Текст
                    Арын дзы мæ фырты чысыл
лæппу Михаилы ном
Айрæз, Михаил, мæ царды ных,
Басгуых нæ адæмæн фарны лæг.
Разынæд дæм уыйбæрц зонд ’мæ тых,
Аскъуын Амыраны басты цæг.
Автор


^^я^~
ДУДАЙТЫ ГЕРСАН ÆРХÆНДÆГ ФЫСТÆГ (Радзырдтæ, таурæгътæ, легендæтæ, цардуагон аргъæуттæ, æмдзæвгæтæ æмæ публицистон уацтæ) * Дом печати РЮО ЦХИНВАЛ 2017
84 (Осет.) Д 81 Дудайты Г. Д. - Æрхæндæг фыстæг. - Цхинвал, Мыхуыры хæдзар, 2017. Дудаев Г. Д. - Грустное письмо. - Цхинвал, Дом печати РЮО, 2017. Автор йæ ног чиныгмæ бахаста радзырдтæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, æмдзæвгæтæ æмæ публицистон уацтæ. Чиныгкæсæджы зæрдæмæ фæндаг кæй ссардзысты, ууыл дызæрдыггæнæн нæй. '5ВЫ - Издательский №2 © Дом печати РЮ0, 2017 © ДудаевГ.Д., 2017
Разныхас РÆСУГЪД ЦАРДВÆНДАГ Адæм уынд æмæ кондæй куыд алыгъуызæттæ сты, аф- тæ вæййынц сæ цардвæндæгтæ дæр, иу дзы иннæйы хуы- зæн нæу, фæцæуынц царды æндæр æмæ æндæр фæндæгтыл æмæ дзы бирæтæ куыд сæхицæн, афтæ сæ иубæстон адæ- мæн дæр скæнынц кад æмæ ном. Царды дæрзæг фæндæгтыл фæцыд йæ базонынхъомæй фæстæмæ Дудайты Герсан дæр. Фæлæ дæ фарсмæ куы абада, куы дын дзура йæ царды хабæрттæ, уæд дæ дисы баппардзæн йæ миниуджытæй. Цыма иууыл лæгъз фæн- дæгтыл цыд абоны бонмæ, цыма фыдæбон цы у, уый йе уæхсчытыл нæ бавзæрста, уыйау йæ мидбылхудт фæра- зæй вæййы, цæстытæй æхсызгон стъæлфæнтæ феппары. Хатт сæ зæгъынмæ зивæг дæр бакæны, нæ йæ фæфæнды гуыргъахъхъ фæндæгты тыххæй дзурын. Дудайты Герсан райгуырд 1933 азы 1 декабры Цхинва- лы районы Махисы хъæуы. Сæ ныййарджытæн уыдысты цыппар лæппу æмæ цыппар чызджы. Йæ фыд Димитр 1912 азыуыд Уæрæсейы æфсады рæнхъыты æмæ фыццаг дунеон хæсты йæ службæйы фæдыл афтыд Турчы бæстæм. Дыууæ азы фæстæ æрыздæхт æнæнизæй хæстон хорзæхтимæ æмæ фæллой кодта колхозы. Цыбыркъухуæвгæйæ, йæ аст сывæллоны къæбæрцух никуы ныууагъта, архайдта, цæ- мæй йæ кæстæртæй алчидæр царды раст фæндагыл æр- лæууыдаид. Герсан арæх фæдзуры, зæгъгæ, æз абоны бон дæр сæрыстыр дæн мæ фыдæй, ахуыры фæндагыл мæ кæйрæвдз кодта,уый тыххæй. Къаддæр нæуыд ныййарæджы фыдæбон хъæбулты раз, æхсæв бонæй нæ иртæста, афтæмæй хъо- 5
мыл кодта йæ зæнæджы, активон хайад иста колхозон кондады. Герсаны мад Хынцæгты Пъело, хорзæхджын æр- цыд Мад-Хъайтары орденæй, раззагон хъугдуцæг кæй уыд, æхсырæрдыгъдæй йæ пълæнттæуæлдайджынтæй кæй æх- хæст кодта,уый тыххæй дæр хорзæхджынуыд æндæр æмæ æндæр хорзæхтæй. Герсан ахуыр кодта Махисы райдиан скъолайы, фæстæ- дæр та - Бихъары 7-азон скъолайы. Стыр Фыдыбæстæйон хæст йæ дæрзæг арм æруагъта канд хæстонтыл нæ, фæлæ ма скъоладзаутыл дæр. Герсан дæр бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, ахуыры æмрæнхъ, колхозы æмæ хæдзары куыс- тытæй цух нæ уыд. Уымæн æмæ афтæ домдта карз рæс- тæг. Фæлæ уæддæр ахуырмæ йæ тырнындзинад тынг уыд. Ахъуыды ма кæнæм, Громы астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодта, уæд æрмæст алыбон дæр фистæгæй цыд 20 километры. Куы-иу ссæрибар, уæд йæуроктæ дæр фылдæр даргъ фæндагыл цæугæйæ ахуыр кодта. Фæлæ йын иууыл зындæр уыд, не скъолатæ нын гуырдзиаг æвзагмæ кæй ра- ивтой, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уыд, иу дзырд дæр цы æвзагыл нæ зыдта,уымæй æппæт предметтæ дæрууыл ахуыр кæнын. Ахуыр кæнын та йæ тынг фæндыд. Æнтыстджынæй каст фæци астæуккаг скъола æмæ растуыцы рæстæджы скъолатæ ивд æрцыдысты национ скъолатæм. Нæ фаг кодтой кадртæ æмæ йæ снысан кодтой Уæллаг Бихъары скъолайы ахуыргæнæгæй. Фæлæ Дудайы фырт æмбæрста, æрмæст астæуккаг ахуырад райсын фаг кæй нæу æвзонг фæлтæры зонындзинæдтæй схотыхджын кæнынæн. Иу аз ахуыргæнæгæй бакусыны фæстæ 1954 азы ахуыр кæнын райдыдта Сталиниры паддзахадон пединсти- туты ирон филологийы хайады æмæ йæ каст фæци 1958 азы. Райгуырæн къуым адджын у, зæрдæмæ æввахс сты йæ цинтæ дæр æмæ йæ зынтæ дæр. Герсан кусын райдыдта Бихъары 8-азон скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй, фæстæдæр тауыд йæ директор. 1975 азæй 1992 азмæ та ахуыргæнæг-хъомылгæнæг æмæ дирек- 6
торæй куыста Отъреуы 8-азон скъолайы. Рæзгæ фæлтæ- рæн ма йæ зонындзинæдтæ не ’вгъау кодта æндæр бынæт- ты кусгæйæ дæр, цæмæй царды ссарой сæхи аккаг бынат, райгуырæн къуымæн суой æнувыд хъæбултæ. Æмæ куыднæ! Йæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ систы ахуыргæнджытæ, инженертæ, агрономтæ æмæ æндæр дæсныйæдты специа- листтæ. Герсан йæ бирæазон æнæзæрдæхудт куысты тыххæй би- рæ арфæйы ныхæстæ æмæ Кады гæххæттытæ фæиста. 0, 45 азы 45 боны, мыййаг, куынæ сты. 1987 азы хорзæхджын æрцыд Кады грамотæйæ, 1980 азы та ссис социалистон ерысы уæлахиздзау 1988 азы йын лæвæрд æрцыд хистæр ахуыргæнæджы ном æмæ 2003 азы та райста «Куысты ветеран»-ы ном. 1950-70 азтыуæды Сталиниры педагогон институты куыстой фæлтæрд ахуыргæнджытæ куыд Бекъойты Ди- митр, Хъуылымбегты Гигуц, Дыгъуызты Павел, Джиоты Илларион, Æлборты Виктор, Мамиты Григори, Дзассохты Нина, Цхуырбаты Оля, Цхуырбаты Лиза æмæ æндæртæ, кæцытæ рæдауæй лæвæрдтой сæ зонындзинæдтæ сту- денттæн æмæ схъомыл кодтой не скъолатæн бирæ разза- гон ахуыргæнджытæ, уыдонимæ ма сфæлдыстадон æмæ зонадон кусджытæ. Аивгъуыдтой се ’ппæт дæр се ’нусон бæстæм, фæлæ сæ абон дæр Герсан æрымысы хорзæн. Герсан æмæ йæ бинойнаг Хъуылымбегты Венерæ амонд- джын сты хисæрмагонд царды дæр, схъомыл кодтой æмæ царды раст фæндагыл бафтыдтой се ’ртæ фырт æмæ иу чызджы. Уыдон се ’ппæт дæр райстой уæлдæр ахуырад æмæ сты Ирыстоны æнувыд хъæбултæ. 2008 азы августы хæсты рæстæджы сæхи равдыстой хъæбатырæй. Герсан æмæ Венерæйæн ис хъæбулы хъæбулы хъæбултæ æмæ ра- йынц сæхурæй. Дудайты Герсан æнувыду ирон мыхуырыл æмæ дзы йæ- хæдæг дæр исы активон хайад, йæуацтæ, таурæгътæ мы- хуыры цæуынц газет «Хурзæрин»-ы æмæ журнал «Фиди- уæджы» фæрстыл æмæ сыл кæсджытæ сæмбæлынц æх- 1
сызгонæй. Уъшæй дарддæр ма мыхуыры рауагъта чиныг «Зæрдæйы сагъæстæ». Йæ дыккаг чиныг «Бихъаргом»-ы лæмбынæг æвдыст цæуы Бихъаргомы хъæуты равзæрды истори. Чиныг кæд гуырахстæй чысылууæддæр хорз лæвар у, Ирыстоны хъæуты историмæ чи цымыдис кæны, æппæт уыдонæн. Ныртæккæ кусы ног чиныгыл - «Æрхæндæг фыстæг», зæгъгæ, ахæм номимæ. Тагъд хъуамæ рацæуа мыхуыры. Сæххæст 80 азы растзæрдæ æмæ сæрныллæг адæймаг, йæ уарзон Ирыстоны иузæрдион фырт Дудайты Герсаны райгуырдыл. Царды йæм бирæ рæсугъд фæндтæ æмæ бæл- лиццтæ ис нырма æмæ йын сæххæст уæнт йæхи æмæ йæ хорзмæбæлджыты фæндиаг. Уынджы фæцæйцæугæйæ, фылдæр хатт йæ къухы хъуамæуа кæнæ газет «Хурзæрин», кæнæ ирон чиныг, æмæ йын кæддæриддæрудæнцойхæссæнт! ХУЫБИАТЫ Никъала I
Радзырдтог селлæ таур&гътог ÆРХÆНДÆГ ФЫСТÆГ Дзебысон йæ сæрыхицауы амæлæты фæстæ баззад хæрзæвзонгæй, йæ чысыл хъæбул Азæмæтимæ. Цард ыл йæ уæз æруагъта. Йæ лæджы куыстытæ дæр æрхаудтой йæ иунæг сæрмæ æмæ сагъæсты аныгъуылд. Адæймаг сомбоны ныфсытæй цæры æмæ Дзебысон дæр цардис уыцы ныфсытæй. Йæ сæйраг мæт уыд Азæмæты адæмы рæгъмæ ракæнын, ахуырмæ йын уæрæх фæндаг раттын. Æнцон нæ уыд иунæг цонгæй зæрдæйы фæндтæ сæххæст кæнын. Æхсæв бонæй не ’взæрста. Тыхст йæ зæрдæ, фæлæ фæрæзта йæ фыдæбойнаг цардæн. Фæзæгъынц, мæгуыр лæгæн йæ уæныг - гал, йæ лæппу - лæг. Азæмæтæн йæ дæс азы йæхирдыгæй фесты. Коммæгæс æмæ кусаг, мады зæрдæ дзы рухс кæны. Ныр йæ царды мæгуырдзинæдтыл хъæцын райдыдта. Бирæ курджытæ уыд Дзебысоны, хъæубæстæ дæр æй разæнгард кодтой, æвзонг дæ, зæгъгæ, фæлæ алы хатт йæ ныхас уыд: - Уыцы бон мæ фæстаг бон уыдзæн. Искæй лæг мæ иунæг хъæбулмæ тызмæг куы сдзура, зул цæстæй йæм куы бакæса... Азæмæт ахуырмæ æвзыгъд уыд, каст фæцис астæук- каг скъола æмæ уыцы аз радта фæлварæнтæ хъæууонхæ- дзарадон институты агрономон хайадмæ. Мады зæрдæ хуры фарсмæ абадтис, ферох кодта йе ’взонг царды уæззау бонтæ. Рагæй дæр Азæмæт хъæууон цард уарзта æмæ каст куы фæцис институт, уæд æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ æмæ райдыдта колхозы агрономæй кусын. Азæ- мæты лæгдзинадмæ чи нæ батæхуды кæны хъæубæсты дæр æмæ комбæсты дæр, ахæм стæм разындзæнис, уæд йæ фæлмæн ныхас, йæ ацыд, йе ’рбацыд, рæвдз - лæггад кæнынмæ. Азæмæты бакаст, фидыцджын цæсгом æмæ 9
уæнгты æвæрдмæ бирæ чызджытæ йæ уарзты зынгæй ссудзынц, фæлæ дзы Азæмæт йæхицæн никæй аккаг кæны. Афтæмæй йæ 37 азы йæхирдыгæй фесты. Мад йæ иунæг хъæбулы мæтæй йæ царды йæхицæн бынат нæ ары. Æрæджы горæтæй Азæмæты хъæумæ æрцыд иу æвзонг чызг Азаухан, зæгъгæ, ахуыргæнæгæй. Азаухан бирæ усгур лæппуты зæрдæмæ цæуы хъæубæс- ты, фæлæ йæм йæ ныфс ничи хæссы. Гуырысхо кæнынц горæттаг чызг хъæууон цардæй куы фæтæрса. Азаухан та раджы базыдта горæт æмæ хъæуы царды ’хсæн сомбон хицæндзинад кæй нал уыдзæн. Стæй йæ зæрдæмæ цæуы сыгъдæг, сатæг уæлдæф, уарзы хи къухæй æрдуцгæ хъарм æхсыр, æркæнгæ картоф. - Уæдæ ма хуыздæр цард ссарæн кæм ис? - фæзæгъы Азаухан. Иу бон Азаухан фæскуыст суадонмæ ацыд дон хæссын- мæ, йæ фæндаг уыд Дзебысоны хæдзары рæзты. Дзебы- сон рацыд йæ размæ. Салам ын радта. Азаухан йæ донгарз æрæвæрдта æмæ йын уый дæр зæрдиаг арфæтæ ракодта. Дзебысон æфсæрмгъуызæй афтæ зæгъы: - Мæ хур, Азаухан, мæхи Азæмæты йас дæ уарзын. Азаухан фефсæрм æмæ зæхмæ нымдзаст. - Кæд мæм нæ фæхъыг уыдзынæ, мæ чызг, уæд дын иу ныхас куы зæгъин. - Зæгъ, дæ хорзæхæй, Дзебысон, зæгъ. - Мæ чындз бакæнынмæ дæ хъавын. Азаухан тынгдæр ныфсæрм æмæ афтæ зæгъы: - Уый æрмæст дæу æмæ мæнæй аразгæ нæу. Кыры ду- джы алкæмæн йæ уд йæ бар у. Дыууæ уды та кæрæдзи хъуа- мæ уарзой. - Раст зæгъыс, Азаухан, дыууæ уды кæрæдзи куыннæ уарзой, уæд уым цард аразæн нæй. Дзебысон йæ зæрдæйы рæбын арф нывæрдта Азауха- ны ныхæстæ æмæ сæ æрвылбон фæлхат кæны. Дзебысон йе ’взонджы бонты бирæ удхайраг цард фæкодта æмæ йыл ныр æртæфстысты æмæ йе ’нæниздзинад фæцудыдта. Иу бон рабадтис йæ сынтæджы æмæ афтæ зæгъы: - Мæ хъæбул Азæмæт, мæнæн бирæ цæрæнбон нал ис æмæ чи уыдзæн дæ хицау, зæгъ-ма. Дæ цахъхъæнтæн сæ 10
сывæллæттæ скъоламæ цæуынц. Дæуæн та нырма агури- наг у дæ амонд. Ахъуыды кæн дæ сомбоны цардыл. Мæнæ нæ ахуыргæнæг Азауханæй адæм ард хæрынц. Цæттæ, ахуыргонд чызг, хæдзары куыстытæй дæр ын амонын ницы хъæуы. Дæлæ нæхи Аминæтæн дæр йæ хъуццытæ уый фæдуцы. Хуыздæртæй хуыздæр куы агурай, уæд зон, дæ амонд дæхи къухæй фесафдзынæ. Хуры цæсты сау стъæлфæнтæ ма агур. Азæмæт æнцад фæхъуыста йæ мады ныхæстæм æмæ афтæ зæгъы: - Гыцци, мæхи зæрдæмæ дæр цæуы, фæлæ... - Мæ уд дын уый фестæд, цæмæй ма дын æй æрæййафон. Уыцы бонæй фæстæмæ Азæмæт Азауханыл арæхдæр æмбæлд, кæрæдзи хуыздæр æмбарын байдыдтой. Рæстæг куыд цыд, афтæ Дзебысоны æнæниздзинад æвзæрдæр кодта, фæстагмæ бынтондæр æруатон, сынтæг æй йæхимæ ныббаста. Иу бон Азæмæт Азауханæн афтæ зæгъы: - Гыцци тыхст у æмæ ма йын исты ныфсытæ авæр, кæд йе ’нæниздзинад фæхуыздæр уаид. Азаухан Азæмæты ныхасыл дыууæ нал загъта. Алхæдта дуканийы адджинæгтæ æмæ Дзебысоны уынынмæ бацыд. - Гыцци, ракæс-ма мæнæ дæм Азаухан рынчынфæрсæг æрбацыд. Дзебысон йæ мæллæг, æдых къухæй Азауханы къух рай- ста, йæ риумæ йæ нылхъывта æмæ афтæ зæгъы: - Дæ цæрæнбон бирæ, Азаухан, мæнæн мæ зæрдæ чи ба- рухс кодта мæ мæлæты фæндагыл. Бæрæг уыд цыдæр зæгъын ма йæ кæй фæндыд, йæхи уæззау æруагъта сынтæджы, фæлæ йæ бон нал баци сдзу- рын. Иу хатт ма йæ цæст ахаста хæдзары къуымтыл, йæ иунæг хъæбул æмæ Азауханыл, стæй йæ цæстытæ æрæх- гæдта æмæ ахицæн йæ цардæй. Азæмæт йæхи нал баурæдта, йæ цæссыгтæ æруадысты йæ рустыл. Азаухан хæдзар раф- снайдта. Стæй Дзебысоны сынтæг бадзæбæхтæ кæнынмæ æрæвнæлдта. Мады базы бынæй æрхауд цавæрдæр гæххæт. Азаухан æй райхæлдта, уый уыд мады цæстысыгæй ахуырст фыстæг. Азаухан æй кæсы: «Мæ иунæг хъæбул, тæригъæд-иу мын бакæн, мæ мæгуыр зæрдæ мын никуы барухс кодтай... Зæгъ-ма, айæппæт бынтæ куы кæныс, уæд 11
сæ чи райдзæн... Мæхи дæр дын нæ раст кæнын, хъæбул. Æппæт дæр мæ аххос у. Æз ацы хæдзармæ æнамонды къах æрбавæрдтон æмæ дзы ды дæр хайджын фæдæ, дæ амонд ссарын дзы нæ фæразыс...» Дзебысон æнцойад кæны йæ табæты. Йæ цæсгом ху- дынæнгæс. Мады зæрдæ зонаг у, фæзæгъынц. Чизоны йæ амæлæты размæ Азæмæт йæ амонд кæй ссардта, ууыл цин кæны мæрдты æгъдауæй. Хъæбулы мад никуы мæлы æмæ Азæмæт кæстæр фæлтæрæн амоны: ма риссын кæнут ныййарæджы зæрдæ. Мæлæтæй дарддæр алы хъуыддаг дæр рæстæгыл аразын хъæуы, цæмæй ныййарæг мад йе ’нусон бæстæм йæ зæрдæ рæсыдæй ма ахæсса.
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГ Цибо æмæ Даро цардысты бæрзонд, уæлвæз Фæзы хъæуы. Ам арвыстой се ’взонджы бонтæ. Ам ссардтой сæ амонд дæр. Цибо æмæ Даройы чындзæхсæвы бон дæр ма хорз ба- дардтой сæ зæрдыл хъæубæсты адæм, уый тыххæй нæ, æмæ Цибойы фыд Уанез йæ иунæг лæппуйы чындзæхсæвы лæггады зæй ауагъта адæмыл, фæлæ уый тыххæй, æмæ уыцы Джиуæргуыбайы къуыри хур йæ фæстаг хъарм тынтæ рæдауæй æрвыста зæхмæ æмæ адæмы зæрдæтæ рæвдыдта. Цибо æмæ Даройæн сæ уарзон адæм цы арфæйы куывд- тытæ фæкодтой сæ чындзæхсæвы бон, уыдон æнæ ахъазæй нæ баззадысты. Мады Майрæмы цæст сын бауарзта дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Цард сæ рæвдыдта, йæ мид- былты сæм худт. Куыстуарзаг ус æмæ лæг уыдысты. Хорз дыууæ ифтыгъд галау, кæрæдзи æмбаргæйæ, скодтой хъæздыг бынтæ. Цард иугæндзон зилгæ кæны, уæрдоны цалхау, зилынц æмæ змæлынц Цибойы цот дæр. Сæ ный- йарджытæн æххуысхъом фесты æмæ сæ бон, сæ цард нод- жы айтынг. Куыд фæзæгъынц, сæ цард сæ къæхтæй ассон- ассон кодтой. Ницыуал сæ хъуыд цæрын æмæ хæрынæй дарддæр. Гъе, фæлæ хохбæсты цæрджытæй иуæй-иутæ ралыгъдысты быдыр бæстæм, уый тыххæй нæ, æмæ исты цух уыдысты, фæлæ цæмæй сæ кæстæртæн уæрæх фæндаг радтой ахуырмæ. Даро æмæ Цибо дæр уыцы лигъдæтты æмбал баисты. Сæ фæллой ныууæй кодтой æмæ æрбынат кодтой горæты. Райдианы бинонтæ фæлмæцыдысты сæ ног бынаты. Мысыдысты сæ хæдзар, сæ фыдæлты уæзæг, сæ ацæуæнтæ, сæ ихджын суадæттæ. 13
0, фæлæ фæзæгъынц, адæймаг алцæуыл дæр фæцахуыр вæййы, зæгъгæ. Æрцахуыр сты Цибо æмæ Даройы хъæ- бултæ дæр сæ ног бынатыл, æрмæст зæрæдтæ сæ фыдæлты уæзæджы уарзтæй не сцух сты. Сæ мæгуыр зæрдæтæ, сы- вæллонау, мысынц сæ хъæу æмæ сыл бон изæр нæ кæны, æхсæв та - бон. Цибо кæд ахуыргонд нæу, уæддæр кæсын-фыссын зоны æмæ хорз æмбары, зæхх нæ дарæг, куыст нæ цардæн фæрæз кæйу Кæддæр чысылæй йæ дзæнæтыбадинаг фыдæй фехъуы- ста, зæгъгæ, æнæ хицау зæхх мæгуыр кæны æмæ æхсæвæй- бонæй чысыл саби йæ мады куыд мыса, афтæ мысы æмæ йæ зæрдæ æхсайы йæ кæддæры цæрæнбынæттæ. Фæзæгъы йæ мидзæрдæйы: «Кæд мæ кæрт, мæ хуымгæнды зæххытæ схæмпæл-схъæд сты, уæд æз та ам мæхицæн хъарм бынат скодтон». Уый дæр ма афтæ фæуæд, фæлæ ам æцæгæлон адæмы ’хсæн фæлмæцынц æмæ дыууæ зæронды бонæй- бонмæ тынгдæр тыхсынц. Сæ хъару сæфы. Сæ ног бынат сын ад нæ кæны, æмæ æнхъæлмæ кæсынц, сæ ног бынат кæд æруарздзысты, фæлæ кæм ис ахæм амонд мæгуыр лæджы? Цибо йæ зæрдæйы хъуыдытæ кæмæн радзура, чи йæ бамбара, иу ахæм хæстæг, хион дæр сæм æввахс ничи цæры æмæ тыхсы, фæлмæцы. Фæлмæцы Даро дæр. - Дæлзæхх фæуай, лæджы зæрдæ, басæттæн дын куыннæ ис, - арæх фæдзуры Цибо. Хуыздæр бон нæй Даройыл дæр, йæ салд зæрдæ нæ тæфсы, фæлæ Цибойы зæрдæ цæмæй барухс кæна, уый тыххæй фæдзуры: - Мах базæрæттæ стæм, нæ рæстæг дæр немæ базæронд. Абон ног фæлтæр ног фæндæгтæ агурынц æмæ, нæ лæг, дæ зæрдæ æррæвдау. Бинонтæн дæр ма маст кæн. Ног ду- джы ног фæндæгтыл цæуын æмбæлы. Ферох кæн уыцы дзæгъæйладжы хъæу. Хуыцауы дзуарбадæн дын куынæ у!.. - Усай, æз дæ æмбарын, фæлæ ма зæгъ, æнæкусгæйæ кæдмæ мæ бонтæ æрвитон? - Цы бон дыл æркæна, уыцы бонæй цæргæйæ у. Бамбар æй, нæ лæг. Бахъарæд дæм иучысыл мæ ныхас дæр. - 0, ме сфæлдисæг, æрцу æмæ мын мæ уд ахæсс, - загъта Цибо æмæ зæрдæбынæй суынæргъыдта. Цибо арæх фæдзуры: 14
- Усай, цард уый нæу, æмæ бирæ бахæр æмæ фырæфсæс- тæй уæргъулæфты бухъхъытæ кæнай, цард уый у, æмæ дæ адæмимæ куысты сæр куы лæууай, дæ амонд дæ адæмы амондимæ куы бæттай. Æз та ам æцæгæлон адæмы ’хсæн, мæ фыдæлты уæзæг æмæ мæ хъæубæсты адæмы мысгæйæ, мæ зæрдæ рæсыдæй хæссын. Зæгъ-ма, усай, уый цæй цард у?.. - Ферох кæн, нæ лæг, мауал мыс дæ ивгъуыды бонтæ. Хорз куы зоныс, ивгъуыды дугæн нал ис раздахæн. Цибо хатт райсом йæ сынтæджы мидбылхудгæйæ куы рабады, уæд æй Даро афæрсы: - Цæй, куыд у, нæ лæг, дæ уæзæг? - Хорз, усай, хорз, фæлæ мæ фын æгæр цыбыр уыди æмæ нæ бафсæстæн йæ уарзтæй. Уыцы бон дыууæ зæронды уæлдай уæнгрог вæййынц. Иу бон Даро горæтмæ ауад цыдæр æлхæнынмæ. Кæсы æмæ иу дуканийы раз уыны бирæ адæм. Бахызт мидæмæ æмæ федта диссаджы хæдзары дуæрттæ. Мæнæ цыма раст аргъæутты дуæрттæ сты. Цæсты тигътæ сæхимæ исынц. Даро фыццаг хатт уыны ахæм дуæрттæ, æмæ сæм кæсынæй нал æфсæстис. Изæры йæ хистæр лæппу Зарбегæн афтæ зæгъы: - Мæ лæппу, диссаджы дуæрттæ федтон дуканийы æмæ мæ уд сæ мидæг баззадис. - Гыцци, æмæ кæд дæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты, уæд тæккæ райсом фендзынæ ног дуар. Дыккаг бон уыд сабаты улæфты бон. Зарбег æрбаласта æфсæйнаг дуар. Æрбакодта дыууæ кусæджы æмæ йæ æр- дæг сахатмæ авæрдтой. Даройы зæрдæ срухс, кæсынæй йæм нал æфсæсти. Зарбег йæ фыд æмæ йæ мадæн бацамыдта дуар æхгæнын æмæ кæнын куыд хъæуы. Стæй бинонтæй алкæмæ дæр радта фæйнæ дæгъæлы. Гъе, фæлæ Цибо æмæ Даро рай- гонд нæ фесты сæ ног дуарæй. Иу æмæ дыууæ хатты нæ баззадысты дуармæ, цалынмæ-иу бинонтæй исчи фæзынд, уæдмæ. Цæвиттонæн, дæгъæл мидæгæй баззад, афтæмæй дуар бахгæдтой, уæд дæ балгъитæг афтæ, дуармæ баззадтæ. Куыдфæндыйæдæр, Цибо æмæ Даро сæ дуары гуыдыр æхгæныныл не ’рцахуыр сты. Цибо арæх фæдзуры: - Æвзонгæй цы нæ базыдтай, уый зæры кары нал ба- зондзынæ. Хохбæсты цæрджытæй абон дæр ма æфсæйнаг 15
гуыдыр цы у, уый ничи зоны. Æмæ сæ хъæугæ дæр цæмæн кæны. Дæ хæдзары дуар рахгæн æмæ хъæдын ричъи æрзил. Гъе, уый дын гуыдыр. Ам та горæты, уас фыдбон фæуа сæ сæр, чи сæ ’рымысыд, уыдонæн, уымæй дæр æртæ-цыппар дæгъæлимæ. Ацу æмæ сыл, хорз дæ, æмæ æрцахуыр у. Иугæр зæрæдтæ бафæлмæцыдысты сæ дуар æхгæнын æмæ кæнынæй,уæд бынтондæр сæ дуар гомæй ныууагътой. Гъе æмæ сын боныфæстагмæ гом дуар хорзæн нæ рауад. Иу бон та Цибо æмæ Даро дуармæ кæрты сæ зæронд стджытæ хурмæ хъарм кодтой. Хуыцау йæ зонæг, цас рæстæг абад- тысты. Кæцæйдæр фæзындысты абырджытæ æмæ цæс- тыфæныкъуылдмæ хæдзар афснайдтой. Бинонтæ масты хай фесты. Уæдæй Цибойæн горæты цард ноджы йæ уды удхæссæг фестади æмæ фæдзуры: - Ахæм цардæй мæлæт хуыздæр у. Усай, кæцæй æрцы- дыстæм, уырдæм фæцæуæм. Нæ фыдæлты уæзæгмæ. Даргъ хъызт зымæджы фæстæ æрбалæууыд дзæнæтон уалдзæг. Хур бæстыл атылд. Райхъал бæстæ, зæхх сулæфыд æмæ адæм сæ уалдзыгон куыстытæм бавнæлдтой. Æрмæст нæ цин кæны Цибо уалдзæджы æрбалæудыл, уый тыххæй æмæ йæ цард ницæмæй фæивта. Иуахæмы раст Куадзæны размæ Цибо йæ лæппутæн афтæ зæгъы: - Мæ тых нырма ме уæнгты ис. Кусын мæ бон у. Ам сы- мах хæдзары фаг стут. Бинонты хицæуттæ стут æмæ уæм зæрдæ нал фехсайдзæни. - Æмæ дæ, Баба, уымæй цы зæгъын фæнды? - афарста йæ Зауыр. - Цы куы зæгъай, уæд мæ хæдзар куы бацагурин. Зауыр рагæй зоны йæ фыды миниуæг, цы сфæнд кæна, уымæй йæ нæ раздахдзынæ, сæдæ лæджы йæ фæдыл алас- дзæнис. - Хорз, Баба, кæд дæ афтæ тынг фæнды, уæд дæхи ба- рæвдз кæн, тæккæ райсом фендзынæ дæ хæдзар, дæ фы- дæлты уæзæг. Хохбæсты адæм фыццаджы дæр сæ царды цæмæй тыхс- тысты, уый уыд, рухс сæм кæй нæ хæццæ кодта, фæндæг- тæ нывыл кæй нæ уыдысты. Ныр хъомысджын трактор- тæй фæндæгтæ айгæрстой, бауагътой рухс æмæ Ильичы цырæгътæ æхсæв хъæуты тæмæнтæ калынц. Уый нæ ног 16
хицауады фæрцы нæ хæххон хъæуты цард ногæй баз- мæлыди. Базыдта Цибо уыцы хабар газетæй æмæ ма йæ æндæр цы хорздзинад хъæуы. Фæзæгъынц: «Адæймаджы маст зæронд кæны». 15 азы 15 боны куынæ сты. Цибойæн, йæ фыдæлты уæзæг мысгæйæ, йæ зæрдæ ссау, йæ тых, йæ хъару асаст, йæ бакастджын цæсгом фенцъылдтытæ ис, йæ сæры хил фæурс æмæ йыл кæд нырма 60 азы йеддæмæ нæ цæуы, уæддæр æй чи нæ зоны, уыдон æй бынтон ас кары зæронд лæгыл банымайынц. Иу изæр Зарбег æмæ Зауыр сæ фыдæн афтæ зæгъынц: - Баба, райсоммæ уæхи бацæттæ кæнут. - Иннæбонмæ йæ куы аргъæвиккам, - зæгъы Цибо. - Æмæ ма иннæбонмæ цы ацаразынмæ хъавыс? - Иу уасæг алхæнон дæлæ базары - Цæмæн дæ хъæуы уасæг? Чындзытæ уын ацæттæ код- той, цы уæ хъæуы райдианы, уыдон се ’ппæт. Цæвиттонæн, Цибо кæд уырнон нæу, уæддæр æй иуæй- иу хатт адæмы ныхас басæтты. Æхсæв, дам, уасæджы уа- сын цы хæдзарæй нæ райхъуысы, уым, дам, хæйрæджытæ æрбынат кæнынц. Лæппуйæн та, йæ хъуыды басусæг кæ- ныны тыххæй, афтæ зæгъы: - Мах зæрæдтæ стæм, мæ хуртæ, æмæ нæ æрвылрайсом чи хъал кæндзæнис? Æртыккаг бон, хур йæ зæлдаг хъарм тынтæ уæрста хæх- хон хъæутыл, афтæ Цибо æмæ Даро схæццæ сты сæ рай- гуырæн Фæзы хъæумæ. Ног хур сыл æрбакасти. Сæ хæ- дзары дуарыл сæ уырзтæй цин кæнынц, лæппутæ дæр афтæ. Сæ хæдзары дуæрттæ байтыгътой æмæ хуры зæлдаг хъарм тынтæ, ног чындзау, азылдысты хæдзары къуым- ты. Хъæубæсты адæм æрбамбырд сты æмæ сыл цин, хъæ- быстæ кæнынц. Бирæтæн дзы сæ цины цæссыгтæ æр- хъуызыдысты сæ уадултыл. Цибо æмæ Даройæн дæр сæ уадултæ бауымæл сты. Иуцалдæр боны рацыд. Сæ хуым- гæнды зæхх асыгъдæг кодтой. Цибо мидбылхудгæ гутон адардта саумæр улæфт зæххы æмæ базарыд. Ахуым-ма кæн, цæй, мæ гутон, Байтауæм дзы хъæбæр хор. Фæззæджы та сау бæгæны Ныуаздзыстæм - æвдадзы хос. 2* 17
Афтæ, бирæ сагъæсты фæстæ Цибойæн йæ зæрдæйы фæндон сæххæст. Баздæхт йæ фыдæлты уæзæгмæ æмæ йæ зæрдæ æрæнцад, æрсабыр æмæ та йæм кусын æмæ цæрыны зæрдæ æрцыд. Æмæ уæдæй абонмæ фæзæгъы: - Адæймаг кæцæй рацыди æмæ кæдæм цæуы, уый ца- лынмæ нæ базона, уæдмæ царды ад нæ банкъардзæн. Хъæддаг цæрæгойтæ: сырдтæ, мæргътæ сæ цæрæн бы- нат нæ ивынц. Се ’нусон бынат дæр сæ райгуырæн бæсты агурынц. Мах та, мæгуыр нæ бон, ныууадзæм нæ фыдæлты уæзæг æмæ бæстæйы, алы къуымты фæзилæм æмæ бав- зарæм маст, æфхæрд æмæ фыдæбон. Гъе, уый дын нæ митæ. Ныр дыууæ зæронды зæрдæрухсæй фæллой кæнынц æмæ фæзæгъынц: - Ам райгуырдыстæм, ам схъомыл стæм, не ’взонджы бонтæ ам арвыстам æмæ нæ фыдæлты уæзæгыл нæ мæлæт дæр æрцæуæт. Мах хуыздæр цæрæн бæстæ нæ хъæуы. V
ЗÆРВАТЫКК ЦЪИПП-ЦЪИПП Цардис æмæ уыдис иу мад-зæрватыкк. Цардис, ин- нæ базырджын мæргътæ куыд æмæ цæмæй цæрынц, ахæм хисæрмагонд фæллойы руаджы. Йæ цардæй буц æмæ сæрыстыр у. Бирæ базырджын мæргътæ ма йын йæ цардмæ тæхуды дæр фæкæнынц. Ам зымæг куы æрбалæууы, уæд хъарм бæстæм атæхы. Уым йæ зымæг арвиты. Уалдзæг та ног куы æрбалæууы, уæд та йæ райгуырæн бæстæм æртæхы. Афтæ у йæ цард æрдзæй лæвæрд. Сахуыр ахæм цардыл æмæ йæ уарзы. Ницæмæй йæ цард нæ фауы. Иу сæрд та мад-зæрватыкк иу хæдзары дуары сæрмæ сарæзта ахстон. Æрæфтыдта æйчытæ. Ныб- бадт къуыртты æмæ мæйы кæрон рауагъта фондз урс- дæллагхъуыр лæппыны. Мад сæ хæрд æмæ зылдцух нæ уадзы. Чысыл зæрватыччытæ цæстæй ракастысты æмæ федтой рухс Сыгъдæг арвы бын æнæкæрон бæстæ. Чысыл зæрватыччытæ сæ хорз цардæй тагъд айрæзтысты. Мад сæ ракæны æрвылбон æмæ сæ тæхын ахуыр кæны, цæмæй сæ базыртæ сфидар уой. Мад зоны, тагъд æрбалæудзæн фæззæг æмæ сæ хуссары хъарм бæстæм атæхын кæй хъæуы. Дард æмæ зын у зæрватыччытæн сæ фæндаг. Уы- дон се ’ппæт нæ фæхæццæ вæййынц бынатмæ. Мад зоны, фыццаг хатт чи тæхы хъарм бæстæм, уыдонмæ уæлдай хъусдарын кæй хъæуы. Балы раздзог фæрæдыд, фæндаджы бæрæггæнæнтæй фæиппæрд сты, уæд кæнæ бынтон фе- сæфдзысты, кæнæ та бирæ фыдæбæттæ бавзардзысты. 19
Æнцон тæхæн у зæрватыччытæн. Уыдон рог мæргътæ сты, афтæмæй сын тыхджын базыртæ ис. Мад-зæрватыкк хус- сар хъарм бæстæм фыццаг хатт нæ тæхы. Зоны фæндаджы бæрæггæнæнтæ æмæ никуыма фæтыхст йæ дард балцы. Иуахæмы, хъарм бæстæм атæхыны размæ, мады хистæр лæппын Цъипп-цъипп арвы тыгъдады йæ мад æмæ йæ хотæй йæхи фæхицæн кодта. Йæ райгуырдæй æнæсæттон, фыдуаг, хивæнд уыд. Ныллæг зæхмæ йæхи æруагъта. Раст уыцы рæстæджы иу чысыл лæппу Тузар, зæгъгæ, дурæх- сæнæй хъазыд. Чысыл хуырдуртæ æхста уæлдæфы æмæ дзы иу хуыр дур сæмбæлдис Цъипп-цъиппыл æмæ Туза- ры размæ æрхаудис. Тузар хорзау нал фæцис. Систа зæр- ватыччы, асгæрста йæ. Базыдта йæ базыр кæй асастис, уый. Бахаста йæ хæдзары тыргъмæ. Сарæзта йын чыр- гъæд æмæ йæм зылд. Хæринаг цух æй нæ уагъта. Дзырдта йын: «Тагъд дæ адзæбæх кæндзынæн æмæ та дæ мад, дæ хотимæ атæхдзынæ». Мад агуырдта Цъипп-цъиппы. Æп- пынфæстагмæ йæ ссардта Тузары хæдзары кæрты. Мад тыхсы, æнхъæлмæ кæсы кæд байгас уыдзæн Цъипп-цъип- пæн йæ базыр, æмæ сæ дард балцы фæндагыл ацæуой. Нæй нæ дзæбæх кæны Цъипп-цъиппы базыр. Куыд ныууадза Цъипп-цъиппы. Æнæ атæхгæ та сын уæвгæ нæй. Цæмæй ам зымæджы бынтон сæфт ма фæуой. Мад йæ атæхыны размæ æрбатахт Цъипп-цъиппæн хæрзбон кæнынмæ: «Фыдуаг митæ ферох кæн. Дæхи хъахъхъæн, мах дæм уалдзæджы къæсæрыл фæзындзыстæм». Мад æмæ Цъипп-цъиппы хотæ зæрдæрыстæй абалц кодтой сæхи фæстаг балы къордимæ. Мадыл уыцы зымæг Цъипп-цъиппмæ зæрдæхсайгæйæ ныддаргъ. Æрбалæууыд дзæнæтон уалдзæг æмæ мад йæ лæппынтимæ ратахт фыццаг къорды балимæ. Цъипп- цъиппы æнæниз, сæрæгасæй æрæййæфтой. Кæрæдзийыл фæцин кодтой. Тузар сын сæ цъыбар-цъыбурмæ хъуыс- та æмæ цин кодта. Гъе, фæлæ Цъипп-цъипп йæ мад æмæ йæ хотыл йæ къух систа. Чизоны сын загъта æз ам æнæ- фыдæбонæй хъаны цард кæнын æмæ семæ нал атахтис æмæ йыл уæд йæ хотæ сæ къух систой. Мад уæддæр мад у, рохуаты йæ нæ уадзы. Рæстæгæй- рæстæгмæ йæ абæрæг кæны. 20
Иуахæмы кæцæйдæр фæзындис иу фыдбылызы фыд- уаг гæды. Рацахстахæдзары кæрты Цъипп-цъиппы. Мад ма гæдыйы дзыхæй бæргæ байста Цъипп-цъиппы, фæлæ йæ дзыхæй калдис йæ туг æмæ уыцы бон ахицæн йæ цардæй. Тузар Цъипп-цъиппы амæлæтыл бирæ фæмæт-фæсагъæс кодта. Уæдæй фæстæмæ Тузар гæдытæм фыдзæрдæ хæссы. Нал сæ уарзы. Ныр Тузар скъоладзау у. Арæх йе ’мбæлттæн фæдзуры: - Йæ ныййарджытæм чи нæ хъусы, искæйы куыстфæл- лойæ цæрынмæ чи хъавы, йæ амонд, йæ адæмы амондимæ чи нæ бæтты, уыдон æнæзонд, æнамонд сты, Цъипп-цъип- пау сын бирæ цæрæнбон нæй. Хъусут æмæ аргъ кæнут уæ ныййарджытæн.
