ дуррæбын æрбадти æмæ лулæ дымы. Æлдар та йæ нæ уыны æмæйæ адæммæ дзуры: «Мæнæ сын сæ хостыл арт æндзарут æмæ уæд бæрæг уыдзæн, фæдисы дзы чи цæуа, 117
уый». Уæд æм лæг дзуры. «Гъе, уæлæ куыдз, уый тыххæй Ш схъомыл кодтам æмæ нын нæ хостæ судзай!» Тъе, дæлæ æвзæщ ды та цы дзурыс?» щ Фехста йæ æлдар æмæ йын йæ лулæ акъахта. Уый дæр фе:ш ста æлдары, сæ емцеджы, æмæ дæ фыдгул афтæ. Уæд тыщ гæнджытæ сæ мард аскъæфтой æмæ лидзæг фесты. Щ Рæстæг рацыди, æмæ йæ мад æрцыди. Баситæм бафысы^ кодта æмæ загъта, мæ фырты мын чи амардта, уый куы фени^ Кæд мын æй, йæ боны дарæс йе ’хсæвхуыссæн кæмæн у, ахæ^Й амардта, уæд мын мæрдты дыккаг хатт мæлдзæн. || А хъæу марæджы диссаг арæзт скодтой, æмæ уый Ныхасщ рацу-бацу кодта. Лæг та афтæмæй ницæйаг уыди. Ус æй куы федта, уæд загъта, æгайтма мын æй ахæм лæг амардта. Ны{| мын афтæ зын нал у. Æмæ ацыди сæхимæ. Гогаты Понайы ныхæстæй йæ Цъæйы ныффыста щ I 1962 азы 12 августы Цагъаты Анастасия. ^ Бадилаты балц Уæлладжырмæ I Хъарадзауты Мысырбийы фырт Барысби загъта, Уæлла-? джыры ком ма мын æнæхæрд у ’мæ фæцæуын хъæуы уырдæм.и Æмæ æрымбырд кодта Хъуыбадты, Тугъанты уæздæтты æмæ* сын загъта: «Цом, Уæлладжыры ком ма нын æнæхæрд у æмæ сæ фосæй, сылгоймагæй ратæрæм. Уыдон сты бага нæмыг æмæ" фæнык топпыхос, æмæ нæ топпытæ нæ хъæуы, лæдзджыты, йеддæмæ». Барысбийы фыд Мысырби та куырм лæг уыди. Сæ’ кæрты къуымы бады. Барысбийы æмбæлттæ та кæрты бæхь№ хъазынц, сæхи рæвдз кæнынц цæуынмæ. Уæд сæм Мысырбй’ дзуры: «Цы хабар у, мæнæн иу фырт йеддæмæ куы нæ ис, æмæ| уымæн чындз куы нæ ’рхастам, уæд цæуыл хъазут бæхтыл». Уæд’ æм иу лæппу бацыд æмæ йæм дзуры: «Гъе, Мысырби, мах Уæлла-$ джыры коммæ фос кæнынмæ цæуæм æмæ дын а дыууæ бонЦ галы сæртæ дæ разы æвæрдзыстæм нæ фосы кондæй. Уæлладжьй ры рæсугъд чызджытæй та дын къæхтæхсæг балæвар’; кæндзыстæм». Мысырби куы бамбæрста, Уæлладжыры коммæ цæуынц, уыйг уæд загъта: «Гъе, лæппутæ, Уæлладжыры комæй сымах фос нæ фæкæндзыстут. Чи цæуы, уыдонæй кæд искæмæн йæ мад,^ йæ ус, йæ хо ам ис, уæд ыл скæуæд йæ бæлццоныл йæ цæст^ уынгæйæ, уыдон топпы дзыхмæ цæуынц». \ Уæд Барысби бæхыл схъазыд æмæ дзуры: «Гъей лæппутзе/ зæрондæн йæ зонд фæцыди æмæ уымæ ма хъусут, фæлæ цомут!»,; 118
Рацыдысты Уæлладжыры коммæ. Æрбахæццæ сты æмæ фал- даг фарс, Бызы хъæуы бакомкоммæ, Къулыхджын æрдузы æрынцадысты æмæ сæм Барысби дзуры: «Иу дыууæ лæппуйы мемæ рацæуæд æмæ нæхицæн хæринаг дæр, кусæрттаг дæр рахæссæм Бызы хъæуæй». Зæронд лæг, Быза Бутатæй, бадæн дуртыл бады Бызы хъæуы. Йæхæдæг цæстæй. хорз нал уыди, фæлæ сывæллон йæ разы бады æмæ уымæ дзуры: «Лæппу , далæ Къуылыхджын æрдузы уыцы саутæ цы сты?» «Баба, уыдон лæгтæ ’мæ бæхтæ сты». Уæд хъæуы сæры уыдис Комвæдис (Комвæдис — бæрзонд хихджын бæлас. Уымæн-иу йæ бын байдзаг кодтой æхсæлытæй, нæзытæй æмæ йæ разы та лæууыди гæс. Исты хабар зæгъгæ, уæд-иу уыдоныл арт бандзæрста. Уый уыди фæдисы нысан, чи йæм зынди, уыцы хъæутæн) Æмæ Быза загъта: «Тагъд, ссу- дзын кæнут комвæдис!» Хъæуы мидæг та адæм цыдæриддæр уыдис, уыдон Цъамады комхæрнæджы уыдысты. Комвæдис куы ссыгъди, уæд Цъамады дæр уый федтой, æмæ, цыдæр хабар и зæгъгæ уыцы хуызæнæй хæрнæджы адæм раф- æдис сты. Уæдмæ та хидыл æрбагæппытæ кодтой Хъарадзауты æртæ барæджы. Зæронд лæг сæ куы ауыдта, уæд хъæуæй та Дудиа- ты чындз æмæ чызг уым фæндагыл куыройы уыдысты. Зæронд лæг сæм хъæр кæны: Тагъд, цыдæр тыхгæнджытæ æрбацæуы æмæ лидзгæ хъæумæ!» Уыдон сæ дзæкъултæ се ’ккой акодтой æмæ хæрдты уæлæмæ слыгъдысты. Барджытæ дæр сæ фæсте æрбасурынц. Зæронд лæг мидæмæ дзуры бадæн дуртæй: «Чындз, тагъд ма мын мæ хæтæл, мæ хъусхос æмæ мæ бандон рахæс, дæлæ цыдæр барджытæ æрбацæуы». Чындз сæ куы р.ахæццæ кодта, уæд сæ Быза бынмæ æрæхста, гъа ныр чындзмæ февналой зæгъгæ уыцы сахат. Нæмыг Ба- рысбийæн йæ бæхбæттæны бахызт æмæ иннæ фарсæй атахт. Лæг бæхæй асхъиудта. Уый куы ауыдтой йе ’мбæлттæ, уæд æм сæ иу дзуры: «Ау, Барысби, бага нæмыг æмæ сæ фæнык топ- пыхос куы хуыдтай, уæд куыд тагъд асхъиудтай дæ бæхæй!» Уый дзурын дæр нал сфæрæзта. Йæ дыууæ æмбалы йæ бæхы саргъыл авæрдтой, йæ астæуыл æй фæсастой, афтæмæй æмæ фæстæмæ фæлидзынц се ’мбæлттæм. Ахæццæ сты се ’мбæлттæм æмæ загътой: «Лидзгæ, кæмæн куыд йæ къах амоны, афтæ, не сæфт æрцыди!» Уæлладжыры комæй комхæрнæджы чи бадти Цъамады, уыдон рафæдис кодтой æмæ, æз фæраздæронæй тахтысты, 119
