/
Текст
АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ
ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН
ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ
ХУССАР ИРЫСТОНЫ
ХАЙАДЫ ОРГАН
ДЕКАБРЬ
ЖУРНАЛ ЦÆУЫ
1927 АЗЫ ЯНВАРÆЙ
НОМЫРЫ ИС
МÆРГЪИТЫ КЪОСТА —Æмдзæвгæтæ 3
ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОН —Хохаг радзырдтæ 5
ИКЪАТЫ ВЛАДИМИР —Ног æмдзæвгæтæ 37
САНАХЪОТЫ ГЕОРГИ — Сау тæппытæ (иуактон комеди) . 42
ХУЫГАТЫ УАСИЛ — Фæстаг дамгъæ (легендæ) .... 47
ТУАТЫ ЛЕНÆ—Ног æмдзæвгæтæ 51
АИВАД
УАНЕТЫ ВЛАДИМИР _ Цæгат Ирыстоны драмтеатры гастрол-
ГУЫЦМÆЗТЫ ЭЛЬЗÆ ^ Ху(хар Ирыстоны ^
ОЧЕРКТÆ
ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД — Рæсугъд фæндаг (Еналдыты Вахтан-
гы рыйгуырдыл сæххæст 60 азы) . 57
ЛОХТЫ ДЗАМБОЛАТ—Йæ тохты хæтæнтæ 60
КРИТИКÆÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ
БУЛКЪАТЫ МИХАЛ — Стыр курдиаты стыр уæнгтæ (сфæл-
дыстадон портрет) 63
ТЕДЕТЫ ГЕРАС — Ахсджиаг иртасæн куыст нæ рагфыдæл-
ты тыххæй 68
ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА — Не ’взаг — нæ хæзна .... 73
ДЖИОТЫ СОФЬЯ — А. В. Луначарскийы методтæ æмæ фæ-
рæзтæ (Советон литературæйы фæдыл
йæ уацтæм гæсгæ) 78
ТУГЪАНТЫ ЕНВЕР —Эрыстауты галуан Ленингоры ... 82
КОТОЛИТЫ ВАЛЕНТИНÆ— Экологийы нырыккон глобалон
проблемæтæ 84
ГÆБУЛТЫ ИНДИРÆ—Иумиагахуырадон скъолайы рефор-
мæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны скъо-
лайон ахуырады рæзты фæндæгтæ
æмæ перспективæтæ 87
Культурон царды хроникæ 90
Журнал «Фидиуæг»-ы 1987 азы мыхуыр æрмæджытæ 93
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫИ
И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИЙ
ЖУРНАЛ
Орган Юго-Осетинского отделения
Сок^за писателей Грузии
чзо^О’эа&о
СГОбОАббЗЛЗ^-ЭЬйдЗбЗСГО «56
ьбшаб^споалоз-згасгобо^’зло
ЗЗАБйЯТО
^з’ЭобоЬ Ьа9ЬЛдо> саЬдотоЬ
^^БдпозосгпоооЬ «п60&Бса
СÆЙРАГ РЕДАКТОР
ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР
РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ:
ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР
ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН
ДЖУСОЙТЫ НАФИ
ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ
МÆРГЪИТЫ КЪОСТА
ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бæрнон секретарь)
ХА1>ЕБАТЫ ЛЕОНИД
РЕДАКТОРТÆ:
БАХЪАТЫ НУГЗАР
ХАЦЫРТЫ СЕРГЕЙ
ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН
Литературон кусæг Куымæридтаты Офелия
Корректор Болататы Ленæ
Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты.
Сдано в набор 10. XI. 1987 г. Подписано к печати 11. I. 1988 г. Учетно-изд. л. 6,9.
Формат бумаги 70x108716- Печатных листов 8,9. Заказ типографии №2110.
ЭТ 00201. Тираж 4539 экз.
Адрес типографии: г. Цхинвали, ул. Московская, 5. Тел.: 2-42-25, 2-22-24.
Адрес редакции: г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Тел.: 2-22-65, 2-22-60.
МÆРГЪИТЫ КЪОСТА
Дæ цæстыты бынты фæзынд
Æнцъылдты æндæхтæ — мæ зын
Æмæ зон, мæ зæрдæйы рис,
Цы у уый? Мыййаг, кæд фæцис
Дæ дидинæфтыды рæстæгу
Кæнæ дæм æрбацыд хæстæг?
0, ацы цæстытæ кæддæр
Ыстъалытау калдтой цæхæр.
Кæсынæй сæм не ’фсæсти лæг,
Сæхимæ мæ скъæфтой, æцæг,
Æмæ сæ мæ амонд уыдтон,
Уый афтæ кæй уыдзæн, зыдтон.
О, цас рацыд азтæ уæдæй,
Фæлæ мын уæддæр, мæ хур, нæй —
Дæ сау-тар цæстытæй хуыздæр,
Зынаргъдæр, рæсугъддæр ныр дæр.
Æмæ сæм æз ногæй кæсын —
Мæ цин ысты æмæ мæ зын.
Мæ цин ысты æмæ мæ зын,
Æмæ сыл фыццагау хæссын
Мæ былтæ. Сæ арты тæмæн
О, судзы, зынгавæрдау мæн.-
Цы у уый? Нæ рагбонты уарзт,
Æви сæ маст?
25. 02. 87.
Чызг цæсты зулæй куы хаста
Ай йæм иу лæг дæр нæ кæсы,
Уæд йæ риуы дур уа, арт уа,
Гъе, уæддæр кæрзгæ ныккæсы
Уый йæ зæрдæмæ. Иæ цардæй
Цыма уадидæгæн рафты,
Æмæ хъуыдыты æнкъардæй
Уый кæдæмыты нæ афты!
3
Фæлæ, зæгъгæ, уый фæхатыд,
Чидæр æм йæ цæсты тигъæй
Бакаст аивæй, уæд атылд
Ууыл хур. Цъæх асæст, мигъæй
Ницыуал аззайы уды,
Цу сæрбæрзондæй ды, рогæй.
Æмæ та йæ мидбыл худы,
Цыма райгуырди уый ногæй!
4. 3. 87
Куы уай ды мæ цуры
Куы уай ды мæ цуры,
Уæд мацæмæй тæрс.
Дæ сау зынтæ сурын .
Уыдзæнис мæ хæс.
Куы кæнай ды уазал,
Уыдзынæн дын арт
Æмæ дын дæ адзал
Фæсурдзынæн дард.
Кæд уæлдæфы ’нуды
Дæ улæфт уа зын,
Уыдзынæн дæ удæн
Дымгæ — рог зызын.
Мæнимæ ды ма тæрс,
Дæ кард дæн, дæ уарт.
Дæ катай, дæ сагъæс
Æз сурдзынæн дард.
18. 03. 87
ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОН
ХОХАГ РАДЗЫРДТÆ
ДЗЫДЗЫМУРЫ РÆСУГЪД ÆМКЪАЙ
Дзыдзымуры рæсугъд æмкъай
йæхæдæг дæр нæ хатыд, уыцы
уысм — йæ чындздзон дарæсы, фыц-
цаг дидинкалд æхсынцъыйы тала-
йау, ризы сынтæджы хъусыл, йе
’мкъай уæлгоммæ бафæлдæхт стыр
пух базыл, йæ уынгæггомау дзых,
мысты хæрдау, баззад гомæй, йæ
булкъдаст сылваз уадултыл кæлы
йæ хид, фады хырхæй, йæ хуыр-
рытмæ нæрынц хатæны къуымтæ —
æрмæстдæр уыцы уысм æнусмæ
кæй бадардзæнис йæ зæрдыл.
Нæ хатыд уымæн, æмæ йын гадз-
рахаты æнкъарæн æхгæдта йæ
хъуыр, нæ йæ уагъта хъуыды кæ-
нын.
Фыццаджы-фыццаг мæсты кодта
йæхимæ. Мæсты кодта, мæгуыр,
фæнда дæ, æви нæ, уæддæр, бай-
раг йæ мады фæдыл куырмæй куыд
згъора, афтæ уый дæр йæ хъысмæ-
тыл куырмæй кæй разы кæны, йæ
зæрдæ йæ кæдæм тæры, уыцы фæн-
дагыл кæй нæ цæуы, уый тыххæй.
Мæсты кодта Дзыдзымурмæ дæр.
Æмæ йын хъуыдис: чызгау — хæ-
рогтæарæзт, афтæмæй хæрæг куы
ныффæрск уа, уыйау, раст у æви
нæ, уæддæр хъуамæ тæра йæхи
зонд. Æнæхъæн бон, стæй йын
изæрсарæй сусæг-æргом æмбарын
кæны, кæцы уды хицау мын ды дæ,
нозтæй дæхиуыл фæхæц, уый та йæ
тыхлæг митæм бахæццæ, æз фæстæ
никæмæй ницы хъуыддаджы фæ-
лæудзынæн, зæгъгæ, агуывзæ-иу
быныл акъахта, ныр, бæхы мардау,
«ыддæргъ. Мæсты йæм кодта, фыд-
æнхъæл дзы кæй фæцис, уый тых-
хæй дæр.
Районы фыццаг йемæ куы базон-
гæ, дзырдмæ дзырд арын, æхсгæ
цæстæнгæстæ, кæнгæ мидбылхудты-
тæй куы ахъазыдысты, — о, о, ахъа-
зыдысты, уымæн æмæ сæ кæрæдзи
фæкъæмдзæстыг кæныныл уыды-
сты, — уæд æвзонг чызг базыдта,
йæ бон баци ацæргæ лæппуйы зæр-
дæйы уарзты зынг ныппарын. Фæ-
лæ нæ фæтарст. Уадз æмæ уæд
рæхснæджытæконд, хуым дзы нæ
кæндзæнис, мыййаг. Чысыл сьтл-
ваздзæф кæй хæссы, уый мур дæр
ницы давы, ахъуыды кодта, сæ кæ-
рæдзи ноджы хуыздæр æмбардзы-
сты. Стæй ахæмтæ хæдзары хъуыд-
лæгты ноджы сæрæндæр вæййынц.
Сæрæн адæймаг та ныры дуджы
магазингæсæй куы куса, уæд уый
мæнæ нæй, æмæ ме скъолайон бон-
ты мæ хъалхаст чызг-æмбæлттæм
кæсгæ-бæлгæйæ цы цацатæ æмæ
бибиты тыххæй цыдтæн, уыцы хъæн-
тæ дæр, зæгъгæ, баххæст кæндзы-
нæн.
Чызг æмæ лæппу сæ кæрæдзийы
хъуыдытæ æхсгæ фæкастыты ауы-
ньтнц, цы (Ьæхатын хъуыд хæйрæг
Дзыдзымурæн, цьт батæлфыд чыз-
джьт зæрдæйьт. Байрад йæхицæй,
нырмæ йæ зæронд мадьт лæгъстæ-
тæм кæй нæ байхъуыста, бинонты
хъуыддаг кæй нæ бакодта, уый
тыххæй. Цардьт кæд истæмæй фæ-
цух, уæд хæ ныр æххæст кæндзæ-
нис уæлдайджынтæй — æнæхъæн
Дрмаугомы яууыл рæсугьддæр, иу-
5
уыл аевзонгдæр æмкъай уыдзæнис
уымæн, цæудзæнис ыл æрмæстдæр
уый бар, рæвдаудзæнис æрмæст-
дæр уый, æмæ йæм иннæтæ хæлæ-
гæй мæлдзысты. Оу, куыд æм мæл-
дзысты хæлæгæй!
Афтæ хъуыды кодта уæд Дзы-
дзымур. Кæд ын фондз-дæс азы
размæ дæр уыдис æмкъай æркæ-
нын афон, уæддæр æй нырма бирæ
хæтæнты ахæтын æмæ цæуæнты
ацæуын хъуыд, цæмæй алцыдæр
зыдтаид—нæма хатыд йе ’вæлтæр-
дæй, зæххы цъарыл иууыл рæсугъд-
дæр чп æмæ цы уа, уымæй æрмæст
иунæг адæймагæн кæй нæ фæрæвда-
уы йæ уд æмæ йæ цæст. Æмæ æнæ-
хъæн къуыри Армауы магазинæн
нал бантыст бакæнын.
Уыйхыгъд иуизæр хъæубæстыл
айхъуыст, ныр нæ уæлæрвтæм ку-
вын нал хъæудзæнис, зæгъгæ — зæд
йæхæдæг æрбатахт Дзыдзымуры
хæдзармæ.
Чызг дæр нæма дызæрдыг код-
та йе стыр амондыл. Мæнгæй нæ
акæнынц, сылгоймагæн хуыцаумæ
цом зæгъ æмæ дæ фæндагæй нæ
бафæрсдзæнис — æвзонг чызгæн
фаг уыдис йæ абоны цинæй цæрын
дæр. Бон-иу йæ зæрдæ худгæ хури-
мæ хъазыд, æхсæв — стъалытимæ.
Чындзмондаг зæронд , ус æй йæ
къух уазал доны атулын нæ уагъ-
та, æмæ цыма дæрдбæстæй æрхауд-
та, цыма дзæнæты цъæх нæууыл
æрцард, йæ цæст рæвдыдта æну-
сон цъититæм кæсынæй, дидинты
губаччы æнгæс уыгæрдæнтæ, хæл-
хæлгæнаг суадæттæ, зæрватыччы
ахстæтты хуызæн хохыл баныхæсæг
зæронд хæдзæрттæ æмæ... кæй зæ-
гъын æй хъæуы, йæ цацатæ æмæ
йæ бнбитæй.
Фæлæ адæймаджы туг мидæгæй
куыннæ тæфса, уæд, ома, кæнгæ
хъармæй цæрдзынæ, уыдон гæды
ныхæстæ сты.
Йæ зæрдæ йын бонгай цы нал
тавта, уый — Дзыдзымур.
Цалынмæ чызджы тасгæ астæуæн
хъæбыстыл уыд, цалынмæ йын йæ
гæзæмæ рæсыдгомау былтæ, урс
дæллагхъуыртæ, тæлфаг цæстытæ
æмæ къæлæс æрфгуытæн пъатæй
нæ бафсæстис, цалынмæ ма йæ
къæсхуыр уæнгты судзаг æнкъард-
та, уæдмæ-иу магазин бонсихор-
афон дæр къæбæр ахæрыны æфсон
ахгæдта, йæ уарзæгой зæронд ма-
ды-иу ауылты-ууылты искуыдæм
асайдта, йæхæдæг-иу гæдыйау абы-
рыд æвзонг, тæвдтуг зæды дæллаг-
хъуыр, нал-иу æнцад йе ’хцон хым-
хым æмæ сым-сымæй, стæй-иу ба-
фæлдæхт хуыссæнты сæр æмæ-иу
изæрмæ йæ къах нал атылдта.
Сылгоймаг та дзырдæмхиц, кад-
æмхиц у, чызджы-иу фæндыдис йæ
амондæй райын, цыдæр урс фын-
ты æнгæс царды фæндтæ нывæн-
дын, районмæ йемæ ацæуын: уадз
феной сæ йе ’мбæлттæ, хæстæджы-
тæ, зонгæтæ, базоной, хохы дæр
кæй ис цæрæн, уым дæр кæй ис
сыгъзæрин хъусцæджытæ, æртти-
. вагдзæст риударæнтæ æмæ къухда-
рæнтæ, зæгæлзæвæт дзабыртæ æмæ
пæр-пæргæнаг къабатæ дарæн.
Фæлæ Дзыдзымуры хæрог уæнгты
судзаг ссæуынæн бирæ рæстæг нæ
бахъуыдис. Адæймаг та цас æдых-
дæр уа, уый бæрц фыдных, фыд-
дзырд æмæ фыд-зонддæр вæййы.
Ноджы, мæгуыр, фæхатыд хъæубæ-
сть! зæронд лæгтæ дæр йæ рæсугъд
æмкъайы фæстæ цы зыд цæстæн-
гасæй акæсынц, æмæ сæм рай-
дыдта фыд-зæрдæ хæссын. Йæ зæр-
’ дæйы сабыргай цы æнæуынондзи-
над тымбыл кодта, уый æргом ака-
лын йæ бон нæ уыдис, фæйнæрдæм
тонгæ та кодта, æмæ бафæдзæхста
чызджы, цæмæй раласа йæ бæрæг-
бонон фæлыст, фосы-иу асура сæр-
вæтмæ, хæринаг араза, æхса, хуы-
йа, хъуццыты дуца...
Сидзæр, чысылæй цардцухæййа-
фæг чызджы та куыд тыхджын
фæндыдис, йæ цинæйдзаг бонтæн
куыннæ зынид сæ кæрон. О, куыд
тынг æй фæндыдис!..
Æмæ йæ зæрдæ цъæх кæнын рай-
дыдта йе ’мкъайы тасгæ-уасгæ
къахайст, йæ цъæх цæстыты фæр-
сæджы кæстытæ æмæ къахæн фар-
стытæй. Хæхтæ йыл цыма уæз кæ-
нын райдыдтой, нал æнкъардта уа-
зал суадæтты адджын ад, дидин-
хъæлæс уыгæрдæнты æхцон тæф.
Иуæхсæв та йын лæппу куы
смаст кодта, ома, æгæр цъиргæ
пъатæ кæныс, æмæ ма дын мæ раз-
мæ æнæмæнг уарзон уыдис, фæлæ
мын йæ ном ма æмбæхс, зæгъгæ,
уæд чызг æхсæвы тары бæлвырдæй
райдыдта уынын йе ’мкъласон æмæ
хисдæркъласон, стæй йæ зонгæ
хъæлдзæг, рæсугъд лæппуты худ-
гæбыл цæсгæмттæ. Бафæндыдйс
6
æй, кæддæр-иу йæ фынты дæр кæй
номæй стъæлфыд, афтæмæй ком-
коммæ бакæсын дæр кæмæ никуы
бахаста йæ ныфс, уыдонæй ныр ис-
кæуыл йæ дæсты зул акъуырын, йе-
мæ хъазæн ныхæстæ акæнын, кæд
йучысыл фервæзид Армауы иунæг-
дзинадæй, фæлæ уый æрмæстдæр
йу уысмы бæллиц уыдис, айсæфт,
æмæ чызг йæ цæсгом фæцавта ба-
зы; лæппу ма йын йæ фæлмæн арм
йе ’рттиваг дзыккутæй йæ чъылды-
мыл йе ’рбадæнты онг бæргæ сæрф-
та рæвдаугæ, фæлæ уымæй дæр
райдыдта стъæлфын хæфсы уазал
буарыл аныдзæвæгау, йæ цæссыг
цæм кодта йæ хъуыры æмæ йыл
тъизыдта хæкъуырццгæнгæ, дæ сæ-
ры кæд ахæм хъуыдытæ хæлбурцъ
кодтой, уæд мæ цæмæн æнамонд
кодтай, зæгъгæ. Фæлæ йæхи сæры
цы хъуыдытæ «хæлбурцъ» кодтой,
уыдон нæ дзырдта æргом.
Уыдон скодта æххæст. Дыккаг
бон. Дзыдзымуры балхæнинæгтæй
фæстæ ницæуыл фæхæцыд, йæхи
зæронд хæррæгътæ йын ныууагъта,
æмæ йыл куыд никæй цæст æрхæ-
ца, афтæ районон центры балæууыд
йæ иунæг мадмæ.
Сидзæр мæгуыр, фæлæ сæрбæр-
зондæй хъомыл вæййы, скарста, цы
уыдис, уый кæй фæцис, æмæ йæм
нал дæр йæ сидзæргæс мады лæгъ-
стæтæ хъардтой, нал æмбæлттæ,
хиуæтты ныхас. Дзыдзымуры ми-
нæвæрттæн ком нал лæвæрдта, ад-
джын цардæн мын йæ кой дæр ма-
уал кæнут, зæгъгæ. Армаумæ баз-
дæхынæй дарддæр алцæуыл дæр
уыдис разы... æцæг, иу хъуыддагæй
дарддæр.
Æрмæст иунæг хъуыддагæй дард-
дæр!
Уый кой та сæ ничима кодта,
æмæ сæ, ома, чизоны, байрох уа,
разы уыд йæ фæндвидарæй, йе
’мбæхст цинæй.
Фæлæ уыдон æвзонг, æвæлтæрд
чызджы сæнттæ уыдысты. Дзыдзы-
муры хуызæттæй ницы рох, кæны.
Уыдон халæттау се уоны фæкæ-
сынц. Æмæ иу хур бон Амыран
зæронд чъирппаимæ сæ тыргъы
куы балæууыд, уæд æрызгъæлды-
сты чызджы .уæнгтæ: дæ бар дæхи,
айс, дам, дæ дарæс æмæ дæ куыд
фæнды, афтæ хахх кæн, фæлæ дын,
сша, кæй фелхæдтон, уыдон аккаг
нæ разындтæ, æмæ сæ фæстæмæ
рарвит.
Бынтон æрæджы дæр ма-иу æй
йе ’мгæртты цæстмæ куыд тынг
фæндыдис зынаргъ дарæс скæнын,
алы рæсугъдгæнæнты фæрцы йæ-
хи сыстæрын, ныр æм уыцы амонд
куы ’рхаудта, афтæ куы загъта,
царды бæндæны иу кæроныл фæ-
хæст дæн, уæд та куыд ныззы-
гъуыммæ сты йæ хъуыддæгтæ.
Рызт гæдыхъæдау. Кæдæй ныр-
мæ йæхи сраст кæнынæн йæ хъуы-
дыйы æппынæдзух цы дзуапп фæл-
хатт кодта, уый нал арæхст йæ ко-
мы:
— Æмæ цы... Уыдон аргъ мæ ра-
джы айста... Фæлæ йын сæ мæхæ-
дæг дæр æрвитынмæ хъавыдтæн.
Мæстæй ма йæ мардтон... Цард
ссарын дыккаг райгуырд хонынц.
Уый та дыууæ лæгмæ нæ фæдзырд-
та. Цыма номыл ус уыдтæн. Ахæс-
сæд сæ... — каст Амыранмæ, кодта
тыххудт.
Фæлæ йын сæ æрвитгæ нæ акод-
та. Иæ бон нæ баци, йæ зæрдæ йын
афтæ тынг чи рæвдыдта, уыдоныл
йæ къух сисын.
Æмæ Дзыдзымур бахудт йæ
мидбылты. Лыскъзæрдæ адæймæг-
тæ цæуыл фæцахуыр вæййынц, уы-
мæй сæ мауал атонай, йæ уæнгтæ
та ногæй райдыдтой хæлбурцъ кæ-
нын, æхсæвæй-бонæй тынгæй-тынг-
дæр райдыдта мысын чызджы хъæд-
дых, тæвд буары аныдзæвд, йæ
талм уæнгты конд, æргом мидбыл-
худт; нырма дзæнгæрджыты æхцон
зæлау, йæ цъæхснаг хъæлæс зæлыд
йæ хъусты, æнæ уыдон та йыл арв
уæз кодта, ноджы мын, ома, йе
’мкъай дзы алыгъд, искуы исчи цæ-
мæн бафидис кæна — ныллæууыд
чындзæхсæвы къахыл.
Чындзæхсæв ацæттæ кæнын та,
къухы исты уа, æндæра цас зын у,
æмæ æвзонг чызгыл нал æмæ нал
каст хур, йæхи, зонгæты цæстмæ
цы пыррыччытæ кодта, æндæр æх-
садта йæ цæссыджы; дойныйæ фæ-
цæймæлæг æфсургъы суадоны цу-
рæй саргъы бынмæ куы ласай, уы-
цы зæрдæйы уаг дзы нал æмæ нал
куымдта асурын, цыма развæлгъау
зыдта, ^сæ чындзæхсæвы æхсæв йе
’мкъай^æддарæс фыдрасыгæй уæл-
гоммæ бафæлдæхдзæнис стыр пух
базыл, йæ уынгæггомау дзых, мы-
7
сты хæрдау, баззайдзæнис гомæй,
йæ булкъдаст, сылваз уадултыл
кæлдзæнис йæ хид, кæндзæн хыр-
хæйфадæгау, уый та йæ чындздзон
митхъæпæн дарæсы, фыццагдидин-
калд æхсынцъыйы талайау, риз-
дзæнйс сынтæджы хъусыл.
Чындзæхсæвы бон алкæй дæр
фæфæнды сæ цинаджы сæримæ йæ
агуывзæ бакъæрцц кæнын, фæлæ
сæ Дзыдзымур, мæлæты нуазаг лæ-
гау, иуæн дæр дыууæ кæй нæ уал
дзырдта, ныр æй адунейыл йæ хур-
хысæртæ атонынæй дарддæр кæй
ницыуал æндавы, ууыл мардис
чызг.
Цæмæй зыдта, лæппуйæн, афтæ
сæрыстыр кæмæй уыд, уыцы амонд
та ногæй æнцонæй кæй бафтыд йæ
къухы, уыцы æгæрон цин бауро-
мын кæй нал уыд йæ бон, зылд йæ
сæр, æмæ цы ми кæны, уыцы рон-
бæгъд хи р,аппар-баппар ын стæй
йæ къæдзилыл цытæ æрласдзæнис,
уымæн йæ тæрк удæй хатгæ дæр
ницы кодта.
Чызджы риуы та тæлфын рай-
дыдта фæсмоны ’нкъарæн: æппæт
дæр хорз куы сбарста, æппæт дæр
лыг куы уыдис, уæд ма цыдæр би-
битæ, цыдæр цæстсайæнты тыххæй’
йæ бон цæмæннæуал бацис фæстаг
тæпп æоæвæрын?
Къæйдуо сис хатæны къултæ йæ
æлхъывтой цыппар къуымы астæу,
Хъавыдысты та йæ Дзыдзымуримæ
буар-æмбуар сиу кæнынмæ, æмæ
йæ фæндыдис кæуын, æргом, хæ-
къуырцц куыдæй кæуын. Сыхаг
сæм хæстæг нæ цæры, чындзæхсæ-
вы адæм сæ хæдзæрттæм, дæлила-
йы з’арджытæгæнгæ, раджы фæ-
фардæг сты æмæ йæ ничи фехъуы-
стаид, фæлæ тарст, сыхаг уаты йе
’фсин куы райхъал уа, куы йæ ра-
фæрс-бафæрс кæна, цы кæны, уы-
мæй, куы йын схæца зæндтæ амо-
ныныл, æмæ дуар дæр нал рахгæд-
та йæ фæдыл, йæ цæссыгтæ фæд-
уадзгæ уадысты йæ рохсдзыд уа-
дултыл, афтæмæй сабыргай æрхыз-
тис асиныл.
Йæ зæрдæ ницæуыл банцой кæр-
ты дæр. Иæ рæсугъд, дондзаст цæ-
стытыл бадт сЬæлм æмæ уынгæ дæр
ницы кодта. Æрмæст, хæдзарæй уы-
гæрдæнты астæуты цы фæндаг цыд,
уый, доны тагау, мæйрухсмæ дард-
та урс æмæ йæ сайдта йæ фæдыл.
Чызг ыл нымадæй эдыд æрмæст-
дæр æртæ хатты: дыууæ хатты —
æргомæй, мидæмæ; иннæ хатт — æд-
дæмæ, цыдис ыл хуыснæгау сусæ-
гæй, лыгъд йæ цæгатмæ. Ныр та
йæ кæд&м сайы, цæмæн бакодта
кæрты дуар, уымæн йæхæдæг дæр
ницы зыдта. Фæлæ уыдис хъæбæр-
бын, лæгъз, урс тæлмæй зынд мæй-
рухсмæ, æмæ æндæр ницы уынын
фæндыд чызджы. Кæйонг ыл хъа-
вы ауайынмæ, уый нæ ахста йæ
хъуыды, фæлæ нын куыд фæзын
вæййы хатт, къæхтæ сæхигъæдæй
куы фæцæуынц, уæд се ’руромын.
Уый дæр каст сæ коммæ, стæй
æвиппайды фæкодта тарст цъæ-
хахст—йæ хæнт разæй агæпп код-
та цыдæр... ’
Цыдæр нæ, фæлæ тæрхъусы лæп-
пын. Чысыл, хæнт чысыл, тымбыл
къухы ас тæрхъусы лæппын. Дард-
та цъæхбын. Зæгъгæ, зæххыл нытъ-
тъæпæн, уæд ыл цæст дæр ма схæ-
цыдаид. Афтæмæй уый - дæр йæ
фæдыл кæд сайдта фæндаджы
рухс, ныр чызджы цæхахстæй фæ-
тарст æмæ йæ уæрджытæ фесты
йæ быны.
Чызг сæрфта йæ цæссыгтæ, фыр- *
тæсæй рызтысты йе уæнгтæ, æмæ
нал размæ акъахдзæфæн уыдис,
нал — фæстæмæ.
Рызт тæрхъусы лæппын дæр, фæ-
лæ сырд тас банкъарынмæ адæй-
магæй рæвдздæр у, чи кæнæ йæ цы
фенхъæлдта, уый йæхæдæг дæр нæ
фæхатыд, фæлæ йæм дзы кæй ни-
цы фыдбылыз каст, уый ацахста
уайтагъд. Фæзылд фæстæмæ, æр-
багæпп-гæпп кодта йæ хæнт размæ.
Иæ гыццыл хъоппæг цæстытæ æрт-
тывтой мæйрухсмæ, худтысты йын
æмæ бахудт чызг дæр.
— Лауай, лауай, дæ гыццыл зынг
макуы ахуысса... Куыд мæ фæтæр-
сын кодтай... — ныггуыбыр æм, хъа-
зыд æй сисынмæ.
Æмæ та тæрхъус фæзылд фæ-
стæмæ.
Цалдæр къахдзæфы дæрдцæгæн
та йæм куы фæтъæпæн зæххыл,
уæд чызг бамбæрста, нырма дзы
тæрхъусагæй кæй ницы ис, нырма
рæстмæ згъорын дæр кæй нæ зоны.
Æдыхы та алкæй дæр фæфæнды йæ
дзæмбыйы æрбакæнын, бафæндыд
æй йе ’рцахсын. Æркодта ныгъуы-
лæгау, фæхъуызы йæм...
Иæ хæнт цурмæ куы бахæццæ,
уæд гыццыл фыдахинæц йæ хæдьщ
8
хъустæ фæхъил сты, уæртæ та фез-
гъоры.
0, сылгоймаджы зæрдæ! Афтæ
йæ бафæндыд, афтæ, куы йæ æр-
цахстаид, куы йæ ныттухид йæ
дæллагхъуыр, куы йын пъатæ кæ-
нид, уæд цыма йæ зæрдæйы кæрон
дæр никуыуал уаид сагъæс, æмæ
бауайдзæф кодта йæхицæн, цæмæй
дзы тæрсы, цы йæм хъавгæ æвна-
лы?
Басырдта йæ фæстейæ. Бахæццæ
*сты, суадон фæндаджы сæрты кæ-
уылты хъардта æмæ йыл кæрдæг
кæм суад, йæ рухс таг кæм фес-
къуыд, уырдæм.
Гыццыл алцæмæй дæр гыццыл у,
тæрхъусы лæппын йæ ныфс нæ
ахаста кæрдæджы. Чызджы иувæр-
сты фездæхт фæстæмæ.
— Æ, хæйрæг... Кæрдæгæй тæр-
сыс? Збныс æй, уым дæ æрцахс-
дзынæн, нæ? Фæкæс мæм уæдæ, —
фæцис йæ иувæрсты, уыгæрдæны
кæронмæ йæ балхъывта, фæлæ
та — чызджы тæппуд зæрдæ —
æвиппайды нæ фæцарæхст йæ ацах-
сынмæ, баирвæзт ын кæрдæджы.
— Уæдæ афтæ кæныс?
Растдæр афтæ, нал æм уыдис
фæндагмæ рахизыны фæнд, æмæ
чызг дæр базгъордта йæ фæдыл,
ома ныр ма та мын кæдæм ирвæ-
зыс. Фæлæ йын чызг æнхъæл куыд-
нæ уыд, зæгъгæ, кæрдæджы фæ-
тыхсдзæнис æмæ йыл хæц, афтæ
æгуыдзæг тæрхъус нæ разынд,
арæхст уыгæрдæны гæпп-гæпп кæ-
нынмæ дæр.
Ноджы чызгæн йæ дзабырты зæ-
гæлзæвæттæ фæлмæн зæххы ных-
стысты, кæрдæг тыхст йæ къæхтыл,
æмæ фæстейæ аззай-аззай кодта.
Уыцы хæйрæг дæр ма-иу амбæхст
кæрдæджы, æмæ йын фæтарст,
куыннæ йæ æрцахса, куы йын аир-
вæза.
— Æрлæу-ма, о. Ма тæрс, ма,
мæгуыр дæ бон. Ницы дын кæн-
дзынæн...
Йе ’ртхъирæнтæ ахызтысты бус-
тæ æмæ лæгъстæмæ. Сайдта йæ
дзыхы ныхасæй. Дзырдта йемæ.
Фæлæ тæрхъусы лæппыны нæ
дæр йемæ ныхас кæныны мæт уы-
дис, нæ дæр йæхи. Ие ’нæарæхстæй
дæр йæ гыццыл уд хъардта йæ сæр
бафснайыныл, æмæ дыууæйæ дæр
есæстой кæрдæг,
Раст уыцы рæстæджы уыгæрдæ-
ны фынæй кодта Амыран. Чындзæх-
сæвы ма уырдыглæуджытимæ дæр
абад, æгæргæнæг та æгæр кæны,
æмæ хæдзармæ ацæуынæй хуыздæ-
рыл банымадта уæлдæфмæ æрулæ-
фын. Расыг лæгæн нал дæр йæ
хъуыддæгтæ вæййынц йæ бар, нал
дæр йæ улæфт, æмæ æгæр афынæй.
Ныр æхсæвы суссы базмæлыд
чызджы дзурынмæ. Рабадт æмæ не
’ууæнды йæ хуыссæнхъæлдзæг цæ-
стытыл. Каст, уынгæ нæ, фæлæ
хъусгæ дæр кæй никуыма фæкодта,
ахæм æнæрцæугæ хабармæ: зæд,
йæ астæуы тасæнтæ æвдисгæ, йæ
урс-урсид базыртæй уыгæрдæны
сæрты пæр-пæр кодта лæппуйы
алыварс, зонгæ хъæлæсæй йын
æвæры ныфсытæ:
— Ма мæ тæрс. Рауай мæм. Ни-
цы дын кæндзынæн...
Амыран дзы нæ тарст. Æниу,
уый дæр диссаг нæу, кæд ма чи фе-
хъуыста ахæм хабар (?), æмæ йæ
уæрджытыл лæугæйæ баззад æн-
дзыгæй.
Уæддæр ма, йæ фарсмæ кæрдæ-
джы цыдæр куы фезмæлыд, зæдæн
цыма исчи йæ къæхтæ ракъуырд- ’
та, базыртыгъдæй йæм куы ратахт,
уæд лæппу фæцарæхст йæ ацах-
сынмæ.
Æмæ та — зонгæ хъæлæс...
Зæд фæкодта тарст цъæхахст.
Амыран æй хъавыд феуæгъд кæ-
нынмæ, фæлæ кæсы æмæ — о, хуы-
цау! — йæ хъæбысы — Дзыдзымуры
рæсугъд æмкъай йæ чындздзон фæ-
лысты. Кæсы йæм тарстæй. Ризы
тæфсæгæй рынчынау.
— Цы ми кæныс? Иунæгæй... —
ныххауд лæппуйы хъæлæс.
Базыдта йæ чызг дæр. Иннæ
хæттытæй уæлдай ныр — ногдаст.
Йæ цæстытæ тæлфынц сæ къуыр-
фыты. Цыма адæймаджы цæнгтæ
нæ, хъæдмæцъистыл æнцайынц йæ
фæсонтæ...
Æмæ фестъæлфыд йæ хъуыды-
йы, йæ чызгон зæронд дарæс ын
йæ цæгатмæ куы ныххаста, уæд
йæхи куыд хъуыддаггъуыз дардта...
Чызг æм чындзæхсæвы фынгыл
дæр фемдзаст цалдæр хатты, ин-
нæты æхсæн æм, сæрджын саг
хъомрæгъауы астæу куыд фидауа,
уый хуызæн фæкаст, æмæ йæ хъуы-
дыйы стъæлфæгау кодта сусæг
фарст: цæмæннæ йæ уарзынц йæ
9
хъæубæстæ, цæмæн æм кæсынц уæ-
лейæ дæлæмæ?
Уæддæр нæ архайдта йæхицæн
дзуапп раттыныл.
Ныр та уыцы тарстæй фæхъуы-
ды кодта, æмæхсæвæджы йæ сæр
цæмæннæ æрхаста базмæ, æмæ йын
ногæй цыдæр æрбалхъывта йæ
хъуыр. Йæ цæссыгтæ равдисын та
йæ нæ фæндыд æмæ сæ амбæхста
лæппуйы риуы.
Уæддæр йæ тарст æмæ сæртæг
хæкъуырцц уыд æргом, зæрдæбы-
нæй æмæ стыхст лæппу. Даудта
йын дæрзæг армæй йе ’рттиваг сау
дзыккутæ. Сабыр æй кодта фæсус
хъæлæсæй:
— Ма тæрс... Тæрсгæ ма кæн...
Фæлæ фæхатыд, чызджы хъæбæр
риутæ куыд æнцайынц йæ буарыл,
куыд æй кæнынц хъыдзыгæнæгау,
куыд ын хъал кæнынц, йе уæнгты
чи бамбæхст, нæлгоймаджы уыцы
æнкъарæн. Ссыд йæ зæрдæйы
гæртт-гæртт. Туг ныццавта сæрмæ.
Нозтвæллад сæр та нæма банцад
йæ гуыз-гуызæй æмæ йын разылд
бынтондæр. Нал хатыд, куыд æй
асыгътой чызджы тæвд былтæ, ди-
динæфтыд уыгæрдæн куыд ассæ-
стой сæ быны...
Чызгæн дæр йæ риуты судзаг
цавта йæ сæрмæ. Нал æй уагъта
хъуыды кæнын,. фæлæ иуафон йæ
тымбыл къæхты æндыгъд нуæрттæ
ныддыз-дыз кодтой, табу уæ фар-
нæн, фæлæ цыма лæппуйæн йæхи-
цæй чи нæу, ахæм тæссаг, удæгас
буар дзы райхъал æмæ йæм рагæпп
кæндзæнис йæ раттæгæй... Йæ
хъуыдыйы фестъæлфыд, Дзыдзымур
æдпысултæ уæлгоммæ куыд ба-
фæлдæхт пух базыл, йæ уынгæгго-
мау дзых, мысты хæрдау, куыд
баззад гомæй, йæ булкъдаст, сыл-
ваз уадултыл куыд кæлы йæ хид,
афтæмæй къуымты куыд зæлы йæ
расыг æхситт...
Æмæ дзы фæкодта схъиуæгау,
Йе уæнгты их доны уылæнтæ
ацыдысты сæрæй къæхты бынмæ.
Йæ ризгæ æрмттæ фæбыцæу кодта
лæппуйы хъуынджын риумæ.
— Æдз-æс-гом... — ныккодта æх-
цон æмæ фæсмоны хъæрзт. Иæхи
аппæрста хæдзармæ.
Лæппу хъуыддагæн ницы бам-
бæрста, æппæт дæр ын уыд фынфе-
нæгау. Йæ фæдыл каст хæццæ
цæстæнгасæй.
Цы ’рцыд, ууыл баууæндын нæ
фæндыд чызджы дæр. Кæрты дуар
æхгæнын æфсон ма йыл фæстæмæ
иу къуырд куы акодта йæ цæстæн-
гас æмæ йæ зоныгуылæй, йæ фæ-
дыл рахауынæввонгæй лæугæ куы
ауыдта, уæд æй бафæндыд æндæр
цыдæр — сонт, æдылы худт ныккæ-
нын. Худгæ дæр ныккодтаид, фæдæ
фесхъиудта — хæдзары гом дуарæй
йæ хъус ацахста Дзыдзымуры
хуыр-хуыр...
Уæддæр Амыранмæ цæстсайæнты
хуызæн фæкастысты. Фæтарст, кæд
мын, зæгъгæ, фырнозтæй райдыд-
той, æмæ. нал хатыд, чызджы ад-
джын буары ад нырма дæр йæ
былтыл кæй уыд. Йæ сæрыл ных-
хæцыд дыууæ къухæй, цудтытæгæн-
гæ, йæхи аппæрста сæхимае.