ФЫДÆЛТЫ АУÆДЗ Уый раджы уыдис, мæ хуртæ. Нæ ирон адæм зæхх уы- дисныйæ куы барстой. Зæххы тыххæй мыггаг - мыггагмæ, æрвад - æрвадмæ, æфсымæр - æфсымæрмæ йæ кард æлвæстæй куы дардта, гъе та лæгмартæ куы æрвыстой кæрæдзимæ. Туг исын сæм æгъдауыл нымад куы уыдис. Раст уыцы фыдзаманы Гъдулеты чысыл хъæуы цардис иу сидзæр æвзонг лæппулæг Хуриты Бесо. Уый нырма æрæджы æркодта бинонтæ æмæ йæ базыртæ фæфидар æмæ фæтыхджындæр сты. Фæфылдæр сты йæ бæллицтæ æмæ йæ царды домæнтæ. Йæ тых æмæ йæ йæ хъару скъæфтой размæ йæ ног царды къæсæрмæ. Бесойæн йæ фыдæй баззадис дыууæ бонгæнды хуымзæхх, дыууæ галы æмæ иу хъуг. Уыдон æгасæй дæр уыдысты бинонты хæзна, сæ ныфс, сæ дарæг. Бесойы ницы тыхсын кодта. Куыд фæзæгъынц сæгъы фæдджытау хæдзары сты дыууæ уды æмæ йæ царды никуыма фæцудыдта. Бесо æмæ Бабуци сæ къухтæм æмхасæнтæ нæ кæнынц. Цард сын фаг кæны. Æрдзæй адæймаджы цард афтæ арæзт у Нырма кæстæр иумæйаг цумайы лæппу стæй та йæхæдæг свæййы хæ- дзары хицау Бесо йæ лæппуйы бонты уæгъдибар цард фæкодта, уый тыххæй æмæ хæдзары мæт хастой йæ фыд æмæ йæ мад. Ныр æй бахъуыд лæджыхъæд. Хъæубæсты нымад æрцыд ног хæдзардарæгыл. Бесойæн йæ ног царды иууыл зынаргъдæр у йæ цардæм- бал Дудианы уарзондзинад æмæ йын уый у иунæг йе ’ппæт ныфсытæм лæууæг быцæу Бесо æмæ Дудиан кæрæдзийы уарзондзинадæй пиллон арт уадзынц. Хъæубæсты адæмæн цæстæвæрæн фесты. Дыууæ хорз ифтыгъд галтау кæрæдзи нæ сайгæйæ, фæллой кæнынц. Иунæг мæгуыр у. Мæгуыр у Бесо дæр, фæлæ йæ мæгуырхуызæй никуы ничи федта. Цæры æнцад-æнцойæ. Хъæубæсты адæм куыд æмæ цæмæй цæрынц, ахæм хисæрмагонд фæллойы куыстæй. 22
Бесойæн сыхбæсты иууыл æввахсдæр сыхаг у Уардан, æмæ сæ кæд карз хъæлæба никуы райхъуысы, уæддæр хатт размæнты сæ доны бын. Уардан кæрæф, æнæфсис уды хи- цау у, фæлæ йæ Бесойы барон, уæзбын зондахаст æруромы, æмæ Уардан уымæй нырма фæсмонгонд никуыма фæцис. Даргъ зымæджы фæстæ æрбалæууыд йæ рады дзæнæтон уалдзæг. Æртахт дзывылдар æмæ алчи йæхи цæттæ кæны хуымкæнынмæ. Бесо дæр хъæубæсты цæрджытау, барæвдз кодта йæ дзывыр. Райсом раджы афсæста йæ галты æмæ уалдзæджы къæсæрыл йæхи бафæдзæхста сæумæрайсомы рухс дзуæрттæн æмæ зæххы бардуагæн. Стæй йæ цæст ахаста йæ хуымгæнды зæххыл æмæ йæ зæрдæйы цин йæ цæсгомыл æфтыд æмæ йæ уды бæллицтæ æмæ фæндтæн лæвæрдта æнæкæрон ныфс. Бавнæлдта йæ фыдæй йын цы хуымгæнды зæхх баззад, уый хуымкæнынмæ. Бесо ацы боны хуызæн хъæлдзæг, цинæфсæст никуы-ма уыд. Йæ зæрдæ йæ риуы кафыд ноггуырд уæрыккау. Хæрз- хаст галтæ рог скъæфтой дзывыр æмæ фæлдæхтой саумæр зæхх. - Зæхх нæ дарæг, йæ цæдисоны нæ сайы, кæд та дзы хорз тыллæг райсиккам, - зæгъы Бесо æмæ йæ цардæмбалыл худгæбылæй йæ цæст ахаста. Бесо æмæ Бабуцимæ дард кæцæйдæр уалдзыгон рог- уддзæф дымгæ хаста æндæр хуымгæнджыты хъæлдзæг ныхас дæр. Æвæццæгæн, уыдон дæр сæ боны куыстыл цин кодтой. Дыккаг бон изæрæй Уардан куыддæр йæ хуыммæ бахæц- цæ, афтæ йæ цæст ахаста ауæдзыл æмæ арвы цæфау фæцис, йæ бынаты лæугæйæ баззади. Ауæдз фехæлдта Бесо. Хуы- мæй ахауд æнæхъæн цалдæр уидысныйы бæрц: - Уардан йæ фыдæн лæппу ма уæд, æз дын ацы хъуыддаг куы ныббарон. Уыцы изæр Уардан тæвдкалгæ, йæ хид сæрфгæ, балæу- уыд Бесойы хæдзары кæрты. Бесо фæскуыст бадтис тыр- гъы æмæ йæ фæллад уагъта. Бабуци та йæ хъуджы размæ ауадис. - Уый цы ми бакодтай, ауæдз цæмæн фехæлдтай? Мæ сывæллæтты комдзаг мын сæ дзыхæй куыд фелвæстай? - йæ комы фынк калы, афтæмæй, тыхулæфгæйæ, дзуры. - Цавæр диссаг æрцыд Уардан! 23
- Æмæ ма дæ уымæй диссагдæр цы хъæуы - ауæдз фе- хæлдтай! И! Нæ фыдæлты ауæдз. - Галтæ сæ тагъд цыдæй фехæлдтой ауæдз. Ныр дæ куыд фæнды, афтæ. Дæ зæххæй цы рахауд ме ’рдæм, уый байтау æмæ дзы ауæдз дæр скæн. Науæд цы цæсгомæй дзурыс, зæгъ-ма. Мæ фыды дыууæ бонгæнд хуым иу бонгæндыл куы банцад, уæд æз цæмæннæ дзурын, цы фæцис зæхх, ба- руади? Бесойы ныхæстæм Уардан хъусын нал бафæрæзта, йæ туг рафыхт æмæ асхуыста Бесойы. Бесо йæ сæр ахаста кæрты стыр бадæн дурмæ. Иу хъæр ма бафæрæзта: «Амардта мæ!» Йæ хъæрмæ æрбамбырд сты сыхæгтæ. Бесойы систой æмæ йæ тыргъы хъæдын сынтæгыл æрæвæрдтой. Райдианы Бабуци хъуыддаг ницæмæ æрдардта, загъта: - Сыхæгтæ сты æмæ та бафидаудзысты. Гъе, фæлæ Бесойæн уыцы цæфæй йæ сæры туг ныт- тагъд æмæ къуырийы бонмæ йæ цардæй ахицæн. Бабуци йæхи мары, йæ цæсгомыл царм-буар нал ныу- уагъта: - Мæ сабыр, мадзура лæг дын цы кодта? Мæ хæдзар мын сындзæхгæд цæмæн скодтай? - йæ хъарæджы фыдæлгъыст кæны Уарданы. Бабуци йæ ныййарджытæм арвыста. Æрцыдысты æмæ фæмæт-фæсагъæс кодтой сæ уарзон сиахсы æнафоны амæ- лæтыл. - Цы æрцыдис, уымæн раздахæн нал ис, - загъта Бабуци- йы фыд. Хъæубæстæ æрбамбырд сты, Бесойæн йæ галтæй иу аргæвстой æмæ йæ æртыккаг бон бавæрдтой хъæуы сæр уæлмæрды, йæ фыд æмæ йæ мады фарсмæ. «Рухсаг у! Рух- саг!» - загътой æрхонгæ адæм. - «Дæ тæригъæд баззайæд Уарданæн...» Уыйадыл Уардан бахауд Гуры фидары ахæстонмæ. Цал- дæр азы фæбадтис ахæстоны, стæй куы ссæрибар, уæд хъæумæ нал æрбаздæхт. Ныууæй кодта йæ зæхх, йæ фос æмæ æрцард Мухраны æмæ ам фесæфта йæ ирондзи- над, фыссынц абон Хуришвилитæ. Раст уыцы дуджы нæ Иры дзыллæ æрдæг фесты тугисыны, фесæфтой сæ ирондзинад. Иуæй-иутæ та дзы æрцардысты æцæгæлон бæсты: Цæцæны, Мæхъæлы, Дагъыстаны, Кабардайы æмæ фесæфтой се ’взаг, сæ дин æмæ се ’гъдæуттæ дæр. 24
Адæмы ’хсæн ницы сусæг кæны. Уарданæн йæ царды хабæрттæ йæ разæй ныххæццæ сты йæ ног цæрæнбынатмæ æмæ дзы сыхæгтæ сæхи дард ластой. Йæхæдæг дæр сæм æввахс нал лæууыдис. Бабуцийы йæ ныййарджытæ Гъдулеты нал ныууагътой. Æрбакодтой йæ Махисы хъæумæ æмæ йæ ныййарджытимæ цардис. Бабуцийæн райгуырд афæдзы бонмæ лæппу æмæ йыл сæвæрдтой йæ фыд Бесойы ном. Афтæ Махисы хъæуы фæзынд Хуриты мыггаг æмæ абон дæр цæрынц Дудайты мыггаджы фарсмæ. Сты сабыр, æнæхъыгдаргæ. Куысту- арзаг, хъæубæсты уарзон адæм. Фыд ма ракæн æмæ фыд ма бавзарай. Уардан Бесойы тæригъæдæй йæ ног цæрæн бынаты йæ сынтæг нал систа. Уæззау низ æй сынтæгмæ ныббаста. Йæ царм йе стджытыл ныххус. Мæлын нæ фæразы, йæ уд нæ исы, фыдбоны цард кæны. Йæ низимæ тохкæнынæй йæ сынтæджы бахус, баруади, дыджджыйы йас ныццис. Иу бон хъæуы куырыхон хистæр лæг Астархан афтæ зæгъы Асæхмæтæн: - Дæ фыдæн цæмæн фыдæбон кæныс! Цæргæ-цæрæн- бонты ауæдзыл хыл кæнынæй фæтуджджын. Зæххы бар- дуагæй æлгъыст у. Зæхх æй йæхимæ нал исы. Æрхæссут ын йæ хуымы ауæдзы сыджытæй иу армыдзаг æмæ йын æй йæ нывæрзæн бавæрут. Асæхмæт æрхаста йæ фыды хуымы ауæдзы сыджытæй æмæ йын æй йæ нывæрзæн бавæрдта. Уыцы бон изæрæй Уардан йæ цардæй ахицæн, йæ уд систа. Фæзæгъынц тæригъæд авд фæлтæрмæ аххæссы. Уардан йæ фæстагæттæн ныууагъта æнусон маст. Абон дæр ма йæ цоты-цот тæригъæддаг цард кæнынц. Æмæ уын ивгъуы- ды цардæй фыдæлты ауæдз уæ зæрдыл уымæн æрлæууын кодтон, цæмæй нæ абоны ног фæлтæр царды æмдзу кæной, фæразой царды фæзынгæ хъæндзинæдты ныхмæ тох кæнын. Адæмы æхсæн тауой хæлардзинад. Уардан ба- цыд Бесойы мæгуыр уды æмæ бинонты тæригъæды æмæ зæххы бардуагæй æлгъыст фæцис. Абон дæр ма йæ цоты-цотыл цард нæ хæцы. Хъæуи-хъæу зилынц мæгуыргур. «Фыд ма ракæн æмæ фыд ма баййа- фай», зæгъы фыдæлты æмбисонд.
ЛЛЫДГÆС ДАУЫТ Советон паддзахады фæстаг азты хæхбæсты чысыл кол- хозтæ баиу кодтой. Сарæзтой сæ стыр хъомысджын советон хæдзарадтæ. Гъе, фæлæ хъомысджын хæдзарады райсгæ æфтиæгтæ адæмы царды домæнтæн дзуапп нæ радтой. Адæм кæрæдзи нал æмбæрстой. Паддзахад йе ’ргом фыл- дæр аздæхта фосдарды куыстмæ. Адæмы æмбисхай азза- дысты æгуыстæй. Цард бонæй-бонмæ мæгуыраудæр кодта æмæ уæд хæхбæсты адæм базмæлыдысты. Иуæй-иутæ ны- ууагътой сæ фыдæлты бæстæ æмæ хуыздæр цардагур аи- вылдысты быдыр бæстæм. Раст ацы дуджы Дауытæн кол- хозы йæ намысджын куыстæн хицауад стыр аргъ скодта. Л æвæрд ын æрцыд Куысты ветераны ном æмæ риуылдарæн майдан æмæ йæ пенсийы арвыстой. Зондджын адæймæгтæ нæ фæтæрсынц зындзинæдтæй. Нæ фæтарст Дауыт æмæ нæ фезмæлыд йæ райгуырæн фыдызæххæй. Арæх амыд- та хъæубæсты адæмæн - «Искуы дæр æнæ кусгæйæ цард нæй». Багæдзæ кæнут, иууыл ахæм æндзыг рæстæг нæ уыдзæн. Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы, лидзæг лæгыл та - цард. Дауыт бирæ фæрабар-бабар кодта йæ цард æмæ, боны фæстагмæ, равзæрста мыддарды куыст. Уæдмæ дæр бирæ уарзта мыддарды куыст, фæлæ йын колхозы куыст фадат нæ лæвæрдта. Хъæубæсты иннæ цæрджытæй дæр кæмæн куыд йæ фадат амыдта, афтæ сæ цард аразыныл ныллæууыдысты. Дауыт арæх фæдзуры: «Зæронд хæдзары дуары гуыдыр у, фæлæ алы зæронд дæр йæхи къухæй йæ къæбæр хъуамæ хæра, цалынмæ йæ зæрдæ куса, йе уæнгты туг змæла, йæ бон фердæхын уа, уæдмæ. Тых мæрдты бæс- тæм ахæссын æгады хъуыддаг у, фыдæлтæй нын афтæ баззадис». Дауыт йæ хæдзары куыстытæ аргъæвдзæн, уæддæр йæ мыдыбындзытæ зылдцух нæ ныууадздзæнис. 26
Рагуалдзæджы сæм рæстæгыл бакæсы, ныссыгъдæг сын кæны сæ бынтæ. Мыдыбындзытæ бахъæлдзæг вæййынц æмæ зæрдæбынæй бавналынц сæ куыстмæ. Мыдыбын- дзытæ Дауытыл афтæ сахуыр сты æмæ йæм æнхъæлмæ фæкæсынц. Кæд та сæм фæзындзæн, кæд та сæ барæв- даудзæн. Мыдыбындзытæ Дауыты зонынц йæ комытæф æмæ йæ фæлмæн арæхсгæ къухайстæй. Афтæ Дауыт æмæ мыдыбындзытæ, кæрæдзи æмбаргæйæ, иумæ фæллой кæ- нынц. Дауыт мыдыбындзытæн, мыдыбындзытæ та - Дауы- тæн. Дауыт сæ райгонд у. Мыдцух æй нæ уадзынц. Хъæу- бæсты адæмæн дæр ма дзы фæхай кæны, сæ ном сын ссары. - Мыд куыд адджын у, афтæ, Дауыт, адджын цард кæн дæ хъæбултæ æмæ дæ бинонтимæ. Махæн æрвылаз нæ ном чи ссары. - Фæдзурынц хъæубæсты сылгоймæгтæ. Дауыты бинонтæ царвы бæсты дæр мыд хæрынц æмæ сты æнæниз, уæнгрог, цардæфсæст. Райдианы Дауыт тых- стис йæ ног куысты, цалынмæ нæ базыдта мыдыбындзыты куысты сусæгдзинæдтæ, уæдмæ. Ныр дæр ма иуæй-иу хатт фæтыхсы æмæ уæд фæкæсы фæлтæрд мыдгæсты чингуы- тæ. Дауыт, йæ мæрдты дзæнæты бадинаг фыдау, у зæрин къухты хицау. Никæмæ баулæфдзæн мыды къæртатæ ара- зынмæ, æппæтдæр йæхи къухæй арæзт цæуынц. Зæры ка- ры дæр фæллад æмæ зивæг нæ кæны. Рагуалдзæгæй сæрды æмбисмæ мыдыбындзытæ фæхи- зынц дæлвæз быдырты. Сæрды æмбисы сæ аласы бæрзонд хæххон сæрвæтмæ æмæ Дауыты мыдыбындзыты мыд вæййы бирæ хæрзаддæр. Мыд адджын æмæ æвдадзы хос у, фæзæгъынц. Мыд 40 низы ныхмæ лæууы, хос кæны. Нæ рагфыдæлтæ низтæн фылдæр хос кодтой мыдæй. Мыд уæлдай уарзт кæнынц чысыл сабитæ æмæ Дауыт мыд куы фæисы, уæд кæс, æмæ йæ алыварс æрбамбырд вæййынц. - Багæдзæ кæнут, мæ чысыл хуртæ, - мидбылхудгæйæ сæм бадзуры, - æз та уæ фæуазæг кæндзынæн ног хæрзад мыдæй. Дауыт рæдау зæрдæйы хицау у. Хъæубæсты нæлгойма- гæй-сылгоймагæй, зæрондæй сабийы онг алчи дæр æй мы- ды уарзт кæны. Йæ цæхх, йæ къæбæр адæмимæ æмбис дих кæны. Арæх фæдзуры: «Æвзонг фæлтæры ахуырмæ здахут, 27
цæмæй уæ фидæн уа рухс æмæ бæллиццаг. Уæ лæггадыл фæсмон макуы фæкæнут. Дывæрæй уæм фæстæмæ æрбаз- дæхдзысты. Иу михыл кау ничи бийы, æфсымæртау кæ- рæдзи уарзут. Æфсымæр æфсымæрæй тыхджын æмæ ныфсджын у». Хъæубæсты, комбæсты цины фынгыл дæр æмæ хъыджы фынгыл дæр хуыздæр кувæг, лæггадгæнæг ничи разындзæн, йæ ныхасыл дыууæ ничи зæгъдзæнис. Сыхбæсты адæмæй ничи хъуыды кæны, æмæ Дауыт иунæ- гæй искуы басихор кодта, гъе та, уый æвзагæй дыууæ лæджы кæрæдзимæ зул цæстæй бакастысты, æнæдзургæ систы. Уый иу бон дæр æнæ адæм йæхицæн цæрæнбон нæ хай кæны. Йæ лæгдзинадмæ йын чи нæ батæхуды кæны, ахæм стæм разындзæн хъæубæсты. Фæстæдæр азты йæ адæм рахуыдтой мæгуырты фыд æмæ уыцы номæй баззад цæргæйæ. Иу сæрд къæвдаджын рæстæг ахаста. Дауыты мыды- бындзытæ зымæгмæ сæхи фагæй фылдæр нæ бакуыстой æмæ адæм Дауыты дуарахæсты бакодтой. Мыдагур æм цыдысты. Уыцы бонæй фæдзуры: «Хуыцау, адæмæн бирæ ратт, мæнæн та мæхи æмæ мæ хъæубæсты фаг». - Хорз адæм, уе ’ргом аздахут мыддарды куыстмæ. Иу- нæг мæнæй ницы бакæндзыстут. Уый уæ канд уæ къа- хыл не ’слæууын кæндзæн, фæлæ уын уе ’нæниздзинад раздахдзæн, уæ царды бонтæ уын фæдаргъдæр кæндзæн. Дауыт мыд йæ цæргæйæ базары никуы ауæй кодта. Йæ- хи фагæй фылдæр æм цы баззайы, уый паддзахадмæ рад- ты. Арæх худæгæн фæдзуры: - Мыд куы ауæй кæнон, уæд дзы хуыздæр цы балхæн- дзынæн? Дауыт у хъæубæсты уарзон уынаффæгæнæг. Уый цур йæхи мæгуыргъуыз ничи банкъары æмæ уый у сæ амонд, фыдæлты фарны лæг. Дауыт йе ’взонджы бонты бирæ æв- зонг лæппуты фæцалх кодта хъæдæрмæджы куыстыл. Йæ хорз, бæстон куыст та цæвиттойнаг ссис йæ уарзон хъæу- бæстæн. Куыд фæзæгъынц: «Хуыцауæй рауадзгæ лæг у Да- уыт», арæх фæдзурынц: - Тæхуды, йæ хорз ном чи уадзы уæлæуыл. Хорз лæджы ном дардмæ хъуысы. 28
Дауыты мыддарды куысты æнтыстытæ айхъуысты- сты комбæсты æмæ йæм арæх æрцæуынц мыдгæстæ, цæ- мæй сын йæ куысты фæлтæрддзинад бацамона. Уый сæ кæддæриддæр фæуазæг кæны æмæ сын цæстуарзон æх- хуыс бакæны. «Хорз лæг адæмæн царды хос хæссы, йæ ном та мыггагмæ цæры», зæгъы ирон æмбисонд. Дауыт йе ’нусон бæстæм раджы аивгъуыдта, фæлæ йæ абон дæр мысынц хорзæн. Гъей джиди, тæхуды мæ Ирыстоны хъæутæ абон Дауы- ты хуызæн куырыхон зондджын лæгтæй æфсæст куы уаид, уæд царды нæ уаид зындзинад. Нæ фыдæлты фарн та æрыздæхид фæстæмæ.
ХУЫБЫЛОНЫ КÆРКГÆС Бесо æмæ Хуыбылон цæрынц хъæуы сæрмæ хъæдрæ- бын, хæдзарон мæргътæн сæрибар азмæлæнтæ кæм ис, иу ахæм бынаты. Гъе, фæлæ сæ бирæ кæрчытæй никуыдæр сæ уазæг арвыстой, нæдæр дзы сæ сихор, се ’хсæвæр фæ- хуыздæр кодтой. Зымæджы æрбалæудмæ цъиусур æмæ рувæсты хæлæттаг фæвæййынц, æмæ уыйадыл Хуыбылон дæр карк дарыныл йæ къух систа. Иу бон æм сыхаг хъæуæй йе ’мдзуарджын Лади фæзындис. Хуыбылон ыл баузæлыд æмæ афтæ зæгъы: - Цæмæн нæ ферох кодтай, Лади? Нæ лæг арæх дæ кой фæкæны. Кæд дын рæстæг ис, уæд фæгæдзæ кæн. Нæ лæг дæр тагъд фæзындзæн. Иу уæрыччы хъус макуыуал уæд. Лади йæ мидбылты бахудтис æмæ афтæ зæгъы: - Уазæг æрбацæуын кæй фæндыдис, уый карк æргæвста, йе ’рбацыд кæй нæ фæндыд, уый та - уæрыкк. - Бауырнæд дæ, Лади, мæ фыды цæсгомæй дын сомы кæнын, æз цалдæр азы каркæн йæ хуыз дæр нал зонын. Хъæбулы хъомыл сæ фæкæнын æмæ - цъиусур æмæ рувæстæн. - Лади лæг ма фæхуыйнæд, Хуыбылон, æз дын ахæм кæркгæс ма ссарон æмæ цъиусур, рувас нæ, фæлæ сæ би- рæгъæй дæр чи хъахъхъæна. Хуыбылон ма йыл ацархайдта, фæлæ лæг тагъд кодта æмæ атындзыдта. Къуырийы бонмæ Лади æрбалæууыд Бесойы кæрты. Хæдзаронтæ! Хуыцауы уазæг, зæгъгæ, бахъæр кодта. Хуыбылон рауад йæ размæ, йæ къух ын райста æмæ йын афтæ зæгъы: - Ныр дын, Лади, афтæмæй ацæугæйæ нал у. Нæ лæг дæр мæнæ цæхæрадоны цыдæртæ архайы. зо
Лади йæ хызынæй систа уасæг æмæ афтæ зæгъы: - Мæнæ дын, мæ хо, кæркгæс, - æмæ йæ Хуыбылонмæ авæрдта. - Дæ цæрæнбон бирæ, Лади, фæлæ-ма зæгъ, ныр дын ацы хорздзинад цæмæй бафидон? - Цæмæй куы зæгъай, мæ хо, уæд бирæ кæрчытæ скæн- дзынæ æмæ-иу дæм куы фæзынон, уæд дзы иу куыннæ æрбаргæвддзынæ. Уæдмæ Бесо кæрты æрбалæууыд. Ладийы цыма цалдæр азы нал федта, ахæм цинтæ йыл бакодта. - Мидæмæ ракæн уазæджы, фынг цæттæ у, - загъта Хуы- былон. Бесо æмæ Лади адджын бадт фæкодтой. Сæ рагон хабæрттæ æрымысыдысты. - Хуыбылонæн уалдзæджы къæсæрыл йæ сыхæгтæ фæйнæ къуырттон карк æд рæвдуæттæ радтой. Цалдæр бонмæ хæдзары кæрты чысыл цъиутæ бæз-бæз кæнынц. Зæрдæ сæ рухс кæны. Уасæг сæ алыварс зилы, рæвдауы сæ. Цъиуджын мадæл кæрчытæ дæр уасæгыл сахуыр сты æмæ æнæ кæрæдзи нал лæууынц. Иу ахæмы кæрчытæм кæцæйдæр цъиусур йæхи рауагъ- та. Мадæл кæрчытæй иу йæ уæлныхты фелвæста, нæ йæ фæразы, æрхауд ын. Аныр æй ногæй рацахса, афтæ уасæг йе ’ккой абадтис, уæгъд æй нал суагъта. Базырæй, къахæй, бырынкъæй йæ цæвы. Мадæл кæрчытæ сæ цъиутæн фæтарстысты æмæ сæ сæ базырты бын амбæхстой. Сæ хъæрмæ Хуыбылон хæдзарæй рауад. Акаст æмæ федта: уасæджы раз цъиусур йæ уд исы. Мадæл кæрчыты анымадта. Ам сты. Цъиусур та цы агуырдта, уый ссардта. - Гъе, ахæм дзы хъæуы уасæг, - загъта Хуыбылон æмæ Ладийæн арфæтæ кæныныл схæцыд.