цæмæй сын Ныхасы нарæджы сæ раз æрцахсой бадилатæн, уы| тыххæй. Уæд комы доныл уыди авд къаххиды. Цалынмæ бадилата ууылты цыдысты, уалынмæ Уæлладжыр сæ размæ цæуынг фæрсты. Зембатты Тæга æппæты разæй фæци Ныхасы нарæЦ джы фаллаг фарс. Иу æртæ дзы уым куы æрхауын кодта, уæ,а Бадилатæ нал размæ уæндыдысты, нал фæстæмæ. | Уалынмæ иннæтæ дæр æрбахæццæ сты æмæ æрцахстой Ныт| хасы нарæг. Æмæ ма фондзыссæдзæй ныууагътой дæс лæджы,| хабар ахæссынæн, иннæты ныццагътой. | Уыцы 10 лæджы æрцыдысты æмæ сæ хабар радзырдтой. Уæд| сын Мысырби загъта, ныр сыл кæугæ мауал кæнут, кæуын сьш хъуыди, куы цыдысты, уæд. | Уæлладжыр сын загътой, кæд фондзыссæдз æргæвдинаг галь# æрбатæрат, уæд уын, Бадилатæ, уæ зиантæ ратдзыстæм æма| сæ баныгæнут. Кæд не ’рбатæрат сæдæ галы, уæд уын сæ пеЩ ратдзыстæм. | Уыдон æрбатардтой фондзыссæдз æргæвдинаг галы ’мæ сы#1 уæд радтой сæ зиантæ. Галтæ та се ’хсæн байуæрстой Уæлла-| джыры ком æмæ Туалгом. ^ 70-аздзыд æнахуыргонд Бутаты Ллыксийы фырт Хъайтыхъойы ныхæстæй йæ 1962 азы 19 августы Бызы хъæуы ныффыста Цагъаты Анастасия. ÆФСИН ÆМÆ ЧЫНДЗЫ ТАУРÆГЪ (Æцæг хабар) Зæронд ус Чендзе йæ лæппуйæн ус æрхуыдта. Чындзы цæтаЦ дзы фыд диссаджы ирæд бахордтой. Афтæмæй дзы чызгыл ницы| скодтой. Чындзæн йæ ном хуынди Мара. Йæ цæгат æппындæ{| кæй ницы фесты, уый тыххæй йæ йæ хæдзар тынг æфхæрдтой| — йæ лæджы хотæ дæр æмæ йе ’фсин дæр. Цæрын райдыдтой. Æфсин-иу чындзæн кæрдзыны къæбæ дæлтъурыл æрæвæрдтаид, йæ къухмæ дæттын ын йæ сæрма^ нæ хаста. <^ Уæд иуахæмы куырой баххуырстой хæдзар, æмæ чынд^ цинæй марди: куырой кæмæй баххуырстой, уыдонæн дам аеЗ; хуым кæрдынмæ ацæудзынæн æмæ кæрдзынæй бафсæддзынае^ Гамботæм зæгъгæ (Гамботæ — куырой кæмæй баххуырстой^ уыдон). | Уæд æфсин нартхоры æмыстæ (æмыс — хуырхыл конд гыЦ^ 120
цыл кæрдзын стад фиуимæ) скодта æмæ уыдонæй иу чындзмæ баппæрста: «Гъа, мæнæ дын уый райсомы аходæнæн æмæ си- хорæн дæр æмæ нæхицæн хуым кæрдынмæ ацу. Гамботæн хуым кæрдынмæ æз мæхæдæг ацæудзынæн, Гамботæ дæр нæ цуры кæрддзысты æмæ уыдон сæ аходæнæй дæуæн дæр куы ныххæс- сой, уæд дæ æмыс фæстæмæ æрбахæсс, ма йæ бахæр». Чындз хуым кæрдын байдыдта. Къæвда рацыди, æмæ Гамботæ ницы ныххастой. Ныр-иу чындз æртæ-цыппар уыгæсы акарста, стæй та-иу æмысæй иу комдзаг акодта, иннæйы та уыгæсы сæрыл авæрд- та. Сихæрттæ куы фæци, уæд Гамботæн сæ Уæллаг хуым фæци карст. Уæд, чындз кæм карста, уый фарсмæ сын цы хуым уыди, уый кæрдынмæ æрцыдысты. Сихор куы рахастой, уæд чындзæн картоф- джыны æрдæг æрхастой. Чындз бирæ фæкасти картофджыны ’рдæгмае æмæ, йæ бон куы нал уыди æххормагæй, уæд æй бахордта. Изæрæй сæхимæ куы бацыди, уæд сывæллонджын ус уыди, йе ’фсинæй сылы куырдта хæрынæн. Æмæ йыл йе ’фсин схъæртæ кодта: «Дæ хуыздæры игæртæ бахордтай, абон ма дын Гам- ботæ дæр картофджыны ’рдæг куы ныххастой, мæхæдæг дæр дын æмыс куы нывæрдтон, уæд цас хæрыс!» Æххормагæй схуыссыд чындз. Райсомæй та ссивынмæ ацыди чындз. Куы рацæйцыди, уæд æм уаты фисынæй йæ тиу радзырдта: — Кæрдотæ дæ нæ хъæуы? — Бæргæ мæ хъæуы. — Уæдæ дæ рон æрбадар. Чындз йе ’гънæджытæ фефтыдта æмæ йын уый куысийы- дзаг кæрдотæ йæ роны æркодта. — Ноджыдæр ма дæ хъæуы? — Бæргæ мæ хъæуы. Æмæ ма йын ноджыдæр æркодта кæрдотæ йæ тиу. Афтæмæй ссивынмæ Джерджы дурмæ (уыгæрдæн Уæллаг Ходы) цингæнгæ ацыди Мара. Ныр куы цыди, уæд æм йе ’фсин дзуры: «Ацу уал, стæй дын Бицо кæрдзын схæсдзæн». Уый бонизæрмæ фессывта. Бицо ссыди, фæлæ йын хæринаг не схаста. Изæрæй куы ’рцыдис, уæд та йын йе ’фсин иу æмы- сы æрдæг æмæ сылыйы къус æрæвæрдта дæлтъурыл. Райсомæй та йæ ссивынмæ арвыста, хæринаг дын арвит- дзынæн зæгъгæ. Уый ацыди æмæ та бон-изæрмæ æххормагæй фессывта. Сæ размæ чи ссывта, уыцы лæг йæ усмæ дзуры, ацы чындз цы диссаг у, йе дон куынæ нуазы, йе хæргæ куынæ кæны, уæд куыд фæразы ссивын зæгъгæ. Уæд æм ус дзуры: — Æмæ куыд нуаза дон, хæргæ ницы кæны æмæ? — Уый худинаг у, уæртæ йын нæ кæрдзынтæй радтут.