Æхсæв-бонмæ йæ цæстытыл хуыс-
сæджы цъынд нал æрхæцыд. Фæ-
рафт-бафт-иу кодта, стæй та-иу сы-
стад æмæ ныхсадта йæхи, фæнды-
дис æй йæ нозтвæлладæй тагъддæр
фервæзын, цы йыл æрцыд æмæ æр-
цæудзæнис, уый тагъддæр базо-
нын, æцæгæй Дзыдзымуры рæсугъд
æмкъаимæ дæллагхъуыр-уæллаг-
хъуыр кодта, уый æрцахсын. Кæд
хъалы уыдис, уæд кæйдæр ногхаст
ус æрдæгæхсæв йæ лæджы хъарм
хъæбысы ратул-батулы бæсты цæ-
мæн ратæх-батæх кодта, гæлæбу-
йау, уыгæрдæны? Кæд зæд æрхызт
зæхмæ, уæд та Амыранмæ цы хуы-
зы æрхаудта кæйдæр ног чындзы
хуызы?
Æмæ кæд нозтæй, æцæг, йæхи ба-
хордта, йæ сæрымагъз дзы фæфæл-
дæхт æмæ йæ цæстытыл, йæ зæр^
дæйы дæр чи нæ тæлфы, ахæм
цæстсайæнтæ райдыдтой уайын,
уæд та?
Ноджы йæм æхсæвы цъæхæй фæ-
мидæг зондцух Адай, цом та, дам,
чындзæхсæвмæ. Лæппу йæ цæс-
тæнгасæй барста сæрæй къæхты
бынмæ, йæ зæрдæйы арфы йæм
тæхуды кодта, ныртæккæ цы бахæ-
ра æмæ баназа, уымæй дарддæр
зæххон цард бар-хъомыс кæмæ нæ
дары, стæй та, зæрдæдзæфау, йæ
сынтæджы ныххаудта дæлгоммæ:
кæд æй, æцæг, сылваз Дзыдзыму-
ры рæсугъд æмкъаимæ уыдис
хъуыддаг, уæд йæ лæг хъуамæ рæх-
джы зына, дардæй æртхъирæнтæ-
гæнгæ, йæ мæллæг къухтæ тилгæ.
10
Фæлæ йæ хъуыдыгæнæг нæ фæ-
цис.
Изæрмилты йæм Адай, цуттытæ-
гæнгæ, куы фæзынд, уæд æй æрба-
дын кодта, æрфарста йæ хабæрт-
тæй.
- — Цæл — къубалмæ! — худт мæ-
гуыр лæппу. — Хъæу иууылдæр уым
уыдысты.
— Дзыдзымур кæм ис? — Амыра-
ны дзы ныртæккæ æндæр ничи æн-
дæвга.
— Бады æмæ нуазы. Йæхицæн
зарджытæ кæны. Йæ ус йæ цурты
куы ’рацæуы, уæд та йыл ныттых-
сы.
— Мæсты кæд нæу?
— Дзыдзымур?
— Ие ’мкъай.
— Гъе, дæ хæдзарылæй!.. Цæуыл
мæсты у, уыцы магазин ныр уый
нæу? Цас къухдарæнтæ йыл ис, зо-
ныс?
— Дзыдзымур...
— Мæтæй мæлы! Махæн дæр
ахæм рæсугъд устытæ куы уаид...
— Нæ мæ фарста?
— Дæу? Æмæ гъа... 0, Амыран,
дам, кæм ис, райсом, дам, фынгтæ
сæ хицауыл сæмбæлын кæнын хъæ-
уы.
— Зам-манайы хорз лæппу дæ,
Адай, зам-манайы! — бахъæлдзæг
æй кодта зæрдæзæгъгæ хабæрттæй.
Ахæм зæрдæдзурæнтимæ ма куы
арвита йе ’хсæв, уæд ын уæддæр
æнæсæрра нæй, æмæ фæлтау ацæ-
уа, бæлвырд базона йæ арвы цæф,
æфсон æй ис — райсом бадæнты сæ
хицаумæ кæй галтыл баппара?
Йæхи æрдаста, йæ дарæс бадзæ-
бæх кодта, Адайы æмбалы бæсты
айста йемæ æмæ сæм балæууыд
чъызгæ.
Æнхъæлмæ кæсынæй йæм урс
кодтой чызджы цæстытæ дæр. Йæ-
хæдæг йæхицæн куыд дзырдта, аф-
тæмæй, уый тыххæй, мыййаг, нæ,
æмæ йæ фенынмæ йæ былыцъæрт-
тæ хордта. Лæппу уыцы фынфенæ-
джы хуызæн æхсæв йæ фыррасы-
гæй бахъуыды кодта æви нæ, æр-
мæстдæр æй уый базонын фæнды-
дис.
Нырма йе ’вæлтæрд саби зондæй
дис та кодта æндæр цæуылдæр;
æхсæвы цы ’рцыдис, уый рæстмæ
дæр куыннæ ма ахста йæ хъуыды,
афтæмæй тарстæй йе ’мкъайы фарс-
мæ куы абырыд, Дзыдзымур куы
райхъал æмæ йæ фырцинæй куы
ныттыхта йæ хъæбысы, уæд æм
Амыраны æлхъывд хъæбыстæ æмæ
цъиргæ пъаты фæстæ йæ мойы цин-
тæ гæды миты хуызæн цæмæн ка-
стысты; æнæуæрст адæмæй йын
хуыцау кæй схай кодта, уый хъæ-
бысы цæмæн хъуыды кодта кæй-
дæр лæппуйыл; цæмæн æй фæнды-
дис фæдис хъæр ныккæнын, йæ
сынтæгæй мадард бæгънæгæй йæ-
хи æддæмæ аппарын æмæ згъорын,
згъорын, згъорын, йæ цæст кæдæм
уына, йæ къæхтæ йæ кæйонг фæ-
хæссой, уырдæм?
Æвæлтæрд чызджы сæры кæрæ-
дзи ивтой алы хæццæ хъуыдытæ.
Цыдысты йæм æнæхонгæйæ. Змæ-
стой йын йæ хъуыды, фæлæ афтæ
æлхынцъытæ уыдысты, æмæ сæ хал-
гæ нæ, уромын дæр нæ уыдис йæ
бон.
Райсомæй та сæм цы бирæ уаз-
джытæ райдыдтой цæуын, уыдо-
нæй алкæй цæстыты дæр иунæг иу
фарстæн агуырдта дзуапп: æхсæ-
вы сæ исчи федта æви нæ? Фæлæ
йæм сæ цæстытæ кастысты, дыууæ-
хстон æхсæнгарзы ’лулæтау — та-
лынг æмæ афтид.
Уымæн рызт йæхимидæг. Тарст:
цæмæннæ уал сæм фæзынд Амы-
ран?
Ныр лæппуйы фенгæйæ, йæ урс
цæсгом аци уардигъуыз, фæкæл-
фæкæл кодта, йæ къухтæ схивæнд
сты æмæ нал арæхст фынг адæмы
хуызæн æрæвæрынмæ. Лæппуйы
цæстæнгас фæрсæджы райвæз-бай-
вæз кодта йæ фæдыл, баста йын йе
уæнгтæ, агуырдта, куы фемдзаст
уыдаиккой, ахæм фадат, æмæ ма
цы базонын хъуыдис чызгæн, хуы-
цаумæ цæй тыххæй куывта, ома,
йе ’хсæвы хъуыды йын фесаф, уый
йæм нæ фехъуыст.
Æмæ йын ныр та йæ гæдыйы
ныхтæй æндæр маст райдыдта то-
нын йæ зæрдæ: мыййаг æй искæ-
мæн куы зæгъа?
Фидарæй ныллыг кодта, цалын-
мæ уæрдон нæ афæлдæхт, уæдмæ
хъæуы фæндаг ссарын. Ныффæ-
дзæхса йæ, фæлæ цы хуызы?
Ноджы лæппу ацы хатт нозтæй
бахызта йæхи, дысон дæр, дам, мын
фегæрис, æмæ Дзыдзымуры рæ-
сугъд æмкъайы цæстыты дзуапп цы
фарстæн хъавыдис бакæсынмæ, уы-
11
мæй йæ бон куы базыдта, уæд ныл-
лæууыд цомы къахыл.
Чызг фæтарст, куыннæуал æй
фæуа йæ бафæдзæхсыны фадат,
къухæй йын уымæн ацамыдта уы-
гæрдæнмæ, ома, уым та-иу мæ фен.
Амыран ма Уырысы стыр горæт-
ты куы ахуыр кодта, афицер куы
уыдис, стæй йæ иу къулбадæг ми-
йы тыххæй куы расырдтой, ууыл
афтæ бирæ рæстæг дæр нæма ра-
цыд, фæлæ дзы Армауы цъассы са-
быргай йæхи сæр дæр райдыдта
рох кæнын æмæ нал уыд сылгойма-
гæн йæ хъуыдытæ йæ цæстæнгасыл
кæсын ахуыр, ныр та йын кæйдæр
æмкъай йæ зæрдæйы дзыбыр-дзы-
быргæнаг артыл йæ кæлæнтæй рай-
дыдта фу кæнын, сидтис æм цы-
дæр фыдракæндмæ, фæлæ йæ уды
хъал кодта цахæмдæр тых, нал ын
лæвæрдта йæ зæрдæйы рохтæ йæ
къухмæ æрбайсыны бар, чызгæн
сæрæй уымæн радта разыйы дзуапп.
Иæхæдæг фæхæцыд мæгуыр Ада-
йыл, йæ къæсы йæ балæууын код-
та, ныр, дам, фынæйафон у, йæ-
хæдæг сæрды тарфы ихæнризгæнгæ,
йæхи аппæрста Дзыдзымуры ног,
рæсугъд æмкъайыл фембæлынмæ.
Чызг нæ зынд, тыхстис лæппу,
æмæ-иу аивæй йæхи байста хол-
лагдоны цурмæ, æгасæй-иу фестад
хъустæ, кæд ацахсид" дуары хъæр
кæнæ хъуызгæ къахуынæр. Фæлæ
иу сым никуыцæй хъуыст, æмæ йæ
хъыгдарын райдыдтой цъыр-цъыр-
джыты, æхсæвы цъиуты зарджытæ,
кæрдæджы сыр-сыр, цæугæдоны
хæл-хæл... Стæй æрбайсæфтысты се
’ппæт дæр — лæппу йæ алыварс ни-
цыуал уыдта, дун-дуне йын уыдис
мæнг, хуымæтæджы уæлдæф, æмæ
йæм уыцы мæнджы мæйы тынтыл
тасгæ-уасгæ, ныгъуылдтытæгæнгæ,
рацæйцыд Дзыдзымуры рæсугъд
æмкъай.
Лæппуйæн йæ цин ныууылæн
кодта йæ цæсгомыл, чысыл саби-
йау æм аппæрста йæхи, хъавыдис
æй йæ хъæбысы фелвасынмæ, йæ
алыварс ныззилынмæ, фæлæ фе-
хъал чызджы къухты фезмæлдмæ.
— С-с-с... — фæурæдта йæ. Балæу-
уыдысты холлагдоны аууон. — Уый
æнхъæл дæ нæ уыдтæн...
— Ома не ’рцæудзынæн?— тыхст
лæлпу.
— Дзырд мын ратт, куыд пяш-
мæн ницы зæгъдзьшæ.
12
— Искæмæн... Уанцон нæу.
— Дзырд мын ратт, — чызг йе
скъолайон сæнттæй нæма схицæн
æмæ йæм дзырд раттын нæ фыдæл-
ты ардбахæрдæй тыхджындæр ка-
стис.
— Дæуæй сомы кæнын...
— Дæ мадæй расомы кæн.
— Сомы дын кæнын мæ мадæй...
мæхицæй... зæххы цъарыл мын кæм
чи ис, уыдонæй, мæ хъуыды æмæ
мæ зæрдæйы цы ис, уыдон ингæн-
мæ кæй ахæсдзынæн æмбæхстæй...
Æрмæст...
— Ныр ацу, — æмæ йæхæдæг куы
фæцæйцыд, æрмæстдæр уæд фæха-
тыд, куыд ихæн-риз кæны лæппу.
Ноджы байтыгъта йæ хæдоны
хъуыр, мæйрухсмæ зыны йæ хъуын-
джын риу.
Æмæ йæ бафæндыд, чысыл сы-
* вæллонау æй бафæндыд, куы йыл
авæрид йе ’рмттæ, уырзæй йын куы
’рысгарид йæ ныппæррæстæввонг
мæцъис къухтæ — æцæг ын æрмæст
æргъиу æмæ стджытæйконд сты
æви йæм æхсæвы йæ фыртарстæй
фæкастысты афтæ?
Ноджы фæсырх йæ хъуыдыйæ,
фæтарст дзы.
— Ферох кæн... нæ хæдзар, —
рызт йæ хъæлæс.
— О, фæлæ... Уыцафон уым...
— Уым?!.
— Цы ми кодтай уыгæрдæны?
— Тæрхъус ахстон.
— Цы?!
— Тæрхъусы лæппын. Ахæм гыц-
цыл, ахæм рæсугъд уыдис!.. Зæгъ-
гæ йæ федтай... Æмæ фæкалдтæн.
Чызгæй байрох йæ фембæлды
сæр. Райхæлдысты йæ къæлæс
æрфгуытæ. Бахудт.
Æмæ лæппумæ фæкастис дысо-
нæй рæсугъддæр. Дысонæй хæрз-
конддæр. Æлвæста йæ йæхимæ. О,
куыд æй æлвæста!.. Фæлæ йæ куы
хъавыд ахъæбыс кæнынмæ, уæд та
фæпыхс чызг:
— Ныцъæхахст кæндзынæн! Дзы-
хæй дæр дæм нал сдзурдзынæн, —
æмæ фæцæуæг.
Фæцæуæг æмæ ныббуц йæхицæй:
хохыйас лæппу йæ разы, æнтыды
ныххауæг карчы лæуд кæны, фæ-
лæ йæ уый схъыпп кæнын дæр не
суагъта.
Уæддæр æм хуыссæг нал цыдис
æмгæрон. Иæ цæстытыл уадысты
Амыран, уыгæрдæн, тæрхъусы дæд*
пын, сæ чындз&хсабв... Йæ хъуыды-
тæ-иу æй куы кæдæм аскъæфтой,
куы — кæдæм, æмæ та-иу Амыран
æмæ тæрхъусы лæппын дæр уым
фестадысты. Ноджы сыхаг хатæ-
нæй цыд йе ’фсины сынтæджы
хъыс-хъыс, æмæ йæ уый бынтон
хурхæй мардта.
Лæппу æхсæвы цъæхæй Адаимæ
фынгтæ куы ласта, уæд æм ком-
коммæ нæ бакаст, фынгыл не
’рбадт, æмæ дис кодта чызг, ау, цæ-
уыл æм фæхæрам? Худтис ыл йæ-
химидæг.
Стæй нал разынд дыккаг, æртык-
каг, цыппæрæм бон дæр. Фесæфт,
зæххы скъуыды аирвæзæгау.
Фæлæ нæ сæфтис чызджы хъуы-
дыйæ. Æрцардис дзы, æмæ йæ фар-
ста чызг: «Цы дæ хъæуы мæнæй?
Цæмæннæ мæ ныууадзыс мæ мæ-
гуырыл? Мæ фæндтæ мын цæмæн
тухыс дæ уæлæ?»
Лæппу-иу байгомыг.
Дзыдзымуры рæсугъд æмкъайы
та лæгæй лæгмæ фæндыд йæ фе-
нын, йæ хъæлæс ын фехъусын.
Ау, æцæг æм фæхæрам? Цæй
тыххæй уæд?
Фæлæ нал уыд Амыран зынæг.
Иу чысыл хъæуы та дæ фæнда,
нæ фæнда, уæддæр адæймагыл
куыннæ хъуамæ сæмбæлай? Æмæ-
иу чызг фосы сæрвæтмæ асырдта,
æнæзивæгæй-иу ауад сæ размæ, нал
æфсæст дон хæссынæй...
Æмæ йыл, æцæгдæр, фембæлд
суадоны цур.
Иæ дурын уазал донæй раджы
акалд йæ сæрты, æмæ мæсты
хъуыр-хъуыр кодта, фæлæ чызджы
хæдзармæ нæма хаста йæ къах. Иæ
зæрдæ йæм дзырдта, чысыл ма,
хæрз чысыл ма фæлæу, зæгъгæ,
фæлæ цæмæн, уый йæхæдæг дæр
нæ зыдта. Уалынмæ хъæды дзых-
мæ фемдзаст æмæ ныррызт сæрæй
къæхты бынмæ — мидбылхудгæ
йæм æрбацæйцыд Амыран. Иæ хъæ-
бысы æмбæхста цыдæр.
Чызг февнæлдта йæ дурынмæ,
хъуамæ фæцæуæг уыдаид, фæлæ
йæ нæ хаста йæ къах. Фæндыдис
æй, лæппу йæм æцæг мæсты у, æви
нæ, уый базонын. Æмæ фæкъул
кодта дурын. Ногæй йæ бадардта
цыхцырмæ.
Амыран та худт йæ парахат худ-
тæй. Æвдыста йын йæ урс-урсид
дæндæгтæ.
— Мæнæ дьш цы ’рхастон. К&ё-
ма... — æвдыста йын цъæх-цъæхид
тæрхъус.
Нынныгъуылд, мæгуыр, лæппуйы
хъæбысы. Йе стыр хæлын хъустæ
нынныхæста йе’ рагъыл. Иæ хъоп-
пæг цæстытæ цыма сæлгæ ныккод-
той, нал сæ ныкъуылдта.
Æвзонг чызгæй айрох сты, Амы-
ранимæ зулдзых кæй у, уый дæр,
донхæссынмæ кæй ис æмæ сыл ис-
кæй цæст кæй ныдзæвдзæнис, уы-
дæттæ дæр. Иæхи баппæрста лæп-
пумæ, тæрсгæ-ризгæ æвналы тæр-
хъусмæ.
— Куыд рæсугъд у! Мæгуыр дæ
бон... Кæм дын уыдис?
— Æрцахстон æй.
— Куыд? Каем? Æмæ тæригъæд
нæу? — æдых сырд фыртæсæй куыд
гæртт-гæртт кæны, уый куыннæ
фæхатыдаид чызг.
— Дæуæн æй æрцахстон... — ай-
сæфт лæппуйы мидбылхудт. — Айс
æй.
Фæхъуыды кодта чызг дæр, йæ-
хиуыл æй кæй хъæуы хæцын.
— Цытæ дзурыс, æз дзы цы кæ-
нын?
— Хъаз дзы.
— Фæхæтдзæнис мыл.
— Тæрхъус хæцгæ нæ кæны, —
дзырдта йын лæппу, фæлæ йæм
чызг нæ уæндыд. я Ацæуын та йæ
фæндгæ нæ кодта.
— Цы йæ хъуамæ фæкæнай? —
фарста Амыраны.
Уый дæр, æцæг, нал зыдта, цы
йæ фæкодтаид, уый. Цыма йæ хъæ-
бысы дур фестадис, райдыдта йыл
уæз кæнын.
— Дæуæн æй æрцахстон. Ахæсс
æй... Кæд дын æй Дзыдзымур нæ
аргæвда, уæд.
Æмæ та чызджы цæстытыл ауа-
дис, йе ’мкъай фыдрасыгæй куыд
бафæлдæхт стыр пух базыл, йæ
уынгæггомау дзых, мысты хæрдау,
куыд баззад гомæй, йæ булкъдаст,
сылваз уадултыл куыд кæлы йæ
хид, куыд хуыр-хуыр кæны, хыр-
хæйфадæгау...
Æнæмæнг æй аргæвддзæнис. Ие
’мкъайы цæссыгтæ йæ нæ бауром-
дзысты. Худдзæн, афтæмæй дзы
араздзæнис физонæг.
— Ауадзæм-ма йæ, — балæгъстæ
кодта лæппуйæн.
— Дæу у. Айс æй, æмæ йын цы-
13
фæнды дæр кæн, — байрад лæппу.
Дзыдзымуры рæсугъд æмкъай
йæ Амыраны хъæбысæй иста хъав-
гæ, фæлæ æнæнхъæлæджы йæ уæ-
ларм аныдзæвд лæппуйы фæйнæг
риуыл æмæ фесхъиудта, тæрхъус
æрхаудта йæ къухæй æмæ цыппар
къахы æхсæн абадт тымбылтæй.
Нæма йæ уырныдта, йе скæнæгæй
йын дыууæ царды кæй уыдис ныв-
гонд, æмæ цы акодтаид, уый нал
зыдта. Чъызгæ акодта иу гæпп, дык-
каг, æртыккаг... стæй нæу-нæу ныц-
цавта æмхæрд.
— Хах-ха-ха!.. — лæппу йыл фæ-
стейæ худт йæ хъæлæсыдзаг. Фæз-
мыдтой йæ йæ зæрватыккбазыр ри-
хитæ, йæ цæстытæ, йе ’рфгуытæ,
йæ сæры хилтæ, йæ буары алы хай
дæр.
Чызг æм каст æмæ йæ хъуыды-
йы стæлфыд, йе ’мкъай афтæ кæй
нæ худы.'Уымæн йæ «хи-хи-хийы»
алыхатт дæр æмбæхст вæййы цы-
дæр хин. Иæхицæй дарддæр кæй
ничи фæзоны.
Æмæ чызг фæтарст йæ хъуыды-
йæ. Ногæй фелвæста йæ дурын.
Фæцæуæг.
Фескъуыд Амыраны худт дæр. *
— Бузныг... Бузныг... — дзырдта
чызджы фæстæ, фæлæ йæхæдæг
дæр бæлвырд не ’мбæрста, кæйдæр
æмкъайæн цæй тыххæй арфæ кæ-
ны.
Чызг ын хъуыста йæ хауд хъæ-
лæс, фæлæ тагъд кодта сæхимæ.
Ныр æй фидарæй уырныдта, мæ-
гуыр лæппуйы зæрдæйы кæй ссыгъ-
та арт æмæ йæ тæригъæдæй рыст
йæхи зæрдæ дæр. Фæндыдис æй,
куы йæм аздæхтаид, куы ’рбадид
йæ фарсмæ æмæ йын сабыргай,
рæвдаугæ куы фæдзурид, йæхи
хуыцауы дзæгъæлы кæй мары фыд-
удæй, уымæн йæ хъысмæт æнустæм
кæй у баст æндæримæ. Ие ’вæл-
тæрд зондæй лæппуйæ йæхимæ йæ-
хæдæг зындис зондджындæр, æмæ
йæ уырныдта, кæй йæ бамбæрста-
ид, кæй баззадаиккой хæларæй, хо
æмæ æфсымæры...
Хо æмæ æфсымæры?
О, хо æмæ æфсымæры хуызæнæй.
Фæлæ йæ бон нæ уыдис æрлæу-
уын. Æндæр цыдæр тых æй скъæф-
та размæ. Йæхæдæг дæр нæ хатыд,
уыдон иууылдæр æвзонджы сæнт-
тæ кæй сты, Амыран та суадоны
был, йæ сæр йæ уæрджытыл &п-
пæрст, афтæмæй кæй бады, æмае
фæдисы уадæй балæууыд сæхимæ.
Донмæ куы цыдис, уæд йе ’фси-
ны сæхимæ ныууагъта, фæлæ уым
нал уыд. Нæ дæр æй фæндыдис йæ
фенын. Никæй уынын æй фæндыд.
Уæд дæр. Уый фæстæ дæр.
Амыранæй дарддæр.
Йæ зæрдæ æппынæдзух дзырдта
йемæ, фæндыдис æй, зæгъа йын ис-
ты зæрдæфæлæууæн ныхас, фæлæ-
иу сæ фембæлдæй байгомыг сты.
«Куыдтæ дæ?», «Æгайтма дзæбæх
дæ»-тыл-иу фесты сæ дзырдæппа-
рæнтæ. -
Æмбæлгæ та кодтой уынджы,
донхæсгæйæ, хосгæрдæны...
Афтæмæй сыл фæуд кодта сае
фæззæг. Стæй ма, чизоны, уыцы
хуызæнæй ноджыдæр цал фæззæг
æмæ зымæджы арвыстаиккой, фæ-
лæ чызгмæ йе ’фсин кæсын рай-
дыдта зул цæстæй. Цыдæр фæрсæ-
джы æмдзаст-иу æм ныццис. Ие-
мæ-иу ныхас кодта къуырдтытæ
æмæ мыхъхъытæгæнгæ.
Чындз æй ницæмæ дардта. Сæ
чындзæхсæвæй фæстæмæ хатыд,
уазал зæрдæ йæм кæй дары; мæ
цæгатмæ кæй алыгътæн, уый тых-
хæй мæм фæзæрдæфæлдæхт, æн-
хъæл ын уыдис, æмæ йыл ауыгъта
йæ къух: зæронд абонæй соммæ у
æмæ цыфæнды дæр кæнæд, зæгъ-
гæ. Дзыдзымур ын уыцы алыгъ-
дæй фæстæмæ авгау æрхауынæй
тарст, йæ дзырдыл дыууæ нал код-
та æмæ йын уый дæр фаг уыдис.
Фæлæ йæ иубон, æнхъæл цæмæй
нæ уыд, уымæй куы ’рфæрсид зæ-
ронд ус.
— Амыраны кæдæйнырмæ зоныс,
чындз?
— Куыд кæдæй?.. Æмæ гъа. Ам
æй базыдтон... — куыннæ хъуамæ
фæтыхстаид цæхгæр фарстæй æвæл-
тæрд чызг.
— Æмæ уыцы уынгтылзадæн ис-
кæй бынаты æртæ кæрдзыны куын-
нæ ирвæзынц, уæд мах къæсæрæй
цæмæннæуал кæсы?
Уый ма хъуыдис æвæлтæрд чыз-
джы.
— Цы йын зонын... Уæ сыхаг у...
— Æмæ дæ нæ сыхагимæ дæ чын-
дзæхсæвы дыккаг æхсæв холлагдо-
ны аууон цы хилаг уыдис? — ус
æм кодта уыджы каст.
14
— Цæй чындзæхсæвы?.. Уый кæд
уыдис... Цæй хыл?..
Чындз арвæн æркæлын æнхъæл
уыдис, фæлæ, йе ’фсин хъуыддагæн
исты зоны, уый йæ никуы бауыр-
ныдтаид. Ие ’взаг дæр уымæн
ныкъкъæдзтæ йæ комы, хуызивæн-
тæ кодта, разы уыд, йæхи ном дæр
кæй нал хъуыды кæны, ууыл.
— Цæй тæрхъусы кой кодтат?
. — Ницы дын æмбарын...
— Дзур, дзур, кæйдæр дзæгъæл-
зад, хорз мæ æмбарыс! — зæронд
ус, цъæмæлтæй кæй фæсайынц, уы-
донæй нæ разынд. Уый уарзæгой-
зæрдæ мады фæуырны хъæбулы
алы дзырд дæр, æндæра æфсинмæ
кæйдæр кæсдæры хъæрзын тынг
нæ хъуысы. — Куырм нæма дæн,
холлагдонмæ æмæхсæвæджы йæхи
халонау куыд рауадз-рауадз кодта,
уый рудзынгæй федтон. Мæ арахъ-
хъытæ уым æвæрд сты, æмæ фыд-
гуыбынæн уыдон давын æнхъæл
уыдтæн. Фæсхæдзæртты йæм ца-
лынмæ хъуызыдтæн, уæдмæ ды йе-
мæ цыдæр тæрхъусыл хыл кодтай...
— Никæимæ дæн хыл...
Чызг æнхъæл уыдис йæ цæссыг-
ты фæрцы аирвæзынмæ, фæлæ æф-
синæн йæ райдайын вæййы зын,
æндæра йæм стæй æрлæууынмæ
мауал æнхъæлмæ кæс. Уæдмæ дæр,
сæ чъизи хъуыддæгтыл сæ баййа-
фон, сæ цæсгæмттыл сын нытту
кæноны мондагæй урæдта йæхи.
Ныр суагъта йæ хъæлæс:
— Хыл нал дæ, уый æз дæр зо-
нын! Суадоны цурмæ дын цæй тæр-
хъус бахаста?
— Каецы суадоны?..
Зæронд ус йе оны каст æви йыл
Амыран рацыд сайдæй, уымæн ни-
цы зыдта чызг. Афæлива йæ, уый
ныфс æй нал уыдис, уæддæр йæхи
нæ саста.
— Цал суадонæй фæхæссæм дон?
Дзур, дзур! Дæ фæдыл ахъуызыд-
тæн, хорз уæ уыдтон. Дæ фæстæ
йæ^сæр дыууæ къухæй куыд хоста,
уый мын æнæзындгонд нæу.
— Тæрхъус, дам, æрцахстон... Лæ-
вар мын æй кодта... Дзыдзымур,
дам æй аргæвддзæнис...
— Æмæ мын кæд слæвæрттæгæ-
наг стонгæймард?!
— Фæтæригъæд ын кодтон...
— Кæмæн?! — цармæ фæхаудта
зæронд ус. — Тæрхъусæн æви уы-
цы уынгтылзадæн, йæ сау хист ын
мæ уд ахæра?
«Сæ дыууæйæн дæр!» — фæнды-
дис чызджы дæр йæ хъæлæсыдзаг
ныхъхъæр кæнын, фæлæ йын тас
æмæ уынгæг хæкъуырцц æхгæдтой
йæ хъуыр.
— Уæдæ ныр хъæууынгты, уæ кæ-
рæдзимæ гудзиццытæгæнгæ, уымæн
фæралли-балли кæнут?! Æви мæ
хъæбулы сæнамонд кæнын сымах-
мæ кæсы?
— Уый нæ ды æнамонд кæныс...
Дæ хъæбулы дæр... Мæн дæр... —
чызгæн Дзыдзымурыл дзурын æн-
цондæр уыдис. — Мысыс мыл кæй-
дæр...
Иæ цæстытыл та ауад, йе ’мкъай
фыдрасыгæй уæлгоммæ куыд ба-
фæлдæхт стыр пух базыл, йæ уын-
гæггомау дзых, мысты хæрдау,
куыд баззад гомæй, йæ булкъдаст,
сылваз уадултыл куыд калд йæ
хид, афтæмæй хырхæй куыд фаста.
— Æз дыл мысын кæйдæр уынг-
тылзады?! — усæн фырмæстæй ра-
хъоппæджытæ сты йæ цæстытæ.
— Ды, ды. Ды мыл мысыс кæй-
дæр... — уый цæст æй нæ бауарзта
«уынгтылзад» схонын, — лæп-пу-
пуйы!..
Иæхи йæ цæссыджы æхсгæ ап-
пæрста сæхи хатæнмæ. Æнхъæл
уыдис, йе ’фсинæн фæсæтдзæнис
йæ маст, æмæ чысыл иуæрдæм куы
ауайа, уæд йæхи аппардзæнис Амы-
раны агурæг. Радзурдзæнис ын
хъуыддаг, бафæдзæхсдзæн æй, йæ
цæсты йын зды куы тадзой, уæд-
дæр мацæуыл басæттæд, ма йæ ра-
къахæнт, мыййаг. Зæронд усы тар-
дзæгъдæнæй йæ уырныдта, нырма
лæппуйæ ницы базыдта.
Фæлæ æфсинæн нал уыд уромæн.
Балæбурдта Амыранмæ, æнæхъæн
Армауыл хъуыстис йæ тардзæгъ-
дæн: йæ мæрдты йын калдта хур-
мæ, йæхи йын змæста фаджысимæ,
кæй, дам, æнхъæлыс куырм æмæ
къуырма, кæй чындзы фæдыл; дам,
лæбырдтытæ кæнынц дæ саудзы-
дзыдабауинаг рахауинæгтæ? Дæхæ-
дæг, дам, стонгæй куы мæлыс, уæд
кæмæн кæныс удæгас лæвæрттæ?
Магазинæй йæм æххуысмæ фæ-
зынд Дзыдзымур. Хъуыддаг рæст-
мæ нæма бамбæрста, афтæмæй, цæ-
куыйау, схъиудта хæрдмæ. Сонт
хъихъхъытыл схæцыд. Тылдта йæ
лыстæг даргъ къухтæ, ауадзут мæ,
15
хъуамæ æхсæнгарз рахæссон æмæ
фервæзон мæ туджджынæй. Фæлæ
йыл ныззæгæл йæ мад, йæ фæдыл
æй хæдзармæ кодта ласæгау, адæ-
мы гуыбындзæлты æмгад, дам, ма
кæн дæхи. Иæхæдæг дæр фæхъуы-
ды кодта, Амыран ахæстоны кæй
уыд, æмæ дзы йе оны абадт’ мигъ.
Уый бæсты хæдзары бон йе ’мкъа-
йыл уыдис. Иæ дæндæгтæм ын ха-
ста йæ гыццыл тымбыл къухтæ, мæ
ис, мæ бон, дам, дыл Амыраны
уынгтылзады тыххæй ныккалдтон?
Ныртæккæ, дам, мын алцыдæр лы-
стæггай радзур æмæ дæ стæй мæ-
хи дыууæ къухæй хъуамæ æрца-
уындзон, зæгъгæ.
Чызг дзы нæ тарст æрцауындзы-
нæй. Ныхæй-ныхмæ куы фæуой,
уæд ын уый дæр бирæ ницы ауадз-
дзæнис, æмæ дзы йæ мадæй уæл-
дай уый дæр ницыуал базыдта.
Уыйхыгъд йæхæдæг ныссæрфта
йæ цæссыгтæ, сабыргай схæцыд йæ
чызгон хæррæгътæ тымбыл кæны-
ныл. Дæ ис, дæ бон, дам, дæхицæн
уадз, дæуæй, дам, мæ згæ хырын-
къа дæр на’л хъæуы. Дæ мад мын,
зæгЬы, нæ бары мæ цæгатмæ мæ
иухатты алыгъд, æмæ нæ цæмæй
ахицæн кæна, уый тыххæй мыл мы-
сы де ’мбæлтты.
Лæппуйæн йæ зæрдыл æрбалæу-
уыд, уæд æй куыд мысыд, йе стыр
амондæй æнæхай куыд фæцæйкод-
та, æмæ фæцис йе ’мкъайы фарс,
фессæста йæ зæронд мадырдæм.
Дæ зонд, дам, фæцыд, хъуыддагæн
рæстмæ ницы бамбарыс, афтæмæй
де ’взаг дæ бар нал вæййы æмæ
мæ, зæгъы, баныгæдтай адæмы
’хсæн.
Амыранмæ дæр нал цыд йæ
хъæубæсты цæстытæм комкоммæ
бакæсын æмæ йæхи тæргайгæнæг
скодта, нал хызт æддæмæ, ныр,
дам, Армауы ’хсæн мæгуыр лæг
мауал хъуамæ фæцæра.
Фæлæ йын иу æрдæгæхсæв Дзы-
дзымур йæхæдæг балæууыд йæ
къæсæрыл.
Лæбурæджы цыдæй йæм иунæ-
гæй не ’рбахастаид йæ ныфс, йемæ
та ничи уыд, æмæ йын лæппу ни-
цы æмбæрста, цы йæ хъæуы. Ка-
стис æм æрхуымæй.
Уазæг райдыдта йæхæдæг:
— Махоны фæфарстон... Зæронд
адæймагæн ма-иу йæ зонд зæндти-
мæ куы уаид... Цыдæр фынтæ фæ-
уыдта. Цæрдудæй мæ баныг&дта
ингæны. Фæлæ, дам, къус рахауд-
та, йæ хъæр айхъуыст æмæ асаст,
нæ асаст, уый кой ничиуал кæны.
Махæн дæр ма иу хъæуы афтæ-
мæй цæргæ у æви нæ? — æппынфæ-
стаг сæппæрста йæ хъуыды æмæ
лæппу сулæфыд: дон рæсуг кæнын
райдыдта.
— Кæд ма Армауæй æмæхсæвæ-
джы фæлидзон, æндæр æз мæ сæ-
рæн ницыуал зонын, — дзырдта
æфсонæн.
Æмæ дзы байрад Дзыдзымур.
Куы ацæуа, уæд та æрсабыр уы-
дзæнис йæ цард, бахæцыд ыл дзу-
рæг:
— Уæддæр ам де знаджы, хъиу-
тæ иунæгæй хæрыс... Æнæниз лæп-
пу дæ, фæстæмæ дыл ницы хæцы,
ацæуынтæ, æрбацæуынтæ зоныс
æмæ искуы дæ . цард сараз. Де
’фсымæр Цæгат Иры куы цæры...
— Ацæуынтæ, æрбацæуынтæн ис-
тытæ хъæуы... Афтид арм, афтид
дзыппæй куыд ныллæууон фæнда-
гыл? — Амыран агуырдта æфсæнт-
тæ.
Фæлæ Дзыдзымуры йæ сабыр,
хъал цард фæстæмæ йæ гаччы сба-
дын кæныны тыххæй бирæ рахъуы-
ды-бахъуыды кæнын нæ бахъуыд,
йæ разы йын дзыхъхъынног къæр-
къæргæнаг цъæх æхцатæ æрнымад-
та:
— Фыццаг бонты уал дын адон
фаг сты. Æз сыл нæ тагъд кæнын.
Дæ къух дæ кæд араза, уæд мын
сæ æрæрвитдзынæ. Ацу! — хæлары
тъæпп ын æркодта йе уæхск æмæ
ацыд. Йæ хæдзармэе. Ие ’мкъаймæ.
Уый ацыд, фæлæ Амыраныл зылд
хæдзар: цы бакодта ай? Ау, афтæ-
мæй хъуамæ ныууадза йæ хæдзар,
йæ хъæубæстæ, йæ райгуырæн уæ-
зæг, стæй...
Боныфæстагмæ, Дзыдзымуры æм-
къай фестæд, æвзæр æм никуы ни-
цы сдзырдта æмæ йæ зæрдæйы æм-
бæхстæй цы дары, уымæ та кæй ,
цы хъуыддаг ис? Стæй йæ кæд
Дзыдзымурæй уый фылдæр уарзы,
уæд та?
Æмæ фæтарст йæ фарстæй: куыд
уарзы кæйдæр æмкъайы? Хорз куы
зоны, иу бон ын уæддæр искуыдæм
æнæацæугæ нæй, уæд ма кæйдæр
мыды къусы та цæмæн æппары
къæм? Иæхи цæмæн æфтауы хъæу-
бæсты цæсты?
16
Вафæллад дзæгъæлы рахъуыды-
бахъуыдыйæ. Æгæр дæр ма фæ-
кодта дæллаг галы цард. Æмæ фе-
стад æвиппайд, йæ дарæс ракалд-
та скъаппæй...
Дыккаг бон ныхгæдта йæ хæдза-
ры дуæрттæ, йæ куыдз Корохы
дæллагхъуыр ныттыхст, стæй йæ
ныффæдзæхста сыхæгтæн æмæ сæр-
лыллæг, уæнтæхъилæй араст, сæ
хъæуæй быдырæрдæм цы иунæг
æххæл-мæххæл къахвæндаг цæуы,
ууыл.
Поствæндагыл хауд-зæрдæйæ ма-
шинæмæ куы ’нхъæлмæ каст, уæд
ыл рамбæлд Пыси. Бæлццонарæзт
уыдис æмæ йæ æрфарста, цы ныхъ-
хъуыды кодта, уымæй. Хабар куы
базыдта, уæд нынкъуыста йæ сæр:
— Æй, гормон фæуай, гормон,
кæд афтæ æдылыйæ кæдмæ цæрын-
мæ хъавыс. Кæдæм цæуыс, уый
дæр рæстмæ ма зон, афтæмæй ис-
кæй æдылы ныхæсты тыххæй дæ
фыдæлты уæзæгыл ауигъ дæ къух!..
— Омæ, уæдæ, куыд бакæнон? —
катай кодта лæппу.
Куыд бакæна, кæдæм хъуамæ
ацæуа, фыццаг уал цы хъуыддагыл
хъуамæ ныххæца, ууыл бирæ фæ-
рахъуыды-бахъуыды кодтой сæхи-
нымæры, стæй сæ зæрдыл æрлæу-
уыдис, истæмæй сæ ацаходын кæй
хъæуы æмæ сæ фæндаг акодтой хæ-
рæндонмæ.
Лæппуйæн цыдæр йæ хъуыры
цæм кодта, æмæ цæм кæнæд, фæ-
лæ уызынау кæд уыдис сындзджын,
кæрдæнтæ йын ласта йæ хурхыуа-
дындзтæ, æмæ ауагъта йæ къух —
судзагæй йæ иу-дыууæ агуывзæ-
йæн аласын кæндзæнис, стæй ах-
сæны цыфæнды дæр кæнæд.