НЫХАСЫ ТЫХ Саукуыдз хъæууон лæг у. - Горæт æмæ хъæуы ’хсæн нырма кæд бирæ хицæндзи- нæдтæ ис, уæддæр зоны, абон уа, сом уа, афтæ хъæу æмæ горæты цард сæмхуызон уыдзæн. Науæд мæ кæм бахъуыд горæттаг цард. Дæ царды бонтæ хъæбæр асфальтыл батон. Машинæты æнæрынцой гуыв-гуывмæ хъус, ма абад райсом- изæр сыгъдæг, сатæг уæлдæфмæ, ма бацин кæн уалдзæг дæ дыргъдоны бæлæсты мин хуызы дидинджытыл, фæззæг та сæ бæркаджын дыргътыл, - фæдзуры Саукуыдз. - Нæ, хуыцау бахизæд, хъæууон цард горæттаг цардæй баивон, - фæзæгъы Саукуыдзы цардæмбал Саломи дæр. Саукуыдзы бинонтæ сæхи æхсыры цады найынц, горæ- ты цæрджытæ та æхсыр цырагъы рухсæй агурынц. Сало- ми изæр-райсом бахæссы хъарм æхсыр æмæ йæ сабитæ æхсызгонæй нуазынц, раст цыма æхсыр æмæ туг иумæ схæццæ чындæуыд, сæ уадултæ хуры рухсмæ афтæ æрт- тивынц. Саукуыдз, хæдзары хицау, арæх фæдзуры: - Уыцы бон амæлæт Саукуыдз, йæ сабиты исты цух куы ныууадза, искæмæ къулбæрзæйæ куы банхъæлмæ кæсой. Саукуыдзы бинонтæ хъæубæсты адæмæн нæдæр сæ ра- зæй цæуынц, нæдæр сæ фæстæ, се ’хсæнты æнцад-æнцойæ лæгæрдынц. Кæнынц æнæмæт цард. Иу ахæмы, раст уалдзæджы къæсæрыл, Саукуыдз æмæ Саломи сæ хъуыдытæ æмæ сæ фæндтæ арабар-бабар код- той æмæ, æппын фæстаг сæ хъуыдымæ æрцыд сæ мæллæг хъуг ауæй кæнын. Йæ аргъмæ ма йын бафтаудзысты æмæ хуыздæр, æхсырджындæр хъуг балхæндзысты. Уæддæр ма Саломи дызæрдыг кæны, æмæ афтæ зæгъы: 1 Нæ лæг, ма фæрæдийæм, сайд ныл ма æрцæуæд. Лæгæн йæ къухы цы вæййы, уый йæ цæсты æгад у. 32
- Раст зæгъыс, усай, фæлæ бæндæнæн йæ иу кæрон дæр æмæ йе ’ннæ кæрон дæр нæ къухы куы сты. Адæмы æхсæн ницы сусæг кæны. Иу изæр Саукуыдзы сыхаг Гиго йæ цардæмбалæн афтæ зæгъы: - Зоныс, усай! Саукуыдз йæ хъуг уæй кæны. Нырма дыу- уæзадон у. Æз фосимæ базæронд дæн. Хъуджы æхсыры æрконд æртæ-цыппар зады цалынмæ нæ ныккæны, уæдмæ нæ разыны. Мæнæ нæ зæронд хъуг æрбауæй кæнæм. Сау- куыдзы хъугæй фæсмон нæ фæкæндзыстæм. - Хорз, дæ ныхас уæд, фæлæ ма байхъус, нæ лæг, мæнмæ дæр. Махмæ йын йæ ног бынат ад нæ кæндзæн. Райсом- изæр сæм кæртмæ бырсдзæн æмæ нæ сыхагимæ сызнаг уыдзыстæм. - Усы зондмæ байхъуыста лæг дæр æмæ сæ фæнд нал рахъæр кодтой. Иу хуыцаубон райсом Саукуыдз æмæ Саломи раджы фес- тадысты. Сæ хъуджы афсæстой, йæ хъуырыл ын бæттæн абастой æмæ йæ горæты фосы базармæ æрмидæг кодтой. Базары æрæййæфтой æнагъæддаджы бирæ фос. Чи ма- шинæтыл æрласта, чи та къахæй æрыскъæрдтой. Æлхæн- джытæ дæр афтæ бирæ. Райсомæй фæссихормæ Саукуыдз æмæ Саломийæн фос æлхæнджыты фæстæ кæсынæй сæ цæстытæ ныуурс сты, фæлæ сæм иу хъугæлхæнæг дæр æввахс нæ бацыд æмæ, фæссихор, базары адæм куы стæ- нæг сты, уæд рафардæг сты. Афтæ дыууæ хуыцаубоны ба- фæлвæрдтой, фæлæ сæ хъуыддагæй ницы рауадис. Иу изæр Саукуыдзæн йæ сыхаг Гиго афтæ зæгъы: - Дæ хорзæхæй, фæрсын аипп ма уæд, фæлæ базары дуртæ куы уæй кæны, уæд дæ хъуг, хаст хъуг уалдзæджы къæсæрыл куыд нæ уæй кæны? - Цы хабар у, уымæн æз дæр ницы зонын, - зæгъы Сау- куыдз. - Кæд æй зынаргъ кæныс? - Раст дын куы зæгъон, Гиго, уæд мæ фæрсгæ дæр ничи бакодта, уæййаг у æви йæ базары уынынмæ æрыскъæрд- тай, зæгъгæ. - Хорз, мæ сыхаг, æууæндын дæ ныхасыл, фæлæ ма йæ иу хатт куы бафæлварис. Æз дæр дæм фæкæсдзынæн. - Гиго, чи дын фыдæбон кæны. з* 33
- Уый цæмæн афтæ зæгъыс? Сыхаг дæ æндæр сæрнизæн хъæуы? Æрмæст ын йæ род дæр йемæ аскъæрæм. Саукуыдз Гигойы ныхасыл дыууæ нал загъта. Æртыккаг хуыцаубоны балæууыдысты фосы базары. Адæм базары къордтæ-чыртæй лæууынц. Хъугæлхæнджытæй бирæтæ фосы базары бахизæны æнхъæлмæ кæсынц. Бæрæгуыд сæ цæстæнгасæй, кæй агурынц хорз дуцгæ хъуццыты. Саукуыдзы мæллæг хъугмæ бакæсынц æмæ дарддæр ацæуынц. Род йæ мады фарсмæ куы иуырдыгæй, куы та иннæрдыгæй балæууы. Мад та йæ йæ дæрзæг æвзагæй асдæры. Цинтæ йыл кæны, тæрсы йын фесæфынæй. Род у хæрзхаст, нард, йæ диссаджы уындæй адæймаджы цæсты тигътæ йæхимæ исы. Йæ фыд йæ цармы нал цæуы æмæ æддæмæ бырсы. Гиго хъуджы бæттæныл хæцы æмæ афтæ зæгъы: - Æркæсут-ма, хорз адæм, Хуыцауы хъугмæ. - Адæм фæ- джих-фæхъус сты. Гиго йæ ныхас дарддæр кæны. - Мæ- гуырау хъуг куы уаид, уæд ын ахæм род дæр нæ уаид. Фосы фæлвæрайæ уын сомы кæнын. Хуыцауæй æрхаугæ хъуг у, нæ дзы фæфæсмон кæндзыстут. Æхсырмæ диссаг, сабыр, æнцон дуцæн, уæд сæрвæты дæр афтæ. Ницæмæй дзы ба- фæлмæцдзынæ, кæйдæрты хъуццытау, цæхæрадæттæм нæ гæпп кæны, хъомты рæгъауæй нæ хицæн кæны, æхсæв æддæ нæ лæууы. Уалдзæджы къæсæрыл дуцгæ хъуг мæл- лæг вæййы, уæдæ цы? Стæй уæ зæрдыл дарут - хъугæн йе ’хсыр йе ’взагыл лæууы. Иу æлхæнæг асгæрста хъуджы. - Сабыр, æрмахуыр хъуг у, - загъта сылгоймаг. Хъугæлхæнджытæй иу Гигойы къухмæ бавнæлдта. Хъу- джы бæттæн йæ къухмæ райста æмæ афтæ зæгъы: - Цæй, уæдæ, бафидауæм. Уыцы ныхасмæ фæрсæрдыгæй иу фидæрттæгонд лæг æлхæнæджы къухтæй срæдывта хъуджы бæттæн. - Æз ыл раздæр сдзырдтон. Алæуу иуæрдæм, ма мæ хъыгдар! Дыууæ æлхæнæджы кæрæдзи райваз-байваз кæнынц. Стæй кæрæдзи ратъæппытæ кодтой. Чысыл-ма бахъæуа, фыдбылыз æрцæуа, адæм сæ куыннæ ахицæн кодтаик- 34
кой, уæд. Уæдмæ Саукуыдз æнцад лæууыд, кæд йæ хъуг уæййаг уыд, уæддæр æй Гигойы ныхæстæ басастой. Бауад, æлхæнæджы къухæй хъуджы бæттæн райста æмæ афтæ зæгъы: - Хорз адæм! Æз хъуг нал уæй кæнын. Базары дуарæй рахызт, уæддæр ма хъугæлхæнджытæ йæ фæдыл кæсгæйæ лæууыдысты. Саукуыдз æрмæст уæд базыдта ныхасы тых æмæ афтæ зæгъы: - Ныхас йæ фæзынынæй фæстæмæ тыхджын у Хæхтæ рафæлдахы, цæугæ дæтты фæстæмæ аздахы, денджызты дон басур кæны. Зонут æмæ аргъ кæнут ныхасы тыхæн, уый уæ бафтаудзæн царды раст фæндагыл.
КУЫРОЙГÆСДАТИ Уый раджы уыдис, мæ хуртæ, тынг раджы. Нæ хъæумæ иу лæг Дати, зæгъгæ, хохæй æрлыгъдис. Сарæзта хæдзар æмæ Стыр Медзыдайы цæугæдоныл та - куырой. Ныр хъæубæсты цæрджытæ нæ, фæлæ хохы цæрæг адæм дæр хор ссынмæ фылдæр хастой Датийы куыроймæ, уый тых- хæй æмæ хохбæсты чысыл къадатыл арæзт куырæйттæ зымæджы бонты сæ куыстæй ныллæууынц. Датийы куы- рой та æнæрынцайгæ кусы, аннæмæй та йын бон æнтысы дыууæ-æртæ голлаг æрыссын. Дати сын лæггад кодта æмæ йæ куыстмæ иста ссад. (Уыцы дуджы хорссæггаг æх- ца ничи фыста, фæлæ ссадæй истой]. Датийы бинонтæ куыдфылдæр кодтой, афтæ хорссæгаг фылдæр иста æмæ уæд адæмы ’хсæн фæзынд канд хъастгæнджытæ нæ, фæлæ Датийы фыдæлгъыст чи кодта, ахæмтæ дæр. Хъæубæсты ныййарджытæй йæ чысыл саби уæлдай хуыфт кæмæн скæны, уыдон фæдзурынц: - Дæ хуыфджытæ куыройгæс Датийы хай. Дати бæргæ мæсты кæны, фæлæ уромы йæ маст. Иу бон хъæубæсты цæрджытæ сæ хъаст хъæуы æвзæрст Ныхасы лæгтæм æрхастой. Уыцы дуджы тæрхондæттæ нæ уыд. Ныхасы лæгтæ фæдзырдтой Датимæ æмæ йын афтæ зæгъынц: - Хъæубæстæ дæ хъаст кæнынц. Дати, дам, хорссæгаг бирæ исы. - Раст хъаст кæнынц, - загъта Дати. - Гъе, фæлæ æз цæ- мæннæ хъаст кæнын, мæн æрвылбон фыдæлгъыст чи кæ- ны, уыцы æнæзæрдæ адæймæгтыл. Ныхасы лæгтæ байхъуыстой Датимæ дæр æмæ хъаст- гæнджытæм дæр æмæ афтæ зæгъынц: 36
- Дати аххосджын у уый тыххæй æмæ бирæ ссад исы. Схæцыд йæ аргъыл. Фæлæ хъæстгæнджытæ дæр Датийы раз сты аххосджын, фыдæлгъыст æй кæй кæнынц, уый тыххæй, æмæ рахастой уынаффæ: Хорссæггаг алчи йæ хоры уæзмæ гæсгæ фиддзæн ссад Датийæн йæхæдæг Да- тийы раз. Хъастгæнджытæ та абонæй фæстæмæ сæ азым куыд бамбарой, афтæ, æмæ Датийы фыдæлгъыст куыднал кæной. Ныхасы лæгты уынаффæйæ хъастгæнджытæ дæр æмæ Дати дæр райгондæй баззадысты. Гъе, афтæ фидар уыд раджы заманы Ирыстоны хъæуты Ныхасы лæгты тых. Абон дæр ма йæм хæлæг кæнынц рæс- таг адæймæгтæ æмæ йе ’рцыдмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц...
ДЗÆГЪЫНДЗÆГ Чысыл сабитæ Габо æмæ Тузар цæрынц хъæуы фæр- сæй-фæрстæм. Боны цыфæнды афоны уынгты хъазгæ фæзындысты сæ лæдзджытыл бæхбадтæй, уæд кæс æмæ та сыхы куыйты базмæнтынц æмæ сыхæй-сыхмæ куыйтæ сæ тызмæг рæйынмæ суанг хъæуы цæрджытæ дæр уынгтæм фæдисы цыд ракæнынц. Иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, нæ райстой Габо æмæ Тузар сæ ныййарджытæй уайдзæфтæ, фæлæ хорз лæг фест æмæ сæ басæтт... Æрбалæууыд сæрд, хъæды мæргътæ цот кæнынмæ фе- сты, уæд сын бынтон артæй фæнык нал вæййы. Сыхбæсты сæ бирæ чи уарзы, уыдон фæдзурынц: - Ма æфхæрут сабиты, родтæ куынæ сты. Уадз æмæ зæры бонты сæ сабибонтæ æрымысой. Аннæтæ та фæзæгъынц: - Уайх фæуат, цы сабитæ сымах стут. Уæ фыдуаг митæй æмæ хъæлæбайæ нæ бынтон лидзинаг куы фæкодтат. Иу бæлас, иу къутæр сын æнæ сгæрст нал баззайы. Иуахæмы та хъæддаг мæргъты ахстæтты цъиуты лæп- пынтыл цуан кæнын æрымысыдысты. Мах сæ, зæгъгæ, схъомыл кæндзыстæм æмæ ма сæ тутиау дзурын дæр са- хуыр кæндзыстæм. Ахæм фæндæй сарæзтой æфсæйнаг телтæй чыргъæд æмæ азылдысты хъæуы фарсмæ сындз къутæртыл. Ссардтой дзæгъындзæджы ахстон. Асгæрстой йæ. Мад уыцы афон уыд йæ лæппынтæн хæринаг хæссын- мæ. Габо æмæ Тузар чысыл лæппынцъиуты чыргъæды куыддæр нывæрдтой, афтæ дзæгъындзæг фæзынд. Йæ базыртæ тилы, йæ мæгуыр зæрдæ фæтоны, фæлæ цы йæ бон уыд. Ахастой сæ æмæ сыл хæдзары тыргъы чыргъæды дуар сæхгæдтой. Дзæгъындзæг йæ лæппынты агурæг ба- лæууы алы хæдзары тыргъы. Сиды сæм. Чысыл цъиутæ сæ мады хъæлæс базыдтой æмæ йын сæ мæллæг хъæлæсæй дзуапп радтой. Цымæ йæм дзырдтой: «Фервæзын нæ кæн 38
мæлæтæй, кæд мад дæ, уæд. Æххормагæй дын бирæйы фаг куынæуал стæм. Габо æмæ Тузар æмбырд кæнынц уаллæттæ æмæ сын сæ чысыл къоппы сæ разы бæргæ æвæрынц, фæлæ чысыл лæппын цъиутæ сæхи хъаруйæ хæрын нæма зонынц æмæ сæ уд сцыбыр. Дзæгъындзæг алыбон æртæхы, фæцъыбар- цъыбур кæны семæ. Хæринаг сын чыргъæды ныппары æмæ æрхæндæгæй атæхы... Æртыккаг бон мады сидтæн лæппынтæ дзуапп нал радтой æмæ уæд дзæгъындзæг ба- зыдта йæ лæппынты æнамонд хабар. Йæ зæрдæ суынгæг, арæсыд, йæ цæстытæ ахгæдта æмæ чыргъæды дуары раз, мæгуырæг, йæ цардæй ахицæн. Уыцы райсом Габо æмæ Тузар иннæ бонтæй раздæр фе- стадысты. Кæсынц, æмæ федтой чыргъæды раз дзæгъын- дзæджы мард. Ныккастысты чыргъæдмæ æмæ чысыл лæп- пынтæ дæр нал змæлынц. Габо æмæ Тузар æрæнкъард сты, æруагътой сæ сæртæ. Æрмæст уæд базыдтой мады зæрдæ хъæбулы мастæн æдых кæй у. Мады узæлд кæй ницæмæй ис баивæн. Уæдæй фæстæмæ Габо æмæ Тузар ныууагътой мæргъты ахстæтыл цуан кæнын æмæ се ’мбæлттæн дæр фæдзæхсынц: - Ма риссын кæнут мады зæрдæ. Чысыл цъиутæ дæр цæрынæн райгуырдысты æмæ сæ мадæлтимæ хъуамæ цæ- рой цалынмæдæридæр сæхи хъаруйæ сæхи дарынхъом фæуой, уæдмæ. Гъе, афтæ у мæргъты цард æмæ мах цард дæр.
ÆНУВЫД СЫХÆГТÆ Иу бон та чысыл лæппутæ хæстон архайдтытæй хъазын æрымысыдысты. Алкæмæ дæр сæ уыд хъазæн автомат. Ив- тыгътой сæ чи гæххæттæй, чи та пластмас тымбылæгтæй. Лæппутæ дыууæ къорды фесты. Иутæ сæхи рахуыдтой бынæттон цæрджытæ, аннæтæ та æддагон æрбабырсгæ сыхæгтæ. Цыбыр карз хæсты Габойы цæсты гагуыйыл сæмбæлд Æхсары автоматы нæмыг. Габо нырдиаг кодта: - Амардта мæ, амардта! Мæ цæст рахаудис! Лæппутæ Габойы хъæрмæ сæ хъазын фæуагътой. Габо йæ цæсты рыст куынал урæдта, уæд æй бакодтой хæдзар- мæ. Иæ мад Быценон йæ уæрджытыл балæууыд: - Мæнæ куыд фесæфтæн! Мæ цар мыл куыд æркалдис, æнæныгæд куыд баззадтæн. Уас сæ бындур ныззила, нæ фыдбоны сыхæгтæн, чысыл сабитæн уыцы хъазт чи бав- зарын кодта. Йæ кæуынмæ æрбамбырд сты сыхæгтæ. Ныфсытæ йын æвæрынц, ницы йын уыдзæн, зæгъгæ. Габойæн йæ цæсты рыст бонæй-бонмæ тынгдæр кодта æмæ йæ уæд рынчындонмæ акодтой. Бахъуыд æй операци кæнын. Дох- тыртæ Габойы ныййарджытæн афтæ зæгъынц: - Ныр Советон дуг нал у, бахъæудзæн уæ бирæ æхцайы фæрæзтæ. Габойы ныййарджытæ - цыбыр къух, тыхстысты... Га- бойæн та операци нæ арæзтой. Уæд сыхæгтæ æрбамбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ, иу ахæм та йын баххуыс код- той Æхсары ныййарджытæ, æмæ дохтыртæ уæд Габойæн сарæзтой уæззау операци. Аирвæзт уый фыдбылызæй. Гъе, ахæм æнувыд сыхæгты хъæуы бафæзмын, мæ хуртæ, уæ зæрдыл дарут. «Бæлас бæласыл æнцой кæны, сыхаг та - сыха^ыл», - зæгъы фыдæлты æмбисонд. Габойы ныййар- джытæ стыр бузныгæй баззадысты сæ æнувыд сыхæгтæй цæстуарзон æххуысы тыххæй. 40
ТАУРÆГЪТÆ САУДЗУАРЫ ТЫХХÆЙ Мæ ацы уацы мæ радзурын фæнды, Ирыстоны Саудзуа- ры кувæндоны фæзынды тыххæй. Стыр пролетарон фыс- сæг М. Горький фыста: «Кæд ма нын фыдæлты ивгъуыд цардæй исты æнæзонгæ баззадис, уæд æй агурын хъæуы адæмы ’хсæн». Ирыстоны бирæ ис Саудзуары кувæндæттæ, фæлæ куыд æмæ цахæм амæлттæй фæзындысты, уый бæл- вырдæй нæ зонæм. Зонæм дзы æрмæстдæр, ирон адæмы номдзыд фыссæг Гæдиаты Секъайы таурæгъ «Мад æмæ фырт»-ы Хъелы хохы фидары Саудзуары кувæндоны фæ- зынд. Афтæмæй та уыдон сты нæ фыдæлты рухс кувæн- дæттæ æмæ сæ зонадон æгъдауæй æмбæлы сахуыр кæнын. Фыццаг хатт Джеры кувæндоны уыдтæн 2011 азы. Фæс- тæмæ куы раздæхтыстæм, уæд ме ’мбæлттæй иу афтæ зæгъы, ам, Саудзуары кувæндоны цур æмбæлы æмæ ба- фæдзæхсæм нæхи. Ссыгътам цырæгътæ æмæ бафæдзæхс- там нæхи. Фыдæлтæй зонæм, кувæндæттæ сау никуы вæй- йынц, хонæм сæ рухс кувæндæттæ. Уымæн æмæ нын нæ зæрдæтæн авæрынц рухс ныфсытæ æмæ тыхтæ. Ирысто- ны кувæндæттыл фыст ис бирæ легендæтæ, таурæгътæ, кæцытæ дзурæг сты, адæмы ’хсæн фидар кæй у сæ магион тых. Иуахæмы, дам, Джеры комæй быдырбæстæм рараст сты чындзхæсджытæ, фæстæмæ здæхгæйæ, дам, сыл, Уанатæй Хъуыриайы ’хсæн, сау тар хъæды, æрталынг. Мæйдар æх- сæвау, фæндаг нал æвзæрстой, тæссаг уыд, искуы былæй куы ахауой. Чындзхæсджытæм фыдбылыз кæй кастис, уый, дам, Джеры дзуар базыдта æмæ ратахт сæ размæ. Абон Сау- дзуар кæм ис, уым æрбадт. Чындзхæсджытæ фæдзæхстой сæхи. Джеры дзуар, дæ хорзæхæй, бахиз нæ фыдбылызæй, сæрæгасæй нæ хæдзæрттыл куыд сæмбæлæм, радт нын 41
ахæм амонд. Куыддæр чындзхæсджытæ фезмæлыдысты сæ бынатæй, афтæ ногæй бæстæ ныррухс æмæ дарддæр кодтой сæ цыд. Афæдзы бонмæ ног чындз бацис дыууæ фаззон лæппу- йы хицау æмæ, дам, уæдæй нырмæ Джеры дзуармæ сæхи фæдзæхсынмæ канд Джеры комы адæм нæ цæуынц, фæлæ ма Ирыстоны алы къуымтæй дæр. 1990 азты онг æм цыды- сты Гуырдзыстоны хъæутæй дæр. Ис ма ахæм таурæгъ дæр: иуахæмы, дам, иу рынчын лæппуйы тыххæй йæ ныййарджытæ снывонд кодтой уæ- ныг. Уæныг Джеры дзуармæ куы скодтой, æмæ уыйæппæт адæмы куы федта, уæд фæтарст, ратыдта сæ къухтæй æмæ ралыгъд. Цалдæр лæппуйы йæ расырдтой фæстейæ, æрæййæфтой йæ Саудзуары, тулдзбæласы бын. Уæныг фæфæлдæхт æмæ мæлы, йæ уд исы. Лæппутæ фелвæстой сæ кæрдтæ, æрбаргæвстой уæныджы, йæ фыдæй скодтой физонджытæ æмæ скуывтой рынчын лæппуйæн. Джеры дзуары бын чи уыд, уыдон та уым скуывтой сæ кувинæгтæй æмæ рынчын лæппу цалдæр къуырийы фæстæ аппæрста йæ лæдзгуытæ, æмæ æнæ искæй æххуысæй рауай-бау- ай кодта адæмы ’хсæн. Уæдæй-абонмæ адæм Джер æмæ Саудзуарæн фæкувынц иумæ, иу рæстæджы.
АЙТЕДЖЫ БÆЛЛИЦ Айтегæн раст Германы хæсты фæстæ ног хорæй зæронд хоры ’хсæн иу стонг рæстæг йæ фыд Никъала фæзиан. Уæд æз чысыл уыдтæн, фæлæ йæ абоны бонау хорз мæ зæрдыл бадардтон. Хъæубæсты адæм се ’ппæт дæр афтæ раихсы- дысты, æмæ дзы чырыстон дзуйлаг ссад никæмæ разын- дис. Арвыстой сыхаг хъæумæ, уым Хуыбылты Никъалайы цардæмбал Дудианмæ ма кæмдæр æвæрд разындис иу гор- дайы бæрц ссад. Скодтой дзы æртæ уæливыхы æмæ иу цалдæр дзулы. Уыдонæй мæрдты æгъдаумæ гæсгæ рухс загътой. Марды хæсгæйæ, фæсивæд ивтой сæ кæрæдзи. Со- зырæн йæ фарсмæ цæуæг Агор аныр аива Созыры, афтæ хуырджын зæххыл фæбырыд. Йæ къах йæ быны фæцис æмæ йæ зæнг æрбасастис. Адæм дыккаг мардæрцыдау фесты. Рагæй-æрæгмæ нæ ирон адæм зæхх уыдисныйæ барстой. Сæ уæлмæрдтæ дæр æнæпайда хъæд рæбынты уымæн арæзтой. Абон дæр ма афтæ у. Хæрнæджы фынгæн цы хъуыд, уыдон хъæубæсты цæрджытæ æрбамбырд код- той æмæ Никъалайæн æхсæны мæгуыры хист скодтой. Агор къуылыхæй баззадис уæдæй фæстæмæ. Йæ мад Тотыроны карздæр æлгъыст вæййы: «Авд дæлдзæх ныххау Никъала, мæ тæригъæдæй, мæ фидыцджын лæппу сахъатджынæй баз- задис!» Айтеджы бæллиц уыдис æмæ йæ дзургæ дæр кодта: - Бинонтæ цас фылдæр уой, уыйбæрц се ’фтиаг дæр фыл- дæру Æмæ йæ бæллиц сæххæст. Бацис цыппар лæппу æмæ дыууæ чызджы фыд. Ныр арæх фæдзуры: - Куы амæлон, уæд мын мæ марды чырыны цыппар къуымыл чи схæца, уый ис. Тотыроны карз æлгъыст мæн- мæ нал æрхаудзæнис. 43
Бирæ чи фæцард æмæ бирæ чи федта, уыцы куырыхон адæймæгтæ фæдзурынц: «Хъæу дæр йæхирдыгонау пад- дзахад у æмæ дзы Айтегы хуызæн номдзыд лæгтæ хъæуы, цæмæй кæрæдзи æмбаргæйæ цæрой». Айтегæн та ахæм ад- джын æвзаг æмæ хорз зæрдæ ис, æмæ калмы дæр æрлæгъз кæны æмæ йæ йæ роны нывæры. Фыдæлтæй уымæн баз- зад загъдау: Галтæн сæрбос хъæуы, адæмæн та - æмбæлон раздзог. Гъе, афтæ, мæ хуртæ, Айтег у хъæубæсты фидыц, дзырд- дзæугæ, номдзыд лæг æмæ æнæ Айтег цыфæнды фарст дæр нæ алыг кæнынц. Айтег дзы никуы ма фæрæдыдис, уый тыххæй йæ комбæсты адæм дæр арæх æрфæрсынц. Айтег арæх фæдзуры: - Хуыцау, кæд мæ марыс, уæд дзаджджын фæззыгон хъарм рæстæджы. Адæм куыд нæ бафæлмæцой. Айтег амондджын цард фæкодта, зæнæгæй æфсæст. Нæ федта маст, афтæмæй йæ 80 азы йæхирдыгæй фесты. Стæй, раст фæззæгæй зымæджы ’хсæн, æрбарынчын æмæ къуы- рийы бонмæ йе ’нусон бынатмæ атагъд кодта, йæ цар- дæй ахицæн. Бинонтæ æнæнхъæлæджы масты хай фес- ты. Хъæубæстæ - нæлгоймæгæй, сылгоймагæй, суанг чысылты онг, Айтегы æвиппайды амæлæтыл æрдæг фес- ты. Сæ ныфсы мæсыг рафæлдæхт. Чи ма нæ æнгом кæн- дзæн кæрæдзимæ, фæзæгъынц. Айтегæн йæ лæппутæ стыр фынг æрæвæрдтой, сæ фыды фыд Никъалайæн дæр йæ лæппуйы фæндаггæгтæй кады рухсытæ фæкодтой. Абон дæр ма йæ диссагæн фæдзурынц. Айтегы амæлæт хъæубæстæн хорзы боны фæцис. Ныр 15 азы рацыд æмæ, куыд фæзæгъынц, хъæубæстæй бындз къуымæлы дæр нал бахауди. Сылгоймæгтæ худæгæн фæдзурынц: - Айтегы мард нæ зæрæдтæн хорзы боны фæцис. Ичъы- найы калмау уæлæуыл баззадысты. - Уадз æмæ цæрой, - иуæй-иутæ та фæдзурынц. - Зæронд хæдзары дуары гуыдыр у, бирæ фæцæрæнт, сæ хъæбулты хурæй æфсæстæй. Абон дæр ма хъæубæсты цæрджытæ Айтегæн зæрдæ- бынæй фæрухс кæнынц. Фæзæгъынц: - Лæг куы райгуыра, уæд нæхи Айтегы хуызæн, хъæу- 44
бæстыл хъуамæ иузæрдион, аудæг уа. Рухсаг у, рухсаг! Хорз лæгтæ нæ мæлынц. Дæ кады ном уæлæуыл не ’хсæн цæргæйæ баззайдзæн. Дзæнæты бæсты хуыздæр бынат дæ бар фæуæд. Бирæ цы зæхх уарзтай, уый дын рог æмæ, мады хъæбысау, хъарм уæд. Нæ дуджы Айтегы хуызæн куырыхон лæгтæй нæ хъæу- тæ фæцух сты. Фыдæлтæй фæзæгъынц: «Сыгъдæг æрдзы хъæбысы æнæниз адæм гуыры». Цæй не ’ппæт дæр нæ тыхтæ аздахæм æмæ нæ фыдæлты хъæутæ сæндидзын кæнæм, цæмæй та Ирыстоны хъæуты фæзына æрдхæрæны номдзыд куырыхон лæгтæ.
РÆСТДЗИНАД АГУРДЖЫТÆ Фæззыгон райдзаст хъарм хур бон. Дада бады нæ хæдза- цы кæрты йæхи арæзт сывылдз къæлæтджын бандоныл. Иæ балцы цæуæн ног дарæсы. Кæсы нæ дыргъдоны бæлæстæм æмæ худгæбылæй аф- тæ зæгъы: - Рауай-ма, дадайы хур, мæ фарсмæ абад, - æмæ йæ фарс- мæ иу фæхс бандоныл æрбадтæн. - Уыныс, дадайы хур, цы æмбисонды дыргъдон дын са- рæзтон, уæд хæдзар дæр дыууæ уæладзыг æмæ дæ фæ- дзæхсын, мæ бирæ фыдæбæттæ æмæ фæллæйттæ мын донæн ма аласын кæн. Куыстæй макуы фæтæрс, фыдæл- тæй нын баззад, куыст цардæн фæрæз, цæрын хъæуы хи фæллойæ. Æз ме ’взонджы бонты бирæ зындзинæдтæ бав- зæрстон. Удхайраджы цард кодтон. Нæ дуг мæлинаг дуг уыд. Сау кусæг лæг йæ астæу сраст кæнын нæ фæрæзта. Зæхх æмæ цард иугай лæгты къухы уыд, уыцы дуджы адæмы къухтæ æндон рæхысæй баст уыдысты. Мæхуызæн æнæзæхх мæгуырты бахъуыдис рæстдзинадыл сдзурын. Адæмæй иутæ царды мæгуырдзинад дуджы аххос кодтой, аннæтæ та дзырдтой «Мæгуыр тыхджынæн дондзау». - Уыныс, дадайы хъæбул, мæ русы нос. - дзуры дарддæр. - Иуахæмы хъæздыг Соломоны фыртимæ рахъæлæба дæн. Сымах, дам, æнæсæрæн стут æмæ уын, уый хъæзныджыты аххос у. Æз йæ ныхмæ фæлæууыдтæн, уæд йæ фæтæн риу фесхъæл кодта æмæ афтæ зæгъы: - Æз чи дæн, уый нæ зоныс? - Чифæнды фест, фæлæ мæнæй дæр фиу нæ батухдзынæ! Уæд йæ фарсылдарæн хъама фæцъортт кодта. Мæ сæры фарс мын æрсæрфта. Мæ туг мæ риуыл куы æрзæй кодта, уæд мæ туг рафыхт. Мæ роны счъилæй дамбаца фелвæстон æмæ йæ багæрах кодтон. Дæ бал гъитæг дæр афтæ. Мæнæуы 46
уæззау куырисау æрфæлдæхти ног рауардгонд зæххыл. Уыцы бон мæ хæдзар, мæ бинонты ныууагътон æмæ абырæджы цард кодтон. Мæ гобан æмæ мæ хъæццул уы- дысты хъæды бæласы хус сыфтæртæ. Мæхи хуызæн мæгуыртæй сарæзтам къорд æмæ сæрибардзинад агуырд- там æмæ йæ æхсарæй ссардтам. Уыцы дуджы æз зынæй цы бавзæрстон, уыдонæй сы- мах иунæг бæрзонд Хуыцау хызт уадзæд. Абон сымахæн уæ рæстæг æндæр у, уæ цард æмæ зæххæн ныр уæхæдæг хицау стут. Тыхы дуг фæстæмæ мауал здахут, уый уæ тудж- джынты фæндагмæ кæны. Рæстдзинад агурут зонд æмæ лæджыхъæдæй. Цы адæм рæстдзинад тыхы фæрцы агу- рынц, сæ фидæн мæгуыр у. Ног фæлтæр ахуырмæ здахут, цæмæй знагæн бауырнын кæнат, кæй цæрут уæ фыдæлты зæххыл. Знагмæ æргомзæрдæ ма ут, уæ тыхстдзинад ма- куы равдисут знаджы раз. Кæрæдзи уарзгæйæ цæрут. Уæ фыдæлты кад æмæ намыс хъахъхъæнут. Æгады цардæй, кады мæлæт хуыздæрæн æвзарут. Æнæзæхх, æнæфыды- бæстæ адæймаг æнæбазыр маргъ у. Уарзут æмæ хъахъ- хъæнут уæ райгуырæн фыдыбæстæ. Мæ фыд йæ риуыдзаг сулæфыд. Ныхъхъæрзыдта æмæ мæ тарфынæйæ райхъал дæн. Мæ сурхид калд. - Цы мæгуыр дæ, загътон, ныййарæг. Йе ’нусон бæсты дæр нæ мæтæй æнцойад нæ зоны... Акастæн фæрсагæй. Сбони. Адæм змæлынц. Чи сырх мæнæу тауы, фидæны азæн бынтæ кæны, чи йæ фосæн зымæгмæ кæвдæстæ аразы, чи та йæ дыргъдоны гагадыргъ- тæ æфснайы. Гъе, джиди, загътон мæхицæн, дæсаздзыд лæджы бындзæфхад... Мæхи цæхсадтон, къæбæр ахордтон æмæ мæ ныййарджыты фарсмæ нæ дыргъдоны тыллæг æфснайынмæ бавнæлдтон. Уæдæй абонмæ дадайы ныхæстæ мæ зæрдыл лæууынц. Цы адæм кæрæдзи уарзгæйæ цæрынц, рæстдзинад агурынц зонд æмæ лæджыхъæдæй, нæй сын фæцудæн, цыфæнды уæззау дуджы дæр уæлахиз кæндзысты.