Уæд ын сыхæгтæ сæ кæрдзынæй бахастой æмæ бахордта, мæгуырæг. Изæрæй-иу куы. ’рцæйцыдысты, уæд-иу ссивджытæ сæ къæбæртæ æрхастой æмæ-иу ын басомы кодтой, ды уыдон де ’фсинмæ куы равДисай æмæ сæ куынæ бахæрай зæгъгæ. Æмæ- иу уыцы къæбæртæй йæхи бафсæста. Уæд зæгъы иуахæмы та Гамботæм Тхосты куывд уыди. Чын- дзы лæг Бицо куывдмæ ссыди. Уым бахордтой, банозтой. Ныц- цыди сæ хæдзармæ. Сæ хæдзары та картофы уæрм уыди. Æфсин уæрмы сæрыл каубыд скæнын кодта къутуйы хуызæн. Æмæ уыцы каубыды мидæгæй Бицойæн хуыссæн скодта. Куы-иу схуыс- сыд лæг уым, уæд ыл-иу Чендзе гуыдыр сæвæрдта. Чындз та къонайы фарсмæ йæ лæппуимæ цыдæр бызгъуырты хуыссыди. Иу афон куы ’рцыди, уæд лæг дзуры: — Уæ, не ’фсин, хъал нæ дæ? Чындз йæхи ныхъхъус кодта æмæ та лæг дзуры: — Уæ, не ’фсин, хъал нæ дæ? — Куыд нæ дæн хъал, мæнæ мæ цъæх бæхыл хъазын! —У-у-у, не ’фсин, дойныйæ мæлын æмæ мын исты хос скæн. — Æмæ дын цы кæнон, дуар дыл æхгæд куы у, уæд? — 0, не ’фсин, мæ уд дойныйæ сх’ауы æмæ мын исты амал бакæн. Гæнæн куы нал уыди, уæд ус сыстади. Къуымæлы къус æрхаста. Фæлæ лæгыл кау æхгæд уыди æмæ йæм къуымæл бадæттæн нæ уыди. Ус уидыг æрхаста æмæ йын кауы хуынкъæй уидыгæй къуымæл фæлæвæрдта. Афтæ æвзæр уыди чындзæн йе ’фсин. 74-аздзыд æнахуыргонд Хъайтыхъты Тепсайы чызт Фассæйы ныхæстæй йæ 1962 азы 5 августы Уæллат Ходы ныффыста Цагъаты Анастасия. Чендзе æмæ Марайы йæхæдæг зыдта Фассæ. 122
ХЪÆЛДЗÆГ НЫХÆСТÆ «УЫЙ МОДÆ У» Иу хæдзар чындз æрхастой. Сæ чындзыл, уæд куыд дард- той, афтæ уыди уынгæг, цыбыр къаба. Зæронд лæг, чындзы хицау, йе ’фсины фæрсы: — Не ’фсин, ацы чындзæн йæ хъуымац не ’сфаг и, æви уый цавæр къаба у?» — Уæй, нæ лæг, уый модæ у, модæ, ахæмтыл-иу ма дзур. Лæг ницыуал сдзырдта. Иннæ бон райсомæй раджы фестад зæронд лæг. Афтид тру- сик скодта йæ уæлæ æмæ, сæ кæрты астæу цы стыр дур уыди, уый сæрыл сбадти. Ныр æфсин йæ хъус дардта чындзы змæлдмæ. Чындз-иу куы сыстад, уæд-иу æфсин дæр фестад æмæ йæм йæ цæст дардта, мыййаг æнахуыр адæймаг истæмæй куы фæтæрса зæгъгæ. Чындз æфснайы кæрт. Æфсин кæсы æмæ дуры сæрыл цыдæр и, фæлæ цы у, уый не ’взары. Ус æм лæмбынæгдæр куы ’ркасти, уæд æм дзуры: — Уæууа, нæ лæг, æрра фæдæ, æви? — Знон афтæ нæ загътай, бæгънæгæй цæуын модæ у зæгъгæ. Бæрæзгаты Гæмсыры фырт Елбыздыхъойы ныхæстæй фыст 19 сентябры 1963 азы Куырттаты комы Дзуарыхъæуы. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. «ДЫМГÆ ДЫЛ НÆ КÆНЫ?» Авд æфсымæрæн иунæг хо уыди, Аминæт зæгъгæ. Уæды зама- ны чызгыл дзаума скæныны мæт-иу нæ кодтой, мæнæ ирæд куы райсæм, уæд ын уымæй скæндзыстæм зæгъгæ. Афтæмæй чызгыл дзаума ницы уыди. Сыхы хъуамæ хъазт уыда- ид. Чызг сæ сыхæгтæй иу зæронд усæн æнæхъæн бон фæкуыста, цæмæй йын уый йæ къаба хъазтмæ радтаид. Ус ын къæртт къаба (разгом къаба) радта æнæ ибкæйæ, стæй æнæ ронæй. Къабайыл цы бабастаид, уый нæ уыди. Æмæ-иу йæхæдæг чызг (Аминæт) афтæ дзырдта: «Кæсын æмæ Æмзоры куыройыл бынæй цыдæр стыхсти. Æз куырой ацауæзтон. Ныццыдтæн æм æмæ разынди хæцъил, мидæггаг хæлафы комдæл лыскъæйдзагæй. Æз æй ах- 123
сæдтытæ кодтон, ахус æй кодтон æмæ йæ разгомыл æрбастош Афтæмæй афтид къæртт къабайы хъазтмæ афардæг дæн». Хъазтмæ афардæг чызг. Сæ хæдзары та йæ курджытæ ныу- уагъта бадгæ. Хъазты куы ракафыд, уæд дымгæйæ къабайы фæдджитæ фæйнæрдæм фæхъил сты æмæ йæм йæ кафæг æмбал лæппу дзу- рьс — Гъей, Аминæт! — Уæй, уæй! — Дымгæ дыл нæ ныдзæвы, дымгæ? — Æмæ цы? — Хъуыды дæр ницы кодта, афтæмæй йæ каф- ты куыст кодта. Бæрæзгаты Хадæхцыхъойы чызг Адесы ныхæстæй фыст Куырттаты комы Дзуарыхъæуы 19 сентябры 1963 азы. Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. ХУЫСНÆГ Раджы заманы Фæсхохмæ ацыди давынмæ. Беслехъотæм бацыди æмæ æрæмбæхсти. Бинонтæ, æвæццæгæн схуыссыдыс- ты, фæлæ ма чызг бадтис æмæ æддæмæ йæхи хъуыдыйы рауа- ди. Æрбадт æмæ феваст и. Хуыснæг æй фехъуыста. Афтæмæй сын се стуртæй æстдæс ратардта. Фос фесæфтыс- ты. Дунейыл сæ нал ссардтой. Азтæ рацыдысты. Иуахæмы иу хъазты уыцы чызг æмæ лæппу. Беслехъоты чызг æмæ хуыснæг) иумæ симдтой. Æмæ йын хуыснæг афтæ: «Симгæ, симгæ, Бес- лехъоты тъырттæг чызг». Уæд æй чызг фембæрста æмæ йын афтæ: «Фидгæ, фидгæ Беслехъотæн се стдæс стуры!» Æмæ сын цæ бафыста. Куырттаты комы Гулийы хъæуы йæ 1963 азы 20 сентябры 75-аздзыд Хуыдзиаты Хъазийы фырт Ба- бойы ныхæстæй ныффыста Цагъаты Анастасия. ÆГЪДАУ ÆЙ ÆРЦАХСТА Иу лæг хъæргæнæг ацыди. Фæндагыл ыл чындзхæсджытае бамбæлдысты. Семæ йæ акодтой æмæ иу дыууæ къуырийы уым фæци. Куы æрбаздæхти, уæд æм йæ фыд дзуры: — Гъе, Дзатте? — Уæй, уæй. — Кæм уыдтæ, кæ? 124
— Уæртæ хъæргæнæг ацыдтæн. Фæндагыл мыл чындз- хæсджытæ амбæлдысты æмæ мæ æгъдау æрцахста. Уый дæр Хуыдзиаты Бабойы ныхæстæй фыст. «КЪÆБÆРИМÆ, ГУСОН, КЪÆБÆРИМÆ!...» Иу гуыбындзæл чындз хъуццытæ дыгъта. Куы радыгъта æхсыр, уæд хъуджы бын ведра йæ дзыхыл сдардта. Уæлейæ йæм йæ хицау кæсы æмæ йæм хъæр кæны: «Къæбæримæ, Гу- сон, къæбæримæ». Уыидæр ХуыдзиатыБабойыныхæстæй фыст 1963 азы 20 сентябры Гулийы Ныффыста йæ Цагъаты Анастасия. «АФТÆМÆЙ ДÆР МЫН НИЦЫ УЫДЗÆН» Туаллаг горæтмæ æрцыд йе ’рчъиты. Фысым бакодта йæ зонгæтæм. Æфсин ыл бацин кодта. Изæрæй йын æхсæвæры фæстæ уат бакодта. Тас æмæ йын дон хуыссæны размæ æрбахаста æмæ йын загъта: «Де ’рчъитæ ралас, æз дын дæ къæхтæ ахсон æмæ дæ фæллад суадз». Туаллаг æд æрчъитæ сынтæджы йæхи ауагъта æмæ дзуры æфсинмæ: «Афтæ дæр мын ницы уыдзæн». Дзанайты Хъазыбеджы фырт Акимы ныхæстæй йæ 1963 азы Дзæуджыхъæуы ныффыста Цагъаты Анастасия. 125
ЛДÆМОН СФÆЛДЫСТЛД Ирон сывæллæтты дзыхæйдзургæ сфæлдыстад ТАГЪДЦЗУРИНÆГТÆ Алдым-былдым, былдаца, Былдацайæн цомарца, Цомарцайæн цомтерыкк, Терк, Терк Темырхъан, Бæстуджы былмаца, Алыктеджы æлтыхъуыз, Хъуылытеджы Хъуылатæ, Елевхацæ быввæ, Бывыцы дыгуыссæ, Елагълон Ела, Йæ иу лæппу Хабæ, Иннæ лæппу Горда, Горда сын хæлæца, Тыппырон сын æмхæццæ, Ела сæбыввæ, Сихъус хæрæг сиваннæ, Бывыцы дыгуыссæ, Андыры-биндыры, Цохцыры Хъызлары, Сæ сау чызг Парæмæ, Уаси уæрæйдæ цъæгъæмæти, Хъамбизолат Бимболат, Æхсар нæмыг феркком, Уæлæ халон хъуахъ кæны, Райдайæн кæс «Мах дуджы» 1996 азы æстæм æмæ 1997 азы цыппæрæм номырты.. 126
Турчы быдыр сау кæны, Уадта деда гуылмых кæны, Тела тези тыппыр кæны, Зæппадзы сæр лæугæ кæны. Æрцыбыны Цехъол, Мелехъон, Хауа, Хъогæмиссæ, хъог, Хъогæтты зыр-зыр, Æртуалла тырты мигъ, Мит мылазон лела, Лела гæсгæ дыгъадон Афтæ ма мæм æрбайхъус: Мæ иу лæппу Хабæ, Ме ’ннæ лæппу — Горда. Хабæмæ хæмæццæгондæй, Тыппьтрон сын æмхæццæгондæй. 0, нана Тити! Авдчена, Дыгъоцъыра, Мамыцъыра. Симæннæ сихъус хæрæг. АНАЛМАХЪО, АНАЛМАХЪО Аналмахъо, аналмахъо, Каналмахъо, каналмахъо, Цъамцъулутти, цъамцъулутти, Йæд мæ пъцри, иуд мæ цъури, Гакъа дæр нæй, гогъо дæр нæй, Æппындæр нæй, гакк дæр нæй, Гасин сидзæ дæ билтæбæл, Райхуæрæ Хуцъийати Хæкъайасæ, Йе ’фсинæ Ханихъон, Цæбæл мин æй Ханихъон? Кури фидæй ке исфастон, Сахи буни ка бадтæй, Уобæлхо зулун къох, Æлбасæнкк къон къундзæгал. 127
КАРА ДУГЕ Кара дуге, Хъара бугъа, Бæсти сæрбæл, Тугъди хафт, Уæлæ хуæнхти Арф хæнхулти Ниццæй йейæ Иуæнг саст. Кара дуге. Тукке—тукке, Гулудзагъур Дор Хъабан. Кара дуге, Æвдогура, Æй гогура, Турускъе, 0, Габолон. Æвдозгун дæ, Зæболгун дæ, 0, фелвæсæд Дæ гъолгун! УÆЛАРВЫЛ ДЗОСТÆ Уæларвыл дзостæ, Дзостæ ’мæ Хуыдзæлæмырзæ, Дзæлæмырзæ Илйа, Илйа фырмылазон, Дыгъуылон. Уæ Дыгъуылон — къуырмахъус. Уæ закка — дурмана, Арæби-арæби, Бардын- бырдын, Базарнетæй Турне-не-не, Сыллон-сылло, Хъахъа бицъыло Уæлкъуыпп.