Пысийæн та лæппуйы æнæнхъæ-
лæджы фæцомы тыххæй йæ хъуы-
ры къæбæр нæма хызт, æмæ нозт
бæргæ зынкæсæн чиныджы хуызæн
куы уаид, сæрмæ куыннæ хизид,
фæлæ зæронд лæгæн йæ цæстытыл
уайын райдыдтой, Амыраны сын-
дзæрх хæдзар дæр та, хъæубæстæй
фæздæг кæй хæдзарæй скæлы, ныр
уыдон æхсæн кæй лæудзæнис си-
дзæры хуызæнæй; йæ кæсдæртæ
дзы кæй фæлыгъдысты, уый æф-
сæрмæй йæ цæстыдзаг кæй никуы-
уал ракæсдзæнис; зымæгон тымыгъ-
тæ æмæ-иу фæззыгон дымгæтæм
сусæг-æргом куыд нывæнддзæнис
йæ зæрдæбын хъарджытæ; йæ куыдз
Корис-иу хæдзари-хæдзар куыд зил-
дзæнис йæ агурæг, æрдæгæхсæв-иу
хауд-зæрдæйæ ныфсæнхъæл куыд
ниудзæнис мæймæ...
Зæрдæ та зæрдæ у: хатт парахат
куыд вæййы, афтæ фæзоны уынгæг
кæнын дæр, æмæ Пысийы цæстытæ
разылдысты доны.
Амыран ыл фыццаг хъавыдис
тыххудт бакæнынмæ, фæлæ ахæм
рæстæджы худт дæр худты хуызæн
нал вæййы, æмæ цæмæй мардæр-
цыды бадт ма кæной, уый тыххæй
йын зæронд лæг фергом кодта йæ
сагъæс. Уый дзырдта, æмæ лæппу-
йы цæсгом та кодта дæрзæг раив-
баив.
Ахæм рæстæджы лæг нозтæй нал
фæхæцы йæхиуыл. Нозтджын лæ-
гæн та денджыз йæ фатхъултæй
уæлдæр нæу, кæм бацауæрстаик-
кой Дзыдзымуры æхцатыл (?), æмæ
фæсахсæвæрты сæхимæ здæхтысты
заргæ.
Дзыдзымурæн та цыма йе рагъæй
зылынбаст æргъом ахаудта, куыд
аив^ сарæхст йæ хъуыддæгтæ æрбæ-
стон кæнынмæ, уый æнæхъæн бон-
изæрмæ феппæлыд йе ’мкъайæн,
æмæ ма кæдæй-уæдæй баци адджын
фынæй.
Фæлæ чызг йæ хъуыры уазал дон
нал ауагъта. Йæ хъуыры, йæхæдæг
дæр рæстмæ кæй нæ хатыд, цы у,
ахæм цыдæр маст ныкъкъуыбылой
æмæ йæ нал дзурын уагъта, нал
фынæй кæнын. Ие ’ндыгъд уæнг-
тæй кæрæдзиуыл ницыуал хæцыд,
ныггалдысты йын сынтæгыл, афтæ-
мæй дзагъырдзаст, салд-зонд æмæ
уазалзæрдæйæ каст талынг цармæ.
Ницæуыл дæр æй хъуыды кæнын
фæндыдис, ницæмæ дæр бæллын,
ницы дæр уынын... Стæй æрдæгæх-
сæв фæкодта цæф сæгуыты схъиуд.
Æгасæй фестад хъуцтæ æмæ йæ
уæнгтæн фырæндыгъдæй калд сæ
сур хид. Хъуыста Амыраны зæл-
ланггæнаг хъæлæс. Дыз-дыз æм
кодтой рудзгуыты æвгтæ:
Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы, .
Уый, дам, уазалы тыххæй у, гъе!
Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцы,
Уый та уарзоны тыххæй у, гъе!
«О, хуыцау, мæ хъусæнтæ мæ ма
фæсайæнт... Ныры хуызæн дæм ни-
куы лæгъстæ кæнын... Мæн тыххæй
Жур «Фидиуæг» № 12.
17
ма с&т мойд кæн кæйдæр лæппу-
йы...» — хуысгæуаты суагъта йе
тæрттæ æмæ, зæронд усау, лæгъ-
стæ кодта хуыцаумæ. Ие знæт
улæфтмæ йæ сатæг риутæ дæр уы-
цы къæйныхæй рапæйгæпп кодтой
йæ гуырæй...
Уæддæр. нæ баууæндыд йæ хъу-
стыл. Райсомæй куыстытæ æхсæвы
цъæхтыл тагъд-тагъд абæстон код-
та æмæ, хъуыддаг бæстон базоны-
ны тыххæй, сыхы сывæллæтты йе-
мæ акодта æхсæр тонынмæ.
Фæлæ йæ æхсæр тоныны мæт
уыд? Амыраны кæрт æм куыд зы-
на, афтæ-иу бандзыг къутæрты ау-
уон. Кæд æй йæ хъусæнтæ нæ фæ-
сайдтой, уæд цæмæн у йæ дуар æх-
гæд (?) — хордтой йын йæ зæрдæ
кæрчытæ...
Æмæ иуафон лæппу, йæ фæрæт
йæ къухы, афтæмæй кæртæй куы
рахызт, хъæдвæндагыл куы фæхæрд
кодта, уæд чызджы зæрдæ йæхи
куыннæ ратыдта риуæй, куыннæ
йæм ныхъхъæр ласта фырцинæй!
Йæ дзых æрцахста дыууæ къу-
хæй, сывæллæттæ дæр æй нал æн-
дæвтой, хъæд-хъæд лыгъд йæ раз-
мæ.
Лæппу цыд, хъуыдытæгæнгæ, суг
куыд æрцæттæ кæндзæнис, Дзы-
дзымуры сылкъийæн йæ къапеччы-
тæ куыд аппардзæн, йæхицæн зы-
мæгмæ истытæ куыд æрбатымбыл
кæндзæнис... Æмæ йæ бæллицты
дæр æнхъæл кæмæн нал уыд, йæ
уыцы цард æмæ бон тыхулæфт,
уынгæг хæкъуырццгæнгæ, хъæдæй
йæ размæ куы рахызт, уæд иу уысм
Пысийы цæст сыл фыццаг хатт куы
аныдзæвдис, сæ арвы цъæхы сных-
сæг къæбæлдзыггомау сытæ, се
рттиваг буар, сæ цыргъ боцъоты
бакастæй - сын куы рæвдыдта йæ
цæст æмæ йæ уд, уæд æм уый ба-
дзур, ома, Æфсатийы бæсты сын
искуы ды суыдзынæ сæрхъызой,
уæд йæхæдæг дæр фефсæрм уыда-
ид. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр,
Армауы магазинхъахъхъæнæг — цы
аззад цавддурæй, стæй сæ каёр&-
дзийыл сæхи ныццавтой æмæ хуы-
дуг кодтой сæ зыд пъаты, афтæмæй
сæ хъæд атыхта йæ хъæбысы. Чыз-
гæн йе схъæл уæрджытæ фесты йæ
быны.
— Дæ низтæ... Дæ фæхъхъау...
Зæгъын ма мæ æцæг фæлыгътæ...
Зæгъын ма дæ æцæг нал фендзы-
нæн... — рызт йæ хъæлæс.
Фæлæ сæ ныр ничиуал дæр хъу-
сæг уыдис, ничиуал дæр сæ фæстæ
гудзиццытæ кодта æмæ йын лæп-
пуйы нуарджын къухтæ йæ тасгæ
гуыр æлвæстой, æфсæн тæлытау,
йæ фæйнæг риу ыл æнцад æмвæ-
тæнæгæй, æмæ йæм каст бæмбæ-
джы хуызæн, табу уæ фарнæн, фæ-
лæ дзы йæ хъæбæр фæткъуыты
цыргъытæ скодтой ныхсæгау; ныр
нал тарст удæгас, тæлфаг буары
змæлдæй, æхцон дыз-дыз æм код-
той йæ тымбыл, урс зæнгты нуæрт-
тæ, стæй уыцы ризæг æнæхъæнæй
ахызт йе ’ндыгъд уæнгтæм. Сусу-
бусугæнаг сыфтæртæ ныхъхъус сты ,
йе ’хцон хъæрзтмæ. Иурæстæджы
йæхи куы банкъардта пакъуыйау
рогæй, зæххы цъарыл йæхицæй
дарддæр куы ницыуал хатыд æмæ
куы кодта уæлдæфы ленкгæнæгау,
уæд базыдта, йæ чындзæхсæвы æх-
сæвæй фæстæмæ йын æнцой цы нæ
лæвæрдта, йæ зæрдæ кæдæм тыдта
йæ бæттæнтæ æмæ тад, æнæхъæ-
нæй дон ^ кодта лæппуйы ризгæ
уæнгтыл... Къутæры бын йæ унæр-
гъдмæ йæ фынæйæ куыд фехъал
тæрхъусы лæппын æмæ куыд ныц-
цавта хъæды арфмæ, уый дæр нал
фæхатыд.
1987 аз, январь.
Отъреу.
бар сын дары сæ цардмæ дæр, сæ
бонмæ дæр. Йæ кæртæй сæ нæ ра-
уадзы, мыййаг, никуы дæр сæ ра-
уадздзæнис. Фæлæ галуадзынафон
Знæт донмæ уыцы фæлладгомауг
фæлæ сæрыстырæй, сæ кæрæдзийы
фæдыл фондзæй сæ фатхъулты æм-
дзæгъдмæ хъусгæ куы фæцæйцыдыс-
ты, уазал донæй-иу, сæ сæртæ ныт-
тилгæ, зæрдæбынæй куы ныууофф
кодтой æмæ та-иу æм куы ныггуы-
УЫРЫНГ-КЪÆБÆЛДЗЫГСЫ ДЗÆБИДЫРТÆ
18
быр сты ногæй, уымæ к&сгæйæ бæ-
лæсты бынмæ йæ цæст куы улæфыд,
уæд йæ хъуыды ахста; .’сæ хъахъ-
хъæнæг æнæмæнг æввахс кæмдæр
аууон ран лæууы, уый ныфсæй
ныфсджын сты, хæдзарон сæгътау
æргом уымæн рацыдысты. Кæд сыл
Æфсати йæ къух исынмæ хъава,
фыдбылыз сæм искуыцæй радара
йæ сæр, уæд хъахъхъæнæджы фех-
ситт æмæ сæ фæтъæбæртт баиу уы-
дзысты.
•Зæронд лæг уымæн бандзыг бæ-
ласы аууон. Иæ цæстытæ сæм, ма
сæ фестъæлфын кæна, уымæн
баззадысты ирдæй.
Уыдон дон нуазыны æфсон фæ-
пыррыччытæ кодтой, агæппытæ
ластой дуртæй дуртæм, зивæггæн-
гæ, æфсонæн акафыдысты дзуары
ставд, бæрзонд бæлæсты бын зул-
аив фаст цъæх нæууыл, сæ кæрæ-
дзимæ сæ уырынгтæ къæбæлдзыг
сытæй æвзидгæ, ахызтысты хъæд-
вæндагыл æмæ фесты бæлæсты ау-
уон.
Зæронд лæг йæ риуыдзаг куы
сулæфыд, куы базмæлыд, йæ хъуы-
ды, æрмæстдæр уæд фæхатыд, сырд-
тæ иууылдæр гал дзæбидыртæ кæй
уыдысты. Фæлæ ма хуры тынтæ
фæстаг пъатæ кодтой, Дзуары хъæ-
ды акомкоммæ Знæт донæн уыцы
фарс арвы уæзæй цы айнæг фæгуы-
быр, уый тигътæн. Лæджы ма та
зæронд-зæронд Армаумæ иунæгæй
дзæвгар ауайын хъуыдис.
Иунæгмæ сагъæс æмхиц у, са-
гъæссаг та йын æгæр дæр ис — йæ
кæсдæртæ сæ фыдæлты уæзæгыл
систой сæ къух, æввонг цардæнхъæл
æрбынат кодтой горæты, зæрондæн
та йæ абон кæй у æмæ йæ сом кæй
уыдзæнис, афтæмæй, хуыцау бахи-
зæд, фæлæ уæлæуыл ничима баз-
зад, Хъæбысонимæ уыдонæй дæр
искæмæн йæ бонтæ фæуыдзысты
нымад, стæй ма иннæйыл, хъæды
халонау, иунæгæй куыд кæсдзæнис
ХУР, йæ куыдзы азтæн нал зындзæ-
нис сæ кæрон, афтæмæй хæрдзæнис
йæ хъиутæ.
«Куыдзы азты» коймæ базмæлы-
дысты йæ былтæ:
— Дæлæмæ ’рхау, — хуыцаумæ
скæса, уый дæр йæ цæст нал ба-
УаРзта, афтæмæй йæ ралгъыста.—
Кæй цæмæй сфæлдыстай, уый цард
ын ратт, — нæ барста æнæмсæр
хуыцауæн йæ рæдыд,
Рæдигæ та адæймаг йæхæдæг код-
та.
Цæвиттон, хуыцау æй куы сфæл-
дыста, уæд æм Адæймаг бацыд цар-
ды бонтæ райсынмæ.
Хуыцауы йе сфæлдисгæ удгоймæг-
тæн хъулон митæ нæ фæндыдис,
æмæ йын дæс æмæ ссæдз азы схай
кодта адæймаджы цардæй фæцæ-
рын.
Адæймаг тæвдтуг æмæ кæра^ф
^æст у, фесхъиудта æмæ æрхаудта:
/ыдон кæй фаг сты, мæ цардмæ мын
ноджы бафтау, зæгъгæ.
Хуыцауæн развæлгъау цард дих-
тæгонд уыдис, уæддæр æй нæ фæн-
дыд йæ хивæнд гуырдзЫ фæхъыг
кæнын, æрбадын æй кодта йæ цу-
ры, ам банхъæлмæ кæс, уæ’лдай ца’рд
ма мæм цы баззайа, уый дын нæ
бахæлæг кæндзьшæн, зæгъгæ.
Фæзындис хæрæг. Хуыцау уымæн
дæр радта дæс æмæ ссæдз азы", ца^-
рæнбон, фæлæ ныццæхгæрмæ, хъи-
ахъ-хъиахъхъæн бахъуыдис, нал
иуæрдæм æккуырсы, нал иннæрдæм,
хæрæджы цардæй, дам, мæ афтæ
бирæ цæрын нæ фæнды, æрдæг’мын
дзы, зæгъы, фаг у.
Хуыцау дæр иннæ фынддæс азы
бафтыдта адæймаджы цардмæ.
Афтæ бакодтой куыдз æмæ май-
мули дæр, æмæ та уыдон цардыл
дæр сразы адæймаг. Уæдæй ардæм
дæс æмæ ссæдз азы адæймаджы цар-
дæй фæцæры, фынддæс азы —, хæ-
рæджы, фынддæс азы куыдзы, стæй
та — маймулийы.
Пысийы та кæронмæ лæджы цар-
дæй цæрын фæндыдис. Ууыл уыд
йæ сагъæс. Сусæг сагъæс та, æр-
гъомбасты дур куы фæуа, уымæй
зындæр хæссæн у, уымæн дзы ай-
рох сты, фыны фенæгау, къæбæл-
дзыгсы дзæбидыртæ. Хъæбысонæн
дæр не скодта сæ кой.
Уæддæр цалдæр боны’ фæстæ æр-
лæууыдысты йæ зæрдыл.
Йæ галтæ æхсæвы сæрв^етæй не
’рцыдысты æмæ’ сæм дыккат бон
ацыд агурæг. Фæсрагъæн куы фæ-
фалейæ, Знæт доны уылæнтæ ра-
гъæн уыцырдæм, тарст, фосы дзу-
гау, къордтæ-к^ъордтæй куыд згъо-
рынц, уымæ куы фемдзарт, уæд йæ
зæрдæ фæкодта уазал хæррæтт. 13æ
цæстытыл ауад, дзæбидыртæ куыд
фæллад, фæлæ сæрыстыр цыд æр-
бацæйкодтой дон нуазынмæ, куыд
19
фурттытæ ластой, сæ кæрæдзимæ
куыд æвзыстой, æхсаргæрдтау,
даргъ, æлвæст сытæй... Раст дыу-
уæаздзыд уæнгуыты ’йæстæ уыдыс-
ты.
Мæнгæй нæ акæнынц, адæймагмæ
зæрырдæм йæ сабийы зонд æрцæ-
уы, зæгъгæ: бафæндыд та йæ уыцы
хъæддаг рæсугъдты, уыцы æнæа-
зым удты фенын. Афтæ йæ бафæн-
дыд, æмæ йæ цард, йæ бон, йæ ныф-
сы галтыл ауагъта йæ къух— къæр-
ных куы’рхъава, уæд арвы хъуг
дæр давы, фæлæ ма кæд чи
фехъуыста стуры знаггад; сырдæй
та цы тас у къæдзæхыйас галтæн,
сæ гуыбынтæ бафсаддзысты, æры-
мысдзысты хæдзар æмæ, нæ ирон
адæмон аргъауы хъайтар Къобала-
йы сæгътау, узгæ-узгæ, зындзысты
сæхæдæг. Стæй уыдон дæр кæд
Гуыбыр айнæджы ’рдæм ахызтысты,
уæд та?
Адæймаджы йæ къæхтæ кæцыр-
дæм фæхæссынц, уыцырдæм ссары
æфсæнттæ.
Ацы хатт æм биноклтæ уыдис,
уæддæр æй, чысыл сывæллонау,
цыдæр ссы кодта размæ, дзæбидыр-
ты хъæлæсы бахауынмæ. Дæрдты
уымæн æрзылдис, дон комы, æнда-
хау кæм фæнарæг, уым йæ сæрты
ахызт иу хъæдын хидыл, стæй уы-
цы фæрсты фæстæмæ æрбаздæхт
æмæ æрбынат кодта, дзæбидыртæ
дон кæм нуæзтой, раст уый аком-
коммæ пыхс къутæрты.
Фыццаг йæ зæрдæ цæмæй ба-
рухс, уый — уддзæф ыл ныдзæвд
ныхырдыгæй, сырдтæ йæ тæфæй ма
хъуамæ базыдтаиккой.
Фæлæ, хæрæг бахæрæд кæркæ
базыр хиуа, цыма, зæронд лæг бы-
нозæй æзæлмон улæфт кæд скæн-
дзæнис, уымæ каст—ныххиу-хиу
кодта, ныффæдис ласта, ай цы дис-
саг, цы ’мбисонд у, зæронд-зæронд
цы ’рамбæхс-бамбæхс кæны, уæхи
дзы бахизут, зæгъгæ.
Сауцъиу, пысырайы цъиуы дæр
ма уый хъуыдис —срæуæг сты тæл-
тæг рагæпп-багæпп, æрзылдысты
йæ алывæрсты, алæ-ма, цы маргъы
мыггаг у, цы йæ хъæуы ам, зæгъ-
гæ. Фæлæ Пыси уыдонæй хæйрæг-
дæр разынд: цалынмæ йæ фæрæтыл
сæ цæст не ’рхæцыд, уæдмæ йæ
амбæхста йæ быны, биноклтæ ат)ъыс-
та йæ роны, æмæ цыма фынæй кæ-
ны, йæхи бакъул кодта бæласы бын-
дзæфхадыл. Мæргътæ æмæ сырДтæ
та фылдæр хъуызгæ æмæ фæдисы
фердæхт, стæй æфсæйнаджы фенд
æмæ тæфмæ знæт кæнынц. Æмæ
Пыси фынæйыл куы схæцыд, уæд
æй ныхъхъуыдты уагътой.
Зæронд лæг дæр ракаст — нæма
зынынц йæ уазджытæ?
Æви йæхæдæг у уазæг?
Чизоны, сæ иу дæр æмæ иннæтæ
дæр. Фысым та...
Пыси йæ цæст ахаста йæ алыварс
æмæ фæкодта схъиуæгау...
О, дунескæнæг, уый цы цæуы.
зæххыл?Г Хуыцауæн, æвæццæгæн,
дун-дуне нывгонд куы фæцис, уæд
ма йæм цыдæриддæр ахорæнтæ баз-
зад, уыдон ракалдта иу цъыккæн,
цæмæй йæ ма хъыгдарой æмæ сæм
ацы къуым бадардта йæ риу. Уæр-
тæ цъæх нæзы къох кафы тымбыл
кафтæй сæрыстырæй. Сирынæй дзы
чи сфæлмæцыд, уыцы къæбæдатæ
бæгъæмвадæй фæтумар кодтой хо-
хы фахсыл, æмæ къордтæ-иунæджы-
тæй акастысты йæ сæрты...
Тулдзбæлас рагæй дæр зондджын
у, зоны иунæджы цард— абонæй
соммæ, æнæхъæн мыггагæй уымæн
лæууынц сæ кæрæдзийы фарсмæ.
Хисдæртæ кæсдæртæн амонынц, хо.
хы фахсыл уæлæмæ схилыр йæ бон
кæмæн нал у, фæстæмæ уæндгæ чи
нæуал кæны, уыцы къæбæда, цъæх-
сæр нæзытæм:
—«Кæсут, фыдахинтыл цытæ фæ-
цæуы? Сæ ныхтæй кæдмæ хæцдзыс-
ты хохы згъуыдтыл? Алцæмæн дæр
йæ тауинаг йæ бынмæ хъуамæ ха-
уа,»—æмæ сæрыстырæй ’ркæсынц
сæ сатæг гыркъотæм.
Тæрс, фатхъæд, сывылдз, кæрз,
фæрв... Рагæй дæр хæларæй цар-
дысты, ныр дæр æрхæцыдысты сæ
кæрæдзийы уæхсчытыл, æмæ сæ бур„
сæ сырх, сæ фæлурс, сæ тарбын
сæртæ куы иуæрдæм фæкъул кæ-
нынц, куы—иннæрдæм, афтæмæй
кафынц, реуагæнæгау.
Зæронд лæджы цæстæнгас ан-
дæгъд, сæхирдæм фæндагмæ хæс-
тæг, лæнкауыл куыд сирвæзт арт,
йæ сырх æвзæгтæ ивæзынц арвмæ.
Йæ ронæй фелвæста йæ бинокл-
тæ, акаст æм æмæ барухс йæ зæр-
дæ—Мыртгæджын судзын райдыд-
та йæ сыфтæрты артæй. Фæззыгон
хъарм хуры тынтимæ ма йæ уый
хъуыдис, æмæ тагъд йæ зæу-зæугæ-
20
наг цупæлттæ фæйнæрдæм гудзыц-
цытæ кæнын райдайдзысты сæ къæй-
ных сырх гагуытæй...
Знæт доны тасгæ-уасгæ æрттиваг
таг зæронд лæджы цæстæнгас ра-
сайдта йæ фæдыл. Фæтæнæй фæ-
тæн нæу, фæлæ бирæ ран—лæгбæрц,
уæддæр йæхи фæтылив кæны, ам-
бæхсы бæлæсты, йæхи байбынты
аууо.н...
Зæронй лæджы биноклтæ цæуыл-
дæр схæцыдысты, къухæй йыл хъа-
зыд. иуварс ахæцынмæ фæлæ йæ
хъæбысмæ æргæр-гæр кодтой тар-
сырх цымтæ. Худынц æм, лæпп-лæпп
кæнынц фыррæгъæдæй. Хъавгæ дзы
схаста йæ дзыхмæ æмæ йæ ком ай-
дзаг сæ адджын донæй.
Пысултыл кæм ацъæл уой, уым
дзы райгæ у. Знæт доны уылæнтæ
дæр æй нал ныхсдзысты.
Зæронд лæг сæ йæ армы дзыхъ-
мæ æруыгъта сабыргай. Йæ цæст
сæ акалын нæ бауарзта йæ фарс-
мæ сæ æркодта хус сыфтæртыл.
Р1æ ныхмæ доны уыцы фарс уыд
уагъылы. Цæмæй йæм Пыси хуыз-
дæр зындаид, уый тыххæй йæ бирæ
лыстæг æнгуылдзтæй ныхъхъил код-
та судзгæ цырæгътæ æмæ йæм каст
уыдон рухсмæ.
Уагъылымæ бирæ дарддæр нæ
лæууыд мугæ. Хъуамæ сыл схуд-
таид, ома никуы ницы федтат, фæ-
лæ йæ фæззыгон хуыны бын цут-
тытæ кодта, ноджы йæ дзæкъултæ
хуры хъарм тынтæй йедзаг кæнын
райдыдтой, тарст, искæцы йын дзы
куы ’рхаудтаид, æмæ нынцъылдта
йæ цæстытæ.
Пысийы цæстæнгас хурыл ан-
дæгъд. Стыр, сырх-сырхид, куыро-
йы цалхыйас хурыл.
«Æвæдза, ныр сын дон нуазын-
афон у,»-—батыхст йæхимидæг. Иæ
къух йæхæдæг асгæрста дзыпп,
сцæйиста тамако. Фæлæууыд. Фæ-
фæсмон кодта, донæн ацы фарсмæ
куы рахызт, уæд кæй не ’рлæууыд
йæ зæрдыл, нæ йæ хъуыдис ардæм
тагъд кæнын. Ныр уддзæф бæргæ
иæхирдæм улæфыд, фæлæ тамако-
йы хъыхъхъаг тæф сырды æмбу-
Дæнтæ иу боны бонцаумæ дæр æр-
Цахсдзысты.
Хъæцдзæнис уал. Хæсты дуджы-
ИУ æнæхъæн къуыригæйтты куы баз-
задысты æнæ адыМинаг. Æз дæр,
къуыригæйтты...
Фæпырх сты зæронд лæджы хъуы-
дытæ. Æрбайрох дзы, кæм ис. Нал
хатыд, цы ми кæны. Æппæт дæр —
Знæт дон дæр, цырæгътыл хæцат
уагъылы дæр, йæ мидбылхудтныу-
уромæг мугæ дæр, кафæг бæлæстæ
дæр... кастысты йæм ныеы хуызæн,
æнæзмæлгæ, æнæсым... Æмæ уьшы
алæмæты нывы хъæдæй кафгæ ра-
хызтысты къæбæлдзыгсы гал дзæ-
бидьфтæ. Фæзы рарæгъ сты сæ кæ-
рæдзийы фæдыл. Рацæуынц бар-
джынæй,, къæрцц-къæрцц цыдæй.
Сæ уырынгтæ сытыл рахæссынц ар-
вы цъæх. Уддзæф сын фасы сæ мыд-
гъуыз боцъотæ. Æрбагæппытæ код-
той дурæй-дурмæ, арæгъ-рæгъ сты
схъиугæ згъордæй уайæг, доны был
æмæ дзы фæцавтой сæ былтæ.
Цыма сæ дзы кæй фылдæр фæуа,
уый тыххæй сæ кæрæдзимæ ерыс
шодтой,, футтытæгæнгæ, фæнозтой-
зыдæй, стæй зивæггæнгæ аздæхтыс-
ты фæстæмæ. Сæ цыбыр тарбын-
гомау хъуын сæ буары змæлдймæ
йæхимидæг æрттывта, цыма Нар-
ты кадджыты, Гуымы комы саджы
цармау, сæ алы æрду дæр хицæн-
æвзагæй зарыди. Стæй, сæ разæй
чи цыдис, зына-нæзына иннæтæй
стырдæр чи уыд, уыцы Бурæхсæр-
фарс, йе ’мбæлттæй кæцыдæры йæ
разæй ахизгæ куы федта, уæд æй
срæхуыста йæ къæбæлдзыгæлвæст
æхсаргардæй.
Уый дæр æй не схаста йæ сæрмæ,
алæууыдысты сæ фæстаг къæхтыл,
æмæ сæ уæз æмæ сæ тыхæй атах-
тысты кæрæдзийы ныхмæ.
Бафæзмыдтой сæ иннæтæ дæр.
Фæлæ, доны был чи аззад, уый
йæ тугбадт цæстытæ ныццавта Пы-
симæ. Акаст йе ’мбæлттæм, ныдз-
дзагъыр та йæм ногæй.
Кастис æм зæронд лæг дæр. Кас-
тис æм æнæхин ирд цæстытæй. Фæ-
лæ сырд йæ сæр ныккодта мæсты
æнкъуыст, йæ къæбæлдзыг æхсар-
гæрдтæ ныттылдта æртхъирæнгæ-
нæгау, æмæ йе ’хситт æмæ дурæй
уæлбылмæ йе ссæррæтт баиу сты.
Быцæугæнджыты нырма фæнды-
дис сæ тыхы цæсты кæсын, фæлæ
сæ сырдон удыхъæдæй уыдысты
фæдисыл ахуыр, йæ фæстæ уымæн
агæппытæ кодтой зивæггæнгæ, æмæ
та алæмæты ныв базмæлыд фыц-
цагау—хиуа, сауцъиу, пысырайы
цъиу уыдысты сæ мæнæ-мæнæйыл,
Знæт дон, фынккалгæ, йæхи æп-
пæрста размæа уагъылы йæ судзгæ
21
цырæгътыл схæцыд бæрзонддæр,
мугæ йæ мидбылты кодта хъуызгæ
худт,. бæлæсты, кафæг бæлæсты,
цыма никуы æмæ ницы. уыдис сæ
симды кой...г
Фестъæлфыд, мæгуыр, зæронд
лæг дæр. Ие ’мпылд, зæронд уæнг-
тæ тадысты сусæны мæйы митын
дадайы уæнгтау æмæ буарæй пы-
султы ’хсæн, тæфласы вагæттау, сæ
кæрæдзи сырдтой хиды æртæхтæ.
«Хуыцау, дæ рын бахæрон...» —
сирвæзт дзы фырдисæй, æмæ йыл
цым, ома, лæг куы -базæронд дæ, уæд
уымæй диссагдæр никуы ницы фед-
тай, цым ныккалдта цым-цæссыг.
Фæлæ уæддæр Пысийы зæрдæ-
фысты н^икуы батæлфыд, ахæм дис-
саг,, æрдзы ахæм рæсугъд удтыл,
ма, заегъг^, искуы йæ цæст акъуырд-
та,гахæм хабар.
,,3зерæдтаей-иу хъуыста, сæ хæх-
бæст.ы, бирæ- кæй уыдис сæгтæ дæр,
сæгуыттæ дæр, дзæбидыртæ дæр,
фæлæ. то’ппы зынгæй иуæггай ба-
сыгъд сæ мыггаг. Уыдис сæ, алы
хæстыты аххос æй чи кодта, ахæм-
тæ.дæр. Чи та афтæ дзырдта, æрдз
иры/ æмæ уыдон дæр æндæр хæ-
тæнтæ,,агурæг фæцыдысты, зæгъгæ.,
Фæлæ дон йæ фыцц’аг фæд агу-
ры. Бацагуырдтой йæ уыдон дæр.
Æмæ зæронд лæг сулæфыд йæ
риуыдзаг. Сулæфыд æмæ фæхъус
Стæй та сулæфыд ногæй Ныр бы-
нрз.æйдæр, скъуыддзæгтæ-скъуыд-
дзæгтæй. И$ ’мбудæнтæ æргомæй
ахстой, сæгътæ цæумæ куы фæцæ-
уынц, уæд цы хъыхъхъаг, туаг тæф
фæкæнынц, уый.
«Цал , уыдысты?»—Пысийæн . йæ
хъуыды не ’рцахста сæ банымайын,
фæла\, йæ цæстыты нывау баззад,
дысæйттæй хæцгæ куыд кодтой, ия-
нæ та уымæ куыд каст.
«Амæйразмæ дæр фондз уыдыс-
ты,^—фестъæлфыд йæ зæрдæ-фмс-
ты._—Æмæ^ кæм сты сæ зæддæгтæ.
дæрчъытæ, сæныччытæ?»
Ацы хатт йæ зæры кары сагъæс-
тæн нал.бацис сæ бон, цæмæй йын
ныббырстаиккой йе стыр цин. Йæ
зæрдæ-фысты уыцы. рæсугъд удтæ
æмæ ’ йæ дызæрдыджы фарст —
«æмæ кæм сты сæ зæддæгтæ, дæр-
чъытæ, сæныччытæ»-йæ (?) дард-
дæр ницыуал тæлфыд.
Æхсæвæрафон хæдзармæ куы
’рхæццæ, Хъæбысон ыл куы стар
дзæгъдаец родта, д^с мардæрбахæ
22
ринаг галтæ сæхæдæг фыдæлты куы
бацагуырдтой сæ къæлæпæ, уæд
ма ды кæм дзæгъæлы ралли-бал-
ли кæныс, зæгъгæ, уæд ын йе
’лгъыст йæ хъусы иувæрсты дæр
уымæн ауагъта.
—Дзæбидыртæ федтон! Ныр дык-
каг хатт. Æнæхъæн... дзуг! Уыцы
уырынг, къæбæлдзыгсы гал дзæ-
бидыртæ..
—Цы?!
—Æмбæлттæ ма сын уыдзæнис.
Иубон дæ куыннæ акæнон мемæ...
—Æй, мæ фыд-фынтæ фæхæсс,
кæд гыццыл сынæллон нæ дæн, дзæ-
бидыртæ .никуы федтон!..—ус ыл
стылдта йе ’рмттæ æмæ зæронд лæг
бахаудта дисы: уæларт æмæ уæла-
рынгæй дарддæр æдылы къоппа йæ
къах æнæ Пыси куы микуы никæ-
дæм авæрдта, уæд мьт кæм феъта
дзæбидыр, зæгъгæ. Стæй уый сы-
вæллонæй у?
Фæрстæ дæр æй афтæ хъуамæ
бакодтаид, фæлæ Хъæбысон уымæ
нал хъуыста, æрдæгæхсæв балæу-
уыд сыхæгтæм, йе ’мкъайæ хъаст
кæныны æфсæнтты сын, ома, хæ-
дзары хъуыддæгтæ иууылдæр ме
уæхсчытыл æнцайынц, — дзырдта,
дзæбидыртæ йын кæй федта хъæ-
ды, æнæхъæн фондз дзæбидыры,
æмæ хабар айхъуыст Армауыл.
Æрмæст сæ кæм федта’, уымæ
байхъусынмæ нал æвдæлд сылгой-
ма’джы æмæ дзы дыккаг бон Пыси-
йæн фарстой йæхи.
Æнæхъæн Армауæй сæ цæуæнты
дзæбидыр никуыма ничи федта,
æмæ-иу сын хабар афтæ цингæнгæ,
афтæ лыстæггай райдыдта дзурын.
æмæ-иу сæ кæй уымæ кæронмæ
хъусынмæ не ’вдæлд, чи та-иу ын
æууæндгæ нал кодта йæ ныхасыл,
уымæн æмæ йæ хъуынджынхъус
Хъæссæй схынджылæггаг кодта:
уæдæ, дам, сæ фыццаг хатт цæмæн-
нæ загътай, мæлдзгуытæ, дам, сæ
куы бахордтаиккой, уымæй, дам,
сын гарстæ?
Зондцух Адай та Æлгъыст гал*
уаны хохмæ кæйдæр сæгъты суыд-
та æмæ, зæронд лæджы зæрдæ сса-
рыны тыххæй, йæ къæхты бынтæй
стъæлфæнтæ дæр хаудтой, афтæмæй
хъæумæ æрбахæццæ йæ хидкалгæ,
Пысийы дзæбидырты, дам, фенут.
Æз, дам, сæ банымадтон, фæлæ,
дам, сæ уæхæдæг дæр анымайут,
кæддæра æцæг фондз ц^ сты,
Æмæ йæм Амыраны цæлмондаг
дæр бауæндыд. Зæронд лæгмæ.
— Гъе, Пыси, ды искуы дзæби-
дыртæ куы зонис, уæд мæ акæнис
демæ, иу-дыууæ дзы æрфæлдахик-
кам, æмæ иуабонæй-иннæабонмæ
æнæхъæн хъæубæстæй физонджытæ
здух!
—Пу! Куыдз амæлæд ахæм ах-
сæны. Хæрæг цыма ахæм хæраг у.
Нозтæй дæр афтæ куыннæ судзид
йæ ахсæн,—бустæ-иу кодта йæхи-
нымæры Пыси.
Йæ рæстдзинад сæ нæ уырныд-
та уый тыххæй дæр, æмæ дам, дзæ-
бидыр къæбæрыл ахуыр цæукъа
нæу, адæймаджы алыварс нæ кафы.
Амыран та сын расыгæй, раджы
кæддæр, дам, чиныджы кастæн, сæ
фидæны цотыл хъуыды кæныны
рæстæджы гал дзæбидыртæ сæ кæ-
рæдзиимæ сыкъайæ мæлæтдзаг тох
кæй фæкæнынц, æмæ сæ чи фæтых-
джындæр вæййы, уый æдыхты ра-
суры дзугæй, йæхæдæг иннæтæн кæй
схицау вæййы, кæп сæ акæны йе-
мæ. Чи басæтты, уыдон хицæнæй
дæр фæхæрынц сæ кæрæдзи, уд-
уæлдай тох фæкæнынц, чи ма сæ
фæтыхджындæр уау ууыл, æмæ сæ
хъуыды нал фæахсы къæрцхъус уæ-
вын.
Фæлæ ахæм рæстæджы æрвонг
лæджы ныхасыл дæр ничиуал феу-
уæцды, æмæ Амыранмæ чи хъуыс-
та. Афтæмæй та-иу Хъæбысон, хъуы-
дис æви нæ хъуыдис, Пысийыл
акалдта йæ пырх:
— Зæронд лæг дæ, зæронд, зæры
бонмæ мауал ахæццæ уай, æмæ гæ-
ды ныхас дæ сæрмæ та куыд хæс-
сыс?! Иухатт та мын хæдцæугæ
фæйнæг ссардта æмæ йыл ахæсто-
ны балæууыд, — йæ зæрдыл-иу ын
æрлæууын кодта, кæддæр Хъæссæй
сусæгæй цы фæйнæг рацæйтеу-теу
кодта, уый Пыси йæ нозгджыиæй
аердæгæхсæв хæдцæугæ куыд фен-
хъæлдта, æмæ йыл куыд æпфъшæй,
афтæмæй къæрныхы ном й.тхиуып
куыд сбадтис, уыцы хабар.
Де знаг гæды зз^гъæд. Пыси йæ-
хæдæг дæр райдыдта йæхиуыл ды-
зæрдыг кæнын: ау, æцæг фын »Ьед-
та?
Æмæ йæм фынфенæджы хуызæн
Дæр кастис, фæлæ куыннæ хъуамæ
оаууæндыдаид йæхи дыууæ * цæс-
тыл? '’*
Бæрæггæнæг сæм ацыд сæрма-
гондæй. Дзæбидыртæм.
Ныр доны хæнт былмæ нал ба-
хъавыдис. Сæ цæст ыл кæдæм че
’рхæцыдаид, ахæм бынат равзæрс-
та. Йæхæдæг бандзыг, нал улæфыд,
афтæмæй архайдта, йæ алыварс цы-
дæриддæр цæуы, уыдонæй’ алы
хыпп, алы сыпп æрцахсыныл дæр.
Фæлæ йæ къæбæлдзыгсы дзæбй-
дыртæ, йæ рæсугъдтæ нæ æмæ нæ
зындысты, æмæ йæ райдыдта .ел-
хъивын йæ хæдоны хъуыр. Уый ра-
фтыдта, фæлæ æгæр хъарм койд
уыдис æмæ тæь-д кодта йæ зæрдæ.
Ноджы ма цымæ нскуы хиуа æмæ
сауцъиу баззадис(?), Пысийы алы-
варс сын бæласы хихæй дуры
къæрттыйонг уаринаг фесты, сæ
хиу-хиу æмæ сæ чыр-чырæй фæ-
хастой сæ хурхы уадындзты тæри-
гъæд.
Зæронд л-’егæн йæ къæхтæ æн-
дзыг кодтой йæ быны. Ау, æцæг йæ
цæстытыл уайгæ акодтой? Æмæ уæд
æнæмæнг сæ иу стырдæр, бурæх-
сæрфарс уыдаид? Кæд фын уыдис,
уæд æй дзы æрмæстдæр сæ иу цæ-
мæн федта, иннæтæ йæ цæмæннæ
æрхъуыды кодтой?
Алы хæццæ фарстытæ тæлфыдыс-
гы зæронд лæджы сæры, иæ йæ фæн-
дыдис йæхиуыл дызæрдыг кæнын,
фæлæ мæнгæй иæ акæнынц, адæм
дæ куырм куы схоной, уæд дæ иу
нæст бацъынд кæн. зæгъгæ.
Лæг нал æууæндыд йæхиуыл æмæ
йæ нал фæндыд искæй феныи, ис-
кæимæ æндæр хъуыддагыл сдзурын
дæр. Æгæрыстæмæй тæрсын рай-
дыдтз, йæ кæсдæртæй исчи горæ-
тæй куы ’рбацæуа, уый дæр куы
фехъуса хабар... Сæ мад та сын æус
æнæмæнг аппæлдзæнис.
