Текст
                    Журнал выходит с мая 1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Главный редактор — Ахсар Кодзати
Редколлегия: Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв. секр.)
Шамиль Джикаев
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Михаил Цирихов
Техн. редактор Анпа Ядыкина
Корректор Заира Карацева
Владикавказ 1997


А_ '97 Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор — Хъодзаты Æхсар Редколлеги: Техн. редактор Корректор Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн Джыккайты Шамил Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Цырыхаты Михал Ядыкина Анна Хъæрæцаты Зæирæ секр.) Дзæуджыхъæу 1997
НОМЫРЫ ИС: ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр. Æмдзæвгæтæ. 5 ТЫДЖЫТЫ Юрий. Хърихьуппытæ тахтысты бæрзæндты. Уацау. 13 ХÆМЫЦАТЫ Албег. Кæдцæры фыстытæ. Æмдзæвгæтæ . ... 36 ТÆЛМАЦТÆ Эжен ИОНЕСКО. Сыкъафындз. Пьесæ 45 НОГ НÆМТТÆ Æ. ’Хсар. Кæдискуыфæхæстуаинрухсыл.... Æмдзæвгæтæ. . . . 94 ХЪАУЫРАТЫ Дауыр. Юмористон радзырдтæ 97 АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Ирон сывæллæтты дзыхæидзургæ сфæлдыстад 103 НЕ ’ВЗАГ - НÆ ХЪЫСМÆТ АГЪНАТЫ Æхсар. Скифты-сæрмæттыдзырдуат 122 УИДÆГТÆ Гегкиты мыгтаджытыххæй 129 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ Историон хабæртгæ 135 Сдано в набор 14.03.97. Подписано к печати 01.07.97. Формат бумаги 60х84'/|6. Бум тип. № 1. Гарн. шрифта Музл. Печать офсетная. Усл. п. л. 7,90. Учетно-изд. листов 7,11. Заказ № 17. Адрес редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 33-69-66; 33-69-62; 33-31-58; 33-31-24. Журнал набран, сверстан и отпечатан на издательско-полиграфическом предприятии им. Гассиева, 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. © Махдуг№ 4, 1997 4
ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр САБАН Челæхсаты Сабаныл, куыд хъуыстон, афтæмæй цыд авдыссæдз азы бæрц, кæнæ фылдæр. Мах æм се ’рвадæлты лæппу Гадзеимæ бацыдыстæм 1938 азы, исты хабæрттæ нын кæд ракæнид æмæ сæ га- зет «Рæстдзинад»-мæ арвитиккам зæгъгæ. Уæдмæ редактор сси сæхи Хъылцийы фырт Аслæнджери: уый нæм йæ хъус хъуамæ фæдардтаид уацхъуыд мыхуыры рауадзынмæ. Сабаны баййæфтам сæ хæдзары тыргъы иунæгæй. Нæртонау бæрзонд, бæзæрхыг, ставд мæкъуыстæг æмæ егъау цонджы хъулджын, урс зачъетæ — ронбастмæ. Æз ын кърандасæй гæххæттыл йæ ныв кæнын райдыдтон æрмæгимæ æрвитынмæ. Ныв куы фæцæттæ, уæд бафарстам: — Зæгъ-ма, раздæры цард ныримæ абаргæйæ кæцы хуыздæр уыди? Мах æнхъæл уыдыстæм: ивгъуыд бонтæ фаудзæн, абоны дугæй æппæлдзæн. Уый загъта, кæрты къуы- мы къутуйы хæлддзагмæ амонгæйæ: — Уæртæ уынут, уыйраздæр нартхорæй — цъуп- дзаг, ныр — афтид, сугæн æй судзын. Мæ хъугæн раздæр — хъарм скъæт, ныр уæртæ старцыл бастæй лæууы тæнтæхаудæй. Раздæр бæхыл цыдтæнхъæдмæ, ныр æккойæ кæнæ лæгуæрдонæйæмпъухынуис, мих, уазал доны бæгъæмзæнгæй балæгæрдын... Мах æй ницæмæйуал бафарстам. Нæ фæндтæ фæдзæгъæл сты. Нывуыйфæстæурсдойнаг Зæгæлты рынчын Нохдарæн балæвар кодтон. 5
Сабан царди иунæгæй. Йæ фырт революцийы агъ- оммæ Маньчжуримæ афтыд æмæ уым баззад. Йæ фыдмæ фыстæджытæ æрвыста бирæ заманты, стæй ныхъхъус. Хæсты рæстæджы мах æфсæддонтæй иу, Маньчжуримæ чи афтыд, ахæм (Дзансохты Костан), дзырдта: «Федтон иу стыр хæдзары дуарыл фыст: «Предприятие Челахсаева и К°». Чи зоны, бизнес- мен сси, фæлæ йæ фыд Сабан та мæгуырæй амарди. Гуыргуырæй судзы арт, æмбыдмæра къуындзихыл Йæ сырх æвзæгтæ, хъазгæ, сабухынц хæрдмæ. Мæ фысым а-изæр — Сылтаныхъы уæлтигъыл... Арв райдзæгъта æргом йæ диссæгтæ уæдмæ: Налмасты расæххæтт — æхсæрдзæны цыхцырау, «Æрфæнæй» фемæхсы æвзистадзагъды зæй,— Хъус ацахсы йæ зæланг аргъуаны зæл-мырау, Налхъуыт тæппытæ зæххыл абадынц чырсæй. Хæзна хъуырдзæджытæ, дзындзхалыл сагъд фæрдгуытæ Нæ сæрмæ сисынц цоппай, иудадзыг зырзыр, Цыма æривæзынц сызгъæринхъис æнгуыртæ, Сæ фæрсты зилгæ кафы тъепаты дзыгуыр. Кæцæйдæр срæйы куыдз, кæмдæр ныууасы уасæг, Дæлрагъ — уæрдоны хъинц, йæ сæмæны къæс-къæс. Æз хъахъæнæг Сабанæн ацы хатт — йæ уазæг, Цы цаутæ радзура, — сæ ныффыссын — мæ хæс... Æмæ куы бафæллад ныгуылд бонтæ мысынæй,— Æрдæгыл фескъуыдта йæ хъуыдыты нывæзт. Тæскъыл арæзт лæггуыфы бадгæйæ, æрфынæй, Йæ цыллæ зачъейæ суанг уæрджытæ — æмбæрзт. Къæдз лæдзæгыл нынцой, тæрныхæй йыл ныдзæвы: Хæрæу, кæлæццаг тулдзмæ — раст цыма быцæу. Æрхуымæй арвыста, о, цал уынгæг æхсæвы Тæссаг зын фæндæгтыл, йе мусонджы фæсхъæу! Уый рагзамантæй сахуыр стъалытæм фæлгæсын, Иæ уæгъд рæстæг фылдæр æрвитгæйæ æддæ. 6
Сæ хъеллау иртæста, сæ ивæнтæ, æмæ сын Цæрæццæгтау лæвæрдта хирдыгон нæмттæ. Нымадта сæ куы та зынг зæрдæйы къæрттытыл, Цæстныкъулты чысылæй дидитæ хуыдта. Æфтыдтой йæ æбæрæг базырджын хъуыдытыл: Бæллыд, фæлæ — цы равгмæ — ницы йын зыдта. Фæстагмæ нал хаты, кæдæм цæуы, цы дугмæ, Цы уæзæгæй нымайа рантысгæ йæхи. Уыдта, кавказæгтыл куыд ахъæр ластой Туркмæ, Донайы стыр хæстыты топдзæф дæр фæци. Фæдисон барæгæй Леуаны фарсмæ уади, Уæлладжырæй-иу стæры агандзайаг дард, Къостайы рухсаджы дыккаг хистæрæн бадти, Лабæйæ йын куы сласта Ирысых йæ мард. Æмбазджытæ: Ило Мырзаганты, Куырттатæй, Дыууæфондзыссæдз азмæ чи фæцард æввахс; Бæзийы-фырт Саулох, Дыгургомы цæндуатæй, Кæй къæс Задæлескы — «Нана-зæды» дæлфахс. Æрмынæг арт. Æрдымы уазал ирдгæ цадæг, Хуыскъæлы даргъ хæтæлты хус сыф-сыф цæуы. Æрвон сахат æрзылдта скæсæнмæ йæ фатæг, Нынниуы ололи, тæрф-адагæй кæуы. Æрмынæг арт. Мæстæг къуындзих уæдмæ æрцæхæр, Æртхутæг зынджытыл æрæвæрдта йæ фæлм. Зæронд Сабан рæхцы: нæу, чи зоны, фынæй дæр,— Иæ сагъæсты цы рæттæм адзæгъæл, кæдæм? Кæсы йæм кæд æгад, æгæр бирæ кæй цæры, Адзал фæдомы арæх дауджытæй бæргæ. Кæрæдзи раивтой цыппар нæргæ фæлтæры, Æмæ сæ быныл баззад халонау цæргæ. Æз раздæр амæй-иу цынæ додойтæ хъуыстон, Уырдыгыстæг уæвгæйæ хистæртæн фынгыл. Нæ цардарæзт æлгъитгæ, схуыдта йæ гæныстон, Йæ бындур дам лæууы фыдми æмæ мæнгыл. 7
Цынæ дзырдта, цынæ: «Бегарайы стæм ифтыгъд, Æфсондзбæрзæйæ нæй нын охгæнæн, хъæрзæн. Æгъгъæд — рæуæдджын стурæн дуцынафон иу дыгъд,— Дæс хатты йæ лæмæрстам фиддоны хæсæн. Æнæрай хъалон уаргъ цынæ исыл æвæрдта — Дæтт хъуын, дзидза, æхсыр,— къуыввиттимæ — гаффутт. Æрмæст сæ ферох аууон, хуры тавс, тæрккъæвда, Рæууон уæлдæф, хæмпус мит, дымгæйы ныффутт! Дыууæ хатты куыд хъуамæ — иу кусартæн стигъæн!— Рæдывтам дзы æхсæзгай, фарæстгай цæрмттæ. Кæд дын нæ хæхбæсты — зымæгон хъызты ихæн,— Соловкиты куы стæлфай, — царæфтыд фæдæ! Цæттæ у не ’мбисонд, хуыздæр фæуа нæ раттæг,— Цы къабузыл æнцайæм,— фæрæтæй йын — хафт! Хуымгæнджытæ хæлцæй кæй уæцъæфтæ æфсадæг, Гъеуыдон сын бынтон æд мыстытæ — бынхафт! Æвддæс мæкъуылы хъугæн — зымæгмæ зæлдаг хос, Нæ райхъуыст никæд саст, мæллæг хъуырæй йæ уаст, Нал — скъæт, кæвдæс; мæцъыйæ сыздыхтон сыкъабос, Æрцыди уымæй старцмæ кæрты къуымы баст. Цы сфæлдыстой æниу? Дæрæнæй — халгæ, судзгæ, Цы арæзтой — нæбæззон, ницæйаг бынтон. Мæзджыттæ, аргъуантæ — сæ бындзарыл рæмудзгæ, Сæ бынæтты — пысунæ, къанц кæнæ хуыдон!.. Мæ агуыри цæджындзтæ баззадысты хъилæй: Æрæвæрын нæ бантыст къулсара, хæдзар. Мæ куырой — иууыл пырх гæркъæрагæй уа, цъилæй, Дзырдтон мæхицæн: фæхт нæмыгсæттынмæ ссар! Суг къохæй — нæ: дæ фæскъул кал дыргъбæлас, Хъæдын цыртытæ давтой уæлмæрдтæй æхсæв. Лæгдзоныгъы æгæрццæй къодæхтæ æрцæйлас, Æмæ цæнгæт хъæпæныл — уазалæй гæв-гæв. Дзæнхъа нартхор кæддæр — мæ кæрчытæн, мæ бæхæн, Фæлæ ныр та æниу цæй хордон ма, цæй гон? 8
Йæ фæсонтæ — æмпъызт мæ къæриды хæррæгъæн, Хъæзæй ерджен — мæ гобан, цъолоби — хæдон. Нæ цары ауыгъд фиутæ, аладзыд фæхсынтæ, Нæ быркуыты — махсымæ, карз арахъ, уæрас... Фæйлауы дымгæ ныр лæгæт къуымы рæбынтæ, Æхсыны уыры афтид лалы’мы хуыскъ фарс. Æргомæй не ’нцайын нæ колхозы фыдгойæ, Ныттæгæл дзы сыдæй мæ аласа Зыгъар. Æмпъухын кауы мих, цъыхыры уис æккойæ, Мæ уарæн зæхх — хуырдзаст, нæ дзы зайы æвзар. Æрбадт æххормаг сынт, цъæхахстгæнгæ, нæ Ирыл, Мæ хъæлæсæй къæндзыйæ срæдывтой мæ уд: Æвзист рон, хъама баивтон фынддæс æфсирыл, Мæхъæлонмæ æрхауд мæ урс цухъа, мæ худ. Нæмгæ нæ батардтой «Зындойнаджы дзæнæтмæ», Гæнгæлы, лебæда кæй къухы ма æфтыд? Цы хорзмæ ма — нæ хъавд? Бæллыдыстæм мæлæтмæ!.. Кæмдæрты дам суанг хордтой адæймаджы фыд! «Фæллойбон», «ерыс», «грамм» — сæ рауадзæг — цы мæрддаг? Фæкус,— дæхæдæг — хæсджын, фидинаг — дæ хæрд! Нæ иумæйаг къæбиц — æввонгхортæн — хæлæттаг, Кæмæндæр — минас, куывд, мах уырдыгæй — æнтъæрд! Ныпъпъæззы ныл гуылмыз дзыпфæлдахæг лæгдыхæй, Тъæпæн худ — чъиризылд,- хъæбыза рихи — сау. Сайтаны лулæ никуы раласта йæ дзыхæй... Мах арæзтам куырмæджы ахæмæй Хуыцау. Фысдзармы — бирæгъ, зæды агъуды — дæлимон, Иæхицæн нæ уый кувын зоныгыл кæны. Æмæ кæй райхъуысдзæн нæ бабыныхъæр иубон,— Мæ фарсмæ, мæнæ ма, мæ куыдзы дæр уырны. Уыгæрдтæ ныл — кæдæй, фыст дамгъæйæ — гæччытæ! Чи — «урс», чи — «сырх», чи — «хъулон», кæнæ «цъæх», Æмæ нæ рауади ныхæй-ныхмæ бырсджытæ, Нæ буары балæст рын, кæрæдзимæ фыдæх. 9
Кæд марджы судзин басгуыхт бинонты ’хсæн се ’взаг, Бæрæг дын нæу: йæ цæф дæ ссардзæни цы ран. Фыд фыртæн сси фыдгул, æрвад æрвадмæ фезнаг, Сæ кæрæдзиуыл алкæм — байсафынмæ цуан! Мæ цоты цоты цотæй аластой цыппары, Ныммардтой сæ нымæцæн ныккæнды бынæй. Мæнæйуый уыцы стыр æбуалгъ фыдгæнд нæ бары, Уæлæуыл уа, мæрдты — ныххатыргæнæн нæй! Лæгæнустæй æртæ-цыппар вæзны фæцардтæн, Илойæ — къаддæр цъус, Саулохæй уал фылдæр, Хуымгæнджыты æбонæн, уæллæгты мæнгардæн Нæ дунейыл æмбал нæ разындзæн уæддæр! Сайд рауад алцы дæр: сæрибары, зæххы кой... Сæ «харачет» лæвæрттæй не ’рхауди нæм мур. Фæлитойтæй — чи давæг, хъуджымой, бæхымой, Сæ сæрымагъз ныппыс, сылтынизæй ныддур. Нæ цард — цъысым: ныгъуылд хæлуарæджы хызы уæфт, Кæрæй-кæронмæ — марой, хъизæмар, цæссыг. Цæйбæрц дзыллæтæ фесты хахуырæй быны сæфт. Сæ цъæл стджытыл лæууы нæ намысы мæсыг. Кæй мæхстæттæ цъист кодтой аркъауæй, дзæнгæлтæ, Фыцгæ дон — хуылфы, арц та хордзоны тъыстой, Сæ сæргæхцты къуырдтой сын пъолхуыйæн зæгæлтæ, Сæ къæбуттæй сæ мардтой — топпытæй æхстой. Æмæ кæй бардзырдæй? Уыдырндзæсгом «фæтæджы»! Уый — чи? Уый — мах цæрдудæй ингæнмæ тæрæг. Зæнæгæй та уæд кæй? Дзæгъæл рæтты хæтæджы, Кæмæй гуырд у — нæу абон дæр бæрæг..! Микъала -паддзахыл мæ дудгæ ристæ хъарын, Йæ къæлæт бандоныл куы ауыгъта йæ къух,— Цæмæн æй бахъуыд ма æд сывæллæттæ марын? — Уæдæй нырмæ кæлы ныл туг саха æдзух!» ... Нæ бакуымдта сæттын тызмæг зæронд ныхасæй, Нæ хъуыди къахын зулкъхæрд бутъройы фæлтау... Хур сцæйлæсти, хъуызгæ, сырхæмтъеры мылазæй — Зæрин къори бызгъуырты фаринты тыхтау. 10
Кæй хæлы боныхъæд — сæумæцъæхыл бæрæг уыд, Дæлæрдыгæй, цæгатæй, сцæйæфсæрста мигъ. Зæронд æхсæвгæсмæ мæн баззайын цæмæн хъуыд?— Ныццæнд йæ хъæстытæй мæ риуыл цыма их. Тæргайлыгъдæй хъæмæ сæумæцъæхтыл фæраст дæн, Мæ сæр тъæппытæ хауди удхайраг мæтæй. Цæстмæхъус стауæнтæм бæргæ æнхъæлмæ кастæн, фæлæ нæ рауад ницы ме ’хсызгон фæндæй. «Нæ куырыхон Сабан нæ рæстæгæй æппæлы» — Мæ уацхъуыдæн æз æхæм скодтаин сæргонд... Мæ мидæг банкъардтон, цыдæр хилæг кæй мæлы, Фæлæ бæлвырдæй цы,— нæ йæ ахсы мæ зонд. 1993.15. VII ÆМÆ ДЫН НÆЙ ЗÆХХЫЛ МÆЛÆТ... Ацы æмдзæвгæ автор бакаст Бестауты Гиуæргийы мард ныгæнгæйæ Чър$байы уæлмæрды Цыма æвиппайды нынкъуысти зæхх — Хæххон æрвдзаст мæсыгау Мæ зæрдæйыл ныккалдтæ; Дæ тулгæ дуртæ зæрдæйæн йæ къултæ хойынц, Йæ бахизæн къæсæрыл Ыссыгъдтæ ды Зынгæфтыд тулдз бæласау... Мæ мидуды цъæхтау хуымтæ Ныххостай ихау... Ды — тугкъæвда, Ныббадтæ уым цæмтæй. Мæ улæфæнтæ ’хгæныс; Уæрдæхтæй мын Мæ хурхы уадындзтæ нылвæстай, Ныббастай ме ’взаг, Æмæ мын дзурæн нал ис. Мæ цæсты фестадтæ æхсон-хъæбæр цæссыг; Цыма æрæгвæззæджы уарыны æртах — Мæ цæстыхаутыл ауыгъдæй лæууыс... 0, дуне! Уырнгæ дæр нæ нæ кæны! Ды ацыдтæ... 11
Куы разындтæ æппæтæй дæр тыхджындæр,— Дæу раздахын нæ баци иуæн дæр йæ хъару. Нæ баурæдтой дæу Дæ сабиты цъæхахст æмæ тæригъæд, Нæ сау хæхты зæрдæхудт, Нæ тар хъæдæн йæ сагъæссаг сæркъул. Нæ быдырты æгуыппæг катай. Дæу бауромын нал бафтыд йæ къухы Суанг сфæлдисæг тыхæн дæр! Ды ацыдтæ æнусбонты мылазмæ. Ды ацыдтæ... Нæ, нæ!.. Нæ ацыдтæ! Дæ азар баззадис уæлæуыл, Дæ къахвæдтæ — нæ хæхтыл, Дæ мидбылхудт — нæ цъититы сæрыл! Раст саутæдарæг усы судзгæ хъарæг — Дæ уайдзæф буары хизы, Фæтоны риу фæйнæрдæм; Ирон чындзау уæздан Дæ дзырд мæ хъустыл зæлы... Нæ акуымдтай цæуын Ды рохаджы бæстæм. Дæуæн нæй махæй ахицæны равг!.. Ды — раст æмæ æнæсайд Нæ фыдæлты æмбисæндтау, Фыдæлты зондамынд ныхæстау: Хæххон суадон, Хæххон æхсæрдзæнау сыгъдæг дæ... Тæхдзынæ-иу нæм дардæй" Зæрин маргъы хуызæн Тæмæн хуры зæриннывæзт тынтыл: Ды боны базырджын бæхыл тындзыс нæ разæй... Æз демæ дзурдзынæн æдзух Сæумæцъæхыл, Изæрмилты; Ыстъалыты æвзист-налмас сæлфынæг Æз нæууыл демæ уидздзынæн æхсæв. Ды дæ поэт, Æмæ дын нæй Зæххыл мæлæт! 1978,31. VII 12
ТЫДЖЫТЫ Юрий ХЪРИХЪУППЫТÆ ТАХТЫСТЫ БÆРЗÆНДТЫ Уацау I Паддзахвæндагæй иу сæдæ санчъехы æддæдæр хуымгæрон æдзæмæй, хъуынджынæрфыгæй лæууы ног найгонд хъæмпы обау. Дысон ын æртæ æрыгон лæппуйы йæ фарс арф бакъах- той æмæ дзы сæ бæмбæджджын къандзолты фынæй кæнынц. Райсомæй сæ раджы сыстын хъæуы. Сæ фæндаг дард у. Пъæлигоныхъæуы быдыртæй суанг Беслæнмæ. Гæны заводмæ. Фондз æмæ ссæдз километры. Фæззыгон бон та скаст æмæ ныккастæй уæлдай нæу. Цæмæй ма стыхсой, æнæкъуылымпыйæ ацæуой, фæстæмæ сæ хæдзæрттæм афоныл цæмæй раздæхой, уый тыххæй знон рагацау бацархайдтой. Сæ бричкæты самад- той гæны хæтæлты куыристæ. Нылвæстой сæ æлвасæн хъилтæй. Хъилтæ та гуыффæты раззаг æмæ фæстаг кæрæттæм ныббас- той бæндæнæй. Къанауы былтыл фæззыгон цъæх тау ракарс- той æмæ йæ галты раз ныккалдтой. Лæппутæ хъæумæ нæ ацыдысты. Цалынмæ дыууæрдæм кæной, уæдмæ чысыл рæстæг нæ аивгъуыйдзæни. Ноджы фистæгæй ныффæллайдзысты. Æмæ ма уæд цы? Ныр та сын æнцондæр уыдзæни. Бæргæ, хъарм уат, фæлмæн хуыссæнтæ сæ куы уаид. Фæсивæды туг фыцгæ кæны. Бафæраздзысты. Æндæр гæнæн сын нæй. Рæстæг уæззау у. Фарон Ирыстонæй фæсырд- той знаджы. Фæлæ ма уæддæр дымгæ Æрджынарæджырдыгæй æмæ Хъæриуы хохы дæлвæзтæй хæссы топпыхосы æмæ ала фæздæджы хъыггаг тæф. Хъылма арауы хъæлæстæ, хурхыуа- Дындзтæ, фындзыхуынч’ъытæ. Хуыцау хорз æмæ Пъæлигоныхъ- æуы быдырты нæ калди хæстонты туг. Фыдгулы цыргъ дзæмбытæ сæм не ’рбаххæссыдысты. Уый хыгъд зæронд лæгтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ йеддæмæ ам ничиуал баззад. Æмæ Царды уæз, дурты æргъомау, æрæнцади сæ лæмæгъ уæхсчытыл. 13
Лæппуты хистæр — Дауид. Нудæсаздзыд. Сидзæры хъысмæт æй сырæзын нæ бауагъта. Йæ мад æмæ фыдæй йæ сывæллоны бонты фæцух: иумæйаг хæдзарадтæ аразыны заман æлгъаг фыдгæнджыты къухæй фæмард сты. Йæ дыууæ æнахъом хо- имæ иунæгæй баззади. Ныййарджыты сын раивта. Дауид æрдзæй рахиз къахæй къуылых куы нæ рахастаид, уæд, чи зоны, афонмæ йæ карæнты рæнхъы уаид, йæ хотыхæй тыхгæнджыты цæвид æмæ цæвид! Размæ бырсид адæмы сæрибары сæраппонд. Мæнæ ацы быдырты сæраппонд. Уалæ уыцы урс бæрзонд хæхты сæрап- понд, Нæ, уæддæр йæ цардбæллон зæрдæмæ нæ ныхъхъуыста. Сси бригады ныфс, йæ рæбинаг цæджындз. Бригадир — ацæргæ сылгоймаг Габион — ахсджиагдæр куыстытæ Дауиды бар ба- кæны. Лæппу хуымгæнæнты вæййы хуымгæнæг, хортауæнты — хортауæг, мæнæугæрдæнты — мæнæугæрдæг, найгæнæнты — найгæнæг... Уæдæ, хъызт зымæджы цал сидзæргæс сылгойма- джы зæрдæтæ барухс кодта! Сæ фосы муртæн-иу сын холлаг, хъæдæй та-иу сын суг æрбаласта. Бузныг дзы сты. Гæн хоры æмдых у. Æхсызгон хъæуы, стыр у йæ ахадын- дзинад хæстон техникæйы. Æмæ йæ æвæстиатæй сæмбæлын кæнын хъæуы бынатыл.. Уый та Дауидæй хуыздæр чи бакæндзæн?! Æмæ йæ Габион уымæн бафæдзæхста. Æмбæлттæн ма йын радта цыппæрдæсаздзыд Æхсары æмæ фынддæсаздзыд Бечийы. — Дæ нывонд фæуон, Дауид, — зæрдæбынæй йын ныллæгъстæ кодта бригадир,— лæппутæм-иу дæ хъус фæдар, фæндагыл цы нæ вæййы... Ды фæлтæрдджын, фæразон дæ. Зо- ныс ахæцæнтæ, ауайæнтæ. Цырд куы нæ фезмæлæм, уæд нæ зымæг ронбæгъдæй æрыййафдзæн. Æмæ нæ гæн миты бын ным- бидзæни. — Цы амал уа, уымæй бацархайдзынæн,— ныфс ын бав- æрдта Дауид.— Хъæдмæ, мыййаг, нæ цæуæм. Бирæгъæй нын тæссаг нæу. Дауидмæ Æхсар æнæзивæг лæппу кæсы. Фæлæ Бечийы коймæ куыддæр фегуыппæг. Айразмæ йыл йæ зæрдæ фæхудти. Бригады лæгтæ цъына амадтой. Дауид æмæ Бечи сæм ластой уыгæстæ. Бонæй бирæ нал баззади. Цæгатырдыгæй тарбын уымæл мигътæ сæхиуыл схæцыдысты. Хæхты сæрты æрбал- æгæрстой. — Къæвда æрбацæуы, къæвда!— хъæр систой цъына амай- джытæ.— Рæвдздæр, науæд нæ фыдæбон фæдзæгъæл уыдзæ- ни. Цъына æрдæг амадæй куы баззайа, уæд сызгъæрин мæнæу уарыны донмæ фесæфдзæни. Рæвдздæр, лæппутæ! 14
Дауид, йæ бон цы уыд, уымæй архайдта. Гуыффæ-иу мæнæуы куыристæй айдзаг кодта æмæ та — цъынамæ. — Гъе, дæ цæрæнбонтæ бирæ уой, дæ цæрæнбонтæ!— йæ хъустыл-иу сæмбæлдысты лæгты арфæйы ныхæстæ. Бечи йæ «базыртæ» хуылыдз каркау æруагъта. Кусын æй нал фæндыди. Раст зæгъын хъæуы, фæллайгæ дæр бакодта. Йæхинымæр загъта: «Хидæйдзагæй уарыны куы фæуон, æнæ фæрынчын мын хос нæй. Фæлтау Дауид йæхæдæг...» Æмæ йæ галты ных хъæумæ фæзылдта. Иугай æртæхтæ хауын райдыд- той арвæй зæхмæ. Ныхъуырдтой рыг. — Кæдæм?— Бечийы размæ фæци Дауид.— Адæм сæ къухтæм æмхасæнтæ кæнынц, гормон! Ды та... Фæйнæ дыууæ- æртæ цыды ма. Æмæ... Бечи æвæндонæй раздæхти. Дауид хъæмпы хуылфы базмæлыд. Йе ’мбæлттæ куыннæ райхъал уой, афтæ сындæггай рабырыд. Йæ ком айвæзта. Йæ къандзолæй æмæ сау нымæтхудæй хъæмпыхæлттæ æрцагъта. Йæ цæстæнгас ахаста арвыл. Фæлæ йæм ницы разынди. Нæ — стъалыты дзыгуыртæ, нæ — боны фидиуæг — Бонвæрнон. Мигъ ныббадт. Ацу æмæ базон, æхсæв ма у æви сæумæцъæх? Рæстæг уасджыты уастæй адæймаг хъæуы æнцонæй базонид. Ам та быдыр у. Тыгъд быдыр. Лæппу бабæрæг кодта галты. Уыдон бричкæты фарсмæ сынæр цагътой. Иæ дæрзæг армæй сын сæ нуарджын бæрзæйтæ æрсæрфта. Цыма йын йæ ныхас бамбардзысты, уыйау сын фæлмæн хъæлæсæй загъта: — Уæ фæллад суадзут.- Нæ фæндаг айдæнау лæгъз нæ — гуыргъахъ уыдзæни. . Ныр куыд базындæуа рæстæг? Сахат нæй. Райхъал кæнид æмбæлтты. Фæлæ’æгæр æнафон куы уа. Кæнæ... Ницы амал ары йæ сæрæн Дауид. Æрæджиау æрæмысыди сæ сыхæгты зæронд лæджы ныхас: «Бон кæнынмæ куы фæхъавы, уæд фæ- уазалдæр вæййы, хурыскæсæнæй æрбадымы». Лæппуйы риуы ферттывта ныфсы рухс. Æцæгдæр, уазалдæр кæнын райдыдта. Стæй цыма хурыскæсæны ’рдыгæй мигътæ зына-назына фæ- сырхбын сты. Æхсар æмæ ма Бечи иучысыл афынæй кæнæнт, Дауид гал- ты сифтыгъта. Дысон цы кæрдæг бафснайдта хибар ран, уый æртæ дихы фæкодта æмæ йæ сагойæ бричкæты сæрмæ скалдта — галты фæндаджы хардз. Бечи хуыссы уæлгоммæ. Йæ къухтæ — йæ риуыл дзу- арæвæрд. Йæ дæргъвæтин сым-сым баиу йæ фындзы лыстæг 15
æхситтимæ. Æмæ сæ рауад æнуд зарæг. Уый фынæй кæнын нæ уагъта Æхсар æмæ Дауиды. Хъыгдардта сæ. Сæ цæстытæ-иу куыддæр ахгæдтой, афтæ та-иу уыцы æнæхайыры зарæг... Дау- ид-иу йæ амонæн æнгуылдзæй Бечийы фарс басхуыста. Сбустæ- иу ыл кодта: — Дæ хорзæхæй, дæ зарæгмæ хъусæм æви нæ фæллад уадзæм? Æнæ уыцы зарæгæй дæ бон нæу?.. Бечи-иу йæ мидфынæйы, хъуыр-хъуыргæнгæ, базмæлыди. Дауид-иу æм ницуал сдзырдта. Йæ бон дзы базыдта. Æхсар дæр-иу тынг рамæсты Бечимæ. Фæлæ йыл хуыссæг æгæр фæтых. Иæ фæллад къабæзтæ йын йе ’нæуынгæ бæндæнæй фидар сбаста. Æмæ иæм нал хъардта Бечийы æнæхайыры зарæг. Æхсар йæ галиу фарсыл хуыссыди. Бандзыг ын. Æмæ йæ фынæйæ банкъардта. Иннæ фарсыл æрзылд. Йæ былтæ баз- мæлыдысты. Сæ цъæм-цъæм ссыд. Исчи йын цырагъы рухсмæ йæ цæсгоммæ куы ныккастаид, уæд æнæмæнг бафиппайдтаид, лæппуйы ныхыл хиды фæрдгуытæ куыд сцæнд сты, уый. Æхсар фестади хъæуы, сæхимæ. Уæрæх кæрты æнгуз бæла- сы бын йæ фыд Лексойы конд бандоныл бады йæ мад Багианы фарсмæ. Ныййарæг — хъæлдзæг. Худы йæ сыгъдæг цæстытæй. Йæ лæппуйы мыдхуыз бæзджын сæрыхъуынты фæсадзы йæ цыбыр æнгуылдзтæ. Йæ сæр ын йæ риумæ æрбалхъивы. Рæвдау- гæ йæм дзуры: — Охх, бадыныл куы фæдæн. Мæ хъæбул, абондæргъы кусгæ куы кодтай. Цы дзаджджын чъиритæ дын скодтон! Раст дæ фыд ахæмтæ уарзта. Дæхи ахс. Цом, дон дын дæ къухтыл æркæнон. Æхсар йæ ныййарæгмæ джихæй кæсгæйæ баззади. Райсомæй йæ рынчынæй куы ныууагъта. Æдæрсгæ уæлæмæ дæр куы нæ стад. Уæд ыл ныр цы сæмбæлди, цы зæд ыл атахт. —Æмæ, дзыцца, рынчын нал дæ? — сонтæй йæ афарста Æхсар. — Нал дæн, нал, мæ хъæбул,— цины фурды ныгъуылгæйæ загъта Багиан.— Ды мæнæн дзæбæх куы уай, уæд мæ тæфтыл дæр низ нæ ауайдзæни. Ныййарæг хъæбулы фарнæй хайджын у, дæ сæрыл хаст фæуон. Уæууа, мæрдырох мыл куыд бафтыд. Æрдæбон дын дæ фыдæй фыстæг райстон. Мад рог фестади. Хæдзармæ бауад. Йæ къухы æртæтигъон цъæх къонверт, афтæмæй уайтагъд фездæхти. Лæппумæ йæ авæрдта. Æхсар æй хъавгæ райхæлдта æмæ дзы бакасти ставд дамгъæтæй фыст: «...Багиан, зонын, зын дын у. Цы чындæуа. Фæразын хъæуы. А дунейы нын иунæг Æхсар йеддæмæ сывæл- 16
лон нæй. Хъахъæн æй. Ахуырыл æй æфтау. Кусынæй йын тæригъæд ма кæн. Æз уæм кæд рæхджы фæзынин. Уæлахизы бон дард нал у. Фæтæрæм бал-бирæгъты сæ лæгæтмæ. Мæ бæсты-иу дæ хъæбысы ныккæн Æхсары...» Лæппу фырцинæй йæ къахфындзтыл æркафыд. Йæ мады астæуыл йæ къухтæ æрбатыхта. Хæрдмæ йæ фелвæста. — Рæхджы баба ссæудзæни хæстæй! Рæхджы баба ссæудзæ- ни хæстæй! — Æхсар хъæргæнгæ йæхи Терчырдæм аппæрста. — Кæдæм, комдзаг уал скодтаис. Дæхи та-иу доны æгæр ма фæдар. Фæззæг у, æмæ дæ уазал бацæудзæни. Мады фæстаг ныхæстæ нал фехъуыстысты Æхсармæ. Уай- тагъд балæууыди Терчы уæлбыл. Кæцæйдæр фæзынд йæ карæн чызг Зинæ. — Мæлæты хъæлдзæг нæ дæ! Æвæццæгæн дыл исты хорз æрцыди? — афарста йæ Зинæ. —0, æрцыди,— загъта Æхсар æмæ цыма Зинæйы къухыл фæхæцыди, афтæмæй йæ йæ фæдыл скъæфæгау акодта, цом, нæхи ныннайæм зæгъгæ. Чызг йæхи атонынмæ хъавыд, фæлæ йын Æхсар йæ къухтæ нæ уæгъд кодта... Лæппу чызджы цæстытæм кæсынæй нал æфсæст. Афтæ амондджын æмæ сæ ирдæй никуы федта... Уалынмæ йæ хъустыл ауад: — Афон у, Æхсар... Цымæ чи уа? Йæ цуры Зинæ йеддæмæ куы ничи ис. Фæлæ та ногæй: — Рабад. Æхсар фехъал. Йæ фыны уæлмонц нывтæ фæлмау æвип- пайды æрбайсæфтысты. Цы фæци йæ мад? Цы фæци йæ уарзон чызг? Куыд амондджын уыд йæ фыны!.. — Байрæджы нын уыдзæн, Æхсар,— дзуры йæм сабырæй Дауид.— Бечи дæр сыстад. Æхсар йæ «уатæй» рахызти. Райсомы уазал ыл йæхи ныц- цавта, æмæ йæ уæнгтæ барызтысты. Арауай-бауай, аразгъор- базгъор кодта. Стæвд и. Мæ галтæ аифтындзон, зæгъгæ, ауад, фæлæ сæ арастæввонг, цæттæйæ куы федта, уæд ын æхсызгон уыди. — Дауид дæуау боны скастмæ тар фынæй нæ кæны,— фел- хыскъ æй кодта Бечи.— Уый нæ дыууæйы бæсты дæр бакуыста... — Дауидæй мæ уый уырны. Фæлæ ды?.. — Æз та къанауы донæй мæ цæсгом ныхсадтон, мæ дæндæгтæ дзы ранхъæвзтон. Уый ды цы хоныс? 2 Махдуг № 4, 1997 17
— О, уый стыр куыст у. — Уæ кæрæдзимæ ма фæут,— йæ къухтæ йæ хæдоны кæронæй сæрфгæ сæм бадзырдта Дауид.— Фæлтау аходæн скæнæм. — Дауид, галтæ ифтыгъдæй тæригъæд не сты? — йæ Зыгъар æмæ Къоборы фæрстæ хъæмпы гуцъулайæ æрсæрфта Æхсар.— Æз дæр мæхи ахсон. Æмæ йæ гуцъула иуварсмæ фехста. — Ницы сын уыдзæни,— загъта Дауид, — Хъæмпæй ацар- æзта къаннæг фынггонд, лæппутæ йыл æрæвæрдтой, дысон хъæмпæй арты цы картофтæ сфыхтой, уыдон, сау хъæбæр дзу- лы кæрстытæ, пъамидортæ, цæхх. — Ахæм фынг æлдары раз дæр никуыма уыди,— карто- фы цъар астыгъта Бечи.— Паддзах, дам, æй цæххимæ уарз- та. Картофæфсæстæй адæймаг бæлæстæ бындзарæй куыннæ стондзæни, Хъæриуы хох куыннæ рафæлдахдзæни! Гъи... — Ныууадз дæ сæрыстыр ныхæстæ,— рамæсты Дауид.— Бæргæ нард фынгыл куы бадиккам. Сау сæр-сæргæнаг бæгæныимæ бур физонæг æмæ цæрвджын чъиритæ бахæрын кæй нæ фæнды. Ахæм заман дæр та ралæудзæни. — Ды дардыл ма дзур,— бауырдыг æм Æхсар,— фæлæ дæ хызыны цы ис, уыдонæй ма исты сис. Æмбæлтты æхсæн æмбæхстытæ, сусæгдзинæдтæ нæ фидауынц. Дæ фыд куыройгæс куы у... Бечи рацæйæхсыст, йæхи тыххæй-фыдæй ныуурæдта. Йæ комдзаг нынныхъуырдта. Фæгæпп кæнынмæ хъавыди. Дауид ын йæ къухыл бынмæ æрхæцыди: — Сбад. Тæвд ма кæн... Хъазæн ныхас дæр нал æмбарыс. Дауид ныхасы цалх иннæрдæм азилынмæ хъавыди, фæлæ йын уымæн Бечи йæхæдæг фадат нæ радта: — Æмæ цы! Мæ фыд куыройгæс у. Хæстæй æрдæг лæгæй ссыд. Йæ рахиз цонг дзы ахаудта. Уæдæ, цы хъуамæ куса? Йæ бон хъæд калын æмæ мæнæу кæрдын нæу. Цæвæджы ком нæ рацæгъддзæн. — Ау, хуымгæнгæйæ, галты сæрбосыл нæ ахæцдзæн. Уæлæсыхаг Мысост дæр иудзонгонæй ссыди хæстæй. Фæлæ хъæдмæ дæр цæуы йæ бæхтыл, гутон дæр адары. Уæдæ, нæйгæнæнты зыгуым ласæг дæр уый вæййы, хъæмп ласæг дæр. Уагæр ма йæ къах дæр сахъат куынæ уаид. Дæ фыд та — уæйы- джы хуызæн. Йæ иу къухæй дæр рогæн фелвасы дзаг голлаг. Æмæ йæ куыройы къутуйы ауадзы. — Йæ хъысмæт ахæм у,— сабыр сæ кæны Дауид. 18
Ныхас ныхасы къахы. — Æз дын дæ фыды кой куы нæ кæнын. Цы йæм ныууыр- дыг дæ. Йæхицæн æнæзæрдæхудтæй кусы... — Тынг æнæзæрдæхудтæй!— зынгау фестъæлфыд Æхсар.— Айфыццаг нæ нартхоры къæрмджытæ æрæмбырд кодтон мæ мадимæ. Иу голлаг ссынмæ нылластон дæ фыдмæ. Загъта мын: «Дыууæ боны фæстæ æрцу æмæ де ссад алас». Ныццыдтæн. Голлаг фердæг и. Фæрсын æй: «Кæм ис мæ голлаг?» Уый мын ралæхурдта: «Уал къилойы дæ ссæггаг баурæдтон. Уал къилойы та дзы рыджы хыгъдмæ банымадтон...» Ау, зæгъын, мæ нартхоры иу хай рыг фестад æмæ йæ дымгæ фæхаста? «Уæдæ, куыд æнхъæлыс, мæ лæппу. Ды нырма нæ зоныс куыройы сус- æгдзинæдтæ»,— уыд йæ дзуапп. — Æгъгъæд у, Æхсар,— Дауид æм пъамидор цæххы тылдæй авæрдта,— хæргæ. Æхсар нал æнцади: — Бауырнæд дæ, Дауид, уæды хуызæн мæ цæрæнбонты нæма смæсты дæн. Мæхи йыл цæргæсау ныццавтаин, фæлæ ахæм домбаймæ мæ ныфс нæ бахастон. Æз мæхи тыххæй сыбыртт дæр не скодтаин, цыппар сидзæр сывæллоны мад Тедионы æмæ уый хуызæтты голджытæм дæр куы нæ фæныхылдтаид, уæд. Сæ цæссыг калгæ дзы хъаст кодтой. Гъе уый дын, Бечи, де ’нæзæрдæхудт кусæг фыд. Бечийыл цыма фыцгæ дон бакалдæуыд, уыйау йæ цæсгом цæхæрайау сырх-сырхид афæлдæхти. Фырмæстæй ссыд йæ дæндæгты къæс-къæс. Йæ быны къæбылайау аууæрдид Æхса- ры, фæлæ йæм уыйбæрц хъару нæй. Æхсар дзы кæд кæстæр у, уæддæр æм фылдæр тых ис. Дызæрдыггаг нæу, Дауид йæ сæрыл кæй рахæцдзæн, уый. Уымæн æмæ рæстдзинады фарс фæдзуры кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр. Йæ сæр æрæппæрста Бечи. Ницуал дзуры. Уысмы фæстæ та йæ сæрыстырдзинад ногæй райхъал и: — Цард, мæ хуртæ, хæлæгæй нæу. Алкæмæн дæр нæ знон бригады хæринаггæнæг цы радта, уый — йæ холы. Уæ хæдзæрттæй цы рахастат — уæхи, мæнæ мæ хызыны цы ис, уый та — мæхи. Нæ мæ хъæуынц ацы мамидортæ-пъамидортæ... Дауид æм хъихъдзыхæй баззад. Ау, ахæм ницæйаг хъуы- дытæ, ахæм æмбыд сæрыстырдзинад æм кæцæй æвзæры? Ау, йæ алфамбылаймæ дæр æппын никуы акаст? Ау, сидзæргæсты судзаг цæссыгтæ нæ федта, сæ зæрдæхалæн хъарджытæ сын нæ фехъуыста? Ахæм уазал зæрдæимæ куыд кусы? Æвæццæгæн, æфсонæн. Цæмæй йæ фыдмæ ныхас ма æрхауа. Бар йæхи... 19
Бæргæ йын истытæ зæгъид... Фæлæ йæм йæхи ныуурæдта. Æхсар æмæ Дауид хæринæгты уæлдæйттæ рамбырд кодтой æмæ сæ хызыны бафснайдтой. — Хъус-ма, Бечи,— загъта йын Дауид,— разæй æз цæу- дзынæн, уымæн æмæ фæндаг зонын. Мæ фæстæ — Æхсар, фæсте та — ды. Мæ пълан дæм куыд кæсы? — Хорз. 2. Сæумæцъæхæй базмæлыдысты æртæ цæды галтæ. Фенкъуыс- тысты гæны хæтæлæй дзаг бричкæтæ. Цæлхытæ къæс- къæсгæнгæ, уæззаугай атылдысты. Бричкæтæ цалдæр уысмы фæстæ быдираг нарæг надвæндагæй рахызтысты Паддзах- вæндагмæ. Дауид йæ- галты аздæхта, фæндаджы галиувæрсты цы уæрдонвæндаг айтынг, ууылты. — Дæ хорзæхæй, нæ раздзог,— æлхыскъ ныхас та срæцыгъта Бечи, — Паддзахвæндагыл цæуын махæн цы хæлæг кæныс? Æви йæ фидыцæн сарæзтой? Давид æм фæстæмæ рахъæр кодта: — Паддзахвæндаг сосæ у. Дуртыл галты лæмæгъ сæфтæджытæ рисгæ æмæ хæлгæ кæнынц. Бамбæрстай! Уæрдон- вæндаг та фæлмæн у. Æмæ йыл цæуын æнцондæр у. Бечи йæм ницуал сдзырдта. Дауид йæ даргъ уисæй галты фæрстæ сабыр æрцавта, «нуа», зæгъгæ. «Гъе уый мæнæн мæ сæр не ’рцахстаид,— хинымæр загъта Æхсар. Дауид хъуыддæгтæ куыд хорз зоны»... Тулынц цæлхытæ. Галтæ, узгæ-узгæ, ласынц се стыр ла- синæгтæ. Скæсæнырдыгæй мигътæ алæбырдысты. Арвы цъæх гуыбын разынди. Бон ирд кæнын райдыдта. Дымгæ дымы æмæ йæ ба- зыртыл скъæфы быдырæй мигъы къуыбæрттæ. Фæззыгон хур йæ был митæмбæрзт хæхты сæрæй æрбадардта. Йæ фæлурс тынтæ рæдауæй байзæрста халасæвæрд хуымтыл. Сæрттывта фæндаггæтты фæсонтыл, сæ цæсгæмттыл. Æнахуыр æхсызгон- дзинад ахъардта хуыссæгхъæлдзæг лæппуты фæлмæст зæрдæты. Арвы æгæрон тыгъды ныххал сты хърихъуппытæ. Уыдон хæхты сæрты тæхынц цæгатæй хуссармæ, хъарм бæстæтæм. Рæстæгæй-рæстæгмæ се ’нкъард уаст анæры лæппуты хъус- ты. Бечи сæ хъуыды дæр нæ кæны. Йæ худы хъустæ бынмæ æруагъта, йæ къандзолы æфцæгготыл уæлдæр схæцыди: «Мæ 20
галтæ иннæты фæстæ сæхæдæг цæудзысты. Æз та уал...» Æмæ ссыд йæ хуыр-хуыр. Дауид æмæ Æхсар хърихъуппытæм сæ цæстæнгас сарæзтой. Сæ мид-зæрдæты сын, рæствæндаг ут, дзырдтой. Алчидæр сæ йæхи сагъæсыл сси. Дауид — зарынмæ дæсны. Йае цъæхснаг хъæлæсæй зарæг куы ныццæлхъ ласы, уæд æм мард дæр æнæ байхъусгæ нæ фæвæййы. Куывды дæр, чын- дзæхсæвы дæр зарæгамонæг уый вæййы. Цы куывд, цы чын- дзæхсæвы нæ базара, уый цыдæр хъуаг вæййы. Æмæ ныр дæр ма базара, уый йæ бон нæу. Йæ дард мысинæгтыл фæуæлахиз. Йæ цæстытæ цинæрттывд фæкодтой æмæ «Тотрадзы зарæг» æрцамыдта. — Ехх, ныр Дауидæн ма бахъырн,— бахæлæг æм кодта Æхсар. — Ахæм зæлланггæнаг хъæлæсы хицау фест. Зарæгмæ хъусгæйæ, Æхсар куы æрхæндæг кæны, куы — цин. Йæ риуы куы æнæуынондзинад æвзæры, куы — хъæбатыр адæймагæй сæрыстырдзинад. Афтæ йæм кæсы, цыма уæртæ уыцы хуымтæ, фæззыгæнд мæнæуы цъæх æвзартæ, мæнæ фæндаггæрон бæгънæг бæлæстæ — иууылдæр хъустæ феста- дысты, цыма уыдон дæр бамбæрстой зарæджы кæлæнгæнæг зæлтæ, æвæджиауы хъару. Зарæг бæлццоны хуыздæр æмбал у. Дæтты йын ныфс, суры йын йæ уæнгты фæллад. Йæ цæхæр зæлтæй йæ тавы. Дауид йæ зарæг конд фæци. Æхсармæ ракасти. Фæндыд æй базонын, йæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ, уый. Æхсары цæстæнга- сыл ауыдта æнкъарæнты фæд. — Азар-ма, Дауид, — ракуырдта дзы Æхсар. — Табуафси. Зарæгимæ адæймаг хъæлдзæгдæр вæййы. Фæндаг цыбырдæр кæны. Ацы хатт Дауид базарыди Къостайы «Хъуыбады». Фæсмон фæкæна, Мæрд ты дзыназа, Дæу чи ныййардта! Дæу урс æхсырæй, Дæу худгæ-хурæй Чи нæ бафсæста! Дæу цардуалдзæджы Йæ хъарм хъæбысы Чи нæ ауызта!.. Нынкъард и Дауид. Ныййарæджы хурæй, йæ буц рæвдыдæй нæ бафсæсти. Хетæджы-фырт ацы ныхæстæ цыма сидзæр Дау- 21