ЦЪЫРЦЪЫРАГ Цъырцъыраг Цъынайы Цъущтыл Цъырдта Цъæх Цъиуы Цъар. ЦЪИППЫ-ЦЪИППЫ Цъиппы-цъиппы, Цъыбарыгон, Цъыбар-цъыбур, Цъæрцъæрæг Цъæпп-цъæпгæнгæ Цъæх цады дон Цъæх бырынкъæй Цъиры. УÆЛÆ ЦАРЫ Уæлæ цары Хъаст хъола. Йера сара, М’ама сера... КЪУЫРИСÆРЫ Къуырисæры Къадаты Къæдзæхы Къулы Къæхæны Къæбутыл 9Махдуг№5, 1997 ]29
Къиситы Къуырма Къоста Къахæнæй Къахта Къутæртæй Къодæхтæ Къодзты Къиссимæ. ГЪÆНГ-ЗÆНГ Гъæнг-зæнг, Хеди фахсæ къæхтæ, Чирт-кант, Чинт-даргъай, Хæзнидон туауас, Бацæуджинайтæ, Биццеу Хъизæн гæбыла Кæлух тæхун, Ката Стур Дигори, Бинаг хæдзари Дæлбазур, Кисил Хæнæз. ТАЛА, ТАЛА, ТУРТУНДЕК Тала, тала, Туртундек, Соггæнæ Къæлæбек, Гадзи халон —- Милазон, Уой Дугъуна — къумæлгъос, Æртæ мæмæ æрбайгъосæ: Мæ йеу лæппо — Хаду. Ме ’ннæ лæппо — Хадæмускъæ. 130
АРДЖЫ БЫНЫ Арджы быны чехъо, Мелехъо-хъеуа, Мама хъеуа, дыбыцы, Сæ дза!быр — махуа, Се ’ннæ дзабыр Хъогæ. Хъогæмæ сын тылæттæгонд, Тыппыро сын æмхæццæгонд Уæ нана — Тити. БÆРОЙТЫ Бæройты Барис Балхæдта Бабызтæ. Бабызтæ Бапп-бапп Байдыдтой. Барис сын Бахæринаг радта. Бабызтæ Банцадысты. ФОНС СУДÆЙ Фонс судæй Дæсгæйттæй мардæй, Мардæй судæй Косæг фонс. Фонсæн æхсæни Хуасæ скиндæй, Фонсæн дæттунцæ силæ. 131
РАУАЙ АРДÆМÆ Рауай ардæмæ, Рауай, ра, Райсæ резгæ Фæндур нур, Зарæ гъæрдæр: Ра-ра-ра! Фæндур райдæдта Зир-зир. БОНМÆ-БОНМÆ Бонæй-бонмæ Бæрæг бонмæ Бадтæн Бон-изæрмæ Бали бæласи Буни. КЪОСТА КЪОРАМÆ Къоста Къорамæ Къулух Къамбеци Къахнадбæл Кодта. БАРÆМОДЗУН Барæмодзун, барæмондзун, Балæгæрдун æз. Цард — цæрæгæн, Мард — мæлæгæн. Цъæх арв син — пæлæз. 132
Кæми ’ргомæй, Кæми хинæй, Ратонут уæ хай: А дунебæл ду гъæуамæ Раст йе уæхæн уай. КЪИРХУН Къирхун, Мурхун, Ниххирхун, Де знæгтæмæ Æипурсун, Къабазгай сæ Искæрдун, Сау фæракæ Сæ кæнун. ХИУАГ Хиуаг Хæмпæлзачъе Хилдасæг Хæтъаты Хорз Хечъо Хивæнд Хæрзхаст Хæрæгыл Хæрисджынæй Хæкъуынайы Хосгæрстмæ Хурхæтæнты Хосдзаутæн Хæрдгæхуыд Хызыны Хаста Хæбизджынтæ. Хæрæг 133
Хæрдмæ Хылди Хус Хæрисы Хихтыл. Хосдзаутæ Хордтой Хæринаг Хуссарварс Хосыл. Хæргæ-хæрын Худтысты Хечъойы Хытъынджын Хайуаныл. ДУБУ, ДУБУ Дубу, дубу, Дæнк дубу. Уæ али форти Кæртæ-кæртмæ. Туппур Болахъ Дæнк-дæнк, Серти сæрти Нивæфтуд. ДЫГУÆ-ДЫГУÆ Дыгуæ-дыгуæ, диан-дыгуæ, Бæхтырболат, дæнг-дæнг! Далæ фурды — кæрдтæ-кæрдтæ, Се ’рдæг кæрдтæ — нывæфтыдтæ. Рауай, лæгай, хъил ахæрай! — Æз та хъилæй цы бахæрон? — Уæд та дæ цæф — дæ зæнджы рагъ! Хомтæ, Мырзайтæ, Фæстаджырдæм — хæрдгæтæ.