Æмæ та дыккаг æви æртыккаг
бон ныхъхъуытты кодта йæ хæдзар,
йæ куыстытæ, Хъæбысонæн ницы
схъæр кодта, афтæмæй зымæгмæ
суг æрцæттæ кæныны æфсон балæу-
уыд Гуыбыр айнæджы бьш.
Ныр ма йын дзæбидыртыл хъуы-
ды кæнынæй дарддæр йæ зæрдæ
æхсынын райдыдта ноджыдæр иу
сагъæс: æцæг зæрæрдæм афтæ фæ-
къул æмæ цæстсайæнтæ райдыата
уынын? Нæ, нæ, уый æнæмæнг
хъуыдис базонын, æмæ ма дзæби-
дырты ногæй феныны ныфсы тагыл
йæ зæрдæ хъеллау кодта дыууæр-
&3
Фидарæй, тынг фидарæй аскъуыд-
дзаг кодта йæхныымæры, кæд ыл
хуыцау æцæгæй нæ рахæтыдис,
кæд ма зæры бонты йæ хур ракæ-
са, уæд сæ кæронмæ бауадздзæнис
дон баназын, сæ зæрдæты фаг фех-
снырсын, стæй сыл ныгъгъа-гъа
кæндзæн йæ хъæлæсыдзаг— сырдтæ
сты, æмæ цас фылдæр змæлой, уый
бæрц сæ амонд. Пыси та йæхи кæ-
нæ йæ хъæубæсты рæстдзинад ба-
зондзæнис.
Фæлæ ма’ ахæм рæстæджы хур
дæр ныгуылæнырдæм кæм фæтагъд
кæны, зæронд лæгæн та-иу, мæгуыр,
йæ уый размæ боны тæсæй, дзæби-
дыртæ дон нуазынмæ куынæуал ра-
хизойы тæсæй, рæстæгæй-рæстæгмæ
йæ иуæггай дæндæгтæ скъæрцц-
къæрцц кодтой сæ кæрæдзийыл...,
Æмæ æнæнхъæлæджы фæсатæг
æмæ фæрухсдæр сты хуры тынтæ,
бахудт æмæ мин-мин хъæлæсæй,
базарыд æрдз, Пысийы æнцъылд-
тæ цæсгомыл цыма исчи иту ауагъ-
та, хилæхгæд ауæдзтæ сæхæдæг нæ,
сæ хæмпæлтæ дæр цыма сæфгæ
æрбакодтой—Дзуары хъæды дзы-
хæй сæ кæрæдзийы фæдыл сæрыс-
тырæй рахызтысты уыцы буртар-
бынгомау рæсугъдтæ, сæ сæртыл
дыгай къухтæй рацæй хастой æл,-
вæст æхсаргæрдтæ, æцæг, сыл кæд
уыдис сыйæн дзæнгæрæг, æрдуйæн
мырмырджытæ, сæ алы фезмæлдæй
зарыдысты хицæн æвзæгтæй.
Ацы хатт Бурæхсæрфарс йæ сæр
хаста бæрзæнттыдæр, иннæтæй цыд
чысыл дæрццæгдæр. Раздæрæй
хъауджы ныр алæууыд былгæрон,
сæрыстырæй йæ цæст ахаста фæй-
нæрдæм, ныггæпп кодта стыр дуры
сæрмæ, хъавгæ нысмыста донмæ,
стæй дзы фæцавта йæ тæвд былтæ.
Уымæй чысыл дæлдæр, сæ кæрæ-
дзи схойгæ, арæгъ сты иннæтæ дæр.
. Пыси сæм каст, кастис сæм мид-
былхудгæ, хъарм цæстæнгасæй.
барста сын сæ дæргъ дæр æмæ сæ
уæрх дæр, афтæмæй фæхатыд... О,
куыд фæхатыд, сæ уырынг-къæбæл-
дзыг сытæ арвыл цы хафынц, се
схъæл къæхтæ къæдз кæнын ахуыр
кæй не сты, æцдæр фырфæлладæй
сæ уæрджытыл тыхæй кæй лæууынц;
фырыстонгæй сæ фæрстæ кæй бя-
хаудтой æмæ сын доны алы схъуырт-
тимæ. дæр æддæмæ кæй рахæцынц.
Лæджы зæрдыл æрбалæууыд
Амыраны ныхас, сæ тых, дам, фев-
24
зарынц, æмæ сæ нал вæййы кæрдæ-
джы хал ратоныны мæт. Йæ хъуЫ-
ды ахста, йæ хъæубæсты фыдæ-
нæн сыл ныр кæй у ныммæнæ-мæ-
нæ кæныны афон дæр, фена сын
се ’цæг æмбæхст сырдон рæсугъд-
дзинад, сæ тæлтæг фæтъæбæртт,
фæлæ сын ка’ст сæ сагъæсбадт цæс-
тытæм æмæ йæ хъуыды йæхицæй
кодта бындзытæ сурæгау, ныууады-
’с’ты йе ’фсæртæ; æцæгæй сæ кæй
уыны, ууыл æй фæндыд йæхи ноджы
тынгдæр баууæндын кæнын, æмæ
æвæзта йæ хъустæ, æууæрста йæ
цæстытæ, йæ зæрдæйы та худт йæ
хъæубæстыл ахæм цыкурайы фæрд-
гуытæм бакæсыны бæсты æдылы
ныхæстæ^чи кæны.
Æцæг, се ’ппæт нæ кодтой æдылы
ныхæстæ.
Пыси хъæумæ хабар фыцц’аг хап
куы ’рхаста, уæд магазингæс Дзы-
дзымур бæлцуаты уыд. Ныр куы
базыдта, лæг та йæ «фос» ногæй
банымадта, уæд æм бадзырдта ма-
газинмæ, рагуыбыр æм тæрхы сæр-
ты, фарста йæ, цал сты, цæййæстæ
уыдзысты, сæ сытæ цасы дæргъæн-
тæ хъуамæ уой...
Пысимæ ахæм хъусæг нæма фæ-
цис, æмæ йын, сыЕæллонау, цингæн-
гæ лæвæрдта къахджын, сыкъа-
лжын дзуапытæ, стæй та-иу æм ба-
каст.
Йæ цъупп былтæй тамако цъиргæ
гæрдиагæй кодта, фæлæ хуыйы дзьь
хы къуыбыо сфидаудзæнис, Дзы-
дзымуры дзыхы тамако—никуы,
уæддæр ын зæронд лæг йæ зæрдæ
тыгъта йæ разы, стæй йын фемдзаст,
йæ сылыйы цъ’ыртты хуызæн цъæх
цг°стытæ сæ къуырфыты куыд цыл-
лахъ кодтой фæйнæодæм, куыд ын
радысты цыдæр æмбæхст цинæй.
Æмæ зæронд лæгæн йе ’рфгуы-
тæ фæуæз кодтой йæ цæстытыл,
уæддæр схъылындз магазингæс.
—Æртæ хатты дæр сæ уыцы иу
ран федтай?
—Уыцы иу ран,—лæг нæма æм-
бæрста. цы дзурын æй хъæуы.
—Гуыбыр айнæджы тæккæ бын-
пу Дзуары хъæдыл дон нуазынмæ
ныххызтысты, нæ?
—Мæ мард фен...
—Цафсн-иу нуæзтой дон, зæгъыс?
—Галуадзынафонæй-иу... чысыл
аивгъуыдта,—Пыси зæрдæйæ ха-
тыд, ахæм лæмбынæг рафæрс-ба-
фæрс æмæ дзуаппыты сæр дзы ныр-
тæккæ бынтондæр кæй ницæмæн
хъуыдис, фæлæ йæ бон йæхиуыл
фæхæцын нал уыд æмæ райдыДта
тыхсын, уый дæр та куыннæ ба-
уырной...
Дзыдзымур дæр ыл уый тыххæй
фæдызæрдыг:
—Сайгæ мæ ма кæн?
Уый ма хъуыдис зæронд лæджы,
фæфæсмон кодта, йæ ныхæстæм ма
хатт чысыл къæдзилтæ æфтауын кæй
фæуарзы, уый тыххæй, сызæллонау,
ныззылын-мылынтæ. Иæхи скодта
бустæгæнæг:
—Афтæ цæмæн фæдзурут... Куыд
дæ сайын, гормон... Деттæ ма мын
тамако авæр.
—Оу, хынджылæг кодтон, ма
стыхс. Ацы горæттаг адæмæн лæг
ницы бамбардзæнис: мæ хисдæр,
Обылфæлхасцæдисы хисдæр, афтæ
бирæ уарзы сæгты, дзæбидырты
цæрмттæ æмæ сыкъатæ! . Къултыл
сæ бакæны, хъаматæ, æхсæнгæрзтæ
сыл æрцауындзы...
Дзыдзымур кодта тыххудт. Тых-
худт æмæ хин худт. Фæлæ йын хын-
джылæджы бакаст нæ уыдис. Лæ-
джы размæ дæр аслам «Астрæ»-йы
пачкæ уайтагъд уымæн баппæрста,
фæлæ Пыси æхцамæ куы нывнæлд-
та, уæд ыл бадиссæгтæ кодта:
—Ахæсс æй æнæаргъæй, уыцы ка-
печчытæм æрхаудтæн? Хæц!—фæ-
сагъта йын æй йæ къухы.
Чи, чи, фæлæ Дзыдзымур, гъап-
гъайдæр, не ’рхаудта уыцы капеч-
чытæм. Æрмæст, алкæмæн лæзæрт-
тæ кæны, уый дзы Пыси, уынгæ нæ,
хъусгæ дæр никуыма фæкодта. Æмæ
фефсæрм, иу пачкæ йын бæргæ би-
рæйы фаг нæ уыдис, фæлæ дзы фыл-
дæр райсын йæ цæсгом нал бахъæ-
цыд, ома, уыдон дæр мæ æнæар-
гъæй домы куы ахъуыды кæна.
—Уый маст у, фæлæ адджын цард
кæн,—ныллæууыд цомы къахыл.
Тамако дымгæ куы араст йæ хæ-
дзармæ, уæд фенцондæр йæ удæн—
хъæубæстæ хъæубæстæ сты, иу кæй-
Дæр дзы уæддæр бауырндзæнис дæ
уды рæстдзинад.
Фæлæ та дыккаг бон, сихорафон
магазинмæ зивæггæнгæ араст тама-
ко æлхæнынмæ.
Магазин уыд æхгæд.
Æвæццæгæн. Дзыдзымур сихор
хæры, æнхъæл ын уыдис, æмæ раз-
Дæхт фæстæмæ, фæлæ тамако ахуыр
куыдзы ахуырæй уæлдай нæу, хой-
раг хъуагæн та цы у тамако хъуа-
джы цур (?), чысыл фæстæдæр та
балæууыд магазины раз.
Армауы цы цæуы, уымæй Адайы
афæрс, йæ къух ауагъта, абон, дам,
Дзыдзымурæй пайда нал ис, æрдæ-
бон, дам, хъæдвæндагыл къæрныхы
уад фæцæй кодта.
Хохаг лæгæн йæ ацыд дæр æмæ
йе ’рбацыд дæр хъæдвæндæгтыл
вæййы, æмæ йын Пыси йæ ^ныхас
ауагъта йæ хъусы иувæрсты, фæлæ
йæ рæуджытæ æнæ тамакойы фæз-
дæг сыгъдæг уæлдæфæй хъьлдзы
кодтой æмæ та-иу Дзыдзымур æр-
балæууыд йæ зæрдыа.
«Хъæдвæпдагыл ^ъæрчыхы уад
цæмæн хъуамæ фæцæйкодтапд?»—
фестъæлфыд иурæстæджы.
Знон дæр цыдæр хин худтытæ,
хин фæ’рстытæ кодта. Тамакойы
æхца дзы нæ айста, цыма уæдæ æн-
дæр хатт куыд æрхауы пæрттойы
аргъмæ дæр...
Йæхи аппæрста Дзыдзымуртæм.
Магазингæсы рæсугъд æмкъай
акъуырдта йæ былтæ:
—Куыд кæм ис, йæ хъуыддæгты
фæдыл ын ацæуыны бар нæй?
—Хъæугæ мæ кодта.
—Районмæ ацыд,—ома, нæ кыхас
фестæм, баздæхт хæдзармæ.
Зæронд лæджы зæрдæ хатаг у,
базыдта Пыси, уыцы дæлгоммæ ми-
ты бын цыдæр куыдзы сæр ныгæд
ис, æмæ йæ хизынц уый цæстæй.
Ацагуырдта Адайы.
Уымæн дæр йæ сæр куыннæ фæ-
хъæуы, уæд адæймаджы къæхты
бын кæндзæнис, ныр зæххы скъуы-
ды аирвæзт.
Æмæ зæронд лæгæн йæ тас, йæ
гадзрахаты æнкъарæн, йæ маст’
атыдтой йæ хурхыуадындзтæ, йæ,
хыр-хыргæнгæ, хъæлæс азæлыд
хъæуыл:
—О-о, Адай!
—О-о!.. Мæнæ дæн, Пыси, мæ-
нæ!—хъæуы бын саппæй йæм æрба-
хæццæ удисгæ, мæгуыр.
—Дзыдзымур кæцы фæндагыл
фæцæйуад?
—Хъæды. Фæсрагъы фæндагыл.
ч —Йæ къухы ницы уыд?
—Иæ къухы?.. Мæ, гъа. Цыдæр...
Йæ аууон æмбæхста, цыма...
«Йе ’хсæнгарз...» — фæхæроæтт
кодта зæронд лæджы зæодæ. Æнæ-
хъæн комбæстæ йын æй зыдтой—
дыууæ лулæйы сæ кæрæдзийы сæ-
25
рьтл, цъиуы цæст дзы нæ фæиртæс-
Дзынæ. Пыси дыккаг ахæм никæй-
:ма къухы федта.
— Куыдзы æфтыддаг... — ныррызт
’сæрæй къæхтыбынмæ.
Йæхи аппæрста хъæдвæндагыл.
—Цы мард дыл æрцыд, кæдæм
фæдис кæныс?—Хъæбысон рауад
йæ фæдыл, фæлæ йæм уый кæсгæ
дæр нал фæкодта.
—Пуци, пуци, пуци...—уайгæ-уа-
йын йæ куы’дзмæ сидт хус хъæлæ-
сæй.
Муртуз æмæ Адай дæр фæцагайд-
той йæ фæдыл.
Фæсрагъы фæндаг ныры хуызæн
хæрд, дурджын æмæ даргъ никуы-
ма фæкаст Пысимæ. Иæ уæрджытæ
дон кодтой, йæ цыргъбырынкъ чы-
сайнаг къоходзитæн цыма бынтæ
дæр нал уыдис—дурты цыргъытæ
ныхстысты йæ къæхты, фæлæ йæ
фæлмбадт цæстытыл, фын фенæгау,
уадысты уыцы хуыцауысконд æнæ-
азым удтæ, уыцы къæбæлдзыгсы
цыкурайы фæрдгуытæ. Бурæхсæр-
фарс сæ разæй, се ’лвæст æхсар-
гæрдтимæ Дзуары хъæды сæ кæрæ-
дзийы фæдыл, паддзахы афицертау,
рацæуынц ’ къæрцц-къæрццгæнгæ;
доны уыцы фарсæй сæм Дзыдзы-
муры фыдырдæмæздыхт æхсæнгарз
ныццавта йæ куырм цæстытæ...
Фæсрагъы уырдыг сын уалдзыгон
боны хуры ракастау уыдис, æмæ та
мæгуыр Адайы дæр фæцис афæр-
сыны бон:
—Исты марæм?
—Хъæддаг сырд,—гуым-гуым код-
та Пыси.
—Кæм ис?—мæгуыр Адайы куыд
фæндыдис, цы сырды мыггаджы ту-
гæй уадздзысты ’сæ зæрдæты дой-
ны, уый базонын (!), æмæ хæстæв-
вонг куыд уа, аивæй йæ дзыппыты,
Пыси йæ куыннæ федтаид, тымбыл
кодта дуртæ.
Фæндыдис Пысийы дæр, куы йын
бамбарын кодтаид, хъæддаг сырд
лыскъуд адæймаджы риуы кæй
фæбады æмæ йæ кæй фессы кæны
дун-дунейы æдхъæдтæ, æддуртæ
аныхъхъуырыныл, фæлæ æхгæдтой
йе сулæфæнтæ. Иæ фæллад суадзæд
та йын нæ уыд.
Знæт донмæ ныххæццæ сты.
Ныр дæлæ Дзуар, Гуыбыр айнæг,
фæлæ сæ разы слæууыд æнæрайы
пыхсбын хъæд. Дзуары тæсæй йæм
фæрæты ком никуы 0ахæццæ æмæ
дзы Муртуз дæр æнцонæй нæ абыр-
дзæн. Хъæдвæндаг та ныззылд йæ
алыварс, уырдыг у, фæлæ йыл уы
цы фæлладæй хурныгуылдмæ дæр
цыд нал фæуыдзысты.
Хур та куыд тагъд кодта ныгуы-
лæнмæ! Оу, куыд тагъд кодта, куыд
туджы зылд!..
Зæронд лæгæн рызтысты йæ уæр-
джытæ. Рызтис йæхæдæг дæр.
Кæд нæма... Уæддæр аныр-ауæд...
Аныр-ауæд... Уымæн та байсыст йæ
хъару.
Ау, æцæг сæм сисдзæнис йæ къух?
Ау, фæтых ыл уыдзæнис, йæ уд ын
цы хъæддаг сырд æхсыны, уый?
Пыси йæ ризгæ æрмттæй йæ дзы-
хæй цæггонд ацарæзта... Кæд хъæ-
рæй фæтæрсиккой... Кæд...
- «Нæ!»—фестъæлфыд йæ хъуыды-
йы.
Кæд Дзуары хъæдмæ раирвæз-
тысты, уæд сæ хъæр ноджы фæсте-
йæ фæтæрсын кæндзæнис æмæ ха-
уынц куыдзы хъæлæсы.
Знæт донæн йæ ном йæ уæлæ ис,
фæлæ фæззыгон йæхи æрæмбары,
фæсабыр вæййы, уæддæр йæ сыр-
сыр, йæ цыллахъ-мыллахъмæ зæ-
ронд лæджы фæиппæрд кодта йæ
хъуыдытæй.
«Кæд Дзуары бæлæсты бынмæ
раирвæзтысты...»
Лæг нал ахста бæлвырд, цы ара-
зы æмæ йæ цы аразын хъуыд. Иæ
пысултæ ласта ризгæ æнгуылдзтæц.
Урс хъуымацын мидæггæгты дард-
мæ зынд донласт Уастырджийы
æнгæсæй.
—Кæсаг ахсæм?—Адай фæфæс-
мон кодта, йæ дзыппыты цы дуртæ
фескъæфта, уыдоныл.
—О,—лæг ын пысултæ фæсагъ-
та йæ къухы.—Хъæдвæндагыл Мур-
тузимæ ныййарц ут æмæ Дзуары
хъæды балæуут.
—Уазал дæ бацæудзæнис... хидæй-
дзагæй,—батыхст Адай.
—Тагъд!
—Муртуз, Муртуз, Муртуз...—
Адай ныббызырттæг хъæдвæндагыл.
Лæг æвзонгæй æвзæр нæ ленк
кодта, йæ удæй йæ уыдис ныфс,
фæлæ донæн, Знæт донæн дæр афтæ
уазал æнхъæл никуы уыд. Уæнг-
тæй цавта сæрмæ, зæронд лæг уæд-
дæр.йæхи æппæрста размæ. Раз-
мæ... къæбæлдзыгсы цыкурайы
фæрдгуытæм... Дзыдзымуры фыды*
?6
рдæмыздыхст æхсæнгарзы куырм
нæмгуыты ныхмæ...
Муртуз Адайы фæдыл нæ алыгъд.
Былæй-иу къутæрты ’хсæнты йæ
цæст андæгъд Пысийыл æмæ та-иу
дæлдæрты фæцис йæ размæ.
Лæг хатыд, уазал хизы йæ хуыл-
- фмæ, йе уæнгтæ йæхи фæндиаг нал
кастысты йæ коммæ, фæлæ суыдта,
дзæбидыртæ-иу донмæ цы былæй
æргæпп кодтой, уый, æмæ йыл нын-
дæгъд цæстæнгасæй. ÆлЕасы йæм
йæхи... Хъавы йæм къахæй базгъо-
рынмæ... Тагъддæр былгæроныл фæ-
хæст уæвынмæ...
Фæлæ, о, зæронд цы хуыцауы хай
æрымысыд!.. Йæ мидæггæгтæ дæр
гипсау, ныхъхъæбæр сты йе уæнг-
тыл æмæ ма тыхмитæ цы кодта,
æндæр сæ йæ бон нал уыдис фез-
мæлын кæнын.
Муртуз ауыдта, йæ иузæрдыг хи-
цауæн дон куыд акæльг йæ сæрты,
куыд æй аскъæфы йæ разæй, æмæ
та йæм асæррæтт кодта тымбылæй.
Фæхæст ын йæ хæдоны дысыл. Ла-
сы йæ æддæмæ.
Зæронд лæджы къæхтæ быры-
дысты лæгъзбын дойнаг дуртыл,
фæлæ кæронмæ куы феввахс, уæд
лæгбæрзæндæй йæхи уыцы æппæрст
акодта Дзуары хъæдырдæм æмæ
дыууæ къухæй ацахста нæубыл.
Ахаста йæм йæ риу...
Иæ цæстытыл бадт фæлмгонд,
Армауы сæрмæ, къæдзæхы ти-
гъыл, карды балыгау, фæзбынатæй
зынынц фыдæлтыккон галуаны
пырхæнтæ. Йе ’рдæгпырх мæсгуы-
ты дурын систæ кæсынц зæронд лæ-
джы иуæггай, ихсыд, кæлмхæрд
дæндæгты фидыцæн. Ноджы пырх-
дæр та—айнæджы фахсыл æм кæд-
Дæр, залиаг калмау, зылын-мылын-
гæнгæ цы нарæг асин хылдис, уый.
—Æнæ схизгæ мын æм нæй,—
аскъуыддзаг кодтон.
Пыси каст зæхмæ. Хъуыды код-
та цæуьглдæр, æмæ йæ хъуыды-
Джын урс æрфгуытæ йæ цæстытыл
æрфæлдæхтысты, митæмбæрзт цъы-
хыры къонатау. Ныр мæм сæ бын-
ты æрбакастт зулмае,
дон лæсæнтæ кодта йæ цæсгомылт
фæлæ хорз уыдта, Дзуары хъæды
нæууы тæккæ астæу уырынг-къæ-
бæлдзыгсы дзæбидыртæ куыд баз-
задысты цавддуртау, куыд æм кас-
тысты дисгæнгæ. Стæй, Муртуз уæл-
былмæ куы сгæпп ласта, уæд ных-
ситт кодтой, се ’лЕæст æхсаргæрд-
тæ авæрдтой сæ фæтæн синтыл æмæ„
æхст фæттау, æрбайсæфтысты хъæ-
ды.
Муртуз фæтарст æмæ йæ къæ-
дзил фæцавта йæ сагæхсты.
—Пыси... Сæрра дæ?.. Цы ми кæ-
ныс?..—фæстейæ доны уыцы фарсæй
йæ хъус ахста Дзыдзымуры тарст
хъæлæс. Йæ дæндæгтæ кæрæдзийыл
хойгæ дон-дон фæцæйуад дæлæмæ
иу хъæд-хидмæ.
—Пыси-и!.. Фæхæццæ кæнын Дзуа-
ры хъæдмæ-æ!.. — Адай йын цины
хъæргæнгæ йæ пысултæ скъæфта йæ
размæ.
Фæлæ йæ ницыуал æндæвта, æр-
мæст йæ цæстыты раз лæууыдысты,
уырынг-къæбæлдзыгсы дзæбидыртæ
сæхи æмбæрц куыд айвæзтысты,
уæлдæфы куыд фæцæйтахтысты
хъæдмæ, æмæ йе ’нцъылдтæ уадул-
тыл уадысты йæ цæссыгтæ.
Муртуз та йын æфсæрмгæнгæ, ома,
дæ амæттæгтæм уыцы удыскъуыдæй
фæтагъд кодтай æмæ дын сæ не
’рцахстон, йæ хъарм æвзагæй астæр-
астæр кодта йе ’нæдаст уадул.
1986 аз, 20—22 январь.
—Æлгъыст галуанмæ схизын нæ
фæччы,—бакодта.
Стæй мын радзырдта ацы тау-
рæгъ.
Ацы комбæсты кæддæр цард иу
хъæздыг æлдар. Фыдлæг уыд. Æниу,
æлдарæй та хорз кæд фехъуыстай,
— кæм ис, уым авд дæлдзæх ных-
хауæд,—фыдлæгæн та бирæ фыд-
тæ æнтысы, æмæ кæд стыр æмæ
тыхджын мыггаджы сæргъ лæууыд,
кæдуæды заманы адæймагæн фыл-
дæр мыггаджы бæрц æмæ бар-
хъомысæй аргъчындæуыд, уæддæр
уый йæхи тых, йæ фосрæгъæуттæ,
йæ бæхрæгъæуттæ* йæ сыгъзæрин
хъуырæутты цæсты кастисдæр, йæ
мыггаг дæр æм сабийæ—зæрондмæ
дæлейæ — уæлæмæ куы дзынæзта-
ÆЛГЪЫСТ ГАЛУАН
27
иккой, афтæ йæ фæндыд йæ мид-
зæрдæйы.
лхæмтæн сæ удты расмпæг куыд
фехсыны, сæ зæрдæтæ хъылмайæ
куыд фæйедзаг кæнынц, уый та зон-
гæ у цъæх къæдзæхтæн. Мæнгард
хъуыддæгтæ сын цас фентысы,—
оу, цас сын фентысы(!),—уый æр-
мæстдæр адæмы рагъ фæзоны.
Айнæджы фарсыл фистæг лæг
тыхæй бырыд. Уый йæм цагъартæ,
сау адæм, фæрссаг адæм æмæ мыг-
гаджы фæсивæдæн фæндаг скæр-
дын кодта. 0, скæрдын кодта, цыхт
фæрсылдарæн кардæй куыд кæр-
дай, афтæ. Уый та æнцон кæм уы-
даид. Суадон кæцæй хъардта, уым,
карды балыгау, цалдæр мусуаты
бæрц, байста айнæджы тигъ, суагъ- .
та дзы галуан. Æмæ галуан дæр
галуаны хуызæн уыдзæнис, уæд цæ-
мæннæ, фæлæ дзы нæ Иры дзыхъ-
хъы ахæм, цæстæй дæр никуыма
ничи федта, йæ кой йын никуыма
ничи фехъуыста.
Кусæг адæм, кусæг фосæй чи
куыд æдыхдæр разыны, афтæ фыд-
æвзарæны фыццаг уыдон ацæвынц
сæ уæрджытæ сæ быны. Ам дæр,
мæгуыр, кодтой уыргæфтыд, цар-
дыскъуыд. Уый та сыл бæрзондэёй
ныллæгмæ худæгæй мардис.
Худтис йе ’ргъæу галуаны цинæй,
фæлæ йæ сау зæрдæйы сау фæнд
уагъта сау пиллон.
Стыр куывд дзы куы ныззылдта,
адæмы æнæхъæн къуыри фынгæй
сыстын куыннæ бауагъта, § уæд йæ-
хæдæг та йæ хъузæттимæ талынг
ныккæнды талынг хъуыдытæ æмæ
фыдтæрхæттыл уыдис, йæ зæрдæ
йын сау маст æхсыдта...
Стæй куывды къуырийы бон йæ
галуанаразæг æрмдæсныты номыл
дзæбидырæй расидт сæрмагонд га-
джидау æмæ сæ афарста мидбыл-
худгæ:
—Раст зæгъут, мæ галуанæй
хуыздæр саразын ма бауаид уæ бон?
Адæймагæн-иу бæргæ хуыцауæй
ахæм амонд куы уаид лæвæрд, æмæ-
иу йæ ныхыфыст кæсынмæ куы
арæхсид, фæлæ сыгъдæгзæрдæ уд-
гоймаг искæй цæстыты дæр сыгъ-
дæг фæндтæ фæуыны, æрцæуæггаг
æрмдæснытæ дæр хæлар зæрдæйæ
фæкуыстой, сæ дзуапп дæр æргом
уымæн уыд:
— Рæдыд куысты кæрон æргом-
дæрæй фæзыны: дæ галуанæй хуыз-
дæр саразын нын никæмæн ма бан-
тыст, фæлæ фæхуьиздæргæнæн ал-
цæмæн дæр ис.
Æргом дзырды къæм нæй, уаеу-
уаг уый у,- алчи йæ кæй нæ фæуар-
зы: æлдарæн развæлгъау алцыдæр
карст æмæ лыггонд уыдис, æмæ йе
’рфгуытæ уый бæрц нæ фелхынцъ
сты, йæ сау зæрдæ йын сау калм
йæ марг æвзагæй куыд ныррæхуыс-
та — куыд ис уый гæнæн, искæмæн
хуыздæр галуан уа?!
Уæддæр сын сæ куыст-мызд ба-
нымадта уæлдайджынтæй, афæнда-
раст сæ кодта, мидбылхудгæйæ,
фæлæ дозтджын уыдис, нозт та,
теман голладжы куыд не ’мбæхсы,
уыйау йæхиуыл фæхæцын нæ зоны,
æмæ йыл цыд гадзрахатæй: йæ уа-
зал мидбылхудт, æмæ йе знæт цæс-
тæнгас йæ тар цæсгомыл кæй сал-
дысты, уый цы рахатын хъуыдис,
хорз æй чи зыдта, уыдонæн.
Иæ аххосаг ын æнхъæлдтой, йæ
фыды ’бирæ мулк иу галуаны тых-
хæй кæй ныддымдта, уый, фæлæ цал-
дæр бонмæ æнæхъæн комбæстыл ай-
хъуыст^ æлдары æрмдæснытæ сæ
хæдзæрттæй ацу æмæ ма ’рцуйы
фæндагыл цыд кæй фесты, сæ
куыст-мызд та зæххы скъуыды кæй
æрбайсæфт.
Æлдар æлдар у æмæ йæ бон фæ-
калы. Уый дæр йæ сырх бæрзæй
уымæн не ’ркъул кодта, йе змæст
цæстæнгас хъæбыстæ, пъатæ кæ-
нынæй уымæн нал æфсæст йе стæ-
хынæввонг галуанæн — ныр æн-
дæр ахæм зæххы цъарыл йæ цæс-
ты зулæй дæр ничиуал фендзæнис,
— уымæн дзырдта, уый сæ æдкуыст-
мызд кæй бафтыдта сæ фæндагыл,
йæхæдæг та йæ фæрныг галуаны
къæсæрæй йæ къах дæр кæй нæма
раЕæрдта.
Æмбисонд Хъарсьг фидар у, уы-
мæн та æвдисæнтæй фылдæр цы
уыдис.
Ноджы, туг тыхджын кæм нæу.
Уый та, куы ма йæ загътон, тых-
джын мыггагæй уыд, тыхджын мыг-
гагимæ та фæндаггонæй хæрхæм-
бæлд фæуын дæр никæй фæнды
æмæ алчи, стырдæр фыдтæй тæрс-
гæйæ, йæ дзыхыл сæвæрдта цъутта.
Фæлæ фыдлæг бирæ цæмæйдæр-
ты фыд вæййы: йæ цъаммао зæр-
дæ та; йын, æдылы куыдзау, йе згæ
дсзндæгтæй æхсынын райдыдта ног
28
катай—йæ къуымтæ та тыхнад куыд
ныккæна фæллæйттæй?
Йæ цæст æрæнцад йæ иунæг,
бæрзуисау, рæхснæг, чызгау, фи-
дауцджын лæппу-бындарыл æмæ
бахудт.
Хохæн уыцы фарс цард æндæр
уæздан. Иæ фæллæйттæн дæр нæ
уыд æфснайæн, йæ фосы дзугтæ,
рæгъæуттæ æмæ быдыртыл цæст не
лхæссыд, йæ цард йæ къахæй ас-
сон-ассон ’ кодта, фæлæ хуыцауæй
æлгъыст уыд: цоты номыл цы иу-
нæг чызг-бындар равдыста, уый
дæр’ хъысмæты фыдæй сабийæ фæс-
тæмæ мæллæг хаста æмæ стырæй
йæ бон халы сæрты æдæрсгæ ахи-
зын нал уыд—рæуджытыниз æй йæ
зæрдæйы фæндиаг. чындздзон чыз-
гау, ацæуын, æрбацæуын никуы ба-
уагъта, афтæмæй, йæ къæхты бын-
мæ кæсгæйæ, тыдта йæ чызгон бон-
тæ. Усгуртæ йын йæ фæллæйттæм
бæргæ стæрдтой сæ былтæ, фæлæ
уд адджын у, се онджы мигъ бад-
тис йæ низæй, æмæ Æлдараты
рувас хохæй быдырмæ куыд тавта
йæхи, афтæ-иу æм дардæй фæны-
вæстой сæ фæндтæ, стæй-иу асенк
кодтой сæ фæндæгтыл.
Йæ фыды фæллæйттыл иунæг
чызгæн кæй цæуы йæ бон. йæ ирæд
йæ чызгон лæвæртты цур рыг дæр
кæй не скалдзæнис, уый амонын
нæ хъуыд Армауы æлдарæп, гæ
рихи зулмæ уьпмæн здыхта.
Фæдзырдта йæ фыртмæ дæр:
—Лæппу, дæхи сыстæрынафон
дын у, æвæдза. Ныр усгур лæппу
дæ.
Æмæ, æцæгдæр, уыцы хуыцау-
æхсæв йæ минæвæрттæ сæмбæлды-
сты сæ фысымтыл.
Дзырдтой, чызг, дам, кæмдæр йæ-
химæ марæн кæрдтæ хаста, мæнæн
чындзы нæугæйæ нæу, мæ царды
фæстаг бонтæ мæ фыды уæзæгыл
Дæр батондзынæн, зæгъгæ. Цæмæй
зыдта, мæгуыр, фыд дæр уымæн
кæи тарст: нæ Ирбæсты, Быценты
мыггагау, фидис нæ хæссынц, æмæ-
ИУ æрвыл райсом дæр йæ зæрдæйы
[æртт-гæртмæ райхъал, исчи йын,
иæ иунæг чызг-бындар йæ фыды
Уæзæгыл кæй æфтауы йæ дæндаг,
Уыи иæ цæстмæ куы бадара, мыййаг.
Хатт кæрæфзæрдæ адæймаджы
фæндтæ фæтулынцдæр—æндæр йо
нахъом фыртæн стыр фæллæйтти-
мæ æмкъайæн куыд æркодта абад-
гæ, рынчын чызджы.
Æнамонд чындзы цы уд бацыд,
уыцы хъæфс-хъæфсгæнаг уæнгты
цы цæссыджы дзæкултæ æмбæхст
разынд,(!) цыма, мыдадзын цыра-
гъау, æд стджытæ тайгæ кодта,
æмæ йæхæдæг йæ мæрдвæлурс уа-
дултыл фæрдытгай тылдис... Хæ-
рамзæрдæ æлдар та йæ дурын гал-
уаны йæ фæллæйтты цинæй диди-
нæг æфтыдта.
Стæй чызгæмбæлттæ æмæ хуын-
дзæуттæ æрцагуырдтой сæ фæрныг
хæдзæрттæ.
Сиахсы дæр, æгъдаумæ гæсгæ
барвыстой йе ’мкъайы мæсыгмæ,
уæдæ цы уыдаид, æмæ цырагъы
дыдзы рухсмæ чызджы, гæдыхъæ-
дау, ризгæ ауыдта талынг къуымы.
Фырадæргæй, мæгуырæг, ныцъцъæх
сты йæ былтæ, йæ дыууæ цæсты сæ
къуырфыты кодтой тасы æпттывд.
Лæппу йын йæ сонтæй не ’мбæрс-
та йæ зæрдæйы тас, йе ’взонг туг
цæвæнтæ кодта йæ риуы, йæ мон-
цытæ йыл тых кодтой, ластой йæ
сæ фæдыл æмæ чызгмæ цыд сабы-
ргай.
Чызгæн йæ ризгæ уæрджытæ
фесты йæ быны, йæхи æхсадта йæ
цæссыгæй, лæгъстæ кодта йе ’взонг
æмкъайæн, дæхи ма фесаф, дæ уд-
хæссæгмæ дæхи къахæй ма ’рбацу,
сæгъгæ.
—Дæумæ чындзы фæцæуын... Дæу
дæр мæ низæй фæхъæстæ кæныньт
бæсты... разы уыдтæн мæлæтыл...
Фæлæ уд зынаргъ у, дæ уды низтæ
бахæрон... Дæ ныфсæй ма лæууын
мæ къæхтыл...
Авæзта йын йæ хъуырыцъар, мæ
царды фæстаг бонтæ, дам, мын ма
байс, æфсымæр æмæ хойы цард
кæнæм...
Æфсымæр æмæ хойы цард!..
Фæлæ тæЕДтуг лæппуйы раз йæ
зонгуытыл лæууыдис тасгæгуыр,
фæлурс æмæ рохсдзаст зæды хуы-
зæнæй, æмæ йын нал ахста йæ дзыр-
дты хъуыды: цæй низ, цæй мæлæт,
цæй уд, цæй хо æмæ æфсымæры
кой кæны?! Сывæллон æнхъæл мын
у, сайынмæ мæ хъавы, фестъæлфыд
йæ сæры, æмæ йыл уырдæм, фæр-
анкау, ныздыхта йæхи.
Базыдта æнамонд чызг, ныхы-
фыстæй йын нал ис фæлидзæн, йæ
низ хъуамæ бахæца лæппуйыл, фес-
та сæ дыууæйы удхор даер.
29
Донласт сындзкъутæрыл куь!д
фæхæст уа, уыйау йæ цæстæнгас
андæгъд лæппуйы фарсыл ауыгъд
хъамайыл, æмæ ныррызт сæрæй
къæхты бынмæ...
Куыд ын æй фелвæста, уый нæ
базыдта лæппу, фæлæ йын йæ хъус-
тæ айгæрстой чызджы сонт цъæх-
ахст. Æмæ йын йæ риуыл, йæ урс
цыллæ къабайыл хъамайы фæрсты
сырх-сырхид туг, æрлæсæнгæнгæ,
куы ауыдта, уæд фыртæсæй нык-
кодта цæф стайы ниуд...
Нæ чысыл зæхх бирæ фыдтæ
федта, бирæ тæригъæдтæ бавзæрс-
та, фæлæ мардыл æгасы ничи ивы.
Цы ’рцыдис, уымæн дæр æнæныф-
фæразгæ нал уыд. Чызджы уд йæ
фыды зæххыл бафтауæм, зæгъгæ,
ууыл ма цыдис дзырд, фæлæ æлдар
уæдмæ æппæт дæр æрбæрстытæ
кодта æмæ йæ хъуырмæ бахаста
марæн кæрдтæ—уый мæ удæгасæй
куыд хъавут баныгæнынмæ, мæ иу
мард мын дывæр цæмæн кæнут,
кæдæм мын хъавут ме \дзард чын-
дзы аласынмæ, нырма йæм кæсы-
нæй дæр куыннæ бафсæ’стæн.
Йæ мæрдджын, йæ фыдохы ба-
каггæй йын тарстысты адæм æмæ
сæ йæ ныфс ничи хаста йæ ныхмæ
сдзурын. Иæхицæн та йын йæ зæр-
дæмæ сау кæлмытæ æвнæлдтбй —
уæд чызджы бирæ чындздзон дзау-
мæтты кой дæр хъуамæ скодтаик-
кой, æмæ мард кадимæ бавæрдта,
йæ иунæг æнахъом фырты та сау
куырæт, сау цухъхьа, сау уæлдзарм
худ æмæ месты сфæлыста, афтæ-
мæй йæ барвыста, чызг йæхимæ йæ
къух кæм систа, уыцы мæсыгмæ.
Ьарвыста йæ ахæм дзырдæй, ныр
æз, мæ амонд кæм басыгъд, уырды-
гæй рацæуинаг нал дæн, зæгъгæ.
Æвзонг лæппу йе уæнгтæ нал ай-
тынг кодта сæхи бар— йе ’дзард
æмкъайы тарст цæстытæ йæм цыма
æппынæдзух талынг къуымæй кас-
тысты, æмæ æхсæв уыдонæй стъæл-
фыд, бон—йæ фыды хъуынджын
æрфгуыты æлхынцъæй, афтæмæй
тыдта йæ бонтæ, стæй фæцахуыр
йæ ныхыфыстыл, байрох дзы цин
кæнын, кафын, зарын, йæ къах æй
нал хаста адæмы ’хсæнмæ. Бонтæ,
азтæ та цыдысты сæ кæрæдзи ив-
гæ, фæлæ сын, уый ферох кодта сæ
нымæц.