идыл ныффыста. Куыд тыхджын æмæ ирдæй равдыста сидзæо лæппуйы зæрдæйы уаг! Нынкъард Æхсар дæр. Æртыккаг къласы куы ахуыр кодта,| уæд ын йæ мад «Ирон фæ’ндыр» балхæдта. Бакаст «Хъуыба-] ды». Тынг фæтæригъæд кодта куырм фæндырдзæгъдæг ХъуьН бадыйæн йæ хъизæмæртты тыххæй. * Æхсар амондджындæр у Дауидæй. Уымæн мад æмæ фыд ис. Сывæллонæй сын федта сæ мидбылхудт, сæ рухс цæстæнгас, бавзæрста сын сæ рæвдыд... Цæуынц галтæ сæ сындæг цыдæй. Сæ фæрстæ бауымæл сты сæ хидæй. Сæ фындзыхуынчъытæй раивылынц урс уадздзæгтæ. Дауид ныхъхъус и. Рæдзæ-мæдзæ кæны. Хуыссæг æм æна- фоны къæрныхау æрбацæйхъуызы, йæ цæсты уæлтъыфалтыл ын æрхæцынмæ фæхъавы. Бечиау, бæргæ афынæй кæнид гæны сæрыл, фæлæ, Бечийы загъдау, раздзог у æмæ куы афынæй уа, уæд галтæ фæндагæй иуварсмæ азилдзысты. Æмæ быхсы, фæра- зы хуыссæгæн Дауид. Йæ цæстытæ аууæрды. Гæны сæр алæууы, йæ уæнгтæ аивæзтытæ кæны. Æмæ та йæ галтæм ныдздзуры: — Размæ, размæ, ме ’гомыг хæлæрттæ. Дæлæ Къардонæй Фарныхъæуы æхсæн нæ фæллад суадздзыстæм. Хуыздæр уавæры нæй Æхсар дæр. Ацы фæндагыл ма Дауид ауæдтытæ кодта. Бечиау ыл Æхсар дæр цæуы фыццаг хатт. Кæсы йæ алфамбылæйттæм. Æнæзонгæ бынæттæ. Уыдон æм хæстæг нæ уадзынц хуыссæг. Ноджы йын Дауид «Хъуыбады» азарыд, æмæ йæ йæ^эиссаг катай йæ уæлныхты, хъæрццыгъайау, рогæн фелвæста. Иæ зæрдæ ахсайдта йæ мадмæ. Сæ хæдзары йæ рынчынæй ныууагъта. Фарон фæззæджы миты бынæй къах- та нартхоры æфсиртæ. Суазал и. Хуыфын райдыдта. Йæ сæрæн нал кæны. Сæгъы сой фых æхсыримæ бацымы. Фæдзæбæх вæййы, стæй та ногæй — хуыфгæ. Иæ цæсгом бурвæлурс ныц- ци. Царм æмæ дзы стджытæ йеддæмæ ницуал ис. Хъæуы дох- тыр ын хостæ рафыста, æмæ йын уыдон йæ низы хурхыл хæцынц. Хуыцауæн табу, йæ къæхтыл лæууынхъом у. Фæлæ йæ æдæрсгæ фезмæлæнтæ нæй. Хæринаг скæнынæй уæлдай, йæ хæдзарон куыстытæ йæ лæппуйы бæрзæйыл æрæнцадысты. Йæ удæнцой, йæ фидар ныфс у. Дысон Æхсар æддæ ницæй тыххæй ныл- лæууыдаид. Йæ мад Багиан ын загъта: — Мæнæн фенцондæр и. Цас куыстытæ нæм ис. Мæхæдæг 22
сæ бакæндзынæн. Ды та де ’мбæлттимæ ацу. Дæумæ æнхъæлмæ кæсгæйæ куы ныффæстиат уой. — Омæ дæ иунæгæй куыд ныууадзон? — исдуг йемæ нæ разы кодта лæппу. — Ницы мын уыдзæни, дæ сæрыл хаст фæуон. — Райсомæй раджы фæгæпп ласдзынæн. — Æмбæлттæ куыд кæной, афтæ кæн... Æмæ афтæ бакодта Æхсар. Æвзонг зæрдæ хивæнд у. Ныр лæппу мысы йæ мады: «Цымæ афонмæ куыд у, æнцой дæр у æви?..» Цалх йæхи дурыл куы скъуыры кæнæ дзыхъгонды куы смидæг вæййы, уæд бричкæ йæхи бауигъы, акъул вæййы. Раст уыцы уысм Æхсары тарф хъуыдытæ, тарст сырддонцъиутау, фæйнæрдæмты ныппæррæстытæ кæнынц. Æрæджиау æрбам- бырд вæййынц, цъиутæ хуртуаныл куыд амбырд вæййынц, афтæ. Хур сфардæг и Сæнайы сæрмæ. Бон фæхъарм. Сарæх сты Паддзахвæндагыл цæуджытæ. Бæстæ базмæлыди. Райсомы æгуыппæгдзинад фæци машинæты хъæры, бæлццæтты ныхæс- ты, галты хуыррытты æмæ бæлæстыл бадæг халæтты уасты бын. Бечи йæ сæр нæ хъил кæны, раздæрау йæ сым-сымæй не ’нцайы. Дауид æдзæм уыди. Ныр йе ’ргом Æхсармæ азылдта: — Кæд дæ хуыссæг ахсы, афынæй уал кæн. Мæ цæст фæдар- дзынæн дæ галтæм. — Фæндагыл мæм хуыссæг æмгæрон дæр нæ цæуы. —- Уагæр цавæр фæндæгтыл фæцыдтæ?— бахудти Дауид. — Быдырæй-Пъæлигоныхъæумæ,— бахудти Æхсар дæр. — Уый фæндаг нæу, уæдæ циу? — О, кæуылты фæндаг у уый? Дзæуджыхъæуæй Мæскуымæ дæр ахæм даргъ фæндаг нæ аивæзти,— хъазы Дауид.— Искуы уыдтæ Мæскуыйы? — Нæма, фæлæ дзы æнæмæнг уыдзынæн..Ды та?.. — Æз дæр дзы нæма уыдтæн. — Дзæуджыхъæуы та? — Бирæ хæттыты. Хæст куы райдыдта, уыцы фæззæджы иæм нартхор бонцухæй ластон. Æндæр бонты дæр дзы уыдтæн. Ды та? — Æз дæр... Ныхъхъус сты лæппутæ. Галтæ сæ цыды кой кæнынц. Куыд Аарддæр, афтæ сыл сæ фæллад тæфсы. Сæ мылытыл фынк сбад- 23
ти. Сæ цæстытæ фæсырхбын сты. Æвæдза, адæймаджы æвзагæй дзурын куы зониккой, уæд сæ хицæуттæн зæгъиккой: «ЦавæЯ æгъатыр стут, махæн дæр удтæ ис, иучысыл нæ улæфын уæддæй бауадзут. Нæ буар æгасæй дон куы фестади. Нæ зæнгтæ на§ быны куы нал цæуынц. Дойны дæр нын у. Æххормæг дæр нын у...» 1 Æмбарынц сын сæ мæт, сæ зындзинад лæппутæ. Кæнынп сын тæригъæд. Дауид æрхызти бричкæйæ. Æхсар дæр. Дауид йæ галты сæрбос йæ къухмæ райста. Æхсар та йæ галты галиэд фæрсты цæуы. Бечи та, йæ бонæй уа, йæ къах дæр нæма атылд-1 та. Хур æм йæ хъарм тынтæ ныццарæзта æмæ адджын фынтьв аныгъуылди. | — Ды та цæмæн æрхызтæ? — Дауид ныр бафиппайдтал Æхсар æй кæй бафæзмыдта, уый, æмæ йын уайдзæфгæнæгау загъта: — Мæлæты уæззау куы нæ дæ. Бадтаис. ] Æхсар йæ дзыхыдзаг ныккæл-кæл ласта: ; — Æмæ ды мæнæй уæззаудæр дæ? Науæд дæ галтæ мæн уонтæй тыхджындæр сты? Уадз æмæ сын иучысыл фæрогдæр уа. Фистæгæй мæнæц дæр æмæ дæуæн дæр пайдайы хос у. — Уæллæгъи, амбылдтай мæ. Мæ къухтæ хæрдмæ дарын.' Не ’ндзыг астæутæ æмæ зæнгтæ кæд сулæфиккой, нæ «мард» туг скусид. — 0, уæддæр-иу цы федтай горæты, Æхсар?— йæ цуры алæууыди Дауид æмæ ныр дыууæйæ иумæ цæуынц. — Куыд цы? Алкæддæр-иу мæ мæ мад акодта. Трамвайы бадын уарзын. Æмæ-иу мæ горæты иу кæронæй иннæмæ алас- та. Балхæдта-иу мын сырх уасæг-къафеттæ. Адджынæн-иу сæ цъырдтон. Иухатт мæ циркмæ бахуыдта. Быдзæуы митыл ма абон дæр фæхудын. Йæ армытъæпæныл-иу карчы айк авæрдта, афу-иу ыл кодта. Айк-иу цъиу фестад. Уый мæм диссаг фæкаст. Иууыл диссаг та мæм, йæ дзыппытæй бæлæттæ куыд тахтысты, йæ дзыхæй бæндæнтæ куыд ласта, уый фæкасти. — Сырддоны нæ уыдтæ? ; — Уырдæм дæр бацыдтæн. ’, — Дынджыр пыл дзы нæ федтай? 1 — Куыннæ! Индиаг æй хуыдтой. Æз ын мæ армыл къафеттæ) авæрдтон. Уый сæм йæ даргъ хæтæл фындзæй февнæлдта æмае^ сæ йæ дзыхмæ баппæрста. Мад мæ ауыдта, афæлурс и, мæ| къухыл мын фæхæцыди, фæстæмæ мæ ракодта æмæ мын| мæстыйæ афтæ: «Хæстæг æм ма цу. Уый тæссаг сырд у. Уæд та| дæ йæ фындзæй йæхимæ баскъæфта, йæ тъæпæн къахæй дæ| 24
ныссæста...» Æз ын загътон: «Ма тæрс. Уый æрмахуыр у. Уæртæ Йæ разы цас сывæллæттæ ныттыгуыр и. Семæ хъазы». — Æз та дæргъæй-дæргъмæ ставд калмы дæр федтон. — Мæ рæстæджы дзы калм нæ уыди. — Тымбылтæй хуыссыди. Мæ зæрдæ йæ уындæй ныккæрзыд- та. Ахæм хилæг Ирыстоны нæй. Ауалдзæджы Тедионæн хъæдæй уис ластон. Мæ галтæ суагътон. Æрдузы сæ цъæх кæрдæгыл хизынмæ ауагътон. Мæхæдæг рагъмæ схылдтæн, уис арæхдæр кæм æрзад, уырдæм. Мæ цыргъ фæрæтæй лыг кæнын уисты дзæбæхтæ. Сихормæ фæкуыстон. Куыристæ-иу сæ абастон æмæ- иу сæ афтæмæй мæ фæдыл бричкæмæ æрбахæр-хæр кодтон. Мæ хæдон мæ фæсонтыл нындæгъди, мæ цæсты къуырфытæ байдзаг сты хиды æртæхтæй. Мæ уадултыл фæд уадзгæ тагъ- дысты. Хур нындзыг æнæмигъ арвы астæу. Афон у сихор скæнынæн. Бричкæйы фале — къабузджын тулдз бæлас. Йæ. быны — лæгъз дур. Хъæддзауы æндæр хуыздæр фынг нæ хъæуы. Нартхоры кæрдзын æмæ цыхты кæрстытæ æрæвæрдтон дурыл. Уалынмæ мæ хъустыл æнахуыр сыф-сыф ауади. Цы уа, зæгъын? Кæсын. Дуры бынæй кæрдæджы æхсæнæй ралæсти сау калм, йе ’взæгтæ раппар-баппар, æхситт кæнгæйæ. Ме сæфт бон-си- хорафон æрцыд. Йæ сæр метры æрдæджы бæрц сивæзта. Ныдз- дзагъыр мæм и. Мæ мидбынаты цавддурау фæдæн. Кæцæй фæци ацы æнæхайыр фæуинаг? Цы ма акодтаин фырадæргæй, уымæн ницуал зыдтон. Мæ фæрæт уистимæ ныууагътон. Нæй мæм лæдзæг, нæ дур. Ме знагимæ мæ бахъуыди хъæбысæй хæцын. Куыдæй? Сыстадтæн: Уæддæр мæлæт æмæ мæлæт. Уый размæ кинойы федтон, адæймаг калмимæ афтид къухæй куыд тох кодта, уый. Æз æй бафæзмыдтон. Æхсар сцымыдис. Дауид калмимæ куыд хæцыд, уыцы хабар фехъуыста. Фæлæ — скъуыддзæгтæй. Ныр ын æй йæхæдæг бæстонæй дзуры. Æмæ йын йæ ныхæстæй иу дæр йæ хъусты фæрсты нæ уадзы. — Дарддæр куыд рауади хъуыддаг? — æрхъæцмæ нал хъæцы- ди Æхсар. — Дарддæр, зæгъыс? — Дауид галты сæхи бар ауагъта.— Тæссаг уавæры бахауæг адæймаг, дам, фæрæзджын у, йæ тыхыл, йæ ныфсыл бафты, фæзæгъыц. Фæхæцыдаид мыл. Мæхи фæхъæддых кодтон. Нартхоры кæрдзын ыл ныздых- тон. Иæ сæрыл сæмбæлд. Уыцы уысм ыл мæхи баскъæрдтон. Иæ къубал ын ацахстон. Калм мæ зæнгыл куы атыхсид. Йæ къаедзилæй йæ нылвæста. Мæ удыбонтæ сцæйхаудтой. Кал- Мь1 къубал мæ дыууæ къухæй æлхъивын. Мæ тых-мæ бонæй. 25
Уый дæр архайы йæ тых-йæ бонæй. Йæхи дыууæ тыхты æркодта мæ зæнгыл. Æртыккаг тыхт æркæнын ма куы баф- æрæзтаид — мæ цардæн хæрзбон загътаин тар хъæды. Мæ мард дæр мын ничиуал ссардтаид, хъæддаг сырдты холы фæуыдаид. Æз зыдтон: калм дыл йæхи æртæ тыхты æркæнын бафæрæзта,— ницы амалæй уал дæ суæгъд кæндзæни. Тынгдæр ын нылвæстон йæ къубал. Йæ буар æрлæмæгъ. Йæ уазал хъæбысæй, йæ архъан-бастæй мæ зæнг феуæгъди. Ныххурх кодтон ме знаджы. Мæ зæнг ацъæх=хъулæттæ. Дудгæ рысти. Ныффæлдæхтæн кæрдæгыл. Теркæй æгас къуы- рийы дæргъы мæ уæхскыл дойнаг дуртæ куы фæхастаин, уæддæр, бауырнæд дæ, афтæ нæ ныффæлладаин. Мæ уæнгтæ æрызгъæлдысты, карчы цъиуæй æдыхдæр сдæн. Иудзæвгар фæхуыссыдтæн æнæзмæлгæ. Ме ’муд æрцыдтæн. Фæтарстæн, кæд фæхъæстæ дæн, зæгъын. Ахæмæй мæ къухтыл, мæ буа- рыл ницы бафиппайдтон. Калмы дæргъ сардзинæй къаддæр нæ уыд. Ахæм стыр калм дам Ирыстоны нæй. Уæдæ, уый цы у, æви искуы сырддонæй раирвæзти? Фæлæ уæддæр сырддо- ны цы калм федтон, уый даргъдæр æмæ ставддæр уыди. Дауид Æхсары цæсты кадджын уыди. Ныр ноджы фæкад- джындæр. Иунæгæй дæм æдзæрæг хъæды ахæм ныфс, ахæм лæгдзинад разынæд! Æндæр адæймагæн, чи зоны, йæ бын ба- хуылыдз уыдаид... Æхсар æхсар^дзинадæй нырма ницы равдыста. Азымы дарæн æй нæй. Йæ азтæ нæма амонынц. Æргъиу лæппу у. Фæлæ, æвзонг уæвгæйæ, æрхæцыд, йæ фыд цы галтыл куыс- та хæсты агъоммæ, уыдоны сæрбосыл. Бригадир сæ лæппуйы бæрны бакодта: «Фидар хæц сæрбосыл. Галтæм зил æмæ сыл кус, дæ фыд сæм куыд зылд æмæ сыл куыд куыста, афтæ». Æмæ сыл ныр дыккаг аз кусы. Ног азы фæззæгмæ ма сыл бакусдзæн. Йæ фыд хæстæй ссæудзæни, зæгъдзæнис ын: «Айс мæнæ дæ галтæ æмæ сыл дæхæдæг кус. Скъола ногæй байгом. Æз дарддæр ахуыр кæндзынæн. Ныронг дæр кодтаин ахуыр, фæлæ скъола нæ куыста: ахуыргæнджытæ дзы фаг нæ уыди. Лæгтæ знаджы ныхмæ хæцынц. Сылгой- маг ахуыргæнджытæ та дзы цыппар ис æрмæстдæр. Уыимæ тыллæг æфснайын хъæуы быдыры...» Æнæзивæгæй та згъордзæни скъоламæ Æхсар. Æмæ та аивæй Зинæмæ кæсдзæн. Йæ чысыл зæрдæ та рухс æнкъарæн- 26
ты суадон фестдзæн. Йæ мад æмæ фыдимæ фыццагау хьæлдзæгæй цæрдзæни. Цæудзæни та горæтмæ театрмæ, ки- номæ, циркмæ... Йæ мад та йын ног азмæ ног хæлаф æмæ хæдон бахуыйдзæн. 0, уыдон цардбæллон лæппуйы сæнттæ сты. Йæ мады та æрбаймысыд, йæ цæстæнгас фендæр. Уый рахатыдта Дауид æмæ йæ бафарста: — Исты дæ срысти, мыййаг? — Ницы. — Уæдæ дæ цæсгом цæмæн афæлурс и? — Мæ зæрдæ Багианимæ сдзырдта. Рынчын у. Тыхстдæр куы уа. Æрæгмæ куы ссæуæм. Иунæгæй цы акæндзæни? — Мæ йын тæрс. Сæрæгасæй йæ сæййафдзынæ. — Бæргæ. Цæмæй Æхсар йæ сагъæстæй фæиппæрд уа, схъæлдзæг уа, ууыл архайы Дауид. Йе уæхск ын æрхоста, йæ хъæбысы йæ фелвæста, ныззылдта йæ... — Радзур-ма мын, Æхсар, дæ царды хорздзинад æмæ æвзæрдзинадæй цы сарæзтай, уыдоны тыххæй. — Хорздзинадæй мæ къухы ницы бафтыд. Æвзæрдзинадæй цыдæртæ сарæзтон. Хъусыс мæм, Дауид? — Хъусын. Æмæ йын Æхсар æнæгæдыйæ радзырдта, хæст куы рай- дыдта, уыцы сæрд ыл цы æмбисонд сæмбæлд, уый. Изæрырдæм йæ карæн лæппутимæ хъазыд хъæугæрон обаумæ хæстæг фæзы хъæл æмæ лæдзæгæй. Бафæлмæцыдысты. Сæхи цъæх хъæдабæйы хуызæн кæрдæгыл аппæрстой. Æрæджиау сывæллæттæй иу рабадæгау кодта æмæ загъта: — Фæткъуытæ хæрын мæм цæуы. — Ацафон кæм ссардзынæ фæткъуытæ? — дисгæнгæ йæ бафарста иннæ лæппу. — Дæлæ æртыккаг уынджы Сосетæм. Нæ хæстæджытæ сты. Зпон мæ мад уыдонмæ уыд. Æмæ мын сæрдыгон фæткъуытæ йæ куатæйы дзаг схаста. Нырма дæр сæ ад мæ комыкъулы ис. Лæппуты комыдæттæ æруадысты. Смондаг сты. — Кæд Сосетæ уæ хæстæджытæ сты, уæд сæм ныццу æмæ сæ ракур. Ратдзысты дын,— загъта Æхсар. — Мæ цæсгом сæм нæ хъæцы,— не сразы, дыргътæм сæ чи разæнгард кодта, уыцы сывæллон.— Худинаг у. Зæгъдзысты, йæ мадæн ын радтам. Ныр та нæм йæ лæппу... Нæхицæн ма, Аам, дзы цы баззайдзæни, зæгъгæ. Фæлтау мæм иу фæнд ис. Лæппу йæ ныхас барæй æрдæгыл аскъуыдта, иннæтæм цы 27
хъуыды сæвзæрдзæн, уый бафиппайыны охыл. Æмæ дзы алкæмæ дæр йæ хинæйдзаг цæстытæ сарæзта. Æмбæлттæ хъусæц лæууыдысты. Æрæджиау æй Æхсар афарста: — Æххæст зæгъ, цавæр фæнд дæм ис, уый? —Сосетæ хъæугæрон цæрынц. Нартхор — адæймаджь^ бæрзæндæн. Кауы сæрты бахиздзыстæм æмæ... Иннæ лæппутæ йæм æнæууæнкæй бакастысты. — Давгæ,— æмхуызонæй схор-хор кодтой. — Давгæ нæ,— йæ галиу фæнд тардта галиу лæппу.— Æрмæст дзы фæйнæ фондз-дæс фæткъуыйы ратондзыстæм æмæ обауы цъуппыл куывд скæндзыстæм. Æз цæуын. Кæй уæ нæ фæнды, уый лæууæд. Тыххæй никæмæ хатын. Лæппутæ фæгæппытæ ластой. Æхсар ма бадти. Фæлæ та йыл галиу лæппу уайдзæфы ныхæстæй ралæууыд: — Æмбæлттæй хи иуварс ласын нæ хъæуы. Цы кæнынц, уый — æмхуызонæй. Цæмæй тæрсыс? Куы нæ базоной,— зæгъдзынæн сын: «Æз сæ мæ хæстæджыты цæхæрадонмæ æрба- хуыдтон». Æмæ хъуыддаг ууыл аскъуыйдзæн. Иу сыпп, иу хъæлæба дæр нæй... Ингæнмæ цæуæгау лæппуты фæстæ цыбыр къахдзæфтæй араст Æхсар. Уыдон радыгай басæррæттытæ ластой кауыл. Æмбæхсгæ-æмбæхсгæ, саухалыг нартхоры æхсæнты пæлæхсар бæласы бын бамидæг сты. Схызтысты йæм. Сæ рæттæм тыдтой фæткъуытæ. Сосейы бинойнаг скъæты уагъта арахъ. Боцкъайы дон бед- райæ калдта цæхæрадонмæ. Сывæллæттæ сæ тæккæ «кусгæйæ» уыдысты æмæ усы нæ уыдтой. Фæлæ сæ йæхæдæг федта. — Гъæ, уæ бур рондз фæкалат, уæ ныййарджытæ уæ афтид дæлæрттæй аззайой!— æлгъитгæ-æлгъитгæ сылгоймаг фелвæс- та хъæдуры хъил æмæ абырджытæм рацæйуади. Лæппутæ йын йæ хъæр айхъуыстой. Бæласæй цæрдæг æргæппытæ ластой. Ус сæ нал æрбаййæфта. Фæстæмæ фез- дæхти. Сæ баст бурх’ъус куыдзы суагъта: — Ссы-ссы, сæ хисты къæбæртæй сын ахæрай. Лидзгæ-лидзын Æхсар фæкалд. Йæ рон феуæгъд, йæ фæткъуытæ алырдæм атылдысты. Æмбæлттæ кауыл ас- æррæттытæ ластой. Æхсар йæ ронимæ куыд архайдта, афтæ йæ Сосеты бурхъус куыдз æрбасырдта. Кауы сæрты ма тæссæй йæхи бæргæ аппæрста, фæлæ йын куыдз ронбастæй йæ фад- хъулты онг йæ хæлаф æрфазта. Йæ амонд уыд æмæ цыргъ дæндæгтæ буары нæ ныссагъдысты. 28
Дауид йæ кæстæр хæлары хабармæ лæмбынæг хъуыста. Иунæг хатт дæр æй йæ фарстатæй нæ баурæдта. Хъуыддаг куыдз æмæ хæлафы онг куы æрхæццæ, уæд йæхи нал баурæдта, ныппыррыкк ласта. Æхсар дæр йæ худын нал баурæдта. Дауид хъæрдæрæй пыххудти. Фæстагмæ фæсабыр æмæ йæ афарста: — Æмæ скъуыд хæлафы дæ буар зынгæ уæхимæ куыд ссыдтæ? Æхсар цалдæр къахдзæфы æнæ дзургæйæ акодта, стæй дзу- апп радта Дауиды фарстæн: — Мæ «хæлæрттæ» мæ фæуагътой. Сæхи удтæ бафснайд- той. Æз, куыд ничи мæ фена, афтæ мæ тæвдæй балæууыдтæн обауы ныгуылæнварс. Уанцъылыты астæу ныббырыдтæн. Мæ сæр-иу аивæй сдардтон. Мæ цæст-иу обауы кæрæтты дæр ис- кæуыл куы æрхæцыд, уæддæр-иу мæ зæрдæ йæхи риуы къул- тыл ныххоста. Афтæ- фæбадтæн иу сахат, дыууæ... Тел мæ нæ ферох. Обауы лæнкауы — хъæуы уæлмæрдтæ. Уым æнæмæнг уыдзæни тел. Ме скъуыд хæлафыл хæцгæ ныццыдтæн уырдæм. Æруыгътон телы лыггæгтæ æмæ фæстæмæ — мæ арф «лæгæтмæ». Мæ хæлаф æнæбары кæрæдзиуыл фæхæцынтæ код- тон телæй, фæлæ уæддæр буар зынди æмæ ацæуын нæ уæн- дыдтæн. Мæ фыддæрагæн сæрдыгон бонæн кæрон нал уыди. Мæхи æфхæрдтон, цæмæн мæ, зæгъын, хъуыдысты ацы бæллæхтæ, цæмæн хъуыстон галиу зондмæ?.. Сфæлмæцыдтæн æмæ афынæй дæн. Уымæл зæхх мæ йæхимæ нылвæста. Райхъал дæн арвы гыбар-гыбурмæ. Дондыппыр мигътæ изæрмилты ныл- лæджыты æрбалæгæрстой. Бæстæ нытталынг и. Тæрккъæвда фемæхст. Их мæ хоста. Арвы цæфæй тæрсгæйæ, нæхимæ куыд балæууыдтæн, уый рæстмæ зонгæ дæр нæ бакодтон. Ныддонласт дæн. «Кæм уыдтæ? — мæн ахæм хуызы ауынгæйæ, мæ мад фæуыргъуыйау. — Дæ гæв-гæв куы цæуы...» Æз ын хъуыддаг кæрæй-кæронмæ рад- зырдтон. Уый мын мæ сæр йæ риумæ балхъывта æмæ ныккуыд- та: «Дæ фыды дын иннæбон хæстмæ куы кæнынц, уæд ды та цы фыдуаг митæ кæныс?!». Нал æнцад йæ кæуынæй дзыцца. Бауырнæд дæ, Дауид, кæд мæхи зæрдæ нæ фæцæйтыдта йæ тæригъæдæй. Гъе уый дын мæ галиу ми... Дауидæн йæ сæр йæ риуыл æркъул и: — Ныббар мын, Æхсар, дæ зæрдæйы хъæдгом дын кæй фæцагайдтон, уый тыххæй. 29
Бечи райхъал и. Гæны сæрыл слæууыди. Дауид æмæ Æхса- ры иумæ цæугæ ауыдта æмæ сæм æрдзырдта: — Уæ сæртæ уæхицæй нал сты? Цы сæ æруагътат? Æз та æнхъæлдтон, афонмæ заводы кæрты стæм. Цы хъарм бон у!.. м — Ахуысс уал, ахуысс,— сдзырдтой йæм лæппутæ,— ныр- ма нæ дзæвгар ахæцын хъæуы. — Æмæ уæ бричкæты цæуылнæ бадут? Æви æгомыг фос тæригъæд сты. Цы сыл ауæрдут. Фос агургæ æмæ ссаргæ у. Адæймагæн та йргъ нæй. — Ныхъхъуыдты-ма уадз дæ сæртæг ныхæстæ,— схъæр ыл кодта Дауид.— Фæлтау æрхиз æмæ дæ салд туг базмæла. — Мæнæн мæ дадзинты сырх-сырхид туг пæлхъ-пæлхъ кæны. — Дæ туг дæр ницы æмæ дæхæдæг дæр,— нытту кодта Æхсар. Бечи уæлгоммæ афæлдæхти. Хуыссæг та йæ æрбырста. «Уадз, уыдон фистæгæй дзæнгæда цæгъдгæ сæпп кæнæнт, æз та ам...» 3 Бæмбæгхуыз æврæгътæ. сæхи систой мигъæмбæрзт хæхты уæхсчытæй арвы тыгъдадмæ. Цыма урс пæлæзджын наутæ цъæх денджызы ленк кæнынц. Хур йæ тынтæ æрвиты зæхмæ. Дымгæ кæмдæр ныффынæй æмæ бæстæ у сабыр. Галтæ ахызтысты Къардонæй. Сæ фæндаг сарæзтой Фар- ныхъæумæ. Сæ къæхтæ ма тыхист кæнынц. Бастадысты æфсон- дзты бын. Афон сын у сæ фæллад суадзынæн. Бафæлладысты лæппутæ дæр. Сæххормаг сты. Æмæ Къардонæй Фарныхъæуы астæу мæсчъы доны был нæууыл æрурæдтой галты. Суагътой сæ. Аздæхтой сæ къанаугæрæтты фæззыгон цъæх тауыл хи- зынмæ. Галтæ зыдæй февнæлдтой кæрдæгмæ. Кæрдæг сын сæтты сæ дойны дæр. Уымæ гæсгæ сæ лæппутæ тæвдæй донмæ нæ бауагътой: сæ рæуджытæн фæсахъатæй тæссаг у. — Уæлæмæ, Бечи! — бричкæйы сæрмæ йæм схъæр кодта Дауид.— Æрхæццæ стæм, дæ бæрзонддзинад! Бечи базмæлыди. Бынмæ сæм ныджджыгъгъытт. Йæ алфам- былай — бæгънæг быдыр, гуыбыр къудзитæ. Æндæр ницы. Ам гæны заводæн йæ кой дæр нæй. Асайдтой мæ,— рамæсты. Фæлæ æргомæй сдзурын нæ бауæндыд. Йæ галтæ ифтыгъд кæй нал сты, уый ныр бафиппайдта Бечи æмæ Дауидæн арфæгæнæгау^ загъта: * 30 ,
— Дæ хорз хорз у, фæлæ ма мын мæ галты дæр æххæст ды куы скъæрдтаис. Кæнæ мæ æнæ райхъал кæнгæйæ заводмæ куы баластаис... Бауырнæд дæ, дæуæй лæгдæр а зæххыл нæ уыдаид. — Бирæ ма дзур, — скаст æм Дауид.— Æрхиз æмæ сихор скаенæм. — Мæнæн мæ сихор — мæ разы. — Бар дæхи. Мах нæ сихорæй хъæстаг не стæм. Бечи йæ хызыны ’комдæл райхæлдта. Систа дзы фысы дзи- дзайы кæрдихтæ, хæдзары конд урс дзул, ногахст цыхт — ахæм уарзы йæ сабийæ фæстæмæ Бечи. Æмæ бавнæлдта дыууæ ко- мыкъулæй хæрынмæ. Ныттыппыр. Йæ уæлдæйттæ хызыны ныв- æрдта: «Адон мæ изæры дæр бахъæудзысты». Бричкæйæ æрбы- рыди. Мæсчъы донæй банызта. Сбухъытæ ласта, гъе, ныр мæ хæрд батайдзæни зæгъгæ. Дауидиты дæллаг фарс фæсалгæрдæ- гыл æрбадт. — Ахæр немæ,— Æхсар æм бадаргъ кодта пъамидор æмæ сæ дысоны цæхæры фых картоф цæххы тылдæй. — Бузныг, дæ уæздандзинадæй, цыдæртæ аууылдтон. Уæ къæбæр уæхи фаг дæр куы нæ у. — Бирæ, дам, гуыбынæн, чысыл та — зæрдæйæн.— Дауид мæстджынæй нынныхъуырдта йæ комдзаг. — Зæрдæ та циу? Гуыбын æфсæст уæд, æндæр. — Кæмæндæрты сæ зæрдæтæ сæ гуыбыны сты,— Дауиды цæсгом йæ хуыз фæивта.— Йæ гуыбынæн чи цæры, уый зæрдæ нæ зоны. — Дæ ницæйаг митыл та схæцыдтæ,— Бечимæ нал фæлæу- уыд Æхсар. Бечи æмбæлтты цæсгæмттыл тызмæгдзинад федта. Йæ сæрыстыр ныхасæй хыл ракъахынæй тæрсгæйæ йæ мукъутыл цъутта сæвæрдта. Мæлæты хъарм бон скодта! Хур æхсызгонæй нындæвта. Æрæгвæззæджы йæм ахæм тавс стæм хатт вæййы. Æхсарыл йæ фæллад ^æртæфсти. Рæдзæ-мæдзæ систа. Йæ цæстытæ æрæхгæны. Йæ сæр Дауиды уæрагыл æрхаудта. Фесхъиудта: — 0, мæнæ мæ хуыссæг стæлфын куыннæуал уадзы. —- Æрхуысс, иучысыл æрхуысс,— Дауид ын хус фæсалыл иа^ къандзол æрытыдта, йæхион та йын йæ уæлæ бамбæрзта. Дауиды дæр хуыссæг æрцæйбырсы. Фæлæ лæппу йæ хæдон фсппæрста. Астæуæй уæлæмæ йæхи мæсчъы доны ныхсадта. 31
— Нæ уын дзырдтон, нæ, — Бечи йæхицæй ныббузныг и,—> цы фистæгæй цæуыны æфсæрм уæ уыди.— Гал фæразон у æмæ] та бафæрæзтаид. Сымах ма уæ галтæн уæлдай уаргъ уыдыстут?! Мæнæ мæнмæ нæ кæсут? Дзæбæх фæфынæй кодтон. Сымахау; нæ фæлмæст дæн, нæ — фæллад. ] — Ды, Бечи, никуы фехъуыстай скæсæйнаг æмбисонд. Бум-^ булийы æмбисонд?— фæрсы йæ Дауид. — Æмбисæндтæ йеддæм мæ хъус нæ дарын,— Цæмæн æмæ мæ кæдæм хъæуынц? Хæрынæн нæ бæззынц. Зонд агурæг никæдæм ацæудзынæн,— былалгъ дзуапп радта Бечи. — Алы хъуыддагмæ та хæринаджы цæстæй кæсыс. Хъус, уæдæ дын æз уыцы скæсæйнаг æмбисонд æрымысон æмæ йæ дæ зæрдыл бадар. — Мæ зæрдыл? -0. — Æмæ мæ хатгай мæхи ном дæр куы айрох вæййы. — Уый дæ хорз миниуæгыл дзурæг нæу. Цæвиттон. Раджы иу хан мæрддзæст сæудæджергæнæгæн загъта: «Дæ теуайыл бумбулитæ самай, цас афæраза, уыйбæрц. Æмæ дын уый æмуæз дæттын сызгъæрин». Мæрддзæсты цинæн кæрон нал уыди: «Ныр а дунейыл мæнæй хъæздыгдæр æмæ хъуыстгонддæр лæг нал уыдзæн». Æмæ йыл йæ кæрæфдзинад фæуæлахиз и. Цы рам- былдта? Хæлофæй, зыдгæнгæ бумбулитæ амайын райдыдта йæ дынджыр теуайы къуыпп рагъыл. Ныццамадта йыл, дысон цы хъæмпы хуыссыдыстæм, раст ахæм рагъ. Иу бумбули ма теуайы къæхты бын ссардта. Сæудæджергæнæг æй фелвæста: «Уый дæр сызгъæрин у». Æмæ йæ рагъмæ сæппæрста. Уый адыл теуайы астæуыстæг ныкъкъæрцц ласта. Мæрддзæст лæг хæлиу- дзыхæй аззади. Цыма йæ хур бон арв нырриуыгъта, уыйау фæци. Стæй йæ сæрмæ фæлæбурдта... — Уыцы æмбисонд мæнмæ нæ хауы. Æз кæрæф æмæ зыд адæймаг нæ дæн. Мæ галтæ ныртæккæ дæр куы ныммæлой, уæддæр мæ сæр нæ фæхойдзынæн. Исты мæ фыды куынæ сты, мыййаг... — Æмбисонд дæумæ дæр хауы. Ды дæ æнæмæт. Æрмæстдæр йæхицæн чи цæры, ахæм адæймаг æнæфсис, зыд æмæ кæрæф у. — Ныууадз-ма. Мæн æфхæрын йедтæмæ дын æндæр ницы куыст ис? — Æз дæу æфхæргæ нæ кæнын. Цы дæ, уый дын зæгъын. Æмæ дын рæстдзинад дæ цæстытæ ма къахæд. Бечи хъыпп-сыпп дæр нал суæндыди. Дауид ын карзæй дзырдта æмæ дзырдта: 32
_- Æхсар дæуæй кæстæр у. Фæлæ куыд æнувыд у кусæг 1)0СЬ1л? Фæндагыл сын-иу сæ фæрсты хид æрсæрфта. Цæлхытæ- \ дзыхъы кæм ныттылдысты, уым-иу галты æфсондзыл кæнæ ^пичкæйыл фæсте ахæцыд. Йæ хъару бирæ нæу. Фæлæ халæн хзл æххуыс у. Ды та суанг ардæм... Уæд та дæ галтæ адзæгъæл сты, дæ бричкæ фæфæлдæхти. Гæны куыристы бын нæ ных- хуыдуг уыдаис. Де ’мбисонд æгас Пъæлигоныхъæуыл ныхъхъæр уыдаид. — Æз мæ зæрдæ дæуыл дардтон,— Дауиды зæрдæ ал- хæнынмæ хъавы Бечи.— Дæ ныфсæй сразы дæн ардæм. Æндæра бригады чысыл куыстытæ нæй. — Бузныг, дæ зæрдæ ныл кæй дарыс, уый тыххæй,— Дауид ыи бамбæрста йæ мæнгард ныхæстæ,— фæлæ ды æмбудыс, мах дыл нæ зæрдæ дарæм, уый? Дауид æм ахæм æвзагæй сдзурдзæн, уый Бечийы фæсон- æрхæджы дæр нæ уыд. Æмæ цæхæрыл кафæгау скафыди. Фæтъæлланг ласта: — Ды мæн дзæгъæлы, бынтон æнæхъуаджы æвдулыс цъыфы! — Æз нæ,— стызмæг и Дауид,— ды дæхæдæаг дæхи æвду- лыс цъыфы. Бамбæрстай, дæхæдæг дæхи!.. Сæ хъæлæбамæ йæ цæстытæ байгом кодта Æхсар. — Уæ хорзæхæй, ’уæ загъд-замана ардæм цы æрхастат? Ху- динаг у. — Худинагæй Бечийы бафæрс... Дауид фос æрбаскъæрдта. Лæппутæ сæ галтæ сифтыгътой. Æмæ та бричкæтæ базмæлыдысты. Бечи та схызт йæ бричкæйы сæрмæ. Дауид æмæ Æхсар се ’гъдау нæ фехæлдтой: галты æмвæрсты цæуынц. 4 Ныгуылæнæй фæныкхуыз мигътæ сæ сæртæ æрбадардтой. Дымгæ Æрджынарæгæй æрбаулæфыди. Хуры тынты хъарм сындæггай-сындæггай ихсыйы. Фæндаг ам — дзыхъытæ, къуыппытæ. Арæхстгайдæр цæ- уьш хъæуы. Дауид æмæ Æхсар, сæ галты сæрбостыл хæцгæйæ, пь1р сæ разæй цæуынц. Дзыхъ кæнæ къуыпгонд куы фæвæййы фæндагыл, уæд сæ галты куы иуырдæм фæзилынц, куы — И1шæрдæм. Бричкæтæ банкъуысынц. Гæны куыристæ акъул вæййынц. — Бечи, æрхиз æмæ дæ галты разæй цу,— йæ ныхы хид йæ хУдæй асæрфгæ йæм сдзырдта Дауид.— Фыдбылызы хауыс. ^хдуг№ 4, 1997 33
Цыппæргай къæхтæ æмæ къухтæ ныл куы уаид, уæд дын дЯ галты сæрбосыл дæр æрхæциккам. Щ — Мæ мæт ма кæн,— зынæрвæссонæй йыл фæтъæлланг ласЯ Бечи.— Мæнæн мæ галтæ æмбаргæ сты. Сæхи былæй нæ аппаш| дзысты. Щ — Дæ зонд дæхи, Бечи. 1 Галтæн гуыргъахъ фæндагыл сæ лæф-лæф ссыди. ТыхЯ хæстæй сæ тæнтæ мидæмæ-æддæмæ кæнынц. Иу ран æгæщ тæссар дзыхъ разынди. Дауид æмæ йыл Æхсар сæ галтм сабыргай бакодтой. Бечийы бричкæмæ нал фæцарæхстыстьщ Сæ фæдыл æрбалæгæрстой йæ галтæ. Цæлхытæ фæмидæи сты дзыхъы. Бричкæ фæцудыдта æмæ фæфæлдæхти. Бечр! йæ сæрты атахт. Йæ тъæпп зæххыл фæцыд. Йæ амондæм фæсалгæрдæгыл сæмбæлд. Рог цæфтæ фæци. Фестад йаа тæвдæй. Хорзау нал уыди. Ныр æм бахъардтой Дауиды ныхæстæ... \ — Тæбынгтæ фелвас,— æрбазгъордта йæм Дауид,— нæ! уыныс, бричкæйы уæзæй æфсондз куыд ныхъхъил и. Галтæ] хуыдуг кæнынц, гормон. Галтæн сæ цæстытæ ныдздзагъыр сты. Дауид æмæ Æхсар фæлæбурдтой æмæ феуæгъд кодтой тæбынгтæ. — Дæ хорзæхæй, Бечи, фæрæты хъæд аныхъуырдтай?— Рафыхти Дауид.— Ног, уайсадæг чындзау цы лæууыс? Фезмæл! Адон дæ фыдæбæттæ, дæ бæллæхтæ сты!.. Лæппутæ æмхуызонæй февнæлдтой. Бричкæ авдæлон. Лæгъзмæ йæ атылдтой. Æмæ йыл гæны куыристæ амайын рай- дыдтой. Дауид гæн амайы. Бричкæмæ йæм куыристæ Æхсар æмæ Бечи æппарынц, знон Пъæлигоныхъæуы хуымы йæм куыд æппæрстой, афтæ. — Рæвдздæр æвналут, рæвдздæр! — тагъд сæ кæны Дауид,- — бон махмæ нæ кæсы. Къоппæй кæлы Дауиды хид. Къоппæй кæлы Æхсары æмæ Бечийы хид дæр. 1 Æрæджиау Бечи уæнгуагъдæй банцой кодта куыристыл. Йаа улæфт улæфты æййафы. ] — Бечи, уый бынтон æдзæсгом куы дæ? — йæ сайæн митæла ын нал ныффæрæзта Æхсар.— Мах де ’нæсæрфаты тыххæя хъизæмæрттæ æвзарæм. Ды та... Халон зиу ракодта æмæ даш йæхæдæг дуры цъуппыл абадт. Ш — Аулæфæн дæр нал ис?— йæхи рæстытæ кæны Бечи. -I — Кæд ма ды улæфын хъуаг дæ,— фæкъæртт æм Дауид. -1 Райсомæй нырмæ бричкæйы ды дæ фæллад уадзыс. Æвæллая 34
я мах стæм,"и? Дæхи бар дæ ныууадз — цымæ цы саразис. Лхсаев ам нæ баззаис. — Æмæ дæ ферох и, нæ хицау, нæ раздзог кæй дæ,— ацах- с га йæ Бечи, бригадир нæ дæуыл кæй бафæдзæхста, уый? — Нæ, нæ мæ ферох. — Уæдæ нын хъуамæ æххуыс дæр кæнай. — Фæлæ ды нæ хъусыс адæймагмæ, де ’дылы фæнд тæрыс. Дъысыммæ дæр нæ уымæн баластай. Æгъгъæд!.. Куыристæ сдæтт. Бечи уæнгмардæй бавнæлдта гæнмæ. Йæхи тылиф кæны. Зоны: ам æй нæ ныууадздзысты. Æмæ æнæбары архайы. — Фылдæр куыристæ нæ фæразыс, дæ хæдзармæ дæ фæтар- ^æуа! Æхсар мæм фæндзгæйттæ-æхсæзгæйттæ сæппары. Ды та... дыгæйттæ-æртыгæйттæ. — Мæ бон æндæр нæу, Дауид. Исты дын Нарты Сослан нæ дæн. — Сослан дæ дзыхы радавинаг нæу. Уымæ дæ къахдзæфтæ хъæуы, къахдзæфтæ! Сахаты æрдæджы фæстæ фесты бричкæ амад. — Ныр дæ галты разæй цу,— Дауид сæрбос Бечийы къухты фæсагъта, — кæннод ма нæ иуахæм фыдæбоны куы ныппа- рай,—- зон, дæхи бар дæ ныууадздзыстæм. Дауиды æргом æртхъирæнæй Бечийы уæнджы мигъ бацыд. Йæ ныхмæ иу дзырд дæр нал сфæрæзта. «Цобе!» — йæ галтæм уисæй февзыста æмæ сыл хафт-хафтæй ралæууыди. — Цæмæн цæвыс фæллад фосы? — Дауиды маст йæ хъуы- ры абадт.— Нæмын дæу хъæуы. Уыдон цы аххосджын сты? — Фæндагыл цæуын нæма базыдтой æмæ уымæн. — Æмæ ды адæймаг куы дæ,— Æхсары цæстытæ цæхæртæ акалдтой,— æмæ дæ развæд дзæбæх куы нæ уыныс, тæссармæ куы хæцыс æдзухдæр. — Хуьгцауы тыххæй, уæ дзæмбытæ мæ цы ныссагътат? — Йæхицæн дæ ничи ницы агуры, Бечи,— йæ маст фæкъаддæр Дауидæн.— Лæг дæ æмæ лæджы митæ кæн. Уыдзæн ма
ХÆМЫЦАТЫ Албе| К/ЩЦÆРЫ ФЫСТЫТÆ Кæддæры фыстытæ... Фæлдахын сæ згæ зесты сыфтау. Дард кæцæйдæр зынынц ме }рыгон азтæ, хъомпал хъуыдытæ. Мæ бæллицтæ — саст, бæласы къалиуты хуызæн. Кæм сыл их-къæвда уары, кæм — хуры тынтæ. ИРОН ЧИНЫГ Ирон чиныг, сыгъзæрин фестай уастæн! Ды басгуыхтæ Ирыстонæн мæсыг. Дæу æз Ыстыр Хуыцауы фыстау кастæн, Фырцинæй тагъд мæ уадултыл цæссыг... Дæ фæрцы хохы базыдтон Къостайы, Ыссыгътой мын ныфсы цырæгътæ нарт. Ныр мæнæ рыджы де стыр намыс тайы, Ысласта дæм æгьатыр рæстæг кард. Ирон лæджы дæр нал хъæуыс... Йæ царды Зынаргъдæр уымæн уаз дзырдæй — къæбæр. Мæлы сындæггай н’адæмы фарн арты,— Нæ адзалыл нæма сæттæм уæддæр. Ирон чиныг, дæ сау марой, дæ фæдис Æхсины лæгтæм нал хъуысы æппын. Фыдæлты кад, фыдæлты ’фсарм цы фæцис? Нæ лæгдæрты цæмæн ныххафы рын? 36
Ирон чиныг, сыгъзæрин фестай уастæн! Ды басгуыхтæ Ирыстонæн мæсыг. Дæу æз Ыстыр Хуыцауы фыстау кастæн, фырцинæй тагъд мæ уадултыл цæссыг... Нæ лæгдæртыл цы худæм, Цы кæнæм кадыл загъд? Æви кæйдæр марг удтæм Цыхцырæгау фæтагъд? Фыдæлты намыс рохы Цæмæн баззад, æниу? Тæхын сæ сæрты хохы Куынæ уæндыдис цъиу. Нæ къонайы зынг — Нартæй, Цæмæн æм хæссæм фау? Куырыхон Иры фарнæй Хъæздыг куы уыд Хуыцау. Цæмæн самайæм уынгты Нæ иудзинадыл хыл? Нæй байсысæн нæ уæнгты Æрвгъуыз тугæн зæххыл. Æнæбын кæмтты, рæгьтыл Мах иу ыстæм — æнгом. Лæууæм мæсгуытау хæхты, Ирон адæм — нæ ном. Арвыл — ыстъалы-дзуг, Цымæ кæм дæ? Демæ мæ сабидуг Баззад кæмдæр... Фесæфт дзæнхъа дурау Рагуарзты фæд. Мæсыг — мæгуыргурау, Тарæрфыг — хъæд. 37
Хæхтæ — сæ митхудты, Арф кæмттæ — сау. ’Хсæрдзæнты урс худтæн Нал ис Хуыцау... Уæлдæф — рыгæмхæццæ, Дымгæ — фыдуаг. Мигъау æрбахæццæ Царды фыд уаг... Уадултыл нал сысы Ставд цæссыг — рис. Сонт гуымсау райхъуысы Туджы фæдис! ...Арвыл — ыстъалы-дзуг, Цымæ кæм дæ? Демæ мæ сабидуг Баззад кæмдæр... Поэты ном куыдзы кадмæ æрхауд, Сси хъазæнхъул æхсины лæгтæн царды. Йæ чингуытыл бæзджын бур рыг ныббадт, Æфсæст лæг ын нычъчъыртт кодта йæ зардыл... Кæй ма хъæуы? Лæдзæгау у гуыбыр, Кæнынц дзы уынджы хъал адæм хынджылæг. Æхгæд æрцыд йæ бæллицтыл гуыдыр, Кæны хъæрзгæ зынудисæн хъызт зымæг. Хуыцау, кæм дæ? Цытæ цæуы зæххыл? Цæмæн кæнынц хæрам митæ уæлахиз? Æууæнды ма мæгуыр поэт дæуыл, Адзалæй йын йæ рухс уды къæртт бахиз. Цæуылнæ дæ уарзын — нæ зонын... Дызæрдыг æхсыны мæ уд. Дæ номимæ сæмбæлын боныл, Изæры мын сау маст — дæ худт.