МОРЕ КÆНУН Море кæнун Дæрæсхуæрæн Дуввут-зыгъгъутт, Зугъгъутт—дуввут, Бæстæ фестуй Еугур дæрæн. Цæлтæ, мортæ, Хуртæ, дортæ. * * * 1. Тæвд къæйыл хуылыдз фæрак. 2. Хъыбыл хъæмпы комы хъæмп къахы.. 3. Хъæбæр галæн хъæбæр хъæдæй хъæбæр къæлæт. 4. Хæрды хæрæг хæрдмæ риуыгъы. 5. Абхази надбæл æд æхсæмпъес хъæдоргæрдæг. 6. Дæлæ комы хъæр кодтон. Уæлæ комы бæх кодтон. 7. Дуар гуыпп-æрбагуыпп. 8. Дæлбазыр æз сабыр æрцахстон сæлабыр. 9. Сауджыны хъуыры — тæвд чъыр. 10. Фæндагыл цыд мæгуыр гуыр. 11. Дзурæг дзырдта, пирæн пырдта. 12. Тæрхъусы хъуыст - хъилхъусæй, Тæрхъусы хуыст — дæлгоммæ. 13. Дзæкъул-мæкъултæй æрбацæуы. 14. Арв ныр ныннæрыди. 15. Авд бæгæний гæбæти лæгæт. 16. Æгас адæм бæхтæбæл, Мах ба къæлæубæл. 17. Каурæбун хъæрæу хъизон къупхæ къахуй. 18. Фахсы фæхсытæ фæлдæхт 19. Мæ кæрцæ зугъуммæ искодтон. 20. Микъилий фий цæхæри. 21. Мæ хъуг Бызы бын хъардгон æмæ мын æрдæг хъардæй баззад. 22. Тагъд дони буни къæдзæсидзæ кæсалгæ. 23. Тæхбид къуртуй билæбæл цæхгун мистæ. 24. Хъанухъти къæпе хæдхъур къæпе. 25. Дзæкъул-мæкъулгæнгæ æрбацæуы. 135
26. Цæргæ, хуæргæ, цæхгун мистæ дæ хъури. 27. Цъæх арвбæл цъæх нæлсæгъдзæрттæ. 28. Хъыбыл хъæбæр хъæбын аныхъуырдта. МÆСТÆЙМАРÆНТÆ КЪОРА КЪОРДÆЙ Къора къордæй, Цымыти фондзæй, Сæ чындз æхсарæй, Сæ мыст фæлсарæй, Сæ арынджы - бæркъатæ, Сæ тыгуыры - дæркъатæ. ÆЗ ДÆР - Цуаны цыдтæн. - Æз дæр. Топп райстон. - Æз дæр. - Топпхос дзы ныккодтон. - Æз дæр. - Куыдзы мемæ акодтон. - Æз дæр. Хъæдрæбынмæ схæццæ дæн. - Æз дæр. - Хæрæджы хæдмæл дзы федтон. - Æз дæр. ~ Куыдз дзы бахордта. - Æз дæр. ÆЗ ДÆР (Вариант). - Райсом раджы сыстадтæн. - Æз дæр. - Мæхи æхсынмæ ацыдтæн. 136
~ Æз дæр. - Гæды бæласы бын ауыдтон. - Æз дæр. - Кæсын, æмæ уырыйы мард хæры. - Æз дæр. ЦÆУОН, ЦÆУОН Цæуон, цæуон гъæути надбæл, Гъæути надбæл цы ссерон? Саги дзабур дони тулд, Баделйатæ тоги тулд, Мах нæхуæттæ муди тулд. УÆЗДÆНТТÆН Уæ уæздæнттæ, уæздæнттæ! Тобо лæхти уæ кæрдтæ, Уæларв уæ мæрддзаг, Тæкьузгæ уæ хистаг, У дзикка сойнæ кодта, Абæрæг æй фæууилдта, Никколон æй бахуардта. УÆЛÆ ХАЛОН «ХЪУАХЪ* КÆНУЙ Уæлæ халон «хъуахъ» кæнуй, Тæгæнайы серæ туппур кæнуй, Касин серæ дингир кæнуй, Калихи каликъо, Фæраскъæтти дзæгъæлзад, Сæ куй фæдагор, Се ’фсинæ лæг агор, Сæ йедгутæ хъæлæба, Сæ гæбæт гæбар-губур. 137
ÆЛДАРÆН Гого-гого гогурбунти, Семинари цъинда-минда, Пахсаригон Задæлески зæринкурдтæ, Къотæр рæбун цъæмпул кизгæ. Уæ гулæр — цæмæдес, Ахсæргинмæ мæ фæдес, Уотæ лæу-лæу цæмæн кæнтæ? Не ’лдæрттæн æхцæуæн æй, Сау хæрæг син æхсæвæрæн. БИЛЛУЙ, БИЛЛУЙ Биллуй, биллуй, Гого, гого, гог рæбунтæ, Бодух хъадир цъæрна-мæрна, Сарти гæна, Дууæ ’рфуги, Пахсаригон курæнгинтæ, Задæлески зæрингурдтæ, Гкмарамæ фиутунтæ, Хъахъидормæ хъæбунтæ, О, Гулар-цæмæдес, Æхсæргин уæ фæдес, Дзинагъамæ уæ лæу-лæу. Ой, мæгуыртæ, уотæ лæу-лæу Цæмæ кæнтæ? Не ’лдæрттæн æхцæуæн æй. Сау хæрæг син æхсæвæрæн. АРГЪАУ-БИРÆГЪАУ Аргъау-бир æгъау, Бирæгъы фаджыс хатъа, Дæргъæфсы зокъо, Хъæриуы хъайла, 138
Ламардоны хъабуза, Габуза диттой, Фыййæуттæ ниудтой, Чындзхæсджытæ симдтой, Уæрыгъытæ кафыдысты * * * 1. Даст къоппа æртæ цъыччы. 2. Кокка быззи, Сабазджи. Æри ма мын абази. 3. Костик быныли, Кæрчытимæ фæхыл и, Айк ын нæ радтой, Йæ сыдз ын фæнадтой. 4. Хинæйдзаг Тменон, Райсом ма дæ кæм фенон? 5. Лæппу! Дæ гуыбын къуыпп у? 6. Гæбыца! Дæ фарсыл дамбаца! 7. Тæрхъус! Йæ л....дæ хъус. 8. Сабат. Хæр&гыл абад. 9. Змис. Дæ быны фæмиз. 10 Бæлас. Дæ хæлаф æрлас. 11. Къуырисæр. Уæ аджы хуыйы сæр. 12. Кружкæ. Салдаты л... ныррус кæн. 13. Неци. Йæ сæры пец и. 139
14. Чырысти райгас. Йæ къах ын аиваз. 15. Хуыцаубон. Дæ дзыппы ’хцадон. 16. Чъынды гуыссæ — синæй саст. Авд хæрæджы — демæ баст. 17. Дзабыр. Куыдзы с... бабыр. 18. Ссæдз. Фаджысы ныссæдз. 19. Æз æмæ ды — куыдз æмæ гæды. Сæ дыууæ дæр — ды 20. Базыраты Бубули. Адавта мын мæ кæри. Фехстон ыл мæ лæдзæг, Акъуырдтон ын йæ сыдзæг. 21. Уæлæ цары фæйнæджытæ. Лескайы чызджытæ — хæйрæджытæ. 22. Быдзы-быдзы — Куыдзы фындзы. 23. Сасир. Мæрдтæм басир. 24. Къуыстил. Дæ фæстаг ыстил. 25. Алагир. Уæ уынгтæ лæхъир. 26. Хуымæллæг. Уæ чызджытæ фыдмæллæг. 27. Брут. Дзыхъы ныббырут. 28. Зилгæ. Сцæуынц сæ тилгæ. 29. Къуыдипп Саниба, Уæ нас фæтулы, Уæ чындз æй фæсуры. 30. Ацонæга — Гумемæ. Еууын кæрдзын дзулимæ. 31. О, Тепса-Тепсарычъи, Дæ худ хъæдмæ ныббызычъи. 32. Джитъыри ’мæ дам нас цыди. Цæрайы фындзы къоппа басыди.