Иурайсом æм лæггадгæнæг лæппу
бахаста æнæнхъæлæджы хабар:
—Дæ фыд даем ДзурЫ.
Ахæм уацтыл нал уыдис ахуыр
æмæ фыды размæ уымæн бараст
æмпылд, сæркъулæй.
Фыд ын каст йе ’лвæст уæнгтæ,
йæ сау-сауид боцъотæм æмæ хъæл-
дзæг мидбылхудт хъазыд йæ рихи-
тæ æмæ хъуынджын æрфгуытыл.
—Лæппу, дæхимæ æркæс. Дæ
боцъо æрцараз. Фаг у саутæ дары-
нæн. Тæккæ райсом нæ дард æр-
вадæлтæм стыр куыидмæ хъуамæ
ацæуæм. Цыты хонджытæ нæм уы-
дис,—йæ фырты адæмæн равдисы-
ны фæнд цæмæн скодта, уый иунæг
^хуыцауæй дарддæр ничиуал базыд-
та, фæлæ, æзæццæгæн, йе ’дзард
чындзы фæллæйттæн нал тарст
фæстæмæ аздахынæй. Дыккаг рай-
сом лæппу урс куырæт, урс цухъ-
хъа, урс бухархуд, æвзист рон æмæ
хъама йæ уæлæ, афтæмæй урс æф-
сургъыл куы бабадт, уæд цæсты
тигътæ иста.
Сæ цæст ыл уымæн æрæвæрдтой
куывды адæм дæр. Сæ сæрты каст
сæрджын сагау. Уæддæр сыл рай-
вæз-байвæз кодта йæ цæстæнгас.
Уыйбæрц адæм æргомзæрдæйæ зо-
нынц цин кæнын, уый дзы байрох,
æмæ йæхи фыны, аргъæутты бæс-
тæйы æнхъæлдта. Стæй чызджыты
астæу фемдзаст иу тæлмуисæнгæс,
саудзалыг, къæлæсæрфыг чызгмæ
æмæ фефсæрм, йæ цæстæнгас ацав-
та зæххы.
Йе уæнгты хъал кодта йе ’взонг,
абухгæ туг æмæ дзы фæтарст: «Цы
кодта? Цæмæннæуал æй фæнды
зæххыл лæууын?»
Иæ фыды ацагуырдта цæстæнга-
сæй, фæлæ уый, куыддæр æрбахæц-
цæ сты, афтæ акодтой хисдæрты
цурмæ, лæппу аззад йе ’нæзонгæ
æрвадæлты цур æмæ ноджы ба-
тыхст.
Ногæй та фемдзаст чызгмæ. Иæ
нарæг астæуы тасæнтæ, йæ судзгæ
цæстæнгасы æхсгæ ч<æстытæй йæ
бон нал уыд йæхи атоюын.
Йæхи йæм æрбаппæрста чызджы
цæстæнгас дæр.
Уалынмæ ныццагъта фæндыр.
Æнæрцæф фæсивæд къах-къухтыл
асимдтой сæ кæрæдзийы фæдыл æма
фæбæрзонддæр сты лæппуйы уæнг-
тæ. Симгæ-симын-иу йæ сæрыл
бæрзонд куыд схæцыд, йæ къæхтæ-
иу куыд айста, æппæт уыдæттæ ног
кодтой йæ зæрдæ-фысты, æмæ уæнг-
30
1«ё сæ&ймйда&г райдыдтой хæлбурцъ
кæнын, йæ риу ноджыдæр рацыд
размæ.
Адæймагæн ныхыфыстæй нæй фæ-
лидзæн, æндæра лæппу æмæ чызг-
мæ кафыны рад æнæмæнг иумæ
хъуамæ æрхаудаид. Æниу, кафгæ
цы, ома, зæххыл дæр нал хæцæм,
мигъты къуыбылæйттыл кафæм,
афтæ сæм каст. Сæ цæстæнгæстæ-
иу сæ кæрæдзийыл, æхсæвы тар
гуыбын айгæрдæг прожектортау,
сæхи скъуырдтой æмæ та-иу ныдз-
дзынæзтой сæ уарзтмонц удтæ. Ны-
хас кодтой цæстæнгасæй:
«—О зæдæнвиц, кæм мигъты ау-
уон æмбæхстæ?»
«—Æнæзонгæ уазæг, куыд къæй-
ных æмæ æргомдзырд дæ?»
«—Де ’рфгуыты æлхынцъ мын ма
фенын кæн, мæ зæрдæ фæрсчытæ
фæхаудзæнис».
«—Ме ’рфгуыты æлхынцъыл фыц-
цаг фæкæлид нæ мыггаджы сагсур-
ты цæстæнгас, æмæ хурмæ цæхæр-
тæ акаликкой сæ сау хъаматæ».
«—Мæ амондæй хъамайæ ахи-
цæнкæнинаг нал дæн».
«—Æгæр тæвдтуг ма у...»
Лæппуйæн уыцы иунæг симд, уы-
цы цæстæнгасæй ныхас дæр уыдис
цæргæцæрæнбонты амонды фаг. Иæ
зæрдæйы цин куыд бамбæхстаид
йе ’мбæлццон æмгæрттæй дæр:
—Ацы зæдæнвиц чи у, уый мын
æнæбазонгæ нæй.
Уыдон ыл бакъæцæл сты худæ-
гæй:
—Ау, куывдгæнджыты, не ’рва-
дæлты чызджы нæ зоныс?! Æниу,
цас нæ рацыдтæ адæмы ’хсæнмæ...
—Куыд?. Не ’рвадæлты чызг?..—
мæгуыр лæппуйы зæрдæйы рацыд
дур-зæй, нынхъырдтæ йæ ных.
—Омæ?.. Ау?!.
—Ма нæ ныххудинаг кæн (?),
ма йæ бауарз?—ахынджылæг кæ-
нынмæ дзы хъавыдысты, уымæн та
йæ цæстыты раз адæм райдыдюй
цух-мухтæ кæнын. Иæ хæццæ цæс-
тæнгасыл уад, зæдæнвиц чызджы
йын йæ цурæй куыд фескъæфынц
схуыстытæгæнгæ, тагъддæр, де
’гъдаусæфт æфсымæр дæ æмкъай
скæнынмæ хъавы, зæгъгæ. Иæ хъус
кæцæйдæр ахсын райдыдта фидисы
зарæг:
Ой^ хойы мой æрвад,
Хойы мой æрвад, ой...
Æмæ рыстзæрдæ лæппуйыл бон
—сихорафон аталынг йæ дуне, зæхх
алæбырд йæ быны. Цæмæй ма аха-
уа, уый тыххæй мæйдары цудгæ
ацыд, ацыд хæдзарырдæм: чизоны,
йæ фыды цæст ыл æрхæца, чизоны
йæхæдæг фæхæст уа дурсисыл æмæ
йæхи бауромын бацæуа йæ хъару...
Зæххы цъарыл, адæймаджы зон-
ды бон кæй æрцахсын нæу, ахæм
тых ис. Уыцы тары лæппумæ дæр,
дард рухсау, уымæн ферттывта йæ
бæх. Ие ’взист саргъ ма йæ уæлæ
уыд—æрттывта хурмæ. Ацыд æм
бæхбæттæны æнцæйтты.
Йе ’рагъмæ куыд бахста йæхи,
фæдисæй куыд æмæ цæмæн ныххос-
та сæхимæ, уымæн йæхæдæг дæр
ницыуал рахатыд... Æрмæст ма
уыдта, йе ’дзард æмкъайы дыууæ
тарст цæстыл куыд базад базыртæ
æмæ дзы куыд хъавыдысты сæхи
атонынмæ, уый та фæндыд сæ бау-
ромын æмæ сæ сырдта æфсургъы
уд æппаргæ...
Йæ фæстæ цы лæппутæ фæфæ-
дис сты, уыдон æй галуаны, йæ
рынчын æмкъай йæхи цы мæсыджы
амардта, уым баййæфтой йæ туджы
мæцгæ.
Адæмæй ницы рох кæны, сног
галуанаразæг æрмдæсныты æнамонд
хабар дæр. Хъус-хъус æй кодтой,
æмæ адæм сæхи райдыдтой хизын
æлгъыст галуанæй.
Иунæг фыдæлдар нæ саста йæхи,
галуаныл иунæг уый нæ иста йæ
зæрдæ, æлгъыст кæй нæу, уый йæ
фæндыд адæмæн бауырнын кæнын.
Хуыдта йæм хæстæджытæ æмæ хи-
уæдты, зонгæтæ æмæ æнæзонгæты,
зилын сæ кодта йæ дзаджджын
къуымты, фæлæ дзы йæ нæргæ мыг-
гаг дæр райдыдтой сæхи дардмæ
ласын. Иæхæдæг та дзы хуыссæ-
джы цъынд нал уыдта. Иæ фынты-
иу æм цыракæнон хуызы куы йæ
фырт фæзынд, куы—йæ чындз,
куы—йæ галуанаразæг æрмдæсны-
тæ, куы сæ хидымæцæг цагъартæ
æмæ сау адæм...
Æмæ-иу уæд йæхи тарстæй ап-
пæрста æддæмæ, йæ фыдфынтæ фæ-
сурыны тыххæй-иу куы топпæй æхс-
та, куы-иу æдылы хъæр кодта...
Иу æрдæгæхсæв галуанæй та рай-
хъуыст сонт хъæр... стæй сонт
худт... Стæй сонт зарын...
Æлдар фæиртæст йæ зондæй.
31
Уæддæр йæ къух нæ систа галуа-
ныл.
Стæй иу сæумæцъæхтыл хъæуыл
чидæр фæфæдис, галуаны бæрзонд.
дæндагбыл сисы сæрæй, дам, ком
мæ адæймаджы хуызæн цыдæр ра-
тахт.
Фæдис фыдæлдары комы ссард-
той пырхæй, туджы æвдылдæй, кæ-
рæдзийыл дзы ницыуал хæцыдис.
Лæджы æнæхион хуыцау ма ам-
арæд, уый мыггаг сæмбæлын код-
той йæ сыджыты хайыл, фæлæ æл-
гъыст галуанмæ хæстæг йæхионы
нæ, йæ фосы дæр ничиуал ауагъта.
Æнусы дæргъы ма йын къæвдатæ,
дымгæтæ, мит-зæйтæ сæрфынц йæ
чъизи фæд, фæлæ йын уыдон бон
дæр ницыуал у.
АРМАУАГ ÆМБИСÆНДТÆ
1984 азы
25—26 сентябрь
Сæрдыгон бон æмæ æхсæвы арæн
цæст куынæуал фæахсы, уæд арма:
уæгты та сæ зæрдæтæ ныхасмæ
фæхæссынц. Фæсæмбисæхсæвтæм
фæдзурынц, сæ хъæу æмæ сæ дунейы
чи цы ног хабар фехъуыста, уыдо-
ныл. Стæй сæ чи куыддзырдарæхст-
дæр у, афтæ хъуамæ хæсса хабар-
æн æмбисонд. Æмбисонд та, зæронд
уа æви ног, уæлдай сын нæу. Дзу-
рынц сæ иууылдæр: хисдæртæ дæр,
кæсдæртæ дæр. Дзурынц сæ æрЕыл-
æхсæв. Уæддæр æмбисондхæссæг-
мæ ,ахæм цымыдиеæй фæкæсынц,
цыма уыцы хабар фыццаг хатт æр-
цыд сæ хъустыл.
I
Зонд æмæ амонды тыххæй фæ-
дзурынц...
«Зонд æмæ Амонд фæбыцæу сты,
адæймагæн сæ чи æххуысдæр у,
ууыл. Уæд рамбæлдысты иу æдылы
галгæсыл æмæ Амонд афтæ:
— Кæс-ма йæм, уæдæ, кæддæра
дзы æз цы лæг саразин, — æмæ йын
сыгъзæрин пурти атылдта йæ рæ-
зты. Пурти та ахæм уыд, æмæ хурыл
талынг бафтыдта йе ’рттывдæй, æмæ
йæ лæппу куы ауыдта, уæд дзы
хъазыд гæррыйæ.
Уалынмæ сæудæджертæ рацæйцы-
дысты æмæ фырдисæй фæцæйзонд-
сæфтытæ кодтой, ома, сыгъзæрин
пуртийæ гæррыйæ куыд хъазыс.
Лæппу та сын афтæ:
— Мæнæ мæ сырх гал дзæгъæл-
дзу у æмæ йæ уый хъуырыл хъуа-
мæ бакодтаин, цæмæй мын уый
рухсмæ ма сæфа, фæлæ кæд уæ
зæрдæмæ фæцыд, уæд æй ахæссут
æмæ йæ Мандеты Мæликкæн балæ-
вар кæнут.
Мæликк æй куы федта, уæд йæ
дисæн кæрон нал уыдис, ай, йæ гал-
ты хьуыртыл ахæмтæ чи кæны, уа-
гæры уый йæхæдæг цы уыдзæнис,
зæгъгæ, йæхимæ йæ æркæнын кодта
тыхæй. Фæлæ йæ уыцыгъуызонæй
бызгъуырты куы федта, уæд ахъуы-
ды кодта, зæгъгæ, ай афтæ хъæз:
дыг мæлличчы фырт у æмæ йæ
сæрмæ пысул дарын дæр нæ хæс-
сы, æмæ цæмæй йæ сиахс бауыда-
ид. афтæ ныффæнд кодта. Лæппу
йæхимæ марæн кæрдтæ бæргæ хас-
та, фæлæ йын мæликк йæ чызджы
тыхæй радта. Дзуар сыл бафтыд-
той. чындзæхсæв сын скодтой, фæ-
лæ сæ хицæн уатмæ куы бакодтой,
уæд лæппу чызджы сынтæгмæ нæ
комы, къултыл хизы, йæ зæрдæ йæ
галтимæ дзуры. Бонмæ йæ цæст дæр
не ’рцъынд кодта.
Афтæ бакодта дыккаг æхсæв дæр,
æртыккаг æхсæв дæр.
Уæд чызг кæугæ бацыд йæ фыд-
мæ æмæ йын рахабар кодта, йæ
сæрмæ мæ нæ хæссы, зæгъгæ. Фыд
га йæ тæрхоны лæгтæм фæдзырд-
та, исты йын стæрхон кæнут, зæ-
гъы. Тæрхоны лæг та хицаумæ хъу-
саг у æмæ сиахсæн æрцауынтзыны
тæрхон рахастой. Бакодтой йæ
ауындзынмæ, фæлæ йьш Амонды
бон ницыуал уыд баххуыс кæнын.
Уæд Зонд афтæ:
— Ныр ма мæнмæ фæкæс! — сми-
дæг лæппуйы сæры, æмæ лæппу,
мæликк æй куыд фехъуыстаид,
афтæ ауындзджытæм дзуры:
32
—Ай, диссаг нæу, куыд æнæзонд
тæрхонгæнджытæ уын ис. Æз сиахс
дæн, сиахсæн та æфсæрмæй у: фыц-
цаг æхсæв хуыцауы тыххæй не
’рхуыссыдтæн йæ цуры, дыккаг æх-
сæв — йæ мады, æртыккаг æхсæв та
—йæ фыды! Фыд фыдæн рын у,
æмæ мæ куы фæрæдийын кодтаид,
уымæй тарстæн. Ныр мæ уый тых-
хæй ауындзут?
Мæликк уый куы фехъуыста, уæд
йæ адæмы фæстæмæ æрхуыдта, но-
гæй сын чындзæхсæв сарæзта æмæ
сиахсы йæ къæлæтджыныл æрба-
дын кодта.
Йæ Зонд æмæ йæ Амонд иу кæ-
мæн сты, уымæн фесæфынæй тас
нæу».
II
Нæ Ир-бæстыл хисдæрæн скад
кæнын фыдæлтæй баззад, фæлæ-иу,
бæргæ, алы кæсдæр дæр куы уаид
йæ ныййарджыты фæндиаг!.. Арма-
уæгтæм уый тыххæй арæх æрхауы
дзырд. Æмæ уæд Пысийы фæвæййы
йæ зонд равдисыны бон...
«.—Иу лæппуйæн йæ фыд базæ-
ронд. Хæдзармæ кæсынæн уый рал
уыд, кусынæн — иннæ ахæм. Хæдза-
рæй хъаугæ цы кодта, æкдæр æм йæ
бон ницыуал уыд æрбахæссын. Зæ-
ронд та ма кæй фæхъæуы, йæ фырт
æм кæсын райдыдта уазал цæстæй.
Æмæ иу бон багуыбыр æмæ бийы
тæскъ.
Йæ чысыл фырт æм фæкаст, фæ-
каст, стæй йæ афарста:
—Баба, уыцы тæскъ цæмæн бийыс,
тæскъхъуаг куынæ стæм?
— Уæртæ йæ зæронд дадайы тых-
хæй бийын. Ныззæронд, кусынæн
нал у, уым æй нывæрдзыпæн æмæ
йæ атулдзынæн къуылдымæй.
Чысыл лæппу хъуыдытыл фæци
стæн йæ фыдæн аф^æ:
— Куы йæ зтулай, уæд-иу тæскъ
фæстæмæ рахæсс.
Лæг бадис кодта:
— Æмæ ма тæскъæй та цы кæ-
ныс?
--Ды дæр куы ныззæронд уэй,
кусынæн куыннæуал уай æма* дæ
къуылдымæй куы тулон, уæд мæ
тæскъ бийын мауал бахъæуа.
Лæг лæппуйы ныхæстыл ныхъ-
хъуыды кодта, æмæ ныууагма йзс
тæскъ бийын».
III
Каерæф, хæлæг адæймаджы тых-
хæй армауæгтæм, зæгъгæ, ныхас
æрхаудта, уæд сусæг-æргом сæ цæс-
тæнгас æнæандæдзгæ нæ фæвæййы
хъуынджынхъус Хъæссæйыл. Стæй
сæ йæ хæдфæстæ исчи æнæмæнг
хъуамæ радзура Гæвзы æмбисонд..
«Дыууæ æфсымæры фæйнæ хъæ-
уы цардысты: иу — хъæздыгæй, ин-
нæ — фырмæгуырæй.
Иухатт иу стыр бæрæгбоны мæ-
гуыр æфсымæр хъæздыгмæ фæцы-
ди æмæ йын загъта:
— Ме ’фсымæр, ацы стыр бæрæг-
боны дæм уымæн æрцыдтæн, кæд
мæ хорз фенис!.. Махсымæйæ мæ
фæхынц.
Уый йын донмæ ацамыдта:
— Дæ аккаг махсымæ дæ разы
къуыстилы, нуаз, цас дæ хъæуы,
уый бæрц!
Матуыр æфсымæр, æцæг, дон ба-
нызта, æмæ йæ хæдзапмæ араст.
Цæуы, æмæ йæхицæн Уастырджи-
йы зарæг кæны. Хъусы, чидæр ын
зæрдиагæй хъырны, фæлæ йæ нæ
уыны, æмæ йæ афарста:
— Чи дæ, чи? Чи мын хъырныс,
уый?
—Æз, Гæвз, мæгуыры æмбал.
Æдзухдæр демæ куы хæтын.
Лæг ахъуыды кодта æмæ афтæ:
— Æз куыддæр бацæуон хъæмæ,
афтæ мæлгæ кæндзынæн.
— Гъе, æмæ æз дæр — демæ.
Мæгуыр лæг бахæццæ йæ хæдзар-
мæ æмæ чырын кæнынмæ фæци.
Куы йын сцæттæ, уæд дзуры:
—Ныр мæ чырын цæттæ у, æмæ
мæлгæ кæнын. Гæвз, о Гæвз! Кæд
ды дæр мемæ цæуыс мæрдтæм, уæд
чырынмæ ныххиз,—стæй та йæ ба-
фарста. — Гæвз, о Гæвз! Чырьшы
дæ?
—О, ам дæн. Рацу ды дæр!
Мæгуыр лæг тагъд-тагъд ахгæд-
та чырыны сæр. Ныххуыдта йæ зæ-
гæлтæй æмæ йæ баныгæдта уæл-
мæрды. Уæдæй фæстæмæ хъæздыг
кæнынмæ фæцис æмæ йæ кой дард-
мæ ахъæр. Фехъуыста йæ йæ хъæз-
дыг æфсымæр дæр, фæлæ йæм хæ-
лæг фæкастис æмæ йæм æрцыд,
афарста йæ:
— «Цæмæй афтæ схъæздыг дæ,
ме ’фсымæр?»
;- Жур. «Фидиуæг» № 12
33
Уый йын, мæгуыр, хæларæй ра-
дзырдта, Гæвз-мæгуыргæнæгæй цы
’гъдауæй фервæзти, уый.
Уæд хæлæг æфсымæр йæхицæн
афтæ: «Агъæц, уæдæ та дæм æз дæ
Гæвзы фæстæмæ куынæ æрхонон,
æмæ та дæ мæгуырмæ æртæр-
дзæн!»... Ацыд уæлмæрдмæ, скъахта
Гæвзы чырын, йæ сæр ын сæгом
кодта æмæ йæ фæрсы:
—Гæвз, о Гæвз! Ам дæ, цы?
—Ам дæн... мæ-л-ы-н!..—бадодой
кодта Гæвз.
—Цом, уæдæ ме ’фсымæрмæ.
Уый ныр тынг хъæздыг ссис, æмæ
та йæ ныммæгуыр кæн!
— Нæ, нæ!.. — йæ уд баскъуыдта
Гæвз.—Æз дæуæй нал фæхицæн
• уыдзьпнæн, æндæра мæ уый бын-
тондæр амардзæнис!..
Гæвз бафтыдис хъæздыг æфсымæ-
рыл æмæ йæ фыдмæгуырмæ æр-
кодта. Иннæ æфсымæр та нырма
дæр хъæздыгæй цæры».
IV
Армауы ныхасы æгъдауыл арæх
æрхауы дзырд, æмæ уæд зæрæдтæй
исчи, æппынфæстаг, ныуулæфы бы-
нозæй, æмбисонд æрхæссыныл сын
ныллæуы... -
«Иу бинонтæ цардысты, куыстой,
уыди сæм зæронд дæр, фæлæ сæм
æгъдау фидар нæ уыд æмæ сыл
цард нæ хæцыдис.
Уæд иуæхсæв мит рауарыд, зæ-
ронд лæг фестад бинонты разæй,
æддæмæ ахызт, кæсы æмæ митыл
—фæд.
—Ай та цæй фæд у, мæн йедтæ-
мæ нæ куы ничима сыстад?
Ацыд фæд-фæд æмæ схæццæ
хъæдмæ. Лæг дис кæны:
—Ай цы хабар уа!?
Уæд æм къутæрæй радзырдæуыд:
— Уый мæ фæд у, уæ хæдзары
амонд дæн, æмæ уæ цы хъæуы, цы
курыс, уый мын зæгъ.
Зæронд лæг афтæ:
—Нæхимæ уал афæрсон.
Сæхимæ фæрсæг фæуади æмæ
дзуры бинонтæн:
- —Нæ хæдзары амонд нæ фæр-
сы, цы уæ хъæуы, цы уын раттон,
зæгъгæ, æмæ цы ракурон?
Лæппутæ загътой: «хор, зæхх...»
Уæд кæсдæр чындз дуарыл æр-
балæууыд æмæ афтæ:
—Æгъдау, уарзондзинад дзы ра-
КУР-
Зæронд лæг ын бацин кодта ие
’рхъуыдыйыл, фæстæмæ фездæхт
райгæ... æмае уæдæй фæстæмæ
амондджын æмæ цардæфсæст уы-
дысты».
V
Иуизæр та Ныхасы адæммæ, зæх-
хыл иууыл æгъатырдæр цы у, зæгъ-
гæ, ахæм дзырд куы ’рхауд, уæд
сын æз та таурæгъгæнæг Агънианы
аргъау Æлдараты Джугъесойы
дзæргъы тыххæй радзырдтон...
«Рувас иу сæрдыгон мæйрухс
æхсæв хъæдбынты фæдисæй фæцæй-
уади. Арс ыл’амбæлд æмæ йæ фæр-
сы:
—Цы хабар у?
—Дæлæ Æлдарагы Джугъесойы
скъæтмæ цуанггæнгæ бафтыдтæн
æмæ дзы стыр диссаг федтон!—
загъта рувас æмæ дарддæр атах-
ти.
Уæд арс сцымыдис кодта: «Цæ-
уон, фенон æй, уагæры цы уа?»—
æмæ фæраст. Æлдараты Джугъе-
сойы скъæты фæмидæг, фæлæ æваст
фæстæмæ фæзылд æмæ - хъæдмæ
ныццаЕта.
Иæ размæ фæци стай, фæрсы
йæ:
—Уый цавæр дугъ у? Цы ’рцыд
уагæры?
Арс ын афтæ:
—Æлдараты Джугъесойы скъæ-
ты—æбуалгъ диссаг!
Стай дæр уыцы скъæтмæ ных-
хæццæ. Куыддæр дуарæй мидæмæ
бакаст, афтæ фæстæмæ фæзылд,
цыма йын йæ былтæ ракъуырдæ-
уыд, æмæ хъæдмæ ныййарци. Иу-
ран æй бирæгъ фæурæдта:
—Чи дæ суры? Кæмæй лидзыс?
—Ничи мæ суры. Дæлæ Æлдара-
ты Джугъесойы скъæтьг—æвирхъау
хъуыддаг!
Бирæгъ дæр уым ныммидæг,
уæдæ цы уыдаид. Скъæты дуарæй
бахызт æмæ, цазддурау, лæугæйæ
баззад, стæй къæсæрыл æрхауд
æмæ бауадзыг...
Цы дзы федта, куы фæрсай, мæ
хур, уæд... дзæргъ йæ хъы-
б ы л т ы б а х о р д т а!»
34
Хæйрæг къæрныхы тыххæй ны-
хас куы ’рхауы, уæд Адайы дæр
фæвæййы дзырды бон...
«Иу чъынды лæгæн заммаиайы
стыр æмæ нард тохъыл уыд. Ар-
гæвд æй æмæ дзъ1 физонджытæ
здух, æндæр æй ницыуал хъуыдис,
уæддæр йæ зæрдæйы фæндоныл
бонæй-бонмæ фæстæмæ хæцыд,
стæй йæ катай йæ иу сыхагæн нал
бамбæхста:
—Мæ тохъыл фырнæрдæй нал
фæразы, фæлæ йæ мæ цæст æр-
гæвдын нæ уарзы: «иу хай дзы уæ-
лæ уымæн сæрвит, иннæ дæлæ уы-
мæн нырвит, аннæ уæртæ уымæн
барвит... æмæ ма дзы уæд мæхи-
цæн та цы хъуамæ баззайа?
Уæд ын сыхаг афтæ зæгъы:
—Аргæвд æй, æдылы, æмæ рай-
сом ахъæр кæн, зæгъгæ, адавдæ
мын æй уыдис, æмæ йын йæ фы-
дызгъæл дæхæдæг сусæгæй хæр.
Уыцы ныхас, æцæгдæр, йæ зæр-
дæмæ фæцыд, фæлæ йын йæ то-
хъыл æхсæвы сыхаг йæхæдæг адав-
та.
Райсомæй чъынды лæг сыхагмæ
фæфæдис:
—Дысон мын чидæр мæ тохъыл
адавта.
Уæд ын сыхаг афтæ:
—Гъе, афтæ дзур, ай!
—Æцæг мын æй адавдæуыд,
æцæг!
—Гъе, хорз дзурыс, хорз!
—Бауырнæд дæ, æцæг мын æй
адавдæуыд!—чъынды лæг дыууæ
къухæй ньгххоста йæ сæр.
—Гъе, гъе! Афтæ дзур, афтæ!
Хорз дзурыс, хорз!
Йæхæдæг та тохъылы фыдæфсæс-
тæй йæ рихитæ здыхта».
VII
Фезмæлын, фердæхыны фыдæй
зрмауаегтæй искæмæн исты хъуыд-
даг куы баззайы, уæд йæхи сраст
кæнынæн æнæмæнг радзуры ацы
æмбисонд...
«Иу мæгуыр лæг йæ зивæджы йæ
мæлæт ардта æмæ мæгуыр дæр уы-
м?н„ уыд- Аходæнафонæй раздæр
æи йæ сынтæгæй йæ къах æддæмæ
иæхи хъуыдыйы рацæуынмæ дæр
никуы рахаста. Стæй-иу, йæ зæрдæ
кæд æввонг фынгмæ искудæм æх-
сайдта, уæд уырдæм сбалц.
Уайдзæфгæнджытæ та йьгн куын-
нæ уыд: лæг амалæн конд у, зæгъ-
гæ, фезмæл, æмæ дæ къуымы, мыст
йæ къæдзил цæуыл . расæрфа, уый
уа.
Мæгуыр лæг-иу сыл йæ къух
ауагъта:
Лæгæн хуыцау исты куы дæт-
та, уæд ын æй ердейæ дæр æрæп-
пардзæн-иу акодта.
Иуæхсæвьщъæхтыл та йæ сыхæг-
тæ сæ зæххы гутон адардтой, уый
та йæ къæсы астæуарты фарсмæ
адджын фынтæ уыдта. Иурæстæ-
джы гутон цæуылдæр схæцыдис.
Галты æртъæппытæ кодтой, тыхæн-
цад сæ акæнын ластой æмæ гутоны
æфсæн кæд фелвæста зæххы ныгæд
хъуырауы сæр.
Хъуырау хæфсытæй йæ тæккæ-
дзаг кæй уыд, ууыл бадис кодтой,
стæй сæ кæйдæр хъуыдыйы фев-
зæрд цом-ма, нæ лодыр сыхаджы
ердойæ сæ ныппарæм, хуыцауы лæ-
вар дын сты, зæгъгæ.
Хъуырауæн йæ сæр фæстæмæ ам-
бæрзтой, куыннæ асæтта, афтæ
арæхстгай йæ скъахтой, бахастой
йæ мæгуыр лæджы уæлхæдзармæ,
ердойы йæ ныппæрстой æмæ фæс-
тæмæ алыгъдысты худгæ.
Хъуырау астæуарты алыварс æв-
æрд дуртæй иуыл нытътъупп код-
та, æмæ хуыссæнхъæлдзæг мæгуьир
лæг фыртæсæй йæхи ныццавта ца-
рыл. Стæй кæсы æмæ мæнæ йæ
дыууæ цæсты раз хъуырау фæхауд-
та тæгæлтæ æмæ дзы хæдзары
къуымты фæйнæрдæм апырх сты
хъоппæгдзæст, цъæх-цъæхид хæф-
сытæ æмæ... тыбар-тыбургæнаг сыгъ*
зæрин æхцатæ!
Сыгъзæрин цынæ уарзы, хъуы-
рау сæ уыдис чысылцух æмæ сыл
хæфсытæ тымбыл кодтой. Фæлæ сæ
хуыцау мæгуыр лæгæн лæвæрдта
æмæ йын сæ ныппæрста йæ ердо-
йæ».
VIII
Доны астæуæй сурæй агæпп кæ-
ныны охыл искæй мастыл цинæй
йæхи сæры цæф чи айрох кæны,
уыдон тыххæй фæдзурынц...
«Иу хæдзары бинонтæн сæ хъуыд-
35
дæгтæ сæхи зæрдæйы фæндиаг нал
цыдысты æмæ дæсны фæрсын
сфæнд кодтой. Сфæнд кодтой æмæ
сæ хæдзары хисдæр дæсныфæрсæг
дæр фæцыдис. 0, фæлæ фæстæмæ
æнкъард, тарæрфыгæй æрбаздæхт.
—Куыд у, цы дын загъта?—йæ
алыварс атымбыл сты бинонтæ.
—Тагъд рæстæджы, дам, уæ дыу-
уæ хист скæныны сæр бахъæудзæ-
нис,—бакодта лæг, æмæ акаст
къуымæрдæм. Уырдыгæй йæм
хъæццулы бынæй йæ хауд цæсты-
тæ ныццавта йæ зæронд рынчын
мад.
Бинонтæ дæр æм уыцы æмдзаст
фесты, æмæ сулæфыдысты уыцы
æхцонæй, ома, мах фыдбылызæй
хызт стæм.
Зæронд ус сæм фæкаст, фæкаст,
стæй бахудт:
—Омæ, хорз, иу хистаг дзы æз
фæуыдзынæн, фæлæ уæ иннæйы рад
кæмæ æрхаудзæнис, ууыл цæмæн-
нæ хъуыды кæнут?»
IX
Армауагтæй исчи йæ рухс бæл-
лиц раргом кæнæд, уьий йедтæмæ
йыл хъуынджынхъус Хъæссæй ба-
хæл-хæл кæны йе стыр дзыхæй,
стæй фæвæййы æмбисонд дзурын-
мæ...
—«Иу мæгуыр лæг æмæ ус ног-
карст, ногæфснайд фæззыгæнды
хуымы фæцæйцыдысты. Адæм ныр
суæлæхох сты хойрагыл, æндæра
ма йын уæд кад уыдис, æмæ-иу лæг
æмæ усæн сæ цæст æфсирыл куы
схæцыд, уæд-иу æй фелвæстой. Аф-
тæмæй сын иу хъæбысыдзаг баисты,
æмæ лæг бабæллыд:
—Цымæ нын сæ уартæ уыцы хъæ-
уы иу карчы цъиуыл ничи баивид?!
—Æцæг, æцæг!..—ныццин кодта
ус дæр.
Æмæ лæг ныдздзæгъæл йæ рухс
бæллицты:
—Сыгъдæг хоры нæмыг ын хæрын
кæниккам, æмæ куы ныннард, куы
ныттымбыл уа, уæд æй искæмæн
баивиккам иу уæрыккыл. Уæрыкк
рæзæн у. Цас ын хъæуы? Уайтагъд
айвæзы, стухы фæхсын. Галыйас
фырыл та алчидæр ратдзæнис нæл
род. Ставдкъах фæллой цы хæдза-
рæй цæуа, уый та хæдзарыл нымад
у. Къæбæрахуыр æй скæн, æмæ куы
ныстыр, куы ныффæтæнтæ уа, тым-
был къухæй йæ ныццæв, уæд хъæл-
тæ фæхаудзæнис, зæгъгæ, куы зæ-
гъай, уæд æй ефс байрагыл баив.
Хорз ефсмæ та дæ хъус куы дарай,
уæд дыууæ азы иу зад уæддæр кæ-
ны...
—Куыд хорз у!..—ныццин кодта
ус.—Æз та-иу ыл мæ цæгатмæ цæ-
уин!
—Заинаг бæхыл куыд цæуыс дæ
цæгатмæ, уæд та фефтыдта?— ра-
мæсты лæг, усы рабынæй кодта æмæ
йын снымадта йæ фæрсджытæ».
...Стæй искæй зæрдыл æрлæууы,
райсом’æй раджы кæй хъæуы сыс-
тын, æмæ бакæны— «Оу, цас фæ-
бадтæн, цас!—йæ хæдзар бацагуры
Иннæтæ дæр æй бафæзмынц иугай-
дыгай. Адайы Ныхасæй уæддæр нæ-
ма фæхæссы йæ къах. Афтæмæй се
’ппæты дæр уыцы иу афон фæхъае-
уы сыстын—боныцъæхтыл.
1982—1983 азтæ.
ИКЪАТЫ ВЛАДИМИР
Болайы фæдонтæ
1987 азы дунейы чемпионтæ, æрдхæрæны ирон
богалтæ Фадзайты Арсен, Хæдæрцаты ’фсымæртæ
Аслан æмæ Мухарбег æмæ Хæбæлаты Лерийæн.
Уый аргъау нæу, легендæтæй нæм не ’рцыд,
Нæдæр зæд у, гъе, Уастырджи — дыккаг.
Фæлæ зæххыл цы уыд æмæ цы не ’рцыд:
Нæртон гуырд у—ирон лæджы мыггаг.
Тыхгæнæг ын нæ ары тых дунейыл, —
Хæцы, бырсы, æмбисæндтæ фæци.
Лæг дис кæны йæ ударты цыреныл,
Уæвгæй, йæ ныхмæ чи фæлæудзæн, чи?!
Бола æмæ Сосланы1 фарнæй—хайджын,—
Тæхудиаджы разагъды фæдон.
Нæ Фыдыбæстæ ахæмтæй у кадджын,
Нæ адæмæн æрдхæрæйнаг — сæ ном.
Арсен у уый — цыколайаг нæртон гуырд, —
«Зæрин хъæбысхæцæн» та йын — лæвар.
Нырмæ дунейыл уый райсæг нæразынд,
Ирыстон, ныр дæ фырты кадыл зар!..
Кæсут! Тыхмæ йæм рахызти бæгъатыр, —
Иæ бæстæйыл кæмæн айхъуыст йæ ном,
Уый — бердзенаг Георгиас у, — сабыр;
Иæ тых, йæ хъару уымæн дæр — æндон.
Бæллыдис рагæй— фембæла Арсеныл,
Ныр æм æрхауди ахæм тохы рад —
Францаг сахар Клермоны — Ферраны,—
Ныййазæлдзæн йæ кады зарæг дард...
Фæлæ кæсы Арсены тохмæ раздæр, —
Æниу ын уый ном ’нæуый дæр — зындгонд.
Нæма фенди тыхджындæр æмæ сагдæр, —
Фæйнæгфарс у, хъандзал нуарæй конд.
1 Ам дзырд цæуы номдзыд ирон богалтæ Хьандаъуаты Бола æмæ Андиатц р>
уланыл.
з?
«Æмбулдзæн мæ, цы ма хæцон ныр йемæ», —
Зæгъы йæхицæн бонзонгæ богал.
Иæ къух ын райста Фадзайты Арсенæн,
Æмæ йын загъта: «Уæлахиз дæ, æмбал!..
Ды номхæссæн Геракл дæ дунейыл,
Нæма радта дæу æмсæр гуырд нæ зæхх! —
Æз цин кæнын дæ хъаруйыл, дæ фендыл,
Дæ фæцдæгтæ мын — даргъ æмæ уæрæх!..»
Ныр та кæсут Хæдæрцаты уæйгуытæм, —
Тæхудиаг сæ ныййарæг гыцци! —
Æркæсын кодтой дунеты сæхимæ,
Сæ дыууæйы дæр тохы фарн фæци...
Аслан уал — хисдæр — алкæй дæр ныббырста,
Нæ йын разынд богæлтты ’хсæн æмсæр.
Йæ кады ном историйы ныффыста.
Æрвнæрæгау ын дунетыл ныхъхъæр!..
Иæ къобор кæсдæр басгуыхти йæ фæдыл:
Йæ ныхмæ чи ис — алкæй дæр бырсы.
Æрæвæрдта сæ иууылдæр сæ уæнтыл, —
Хуыздæр амонд æм ноджыдæр кæсы!..
«Æтт, амæлæд уын уыцы сахат Лери, —
Хæбæлайы фырт бадзуры уæндон,—
Куынæ рамбулон, уæд мæнæй цæй лæг и, —
Куыд ма хондзынæн уæд мæхи ирон?!.»
Æмæ хæцы, лæгау-лæгты æмбулы,
Нæ йын ласынц бæ^ъатыр гуырдтæ фарс.
Куыд диссаг у: йæ иу уонг дæр нæ цуды,
Нæ йын фæлæудзæн иу разылдæн арс!..
Уæлахиздзау... ныр кады худ æркодта
Ныфсджындæрæй ныр фидæнмæ — йæ каст.
Нæ Цæдисæн хъæбулы кад ыскодта, —
Нæ фæцис тохы иуимæ дæр саст!
О, Ирæн ныр цыппар майдан — сыгъзæрин, —
Нæ дунейæн аккаг уæвгæ дæсæй!..
Æз дуры цъупп, гъе, ихыл дæр фæцæрин,
Ирон уæвгæ, сæ кады ’мсæр лæгæй!..
Цы ма вæййы æндæр, уæдæ, сенсаци?! —
Цыппар иронæн нæй а-зæххыл æмбал!..
Æмæ сын ноджы сахъ фæдонтæ цас и, —
Богалтæ ма нæм цал басгуыхдзæн, цал!..
Ау, чи сæ ары, цавæр зæхх, цы наци! —
Хæрæм сæ номæй дунейы раз ард, —
Цы фарн сæм и — уадз, базонæнт æй алчи,
Æнустæм сын—цæрæнбон æмæ кад!..
5/х-1987,
Цхинвал,
Кæугæ хæрис
Легендæ
Адæм мæн «Кæугæ хæрис» фæхонынц,
Афтæ хуыйны, афтæ ныр мæ ном.