Цæуылнæ дæ уарзын — нæ зонын... Уындæй ды уæларвон дæ, хур... Ды хатгай фæцæуыс мæ зондыл, Мæ балцæн дæ хатгай — цæлхдур. Цæуылнæ дæ уарзын — нæ зонын... Гуырысхойы бахауы лæг: Дæу арæх мæ Хуыцау фæхонын, Фæхонын дæу арæх — хæйрæг. КУСÆРТТАГ Хæрзхаст у уый, кæны гæппытæ, Цæгъды фырыфсæстæй сынæр. Нæ уыны масты мур æппындæр, Хæссы уæлыйæутты йæ сæр. Æдзух фæдылдзу у, æрмахуыр, Æрмæстдæр бауасын — йæ мæт. Нæ зоны: буц цардыл кæм сахуыр — Кæсы йæм уырдыгæй мæлæт... ЗЫМÆГОН ХЪÆД Хъæд — дадайы аргъау, Згъæр диссаг — йæ хуызæй! Хуры тын ыл рахауд Сау мигъы хъæбысæй. Тулдз — фæтæнуæхск, рагон,— Митдзæнгтæ ныттилы. Зивæггæнгæ халон Комы сæрмæ зилы. Заз бæлæстæ — рагъыл, Раст цымахæрзхотæ. Знæт хъæддаг хуы къахы Арф миты кæрдотæ. Хин рувас кæцæйдæр Рахылди æд фæндтæ. 39
Æхсæрæг — фæцыдæр, Нал аззад йæ фæд дæр. Хохæн — дард йæ урс цъупп, Доны уынæр сысы. Сау хъæдхойы къупп-къупп Æрхы арфæй хъуысы. Арсæн циу зымæгон?— Хъарм лæгæт ын — гомæй. ’Ххормагæй цы кæнон?— Уасы бирæгъ комæй. Рæстæг диссаг у, хæйрæг — Хъазы хъулау махæй. Уымæ ницы кæсы лæг,— Скъуыры йæ цъыф къахæй. Хатт ныл хинæй цæуы, хатт Радзуры нæ сæрыл. Сисы арвы онг нæ кад, Цæхх нæ цæфтыл зæры. Уый уæззау фыдты ’хсæн уд Хъизæмарæй мары. Куы вæййы мæлхъау рæсугъд, Куы мæлхъы маст уары. Нæй йын бамбарæн... Кæлæн Счынди уымæн, махæн. Ракæс, о Хуыцау,— мæлæм! Хи ингæнтæ къахæм... Ды — ныфсы цырагъ, нæ цард Бахъахъæн æвæдæй,— Хъуыса раст лæгæн йæ зард, Ма кæна: дæ-дæ-дæй...
НИГЕРЫ МИДХЪУЫРДУХÆН Цынæ федтон уæззау дуджы! Нæ уыд капекк лæджы аргъ. Уæддæр зынгау мæ хъарм туджы Сыгьдис, мæ Ир, дæ цырагъ. Цынæ ’взæрстон фыдбылызæй!.. Уыд рухс хъуыдытыл сахсæн. Уæддæр мæ зынг йæ хин хызæй Нæ базыдта æрцахсын. Цынæ хъуыстон дæ хъарæджы, Мæ мæгуыр Ир, зын кары!.. Уæддæр æдзух мæ зарæджы Дæ рухс ном уыд ыстъалы. ТЫРСЫГОМЫ Бады сау мигъ хохыл, Хъал цæугæдон — салд. Рагон мæсыг — рохы,— Хи дурæй ныккалд. Ком ныттар, дзыназы, Нал дзы ис цæрæг. Уад сæрхъæнау хъазы Хъæууынгты цæрдæг. Нал æркæсы хур дæр, Мигъты бамбæхст рындз. Рох ныхасы дуртæ Сидзæртау кæуынц... ИРЫСТОН Кæйдæртау сойтæ никуы смарзтон цардæй, Уæддæр мæ рустыл не ’ртылди цæссыг: Æдзух цыдтæн дæ урс цъититæм дардæй, Уыдтæ мын тохы удлæууæн, мæсыг. 41
АРВЫРДЫН Æрдзон диссаг, æркъæлæт дæ, Дæ бынмæ Ир — цыкура. О бафтау ыл дæ «кæлæнтæ»,— Уадз арф кæмтты ныххур уа... ДЫУУÆ ХОХЫ НЫХАС Бæрзонд хох: — Ды ницы дæ. Куы сасæст вæййы — Бынæй, кæмдæр Уæд нал фæзыныс мигъæй. Æз та — Мæ цъуппытæ Фæнайын хуры бур дзыккуты... Ныллæг хох: — Нæ зæгъыс раст, Мæ хорз сыхаг, Рæдийыс. Æз дæн ныллæг, Фæлæ йæ зон: Мæ уæхсчытыл Дæумæ ысхизынц дзыллæ... КÆМÆНДÆРТЫ Тыхджын æдыхы удæй хъазы, Мæгуыр хъæздыджы цур — æвзæр. Мæ хæлар саг лæг уыд уæ разы, Хуыдтат æй ницæйаг уæддæр. Дæллаг галау уый кодта тухæн, Нæ федта амонд æмæ хур. Йæ цард — нæ Ирыл тох, хъуырдухæн, Рыст зæрдæ фидисæй ныддур. Уый йе ’цæг дунемæ нæ цурæй Фæцыд æфхæрд æмæ рыстæй. 42
Йæ ном нæ риуты баззад дурæй,— Сыгъзæрин дамгъæ-ныв фыстæй... дз. к Зæххыл цынæ бавзæрстон, цы! Уæддæр цæрын. Мæ ныхмæ сусæгæй хæцыд Уæззау дуг — рын. Уыдис йæ цыргъ хотых — æхсын! Æз та — «троцкист». Цъыфкалæн, сау хахуырты ’хсæн Мæ уд ныцъцъист. Нымудзæг н’ауæрста... Хъысмæт — Тызмæг, цыбыр. Уыдтон рæстаг адæмы мæт, Зындон — Сыбыр. Кæмдæр мæ гыццыл Ир — зынаргъ, Бынтон нындзыг. Мæстæй рыг ахæстоны тагъд Мæ цæстысыг. Зæххыл цынæ бавзæрстон, цы! Ысраст дæн ныр. У цард, мæ кæстæртæ, — хæцын! Нæ фарн — ыстыр. Ницы фарн арыс мæ ныхæсты,— Дзурын мæ хъуыды уæддæр. Чи зоны, искуы Фыдыбæсты Бахъæуа царды мæ сæр. Ницы хорз райсыс мæ фыстытæй,— Не ’нцайы зарæг уæддæр. Чи зоны, дуджы ысхуыстытæй Райхъуыса иу бон мæ хъæр. 43
АХÆСТОНЫ ч. а Æз нал æууæндын хурыл,— Æфхæрд зæрдæ фæрыст. Рæхджы цъæх ингæн-дурыл Уыдзæн мæ ном дæр фыст... Ам бадынц мемæ — минтæ, Гæппæввонг сæм мæлæт. Ысчынди махæн хинтæ, Мах ралгъыста хъысмæт... Æххæссы хахуыр дардыл, Йæ бæллæхтæ — ыстыр. Нæ рæстдзинадæй царды, Зон, бакуыстам Сыбыр... Ныр уазал агъуыст, къуымы Æз батулын мæстæй. Цæрын æнкъард, æрхуымæй. Мæлын сыдæй, рæстæй... Æз федтон бонрухсмæ ыстъалыты мæлæт, Куыд истой адæргæй сæ удтæ. Фæлæ та сау, мæйдар æхсæв куы ’рцыд, Уæд арв ныррухс и — райгуырдысты ногæй..
ТÆЛМАЦТÆ Эжен ИОНЕСКО СЫКЪАФЫНДЗ ÆРТЫККАГ НЫВ Жаны фатер. Исрахизырдыгæй, ахсы сцеиæйæп йæ ’ртæ цыппæрæмхайы. Рæбыпæй къулы æмбуар — сынтæг, хуыссы йыл Жан. Лстæуæй — бандоп æмæ къæлæтджын, баддзæни дзы Жан. Рахизырдыгæй — хинайæнмæ бахи- зæпы дуар. Уаты галиуфарс — къул, сценæ дыууæ дихы кæпы. Йæ астæу ис дуар — асинтæм. Сценæйы галиуфарсæй зыныпц асинтыуæллаг къæпхæптæ, гæзæихъæдтæ æмæ фæзгонд. Рæбынæй — дуар, сыхæгты фатермæ. Фалдæр ма поджы иу дуар, театрдзаутæ йын уынынц æрмæст йæ уæллаг хай авджып цæстытимæ. Уæле йыл фысп «Дуаргæс». Æмбæрзæн байгом. Жап хуыссы йæ сыптæджы хъæццулæй æмбæрзтæй, йæ чъылдым — залмæ. Хуыфы. Цалдæр мииуты фæстæ фæзынди Беранже — асинтыл схызт æмæ дуар хойы. Жап ып дзуапп нæ дæтты. Беранже та ногæй æрбахоста. Б е р а н ж е. Жан! (Хойы.) Жан! Рæбинаг дуар байгом, ракасти дзы Зæропд лæг, чысыл урс боцъо йып. Жан мæ хъæуы, мæ хæлар Жаны агурын. Зæронд лæг. Кæд зæгъын мæн агурыс. Мæ ном дæр Жан у. Иннæ Жан дæ хъæуы, нæ? Зæронд лæджы усы хъæлæс (уатæй). Чи у, чи? Зæронд лæг (йæ усмæ). Нæ сыхаг æй хъæуы. Б е р а н ж е (хойы). Жан! Зæронд лæг. Ардыгæй ацæугæ йæ нæ федтон. Знон изæр ам уыди. Афтæ мæм фæкасти, цыма йæ чемы нæй. Б е р а н ж е. Мæн аххосæй... Зæронд лæг. Бахой-ма йæм ноджыдæр. 1 Кæроп. Райдайæн «Мах дуджы» ацы азы 3-аг номыры. 45
Зæронд лæджь усы хъæлæс. Жан! Ця дзæнгæда цæгъдыс? Жан! Щ Б е р а н ж е (хойы). Жан! Я Зæронд лæг (иæ усмæ). Ныртæккæ. Гъæй-да-гъа! (Дуат бахгæдта, фæаууон.) щ Ж а н (йæ хуыссæнæй, фæсус хъæлæсæй). Цы хабар у? I Б е р а н ж е. Уый æз дæн, Жан, абæрæг дæ зæгъын кæнон! Ж а н. Чи дæ? 1 Б е р а н ж е. Æз дæн, æз — Беранже. Нал мæ зоныс? 1 Ж а н. Беранже дæ? Рацу мидæмæ. | Б е р а н ж е (дуар байгом кæныныл архайы). Дæ Аущ æхгæд у. 1 Жан сыстади, бæрæг у, йæ чемы кæй нæй, уый. Кæрдæгхуыз пижамæ йыл, йæ сæрыхъуынтæ пыхцыл. Ныртæккæ. (Дуар бакодта.) Чысыл фæлæуу. (Ногæй æр- хуыссыди, хъæццулæй йæхи æрæмбæрзта.) Рахиз мидæмæ. Б е р а н ж е (æрбацыди). Дæ бон хорз, Жан. Ж а н (хуыссæнæй). Цал сахаты у? Дæ куысты цæуылнæ дæ? Бе р а н ж е. Хуысгæ ма кæныс? Кусынмæ нæ цæуыс? Ха- тыр, кæд дæ мыййаг бахъыгдардтон. Ж а н (Беранжемæ чъылдымыздæхтæй). Дæ хъæлæс цы кæны? Б е р а н ж е. Дæуæн дæр фæсус куы у. Жа н (фыццагау чъылдымыздæхтæй). Бадгæ скæн. Б е р а н ж е. Нæфæразгæ дæ? Жан йæхимидæг цыдæр гуым-гуым кæны. Б е р а н ж е. Жан, знон мæхи бынтон æдылыйæ равдыстон, цæй быцæуы мæт мæ уыди? Уыцы æнæхайыры хабар... Ж а н. Цавæр хабар? Б е р а н ж е. Зноны кой кæнын... Ж а н. Цы уыди знон? Кæм? Б е р а н ж е. Ферох дæ, æви? Уыцы хуыцауылгъыст сыкъ- афындзы кой дын кæнын. Ж а н. Цавæр сыкъафындзы? Б е р а н ж е. Знон кæй федтам, уый. Нал æй хъуыды кæныс? Ж а н. А-а-а... Чи дын загъта, хуыцауылгьыст сты зæгъгæ?: Б е р а н ж е. Æ’нæуи зæгъын. Ж а н. Цæй хорз. Сæ кой мауал кæнæм.
Б е р а н ж е. Хорз зæрдæ дын и, Жан. Ж а н. Цы ма зæгъыс? Б е р а н ж е. Къæмдзæстыг дæн дæ разы. Мæхи æгæр , урзæрдæ, æгæр æгъатырæй равдыстон... Нæ мæ хъуыди афтæ карзæй быцæу кæнын. Иу дзырдæй... иу дзырдæй... мæхи æды- Аыйæ равдыстон. Ж а н. Уый ницы диссаг у. Б е р а н ж е. Хуыцауы хатыр мын бакæ. Ж а н. Мæхи æвзæр æмбарын. (Хуыфы.) Б е р а н ж е. Уæдæ стгæ дæр уый тыххæй не скодтай? (Æндæр хъæлæсыуагæй.) Жан, куыд рабæрæг, афтæмæй нæ дыууæ дæр раст уыдыстæм. Ж а н. Ома? Б е р а н ж е. Зноны койтæ ма дын кæнын. Хатыр бакæ, ногæй дын сæ дæ зæрдыл кæй лæууын кæнын, уый тыххæй. Мæ хæс ахæм у. Нæ дыууæ дæр раст кæй уыдыстæм, уый дын зæгъинаг дæн. Ныр сбæрæг. Сахары ма сыкъафындзтæ фæзын- ди — дысионтæ æмæ иусионтæ. Ж а н. Æмæ дын нæ дзырдтон! Хорзæй дзы ницы и. Б е р а н ж е. Бæгуыдæр. Ж а н. Æниу дзы æвзæрæй дæр... Уый фенд зоны... Б е р а н ж е. Ам кæцæй фегуырдысты, уый хъауджыдæр . нал у. Замана уый у, æмæ кæй фæзындысты, уымæн æмæ... Ж а н (разылд, йæ хъæццул иуварс аппæрста, йæ сынтæ- джы рабадт, йе ’ргом Беранжемæ). Мæхи хорз не ’мбарын, цыдæр кæнын. Б е р а н ж е. Æмæ дæ цы риссы, цы? Ж а н. Мæхæдæг дæр æй нæ зонын, мæ чемы нæ дæн æппындæр... Б е р а н ж е. Слæмæгъ дæ, нæ? Ж а н. Лæмæгъ бæргæ нæ дæн. Цыдæр тых мæ цырын кæны. Б е р а н ж е. Ома зæгъын хатгай лæг куыддæр слæмæгъ вæййы. Ж а н. Уый мæнмæ нæ хауы. Б е р а н ж е. Уæд та дæ тых цы фæкæнай, уый дын нæй. Афтæ дæр рауайы. Нуæрттæ стæссонд вæййынц. Ж а н. Мæнæн не сты тæссонд. (Жаны хъæлæс фæсусæй- фæсусдæр кæны.) Мæ буар дæр æмæ мæ уд дæр ницы сахъат сты. Мæ тъымы-тъыма дæр... Б е р а н ж е. 0, фæлæ кæд уазал сдæ. Тæвд нæ кæныс? Ж а н. Нæ зонын. Æвæццæгæн мæм иучысыл ис. Мæ сæр Риссы. 47
Б е р а н ж е. Сæр зæгъыс? Кæд ме ’рбацыд аив нæ уыдй|| Ж а н. Цæмæн зæгъыс? Мæн ницы хъыгдарыс. щ Б е р а н ж е. Дæ хъæлæс дæр ныффæсус. 1 Ж а н. Ныффæсус? 1 Б е р а н ж е. 0. Гыццыл. Уымæн дæ нал базыдтон дад хъæлæсæй. I Ж а н. Æмæ цæмæй хъуамæ ныффæсус уыдаин? Мæнма! гæсгæ, дæхи хъæлæс’фендæрхуызон. | Б е р а н ж е. Мæ хъæлæс? 1 Ж а н. 0, о, дæ хъæлæс. | Б е р а н ж е. Чи зоны. Æрмæст æй æз нæ бафиппайдтон. { Ж а н. Æмæ ды дæр исты фиппайынхъом дæ.р (Йæ къух йæ. ныхыл авæрдта.) Уæллæй, мæ ных цыдæр кæны. Кæд æй искуы бакъуырдтон. (Иæ хъæлæс ноджы фæфæсусдæр.) Б е р а н ж е. Ау, æмæ йæ кæм бакъуырдтаис? Ж а н. Нæ зонын. Нал æй хъуыды кæнын. Б е р а н ж е. Ау, куы йæ бакъуырдтаис, уæд дын нæ фæрыстаид? Ж а н. Кæд æй фынæйæ бакъуырдтон. Б е р а н ж е. Уæд райхъал уыдаис. Æвæццæгæн, фыны федтай, цыма дæ ных ныццавтай... Ж а н. Мæ цард-цæрæнбонты дæр фынтæ никуы уыдтон... Б е р а н ж е. Фынæйæ дæ сæр риссын райдыдта æмæ, фын кæй уыдтай, уый дæ ферох. Ж а н. Ферох? Мæнæй ницы рох кæны. Мæнмæ дзæгъæл хыртт-мыртт нæй. Æз æдзухдæр размæ цæуын, цæлхдуртæ мын ницыхъом сты. Б е р а н ж е. Зонын æй. Афтæ зæгъинаг нæ уыдтæи. Раст мæ нæ бамбæрстай. Ж а н. Омæ, цы хъæуы, уыдæттæ дзур. Хъыг мын чи уа, ахæм ныхæстæ мæ нæ хъæуынц. Б е р а н ж е. Сæр куы фæриссы, уæд лæгмæ афтæ фæкæсы, цыма йæ цæуылдæр бакъуырдта. (Жаныцурмæ бацыди.) Фæлæ йæ куы бакъуырдтаис, уæд дын акъуызыр уыдаид. (Кæсы йын йæ сæрмæ.) Мæнæ дын ыл æцæг дæр и къуызыр. Ж а н. Къуызыр? Б е р а н ж е. 0, гыццыл къуызыр. Ж а н. Кæм? Б е р а н ж е (йæ ныхмæ йын бавнæлдта). Мæнæ, дæ фын- дзы хæдсæрмæ. Ж а н. Ацу, стæ! Цæй къуызыр дзы хъуамæ уа! Мæ фыдæлтæй иуы ныхыл дæр къуызыр никуы уыди!
Б е р а н ж е. Айдæн дæм нæй? Ж а н. Цы, уый зоныс... {Йæ ных сгары.) Цы уа цымæ? Цæуон, хинайæны айдæнмæ бакæсон. {Фæгæпп ласта, хи- ;(айæнмæ фæраст. Беранже йæ фæдыл кæсы.) Раст загътай, ис мыл къуызыр. {Раздæхти, йæ цæсгомкæрдæнау ныцъцъæх.) Нæ дын загътон, кæмдæр æй бакъуырдтон зæгъгæ. Б е р а н ж е. Хуызы цъыртт дæ нал и. Дæ цæсгом ныцъ- цъæх и. Ж а н. Алы æнаккаг ныхæстæ мын куы фæдзурыс, уæд хæрзаг æрцæрыс. Уый бæсты ма дæхимæ бакæс. Б е р а н ж е. Бахатыр кæн, æфхæрыны хуызы йæ нæ загътон. Ж а н {знæтхуызæй). Хъуыды-иу акæн раздæр. Бе р а н ж е. Дæ улæфт цыдæр уæззау у. Уый цæй хæр-хæр у? Дæ хъуыр нæ риссы? {Жан та сынтæгыл æрбадти.) Нæ дын риссы? Кæд дæм ангинæ и? Ж а н. Цæмæн мæм хъуамæ уа ангинæ? Б е р а н ж е. Диссагæй дзы ницы и. Мæнмæ дæр вæййы ангинæ. Æри-ма дæ пульс дын фенон. {БацыдиЖанмæ, йæ пульс ын сгары.) Ж а н {ноджы фæсусдæр хъæлæсæй). Уый ницы у! Б е р а н ж е. Дæ пульсмæ ницы аипп æрхæссæн и. Ма тæрс. Ж а н. Æз ницæмæй тæрсын. Цæмæй хъуамæ тæрсон? Б е р а н ж е. Раст зæгъыс. Иу-цалдæр боны хуыссæнæй ма сыст æмæ саг-сæгуыты хуызæнæй агæпп ласдзынæ. Ж а н. Хуыссынтæ йедтæм мæ не ’вдæлы. Къæбæрамал мæ кæнын хъæуы. Б е р а н ж е. Кæд дæ зæрдæ хæринаг агуры, уæд дын ницы тас у. Фæлæ уæддæр бафæраз иукъорд боны. Цынæ вæййы! Дохтырмæ нæ бадзырдтай? Ж а н. Нæ мæ хъæуы дохтыр. Б е р а н ж е. Нæ, фæдзурын æм хъæуы. Ж а н. Ма йæм дзур, нæ мæ зæгъын хъæуы. Б е р а н ж е. Ау, медицинæйыл не ’ууæндыс? Ж а н. Цы низ дæм нæ уа, уый дæр ма дыл ныххуырсдзысты. Б е р а н ж е. Ма зæгъ, дохтыртæ дæр мыггаггай сты. Ж а н. Цынæ низ æрхъуыды кодтой! Б е р а н ж е. Хъуыды сæ куыд æркодтой, сæ ныхмæ дæр афтæ схæцынц. Ж а н. Æз æрмæстдæр фосы дохтыртыл æууæндын. Б е р а н ж е {Жаны къухыл та æрхæцыди). Дæ тугдадзинтæ мæлæты тынг ныддымстысты. Æркæс-ма сæм. 4 Махдуг№4, 1997 49
Ж а н. Уый ме стыр тыхыл дзурæг у. Б е р а н ж е. Раст зæгъыс, фæлæ уæддæр... (Йæ къухмЩ йын æдзынæгдæр æркæсынмæ хъавы, фæлæ йæ Жан нæ уадзьк фæстагмæ йæ къух рарæдывта.) I Ж а н. Сырд дын дæн, æви мæм цы ракæс-бакæс кæ^ ныс? 1 Б е р а н ж е. Дæ царм... * Ж а н. Цы дæ хъуыддаг и мæ цармимæ? Æз дын æвналын; дæ царммæ? Б е р а н ж е. ...афтæ ’нхъæл дæн... дæ царм йæ хуыз ивы мæ цæстыты раз. (Жаныкъухмæ та хъавы бавналынмæ.) Стæй цыма хъæбæр дæр кæны... Ж а н (йæ къух та рарæдывта). Дæ мæрдты хатырæй, нал мæ ныууадздзынæ! Цы мæ расгар-басгар кæныс! Б е р а н ж е (йæхицæн). Æз куыд æнхъæлын, афтæ хуы- мæтæг нæу йæ низыхатт... (Жанмæ.) Дохтырмæ бадзурын хъæуы. (Фæцæуы телефонмæ.) Ж а н. Ныууадз зæгъын иу ран телефон. (Беранжемæ йæхи баппæрста æмæ йæ асхуыста. Беранже фæцудыдта.) Дæ цæхдон кæм нæ уа, уым дæ къæбæр ма тул! Б е р а н ж е. Хорз, хорз. Æз дын дæхиуыл тыхсын. Ж а н (схуыфыди, йæ сым-сым цæуы). Мæн цы хъæуы, уый мæхæдæг хуыздæр зонын. Б е р а н ж е. Мæлæты тыхулæфт кæныс. Жаа Уый дæхæдзарыуынаффæ нæу! Мæулæфт дæ зæрдæмæ нæ цæуы, дæ улæфт та — мæ зæрдæмæ. Дæуæн та хъуысгæ дæр нæ кæны дæ улæфт — мардæй дæуæй уæлдай нæй. Б е р а н ж е. Раст у, мæнмæ дæу бæрц хъару нæй. Ж а н. Омæ дæ уæдæ æз куынæ ’рвитын дохтырмæ. Уæд ды кæфойæ рогдæр цы фестадтæ? Б е р а н ж е. Мæсты ма кæ. Куы йæ зоныс: æз дын исчи нæ дæн. Ж а н. Цы дын æй æмбæхсон: нæ дыл æууæндын. Лымæнтæ йедтæ мæм нымады дæр не сты. Б е р а н ж е. Цæмæн мæ ’фхæрыс? Ж а н. Ничи дæ ’фхæры. Б е р а н ж е. Мæ хæлар... Ж а н. Нæ дын дæн хæлар. Б е р а н ж е. Адæм дын уæнгæл фестадысты, æви? Ж а н. 0, мæ уæнгæл, мæ цæстысындз, мæ удхæссæг! Æндæр ма цы? Б е р а н ж е. Зноны быцæуы фæстæ ма мæм мæсты дæ, иæ? 50
Сæттын ыл, мæн аххос уыд. Ардæм дæр хатыр курынмæ ’рба- цыдтæн... Ж а н Цавæр быцæуы кой кæныс? Б е р а н ж е. Æрдæбон дын æй куы загътон. Сыкъафындзы тыххæй! Ж а н (Беранжемæ нæ хъусы). Раст куы зæгъон, уæд мæм адæм нымады дæр не сты, хатгай сыл æлгъ дæр ма фæкæнын. Мæ фæндагыл сæ чи ’рлæууа, уымæн сар йæ сæр — нæ йыл бацауæрддзынæн, мæ къæхты бын æй банай кæндзынæн! Б е р а н ж е. Хорз æй куы зоныс, æз дæ ныхмæ никуы ’рлæудзынæн... Ж а н. Мæнæн мæ нысан бæрæг у. Комкоммæ йæм цæуын. Б е р а н ж е. Дæ ныхас раст у. Фæлæ мæм цæмæндæр афтæ кæсы, цыма дæ зæрдæ йæ уагыл нæу. Сырд къалатийы куыд катай кæна, Жандæр афтæ уаты къуымты зилдух систа, йæхииæн бынат нæ ары. Беранже, Жан æй куы скъуыра, уымæй тæрсгæйæ йæхи фæиуварс кæны. Жанæн йæ хъæлæс бынтондæр аивта, сдæрзæг. Дæхимæ æгæр ныхъхъуыстай, уанцон нæу, гормон. Ж а н. Мæ костюм мын æгæр скъуындæг, ныр та мæ мæ пижамæ дæр æлхъивын байдыдта/ (Пижамæйы æгънæджытæ рафтыдта.) Б е р а н ж е. Омæ дæ царм та цы кæны, дæ царм? Ж д н. Цы «царм-царм» кæныс! Цыдæриддæр у, уæддæр æй дæ цармыл нæ баивдзынæн. Б е р а н ж е. Æрчъиаджы хуызæн дын сси. Ж а н. Гъемæ цы! Афтæмæй фидардæр уыдзæни. Уазал дзы нал бахиздзæни. Б е р а н ж е. Кæрдæджы хуызæн цъæх-цъæхид сдæ. Ж а н. Оу, мæнæ мыл демæ бæллæх! Дæ цæстытыл цыдæртæ уайы, æвæццæгæн та дзы кæмдæр ныддымдтай. Б е р а н ж е. Знон — о, абон хуыпп дæр не скодтон. Ж а н. Бирæгъ йæ кæнон зæнгыл нæ уадзы. Б е р а н ж е. Омæ дын дзырд куы радтон. Æз мæ ныхас нæ фæсайдзынæн. Дæу æз æцæг æмгарыл нымайын æмæ мыл бау- уæнд... Ж а н. Нычъчъыртт кодтон ахæмтыл, бррр... Б е р а н ж е. Цы загътай? Ж а н. Ницы. Бррр зæгъгæ акодтон. Бррр, æндæр ницы. Б е р а н ж е (Жаны цæстытæм фæкомкоммæ). Бефыл цы бæллæх сæмбæлд, уый нæ фехъуыстай? Сыкъафындз фестади. 51
Ж а н. Цы фестади, цы? Б е р а н ж е. Сыкъафындз. Ж а н (йæ пижамæйы тæрттыл фæйнæрдæм ахæцыди). Бррр... Б е р а н ж е. Ма ма хынджылæг кæн, курын дæ... Ж а н. Сым-сым’кæнын мæм цæуы. Мæ оар мæхи нæу! Аз мæ хæдзар у, цы мæ фæнды, уый дзы кæнын. Б е р а н ж е. Омæ дын æй исчи исгæ кæны. Ж а н. Æниу ма афæлвар. Тæвдæй сæфын. Бррр... Цæуон,] мæхиуыл дон раскъæрон. Б е р а н ж е (Жан хинайæнмæ куы ацыд, уæд). Тæвд æм И...1 Жанæн хинайæнæй йæ сым-сым цæуы, хъуысы доны хъæр. Жаны хъæлæс. Бррр... Б е р а н ж е. Кæмдæр суазал. Фæкæсын æм хъæуы. Ныртæккæ йын дохтырмæ адзурдзынæн. (Телефоны цурмæ та бацыди, фæлæ Жаныхъæлæс куы айхъуыста, уæд иуварс ацыди) Жаны хъæлæс. Уæдæ уыцы сахъгуырд Беф сыкъ- афындзæй агæпп ласта, нæ? Ха-ха-ха... Ахъазыди уæ, сæрæй. (Йæ сæр гом дуарæй радардта. Бынтондæр скæрдæгхуыз. Йæ фындзы сæрмæ къуызыр дзæвгар фестырдæр.) Æфсон скодта. Б е р а н ж е (Жанмæ нæ кæсы, уаты рацу-бацу кæны). Хуыцауæй дæ бауырнæд, æцæг уыди. Ж а н. Цы чындæуа? Алкæмæн йæ лауыз — йæ мæрдтæн. Б е р а н ж е (разылди Жанырдæм, уæдмæ уый фæаууон). Барæй йын нæ рауад, айгъай. Хуыцауы арæзт хъуыддæгтæ сты. Ж а н. Ды та йын цы ’мбарыс? Б е р а н ж е. Цæмæндæр мæм афтæ кæсы. Ж а н. Æмæ кæд барæй уыд, уæд та? И? Кзд барæй уыд, уæд та? Б е р а н ж е. Уый диссаг уаид. Цыдæриддæр у, уæддæр ын мадам Беф ницы зыдта. Ж а н (тынг фæсус хъæлæсæй). Ха-ха-ха! Мæнæ къутуйы хуызæн фæйнæрдæм чи фæцыд, уыцы ус? Йæ сæр тутт у, магъз ын дзы нæй. Б е р а н ж е. Магъзæн нæ зонын, фæлæ... Жан тагъд-тагъд рацыди, йæ пижамæ феппæрста, сынтæгмæ йæ фехста. Уыцы сахат Берапже тарстхуызæйракасти Жанмæ æмæ ауыдта: лæгæп йæ. буар у цъæх-цъæхид, ногæй та хинайæны фæмидæг. Афтæ уатæй хи- найæпмæ, стæй та уатмæ — сдыууæрдæм. Ж а н. Беф йæ хабæрттæ йæ усæн никуы кодта... Б е р а н ж е. Рæдийыс, Жан. Кæрæдзи хорз æмбæрстой. 52 ]
Ж а н. Æмбæрстой? Афтæ дæм кæсы? Гъым. Бррр... Б е р а н ж е {хинайæны цурмæ бацыди, Жан дуар багуыпп кодта). Кæрæдзи хорз æмбæрстой. Уымæн æвдисæн... Ж а н (хинайæнæй). Беф æмбæхст лæг уыд. Йæ хъузджы шыгъуылд æмæ дзы цытæ куыста — хæйрæг йæ зонæг. Б е р а н ж е. Ныхæстыл дæ ныддардтон, дæу дæр ма хзурын кæнын, чи зоны дын зиан у. Ж а н. Нæ, мæхи хуыздæр æмбарын байдыдтон. Б е р а н ж е. Омæ мæ дохтырмæ бадзурын цæуылнæ уа- дзыс? Ж а н. Ма бадзур! Хивæнд ма у! Ма зæгъын бадзур, фехъуыс- гай! (Уатмæ рацыди.) Беранже фæтарст, йæхи иуварс аппæрста: Жан цы уыд, уымæй цъæх- цъæхид фестади, тыхтæ-фыдтæй ма дзуры, йæ хъæлæс ныккуыддæртæ. О, æмæ дын уый дзырдтон....Кæд йæхи фæндыди сыкъафындз фестын? Æниу цы уæлдай у? Цы бæрæг и, кæд мыййаг йæхицæн хуыздæр у. Б е р а н ж е. Цытæ дзурыс, мæ хæлар? Ау, æцæгæй афтæ хъуыды кæныс? Ж а н. Дæумæ алцы дæр æвзæр кæсы. Кæд Бефы сыкъ- афындз уæвын фæндыд, уæд та? Цæуылнæ йæ уадзыс? Б е р а н ж е. Кæд æй фæндыд, уæд ын цы мæ бон у? Фæлæ мæ нæ уырны, фæндыдаид æй, уый. Ж а н. Цæуылнæ дæ уырны? Б е р а н ж е. Мæгъа. Фæлæ йæ куыд хъуамæ фæндыдаид? Ж а н. Омæ дзы æвзæрæй цы ис? Æппынфæстаг, сыкъ- афындзты дæр Хуыцау радта, æмæ сын махау цæрыны бар и зæххыл! Б е р а н ж е. Уый афтæ у, æрмæст мах ма хъыгдарæнт, нæ цард нын ма халæнт. Стæй, цы дзырддаг у, нæ зондахаст бын- тон фæйнæхуызон у. Ж а н (уатæй хинайæны ’хсæн сдыууæрдæм). Афтæ дæм кæсы, мах зондахаст хуыздæр у? Б е р а н ж е. Махмæ нæхи ’гъдæуттæ уæддæр и, стæй сын Цæрæгойты цардыуагимæ абарæн нæй. Ж а н. Æгъдæуттæ, уаг! Ныууадз мæ де ’гъдæуттæй! Æгъгъæд фæуæд! Ничердыгæй мæ хъæуынц! Лæг хъуамæ ^гъдæуттæй уæлдæр.лæууа. Б е р а н ж е. Æмæ сын сæ бæсты цы æрæвæрынмæ хъавыс? Ж а н (сдыууæрдæм). Æрдз! Б е р а н ж е. Æрдз? 53
Ж а н. Æрдзæн йæхи закъæттæ ис. Æгъдау та æрдзы ньИ мæ у. щ Б е р а н ж е. Куыд дæ бамбæрстон, афтæмæй æгъдæутя джунглийы закъæттæй баив шмæ хъавыс. Я Ж а н. 0! Стæй дзы цæргæ дæр кæндзынæн! щ Б е р а н ж е. Уый дзургæ афтæ кæнæм. Æцæгæй та... Щ Ж а н (йæ ныхас ын аскъуыдта, сдыууæрдæм та). Цар» бындуртæ ногæй æрбиноныггæнинаг сты. Ратæдзæнтæм раздги хын хъæуы. щ Б е р а н ж е. Демæ куыд хъуамæ сразы уон... 1 Ж а н (йæ сым-сым цæуы). Улæфт мын нал фаг кæны! I Б е р а н ж е. Дæхæдæг-ма ахъуыды кæн, адæймаг йæ цар| аразы философийы бындурыл. Уый сырдтæм нæй. Утæппæт уды хæзнатæ... Адæм сæ милуангай азты фембырд кодтой!.. I Ж а н (хинайæнæй). Мах сæ зынджы хай бакæндзыстæлв Афтæ хуыздæр уыдзæни. ? Б е р а н ж е. Хъазгæ кæныс, поэт цыдæр дæ, фантазер...! Ж а н. Бррр... (Уынæргъæгау) \ Б е р а н ж е. Поэт дæр ма дæ, уый нæ зыдтон. ] Ж а н (рацыди хинайæнæй). Бррр... (Ногæй та уынæргъы.у Б е р а н ж е. Хорз дæ базыдтон, æмæ афтæ никуы хъуыдьз кодтай. Адæймаг... Ж а н (иæ ныхас ын аскъуыдта). Адæймаг... Уыцы дзыр/1 макуыуал зæгъ! Б е р а н ж е. Адæймагдзинад зæгъын... Ж а н. Адæймагдзинад амарди. Ды дæ быдыргъ, цъиутæ тæрсынгæнæн. (Хинайæны та смидæг.) Б е р а н ж е. Цæмæн афтæ зæгъыс? Уæддæр адæймаджы зонд... Ж а н (хинайæнæй). Ихсыд дзымандытæ, дзæнгæда! Ни- цытæ ’мæ мацытæ!.. Б е р а н ж е. Ницытæ ’мæ мацытæ? Жая (хинайæнæй, йæ хъæлæс бынтон фæсус, йæ ныхак ныхасы хуызæн нал у). 0, тутт дзымандытæ! ) Б е р а н ж е. Дисы мæ ’фтауы, уыдæттæ дæуæй кæй хъусыш уый. Бæлвырд у, дæ чемы нæ дæ. Сыкъафындз суæвын дæр да бафæндид? | Ж а н. Цæуылнæ мæ бафæндид? Æз дæуау талынг æгъдæу’Я тыл хæст нæ дæн. 1 Б е р а н ж е. Дзæбæх дæ не ’мбарын. Дæ ныхæстæ ныз| зыгъуыммæтæ сты. Ж а н (хинайæнæй). Дæ хъустæ тынгдæр бахъил кæн!