33. Охх æмæ ’рдæг, Дæ быны — кæрдæг Дæ уæлæ — хъисын. Æри мын мисын. 34. Бецыкк, бецыкк дадали Скъæтмæ дæ бадавди. 35. Æгъуызарон, Битарон Дæ урс куырæт иударон. 36. Къахыр дæндаг Уырдыг суй. 37. Охх æмæ ’рдæг, Дæ быны кæрдæг, Де ’рагъ бæгънæг, Дæ гуыбын æндæрг. 38. Джитъри мæ неси Лæппуйы хъуыдцаг не ’сси. 39. Дæ сæр — къæсæр, Дæ хъустæ — хъустæ, Дæ цæстытæ — мыстытæ. Дæ фындз — пырындз, Дæ хъæлæс — къæс. СИДТЫТÆ ÆМÆ ФÆЗМÆНТÆ 0, хур ракæс, ракæс! — Мæ дзыппы дын цæхх ныккодтон! Афтæ кæрæдзийы фæдыл зæргæ дзурынц ацы ныхæстæ сывæллæттæ, хур æврæгъты (мигьты) аууон куы фæвæййы, йе чысыл куы фæуары, уæд. О, хур, ракæс, ракæс! Майрæмы каркæн ихæн у! — Сывæллæттæ мигъ бон Майрæмы карк куы ’рцахсынц, уæд афтæ фæдзурынц зарæгау 141
СЕДЗÆРТИ ХОР Уо, хор, ракæсæ! Цъеути мадæ Сæйгæ кæгуй, Нæуæг ностæ кæрдзин кæнуй, Неннæ ностæ къуымæл цæгъдуй. Уо, хор, ракæсæ! Мах седзæртæ, Сувæллæнттæ, Æнкъард бадæн. Ехæн нин æй. Махæн нана Мæлгæ кæнуй, Махæн баба Фæрсæй кæсуй, Седзæрти хор, Тагъд ракæсæ: Мах — мæгуртæ, Тухстæй цæрæн! Мах — сабийтæ, Дæумæ бæллæн, Хорзæрийнæ, Дæуæй цæрæн, Мах уарунæй Цъифæй тæрсæн. Æрра халон, Еу ратæхæ. Мах нæ цъифтæ Дæуæн дæттæн. Дæ сортæмæ Хицæ кæнæн. Уæ, халон! Дæ сортæ — мæн, Мæ цъифтæ —■ дæу!
ДЗЫРГЪАМЫРГЪА Дзыргъа-мыргъа, Уарын курæм. Дзыргъа-мыргъа, Къæвда курæм. УАРЫ, УАРЫ — Уары, уары! — Цы уары? — Хидыхъусы цæхх уары. Гуызыматæм бандон. Гуызыма нын байгом. УАРЫ, УАРЫ (Вариант) — Уары, уары! — Цы уары? — Хидыхъусы цæхх уары. Сæ бæгæны фæкалди, Сæ чындзы сын фæтарди. ЦИЛЛЕ ЗАКЪÆ Цилле закъæ, Сойнæ сæр, Борхуари кæлæнтæ, Фаги кæлæнтæй байдзаг æй, — Ра-мæ мæ кæмæ, Ра-мæ-мæ кæсæ.
ГОГУЗ-ГОГУЗДÆНТТÆ Гогуз-гогуздæнттæ, Дзæуæгигъæуи зæрингурдтæ. Тæпп-туппæ лæдзæггинтæ. Дони астæу кæртæ-кæртæ, Бабузи къелтæ нивтæ-нивтæ. ГЪУРРУГЪУРРУ Гъурру-гьурру, Чи кæной? Калм мæ хуссун нæ уадзуй, Цард мин нæййес мæ фæндон, — Е миг хуæруй мæ бæдæлттæ. ЗÆРВАТЫЧЧЫ ЗАРД Хæбыцъырæ, быцъауæрæ, Мыдычъырæ, чъырауæрæ, Биуæрæ, бауæрæ. Хуыцауæй дæ бауырнæд: Лæг — иудзырдон, Ус — авдцзырдон. Кæд мæнгæй зæгъын, — Куыройы бын мæ сæр — цъи-и-и-ист! ЛÆГ - ИУХÆРДОН (Вариант) Лæг — иухæрдон. Ус — дыууæхæрдон Кæд мæнг зæгъын, Уæд куыройы фыдты ’хсæн Мæ сæр — цъи-и-и-ст!