Фæлæ ном куыд фæзынди? — нæ зонынц,
Æмæ сын мæ рæстдзцнад зæгъон:
. Æз кæддæр «Кæугæ хæрис» нæ уыдтæн,
Царды цинтæй йедзаг уыд мæ риу,
Амæндтæн сæ хуыздæрмæ бæллыдтæн,
Никуы зыдтон — масты судзаг циу!..
Рæзтæн буцæй, рухс арвмæ тырныдтон, —
Дуджы уаргъ мыл никуы кодта уæз.
Карз тымыгътæн атасын нæ куымдтон,—
Хастон æз æнæмæтæй мæ рæз.
Фæлæ уарзтæн разындтæн фæлмас уд,
Уый разы фæтасыдтæн кæддæр...
Курын уæ: мæ сагъæс мын æмбарут,
Уарзæттæ, уæ сæрвæлтау — мæ сæр.
Хабар та æрцыди, мæ хур, афтæ:
Сау æлдарæн иу рæсугъд чызг уыд.
Курджытæ йæм цас фæцыди, цастæ, —
Зæрдæмæ дзы иунæг дæр нæ цыд.
Ничи зыдга — аххосаг- цы уыди, —
Разыйы дзырд никæмæн æнтыст.
Хатт-’иу æм йæ тызмæг фыд хæцыди,
Чызгмæ маст й’æ зæрдæйы æхсыст:
«Хъæздыджытæ, уæздæтты хуыздæртæ
Иууылдæр дæумæ хагæг ысты,
Иуы дзы куыннæ исы дæ зæрдæ, —
Хорз дын, ау, куыннæ цæуы бæсты?!
Æови хинвæнд сæвзæрдис дæ риуы,
Æмæ йæ нæма зоны дæ фыд?!..
Равзар тагъддæр уæздан гуырдтæй иуы, —
Амондæй æххæст куыд уай, рæвдыд!..»
Фыды ныхас чызгмæ, нæй, нæ хъары,
Иу хатт дæр ын никуы радта дзуапп.
Сусæгæй йæ цæсты сыг фæкалы,
Сусæгæй йæ уарзты сæнтты хатчч..
Фыд нæ зыдта чызджы сусæг сагъæс,
Фыд нæ хатыд чызджы сусæг уарзт.
Сидзæр лæппу — се ’ххуырст уыд — йæ цæргæс, —
Цардамонд æм уый цæстытæй каст...
Чызг дзынæзта, сусæгæй хъæрзыдта,
Нал урæдта йе ’рдхæрæны.уарзт.
Фæлæ фыдæн уый тыххæй кæм дзырдта, —
Карз лæг уыд — æфхæрынæй дзы тарст.
Тар дуджы мæгуыры хъул кæм тылди, —
Хорз фæнд дæр ын сайдта-иу фыдмæ.
Сахъ лæппу йæ амондмæ бæллыди,
Фæлæ бауæнд æлдармæ дзырдмæ!..
Афтæмæй сæ дыууæ дæр сыгъдысты,
Чызг ’мæ лæппу, — амондмæ куывтой,
Рухс фынты йæм барджынæй цыдысты,
Боны та фыдхъизæмар фыстой...
Рафæнд кодтой уæд фæлидзын дардмæ,
Сау мæйдар æхсæвмæ уыд сæ дзырд.
Уарзт сæ кæд фæхæццæ кæнид цардмæ,
Науæд та сæ амонд иумæ — сыгъд!..
Чи ма уыди се ’мбарæг, сæ хуыцау? —
Разынд ахæм, — æлдары бæхгæс.
Бæхтæн, цыма, уый уыди сæ хицау,
Уыйау фиды уарзты раз йæ хæс:
Равзæрста сын дугърнты хуыздæртæ,
Дзуры сын: «Ныр амондмæ тæхут,—
Сæххæст уæнт^уæ бæллицтæ, уæ фæндтæ,
Æмæ уарзгæ фарнимæ цæрут!..
Зонут æй, куы аивгъуыйат дæрддзæф,
Уæд фæдис-хъæр сисдзынæн æз дæр, —
Сау æлдар куы æрбауа зæрдæдзæф,
Гъе, уæддæр ныййазæлдзæн мæ хъæр:
«Марадзут, абырджытæ фæзындис, —
Адавтой мын ме ’фсургътæй дыууæ,
Худинаг мæ урс сæрыл æрцыдис,
Лæппутæ, сæ байсынмæ — тæхгæ!..»
Дзырд дзырд у, куыддæриддæр æрталынг,
Саргъ, идонæй бæхтæ ныр — цæттæ.
Рæстæг сафæн иунæг уысм дæр нал уыд, —
Сæххæст уой дыууæ уды фæндтæ!..
Бабадтысты уарзæттæ сæ бæхтыл,
Фесхуыстой сæ, амбæрзта сæ рындз...
Фидар бадынц барджытæ сæ сæргътыл,
Цæфхæдтæй стъæлфæнтæ тæхынц...
Аивгъуыдтой, ахызтысты дардмæ,
Хибар рæтты, фæсвæдты — сæ цыд.
«Нахуыр бæстыл ’рæвналдзыстæм цардмæ,
Уарзæттæн уыди сæ фæнд, сæ дзырд.
«Ничиуал нæ ссардзæни ныр», — загътой,
Æфсургътæн фæсабцрдæр сæ лыгъд...
Хъæдгæрон сæхи, мæгуыр, æруагътой,
Нал райхъуыст сæ хъæлæба, сæ дзырд...
Талынг сæ йæ хъæбысы æрнорста,
Хъарм æхсæв сын ныр — рæдау фысым,
Судзгæ уарзт сын циндзинад æрхаста,
Фæлæ разæй, ех, нырма — сæ зьщ!.,
Уалынмæ бæхты хуыррытт æрбайхъуыст,
Уый хæдфæстæ айзæлыд æмæхст.
«Расу-рынц нæ!..» — чызг фæтарсти, барызт,
Лæппуйыл ма адæргæй ныттыхст!..
«Ма тæрс, мæ хур, — лæппу ма йын дзуры, —
Ифтонг дæн хæцæнгарзæй æз дæр,
Амæлдзынæн æз лæгау дæ цуры,
Нæй, дæу сын нæ ратдзынæн уæддæр!...»
Чызг дын уæд æрбазгъордта мæ бынмæ,
Байдыдта æрттæтыгъдæй лæгъстæ:
«Ацы бæлас, ракæс-ма нæ тыхстмæ,
Фест нæ хуыцау, ракæ нын хæрзтæ!..
Ацы бæла-с, нал нын ис ирвæзæн,
Амбæхс нæ дæ хъæбысы, цæй, тагъд, —
Зæрдæмæ кæд ис æцæг ныккæсæн,
Фен нæ риуты уарзты судзгæ арт!,.»
Уæд æз дæр æд уидæгтæ ныррызтæн,
Бахъардта мæм сонт зæрдæты рис,
Ма баззайон, ма, зæгъын æлгъыстæн,
А-зæххыл ма ’гаддæрæй цы ис?!
Æмæ дын æркалдысты мæ цæнгтæ,
Фестадтæн фæлмаст, кæугæ хæрис,
Пакъуыйæ фæфæлмæндæр мæ зæрдæ,
Ахаудта мæ бæрзæндæй æмбис!..
Амбæхстон дын уарзæтты мæ аууон,
Нал сæ ссардтой фæдисонтæ, нал, —
Радтон сын цæрæнбон æмæ амон(д,
Царды фарнæн разындтæн æмбал.
Абон дæр мæ аууонмæ фæтырнынц
Уарзæттæ, фæкæнынц ам ныхас...
Куы сæ уарзты рухс фæнды ныгъуылынц
Гъе, куы та сын ахицæнæй — тас...
Уарзты цинæй байрæзынц мæ таутæ,
Дымгæ сыл рæвдаугæйæ тыхсы...
Уарзты хъыгæй æз ыскæнын саутæ,
Сусæгæй мæ цæстысыг хъуызы...
Уымæн хонынц мæн «Кæугæ хæрис» дæр,
Уарзæтты цæссыгтимæ — мæ цард.
Ма фæкæсæд макæмæ уый дис дæр,
Уарзтæй хæрынц адæм дæр сæ ард».
1987
САНАХЪОТЫ ГЕОРГИ
САУ ТÆППЫТÆ
Иуактон комеди
АРХАИ ДЖЫТÆ:
Сæлимæт — астæуккаг карæй’æвзонгдæр сылгоймаг.
С а у и — йæ лæг, йæхицæй чысыл хисдæр.
Сценæ: Цæрæн уат. Диван, стъол, бандæттæ. Сæлимæт къуымтæ æфснайы.
Сæлимæт. Нæ лæг абон у æрцæуинаг денджызæй. Тагъд зын-
дзæн, кæмдæриддæр ис... Ардыгæй та фидæн ацафонмæ ирвæзт. дæн
йæ «мæ зæрдæ-мæ зæрдæ»-йæ. Сентябрь куы æрбацæйæввахс кæны,
уæд райдайы хъæрзын. Дохтыр, дам, мын денджыз амоны, уымæй дæр
сентябры. Раст сывæллæттæ скъоламæ цæуын куы райдайынц, уыцы
рæстæджы. Мæнæн уыдонæй мæ къахавæрæн нал вæййы — дзæгъæл,
сæ кæм ныууадзон. Уый дæр уæд фæцырд вæййы æмæ Сочæйы ами-
дæг вæййы. Æнæрхъуыды нæу—атъæпп мын уа йæ сæр уас: дунейы
рæсугъд сылгоймæгтæ — уым. Æмæ «налево-направо» кæны йæ зæр-
дæйы дзæбæхæн. Æндæр уæдæ цæмæн фæраст вæййы денджызы был-
мæ æнæ мæн? Æз дæуæн зæгъон, дзурынмæ нæ рæхсы... Мæхи дæр
мын æндæр уæдæ цæмæй фæсайдта — йæ къæдз æвзагæй... Сыджыт
ын æй ахæра уас! Исты йын зæгъ, уæд сомытыл схæцы: йæ мад, йæ
фыды уæлтæрхæг авæры — кæд, дам, æз уым искæмæ зулмæ дæр фæ-
кастæн... Афтæ цард мын уа йæ сæры, цараст вæййынц йæ сомытæ!..
Фæлæууæд мын, фæлæууæд, а-чызг ын йæ бон базонын кæндзæн. Æр-
бафта уал мæ къухмæ. Ацы хатт ын хорз фæнд æрымысыдтæн. Иæ
хæйрæджыты нæмттæ дæр куыд зæгъа, ахæм ми йын бакæндзынæн!..
Дуар æваст æрбайгом. Æрбацыд Сауи.
С а у и. О, о, мæхи Сæли! (Хъ&быс ын кæны.) Мæхи дзæбæх Сæ-
ли!.. Куыд тынг дæ ’рымысыдтæн! Нана æмæ дын бабайæ сомы кæ-
нын, кæд ма мæ бон уыди æнæ дæу! (Пъа йын кæны.) Мæ гуыр уым
уыд, мæ хъуыдытæ, мæ уд—ам демæ. Сывæллæттæ та куыдтæ сты?
Нана, баба — иууылдæр дзæбæх?
С æ л и м æ т. Дзæбæх, мæ иузæрдион, дзæбæх.
Сауи. Мæ зæрдæуæм тынг æхсайдта. Мæ хæрд дæр мæ фар-
сыл нæ хæцыди, мæ улæфт дæр улæфт нае уыди...
Сæлимæт (барæй йæхи м&тгæнæг скодта). Уæдæ та афтæмæй
цы схос кодтаис дæ зæрдæйæн?!
С а у и. Хоскæнынтæ ма мæ æндæвтой? Æцæг, профессорæн бас-
гарын кодтон мæхи. Хостæ дæр мын рафыста. Фидæнмæ дæр та, дам-
иу æрцу, афтæ мын загъта.
Сæлимæт (къахæгау). Дæттæй мæ боныл, зыдта йæ мæ зæр-
дæ, зыдта! Мæнмæ зæрдæхсайгæйæ цы схос кæндзынæ дæхицæн? Уьь
42
мæн дын фæдзурын: сæрды бонты ацæуæм денджызы былмæ иумæ,
мæхи дæр куы февдæлы, уæд. Æмæ дæ улæфт дæр улæфты хуызæй
уа æмæ хос дæр скæнай дæхицæн!
Сауи (æнкъардæй). Бæргæ уый гæнæн куы уаид... Фæлæ... Про-
фессор мын афтæ, æрмæст, дам, сентябрь у дæуæн дæ хосгæнæн рæ-
стæг. Иннæ мæйты, дам, дын денджызницы баххуыс кæндзæн.
С æл и мæт. Цæй, уæдæ, иугæр дæ уд ам вæййы, дæ гуыр та уым^
уæд фæив дæ уаг: дæхæдæг-иу ам лæуу, уырдæм та-иу дæ уды арвит
дæ хъуыдытимæ...
Сауи (арф сулæфыд). Уымæй хуыздæр та цы уаид, мæ урс бæ-
лон, фæлæ профессор афтæ загъта, дæхæдæг, дам, куынæ уай ам, уæд,
дам, не ’ххуыс кæны денджыз.
Сæлимæт (хъыггæнгæ). Ехх, уæдæ ма дын цы ми бакæнон?
Мæнæн та сентябры сывæллæттæй мæ къахавæрæн ничердæм ис...
С а у и. Уый та дын куыннæ зонын, мæ удыгага, куыннæ. Афтее
бирæ дæ уæдæ цæмæн уарзын? Ды-иу уым мæ цуры куы уаис, уæд-иу
дæм бæргæ нал æхсаид мæ рынчын зæрдæ. Фæлæ иугæр уый гæнæн
нæй, уæд...
Сæлимæт (къахæгау). Бæргæ дын тæригъæд кæнын, фæлæ дын
цы мæ бон у? Ноджы, дам, мæзæрдейæ ацы рæсугъд сылгоймæгтæ сæ-
хæдæг дæр зæрдæниз сты...
Сауи (фестъæлфыд). Нана æмæ дын бабайæ сомы кæнын, кæд
дзы æз иумæ дæр зулмæ бакастæн... Цытæ дзурыс, мæ цæсты рухс,
æз дæу искæйтыл ивын?! Ед у... исты мын куы ахæрын кæнис, знонæй
нырмæ æххормаг дæн.
Сæлимæт (хъазгæмхасæн). Ныртæккæ, мæ сæры кад! Зыдтон
дын де ’рцыд æмæ дын дæ уарзон хæринаг скодтон, дзыкка, дзыкка,
мæ цард!
Сауи (сцин кодта). Дзыкка?! О, мæ удыгага, уымæн дæ бирæ
уарзын, уымæн — ахæм æрхъуыдыджын ус ма кæмæн ис?
С æ л и м æ т (лæгъзæй). Уæдæ дзы никæимæ ацыдтытæ кодтай,
зæгъыс? Сæрзилæнтæ дæр дзы нæ уыди, рафт-бафт, кæстытæ-едтæ?..
Дæдæй мæ бон бакалд, кæд дæ дзы исчи фæзæрдæдзæф кодта æмæ
дæ низ ноджы фæдывæр ис!..
С а у и. Нана æмæ дын бабайæ сомы кæнын...
С æ л и м æ т (къухнимæ бауад, уайтагъд фæстæмæ фездæхт, стъо-
лыл дзыккайы къус æрæвæрдта). Сомытæ та цæмæн кæныс? Дæ рыст
зæрдæ ноджы тынгдæр цæмæн риссын кæныс? Æз дын дæ уды рæст-
дзинад æнæуый дæр базондзынæн.
С а у и (дисгæнгæ). Куыд?!
Сæлимæт (рæсугъд къопп ын æвдисы). Мæнæ ацы къопп уы-
ныс?
Сауи (тарстгъуызæй). Уынын. Рæсугъд къоппы йедтæмæ ма ис-
ты у?
Сæлимæт (хъæлдзæгæй). Куыннæма у, дохтырты æвзагæй куы
дзурæм, уæд хуымæтæджы къопп мыййаг нæу, фæлæ медицинæйы фæ-
стаг ныхас кæй хонынц, уый у, «Ефок». Иæ номæй та йæхæдæг дис-
сагдæр: ног препаратæй дын чысыл дæ дзыккайыл æрызæрдзынæн.
Куыддæр дзы ахæрай, афтæ дæ фæсонтыл фæзындзæн сау тæппытæ.
Уымæй базондзынæн, цал хатты мæ аивтай æндæрыл, уый.
Сауи (йæ дыууæ къухæц йæ риумæ фæлæбурдта). Дæдæй мæ
зæрдæ! Нанайæ дын сомы... Бабб... айæ...
Сæлимæт. Сомы кæнын дæ нæ хъæуы. Мæнæ дæ къус дæхимæ
æрбаввахс кæн. (Фынгыл æрæвæрдта сæны авг æмæ агуывзæ.) Мæнæ
Дын сæн дæр. (Сауи фæгæпп кодта, С&лимæт ын йæ цонгыл æрхæцыд,
бадын æй кæны.) Ам æрбад. (Къоппæй чысыл уидыджыдзаг систа
СЩ порошок, дзыккайыл æй æрызæрста.) Басихор кæн. Æххормагæй
мæлын, зæгъгæ, куы загътай...
С а у и. Уыцы хос ницы æмбары. Сочæйы дæр кодтой йæ кой. Би-
43
рæ адджын бинонтæ ахицæн сты уый тыххæй. Нæ ахуыргæндтæ сбæл-
вырд кодтой, бынтондæр ын кæй ницы тых ис, уый.
Сæлимæт. Нæ, мæ цард, нæ. Уый æндæр цыдæр уыди. Ацы
препарат америкæйаг медицинæ æрымысыд æмæ практикæйы дæр
сбæлвырд ис, раст кæй æвдисы, уый. Иттæг раст! Ды цæуыл тыхсыс,
Мæ зынаргъ? Бахæр æмæ дæ рæстдзинад разына. Кæд дыл иунæг сау
тæпп дæр нæ рауайа, уæд дæ уарздзынæн авд ахæмы фылдæр. Науæд...
«Ра*зз-в-о-од!»
Сауи (стыхСти бынтон). Цæй, ныууадз, мæ царды рухс, мауал
хъаз мæ удæй. Цæмæн дæ бахъуыд уыцы дзæгъæйладжы препар>ат,
æнæуый мыл кæдæй нырмæ нал æууæндыс? Нана æмæ дын бабайæ со-
мы кæнын, кæд æз уым искæмæ...
Сæл-имæт. Æууæндын дыл, мæ лæугæ хох, мæ цæугæ мæсыг!
Уый дæр ма зонын, ды мæн никуы никæуыл баивдзынæ... Фæлæ... Аф-
тæ, фæлварынæн... Уадз æмæ мæ дызæрдыгдзинад бынтондæр айсæфа.
Ацы хæрзад дзыккайæ иу комдзаг акæн æрмæст... Уымæй дыл цы
’рцæудзæн?
Сауи (катайгæнгæ). О-о... Ед... Дзыкка у, зæгъыс? (Уидыг си- .
ста, змæнты йæ,)
С æ л и м æ т. Дзыкка, дзыкка — дæ уарзон хæринаг!
С ау и (æфсон кæны). Сæли, мæ дзæбæх Сæли, мæ ахсджиаг! Кæд
ыл цæхх мыййаг æгæр не ’ркодтай, куы зоныс, мæнæн æдзæхх хæри-
наг бæззы...
С æ л и м æ т. Афтæ тæппуд дæ не ’нхъæлдтон, мæ удыгага! Цæ-
мæй дзы, тæрсыс, кæд мидæгæй дæ уд сыгъдæг у, уæд? Цæхх та йыл
бынтондæр не ’ркодтон!
С а у и. Ед у... (Дзыкка сисы уидыджыдзаг, смуды й&м, нæ уæн-
ды хæрын.) Цæмæй арæзт у, цæ?
Сæлимæт. Цыхтæй. Дзыкка цæмæй арæзт вæййы, уый нæ зо-
ныс?
С а уи. Æвæццæгæн, зæронд цыхт уыди, цыдæр хъыггаг тæф кæ-
ны.
С æ л и м æт. Ногахст цыхт!*Исты фыццаг хатт кæнын дзыкка? Цы
дын зæгъон, уый зоныс? Ды æфсæнпæ ма кæн, фæлæ хæргæ! Уанцон
тæппуд нæ уыди... Лæг нæ дæ, нæлгоймаг?!
Сауи (стыхсти бынтон). Нанайæ дын... Бабайæ дын... Со-сомы...
Ард ба... бахæрдзынæн, дзуа-ары хуы... хуылфмæ ба-бацæудзынæн...
С æ л и м æ т. Хæргæ дын, зæгъын! Мæ хъуырмæ дæн дæ сомытæй!
С а у и (уидыг йæ дзыхмæ схаста, стæй æвиппайды йæ къухæй æр-
хауд). Нæ дын загътон, нæ! Раст хъылмайы ад кæны! Нанайæ дын
сомы кæнын... бабайæ дæр... Нæ дзы бахæрдзынæн!
Сæлимæт. Уæдæ дзыкка аразын нал зонын æз, нæ? Хорз! Та-
буафси, мæнæ нæм ногарæзт бас дæр ис. Ныртæккæ дын æркæндзы-
нæн. (Ауад къухнæмæ.)
С а у и. Сыскъуыйат ацы америкæйаг ахуыргæндтæ, кæд алцы
лæджы ныхмæ цы мысут! Уый дын атом, уый дын ракетæ, амæй-ай
фыддæр адæмцæгъдæн хæцæнгæрзтæ. Ныр та ЕФОК. Æндæр уын ни-
цы куыст уыди, хуыздæр исты нæ уыд æрхъуыды кæнын уæ бон, бын-
ыскъуыд ысут мæ тæригъæдæй! Ныр Сæлимæтæн цы ’рымысон.
С æ л и м æ т (рахаста къусы бас, Сауийы раз æй æрæвæрдта, сау
порошок ыл æрызæрста). Еныр та ма мын цы зæгъдзынæ, мæ хъæба-
тыр лæг? Уый та дын ногæргæвст карчы бас! Бирæ куы уарзтай мæ
арæзт бас!
С ау и. Гъе уый æндæр хабар у, мæ урс бæлон! (Йæ хай размæнт-
базмæнт кæны уидыгæй.) Ногарæзт у? (Хъуыды кæны, цы ’фсон та
æрбаймыса, ууыл.)
Сæлимæт. Нырма йæ айтæккæ райстон уæлартæй. Мæнæ йæ
тæф мигъау куы ныббадти... Ахуыпп дзы кæн, ахуыпп, маргæ дæ нæ
акæндзæц, цæмæй дзы тæрсыс?
44
С а у и. Цывзы та йыл аскъæрдтай бæгуы?
Сæлимæт. Рафсон-бафсон ныууадз, фæлæ хæргæ... Кæд ма мæ
уарзыс, уæд. Кæннод...
Сауй (ныккатай кодта). Омæ цы, а-хъылма. хосæй куы фæхъæ-
стæ уон, уæд? Куыд загътай?
С æ л и м æ т. Кæд ницыгæнæг дæ, уæд дзы тæссагæй ницы ис. Фæ-
лæ мæ кæд мыййаг æндæртыл аивтай — уал сау тæппы рагæпп кæн-
дзæн дæ фæсонтыл. Тæрсыс?
Сауи (бар-æнæбары йæхи фæхъæбатыр кодта). Тæрсгæ та цæ-
мæй кæнын, нана æмæ дын бабайæ сомы кæнын.
Сæлимæт. Цал хатты дын загътон, ныууадз дæ сомытæ!
С а у и. Хæрын, хæрын, мæ удыгага... (Ногæй та змæнты йæ хай.)
Сосыкк æмæ Бесыкк та кæм сты, куыд тынг сæ æрымысыдтæн!..
Сæлимæт. Футболмæ ацыдысты. Абон нæ командæ хъазы.
С а у и. Нæ командæ? (Фæгæпп кодта.) Ауайон. Нæ лæппуты
хъазтмæ хъуамæ бакæсон. Хæргæ, куы ’рбаздæхон, уæд бакæндзынæн...
Сæлимæт. Нæй! Цалынмæ бахæрай, уæдмæ дын никуыдæм ис
цæуæн. Науæд...
Сауи (лæгъзæй). Зоныс, мæ рухс хур, бынтон мæм апетит нæй.
Чысыл раздæр Гуры станцы ахордтон...
Сæлимæт. Ныууадз дæ гæды митæ!.. Ныртæккæ афтæ нæ загъ-
тай: «знонæй ардæм къæбæры хъæстæ нæ дæн?!»
С а у и. Хорз, хорз, мæ урс уæрыкк, мæсты ма кæн! (Æрбадти. Фу
кæны йæ хæринагыл.) Цавæр тæвдæй мæм æй авæрдтай?
С æ л и м æ т. Рафсон-бафсоны бæсты ахæр æмæ æрулæфай. Уæд-
мæ дæ фырттæ дæр æрбацæудзысты.
Сауи. Уæд та уал, зæгъын, раздæр куы ’рулæфин... Дысон бон-
мæ хуыссæджы цъынд нæ федтон поезды...
С æ л и м æ т. Нæ, нæ! Ахæр уал, дæ иузæрдиондзинад уал мæ ба-
уырна... стæй уæд мæхæдæг дæр... æрулæфдзынæн. Нæ мæ рымысыд-
тæ æппын?
Сауи. Куыннæ, куыннæ, мæ цыкурайы фæрдыг! Нана æмæ дын
бабайæ сомы...
С æ л и м æ т. Уырны мæ, уырны, мæ лæугæ хох, ахæр æмæ кæрæ-
дзийыл-ацинтæ кæнæм...
С а у и. О, хæдæгай, куыд мæ æрбайрох адæргæй... нæ, фæлæ фыр-
цинæй... Диссаджы калготкæтæ дын æрхастон. Фенын дын сæ кæнон.
(Сцæйстад.)
Сæлимæт (фæстæмæ йæ æрбадын кодта). Цалынмæ мæ басæй
ацаходай, уæдмæ иу къахдзæф дæр ничердæм акæндзынæ. Науæд мæ
нæ дæр дæ калготкæтæ хъæуынц æмæ нæ дæр дæхæдæг!
С а у и. Омæ куы хæрын. (Ризгæ къухæй йæ дзыхмæ уидыг сха-
ста. Ахуыпп дзы кæнон куыд загъта, афтæ йæ уидыг йæ къухæй æр-
хауд.) Уæуу, дæдæй мæ хъуыр!.. Бынтон мæ байрох, мæ хурхæй мæл-
гæ куы кæнын — ангинæ!
С æ л и м æ т. Аныхъхъуырдтай дзы, иучысыл уæддæр?
С а у и. Уæдæ мæ хъуыр цæмæй алæгуын, æнæбайрайгæ дзы фæу!
Сæлимæт. Фаг дын у, фаг. Фан, ту три! Дæ фæсонтæ мын рав-
дис ныр! ч
С а у и (йæ чъылдым, зивæггæнгæ, аздæхта Сæлимæты ’рдæм, хæ-
доныл уæлæмæ схæцыныл фæлвары). Æллæх, хуры сыгъд дæн, фезмæ-
лæн мæ нæй. Дæдæй, дæдæй, дæдæй!..
Сæлимæт. Дæ удæн ныфс ратт, м;æ зынаргъ, æз арæхстгай ар-
хайын... (Йæ хæдоны кæрæттæ йын уæлдæр систа.) Афтæ ма разил...
саубонтæ!..
С а у и. Нанайæ дын сомы, бабайæ... Исты дзы разынд?
Сæлимæт. Банцай, мæнгард! Æркæсæд ма йын исчи йæ дис-
сæгтæм. Иу, дыууæ, æртæ, цыппар, фондз, æхсæз, авд... Уæ туджы зæй
дæ куыд фæласта, гъе-е-е!..
45
Сауи (фæлхатт к&ны). Иу, дыууæ, æртае... Цал сты, Сæли? Авд?
Дзæбæх сæ банымай, авд нæ уыдзысты.
С æ л и м æ т. Раст зæгъыс, иу дзы æрдзон у. Æхсæз сау стъæлфы
рагæпп ласта йæ чъылдымыл, æмæ уыдон фаг не сты? Æхсæз хатты
мæ акуырм кодтай æмæ дын куыд быхсон уый æз?! Нал, нал мæ хъæ-
уы лæг! Ныртæккæ куырдиат фыссын æмæ цæугæ кæнын тæрхондон-
мæ.
Сауи (йæхи’лæгъстæгæнæг скодта). Сæли, мæ зынаргъ, худина-
джы бын мæ ма фæкæн! Никуыуал ацæудзынæн денджызмæ æнæ дæу,
мæ зынаргъ, мæ дзæбæх Сæли. Мæхи амардзынæн, тæрхондонмæ куы
ацæуай, уæд...
С æ л и м æ т. Тынг раст бакæндзынæ: абонæй фæстæмæ — дæ удæ-
гасæй дæ мæлæт хуыздæр! Æз дæ денджызы былмæ хоскæнынмæ ар-
витын. Ды та уым дзæгъæл сылтимæ лекка кæныс, нæ? Фаг дын фод,
нал дын æй ныббардзынæн, фæци!
Сауи (лæгъстæ кæны). Нанайы хатыр бакæн, бабайы хатыр ба-
кæн... Сæли, мæ удыгага, мæ улæфт мын мæ фарсæй ма фæкæн, ацы
препарат ницы зоны, æз никæимæ уыдтæн.-Æз... ед... Никуыуал ацæу-
дзынæн денджызмæ дæр... Цæй ма, мæхи Сæли нæ дæ?
Сæлимæт. Мур дæр ницыуал давынц дæ сомытæ, дæ гæды ми-
тæ... Уый бæсты мын дæхæдæг радзур алцы дæр, басæтт дæ фыдми-
тыл æмæ уæд ахъуыды кæндзынæн...
С а у и. Ардæм ма рауай. Æввахс мæм рацу!
Сæлимæт (хæстæг æм бацыд). Цы ма мын зæгъдзынæ?
С ау и. Дæхæдæг дæр ма ахуыппытæ кæн ацы басæй! .
С æ л и м æ т. Фæтæрсын мæ кодтай, цæмæннæ дзы ахуыппытæ
кæндзынæн? (Систа уидыг. Хæры бас.)
С а у и. Гъеныр ма мæм дæ чъылдым равдис!
Сæлимæт. Табуафси!
Сауи (ныддис кодта барæй). Æй дæ арты бындар куыд фæдæ...
Ды дæр’ ма дзыхæй дзурыс? Мæнæ ма диссæгтæ, мæнæ... Иу, дыууæ,
æртæ... Дæ фæсонтæ æгасæйдауз сау стъæлфтæй куы айдзаг сты, уæд
дын уый цавæр ми’у?! Æппын дзы цæсгом нал ис æви?
Сæлимæт. Бирæ ма дзур, уым цæй сау тæпп хъуамæ уа, хæ-
дзарæй мæ къах дæр куы ничердæм авæрдтон! Æй, сау бон мыл, цы-
ма æцæг разындысты?..
С а у и. Нæ дæ уырны? Фен сæ айдæны. Æниу ма сæм цы кæсыс?
Цæугæ, цæугæ судмæ! Ныр мæн дæр нал фæнды демæ цæрын! Р-а-азв-
оод!
Сæлимæт (стыхстис). Сосыкк æмæ дын Бесыккæй сомы кæнын.
С а у и. Дæ сомытæ мæ нал уырнынц. Мæнæ дын америкæйаг пре-
парат куы равдыста дæ намыс... Айс ныртæккæ дæхи ардыгæй, науæд
нырма мæхи амардзынæн, стæй та дæу! Нæ! Нырма дæу амардзынæн,
стæй та мæ кæуыл баивтай, уый акуыдз кæндзынæн!
Сæлимæт. Хъус ма, мæ зынаргъ, æрсабыр у, дæ зæрдæ куы
риссы, æз хъазгæ кодтон. Цæй америкæйаг препарат у, уый хуымæ-
тæджы кофе у. Рахисæй галиуæрдæм ма йæ ракæс КОФЕ.
С а у и. Уæдæ кофе у, зæгъыс?
С æ л и м æ т. Уæдæ цы у, æз дæ къахгæ кодтон, æдылы.
С а у и. Уæдæ мыл сау тæппытæ дæр нæй?
С æ л и м æ т. Цæй сау тæппытæ æмæ цæй цыдæртæ...
С а у и. Уæдæ æз дæр барæй систон хæдзар мæ сæрыл, мæ зы-
наргъ, æндæра дæ фæсонтæ авгæй сыгъдæгдæр сты. (Худы.)
Сæлимæт. Æ, фæлитой фестай ды! (Худынц сæ дыууæ дæр.)
Кæрон.
&а*зз>
ХУЫГАТЫ УАСИЛ
ФÆСТАГ ДАМГЪÆ
Легендæ
1827 аз. Ныгуылæн сомихстойнаг хъæу Джрасун. Ахуыргæ-
нæг Тер Минас сомихаг дамгъæтæ амыдта 6 сомихаг сывæл-
лонæн. Дамгъæтæ сын кæй амыдта, уый тыххæй’ йæ фæстаг
дамгъæ амоныны рæстæджы æхсаргарды æрцæфæй амардта
туркаг яничар. Уый ма уæддæр йæ тæвдæй йæ ахуыргæнинаг
Ваграмы æнгуылдз стылдта йæ туджы, афтæмæй дзы пъолыл
æрфыста фæстаг дамгъæ.
Нарекъацийы «Хъыджы чиныг»-æй.
Талынг хатæн. Райсомæй, зынгау,
Сау цæстытæ ’хсæз ранæй æрттивынц.
Чи ’рхæсдзæни сонт сабитæм фау,
Ахуырмондаг зæрдæтæ æхсидынц...
У Минас йæ адæмæн рæдау,
Амоны йæ удыхъарм йæ тугæй.
«Ды кæд хорз дæ — зæххыл хуртæ тау.
Хъуамæ ма уай азымаг дæ дугæй».—
Загъта уый йæхимидæг æмæ
Сабитыл зæрдæрухсæй фæлгæсы.
Уый нæ зоны уыдоныл хъæртæ,
Сабыр сыл йæ фæлмæн арм æрхæссы.
Байради та уыдон уындæй. Риу
Цины малæй байдзаг ис, фæтоны,
Фестдзæнис та лæппуты зонд зиу,
У сæ нысан бирæ ’мбарын, зонын...
Иу дамгъæ ма, фæстаг дамгъæ, стæй
Алчидæр Хоренскийы кæсдзæнис.
Арвыл тулдзæн тар æхсæвты мæй,
Уый йæ рухсæй талынджы тæрдзæнис.
Лæппутæй дæр мæйтæ уыдзæн, хур,
Сомихæн стъалытæ уыдзысты.
Ахуынкъ уыдзæн уыдон зондæй дур,
Уæлвæндаг сæ адæмы кæндзысты.
Бахъæлдзæг ис ахуыргæнæг, сом
Арфæйаг кæй уыдзæни, кæй .сар^ехст.
Мысинйгæн баззайдзæн йæ цом,
Фырцинæй та лæппуты раз сьгрæзт.
47
Фæлæ уымæй сабитæ ысты
Цинбазырдæр, агайæг сæ зæрдæ.
Алкæй сæр сæ аныгъуылд куысты,
Цæстытæ та бонырухс — цæхæртæ
Алчидæр сæ байради; йæ цæст
Фæйнæджы ’рдæм циндзастæй ныйирди.
Тагъд уыдзæн сæ рухс бæллиц æххæст —
Риуы цин та райсомæй стынги.
Диссагдæр у се ’взонгдæр — Ваграм,
Нал лæууы йæ бандоныл æрхъæцмæ.
Атасыд ныффыссынмæ йæ арм,
Фæйнæгыл та бандæгъди йæ зæрдæ.
Фестад хъустæ ’гасæйдæр тæккæ,
Зонды ’взартæн сонт зæрдæ мæрау у.
Комкоммæ нымдзаст вæййы лæгмæ,
’Нæкæрон йæ зонд æмæ йæ хъару.
Ахуыргæнæг фæйнæгмæ цæуы,
Асгæрста йæ риуы дзыцпы урс мел,
Мæнæ та уый зæд лæгæй лæууы,
Уыцы мел йæ къæпи у, йæ цыргъ бел.
Сфæлхатт кæны дамгъæты, ыстæй
Арæхстджынæй ног дамгъæ æрфыссы.
Бирæ рæстæг баззайы фыстæй, —
Сабитæн сæ хъуыдыйы нынныхса,
Стæй ныффыссы ног дамгъæ. «Ваграм,
Рауай-ма...» — уым лæппумæ фæдисы.
Лæппу сысты, хохы рындзы талм,
Фырцинæй йæхимидæг æхсиды.
Хъавгæйæ, сындæг-сындæг дзæбæх
Дамгъæйы хахх аивæй æрзилы,
Арв уæд фесты лæджы цинмæ цъæх,
Спæртт кæны цыдæр æхцон йæ риуы.
Фæйнæгмæ та алчидæр нымдзаст,
Алч’и та йæ хъуыддагмæ цæттæ у.
Амонæгмæ комкоммæ—сæ каст,
Амонæг сæ уд æмæ сæ дзæцц у.
«Иу дамгъæ ма баззадис æрмæст...
Фæстаг дамгъæ, стæй уын дуне байгом.
Ахсдзæн хъуыды чиныджы уæ цæст,
Æмæ уæ уыдзынæн гъеуæд райгонд, —»
Загъта, стæй йæ арф дзыппæй сындæг,
Стыр хæзнайау, урс мелы къæртт систа.
Фæйнæгмæ хæстæгдæр бацыд лæг...
Цин ысцырын... Фæстаг дамгъæ... ис та
Æмæ андæгъд фæйнæгыл йæ «бел»,
Фæлæ уынгæй карз уынæргъд фæцыди.
Ахуыргæнæг фестъæлфыд. Иæ мел
Сау фæйнæгыл, тарст лæгау, нындзыги.
Мæнæ дуар байгом ис. Лæууы
Тарæрфыг, зæбулрихи сæ разы.
Цух-мухгæнгæ, фæйнæгмæ цæуы,
У бæрæг, кæй у сыкъадзæф, расыг.
— Чи дын радта уыцы бар... Тæккæ
Цу мæ разæй, — яничар фæмæсты, —
Науæд дæ цæвгæ кæнын, бæтгæ, —
Туг ныббадти фырмæстæй йæ цæсты.
— Иу дамгъæ ма... Фæстаг дамгъæ, стæй
Алыг кæн мæ къубал дæр дæ кардæй...
— Уый гæнæн дын, бамбар, джауыр, нæй
Сабиты фæхъæстæ кодтай маргæй.
Туркаджы раз сомихаг, зæгъ-ма
Ахуыр лæг куыд хъуамæ уа, цы хуызы?
Туркаг уæд дæумæ гæсгæ цы уа?
Æви дæм мæ карз бардзырд нæ хъуысы? —
Загъта туркаг карз ныхас, ыстæй
Фелвæста йæ кæрддзæмæй йæ цыргъаг.
Царыл аззад карды хахх фыстæй,
Стæй æрцавта рухстауæджы æлгъаг.
Сæр фæзæбул, химидæг ныррызт,
Лæгæн ахауд мелы къæртт йæ къухæй.
Фæйнæгыл ма фыртæвдæй ныттыхст,
Тугамæхстæй ныр куы кæны тухæн!
Уый æнхъæлдта, мелы къæртт нырма
Ис йæ къухы, цырд æрзылдта дамгъæ.
Фæйнæгыл æй афыста цыма...
Фыртæвдæй рæстагон туджы аргъæй!
Пъолыл, мардау, ахаудта Минас,
Гъе, фæлæ ма фæйнæгмæ ыскасти.
Уыд уæддæр йæ зæрдæйы йæ маст
Кæд нæ разынд дамгъæйы фыст — тарсти.
Ацы дамгъæ ’нæбазынд куы уа,
Уæд йæ фæллой баззади æрдæгыл.
Мæстæй ныр йæ æдыхыл кæуа,
Гъеэ йæ къухæй балæууа йæ сæрыл?
«Ардæм рацу»: — амоны цæстæй
Уый йæ тыхсты ’взыгъд лæппу Ваграммæ.
А дамгъæйæн ’нæ амонгæ нæй —
Нæ зындæй куы баззайа... куыд хъуамæ...
Уæд ныттар ис арвы къуырфы хур,
Ахуыссыд йæ бынаты ыстъалы,
Уæд мæрдты Минасы риуы — дур,
Бахауди йæ рухс амонд къуырф малы..
Æмæ растад лæппу дæр. Цæуы...
Бахæццæ сæргуыбырæй йæ цурмæ.
Сонт саби уыраугæйæ кæуы,
'Нæ уый ма куыд рацæудзысты хурмæ?