Б е р а н ж е. Цы? Ж а н. Дæ хъусты цы къæрмæджытæ и, уыдон раппар! Б е р а н ж е. Цы? Ж а н. Дæ хъусты цы къæрмæджытæ ис, уыдон зæгъын рлппар! Цæуылнæ зæгъын хъуамæ суон сыкъафындз? Цард уыцы пухуызонæй куы фæцæуы, уæд мын хъыг вæййы. Б е р а н ж е. Уыдæттæ дæуæй кæй хъусын, уый мын уæл- лай зын у... Беранже йæ ныхас кæронмæ нал фæци — Жан æрбацыд, æппындæр ,'гххи хуызæн нал у, афтæмæй, бынтондæр скæрдæгхуыз, йæ ныхыл цы къуы- зыр уыд, уый сыкъайы йас сси. О-о! Æцæгæй дæр æппындæр дæхи хуызæн нал дæ! Жан йæхи баппæрста сынтæгмæ, хъæццул æмæ хуыссæнты цъæрттæ зæхмæ пяппæрста, мæстыйæ цыдæртæ дзуры, йæ ныхæстæ йын бамбарæн пæй, æнахуыр мыртæ хауы йæ дзыхæи. Мæсты ма ма кæн, æрсабыр у! Цы дыл сæмбæлди — ницы '1ын æмбарын. Ж а н (йæ ныхæстæ йын бамбарæн нæй). Мæнæ цы тæвд у... Лцы дарæсæй цы кæнын цымæ, мæ буар мын бахордта... Бахор- дта мын мæ буар... (Йæ пижамæйы хæлаф æрласта.) Б е р а н ж е. Цы ми кæныс? Æппындæр дæхи хуызæн нал дæ! Ахæм хиуылхæцгæ уыдтæ æмæ... Ж а н. Цъымарамæ! Цъымарамæ! Б е р а н ж е. Æрбакæс-ма мæм. Æви уынгæ нæ кæныс? Хъусыс мæ, æви нæ? Ж а н. Тынг дзæбæх дæ хъусын! Уынгæ дæр дæ тынг дзæбæх кæнын! (Беранжейыл йæхи баппæрста, йæ сæр дæлæмæ æруагъта, афтæмæй. Беранже йæхи фæиуварс кодта.) Б е р а н ж е. Дæхимæ кæс! Ж а н (хъæрæй сым-сым кæны). Хатыр. (Хинайæнмæ уыциу ^гъорд бакодта.) Б е р а н ж е (раздæр азгъордта, галиуырдыгæй цы дуар уыд, уырдæм, стæй Беранжейы фæдыл хинайæны смидæг, цæугæ-цæуын дзуры). Куыд æй ныууадзон иунæгæй, мæ хорз хаглар у. (Хинайæнæй.) Ныртæккæ дохтырмæ бадзурдзынæн! Æндæр хос нæй. Бауырнæд дæ, æндæр хос нæй. Ж а н (хинайæнæй). Нагъ зæгъын. Беранже (хинайæнæй). Æз та «о» зæгъын. Æрсабыр у, уКан! Æппындæр дæхи хуызæн нал дæ. Дæ сыкъа афтæ тагъд Р^зы æмæ... Сыкъафындз дæ, æви цы? Сыкъафындз дæ, сыкъа- (!'Ь1НДЗ! 55
Ж а н (хинайæнæй). Мæ къæхты бын дæ бассæнддзынæшН Хинайæиæй хъуысы цыдæр æбуалгъ хъæртæ, уыиæргъын, дзаумæттш зæхмæ куыд хауынц, уый уынæр, авджы сæстыты зæлланг. Стæй рахызЩЖ Беранже, у тарстхуыз, хинайæны дуар ахгæныныл архайы, фæлæ йын не щ ’нтысы. Я Б е р а н ж е (дуар сæхгæныныл архайы). СыкъафындЯ фестади! Сыкъафындз! щ Беранжейæн дуар сæхгæнын бантысти. Растуыцы сахат йæ пинджаччЩ аныхсти сыкъафындзы сыкъа, цæрдхуынкъ æй фæкодта. Щ Сыкъафындзы цæфтæй дуарæн йæ хъыс-хъыс ссæуы, хинайæнæй хъуыМ сы æнахуыр уынæртæ, богъ-богъ æмæ зынæмбарæн ныхæстæ: «Цъаммар»^ «Æз ын бацамондзынæн» æмæ д. д. Беранже йæхираппæрста уатмæ æрба-:\ хизæн дуармæ. \ \ Уый æнхъæл та чи уыди! (Асинтæмразгъордта æмæ йæ тых/ иæ бонæй сыхæгты дуар ныххоста.) Уæ хæдзары сыкъафындз) фæзынди! Пъæлицæмæ бадзурут тагъддæр! 1 Дуар байгом. \ Зæронд лæг (дуарæй йæ сæр радардта). Цы хабар у? Б е р а н ж е. Пъæлицæмæ бадзурут. Уæ хæдзары сыкъ- афындз и... Зæрондлæджы усы хъæлæс. Цы хабар у, Жан? Цы ’рцыди? Зæронд лæг (йæ усмæ). Ницы йын æмбарын. Цыдæр мыхъ-мыхъ кæны, фæлæ йын бамбарæн нæй. Сыкъафындз дам и уæ хæдзары. Б е р а н ж е. 0, о, уæ хæдзары! Пъæлицæмæ бадзурут! Зæронд лæг. Адæмы тухæнæй цы марыс? Цы сфæдис дæ? (Дуар ыл рагуыпп кодта.) Б е р а н ж е (асинтыл дæлæмæ азгъордта). Дуаргæс! Ду- аргæс! Тагъддæр пъæлицæмæ бадзур, уæ хæдзары сыкъафындз| и! Дуаргæс! ] Дуаргæсы уаты авджын цæст байгом æмæ дзыразынди сыкъафындзы сæр\ Ноджы ма иу сыкъафындз! # I Берапже та фæстæмæ асиптыл уæлæмæ ныййарц и. Жапы фатермæ бащ æуын æй фæнды, фæлæ йæ ныфс нæ хæссы æмæ та Зæропд лæджы фатМ рырдæм баздæхти. Раст уыцы сахат Зæронд лæджы фæтеры дуар фегоШ æмæ дзы разынди дыууæ чысыл сыкъафындзы сæртæ 56
0 Хуыцау! Цы дын кодтон! 0 Хуыцау! Гч>рапже базгъордта Жаны фатермæ, Хинайæныдуарраздæрау æддæмæ топ- ,-ау тындæуы. Беранже рудзынджы цурмæ бацыди. Бæрæг у} бынтондæр л,гй бастад, уый, æрхауынмæ йæ бирæ нал хъæуы. 0 Хуыцау! 0 Хуыцау! Тыхтæ-фыдтæй йæ къах систа рудзынджы дæлвæйнæгмæ, рудзыпгыл бахизынмæ хъавы залырдæм, фæлæ оркестр цы ныккæнды уыд, уырдыгæй :Уæм сзындысты сыкъафындзты бирæ сыкъатæ æмæ фæстæмæ йæхи аппæрс- та. Сыкъафындзтæ разгъ.ор-базгъор кæнынц ныккæнды иу къуымæй иннæмæ. Беранже скатай, кæсы рудзынгæй. Уым дзы æнæхъæн рæгъау ис! Сыкъафындзыты æфсад! Дæлæ сæйраг уынг иууылдæр уыдоны баци. (Фæлгæсы) Ардыгæй ма куыд аирвæзон? Цы бачындæуа?.. Уынджы астæуты ма куы цæуиккой, уæд исты амал уаид, фæлæ тротуартæ дæр бацахс- той. Цы амалæй аирвæзтæуа? Мæнæ бæллæх. Иу дуарæй иннæмæ йæхи раппар-баппар кæны фырадæргæй, акæсы ру- дзынгæй. Хинайæны дуар раздæрау æнкъуысы, мидæгæй хъуысы Жаны уын- æргъын, йæ богътæ, æлгъитын — ныхæстæн бамбарæн нæй. Беранже бын- топдæр скатай, алидзынвæнд кæны, фæлæ та йæм куы иу дуарæй, куы инпæ дуарæй разынынц сыкъафындзты сæртæ æмæ та йæхи фæстæмæ аппары. Фæстагмæ рудзынджы цурмæ бацыди, кæсы æддæмæ. Сыкъафындзты æнæхъæн рæгъау! Афтæмæй афтæ дзырд- той, уыцы сырд дам иунæгæй цæры! Гæды ныхæстæ! Бульвары бандоны мыггагæй цыдæриддæр уыд — афæлдæхтой сæ. (Ка- тай кæны) Цы чындæуа? Ратæх-батæх та систа, куы иу дуармæ бауайы, куы иннæмæ, фæлæ алы ран дæр йæ размæ фæвæййынц сыкъафындзтæ. Хинайæны дуары цур фег- уырд æмæ уыны: ныртæккæ йæ ратындæуыдзæн. Йæхи къулмæ нылхъывта, къул аскъуыди, фæйнæрдæм ацыди, уынг разынди. Беранже хъæргæнгæ згъоры. Сыкъафындзтæ! Сыкъафындзтæ! Хинайæны дуар гыбар-гыбургæнгæ рахауди, зæххыл йæ тъæпп фæцыди. Æмбæрзæн. х ЦЫППÆРÆМ НЫВ Беранжейы уат. Уый дæр у Жаны фатеры æнгæстæ. Цæмæй сæ театрдзау ^мхæццæ ма кæна, уый тыххæй дзы бафтауæп и цалдæр предметы. Галиуыр- 57
дыгæй — асинтæ, фæзгонд. Фæзгонды кæрон (рæбынæй) — дуар. Дуаргæц хатæн дзы нæй. Беранжейæн йæ дарæс йæ уæлæ, афтæмæй хуыссы диваны йæ чъылдым залырдæм. Къæлæтджын. Стъолгондыл телефон. Стъол æмæ^ дзы бандон дæр æрæвæрæн и. Рæбынæй — гом рудзынг. АвансценæиыЩ рудзынджы макет. Берапжейæн йæ сæр у баст. Рафт-бафт кæны, сæнтщ цæгъды, цыма фыдфынтæ уыны, уыйау. Б е р а н ж е. Нæ, нæ! Паузæ Сыкъатæ, уæхи хъахъæнут сыкъатæй! Паузæ, хъуысы сыкъафындзты къæхты хъæр сценæйы рæбынæй.. Нæ, нæ! Диванæй рахауди. Цыма йæ исчи суры æмæ дзы йæхи бахъахъæпыпма, хъавы, уыйау йæ къухтæ тилы, стæй райхъал. Тарстхуызæй йæ ныхма фæлæбурдта, бацыди кæсæны цурмæ, йæ сæры баст райхæлдта. Йæ ныхыл\ къуызыр нæй, уый куы базыдта, уæд æхсызгон улæфт скодта. Адæргæй цьп фæуа, уый нал зоны. Диванмæ бацыд, æрхуыссыд æмæ та ногæй фæгæпщ ласта. Стъолы цурмæ бауад, коньячы авг фелвæста, агуывзæйыдзы æркæнынмæ\ хъавы, сгуырысхотæ æмæ æппынфæстаг авг æмæ агуывзæ æрæвæрдта. | ! Ехх, мæхиуыл хæцын куы фæразин! I Разылди, диванырдæм бацæуынмæ хъавы, фæлæ та æваст рудзынджы бынæй райхъуысти сыкъафындзты къæхты хъæр, æмæ Беранже йæ зæрдæмæ фæлæбурдта. Оу! Рудзынджыцурмæ бацыди, кæсыæддæмæ, стæйрудзынгæрбагуыппкодта. Уынæр фæсабырдæр. Беранже бацыди стъолы цурмæ, исдуг гуырысхотæ кæны/ стæй иæ къух ауыгъта, ома уæлдай мын нал у, агуывзæ байдзаг кодта копь- якæй æмæ йæ уыциу нызт акодта. Авг æмæ агуывзæ æрæвæрдта. Схуыфыди. Йæ хуыфын æм цыдæр гуырысхойаг фæкасти, ногæй та схуыфыд æмæ пыхъхъуыста. Ногæй та кæсæнмæ бакасти. Хуыфгæ-хуыфыирудзыпг байгом^ кодта. Æдде хъуысы сыкъафындзты сым-сым. Беранже та ногæй схуыфыди. Нæ, уыдоны уынæр æндæрхуызон у! Æрсабыр, рудзынг æрбахгæдта, йæ сæры баст асгæрста, диванмæ бацыд æрхуыссыд æмæ, æвæццæгæн, афынæй. Асипты уæллаг къæпхæнтыл фæзынди Дюдар. Фæзгондмæ схызти, Беранжейы уаты дуар бахоста. Б е р а н ж е (фесхъиудтз), Циу, цы хабар у? Д ю д а р. Беранже, дæумæ ’рбацыдтæн, абæрæг дæ зæгъьп] кæнон. 58
Б е р а н ж е. Чи дæ? Д ю д а р. Æз дæн, æз. Б е р а н ж е. Чи дæ, чи? Д ю д а р. Æз, Дюдар. Б е р а н ж е. А-а, ды дæ? Рахиз мидæмæ. Д ю д а р. Нæ дæ бахъыгдардтон? (Дуар бакæныныл ар- хяйы.) Æхгæд куы у дæ дуар. Б е р а н ж е. Ныртæккæ. (Дуар байгом кодта, æрбацыди Д ю д а р. Дæ бон хорз, Беранже. Б е р а н ж е. Æгас цу, Дюдар. Цал сахаты у? Д ю д а р. Дæхиуыл дуæрттæ цы сæхгæдтай? Куыд дæ? Фæдзæбæхдæр дæ? Б е р а н ж е. Хатыр. Дæ хъæлæсæй дæ нæ базыдтон. (Ру- Азынджыцурмæ бацыди, байгом æй кодта.) Цыма фæрæвдздæр дæн. Д ю д а р. Мæнæн мæ хъæлæс нæ аивта. Уæдæ дæ æз æвиппайды базыдтон дæ хъæлæсæй. Б е р а н ж е. Бахатыр кæ, дæ хъæлæсы хуызæн мæм нæ фæкасти фыццаг. Раст зæгъыс, нæ аивта дæ хъæлæс. Мæнон та дæм куыд кæсы, нæ аивта? Д ю д а р. Æмæ цæмæн хъуамæ аива? Б е р а н ж е. Кæд зæгъын ныффæсус дæн, фæгуырысхо дæн. Д ю д а р. Ницы ныффæсус дæ, куыд уыд, афтæ у дæ хъæлæс. Б е р а н ж е. Бузныг. Зæрдæтæ мын авæрдтай. Д ю д а р. Цы кæныс, цы? Б е р а н ж е. Нæ зонын. Цынæ вæййы. Лæгæн йæ хъæлæс дæр аивы хатгай. Д ю д а р. Æмæ уазал сдæ? Б е р а н ж е. Цыма нæ... Æвæццæгæн, нæ. Бадгæ-ма скæн, мæнæ къæлæтджыны æруадз дæхи. Д ю д а р (къæлæтджыны æрбадти). Æнхъæлдæн, бынтон пæма сдзæбæх дæ. Дæ сæр ма риссы? (Амоныйынйæ бастмæ.) Б е р а н ж е. 0, мæ сæр ма риссы. Фæлæ мын къуызыр иæу, ницæуыл æй бакъуырдтон... и? Куыд дæм кæсы? (Йæ сæры бастыл уæлæмæ схæцыди, Дюдармæ йæ ных æвдисы.) Д ю д а р. Æз дзы къуызыр нæ уынын. Йæ кой дæр дзы !*æй. Б е р а н ж е. Æз дæр мæ зæрдæ дарын: нæ йыл фæзындзæ- чи къуызыр, никуы йыл фæзындзæни. 59
Д ю д а р. Ау, дæ ных куы ницæуыл бакъуырай, уæд ыЯ хъуамæ цæмæн фæзына къуызыр? Щ Б е р а н ж е. Йæ ных бакъуырын кæй нæ фæнда, уый йщ никуы бакъуырдзæни! 1 Д ю д а р. Афтæ у. Æрмæст хи хъахъæнын хъæуы. Фæлæ ця кæныс уæддæр? Цæуылдæр тыхсыс, дæхицæн бынат нæ арыс! Дæ сæры рыстæй афтæ сдæ, æвæццæгæн. Дæхи æруадз, æрса| быр у æмæ дын нал рисдзæни. ] Б е р а н ж е. Сæры рыст зæгъыс. Уый кой мын ма кæ! Нгн хъæуы. | Д ю д а р. Ау, æмæ сæр куы рисса, уæд уым диссагæй ць! ис? Уыцы хабары фæстæ... Б е р а н ж е. Нырма мæ чемы нæма ’рцыдтæн. Д ю д а р. Гъемæ дæ сæр дæр уымæн риссы. Б е р а н ж е (кæсæнмæ бауад, йæ сæры бастыл хæрдмæ схæцыди). Ницы дзы и... Хуыцауæй разы. Куыд райдайы, уый зоныс? Д ю д а р. Чи куыд райдайы? Б е р а н ж е. Мæнæй дæр ахæм куы рауайа, уымæй тæрсын. Д юд а р. Тыхсгæ ма ма кæн, æрбад. Уаты къуымты цы рауай-бауай кæныс? Æрсабыр у. Б е р а н ж е. Раст зæгъыс, тыхсынæй ницы пайда ис. (Æрбадти.) Нырма мæ чемы нæма ’рцыдтæн. Д ю д а р. Зонын æй. Жаны хабар дын дæ зæрдæ сæнкъуы- сын кодта. Б е р а н ж е. Ай-гъай. Жаны хабар дæр, стæй иннæтæ дæр... Д ю д а р. Æмбарын дын дæ уавæр. Æбуалгъдæр хабар ма цы уа. Б е р а н ж е. Ахæм ма диссаг уыдзæни! Д ю д а р. 0, фæлæ дæхи мауал хæр, цы ’рцыд, уый æрцыд, æвæццæгæн Хуыцауы афтæ бафæндыди. Б е р а н ж е. Мæ бынаты ды дæр къаддæр нæ фæрыстаис. Жан мæ хуыздæр хæлар уыди. Ноджы хабар мæ цæстыты раз кæй æрцыд, уый та мæ бынтон амардта... Д ю д а р. Æмбарын дæ. Адæймагыл афтæ æууæнд æмæ дæ æвиппайды фыдæнхъæл фæкæнæд! Фæлæ йæ ферох кæн. Б е р а н ж е. Ау, куыд æй ферох кæнон? Ахæм уарзонг æмгар уыд æмæ... Ныр дæр мæ нæма уырны. Кæдæй нырмæ, цæрæм хæларæй! Мæхицæй йыл тынгдæр æууæндыдтæн. Мæ;< зæрдæ йыл афтæ дардтон!.. Гъемæ дын уый та æнувыд æмгар!| Цæхджын сайд мæ фæкодта! ’ 60
Д ю д а р. Кæд мыййаг дæу фыдæнæн нæ бакодта афтæ. Б е р а н ж е. Нæ зонын, нæ зонын... Кæд мæ фыдæнæн нæ уЫД> УæД мæм лæбурæгау цы кодта? Ды уыцы сахат уый цæстытæм куы бакастаис — бирæгъæй цы кæныс! Д ю д а р. Ды йæ цуры фæдæ, æмæ... Дæ бæсты æндæр исчи 1Суы уыдаид, уæддæр афтæ рауадаид. Б е р а н ж е. Омæ нæ бирæ азты æмгардзинадыл уæддæр ахъуыды кодтаид, йæхиуыл уæддæр фæхæцыдаид мæ цуры! Д ю д а р. Дæхи бæсты бикъ æнхъæлыс, æнхъæлдæн. Афтæ дæм кæсы, цыма дунейыл цыдæриддæр цæуы, уыдонмæ исты бар дарыс... Б е р а н ж е. Чи зоны, ды раст дæ. Æвæццæгæн, цардмæ æвронгдæр цæстæй кæсын хъæуы. Фæлæ уæддæр ацы æвирхъау хабармæ æнцад-æнцойæ кæсæн куыд и? Куыннæ тæрса адæй- маг? Хуыцауæй дын ард хæрын, мæ сæрæн нал дæн. Куыд æмбаргæ сты адæттæ? Д ю д а р. Дæ фарстæн дын дзуапп раттын мæ бон нæма у. Хъуыды йыл кæнын, фæлæ... Æрдзы æмбæхст сусæгтæ, æна- хуыр диссæгтæ райхалын кæй бон у? Б е р а н ж е. Жан сæрыстыр лæг уыди. Мæхæдæг цытуар- заг нæ дæн. Хуыцау мæ цы хуызæнæй радта, ахæмæй баззай- дзынæн, кæнгæ митæй ме сæфт уынын. Д ю д а р. Кæд мыййаг хъæу бирæ уарзта, сыгъдæг уæлдæф, уæрæх фæзтæ?.. Чи зоны йæ сæрибарæй ацæрын æрфæндыди? Сраст æй кæнон, зæгъгæ уый охыл нæу мæ ныхас... Б е р а н ж е. Æмбарын дæ, растдæр зæгъгæйæ, архайын бамбарыныл. Фæлæ мын цасфæнды куы дзуриккой, æнæфенд, йæ фындзæй дарддæр чи ницы уыны, ахæм дæр мæ куы рахо- никкой, уæддæр къæрттæй цъула нæ аппарин, мæ фæндагæй иуварс нæ ахизин, нæ басæттин. Д ю д а р. Ай-гъай, мах цы стæм, уымæй баззайдзыстæм. Фæлæ ацы хабар, ома цалдæрæй сыкъафындзтæ кæй фестадыс- ты, уый дæ афтæ тынг цæмæн тыхсын кæны? Чи зоны, уый низ у. Б е р а н ж е. О, о, кæд æцæгæй дæр низ у, хæцгæ низ? Уæд ма уымæй тæссагдæр исты уа! Д ю д а р. Цæй, æгæр ыл ма тыхс. Жаныл цы ’рцыд, уый, чи зоны, алкæуыл ма ’рцæуа. Дæхæдæг куы загътай, сæрыстыр адæймаг уыди зæгъгæ. Де ’мбалы тыххæй афтæтæ кæй дзурын, Уый мын бахатыр кæн, фæлæ мæнмæ дæр цыдæр суцца, цыдæр ^ъаеддагхуыз фæкасти, хуымæтæг адæмы æнгæс нæ уыди. ^ъуамæ иугæйттæм гæсгæ ма аргъ кæнæм адæмæн, фæлæ Фылдæрмæ гæсгæ. 61
Б е р а н ж е. Мæ сæр гыццылгай цыдæртæ ахсын байЯ дыдта. Ды йын, æнхъæлдæн, йæ рахæцæн ссардтай, афтæмæй! æрдæбон дæр ма æндæрхуызон хъуыды кодтай. Æвæццæгæн,| Жанæн йæ сæрызонд фæцыд æмæ йæхи нал æмбæрста. 0,'^ фæлæ йæхи рæстытæ куы кодта, цыдæр аххосæгтæ куы;; агуырдта, уæд уый та куыд бамбаргæ у? Æвæццæгæн ыл рагæй^ хъуыды кодта æмæ боныфæстагмæ ныллæууыд уыцы фæн-; дагыл... Æниу Беф та? Ау, Беф дæр æрра сси?.. Стæй иннæтæ^ та, иннæтæ? Д ю д а р. Уæд та æцæгæй дæр хæцгæ низ у. Мæнæ гриппьг хуызæн. Хæцгæ низтæ дæр мыггаггай сты. Б е р а н ж е. Ай хуызæн дзы никуыма фенди. Кæд æй искуыцæй колонийæ æрбахастæуыди? Д ю д а р. Цыдæриддæр у, уæддæр нæдæр Беф, нæдæр иннæтæ мах фыдæнæн нæ кодтой. Ау, уыйбæрц нæм цæуыл смæсты сты? Б е р а н ж е. Дæ ныхас раст у. Цы дзурыс, уыдон гуырыс- хойаг не сты. Уымæ гæсгæ мæ зæрдæ цæуылдæрты фæлæууы. Фæлæ иннæрдæм ахъуыды кæнæн дæр ис. Кæд мыййаг хъуыд- даг афтæ хуымæтæг нæу. Рудзынджы бынæй та райхъуысти сыкъафындзты къæхты хъæр. Кæсыс? (Рудзынджы цурмæ базгъордта.) Д ю д а р. Цæй-ма, ныууадз сæ! (Беранжерудзынг сæхгæдта.) Цы дæ хъыгдарынц? Дæ зæрдæмæ æгæр хæссыс алцы дæр. Ныхъхъуытты сæ уадз æмæ дæ удæн æнцондæр уыдзæни. Дæ чемы æрцæуын афон дын у. Б е р а н ж е. Омæ хæцгæ низæй лæг йæхи куыд бахъахъ- хъæндзæни? Д ю д а р. Æппынфæстаг ацы низæй мæлгæ ничи акæндзæ- ни. Уый бæрц тæссаг нæу. Фидарæй мæ уырны: сдзæбæх уæвæн дзы ис. Алцæмæн дæр кæрон ис. Ацы низæй дæр фервæздзыс- ты адæм. Б е р а н ж е. Фæлæ йæ фæд баззайдзæн. Утæппæт бæллæхтæ цы буар бавзара, уый... Д ю д а р. Ницы йын у, фæстæмæ йæ гаччы сбаддзæн. Б е р а н ж е. Афтæ дæм кæсы? Д ю д а р. Мæнмæ гæсгæ, афтæ у. Б е р а н ж е. Афтæ æнхъæл дæн, æмæ адæймагæн йæхи куынæ фæнда, фидар куы фæлæууа, уæд ын низы бон ницы у,', нæ йæ басæтдзæни. Иу коньяк нæ нуазыс? (Бацыди стъолы. цурмæ) Д ю д а р. Бузныг, æз нæ нуазын. Кæд дæхи фæнды, уæд? 62
^фсæрмы ма кæн, аназ. Фæлæ уый фæстæ дæ сæр ноджы тьшгдæр риссын куы райдайа. Б е р а н ж е. Хæцгæ низтæн спъирттæй хуыздæр хос нæй: буар дзы фидардæр кæны, микробтæ та дзы мыггагыскъуыд фæвæййынц. Д ю д а р. Уый ма зæгъ. Микробтæй иуты мары, иннæтæн та пицыхъом у. Сыкъафындз цæмæй ма фестай, уымæн та исты ахъаз у, æви нæ, уый ничима сбæрæг кодта. Б е р а н ж е. Жан нозт йæ дзыхмæ дæр никуы схаста. Кæд йæ сæр ацы бæллæх уымæн баййæфта. (Дюдармæ коньячы агуывзæ бадардта.) Иу дзы баназ. Д ю д а р. Нæ-нæ, аходæны размæ никуы фæнуазын. Беранже йæ нуазæн бындзарæй анызта æмæ, агуывзæ æмæ авг нæма æрæвæрдта, афтæмæй хуыфыныл схæцыди. Нæ дын загътон, нæ дын бæззы нозт зæгъгæ. Хуыфæг дыл бахæцыди Б е р а н ж е (тыхстхуызæй). Æцæг мыл бахæцыди... Æмæ куыд хуыфын? Д ю д а р. Адæм куыд фæхуыфынц, афтæ. Карзæй дзы куы ауадзынц, уæд иууылдæр афтæ хуыфынц. Б е р а н ж е (авг æмæ агуывзæ стъолмæ бахаста.). Уæдæ . адæмы хуыфтæй ницæмæй хицæн кæны зæгъыс? Д ю д а р. Йарæби, цæмæйты мæ фæрсыс? Адæймаг куыд фæхуыфы, афтæ хуыфыс. Уæдæ ма æндæр хъуамæ чердыгон хуыфт кæнай? Б е р а н ж е. Мæгъа... кæд зæгъын цæрæгойты, кæнæ сырд- ты хуызæн хуыфын... о, хæдæгай сыкъафындз дæр хуыфгæ фæкæны? Д ю д а р. Хъус-ма, мæ лымæн, ахæм æнахъинæгон фæрстытæ кæныс æмæ диссаг. Дæхи цæуыл хъизæмарæй ма- рыс? Ныртæккæ дæхæдæг афтæ нæ загътай, лæджы куынæ фæнда, уæд ыл ницавæр низ фæтых уыдзæни зæгъгæ! Б е р а н ж е. 0, афтæ у. Д ю д а р. Уæдæ ма уæд цы? Дæхимæ уыйбæрц тых ссар. Б е р а н ж е. Ис мæм уыйбæрц тых... Д ю д а р. ...Омæ йæ уæдæ равдис, цы боны хорзмæ ма йыл ауæрдыс?.. Дæ нозт уæддæр ныууадз... Уæд фæныфсджындæр Уыдзынæ. Б е р а н ж е. Куыннæ мæ ’мбарыс! Нуазгæ уый тыххæй ^эенын, æмæ мæ нæ фæнды, ацы низ мыл бахæца, уый. Алцы 63
дæр мын нымад у. Ацы æнæхайыры низæй куы фервæзæм, уæД ныууадздзынæн мæ нозт. Айразмæ дæр æй уадзинаг уыдтæйЛ фæлæ кæсыс... Л Д ю д а р. Уыдон иууылдæр æфсæнттæ сты. 1 Б е р а н ж е. Афтæ дæм кæсы? Цыдæриддæр у, уæддæр| коньяк бæллæхы низмæ ницы бар дары. | Д ю д а р. Кæд бары, уæд та? \ Б е р а н ж е (тарстхуызæй). Æцæгæй афтæ хъуыды кæныс?| Ау, нозт ацы низæн ахъаз уа? Омæ алкоголик куынæ дæн мый-! йаг. (Кæсæнмæ бацыд, йæхимæ кæсы.). Кæд мыл къуызыр фæзынди, уæд та ... (Басты бын йæ къух атъыста, йæ ных ас- гæрста.) Ницы дзы и... Коньякæй мын ницы уыд, уый ууыл дзурæг у æмæ пайда у... Боныфæстагмæ ницы зиан у. Д ю д а р. Хъазгæ кæнын, Беранже. Афтæ дæ зæгъын амæстæй марон. Алцы дæр дæ зæрдæмæ хæссыс. Дæхимæ фæкæс, науæд дæ нервытæ бынтондæр фехалдзынæ. Дæ гаччы куы сбадай, де ’нтъыснæгæй куы фервæзай æмæ уæлдæфмæ куы акæсай, уæд дын фенцондæр уыдзæни. Де ’нкъард хъуы- дытæ æрбайсæфдзысты. Б е р а н ж е. Уæлдæфмæ? 0, акæсын хъæудзæни. Фæлæ мæ ныртæккæ уыдæттыл хъуыды кæнын нæма фæнды. Куы сыл амбæлон... Д ю д а р. Уæд цы? Куы сæ ауынай, уæд-иу иувæрсты ацу. Стæй афтæ бирæ дæр не сты. Б е р а н ж е. Уæдæ мæнæн алы ран дæр мæ размæ куы фæвæййынц. Æмæ кæцы къуымæй нæ рагæпп ласдзысты... Д ю д а р. Лæбургæ никæмæ кæнынц. Куынæ сæ хъыгдарай, уæд сæ ницы тас у. Стæй афтæ знæт дæр не сты. Уый нæ, фæлæ ма сæм цыдæр æрдзон сыгъдæгдзинад дæр ис, сывæллонау æнæхин сты. 0, хæдæгай, æз ардæм фистæгæй æрбацыдтæн. Иу-цалдæрыл дзы æмбæлгæ дæр акодтон, фæлæ, куыд уыныс, афтæмæй сæрæгас дæн. Б е р а н ж е. Уæдæ сæ æз куы ауынын, уæд мæ цыма рæхойгæ бачындæуы, уыйау фæвæййын. Мæ нервытæ кæрæдзи- уыл нал хæцынц. Мæхи бæргæ ныффидар кæнын, фæлæ мын дзы ницы уайы. Ам мын. алхынцъытæ вæййы. (Амоны йæ зæрдæмæ.) Д ю д а р. Раст зæгъын хъæуы, æдыхстæй кæсын сæм зын у. Фæлæ уæддæр хъуамæ нæхи ныффидар кæнæм. Дæ бæллæх] уый у, æмæ юморхъуаг кæй дæ. Юмор дæм фылдæр куы уаид,| уæд дæ хъуыддæгтæ хуыздæр цæуиккой. ; Б е р а н ж е. Цыма ацы бæллæхы æз дæр исты аххосджын; 64
^гн, афтæ мæм фæкæсы, куыдфæндыйы цæстæй сæм мæ бон ^еу кæсын. Д ю д а р. Азымы макæй дар æмæ дын дæхи дæр нæ дар- лллсты азымы... Ацы дунейыл цытæ цæуы, уыдон сеппæт лæг {ие зæрдæмæ куы хæсса, уæд афтæмæй цæрæн куыд ис? Б е р а н ж е. Адæттæ мах бæстæйы куынæ æрцыдаиккой, у-ед æндæр хъуыддаг у. Биноныгæй æрныхас кæнæн сыл уаид. ’ Дкадемикты, фысджыты, ахуырлæгты, нывгæнджыты, закъонир- ■ асджыты æрбахон æмæ хъуыддæгтæ равзар, раиртас, сæ апмæ сын ныккæс. Фæлæ мах нæхæдæг цаутæн сæ тæккæ тæмæны куы смидæг стæм, сæрæй къæхты онг дзы куы аныгъуылдыстæм, уæд ма нын цы гæнгæ у? Куыдфæндыйы цæстæй куыд хъуамæ кæсæм хабармæ? Мæхицæй куы зæгъон, уæд æз фæудаист дæн, æмæ мæ бон мæ чемы æрцæуын нал у. Д ю д а р. Æз дæр хуыздæр уавæры нæ дæн. Фæлæ лæг алцæуыл дæр сахуыр вæййы æмæ чысылгай ме ’муд цæуын бай- дыдтон. Б е р а н ж е. Ды хиуылхæцгæдæр дæ, дæ нервытæ фи- дардæр сты, æмæ мын уый æхсызгон у. Фæлæ амæй æнамонддæр хабар кæй нæй... Д ю д а р [йæ ныхасынаскъуыдта). Æз дæр афтæ нæ зæгъын, æмæ дзы хорзæй исты ис. Стæй афтæ дæр ма банхъæл, æмæ сыкъафындзты сæрыл дзурын... Ногæй та хъуысы сыкъафындзты къæхты гыбар-гыбур, ацы хатт, авап- сценæйы цы рудзынг ис, уый хæдбынмæ. Б е р а н ж е {фæгæпп ласта). Уыдон та сты! Ногæй та! Цы бачындæуа? Куыд сыл сахуыр уа лæг? Æхсæвæй-бонæй мæ цæсты- тыл уайынц, хуыссæджы цъыртт нал уынын. Æрмæст бонæй иучы- сыл арæдзæ-мæдзæ кæнын, уыдоныл хъуыды кæнынæй куы бас- тайын æмæ мæ бон лæууын куы нал вæййы, уæд. Д ю д а р. Омæ-иу хуыссæджы хос баназ. Б е р а н ж е. Цас сæ нуаздзынæ? Хуысгæйæ ноджы фыддæр Уавæры вæййын. Фыдфынтæ мыл сагъуыйынц, пъæззы мыл ныббады. Д ю д а р. Иу хатт ма дын зæгъын, дæ зæрдæмæ сæ æгæр арф ма ис. Дæхи удхарæй цæуыл марыс? Б е р а н ж е. Хуыцауæй дын ард хæрын, никуы сыл сахуыр Уьгдзынæн. Д ю д а р. Кæрдзын дам куы асæтта, уæд ын баныхасæн нал 14 Хъуыддæгтæ аразæг Хуыцау у, махæн нæ бон циу? Б е р а н ж е. Нæ, æз ахæм философиимæ разы нæ дæн. ’ Ч|'1хдуг№4, 1997 65
Д ю д а р. Æмæ дæ бон циу? Тых дам хурыл дæр цæуы.-Я Б е р а н ж е. Раст зæгъын хъæуы, мæ бон бирæтæ наед фæлæ уæддæр истытæ архайын хъæуы. Газеттæм ныффыссадЯ и... Фæсидæм адæммæ, сахары хицауимæ аныхас кæнæн и. Хщ цауы куынæ ’вдæла, уæд та йæ хæдивæгимæ. I Д ю д а р. Мæнмæ гæсгæ, хицæуттæ сæхæдæг исты ама! кæндзысты. Мах хъуыддаг дзы цы и? Алчи дæр йæхи низæя хъæрзы. Стæй мæ фидарæй уырны: тæссагæй дзы ницы и. Цалдæд æдылыйы сыкъафындзты цармы бацыдысты, зæгъгæ ныр уыи тыххæй хъуамæ мæхи амарон... Сыкъафынд. ;\ ы нæ, фæлæ кæд гипопотамы цармы бырынц, уæддæр сæхи хъуыддаг у. .] Б е р а н ж е. Фыдракæнд йæ бындзарæй рæдувгæ у. !' Д ю д а р. Фыдракæнд, фыдракæнд! Тутт ныхæстæ! Хорз цы у æмæ фыд цы у, уый чи сбæрæг кодта? Иуты зæрдæмæ иу хъуыддаг цæуы, иннæты зæрдæмæ та иннæ хъуыддаг. Ды, мæнмæ гæсгæ, æрмæст дæхи уды къоппайыл тыхсыс. Йæ рахæцæн уыщ у. Æдыхст у: дæуæй сыкъафындз никуы рауайдзæн... Уымæн дæр дзинад хъæуы, курдиат! Б е р а н ж е. Раст зæгъыс... Кæд нæ хицауад æмæ адæм иууылдæр дæу хуызæн хъуыды кæнынц, уæд уый сæфты хабар у. Ж а н. Иннæ бæстæтæм æххуысагур куыд ацæудзынæ? Нæ паддзахады цытæ цæуы, уыдон нæхи хъуыддаг ысты. Б е р а н ж е. Адæмтæ кæрæдзийы фæрцы цæрынц. Д ю д а р. Ды Дон-Кихот дæ, æндæр ницы! Æфхæрынмæ йæ ма бамбар, фæлæ дæ митæ худæг сты. Дæхицæн уæлдай зын ма кæ, дæ фæллад суадз. Мæ зæрдæ дын æвзæрæй ницы зæгъы... Б е р а н ж е. Ууыл дызæрдыг нæ кæнын. Хатыр курын, мæхиуыл хæцын нал фæразын. Мæ рæдыд сраст кæныныл ба- цархайдзынæн. Тухæнæй амардтон дæу дæр. Ныхæстыл дæ ныддардтон. Нæфæразгæ кæй дæн, уый тыххæй дыл мæ гæххæтт сæмбæлди? Д ю д а р. Уыдæттыл та цы тыхсыс? Æнæуи дæр нæ къан- тор кусын нæма райдыдта. Б е р а н ж е. Ау, уыцы æнæхайыры асин нæма сарæзтой? Д ю д а р. Аразынц æй. Фæлæ сын афтæ тагъд нæ бантыс- дзæни? Кусджытæ агурын хъæуы. Уый та æнцон хъуыддаг нæу Чи дзы кусы, уыдон иу бон фæзынынц æмæ та æрбайсæфынц Æмæ та æндæртæн лæгъстæтæ кæнын райдайынц. Б е р а н ж е. Æмæ дам нæм æгуыст адæм бирæ и! Бетонæ* нын уæддæр куы скæниккой нæ асинтæ. Д ю д а р. Нæ, фæйнæгæй та уыдзысты, ног фæйнæгæй. 66
Б е р а н ж е, Уыцы дирекци дæр цы мæрддаг у, мæгъа. /Ёхца доны калынц, афтæмæй сæм бахъуаджы сахат капеччы мур нал вæййы. Мосье Папийон хæрзаг мæсты у. Бетон асинмæ ^пхъæлмæ касти... Д ю д а р. Хицау нын нал и. Мосье Папийон йæ куыстæй дцыди. Б е р а н ж е. Ау, уый та куыд? Д ю д а р. Æцæг дын зæгъын. Б е р а н ж е. Мæнæ диссаг! Асины тыххæй? Д ю д а р. Кæд нæ. Æндæр æфсон ын уыди. Б е р а н ж е. Цавæр æфсон? Цы йыл æрбамбæлди? Д ю д а р. Хъæумæ ацæуын и йæ зæрды. Б е р а н ж е. Æгæр батагъд кодта. Зæронд куы нæма у. Директор дæр суыдаид... Д ю д а р. Нæ йæ бафæндыди. Бафæлладтæн дам. Б е р а н ж е. Директорæн æхсызгон нæ уыдаид йæ ацыд, нæ? Ног лæг æй агурын хъæудзæни. Чи зоны, дæуæн уый хуыздæр у. Дипломджын дæ... Д ю д а р. Цы дын æй æмбæхсон... хъуыддаг афтæ у æмæ... худæг у, фæлæ мосье Папийон дæр сыкъафындз фестади. Дардæй хъуысы сыкъафындзты уынæр. Б е р а н ж е. Сыкъафындз! Мосье Папийон сыкъафындз фестади? Уый дын мæрдтæн диссаг! Æмæ уый худæг у? Раздæр мын æй цæуылнæ загътай? Д ю д а р. Куыд у, уый зоныс? Юморы мыггагæй дæм ницы ис, гъемæ дын æй нæ уæндыдтæн зæгъын... Нæ дын æй уæн- дыдтæн зæгъын, уымæн æмæ дæм худæг нæ фæкастаид, уый зыдтон, куы та смæсты уай, уымæй тарстæн, алцы дæр дæ зæрдæмæ хæссыс æмæ... Б е р а н ж е {йæ къухтæ арвырдæм систа)^ 0 Хуыцау! Ай сæрысæфт у, æви бынысæфт? Мосье Папийон!.. Йæ хъуыддæгтæ ма кæд уымæн нæ цыдысты хорз! Д ю д а р. Уый ууыл дзурæг у, æмæ пайдайыл нæ хъуыды кодта, сыкъафындз фестын æй сыгъдæгзæрдæйæ бафæндыди. Б е р а н ж е. Барæй нæ бакодтаид. Фидарæй мæ уырны: æндæр гæнæн ын нал уыди... Д ю д а р. Иунæг Хуыцау йæ зонæг. Зæрдæйæ зæрдæмæ ^ыккæсæн нæй. Цы йæ бацырын кодта, уый ма ныр чи сбæрæг ^æндзæни? Б е р а н ж е. Кæй фæрæдыд, уый гуырысхойаг нæу. Кæд 67