ÆНУСОН ЛЛАСТ - Будзи йæ мад, йæ фыдæн у сæ зæнæджы хистæр. Йæ фыд Дати арæх фæдзуры, хъæбулы ад Будзийæ базыдтон, æниу иннæты дæр къаддæр нæ уарзын, фæлæ нæ ирон æгъдаумæ гæсгæ мæ ныгæнын Будзимæ кæсы. Чызджытæ фæцæудзысты моймæ, сæ цард аразыныл ныллæудзысты, мæнмæ сæ нал равдæлдзæн... Æз æмæ Будзи та ам нæ фыдæлты зæххыл иумæ нæ цард кæндзыстæм. - Уый цæмæн афтæ хъуыды кæныс, нæ лæг? Хуыцау дæ бирæ фæцæрын кæнæд, фæлæ исты..., уæд дыл дæ чыз- джытæ куыд бакæуой, афтæ Будзийæ уый ныфс ма бавæр. Фыдæлтæй нæ ирон адæм мард кæуынæй буц кæнынц. Лæгау-лæгæн та кæуын худинаг у, - загъта йын йæ цард- æмбал. - Мæ хæдзары рæбинаг быцæу Будзи кæй у, уый куыннæ æмбарыс, не ’фсин. Ахæм быцæутæ фæкæнынц Дати æмæ йæ цардæмбал æмæ æппынфæстагмæ æрцæуынц иу хъуыдымæ. Хъæбул- тæй алкæмæн дæр йæхи бынат ис. Дати, царды фых лæг, æппæт зонаг фæзæгъы: - Уазал боны суджы къуыдыр ныссæтт æмæ дæхи схъарм кæн. Лæджы къуыдыр уымæн дæр нæ бæззы æмæ æдзух архайы йæ сабитæн æмбæлон ахуырдзинад раттыныл, ис- кæмæ æнхъæлцау куыд нæ бакæсой, афтæ. Будзи кæд нырма чысыл у, уæддæр сыхбæсты раджы фæбæрæг йæ лæгдзинад. Фæзæгъынц: «Гайлаг родæй бæрæг у». Будзи- йæ хорз лæг кæй рацæудзæнис, ууыл ничиуал дызæр- дыг кæны. Будзи йе ’мгæрттæй уæлдай хицæн кæны, йæ сабыр, мадзура æмæ коммæгæсæй. Мæгуыр лæгæн йæ уаеныг - гал, йæ лæппу - лæг. Будзи цумахъом фæцис. Ныр Дати сыхбæсты никæмæуал бадзурдзæн: марадз, фæкæ- сут мæм. Уæд ахуырмæ та бынтон хорз - скъолайы ахуыр- 48
гæнджытæн у цæстæвæрæн. Скъолайы директор арæх ныййарджыты æмбырды Будзийы хорзы кой ракæны æмæ кæс, Дати та йе уæхсчытыл схæцы... йæхи бабуц кæны. Азтæ, дугъон бæхау тагъд згъорынц, Будзи æнтысгæйæ каст фæцис астæуккаг скъола æмæ уыцы аз бацыд уæл- дæр ахуыргæнæндоны историйы факультетмæ. Будзи дыккаг курс сæхгæдта. Датийæн рагæй дæр йæ ныхас уыд Будзийæн афонæй раздæр бинонты кой бакæнын, цæмæй Будзи йæ сывæллæттæм, сывæллæттæ та Будзимæ кæсы- нæй бафсæдой. Будзи дæр сæ зæры бон исты æрæййафа. Бацин сыл кæна, уæдæ царды æндæр хуыздæр цæуыл ис бацингæнæн? Будзи рагæй дæр цы чызджы уарзта, уыи- мæ йæ цард сбаста. Дати æмæ йæ цардæмбалы цинæн кæрон нал уыд. Ныр ын хицау фæзынд æмæ сæ сынкъ ныл- лæмæрстой. Афæдзы бонмæ хæдзары фæзынд ноггуырд. Ныр Будзи дæр базыдта хъæбулы ад. Авдæнбæттæн боны Будзи йæ лæппуйыл сæвæрдта йæ фыды фыд Леуаны ном. Будзийæн йæ институты азтæ агæпп кодтой. Баззад ма йын фæстаг фæлварæнтæ. Ныр царды бын æрæвæрдзæн куыд загъта, афтæ. Ирыстоны адæмыл айхъуыстис фыдохы хабар. Райдыд- та Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Герман бадзырд фехæлдта. Немыцаг фашисттæ бырсынц нæ бæстæмæ. Арт æндза- рынц, пырх кæнынц нæ горæттæ æмæ хъæутæ. Марынц, не ’взарынц сабитæ, зæрæдты æмæ сылгоймæгты. Нæ бæстæ- йы туджы зæй лæсæнтæ кæны. Ирыстоны фæсивæд æзхуыздæронæй аивылдысты то- хы быдырмæ. Уыдонимæ фæцыд Будзи дæр. Йæ цардæм- бал Фатимæ райста йæ диплом, фæлæ йын ад нæ кæны. Æхсæвæй-бонæй хъуыды кæны, цы бауыдзæн Будзи. Кæд æрыздæхдзæн тохы быдырæй æмæ йыл ног хур кæд ра- кæсдзæн... Будзи йæ иу фыстæджы афтæ фыссы: «Уæ зæрдæ мæм ма æхсайæд, цæрын куыд хæстон салдат, афтæ. Иу чы- сыл ма бафæразут, æмæ уæм уæлахиздзауæй зындзынæн. Мæ бæсты Леуанæн адджын хъæбыс акæнут. Хорзæй уал фенынмæ, фæстæдæр та уæм афысдзынæн». Будзи онг- джын, хъæдмæцъисау фидæрттæ лæппу-лæг, пулемет йе ’ккой баппæрста. Командир æм мидбылхудгæ бакаст æмæ афтæ зæгъы:, хъус-ма, Будзи, ма фæрæди. Ды лæг никуы ма амардтай æмæ тас у фæрæдийынæй... 4* 49
Уый цæмæн афтæ зæгъыс, æмбал командир? - Цæмæн куы зæгъай, уæд знаг налат у, куы фæтыхса йæ хызы, уæд дæ сайдзæн, ма мæ амар, æз ницыгæнæг дæн, ма йыл-иу баууæнд. Дæхи дын амардзæн. Будзи команди- ры ацы ныхæстæ «Дæхи дын амардзæн» арф йæ зæрдæйы бавæрдта. Æртыккаг бон хæсты быдыры немыц æмæ мах хæстон- тæн бацайдагъ карз тох. Зæххыл туджы зæй лæсæнтæ кæ- ны. Зæхх ризы сармадзанты хъæрæй. Махонтæ разынды- сты хъæбатырдæр. Немыцы хæстонтæй ма удæгасæй чи баззад, уыдон сæ сæр æфснайынмæ фесты. Будзи йæ хæстон æмбæлттимæ немыцы мард æфсæд- донты сæрты размæ лæгæрдынц. Будзи дзы иу салда- ты къахыл фæлæууыд. Фриц йæ цæстытæ байгом кодта. Фæтарст, афæлурс. Будзи йæм æркаст. Йæ иу цонг йæ фарс- мæ, аннæ къухæй йæ цонджы рæбын фидар æрбаста, цæ- мæй йæ зæрдæйы туг ма равдæлон уа. - Ма мæ амар, Русс, - хъæрзгæйæ сдзырдта, - мæ сабиты мын сидзæрæй ма ныууадз. Лæгъстæ кæны. Будзи стыхст, цы бакæна, нæ зоны. Уæдмæ фæрсæрдыгæй æрбайхъуыст командиры тызмæг ныхас. Размæ тагъддæр, цы бандзыг дæ! Будзи фæцæуæг. Иу дзæвгар ауадис. Кæсы та - иу цæф немыцаг хæстон йæ хъуыры цъар ивазы. Лæгъстæ кæны, амар мæ, кæд лæг дæ, уæд. Мæ фыдæбонæй мæ фервæзын кæн. Будзийæн командиры ныхас йæ зæрдыл æрбалæууыд «Нæ йæ амардзынæ, дæхи дын амардзæн». Будзи карчы цъиу дæр никуы аргæвста. Ныр æй лæг марыны сæр бахъуыд. Уый хæсты сæйраг нысан у æмæ йæ æххæст кæнын хъæуы, цæмæй дæ хæдзарыл сæрæгасæй сæмбæлай. Будзи йæ цæс- тытæ бахгæдта æмæ дæ фыдгул, уый бынатмæ ацæуæд. Гъе, афтæ Будзи хæстæгмæ йæ царды фыццаг хатт амардта лæг. Изæры командир йæ салдаттыл йæ цæст ахаста. - Æгæр бирæ фесæфтам нæ хæстонтæй æмæ къæхтыбы- нæй арф суынæргъыдта. Командир Будзимæ бакаст æмæ афтæзæгъы: - Хорз фидар хæстон дæ, уый æнхъæл дæ нæ уыдтæн. Будзи йæ мидбылты бахудтис æмæ афтæ зæгъы: - Фидар лæууын хъæуы, цæмæй дын знаг дæ цард ма байса. Æмбал командир, кæд гæнæн ис, иу ныхас дын куы зæгъин? 50
- Зæгъ, дæ хорзæхæй, Будзи, хъусын дæм. Немыцаг сал- дæтты мæрдты сæрты размæ куы хызтыстæм, уæд иу ма^зд немыцаджы къахыл фæлæууыдтæн. Уый уыд удæгас. Иæ иу цонг йæ фарсмæ. Рабадт æмæ лæгъзтæ кæны, ма мæ амар, мæ сабиты мын сидзæрæй ма ныууадз, зæгъгæ. - Æмæ йæ нæ амардтон, - ныххатыр мын кæн. Цалдæр къахдзæфы сарæзтон æмæ та иу немыцаг салдат хъæрзы. Йæ туджы самæхст. Лæгъстæ кæны, амар мæ, кæд лæг дæ, уæд. Мæ фыдæбонæй мæ фервæзын кæн. Мæнæ цы диссæгтæ уынын, - зæгъы Будзи. - Иу йæхи фæдзæхсы. Ма мæ амар, аннæ та йæхи марын кæны æмæ йæ агæрах кодтон. Раст бакодтон? - афарста Будзи командиры. - Дæхи æрсабыр кæн, Будзи, куыд æмбæлдис, афтæ са- рæзтай. Ницы фæрæдыдтæ. Иудзонгон хæстон салдатæн нал бæззы, уадз æмæ йæ сабиты схъомыл кæна. Дыккаг немыцаг йæ адзал базыд- та æмæ йын удыбæстæ скодтай. Бафтыдтай йæ йе ’нусон бæстыл. - Зын уыд Будзийæн лæгмарын æмæ фæзæгъы: - Бындурзылд фæуæд фыццаг хатт йæ къухмæ лæгма- рыны тыххæй хæцæнгарз чи систа. Хуыцау не ’ппæты дæр цæрынæн куы рафæлдыста, уæд кæрæдзийы туджы цы æвдулæм. Цы нын баззад фыдæлтæй уаринаг? Фондз азы хæсты быдыры Будзи бирæ уæззау зындзи- нæдтæ бавзæрста. Цалдæр хатты рог цæф дæр фæцис. Æвзæр лæг æмæ æвзæр бонæн бирæ цæрæнбон нæй, зæ- гъы æмбисонд. Гермайнаг фашисттæ дæрæн æрцыдысты, фервæзт нæ бæстæ тугцъир знæгтæй. Будзийы Уæлахизы бон æрæййæфта Берлины æмæ æрыздæхт йæ фыдыбæс- тæм сæрыгасæй хорзæхтимæ. Йæ домбай фæтæн риуæй æрттивынц Фыдыбæстæйы 1-аг æмæ П-аг къæпхæны ор- дентæ æмæ майдантæ. Датийы бинонтæ ныр фæсхæст сабыр дуджы сæ цард аразынц. Будзи - ахуыргæнæг, йе ’мкъай Фатимæ та - дохтыр. Цард сæм йæ мидбылты худы. Иу бон Дати æмæ йæ сыхаг Хъараман цæуылдæр фæ- быцæу сты. Уæд ын Хъараман хæлæджы охыл афтæ зæгъы: - Ныууадз, Дати, дæ хорзæхæй, де ’ппæлой ныхæстæ. Мæ хъустæ смазол сты дæумæ хъусынæй. Нæ зоныс Будзи лæг- мар у, уæдæ йын, дæумæ гæсгæ, йæ уыцы хорзæхтæ цæмæн радтой. Иæ къухтæ æмæ йæ хорзæхтæ тугæй ахуырст сты, 51
уый куыд нæ зоныс. Дати дурдзавдæй аззад. Ницы дзу- рын æм сфæрæзта. Кæд, мыййаг, Хъараман раст зæгъы. Уæдæй фæстæмæ Дати йæ зæрдæйы адджын ныхæстæ Хъараманæн нал фæкæны. Хъараман базыдта Дати йæм кæй фæхæрам, фæлæ йæхи нæ сæтты. Хатыр дзы нæ куры. Будзийы хъустыл æрцыдысты Хъараманы ныхæстæ, фæлæ сæ ницæмæ æрдардта, уымæн æмæ Хъараман æнæ ахуыр- гонд лæг у, хæстон хъуыддагтæн дæр ницы зоны æмæ дзы цы домдæуа. Хæсты быдыры хорзæхтæ ницымацæмæйты райсгæ не сты. Хæсты быдыры хъуамæ суай лæгмар, уый хæсты æнусон æгъдау у. Кæм знаджы, кæм дæхи туг нык- калдзынæ. Афтæ у хæсты хабар. Æрмæст хæст йæхи удæй чи бавзæрста, уыдон зонынц хæсты хабæрттæ. Гъе, фæлæ, куыдфæстагмæ, Хъараманы æфхæрд ныхас Будзийыл аф- тæ бандæвта, æмæ йæхицæн бынат нал ары. Иæ мæгуыр зæрдæ рæсыдæй хæссы æмæ йе ’нæниздзинад бынтон фæ- цудыдта. Хъараман йе ’нусон бæстæм раджы аивгъуыдта, уæддæр ма æхсæвæй-бонæй хъуыды кæны Сосланæн куыд бафида йæ фыды æфхæрд ныхас, цæмæй йæ зæрдæйы рыст æрæнцайа. Кæд ын фæуыдзæн ахæм рæстæг æмæ æнхъæлмæ кæсы... Будзи арæх фæдзуры: «Фондз азы хæсты быдыры мын ме ’нæниздзинадæн уый нæ ракодтой, цас мын ратых код- та Хъараманы ныхас». * * * Уыд сæрды æмбис. Ныр цалдæр мæйы арвæй зæхмæ доны æртах нал æрхаудис. Зæхх судзы, цыма йыл арт бан- дзæрстæуыд. Адæм зæрдæдзурæнты фесты. Сæ афæдзы куыст сын дон йæ бынмæ ласы, уæддæр сæ ныфс нæ сæт- тынц. Кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрынц. Ницы та нын уы- дзæн. Иу аз иу бонау у. Иу бон та нæ фыдбоны сыхæгтæ фæдсафынæн телевизоры сарæзтой сæрмагонд ралæвæрд. Цыма ныл кæд фæзæрдейæ сты, - «Дзмебо-Осебо! Кæрæдзи бамбарæм. Ивгъуыды бонтæ ферох кæнæм. Кæрæдзимæ фыдзæрдæ куыд нал хæссæм». Адæмæй кæй уырныдта, чи та амыдта цыдæр хиндзинад аразынмæ хъавынц. Æмæ 7-æм августы æхсæвы, раст æмбисæхсæв, æрбабырстой сæ хæстон салдæттæ нырыккон уæззау техникæимæ. Иутæ Аунеуæй Къостайы хъæуыл рафсæрстой. Хъæу судзынц, 52
пырх кæнынц, аннæтæ та Никозыл æрбабырстой. Судзынц, горæт пырх кæнынц, бирæуæладзыгон бæстыхæйттæ зæх- химæ сæмвæз кодтой. Сæ быцъынæг скъуынынц, Хицауа- ды хæдзары сæрыл сæ тырыса æрсадзынмæ. Ирыстоны зæхх хъæрзы, туджы зæй лæсæнтæ кæны. Адæм загътой: «Хуыцау ныл рахæтыд. Не сæфты дуг æрцыд». Зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, сабитæ ныккæндтæм ныххыз- тысты. Нæ хæстон фæсивæд загътой: «Æгады мæлæтæй кады мæлæт хуыздæр у». Райстой хæцæнгæрзтæ æмæ тохы быдыры балæууыдысты. Уыдзæн нæ фæстаг хæст. Æртæ боны хæсты быдыры нæ фæсивæд фесæфтой бирæ хæстонты, фæлæ Ирыстоны фæсивæдæй дæр фиу нæ ба- тыхтой. Тъбеты ногхъæуæй горæтмæ æрхизæны, Никозæй горæтмæ æрбахизæнты, стæй горæты уынгты гуырдзыйы хæстон æфсад, æнтæф боны фосау, æрривæд кодтой. Уæд- мæ æфсымæрон Уæрæсейы хæдтæхджытæ фæзындысты æххуысмæ. Фехъусын кодтой нæ фæсивæдæн: «Уæхи фæс- вæд бахизут, мах бар сæ бауадзут». Гуырдзыйы хæстон- тæ сæ адзал базыдтой, ныууагътой сæ хæстон техникæ æмæ сæ удæгас чи баззад, уыдон сæ сæр æфснайынмæ фе- сты. Фæлæ сæ уæлдæфæй æхстой, фосы цагъд сæ кодтой. 9-æм августы горæт ссæрибар фыдгæнджытæй, фæлæ ма кæм баззад горæт, фыдгъуызы бынæй кæсы æмæ адæмы цæстысыг фемæхст йæ тæригъæддаг уындæй... Уыцы тæвд бонты гуырдзыйы хæстонты мæрдтæ хурмæ ныддымсты- сты, сæ хъылмайы тæф хурхуадындзтæ æхгæдта. Нæ хæстон фæсивæд равдыстой гуманон ахаст. Ракод- той ахæстæттæй Гуырдзыйы уацайрæгты. Æрæмбырд сын сæ кæнын кодтой æмæ сæ аластой сæ райгуырæн бæстæм. Ир-гуырдзыйы фæстаг хæсты Сосланы лæппуйы лæппу Азæмæтæн йæ хъæбатырдзинады тыххæй лæвæрд æрцыд Хъайтары ном. Сослан стыр куывд æрымысыд. Будзийæн кæд йе ’нæниздзинад мæгуырау уыд, уæддæр ын æнæцæугæ нæй. Абон ын фæуыдзæн рæстæг æмæ Сос- ланæн Хъараманы æфхæрд ныхас бафиддзæн. Æрхонгæ адæм Сосланы хæдзары кæрты къордтæ- къордтæй лæууынц. Сæ ныхасы сæр у хæсты уæззау бон- тыл. Будзи сæм хъусы æмæ афтæ зæгъы: - Нæ фæсивæд хорз цæттæ нæ уыдысты æмæ фесæфтой бирæ æвæлтæрд, æрыгон хæстонты. Уым сæйраджыдæр 53
аххосджын сты сæ раздзогтæ. Æмбисонды загъдæуы: «Гал- тæн сæрбос хъæуы, адæмæн та - раздзог». Йæ ныхæстæм ын иу æвзонг лæппу-лæг афтæ зæгъы: - Будзи, æгæр схъæл ныхæстæ нæ кæныс? Лæгмарыл ахæм ныхæстæ нæ фидауы. Уыцы ныхасмæ Будзийæн йæ туг рафыхт, йæхи нал бау- рæдта. Уæлдайдæр Хъараманы ныхасæй дæр йæ масты дзæкъул рæсыд у æмæ афтæ зæгъы: - Лыскъзæрдæ Тегойы фырт Алихан нæ дæ? Кæд æз схъæл ныхæстæ кæнын, уæд ма зæгъ: мæнæ Ног хъæуæй горæты æрхизæны цы дыууæ æвзонг хæстон лæппуйы фæ- мард сты, уыдон дæ къорды хæстонтæ нæ уыдысты? Цы зæгъдзынæ?! Æмæ цы хъуамæ зæгъай, кæд æмæ дæ къор- ды хæстон салдæтты ныууагътай, тæппуд лыгъд фæкодтай æмæ дæ сæр фæсхох бафснайдтай... Сæ тызмæг ныхасмæ фæзынд Сослан æмæ афтæ зæгъы: - Ме ’рхонгæ адæм, уæ хорзæхæй, абон аххосджынты агурынæй ницы рамбулдзыстæм. Истори фыссы йæ чи- ныг æмæ уым алцыдæр æмæ алчидæр йæ бынат ссар- дзæн. Будзийы лæгмар чи рахуыдта, уыдон бирæ ахуыр кæнын хъæуы. Куы дæ дома райгуырæн бæстæ, уæд йæ сæрибардзинады сæрыл хъуамæ суай лæгмар. Уый кады хъуыддаг уыд раджы дæр, ныр дæр æмæ мах фæстæ дæр афтæ хъуамæ уа. Будзи у йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ адæмы ирвæзынгæнæг. Тегойы фырт уыцы ныхæстæм хъусын нал бафæрæзта, фынгмæ дæр нал æрлæууыд, - ахъуызыд. Будзи абонæй фылдæр йæхицæй никуы фæбузныг, Хъа- раманы хæлæг æфхæрд дæр æй ферох. Сосланы æргом ны- хас ын йæ зæрдæйы рагон æлхынцъ сыхæлдта æмæ йæ зæрдæйы фаг сулæфыд... фервæзт йе ’нусон мастæй.
АФТИД ИНГÆНТÆ Раджы кæддæр Медзыдайы цæугæдоны хурныгуылæн фарс иу æнæхæрд æрнæгджын бынаты æрынцад Махисы хъæу. Ацы хъæуы цардис иу лæппу-лæг Дудайты Бите. Би- тейы ныййарджытæ Гарсо æмæ Дыгъуызонæн уыдис цып- пар лæппу æмæ цыппар чызджы. Æртæ хистæр лæппуйæн афонæй раздæр æркодтой бинонтæ æмæ хæдзары æртæ авдæны чысыл сабитæ хъомыл кæнынæй никуы равдæлон сты. Афтæмæй Гарсойы фæрнджын хæдзары бинонтæ ныббирæ сты. Гъе, æмæ ныр Гарсойы кæстæр лæппу Бите искæуыл сдзура, уый йæ ныфс нæ хæссы. Уыйбæрц би- нонты æхсæнмæ йын йæ чызджы чи ратдзæнис? Иæ ху- динаг та уæлдай. Ахæм сагъæссаг хъуыдытимæ лæппу йæ бонтæ æрвыста. Лæппуйæ та ахæм уыд, æмæ хъæубæсты- комбæсты стæм разындаид, уый лæгдзинадмæ чи нæ ба- тæхуды кодтаид. Бирæ йæ чи уарзта сыхбæсты, уыдон ын арæх дзырдтой: - Сæрæнгуырд дæ æмæ фæтагъд кæн, дæ усгуры карæй фæхизыс. Бинонты кой бакæн. Дæхицæн хæдзар сараз, мах дæр дæм фæкæсдзыстæм. Боныфæстагмæ, ныййарджыты æмæ хъæубæсты уай- дзæфтæ Битемæ бахъардтой. Сарæзта йе ’фсымæрты æх- хуысæй хæдзар. Хъæубæсты адæм дæр æм фæкастысты. Раст уыцы аз йæ ног бынатмæ æркодта сыхаг хъæуы иу рæстæмбис цæрæг Къусраты Уарданы иунæг чызг Баба- лейы. Афæдзы бонмæ сын райгуырдис лæппу. Хъæубæстæ сæ уарзон сыхаджы цинагыл фæцин кодтой. Авдæнбæттæн бон бинонтæ æрхуыдтой сæ сыхæгты. Зæронд лæг Гарсо бадтис фынджы сæр кувæгæй æмæ цæстуарзонæй лæггад кодта æрхонгæ адæмæн. Иуцалдæр гаджидауы фæстæ чы- сыл сабийыл Нарты Сосланы ном сæвæрдтой. Адæм ма сын уый фæстæ дæр куывтой Мадымайрæммæ зæнæджы 55
тыххæй, фæлæ сæ куывд æнæахъазæй баззади- Бите æмæ Бабалейæн зæнæг нал рацыдис. Азтæ, дугъон бæхтау, тагъд уайынц. Саби та тагъд рæ- зы. Сосланæн йæ 17 азы йæхирдыгæй фесты. Хъæубæсты адæм дзы ард хордтой. Уæд йæ бакаст, йæ уæнгты æвæрд! Бæрзонд, уонгджын, саулагъз, куыстуарзаг, хæдзардзин, - адæмы уарзон. Иудзырдæй, Хуыцау адæймагæн æнæцæст- уарзонæй цы схай кодта, уыдонæй хайджын фæцис Сослан дæр. Бите арæх дзырдта: «Мæлæтæй дарддæр алы хъуыдда- гыл дæр фæтагъд кæнын хъæуы. Æз æрæгмæ æркодтон бинонтæ æмæ дзы цы рамбылдтон?..» Бите æмæ Бабале сæ иунæг лæппумæ кæсынæй не ’фсæстысты. Йæ ацыд, йе ’рбацыдыл ын нæ хъæцыдысты, йæ фынæйыл дæр афтæ. Арæх фæдзурынц: «Иу нæйы бæс- ты у. Мыййаг, цынæ вæййы, æмæ уæд нæ ном дзурæг чи уыдзæн? Уадз æмæ йын бинонты кой бакæнæм. Стæй уæд ахуыр дæр кæдæм ирвæзы? Науæд адæм се ’ппæт ахуыртæ не сты, фæлæ куы цæрынц». - Ахæм хъуыды сын æнцой нæ лæвæрдта. Сосланы æвзонг зæрдæ æрвылбон йæ ныййарджытæм хъусынæй бафæллад, боныфæстагмæ, сæ фæндоныл ныл- лæууыдис. Раст Усанеты кувæн къуырийы Сослан нысан ныууагъта Æрдзынарæджы хъæуы комбæсты рæсугъд, Къутæрты Тамармæ. Рагæй уарзæттæ уыдысты. Астæуккаг скъола дæр иумæ каст фесты. Чындзæхсæвы бон, бам- гъуыд кодтой. Бите æмæ Бабалейы цинæн кæрон нал уы- дис. Ныр æрсабыр-æрæнцад сæ мæгуыр зæрдæ. Гъе, фæлæ уыцы бонæй бæрцæй рацыд дыууæ къуырийы, афтæ адæ- мыл айхъуыстис фыдохы хабар - Герман æрбабырста нæ Райгуырæн бæстæм. Адæм, мæлдзыджыты губаккау, сыз- мæлыдысты. Ныссагъæс кодтой: Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт. Рагæй-æрæгмæ нæ ирон адæм знæгтимæ тохы сæ- хи æрдæг фæкодтой. Ныр та сæ цоты бахъуыд гермайнаг фашисттæй сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын æмæ хæстхъом фæсивæд аивылдысты тохы быдырмæ. Бите æмæ Бабале дæр сæ иунæг лæппу Сосланы Уастырджийæн бафæдзæхстой æмæ йæ афæндараст кодтой хæсты быдыр- мæ, цыфыддæр знаджы ныхмæ. Хæсты быдырæй хорз 56
хабæрттæ нæ хъуыстис. Адæм æнхъæлмæ кастысты, кæд фæуыдзæн хæст, цæмæй та сæ цард аразынмæ бавналой. Хæст чи федта æмæ бавзæрста, æрмæст уыдон зонынц цы хъизæмæрттæ æвзарын кæны адæмæн. Фыдлæг æмæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæй, зæгъы фыдæлты ирон æмбисонд. Æрцыд Уæлахизы бон. Гермай- наг фашисттæ сæхи бæстыл ссардтой сæ мæлæт. Советон салдæттæ сæ хæстон хотыхтæ æрæвæрдтой æмæ уæлахиз- дзауæй здæхтысты сæ райгуырæн уæзгуытæм. Бирæ ный- йарджытæ та дзыназгæйæ æнхъæлмæ кастысты сæ хæстон бæлццæтæм. Къусраты Бабалейæн хæсты æртыккаг аз йæ цардæмбал Бите æрбарынчын æмæ цыбыр рæстæджы йе ’нусон бæс- тæм аивгъуыдта. Бабале йе ’намонд сæрыл куыдта, аф- тæмæй цыппар сисы æхсæн баззад иунæг сылбындарæй æмæ æнхъæлмæ каст йæ иунæгмæ. Иæ мæгуыр уд сфæлахс, æрдæг фæцис. Цы уыдзæн йæ сомбон - йæ фидæн. Кæд фæзындзæн йæ царды мæсыг, йæ иунæг хъæбул, кæд ферох кæндзæн йæ царды зындзинæдтæ? Иунæг сылгоймагæн кæд уыд йæ бон хæдзар дарын? Сослан хæсты быдырæй йæ фæстаг фыстæджы фыста. «Мæ зынаргъ, баба æмæ гыцци, уæ зæрдæ мæм ма æхсайæд. Цæрын, куыд хæстон салдат, афтæ. Знагæн йæ бон базонын кодтам. Лидзы, æвзæр куыдзау, фæстæмæ. Тагъд йæ мæлæт ссардзæн. Гыцци, зонын, Баба тæнзæрдæ у. Ныфсытæ-иу ын авæр. Тагъд уæм сæрæгасæй зындзынæн. Тамармæ уæ хъус дарут, рохуаты йæ ма ныууадзут. Фенынмæ уал. Уæ зынаргъ Сослан!» Адæм кæрæдзийы ныфсæй цæрынц. Ныфсытæ æвæрд- той Бабалейæн, хæсты фæуды фæстæ Сослан зынæг куы- нæ уыд, уæд дæр, фæлæ уыцы ныфсытæ мады æфхæрд зæрдæйы мастæн ницы уыйбæрц ахъаз фесты. Мад бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ æрвыста, уæддæр йæ хъæбулы ныф- сæй йæ уæззау куысты фæллад нæ зыдта. Æхсæвæй-бонæй фæндагмæ кæсынæй йæ мæгуыр дыууæ цæсты сурс сты. Азтæ куыд цыдысты, афтæ тад мады ныфс. Иуахæмы Бабале йæ сыхаг Быценонæн афтæ зæгъы: - Ме ’взаг æй нæ кæрды. Мæ дзых æй дзурын нæ фæразы. Фæлæ цалынмæ нæ амардтæн, уæдмæ мæ иунæг хъæбулæн йæ сыджыты хай куы рахицæн кæнин. 57
- Уый цытæ дзурыс, Бабале! Де ’взаг бахуыскъ уа, дæ дзыхæй уыцы ныхас куыд сæппæрстай!? - Нæ, нæ, мæ хур Быценон. Не ’ппæт дæр æй хорз куы зонæм - хæст мæлæт хæссы. Бирæ адæмы тæригъæды бацыди. Цы ма йæ сусæг кæнон. Мады зæрдæ зонаг у. Сос- лан мын нал ис, нал! - йæ судзгæ цæстысыгтæ йæ фæлурс уадултыл, сæрдыгон тæрккъæвдайау, æрызгъæлдысты æмæ сæ йæ кæлмæрзæны кæронæй асæрфта. - Уас, мах тæригъæдæй Гитлер мæрдтыбæсты авд дæлзæхх ныххауа, махæн ацы дудгæбæттæ чи æвзарын кæны... Бабале йæ зæрдæйы фæнд сæххæст кодта. Арвыста Та- мармæ æмæ уый дæр æрцыди. Тамар чындзы нал ацыд æмæ йæ фыды хæдзары цæргæйæ баззад. Бабале æмæ Та- мар саутæ скодтой. Уыд фæззыгон хъарм хур бон. Бабалейы хæдзары кæр- ты зианмæ æрцæуæг адæмæй къух бакæнæн нал уыди. Адæм къордтæ-къордтæй лæууыдысты. Бæрæг уыд, хæс- ты æнамонд хабæрттыл кæй уыд сæ ныхас. Се ’хсæн уыд хæстæй æрыздæхгæ уонгцух æмæ хæстæфхæрд рынчын хæстонтæ. Æз, чысыл саби, кастæн æдзынæгæй адæмы мæгуыр цæстæнгасмæ æмæ мæ мады афæрс-афæрс кодтон: - Гыцци, цы æрцыдис, ай æппæт адæм цæмæн æрæмбырд сты? - Мæнæ ды бирæ кæй уарзыс, уыцы Бабалейæн йæ иунæг лæппу Сослан амардис. - Æмæ, гыцци, ам мард куынæ зыны? - Гыцци дæ сæрыл хаст фæуа, уый хæсты быдырæй нал æрыздæхти. Ныр ын йæ мæгуыр мад йæ сыджыты хай хицæн кæны. Нæ рагфыдæлтæй нын ахæм æгъдау базза- дис. Мæ кармæ гæсгæ, уæд гыццийы ныхæстæй уадиссаг ницы æмбæрстон. Адæм базмæлыдысты. Кæрты зæронд сынтæгыл æры- вæрдтой афтид табæт. Бабале хъарæг кæны: - Ай æппæт бынтæ куы кодтай, хъæбул, уæд сæ дæ фæс- тæ чи райдзæн дæ бæсты цардæй. Бабале судзгæ хъарджытæгæнгæ хæдзары къуымты зилы æмæ Сосланы уæлæдарæс хæссы марды чырыны 58
фарсмæ. Уым æндæр устытæ нывыл æвæрынц дарæс. Стæй сæ сыгъдæг, ног урс æмбæрзæнтæй бамбæрзтой. Марды сæр кæм хъуамæ уыдаид, уым ма æрæвæрдтой Сосланы уæлдзарм худ. Стæй устытæ рабадтысты йæ алы- варс æмæ райдыдтой дæргъвæтин хъарджытæ. Арæх-иу райхъуыстис, уыцы дуджы адæм арæх кæй кой кодтой, уыцы æлгъыстаг Гитлеры кой. Сылгоймæгты хъарджытæм Махисы бæрзонд хæхтæ дæр хъусын нал фæрæзтой æмæ базмæлыдысты... Хъарæггæнæг сылгоймæгтæй дарддæр иннæ мæрддзы- гой адæм ныхъхъус-ныссабыр сты. Стæй се’хсæнæй табæты цурмæ рахызт зæронд лæг Тъатъе, систа йæ худ: - Хорз адæм! Кæрæдзимæ байхъусæм. Цардæн хицау куыд не стæм, афтæ мæлæты раз дæр æдых стæм. Не ’ппæтæн дæр ныфсы лæг чи уыд, Бабалейы уыцы хъæбул Сослан нал æрыздæхт Германы хæстæй. Абон ын, æгъдаумæ гæсгæ, йæ мæгуыр мад йæ сыджыты хай хицæн кæны йе ’нусон бæстæм æмæ йын мæрдты æгъдауæй мах дæр балæггад кæнæм. Рухсаг у, нæ ныфсы хъæбул, рухсаг! Цæуыс де ’нусон бæстæм. Ам, уæлæуыл цы фæцух дæ, уый де ’нусонбæсты баххæст кæн. Сосланы сау гæххæтт цалдæр азы Бабалейы æфсымæр Хаджумар æмбæхстæй дардта. Ныр æй йæ дзыппæй хъав- гæ систа, цыма йын искæмæй исынæй тарстис æмæ йæ Сосланы марды табæтыл æрæвæрдта. Æвзонг лæппу-лæг Бимбол систа гæххæтт, æмæ йæ адæм куыд хъусой, афтæ хъæрæй рафарста: «Зынаргъ Бите æмæ Бабале! Уæ фырт Сослан 1945 азы 8-майы горæт Берлины сисыны сæрыл тохты хъайтарон æгъдауæй мард фæцис...» Адæм базмæлыдысты, Хуыцауы азымы дардтой иу бон ма йæ кæй нæ бахъахъхъæдта. Фæсивæд æрбалæууыдысты табæты алыварс. Бæрзонд æй систой. Æртæ хатты йын йæ «цæсгом» йæ хæдзары æрдæм разылдтой. Бæрæг уыд, фæстаг хатт ма йын йæ уарзон хæдзар кæй уынын кодтой. Табæты хастой хъæуысæр фыдæлты уæлмæрдмæ æмæ йæ бавæрдтой йæ фыды фарсмæ. Адæм хæрнæджы хисты æрбадтысты, фæлæ дзы къæбæр адджынæн ничи систа йæ дзыхмæ. 59
Битейы хæдзарæй бирæ рæстæг хъуыстысты Бабалейы тæригъæддаг хъарджытæ. Мады зæрдæ хъæбулы сæфтæн æдых у. Бабале йæ саутæ нæ систа, афтæ Сосланы афæдзы бонмæ ахицæн йæ цардæй. Къусратæ стыр мыггаг сты. Бабалейы æвæрæн бон æрцыдысты Битейы æфсымæртæ. Стыр хæрнæджы хист скодтой. Тамармæ дæр арвыстой æмæ йæ сауты æрцыд.Ба- балейы Сосланы æмæ Битейы цур бавæрдтой. Афтæ хæсты азарæй фæзындысты афтид ингæнтæ. Æз федтон нæ чысыл хъæуы уæлмæрды 14 ингæны афтид табæттæ куыд æвæрдтой. Уæд саби уыдтæн. Мæ хъустæй цы хъуыстон, мæ цæстытæй цы уыдтон, мæ зæрдæ мæм цы дзырдта, уыдон дзурын ныр, цæмæй нæ фæстагæттæ зоной, чи уыд нæ фыддæр знаг æмæ аргъ кæной, нæ Рай- гуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æр- хаста, уыцы æвзонг цардбæллон зынгхуыст хъайтар лæп- путæн. Къæрцхъус уой, цæмæй ахæм дудгæбоны хæст æнусмæ макуы уал бавзарой. Тамар алы аз дæр Куадзæн боны цыд Сосланы ингæнмæ рухс кæнынмæ, стæй йе ’нæниздзинад куы фæцудыдта, уæд æй бафæдзæхста Махисы хъæубæсты сылгоймæгтæн æмæ йын уыдон йæ Куадзæны хæйттæ йæ риуыл æвæрдтой. Та- мар Сосланы «амæлæты» фæстæ йæ саутæ нал систа. Куы амард, уæд ыл йæ чындздзон дарæс скодтой, афтæмæй йæ йе’фсымæртæ æрластой æмæ йæ Сосланы фарсмæ Махисы уæлмæрды бавæрдтой. Абон Бите æмæ Бабалейы хæдзар дуарæхгæдæй баззад, фыдгъуызы бынæй кæсы æмæ мысы йæ кæддæры уарзон бинонты цард.