Жур. «Фидиуæг» № 12
Нал уыди ысдзурынтæ йæ бон
Рухстауæгæн. Къухæй ма йæ хоны.
Дæндаг бацыд дæндагмæ æнгом,
Дзурын ма кæм арæхсы, кæм зоны?
Ризгæ къухæй лæппуйы къух ныр
Уый йæхимæ, састзæрдæйæ айста.
Йе ’взаг комы ноджыдæр ныммыр,
Карды ’рцæф æвзаджы бартæ байста.
Фæлæ зонды иу хъуыды нырма,
Сурыхауд нæл кæсагау, ыстæлфы.
Фæстаг дамгъæ... бантысдзæн цыма...
Цæсты фæлм йæ галиуæй æрсæрфы.
Стæй Ваграмы амонæн æнгуылдз
Уый йæ туджы сабыргай ыстылдта.
Ныр йæ цин йæ зæрдæйы ыстынг,
Фæстаг дамгъæ уый хилæй æрзылдта.
Фæстаг дамгъæ астæрдыл лæууы,
Фæлæ бамыр уый фысЬæг æнустæм.
Сауцæст Ваграм ’нæсымæй кæуы,
Стæй, чызгайау, февнæлдта йæ рустæм.
Ногæй та йæ дамгъæмæ ныккаст,
Ацы дамгъæ рох кæнын нæ хъæуы.
Марг яничар райгондæй фæраст.
Лæппу та хъæлæсыдзаг ныккæуы.
Уый æмбары стыр фæдзæхст: «Ды дæ
Ахуыргæнæг сабитæн мæ фæстæ.
Мæрдтæ дæр ныффæдзæхсынц, уæдæ...
Ма рох кæнут арвы бын уæ бæстæ...»
Æмæ та чысыл Ваграм кæуы,
Стæй ныккуыдтой се ’ппæт дæр хæкъуырццæй.
Дамгъæ зæххыл раст фыстæй лæууы,
Марды туг та не ’нцайы йæ цыдæй.
Ех, мæлæт! Куы цæуай ды мæнмæ —
Ахæсс мæ Минасы мардæй гъеуæд.
Уæд мæрдты дæр у мæнæн цæргæ,
Уæд мæ риуы цины уылæн феуæгъд.
11. 5. 84
^Э№
ТУАТЫ ЛЕНÆ
Ирыстон
Мæхи бæстæ, мæ удлæууæн — Ирыстон,
Æндæр ран нæу мæ бон мæнæн цæрын.
Æндæр ран æз нæ улæфын, дæуыстæн,—
Мæ зæрдæ мын цыдæр сагъæс хæры.
Фæлтау мæхи Ирыстоны мæ мæлæт
Ыссарон æз, æндæр раны бæсты...
О, уый уыдис мæ Дадайы сæйраг мæт
Фыдгултимæ цыфыддæр карз хæсты.
Ныр сæххæст ис мæ Дадайæн йæ фæцдон,
Æнцад хуыссы Ирыстоны зæххы.
Хъæбатыр уыд, мæ зарæг ыл нывæндын,
Иæ ингæны сæрты бæрзонд тæхы!
Æргъæвст цъиу
Сабитæн
Æргъæвст цъиу нæ дыуармæ иурайсом уыд,
Лæууыд ма тыххæйты йæ къæхтыл.
Нындзыг ’ис йæ мидбынат, налдæр тæлфыд.
Нæ къæбыла та йæм куыд хæцыд?
Æрбахастон цъиуы, уый хъарм пецы%цур
Куы стæфстис, уæд загъта мын бузныг...
Иæ чысыл цæстыты куы ыссыгъдис хур,
Уæд ын æз æрбайтыхтон рудзынг!
@
Рагвæззæг кæй уарзыс, зонын,
Афонтæй дын нæй хуыздæр.
Уалдзæг уарз, дæуæй нæ домын, —
Фæззæг бауарзтон æз дæр.
Фæлæ мæн бынтон нæ хатыс.
Ныр æндæрмæ у дæ каст.
Ме ’нкъарæнтыл мын куыд хъазыс?
Цæй, куыд дæм кæсы уый раст?
Дйссаг: «фембæлæм» фæзæгъыс,
Фæлæ зонын æз уæддæр:
Ды бынтондæр мæн нæ уарзыс,
Фæлæ йæ нæ кæныс хъæр.
51
Афтæ бонтæ æз нымайын,
'Ргъæвст тæрхъусау дæм — мæ каст.
Æз дæ иунæг фендæй тайын,
Дæу нæма ’ндавы мæ уарзт...
Ме ’нгæс дыргъбæлæстыл бандзыг
Хæдзар аныгъуылдис тары,
Уддзæф бæлæстыл æрфынæй.
Иунæг æз æнцой нæ арын
Тарæрфыг æмæ æрхуымæй.
Мæн дæ уарзт æнцой нæ уадзы,
Уæ, кæм дæ,.фæзын, мæ уарзон.
Ме ’нгæс дыргъбæлæстыл бандзыг,
Разынид дзы кæд дæ аууон.
Иунæг хатт ма, уæ тæхуды,
Демæ абад боныцъæхтæм.
Дардæй, уадз, стъа-лы худа,
Рустыл судзой хъарм æртæхтæ!
Ф
Зæгъгæ, фыдниз дæуыл ысагъуд
Æмæ стынæн нал дæ, нал.
Дæ уды хос — нымд чызджы бахудт, —
Мæ рæвдыдæй ды уаис хъал.
Уæд базонис, куыд тынг дæ уарзын,
Уæд базонис, кæм ма ис уарзт.
Ды дæр æнкъарэг зæрдæ разын,
Зон, демæ сты мæ цин, мæ маст!..
О
Гъех, лæппу, дæ сау цæстытæ
Сты, зæгъгæ, дæ айдæн,
Уæд хæрзбон бæргæ зæгъин æз
Буц ныййарæг мадæн.
Æмæ уалæ ’рвон тыгъдадмæ
Де ’мбæлццонæй уаин.
Æмæ уыцы сау цæстыты
Руаин æмæ таин.
УАНЕТЫ ВЛАДИМИР,
ГУЬЩМÆЗТЫ ЭЛЬЗÆ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ДРАМТВАТРЫ
ГАСТРОЛТ/Е ХУССАР ИРЫСТОНЫ
Цадæггай аивгъуыдта рæстæг. Фесты
гастролтæ. Хуссар Ирыстоны театруарз-
джытæ рæствæндаг загътой сæ уарзон ак-
тертæн æмæ та цард йæ надвæндагыл цæ-
уын райдыдта. Ныр фадат ис æнцад-æнцо-
йæ ахъуыды кæнынæн æмæ Цæгат Иры
драмон театры гастролон репертуарæн иу-
мæйагæй аргъ скæнынæн. Стыр нысаниуæг
ис театры репертуары тематикæйæн. Спек-
ттклтæн сæ мидис, сæ проблемæтæ цас æн-
дæр æмæ æндæргъуызон уой, цас кæрæ-
дзийæ тынгдæр хицæн кæнор сæ тематæм
гæсгæ, уыйас ахадæндæр у сæ иумиаг уæз
æмæ сæ арфдæр разыны актеры курдиат,
иумиагæй та театры профессионалондзинад
Зæгъын хъæуы уый, æмæ Дзæуæджыхъæ-
уы драмон театры репертуарыл уыцы
хъуыддаджы зæрдæ кæй нæ худы.
Хуссар Ирыстоны театрдзаутæ апы аз
федтой Хуыгаты Георы «Хъæзцыг хæдзао»,
Мæхъиты Даряйы «Тæрхон», Чеджемты Ге-
оры «Цолайы чындзæхсæв», Джусойты На-
фийы «Азау æмæ Таймураз», Абдуллаевы
«Æнæус лæгтæ» æмæ Хъесаты Валодяйы
«Цины цæссыгтæ».
Аксиомон у иу фарста — национ театрæн
йæ бындур, йæ сæйраг цæджындз у национ
драматурги. Алы адæм дæр сæхи цардыл
фыст уацмыстæ фылдæр фæуарзынц, фæ-
лæ уый нæ нысан кæны, æмæ репертуар
хъуамæ уа нейтралон — æрмæст национ
Драматургты пьесæтæй арæзт Ахæм репер-
туар иуфарсон кæны æмæ йын, боны фæс-
тагмæ, примитивон фæндагыл æнæныллæу-
гæ нæй. Уый зоны алы режиссер дæр, уы.
мæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайы тæл-
мац пьесæтæй пайда кæнын дæр Цæгат
Ирыстоны драмон театр ацы хъуыддаджьт
ис бæллиццаг уавæры — суанг Еврипидæй
райдай æмæ абоны дунеон классикæйыл
æрæнцай — иууыл стырдæр сценикон хæз-
натæ æвæрд æрцыдысты æмæ ноджыдæр
Цаэуынц ирон сценæйыл, театры сæйраг ре-
жиссер Хуыгаты Геор та у драмон уац-
мысты сценæйыл чи æвæры, уыцы зынгæ
режисдертæй, фæлæ, уæддæр рох кæньш
нæ хъæуы, пьесæ æндæр æвзагмæ тæлмац
куы цæуа, уæд æм цæуын хъæуы дыууæ
хуызы — иу сценæ, иннæ та — аивадон ли-
тсратурæ. Æрмæст сценæйы тыххæй пьесæ
тæлмац кæнын тынг рæдыд хъуыды у. Зæр-
дыл даринаг у, иугæр пьесæ национ æвзаг-
мæ тæлмац куы æрцæуа, уæд æрмæст сце-
нæйыл æвæрд хъуамæ ма уа, фæлæ ма бæ-
рæгбæрцæй фæхъæзныгдæр кæна* национ ли-
тературæ. Шекспиры,- Мольеры, Горькийы,
Островскийы æмæ æндæр стыр фысджыты
уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмацæй систы
пацион литературæйæн йæ иу хай. Уымæ
гæсгæ тæлмац хъæуы алы ницæйаг уацмыс
нæ, фæлæ гъæдджын, нуарджын пьесæтæ.
Фæлæ, хъыгагæн, бирæ хатт тæлмац пье-
сæ вæййы тынг ныллæг æмвæзадыл фыст,
йæ идейæ — ницæйаг, йæ аивадон фæрæз-
тæ — тынг примитивон. Уайдзæф хауы каид
Цæгат Ирыстоны драмон театрмæ нæ, фæ-
лæ Хуссар Ирыстоны драмон театрмæ дæр.
Ныртæккæ дзырд цæуы Абдуллаевы пьесæ
«Æнæус лæгтæ»-йыл. Абдуллаевы уац-
мысæн пьесæ схонæн нæй. У бынтон при-
митивон, йæ идейæ — мин хатты загъд чи
æрцыдкс, ахæм археологион æрмæгæй конд.
Кæрæй-кæронмæ мысын кæны зындгонд
комеди «Ханума»-йы. Уымæн ма ницы у,
фæлæ дзы нæй иунæг фæудгонд фæлгони
дæр, характертæ сты иу штампæй конд.
Бæрæг бæлвырд æхсызгондзинад æрхас-
та Чеджемты Георы комеди «Цолайы чын-
дзæхсæв». Ацы пьесæ у комеди «Цолайы»
дыккаг хай. Зæгъын хъæуы уый, æмæ «Цо-
ла» бирæ рæвдздæр рауадис «Цолайы чын-
дзæхсæв»-æй «Цолайы чындзæхсæв»-æн йæ
сæйрагдæр хъæндзинад уый мидæг ис, æмæ
дзы адæмон юмор бынтондæр нæ разынд.
Ахæм уацмыстæ та фыссын хъæуы æнæ-
мæнг адæмон юморы бындурыл. Иугæр сæм
æндæр тæфаг куы бахъуызы, уæд хæлы сæ
мидлогикæ æмæ уацмыс рауайы схемæйы
хуызæн. Уымæй дæр, хъыгагæн, бирæ ас-
лам эпизодтæ цоппай кæнынц иу уацмы-
сæй иннæмæ æмæ сын мур дæр ницы ны-
саниуæг вæййы аслам худтæй дарддæр.
53
Ахæм аслам, трафаретон эпизодтæ «Цола-
ны чындзæхсæв»-ы сты нæлгоймагыл сыл-~
гоймаджы дарæс, скæнын, пысылмон лæ-
джы^арæс скæнын, чындздзон чызджы раЗ
лæгдзинад равдисъшыл ^архайын кафьшæй
æмæ "афтæ дардДæр. Ирон ( драмагургийы
адæмон юморы-, бындурыл ф’ыст уацмыстæ
хæрз цъус ис. Уыдонæн сæ. иу у Хуыгаты
Реоры «,Сæтти " æмæ^ Бæтти». Цæй миДæг
, уыдис йæ^æнтыст ацы комедийæн? Йæ адæ-
мондзинады. Хуыгайы фыртæн йæ бон ба-
цис-адæмон юмор уды сыгъдæгдзинадимæ
сбæттын. Уыцы дыууæ æнæмæнгхъæу&Г
факторы монолитон æгъдауæй стыХстысты
æмæ сæ рауадис гъæдджын æмæ ахадгæ
уацмыс. Дзырд дæр ыл нæй спектакль «Цо-
лайы чындз’æхсæв* бирæ рæвдздæр у спех-
такль «Æнæус лæг»-тæй. Театр иттæг хорз
бакодта, адæмон фæлгонцмæ йæ хъус Кæй^
æрдардта, уый тыххæй, фæлæ квмеди
æвæрыныл æгæр фæтагъд кодта> бакусын
ма йыл хъуыдис. Нæ алыварс æрдзæн цы
стыр нысаниуæг. ис æмæ уымæ цы цæстæй
кæсын хъæуы, уыцы вазыгджын æмæ-акту-
алон проблемæйы бындурыл конд у Хъе-
саты Валодяйы пьесæ «Цины цæссыгтæ».
Уацмысæн ис хьомыладон нысаниуæг æм’æ’
тынг сæ зæрдæмæ фæцыдис1 æвзонг /геатр-
уарзджытæн. Хъыгагæн, ацы спектакль
изæры æвдыст нæ цыдис, афтæмæй та тынг-
дæр ас’адæмы хъæуы. Алчидæр æй зоны,
æрдзы кæд исчи хъыгдары, уæд сабитæ нæ
вæййынц, фæлæ хъомыл адæм. ,
Цæгат Ирыстоны драмон театры гастро-
’лон репертуары иууыл уæзгæдæр спектакл-
тæ сты Хуыгаты Георы трагеди «Хъæздыг
хæдзар», ,Джусойты Нафийы - «Азау æмæ
■Таймураз», Мæхъиты Даряйы «Тæрхон».
Нафийы"^<Азау æмæ Таймураз»-ы^ма театр
фарон дæр æвдыста. Йæ хорздзинæдтыл ын
фæфыстой периодикон мыхуыры. Ацы аз
Азауы роль æххæст кæны хæрз æвзонг
чызг; нырма æрæджы театрмæ’кусынмæ’ чи
бацыдис, уыцы Гуыссауты С. Зæгъын хъæ-
’уы уый, æмæ ацы ногдзинад ’бæрæг , фæ-
хуыздæр . кодта спектаклы ахадындзинад,
цыма йæхæдæг дæр февзонгдæр ис, афтæ,
Актрисæйы фæлмæн æмæ æнæхин хъазт
ты’нг фæцыд театрдзауты зæрдæмæ.
Мæхъцты Даряйæн «Тæрхон» йæ фыццаг
уацмыс у. Иæ темæ актуалон. Æвзары ду-
джы æппæрццаг хъуыддæгтæ. Хурмæ калы
алы æвзæрдзинад. Актертæ сарæзтой ’бирæ
хорз фæлгæнцтæ. Уæлдайдæр та Саламтьт
■Къола, Сланты Къоста, Бирæгъты Къоста,
Уыртаты Верæ, Бекмæрзты Æхсар" Тылал-
таты Бексолтан, Хуыгаты Суоен,- Уататы
Бибог Къуындыхаты Къола, Ходы. Борис
æмæ æндæртæ.
• Хуыгаты Георы ном зындгонд - у Иры
дзыллæтæн, куыд номдзыд режчссер^ æмæ
курдиатджын драматург, афтæ.^Йæ комедч-
тæ «Сæтти æмæ Бæтти», «Мæ ’ усы лæг»,
'«Мæ, усы ,мад», «Æмпъузæнтæ»; «Чепена»
,æ.мæ æндæртæ æнтысгæйæ æвæрд цæуынц
Цæдисы театрты тынг бирæ рæтты Йе сфæл
дыстады ’ бæрæг бæлвырд бынат. æрцахс-
дзæнис-йæ трагеди «Хъ’æздыг хæдзар». "
, Хъæздыг лæг Солымæн йæ кæсдæр фырт ^
;-Уари. ацыдис фьГццаг дунеон хæстмæ. Хæ- ’
дзары ныууагъта йæ бинойнаг , Сæниаты.
Фæстæдæр Уарийæн æр’цыд йæ саугæххæтт.
'’Сольтм стыр катайты ныххауд йæ чындзы
хъыемæты ’ тыххæй. Сæниат хæрз æвзонг у,
.чындзы дæр хæсты хæдразмæ фæцыдис.
Вирæ рахъуыды бахъуыдыйы фæстæ СблыМ
сфæнд кОдта йæ чындзы йæ ф’ыд’ы хæДза)^
мæ а’рвитын, фæлæ домы йæ" йрæд -фæстæ-
Мæ. Уый у йæ ’фыццаг ф&нд’дн. Фæс’тæдæ^ ’
йæ хъуыды- ивы бæрæг аххосæгтæм гæсгæ;
чындзы йал уадзы-йæ фыды хæдзатЗмæ авмаё
зæр’Диагæй -архайы^ цæмæй С|эениат; смой
кæна йæ тиуæй, Х’олымы ’хиЬдæ^ фытЗтæй.
Ацы цауты дзырД цæу’ы ит^он адæмы ра-
гон цардуаШл æмæ Георы уацмысы куыД
æадыст цæуынц, ц’ас сæ ис истотЗион рæст-
дзинад, ууыл æнæмæнг. адзурын æмбæлы.
Уæдæ чызг ацыдис’ чкндзы. Нырæй фæс-^
тæмæ йæ сæйрагдæр дзуапдæттæг у йæ лæ-
джы мыггаг. Ус æмæ лæг уæды рæстæджы
офицйалон æгъдауæй Чæрхондон нæ хицæн
Кодта. Фæлæ. нæ лексикæйы баззадысты
- ахæм ныхæстæ: Йæ усы ауагъта, кæнæ ус
йæхи байста. Цæуыл дзурæг сты адон?
Нæлгоймагæн" фылдæр бартæ^уыдис. Уы-
мæн бар уыдис авмæг ахицæн уыдаид, йæ
бинойнагæй, арвыста-иу æй йæ цæгатмæ..
Ка&д нæлгоймаджы аххосæй хипæн кодтой
4 ус æмæ лæг, уæд ирæд фæстæмæ нал дæр
кургæ кодтой, нал дæр æй- æздæхтой.
фæлæ-иу хæд’ сылгоймаг йæхи -байста,,
уæд азым’ хаст’ой уьшæ æмæ-йу йрйД
фæстæмæ байстой. Фæлæ ма ноджы
дæр уыдис иу хабар. Зæгъæм’ ног чын^
дзæн фæмард йæ мой," уæд дарддæр куыд
лыг цыдис й’æ хъысмæт!1 Саударæг йъ\л-'
гоймагæн уыдис тынг стыр бартæ æмæ Ш
дарддæры хъысмæт аМ скъуыддзаг, кодта
æрмæстæр йæхæдæг, кæд-иу йæ мойы мыг-
гаг, стæй йæхи мыггаг дæр бæрæг бæлэырд
уынаффæтæ хастой, уæддæр. Сылгоймагæн
бар, уыдис æмæ баззадаид йæ лæджы х&л
лзарът, æрмæстдæр йæхи фæндонмæ-гæсгæ.
Йæ фыды хæдзармæ ацæуыны бар дæр
ын уыдис, ирæд’æнæраздахгæйæ. хФæлæ йæ
лæджы ^хæдзары уый хъуамае^ ’æнæмæнг
смпй кодтаид уыцы хæдзары йæлг’оймæг-
тæй йскæмæй. Уæлдай н’æ уыдис: фæнды
хæрз тиу, фæнды мойы фыды ’фсымæры
лæппу. Æнæмæнг уыдис, иу хабар — йæ НОГ
мой хъуамæ уыдаид æрмæстдæр уыцы хæ-
дзарæй. Фæлæ мойаг дæр, æвзæрста - æр-
мæстдæр’ йæхæдæг. Сылгоймагмæ уыцы
хъуыддад^ы тых ничи хаста. Ирон зынд-
гонд(таурæгъ «Бæтæйы фыртты»'ис цымы1-
лисон хабар. Хъаныхъуаты Бæтæйæн йе
’ ’фсымæр æвзонгæй фæхъуыд. Баззадис ын
г’дæдз ус. Ус сфæнд кодта лæджы ’хæдзары
баззайын. Уæдъш мыггаджы хисæртæ бам-
•барын кодтой, цæмæй Бæтæйы æхсæз фыртг
тæй равзæрстаид искæй, ’Идæдз, ус сразы
æмæ йæхицæн мойæн -равзæрста сахъ Ас-
лæмбеджы. Йæ ’фæндоны ныхмæ мурдæр
кнчи ницы сдзырд^та, кæд æфсымæрты хис-
дæр Цорæйæнацы хабар карды рæхуыстау
уыдис, уæддæр. Уæдæ афтæ: чындз смой
кодта йæ лæджы фæстæ йæ тиуæй. Хуыд
кастысты ахæм хабармæ Иры дзыллæтæ —
хорзыл æй нымадтой æви чæвзæрыл? Æмæ
ма ноджы æндæр фарста — ацы хабар ирæт-
тæм æгъдауыл нымад.цыд æви? Иры дзыл-
’ лæтæм апы хабар раст’нæ кастис æмæ йæ
сæхицæн æгъдауыл никуы нымадтой.'Зынд-
гонд ирон фыссæг Санаты Уарийы уацмыс
«Бæтæйы фыотты» ис ахæм цау: Бæтæйы
бырттæн се ’фсымæр Дочче фыдгæнæджы
къухæн фæмард. Баззадис ын æвзонг ус,
Уæд æфсымæртæ афæдзы хисты фæстæ æр-
хатыдысты Будзимæ, сё фсымæрмæ, цæ-
мæй йæ цард сиу кодтаид Доччейы биной-
54
наджимæ. Мæнæ цы зæгъы БуДзи йе ’фсы-
мæртæн: «Сымах фæнды, цæмæй æз, ме
’фсымæр Дочче йæ дунейы рухсæй цы
цардæмбалæй ахицæн, ома Хъамбечырæй,
æмæ æз мæхицæн чындзыл нæ, фæлæ хо- .
;йыл кæй нымадтон, уымæй мæхицæн сак-
каг кæнон... Æмæ уый адæймаджы æгъдау
у? Абон дæ хо, р’айсом та — дæ ус? Ау,
æмæ ма уæд цæмæн цæуон -Доччейы туг
исынмæ та? Цы цæсгомæй æрлæудзынæн
йæ разы»? Номдзыд ирон ахуыргонд проф-
ессор Уанетьг Шакро фыста, Зæгъгæ, ти-
уæй мой кæнын ирон адæммæ æгъдауыл
нымад никуы уыдйс. Æгъдау та«у, æнæ-
мæнг бакæнын кæй æмбæлдис, ахæм соци-
алрн фæтк.
Дзырд дæр ыл нæй: тиуæй мой кæнын
æгъдауы куы уыдаид, уæд Будзи ахæм
ныхæстæ’ ницыгъуызы загътаид. Æгъда’у,
æгъдау у æмæ æнæрадзур-бад.зурæй код-
таид йæ хъуыддаг. Будзи не ср’азы æмæ ма
уымæйуæлдай дзуры карз ныхасдæр: «Æмæ
уый адæймаджы æгъдау у?» Таурæгъты
левират (тиуæй мой кæнын) хонынц пы-
сылмон æгъдау. ’ Санаты , Уари, номдзыд
ирон лæг, зæронд дуджы минæвар, ирон
æгъдæуттæ иттæг хорз кæй зыдтаид, ууыл
Дызæрдыг нæ хъæуы æмæ уый ныхас ма-
хæн бирæ уырнинагдæр у, Ирыстонмæ^
æнæнхъæлæджы цы бæлццæттæ хаудис æмæ
хъуыддæгтæ рæстмæ чи нæ зыдта, уыдон
фыстытæй. Фыццаг хатт левиранты кой
скодта йæ фыстыты Вахушти Уый фæстæ
инаæ бæлццæттæ ныхас уымæй айстой æмæ
хъыгагæн, левират хонын райдыдтой, æнæ-
’мæнгæй чи хъуамæ æххæег уыдаид, ахæм
æгъдау.
Зæгъьш хъæуы уый æмæ нæ дæр Вахуш-
ти, нæ^дæр Кох| Пфафф æмæ ноджы бирæ
æнДæр чидæртæ лæмбынæг нæ сахуыр код- -
той нрон адæмы цардыуаг, сæ хатдзæгтæн
5æМæ фыстытæн ис æрмæстдæр æнæнхъæлæ-
Джы нысаниуæг, уымæ гæсгæ’ абон уыдо-
нæн Ирыстоны тыххæй сæ алы куыстмæ
дæр кæсын.хъæуы тынг критикон цæстæн-
гасæй. Раст ахæм у левираты уавæр дæр.
Уымæ гæсгæ Солым афтæ кæм дзуры,
зæгъгæ, нæ иры æгъдаумæ гæсгæ мæ чындз
хъуамæ смой кæна йæ тиуæй, уый истори-
он æцæгдзинадæн дзуапп нæ дæтты.
Спектакль «Хъæздыг хæдзар»-ы хæдзары
хицау Солымы роль æххæст кæны курдиат-
Джын артист Тыладтаты Бексолтан. Æвæ-
джиау хæрзкуыст йæ къухты бафтыдис Бек-4
солтанæн ацы вазыгджын роль аразгæйæ.
Бексолтан-Солым сценæйы йæ алы фæзын-
ды дæр у хæрзконд æмæ цардæфсæст. Кæд
æм царды бирæ æппæрццаг миниуджытæ
ис, уæддæр ацы роль тынг хъæздыг у ду-
джы колорит æмæ ирон лæджы патриар^-
халон æвæрццаг миниуджытæй. Уæлдай
ныхас дзы не схаудзæнис, æгæрстæмæй йе
’фсинимæ дæр у официалон, ’ зæронд дуг
бинонты хисдæрæй цы официалондзинад
Домдта, афтæ. Иттæг реалон у йæ хъазты
Бексолтан-Солым Уый хæссы йæ фидар
уæхсчытыл йæ дуджы хъизæмар æмæ йæ,
боны фæстагмæ, уыиы уæззау хъизæмар
сæтгæ дæр бакæны. Театрдзаутæ сæ цæст
æрæвæрдтой курдиатджын актеры хъазтыл.
Трагедийы Солымы хисдæр фырт Тотыр
уыдис хæрзконд æмæ хъаруджын лæппу,
фаелæ дугътæ уадзыны рæстæджы саргъæй
Дхауд, бæхт къæхты бын фæцис æмæ цæ-
рæнбонтæм цæнкуылтæй’- баззадис. Саст
зæрдæ адæймаг, -йæ амонд .ссарыны ныфс
дæр æй, нал и,с, афтæ æрхæндæг сагъæсти-
мæ бонæттæ кæны йæ талынг дунейь!. Уы-
рыссаг æмæ ’ дунеон ’литературæйы ис æн-
гæс фæлгæндзтæ,- фæлæ ирон аивадон лите-
ратурæйы’ уый уникалон у æмæ, уымæ гæс-
гæ, уæлдай цымыдис æвзæрын кæны ав-
торы ныхъхъуыдымæ гæсгæ. Тотыры роль
æххæст кæнынц ’дыууæ актеры ^—Хуыгаты
Сурен æмæ Фидараты А. Хуыгаты Сурен ’
ирон сценæйыл,нырма бирæ рæстæг нæ ар-
хайы. Уæлдæр театралон дæсныйад райста
Мæскуыйы. У хæрзконд лæппу, ацы тра-
гедийы хъазгæйæ Сурен стыр дисы баф-
тыдта театрдзауты, бынтондæр ын характе-
рон чи нæ у йæ бакастмæ гæсгæ, ахæм
роль æххæстгæнгæйæ. Ирон адæммæ-ис æм-
бисонд: «рæсугъд æрмæст’æттаг уындæй нæ,
вæййы» Адæймаджы удыхъæд, йæ зæрдæйы’
конд, йæ ахаст æндæр искæйы зындзинад-
мæ -- уыцы хиадтæ диссаджы æвдыст ра-
кодта курдиатджын актер йæ арæхстджын
хъазтæй. Хъæздыг хæдзары цы стыр тра-
геди æрцыд (Солымы фырт Уарийæн йæ
саугæххæтт æрцыд хæстæй), уый бинонтæй
алкæй трагеди дæр у, фæлæ ма дзы ис но:
джы иу стыр æнамонддзинад* Уарийы би-
нойнаг хæрзæвзонгæй сайдвæстаг фæцис
æмæ уый хъысмæт сусæг-æргомæй, æргæв-
ды хæдзары бинонты. ’Тынг рогæй скъуыд-
дзаг кæнынмæ хъавы- Солым йæ чындзы
хъысмæт —■ æрвиты йæ йæ цæгатмæ, - йæ
фыды хæдзармæ æмæ домы йæ ирæд фæс-
тæмæ. Чындзы нæ-фæнды йæ уарзон мойы
хæдзар ныууадзын. Адæймаг йæ трагикон
уавæры ныфсытæй цæры æмæ Сæниаты дæр
йæ стыр ныфс иунæгæй нæ уадзы—уыр-
ны йæ, Уари æгас кæй у, уый æмæ йæ фæн-
ды æнхъæлмæ кæсын йæ лæджы номыл.
Сурен-Тотыр тынг лæмбынæг йæ хъус да-
ры алкæйы ахастмæ дæр. Иæ чындзы уа-
вæр уый хуызæн ничи æмбары æмæ алы
амалæй дæр архайы æнамонд сылгоймагæн
баххуыс кæнынæн. Цæнкуыл- æмæ низæф-
хæрд адæймаджы риуы райгуыры уды
сыгъдæг æмæ æнæаипп адæймагдзинад. Су-
ренæн йæ реалон хъазтæ’й- йæ бон бацис
’стыр гуманизм равдисын. Сцёнæйыл театр-
дзаутæ бынтондæр нал хатынц ’фыдуынд,
фыдхъуын тæригъæддаджы, фæлæ еæ разы
æрлæууы диссаджы рæсугъдæй, дунейы æп-
пæтхорздзинæдтæ йæ зæрдæйы кæмæн сты,
ахæм цардхъом æмæ æндондых хъæбаты-
рæй. Сæниат, зæрдæскъуыд сылгоймаг, йæ
фæнд куы бамбарын кодта йæ мойы хæ-
дзары баззайьтны тьтххæй, уæд йæ фарс ни-
чи рахæиыд Сурен-Тотыры йедтæмæ; Æф-
син æй, æгæрыстæмæй, тыхæй сурыямæ дæр
хъавы Тотыры хъуыдыты гæнæн’лс æмæ
театрдзау хиндзинад бафиппайдтаид,- ома
чындзы йæхимæ ’раздахынмæ лъавы бинои-
наджы4 охыл Æгæрыстæмæй йыл фæдызæр-
дыг Сæниат йæхæдæг дæр, фæлæ Сурен
уыцы трагикон момент ахæм ~реалон хъазт
кæны æмæ фæстагмæ алчиДæр баууæнды йæ
"сыгъдæг уды, йæ гуманон ахастыл. Тынг
зын ын уыдысты йæ фыды ныхæста^- куы
загъта Сæниат дæ бинойнаг бауæт’, зæгъ-
гæ. Зын ын уыдис йе ’фсымæры тыххæи,
- зын ьтн уыдис Сæниатæн йæхи тыххæи
ау, цæнкуылы фæдыл куынæ æрцыдис æв-
зонг чызг Солымьт дзаджджын хæдзармæ,
уæд ныр æнæбары цæрдтытæ цæмæн хъуа-
мæ æрвита. Маст æмæ сагьæс искæй амон-
55,
дыл, маст æмæ сагъæе æнæхян, æнæдæл-
гоммæ митæй — ахæм у Сурей-Тотыр.
Спектаклы кæд сæйраг архайæгæй у хз>
Дзары хицау Солым йæхæдæг, уæддæр бæ-
рæгæй зыны, йæ бинойнаг Гонион нæлгсй-
магæй къаддæр кæй нæу æмæ бирæ рæтты
йæ мойæ тыхджындæр кæй разыны, Гонн-
оны роль æххæст кæны курднзтджын акт-
рисæ Хъантемыраты Терезæ, ис ын дублер
дæр — Цырыхон. Гонион-Хъантемыраты Те-
резæ бахауд иттæг уæззау уавæры. Цард
ын хорзæй бирæ цыдæртæ фæхай кодта —
мулк, хæрзконддзинад, хъару, æмæ фидар-
дзинад, фæлæ фыдæлгъыст фæцис хъæбу-
лы амондæй æмæ уый аххосæй йæхицæн
адджын ницыуал кæны. Æниу хихъæбултау
райы æмæ тайы Тотыр æмæ Уарийыл, фæлæ
йæхи хуылфæй рацæугæ не сты æмæ йын
уый æдзух йæ цæстмæ дары йæ тызмæг
æмæ кæрæф сæрыхицау. Хъæбулы мондагæй
Терезæ иттæг хорз аразы уарзæгой мады
(Ьæлгонц. Иæ узæлдæй, йæ сагъæсæй бæ-
рæг нæу, йæхæдæг æнæзæнæг сылгоймаг у,
уый. Нæ зыны йæ архайды дыггаг мады
тызмæг цæсгом, фæлмæн у хъæбултæ уарз-
гæйæ, æнувыд мад, фæлæ зæлдаг удыхъæ-
ды хицау кæй нæу, уый фæзыны йæ чын-
дзимæ ахастыты.
Сæниаты фæлгонц уацмысы ныхмæвæрд
адæймагæй зыны. Уый у трагедийы сæй-
рагдæр персонажтæй сæ иу. Мелыккаты
чызджы хъазт зæрдæмæдзæугæ у, фæлæ
дзы цыма ’æнувыд æмæ уарзæгой адæйма-
джы зæрдæ тынг нæ зыны, афтæ нæм кæ-
сы. Тексты иуæй-иу ныхæстæм гæсгæ бæ-
рæг у, Сæниат сæрæн чызг кæй уыдис йæ
фыдыхæдзары дæр — лæппуты æмрæкхъ
дугъты дæр уадис, фæлæ йын Солымы хæ-
дзары нæ фаг кæны ирон уæздандзинад
иуæй-иу эпизодты та бынтон къæйных у.
Иæ фыдимæ дзургæйæ, уый сдзырдта йæ
хицауы ном, Солым йæхæдæг дæр уым уы-
дис, афтæмæй. Уымæн бауырнæн ницыгъуы-
зы ис. Солым, зæронд æгъдæуттыл фидар
хæцæг, йæхæдæг дæр хорзау нал фæцис
йæ ном йæ уайсадæг чындзæй фехъусгæ-
йæ æмæ æлхыскъæй мæнæ куыд дзуры:
«Ау, уый мын мæ ном дæр куы зоныс»
Ацы ныхæстæ Солым уый тыххæй мыйнгг
нæ дзуры æмæ исты табиц хæссы йæ чындз-
мæ. Уый иттæг хорз зоны ирон æгъдау —
чындз-иу йæ хицауы ном нæ, фæлæ тиуты
нæмттæ дæр никуы фæдзырдта. Йæ номæй
нæ дзырдта æгæрстæмæй йæ сæрыхицаумæ
дæр. Раст нæм нæ кæсы, саударæг ус ду-
гъты хайад исынмæ кæй цыдис, уый дæр
Æниу чизоны уыцы фæткæн исты историоп
æцæгдзинад ис, фæлæ аивадон уацмысы
сæйраджыдæр хъус фæдарынц типикон цау-'
тæм æмæ, уыцы уавæрмæ, уæлдæр æрхæс-
гæ эпизодтæ театрдзауы дызæрдыджы æф-
тауынц.
Дызæрдыджы ма æфтауы ноджы иу ха-
бар: Сæниат цæмæн смой кодта Тотырæй?
Ам уарзт ис æви Солымы фæнд? Кæд Со-
лымы фæндон у, уæд логикæ хæлы æмæ
Саениаты фæлгонпæн афтæ бамбарæн ис,
цыма уый у Хъæбатыр сылгоймаг æмæ йæ«
Хи цЫ нæ бафæнда, уый ницы хуызы са-
рг.здзæнис. Афтæ зыны, цыма Сæниат ра*
зы у, йæ хъысмæт ын цы сныв кæна, уы-
цы уавæрыл. Æвзæр нæ уаид, автор ма
ацы ахастытæм иухатт йæ хъус куы æр«
дзрид. Сæкиатæн æппæт фадæттæ дæр ис
Тотыры бауарзынæн. Тотыр, уындæй цух,
фæлæ лæджыхъæд æмæ удыхъæдæй аккаг
у сыгъдæг æмæ æнувыд уарзтæн. Афтæ
нæм фæкаст, цыма ацы дыууæ иттæг хорз
уды ахастытæ кæронмæ куыстгонд нæ æр-
цыдысты æмæ уымæ гæсгæ дызгъуынæй
зынынц æнæхъæн уацмысы. Науæд мæнæ
куыд цæуы: Сæниатæн йæ мой нал æрыз-
дæхт фæстæмæ, фæлæ та куы фæзынд,
уæд та йæ йæ зæрдæ ногæй скъæфы
уымæ. Ноджыдæр æй зæгъæм: кæд Сæ-
ниат æцæг уарзтæй уарзы йæ лæджы,
уæд ыл йæ къух ма хъуамæ систаид йæ
дыккаг моймæцыдæй æмæ кæд уарзты
бындурыл фæцыд ногæй чындзы (уый та
æнæмæнг афтæ хъуамæ уа), уæд та йæ
зæрдæ мауал хъуамæ æхсайдтаид йæ фы’ц-
цаг лæгмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, царды
алцыдæр вæййы, фæлæ ам дзырд цæуы
литературон фæлгонцыл æмæ литературон
фæлгонц та æвæрццаг миниуджыты рæнхъ-
мæ куы тырна, уæд йæ алы къахдзæф дæр
тæрæзтыл баринаг вæййы.
Иттæг хорз фæлгонцтæ сарæзтой Медой-
ты Светланæ æмæ Хъæцмæзты Лазар-Уа-
ри. Тынг хиуылхæцгæ æххæст кæны йæ роль
Хъæцмæзы фырт. Алцыдæр лыстæггай ба-
ры — зондыл ныллæуа æви зæрдæйы мæс-
тытæм байхъуса. Режиссерон æгъдауæй
тынг хорз куыст у фæрæт æмæ сугсæттæн
къуыдыры сценæ, уымæн ис символикон
нысаниуæг Дыууæ уарзæгой уды кæрæ-,
дзимæ. æвирхъау тыхтæй тырнынц, æрзо-
ныгуыл кодтой къуыдырæн йæ дыууæ фарс,
фæлæ æндæр нгл баввахс сты кæрæдзи-
мæ — къуыдыры уæлæ сугсæттæн цыргъ
фæрæт сагъд ис...
Хъæимæзы фырт-Уари æмбары ацы уæз-
зау фæрæт æрмæст сугсæттынæн нæу æмæ
абухгæ масты цæхæр ныллæууыдис йæ фы-
цынæй.
Хуыгаты Георы трагеди, дзырддæр ыл
нæй, фыссæджы сфæлдыстады нымад цæуы
гтьтр æнтыстыл. Нырмæ курдиатджын ко-
медиограф æмæ æвзыгъд режиссерæй кæй
зыдтам, уый ныртæккæ нæ разы æрлæууы-
дис бынтон æндæр хуызы — адæймаджы
æнусон удыхъæд, бинонты гакон-макон
фæндæгтæ æмæ рухсмæ, æнæрынцайгæ
тырнгæйæ — æппæт ацы фарстытæ æмæ ва-
зыгджын проблемæтæ æвдисыныл ныллæу-
уыдис нæ фыссæг æмæ йын тынг рæвдзæй
æптысгæ дæр бакодта.