æм исты æрдзон сахъæттæ уыдис, æддæмæ йын чи нæ зыщИ ахæмтæ. Чи зоны йæ психоанализы æххуысæй сдзæбæх кодтщ иккой... щ Д ю д а р. Алчи дæр йæ удæн æнцондæр цы у, уымæ тырнЯ Сыкъафындзы хуызы бацæуын æм, æвæццæгæн, хуыздæр фæкаЦ Б е р а н ж е. Мæнмæ та афтæ кæсы, цыма йæ чидагЯ самидин кодта. | Д ю д а р. Кæуыл кæд цы ’рцæудзæн, уый ничи зоны. 1 Б е р а н ж е. Ома алкæй бон дæр у сыкъафындз фестын! зæгъгæ афтæ зæгъинаг дæ? Нæ, нæ! Дæуæн дзы тас нæу! Стæщ мæнæн дæр! \ Д ю д а р. Нæ зæрдæ дардзыстæм. \ Б е р а н ж е (тарстхуызæи). Махæн цы сæ бон у? Ницы!] Раст нæ зæгъын? Махæн ницыхъом сты, нæ? Д ю д а р. Уый та цы дзырддаг у. Раст зæгъыс бæгуыдæр. Б е р а н ж е (æрсабыр). Фидардæр уды хицау æнхъæлдтон мосье Папийоны. Нæ сын зæгъын бакомдзæни. Нæ зонын,^цæмæ дзы æнхъæлмæ касти, цы сойтæ дзы смæрзинаг уыди. Йæ ис- боныл бафтыд, æви йæ уды хæрзтæ фæфылдæр ысты? Д ю д а р. Мæнмæ гæсгæ, æппындæр пайдайыл нæ хъуыды кодта. Уый бæлвырд у. Б е р а н ж е. Ай-гъай, афтæ у. Æмæ йын уый йæ азым къаддæр кæны, æви.... стырдæр? Æвæццæгæн, стырдæр... Ботар æм хæрзаг мæсты кæны. Ныр уымæ бакæс, цымæ дзы цытæ дзуры? Цы загъта уæддæр Ботар йæ хицауæй? Д ю д а р. Ботар, мæгуыр, мæстæй цæхæртæ калдта, йæхи дæр нал æмбæрста. Лæджы уыйбæрц маст бацæудзæн, уый æнхъæл никуы уыдтæн. Б е р а н ж е. Æз æй æмбарын. Ботар уæддæр æрвонг зонды хицау у. Кæддæрты-иу дзы разы нæ уыдтæн, фæлæ... Д ю д а р. Уый дæр дæ хорзы кой никуы ракодта. Б е р а н ж е. Фæлæ уæддæр лæгæй лæг зæгъын хъæуы. Дæумæ дæр цыма тынг уæлиау æвæрд нæ уыди. Д ю д а р. Цæй уæлиауы кой кæныс! Æз ын-иу фылдæр хæттыты йæ ныхæстыл не сразы дæн. Йæ иудадзыджы гуырыс-! хотæй-иу стыхстæн. Æппындæр ницæуыл æууæндыд, алкæуыл! дæр былысчъилтæ кодта. Стæй мосье Папийоны тыххæй дæр] йемæ бынтон разы нæ уыдтæн. | Б е р а н ж е. Цæуылнæ? I Д ю д а р. Хъуыддаг афтæ у, æмæ Ботармæ бæлвырдо æвдисæнтæ никуы уыди, фылдæр хатт æнæбындур ныхас код-| 68
га. Раст мæ бамбар, сыкъафындзты сæрыл нæ дзурын. Фæлæ Ботар мемæ быцæуыл куы схæцыд, уæд хъуыддаг сабырæй, биноныгæй равзарыны бæсты гуырымыхъ ныхæстæм фæци, размæ ссæндын байдыдта, хъусгæ дæр никæмæуал кодта, афтæмæй. Хицæуттæй йе сæфт кæй уыны, уымæ гæсгæ ахæм æнæхсæст, æнæджелбетт митæ кæны. Йæхицæй уæлдæр чи лæууы, уыдонæн цыма цæрыны бар дæр нæй, афтæ йæм кæсы. Уый йын æрдзон сахъат у, уайтæккæ йыл йæ маст фæтых вæййы... Ноджы, æцæгтæ дзурын зæгъгæ цыдæр ихсыд, джип- пыуагъд ныхæстыл схæцы, мæнмæ та уыдæттæ хъаргæ дæр нæ кæнынц. Б е р а н ж е. Уæдæ мын ныббар, фæлæ ацы хатт æз Ботары фарс дæн. Рæстзæрдæ лæг у. Бауырнæд дæ. Д ю д а р. Омæ уый тыххæй куы ницы зæгъын. Фæлæ уый ницæуыл дзурæг у. Б е р а н ж е. Ай-гъай, раст лæг у. Ахæмтæ искуы-иутæ йеддæмæ нæй. Уымæй дарддæр бонзонгæ у, кæйдæртау уæли- æутты нæ тæхы. Хæрз стæм сты, рæстуд уæвгæйæ йæ цыппæр- тыл... хатыр курын, йæ дыууæ къахæй зæххыл фидар чи лæууы, ахæмтæ. Æхсызгон мын у, мæхи хуызæн кæй хъуыды кæны, уый. Куы йыл амбæлон, уæд ын раарфæ кæндзынæн. Мосье Папийоны ми та мын хъыг у. Нæ йæ хъуыдис алы ницæйæгты фæзмын. Д ю д а р. Гыццыл барагдæр уæвын хъæуы. Мосье Папийон йæ цæрæнбонтæ къанторы арвыста æмæ йæ ныр, чи зоны, сæри- барæй ацæрын бафæндыди? Цæуылнæ йын ис ахæм бар? Б е р а н ж е (æлхыскъæмхасæнты). Ды та, мæнмæ гæсгæ, æгæр бараг дæ. Кæсыс æм, йæ зæрдæйы парахатæн æмбал нæй! Д ю д а р. Мæнмæ гæсгæ та дзы адæймаджы бамбарынæй ахсджиагдæр ницы и, мæ лымæн. Хъуыддагæн йæ уидæгтæ ра- иртасын хъæуы, йæ рахæцæн, йæ аппмæ йын куынæ бахæццæ уай, уæд макæй аххосджын кæн. Хуыцау лæгæн зонд уый тыххæй радта, цæмæй йе ’мхуызон лæджы бамбарыныл архайа, æрдзы, царды алыхуызон цаутæн се ’рфытæм ныккæсынмæ тырна. Мæнæн уый нæма бантысти, стæй мын бантысдзæн, уый дæр нæ зонын. Цыдæриддæр у, уæддæр алцæмæн дæр аргъ кæнын хъæуы цæстуарзонæй. Уый куынæ уа, уæд фæрæдийын æнцон у. Афтæ амоны логикæ. Адæймаджы куы бамбарай, уæд Ь1н ныххатыр кæнын дæр афтæ зын нал вæййы. Б е р а н ж е. Боныфæстагмæ ды дæр сыкъафындзты фарс ма фæуай. Д ю д а р. Цытæ дзурыс! Æви мын бынтон ницæйаг æнхъæл 69
дæ? Хъуыддаг афтæ у, æмæ æз æмæ ды цардмæ фæйнæхуызёИ цæстæй кæсæм. Дæумæ дæхи барæнтæ и, мæнмæ та — мæзШ Æз реалист дæн, ды та алцы дæр цыдæр фæлгæтты тъыссыИ Иу хабар та ма дзы уый ис, æмæ, æрдз цы саккаг кæна, уыдæттаеЯ мах бон ницы у, стæй сын-иу хъуамæ нæхи тæрхонгæнæг даеЦ ма хонæм. Искæй фауæг дам — йæхи фауæг. Æрмæст инквизйЯ тортæ фæагурынц айчы дæр къæм. Ц Б е р а н ж е. Уæдæ адæттæ иууылдæр æрдз саккаг кодтя зæгъыс? т| Д ю д а р. Ау, уæдæ сыкъафындзы æз æмæ ды сфæлдыстами Б е р а н ж е. 0, фæлæ адæймаг сыкъафындз куы феста| уæд уый æрдзы ныхмæ у. 1 Д ю д а р. Æнæмæнг афтæ у... Цы, уый зоныс?.. -1 Б е р а н ж е. Æз æрдзы æндæр ахæм хабар нæма федтон...| Ай ног цыдæр у, чи не ’мбæлы, ахæм диссаг. < Д ю д а р. Ды нæма федтай, фæлæ æрдзы алцæмæн дæр! уæвæн и. Стæй, цы ’мбæлы æмæ цы не ’мбæлы, уыдæттæ чи’ сбæрæг кодта? Иу философ дæр, иу медик дæр сæ нæма раир- тæста. Б е р а н ж е. Чи ’зоны, философты бон æй нæу раиртасын, фæлæ нын сæ цард хатгай нæ цæстыты раз авæры æмæ дзы иртасын дæр ницыуал фæхъæуы. Цæвиттон, рауайы афтæ: иу фыд-зыкъуыр ныффæрск вæййы, царды змæлд нæй, зæгъгæ... ды та цæуыс, цæуыс, цæуыс (уаты иу къуымæй иннæмæ рацу- бацу кæны)... æмæ æппынфæстаг Галилейау ахæм хъуыдымæ æрцæуыс: «Цыдæриддæр у, уæддæр зилгæ кæны!» Д ю д а р. Дæ сæр бынтондæр сдзæгъæлтæ! Хабæрттæ дын сæмтъерытæ сты. Галилейы хабæрттæ дæр ныззыгъуыммæтæ кодтай — уымæн йæ теоретикон хъуыды фæуæлахиз догмæ- тыл. Б е р а н ж е (фырмæстæирафыхти). Ныр мын цытæ дзу- рыс! Догмæтæ æмæ алы хæрæджыдымджытæ! Уыдон иууылдæр ныхæстæ сты! Чи зоны, мæ сæр æцæгæй дæр сдзæгъæлтæ, фæлæ дæ сæр та, дæ сæр! Мæнмæ гæсгæ, дæуæн уæвгæ дæр нал и сæр æмæ мур дæр ницыуал æмбарыс! Дæ Галилейы койтæй мын мæ^ зонд бынтондæр фæцæуын кодтай... Чердыгæй мæ бахъуыдй| дæ Галилей? | Д ю д а р. Омæ дæхæдæг нæ райдыдтай йæ кой? Бебейь| хæрæгау куы ныццæхгæрмæ дæ, цард нын æй нæ цæстыты раа авæры зæгъгæ. Чи зоны авæры йæ, фæлæ цард æнæ теорийя æдых у. Царды цаутæ иууылдæр теорийыл æнцайынц, уый у ся бындур. 70
Б е р а н ж е (ноджы тынгдæр рафыхти). Куыннæ стæй! длщайынц де ’мбыд теорийыл! Æнæсæрфат тутт ныхæстæ! . ( онтхелайы æнæджелбетт митæ! Æдылыдзинад! Д ю д а р. Фыццаджыдæр уал, æдылыдзинад цы у, уый ;юнын хъæуы! Б е р а н ж е. Ха! Æмæ дзы цы зонын хъæуы! Æдылыдзи- пад у æдылыдзинад, æндæр ницы! Уый чи нæ зоны! Фæлæ ма мын зæгъ, сыкъафындзтæ та цы сты? Практикæ æви теори? Д ю д а р. Иу дæр æмæ иннæ дæр. Б е р а н ж е. Ома куыд иу дæр æмæ иннæ дæр? Д ю д а р. Афтæ. Йе та кæнæ иу, кæнæ иннæ. Ам бæлвырд дзуапп раттын зын у. Б е р а н ж е. Иугæр афтæ у, уæд... нæ... уыдæттæ мæ зонд пæ кæрды... Д ю д а р. Ме ’рдхорд, æппындæр дæхи хуызæн нал дæ. Ды иухуызон хъуыды кæныс, æз та æндæрхуызон. Гъемæ цæмæй æцæгдзинад сбæрæг уа, уымæн ис хос: абыцæу кæнæм. Б е р а н ж е (тарстхуызæи). Мæхи хуызæн нал дæн, зæгъыс? Уæдæ кæй хуызæн дæн? Жаны хуызæн? Нæ-нæ, нæ мæ фæнды... нæ мæ фæнды Жаны хуызæн уæвын. Нæ мæ фæнды уый хуы- зæн уæвын. (Фæсабырдæр) Æз философийæн ницы ’мбарын. Ницавæр скъолайы бакастæн. Дæумæ та диплом ис, ды йæм дæсны дæ. Дæуæн дæ бон у быцæу кæнын, æз та, цы дзуапп раттон, уый нал фæзонын. Уынæр тынгæй-тынгдæр хъуысы, сыкъафындзтæ фæцæйзгъорынцраздæр сценæйы фалæты, рæбынæй, стæй та авансценæйы рудзынджы бынты Фæлæ йæ хатын, раст кæй нæ дæ, уый... мæ зæрдæ йæ зоны инстинкты, нæ, инстинкт сыкъафындзтæм и, интуицийы руа- джы, о, о, интуицийы руаджы. Д ю д а р. Куыд æмбарыс дзырд «интуици»? Б е р а н ж е. Интуици у... куыд æй загъдæуа... Цæвиттон, мæ зæрдæ йæ зоны, хаты йæ: ды сын æгæр кæй барыс, уый дæ лæмæгъæй цæуы... цæстæй хорз кæй нæ уыныс, ууыл дзурæг у... Д ю д а р. Уæллæй, сабийæ уæлдай нæ дæ... Б е р а н ж е. Демæ быцæу кæнын мын зын у, ай-гъай, фæлæ цы, уый зоныс? Æз логикы бацагурдзынæн... Д ю д а р. Цавæр логикы? Б е р а н ж е. Логик цы вæййы, уый, философы... цæй, цыма йæ нæ зоныс, логик цы у, уый. О, æмæ мын логик бацамыдта... Д ю д а р. Цы дын бацамыдта? 71
Б е р а н ж е. Азиаг сыкъафындзтæ дам африкаг уыдыстЯ африкæгтæ та — азиаг. Щ Д ю д а р. Хорз дæ не ’мбарын... Щ Б е р а н ж е. Фæлæуу фæлæуу... нæ... НыйиннæрдæмытЯ дæн. Логик æй афтæ æмбарын кодта, африкæгтæ дам азиаг уыдькШ ты, азиæгтæ та... бамбæрстай йæ, нæ? Фæлæ мæн цы зæгъыш фæндыди?.. Иу дзырдæй, дæхæдæг ныхас кæндзынæ йемæ. УыЯ дæр дæу æнгæстæ у, бирæ зонæг, ахуыргонд, цыргъзонд. 1 Сыкъафындзты уынæр нодж’ы фæтынгдæр, ныхæстæ дзæбæх нал хъуы\ сынц, фæстагмæ гыбар-гыбур афтæ стыхджын, æмæ ма Беранжеитæн зынщ æрмæст сæ былты змæлд, цы дзурынц, уый та æппындæр бæрæг нал у. :| Уыдон та сты! О-о, æнæбайрайгæ макуы суат/ (Рæбынæж цы рудзынг ис, уымæ базгъордта.) Æгъгъæд у! Æгъгъæд у,] Æнаккæгтæ! Сыкъафындзтæ адард ысты, Беранже сæм тымбылкъухæй æртхъирæн кæны. Д ю д а р (бадгæйæ). Тынг мæ фæнды дæ логикимæ ба- зонгæ уæвын. Кæд мын ацы къуыбылой райхалид. 0, тынг зын райхалæн у ацы куырмæлхынцъ... Чи мын æй райхала, уымæн стыр бузныг зæгъдзынæн. Б е р а н ж е (авансценæйы цырудзынг и, уымæ базгъорд- та). Æз дæм æй æрбахондзынæн æмæ-иу аныхас кæн йемæ. Диссаджы хорз лæг у. (Хъæр кæнырудзынгæй.) У, æнаккæгтæ! Д ю д а р. Ныууадз-ма сæ, уадз æмæ згъорой. Стæй сæм цы дзыхыуагæй дзурыс? Цæрæгойтимæ ахæм æвзагæй дзурын аив нæу... тæккæ знон дæр ма адæм... Б е р а н ж е (рудзынджы цурæй). Дæлæ та æрбазгъорынц! Рудзынджы бын оркестрæн цы ныккæндгонд ис, уырдыгæй сзынди чъил- худ, хуынкъ у сыкъафындзы сыкъайæ, рахизырдыгæй галиуырдæм тагъд-тагъд аивгъуыдта. Кæс-ма, дæлæ йыл худ и! Йæ сыкъайæ йæ фæхуынкъ кодта! Логикы худ! У, цъаммар, акса-ма уыцы фаджысмæ! Логик дæр сыкъафындзæй агæпп ласта! Д ю д а р. Æвзæртæ ма дзур, æвзæртæ. ? Б е р а н ж е. Лæг хуыздæр æнхъæл кæмæн вæййы, уый фыддæр разыны. 0 Хуыцау, логик дæр сыкъафындз фестади! | Д ю д а р (бацыдирудзынджы цурмæ). Кæм и, кæм? | Б е р а н ж е (йæ къухæй амоны). Далæ, уыныс æй? | Д ю д а р. 0, иунæг ууыл дзы и чъилджын худ. Уыма! кæсгæйæ лæг æнæбары алыхуызон хъуыдыты аныгъуылы. 72
Б е р а н ж е. Логик... Ныр та сыкъафындз... Д ю д а р. Йæ раздæры миниуджытæй ма йæм цыдæртæ аззад, иннæты хæрзхалдих нæу. Б е р а н ж е (йæ къухæй та æртхъирæн кæны, худ кæуыл и, уыцы сыкъафындзмæ). Æз уæ фæдыл нæ ацæудзынæн! Нæ ацæудзынæн! Никæд! Д ю д а р. Кæд æцæгæй дæр хъуыдыгæнæг уыд, уæд талф- тулфæй не ’рцыдаид ацы зондмæ. Æвæццæгæн, бирæ фæсагъæс кодта сыкъафындз суæвыны размæ. Б е р а н ж е (къухæй та æртхъирæнтæ кæны раздæры ло- гикмæ æмæ иннæ сыкъафындзтæм). Æз уемæ нæ ацæудзынæн! Д ю д а р (æрбадти къæлæтджыны). Бæгуы дæр, ахъуы- дыйаг у ацы хабар! Беранже сæхгæдта раззаг рудзынг æмæ бацыди рæбинаг рудзынгмæ. Уымæн йæ бынты згъорынц сыкъафындзтæ; æвæццæгæн, хæдзары алыварс самадтой дугъ. Б е р.а н ж е (рудзынг байгом кодта, хъæр кæны). Нæй мын уæ фæдыл ацæуæн, нæй! Д ю д а р (иуварсмæ). Хадзары алыварс зилдух кæнынц. Хъазынц. Стыр сывæллæттæ! Дэзи асинтыл схизы, йæ къухы чыргъæд, Беранжейы дуары цур æрлæу- уыди, бахоста. Чидæр дæм æрбацыди. Беранже, акæс-ма йæм. (Беранжейы цонгыл рахæцыд, уыйуæддæр йæ хъæр нæ уадзы.) Б е р а н ж е. Худинаг, худинаг! Æви уæ цæсгæмттæ къам- бецы цармæй сты! Д ю д а р. Чидæр зæгъын хойы. Къуырма бадæ, æви? Б е р а н ж е. Омæ йын байгом кæн дуар. (Æнæдзургæйæ кæсы сыкъафындзты фæдыл.) Д ю д а р ацыди дуар гом кæнынмæ. Д э з и (æрбахызт). Дæ бон хорз, мосье Дюдар. Д ю д а р. Мадемуазель Дэзи куы дæ? Д э з и. Беранже ам и? Фæдзæбæхдæр и? Д ю д а р. Æгас цу, æгас. Æмæ Беранжемæ дæр æрбауайыс? Д э з и. Ам и? Д ю д а р (амоны къухæй). Уæртæ. Д э з и. Иунæг у, мæгуыр. Фæкæсæг æм нæй. Гъемæ йын зæгъын аххуыс кæнон. 73
Д ю д а р. Хорз æмбал дæ, мадемуазель Дэзи. Д э з и. Раст зæгъыс, бахъуаджы сахат мæхи фæстæмæ $ аласдзынæн. Д ю д а р. Хорз зæрдæйы хицау дæ. Д э з и. Бузныг. Бе р а н ж е (рудзынг гомæй ныууагъта, афтæмæй разьщ ди). Дэзи, мæ зынаргъ! Цы хорз у, кæй æрбацыдтæ, уый. ЦГ дзæбæх дæ, цы! Д ю д а р. Дæ ныхæстæй иу дæр аппаринаг нæу. Б е р а н ж е. Ницы фехъуыстай, мадемуазель Дэзи? Логи: нын сыкъафындз фестади! Д э з и. Зонын æй. Ныртæккæ йыл амбæлдтæн, мæнæ уæ, тæккæ хæдзары цур. Зæронд уæвгæйæ ахæм згъорд кодта æмæ| диссаг. Ды та куыд дæ, мосье Беранже? Б е р а н ж е. Мæ сæры рыст не ’нцайы. Фæйнæрдæм тъæппытæ хауы. Цы ма йын бакæнон, нæ зонын. Дæумæ та'| куыд кæсы? | Д э з и. Дæ фæллад дæ суадзын хъæуы. Иукъорд боны ма абад дæ хæдзары. Д ю д а р (Беранже æмæ Дэзимæ). Нæ уæ хъыгдарын? Б е р а н ж е (Дэзимæ). Логикы кой кæнын. Д э з и (Дюдармæ). Цы нæ хъуамæ хъыгдарай? (Беран- жемæ). А, логикы. Хъуыды дæр ыл никуы акодтон. Д ю д а р (Дэзимæ). Кæд уæм исты ныхасаг ис æмæ уæ хъыгдарын. Д э з и (Беранжемæ). Цы дын зæгъон, мæгъа. (Беранже æмæ Дюдармæ.) 0, хæдæгай, ног хабар: Ботар сыкъафындз фестади. Д ю д а р. Æцæг зæгъыс? Б е р а н ж е. Уымæн уæвæн нæй! Ботар сæ ныхмæ уыди! Кæимæдæр дын фæивддзаг, æвæццæгæн. Мæстæй цæхæртæ куы калдта. Ныртæккæ мын Дюдар уыдæттæ дзырдта. Æццæй, Дю- дар? Д ю д а р. 0, афтæ у. Д э з и. Зонын æй, сæ ныхмæ уыд, уый. Фæлæ уæддæр сыкъа- 1 фындзæй агæпп ласта, мосье Папийонæй цыппар æмæ ссæдз] сахаты фæстæдæр. \ Д ю д а р. Уæдæ йæ хъуыды аивта, нæ? Уæвгæ алкæмæн дæр йæ бар йæхи у. | Б е р а н ж е. Афтæмæй алцæмæн дæр уæвæн и. | Д ю д а р (Беранжемæ). Рæстзæрдæ лæг у зæгъгæ мыщ æрдæбон дæхæдæг нæ дзырдтай? 74 ч
Б е р а н ж е (Дэзимæ). Уæддæр мæ нæ уырны. Æвæццæгæн Ь1Л исты фыдæвзæгтæ тугтæ мысынц. Д э з и. Хабар мæхи цæстыты раз æрцыди. Б е р а н ж е. Уæд та æфсон скодта, кæд мах цæсты йæхи раст лæгæй равдисынмæ хъавыди. Д э з и. Нæ, раст лæг уыд æцæгæй дæр, уый тыххæй йæм фау хæссæн нæй. Б е р а н ж е. Омæ уæдæ цы гал йæ уæлфадыл лæууыди? Йæхæдæг ницы загъта? Д э з и. Мæнæ дын йæ ныхæстæ: «Хъуамæ рæстæгимæ дæ къах æмист кæнай». Уыцы ныхæсты фæстæ сыкъафындз фестади. Д ю д а р (Дезимæ). Ам дыл кæй сæмбæлдзынæн, уый цæмæндæр мæ зæрдæ зыдта. Б е р а н ж е. Рæстæгимæ æмист! Стыр æрхъуыды у, æвæдза! (Йæ къухтæ фæйнæрдæм аппæрста.) Д ю д а р (Дэзимæ). Къантор куы сæхгæдтой, уæдæй нырмæ дæ нал федтон. Б е р а н ж е (йæхицæн). Диссагыл дис ничиуал кæны! Д э з и (Дюдармæ). Кæд дæ мæ фенын фæндыд, уæд мæм телефонæй æрбадзырдтаис. Д ю д а р (Дэзимæ). Цытæ дзурыс, æз бонзонгæ лæг дæн, мадемуазель, тынг бонзонгæ. Б е р а н ж е. Цы чындæуа! Ботары ми дæр та мын цард зонынæн фæахъаз уыдзæни. Кæнгæ хъæбатыр! Æвдисгæ лæгдзи- над! Фæлæ, чи зоны, æцæгæй дæр раст лæг уыди... Раст лæгтæ фестадысты раст сыкъафындзтæ... Кæд раст кæй уыдысты, уый тыххæй бахаудысты къæппæджы... Д э з и. Мæ чыргъæд стъолыл æрæвæрон? (Æрæвæрдта йæ чыргъæд.) Б е р а н ж е. Фæлæ кæд цыфæнды раст у, уæддæр хæстмаст уыди. Д ю д а р (Дэзимæ, аххуыс кæнынмæ йын хъавыд йæ чыргъæд æвæрынмæ). Хатыр, бынтон æнæрхъуыды разындыстæм. Б е р а н ж е. Хицауадæй йе сæфт афтæ уыдта, æмæ фырæ- нæуынонæй йæ зонд ныссау. Д ю д а р (Беранжемæ). Рæстытæ нæ дзурыс, мæ лымæн. Ботар дзургæ иу кодта, хъуыддагæй та иннæрдæм хæцыди: тугцъир цы хицауы хуыдта, уый дзæбæх куы бафæзмыдта цыппар æмæ ссæдз сахаты фæстæ! Мæнмæ гæсгæ, коллекти- визмы хъомыс фæтых Ботары анархистон зондыл. Б е р а н ж е. Сыкъафындзтæй анархистдæртæ нæй, уымæн æмæ нырма бирæ нæма сты. 75
Д ю д а р. Нырма уал, о. ’Я Д э з и. Ныридæгæн дæр сæ гыццыл хонæн нал и, нодяш сыл сахатæй-сахатмæ уыйбæрц æфты, æмæ... Тæккæ знон Æ ’мхæрæфырт æмæ йæ ус сыкъафындзтæ аисты. Бæрзонд хщ цæутты кой нал кæнын. Уæртæ кардианл де Рец нæу — уыя дæр сыкъафындз фестади. ;| Д ю д а р. Æниу Прелатæй цы зæгъдзынæ! \ Д з з и. Иннæ ахæм Мазарини! ; Д ю д а р. Кæсут-ма-иу, цымæ иннæ бæстæтæ дæр мах нæ бафæзмиккой! Б е р а н ж е. Худинагдæр ма цы уа — рынтауджыты ном ныл сбаддзæни! Д э з и. ... аристократтæ дæр фæсте не баззадысты — гер- цог де Сен-Симон... Б е р а н ж е (йæ къухтæ арвырдæм ивазы). Ау, классиктæ дæр сæхи сыкъафындзтыл ныффыстой! Д э з и. ... æмæ иннæтæ. Дуне дзыллæтæ. Сахарæн йæ цыппæрæм хай уыдоны баци. Б е р а н ж е. Цалынмæ ма мах фылдæр стæм, уæдмæ исты архайын хъæуы. Науæд нæ сæ быны ассæнддзысты. Д ю д а р. Диссаджы амалджын сты. Д э з и. Ныр та уал аходæны кой бакæнæм. Хуын уын æрбахастон, хуын. Б е р а н ж е. Удыгага дæ, удыгага, мадемуазель Дэзи. Д ю д а р (иуварсмæ). Ай-гъай, удыкъæртт. Б е р а н ж е (Дэзимæ). Куыд дын раарфæ кæнон — нæ зонып. Д э з и (Дюдармæ). Немæ аходæн скæн. Д ю д а р. Мæхи уыл æгæр нæ ныхасын? Д э з и (Дюдармæ). Цытæ дзурыс, мосье Дюдар! Хорз æй куы зоныс, цы зæрдæ дæм дарæм, уый. Д ю д а р. О, фæлæ... кæд уæ хъыгдаргæ кæнын... Б е р а н ж е (Дюдармæ). Цы нæ хъыгдарыс, цы! Æхсызгон нын у демæ.. Д ю д а р. Хъуыддаг афтæ у, æмæ... тагъд кæнын. Кæйдæр мæ фенын хъæуы. Бе р а н ж е. Чысыл раздæр афтæ куы загътай, ницы куыст • мын и зæгъгæ. Д э з и (чыргъæдæй систа хæринæгтæ). Ахæм зынтæй балхæд- тон адæттæ, æмæ... Дуканиты фылдæр хай ныддæрæн ластой — цæуыл хæст кæнынц, уый сæ хъуыры уадзынц. Иннæ дуканиты дуæрттыл та фысп «Нæ кусæм, сыкъафындзты аххосæй...» 76
Б е р а н ж е. Хорз уаид, æндарæнты сæ бакæн æмæ сын хъахъæнджытæ сæвæр, уæд. Д ю д а р. Уый зын скæнæн у. Цæрæгойтæ хъахъæнæг аехсæнад æй нæ бауадздзæни. Д э з и. Стæй сыкъафындзтæй бирæтæ нæ къабæзтæ сты... Зонгæтæ, хæстæджытæ, æрвадæлтæ... Уый дæр нымаинаг у. Б е р а н ж е. Цæвиттон, иууылдæр къæппæджы сты, нæ? Д э з и. Иууылдæр семæ æмдзæхдон сты. Б е р а н ж е. 0, фæлæ йæ уæддæр мæ сæр нæ ахсы — сыкъафындз уæвæн куыд ис? Уыцы хъуыды йыл кæнын, фæлæ йæ бамбарын мæ бон нæу. (Дэзимæ.) Аххуыс дын кæнон? Д э з и (Беранжемæ). Мæхи бар æй уадз. Дæ тæбæгътæ кæм сты, уый зонын. (Тæбæгъты скъапмæ бацыди.) Д ю д а р (иуварсмæ). Кæсыс амæ! Раст цыма йæхи хæдза- ры зилæнтæ кæны... Д э з и (Дюдармæ). Нæ фехъуыстон ма зæгъ — æртæйæн æвæрын фынг. Б е р а н ж е (Дюдармæ). Нæ дæ ауадздзыстæм. Д э з и (Беранжемæ). Лæг цæуыл нæ сахуыр уыдзæни. Уын- гты сыкъафындзты дзугтæ кæй хъеллау кæнынц, уый диссаг никæмæуал кæсы. Чи сыл амбæлы, уый сæ йæхи иуварс ласы, фæндаг сын ратты,. чи йæ куыстмæ атындзы, чи та уыцы æнæмæтæй тезгъо кæны. Д ю д а р. Уæдæ хуыздæр амал цы ис? Б е р а н ж е. Нæ, æз сыл никуы сахуыр уыдзынæн. Д ю д а р (хъуыдытыл фæци). Уæдæ æз та цæуыл хъуыды кæнын, уый зоныс? Семæ зæгъын сæмдзæхдон уаин... Д э з и. Саккаг кæнут фынгмæ. Б е р а н ж е. Уый та дын цы ныхас у? Юрист уæвгæйæ куыд хъуамæ... Уынгæй хъуысы æвирхъау уынæр, сыкъафындзты дзуг куыд фæцага- йынц, уый бæрæг у, уадындзты, барабанты гыбар-гыбурæй хъустæ къуырма кæнынц. Уый та цы хабар у? Иууылдæр сæхи раззаг рудзынгмæ баппæрстой. Цы ’рцыди? Æввахс кæмдæр къул рафæлдæхти, рыг къуыбылæйттæй сыстади, сцепæйы Уæвджытæ нал зынынц, æрмæст ма сæ пыхас хъуысы. Æппындæр ницыуал зьты. 11
Цы хабар у? Д ю д а р. Зынгæ ницыуал кæны, фæлæ уыйхыгъд бæстЦ уынæрæй байдзаг. щ Д э з и. Тæбæгътæ рыджы бын фесты. щ Б е р а н ж е. Мæнæ бæллæх! 1 Д э з и. Цæй-ма æрбадут. Уыдæттыл нæ сæр мауал риссыя кæнæм. I Рыг са быргай æрбад ти. % Б е р а н ж е {къухæй залмæ амонгæиæ). Сыгъдхуыссын-^ гæнджыты депойы къултæ рафæлдæхтой. ; Д ю д а р. Æцæг, æцæг! Къултæ ныккалдысты. ’* Д э з и {рудзынджы цурæй фынгмæ бацыди, тæбæгътæ ныс-, сæрфта, стæй та рудзынгмæ бауад æмæ Беранжеиты цур æрлæууыди). Дæлæ сты, иууылдæр рацыдысты. Б е р а н ж е. Сыгъдхуыссынгæнджыты командæ иууылдæр сыкъафындзтæ фестадысты, æнæхъæн полкъ сæ рауади, разæй — барабанхойджытæ. Д э з и. Бульвары гуылвæндтæ кæнынц! Б е р а н ж е. Цы ’рхъуыды чындæуа? Д э з и. Дæлæ кæртытæй дæр уынгмæ лæгæрдынц. Б е р а н ж е. Хæдзæрттæй дæр æддæмæ кæлынц. Д ю д а р. Суанг ма рудзгуытæй дæр бырынц! Д э з и. Иннæтырдæм сæ ных сарæзтой! Фæзгонды фаллаг фарс цы дуар ис, уырдыгæй иу лæг рахызт, асинтыл дæлæмæ азгъордта, йæ фæстæ — дыккаг, алкæмæн дæр дзы йæ ныхыл — стыр сыкъа; сæ фæдыл ныййарц. иу сылгоймаг, сыкъафындзы сæр ын. Д ю д а р. Махæй дзæвгар фылдæр кæй фесты, уый бæрæг У- Б е р а н ж е. Иусионтæ дзы фылдæр и, æви дысионтæ? Д ю д а р. Æвæццæгæн æй статистиктæ зæгъдзысты. Ныр ахуыргæндтæн дæр куыст уыдзæни. Б е р а н ж е. Ныр ма æппæт хабæрттæ чи раиртасдзæни? Хъуыддæгтæ афтæ тагъд цæуынц, афтæ ныссуйтæ сты, æмæ сæ хæйрæг дæр нал сбæрæг кæндзæни. Дэзи. Статистикты бар сæ ныууадзут. Цомут нæ дзыхмæ исты сисæм. Рудзынгæй сæхи иуварс райстой. Дэзи Беранжейы цонгыл æрхæцыдЩ Дюдар сæ фæдыл цалдæр къахдзæфы акодта, стæй æрлæууыди. 78
Д ю д а р. Хуыцауæй уæ бауырнæд, æз хæрдджын дæн, стæй консервтæ нæ уарзын. Фæлтау мæ ауадзут. Б е р а н ж е. Ма ацу. Ныртæккæ уынджы тæссаг у. Д ю д а р. Æцæг зæгъын, æцæг. Уæхицæн хæлар уæд. Мæн ауадзут. Б е р а н ж е. Омæ куыд цæуыс афтæмæй? Д ю д а р. Бауырнæд уæ, зæрдиагæй зæгъын. Д э з и (Дюдармæ). Омæ дын кæд æдзæугæ нæй, уæд цы бакæнæм?.. Д ю д а р. Æрмæст мæм ма фæхæрам ут... Б е р а н ж е (Дэзимæ). Ма йæ ауадз. Д э з и. Куы баззаид, уый мæн дæр фæнды, фæлæ йын иугæр гæнæн нæй, уæд цы нæ бон у? Б е р а н ж е (Дюдармæ). Адæймаг сыкъафындзæй уæлдæр у. Д ю д а р. Чи зоны. Фæлæ «о» дæр нæ зæгъын. Ацы хъуыд- даджы мæхи дæсны нæ хонын. Æниу уый фенд зоны. Б е р а н ж е. Куыд дæм кæсын, афтæмæй, мæ лымæн, ды дæр сæ удвидæрттæй нæ дæ. Д ю д а р. Ды дæр нырма хъæбæрдзыхæй дзурыс, фæлæ дæм фæстæдæр бакæсдзыстæм. Д э з и. Кæд æрмæст хи аирхæфсыныл цæуы ныхас, уæд дзы диссагæй ницы ис. Д ю д а р. Цы йæ ’мбæхсон, фырæфсæрмæй мæ цæсгом судзы. Мæ хæс у, бахъуаджы сахат мæ хицау æмæ ме ’мбæлтты фарсмæ балæууын. Хъуамæ цины дæр æмæ хъыджы дæр сæ уæлхъус уон. Б е р а н ж е. Омæ сæм чындзы ацыдтæ? Цавæр хæс дыл и уагæр? Д ю д а р. Æз бинонты хъуыддаг барæй нæ бакодтон — хицæн бинонты къордæй иу стыр бинонтæ хуыздæр сты. Д э з и (сабырæй). Тæригъæд дын кæнæм, Дюдар, фæлæ дын нæ бон ницы у. Д ю д а р. Ме хæс у ме ’мбæлттимæ уæвын. Б е р а н ж е. Дæ хæс, мæнмæ гæсгæ, бынтон æндæр у... де ’цæг хæс циу, уый цыма хорз не ’мбарыс... дæ хæс у сæ ныхмæ ’ лæууын, сæрбахъуыды удвидар уæвын. Д ю д а р. Мæнæн дзы цы уды фидар и, ахæм никæмæн (сценæйыалыкъуымтырауай-бауайкæны), о, о, никæмæн. Стæй сын сæ аиппытæ иуварсæй кæсгæйæ дзурын нæ хъæуы — хъуамæ се ’хсæн уай. Нæ, уынгæджы сахат сæ иунæгæй нæ ныууадздзынæн. Д эзи (Беранжемæ). Хорз зæрдæ ис Дюдарæн. 79
Б е р а н ж е. Æгæр хорз. (Дюдармæ.) Æгæр фæлмæнзæрдЯ дæ, æмгæрттыл æнувыд. (Дэзимæ.) Ма йæ ауадз. Йæхи сшМ Бауром æй... я Д э з и. Лæгдыхæй йæ куыд бауромон? 1 Дюдар дуар бакодта, алыгъди. Тагъд-тагъд асинтыл дæлæмæ нызгъорÆ та. Беранже йæ фæдыл ныййарц и; фæзгондæй йæ фæдыл хъæр кæны. \ Б е р а н ж е. Раздæх, Дюдар! Нæ зæрдæхудты ма бацу! Мах дæм хорз зæрдæ дарæм! Нал æй аййæфтон. (Æрбаздæх< ти.) Байрæджы кодтон! Д э з и. Цæй, цы йын нæ бон уыди! (Дуар сæхгæдта, Беран- жераззагрудзынгмæ базгъордта.) Б е р а н ж е. Баййæфта сæ. Цы фæци? Д э з и (рудзынджы цурмæ бацыди). Семæ баиу, æвæццæгæн. Б е р а н ж е. Кæцы у, кæцы? Д э з и. Ныр æй хæйрæг дæр нал равзардзæни. Б е р а н ж е. Иууылдæр иу джиппы уагъды хуызæн сты, æмхалдихтæ. (Дэзимæ.) Нæ бафæрæзта. Тыххæй йæ бауромын хъуыди. Д э з и. Мæ ныф’с æм нæ бахастон. Б е р а н ж е. Фидар фæлæууын хъуыди. Уарзгæ дæ кодта, уарзгæ. Раст нæ загъын? Д э з и. Никуы мын райхæлдта йæ уарзондзинад. Б е р а н ж е. Иууылдæр æй зыдтой. Ныр дæр барæй ба- кодта афтæ, йæ уарзт æй сардыдта ацы фæндагыл. Нæуæндаг уыди. Гъемæ йæ бафæндыд исты лæгдзинад равдисын — дæ цæстмæ! Кæд мыййаг дæу дæр йæ фæдыл ацæуын фæнды? Д э з и. Куы мæ фæндыдаид, уæд ам нæ баззадаин. Б е р а н ж е (кæсы рудзынгæй). Сыкъафындзтæй дарддæр уынгты цъиуызмæлæг нал и. (Рæбинагрудзынгмæ базгъордта.) Сахар æнæхъæнæй дæр уыдоны баци. Хорз нæ бакодтай, Дэзи. (Фæстæмæ та раззаг рудзынджы цурмæ фæраст.) Бæстыл иу адæймаг дæр нал баззади. Сыкъафындзтæй бæз-бæз кæнынц уынгтæ. Иусионтæ, дысионтæ. Сæ сыкъаты фæрцы ма хицæн кæнынц кæрæдзийæ, æндæр хæрзхалдихтæ сты, ивддзæгтæ кæнынц. Хъуысы та сыкъафындзты богъ-богъ æмæ къæхты гыбар-гыбур. Уыцы уынæртæраздæрау хъомпал нал сты, азæлыпц аив мелодийау. Къулыл зынып байдыдтой сыкъафындзтыкæнгæ сæртæ. Фæзынынцæмæ та айсæфыпц. Куыд фæстæмæ кæныпц фылдæрæй-фылдæр, стæй къул æпæхъæнæй бацахсыпц æмæ спектаклы кæронмæ нал фесæфыпц. Кæд бакастæй цыфæпды æвирхъау сты, уæддæр фæстагмæ срæсугъд, саив вæййынц. 80
Дэзи, нæ фæфыдæнхъæл дæ? Фæсмон дæм не ’рцыди? Д э з и. Цæмæн зæгъыс?.. Б е р а н ж е. Ацы зын сахат дæ фарсмæ куы уаин, уый мæ лфтæ тынг фæнды æмæ... Уарзгæ дæ кæнын, Дэзи. Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, ма мæ ныууадз иунæгæй. Дэзи. Рудзынг сæхгæн, мæ зынаргъ. Сæ уынæрæй хъустæ -ъуырма кæнынц. Рыг ма суанг ардæм дæр кæлы. Уаты сулæфæн пал и. Б е р а н ж е. Раст зæгъыс. Сæхгæнын æй хъæуы. Æхгæны раззаг рудзынг, Дэзи та — рæбинаг рудзынг. Сæмбæлдысты сценæйы бæстастæу. Цалынмæ иумæ уæм, уæдмæ æз мур дæр ницæмæй тæрсын. Дæу тыххæй æппæт хъуыддæгтæ дæр ныууадздзынæн. Ехх, Дэзи, Дэзи. Афтæ ’нхъæлдтон, никуы никæйуал бауарздзынæн. (Йæ къух ын йæ риумæ нылхъывта, хъæбысгæнæгау ын йæ уæхсчы- тыл æрбахæцыди.) Д э з и. Кæсыс, царды алцæмæн дæр уæвæн и. Б е р а н ж е. Æй-джиди, куы дæ самондджын кæнин. Мемæ уæвгæйæ дæхи амондджын рахонис? Д э з и. Ау, цæуылнæ? Ды амондджын куы уай, уæд — æз дæр. Ницæмæй тæрсын, зæгъыс, афтæмæй уайтæккæ дæ уд ауайы. Цы тас нын у, цы ныл хъуамæ ’рцæуа? Беранже (гуым-гуым кæны). Мæ уды гага! Мæ царды цин! Мæ царды цин! Мæ дунейы рухс! Æри-ма дæ былтыл аны- дзæвон. Мæ риуы утæппæт монцтæ и, уый мæхæдæг дæр нæ зыдтон. Д э з и. Алцы дæ зæрдæмæ ма ис, ныфсхастдæр уæвын дæ хъæуы. Б е р а н ж е. Раст зæгъыс. Æри-ма дæ былтæ. Д э з и. Тынг бафæлладтæн, мæ зынаргъ. Æрсабыр у, дæхи- уыл фæхæц. Уæртæ къæлæтджыны æрбад. (Къæлæтджынмæ йæ бакодта, Беранже æрбадти.) Б е р а н ж е. Дюдары Ботаримæ хыл кæнын нæ хъуыди. Д э з и. Дюдары йæ адыл ныууадз. Æз демæ дæн. Искæй хъуыддæгты нæхи цы тъыссæм? Б е р а н ж е. Уæдæ ды куы тъыссыс дæхи мæ хъуыддæгты. Æгæр карз дæр ма дæ мемæ. Д е з и. Демæ мын афтæ кæнгæ у. Дюдары никуы уарз- тон. Б е р а н ж е. Æмбарын дæ. Ам куы баззадаид, уæд нын хъыгдарыны хос йеддæмæ ницы уыдаид. Уарзт хиуарзон у. 6 Махдуг№ 4, 1997 81