АМОНДДЖЫН БИНОНТÆ Зелимхан райгуырдис раст зæронд Ног азы размæ ахæм хъызт зымæгон бон, æмæ куыдзы хъæвдын уынгмæ ни- чи аппæрстаид. Ныр дæр ма йæ диссагæн æрымысынц сыхбæсты цæрджытæ... Зелимхан чысыл лæппуйæ баззадис сидзæрæй. Раздæр амард йæ фыд, стæй йæ фыды афæдзы бонмæ йæ цардæй ахицæн йæ мад дæр. Мад, фыды рæвдыд нæ, фæлæ йын уыдон чи уыдысты, уый базонынхъом дæр нæма уыдис, афтæмæй хæрзæнахъомæй бынтон сидзæрæй баззадис. Комбæсты бирæ чидæртæ ахъавыд Зелимханы акæнын- мæ, фæлæ йæ сыхæгтæ никæмæн радтой. Зилынц æм æмæ йæ хъомыл кæнынц радгай. Сæхи хъæбултæй йæ нæ хи- цæн кæнынц. Азтæ, дугъон бæхау, тагъд уайынц. Зелимха- нæн йе 16 азы йæхирдыгæй фесты. Нарты Батрадзау у фидæрттæ, домбай уæнгты хицау. Гъе, фæлæ лæппумæ ис иу аипп - йæ цæстæнгас у хъызт боны хуызæн тызмæг æмæ йын уый йæ цæсгом æвидыц кæны æмæ дзы чызджытæ сæхи дард ластой, фæлæ йын йæ фæлмæн ныхас æмæ рæ- дау зæрдæйы ахаст куы базыдтой, уæд æй æруарзтой... Лæджыхъæдæй та ахæм у, æмæ йе ’мцахъхъæнтæй йæ разæй никæй уадзы, уæдæ ахуыркæнынмæ, уæдæ йæ арæхстджын куыстæй, уæдæ сыхбæсты адæммæ йæ ахас- тæй. «Мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæс- тæг нæ цæуы», - зæгъы ирон æмбисонд. Зелимхан æнæкæрон уарзтæй уарзы хъæубæсты йæхи- хуызæн сидзæр, сыгъдæг, удбæззон чызг Замирæты, фæлæ æмбары, йæ сидзæр - иунæгдзинад: йæ фæскъæбут куыд нæ уыны, афтæ кæй нæ фендзæн Замирæты æмæ йæ уар- зондзинад æргом нæ кæны. «Гъе, уæууæй, гъе, - арæх фæдзуры, - чизоны нæ ныхы фыст иу у æмæ уымæн афтæ сидзæрæй баззадыстæм. Ме 61
’мгæрттæй хъауджы æз иунæг цæмæн фæдæн, цæмæн баз- задтæн сидзæрæй? Ахæм уæззау бонтæ мæныл цы Хуы- цау сæвæрдта?» - Ахæм сагъæссаг хъуыдытæй Зелимханы æвзонг зæрдæ бафæллад. Боныфæстагмæ бамбæрста йæ иунæгдзинад æмæ афтæ зæгъы: - Ныры дуджы ныфсытæй цæрæн нæй, - æмæ ахуыр æмæ куысты аныгъуылдис. Зелимхан æнтысгæйæ каст фæцис йæхи хъæуы астæук- каг скъола æмæ уыцы аз бацыд Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарадон институты агрономон факультеты фæсау- уонмæ хайадмæ. Радта фæлварæнтæ æмæ нымад æрцыд фыццаг курсы студентыл. Уыцы аз Замирæт та бацыд фæс- аууонмæ историон факультетмæ. Замирæты удбæззон æмæ рæсугъддзинады кой дардыл айхъуыстис. Бирæ кур- джытæ йæ уыдис. Цæгатæй, Хуссарæй, фæлæ сæ йæхицæн никæй аккаг кодта, никæй сæ уарзта. Арæх йæ ныхас уыд: - Мæ ахуыр уал фæуон, æмæ стæй фендзыстæм. Зелимхан йæ царды фæндаг фæрабар-бабар кодта æмæ æппынфæстаг аскъуыддзаг кодта, цыфæндыйæдæр бинонтæ æркæнын. Базыдта, цы хæдзары сылгоймаг не змæлы, уым цард ссарæн нæй. Стæй сыхæгты чызджытæй дæр æфсæрмы кæнын байдыдта. Кæдмæ мæм кæсдзысты. Иу хæдзарæй иннæ хæдзармæ кæсын та уæлдай зын у. Ныр Зелимхан æмæ Замирæт, институты ахуыр кæн- гæйæ, арæх æмбæлдысты. Кæрæдзийы зæрдæйы хъуыды- тæ бонæй-бон хуыздæр æмбарын байдыдтой, æмæ дыууæ æвзонг уды кæрæдзийæн сæ уарзондзинад раргом код- той. Цы дардыл дзурæм, сæ цард баиу кодтой. Зелимхан цæмæй тарсти, уыдонæй йæ йе сфæлдисæг Хуыцау бахыз- та. Æвæццæгæн, ахъуыды кодта, - йæ иунæг, сидзæрдзинад ын фаг у, æмæ йæ амондджын фæкодта Хуыцау. Зелимхан колхозы агрономæй кусы, Замирæт та - ахуыргæнæгæй. Хæдзары фæзынд сабитæ. Гъе, фæлæ цард тæбæгъы до- нæй уæлдай нæу. Куы иуырдæм фæкъул вæййы, куы та - иннæрдæм. Зелимхан æмæ Замирæтæн сæ фæрныг цард бирæ нæ ахаста. Советон хъомысджын паддзахад ныппырх. Колхозтæ фехæлдысты æмæ адæм ныссагъæс кодтой сæ цардыл æмæ кæмæн куыд йæ фадат амыдта, афтæ сæ цард аразыныл ныллæууыдысты. Зелимхан сæрæнгуырд, ахуыргонд агроном, нæ фæтыхст. Сарæзта чысыл фер- 62
мерон хæдзарад. Самал кодта иу трактор, иу лафет æмæ иу уæзласæн машинæ. Райста зæххытæ дæр. Сарæзта 6 кусæгæй бригадæ æмæ æнцад-æнцойæ фæллой кæнынц. Хицауад дæр сæм йæ хъус фæдардта. Æрæджы йын ног хицауад йæ куыстæн стыр аргъ скод- той. Чысыл фермерон хæдзарæдты ’хсæн социалистон ерысы бацахста фыццаг бынат æмæ йын лæвæрд æрцыд ахуыргонд агрономы ном. Замирæтæн та президенты ба- рамындæй лæвæрд æрцыд сгуыхт ахуыргæнæджы кад- джын ном риуылдарæн майданимæ. Замирæт арæх чындздзон чызджытæн фæамоны: - Усгур лæппутæн сæ уындмæ ма кæсут. Рæсугъд мит дæр у; фæлæ дзы къæхтæ сийынц. Сæйраг у адæймагæн йæ сæрызонд æмæ æхсæнадон царды йæ лæгдзинад. Кæддæры иунæг сидзæр лæппу Зелимхан йæ зонд æмæ лæгдзинады фæрцы Замирæтимæ скодтой хъæздыг бынтæ. Сæ кæддæры зæронд тъæпæн хæдзар раивтой дыууæ уæладзыгæй. Хæдзары сарæзтой хъармгæнæн сис- темæ æмæ зымæгон уазал бонты бинонтæ фæбадынц хъармы. Ферох кодтой сæ сидзæр - иунæгдзинад. Цард сæм йæ мидбылты худы, рæвдауы сæ. Зелимхан æмæ Замирæт сæ сабибонты бирæ къулбæр- зæйæ фæцыдысты. Абон дæр ма сæ ивгъуыды мæгуыр цар- ды бонтæ арæх æрымысынц. Нæ рох кæнынц сæ сыхæгты цæстуарзон æххуыс æмæ сын зæрдиагæй лæггад кæнынц уыдон дæр. Абон дæр ма сыхбæстæ Зелимханы хонынц сæ иумæйаг хъæбул. Æрæджы газеты уацхæсджытæ Зелимханы хъæумæ фæуазæг сты. Афарстой хъæубæсты цæрджыты сæ царды хабæрттæй. Стæй сын афтæ зæгъынц: - Хуыздæр, амондджын бинонты хицау уæм чи у? - Мæнæ Зелимханы бинонтæ. Сæ цыппар фыры хъулты хуызæн лæппутæй дыууæ ахуыр кæны уæлдæр ахуыр- гæнæндоны, дыууæ кæстæр лæппу та, Алан æмæ Алик, нырма скъолайы ахуырдзаутæ сты. Сæ ахуыры æнтыс- тыты тыххæй скъолайы кады фæйнæгæй, сæ къамтæ мид- былхудгæ кæсынц. Уацхæсджытæ æппæт дæр базыдтой æмæ загътой: - Гъе, ахæм дзы хъæуы, ахæм бинонтæ! - æмæ сæ баны- мадтой ног дуджы хуыздæр, амондджын бинонтыл. 63
ТУГÆЙДЗАГ АВТОМАТТÆ Цæйнæфæлтау нæ Иры бæстыл Гуырдзиаг ног сæвæра къæлæт, Фæлтау чысылæи, стырæй хæсты Иæ бартыл знагæй ссарæм мæлæт. Плиты Грисмæ гæсгæ Уалдзæджы къæсæрыл Ирыстоны адæмыл айхъуыст фыдохы уац. Уанатгомы иу ирон лæппу гуырдзиаг фыд- гæнджыты къухæй фæмард æмæ ирон адæм базмæлы- дысты. Агуырдтой фыдгæнджыты. 0, Хуыцау уын ма ныб- бара йæ тæригъæд. Цæрынæн куы райгуырди, уæд ын йæ фæндаг цæмæн æрæхгæдтат. Уас бæсты фарн æмæ зæххы бардуагæй æлгъуыст фæуа фыццаг хатт уæ кæй дзыхæй схауди ирон адæмы фæсурын нæ фыдæлты зæххæй. Ахæм сагъæссаг хъуыдытæй Аминæты мæгуыр зæрдæ дæр суын- гæг ис æмæ кæд йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта, уæддæр зæрдæ куы фæриссы, уæд коммæ нал фæкæсы æмæ йæ масты дзæкъул арæсыд, хурхы уадындзтæ атыппыр- арæсыдысты - æрбахгæдтой. Йæ кæуындзæг хъуырмæ схæццæ, йæхи нал баурæдта æмæ йæ кæуын райхъуыстис. Йæ кæуынмæ сыхæгты ус Гойон фæдисы æрбауад. - Цы кодтай Аминæт, цы фехъуыстай? - Ницы, дæ сæрыл хаст фæуон. Не ’намонд дугыл кæуын. Дæлæ сыхаг хъæуы цæрæг Адинозы иунæг лæппуйы гуырдзыйы абырджытæ амардтой. Уас сæ рацæуæг мауал баззайа, махæн нæ цард чи халы. Ныр та скъолайы агъуыс- тæй фæкæнынц иукъорд лæппуйы. Цымæ чи сты, кæдæм сæ фæкæнынц? - Уыдон, Аминæт, гуырдзиаг лæппутæ сты. 64
Æрæджы сæ æрбарвыстой, хъахъхъæнут, дам, гуырдзиаг цæрджыты ирæттæй. - Æмæ цы хъахъхъæнинаг фесты, Гойон? Рагæй фæстæ- мæ хæлар сыхæгтæй куы цæрæм. - Нæ зонын, Аминæт. Мæлдзыгæн йе ’намонд куы æр- цæуы, уæд ыл базыртæ базайы. Сæ фæсивæды схъæстæ кодтой. Ногæй та сæхи хæстмæ цæттæ кæнынц. - Цымæ афонмæ сæ ныййарджытæ куыд кæнынц, Гойон? - Цы базонæн ма йын ис. Аминæт. Гуырдзыстоны куыдз йæ хицауы нал зоны. Се сæфты дуг æрцыд, æндæр æй куыд бамбарæн ис. Гъе, æмæ уын уый дзурынмæ хъавын. Адинозы лæп- пуйы цы бон æвæрдтой, раст уыцы бон нæ горæты мили- цийы сæрмагонд къорды лæппутæ хурыскасты агъоммæ Уанаты скъолайы агъуыстæй ракодтой 39 гуырдзиаг хæстоны. Ахизын сæ кодтой Дзаумæ, уырдыгæй сæ нæ горæты Театралон фæзуатмæ æркодтой. Се ’ппæт дæр æвзонг лæппутæ. Сæ рустыл сæрдасæндзæф нæма уыд. Театралон фæзуаты адæмæй къухбакæнæн нал уыди. Сæ автоматтæ сын фæсвæд срæдзагъд кодтой... Сæхи сын рæнхъæй сæ зоныгуылтыл æрлæууын кодтой. Се ’ппæт дæр æнхъæлмæ кастысты мæлæтмæ. Хуызы мур сæ нал уыд. Ныффæлурс сты сæ цæсгæмттæ. Гуырдзыстоны гуырдзиаг адæм сызмæлыдысты. Домдтой «ницыгæнæг» лæппуты ссæрибар кæнын. Уæдмæ æрбацыд президент. Адæм фæсабыр, фæхъус сты. Æнхъæлмæ кастысты прези- денты ныхасмæ, цы зæгъдзæни. - Ард бахæрут ацы зæххæй, - загъта президент. - Куыд хæстон хъуыддагæн никуыуал æрбацæудзыстут Ирыс- тонмæ. - Æруагътой гуырдзиаг хæстонтæ зæхмæ сæ сæртæ æмæ ард бахордтой. Адæмы æхсæнæй хъуыстис, мæлæты тæрхон сын рахæссæм, мæлæты тæрхон! Се ’хсæнæй æр- тæйæ размæ ралæууыдысты æмæ сæ адæм куыд хъусой, афтæ хъæрæй загътой: - Мах ницыгæнæг стæм. Ардæм нæ æрбаластой маши- нæтыл, хъахъхъæнут, дам, гуырдзиаг цæрджыты ирæттæй. Стæй ма сæ ныхасмæ бафтыдтой: 5* 65
- Мах æртæйæ ам ныууадзут. Уемæ цæрдзыстæм; уæ цагъартæ уыдзыстæм. Хуыцауы тæригъæд нын бакæнут. Мах уæддæр амардзысты!.. Уæдмæ æрбалæууыд хæстон машинæ сбадын сæ кодтой æмæ сæ арæнæй ахизын кодтой. Æрмæст уæд базыдтой гуырдзиаг хæстонтæ ирон адæмы рæстаг тохы нысан æмæ ирон лæджы уæздандзинад. Æз автоматтæм æввахс лæууыдтæн æмæ сæм æдзынæ- гæй кастæн. Мæнæ царциаты диссаг! Сæ хæцæнтыл уыд кардæй угæрдтæ. Мæ фарсмæ лæууæг, Германы хæсты хайадисæджы афарстон: - Дæ хорзæхæй, фæрсын аипп ма уæд, зæгъ-ма, ацы угæрдтæ цы нысан кæнынц? Уый мæм мæгуыргъуызæй æрбакаст æмæ афтæ зæгъы: - Уый, æфсымæр, хæстон лæджы сусæгдзинад у. - Кæд дæ тынг цымыдис кæны, уæд уыцы угæрдтæ æвдисæн сты, цал ирон лæджы тæригъæды бацыдысты, уымæн. Уæд базыдтон, тугахуырст автоматтæ кæй сты æмæ сæм раст бакæсын мæ зæрдæ нал бакуымдта. Гъе, фæлæ цырын арт ахуыссын кæнын зын у æмæ Гу- ырдзыстоны цы арт ссыгъд, уый сын иунæг Хуыцау сæ сæрмæ фæкодта. Бирæ гуырдзиаг хъæутæ басыгъдыс- ты - адæмы фылдæр хай гом арвы бын баззадысты æнæ хæдзæрттæ. Фыд ма ракæн æмæ фыд ма бавзарай, - зæ- гъы æмбисонд. Фæстæдæр тугахуырст автоматтæй нæ горæтмæ æрбацæуæнты æмæ сæйраг уынгты 8-æм авгу- сты нæ хæстон фæсивæд æрурæдтой гуырдзиаг хæстон лæбурджыты æмæ сæ æнтæф боны фосы ривæд бакодтой, ныгæнæг дæр сæ нал уыдис. Ирыстоны зæххæн сæхи хи- цау кодтой æмæ сæхи зæхх дæр æнæхицау баззади, фæс- монгонд фесты. Сæ рухс дуне сыл баталынг.
СЫХÆГТÆ Бæтти æмæ Борсæг райгуырдысты хохбæсты иу алæ- мæтон рæсугъд æрдзы хъæбысы. Сатæг уæлдæф æмæ фосхизæн сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ парахат кæм сты, ахæм уæлхох, дардыл фæз бынаты. Бæтти - Нæзыджыны, Борсæг та - Сывылджыны хъæуы. Сæ дыууæ дæр кусаг, хæдзардзин лæгтæ, хъæздыг цард кодтой. Ам арвыстой се ’взонджы бонтæ, цалынмæ сæ цот нæ рахъомыл сты, уæдмæ. Сæ цард фылдæр уыд фосдарды куыстæй. Дардтой куыд лыстæг, афтæ ставдкъах фос. Сæ цыхт, царв, къуымбил, фос уæй кодтой бынаты базар- гæнджытæн æмæ сабыр æнæмæт цард кодтой. Бæттийы ус Мæлдзыгон уыд, Борсæгы ус та - Тариан. Иу комбæстаг, сæ дыууæ дæр фенæг хæдзарвæндагæй. Сты зæнæгæй æф- сæст. Бæттийæн ис æртæ лæппу æмæ æртæ чызджы, Бор- сæгæн та дыууæ лæппу æмæ æртæ чызджы. Бæтти æмæ Борсæгы бинонтæ никуыма фæтыхстысты сæ царды. Сæ иу дæр æмæ се ’ннæ дæр никуы ахъуыды кодтой, искуы сæ горæты цæрыны сæр бахъæудзæн, ууыл. Гъе, фæлæ цард уæрдоны цалхау зилгæ кæны. Абон дын фаг цы у, уый дын сомбон фаг нал уыдзæн. Ныры дуджы та адæм хохæй, быдырæй се ’ргом аздæхтой сæ цотæн ахуырмæ уæрæх фæндаг байгом кæнынмæ æмæ хохбæсты цæрджытæн сæ фылдæр фезмæлыдысты. Се ’ргом аздæхтой горæт æмæ быдырбæстæм, хуыздæр цардагур. Бæтти æмæ Борсæг дæр уыцы адæмы æмбал баисты. Ныууæй кодтой сæ ис, сæ фæллой. Сæ хæдзары дуæрттæ рахгæдтой. Зæндджын лæгтæ æппæт хъуыддаг дæр фæндæй аразынц, æмæ загътой: - Ардæм нæ æрбаздæхын бахъæудзæн. Нæ цоты цот са- хуыр кæндзысты æмæ цæттæ - ахуыргонд лæгтæй æрбаз- дæхдзысты сæ фыдæлты уæзгуытæм æмæ уæд ногæй сæндидзын кæндзысты сæ фыдæлты æдзæрæг хъæутæ. Райхъуысдзæн та хохы рындзæй фыййауы уадындзы 67
цагъд æмæ зарын. Базмæлдзæн та дзы цард, æмæ Иры- стон æфсымæрон адæмты æмрæнхъ слæудзæнис. Уыцы хъуыдытæй иуæй-иутæ сæ хæдзæрттæ рохуаты нæ ныу- уагътой. Алы аз сæ сæрды бацалцæг кæнынц. Иуæй-иутæ ма дзы сæ хуымзæххыты уалдзæг картоф дæр ныссадзынц. Бæтти æмæ Борсæг горæтмæ æрцæуыны агъоммæ кæ- рæдзи хорз зыдтой. Ныр сæ хъысмæт горæты иу ранмæ æрхаста. Цæрынц иу уынджы фæрсæй-фæрстæм, сыхæг- тæй. Райдианы кæрæдзи æмбæрстой. Æфсымæрты цард кодтой. Куыд фæзæгъынц, иу хæдон сын уæрæх уыд. Гъе, фæлæ цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу: куы иуыр- дæм, куы та иннæрдæм фæкъул вæййы. Бæттийы бинонтæ горæты дæр ницæмæй фæцух сты. Борсæгы цард горæты фæцудыдта, æмæ хæлæджы охыл куы цы рымысы, куы цы æмæ Бæттийы нуæрттæ фехалы... Бæтти, боныфæстагмæ, йæ хæдзар уæй кæнын æрымы- сыд, фæлæ йæ чи балхæндзæн, æвзæр сыхаг кæй хъæуы. Горæт чысыл у, адæм та кæрæдзи хорз зонынц. Бæттийæн йæ хæдзар ис дыууæ уынджы кæм иу кæнынц, уым, тигъыл, æмæ фæрсаг уынгæй дæр æрбауагъта дон æмæ нуазыны донæй никуы фæцух вæййынц бинонтæ. Борсæгæн иу бон дæр йæ крантæй дон куынæ ратæдзы, уæддæр Бæттийы фæаххосджын кæны. Кæс æмæ та Борсæгы хъæлæба рай- хъуысы. Адæймагæн йæ хорзмæ бæлджытæ цас ис, уыйбæрц ын ис знæгтæ дæр. Бæтти уый зоны æмæ бары Борсæгæн. Иуæй-иутæ фæдзурынц Бæттийæн, куыд барыс Борсæгæн, алы хатт йæ ныхас вæййы. Æз æмæ Борсæг æмбислæгтæй ахызтыстæм. Тæрхондонмæ мæ хъаст куы ахæссон, уæд ма уый фæстæ сыхæгтæй куыд цæрдзыстæм. Нæ цоты цоты та цæрын хъæуы. «Бæлас бæласыл æнцой кæны, сыхаг та сыхагыл», - зæгъы ирон æмбисонд. Науæд ма тæрхондоны фæстæ цы зæрдæйæ бакæсдзыс- тæм кæрæдзимæ, нæ ацыд дæр æмæ не ’рбацыд дæр иу куы у. Алы сахат кæрæдзийыл куы æмбæлæм, нæ цот та кæрæдзимæ сфыдæх уыдзысты. Борсæг цæуыл быцæу кæны Бæттимæ, уыдон рæгъмæ рахæссинаг не сты. Бæт- ти хохы цæргæйæ дæр адæмæй уæлдай зæххытыл нæ хæлæф кодта æмæ йæ ам, горæты дæр, адæмæй уæлдай иицы хъæуы. Борсæг та хохы куыд зыд кодта уыгæрдæны 68
зæххытыл, ам дæр йæ зæрдæ уый агуры. Уый ма зонай, горæты зæхх сантиметрæй барынц. Ничи дын ратдзæн уæлдай зæхх. Иудзырдæй, Борсæг фæцудыдта царды æмæ йæ пырх калы Бæттийыл. Кæмæндæр йæ бæхæн йæ бон нæ цыд æмæ саргъы надта. Бæтти арæх фæдзуры: цард уый нæу æмæ дæхи бафсад æмæ уæргъулæфт кæн. Цард уый у æмæ дæ адæмы хорзæх куыд уа, дæ амонд адæмы амондимæ куыд бæттай. Фæсвæд дæ хорзы кой куыд кæной. Дæ амæ- лæты фæстæ та дæ адæм хорзæн куыд мысой. «Хорз сыхаг райсомы хурæскаст у æвзæр сыхаг та мард- æрцыд у», - фæзæгъы Бæтти. Борсæгæн йæ цардæмбал æмæ йæ лæппутæ куыдзы бæлæгъæй дон дарынц. Ма кæн Бæттийы кой, махæн Бæт- ти æвзæр сыхаг нæу, фæлæ сæм кæм хъусы. Хорз лæг дæ, æмæ йæ басæтт, æмæ йæ уæд уыдон дæр ныууагътой. Иу бон та Борсæг фæдзурыныл ис Бæттиимæ, æмæ дæ зæрдейæ стыр хъуыддаджы тыххæй. Дæ хæдзары къæвда- йы тæдзынæг мæ цæхæрадонмæ лæдæрсы æмæ дзы ни- цыуал зайы. Бæтти бавдæлд æмæ ахæм бæрзонд æмбонд сарæзта æмæ Борсæгы цæхæрадонмæ тæдзынæджы дон нæ, фæлæ ма фæззæг Бæттийы дыргъбæлæсты хус сыф- тæртæ дымгæ Борсæгы цæхæрадонмæ нал хæссы. Гъе, афтæ æмбæлы, загъта Борсæг. Нырмæ дæр æй афтæ аразын хъуыди. Гъе фæлæ та бирæ рæстæг нæ рацыд æмæ та Борсæг базмæста. Сыхæгты æхсæн парахат кæны сусæг-æргом Бæттийы æмбонд, дам, мæ цæхæрадонмæ ау- уон дары æмæ, дам, дзы халсар нæ, фæлæ кæрдæг дæр нал æрзайы. Бæттийы хъустыл æрцыдысты Борсæгы ныхæстæ æмæ иу ахæмы бауайдзæф кодта Борсæгæн. - Ацы æмбонд дæ фæндонæй сарæзтон. Науæд æй куы арæзтон, уæд цæмæннæ исты загътай? Ныр дæумæ гæсгæ бетонон æмбонд æнцон райхалæн у? - Æнцон райхалæн у æви зын саразæн у, уый мæнмæ нæ хауы. Исты йын æрхъуыды кæн... Бæтти бавдæлд æмæ аразджытæм арвыста. Æрбацы- дысты, райхæлдтой æмбонд æмæ йæ иу метр фæныллæг- дæр кодтой. - Ныр та ма цы ’рымысдзæн, - загъта Бæтти, æмæ йæхи æрсабыр кодта. Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд æмæ та 69
иу бон Борсæг горæты администрацийы зæхбарæджы æрбакодта йæ хæдзар æмæ зæххы фæзуат барынмæ. Уы- цы бон Бæтти нæ уыд хæдзары. Фæдзырдтой Бæттийы цардæмбалмæ æмæ йын загътой: - Уæ цæхæрадоны æфсæйнаг дуар 10 см æрбахызт Бор- сæйы зæххы фадыгмæ. Изæры Бæтти хабар фехъуыста æмæ ныссагъæс кодта. Ай та ног маст. - Æз Бæттийæ куы уаин, уæд дын дæ фæрстæ ныххоин. Бæтти фенæг, æмбаргæ лæг у. Уыцы аразинæгтæ дæумæ хаудысты, фæлæ дæ уавæры бацыд. Саразын сæ кодта æмæ йын йæ хорздзинад нæ базыдтай. Лидзинаг дæ фæцис, - загъта йын йæ цардæмбал Тариан. Бæттийæн йæ ныхмæцæрæг Ростъом иу ахæмы афтæ зæгъы: - Æгъдаумæ гæсгæ нæ зылды депутат дæ хъуыддагмæ йæ хъус хъуамæ æрдара. Дæу тæрхондоны сæр ницæмæн хъæуы. Иу бон Бæтти йæхи февдæлон кодта æмæ балæууыд парламенты агъуысты раз. Уæдмæ дæр лæгæй-лæгмæ зыдта сæ зылды депутат Бежаны. Бæтти æппæт дæр раха- бар кодта Бежанæн. - Хорз, - загъта Бежан. Ацу æмæ мæм фæскуыст æнхъæл- мæ кæс. Изæры Бежан балæууыд Бæттийы хæдзары раз, фæ- дзырдта Борсæгмæ дæр æмæ сын афтæ зæгъы: - Къуырийы бонмæ уæ алчидæр, уæ зæрдæ кæуыл дарут, ахæм фæйнæ æвдисæн лæг æрбакæнут æмæ, куыд хуыздæр у, афтæ уын уæ хъуыддаг равзардзынæн. Бежан къуырийы фæстаг сабат бон балæууыд Бæттийы хæдзары кæрты. Æвдисæн лæгтимæ фæрабар-бабар код- той Бæтти æмæ Борсæгы хæдзар æмæ зæххы фæзуат æмæ афтæ зæгъы: - Борсæг зылынджын у уымæй, æмæ цæджындзтæ йæхи сагъд уыдысты. Бæтти та аххосджын у уымæй, æмæ чысыл æфсæйнаг дуар æвæрыны рæстæджы Борсæгмæ кæй нал фæдзырдта, æмæ загъта, зæгъгæ, Бæттийы цæхæрадоны дуар 10 см куыд фæнарæг кæна. Æвдисæн лæгтæ Бежаны ныхасыл дыууæ нал загътой. - Ныууадзут æй, куыд æрæзт æрцыд, афтæ, мауал æм февналут, уый мæхи рæдыд у - загъта Борсæг. 70
Бежан Бæтти æмæ Борсæгæн сæ къухтæ кæрæдзимæ раттын кодта. - Ахæм дзы хъæуы, ахæм депутат, - загътой сыхбæсты цæрджытæ. Нырдæр Бежаны æрымысынц æмæ фæдзурынц: - Тæхуды Бежаны хуызæн дзырддзæугæ адæймæгтæ не ’хсæн куы цæрид, уæд царды зындзинад не ’взариккам. Тæрхондонмæ дæр хъæстгæнджытæ нал цæуид, уыйбæрц. Æрæджы Борсæгы кæстæр чызджы чындзæхсæвы Бæт- ти бадтис фынджы сæр кувæгæй æмæ Борсæгæн хорз æф- сымæры лæггад бакодта. Уыцы бон Мæлдзыгон йæ чын- дзытимæ ахæм хуын бахаста æмæ йæ нырдæр сыхбæстæ дисæн фæдзурынц. Уæдæй фæстæмæ Борсæг кæм бады, кæм цæуы уым фæдзуры: - Хорз адæм! Уарзут æмæ цæрут уæ сыхæгтимæ хæларæй! Бæлас бæласыл æнцой кæны, сыхаг та - сыхагыл. Мæ фыд- гул фæцæрæт æнæ сыхагæй æмæ та дыууæ сыхаджы хæ- лардзинад йæ фыццагон гаччы сбадтис.