* * * 1. Гагг-гукк, гакк-гукк. Уæ чызджы мын радтут. 2. Гамо, гамо, му-у-у. 3. Гогыз кафын нæ зоны, бабыз кафын зоны. 4. Гæлæбу-гацца хъуын рауадза. 5. Цъи-цъи мама хъуырмæ-хъуырмæ. 6. Ус дзы бадти — фæныкгуыз, Чызг дзы бадти — лыскъсæр, Лæппу дзы бадти — хæфрихи. 7. Цицыры айк дзыгъуыр у. 8. Хърихъыры-хъу-хъу-у! Кард — дæ хурхы Де сгуы — мæ къухы! Уыдзæн ма 10Махдуг№5, 1997
ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ ХУЫСЕ * * * Фысджытæ æмбырды бадынц. Цæдисы сæрдар Цырыхаты Михал ныхас кодта æмæ та-иу, хъæуа-нæхъæуа, уæддæр кон- сультанттырдæм фездæхт, фелхысчъытæ-иу сæ кодта сæ куыс- ты фæдыл. Уалынджы бынтон фергом и йæ маст: — Исты мын сæ хид нæ кæлы. Хъайтыхъты Георги йæ ныхас баппæрста: — Нæ, тæвд бон куы вæййы, уæд акæлы сæ хид. Мыртазты Барис уæлдæр литературон курсыты ахуыр код- та, æз та — литинституты. Лекциты фæстæ-иу ацыдтæн Сырх фæзмæ, кæд стыр хицауттæй искæй фенин — диссаг мæм кас- ти, ай-гъайдæр: цæрæнбонты кæй кой хъуыстон, уыдонæй искæмæ бакæс! Иу изæр мæ цыд фæрæстмæ. Федтон Ворошиловы. Дыккаг бон институты кæрты Барисыл сæмбæлдтæн æмæ йын, мæ цин мæ былалгъыл, афтæмæй дзурын æмæ дзурын, Ворошиловы куыд федтон, уыцы хабæрттæ: — Сау машинæйы рацæйцыди. Фæстаг бадæныл бадт. Иэе сæрыл — сæрдыгон тегла худ. Æз æй уайтагъддæр базыдтон. Барис мæм æрбакасти, бахудти: — Йæхæдæг дæ нæ базыдта? Фысджыты æмбырд æнæнхъæлæджы загъд-заманамæ расаиД" та. Цæвиттон, иу фатер сын лæвæрдтой, æнхъæлмæ та йзе^ 146
бирæйæ кастысты. Фатер чи агуырдта, уыдонимæ Тедеты Ефим дæр. Ефимæн фатер уыд, фæлæ йæ рудзгуытæй рухс фаг нæ цыд. Æмæ мæстыйæ дзырдта: — Ныр та дзы æндæр исчи ацæрæд! Сымах уый зонут, æмæ дзы боныгон дæр рухс судзы æмæ мæ цæстытæ тыбар-тыбур райдайынц. Плиты Грис Ефиммæ тæригъæдгæнæджы каст скодта, стæй ныхас йæхимæ айста: — Мæ хæлæрттæ, ныр афтæ куы бакæнид Ефим, æмæ царæй куы саразид рудзгуытæ! Хæхбæсты ахæм рудзгуытæ арæзтой иууылдæр, æмæ-иу сæм рухс дæр уыд æмæ алцыдæр. Ефим фестади, Грисмæ багуыбыр. — Ныр мын куыд аразын кæныс рудзгуытæ царæй, кæд æмæ уым дæр мæ фатеры хуызæн фатер и æмæ дзы хæдзары дзаг бынонтæ цæры, уæд? — Гъо-гъо-о! — йæ ныхас даргъ ауагъта Грис. — Кæд афтæ у, уæд, æвæццæгæн, нæй рудзгуытæ аразæн царæй. Уымæн æмæ æвгтæ-йедтæ куы бахæссай, уæд уый æппæт бинонтæй афтæ ничи зæгъдзæн: «Ай нын нæ фатеры цы ми кæны?!» Иу бонрæфты Хъайтыхъты Георги «Мах дуджы» редакто- ры дуарыл бахæцыд. Дуар æхгæд разныд. Георги раст алæууыд æмæ хъæрæй загъта: Кæм та и ай? Кæцæй та тоны хай? Нехай! Иу къорд лæгæй бульвары лæууынц. Мыртазты Барис дæр — семæ. Уалынмæ сыл иу зонгæ æрбафтыд. Лæг кæмдæр цæлы фынгæй сыстад, йæ зæрдæ хъæлдзæг ныхас агуырдта. — Иу худæг уын радзурон, — се ’хсæн æвдæлон лæуд æркод- та. Дзуры æмæ дзуры. Фæлæ йæм уæддæр хъуыстой, уæдæ цы уыдаид. Куыддæр дзырд фæци, афтæ йæхæдæг хъæрæй, тынг хъæрæй ныххудти. Иннæтæй ничи бахудти. Барис йæ уæхсчы- тыл хæрдмæ фæхæцыд: — Кæд мæхи ахъыдзы кæнон æмæ афтæмæй бахудон. 147
Æмбырды ныхас кодтой, «Мах дуджы» афæдзы дæргъы цы уацмыстæ рацыд, уыдоныл. Поэзийыл æрдзурын хæсгонд уыд Мыртазты Барисæн. Уый йæ разы журналы дыууадæс номыры æрæвæрдта. Иу дзы сисы, æмдзæвгæтæ дзы кæм уыд, уыцы сыф байгом кæны æмæ æппæлы æмдзæвгæтæй, се ’ппæтæй дæр — æппæлгæ. Ноджы æппæлгæ та — къæбæлдзыг, æргом ад- джындæр чи кодта, ахæм ныхæстæй. Грис æм иудзæвгар фæхъуыста, стæй йæ цæстытæ æрцъынд кодта, йе ’хсæрварс йæ тъæпæн арммæ æрхаста æмæ ныссабыр. Иууылдæр загътой: Грис бафынæй. Барис фæлдæхта журналтæ, дзырдта ’мæ дзырдта, æппæлыд æмæ æппæлыд. Иуафон куы уыди, уæд Грис йæ бынаты хæрдмæ фæхауд, йæ тъæпæн арм ныттылдта Барисмæ: — Ну, что ты делаешь, ты же не маленький! ЧЫРЫСТОН АХСÆН Фыссæг Мæрзойты Сергей дзидзауæйгæнæн дуканийы амбæлд йæ зонгæ заманхъуйлагыл. Кæсы æмæ уый хуыйы фыд исы. — Æмæ ды пысылмон куы дæ, уæд хуыйы фыд хæрыс? — дисхуызæй йæ фæрсы Сергей. — Хæрын, — дзуапп радта заманхъуйлаг. — Мæ ахсæн чы- рыстон у. 148