Д э з и. Адæймаг хъуамæ йæ уарзт, йæ амонд хъахъæнЯ кæна. Раст нæ дæн? 1 Б е р а н ж е. Ды зæд дæ, зæд, Дэзи. Мæ сæр дæ бæрзæндт! хæссын. 1 Д э з и. Чи зоны, хуыздæр мæ куы базонай, уæд афтæт! мауал дзурай. т| Б е р а н ж е. Цас дæ хуыздæр базонон, уыйбæрц щ фылдæр уарздзынæн. Ахæм рæсугъд дæ, ахæм, æмæ дын æмбал • нæй! § ^ Ногæй та хъуысы сыкъафындзты къæхты хъæр. Уæлдайдæр дæлæ уыдон цур... (Къухæй амоны рудзын- джырдæм.) Хæрзаг зæгъыс, уыдонæй рæсугъддæр уæвын цас диссаг у, фæлæ æцæгæй дæр ды уыдоны цур стъалы дæ, стъалы... Д э з и. Абон дæхи хорз дардтай? Коньяк нæ банызтай? Б е р а н ж е. О-о, хорз дардтон мæхи. Д э з и. Æцæг, æцæг? Б е р а н ж е. Сомы мæ нæ кæнын кæныс... Д э з и. Хорз, бауырныдта мæ. Б е р а н ж е (къæмдзæстыгхуызæй). Уырнæд дæ, уырнæд. Д э з и. Гъемæ дын уæдæ иу баназыны бар дæттын. Фæсæрæндæр уыдзынæ. (Беранже сыстынмæ хъавы.) Бад, мæ зынаргъ. Авг кæм и? Б е р а н ж е (къухæй амоны). Уæртæ фынгыл. Д э з и (фынджы цурмæ бацыд, авг æмæ агуывзæ ссардта). Мæлæты арф сæ бамбæхстай. Б е р а н ж е. Цæмæй йæм ма цыбæл кæнон, уый тыххæй. Д э з и (чысыл агуывзæйырауагъта, радта йæ Беранжемæ). Бонæй-бонмæ зондджындæр кæныс. Цыдæртæ дын æнтысын байдыдта. Б Ч р а н ж е. Демæ куы уон, уæд мын ноджы фылдæр . æнтысдзæни. Д э з и (нуазæнмæ амонгæйæ). Гъемæ дын уый хæрзиуæг. Б е р а н ж е (уыциу нызт æй акодта). Бузныг. (Агуывзæ йæм дæтты.) Д э з и. Нæ, нæ, мæ зынаргъ. Абон уал дын æгъгъæд у. (Беранжейы къухæй агуывзæ райста, авгимæ йæ фынгмæ ахас- та.) Нæ мæ фæнды, фæриссай та дзы, уый. (Æрбаздæхти Бе- ранжейы цурмæ.) Цæй куыд у дæ сæр? Б е р а н ж е. Бирæ хуыздæр, мæ зæрдæдарæн. Д э з и. Уæдæ дын уæд дæ сæры баст райхалон, нæ? Нæ дыл фидауы æппындæр. 82
Б е р а н ж е. Нæ, нæ, ма йæм бавнал. Д э з и. Цæмæй тæрсыс? Æри-ма райхалон æй. Б е р а н ж е. Цынæ вæййы... Д э з и (Беранже йæ нæ уагъта, фæлæ йынуæддæр чызг йæ сæры бастрайхæлдта). Æппынæдзух дæр дæм ахæм æрхæндæг хъуыдытæ вæййы. Кæсыс, ницы дзы и. Уыцы æмлæгъз у дæ ных. Б е р а н ж е (йæ ных асгæрста). Уæллæй, стыр ныфс мæ бауагътай, Дэзи. (Дэзи йын йæ ныхæн аба кодта.) Цы фæуин, æвæдза, æнæ дæу? Д э з и. Иунæгæй дæ никуыуал ныууадздзынæн. Б е р а н ж е. Демæ тæрсгæ дæр ницæмæй кæндзынæн, стæй æрхæндæгæй дæр хызт уыдзынæн. Д э з и. Æз дæм сæ æмгæрон дæр нал æрбауадздзынæн. Б е р а н ж е. Иумæ-иу чиныджы кæсдзыстæм. Кæс-ма-иу, цымæ мæ стыр ахуыргонд нæ рауаид. Д э з и. Изæрыгæтты нæ зæрдæйы дзæбæхæн тезгъо кæндзыстæм. Б е р а н ж е. Сенæйы былты, стæй Люксембурджы парчы... Д э з и. Стæй Ботаникон цæхæрадоны... Б е р а н ж е. Мæ тыхæн æмæ мæ ныфсæн кæрон нæ уыдзæ- ни. Лæджы фыртæн дæ æфхæрын нæ бауадздзынæн. Д э з и. Уый сæр нæ нæ бахъæудзæни. Мах æвзæр зæрдæ никæмæ дарæм, мæ къона, нæхицæн дæр нын æвзæр ничи рак- æндзæни. Б е р а н ж е. Æвзæр хатгай æнæнхъæлæджы дæр рачын- дæуы, лæгæн йæхи дæр нæ фæфæнды, афтæмæй. Мæнмæ гæсгæ, мæгуыр мосье Папийоны ды дæр нæ уарзтай. Фæлæ йæм ай- фыццаг æгæр гуырымыхъ ныхæстæ скодтай. Хъуыды ма йæ кæныс, Беф сыкъафындзы хуызы цы бон бацыди, раст уыцы бон уыди хабар. Æнхъæлдæн ын йæ армытъæпæнтæ ардуаны хуызæн дæрзæг рахуыдтай. Д э з и. Омæ йын æцæг уыдысты дæрзæг. Б е р а н ж е. Уырны мæ, мæ бæлон. Фæлæ йын ныббарын хъуыд, афтæ мæм кæсы, цыма йæ æгæр бафхæрдтай. Тынг хъыг ын уыди. Д э з и. Æцæг? Б е р а н ж е. Уæдæ! Æддæмæ йæ нæ равдыста, уымæн æмæ тынг хиуарзон у, фæлæ йын дæ ныхæстæ йæ тъæнгтæ ацагъ- той. Чи зоны йæ сыкъафындз фестын дæр уый тыххæй баф- æндыди. Цæвиттон, дæ бон уыди лæджы фервæзын кæнын. Д э з и. Омæ цæмæй хæйрæг уыдтæн? Ахæм бæллæхы ба- 83
\ * лзæн, уый æнхъæл чи уыди? Стæй йæ къухтæ йæхимæ дафИ Б е р а н ж е. Æз дæр фæсмонæй мæхи хæрын — Жаниад! мæ фæлмæндæр æвзагæй дзурын хъуыди. Æнувыд æмгар ьЩ кæй дæн, уый æддæмæ равдисын мæ бон никуы баци, мæ зæрд! йын æххæстæй никуы райхæлдтон. I Д э з и. Дæхи мауал хæр. Дæ бон цы уыд, уый бакодташ Иугæр топпæй фехстай, уæд ын йæ нæмыг мауал ахс. ФæсмонæЯ ма цы и? Ферох кæн уыцы адæмы. Зæрдæмарæн хъуыдытæ мауал| уадз дæхимæ. ?. Б е р а н ж е. Æз сæ бæргæ нæ уадзин, фæлæ мæм сæхæдæг æрбалæгæрдынц, æнцой мын нæ дæттынц. Д э з и. Ахæм реалист æнхъæл дын нæ уыдтæн, мæхи- нымæр дæ поэтыл нымадтон, йæ сæнтты уæлæрвтæм чи атæхы, ахæмыл. Ау, уыйбæрц æрхъуыды, уыйбæрц фантази дæм нæй? Дæхи-иу зæххæй арæдув, атæх-иу дæ хъуыдыты базыртыл æбæрæг рæттæм. Б е р а н ж е. Йæ зæгъын æнцон у! Д э з и. Ау, æз дæр дæ ницы сæнттыл æфтауын? Б е р а н ж е. Уый та дын цы ныхас у! Мæ фæстаг ныфс ма ды куы дæ! Д э з и. Дæхимæ хъусыныл фæвæййыс, æмæ дæ уый мары. Иу дæр нæ æнæаипп нæу. Фæлæ нæ дыууæмæ къаддæр ис аип- пытæ. Б е р а н ж е. Æцæгæй афтæ хъуыды кæныс? Д э з и. Ау, уæдæ мах адæмы фыддæртæ стæм? Нæ зæрдæйы хæрам нæй, алкæмæн дæр нæ цæст уарзы хорздзинад. Б е р а н ж е. Уымæй раст зæгъыс. Нæ дыууæ дæр хæларзæрдæ стæм, цæстуарзон. Д э з и. Иугæр афтæ у, уæд нын цæрыны бар и. Нæ хæс у цыфæндыйæ дæр нæ амондыл тох кæнын,- Иудадзыг дæхи æфхæр, дæхимæ алы аххостæ агур — уый тæссаг фæндаг у. Б е р а н ж е. 0, о, уыцы фæндаг хорзмæ не ’ркæндзæни... (Къухæй амоны, сыкъафындзтæ кæм ратæх-батæх кæнынц, уыцырдæм, стæй та къулмæ: уырдыгæй разынди сыкъафындзы сæр) Уыдонæй дæр бирæтæ ахæм фæндагыл æрлæууыдысты. Д э з и. Уæдæ абонæй фæстæмæ нæхи мауал хæрæм, нæхи аххосджыныл мауал нымайæм. Б е р а н ж е. Ды раст дæ, мæ дуне, мæ Хуыцауы хай, мæ хуры чысыл... Мах кæрæдзиуыл бæтты не стыр уарзондзинад, æмæ зæххыл ахæм тых нæй, мах чи ахицæн кæна, нæ амонд нын чи байса. Афтæ нæу? 84
Ныййазæлыли телефоны дзæнгæрæг. Чи хъуамæ дзура? Д э з и {тарстхуызæй). Ма сис хæтæл! Б е р а н ж е. Цæуылнæ? Д э з и. Мæгъа. Кæд афтæ хуыздæр у. Б е р а н ж е. Æмæ кæд мосье Папийон дзуры, уæд та, кæнæ (Зотар, кæнæ Жан, кæнæ Дюдар? Кæд сæм фæсмон æрцыди, кæд сæ фæстæмæ адæймæгтæ суæвын фæнды? Д э з и. Æнхъæл нæ дæн. Сæ фæнд афтæ тагъд раивой, уый мæ нæ уырны. Сæ фæлварæнтæ хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæной. Б е р а н ж е. Уæд та муниципалитетæй дзурынц. Кæд сæм æппынфæстаг бахъардта æмæ базмæлыдысты, кæд сæ мыййаг не ’ххуыс хъæуы? Д э з и. Уый дæр мæ нæ уырны. Телефон та ныззæланг ласта. Б е р а н ж е. Æнхъæлдæн, мэрийæ дзурынц. Ахæм дæргъвæтин дзæнгæрæг уыдон йеддæмæ ничи фæкæны! Хъуамæ сæм байхъусон, уый мæ хæс у. (Систа хæтæл.) Алло? Хæтæлæйрайхъуысти сыкъафындзы богъ-богъ. Хъусыс? Сæ богъ-богъ цæуы! Байхъус-ма! Дэзи хæтæл йæ хъусмæ бахаста, стæй йæ æрæппæрста аппаратыл, фестъ- æлфыд, афтæмæй. Д э з и (тарстхуызæй). Уый та циу? Б е р а н ж е. Махæй ахъазынвæнд скодтой, цыма сын хынджылæггаг стæм. Д э з и. Уый хорз хъазт нæу. Б е р а н ж е. Нæ дын дзырдтон! Д э з и. Ницы мын дзырдтай. Б е р а н ж е. Мæ зæрдæ йæ зыдта. Д э з и. Ницы зыдта дæ зæрдæ. Кæд мын халонау де уæны нæ кæсыс! Хабар куы ’рцæуа, уæд ма йæ базонын цас диссаг у? Б е р а н ж е. Нæ, рагацау æй базоны мæ зæрдæ. Д э з и. Куыд æлгъаг сты сæ митæ, куыд æлгъаг! Уæнгæлы цæфтæ! Сæхи ныл худæгæй схастой. Б е р а н ж е. Дæуыл бахудыны фаг ныфс сæм нæ разын- дзæни. Мæныл худынц. Д э з и. Иугæр æз демæ дæн, уæд мæныл дæр худынц. Сæ маст нæ исынц. Афтæмæй сын æвзæрæй ницы ракодтам. 85
Ногæй та дзæнгæрæджы хъæр. Рафтау-ма аппарат. Б е р а н ж е. Бастдзинады министрад ахæм бар нæ дæт| Д е з и. Хæппæй дæр тæрсгæ кæныс. Дæу хуызæн æнæны<| нæма федтон. Афтæмæй мæн дæр бахъахъæнинаг уыдтæ! Дези телефоны саджилæграфтыдта, дзæнгæрæг бамыр. Б е р а н ж е {радиомæ йæхи баппæрста). Радиомæ байхъЦ сæм, цы ног хабæрттæ ракæндзæни цымæ. Дэзи. 0, цытæ цæуы, уый зонын хъæуы. 1 1 Радиойæ дæр хъуысы сырдты богъ-богъ. Беранжерадиойыкъæбæл æрыщ ■ дыхта. Фæлæ уæддæр богъ-богъ нæ бамынæг, азæлдау æрбайхъуысы | кæцæйдæр. \ Адон хуымæтæджы хъуыддæгтæ не сты. Мæ бон сæм кæсьи| нæу. Цы чындæуа? (Ризын байдыдта.) \ Б е р а н ж е (удаистæй). Дæхиуыл фæхæц, мæ къона! М& тыхс! < Д э з и. Радиостанцæ дæр байстой! Б е р а н ж е (тынг тыхстæй, æмризæджыризы). Ма тыхс, бафæраз, мæ зынаргъ. Дэзи базгъордта рæбинаг рудзынгмæ, æддæмæ акасти, стæй раззаг ру- дзынгмæ йæхираппæрста. Беранже та фыццаграззагрудзынгмæ базгъордта, уый фæстæ та рæбинагмæ, стæй сценæйы астæу кæрæдзи комкоммæ æрлæу- уыдысты. Д э з и. Æзынма хъазгæ кæнынц, райдианты мæм сæ митæ худæгау кастысты, ныр ма сæм бакæс... Б е р а н ж е. Адæймаджы мыггагæй уынджы ничиуал баззад, иууылдæр сыкъафындзтæй агæппытæ ластой. Хицауад семæ æввос скодтой! Дэзи æмæ та Беранже дыууæ рудзынджы астæу скатай, сдыууæрдæм сты, стæй сценæйы астæу æрлæууыдысты. Д э з и. Бæстыл иу уд нал и адæймаджы номыл. « ] Б е р а н ж е. Æрмæст ма нæ дыууæ баззадыстæм, æрмæс^ ма æз æмæ ды. Д э з и. Цæмæ бæллыдтæ, уый æрцыди. Б е р а н ж е. Мæнмæ гæсгæ йæм ды бæллыдтæ. Д э з и. Нæ, ды... Б е р а н ж е. Нæ, ды бæллыдтæ... 86
Ллырдыгæй хъуысы богъ-богъ. Сыкъафыпдзты сæртæй къул нал зыны. Кæдзар æгасæй дæр гыбар-гыбур æмæ богъ-богъ сси. Æрмæст уынæртæ смтъеры нал сты, цыдæр ритм сæ сфидауын кодта, аив мелоди сæ рауади. Уæлдай тыхджындæр уынæртæ хъуысы уæле. Цары сæрстытæ æрызгъæл- дысты. Хæдзар æнкъуысы. Д э з и. Зæхх æмризæджы ризы. (Цы акæна, уый нал зоны фырадæргæй.) Б е р а н ж е. Уыдон нæ сыхæгтæ сты. (Тымбылкъухæй æртхъирæнтæ кæны куы галиуырдæм, куы та рахизырдæм.) Æгъгъæд у! Басабыр ут! Чи уын радта бар! Бар уын зæгъын чи радта! Д э з и. Уæйыджы хъусы дам уад уайы. Цыма дæм байхъус- дзысты, уый хъæртæ кæныс. Фæлæ уынæр сабыргай бамынæг, сси цавæрдæр музыкалон аккомпанементы æнгæс. Б е р а н ж е (йæ тарст æмбæхсгæиæ). Ма тæрс, мæ зæрдæйы уидаг. Мемæ дын ницы тас у. Дæу тыххæй мæ уд нывондæн æрхæсдзынæн.* Цыфæнды бæллæхæй дæр дæ бахиздзынæн. Д э з и. Чи зоны, аххостæ иууылдæр нæхимæ хауынц. Б е р а н ж е. Уыдæттыл мауал хъуыды кæ. Дæхи ма ’фхæр. Махæн нæ царды уаг æндæрхуызон уыдзæни, нæ амонд иумæ сараздзыстæм. Нæ амонд саразын нæ хæс у. Сыкъафындзтæн та сæ бар сæхи. Мæнмæ гæсгæ, фыд-зæрдæ не сты. Æвзæрæй сын ницы кæнæм. Нал нæ хъыгдардзысты. Ма тыхс. Дæ фæллад суадз. Мæнæ къæлæтджыны æрбад. (Къæлæтджынмæ йæ ба- кодта.) Ма тыхс. (Къæлæтджыны йæ сбадын кодта.) Иучысыл дын коньяк рахæссон? Д э з и. Мæ сæр риссы. Б е р а н ж е (хæцъил райста æмæ дзы Дэзийы сæр бæтты). Мæ удæй дæ фылдæр уарзын, мæ царды цин. Æрмæст тыхсгæ мауал кæн. Адоны митæ дæ зæрдæмæ ма хæсс, хиирхæфсæнтæ сын сты, æндæр ницы, хуыздæр замантæ дæр та скæндзæни. Д э з и. Нæ, уыдон хиирхæфсæнтæ не сты. Ам æндæр цы- дæр и. Б е р а н ж е. Афтæ бирæ дæ уарзын, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Д э з и (йæ сæры баст халгæйæ). Цы уа, уый уæд. Цы нæ бон У? Б е р а н ж е. Бынтондæр сæ сæрызонд фæцыди. Дуне фæрын- чын. Иууылдæр фæрынчын сты. Д э з и. Мах сæ не сдзæбæх кæндзыстæм. 87
Б е р а н ж е. Семæ иу хæдзары куыд цæрдзыстæм? Я Д э з и (æрсабыр). Ам сæрызондæй архайгæ у. ЦыдЛ бæлвырд фæткыл ныххæцын хъæуы, семæ бафидауынЯ хуыздæр хос нæй. Щ Б е р а н ж е. Сæ бон не суыдзæни мах бамбарын. || Д э з и. Цæмæй нæ бамбарой, ууыл хъуамæ нæхæдæг бщ цархайæм. Æндæр гæнæн нæй. Я Б е р а н ж е. Ды сæ дæхæдæг æмбарыс? | Д э з и. Нырма нæма. Фæлæ сын сæ психологи раиртасьщ хъæуы, хъуамæ сын се ’взаг базонæм. | Б е р а н ж е. Æмæ сын цæй æвзаг и! Байхъус-ма... уыи? æвзаг у? '\ Д э з и. Ды та йын цы зоныс? Кæдæй-нырмæ мын сполиглот.* дæ? 5 Б е р а н ж е. Цæй, уый фæстæ аныхас кæндзыстæм. Ныр та! уал аходæн бахæрæм. Д э з и. Хæрын дæр мæм нал цæуы. Нæ, мæ бон нал у. Цас хъуамæ фæраза лæг... Б е р а н ж е. Ды мæнæй тыхджындæр дæ. Ма баком сæттын. Бафæраз. Æз дæр ма дæ ныфсæй ныфсджын куы дæн. Д э з и. Иу хатт мын æй загътай. Б е р а н ж е. Бирæ дæ кæй уарзын, уый дæ уырны? Д э з и. Бæгуыдæр мæ уырны. Б е р а н ж е. Æмæ уарзт дæр уарзты хуызæн куы уаид. Д э з и. Уый фехъуыстон. Гукк, мæ гино! Б е р а н ж е. Байхъус-ма, Дэзи, бынтон нæма байрæджы, нæ бон ма исты æрымысын у. Зæнæг нын рацæудзæни, уыдонæн ’ дæр цот уыдзæни. Дыууæ стæм, æмæ цæмæй адæмæн сæ мыггаг ма сыскъуыйа, уымæн исты æрхъуыды кæнæм. Д э з и. Адæмы мыггаг, йа? Б е р а н ж е. 0. Ахæм хабæрттæ ма амæй размæ дæр уыди. Д э з и. Кæддæр. Незаманты. Адам æмæ Евæ. 0, уыдон стыр ныфсы хицæуттæ уыдысты! Б е р а н ж е. Махмæ дæр разындзæни ныфс. Æниу дзы цас ныфсытæ хъæуы! Хъуыддаг йæхæдæг йæхи амондзæн. Æрмæст ын рæстæг хъæуы, стæй фæразондзинад. Д э з и. Æмæ цæй охыл хъæуынц уыдæттæ? Б е р а н ж е. Стæй лæджыхъæд, иучысыл, бирæ нæ... Д э з и. Сывæллæттæй та цы аразын? Æнæуи дæр æнкъардæй сæфын... Б е р а н ж е. Уæдæ, мæ хæдзар, дуне куыд фервæзынгæни- наг дæ? 88
Д э з и. Æмæ йæ цæмæн хъæуы ирвæзын кæнын? Б е р а н ж е. Уый та дын чердыгон фарст у?.. Цæй-ма, мæн тыххæй сараз уыцы хъуыддаг! Фервæзын кæнæм ацы сæфты дуне. Д э з и. Кæд мыййаг æз æмæ ды стæм ирвæзынгæнинаг. Цавæр хъæуы, ахæмтæ не стæм дыууæйæ дæр. Б е р а н ж е. Сæнттæ цæгъдыс, Дэзи? Тæвд кæнын бай- дыдтай, æнхъæлдæн. Д э з и. Омæ ма мах хуызæттæ искуы уыныс? Б е р а н ж е. Нæ мæ фæнды уыдæттæ хъусын, Дэзи, курын дæ, ма сæ дзур, курын дæ. Дэзиалырдæмытыкæсы, йæ цæст ахæссыкъултыл, рудзгуытыл, фæзгон- • ды фаллаг фарс цы дуар и, ууыл — алкæцæйты дæр зынынц сыкъафындзты сæртæ. Д э з и. Уыдон дын лæгтæ! Цы хъæлдзæг сты! Æвæццæгæн, сæ ног цæрмтты цардæй къæртт æппарынц. Уæдæ сæ æрра дæр куыд схуындæуа? Иууылдæр уыцы хæрзконд. Раст цыма са- джы фисынтыл амад сты. Æвæццæгæн, нæ фæрæдыдысты, сыкъ- афындзты хуызы кæй бацыдысты, уымæй. Б е р а н ж е (удаистæй кæсы Дэзимæ). Фæрæдыдысты, Дэзи, фæрæдыдысты. Æз æмæ ды стæм раст, уыдон нæ, фæлæ. Д э з и. Дæхицæй æгæр буц нæ ныддæ! Б е р а н ж е. Æз раст кæй дæн, уый тынг хорз куы зоныс... Д э з и. Дунейыл ахæм рæстдзинад нæй, уæлбикъон кæй схуындæуа. Дуне у раст, æз æмæ ды нæ, фæлæ. Б е р а н ж е. Нæ, Дэзи, æз дæн раст. Ды ме ’вдисæн. Æз раст кæй дæн, уымæн ма хуыздæр æвдисæн кæм и? Д э з и. Æз де ’вдисæн кæй дæн, уый ницæуыл дзурæг у. Б е р а н ж е. Стæй дæ бирæ кæй уарзын, уымæн дæр дæуæй хуыздæр æвдисæн нæй. Д э з и. Æгъгъа! Цытæ ма фехъусдзынæн цымæ? Б е р а н ж е. Дэзи, нал дæ ’мбарын. Цы дзурыс, уый дæхæдæг дæр нæ хатыс. Ау, уарзт... уарзт... уарзт... Д э з и. Æргом дын æй зæгъын: ды уарзондзинад кæй хоныс, уымæй æз иуцасдæр æфсæрмы дæр кæнын. Уый цыдæр ’ гуылмыз æнкъарæн у,- стæй фылдæр хатт лæмæгъ нæлгоймæгтæм вæййы. Стæй сылгоймæгтæм. Дæ уарзтæн уалæ уыцы удгой- мæгты æнахуыр тых æмæ уды фидаримæ абарæн дæр нæй. Уыдон судзгæ кæнынц цырен артау, ды та... Б е р а н ж е. Æнахуыр тых зæгъыс? Æнахуыр тых дæ хъæуы? Гъа, уый та дын тых, хъару, цырен! Хæц сыл фидар! (Йæ уадул ын ныдздзæхст ласта.) 89
Д э з и. Уауу! Уый æнхъæл та чи уыд... æмæ ды мæнмæ ,ш къух... Щ Б е р а н ж е. Уæууа! Бахатыр кæ, мæ зынаргъ, бахатыр кгЯ (Чызджы ахъæбыс кæнынмæ хъавы, уый йæхи атыдта.) Хуьщ цауы хатыр бакæ... Æнæбары мын рауади. Цыдæр хæйрæг-ма! ацардыдта... Мæнæ цы æбуалгъ ми бакодтон... ^ Д э з и. Цы ма зæгъай, уый дын нæй æмæ æфсæнтта| кæныс. \ Б е р а н ж е. 0! Цалдæр минуты йеддæмæ нæ фестæм иумæ. Мæнмæ та афтæ фæкасти, цыма иу фондз æмæ ссæдз азы лæг æмæ усы цард фæкодтам! Д э’ з и. Дæуæн дæр тæригъæд кæнын, дæу дæр æмбарын. (Кæуы) Б е р а н ж е. Цы ма дын зæгъон, нæ зонын, мæ дзу- ринæгтæ фесты. Афтæ дæм кæсы, цыма уыдон махæй тых- джындæр сты — дæуæй дæр, мæнæй дæр... Д э з и. Уый гуырысхойаг нæу. Б е р а н ж е. Гъемæ фæуæд афтæ дæр, фæлæ æз дæуыл мæ зæрдæ нæ сивдзынæн, иунæгæй дæ никуы ныууадздзьшæн. Д э з и (сыстади, • Беранжемæ бацыд, йе фцæгыл ныттыхс- ти). Мæ мæгуыр Беранже, мæ къона, æз дæр демæ уыдзынæн кæддæриддæр. Б е р а н ж е. Æмæ дæ бон бауыдзæни? Д э з и. Мæ ныхас нæ фæсайдзынæн. Дæ зæрдæ мыл дар. Сыкъафындзты богъ-богъ азæлы аив мелодийау. Куыд зарынц. Хъусыс сæм? Б е р а н ж е. Заргæ нæ кæнынц, фæлæ абухгæ. Д э з и. Нæ. Заргæ кæнынц. Б е р а н ж е. Уый зард нæу, фæлæ богъ-богъ. Д э з и. Дæ зонд фæцыд, æви? Заргæ кæнынц! Б е р а н ж е. Æнхъæлдæн, музыкæйæн ницы ’мбарыс. Д э з и. Нæ фæлæ йын, мæ лымæн, ды ницы ’мбарыс; акæс- ма сæм — хъазынц, кафынц. Б е р а н ж е. Уый кафт у? Д э з и. Уыдонмæ сæхирдыгон кæфтытæ и. Цы рæсугъд ысты, цы! Б е р а н ж е. Хуыцау ма уыдонæй æлгъагдæр цы сфæлдис- дзæни? Д э з и. Хъыг мын у, æвзæртæ сæ кæй дзурыс, уый. Б е р а н ж е. Хатыр. Ныр уыдон тыххæй хъуамæ хылтæ кæнæм? Уый аккаг не сты. 90
Д э з и. Уыдон хуыцæуттæ сты, хуыцæуттæ. Б е р а н ж е. Æгæр уæлиаумæ сæ систай, Дэзи. Дзæбæхдæр ма сæм бакæс. Д э з и. Дæ зæрдæ мыл ма худæд, мæ къона. Ды дæр мын пыххатыр кæн. (Йæхита Беранжемæ байста, ахъæбыс кæнынмæ йын хъавы. Ацы хатт та Беранже фæтылиф кодта йæхи.) Б е р а н ж е. Куыд уынын, афтæмæй æз æмæ ды фæйнæ- хуызон цæстæй кæсæм цардмæ. Фæлтау нæ быцæу ныууадзæм. Д э з и. Ахæм лыстæг хъуыддæгтыл ма дзур. Б е р а н ж е. Ды та æдылы ма у. Д э з и (Беранжемæ, уый уыцы рæстæг чызгмæ йæ чъылдым сарæзта, афтæмæй кæсы айдæнмæ). Махæн иумæ цæрæн нæй, ницы нын дзы рауайдзæни. (Беранже раздæрау кæсы айдæнмæ, Дэзи та сындæггай рахъуызыди дуармæ, цæугæ-цæуын дзуры.) Æз та йæ хæларзæрдæ æнхъæлдтон. Нæу хæларзæрдæ, нæу, нæу. Дэзи рацыди, асинтыл дæлæмæ фæхизы Б е р а н ж е (кæсы айдæнмæ). Нæ, нæ. Чидæриддæр цыф- æнды дæр дзурæд, уæддæр адæймаг бынтон æлгъаг нæу. Бау- уæнд мыл, Дэзи... (Разылди.) Дэзи, Дэзи! Цы фæдæ, Дэзи? Нæ, нæ, ды афтæ нæ бакæндзынæ/ (Дуарыл йæхи андзæрста.) Дэзи! (Разгъордта фæзгондмæ, гæзæнхъæдтыл æрæнцой кодта, дзу- ры дæлæмæ.) Дэзи! Раздæх! Раздæх, мæ гыццыл Дэзи! Цай уæддæр бацымдтаис! Дэзи, кæмæн мæ уадзыс иунæгæй! Дзырд мын куы радтай! Дэзи! Дэзи/ (Зæрдæсастæй æрбаздæхти йæ уатмæ.) Фæстагмæ æппындæр кæрæдзи нал æмбæрстам. Фæйнæрдæмыты хæцыдыстæм. Нæ цард фехæлди. Фæлæ хъуыд- даг нæ бамбарын кæнгæйæ куыд ацыди? (Уаты къуымтыл йæ цæст ахаста.) Хæрзбон мын уæддæр куы загътаид... Чи кæны афтæтæ? Ныр хъæды халонау зыбыты иунæгæй баззадтæн. (Ду- ары цурмæ бацыди, дæгъæлæй йæ сæхгæдта, бæрæг у, тынг кæй тыхсы, уый.) Мемæ сæ хъуыддаг нæ ацæудзæни. (Рудз- гуытæ биноныг æхгæд скодта.) Æз мæхи æнцонтæй нæ рат- дзынæн. (Сыкъафындзты сæртæм кæсы.) Æз уæ хуызæн никуы суыдзынæн, нæ уæ ’мбарын æмæ уæ никуы бамбардзынæн. Æз баззайдзынæн, цы дæн, уымæй. Æз адæмы мыггагæй дæн. Ад- æмы. (Къæлæтджыны æрбадти.) Лæг ма чердæм цы акæна? Кæй ацыд, уый мæхи аххос уыди. Цæуылнæ йæ бахъахъæдтон? Ныр, мæгуыр, цы бауыдзæни? Цæрæнбонтæм æй мæ зæрдæмæ хæсдзынæн. Мæ сæр алы æбуалгъ хъуыдытæйбайдзаг... Тæрсын, æппæты æвирхъаудæр бæллæх куы ’рцæуа, уымæй. Цытæ кæндзæни мæ мæгуыр, мæ гыццыл Дэзи иунæгæй, æвæгæсæгæй! 91
Фæхæцæг кæуыл нæй, мæнузæгъæг кæмæн нæй, уыцы тæссой! рæхснæг таламæ цы кæсы ацы мæнг дунейы, мæрдтыбирæгътæИ кæфхъуындартæй бæз-бæз чи кæны, уыцы тугдзых дунейш Кæмыты йæ агурон? Чердæм ацыди? Чи мын æй бацамондзаЩ ни? Ничи, уымæн æмæ бæстыл иу адæймаг дæр нал баззади. | ,"»<$ Ногæй та æвирхъау гыбар-гыбур, богъ-богъ. Рыг сыстади. 1\ Мæ сæрæн сæ нал дæн. Кæд ма мæ хъусты къæрмæджытаа батъыссон. (Йæ хъусты бæмбæг тъыссы, айдæны цур лæууй, æмæ йæхиимæ ныхас кæны) Иунæг хос ма баззади — баууæЫ дын кæнын сæ хъæуы. Фæлæ цæуыл? Фæстæмæ ма сæ сæ гаччы сбадынгæнæн и? Адæймæгтæ ма суыдзысты? Æниу цы уыдыс-,! ты, уый ногæй цæмæй фестой, ууыл цас фыдæбон бахъæудзæн, уый зоныс? Геркулесы бон дæр нæ бауид утæппæт куыстытæ’ бакæнын. Цæмæй сæ баууæндын кæнон, уый тыххæй семæ дзу- рын хъæуы. Уый тыххæй та уал сын хъуамæ се ’взаг базонон. Науæд та хъуамæ уыдон базоной ме ’взаг. Æмæ мæхæдæг та цавæр æвзагыл дзурын? Францаг, нæ? 0, францаг хуыйны ме ’взаг. Æмæ цы амоны францаг æвзаг? Мæн йеддæмæ куы ни- чиуал дзуры францагау, уæд уый чердыгон æвзаг у? Стæй цымæ мæхæдæг мæхи æмбарын? Æз — мæхи — æмбарын? (Уаты ас- тæумæ бацыди.) Чи зоны, Дэзийы загъдау, æз рæдийгæ кæнын, уыдон та раст ысты? (Фæстæмæ та айдæнмæ бацыдк) Нæ, адæй- маг афтæ фыдконд нæу! (Айдæнмæ кæсы, йæ цæсгоммæ æвна- лы) Диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ! Уæддæр цæй хуызæн дæн? Цæй хуызæн? И? (Скъапмæ бауади, къамтæ дзы райста, рав- зар-бавзар сæ кæны) Ай дын къамтæ! Чи сты адон? Мосье Папийон? Æви Дэзи? Ай та чи у — Ботар, æви Дюдар? Кæд мыййаг Жан у? Кæнæ та, чи зоны, мæхæдæг дæн? (Скъаппæй цалдæр нывы райста.) 0, мæнæ дæн, мæнæ, мæхи базыдтон/ (Нывтæ рæбинаг къулыл сыкъафындзты сæрты фарсмæ æрца- уыгъта.) Уый æз дæн, æз. Нывты — æртæ сурæты:, зæронд лæг, стæвдтæ ус æмæ нæлгоймаг. Сыкъ- аф’ындзты сæрты фарсмæ зынынц бынтон гуылмызхуызæй, фыдыпдæй. Беранже фæстæмæ ракъахдзæф кодта, кæсы нывтæм. Мæнæ цы фыдынд дæн, мæнæ. (Нывтæ æррæдывта, зæхмæ сæ фехста. Бацыди кæсæнмæ.) Уыдон та — рæсугъд æмæ хæрзконд. Рæдийгæ кодтон. Тæхудидæгæй, адонæй фест. Ехх, ныр дын сыкъа ма уæд. Уыцы æмлæгъз лопъо ных — æлгъагдæр ма цы уа! Æвæдза, уадидæгæн мæ хуыз скалин, иу сыкъа, кæнæ, мыл дыууæ сыкъайы куы разаид, уæд. Мæ ныхы ссывдтæ дæр; 92 \
æрбадæлдзæх уаиккой. Æниу, чи зоны, нæма байрæджы. Чи зоны, амонд мæм йæ мидбылты фæхуда, бамбарон адæмы хъæр... адæмы хъæр, нæ фæлæ сыкъафындзты хъæр. Чи зоны, сæ фарсмæ æнæкъæмдзæстыгæй æрлæууон æмæ семæ цардæй къæртт æппарон... Фæлæ ма дзы иу бæллæх та уый ис, æмæ мыл сыкъа кæй нæ зайы! (Йæ армытъæпæнтæм æркасти.) Мæ къухтæ дæр цыдæр уымæл сты. Искуы сдæрзæг уой, уый мæ нæ уырны? (Йæ пинджак раласта, йæ хæдоны æгънæджытæ суагъта, йæ риумæ кæсы айдæнмæ.) Мæ царм дæр уæдæ уыцы тæнæг æмæ фæлмæн у. Ацы хъуынтæ та ма мæ чердыгæй хъуы- дысты! Хъуамæ царм бæзджын æмæ хъæбæр уа, стæй кæрдæгху- ыз, гæзæмæ тарбын. Хъуамæ йыл хъуыны мыггагæй мацы уа! (Кæсы сыкъафындзты сæртæм) Уалæ уыдон хуызæн! (Сыкъ- афындзты богъ-богъмæ хъусы) Сæ зарæг сын дзæгъæлы фаудтон, зæрдæмæдзæугæ у. Ранæй-рæтты дзы цæхгæр фæзилæнтæ ис, фæлæ уый ницы кæны. Уыйхыгъд хæдхуыз æмæ зæлланггæнаг у. V джиди, афтæ зарын зон! (Фæлвары фæзмын) Агх! Агх! Ьрр. Нæ, ницы мын дзы рауайдзæни. Гъа- ма, хъæрдæрæй йæ сисæм. Агх! Агх! Брр! Нæй, дзæгъæлы сты мæ фæлтæрæнтæ, лæмæгъ у мæ хъæлæс. Мæнæйуый, ныууадз, намæ дыл, калмыл йæхи чи барста, уыцы уаллоны æмбисонд æрцæудзæни. Хъуамæ богъ-богъ кæнай, дæуæн та дæ зард ни- уыны хуызæн уайы. Агх! Агх! Богъ-богъ æмæ ниуын иу не сты. Цæй, ныр ма фæсмонæй цы и? Алцæмæн дæр афон и — раздæр сæ хъуыди бафæзмын... Æрæджиауы хорзæх дæ уæд! Оххай, оххай! (Йæхимæ айдæнмæ амоны) Уæртæ цы и, уæртæ! Уæнгæ- лы цæф! Удхор! Мамм! Ныр мæнæй сыкъафындз нал рауайдзæ- ни, нал, нал, никæдуал! Аивыны хъомыс мын нал и, фæндгæ та мæ тынг кæны! Цы цæсгомæй ма бакæсон мæхимæ! Худинаг, худинаг! (Кæсæнмæ йæ чъылдым сарæзта.) Мæнæ цы фыдынд дæн, мæнæ! Раст удхæссæджы халдих! Йæхи хуызæнæй баз- зайын кæй фæнда, уымæн йæ сæр маройаг кæндзæни! (Фестъ- æлфыд, йæ мидбынаты бандзыг.) Цæй, цы чындæуа? Цы ’рцыд, уый æрцыд. Мæнæйуый, ныр дæ хъару ’мае дæхæдæг! Фидар фæлæуу! Зыбыты иунæгæй — сеппæты ныхмæ! Кæм и мæ хъри- маг? (Къулырдæм йе ’ргом раздæхта, хъæр кæны сыкъафындз- ты сæртæм.) Уеппæты ныхмæ — зыбыты иунæгæй! Тох адзалы бонмæ! Тох, цалынмæ мæ цæст æрттива, уæдмæ! Уеппæты ныхмæ — зыбыты иунæгæй! Æз дæн фæстаг адæймаг æмæ адæймагæй баззайдзынæн кæронмæ! Мæнæн басæттæн нæй! Æмбæрзæн
НОГ НÆМТТÆ Æ. ЖАР ЮВД ИСКУЫ ФÆХÆСТ УАИН РУХСЫЛ... * * * Бонæй-бонмæ нæ низтæ тыхджындæр кæнынц. Бонæй-бонмæ сæ фидæнæй адæм тæрсынц. Батадис цæсты раз цардæн йæ хуыз. Бахуыскъ ис зæрдæйы сомбоны ныфс. Зæххы цот систы сæхицæн ызнæгтæ, Нал и дзырды рад дзырды фарны лæгтæм. Ферох и не ’хсæнæй рагон æгъдау,— Сбыдтам нæ удтыл сындз къутæрæй кау. Зæрдæ — уæзæгцъар, тых цардæй ныддур, Саударæг сау зæххы нал тавы хур. Не сæфтмæ ’мбойны нæ цæстæй кæсæм, Афтæмæй сæрсæфæнбылмæ лæсæм. 1992 94
* * * Аз сахаты йас ыссис, бампылд, батади нæ рæстæг. Алырдыгæй — рын, фæдис, тугæй царды уд фæхъæстæ... Налис не ’хсæн цардæн аргъ, былмæ ’рхæццæ и нæ фæндаг. Алчи аппæрста йæ уаргъ,— ронбæгъдæй кæнынц хæлæттаг... Мах ысфæлдисæг, дæ цот мæнæ цардæнхъæл куы сæфы. Уд ма ’фхæрды бын æнцад дзойтæ-мойтæгæнгæ стæлфы. 1992 * * * Рæстæг æцæгæлон бæсты уæззаугай лæсы. Зæрдæйыл тар æхсæв байтыгъта йе ’рхæндæг сагъæс. Хъуыды мæ райгуырæн бæстæм хæссы... Мæ уд мын хъæлдзæг сабийы бонтæ рæвдауынц. Тæхуды, . .. ,. мигъæй ныр фест! Ракæс уæларвæй комы дæ хъæумæ. Æртахгай зæхмæ æруар, фæскъæвда мæргътимæ зар, хъæды улæфын æвзар, де уæнгтыл урс цухъа дар. Амонд бавзар райгуырæн уæзæгыл. 1991 95
* * * Фыдæлтыккон æмбисонд дзуры: нæ фидауы хæрæгыл саргъ, Хуыцауæй йын лæвæрд у,— хæсса адзалы бонмæ уаргъ. Уый фехъуыстой нæ фыдæлтæ хæрз раджы, нæ йæ бамбæрстам иунæг мах. Нæ къуымы не змæлыд нæ алчи,— цагъарæй сарæзтам падцзах. 1991 Тар æхсæв иунæгæй хъеллау кæнын, кæд ма мыййаг искуы фæхæст уаин рухсыл. 1991 Фæскъæвда мæ къæхты бын зæххæн цыд йæ хъæрзын, цыма мын йæ хъизæмар царды таурæгъ кодта. Йæ хъæбулау мæ домдта, фæллад рустæй ныммæрзын... Фæскъæвда мæ зæрдæйæн цыд йæ хъæрзын. 1996 Зæххы дудгæ хъæдгæмттæй ирвæзы тар бонтыл арт. Саусыгъд быдырты зæрин уидæгтæй райгуырдзæн цард. 96 1996