Аегендоетое ХЪÆДДЗАУ Иу фæззыгон бон зæронд ацæргæ лæг йæ лæппуйæн афтæ зæгъы: - Зымæг æрæввахс кæны æмæ нæ суг æрласын хъæуы хъæдæй. Лæппу йæ галтæ уæрдоны баифтыгъта æмæ араст хъæдмæ. Стыр æгæндæг хъæды астæу йæ галты су- агъта æмæ хизынц фæззыгон цъæнут кæрдæгыл. Иучысыл аулæфыд, стæй уæрдонæй райста йæ фæрæт. Фæкомком- мæ хъæддзау иу бæрзонд рæхснæг бæласмæ æмæ загъта: - Ацы бæлас мæ ’гас зымæг рахæсдзæнис. Бæласмæ аныр бавнала калынмæ, афтæ йæм бæлас æр- дзырдта: - Хорз хъæддзау, мæ тæригъæды ма бацу. Ма мæ ракал, хорз дын нæ рауайдзæн. Хъæддзау хорзау нал фæцис. Æрбадт, йæ фæрæт йæ фарсмæ æрæвæрдта æмæ сагъæссаг хъуыдыты аныгъуылд. Уæд та йæм бæлас ногæй æрдзырдта: - Бауадз мæ цæрын, æрæййафон зæронды бонтæ. Уæлæ дæ алыварс бæрзонд зæронд бæлæстæ. Ралыг кæнын дын сæ нæ хъæуы. Рафæлдах сæ къухæй æмæ дæ уæрдон бай- дзаг кæн. Хъæддзау йæ уæрдон байдзаг кодта æмæ рафардæг. Изæры йæ фыдæн бæласы хабар радзырдта. Уæд ын йæ фыд афтæ зæгъы: - Зæронд бæлæстæ се ’нус батыдтой. Базæронд сты. Зæ- ронд та мæлæты нысан у. Зæххыл æнæмæлгæ дуне нæй, мæ хур. Мах цардау, бæлæсты цард дæр афтæ у. Уæдæй фæстæмæ хъæддзау рæзæн, æвзонг бæлас ни- куыуал ракалдта æмæ фæдзуры: - Æрдзы сусæгдзинæдтæ уыйбæрц бирæ сты æмæ сæ адæймаг нæма базыдта... Кæронмæ. 72
МÆЛИККУÆЙГУЫТÆ Раджы фыдæлтæ куыд дзырдтой, афтæмæй Мæликк уæйгуытæ æнæкæрон тыхджын уыдысты æмæ адæмæн тых кодтой. Иу ахæмы иу Мæликк уæйыг иу къалабæлас æд уидæгтæ срæдывта, йе ’ккой йæ баппæрста æмæ йæ хæдзармæ фæхæссы. Æрдæг фæндагыл бафæллад. Къала- бæлас фæндаггæрон æрæвæрдта æмæ йæ фæллад уагъта. Уыцы рæстæджы кæсы æмæ иукъорд бæлццоны æр- бацæуынц. Мæликк уæйыгмæ куы æрбаввахс сты, уæд сæ афарста: - Кæдæм фæндараст кæнут? - Дæлæ Дæлæсыхы комбæсты дзырддзæугæ лæг Борсæ фæзиан æмæ йæ йе ’нусон бæстæм афæндараст кæнæм. Уæйыг дæр семæ фæцæуæг зианмæ, æппæт дæр фед- та йæхи цæстæй, фæмæт, фæсагъæс кодта уый дæр æмæ æнкъард æмæ æрхæндæг зæрдæйы уагимæ раздæхт. Уæд- мæ уæйыг нæ зыдта цы у мæлæт æмæ мæлæты коймæ йæ тых асаст. Бæргæ ма ацархайдта къалабæлас йе уæхскмæ сисыныл, фæлæ йæ нал сфæрæзта æмæ афтæмæй сфардæг йæ хæдзармæ. Уæдæй мæликк уæйгуытыл адæм тыхкæ- нын райдыдтой æмæ сын скуынæг кодтой сæ мыггаг.
КУЫДЗЫ МАСТ Раджы, тынг раджы, лæг, куыдз æмæ гæды цардыс- ты иумæ. Алчидæр сæ æххæст кодта йæ хæстæ æмæ цух ницæмæй уыдысты. Иу бон лæг ацыд куыстмæ. Гæды æмæ куыдз та уыдысты хæдзаргæс. Куыдз афæлмæцыд æнæ йæ хицау, ныкъкъуырдта æмæ уый дæр афардæг кæдæмдæр. Уæдмæ фæзынд хуыснæг, гæды фæтарст æмæ къуымы амбæхст кæмдæр. Хуыснæг хæдзары фæллой аккой код- та æмæ сæ ахаста. Изæры лæг куы æрбацыд, йæ хæдзар афтæмæй куы ауыдта, уæд амæсты. Гæды йын æппæтдæр радзырдта æмæ æнхъæлмæ каст куыдзы фæзындмæ. Æмбисæхсæвмæ æввахс куыдз фæзынд, лæг райста лæдзæг æмæ цалдæр хатты æрны- мадта йæ куыдзы фæрстæ. Загъта йын, куыдз дæ æмæ нырæй фæстæмæ кæрты куыдзы цард кæндзынæ. Куыдз гæдымæ уæд уыйбæрц фæхъыг æмæ йæ абон дæр уæды хабар нæма рох кæны. Арæх æй бафæнды, райса йæ маст, фæлæ ма йæм кæм æххæссы.
УСАНЕТЫ ДЫККАГ КУВÆНДОН Раджы, тынг раджы нæ раг фыдæлтæм фæзындис Уæллаг Бихъары бæрзонд æфцæджы рагъыл, алæмæтон рæсугъд æрдзы хъæбысы Усанеты сыгъдæг бардуаджы кувæндон, фæлæ бæрæгæй кæд фæзын ацы зæдбадæн ку- вæндон, уый ничи зоны. Зонæм æрмæст иу хъуыдддаг: Уса- нет у сылгоймаг зæд æмæ нæм кæй æрхæццæ матриарха- лон царды дугæй. Усанеты сыгъдæг бардуаджы тыххæй адæмы ’хсæн баз- задис бирæ легендæтæ. Иу легендæ дзы ахæм у. Усанетæн табугæнджытæй бирæтæн бæрзонд æфцæджы сæрмæ сæ бон ссæуын куынæуал уыд сæ кармæ гæсгæ, уæд, дам, дзу- ары лæгмæ бахатыдысты, цæмæй адæмы фæндон фехъу- сын кæна Усанеты бардуагæн. Уæд, дам, Усанет та бахатыд Хуыцаумæ æмæ йын Хуыцау радта нæзы бæласы æртæ мыггаг. Усанет хъæугæрон равзæрста бынат æмæ сæ уым æрæппæрста. Нæзы бæлæстæ сырæзтысты, арвыл æнца- йынц. Уæдæй ацы Зæдбадæны бынаты Усанеты бардуагæн фæкувынц, сæхи бафæдзæхсынц. Афтæ фæзынд Усане- ты дыккаг кувæндон. Гъе фæлæ диссаг уый у æмæ Хуы- цауы лæвæрд нæзы бæлæстæй мыггаг нæ хауы, зæронд нæ кæнынц. Сты æнусон æмæ сæ магикон тых у уæлдай фидардæр цы адæм ын кувынц, уыдон æхсæн. Абон дæр æртæ нæзы бæласы фæлгæсынц бæрзондæй æмæ цæрджыты хъахъхъæнынц фыдбылызтæй æмæ сын уæлдай табу кæнынц, Хуыцауы лæвар кæй сты уый тыххæй.
Цардуагон аргъогуттог БÆСТЫ РÆСУГЪД Раджы ма, раджы цардис æмæ уыдис иу мæгуыр сидзæр лæппу. Хæрзчысылæй ныллæууыд æххуырст фыййауæй. Хызта хъæуы фос. Йæ фос-иу куы баривæд кодта, уæд-иу йæ чысыл карды бырынкъæй бæлæсты зæнгытыл чыз- джы нывтæ кодта. Афтæ рæсугъд сæ ныв кодта æмæ сæм адæймаг кæсынæй не ’фсæстис. Иууыл диссагдæр та сæ дарæсы рæсугъддзинад уыд. Адæймаджы цæсты тигътæ сæхимæ истой. Арæх-иу дзырдта: - Мæхи хуызæн сидзæр чызг æркæндзынæн æмæ, кæ- рæдзи уарзгæйæ, паддзахы цард кæндзыстæм. Бахъомыл лæппу. Æххуырсты мыздæй сарæзта иу чы- сыл хæдзар. Уæдмæ йæ усгуры афон дæр æрцыд. Иу ахæмы та йæ фос баривæд кодта æмæ стыр тæрс бæласы зæнгыл сарæзта чызджы ныв. Сбадтис йæ разы. Дзуры йæм: - Ех, тæхуды, ныр ацы ныв удæгас чызг куы фестид, уæд æй мæхицæн акæнин. Бæлас ныхъхъæрзыдта æмæ йæ разы бæсты рæсугъд чызг фестади. Йæ рæсугъд уындæй бæстæ ноджы дæр ныр- рухс. Бæласы сæрæй йæм æрдзырдæуыд: - Гъе, уый дын æмкъай Бæсты рæсугъд æмæ кæрæдзи уарзгæйæ цæрут. Кæрæдзийы зæрдæхудты макуы бацæут. Изæры лæппу æрыскъæрдта йæ фос. Хъæубæсты адæм дис кодтой, ахæм рæсугъд чызг кæм ссардта. Дыккаг бон хъæубæсты æххуысæй стыр чындзæхсæв скодта. Иу або- нæй иннæ абонмæ фынгтæ нæ систой. Фæкуывтой йын Хуыцау æмæ бæсты зæдтæм, цæмæй уа амондджын, зæнæ- гæй æфсæст. Афæдзы бонмæ сын райгуырдис дыууæ фаз- зон лæппуйы. Уыдысты, цыкурайы фæрдгуытау, рæсугъд. Бон уыдисны рæзтысты, æхсæв та - уылынг. Иуахæмы иу паддзахæн йæ ус амард æмæ паддзах йæ фæсдзæуинтæн афтæ зæгъы: 76
-^Ацæут, фæзилут æмæ мын æркæнут бæсты рæсугъд ус. Йæ рæсугъддзинадмæ фау æрхæссæн куыд нæ уа. Фæс- дзæуинтæ баифтыгътой сæ бæхтæ æмæ зилынц, агурынц. Бафтыдысты иу æцæгæлон бæстæм. Кæсынц иу ныллæг, тъæпæн æрдæгарæзт хæдзары раз бады мæгуыр сидзæр лæджы ус. Йæ дыууæ лæппуйы йæ фарсмæ хъазынц. Бар- джытæ усмæ бакастысты, стæй та сæ кæрæдзимæ æмæ загътой: - Хорз бæсты рæсугъд у. Паддзахы зæрдæмæ фæцæудзæн. Бæхы фæсарц æй сбастой æмæ йæ аскъæфтой. Лæппутæ куыдтой, хъæр кодтой: - Кæдæм нын кæнут нæ мады!.. Паддзахы зæрдæмæ фæцыд бæсты рæсугъд æмæ бар- джытæн лæвæрттæ фæкодта. Изæры мæгуыр лæг йæ фос æрыскъæрдта. Йæ лæппуты кæугæйæ куы рæййæфта, уæд базыдта æнамонд хабар ыл кæй æрцыдис. - Зындзинæдтæн фæразын хъæуы, - загъта мæгуыр лæг. Фыййауы куыст ныууагъта æмæ йæ лæппуты хъахъхъæд- та. Иу бон хъæдмæ ацыд суг ласынмæ. Чысыл лæппутæ зынгæй хъазыдысты. Зынджы стъæлфæн хæдзармæ ба- хауд, æмæ хæдзар бынтондæр басыгъд. Изæры лæг сугтæ æрласта. Йæ хæдзар сыгъдæй куы æрæййæфта, уæд йæ сæр фæхоста. Загъта: - Фыдбылызы бынат у. Аккой кодта йæ лæппуты. Зилы, бæстыл хуыздæр, амонд- джын дæр бынат кæм равзара. Бирæ фæцыд, цъус фæцыд Хуыцау йæ зонæг. Цæуы тыгъд быдыры. Бахъуыд æй стыр ивылд доны сæрты ахизын. Мæгуыр лæг лæппутæй иу йæ дæлармы акодта. Загъта: - Иугæйттæй сæ доны фаллаг фарсмæ ахæсдзынæн. До- ны астæумæ куыддæр бахæццæ, афтæ фæкаст фæстæмæ. Ауыдта бирæгъ ын йæ лæппуйы фескъæфы. Барызт лæг æмæ йæ дæлармæй æрхауд йæ лæппу æмæ йæ ивылд дон аласта. Иудзæвгар доны астæу джихæй алæууыд. - Нæй фæстæмæ раздæхæн. Æмæ ахызт доны уыцы фарсмæ. Бирæ фæцыд æмæ бафтыд иу сахармæ. Кæсы паддзахы галуанмæ. Ахæм рæ- сугъд хæдзар никуыма федта. Паддзахы галуаны хъахъ- хъæнджытæ йæ афарстой: 77
- Кæдæм цæуыс, хорз бæлццон? - Куыстагур, мæ хуртæ, куыстагур. - Ам æрлæуу. Паддзахмæ ма ис иу кусæджы бынат. Паддзах мæгуыр лæджы æрцæрын кодта галуаны раз иу чысыл хæдзары. - Ам цæрдзынæ хæрд, дарæс цух дæ нæ ныууадздзы- нæн. Алæбон галуаны кæрт сыгъдæг кæндзынæ, - загъта йын паддзах. Мæгуыр лæгæн йæ цард ад нæ кæны. Йæ къæбæр цæс- сыгимæ хæры. Мысы Бæсты рæсугъд æмæ йæ лæппуты. Рацыд иукъорд азы. Иу æхсæв паддзахы галуаны хъахъхъæнджытæ дыууæ æвзонг салдаты кæрæдзийæн сæ царды хабæрттæ дзу- рынц. Сæ иу загъта: - Хæрзчысыл уыдтæн æмæ мын мæ мады цавæрдæр абырджытæ аскъæфтой. Къуырийы фæстæ та нæ хæдзар басыгъд. Уæд нæ фыд æндæр бæстæм фæцæуын сфæнд кодта. Бирæ фæцыдыстæм. Иу ран нæ стыр ивылд доны сæрты бахъуыд ахизын. Мæн уал йæ дæлармы акодта. Доны астæумæ куыддæр бахæццæ, афтæ фæстæмæ фæкаст. Иу гадза бирæгъ фескъæфы ме ’фсымæры. Мæ фыд барызт. Æз йæ дæлармæй æрхаудтæн æмæ мæ ивылд дон аласта. Мæ амондæн куыройы нучы фæфидар дæн. Уырдыгæй мæ куыройгæс сласта æмæ мæ схъомыл кодта. Ныр та ме ’фсæддон хæс æххæст кæнын. - Мæн та, - загъта дыккаг салдат, - хуымгæнджытæ бай- стой бирæгъы дзыхæй æмæ мæ иу æнæзонгæ лæг схъомыл кодта. - Уæдæ мах æфсымæртæ стæм, - загътой лæппутæ æмæ фæцин кодтой кæрæдзийыл. Фыд сæм иннæ хатæнæй хъуыста. Æрбацыд лæппутæм æмæ сын æппæт дæр радзырдта. Кæрæдзийыл фæцин, фæхъæбыстæ кодтой. - Уæдæ нæ мад кæм ис? - афарстой сæ фыды. - Паддзахимæ цæры. Лæппутæ галуаны дуæрттæ бакодтой. Схызтысты галуа- ны фидары сæрмæ, сæ мад æхгæд дуары кæм цард, уырдæм. Лæппутæ сæ мады фæхъæбыстæ кодтой. Сæ фыды паддза- 78
хы бынаты рабадын кодтой. Паддзахы та сæ фыды бынаты кæртмæрзæгæй баурæдтой. Мæгуыр сидзæр лæппу паддзахы бынаты куы рабадтис, уæд ын иуахæмы Бæсты рæсугъд афтæ зæгъы: - Фæцæуæм нæ райгуырæн бæстæ фенынмæ. Æрцыдыс- ты сæ райгуырæн бæстæм æмæ сыл адæм тынг фæцин код- той. Бæсты рæсугъд тæрс бæласы бын сарæзта кувæндон. Уæдæй абонмæ алы аз дæр сæхи фæдзæхсынмæ фæцæуынц Бæсты рæсугъд, паддзах, йæ лæппутæ æмæ комбæсты адæм. Абон дæр æй хонынц Бæсты Рæсугъды кувæндон.
ПАДДЗАХ ÆЛЛÆ ЙÆ ЛÆППУ Раджы кæддæр иу паддзахады адæм афтæ сфыдуаг сты æмæ абырджытæ, лæгмартæ, къæрныхтæ, къахбайтæ уый- бæрц сарæх сты æмæ сын ахæстоны бынат нал уыд. Бонæй- бон фылдæр кодтой, уый тыххæй æмæ адæмы фылдæр æййæфтойæххормагдзинад.Паддзахыхъуыдытауыдахæм: зæгъгæ, адæм кæрдзынæй куы бафсæдой, уæд коммæгæс нал уыдзысты. Уымæй адæмы ’хсæн тыдта хæрамдзинад, цæмæй паддзахы ныхмæ сæ тых ма быцу кæной. Афтæмæй адæм сæ царды цас фылдæр хъуагдзинæдтæ æййæфтой, уыйбæрц фыдгæнджытæ фылдæр кодтой. Уæд паддзах бардзырд радта, цæмæй дыккаг фидары ахæстон саразой. Паддзахы лæппу йæ фыды бардзырд фехъуыста æмæ йæ фыдæн афтæ зæгъы: - Рагæй фæстæмæ адæмыл уæлахиз ахарæй ничи ма фæтых ис. - Уæдæ цы бакæнон? - Афарста паддзах йæ лæппуйы. - Сабыр, лæгъз ныхасæй æрсабыр кæнæм адæмы. Æмæ паддзах хъуыддаг йæ лæппуйы бар бакодта. Иу ахæмы лæппу балæууыд сахары ахæстоны раз æмæ хъарагъултæн афтæ зæгъы: - Ахæстоны дуæрттæ бакæнут. Хъарагъултæ ахæстоны æфсæн дуæрттæ бакодтой. Пад- дзахы лæппу ахæстоны хъуытаз ныццагъта æмæ ахæсты адæм сызнæт сты, къахыл слæууыдысты. Æнæ рæстæг ахæстоны хъуытаз нæ фæцæгъдынц. Загътой, не сæфты дуг æрцыдис. Лæппу ахст адæмы раз балæууыд æмæ сын афтæ зæгъы: - Паддзах уæ хуыцауы фæндонæй сæрибар кæны, уæ хъизæмайраг цардæй, кæд æмæ хуыцауы раст фæндагмæ рахиздзыстут. 80
- Рахиздзыстæм, рахиздзыстæм! Дæ бæрзонддзинад! - загътой ахæсты адæм æмæ уыцы бон сæрибар æрцыдысты. Уæдæй ахæстоны къултæ бæрзонд самадтой æмæ дзы рухс кувæндон скодтой. Алы хуыцаубоны адæм æрцæуынц, сæхи бафæдзæхсынц Хуыцауæн, бæсты зæдтæн æмæ Дау- джытæн. Паддзах йæ лæппуйы æнтыстытæ куы федта, уæд пад- дзахад æгасæй дæр йæ лæппуйы бар бакодта. Паддзахы лæппу адæмы куыстæй сифтонг кодта. Адæм ныллæууыдысты куысты сæр æмæ се ’хсæн иунæг фыд- гæнæг дæр нал разындис... Паддзахуæд бамбæрста адæмы царды домæнтæ æххæст кæй хъæуы. Паддзахы лæппу йæ куырыхон зондæй бæстæйы адæмы раз æрæвæрдта фидар рæстдзинад æмæ хæлардзинад. Æмæ дзы абон дæр сæрибар, кæрæдзи æмбаргæйæ цæ- рынц иу бинонтау. Аргъау аргъау у, фæлæ цард дæр аргъау у. Уыцы дугæй нæм æрхæццæ ис æмбисонд: «Галтæн сæрбос хъæуы, адæ- мæн та куырыхон зондджын раздзог». 6*
ДЫУУÆ ÆФСЫЛЛÆРЫ Раджы ма, раджы цардысты æмæ уыдысты дыууæ æфсы- мæры. Иу бон ацыдысты куыстагур. Бирæ фæцыдысты æмæ бахæццæ сты иу æдзæрæг бæстæм. Æрбамбæлд сыл иу зæронд лæг. Кæрæдзийæн дæ бон хорз загътой. Зæронд лæг сæ афарста: - Ацы хорз лæппутæ, кæдæм цæут? - Куыстагур цæуæм, нæ фыдыхай, - загътой лæппутæ. - Ис мæм иу кусæг æмæ хицауы бынат. Æфсымæртæ кæрæдзимæ бакастысты. - Цæй куыд бакæнæм. Райсæм сæ? Уæд цæргæ та кæм кæндзыстæм? - афарстой зæронд лæджы. Зæронд лæг йæ къахæй зæхх æрхоста æмæ тыгъбыдыры сыгъзæрин галуан фестадис. Галуаны цæрæнуæттæ йемы- дзаг уыдысты дарæс, хæлц æмæ сыгъзæрин мигæнæнтæй. - Ныр уæ зонд æмæ уæ лæджыхъæд, - загъта зæронд лæг æмæ йæ фæндагыл араст. Æфсымæртæ базыдтой, уый Уастырджи кæй уыд. Бацардысты сæ ног хæдзары, сæ цинæн кæрон нал уыдис. Кæстæр æфсымæр хистæр æфсымæрæн бар радта æмæ равзæрста хицауы бынат. Кæстæр æфсымæрæн баззад кусæджы бынат. Æфсымæртæ æркодтой бинонтæ æмæ хъаны цард кодтой. Кусæг зæххы æмæ фосдарды куыст кодта æмæ йæ куысты æмбисы хай лæвæрдта йа хицау - хистæр æфсымæрæн æмæ кæрæдзи уарзгæйæ цардысты. Паддзах нæ зыдтой, æлдар сын нæ уыд. Кæстæр æфсымæры цот куыд бирæ кодтой, афтæ сын галуан нал фаг кодта цæрынæн æмæ ног хæдзæрттæ арæзта. Хистæр æфсымæры цот размæ нæ цыдысты. Ас лæджы кармæ сæ ничи царди. Иукъорд азты фæстæ Уа- | стырджи йæ фæндаг акодта æфсымæртыл. Загъта, абæрæг сæкæнон, куыд цæрынц. Кæсы æмæ быдыры стыр сахар. Дис кæны: айæппæт хæдзæрттæ чи сарæзта. Уастырджи 82
йæхи бацамыдта æфсымæртæн. Уæд ын хистæр æфсымæр афтæ зæгъы: - Дон куы фæнуазын, уæд дæр фыццаг дæуæн фæкувын, фæлæ мæ мæт, мæ сагъæс бирæ у. Мæ цот размæ нæ цæуынц. Зæронды кармæ сæ ничи цæры. - Хуыцауы æрвыст лæг Уастырджи йæ ныхас никуыма аивта. Æз уын загътон: Ныр уæ зонд æмæ уæ лæджыхъæд. Хи куысты фæллойæ цæрын хъæуы. Ис дын æрмæстдæр иу хос. Дæ кæстæр æфсымæры фарсмæ балæуу æмæ дæ маст дæ сагъæсæй фервæздзынæ. Хистæр йæ хицаудзинады бынат ныууагъта æмæ балæууыд йæ кæстæр æфсымæры фарсмæ. Йæ цот дæр ныллæууыдысты куысты сæр сæ фы- димæ. Уыцы бонæй зæрыбонмæ цæрын байдыдтой. Абон дæр цæрынц, мæ хуртæ. Уыдон æрцыдмæ сымах бирæ цæрут.
МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ ЙÆ УС Раджы ма, раджы цардысты мæгуыр лæг æмæ йæ ус. Сæ цæхх, сæ къæбæр сæ армытъæпæны дардтой. Мæгуыр лæг арæх дзырдта: «Дæ цæхх, дæ къæбæр раттыныл фæс- мон макуы кæн, дывæрæй дæм æрбаздæхдзысты». Афтæ рæдау зæрдæйæ мæгуыр лæгæн фæзындис бирæ æрдхорд æфсымæртæ. Алы хатт дæр йæ абæрæг кæнынц, фæкæсынц æм йæ куыстытæ бабæстон кæнынмæ дæр. Афтæмæй мæгуыр лæг æмæ усы цард бонæй бон хуыз- дæр кодта. Ферох кодтой сæ мæгуырдзинæдтæ. Иуахæмы иу магусайæ цæлуарзаг лæг йæхи рабæлццон кодта, цæмæй мæгуыр лæгæй æрдхорд æфсымæр скæна æмæ уазæджы къæбæрæй йæхи хæсса. Йæ фæндаг акодта мæгуыр лæ- джы хæдзары рæзты. Мæгуыр лæг йæ нартхоры хуымы рувынмæ куыддæр хæдзарæй фæндагмæ рахызт, афтæ ауыдта бæлццоны. Салам ын радта æмæ афтæ зæгъы: - Дардæй цæудзынæ, хорз лæг. Фездæх нæм, къæбæр дæр акæн. Улæфгæ дæр акæндзынæ. Бæлццон дæр йæ фæстæ фæцæуæг. - Æфсин, марадз, фынг авæр. Уазæг - хуыцауы уазæг. Æфсин фынг авæрдта. Уыд сæрдыгон бон. Уазæджы сæрыл уыд тæнæг сæрдыгон худ. Мæгуыр лæджы зæрдæмæ фæцыд худ æмæ йæ афарста: - Кæм балхæдтай дæ худ? - Не ’фсин æй бахуыдта. Кæд дæ зæрдæмæ фæцыд, уæд дын æй лæвар кæнын. Уазæг йæ сæрæй систа худ æмæ йæ мæгуыр лæгæн рад- та. Дыккаг бон та мæгуыр лæг райсом йæхи ацæттæ кодта йæ нартхоры хуым рувынмæ. Куыддæр хæдзарæй рахызт, афтæ та йæ уæлхъус æрбалæууыд, знон кæй фæуазæг кодта, уыцы бæлццон. Мæгуыр лæг фæстæмæ аздæхт æмæ та йæ фæуазæг кодта. Æртыккаг бон дæр та афтæ хорз фæминас 84
кодта мæгуыр лæджы хæдзары. Куы рахызт хæдзарæй, уæд ын мæгуыр лæг афтæ зæгъы: - Хорз лæг, дæ худ ма ферох кæн. Айс æмæ йæ фæрнæй дар, - æмæ йын æй йæ къухы фæсагъта, - æгуыст мæ фæкодтай. Бæлццон бамбæрста мæгуыр лæджы ныхас æмæ йæ мидзæрдæйы афтæ зæгъы: «Калинаг муртæ никæмæн ис, кæдмæ ахæм цардæй цæрдзынæн. Кусын æмæ змæлын хъæуы». Уыцы бонæй магуса кусын æмæ хæдзар кæнын райдыд- та æмæ мæгуыр лæг æмæ усы лæггад дывæрæй бафыста. Абон дæр се ’фсымæрон хæлардзинад дарддæр кæнынц сæ цоты цот. Уыдоны æрцыдмæ сымах дæр, мæ чысыл хуртæ, бирæ фæцæрут.
МÆГУЫР ЛÆГ ÆЛЛÆ ХÆЙРÆГ Раджы ма, раджы цардис æмæ уыдис иу мæгуыр лæг. Цардис зæххы куыстæй æмæ йæ бирæ бинонты ницы цух уагъта. Йæ хуымы гæппæл афтæ хæрзбæстон куыст код- та, æмæ йын иу хоры æрцыдæй, иннæ хоры æрцыдмæ фагæй уæлдайдæр кодта. Хæйрæгмæ дис кастис, мæгуыр лæг ахæм хъæздыг тыллæг куыд райсы. Иуахæмы сфæнд кодта мæгуыр лæгыл фембæлын. Уыд сæрды тыллæг æфс- найыны рæстæг. Мæгуыр лæг йæ хуым карста. Хæйрæг йæ уæлхъус æрбалæууыд. Салам ын радта æмæ йын афтæ зæгъы: - Бирæ бæстæтыл фæзылдтæн, фæлæ ахæм хор æрзайгæ никуыма федтон. Куы аулæфис æмæ куы аныхас кæниккам. Мæгуыр лæг бамбæрста хæйрæг æй кæй сайдзæн, йæ хоры бæркад ын кæй ахæсдзæнис, уый, æмæ йын афтæ зæгъы: - Абон мæ не ’вдæлы. Кæд дæ мемæ аныхас кæнын фæн- ды, уæд анымай къуырийы бонтæ æмæ дзы уæлдай кæцы бон разына, уыцы бон æрбацу æмæ аныхас кæндзыстæм. Хæйрæг ацыд æмæ къуырийы бонтæ нымайы куы раз- мæ, куы фæстæмæ, æмæ дзы уæлдай бон не ссардта æмæ уыцы бонæй мæгуыр лæджы æмгæрæтты нал ацыд. Афтæ мæгуыр лæг йæ зонды фæрцы фервæзтис хæйрæгæй.
ДЫУУÆ ХÆРÆДЖЫ УАРГЪ Иуахæмы иу хъæздыг лæг йæ лæппуимæ ацыд бæлцуа- ты. Семæ акодтой се ’ххуырсты дæр. Фыд æмæ фырт цы- дысты бæхтыл. Мæгуыр æххуырст лæг та сæ фæстæ цыдис къахæй. Уыд сæрдыгон тæвд хур бон. Хъæздыг лæг схид. Раласта йæ уæлæфтау æмæ йæ йе ’ххуырстмæ радта. Лæппу бакаст йæ фыдмæ. Раласта æрдæгæй уæлæмæ йæ дарæс æмæ сæ уый дæр радта мæгуыр æххуырстмæ. Мæгуыр æххуырст лæг схид, бафæллад æмæ фæстейæ зайын байдыдта. Фæстæмæ йæм ракаст хъæздыг лæг æмæ йын афтæ зæгъы: - Гъей, ме ’ххуырст, куыд уынын, афтæмæй дæ бон цæуын нал у, бафæлладтæ. Афтæмæй дæ хæссинæгтæ иу хæрæг æнцонæй ахæссид. - Раст нæ дæ, мæ хицау, - загъта йын мæгуыр æххуырст лæг. - Æз иу нæ, фæлæ дыууæ хæрæджы уаргъ хæссын.