ХЪАУЫРАТЫ Дауыр ЮМОРИСТОН РАДЗЫРДТÆ СЫРХ ТЫРЫСАТÆ Сырх тырысатæ-иу бæрæгбоны къанторы хæдзарыл куы ауыгътой, уæд куыстуаты хицау Хъæрæумæ бакæсын. Къухыл- хæцæгау-иу уыцы хъуыддагхуызæй зæххыл нал хæцыд... Дири- жерау тылдта йæ къухтæ: «Дæлдæр, уæлдæр! Уый та — фалдæр! Æгæр æй акъул кодтат...» Уымæй сæм алкæй нæ уагъта æвна- лын. «Счъизи кæндзыстут тырысатæ!... Æмæ нæ фыдæлты тугæй ахуырст сты... Хъуамæ цæхæртæ калой, тæмæнтæ!» Фæлæ иуахæмы бæрæгбонæхсæв тыхджын дымгæ рацыд. Æмæ, фыдбылызмæ гæсгæ, къанторы тырысатæй иуы стыдта. Уынджы йыл æхсæвдзутæй чи бамбæлдис, æллæх-биллæх, æмæ райсоммæ Цæдисы Республикæты тырысатæй иу фæцыдæр... Уымæй дæр тæккæ Уæрæсейы уон! Уый дын базыдта, цы, къантоны хицау Хъæрæу! Æллæх- æллæх! Цæхæртæ скалдта йæ дзыхæй. Æхсæвгæс зæронд лæджы, чысыл ма бахъæуа, фырмæстæй аныхъуыра... — Дæ фындзы бынæй æнæхъæн «Уæрæсе» фæцыдæр и!.. Нæ, фæлæ та дзы нынцъыхтай æмæ йыл басæтт! Фæчъизи код- тай дæхи дæр æмæ къантор дæр... — Гъемæ мæ афтæ чъизийæ ма аныхъуыр... Дæ ахсæнæн куынæ батайон, мыййаг...— бакъултæ йæм кодта, мæгуыр, Гæлæу. фæлæ хицауæн йæ фæнд конд уыд. Æмæ фæсбæрæгбон Гæлæуыл йæ цæф сæмбæлд. Иу уатон фатермæ рады лæууыд æмæ йæ номхыгъды дæлæмæ æрысхуыстой... «Сырх тырысатæ дам тугæй ахуырст сты... Цыма йæ мæнæн уый амонын хъæуы...» — мæстæй йæхимидæг сыгъди Гæлæу. Æмæ та йæ зæрдыл æрлæууыд хæсты тымыгъ... Сырх тырыса шинелы мидæгæй йæ астæуыл стыхта. Йæхæдæг уæрджытæм митыл йæ фæдыл сыфцæй ласæгау кодта йæ цæф æмбалы. Хуы- 7 Махдуг № 4, 1997 97
цауы комытæфæй сæм хæццæ кодта æмæ дыккаг 6<Ц . сæмбæлдысты партизантыл. 1| Гъеныр нæ хъусьгс ацы хомбырынкъмæ. Уæд-иу искуыдæр! ма коммунист ахæм хъырру ныхæстæ фæкæны?.. Уымæй мы| æй расыджы æфсон фæкодта. Уæртæ фынджыдзаджы рухса^ загътон. Фæлтау мын дзы мæхицæн рухсаг куы загътаиккоЙ уыцы иу сыкъайæ, — æмæ та-иу йæ сæр фыдбоны бæхы тылд’ ныккодта мæгуыр Гæлæу. Ууыл цас рацыдаид, æллæх-биллæх, афтæ бæстæ къæс- савæлдæхт фæцис... Дæлимонты æлгъыст Рацарæзт фыдбонау къуыззитгæнгæ æрбахæццæ. Æмæ дарвинизмы ахуырад фæиннæрдæм. Адæмæй фæстæмæ æвзæрын байдыдта маймулитæ... Гъе, æрмæст, Гæлæу баззад Гæлæуæй, стæй — æхсæвгæсæй. Æмæ дын иу изæр къанторы федта ацы хабар... Хъæрæуы ус — уый дæр ацы къанторы куыста «дзырд- хæссæгæй», ома — хыгъдхæссæгæй, фæлæ йæ хонгæ та ам афтæ кодтой — сæхимæ здæхгæйæ тыргъты стыр кæсæны уæлхъус афæстиат ис. Айдæнмæ суыдта йæ фæстæ æфснайæг сылгой- маджы æд цъылын. Æмæ йæм, йе ’ргом нæ раздахгæйæ, кæсæнмæ дзуры: — Шурæ-мурæ! Уæртæ архивы — тырысатæ! Сæ палкæтæй сæ сорви æмæ сыл утюг сæвæр. Стæй мын сæ дзæбæх свер- ни...!.. — йæхæдæг мæлхъау тасгæ-уасгæ афардæг и... Гæлæу нал фæлæууыд æнæ афæрсгæ: — Шурæ, мæ хур! Цæмæн сæ тонын кæны сæ хъæдтæй ты- рысатæ? — Хæйрæг — йæ зонæг... Æвæццæгæн дзы исты пайда сæмбу- дыдта. Фæсарæнты дам сæ цæуылдæрты ивынц... Æмæ — æцæгдæр. Мæйы кæронмæ хицауы ус райста йæхицæн фæсарæйнаг паспорт æмæ иу æмбалимæ Польшæйы балæууыд. Уым дам-иу стыр базары йæ къухты сырх тырысатæ стылдта æмæ йæ зæлдаг хъæлæсæй илæлæй кодта: «Бартер — антиквариум!!! Антиквариум — бартер!!!» Сæхимæ куы ’рбаздæхти фæсарæнтæй, уæд уый фæстæ кæмæндæр цингæнгæ аппæлыди, ахæм диссаджы мидæггæгтæ дам æрбаластон фæсарæнтæй æмæ дзы буар раст зæды буары æнгæстæ райсы... Цыма дам мæ уыцы ’хсæв æрхаста нæ лæг, бынтон мæм сцыбæл вæййы... Фæлæ дам сасиры дон нæ лæууы, сылгоймаджы дзыхы — ныхаа Кæрæдзийы хъусты йæ цъиутау ауасыдысты къанторы сылгоймæгтае. Нæ хицауы ус дам Советон Цæдисы тырысатæ йæ с-с... синтыД; ссæрфта... Æмæ та сæ кæл-кæл анæры гом рудзынгæй... 98
ХЪУЫВГЪАН «Фосыл дæр адæмау Хуыцау рахатт... Уый йеддæмæ афой- надыл изæр дæ хæдзар ма бацагур. Афтæмæй бæстæ сырдæй — йе ’мыдзаг. Дыкъахыг бирæгътæ тæссагдæр систы цыппæр- къахыгтæй», — ахæм сагъæстæгæнгæ фæсахсæвæр йе стуры фæдыл хатти Садуллæ. — Цæй, æххæст-ма йæ уæлмæрдтырдыгæй дæр рацагурон... Фæлдысты сын фæуа, уым дæр арæх куы фæхизы,— æмæ æхсæвы тары уæлмæрдтæм баздæхт. Йæхинымæры сын рухсаг загъта, стæй фæйнæрдæм афæлгæсыд. Уæртæ фаллагварс цыдæр сау æндæрг змæлы... Фæлæ сту- ры хуызæн куынæ у... Кæс-ма, ацыздæм цыма тындзы! Хуыцау, табу дæхицæн, — цыдæр тас хъуыды йæ сæры фæмидæг æмæ иу стыр цырты аууон æрныгъуылд. Сау æндæрг дзæбæхдæр разынд мæйы дыдзы рухсмæ. Стæй йæ рæзты æривгъуыдта, йæ къухты хъуывгъан, афтæмæй. Садуллæ йын раздæр мæрдтæйдзæуæг æнхъæл фæци, æмæ йæ зæрдæ куыддæр бауа- зал и. Уæдмæ уый фалдæр йæ къах цæуылдæр скъуырдта æмæ нылгъыста. «Дй мæрдкъах Чертыхъо куы у, — йæ хъæлæсæй йæ ба- зыдта Садуллæ.— Хуыцау дын æй ма ныббара, кæйдæр марды хъуывгъан фæхырхы... Стæ-ма, марды хуызы йæм фæхъуызон!» — æмæ йæ фæдыл кæуæгау ныййæлæлæй кодта: — Кæдæм мын фæдавыс мæ хъуывгъан? Дæ мард дын дзы цынайдзысты!.. Уыцы хъæрмæ мæрдкъах Чертыхъойæн йæ цъæхахст азæлы- ди æхсæвы тары. Стæй йæ къæхты гыбар-гыбур хъæуыздæм адард... Райсомы хъæубæстæ цъиутау уасыдысты. Чертыхъойæн дам йæ зонд цыдæр кодта... Æмæ — æцæгдæр! Æхсæв бонмæ уыцы мæрдкъах сæнттæ цагъта: «Æллæх, хъуывгъанæй мыл тæвд дон уадзы!.. Судзы мæ с’æр!..» — æмæ йæ хуыссæнуаты хæрдмæ хаудта. Чертыхъойы ус фæдисы æрбахæццæ дæсны Госæдамæ. — Нæ лæг дысоны тарстæй цыдæр кодта... Мард æм фæхъуы- зыд... — æмæ йын æргом хабар радзырдта. Дæсны хорзау нал уыд. Стæй уайдзæфау карзæй загъта: — Гормон, исчи дæр ма марды хъыгдары?.. Хуыцауы комы тæфæй сæм хæццæ кæны мæрдтæм... Хæрзаудæн æмæ фыда- удæн кæнынц уыдон адæймагыл... Хуыцауæн табу хъæуы, мæрдтæн та — рухсаг! Стæй афтæ! Пысылмон лæгæн йæ 99
хъуывгъан йæ дин у... Æм& йын йæ динмæ фæныхылдта... Ньм дзы æндæр гæнæн нал ис. Уыцы мардæн æй ныффæлдисут.' Уæд йæ удæн тас нал уыдзæнис. Стæй кæд ссæуид йæ тарстД Æмæ хæстæгдæр майрæмбоны æххæстгонд æрцыд дæсныйы фæдзæхст. Ныр Чертыхъо фæлдыст бæхау æруагъта йæ сæр, Хуыцауæй ницы æмæ ничи ирвæзы. ДЗУАРЫ ЛÆГ Хуры цалх арвгæрон куыд стылди, афтæ æз дæр схæрд код- тон Дурджын Бæрзонды рагъыл. Ацал-ауал азы къанторы хъуы- найы тæф скодтон æмæ, зæгъын, абон æрдзы хъæбысы атезгъо кæнон. Мемæ айстон дардмæкæсæнтæ, стæй иу чысыл магни- тофон. Диссаджы зараг маргъ дам фæзындис уалæ хъæды къохы. Æмæ уымæ хъусынæй мæ цыбæлтæ суадзон. Стæй йæ ныф- фыссон магнитофоныл. Исты йын гонорар фидын куынæ хъæуы, мыййаг... Æртæх кæрдæгыл бахызтæн Уастырджийы кувæндонмæ. Дзæнæты бæстæ! Пырзыденты дачæ Форосы ницы рыг скалид йæ разы... Бæрзондылбадæг Уастырджи дын нæ базондзæн, уæдæ, йæхицæн равзарын. Табу йын уæд! Ацы къох æгас хъæды рагъæн дæр у йæ бæстыбикъ — комы дæгъæл. Астæуæй дзы — цъæх гауыз æрдуз. Ардыгæй Бæрзондылбадæгмæ Иры дзыхъ фæзыны армы тъæпæнау. Да-а-л-лæ Æрджынарæджы атагъайы поезд калмау фæхилы. Далæ хъæуæй уæрдонвæндагыл алыздæм тындзы иу фистæгдзау. Цымæ чи уа? Дардмæкæсæнтæ дзæбæхдæр æрцар- æзтон. Йæ рахиз къухы — хуын, урс цикъæйы тыхтæй. Галиу къухы — йæ урс нымæтхуд. Иарæби, кæд мæ Хуыцау нæ сафы, уæд уый Мырхой у — мæ чъырхой сыхаг. Уæллæгъи, уый йæхæдæг! Йæ аууонимæ тындзгæ ссæуы... Знон та, хæдæгай, кусарт куы акодта Мырхой. Пайдайаг лæгты æрхуыдта йæ фынгмæ. Уæдæ, мæгуыр хæраг у... Адон та йын уый бæрц ницы басхъаудзысты йæ бæркадæй. Стæй сын уый фæстæ дыгай хъуынтæ сæлвынæн уыдзæн сæхицæй... Æмæ суанг æнафонтæм арв арыдта сæ «оммен» Мырхойы фæрныг кæртæй. Цæвиттон, сæрды тæккæ астæу дæр ма кусарт акæны Мыр- хой Уастырджийæн. Урс уæрыкк ын æрх&ссы нывондæн. Æрмæст, аба-бау, давæггаг — нагъ! Афтæ йын бацамыдта дæсны зæронд ус Госæда... Æмæ дам кусартæн йæ дыккаг бон ку- 100 I
винæгтæ схæсс уæлæ кувæндонмæ. Батабу йын кæн Лæгтыдзу- арæн. Басæтт уыцы ран дæ тæригъæдтыл. Æмæ дын Хуыцауæй хатыр ракурдзæнис. Тæригъæдтæ та йæм теуайы уаргъæй фылдæр ис Мырхоймæ. Мады гуыбынæй йæ рахаста уыцы курдиат. Давгæ куы нæ рак- æна — ад ын нæ кæны йæ кæрдзын... Стæ-ма, уæд та йын исты хин æрымысин? Диссаджы æрхъуыды Елйайы рæхысау ферттыв- та мæ сæры. Баифтыгътон магнитофон æмæ йыл фæзмæгау ныффыстон Уастырджийы «хъæлæс». Стæй мæ алыварс ахас- тон мæ цæстæнгас. Уартæ, гъе,— агургæ æмæ æнæаргæ бынат! Чысыл фалдæр зæронд кæрдо бæласы зæнджы суыдтон стыр мæра. Æмæ уым бамбæхстон магнитофон. Уæдмæ Мырхойы ныхас хæстæгæй æрбайхъуыст. Уый кувгæ- кувыны æрбахызт кувæндонмæ. Æз магнитофоны джыбы æрылхъывтон, мæхæдæг иуварс æрныгьуылдтæн. Мырхой са- райы мидæг стъолыл æрæвæрдта йæ кувинæгтæ. Йæхæдæг ба- цыд егъау дуры рæбын æфсæн æхцадонмæ. Райхæлдта урс хæцъилы тыхт йæ мысайнæгтæ. Æртæ хатты ма сæ кувгæ æрхас- та йæ сæрыл, стæй сæ ауагъта мысайнагдоны. Уый фæстæ æрбаздæхт. Равæрдта фынгыл йæ хуын. Физо- нæджы хус смаг хъæды къохы апырх. Мырхой бæрзонд систа бæгæныйы къус, йе ’ргом арвмæ сарæзта æмæ кувы. Раст уыцы уысм магнитофон дæр «сдзырдта». Иуварсыр- дыгæй æрбайхъуыст цавæрдæр сыфгсыф. Цыма уый Уастыр- джи йе ’ртæкъахыг бæхыл æртахт æмæ йæ уæларвон хъæлæс анæрыд хъæды къохы: «О-о, тæ-æ-ри-гъæдджын зæххон! Дæ куывд дын нæ исын... Ба-а-сæтт дæ аххосæгтыл! Хъоды сыл бакæн!..» Мырхой йæ ^мидбынаты цавддурау аззад. Стæй æрхаудис йæ зонгуытыл. Йæ къухтæ — арвырдæм. Зыр-Зыр ын кодтой... Æмæ райдыдта йæ уæрджытыл бырын кувæндоны. Ризгæ хъæлæсæй лæгъстæ кодта: «Ныббар мын, Уастырджи!.. Табу — дæхицæн! Хæйрæг мæ сардыдта... Фæкъахтон Хуысены халагъуд. Уæлмæрдтæй радав- тон марды хъуывгъан... Бамбæхстон Сунетханы фыс... Асирæ- ты асин... Садуллæйы бабыз... Хъоды кæнын...» Бирæ ма фæнымадта Мырхой йæ афæдзы тæригъæдтæ. Стæй бынтон æрæджиау сыстад дзойтæгæнгæ. Фæстæмæ фæкæс- фæкæс кодта, афтæмæй кувгæ-кувыны йе ’ргом хъæуыздæм сарæзта. Раздæр цух-мухтæ кæнгæ, стæй уым дæлæмæ тын- дзыдта лидзæгау...' Æз дæр рахызтæн ме ’мбæхсæнæй. Галы бузныг фæдæн 101
мæхицæй... Æрбалæууыдтæн фынджы уæлхъус æмæ кæрощЯ скуывтон Мырхойы кувинæгтæ. Мырхой та фæдисæй æрба;Я æууыд дæсны Госæдамæ. Æмæ йын зæрдæхъæрмттæгæнгæ ра|| дзырдта, чи никуыма ’рцыд, уыцы хабар... *| Сагъдауæй баззад зæронд Госæда. Йе уæнгтæ æрызгъæлдыс^ ты. Бынтон æрæджиау загъта уæддæр: -5 — Табу Бæрзондылбадæгæн! Урс гал ын аргæвд дæ кæрты.: Æрхон хъæубæсты... Æмæ сын рахабар кæн, Лæгтыдзуар дæм йæхи куыд раргом кодта, уыцы диссаг!.. Æрмæст, хъусыс! Дæ бæстыхай уал асыгъдæг кæн тæригъæдтæй. Алкæмæн дæр йæ тын йæ къух куыд ссара!.. Раст дыккаг бон Мырхойы дуармæ æмбырдтæ кодтой алы сыхтæй. Чи — уæрдонæй, чи — тачкæйæ, чи — æккойæ. Кæртæй æмпъыхтой æддæмæ сæ давд фæллæйттæ... Чи — йæ асин, чи — йæ хъуывгъан, чи — йæ хъуылæг. Уæлæсыхаг Сунетхан та сын се скъæтæй раласта кæд йæ урс-урсид фыс... Æртæ мæйы дам æй фæцагуырдтон... Стæй дзаг фынгтыл хъæубæстæ Мырхойы кæрты табу кодтой Уастырджийæн. Мырхойыл дзуæрттæ бафтыдтой. Æмæ йæ сæхицæн дзуары лæгæй равзæрстой... 102
ЛДÆМОН СФÆЛДЫСТЛД ИРОН СЫВÆЛЛÆГТЫ ДЗЫХÆЙДЗУРГÆ СФÆЛДЫСТАД ХЪАЗÆН НЫХÆСТÆ ЦЫ АРХАЙЫС — Цы архайыс? — Ницы. — Уый та цы архайы? — Мæнæн æххуыс кæны. ЦÆУЫЛ РÆЙЫС, КЪÆБЫЛА — Цæуыл рæйыс къæбыла? — Бирæгьты тæрсын кæнын. — Цы бамбæхстæ къæбыла? — Бирæгътæй тæрсын. ГÆБЫДИЙЫ ФЫРТТÆ - ХÆЙРÆДЖЫТÆ Гæбыдийы фырттæ хæйрæджытæ: Хуырхы гуымбыл нæ уадзынц, Карчы бынæй рæвдуан давынц, Къæйæ къæбæр скъæфынц, Арынгæй хыссæ хæссынц. СÆ ЛÆГ ХЪУЫЛÆГ ЦАГЪТА Сæ лæг хъуылæг цагъта, Сæ чызг гуымбыл ахста, Сæ чындз йæхи надта, Сæ ус цырагъ дардта. Райдайæн «Мах дуджы» 1996 азы æстæм номыры.. 103
ДЖИТЪРИ-МИТЪРИ Джитъри-митъри къабуска. Сталин Гитлеры абырста, Карз тæрхон ын рахаста, Йе ’рра сæр ын асаста. Йе ’дылы магъз ракалди, Йæ фыртарстæй ’рбамарди. ÆРЦЫДИС ОКТЯБРЬ ’ Æрцыдис Октябрь, Æрцьщис йæ бон. Цы фæци мæ дзабыр, Цы фæци мæ рон? ТИТЫКК ПОЕХАЛ В ЛЕС Титыкк поехал в лес. Йе ’рцьщмæ фехæлд йæ пец. Йæ кæрдзынтæ задысты хомæй, Хъабантæм сæ тагъд-тагъд ныдцавта, Фæлæ йын гъе уым дæр нæ фыхтысты, Йæ мæстæй сæ зæххыл ныццавта Æмæ йын фæныкау ныппырх ысты. ТИТЫКК ПОЕХАЛ В ЛЕС (В а р и а н т) Титыкк поехал в лес, Йе ’рцыдмæ фехæлд йæ пец. Мыст æм дзы скаст, Уый дзы фæтарст.
АЛИ БЫДТА Али быдта, чыргъæд быдта, Чыргъæд бийын нæ зыдта, Цыдæр къуту ысбыдга, Хъæбæр хор дзы ныккалдта, Иу гага дзы æрхаудта, Гага зæххы ныббырыд, Цыдæр хал дзы ысбырыд, Хъæбæр хор ыл æрзади, Али цинæй ыснард и. ХЪИХЪРО-МИХЪРО Хъихъро-михъро цъæх уасæг, Карз æнтыдæй фæрасыг, Ныр æй абон кæркласæг Хъæубыны ’рдæм фæласы. ТАГЪД-МА РАКÆС — Баба-Яга, тагъд-ма ракæс, Дардмæ нын нæ низтæ ахæсс, — Уастæн, атонæнт уæ фæрстæ, Цалынмæ кæсон уæ фæстæ. СÆЛГÆ-ТÆРГÆ ДЫГОППОН Сæлгæ-тæргæ дыгоппон, Æз сымахæн цы кодтон? Уый та махæн цы кодта? Гъей, мæгуырæг дæ къоппа! Дурæхсæн-ма рахæссут, Йе ’рра сæр ын асæттут. Цыргъзондæй йæ ма фæрсут, Йæ пакъуы йын ахæссут. 105
ГЪÆДИ ЦАУТÆ Робæстæ рæубеси Рагъбæл расурдтонцæ, Тæрхъостæ æрдози Лискъæф агурдтонцæ, Берæгъ гъир-гъиргæнгæ Гъæдрæбун гъæрзтæй, Æрсойти Æрсой Хуæрзæфсесæй рæхстæй. Робастæй рæубес Рæукъæхтæй фæллигъдæй, Тæрхъостæ æрдози Лискъæф иссердтонцæ, Берæгъ гъир-гъиргæнгæ Гъæдрæбун гъæрзтæй, Æрсойти Æрсой Хуæрзæфсесæй рæхстæй. МУЛДЗУГ Мулдзуг, мулдзуг, Къæбæлдзуг. Æ хæссуйнаг Нæ гæлдзуй. Кумæ уайуй Уотæ тагъд? Гъæубæстаг æй? Горæттаг? Æ голлаги Ци хæссуй? Кæд сифтæртæ. Кæд фæхсун? Кæд аргъæуттæ Гиризæй Æстъалугин Тар изæр, Кенæ ба кæд Хорискаст, Æртæхæйдзаг
Цинæй баст? Æй косагæ, Æгъдаугин, Æмбалуарзон, Æмбалгин. Мулдзуг, мулдзуг, Къæбæлдзуг. Æ хæссуйнаг Нæ гæлдзуй. ДЗЫРДАРÆХСТЫ ФÆЛВАРÆНТÆ ФУРДЫ АУАДТÆ — Фурды ауадтæ? — Ауадтæн. — Кæд чысыл фурд уыд? . — Чысыл фурд куцц уыди, куыд, цæргæс йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ тæхын куынæ фæрæзта! — Кæд лæппын цæргæс уыд? — Лæппын цæргæс куыд уыди, куыд, нарты Уырызмæджы хъæу йæ базыры бын куы бакодта. — Кæд чысыл хъæу уыди? — Чысыл хъæу куыд уыди, куыд борæты хæрæг йæ иу кæрон куы уасыд, уæд йе ’ннæмæ куынæ хъуысыд! — Кæд лæппын хæрæг уыди? — Лæппын къæлæу куыд уыди, куыд, цæххы уаргъ йе ’ккойы, куыройы фыдтæ йæ къæхтыл, афтæмæй тæрхъус куы ’рцахс- та! — Кæд лæппын тæрхъус уыди? — Лæппын тæрхъус куъщ уыди, куыд, нарты Уырызмæгæн дзы кæрц æмæ худ куы ссыд! — Кæд чысыл лæг уыд? — Чысыл лæг куыд уыди, куыд, Уасæг йæ уæлфадæй куы ныууасыдаид, уæд йæ сæрмæ куынæ хъуысти! — Кæд кьуырма лæг уыди? Къуырма лæг куъщ уыди, куыд, дæлзæхх дæлимонтæ тæрхон. куы фæкæнынц, уæд уыдонмæ куы фæхъусы! 107
— Гъемæ уыцы фурды ауадтæ? — Ауадтæн. — Дæ бæх цы уьщ? — Бур дзынга. — Дæ саргъ цы уыд? — Хъæды сынкъ. — Де ’фтаугæтæ цы уыдысты? — Залмы сыфтæ. — Дæ ехс цы уыд? — Æфсиры хал. ХЪУЫФФЫ, ХЪУЫФФЫ — Хъуыффы, хъуыффы! — Чи дæ? — Зæронд лæг. — Кæм уыдтæ? — Æлдаратæм. — Цы сæм хордтай? — Карчы фыд. — Мæнæн та? — Уæлæ къусчы — Къусчы нал ис. — Цы фæци? — Гæды йæ ахордта, — Гæды цы фæци? — Бæласы сæр. — Бæлас кæм и? — Фæрæт æй акалдта. — Фæрæт кæм и? — Хъæддзаутæм. — Хъæддзаутæ кæм ысты? — Дон сæ аласта. — Дон цы фæци? — Куыдз æй асдæрдта. — Куыдз цы фæци? — Бирæгъ æй ахордта. — Бирæгъ цы фæци? — Топп æй амардта. — Топп цы фæци?
— Æнтыды ныххауди. — Æнтыд цы фæци? — Сæгъ æй ахордта. — Сæгъ цы фæци? — Хъæдмæ алыгъди. ЙЕУУÆ (Æ м б е с о н д) — Уæд йеууæ, йеууæ! — Йеуебæл дыууæ æфсадæй. — Уæд дууæ, дууæ! — Мæ дууæ цæстемæй æмбес уинун. — Уæд æртæ, æртæ! — Æртикъахуг фингæ хуарз идзаг ку уа, Уæд уобæл хуæрун уарзун. — Уæд цуппар, цуппар! — Цуппар дзукъи ци гъогбæл нæ уа, Йе æнхæст æхсир нæ кæнуй. — Уæд, фондз, фондз! —Фондз æнгулдзи æнхæстæй ци лæгбæл нæ уа, Йе тог есæгæн нæ бæззуй. — Уæд æхсæз, æхсæз! — Æхсæзанзон байраг æнхæст бæх æй, Байрагбæл бадун уарзун. — Уæд авд, авд! — Æрви цæгат авд æстъалуй сæмæнбæл зелунцæ, Авд æстъалуй ку искæсунцæ (бон дæр уæд фæййевуй æхсæвæ), Æхсæвæ дæр уæд райдайуй. —Уæд аст, уст! — Аст галемæй хумæ кодтон ’ма хуар гьæуагæ некæд адтæн. — Уæд фараст, фараст! — Фарæстæймаги къулух дзинга мæ бæх адтæй, Пухци халæ ме ’хсæ адтæй, Уотемæй денгизи сæрти балæуирдтон. — 'Ма кæд мæнкъий денгиз адтæй, уæдта? — Мæнкъий денгиз ба кæцæй адтæй, Цæргæс æ йеу фарсæй иннæ фарсмæ тæхун ку нæ фæрæзта! — 'Ма кæд бæдолæ цæргæс адтæй? — Бæдолæ цæргæс ба кæцæй адтæй, 109
Нарти гъæуи æ йеунæг базури буни ку никкæнидæ, Уæд сæбæл арвæй æртах ку нæ уагъта! — 'Ма кæд минкъий гъæу адтæй, уæдта? — Минкъий гъæу ба кæцæй адтæй, Хæрæг æ йеу кæронæй ку ниууасидæ, Уæд йе ’ннæ кæронмæ ку нæ гъустæй! — 'Ма кæд хæрæги къæлæу адтæй, уæдта? — Къæлæу — хæрæг (бæдолæ хæрæг) ба кæцæй адтæй, Тæрхъоси цæнхи уæргьти хæддзæ ку æййафта! — 'Ма кæд бæдолæ тæрхъос адгæй, уæдта? — Тæрхъоси бæдолæ куд адтæй, Æ царæй нарти Алæгæн кæрци реутæ æма Ходи билтæ ку цудæй! — 'Ма кæд минкъий лæг адтæй, уæдта? — Нарти Алæг минкъий лæг кæцæй адтæй, Уасæнгæ æ къахи буни ку ниууасидæ, Уæд ин æ гъæр ку не гъуста! — 'Ма кæд къуру лаег адтæй, уæдта? — Къуру лæг ба кæцæй адтæй, Фæсхонх дууæ калми ку цæгъдионцæ (синæр ку цæгъдионцæ) Уæд уой ку игьуста! КÆМИ АДТÆ —Кæми адтæ? — Касатæмæ. — Йетæ дин ци равардтонцæ? — Карк æма уасæнгæ. — Æма дин ци фæцæнцæ? — Биндзæ сæ рахуардта. — Биндзæ ба ци фæцæй? — Бæласбæл бабадтæй? — Бæласæ ба ци фæцæй? — Фæрæт æй ракъурдта. — Фæрæт ба ци фæцæй? — Гъæдцзаутæ ’й фæддавунцæ. — Гъæддзаутæ ба ци фæцæнцæ? — Дони фæууайунцæ. — Дон ба ци фæцæй? — Куй æй расдардта. 110
— Куй ба ци фæцæй? — Топп æй рамардта. — Топп ба ци фæцæй? — Хадзий хункъи ниххаудта. ЗАРДЖЫТÆ ДЗЕДЗ ÆМÆ ДЗЕДЗ -Дзедз æмæ дзедз1 - Уæлæ халон фæтæхы. - Йæ дзыхы та цы хæссы? - Йæ дзыхы та хъæмпыхал. - Хъæмпыхалæй цы кæны? - Ахстон дзы ыскæна. - Ахстонæй та цы кæны? - Æйчытæ дзы æрæфтауа. - Æйчытæй та цы кæны? - Лæппынтæ дзы рауадза. - Лæппынтæй та цы кæны? - Хуымæллæгмæ сæ арвита. - Хуымæллæгæй та цы кæны? - Бæгæны дзы ыскæна? - Бæгæныйæ та цы кæны? - Йæ лымæнТы дзы фæхынца. -Лымæнтæй та цы кæны? - Йе знæгты дзы фæцæгъда. НÆУÆГ ИГУРД СУВÆЛЛОНИ ЗАР Нæуæг игурд сувæллон нæлистæг ку фæууй, уæд уой номбæл æ фидæ тургъи сабийтæн арæзт æрцæуæд елхъина æртæ боней æндæрхцæ. Алли арфæгæнæг дæр æхе ратолæд еци елхъинай æртæ хатти заргæй. Уо, Фидæ-Хуцау! Уо, Мади Майран! Ке равардтай — цæлæтдзаг, 1 Алы рæнхъы фæстæ дæр æй фæзæгъынц. 111
Цæлæтдзаг хуæрзтæ радтай! Майран, ду, Майран, ду! Ке цæстæ хорæй, Ке реу æвзестæй. Лæхъуæнтæн — ковæггаг, Кизгуттæн — цетейнаг. Гулалез, гулалез Кæмæн лæхъуæн, кæмæн кизгæ. Мæхе тухæн нæ зæгъун: Мæнæн мæ реу хъæбæр æй. ЛÆХЪУÆНИ РАЙГУРУНИ ЗАР Йæ мадæ — Майран, Фидæ — Хуцау. Ке равардта — цæуæтдзаг, Цæуæтдзаг хуæрзтæ радта, Никки уæхæн радта. Йæ уæлкъæсæр фат йес, Фæстуадзгæ фæууа. НÆУÆГ ИГУРД СУВÆЛЛОНИ ЗАР Зурати Майрæн зур-зур кæнуй, Мах Майрæн ба лæхъуæн дæттуй, Мæхе туххæй нæ зæгьун, Мæнæн мæ реу хъæбæр æй, Кæмæн кизгæ, кæмæн лæхъуæн. ХЪУÆЦÆ Æхсæвæр исцæттæй. Нана æ куст (гъазун) фæууагъта æмæ сæ арти фарсмæ æрбадун кодта. Къæрццитæ кæнуй хулуй согти арт. Цъус-цъус кæнунцæ хулуй рахистæ. Сæ цæститæ нинцъолгæй сувæллæнттæ сæхецæй сорунцæ цæсткъах хъуæцæ. — Хъуæцæ! Мæнмæ ма цо, Фиййаутæмæ цо! Æз рæсугъд нæ дæн, 112
И дзæбæхтæ уоми ’нцæ, Къеретæ дин кæндзæнæн, Губорæ дин дæтдзæнæн... Ра дæ сайдтон, мæ хъуæцæ Къæдзал-мудзул цæуагæ! Губорæ дин нæ дæттун, Къере дæр дин нæ кæнун. Æз рæсугъд ку нæ дæн, Фиййау лæхъуæн ести дæн. БАЙ-БАЙ, ДЫ КУР, ХАЛОН Мах.донæн нæхи фарс, Нæхи фарс. Дæлæ фыййау куыд дзуры, Куыд дзуры: Мæ уис æмæ мæ лæдзæг, Мæ лæдзæг. Дæлæ барæг куыд дзуры, Куыд дзуры: Мæ ус æмæ мæ зæнæг, Мæ зæнæг. Дæ хъал бæхæй ахауай, Ахауай. Дæ урс базыг асæтта, Асæтта. Тымбыл уаты басæйай, Басæйай. Æз дæм фæрсæг ныууайон, Ныууайон. Ды мæм зулмæ ракæсай, Ракæсай. Æз дæм фæлмæн бахудон, Бахудон. УÆ, НАНА — Уæ, нана, нана! — Уæй-уæй-уæй-уæй-уæй. 8 Махдуг№ 4, 1997 113
— Мæ рæстæ риссынц! — Цæмæй дын риссынц? — Сæтæлæджы хæрдæй. — Чи та дын радта? — Гунбасты Гасай. — Цæмæн дзы хордтай? — Хъуыди мæ, хъуыди. — Къæсæрмæ ма цу: Сæ уæлкъæсæр дурцъиу, Сæ гуыдыны бур фиу, Йе скæнæг цъæйзæрдæ, Йæ бахæрæг фиузæрдæ. ЦÆРГÆСЫ НАД — Уæ, цæргæс, чи дæ фæнадта? — Иу зæронд лæг. — Цæмæн дæ фæнадта? — Сæ цъиу сын бахордтон. — Афтæ дын хъуыди. — О, карк, чи дæ фæнадта? — Мæкъуылты хицау. — Цæмæн дæ фæнадта? — Йæ хор ын хордтон, — Йæ дон ын нызтон. — Кæд дæ надта — фыдцæр дын хъуыди. — О, къæбыла, чи дæ расырдта? — Иу зæронд лæг. — Цæмæн дæ расырдта? — Сæ доны былты зылдтæн. — Цæмæн дзы зылдтæ? — Æстонджы мын уъщ. — Кæй дын радтам, уый дæ фаг нæ уыд? ГÆЛÆБУ Ой, расимæм, гæлæбу, Ой, расимæм. Махæй цырддæр цы лæг у, Ой, расимæм. 114
Ой, расимæм, гæлæбу, Ой, расимæм. Æвзæр симæг бæрæг у, Ой, расимæм. Ой, расимæм, гæлæбу, Ой расимæм. Махæн кæстæр цæрдæг у, Ой, расимæм. Ой, расимæм, гæлæбу. Ой, расимæм. Нæ радгæс дæр сæрæн у, Ой, расимæм. ИУМÆ РАСИМÆМ Карчы базыр — куысыфтæг. Ой, расимæм, ой. Махæн кæстæр — куырæфцæг Ой, расимæм, ой. Гогызы сæр — Щ>фд лукьа. Ой, расимæм, ой, Нæ кæстæрæн — быд цухъа, Ой, расимæм, ой. Арвыкомы —: къолопи. Ой, радимæм, ой. Кæстæрыл нæй къогъодзи. Ой, расимæм, ой. Æфсинтæм ис къуымæлаг, Ой, расимæм, ой. Кæстæрæн нæй куырæттаг. Ой, расимæм, ой. НÆУÆГ НОСТÆ Нæуæг ностæ кæрдзин кæнуй, Зæронд нана къуымæл цæгъдуй, 115
Гъомбæл кизгæ кьумтæ сæрфуй, Мах седзæрти æфсадунцæ, Æфсес цард нин аразунцæ. ФÆТКЫ ЗАРДЖЫТÆ БАСИЛТИ ЗАР Амонæг: Уæ, Басилтæ! Къуар: Басилтæ! Амонæг: Хуарз Басилтæ! Къуар: Гъой, гъой! Амонæг: Гъой, уе фсини Къуар: Лæхъуæн фæууæ! Амонæг: Гъой, уæ хецау Къуар: Саг рамара! Амонæг: Махæн басийлаг Къуар: Раттетæ, раттетæ! Амонæг: Цъæх авгидзаг Къуар: Цъæх арахъ, цъæх арахъ! Амонæг: Сау гъосини Къуар: Сау бæгæни, сау бæгæни! Амонæг: Цæх-цæхгæнгæ. Къуар: Цæхгун фарс, цæхгун фарс! Амонæг: Не ’ртæ къерей Къуар: Радæттетæ, радæттетæ! Амонæг: Уæ, Бæтæ! Къуар: Фæууæмæ цæуæн, фæцæуæн! Амонæг: Кæд цæлæнбуд дæ,— Къуар: Нæ уæмæ цæуæн, фæстæмæ цæуæн! ХÆДЗАРОНТÆ, ХÆДЗАРОНТÆ Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Уæ лæхъуæни хецау саг рамара, Уе знагæн ба ма рамара, Цæлæнбуд уосæн къесса, Уадз; æма ин ресса. Цубур цирт ин къахдзиан, Лæхтæ-бухтæ йибæл калдзиан.
ХÆДЗАРОНТÆ Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, Уæ райсомтæ хорз уа! Уæ алы аз уыл æгасæй цæуа! Уæ сæдæ фидæн хуыздæр уа! Уæ лæг саг амара! Уæ ус тырын ныййара! Уæ фос цот ракæной! Уæ хуымтæ æфсир æфтауой! Уе ’фсин басыл скæна! Уæ басылы къух мæн фæуа! СОЙЫ ЗАРÆГ (Лæппуйы гуырды тыххæй, кæхцгæнæнты) Сой дам цæуы, сой Дæлæсыхæй уæлæсыхмæ. Дæлæ хъæды давонджын. Чи райгуырди — амондцжын. Карчы айк тымбыл у. Сой дам цæуы, сой. Махæн нæ цыхт гуымбыл у. Уæлæ хъæды тырты михтæ. Рахæсс, не ’фсин, цыхты дихтæ. Уæлæ фыййау хæтæлтæ тоны. Не ’фсин фырмæстæй йæ тæнтæ тоны. Нæ уæлкъæсæр уасæг. Не фсин фæрасыг, Дæлæ Хъугомы цæнды дуртæ. Фæцæуы уæм кæрдзынгуртæ. Не ’фсины къухты тæбинаг. Рахæссут нын рæбинаг. Уæлæ къулыл дидитæ. Рахæссут нын чъиритæ. Теместæм Гагка. Рахæссут нын дзыкка. Цæгаты сыфтæр хус. Се ’фсин та хæфцæст ус. Сæ уæлкъæсæр хъæдурджыны карст. 117
Се ’фсин «кодта мæ бур куъщзы каст, Хæрисджыны фале Тыркайы хуым. Рахæссут нын дзыккайы хуын. СОЙ ЦÆУЫ, СОЙ Сой цæуы, сой Алы аз дæр ардæм, Фидæнмæ дæр ардæм. Уæлæ бæласыл нæл гæды. Сой цæуы, сой! Рахæссут нын бæгæны, Сой цæуы, сой! Уæлæ цары хъайван куы уаид, Сой цæуы, сой! Махæн нæ разы цайдан куы уаид. Сой цæуы, сой! Уæлæ къулыл дидитæ. Сой цæуы, сой! Рахæссут нын чъиритæ, Сой цæуы, сой! Авдæны къухыл тæбинаг. Сой цæузы, сой! Цыхтытæн нын сæ бинаг, Сой цæуы, сой! Алы аз дæр ардæм Сой цæуы, сой! Гъæй-джиди ’мæ иу хонæг! Сой цæуы, сой! Уæд та нын — физонæг, Сой цæуы, сой! Ай уын мæ къах, Уæ хæндыг фæкъах! СОЙ ЦÆУЫ, СОЙ (В а р и а н т) Сой цæуы, сой! А хæдзармæ фарн цæуы, фарн. 118
Фараст лæппуйы æмæ иунæг цъæх чызг. Сой цæуы, сой! Ой, сой, сой! Се ’фсины фарсыл дидитæ. Радавут нын чъиритæ, Сой цæуы, сой! Сæ бæгæны гарзы дзаг Сой цæуы, сой! Радавут нын дзы авджы дзаг. Сой цæуы, сой! Се ’фсины нæй иу зонæг. Радавут нын физонæг. Сой цæуы, сой! Сау фыр къæлæсы, Сой цæуы, сой! Се ’фсин къуыммæ фæлæсы. Сой цæуы, сой! Æхсæвыккон-боныккон. Се ’фсин фесæфт боныгон. Сой цæуы, сой! Ацы цард нын æвгъау у. Се ’фсин кæрдзыныл рæдау у. Сой цæуы, сой! Æфсины цонгыл тæбинаг. Цыхтытæн нын сæ бинаг. Сой цæуы, сой! Сæ къонайыл сæ гæды. Цæуылнæ нын хæссут бæгæны Сой цæуы, сой! . БИУТÆ ЛÆППУТЫ БИУ Биу уыди, къæлæу уыди. Хæкъундатæм авд хæрæджы1. Уыдон дугъы рауадысты, Былæй акалдысты. Кæнæ: авд гæдыйы, авд куыдзы. 119
Кæмæн йæ бæрзæй асасти. Кæмæн йæ зæнг асаст. Уыдонæй цы туг рацыди, Уыдонæй цы рондз рацыди,— Мæнг чи зæгъа, Уыдон мæрдтæ æмæ фыдæлтæ Гъе уыдон хæргæ фæцæуæнт! СУХСУН (Сувæллæнтти гъазунти билилиу) Биццеу!гæ сæхе нигъос кæнунцæ æмæ архайунцæ, цæмæй си еу еске раздæр исдзора, кенæ ба исхода. Алихузон ходæг миутæ къудтиагау æвдесунцæ. Фиц- цагдæр ка исрæдуйа, йе фæууй хæран æма и билилиу уомæ цæуй. Ка сдзора, ка сдзора... Уæлæ хонхи æдкьерппатæ Хæрæг адтæй! Уомæн æ рагъбæл Устур кæнон æма сункъæ адтæй. И хæрæг билæй рахаудтæй. Мæнæ ами ниттуппур æй, Ниддæнгæл æй. Ка сдзора, ка сдзора, Йе и хæрæгæн æ сункъæй хунд, Æ басæй цунд! Ту! Сухсун! ЗУЙЛАТÆ Аци гъаст биццеутæ æримбурд унцæ, ма сæ йеу фæххецæн уй ма фæззæгъуй: — Уæ, Зуйла! — Зуйла! — Хъубадтæмæ —Зуйла! — Æртæ кизги.
— Зуйла! — Къæразги размæ — Зуйла! — Бадунцæ, — Зуйла! — Кæрдунцæ, — Зуйла! — Хуйунцæ, — Зуйла! — Содзини бунмæ кæсунцæ, — Зуйла! — Айки гъозгæ — Туй, сухсун. Фæстагдзурдтихæццæ еугурæйдæр нецибал дзо- рунцæ. Хезунцæ, ка æхебæл нæ фæхуæццæй, ка сдзордзæй. Фиццаг ка сдзора, уой рандæ уй. Рамбо- луй фæстаг ка байзайуй йе, ма й сæ къохтæбæл хæссунцæ, кумæ зæгъа, уордæмæ. УÆЛÆ КУЫДЗОЙТÆМ - КЪÆДЗ БÆХ Уæлæ Куыдзойтæм — къæдз бæх, Йæ сыдзы фарсыл сынкъ. Чи ма сдзура, чи ма схуда, Уый дзыхмæ фæкъæртт. ХИДЫЛ ХÆРÆГ ФÆЦÆЙЦЫД Хидыл хæрæг фæцæйцыд. Иууылдæр уыди сынчъытæ. Чи ма схуда, чи ма сдзура, Уый дзыхмæ фæкъæртт ысты. Уыдзæн ма Æрмæг бабиноныг кодта Тменаты Дзерассæ 1?1
НЕ ’ВЗАГ- НÆХЪЫСМÆТ АГЪНАТЫ/Æхсар СКИФТЫ-СÆРМÆГТЫ ДЗЫРДУАТ Гъвар зæгъгæ скифтæ хуыдтой хур-хор. Бердзенаг æвзагыл цы нæмттæ фыст æрцыд, уыдоны бирæты ’мбæлы дзырд гъвар. Хур, дыгуронау хор, скифтæм, æвæццæгæн, уыд культ. Ирон адæмы хистæр фæлтæр ныр дæр ма фæкувынц: о, хурты хур- зæрин! Хур æмæ Хуыцау сæ зондахасты уыдысты æмбар. Нартæ сæхи хуыдтой Хуры цот. Персайнаг æвзаджы хъуысы хур, хор, курдаг æвзаджы дæр афтæ. Ягнобаг æвзаджы хъуысы хур, со- гдаг адæм та дзурынц — хор, хуер, хорезмæгтæ — хуыр, хир, ’хр. Авестæйы фыст æрцыд, скифтæ йæ куыд дзырдтой, афтæ — гъвар. Профессор Абайты Васо йæ историон-этимологон дзырду- аты (IV том, 246—248 ф.) фыссы, зæгъгæ скифаг гъвар уыди ахæм нæмтты: Хоруац, Хурахсад æмæ æнд. Васойы хъуыдымæ гæсгæ, скифты мифологон фыдæлтæй иуы номы ис дзырд хор: Холаксаис. Ацы номы хол амыдта хор, мыр р цæмæдæр гæсгæ фыст æрцыд л. Ном-æнæхъæнæй афтæ æвзары: хол-а хшайа, ома Хуры паддзах. Карта. Скифаг адæм афтæ хуыдтой кард. Ирон адæммæ кард хæцæнгарз нал у, хæдзары дзаума йæ хонынц. Нарты кадджы- ты кард хæцæнгарз уыди, зæгъæм: æхсаргард. Скифаг дзырд карта уыди иннæ ирайнаг æвзæгты: авестæйы фыст æрцыд ка- рыта, скифаг дзырды æнгæс, рагон индийаг æвзаджы уыди дзырд крти, стæй картари, амыдта цуаноны кард, тохарты ’взаджы, æвæццæгæн, хъуысти керте, амыдта «меч», согдаг æмæ йагно- баг æвзæгты — карт (крт), персайнæгтæ йæ дзурынц ирон адæ- мы хуызæн кард. Чысыл фонетикон ивддзинæдтимæ ацы дзырд ис иннæ ирайнаг æвзæгты. Уырыссаг академик И. И. Срезнев- скйй йæ чиныджы «Материалы для древне-русского словаря Райдайæн кæс «Мах дуджы» ацы азы æртыккаг номыры. 122
по письменным памятникам», (1-аг том, СПб., 1893) 1285 фар- сыл фыссы, зæгьгæ рагон ирайнаг, ома скифаг æвзагæй рагон славяйнаг æвзагмæ бацыд дзырд коръда, рагон уырыссæгтæ йæ дзырдтой коръд «меч». Скифты хæцæнгарз æд ном бацыд угро-финнаг æвзæгтыл дзурæг адæмтæм: остяктæ йæ дзурынц скифы хуызæн — карта, вогультæ — корт, коми — керт, ма- рийæгтæ та — кердо хонынц «сабля». Сонорон мырты фæстæ æгомыг т ирон æвзаджы зæлангон д-мæ рахызт. Уымæ гæсгæ скифаг карта, иронау хъуысы кард. Куга Скифаг адæм афтæ хуыдтой куыдз. Исчи хъуамæ афтæ дæр ахъуыды кæна: кути æмæ куыдз кæрæдзимæ цы бар да- рынц? Скифаг адæм’сæ фос хъахъæнæджы кути зæгъгæ куы хуыдтой, уæдæй рацыд 3 мин азæй фылдæр. Ахæм дæргъвæтин рæстæг æвзаджы хуыз куыннæ аивтаид. Уыцы ивддзинад æвди- сы дзырд кути йæхæдæг дæр. Абайты Васо йæ Историон-этимологон дзырдуаты 1-аг томы 605—606 фæрстыл афтæ зæгъы: скифаг дзырд кути æвдисы ахæм фонетикон ивддзинад — ти ирон æвзаджы рахызт зæлан- гон аффриката дз-мæ, ахæм фонетикон ивддзинад ма æрцыд скифаг дзырд винсати-йы, ныртæккæ иронау хъуысы ссæдз. Ам Васо рабæрæг кодта ирон æвзаджы фонетикон ивддзинады закъон: рагон ирайнаг æмæ скифаг ти ирон диалекты рахызти фонемæ дз-мæ, дыгуроны та — й-мæ, куыдз дыгуронау куй, ыссæдз — инсæй. Васойы хъуыдымæ гæсгæкутиу сыгъдæг скифаг-сæрмæттаг дзырд, ома хурыскæсæйнаг ирайнаг æвзæгты сæвзæрд. Уымæ гæсгæ ацы дзырд уыди согдаг æвзаджы, хъуысти сæм, скифтæ йæ куыд дзырдтой, афтæ кути, сæ баззайæццæгтæ йагнобтæ йæ дзурынц куд, кæнæ кут. Памираг адæмты ’взæгты сеппæты дæр ис чысыл фонетикон ивддзинæдтимæ: шугнантæ йæ дзу- рынц куд, йазгулямтæ — код, сангличтæ — кут, ишкашимтæ" кыд, кед. Рагон ирайнаг æвзæгты не ’мбæлы. Афтæ зæгъæн ис, æмæ скифтæм кути уыди хæрзхъæд куы- дзы мыггаг, ома фыййау-куыдз. Уымæ гæсгæ дæрдтыл ацыд йæ кой. Бирæ индоевропæйаг æвзæгты ’мбæлы чысыл фоне- тикон ивддзинæдтимæ. Зæгъæм, уырыс æй дзурынц кутя, ку- тенок, болгайрæгтæ — куче. Ахæццæ тюркаг æвзæгтæм дæр, дзурынц æй кючук, кючюк, ома къæбыла. Абхазаг æвзаджы дæр бирæгъ фæсномыгæй хонынца-куыджта, ома куыдз нæу. Ирон нæмттæ Кудза æмæ Куыдзæг ныр дæр арæх фехъусæн ис, ахæм нæмттæ уыд скифтæм, сæрмæттæм æмæ алантæм дæр. 199
Мижда. Ацы скифаг дзырд ныртæккæ ирæттæ дзурынц мызд^ дыгур та — мизд. Скифты дзырд амыдта хорзæх ракæнын, хæс бафидын, лæвар ракæнын. Ирон æвзаджы дæр ын ахæм мидис ис, фæлæ йын ныр ис æндæр нысаниуæг дæр. Скифтæ дæр мижда дзырдтой рагон ирайнæгты хуызæн мижда, индоевропæйаг æвзаджы хъуамæ хъуыстаид миздгъо, персайнаг æвзаджы ис дзырд музд, пехлевийаг æвзаджы дæр уыд мизд, амыдта «фиддон». Согдаг æвзаджы хъуысти мизд, сакты та — мисд, авестæйы дæр скифты дзырды хуызæн миж- да, йæ мидис дæр афтæ. Дзырд мижда ис æмæ уыдис европæйаг æвзæгты дæр. Рагон славяйнаг æвзаджы фыст æрцыд мьзда, уырыссаг æвзаджы хъуысы мзда, амоны «вознаграждение», «взятка», мздоимец — «взяточник». Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ гуырдзиаг æвзагмæ дзырд мизди бацыд ирон кæнæ пехлевийаг æвзагæй. Нар, зæгъгæ скифтæ хуыдтой нæлгоймаг. Рагон ирайнаг æвзаджы уыди дзырд анарйа. Васо йæ æвзары афтæ: а-нар-йа. Ам мыр а æппæрццаг хайыг у, нар цы амоны уый зонæм, йа дзырды хауæны кæрон у. Дзырд æнæхъæнæй амоны, лæгдзи- над кæмæ нæй, ахæм адæймаг. Скифтæм лæгдзинад кадджын уыд, уымæн æмæ хæстон адæм уыдысты. Дзырд нар ис ирайнаг æмæ индоевропæйаг æвзæгты. Рагон индийаг æвзаджы уыди дзырд нар æмæ нарйа, амыдта «са- мец», «мужчина». Персайнаг, таджиктæ, пехлеваг адæм, бе- луджтæ, памирæгтæн сæ фылдæр зонынц дзырд нар, авестæйаг фыстыты æмбæлы дзырд ахæм хуызты: нар, нарйа. Васойы хъуыдымæ гæсгæ дзырд нари гуырдзиаг æвзагмæ бацыд ирайнаг æвзагæй, цæцæн æмæ мæхъæл та йæ райстой ирон адæмæй. Зæгъын хъæуы, скифаг дзырд нар иронау нæл цæмæн хъуы- сы, уый тыххæй. Скифаг дзырд нар раст фыст не ’рцыд бердзе- нагау. Хъуамæ йæ кæроны уыдаид — йа, рагон ирайнаг æвза- джы куыд у, афтæ — нарйа. Афтæ йæ куы сраст кæнæм, уæд зæгьæн ис: ирон æвзаджы историон фонетикæйы фæткмæ гæсгæ йæ бынаты æрбаддзæн. Мыр р й-йы разæй куы лæууыд, уæд ирон æвзаджы хызти л-мæ: нарйа — цар — нæл. Пада. Скифаг æвзаджы ацы дзырд амыдта «фæд», «бын- дар». Ирон æвзагмæ рахæццæ дард скифты рæстæгæй дыууæ хуызæй: фад æмæ фæд-æй. Фад йæ равзæрдмæ гæсгæ индоев- ропæйаг дзырд у. Ирайнаг æвзæгты ацы дзырд ныр дæр хъуы- сы скифаг дзырды фонетикон хуызы: йагнобтæ йæ дзурынц пода, сæ фыдæлтæ, согдаг адæм та пад (п’д), авестæйы фыст ис 124
пад «къах», пада та амыдта къахдзæф. Рагон индийаг æвза- джы дæр хъуыст скифаг дзырды хуызæн — пада. Памираг æвзæгты дæр ис чысыл фонетикон ивддзинæдтимæ: пад, пад, пуд, пот, пода æмæ а. д. Фад-ы дыккаг фонетикон хуыз фæд ныртæккæ ирон æвза- джы фыццаджыдæр амоны «след», дыккагæй та — цот, бын- дартæ, ома Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ славяйнаг дзырдтæ подошва, под, пеший, падать арæзт сты фадимæ иу бындурæй. Фæд-æй та ирон æвзаджы арæзт æрцыд фæсдзырд фæдыл æмæ номдар фæтк. Зæгъын хъæуы уый, æмæ скифаг мыр п хизын байдыдта ф- мæ. Ацы ивддзинад дæр сси ирон æвзаджы историон фоне- тикæйы фæтк. Скифаг дзырд пада-йы кæрон цы а уыди, уый лæмæгъ мыр уыд, æмæ ахауд. Раупаса Скифаг æвзаджы ацы дзырд амыдта «рувас». Рагон ирайнаг æвзаджы дæр скифаг дзырд афтæ хъуысти. Перс æй дзу- рынц рубагъ, робагъ, фæлæ йæ ныхасыздæхтыты Гарольд Бэйлийы хъуыдымæ гæсгæ ис ахæм фонетикон хуызтьс рубас, рувас, р’вос Ленинграды университеты Хурыскæсæйнаг факультеты ирайнаг филологийы кафедрæйы профессор Анна Зиновь- евна Розенфельд таджикаг æвзаджы æмæ ванджы ныхасыз- дæхты рабæрæг кодта скифаг дзырд раупаса мæнæ ахæм фонетикон хуызты: рубогъ, рубагъ æмæ рубиз, амоны «ру- вас». Пехлевийаг æвзаджы хъуыст ропагъ, ропас, ровас. Белуджтæ йæ дзурынц ропаск, курдаг адæм та — руви, ру- вас. Йагнобты ’взаджы ис дзырд руба, иуæй-иу хъæуты йæ дзурынц рюба (мæхæдæг фехъуыстон уыцы дзырд йагнобтæй 1967 азы). А. Л. Хромов Абайты Васойæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй йагнобтæй иу топоним хуыйны рупас (ИЭСОЯ II, 433 ф.). Чысыл фонетикон ивддзинæдтимæ æмбæлы памираг æвзæгты. Цыбыр дзырдæй, ахуыргæндтæй дызæрдыг ничи кæны, ски- фаг дзырд раупаса бындурон ирайнаг дзырд кæй у, ууыл. Ирæттæ йæ ныртæккæ дзурынц рувас, дыгур та —робас. Дзырды фонетикон ивддзинæдтæ ахæмтæ сты: рагон ирайнаг дифтонг ау (уыдис скифты ’взаджы дæр) ирон диалекты рахызт у-мæ, дыгуроны та — о-мæ. Ирон диалекты мыр в дыгурон диалекты дзырдты мидæг арæх ивд фæцæуы, æмхъæлæсон б-йæ, зæгъæм: дзывыр — дзубур, зæвæт — зæбæт, зæрватыкк — зæрбатуккæ æмæ а. д. Афтæмæй скифаг раупаса раивта ирон диалектмæ рувас, дыгуроны та — робас. Скифаг дзырд раупаса-йы истори дæргъвæтин у, бацыд бирæ 125
’взæгтæм, бирæ адæмтæм, ныхас ыл цæудзæни ноджыдæр. Ныр зæгъын хъæуы иу цымыдисаг хабар. Немыцаг стыр ахуыргонд Макс Фасмер 1923 азы ныммы- хуыр кодта стыр зонадон уац. Иртасы ирайнаг æвзаджы фæд Хуссар Уæрæсейы. Васо стыр аргъ скодта уыцы куыстæн. Макс Фасмер куыд рабæрæг кодта, афтæмæй ивгъуыд æнусты ныры Орловы облæсты чысыл цæугæдон хуынд Ропша, стæй уыцы ном уырыс раивтой сæхи ’взагмæ æмæ ныр хуыйны Лисичка. Фасмер доны ном Ропша бæтты скифты дзырдраупаса-имæ. Уырыссаг лингвисттæ дызæрдыг кодтой уыцы хъуыддагыл. 1962 азы Советон ахуыргæндтæ В. Н. Топоров æмæ О. Н. Трубачев ныммыхуыр кодтой стыр зонадон чиныг: Лингвистический ана- лиз гидронимов Верховного Поднепровья. Уым 225 фарсыл иртасынц цæугæдоны ном Ропша. Кæронмæ сразы сты Фасме- ры хъуыдыимæ, Ропша рацыд скифаг дзырд Раупаса-йæ зæгъгæ. Абайты Васо сразы уыцы иртæстытимæ æмæ афтæ загъта: «Ропша название реки в б. Орловской губернии; другое на- звание этой же реки — Лисичка — представляет русский пере- вод старого скифского названия; что скифские влияния дохо- дили весьма далеко на север, подтверждается и другими топо- нимическими данными». Чиныгкæсæгæн амоны Фасмерæн йæ уыцы куыст. Скифаг дзырд уырысмæ Ропша уымæн хъуысы, æмæ дифтонг ау рахызт о-мæ, с скифаг æвзаджы хæстæгдæр лæууыд ш-мæ æмæ йæ уырыс уымæ гæсгæ дзурынц ш. Дзырд раупаша-йы иннæ лæмæгъ хъæлæсонтæ æлвæст æрцыдысты, ома ахаудтой, афтæмæй ма скифаг дзырдæй баззад Ропша. Скифаг дзырд раупаса ис æндæр доны ном дæр — Рубас, зæгъгæ Дер- бентмæ хæстæг. Ныхас ыл кæндзыстæм. Сава зæгъгæ скифтæ хуыдтой «сæумæ». Рагон ирайнаг æвзаджы уыди дзырд савагь, авестæйы дæр фыст æрцыд са- вагъ зæгъгæ, ахæм фонетикон хуызы. Сакты ’заджы уыди дыу- уæ дзырды: сви æмæ свана. Фыццаг амыдта райсом, сом, свана та — сæумæрайсом. Рагон индийаг æвзаджы уыд дзырд свас скифаг дзырды мидисимæ. Абайты Васомæ гæсгæ скифаг дзырд сава ирон æвзаджы хъуысы сау— хицæнæй дзы нал пайда кæнæм, æмбæлы вазыг- джын дзырдты: сæуæхсид, сæудар, сæудзавд, сæухиз, сæууон, сæумæ рахызт сом-мæ, сомбон, райсом та хъуыст раги — сæумæ, ныртæккæ йæ дзурæм сæумæрайсом. Дыгурон дзырд сæумæ амоны «райсом». Йæ кæроны цы мæ ис, уый арæзтон хауæн амонæг нæу. Васойы хъуыдымæ гæсгæ у рагон ирайнаг хайыг ма. Дзырд æххæстæй хъуыст савама, рацы- 126
ди савагъ-æй (ИЭСОЯ, Ш, 94—96 ф.). Ацы дзырды æрцыд ахæм фонетикон ивддзинæдтæ: в ирон æвзаджы рахызт æрдæгхъæлæсон мыр у-мæ, йæ кæроны цы лæмæгь а уыди, уый ахауд, афтæмæй скифаг дзырд иронау хъуысы сау. Скифтæм уыди лæджы ном Савмак, Васо йæ хæстæг кæны сæумак — сæумаг-мæ. Тану. Ацы скифаг дзырд æддейæ бакæсгæйæ зын базонæн у ирон лæгæн, афтæмæй бындурон ирон дзырд у. Рагон ирай- наг æвзаджы уыди дзырд тани, амыдта «буар», авестæйы дæр — тану уыцы мидисимæ, рагон индийаг æвзаджы дæр хъуыст тану. Ирон æвзаджы хæстæгдæр æрвад согдаг æвзаджы дæр уыди дзырд тан, йагнобты ’мæ афганты ’взаджы дæр ис ацы дзырд. Ис иннæ ирайнаг æвзæгты дæр ахæм фонетикон хуыз- ты: тан, тана, тон, тано æмæ а. д. Бындурон ирайнаг дзырд кæй у, уый дæуццаг нæу. Скифаг дзырд тану ныртæккæ иронау хъуы- сы тæн, дыгуронау та — тæнæ, цы амоны, уый алчи дæр æмба- ры, ома йæ рагон мидис нæ бамынæг. Æрцыдис дзы чысыл фонетикон ивддзинæдтæ. Йæ кæроны цы у уыди, уый ахауд, а лæмæгъ хъæлæсон мыр уыди æмæ ирон æвзаджы рахызт æ-мæ, æмæ дзы рауади тæн — тæнæ. Дзырд тæн — тæнæ — йæ мидис аивта, амоны гуыбыны дæллаг хай. Иронау куы фæзæгъынц фосæй: йæ тæнтæ бахаудтой. Мзиа Андроникашвилийы хъуы- дымæ гæсгæ тæн бацыди гуырдзиаг æвзагмæ: тъани «тело». Угра. Ацы скифаг дзырд ирон æвзаджы дзæвгар аивта йæ хуыз, йæ мидис дæр ын нал æмбарæм. Стæй хицæн дзырд нал у, баззади рагон дзырд æфсургъ-ы. Дзырд угра скифтæм кад- джынуыд, амыдта «тыхджын», «хъомысджын». Скифтæмуыди лæджы ном Аспаугра. Хицæн кæны: аспа — угра, йæ мидис у Васойы фыстмæ гæсгæ «тыхджын бæхты хицау». Скифаг дзырд угра ирон рагон дзырд æфсургъ-ы мидæг кæй баззад, уый Васо афтæ æмбарьш кæны: Æфсургъ, дыгуронау æфсорхъ арæхдæр æмбæлы Нарты кадджыты, аргъæутты, амоны цыдæр æбу- алгъ тыхджын бæх. Æфсургъ рагон ирайнаг æвзаджы хъуыст аспа- угъра Аспа амыдта бæх, ныртæккæ йæ дзурæм йæфс — æфсæ. Ра- гон индийаг æвзаджы уыди дзырд угра, амыдта «хъомысджын», авестæйы та фыст æрцыд угъра, уымæн дæр ахæм мидис Вара Скифаг дзырд вара ныртæккæ ирон лæг нæ бамбардзæн. Райдайæны цы в ис, уый, æвæццæгæн, æрдæгхъæлæсон мыр у -ам^дта,.уымæ гæсгæ вара дзурæм уæр, уæрыкк. Нырыккон ирон æвзаджы уæр-мЗе æфтыд æрцыд къаддæргæнæн суффикс ыкк, икк (дыгуронау). Ацы суффикс ис памираг æвзæгты дæр. Абайты Васойы хатдзæгмæ гæсгæ нæ рагон фыдæлтæ фос- дарæг адæм уыдысты, æмæ фосимæ цы лексикæ баст уыд, уыдон 127
иууылдæр ирон адæммæ æрхæццæ сты, мæнæ уынут, уæр дæр| баззад ирон æвзаджы. Хшас зæгъгæ скифтæ дзырдтой нымæцон 6. Ирон æвзаджы историон фонетикæйы фæткмæ гæсгæ дзырдты разæй дыууæ æмхъæлæсон мыры куы лæууыд, уæд сæ разæй æвæрд цыд хъæлæсон æ. Уымæ гæсгæ йæ дзурæм æхсæз. Дзырд хшас — æхсæз индоевропæйаг дзырд у, ис ныр дæр бирæ æвзæгты. Ирайнаг æвзæгты йæ дзурынц: персантæ шаш, курдтæ шæш, авестæйы фыст æрцыд хшваш, рагон индийаг æвзаджы са, сас. Рагон славяйнаг æвзаджы уыд дзырд шесть, литовайæгтæм шеши, латинаг æвзаджы та хъуысти — секс. Йава. Ацы дзырдæн стыр ахадæн уыд нæ рагон фыдæлтæм. Скифтæ, сæрмæттæ, алантæ æрмæст фосдарыны куыстгæнæг нæ уыдысты, фæлæ уыдысты зæхкусджытæ дæр. Уыцы хъуыд- дагæн дæр баззад хорз æвдисæнтæ скифаг æвзагæй. Уыдонæй иу у йава, амыдта «просо», иронау йæуу, дыгур та йæ хонынц фагæ. Йава-йæу индоевропæйаг дзырд у, бирæ ’взæгты ис, уæл- дайдæр ирайнаг æвзæгты: персмæ хъуысы йау, курдтæ дæр æй афтæ дзурынц, белуджтæ дæр йау кæнæ йо, фæлæ афтæ хо- нынц хъæбæрхор, йагнобтæ йау зæгьгæ хонынц хъæбæрхор, авестæйы фыст æрцыдйава, æцæг йæ мидис уыд «злак». Уырыс- саг — ирон дзырдуаты «злак», «ячмень», «просо». Арийаг кæнæ скифаг æвзагæй ацыд угро-финнаг æвзæгтæм: финнтæ йæ дзурынц йивæ, «хлеб в зерне», мордовтæ та — йув, «мяки- на», удмурттæ та йæ дзурынц иу, «хлеб в зерне». Ирон (алай- наг) æвзагæй йæ айстой цæцæн æмæ мæхъæл. Зевак. Магуса чи уыди, ахæм лæджы хуыдтой Зевак, ома «зивæггæнаг». Ацы дзырд дыгур ныр дæр скифты хуызæн дзу- рынц: зевæг. Æрмæст скифаг к^рахызти зæланггæнаг г-мæ. Зевак рагон индоевропæйаг дзырд у, йæ фонетикон хуыз тынг аивта. Васойы хъуыдымæ гæсгæ рацыди заипака, кæнæ заибака-йæ, йæ индоевропæйаг уидаг уыд ггъеи, ггъеир, кæнæ ггъеибгъ — амыдта «ком ивазын». Дыгурон диалекты ма ис дзырд зивадæ, йæ мидис у «зивæг». Васойы хъуыдымæ гæсгæ уый дæр баст у зевæг-имæ, стæй йæ бæтты рагон славяйнаг дзырд зевати-имæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ скифаг дзырд уыд адæймаджы ном Нарты кадджыты. Зевак зæгъгæ уыд лæджы ном сæрмæттæм, фыст æрцыд бердзенаг дамгъæтæй Танаисы. Дарддæр нал дзурдзыстæм скифаг дзырдуаты фæдыл. Васо йæ куысты иртасы 255 лексемæйы, мах дзы райстам æрмæст 40. Фæндыди нæ чиныгкæсæджы цыбырæй скифаг дзырдтимæ базонгæ кæнын. 128
УИДÆГТÆ ГЕГКИТЫ МЫГГАДЖЫ ТЫХХÆЙ Гегкитæ цардысты Дыгургомы Къумбулты хъæуы. Доныфарс, Лезгор æмæ Къуымбылтæ иу хъæуыл нымад уыдысты, хаудтой Доныфарсы хъæусоветмæ. Къуымбылты хъæу фæстæдæр фæзынди. Цæрынмæ ацы бынатæй фадатджындæр зын ссарæн уыди — йæ алфамблай уыгæрдæнтæ, хуымзæххытæ, хъæд, цæуг- æдон. Цæмæн хуыйны нæ мыггаг Гегкитæ? Ахсахъ-Темыр быды- ры хъæутæ куы басаста, уæд дæллаг æфцæгыл бахызти Дыгур- гоммæ æмæ тынг æфхæрдта адæмы. Хъайты Хъай карз тох кодта Ахсахъ-Темыры ныхмæ. Ды- гургоммæ йæ фæдыл бацыд (Хъай йæхæдæг дыгурон уыд, æви уæллаг Ирæй, уый бæрæг нæу, фылдæр æй нымайынц уæллаг Ирæй рацæугæйыл) æмæ зилын райдыдта Ахсахъ-Темыры фæдыл, амарон æй зæгъгæ, фæлæ йын нæ бантысти. Уæддæр ын йæ адæмæй цалдæры амардта. Темыры фæсдзæуинтæ Хъайæн йæхи фæдыл зилын байдыдтой. Мæцутæйæ Æхсæумæ цæугæйæ рахизфарсырдыгæй хохы сæр уыди стыр нæзы хъæд. Уым суа- доны фарсмæ скодта Хъай хæдзар. Уыцы бынат хуынди Тъурусгæ. Уырдæм йæхицæн бинонтæ æрхаста. Райгуырд ын æхсæз фырты: Гегки, Тахъаз, Цъеу, Саге, Хачыр æмæ Дæгуй. Йæ фырттæн устытæ æрхаста. Уый фæстæ бирæ нал ацарди. Иу сæрдыгон бон æфсымæртæй алчи йæ куыстмæ ацыд, иу та дзы фыййау уыди. Уыцы бон Нары хъæуы уыди зиан. Мады уырдæм цæуын хъуыд æмæ йæ чындзытæн ныффæдзæхста: «Мæнæ уын дæгъæлтæ къæбицæй. Хæринаг-иу скæнут, æрмæст дыккаг къæбицы дуар ма байгом кæнут». Чындзытæ мады фæдзæхст сæххæст кодтой. Фæлæ уæддæр сæ иу афтæ: «Нæ уарзон æфсин нæ цыдæр æмбæхсы». Байгом кодтой дыккаг 9Махдуг№ 4, 1997 129
къæбицы дуар. Кæсынц æмæ — къæртаты ссæдтæ, æндæр ницы. Уæд сæ иу æваст ныхъхъæр кодта: иу къæртайы ссады сæр калм ыздыхтытæй хуыссы. Хъæрмæ йæ сæр фæхъил кодта. Чындзытæ ралыгъдысты. Калм дæр алыгъди. Уæдмæ мад æрбаздæхт æмæ чындзыты фæрсы: «Цы хабар у?» Хабар куы базыдта, уæд æнкъардæй афтæ: «Цæмæй тарстæн, уый æрцы- ди: нæ бынаты хицау афардæг. Йæ фыййау фыртмæ ныхъхъæр кодта, хабар ын радзырдта. Уый урс уæрыкк æрцахста æмæ цæуын байдыдта калмы фæстæ, лæгъстæтæ йын кодта: «Æрлæуу, фæстæмæ раздæх, кæм æрлæууай, уым дын урс уæ- рыкк аргæвддзынæн æмæ дын физонæгæй Хуыцаумæ бакув- дзынæн». Калм не ’рлæууыди, тигъмæ сбырыд. Уыцы тигъæй уæлæмæ дардыл ныззылди тъæпæн дур-хох. Иуырдыгæй æмдзæгдæр къул, иннæрдыгæй та йæм дзæбæх схизæн уыд. Уыцы ран кусарт акодта лæппу, физонæгæй скуывта Хуыцаумæ. Уый фæстæ уым хæдзар сарæзтой — фæстагмæ сси кувæндон. Абон дæр æм цæуынц кувынмæ. Кувæндоны ном хуыйны Багъайты дзуар. (Цæрæг дзы нал и, фæлæ дзы алы аз дæр вæййы стыр куывд. Æрбацæуынц суанг быдыры хъæутæй дæр, стæй горæтæй). Æфсымæртæ сæ раздæры цæрæнтæ ныууагътой æмæ Багъайты дуры сæр сарæзтой стыр чъырынтæ. Мыггаджы мæсыг сын нæ уыди, фæлæ Багъайты хæдзар мæсыгæй фидардæр уыд, стæй бæрзонддæр. Дыгургомы иунæг къуым дæр нæй, уыцы хæдзар кæдæм нæ зыны. Æфсымæртæ уым бирæ фæцардысты. Бинонтæ сбирæ сты. Фæстæдæр бауынаффæ кодтой: «Ам, дуры сæрыл кæдмæ цæрдзыстæм? Дон нæм дард. Нæ фарсмæ дуне зæххытæ, дис- саджы цæрæн бынат, раст къуымбилы хуызæн. Ацæуæм уырдæм». Æхсæз æфсымæрæй фондз — Гегки, Цъеу, Тахъаз, Хачыр æмæ Саге) сæ бынат раивтой уырдæм, Дæгуй та Доны- фарсы скодта хæдзар. Уыцы æфсымæрты нæмттæй рауади мыггæгтæ: Гегкитæ, Цъеутæ, Хачыртæ, Тахъазтæ, Сагетæ æмæ Дæгуйтæ. Сæ цæрæнбынат сæ зæрдæмæ тынг цыд æмæ йæ схуыдтой Къуымбылтæ. Æхсæз мыггаджы дæр уыдысты пы- сылмæттæ. Уый фæстæ Къуымбылтæм Асыйæ æрбалыгъдысты Бæллотæ. Уыдон уыдысты пысылмæттæ. Чи зоны, мах дæр уыдонæй райстам пьгсылмон дин. Къумбулты ма æрцардысты дыууæ æфсымæры: Сабай æмæ Гæмос. Уыдонæй рацыдысты Сабайтæ æмæ Гæмосты мыггæгтæ. Фæстагдæр ма Къуымбылты æрцардысты Таматæ æмæ Сехъ- отæ. Дыууæтæ дæр уыдысты туджджынтæ, æрбалыгъдысты Мызуры бынæй. 130
Гегкийæн уыд иунæг фырт, йæ ном ын ничи зоны. Уымæн дæр райгуырд иунæг фырт — Дзæрæх. Иннæ фæлтæртæ цы- дысты афтæ: Дзæрæх — Хъаирбег — Цæппо — Али (Алийæн ма уыд иу хо). Алийæн уыд аст фырты Абе, Смали, Хъогъ- алыхъ, Зауырбег, Сæхмæт, Даукуый æмæ Хъуырман. Абоны Гегкитæ иууылдæр сты уыдоны цот. Хъуырман Америкмæ ацыд æмæ фæстæмæ нал раздæхти. Али йæ хоимæ сидзæрæй базза- ди, схаста сæ Хачырты Бенегон. Уыдысты ирон хæрæфырттæ, сæ мады мыггаг уыди Кинатæй.. Уыцы мыггагæй ныр Ирыстоны ничиуал ис, алыгъдысты Туркмæ. Туркмæ куы лыгъдысты, уæд хистæртæ фæсивæдæн бафæдзæхстой: «Ацæут Дыгургоммæ æмæ уыцы лæппуйы радавут, науæд ам баззайдзæни». Фæсивæд бацыдысты хохмæ, лæппуйы радавтой. Чидæр Бенегонмæ фæха- бар кодта. Бенегон хъаруджын лæг уыд, уæлбæхæй сæ расырд- та æмæ сывæллоны комы дымæджы байста. Алийы хойы моймæ радтой Мызурмæ, Зæнджиатæм. Уый чыз- джы ракуырдтой Бесолтæ (æрыдойнæгтæ). Йæ ном хуынди Дзæхи æмæ йын райгуырди цалдæр фырты æмæ чызджы. Чызджытæй иу чындзы ацыди Адырхатæм (Æрыдоны), иннæ — Бесолты Женя — ныртæккæ цæры Дзæуджыхъæуы, æрæджы йын бæрæг кодтой йæ юбилей — сæххæст ыл 90 азы. 1931 — 1938 азты куыста агро- номæй Æрæфы районы, фылдæр Хæзныдоны, царди мæ фыдыф- сымæр Гегкиты Зауырбегмæ. 1920 азы Алийы аст фыртæй æхсæз ралыгъди Дидинатмæ. Уырдыгæй Хъогьалыхъ æмæ Зауырбег ра- лыгъдысты Хъарадзауты хъæумæ (Хæзныдонмæ). Иннæ æртæ æфсымæры (Смали, Сæхмæт æмæ Даукуый æрцардысты Цыко- лайы. Дыууæ хистæр æфсымæры (Дрис, Абе) базз’адысты Къуым- былты. Мах, сæ цæуæт, Хæзныдонмæ ралыгьдыстæм 1939 — 1940 азты. Абон цæрæм бирæ рæтты. Уæллаг комы Хуссары хъæуы (стæй та Дунты) дæр царди цалдæр хæдзары Гегкитæй. Уыдоны хабæрттæ нæ фыдæлтæ афтæ кодтой: Гегки уыди стыр зонды хицау, дзуапджын лæг. Туджджынты бафидауын кæнынмæ йæхицæй рæвдздæр ничи уыд. Уæдæ фæдисæтты разæй дæр кæддæриддæр уый цыди. Зарæг дæр ыл, æвæццæгæн, хуымæтæджы не скодтой. Уæллаг комы Хуссары хъæуы цард иу идæдз ус. Уымæн Хъайæ райгуырди лæппу. Йæ мад ыл сæвæрдта ном — Гегки (идæдзæн йæ фыды ном дæр афтæ хуынди). Уымæй рацыди Гегкиты мыггаг. Уыдонимæ нымад стæм æрвадæлтыл. Асыйы дæр ис стыр мыггаг Гегкитæй. Куыд дзурынц, афтæмæй сты Дыгургомæй ралидзгæ. Сæ хабæрттæ сын бæлвырдæй нæ зо- нын. 131
Алийы фырттæн сæ хистæр Дрис уыди мæ фыдыфыд. Мæ фыд Даукуый райгуырди 1888 азы. ХЪАЙЫ ФЫРТ ГЫЦЦЫЛ ГЕГКИЙЫ ЗАРÆГ Гуырдзыйы Гезенайы хъæуы царди Гогона Ахалбеда-æлдар. Уый Стыр Дыгурыл хъалон куы æвæрдта, Чызджы дзæбæх, лæппуйы дзæбæх сæм нæ уагъта. Хъайы фырт гыццыл Гегки куы ралæг, Уæд æм худинаг кæсын куы байдыдта. Рагæй дæр Стыр Дыгур æмæ Доныфарс Иу фарс куы уыдысты. Уæлæ Къуыссуйы Хуымесы цур Мадзасгæйы лæгæтмæ Гегки Дзуапджын адæм куы æрæмбырд кæны. Уынаффæ куы кæнынц, фæлæ сæ дзырд Кæрæдзиуыл куынæ бады. Уæд Гегки афтæ фæзæгъы: «Сау халон уæрцц никуы ахæссы. Уæздæттæй немæ куы ничи уа, Уæд ницы бакæндзыстæм». «Уæдæ кæй бацагурæм?» «Тугъантæй лæг бацагуриккам, фæлæ уыдон Бæмбæгдзых æмæ сындззæрдæ сты». «Хъуыбадтæй лæг бацагуриккам, фæлæ уыдон хахуыр сылау Сылæвзаг ысты æмæ нæ ауæй кæндзысты». «Зураптæй лæг бацагуриккам, фæлæ уыдон Хæресаг галау хомлæбæз ысты». «Хъантемырты Налыхъы фырт Хъантемыры бацагуриккам, Фæлæ нын куынæ бакома — ног усджын у». Гегки йæ фæсонты дыууæ æрчъийы ацæвы Æмæ фæраст вæййы Къуыссумæ. Гегки бахъæр кæны Хъантемырмæ. Йæ хабæрттæ йын куы ракæны. «Нæ фæразын, мæ бон не суыдзæни». Дыккаг хатт æм бадзуры. «Къахыдарæсæй рæвдз нæ дæн». «Уый тыххæй ма тыхс», — æмæ Гегки Йæ фæсонтæй дыууæ æрчъийы фелвасы. «Уыдон мын гыццыл ысты». Хъантемыры фыд Налыхъ куы рагæпп кæны: «Гъей лæппу, куы мæ фегад кодтай. 132
Арты фарс æмæ усы фарс сæхимæ ласынц». Хъантемыр радзуры Гегкимæ: «Хуыцау дæ ма сразы уæд. Рагæй дæр мæ фыдхор уыдтæ». Мадзасгæйы стыр арты фарсмæ тымыгъы Уынаффæтæ куы хæссынц. Уыцы рæстæг Гогона-æлдар хæтæны куы рараст и. Мадзасгæйы æфцæгæй йæ кæсæнцæстытæй куы ракæсы Æмæ куы базоны Гегки æмæ Хъантемыры. «Рахæссут мын мæ хъримаг. Саг уын рамарон, æби саджы æмуæз нæл хуы?» «Саг нын рамар, хуы ничердæм алидздзæни». Ныхъхъавыд, æмæ фат ысуади Хъантемыры зæрдæйыл. Гегки ныхъхъæр кæны: «Тагьд арт ахуыссын кæнут!» Йæ нымæтæй æрæмбæрзы Хъантемыры мард. «Райсоммæ мæм æнхъæлмæ кæсут». Æхсæвыгон æрзилы Дыгуры æппæт хъæутыл дæр. Хъæр кодта: «Йæ сæрмæ æгад чи нæ хæссы Æмæ Гогона-æлдары мулкыл хæлæф кæнынмæ Чи цæуы, уыдон æрæмбырд уæнт Мадзасгæмæ». Дыккаг бон адæм æрæмбырд ысты Мадзасгæмæ. «Фæцæуæм, зæгъы, туг исынмæ». Сæ изæр бахæссынц Ахалбеда-æлдары хъæумæ. Хъæуы алыварс куы ’ртыхсынц сусæгæй. Гегки сæм дзуры: «Æлдары мæсыджы цур ис гæны цæхæрадон. Хуыцау куы зæгъа, уæд æлдары егар-куыйтæ Уырдæм баирвæздзысты. Æмæ Хуыцау цы зæгъа, уый уыдзæни. Сæумæрайсом уæм мæ худ фæтилдзынæн, Æмæ-иу æмæхст фæкæнут». Гегки гæны цæхæрадоны йæхицæн бынат ыскæны. Райсомæй куы ’рбарухс, уæд Гегки йæ худæй ацамоны, Æмæ йе ’мбæлттæ хъримæгтæй æмæхст фæкæнынц. Гегки æнхъæлмæ кæсы рудзынджы цур. Гогона-æлдар рудзынг байгом кæны, Цы хабар у зæгъгæ. Фæлæ ницы федта. Астæуккаг рудзынгæй ракæсы. Гегки куы фæгæпп ласы, Æмæ æлдары йæ боцъойæ куы рацахсы. 133
Цæхæрадонмæ йæ раппары æмæ йын кард йæ зæрдæйы Куы ныссадзы. Йæ рахиз цонг æмæ йын йæ рахиз хъус æрлыг кæны Æмæ сæ йæ хызыны куы ныппары. Уацайрæгты суæгъд кодтой. Гогонайы мулк та фæхæлæйфаг и. Дыккаг бон Мадзасгæмæ æрбацæуынц. Марды уæлхъус æрлæууынц. «Чи бафæраздзæни Налыхъæн йе стыр зын зæгъын?» Гегки размæ рацæуы æмæ фяезæгъы: «Уыцы уæззау хæс æз мæхимæ исын». Сынтыл ахæссынц Хъантемыры мард йæ фыды хæдзармæ. Налыхъ базоны, цыдæр стыр бæллæх ыл кæй æрцыд, уый. Мæрдцзыгойы размæ рацæуы æмæ фæзæгъы: «Иунæг дæр уæ йæ къах не ’рбавæрдзæни мæ тыргъмæ, Цалынмæ мын мæ фырты туг райсат, уæдмæ». Гегки сынты разæй, Æлдары цонгæй йæ сæр хойгæ бацæуы. Уæд Налыхъ афтæ фæзæгъы: «Æгайтма æгад не ’рбахастат. Мæ туг ист æрцыди. Ныр кæугæ дæр мачиуал ыскæнæд». Ой, Гегки, мæрдты дзæнæты фæбадай, Дыгурæн кад чи скодта Ныффыста йæ ГегкитыДаукуыйы фырт Берди. Райгуырди 1924 азыДоныфарсы (Къумбулты), царди Хæзныдоны, ныртæккæ та цæры Дзæу- джыхъæуы.
ФЫСДЖЫТÆХУДЫНЦ ИСТОРИОН ХАБÆРТТÆ ЦÆЙ ФЫССÆГ ИС ДÆУÆЙ ТА... Райдайгæ фыссæг йæ къухфыст журналмæ бахаста. Редак- тор ыл йæхи сцагъта: — Æнæ дæу дæр графомантæй нæ хъуырмæ стæм! Фæлтау ацу æмæ исты пайдайаг куыст кæн — хъыцъы уæй кæн, кæнæ цыллæйы кæлмытæ, уæддæр гæххæтт ма хардз кæн! Дæуæй фыссæг никæддæр рауайдзæн! Редактор уыд Клемансо, фæстæдæр дыууæ хатты Францы хицауады сæрдар, «графоман» та — Золя. ХОСТÆ Зындгонд норвегиаг драматург Генрик Ибсен иу заман аптекæйы хостæгæнæгæй куыста. Иуахæмы дын æм цавæрдæр зæхкусæг лæг бацыд дыууæ рецептимæ — фæйнæ хуызы хостæ йæ хъуыд: иутæ йæ усæн, иннæтæ йæ хъу- гæн. Ибсен ын хостæ дæтгæйæ афтæ: — Дæ зæрдыл сæ бадар: мæнæ ацы хостæ дæ усæн сты, адон та дæ хъугæн. Куы дын фæивддзаг уой, уæд дæ хъуг фæхæдмæл уыдзæн! КÆД ЦИН, УÆД - УÆЛÆУЫЛ Францаг фыссæг Поль Клоделы йæ иу хæлар дисгæнгæйæ бафарста: — Дæ хорзæхæй, бамбарын ма мын æй кæн, ды дæхæдæг 135
диныл хæст куы дæ, уæд ацы æнæхуыцау нывгæнæгимæ куыд цæрыс хæларæй? — Æцæг дунейы фæйнæ фæйнæ раны уыдзыстæм æмæ нæ сæмбæлдзыстæм. Уымæ гæсгæ йыл уæлæуон царды цин кæнын. ГУЫДЗЫГО * * * Ирон театры уыд стыр æмбырд Нигеры райгуырды 100 азы боны кадæн. Фехъусын кодтой: — Ныр та ныхасы бар нæ хицауады лæгтæй иуæн — Бир- æгъты Юрийæн. Гусалты Барис худгæйæ йæ фарсмæ бадæг фысдокытæн афтæ: — Раст нæ загътой! Афтæ зæгъын æмбæлд: — Ныр та ны- хасы бар нæ хицауады бирæгътæй иуæн... 136