ХЪÆЗДЫГ ÆЛЛÆ МÆГУЫР ЛÆГ Раджы ма, раджы цардысты æмæ уыдысты иу хъæздыг æмæ иу мæгуыр лæг. Иу бон мæгуыр лæг сфæнд кодта йæ фæззæджы тыллæгæй Хуыцауы ном ссарын. Бахъуыд æй бæгæны бахсидынæн аг. Араст хъæугæрон цæрæг хъæздыг лæгмæ æмæ йын йæ фæнд бамбарын кодта. Мæгуыр лæг стыр æрхуы аг адгурæн рахаста. Бахсыста бæгæны, аргæвс- та æртæаздзыд фыр. Æрхуыдта хъæубæсты адæмы æмæ сын хорз балæггад кодта. Къуырийы фæстæ мæгуыр лæг ахаста хъæздыг лæджы аг. Йемæ ма йын бакодта иу гыццыл аг æмæ сæ хъæздыг лæджы хæдзары кæрты æрæвæрдта. - Мæнæ дæ аг æмæ дзы фæрнæй кус, - загъта мæгуыр лæг. - Æмæ ма гыццыл аг та цы у? - афарста хъæздыг лæг мæгуыры. - Уый та - йæ лæппын. Дæ аг æй ныййардта æмæ уый дæр дæумæ хауы, - сдзуапп ын кодта мæгуыр лæг. Рацыд иуцъус рæстæг æмæ та мæгуыр лæг аг агур ауад хъæздыг лæгмæ. Уый дæр нæ базивæг кодта æмæ мæгуыр лæджы къух сарæзта. Йæ мидзæрдæйы загъта, æрбахæс- дзæн та йемæ уæлæфтау чысыл аг дæр. Уыцы бонæй бирæ рæстæг рацыд. Иуахæмы хъæздыг лæг амбæлд мæгуыр лæгыл æмæ йын афтæ зæгъы: - Аг дæ кæд нал хъæуы, уæд æй йæ бынатмæ фæхæццæ кæн. - Амарди, - загъта мæгуыр лæг. - Уый та куыд? - фæджих ис хъæздыг лæг. - Куыд куы зæгъай, уæд ныййарын чи зоны, уый мæлын дæр зоны. Хъæздыг лæджы бауырныдта мæгуыр лæджы ныхас æмæ ницыуал загъта. Афтæ мæгуыр лæгæн йæ зонды фæрцы баззад хъæздыг лæджы æрхуы аг æмæ дзы абон дæр йæ куыст кæны. 88
Æмдзогвго&тое, 0 МÆ РАЙГУЫРÆН ИРЫСТОН 0 мæ райгуырæн Ирыстон! Æз нæ зонын фаг ныхæстæ... Фæлæ дыл уæддæр ныффыстон: Зон, мæ зæрдæйыл ныхæст дæ! Гъей джиди, мæ бон куы уаид, - Загъд-хæрамдзинад ныссæттин... Хурау уæд мæ рыст уд раид, - Дæу рæстудтимæ куы сбæттин. Зæрдæйæн куы уаид сисæн, - Раттин æй дæуæн, Ирыстон! Нал дын уаид никуы риссæн, - Никуы уаис уæд æрвистон! 0 мæ райгуырæн, мæ бæстæ! Æз хуыздæр дæуæй нæ зонын... Амæлæтмæ сты дæ хæрзтæ, - Æз мæхи дæ номæй хонын. 0 мæ райгуырæн, мæ бæстæ! Удæн-уддæр мын ды куы дæ. Цард нæ агурын дæ фæстæ, Зæрдæйы уæлæ хуыд куы дæ. 21.8.2014 УСГУР ЛÆППУЙЫ ХЪЫНЦЪЫМ Дзурынц: уæлæ, дам, нæ хæхты, - Сидзæр чызг кæмдæр цæры... Бирæ сахъгуырдты зæрдæтæ, - Йæ рæсугъд уындæй хæры. 89
Гъех, тæхуды ’мæ куы фестид, - Уыцы чызг мæнæн мæ хай... Уæд зæгъин, мæ зæрдæ суæндид: Бакодтон фæззыгон най. Айхъуысид уæд зард нæ кæртæй: Фæндырæн йæ цины цагъд... Æмæ ’рынцаин мæ мæтæй, - Нал хъусин гыццийы загъд. Нал уаид йæ зæрдæ ’нæнцой: Сабиты уынид йæ цæст. Нал зонид куысты æрæнцой, - Цинæй уаид цард æфсæст! Федтон хуры тын нæ хæхты, - Сидзæр чызг кæмдæр цæры. Бирæ лæппуты зæрдæтæ, - Йæ рæсугъд уындæй хæры. 10.1.2014 ИРЫ СÆРВÆЛТАУ Арын дзы поэт Габуты Хазбийы рухс ном. Абон дæ къухуырзтыл, Хазби, фæхæссынц, Де ’нусон дунемæ махæй цæуыс! Алы фыдтухитæ ’взаргæйæ цардтæ, Æмæ ныр химидæг ризыс, кæуыс! Ма ку, мæ къона, дæ фыдыбæстæ дын, Де стыр лæггæдтæ нæ фæкæндзæн рох! Алы иронæн йæ уды цæрдзæнис, Де стыр лæгдзинад æмæ дæ тох! Иры сæрвæлтау дæ зæрин уд радтай, Алкæмæ фехъуыст дæ фæндтæ, дæ дзырд. Абон уа, сом уа, дæ Иры зæххыл дын, Самайдзæн уарзон фыдыбæстæ цырт!
НÆ ИРЫ ЛÆППУТÆ Гъæйтт, лæппутæ, не ’фсæн бæхтыл, Ручъы хохрагъæй рахизæм. Иры Хуссар фыдызæххы, Тагъддæр не знæгтæй бахизæм! Рацу, цæй, уæдæ, фыдгæнæг, Тохы нæ хъару бавзарæм. Чи у ацы зæххыл уазæг, Мах нæ рæстдзинад равзарæм! Абон ирон лæг цы федта, Разылд сайдæй йыл йæ цагъар. Рагон фыдæлты Мцхета - Ног скæнæм та нæ сахар. Гъæйтт, лæппутæ, лæгæвзæрстæй Тохы быдыры февзæрæм. Цард нæ домы кардæлвæстæй, Тагъддæр не ’знæгтæй фервæзæм. Акæс, ирон лæг, дæ зæхмæ, - Дон йæ зæронд фæд ссардта. Ацыд гуырæйдзыд дæлдзæхмæ, Ам йæ сау мæлæт ыссардта. Гъæйтт, лæппутæ, хæствæлладæй, Раттæм ныр нæ къухтæ иумæ. Ирæн мах - æфсæст йæ фарнæй, Хонæм дунеты нæ зиумæ. НЫЙЙАРÆГ МАД Фæзындтæн дæ фæрцы а зæххыл цардмæ, Зынаргъ дæ, ныййарæг мад, нæй дын æмбал. Кæд царды дæу искуы ’фхæрдтон ныхасæй, Ныббар мын æй, о гыцци, курын, ныббар! 91
Нæй; ничи дæ раивдзæн а зæххыл, ничи, Куы цæрис ныр; барин дын де ’фхæрд, дæ над. Дæ конд дзул ныр дæр ма фæмысы мæ зæрдæ; Зæры бонтæм баззад мæ дзыхы йæ ад. Мæ сæр ма; цæй иу хатт; дæ хъæбысы бакæн; Дæ рæвдыд узæлдæй ныр дæр ма цæрын. Куы зонис; мæ гыцци; куыд дæ мысы зæрдæ; Ныр дæр ма зæрондæй куыд саби - кæуын. 2009 Абон та цымæ кæй цурмæ, Уасгæ ратæхдзæнис халон? Чи та фиддзæнис йæ удæй; Мæрдты бардуагæн йæ хъалон? 0; не сфæлдисæг; нæ хъысмæт; Радт куыд зæрондæй нæ мæлæт. Цардхъуаг сæр ма хъæуæд рыстæн; Уадз ’мæ кардзыдмæ фæцæрæд. 2008 ФЫДЫБÆСТÆ Куыд адджын дæ; фыдыбæстæ; Нæ дын ис; нæ æмбал. Кæд дæ ’фхæрдтон искуы сонтæй; Ныббар мын æй; ныббар. Ысхъомыл дæн дæ буц риуыл; Нæ базыдтон дæ маст. Ныр дæр абон зæры кары; Нæ дæ кæнын æз хъаст. Æмæ, зæгъ-ма; фыдыбæстæ; Куыд нæ мын дæ зынаргъ? Гъе, уый тыххæй мæ дæндагыл, Ыссудзын дын цырагъ. 92
ТУГАХУЫРСТХЪÆД 0 мæ хуртæ, мауал кæнут, Зары хъæдæй арт! Ам æрцыдысты, мæгуырæг, Нæ лигъдонтæ мард... Сты сæ тугæй ахуырст сугтæ, У нæ зæрдæ рыст! Ардыгæй нæ тыхст лигъдонтæн, Сæ йеудодой хъуыст. Сухты цагъд фæкодтой, мæгуыр, Лыгъд адæмы уым! Зары хъæд йæ сау нæ систа... У ныр дæр æрхуым! Не знæгтæн, нæ саухъис хуытæн Асастам сæ ных! Ирыстоны сахъ лæппутыл Ничи ма фæтых. ЛÆППЫН СÆГУЫТ Лæппын сæгуыты Сæлæф мит сайы. Йæ чысыл уæнгтæ, Йæ хидæй найы. Уый райгуырд фарон, Ивгъуыд аз майы. Йæ мады цинæй, Йæ зæрдæ райы. Фæхицæн сонтæй Йæ мады цурæй. Нæ бафсæст царды, Йæ мады хурæй. 93
Фыдзæрдæ цуанон Йæ фæдыл уайы. Топп æргъæвдмæ йæ, Мæлæтмæ сайы. Уæларвы бадæг, Æфсати рахиз. Не ’рдзы фидыцы Мæлæтæй бахиз. * * * Мæрдты зындоны дзыназа, Цы лæг æрымысыд хæст! Ныййарæг мад куыд фæраза Цæринаг хъæбулы мæт. Хъодыгонд æрбауæд адæмæй! Кæстæр йæ бæллицаг уæд... Хæтæд уæзгуытыл афтæмæй, Хуыцауæй æййафæд ’фхæрд! ТÆХУДЫ Тæхуды йæ адæмы раз Чи вæййы кадджын зæрондæй! Кæмæй сты сæрыстыр æмæ уаз... Кæй фæрсынц куырыхон зондæй... Гъе та, тæхуды, йæ царды Кæй уарзынц дзыллæтæ бирæ! Гъе та Ирыстоныл зарды Кæй зæрдæ самоны лирæ! Гъей, джиди, искуы дæ царды Адæмыл батай цырагъау... Гъе та Уырызмæджы кады Диссагыл радзур дæ аргъау.
0, уæдта Хуыцау куы зæгъид, Зæрдæ куы бæззид хæрынæн... Сисин æй риуæй, ныннæрид, Адæмæн уаид цæрынæн! НОГАЗ Абон ног бон, Ног аз, 'Рбалæууыд къæсæрыл. Ацы аз та иу аз, Бафтыд мæ урс сæрыл. 0, нæ Ног аз демæ, Митын Дада ракæн. Ды нæ чысыл хуртæн, Ног лæвæрттæ бакæн. Бинонтæн сæ Ног аз Циндзинæдтæ уарзта. Хæдзæрттæн рæсугъд наз, Фарны къах æрхаста. Сабитæн сæ Ног аз, Хуры тын йæ рæвдыд. Бинонтæн ацы аз, Къустæ уæнт сойæвдылд. 0 мæ уарзон адæм, Хъал зæрдæйæ зарут. Иры райдзаст бæстæм Уарзон зæрдæ дарут. Зæронд азы ’рвитæм, Мит тъыфылтæй уары. Митын дада сабитæн Адджын гуылтæ уары. Цардæфсæст нæ адæм, Уарзты хур нæ тавы. Дуг сæрибар махæн, Цардæн ног тын уафы. 95
Абон Ног аз царды, Фарнимæ æрцыди, Зæронд аз йæ рады, Дард фæсхох фæлыгъди. 9/1-2017 МÆ УАРЗОН СТЪАЛЫ Зæгъ-ма мын мæ уарзон, - Кæдмæ дæм дзыназон? Дæ уарзондзинадæй, - Мæ зæрдæ куы бадон! Мæ уд у фæлмæцыд, Мæ рухс бон æрталынг. Мæ риуыл ныххуыссыд Дæ уарзты цырын зынг. Æнкъард у мæ зæрдæ, Нæ хъуысы мæ зарæг. Мæ æрдхорд æмгæрттæ, - Чызгай у мæ марæг. Дæу тыххæй, мæ уарзон, - Ныууагътон мæ цæрæн. Цæмæн дæ бауарзтон? Куы нал дæн мæ сæрæн. Тырнын æз дæ уындмæ, - Куыд хæцон мæхиуыл? Фæзын цæй мæ хуындмæ, - Æрбатыхс мæ риуыл. Нæ кæнын дæ разы, - Цæстмæхъус ныхæстæ... Мæ уарзон ыстъалы, Зæрдæйыл ныхæст дæ.
* * * Æз хорз зонын, цæуыл фæвæййы цард, уый, Æмæ мæхи нæ ирхæфсын ныхасæй. Фæлæ мæлæт куы æрбалæууа фæсхъус, Ис ма фидинаг бæсты раз мæ хæсæй. Мæрдты зындоны дзыназа, Цы лæг æрымысыд хæст. Гъей, джиди! Бакæнæм хъоды, Сыгъд у фыдлæгæн йæ цæст. ЧЫСАНЫ ХÆХТÆ Чысаны хæхтæ бæрзæндтæ, Цæст сæм кæсын дæр нæ уæнды. Мæ сусæг уарзон, рæсугъд дæ, Фæлæ дæ моймæ нæ фæнды. Иры чызджытæм тæргай дæн, Лæг сæм нæ уæнды бадзурын. Чызгай дæ зæрдæ байгом кæн, Æмæ дын мæ фæнд радзурон. Чысаны хъæуты фæзылдтæн, Суадоны дон дзы банызтон. Чызгай дæ фæстæ фæцыдтæн, Æмæ æндæры бауарзтон. 0 чызгай, акæс уалдзæгмæ, Уардийы къалиу æрзæбул. Дæумæ та, чызгай, уæ гыцци, Кæд бадзурдзæн дæ хъæбул. 10/1-2017 97
* * * Æз куы амæлон искæд бон, Бавæрут-иу мæ къаты бон, Иры урссæр хæхты хъæбысы, Хур кæдæм кæсы æрвылбон. Æмæ курдзынæн Хуыцауæй, Мин-мин азы уын цæрæнбон. Æмæ æнæрæстæг æдзардæй Ма уа макуы дæр мæлæнбон. АВДÆНЫ ЗАРÆГ Ахуысс, айрæз уал, мæ хъæбул, Цалынмæ нæ зоныс сар, бон... Кæд уæдмæ сæид дæ фыдгул, - Скæндзæнис дыл уæд хуыздæр бон. Бамбардзынæ уæд дæ фидæн, - Суыдзæнис дæ хъуыды дардыл. Чиныг уæд уыдзæн дæ сидæн, - Уый дæ бафтаудзæнис цардыл. Иры рухс бæстæ - дæ уæзæг, Фарнимæ дзы цæр æмæ байрæз! Искуы кæд æсуай мæ дарæг, - Бафиддзынæ уæд мæ уаз хæс. 25.04.2016
Публицистикæ КЪОСТА ÆМÆ АДÆМ | Къостайы стыр зонд æмæ дар- дыл хъуыдытæ 19 æнусы дык- каг æмбисы канд ирон адæмы нæ, æппæт Кавказы адæмты базмæлын I кодтой се ’фхæрджыты ныхмæ. Поэт иттæг хорз зыдта, адæмы ’хсæн кæй хъæуы иудзинад, кæй сæ хъæуы кæ- , 1 рæдзийыл бæттын æмæ фыста: Нæ ’ппæт дæр иугæйттæй цъус æмæ æдых стæм, Иумæ куы баиууæм - гъе, мардзæ, а! - Хох дæр нырриздзæн нæ иумæйаг тыхæй. Къоста йæхи цардæй бæрзонддæр æвæрдта æфхæрд фæллойгæнæг адæмы интерестæ æмæ фыста: Куы дыл æрцæуа фыдбон, фыдбылыз - Уæд-иу æрымыс ды Æрмæстдæр адæмы, - Йæ масты цур дæ маст - цъæх фурды ’ртах Къостайæн æфхæрд адæм кæмфæндыдæр æмхуызон уарзон уыдысты. Уый тыххæй та фыста: Дуне - мæ аргъуан, уарзонад мын зынаргъу Æгас дуне - фыдыбæстæ мæнæн. Къоста мæгуыр тыхст цард кодта, Уыцы уæззау цард ын ноджыдæр бауарзын кодта адæмы, æмæ сæ сæрибардзина- дыл йæ уд хъардта. Йæ иу æмдзæвгæ «Æмгар»-ы фыста: Искæйы рыстыл нæ рисдзæн дæ зæрдæ,уый зон. Кæд нæ бавзæрстай искуы зындзинад. 99
Къостайæн адæмы уарзт стыр ныфс æмæ тых лæвæрдта æмæ йæ уый кæны аивады бæрзæндтæм. Йæ иу фыстæджы Къоста фыста: «Æз уый тыххæй нæ фыссын æмæ сæ æхца ба- кусон. Æз фыссын, мæ зæрдæйы маст бауромын мæ бон куы нал вæййы, уæд. Цъус нæ фыстон мæ масты бонты - зæгъы поэт, - фæлæ ахæм æмдзæвгæтæ æз мыхуырмæ никуы рад- тон, уымæн æмæ сæ хæрамдзинад уыд фыд карз æмæ сын уæды цензурæмæ гæсгæ ныммыхуыргæнæн нæ уыд». Поэт раджы бамбæрста зæрдæйы арф хъуыдытæ ирон æвзагыл дæр кæй ис равдисæн æмæ йе ’ргом аздæхта ирон æвзагмæ. Йæ къухфысты бæрæгæй зыны бирæ кæй куыста ирон æвзаджы орфографи ныббиноныг кæныныл. Фæнды мæ Къостайы æмдзæвгæтæй фæхицæн кæнын иукъорд, кæцытæ фыст сты фарстытæ æмæ дзуаппытæй. Поэт куы фарстæн йæхæдæг, куы йе ’мдзурæг, куы та адæм æмткæй дзуапп фæдæттынц. Ахæм хуызы поэт, фарстæн æмбæлон дзуапп ратгæйæ, æрцæуы бæлвырд хатдзæгмæ. Мæнмæ гæсгæ, Къоста поэзийы ссардта ног формæ æмæ дзы арæхстджынæй пайда кæны. Ацы ног формæ аивадон литературæйы никæцы ирон фыссæгмæ уынæм. Фарст æмæ дзуаппæй фыст сты: «Скъо- лайы лæппу», «Дзывылдар», «Чи дæ?», «Ахуыр», «Тæрхоны раз», «Æнæ хай» æмæ æндæртæ. Поэт æвæры фарст. Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? Æмæ йын дзуапп дæтты: Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй... Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй Ма фæуæм бынтондæр фыдвæндаг. «Æнæ хай»-ы зæгъы: Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ Мæуæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?.. Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг... Чиуадздзæн мæ дугъы йæ бæх? Уæлдæр цы æмдзæвгæты кой ракодтон, уыдонæн стыр у сæ зонадон æмæ хъомыладон нысаниуæг. Къоста бирæ уарзта таурæгътæм хъусын æмæ дзы фæстæдæр арæхст- 100
джынæй пайда кодта. Адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыста- ды бындурыл фыст æрцыдысты йæ зынгæ поэмæтæ. «Уæл- мæрдты», «Хъуыбады», «Тæрхоны раз» æмæ æндæртæ. Къоста хорз зыдта, Нарты кадджыты Сырдон йæ хистæр фырты цонджы стджытæй кæй сарæзта фæндыр, иннæ лæппуты зæрдæйы тæгтæй фæндырæн скодта дыууадæс тæны æмæ йæ схаста Нарты ныхасмæ. Уым дзы æрцагъта æмæ ныззарыд йæ сæфт бинонты трагедийыл. «Ай уын мæ лæвар», - загъта Нартæн. Нарты адæм рай- стой фæндыр æмæ загътой. Цагъды куы фæуæм иууылдæр, уæддæр сафæн ма уæд ацы фæндырæн! Уымæй-иу чи цæгъда, мах ном дзы чи мыса, гъе, уый уыдзæн æцæг нæхион. Ацы ныхæстæй зæгъæн ис, Къоста йæ поэтикон уацмысты æмбырдгонды номæн кæй райста Нарты ирон фæндыр. Гъе, фæлæ нæ рагфыдæлтæ Нарты ирон фæндыр абон рох кæнын байдыдтой. Уый мæгуырау хъуыддаг у. Абон нæ хæдбар Республикæйæн ис æппæт фадæттæ дæр, цæмæй музыкалон скъолаты баконд æрцæуа сæрмагонд къордтæ æмæ ахуыр кæной ирон хъисфæндырыл цæгъдын æмæ та нæм фæзына æгъуыстаджы кадæггæнджытæ. Къостайы мысгæйæ та автор зæгъы: Къоста, хъæуы та нæ,уæлдæфау, - Куы фæзынид дæ зонд, дæ халдих, Кавказы рухсдзаст Иры зæххыл - Ирыстон налуаид дыууæ дих. Абон нæ сæйраг хæс у, цæмæй рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнæм Къостайы традицитыл æмæ ма иу хъуыддаг: алы аз дæр Къостайы райгуырæн бон 15 октябры куы уаид улæфты бон, куы æрцæуид хаст Ирыстоны бæрæгбонты нымæцмæ.
СЕКЪАЙЫ ФЫСТ УАЦЛЛЫСТÆ РЕАЛОН ЦАУТЫЛ Ганисы хъæуы цæрæг Гæдиаты мыггаджы зæронд лæг Секъайы фыдыфсымæры лæппу Алеко куыд дзырдта, аф- тæмæй Азау æмæ Таймуразы хабар æрцыдис тынг раджы. Адæм æй дзыхæй-дзыхмæ лæвæрдтой. Фæстæдæр Секъа куы бахъомыл, уæд сыл ныффыста таурæгъ. Азау æмæ Таймураз кæрæдзийы уарзондзинады арты басыгъды- сты. Адæм сæ марыны фæнд куы скодтой, уæд комбæсты зæронд, дзырддзæугæ лæг Рубайты Мистъалайы ны- хас адæмы зæрдæ афтæ бафæлмæн кодта, æмæ сыл хъо- ды бакодтой. Мæнæ куыд зæгъы: «Мæлæты тæрхонæй хуыцауы бар халæм, нæ бинонтæй та дыууæ уды сафæм. Хъоды, мæ хæлæрттæ, хъоды сыл бакæнæм! («Мистъала- йы хæдзар») Фæлæ уый дæр ницы ахъаз фæцис дыууæ æрыгон уды зæрдæты рухс бæллицтæ сæххæст кæнынæн. Зæронд дуг сын сæхгæдта сæ фæндæгты, бабын сын код- та сæ бирæ рухс бæллицтæ. Азау æмæ Таймуразы ингæныл цы сывылдз бæлас æрзад, уый абон дæр дзыназы Ганисы уæлмæрдæй (нывы). Уацмыс Арагвийы æлдар дæр у æцæг историон хъуыд- дæгтыл фыст. Арагвийы доны былыл Косетмæ хæстæг уы- дис мæсыг æмæ галуан. Уыдон ныр дæр сты, фыссæг сæ куыд æвдисы, афтæ. Мæсыгы цардис Ерыстау æлдар Нугзар æмæ адæмы туг нуæзта, фыдмитæ сын кодта. Ацы уацмы- сы сæйраг архайджытæ дæр сты, æцæгæй, царды чи уыдис, ахæм адæймæгтæ. Берд æмæ Хъызмыдæйæн сæ хæдзары пырхæнтæ абон дæр лæууынц Ганисы. Сывæллæтты цы мусы банай кодта фыдзæрдæ æлдар, уый абон дæр хонынц æлдары мус. 102
Азоу æмæ Тоймуразы уæлмæрд Арагвийы, Лехурайы æмæ Чысангомы ерыстау æлдæрт- тæн сæ бындурон цæрæнбынат уыдис абоны Гуры райо- ны Меджврисхеуы хъæуы, раст Медзыдайы донæн Хурны- гуылæны ’рдыгæй фарс. Ацы кæмтты цы хабæрттæ æрцыд æмæ цыдис, уыдон Секъа хорз зыдта æмæ йæ уацмыстæ амадта уыдон бынду- рыл. «Садуллæ æмæ Манидзæ», зæгъгæ, ацы радзырды та Секъа æвдисы йæхи цард. Секъайæн цыппæрдæсаздзыдæй бинонтæ кæй æрхастой Хъобанты саударæг ус Марияйы чызджы, уый зонынц Ганисы цæрæг адæм. Чызг, кæй зæ- гъын æй хъæуы, мæстæй сыгъдис, афтæмæй йæ бонтæ кæугæ, дзыназгæ æрвыста. Сагъæссаг хъуыдытæ йæ сæ- рæй нæ хызтысты. Арæх-иу дзырдта: адæймаджы адæмæй иу бар ис, мæн уый дæр нæ фæцис, ацы цардæй мæлæт хуыздæр у æмæ иуахæмы йæхи æрцауыгъта. Рацыд цалдæр азы, Секъа æрхаста бинонтæ Битъæрты Науырызы чызг Марияйы. Марияйæн райгуырдис æртæ лæппу æмæ иунæг чызг. Уый фæстæ Секъа йæ уацмыс 103
Ганисы аргъуан, кæцыран Секъа сахуыр гуырдзиагау кæсын æмæ фыссын «Цæмæн хъуыд?» схуыдта «Садуллæ æмæ Манидзæ». Гæ- диаты Секъайæн уыдис æхсæз лæппуйы æмæ иунæг чызг: Захар, Цомахъ, Адодта, Коля, Петя, Афоня æмæ Верæ. Секъайæн ма ахæм автобиографион уацмыс у «Иунæг» дæр. Секъайы уацмысты архайджытæн сæ бирæ фылдæр хай, æцæг чи цард, ахæм адæймæгтæ кæй уыдысты, цы хабæрттæ æвдисы, уыдонæн дæр сæ фылдæр бæлвырдæй адæм кæй бавзæрстой, уымæй бæрæг у, адæмы цардимæ æнгом баст кæй уыдысты, уый, æмæ уымæй чиныгкæсæ- джы зæрдæмæ æввахсдæр лæууынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хъуыддаг уый нæ амоны æмæ Секъа æрмæст цы таурæгътæ хъуыста, уыдоныл фы- ста. Секъа хорз зыдта гуырдзиаг литературæ, уырыссаг классикты дæр æмæ курдиатджын уæвгæйæ, сфæлдыста бирæ аив оригиналон уацмыстæ. Секъа æрдзæй стыр курдиат, зонд æмæ адæмы уарзон зæрдæ рахаста. Абон дæр фехъусæн ис ахæм æмбисонд: «Авдæны нымæтын тъæпæнты чи схъомыл, уыдонæй Се- къайы хуызæн ничи рацыд». Хетæгкаты Къостайау Секъа дæр бæллыд Ирыстоны сæрибардзинад æрæййафынмæ, фæлæ йæ, хъыгагæн, сæ 104
иу дæр æмæ се ’ннæ дæр не ’рæййæфтой, афтæмæй адæмы маст æмæ сагъæстæ ахастой сæ мæгуыр æфхæрд зæрдæты се ’нусон бæстæм. Цæгат Ирыстоны зонадон иртасæн институты архивы ис Секъайы къухфыстытæ - гуырдзиаг æвзагыл фыст æм- дзæвгæтæ. Хорз уаид, ирон æвзагмæ тæлмац куы ’рцæуик- кой, уыдон ноджыдæр фæхъæздыгдæр кæниккой ирон литературæйы прозæйы бындурæвæрæг, нæ уарзон фыс- сæджы сфæлдыстад. Секъайы тыххæй зынгæ ахуыргонд, прозаик, поэт Джу- сойты Нафи зæгъы, зæгъгæ, Къостайы амæлæтыл Секъайæ хуыздæр ныхæстæ ничи ма загъта: Рухсагу, рухсаг! Нæ бон æндæр циу. Дунеты хорз лæг, Рæстдзинадыл мард, Атæх æмæ фест Рухс дзæнæты цъиу! Ацы дунетыл Нæ амæлдзæн дæ кад. Секъа зæрдæрыстæй фыста: Тæхуды, Ирыстоны сæрмæ Куы фенин хурæн йæ тынтæ, Ие искуы ирон лæджы царды, Куы фенин æцæгæймæ фынтæ. Бирæ, æнæкæрон сты Секъайы лæггæдтæ. Не ’ппæт дæр стæм хæсджын æмæ йын йæ райгуырды 160 азы цытæн ма базивæг кæнæм æмæ йын нæ горæты сæвæрæм цырт. Уымæй мах стыр арфæйы хъуыддаг бакæниккам.
АЛЕКОЙЫ МЫСИНÆГТÆ СЕКЪАЙЫ ТЫХХÆЙ Ганисы хъæуы цæрæг Гæдиаты Алеко уыд Секъайы фыдыфсымæр Григолы лæппу. Алеко арæх мысыд Секъа Гæдиаты мыггаджы историйыл ныхас кæнын кæй уарз- та, уый. Дзырдта, зæгъгæ, Гæдиатæ ралыгъдысты Хъу- ды æфцæгæй, Цырцъойы хъæуæй. Сæ ралыгъды сæйраг нысан уыд царды мæгуырау уавæртæ. Уæлдай тынгдæр тыхстысты, куырой сын кæй нæ уыдис, уый тыххæй. Иу рæстæджы гуырдзиæгтæ ауæй кодтой Гæдиатæн зæхх æмæ сæ ’рцæрын кодтой сæ цуры. Фæстæдæр Назгъадтæ æрымысыдысты Гæдиаты мыггаджы фæсурын. Секъа дзырддзæугæ кæй уыд, уый тыххæй дыууæ мыггаджы ба- фидауын кæныны хæс райста йæхимæ æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Арæх дзырдта, зæгъгæ, зæххы тыххæй тох нæ хъæуы тагъд рæстæг зæхх уыдзæнис иумæйаг. Секъа йæ цæрæнбынат куы аивта, уæддæр та-иу дыууæ адæмты ’хсæн исты быцæудзинад куы фæзынд, уæд-иу Секъа мыггæгты ацæргæтæ æмæ æмбаргæтæм ныффыста фыстæг æмæ та-иу уыдон дæр æрсабыр сты. Секъа йæхæдæг Ганисæй бæстон куы алыгъд, уæд йæ хæдзар æмæ зæххытæ ауæй кодта Сохъхъуырты Гæбыцийæн. Дзургæ та бакодтой афтæ, кæд искуы мæ лæппутæ æрцагурой сæ фыды хæдзар æмæ зæххытæ, уæд сын сæ ратдзынæ. Ратдзысты дын дæ цып- пар сæдæ сомы. Уыцы гæххæтт уый фæстæ æрхаста Секъа йæхæдæг, бафыста Гæбыцийæн йæ цыппар сæдæ сомы. Уæд Гæбыци алыгъд Уæлвæзмæ. Гæбыци амард, фæлæ йæ байзæддаг цæрынц Уæлвæзы сосæ фæндаджы былыл. Иу рæстæджы Секъа цардис Цæгат Ирыстоны дæр æмæ Гани- сы дæр, зæхх ссарын зын кæй уыдис, уый тыххæй. Секъа бæстон лыгъд куы акодта, уæд хæдзæрттæ ныууагъта мæнæн. 106
Гæдиаты Секъайы хæдзар Секъа «цыбыркъух» уæвгæйæ, йæ бирæ бинонты кæр- дзынцух никуы ныууагъта. Арæх-иу фæдзæхста хæдзары астæу ауыгъд фыдæлты рæхысы, абон дæр у Секъа йæ куыд æрцауыгъта, афтæ. Иу рæстæджы Секъайы лæппу Никъала æрцыдис Ганис- мæ. Æхсæвы йын не ’фсин куы бауат кодта, уæд афтæ зæ- гъы: «Æрхæссут сындзытæ æмæ мын сæ бакæнут мæ бы- ны, цæмæй сфæлтæрон, науæд Уæрæсе растад гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ, уым хъæуы лæгдзинад равдисын». 1913 азы Секъа æрцыдис Ганисмæ, зæгъы Алеко. Уæд æм мæгуыр, тыхст адæм лæвæрдтой бирæ фарстытæ, зæгъгæ, кæдмæ лæгъстæ кæнæм зæххы тыххæй. Уæд сын Секъа афтæ зæгъы: «Зæххы тыххæй тох нал хъæуы. Уæрæсейы растад стыр уæрдон æмæ йæм раст чи цæуы, уыдон йæ быны кæны». Секъамæ ноджы радтой фарст, зæгъгæ, пад- дзахæй нæ бакусис. «Паддзахы сæрмæ дыууадæс хъамайы баст сты æндахæй, æнхъæлмæ кæсы, кæцы йыл сæ раздæр æрхаудзæн, уымæ». Секъа раджы бамбæрста, революци кæй æрæввахс кæны Ирыстонмæ, æмæ сын сæ зæрдæты ныфс уагъта. Уымæй знæт рæстæджы тыхст адæм æрсабыр сты æмæ йын бирæ арфæйы ныхæстæ фæкодтой. Хъæуы ацæргæ сылгоймæгтæ, æгæрыстæмæй, æрымысыдысты уый дæр 107
Гæдиаты Алеко йæ чысыл хъæбултимæ æмæ чындзы куы æрцыдысты, уæд сæ Секъа фæсдуар лæу- уын кæй никуы бауагъта. Секъайы æмбисæндтæ æмæ зондамындтытæ сты бирæ æмæ алыгъуызон. Абон дæр сæ бирæтæ пайда кæнынц кæрæдзиимæ ныхасгæнгæйæ, фæлæ йæ нæ фæзонынц, Секъайы хъуыдытæ æмæ зондамындтытæй кæй фæпайда кæнынц, уый. Секъайы æмбисæндтæ æмæ зондджын ныхæстæ, кæцытæ ныр дæр нæ ферох сты Ганисы цæрджытæй Йæ фидæныл чи хъуыды кæны, уый æппæтдæр зоны. Æнæрхъуыды лæг къæсæрæй дуармæ дæр нæу. Нæхи куыст нын мыды къæрта. Хорз лæджы тæф зонæм зондæй. Фенæг лæг никуы вæййы хæлд дунейы бæстыл. Бадты мидæг зондджын лæгмæ сидынц хæстæг. Лæгæн æфсины хай у фæрск. Фæрскæй уарæн нæй. Дунейы исбон хæссæг у лæг. Хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр. 108
Фенаг лæджы чызджы ракæн къæсæрæй, æнæфенæджы чызджы та - артдзæстæй. Æвзæр лæг комбæстæн дæр тых кæны. Дæ сыхаджы растæй макуы бафхæр, фæсмон ыл кæн- дзынæ. Хосгæнæджы къухы ис сгуы арфæтимæ. Хæстæг куы райай адæмæй, æдзæллаг ныхас ын макуы зæгъ. Кæд мæнæй сæрæндæр уыдис мæ сыхаг, уæд мæн цэе- мæн агуырдта. Цы лæг æмбырдтæм нæ цæуы, уый нæ вæййы хъусаг. Чи цас федта, уыйбæрц зоны. Зондджын адæймаг сæдæ адæймаджы басæтдзæн. Зæронд цъиуы зыгуымтæй ничи ахсы. Зондджын лæг хъуыддаг лыстæг луары. Фæндæй хъуыддаг кæддæриддæр нæ фехæлдзæн. Амонд куынæ уаид, уæд ыл ном дæр нæ уаид. Чидæр куыройы мондагæн цæрвджынтæ кодта. Амондджын лæджы цур алчи дæр амонд ары. Хорз адæймаг адæмæн царды хос хæссы, æвзæр лæджы ном та мыггагмæ нæ сæфы. Радзырдта сæ Гæдиаты Алеко 1963 азы, мыхуыруыдысты журнал «Фидиуæджы».
ЛЛАХАРБЕГ ÆМÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆ Хетæгкаты Къостайы фæстæ Петербурджы Аивæдты академийы чи ахуыр кодта, нæ адæмы цард, æгъдæуттæ æмæ удыхъæд нывкæнынадон аивады арæхстджындæрæй чи равдыста, уый уыдис Тугъанты Сафары фырт Махарбег. Уымæ гæсгæ абоны æрыгон фæсивæд хъуамæ зоной ацы стыр нывгæнæджы егъау сфæлдыстадон бынтæ, йæ цард æмæ æхсæнадон архайдæвдисæг хабæрттæ. Ацы хъуыдда- джы та стыр хæс ис не скъолатыл. Фæлæ уыцы хæс, мæнмæ гæсгæ, фаг æххæст нæ цæуы абоны онг дæр. Уый та скъола- дзауты ахуыр-хъомыладон куыстыл мæгуырæрдæм бандавы. Ирон адæмы истори æмæ культурæ ахуыр кæнгæйæ, Махарбег фагыл нæ нымадта, фыст чи æрцыд, уыцы æрмæг, фæлæ ма уымæ æфтыдта рагон адæмон сфæлдыстады æрмæг, йæхæдæг уæхскуæзæй æмбырд кодта Нарты кад- джытæ æмæ сын сæ цард, сæ хъайтарты æвдыста ныв- кæнынады аивады. Иунæг ныв «Нарты куывд» дæр фаг у дунеон аренæмæ рахæссынæн. Уый бæстон дзурæг у Нарты адæмы удыхъæ- дыл, сæ хъæбатырдзинæдтæ æмæ миддунейыл. Нарты кадджыты тых, нæ фыдæлты цард базонынæн нын стыр æххуыс фесты Махарбеджы конд нывтæ. «Сослан мæрд- ты бæстæйы», «Уæрхæг æмæ йæ фырттæ, «Батрадз», «Уы- рызмæг», «Сатана», «Ацæмæз» æмæ æндæртæ. Махарбеджы диссаджы куыстытæн ис стыр зонадон æмæ хъомыладон нысаниуæг. Цæй мидæг ис Махарбеджы тых ирон аивадон литерату- рæйы та? Махарбег йæ зонд, йæ хъаруджын куысты ’руаджы бирæ- бæрцæй фæхъæздыгдæр кодта ирон национ ныв кæныны аивад нæ, фæлæ уыимæ ирон аивадон литературæ дæр. 110
Нарты Сослан мæрдтыбæсты. Тугъанты М. конд ныв. Нарты кадджытæй, аргъæуттæй райдайгæйæ, суанг со- ветон литературæйы уацмысты хъайтарты равдисынæн цы нывтæ сарæзта, уыдонæй дисы бафтыдта æппæт ирон дзыллæйады. Уыдон сты «Нарты куывд», «Лæскъдзæрæн», «Сидзæргæс», «Хъуыбады», «Уæлмæрдты», «Сослан мæрд- тыбæсты», «Чермен» æмæ æндæртæ. Уыцы арф психо- логон, зæрдæйæ ратæдзгæ нывты æвдисы дзырдаивадон уыцмысты хъайтарты портреттæ. Ацы уацмыстæ ахуыр- гæнинæгтæн амоныны рæстæджы цы стыр нысаниуæг ис цæстуынгæ нывтæ равдисынæн, уый. Цæвиттон, Къостайы уацмыс «Лæскъдзæрæн» амоны- ны рæстæджы уæйыджы портрет равдисын ахуыргæни- нæгтæн стыр æххуыс у уæйыджы ахаст Лæскъдзæрæнмæ базонынæн ахæм дзырдтимæ. «Адæммæ кæм нæу фыдзæрдæ. Иуцæстон сæтой!» Хоры къутуйау йæ тæнтæ, Бинаг был - кæфой». 111
Махарбег ирон нываивад, литературæ æмæ æмткæй ирон национ культурæйы рæзтæн цы цæстуарзон куыст ба- кодта, уый никуы ферох уыдзæн нæ сомбоны фæлтæртæй. Ирон литературæйы ахуыргæнæн чингуыты фенæн ис бирæ зæрдæмæхъаргæ, адæймаджы зондахаст зæронд, мæгуыр цардмæ чи акæны, æмæ æндæр алыгъуызон сю- жеттæ чи æвдисы, ахæм нывтæ. Уыдоныл фыст ис: Тугъан- ты Махарбеджы нывмæ гæсгæ, фæлæ чи уыдис, цы ахъаз фæцис нæ национ культурæйы рæзтæн, номхуындæй та нываивадæн, уый иу ран дæр æвдыст нæ цæуы не скъола- ты ахуыргæнæн чингуыты, абоны онг дæр ма. Нывкæныны аивад æмæ литературæ кæрæдзийыл æн- гом баст кæй сты кæцыфæнды æхсæнадон царды дæр уый та абон дæр нæма бамбæрстой нæ мадæлон литературæ аразджытæ. Ныфс нæ ис, нырæй фæстæмæ мадæлон литературæйы ахуыргæнæн чингуытæм кæй бахæсдзысты Тугъанты Махарбеджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æмбæлон зонæнтæ. Уый стыр ахъаз фæуыдзæн канд ирон æвзаг, литературæ æмæ ныв кæныны ахуыргæнджытæн нæ, фæ- лæ æмткæй, национ культурæйы рæзтæн.
СНОГ КÆНÆЛЛ НÆ ФЫДÆЛТЫ ХОРЗ ÆГЪДÆУТТÆ Хуыцау дунейы æрвон арты зынджытæй сфæлдыста Нарты æмæ сын радта зонд, тых, амонд, цин, фыдбылыз æмæ хæрзæбон. Уыдон сæ царды цы стыр цаутæ æмæ хъуыддæгтæ федтой, цы бавзæрстой хорзæй, фыдæй - æп- пæт уыцы хабæрттæ, æрфæны фæдау, бæрæгæй баззады- сты Нарты эпосы. Бирæвæрсыг æмæ хъæздыг сты алыгъуызон хабæрттæй нарты кадджытæ. Уыдон сæ хъайтардзинадæй бирæ адæм- ты хъусдард аздæхтой сæхимæ. Стыр уырыссаг фыссæг Максим Горький фыста: ...«Кæд æмæ ма адæмон сфæлдыстадæй исты ферох, уæд æй агурын хъæуы æрмæстдæр адæмы ’хсæн». Абон цардивæны дуг махæй алкæмæй дæр домы, цæмæй нæ рагфыдæлтæ кæй сфæлдыстой, уыцы æгъдæуттæ æмæ аивадмæ ногæй нæ хъусдард аздахæм. Цы дзы ферох код- там, уыдон æрымысæм, сахуыр сæ кæнæм. Бацамонæм сæ нæ рæзгæ фæлтæрæн. Уый та феххуыс уыдзæнис на- цион хиæмбарынад рæзын кæнынæн, ирон литературæ, æвзаг æмæ зонады рæзтæн, æмткæй, национ культурæ фæхъæздыгдæр кæнынæн. Ирон адæмы фыдæлтыккон æгъдæуттæ кæддæриддæр æвдисæн сты ирон лæджы æцæг характер раргом кæны- нæн. Ис сæ царды объективон рæстдзинад. Сты æнæмæлгæ, цæуынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Хъомыл кæнынц нæ фæ- сивæды лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинадыл. Уыдонæн стыр у абон дæр сæ национ æмæ хъомыладон нысаниуæг. Фæлæ, хъыгагæн, нæ фыдæлты хорз æгъдæуттæ рох кæ- нын байдыдтам. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм фын- гыл бадын, хистæртæм хъусын æмæ уыдонæн æгъдау кæнын, сылгоймæгтæн уæлдай кад кæнын, чындзæхсæвы æгъдæуттæ, бæрæгбонтæ аразын, уазæг райсын æмæ уы- 8* 113
мæн кад кæнын, æхсæнады хи дарын æмæ æндæр бирæ диссаджы æгъдæуттæ. Нæ фыдæлты, кадджын æгъдæуттæн стыр цыт кодта ирон адæмы уарзон поэт Хетæгкаты Къоста, уый сæ рав- дыста йæ этнографион очерк «Хохаг ирæтты цардуаджы». Не уæнгтæ срог вæййынц Нарты кадджытæ кæсгæйæ, нæ бæллицты дуне райхъал вæййы. Нарты кадджыты фæси- вæд иу ран дæр фынгыл не ’рбадынц. Уыдон æрмæстдæр кæнынц лæггад. Ацы æмæ ноджы æндæр æгъдæуттыл хъомыл кæнын хъæуы нæ рæзгæ фæсивæды. Фыдæлты æгъдæутты уæл- вæд фæзындысты аивады бирæ хуызтæ дæр - зарын, ка- фын, фæндырæй цæгъдын, æрмдæсныйад æмæ æндæртæ. Нарты Сырдон йæ хистæр фырты цонджы стджытæй сарæзта фæндыр, иннæйы зæрдæйы тæгтæй фæндырæн скодта дыууадæс тæны æмæ йæ зæрдæйы уæззау маст æрцагъта. Нартæ уыцы фæндыр райстой æмæ кæрæдзийæн загъ- той: «Иууыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн». Нартæ ма афтæ бирæ уарзтой Ацæмæзы уадындзы цагъд дæр. Уый афтæ рæсугъд цагъта æмæ йæм канд адæм нæ, фæлæ-иу æм сырдтæ, кæрдæджытæ, бæлæстæ дæр æрыхъуыстой. Нæ фыдæлты æгъдæутты æмрæнхъ рагза- мантæй фæстæмæ æнæхъæн дунейыл айзæлыдысты ирон адæмон диссаджы кæфтытæ «Симд», «Симд-Сандрахъ», «Зилгæ», «Рог кафт», «Чызджыты кафт», «Ерысы кафт» æмæ æндæртæ. Ирон национ кæфтытæм йæ рæстæджы йæ хъус æрдард- та ирон адæмон нывгæнæг Тугъанты Махарбег. Уый раир- тæста 25 ирон кафты хуызы. Абоны хореографион студийы та нымадæуы 20 кафты, цыма цы фесты иннæтæ? Нарты кадджытæй куыд зонæм, афтæмæй нартæн иу- уыл уарзондæр кафт уыд «Симд». Уый афтæ уарзтой, æмæ йын фæстæдæр фæзындис бирæ алыгъуызон варианттæ. Нартæ бирæ уарзтой ерысы кафт дæр. Уый арæхдæр кафы- дысты æвзонгдæр фæсивæд, уæлдайдæр æнæус лæппутæ æмæ æнæмойгонд чызджытæ. Нарты кадджыты ’хсæн ис сæрмагонд кадæг. Уым æвдыст цæуы ерысы кафт. «Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг» Нарты хъазты. Симдау, æвæццæгæн, 114
ерысы кафтæн дæр уыдаид бирæ варианттæ, фæлæ дзы, хъыгагæн, зонæм æрмæст «къахкъухтыл кафт». Уым фæ- кафынц чызг æмæ лæппу. Ацы ерысы кафтæн Чысангомы ис бирæ варианттæ. Цæ- виттонæн, лæппу æмæ чызг сæ къæхты раззаг къæпхæнтыл тымбыл рог кафт фæкæнынц. Алчи дæр сæ фæтырны иу иннæйы фæсайыныл. Лæппу куы размæ ахизы йæ фæрсты æмæ фæстæмæ фæзилы, куы та йæ рæзты тымбыл зылд æркæны, афтæ чызг дæр æмæ сæ чи арæхдæр фæсайды вæййы, уый тагъддæр бафæллайы æмæ уæд хъазтæй ахи- зы. Ерысы кафты усгур лæппутæ ноджыдæр базонынц чызджы лæджыгъæд. Афтæмæй-иу лæппутæ арæх ерыс кафты сæхицæн равзæрстой къайæгтæ. Чысангомы æппæт хъæуты дæр чындзæхсæвы, бæрæг- бонты, куывдты арæх фæсивæд фæкафынц ерысы кафт æмæ сæм цымыдисæй фæкæсынц нæлгоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæттæ дæр. Ацы кафт ма Чысангомы фæкафынц къордæй дæр. Уый у вазыгджындæр. Æппæт къорды уæнг- тæ хъуамæ уой арæхстджын, цæмæй кафт ма схæццæ уа. Уый дзурæг у ууыл, æмæ нæ рагфыдæлтæ иугай кафтæй къордгæйттæй кафт кодтой арæхдæр æмæ уыд цымыди- сондæр. Хорз уаид æмæ ацы ерысы кæфтыты хуызтæм сæ хъус куы ’рдариккой профессионалон ансамблты къухдариуæг- гæнджытæ. Уымæй ирон хореографимæ ноджыдæр баф- тид бирæ ирон кафты хуызтæ. Нæ зæрдыл ма æрлæууьш кæнæм Мамсыраты Темырбо- латы сагъæстæ «Турчы бæстæ»-йы. Дæ дин, дæ бæстæ, де ’гъдауыл, Иттæг тынгæй куыд дзурай Дæхудинаг, де’ гадыл, Адзал лæварæн куыд курай, Туркаг зæрдæ ма райсай, Дæ туджы ’ртах кавказаг. Махыл дæ зæрдæ ма худæд, - Нал дын ыстæм ахъаззаг.
НÆ КЪУХ СИСÆЛЛ МÆНГУЫРНЫНДЗИНАДЫЛ Ирон адæм фыдæлтæй фæстæмæ цы цæстæй кæсынц дины уырнындзинæдтæм, уый тыххæй мæ разы æрæвæрд- тон ахæм хæс, цæмæй, цас арæхсын, уымæй нæ уырнонтæн бауырнын кæнон, динæн зонадон бындур кæй нæй. Мæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй райстон Нарты эпос. Уый та уымæн æмæ зонадон æгъдауæй Нарты кадджытæ афтæ хъæздыг сты æмæ нын канд нæ рагфыдæлты цард нæ амонынц, фæлæ нын уыимæ иумæ амонынц, нæ абоны æмæ фидæны цард куыд хуыздæр саразæм, уый. Иудзырдæй, Нарты эпос у зонды денджыз æмæ йæм арф чи ныккæсы, уый дзы фены, æппæт адæмтæн дæр иумæйаг чи свæййы, ахæм æвдадзы хос. Дины уырнындзинæдтæ канд иугай адæймæгтыл не ’ндавынц, фæлæ æндавынц иумиагæхсæнадон цардыл дæр æмæ уымæй ныхдур æвæ- ры æхсæнады рæзтæн. Нæ рагфыдæлты дæр æндæр адæм- тау уырныдтой Уæларвон хуыцæуттæ, уæларвон зæдтæ æмæ бардуæгтæ. Нарты кадджыты хъайтартæ сæхи фæ- дзæхсынц æмæ нывонд кæнынц уæларвон хуыцæуттæн. Зæгъæм, «Борæйы чындзæхсæв»-ы хистæр ронг æд фи- зонæг йæ къухмæ райста æмæ скуывта: - Хуыцауæн æхцонуæд, Лæппуйы бæллиц йæ къухы бафтыд, Иæ Уастырджы-иу йæ рахиз фарсуæд, Йæ цардвæндаджы макуы фæтыхсæд... «Хæст Нарт æмæ Борæты 'хсæн»-ы та дзырдæуы: «Сата- на Уырызмæджы ацыды фæстæ скуывта: - Хуыцау, не сфæлдисæг хуыцау! Мæ иунæг фырт, нæ зæронды нын Борæтæ марынмæ ныссайдтой. Батрадз уы- цы рæстæджы бадти зæдтимæ тæрхоны. Батрадз цæстыфæныкъуылдмæ æрхæццæ Борæтæм. 116
- Тæрсгæ мауал кæн, æз дын ам дæн, - дзуры Уырызмæг- мæ. Борæтæ Нарты тыхæвзарæн хæсты састы кæм зады- сты, уым алы хатт дæр азым æппæрстой хуыцæуттæм. Уый бæрæг у ахæм дзырдтæй: - Фыдæхы тыххæй цыдæриддæруыд Нарты адæмыл рахæтыдысты. Тыхты тыхджынты иугай фæцагътой Иннæ адæмы стонгæй мардтой. Уыйадыл цардæн йе стырдæр зынтæ æвзæрстой хуы- цæутты тыххæй Нартæ дæр. Нарты кадджыты хатгай фембæлæм Уастырджи æмæ Æфсатийыл. Уыдон æххуысæй хъайтартæ уæлахиз кæ- нынц се знæгтыл. Ам зæрдыл дарын хъæуы, Уастыр- джи æмæ Æфсати ирон адæмы мифологийы нымад кæй цæуынц рæстылцæуæг æххуысгæнæг æмбæлццæттыл. Ноджыдæр бирæ цæвиттонтæ æрхæссæн ис, Нарты кад- джыты дины уырнындзинæдтæ парахатæй æвдыст кæм сты, ахæм кадджытæ, фæлæ нæ рагфыдæлты зондахаст, сæ культурæ, сæ дунембарынад куыд рæзтис, афтæ дины уырнындзинæдты ныхмæ æргом цæуын райдыдтой. Аф- тæмæй Нарты кадджыты фæстаг дугты дæр нал уынæм дины уырнындзинæдтæ. Уый нæ, фæлæ карз тох кодтой йæ ныхмæ. Уый та бæрæг у, «Нарты фæстаг хæст»-æй: Дæхи нын равдис æмæ дæ фенæм, Фæстаджы хæстмæ дæумæ мах сидæм! Уæд Хуыцау загъта, зæдтæ, дауджытæн: - Мах адонæн ныр тых не ссардзыстæм, Фæлтау хуыздæру нæ хæст ныууадзæм, Зынгæй гуырд ысты, донæй сæрст ысты, Чи ма баззадис зæдтæ, дауджытæй, Йеуыдонимæ арвы æрфытæм Хуыцау фæлыгъдис,уæд Нарты тасæй. Нартæ уыдысты тыхджын æмæ кадджын адæм. Худи- наджы бæсты сæм мæлæт хуыздæр кастис. Уыдон никуы æруагътой сæхи цагъары бынатмæ. Никæцы знаджы раз æркъул кодтой сæ сæр. Фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ æгас дунейы кæй нæй ахæм æндæр алæмæтон диссаджы эпос, кæцы Нарты эпо- 117
сау хъæздыг æмæ тыхджын у царды æппæт къабæзтæ æвдисынæй, уый адæмæн фæндаг амоны фидæны рухс цардмæ. Уæдæ уæлдæр куыд федтам, афтæмæй ирон адæммæ фыдæлтæй фæстæмæ дины мæнгуырнындзинæдтæм ис сæхи хæдгъуыз монон цæстæнгас. Гъе, уый хынцгæйæ, раджы бамбæрстой дины уырнындзинæдтæ мæгуырæр- дæм кæй æндавынц адæмы социалон, экономикон æмæ культурон рæзтыл æмæ царды дæргъвæтин историйы фæстаг æнусты сæ къух систой дины уырнындзинæдтыл. Иудзырдæй, рæсугъд, сæрибар кадджын цардæн нæ ду- джы дæр цыдæриддæр хъæуы, уыдон се ’ппæт дæр фенæн ис Нарты кадджыты. Æрмæст сæ зонын æмæ рафæлгъауын хъæуы зонадон æгъдауæй, зæрдыл дарын хъæуы уый дæр, æмæ ирон адæм рагæй хæст сты чырыстон диныл, фæстæдæр æнусты ирон адæмы иу хай фæхицæн æмæ рай- ста пысылмон дин, уый абон ныхдур у нæ адæмы кæрæдзи æмбарынадæн. Уый аххосæй арæх фехъусæн ис, дыгурон, ирон, цыма ирон дыгурон нæу, дыгурон та ирон нæу, уыйау. Не ’ппæтдæр æвдисæн стæм уымæн, æмæ социали- стон дуджы ирон адæм сæхи кæй ссæрибар кодтой дины цагъарадæй. Уæхæдæг фестут тæрхонгæнæг, нæ уырнон- тæ цы зиан æрцыд нæ адæмыл. Хуыцау æмæ сæ дзуæрттæ кæй нæ уырныдтой, уый аххосæй? Фæстаг дæс азы дины æндæвдады бын куы бахаудыстæм, уæдæй абонмæ цы хъизæмæрттæ бавзæрстам, уыдонæн та кæрон дæр нал ис. Дины уырнындзинæдты аххосæй абон иу адæмы хатт нæ, фæлæ нацитæ дæр кæрæдзи хæрынц. Чизоны æмæ æппæт тугкæлдтæ дæр ардыгæй рацыдысты. Уый та сæрмагон- дæй у ныгуылæн паддзахадты архайды фæстиуæг. Абоны хуызæн ирон адæмы кæрæдзи æмбарын ни- куы хъæуы. Афтæмæй та Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр ирон адæмы иу хай систы баптисттæ, иннæтæ Йеговайы фарсхæцджытæ, кæнæ æвдисæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ, æмæ нæ адæм сæрсæфæнмæ кæй фæцæуынц, уый нæма бамбæрстой. Иумæйагæй ацы адæм кæд диныл хæст сты, уæддæр зæгъæн ис, кæрæдзи дæр кæй нæ уарзынц æмæ кæй не ’мбарынц, ирон æмбисонды загъдау: «Куырд куыр- ды удхæссæг». Ме ’мзæххон уырнонтæ, библийы чиныг «Фæстаг фæ- дзæхст»-æн зонадон бындур куы уаид, уæд уын æй знаг 118
лæвар нæ кæнид. Уый бæсты уе ’мбырдты ахуыр кæнут нæ фыдæлты рагон æгъдæутты. Нарты кадджытæй рай- дайгæйæ, уыдон уæ фервæзын кæндзысты уе стыр низ - дины уаргъæй. Тынг диссаг мæм кæсы, нæ чысыл горæты уырнонтæ се ’нахъом сабиты дæр æмбырдтæм семæ куы фæкæнынц, иуæй-иу бинонтæ та иууылдæр кæй бахауды- сты дины уацары, уый. Сымах, уырнонтæ, дзурут æмæ сур ныхæстæй бæлвырд кæнут, зæгъгæ, æрцæудзæн хъаймæты дуг, æмæ, дам, Хуыцауы фæндагыл чи цæуы, уыдонæй дарддæр иннæ адæм фесæфдзысты. Аннæтæ та дзурынц, мæрдтæ, дам, райгас уыдзысты. Ныр уæ фæрсын æмæ ма мын уæ исчи зæгъæд, зæххыл царды фæзындæй фæстæмæ миллионгай азтæ рацыд æмæ чи федта Хуыцауы, науæд мæрдтæй чи æрыздæхтис?.. Кæронбæттæны мæ зæгъын фæнды æппæт нæ чы- сыл ирон адæмæн, цæмæй нæ фыдæлтау нæ къух сисæм дины мæнгуырнындзинæдтыл, уымæй мах стыр ахъаз фæуыдзыстæм нæ рæзгæ фæсивæдæн царды раст фæндаг равзарынæн. Уырнонты фæдзæхстмæ гæсгæ, фæсивæд знаджы ныхмæ хæцæнгарз ма хъуамæ райсой, æмæ уæд кæдæм цæуæм, уый цæмæннæ амонынц. Ноджыдæр уæм сидын, бафæзмæм нæ фыдæлты æмæ ма иу хъуыддаг. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Библийы чиныг «Фæс- таг фæдзæхст»-æн кæд зонадон бындур нæй, уæддæр, уымæ ’нæкæсгæйæ, йæ хъæуы сахуыр кæнын, цæмæй адæм царды раст фæндагмæ рахизой, æмæ дзы фидæны цард аразынæн цы хорз хъуыдытæ загъд ис, уыдон базоной. Зонад куыд амоны, афтæмæй алцæмæн дæр ис райдайæн æмæ кæрон. Цæмæй бæстысæфтмæ ма ’рцæуа, уый тыххæй развæлгъау адæм кæрæдзи хъуамæ бамбарой æмæ хæс- тытæн кæрон скæной. Уæд нал уыдзæн фыдгæнджытæ, лæгмартæ, абырджытæ. Адæм, кæрæдзи уарзгæйæ, сдзурдзысты иу æвзагæй æмæ ног дунейы адæм нал зондзысты маст, цæстысыг æмæ æнæрæстæг мæлæт. Адæм æнустæм, иу бинонтау, кæрæдзи уарзгæйæ цæрдзысты, æмæ ног дунейы нал æмбæлдзы- сты адæм низтæ æмæ зындзинæдтыл. 119
ИРЫСТОН (Нывафыст) Ирыстон! Ирон лæг кæмфæнды ма уа - дæ номæй хоны йæхи. Дæ бæрзонд урссæр цъитиджын хæхтæ, дæ дæлвæз быдыртæ, дæ ихджын суадæттæ æмæ хосгæнæн суæрттæ, фыдæлты мæсгуытæ æмæ кувæндæттæ! Уыдон иууылдæр цæрынц ирон лæгæн йæ уды. Ирыстоны алæмæты æрдзы рæсугъддзинæдтæ дæхи цæстæй куынæ фенай, уæд сæ сисы бырынкъæй фысгæйæ, уыйбæрц нæ банкъардзынæ. Кæд никуы уыдтæ Ирыстоны, дæ зæрдæ никуы бафсæст йæ æрдзы рæсугъд æмæ сыгъдæгдзинадæй, уæд дæ фæндаг акæн Ерман, Едыс, Челиат, Згъуыбирмæ. Кæд, мыййаг, дæ зæрдæ нæ бафсæст Ирыстоны æрдзы фидыцæй, уæд æрхйз Ручъы сосæвæндагмæ - фендзынæ, Хуссарæй Цæгат- мæ, Цæгатæй Хуссармæ хæдтулгæтыл цы цардæфсæст бæлццæттæ уайынц, уыдоны. Уырдыгæй акæн дæ фæндаг 120
Ирыстоны номдзыд фырт Къостайы райгуырæн хъæу Нар- мæ, стæй - Зæрæмæгмæ. Уым та дæ зæрдæ уыдзæнис цинчы æмæ здыйы хъæздыг гуырæнæй æфсæст. Чысангомы уæрæх быдыртæ æмæ дыргъдæттæй дæр зæрдæ рухс кæны! Кæд Ирыстоны уындæй дæ зæрдæйы не ссыгъд рухс, нæма бафсæст йæ уындæй, уæд дæ фæндаг скæн Ир-Талчъы хуызджын дуры гуырæнтæм Нагутнийы хосгæнæндонмæ. Ирыстоны кæмфæндыдæр уындзынæ цардбæллон кæс- тæртæ æмæ дæ фæллад тайдзæнис цадæггай. Уырдыгæй та æрыздæхдзынæ дæ уарзон горæт Цхин- валмæ... Чысыл, фæлæ рæсугъд дæ, Ирыстон. Мады хъæбысау - хъарм æмæ фæлмæн. ДзæнæтуИрыстон,цардаразæг-йæадæм,бæркадджын- йæ зæхх. Æмæ кæд цæуылдæрты фæрыст дæ зæрдæ, уæд- дæр зон - тагъд нæ хæххон хъæуты артдзæстытæй уæ- ларвмæ йæхи кæй æлвасдзæн фæздæг, нæ афтид сæрвæттæ та кæй байдзаг уыдзысты фосæй æмæ та кæй хъуысдзæнис фыййауæн йæ уадындзы ’хситт æмæ зарын.
АВТОРЫ ЗОНДДЖЫН НЫХÆСТÆ ÆМÆ ÆМБИСÆНДТÆ Хæдзарвæндаджы ном фыдæлтæй бæрæг у. Йæ фыдæлты зæхх чи уæй кæны, уый æвæстаг кæны. Æнæзонæг лæг мæрддзæст у. Цард чи агуры, цард дæр уый ары. Уарзондзинад - цардаразæг. Адæмы цæст айдæн у. Чи цас зоны, уыцы æвзагæй йæм дзурын хъæуы. Бон цы бахæрай, уый хъуамæ баххæст кæнай. Адæймаг куыстæй фидауы. Дæ удыхайыл сайдæй ма разил, фæсмон ыл кæндзынæ. Йæ фыды чи нæ уарзы, уыдоны сæ кæстæртæ дæр нæ уарздзысты. Кусæг хуры скастмæ бæллы, магуса та - хурныгуылдмæ. Мадзура лæг тæссаг у. Къах зæрдæ зоны. Зондджын лæг адæмæн кувы, Хуыцау та йын йæхицæн æххуыс кæны. Саст кæрдзын нæ ныхæсы. Цард ссарынæй, цард фесафын зындæр у. Æвзæр куыдз сусæгæй хæцы. Зæронд мæлæты нысан у. Зæхх æнæхицау бирæ нæ баззайы. Æнæхицау зæхх мæгуыр кæны. Адæймаг фыдæлты уæзæджы уарзт мады гуыбынæй рахæссы. Лидзæг лæджы куыдз нæ суры. Хорз сыхаг райсомы хуры скаст у. Йæ аууонæй чи тæрсы, уый хæстон лæгæн нæ бæззы. 122
Суадоны дон дæр кæддæр размæнты. Дæ кусæн мигæнæн дæм адгурæй иу мæй куынæ æрбаз- дæха, уæд уый дæу нал у. Цард æвзонгæй аразгæ у. Худæн дæр лæг хъæуы. Дæ боны куыст, уыйбæрц хъуамæ уа, цæмæй дын дзы уазæджы фаг дæр баззайа. Зæхх æмæ дон æлхæнгæ æмæ уæйгæнгæйæ цы бæстæ- йы сты, уым адæмæн рухс фидæн нæй. Мæлæтæй раздæр, алы хъуыддагыл дæр фæтагъд хъæ- уы, цæмæй адæмы аййафай. Уарзондзинад цыфæнды кары дæр арæн нæ зоны. Хæлæрттæ чи нæ агуры, уый у зондхæццæ, æдылы. Лæггад дыууæрдæм у. Де ’ргъом æрдæгвæндагыл ма ныууадз, фæсмон кæн- дзынæ. Де ’ргъомы баст цы фæуа, уый кæронмæ хæссын хъæуы. Искæй ныфсæй цардаразæн нæй. Хаццон хъуыддагæй дæхи хиз, маст дын хæсдзæн.
Дудайты Герсаны мад Хынцæгты Пъело æмæ йæ фыд Димитр. Дудайты Герсан æмæ йæ цардæмбал Хъуылымбегты Венерæ. 124
Дудайты Герсан æмæ йæ лæппутæ: Эдуард, Андрей æмæ Димитр. 125
н X о 03 00 А Н Й н О о д о н н н 5 е д о X со С X « 5 126
Уæллаг Рубайты хъæу. Рубайты Мистъалайы хæдзар. 127
Дудайты Герсаны хæдзар Махисы хъæуы. Ганисы хъæу. Æлдар сывæллæтты кæм банай кодта, уыцы мус. Мелис Къало. 128
Эрыстауты бындурон цæрæн хæдзар Гуры районы Меджврисхеуы хъæуы. Бихъаргомы Медзыдайы цæугæдон. 129
Разныхас ЧИНЫДЖЫ ИС: 5 Радзырдтæ æмæ таурæгътæ Æрхæндæг фыстæг 9 Фыдæлтыуæзæг 3 Зæрватыкк Цъипп-цъипп 19 Фыдæлты ауæдз 22 Мыдгæс Дауыт 26 Хуыбылоны кæркгæс 30 Ныхасы тых 32 Куыройгæс Дати 36 Дзæгъындзæг 38 Æнувыд сыхæгтæ 40 Таурæгътæ Саудзуары тыххæй 41 Айтеджы бæллиц 43 Рæстдзинад агурджытæ 46 Æнусон маст 48 Афтид ингæнтæ 55 Амондджын бинонтæ 61 Тугæйдзаг автоматтæ 64 Сыхæгтæ 67 Легендæтæ Хъæддзау 72 Мæликкуæйгуытæ 73 Куыдзы маст 74 Усанеты дыккаг кувæндон 75 Цардуагон аргъæуттæ Бæсты рæсугъд 76 Паддзах æмæ йæ лæппу 80 Дыууæ æфсымæры 82 Мæгуыр лæг æмæ йæ ус 84 Мæгуыр лæг æмæ хæйрæг 86
Дыууæ хæрæджы уаргъ 87 Хъæздыг æмæ мæгуыр лæг 88 Æмдзæвгæтæ 0, мæ райгуырæн Ирыстон 89 Усгур лæппуйы хъынцъым 89 Иры сæрвæлтау 90 Нæ Иры лæппутæ 91 Ныййарæгмад 91 * * * Абон та, цымæ 92 Фыдыбæстæ 92 Тугахуырст хъæд 93 Лæппын сæгуыт 93 * * * Мæрдты æлгъыстæй дзыназа 94 Тæхуды 94 Ногаз 95 Мæуарзон стъалы 96 * * * Æз хорз зонын, цæуыл фæвæййы цард, уый 97 * * * Мæрдты зындоны дзыназа... 97 Чысаны хæхтæ 97 * * * Æз куы амæлон искæд бон... 98 Авдæны зарæг 98 Публицистикæ Къоста æмæ адæм 99 Секъайы фыст уацмыстæ реалон цаутыл 102 Алекойы мысинæгтæ Секъайы тыххæй 106 Махарбег æмæ ирон литературæ 110 Сног кæнæм нæ фыдæлты хорз æгъдæуттæ 113 Нæ къух сисæм мæнгуырнындзинадыл 116 Ирыстон (нывафыст) 120 Авторы зондджын ныхæстæ 122 Нывтæ 124
Герсан Дмитриевич Дудаев ГРУСТНОЕ ПИСЬМО РедакторА И. Наниева Технич. редактор В. А. Тедеева Худож. редактор Д. В. Кочиева Корректор В. С. Кудзиева Компьют. верстка Д. В. Кочиееа Подписано к печати 16.09.2017. Формат бумаги 84x108 1/32. Печать офсетная. Гарнитура шрифта «СатЬпа». Уч.-изд. л. 6,8. Усл. печ. л. 6,9. Тираж 200 экз. Заказ №318. Дом печати РЮО, 100001, РЮО, г. Цхинвал, ул. Московская, 7 Полиграфическое производственное объединение РЮО. 100001, г. Цхинвал, ул.Московская, 5.