Иумиагæй та ъæ кæронбæттæн ныхасы
Цæгат Ирыстоны драмон театры тыххæй
уый зæгъын фæнды, æмæ актерты коллек-
тгв фидар лæууы прогрессы фæндагыл. Кæд
дзы стæм къуыхцытæ зыны, уæддæр уыдон
гонцон рарастгæнæн сты æмæ нæ фидарæй
уырны йæ рæсугъд стыр фидæн,
56
ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД
РÆСУГЪД ФÆНДАГ
Еналдыты Вахтангы райгуырдыл сæххæст 60 азы
дæйы активон хайад кæй райста, уый тых-
хæй».
Ректор тел каст нæма фæцис, афтæ анæ-
пыд тыхджын къухæмдзæгьд. Виниамин
Захары фырт сценæмæ схизын кодта си-
выры хуынчъы дæр иннæрдæм чи алæста-
ид, ахæм æвзонг, æлвæст лæппу-лæджы.
Уый фенгæйæ та ноджы дæр залы къуым-
ты тыхджын къухæмдзæгъд анæрыд.
Уый уыдис 1957 азы. Уæд æз Мæскуы-
йы нæ уыдтæн, фæлæ мын ме ’рвад, абон
нæ ирон театоы режиссер Харебаты Фе-
дыр радзырдта, уæд зæгъ Вахтангы сту-
денттæ сæ къухтыл фелвæстой æмæ йæ
афтæмæй рахастой.
Уыцы хабао фехъусгæйæ, мæн мæ са-
гъæстæ ахастой 1957 азмæ, уæд æз хай-
ад истон Хуссар Ирыстоны литературæ
æмæ аивады декадæйы, куыд æвзонг, рай-
дайгæ поэт, афтæ мæ фæхуыдтой нæ фыс-
джыты цæдисæй, мемæ ма уыдысты мæ-
хиау æвзонг поэттæ Козаты Исидор æмæ
Бахъаты Нугзар. Адон кой та уымæн кæ-
нын æмæ мах иумæ уыдыстæм æвдисæн
иу хабарæн. Хуссар Ирыстоны кафт æмæ
зарды паддзахадон ансамбль концерт лæ-
вæрдта Руставелийы номыл Академион
театры стыр залы. Мах не ’ртæ бадтыстæм
цыппæрæм рæнхъыл. Зæрдæ уыд цыдæр
æнахуыо уæлтæмæнтæй хурвæлыст, стæ-
хынæввонг! Мæнæйма, ахæм номдзыд те-
атры стыр залы æмæ æппæт ложæты адæ-
мæй къухбакæнæн нал уыд. Адæм кæд
уынгæ ницыма фæкодтой, уæддæр цыдæр
æхцондзинад банкъарынмæ кастысты æн-
хъæлмæ, фæлæ сæ ирон саг-лæппутæ æмæ
нæ хъазхъуыр чызджытæ ахæм æнахуыр
дисы бафтауой, уый æнхъæл нæ уыдысты.
Сценæйы æмбæрзæн нæма байгом, аф-
тæ райхъуыстысты зæрдæскъæф ирон сим-
ды музыкæйы зæлтæ. Уыцы æнахуыр зæл-
тæм театры къултæ дæр хъустæ фестады-
сты, уалынмæ æмбæрзæн сындæггай фæй-
нæрдæм ацыд æмæ сценæйыл, æлвæст фа-
тау, рацыдысты Ирыстонæй æрвыст каф-
джытæ. Уыцы ныв афтæ рæсугъд, афтæ
аив уыд æмæ, уый фенгæйæ, залы айзæ-
лыд тыхджын къухæмдзæгъд. Сценæйыл,
цыма урссæр хæхтæн сæ айнæг дуртæй
амад уыдысты, уыйау нæ лæппутæ æмæ
на? чызджытæ Тбилисмæ семæ ныххастой
— Ахæм хабар никуыма уыд...
— Цавæр?
— Фехъусдзынæ йæ.
— Зæгъ мын æй, мæнæн мæ бон нæу
æрхъæцмæ кæсын.
— Ахæрынæй анхъæлмæ кæсын хуыздæр
у...
Афтæ ныхас кодтой Мæскуыйы Аивад-
ты Академион театры театралон институ-
ты студенттæ. Театралон институты æм-
бырдгæнæн зал уыд рæсугъд фæлыст, за-
лы адæмæй къухбакæнæн нал уыд.
— Æмбæлттæ, ме ’мкусджытæ, студент-
тæ æмæ нæ институты æппæт кусджы-
тæ! — Ныхас кæны институты ректор Ви-
ниамин Захары фырт. — Махæн абон у
стыр бæрæгбон, нæ институты фыццаг
хатт æрцыд ахæм хабар. — Виниамин За-
хары фырт систа Гуырдзыстоны ССР сæй-
м оветы президиумы тел, кæсы йæ:
«Мæскуыйы аивадты Академион театры
Цур театралон институты студент Енал-
Дыты Вахтанг Дауыты фыртæн лæвæрд
æрцыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт арти-
сты кадджын ном, уый Тбилисы Хуссар
Ирыстоны литературæ æмæ аивады дека-
57
нæ хæхты фидыц, нæ сæртæг æхсæрдзæн-
ты сæх-сæх, нæ хуссайраг арвы цъæх, нæ
сагбадæнты фидыц, нарты уæнгты айст,
Чермены æмæ Хазбийы æхсаргæрдты æр-
цъыкк, Харебаты Исахъы тохмæ сидт,
ирон хæдзары фарн, зæрдæйы хъарм, хæх-
хон сæгуыт-чызджыты æнæлаз цæстыты
цæхæр.
Фæстæдæр æз фембæлдтæн ССР Цæди-
сы адæмон артист номдзыд режиссер До-
до Алексидзеимæ æмæ мын æдзух кодта
симды кой, æз æй афарстон, зæгъын, нын
нæ симд цæимæ абарис. Уый хъуыды дæр
нæ акодта, афтæмæй загъта: «Зæххон
адæмон кафтытæй йæ ницæимæ абарин,
уый у зæдты кафт».
Додо Алексидзеимæ, цыма æмдзырд ба-
кодтой, афтæ сæ цалдæр азы фæстæ сфæл-
хатт кодта францаг аивад-зонæг сылгой-
маг, Жорж Дюмезилы хæрз æввахс æмбал
Жонниетта. Уый, Парижы Цæгат Ирысто-
ны паддзахадон ансамблы кафт «Симд»-ы
куы федта, уæд фыста: «Æрмæстдæр Нар-
ты- эпос радтæг адæмæн у йæ бон ахæм
кафт сфæлдисын, уый кафт нæ, фæлæ у
æнæхъæн адæмы æнæфыст эпос. Ацы каф-
ты зыны стыр нацийы стыр удыхъæд».
Ахæм хъарм, зæрдæйы арфæй рацæугæ
дзырдтæ бирæ ис «Симды» алфæмблай.
Руставелийы номыл Академион театры,
иу кафт иннæйы ивы, къухæмдзæгъдмæ
цар змæлы. Уалынмæ та мæнæ ног дис-
саг. Националон кафт акæнай, уым цы-
мæ диссагæй ницы ис, фæлæ, æндæр на-
цийы кафт акæнай, уымæй дæр дæ кафт
цæстæвæрæн фæуа, уый у диссаг. Сценæ-
йыл фæзындысты Еналдыты Вахтанг æмæ
Гусалты Залихан, æлвæст, уæздан сæ уæнг-
ты айст, сæ химæлвасаг цæстæнгасмæ кæс-
гæйæ лæджы зæрдæ" йæхи цинæй арвы
милтыл асæрфы. Уыдон æххæст кодтой
æфсымæрон кæсгон адæмон кафт «Хъафа».
— Афтæ рæсугъд кафт æй кæсæг сæхæ-
дæг дæр нæ кæнынц, — артисттæй бирæ
домæг æмæ æппæлынмæ чъынды компо-
зитор Галаты Барис йæхи нал баурæдта
æмæ фырцинæй сдзырдта: — Бæдæйнаг, бæ-
дæйнаг!
Уæд фыццаг хатт æрывæрдтон мæ цæст
Вахтангыл, уæдæй фæстæмæ æз арæхдæр
цыдтæн нæ уарзон ансамбль «Симды» æп-
пæт концерттæм дæр æмæ æдзух дæр æн-
къардтон æнахуыр æхцондзинад.
Нæ ансамбль «Симд»-ыл хъуыдытæ кæн-
гæйæ мæ мæ сæнттæ ахастой æртынæм
азтæм, уыцы уалдзыгон хурвæлыст бон-
тæм. Уыд диссаджы уалдзæг. Æрдз йæ-
химидæг рад йæхи рæсугъддзинадæй, зæр-
дæ цыдæр цин æнкъардта æмæ йæ æна-
хуыр тых хаста нæ уæды чысыл горæт
Цхинвалмæ. Ам уыд сабиты æмæ скъола-
дзауты олимпиадæ. Æмæ мæнæ уырдæм
рацæуы Тъбеты хъæуккаг Бибылты Ан-
друш, йе уæхсчытыл сбадын кодта сы-
вæллоны.
— Кæдæм араст дæ, Андрей, ацы уал-
дзыгон бон дæ куыд равдæлд? — фæрсы
йæ йæ хъæуккаг.
— Дæлæ горæтмæ, сывæллæтты олим-
пиадæмæ!
— Æвæццæгæн дæ æрфæндыд дæ сы-
вæллонæн исты фенын кæнай?
— Хорз мæ бамбæрстай, æрмæст сывæл-
лон мæн нæу, стæй йæ уымæн нæ хæссын
æмæ йын исты фенын кæнон, хъуамæ йæ-
хæдæг искæмæн исты фенын кæна...
— Хуыцауы тыххæй, æмæ арæхсы?
— Æмæ цы хуызæн!..
Дзырд дардыл у, фæлæ Андруш Вах-
тангы йæ хъæбысы бахаста сценæмæ æмæ
сывæллон къах-къухтыл рог куы ’ркафыд,
уæд ыл адæм сæ цæст æрывæрдтой. Алы-
рдыгæй хъуыст арфæйы ныхæстæ: «Бай-
рæз, кæй дæ, уымæн бахъомыл у», «Ацы
сабийæн хорз фидæн ис!», «Тæхуды ды
кæй дæ...»
Рæстæг цыд æмæ 1938 азы, иуæндæс аз-
дзыд сывæллон бацыд Хуссар Ирыстоны
зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы
сывæллæтты къордмæ. Кафыны дæсныйад
ын амыдтой Гæбæраты Гриша, Габайты
Нина, Кæсæбиты Къоста æмæ æндæртæ.
Уæдæй, ома, уыцы азæй фæстæмæ Вах-
танг йæ хъысмæт сбаста ансамблимæ æмæ
дзы ссис иууыл активондæр æмæ уарзон-
дæр артист.
1941—1944 азты сывæллæтты ансамбль,
Гæбæраты Гришайы къухдариуæгæй кон-
церттæ лæвæрдта хъæуты, горæт Сталини-
ры æфсæддон хайадтæ æмæ æфсæддон
рынчындæтты.
Ие’взонджы бонты Вахтангхайад райста
нæ областы сывæллæтты æппæт олимпиа-
дæты дæр æмæ-иу кæддæриддæр рацыд
уæлахизæй.
Мæнæ куыд зæгъы нæ ансамбль «Сим-
ды» ветеран, нæ республикæйы сгуыхт ар-
тист Дзаттиаты Уакка: «1948 азы нæ ан-
самбль концерт лæвæрдта Ленингоры
районы, Орчъосаны хъæуы. Вахтанг урс
куырæты рахызт сценæмæ. Къæсхуыр, æл-
вæст лæппу йæ къахфындзтыл куы ’рка-
фыд, йæ къухтæ, æвзонг цæргæсау, фæй-
нæрдæм куы айтыхта, уæд мæм афтæ фæ-
каст, цыма ацы тæккæ сахат стæхдзæни.
Сценæмæкæсджытæй иу лæг фырцинæй
æрбахъæр кодта: «Дæ бындар фæуай, кæд
цы лæппу дæ, кæд дын дæ астæу кæрчы-
тæ нæ бахсыдтой».
Уакка ма æрæмысыд иу ахæм хабар,
уый та уыд 1940 азы. Тбилисы уыд ирон
литературæ æмæ аивады декадæ. Руста-
велийы номыл паддзахадон Академион те-
атры концерт куы радтам, уæд нæм изæ-
ры уазæгдонмæ æрбацыдысты цымыдисгæ-
нæг тбилисæгтæ (сæ нæмттæ сын нæ ба-
хъуыды кодтон).
— Бахатыр нын кæнут, — загътой æрба-
цæуджытæ, — стыр цымыдис нæм сæвзæ-
рын кодта уæ къах-къухтыл кафт, æмæ
нæ фæнды уæ цырыхъхъытæ фенын. Æцæг
къах-къухтыл фæлæуут æви’ уым сымахæн
дæр уæ цырыхъхъыты бырынчъыты, бале-
ты артисттау, пуантитæ æвæрд ис?
Уазджыты фарст нæм æнахуыр диссаг
фæкаст, æмæ сын фенын кодтам нæ цы-
рыхъхъытæ, ахæмтæй сæ куы ницы < ра-
зынд, уæд сæ сæртæ нынкъуыстой æмæ
цыдæр дызæрдыггæнгæ ацыдысты. Бæрæг
уыд, æххæстæй сæ нæ бауырныдта нæ дза-
бырты хъуыддаг æмæ æцæгдæр афтæ ра-
уади. Дыккаг бон концерт куы радтам,
уæд нæм уыцы лæппутæ ногæй фæзынды-
сты, æрмæст ацы хатт уазæгдонмæ нæ,
фæлæ театрмæ. Ам сæ цуры нæ цырыхъ-
хъытæ куы раластам, уæд-иу цырыхъхъы-
ты сæ къух фæтъыстой, ома сæ бырын-
58
Чъыты исты йс, фæлæ-йу сæ куы ницы
разынд, уæд-иу сæ дисæн кæрон нал уыд.
ЁаХтаНг хъуыды кодта йæ дарддæры
цардвæндагыл. Хатыдта- ахуыр æй кæй
хъæуы, кафын æмæ теоретикон зонынад
кæрæдзийæн æцæгæлон кæй не сты. Рæ-
сТæг куыд цыд, афтæ йæ ацы хъуыды
уæгъд нйл уагъта æмæ 1956 азы Хуссар
Йрыетойы Хётæгкаты Къостайы номыл
паддзахадон театр Мæскуымæ театрон
фæсивæд куы æмбырд кодТа, уæд Вахтанг
дæр йæ документтæ балæвæрдта æмæ уы-
цы аз ссис Мæскуыйы МХАТы цур теат-
ралон институты студент Ахуыры рæстæ-
джы Вахтанг Мæскуыйы ирон студенттæ
æмæ фæсивæдæй сарæзта кафт æмæ зар-
ды хæдархайгæ- къорд. Ансамбль цыбыр
рæстæджы йæхимæ æркæсын кодта мæс-
куыйæгты. Мæскуыйы театралон институт
каст фæуыны фæстæ Вахтанг 1961—1973
азты куыста нæ театры артистæй. Уый са-
разгæ фæлгæнцтæ абон дæр ма цæрынц
æмæ сæ мысынц нæ театрдзаутæ, куыд
«Дыууæ чындзæхсæвы» — Дадойы фæл-
гонц; «Æнæмсæр тохы» — Степаны; «Егор
Буличевы» — Павлины, «Ускурыны» — Под-
колеснийы, «Сыгъзæрин фæткъуыйы» — Го-
дахы, «Мæ усы лæг» — Хъæриуы, «Би-
рæгъты» — Быдзеджы, «Искæй бæхыл ма
бады» — Тарзеты, «Бæсты фарн» — Тода-
йы, «Хуцайы таурæгъы» — Хуцайы, «Мæрд-
ты чындзæхсæвы» — Апаллоны, «Мæрдтæм-
дзæуæджы» — Дзибайы фæлгонц æмæ æн-
дæртæ.
Еналдыты Вахтанг куыд арæхстджын
хъазт кодта, уый тыххæй Гуырдзыстоны
ССР адæмон артист Цхуырбаты Барис
зæгъы афтæ: «Вахтанг æрдзæй рахаста
артисты курдиат, уый сценæйыл цард йæ
хъайтары цардæй. Вахтанг æддагон эф-
фекты тыххæй сценæмæ никуы рахызт,
уыд куыстуарзаг, уый цы ролтæ сæххæст
кодта, уыдон бирæ фæцæрдзысты».
1973 азы Вахтанг театрæй куы ацыд,
уæд куыста Цхинвалы районы культурæ-
йы хайадыгæсæй, 1978 азæй абонмæ та
кусы Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къо-
стайы номыл паддзахадон театры дирек-
торы хæдивæгæй.
Вахтангимæ театры куысты фæдыл куы
ныхас кодтон, уæд мын радзырдта:
«Алцы дæр зæронд кæны, зæронд кæны
театры коллектив дæр, рæстæгæй-рæстæг-
мæ йæ хъæуы сног кæнын. Æниу нæ теат-
рæн дæр йæ агъуыст бынтондæр нал дæт-
ты дзуапп абоны домæнтæн. Уæлдæр ма
загътон, нæ театры агъуыст нал бæззы,
базæронд моралон æгъдауæй, æниу мора-
лон æгъдауæй зæронд рауад, уымæн æмæ
сæрысуангæй, куыд агъуыст, афтæ теат-
ралон царды домæнтæн дзуапп нæ лæвæрд-
та æмæ нæ дæтты.
Театр дарæсауындзæнæй куыд райдайы,
афтæ цæмæй пьесæ, спектакль суа, уый
тыххæй райдайы режиссерæй. Хъыгагæн,
нæ театр ацы хъуыддаджы фæцис æна-
монды боны гуырд. Нырма нæ театрæн
иæхи аккаг режиссер никуы уыд. Уымæн
æмæ театр, хицæн адæймæгты аххосæй,
Режиссерон кадртыл нæ хъуыды кодта.
Уый тыххæй, бирæ азты дæргъы, нæ те-
атРЫ æмбæлон режиссер нæма уыд.
Вахтангы ныхæстæй бæрæг уыд, цæуыл
У йæ сагъæс, йæ мæты сæр. Иугæр нæй
театрæн курдиатджын сæйраг режиссер,
уæд ын нæй арф ахъуыдыгонд, мидисджын
репертуар дæр. Ирон æмбисонд нырма йæ
тых нæ фесæфта- «Дæхи бынæй лæппу
куынæ скæуа, уæд искæй лæппуйæ лæп-
пу нæй». Афтæ у театрæн дæр сæйраг ре-
жиссеры хъуыддаг, æрбахонгæ режиссери-
мæ националон театр стыр уаргъимæ дард
нæ ацæудзæнис. Дард нæ цæуы нæ театр
дæр, — йæ ныхас балхынцъ кодта нæ або-
ны юбиляр Еналдыты Вахтанг Дауыты
фырт
Рæсугъд, фæлæ зын фæндæгтыл фæцыд
Вахтанг. Ирон хъæуон бинонтæ... Дауытæн
Вахтанг уыд иуæндæсæм сывæллон. Уæв-
джейæ дæр цы мæгуыр рæстæджытæ уыд„
кæм уыд хойраг, уал сывæллонæн кæр-
дзын æмæ уæлæдарæс амал кæн, уый та
тъбеттаг зæхкусæгæн уыд уæззау уаргъ.
О, фæлæ уæддæр амæлттæ кодта Дауыт
æмæ йæ зæнæгæн цардмæ уæрæх фæндæг-
тæ байгом кодта.
Вахтанг куыд актеры куысты, афтæ те-
атры директоры хæдивæгæй кусгæйæ дæр
равдыста æвзыгъд организаторон курдиат.
Уый активон хайад исы театры вазыг-
джын царды Театр та, куыд фæзæгъынц,
у æнæхъæн «паддзахад». Паддзахады та
бирæ хъæуы, уæдæ актерæн куысты уа-
вæртæ саразын, театры транспортмæ хъус
дарын, гастролтæ организаци кæнын, те-
атры агъуыст цалцæг кæнын æмæ^цас æмæ
цас лыстæг хъуыддаг бахъæуы Вахтангы
’рбæстон кæнын. Уымæй дæр ма йын хæ-
дзары ’рдыгæй хорз фадат куы уыдаид:-
Мæ зæрдыл лæууы ахæм хабар, уæд
куыстон театры директорæй. Вахтанг мæ
цæмæндæр бахъуыд æмæ йæм телефоны
бадзырдтон, зæгъын, нæ дæ сæр хъæуьь
Уый, куыд алыхатт, афтæ ацы хатТ дæр
цæттæ уыд, æрмæст мæм бахатыд, мæнæ,
дам, сывæллонæн къæбæр ахæрын кæнон.
Мæныл дис бафтыд, зæгъын, уыцы
хъуыддаг Вахтангмæ цæмæн хауы, фæлæ
фæстæдæр базыдтон. йæ цардæмбал Га-
тыгкоты Наташа цалдæр азы размæ ба-
хаудта автомобилон катастрофæйы æмæ
сæ дыууæ чысыл фырты баззадысты Вах-
тангы æвджид, уый сын ссис мад дæр æмæ
фыд дæр.
Вахтанг Наташæйы фæстæ бинонтæ нал
æрхаста. Кæддæр æй фарстон, зæгъын,
дын иунæгæй зын уыдзæн сывæллæттæм
кæсын, стæй ма кусгæ дæр кæныс. Уый
иудзæвгар ницы сдзырдта, стæй мæм æн-
къардæй æрбакаст.
— Раст зæгъыс, тынг фæлмæцын, фæлæ
мæ кæсдæр фырт Дима Хуыцъейы йæ ма-
ды мадмæ уыд æмæ йæ фарста, æцæг,
дам, дыккаг мад нæмаг у? Æз уый куы
фехъуыстон, уæд басомы кодтон, хъуамæ
мæ сабнты схъомыл кæнон мæхæдæг, æнæ
дыккаг мады æххуысæй.
Уыйадыл йæ дзырд нал басаста... йæ
дыууæ фырты дæр бафтыдта царды’ фæн-
дагыл, йæ хисдæр лæппу Инал ацыд йæ
фыды фæндагыл, Мæскуыйы фæцис теат-
ралон институт æмæ ныртæккæ цæры æмæ
кусы Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къо-
стайы номыл драмон театры актерæй. Ис
ын иттæг хорз æнтыстытæ, æнхъæлмæ йæм
кæсы рæсугъд фидæн, йæ фыдау у куыст-
уарзаг-æмæ куыстуарзаг та кæддæриддæр
59
фæхæццæ вавййы нысангонд бынатмæ. йæ
дыккаг фырт — кæсдæр, Дима та каст
фæцис Цхннвалы пединститут æмæ кæны
ахуыргæнæджы куыст, æфсымæрон абха»
заг сабитæн амоны уырыссаг æвзаг æмæ
литературæ, истори.
Цард цæуы размæ. Йемæ хæссы йæ цин-
тæ æмæ йæ хъыгтæ. Нæ сæ уыд цух Вах-
танг дæр, нæ сæ уыдзæн цух нырæй фæ-
стæмæ дæр, фæлæ Вахтангмæ ис фаг хъа-
ру.
Кæддæр Бибылты Андруш йæ хъæбысы
цы сабййы хаста Чъребамæ, уый фæстæ-
дæр йæ рæсугъд аивады тыххæй бирæ
хæттыты райста йæ адæмы хорзæх, йæ
дзыллæйы арфæтæ. Адæм уарзынц æмæ
аргъ кæнынц аивадæн лæггадгæнæг Енал-
дыты Вахтангы рæсугъд сфæлдыстад. Вах-
танг йæ юбилейон 60 азмæ æрцыд рæсугь-
дæй, йæ радтæг адæмæн уырдыглæугæйæ.
ЛОХТЫ ДЗАМБОЛАТ
ЙÆ ТОХТЫ ХÆТÆНТÆ
Тарффынæй баци Чъреба. Б’он
йæ хъизæмæрттæй æхсæвы тар гуы-
бынмæ фæлыгъди. Талынг, къуын-
дæг уынгтæ ныссуй сты, цыма сæ-
хи зноны æвирхъау хабæрттæй æм-
бæхсынц, уыйау. Æдас не сты уы-
цы фыдбылызæй, æвæццæгæн, куый-
тæ дæр: исдугæй-исдугмæ райхъуы-
сы сæ тæвд рæйд, се ’мбу.
Уыцы ’иугъæдонæй ма æмгæрæт-
ты баззад æрмæст Леуахи. Уартæ
йæ былтæ ’хсыны, йе ’нусон фæн-
дагыл раст кæны йæ балцы, йæ за-
рæг ныр хъарæгау хъуысы... Ау,
цæуыл у уымæн та йæ сагъæс?
Донбыл ныллæггомау хæдзар. Йæ
чысыл рудзынгæй лампæйы дыдзы
рухс рарттывта, фæлæ уайтагъд йæ
цæст æрныкъуылдта. Нæ, ам фы-
нæй ничи кæны! Фынджы алыварс
бадынц дзыллæйы равзаргæ лæг-
тæ, цæуылдæр ахсджиаг ныхас кæ-
нынц. Хæдзары хицау — Хъуылаты
Сикъо, Гаглойты Серги, Къвини-
къадзе Датикъо, Хаханов Степа,
Тедеты Митя — иууылдæр дæла-
стæрдон организацийы уæнгтæ.
Иумæйаг растад хъуамæ райда-
йа 24-æм октябры. Бацархайын
хъæуы ууыл, цæмæй æфхæрд дзыл-
лæтæ иууылдæр рахæцой нæ фарс.
— дзуры Датикъо.
— Уый тыххæй, — йæ ныхас ын
айста Гаглойты Серги, — ноджыдæр
ма иу хатт адæммæ ацæуын хъæуы.
Сбæрæг кæнын хъæуы, чи рацæу-
дзæн нæ фæдыл, хæцæнгарз рай-
сынхъом чи у йæ къухмæ, уыдонæй.
Хъуамæ зонæм нæ тыхтæ. Уый уы-
дзæнис фæстаг скъуыддзаггæнæг
тох. Æз мæнæ Тедеты Митяйы бæр-
ны бакæнин Боржомы зылд. Æр-
зил суанг Атъены онг, æфхæрд
дзыллæтимæ куыд дзурын хъæуы,
уый зоныс...
Æмбырдæй здæхгæйæ, Митя
хъуыды кодта, йæ хæс куыд сæх-
хæст кæндзæн, кæцæй райдайдзæн,
уыдæттыл. Æниу фыццаг хатт нё
’ххæст кæны ахæм хæс. Хорз зоны
дæластæрдон куысты фæндæгтæ.
Ныр дæр мæнæ цасдæр рæстæг зи-
лынц йæ фæдыл меньшевиктæ.
Цалдæр хатты йыл æхсæвы хъула
дæр æркодтой йæ хæдзары, фæлæ
йын алидзын бантысы.
Кæд ын райдыдтой уыцы фæн-
дæгтæ, кæд сыл ныллæууыд, кæдæй
ардæм сын æвзары сæ тас, сæ фы-
дæбæттæ?
Тедеты Бетърейы фырт Димитр
(Митя) райгуырд 1898 азы Ставра-
полы крайы Ольгинскæйы хъæуы.
Йæ фыд Бетъре йæ дуджы райста
дины ахуырдзинад, куыста сауджы-
нæй. Фæлæ Ольгинскæйы бирæ нæ
баззад, йæ бинонтимæ ’рыздæхт
Хуссар Ирыстонмæ, æрцард йæ рай-
гуырæн хъæу Цъунары. Уый хорз
æмбæрста рухсады нысаниуæг æмæ
йæ фырты ахуырмæ радта гимназ-
мæ. Каст дзы фæцис 6 къласы.
Раст уыцы рæстæджы базонгæ
ис революцион тохы идеятимæ. Æв-
зонг лæппу сфæнд кодта фæллой-
гæнæг адæмы сæрибардзинады
хъуыддагæн йæ цард снывонд кæ-
нын, Фыд æнæфæхатгæ нæ фæцис,
60
йæ фырт æнцон фæндаг кæй нæ
равзæрста, уый, фæлæ йæ нæ фæн-
дыд йæ бакъуылымпы кæнын.
Бетъре йæхæдæг кæд сауджын
уыдис, уæддæр хæст уыдис револю-
цион зонадахастыл, хайад иста
Хуссар Ирыстоны растадты. Митя
ма Гуры нæлгоймæгты гимназы
куы ахуыр кодта, уæд бацыд сусæг
куыстгæнæг революцион къордмæ.
Уыцы рæстæджы-иу дæластæрдон
къорды уæнгтæ арæх фембæлдысты
Санахъоты Паулейы хæдзары, ка-
стысты марксистон литературзе.
Митя дæр-иу хайад иста уыцы æм-
бырдты.
Цъунайрæгтæ Хаситы Никъолоз
æмæ Мамиты Бетъуимæ Митя амал
кодта хæцæнгарз Хуссар Ирысто-
ны растадонты иу къордæн. Митя-
йæн йæ революцион архайды зæр-
диаг æххуыс кодтой йе ’мкъай Ха-
ребаты Соня, стæй цъунайрæгтæ
Джиоты Ваня æмæ Мамиты Ни-
къала.
Гуры гимназ каст куы фæцис,
уæд Митя 1918 азы æрбаздæхт Цъу-
нармæ. Уыцы аз æй райстой боль-
шевикон партийы рæнхъытæм. Æмæ
аныгъуылд æгасæйдæр революци-
он куысты. Адæмы ’хсæн рапарахат
кодта агитацион куыст, сидтис сæм
сæ барты сæрыл тохмæ.
Хуссар Ирыстоны Ревкомы ба-
хæсмæ гæсгæ Цъунармæ æрцыды-
сты Дзаттиаты Алыксандр, Плиты
Арон æмæ Гаглойты Серги. Сусæг
æмбырд сын уыд Бæззаты Гигойы
хæдзары. Æмбисæхсæвтæм бадты-
сты æмæ уынаффæ кодтой хъæуы
сусæгкуыстгæнæг большевикон ор-
ганизаци саразыныл. Сæрдарæй
йын сывзæрстой Тедеты Димитры,
хæдивджытæй — Мамиты Бетъу
æмæ Хаситы Никъолозы.
Æнувыд большевиктæй уый са-
рæзта æдхотых хкъорд æмæ йæ
къордимæ активон хайад иста Хус-
сар Ирыстоны революцион змæл-
ды. Фидар бастдзинад ын уыдис
Хъорнисгомы Хаситы Миттайы
къордимæ. Афтæ кæддæриддæр Те-
деты Димитр уыд революцион ар-
хайдæн йæ тæккæ тæмæны. Æмæ
та йын мæнæ ног хæс...
...Дыккаг бон Митя балæууыд
Згъудеры хъæуы. Зæхкусæг Бицъой-
ТЬ1 Гришыхæдзары базонгæ ис, Гу-
ры ахæстонæй чи ралыгъд, ахæм
революционерты къордимæ. Уыдо-
нимæ иумæ Къуары рахисварс рай-
онты сарæзта хæстон къордтæ, фыл-
дæр кодтой сæ рæнхъытæ. Æфхæрд
адæм разæнгардæй цыдысты сæри-
бары сæрыл тохмæ.
Бонæй-бонмæ рæзтис къорд. Иу-
мæйаг растады æмгъуыд хæстæгдæр
кодта. Центры амындмæ гæсгæ,
Митяйæн æххуысмæ æрбацыд Тиф-
лисы цалцæггæнæн æрмадзы ку-
сæг, революционер Айдарты Зна-
уыр. Хæсгонд сын уыдис ацы райо-
ны цæрджыты æппæтиумæйаг ра-
стадмæ бацæттæ кæнын. Дыууæ æв-
зонг лæппуйы бирæ æгъуыссæг æх-
сæвтæ арвыстой, сæ разы сын пар-
ти цы хæс æрæвæрдта, ууыл хъуы-
ды кæнгæйæ. Куыд акæндзысты сæ
фæдыл фæллойгæнæг дзыллæты ре-
волюцион тохмæ?
Октябры æмбисы Чъребайæ араст
сты Хашуры районмæ, цыхт æлхæ-
ныны æфсон. Сæ сусæг штаб уыд
Зореты хъæуы. Ам фæндон раха-
стой, цæмæй æввахс хъæуты дæла-
стæрдон къордтæ кæрæдзиимæ ба-
иу кæной, растадонты сифтонг кæ-
ной хæцæнгарзæй. Фæлæ меньше-
викты хъузæттæ фæраздæр сты,
адæмы хсæн агитаци ауагътой боль-
шевикты ныхмæ, афтæмæй сæ фарс-
хæцджытæ къаддæр кодтой. Зна-
уыр æмæ Митя стыр куыст бакод-
той дзыллæты ’хсæн. Сæ хæстонты
къорд сырæзт 500 адæймаджы онг.
Октябры дыккаг æмбисы Митя
æмæ Знауыр ныццыдысты Гурмæ.
Ам фембæлдысты Хаситы Никъоло-
зимæ. Уый Ревкомы бахæсмæ гæс-
гæ куыста меньшевиктæм.
— Тынг æхсызгонæй нæ хъæуы
хæцæнгарз æмæ хæцæн æрмæг, загъ-
та йын Знауыр, — хъуамæ нын бах-
хуыс кæнай!
Никъолоз сын баныфс æвæрдта
æмæ разынд йæ дзырды хицау.
Меньшевикты æфтауцдæттæй ахæс-
сын кодта бирæ хæцæнгæрзтæ æмæ
хæцæн æрмæг.
22 октябры æхсæвы сæм Тифли-
сæй фæхабар кодтой, цæмæй 24 ок-
тябры ма растой, æнхъæлмæ кæ-
сой ног бардзырдтæм. 7 ноябрмæ
бакодтой стыр цæттæгæнæн куыст.
Къорды хисдæрæй æвзæрст æрцы-
дис Бухрикъидзе Тъатъе, штабы
хисдæрæй та — Айдарты Знауыр.
1919 азы 7 ноябры къорд бацахста
61
Хцисы хъæу æмæ йе штаб æрæ-
вæрдта æлдар Цициановы хæдза-
ры. Арæзт æрцыд зæхкусджыты де-
путатты Совет. Сæрдарæй йын æв-
зæрст æрцыд Айдарты Знауыр,
секретарæй та — Тедеты Митя. Зæх-
кусæгон депутатты Совет Квишхе-
тæй Карелмæ расидт Советон хи-
цауад.
Советы бахæсмæ гæсгæ Митя
ацыд Алеуы хъæумæ Ломидзе æмæ
Бекъойы фырты къордтæм, цæмæй
сын бамбарын кодтаид сæ разлæу-
уæг хæстæ. Бынаты куыд рабæрæг,
афтæмæй ацы партизантæн нæ уыд
хæстон æгъдауæй цæттæ къухдари-
уæггæнджытæ. Къордæн æххуыс ра-
курыны тыххæй Митя ардыгæй
ацыд Дзауы округгоммæ. Ардыгæй-
иу алеуæгтæн æххуысмæ рарвыстой
Санахъоты Бига, Цхуырбаты Габо
æмæ Хъоцыты Тъатъейы. Бæргæ
тагъд кодтой фæстæмæ, фæлæ бай-
рæджы. Алеуы хъæумæ куы бахæц-
цæ сты, уæд сæмбæлдысты гварди-
онты стыр къордыл. Афтæмæй сын
нал бантыстис нысан бынатмæ ныц-
цæуын æмæ раздæхтысты фæстæмæ.
Уымæй размæ æдгæрзтæ растады
хъуыддаг базыдтой меньшевиктæ.
Ахст æрцыдысты окружкомы къух-
дариуæггæнджытæ. Растады æм-
гъуыд фæстæдæрмæ аргъæвыны
тыххæй Крайон комитет фæхабар
кодта Хуссар Ирыстонмæ. Фæлæ
уъш агъоммæ растадысты Боржом,
Хашур æмæ Карелы районты фæл-
лойгæнджытæ.
Растадонты ныхмæ меньшевикты
хицауад рарвыста стыр тыхтæ, сæ
сæргъ лæууыд, йæ цъаммар фыд-
митæй зындгонд, адæмы знаг Хим-
шиашвили. Растадонтимæ сын Хци-
сы хъæуы цур бацайдагъ карз тох.
Дыккаг бон—14 ноябрмæ нæ бан-
цад хъазуат хæст. Гæрзифтонг æмæ
хорз цæттæ æфсады ныхмæ раста-
донты бон лæууын нæ бацис, нæмыг
сæм нал уыд æмæ фæстæмæ алæу-
уыдысты. Æнæмсæр тохы уацары
бахауд æмæ сæрибары сæрыл йæ
цард æрхаста адæмы уарзон хъæ-
бул Айдарты Знауыр.
1920 азы райдианы Тедейы фырт
бацыд Хуссар Ирыстоны растадон-
ты бригадæмæ æмæ нысан æрцыд
йæ комендантæй. Уыцы азы майы
хæцыд 12-æм бæхджын дивизийы
рæнхъыты, уымæй афæдз фæстæдæр
та ахуыр кодта Борисоглебевскы
бæхджын æфсады курсыты. Уыцы
азты хайад иста Кубаны инæлар
Хвостиковы, стæй та Тамбовы гу-
бернийы Антонов æмæ Колеснико-
вы абырджыты ныхмæ тохы. Алы
ран дæр æвдыста æхсар æмæ лæ-
джыхъæд. Областон музейы рево-
люцийы азтыл дзурæг документты
кæсæм:
«Тедеты Бетърейы фырт Димитр,
æцæгдæр, уыд партизанон балы хис-
дæр æмæ активон тох кодта Хус-
сар Ирыстоны Советон хицауад
æрфидар кæныны сæрыл.
Амал кодта растæг адæмæн хæ-
цæнга^рзтæ æмæ сæ æрвыста Иры-
стонмæ, йæ къордимæ хайад иста
Хуссар Ирыстоны æппæт растадты.
Хайад ма иста Цæгат Ирыстоны
Салугæрдæнмæ æввахс Уанейы
фырты бандæйы ныхмæ, стæй Зил-
гæйы хъæуы кадетты ныхмæ тохты.
Тедейы фырт уыд Советон хица-
уады сæрыл активон тохгæнДжыты
рæнхъыты, коммунистон организа-
цитæ аразджыты активондæр, Цъу-
нары районы большевикты дæла-
стæрдон райкомы секретарь».
Тедеты Димитр активон хайад
райста Бургъустаны Хуссар Иры-
стоны хæстон бригадæйы сконды
урсгвардионты ныхмæ тохты, стæй
Х1-æм армийы сконды меньшевик-
ты æфсæдды ныхмæ тохты.
Хуссар Ирыстоны æрфидар Со-
ветон хицауад. Димитр ссис ног
цардарæзтады активон хайадисæг.
Куыста Цъунары райпарткомы сек-
ретарæй, Хуссар Ирыстоны финан-
сты адæмон къамисариаты æвджид-
дарæй, паддзахадон банчы Хуссар
Ирыстоны канторæйы хисдæрæй.
1931—38 азты уыд Хуссар Ирысто-
ны Централон Æххæстгæнæг Коми-
теты Президиумы уæнг дыууæ сæв-
зæрсты рæстæджы.
70 азы сæххæст Советон хицау-
дзинадыл, æмæ цас рæстæг фыл-
дæр цæуы, уыйбæрц зынаргъдæр
сты махæн, кæсдæр фæлтæрæн,
адæмы амонд æмæ сæрибардзина-
дыл йæ цард нывондæн чи ’рхаста,
уыцы хъæбатыр тохгæнджыты
нæмттæ, уыдонимæ ис Тедеты Ди-
митры ном дæр!
62
, ПУБЛИЦНСТШ
БУЛКЪАТЫ МИХАЛ
СТЫР КУРЛИАТЫ СТЫР УÆНГТÆ
Сфæлдыстадон портрет
Илас Æрнигоны царды историйæ нæм
цы кадавар æрмæджытæ ис, уыдон дæр
æрхæццæ сты æнæофициалон информаци-
йы фæрцы. Нæ къухы ис йæ иунæг хуыз-
ист, Дзесты Куыдзæджы мысинæгтæ, Джу-
сойты Нафи фарастæм къласы ахуыргæнæн
чиныджы цы уац ныммыхуыр кодта, уый,
Тебиаты Юрийы уацты зонæнтæ æмæ ма
ноджы цы!.. Æмæ ма ноджы судзæггаг
хъынцъым трагикон æгъдауæй сæфт поэ-
тыл, тыхмарды фыдæй йын ныффыссын
цы æмдзæвгæтæ нæ бантыст, уыдоныл.
Уый абæстæй куы ацыд, уæд мæныл цы-
дис фараст азы æмæ йæ лæгæй-лæгмæ
кæм федтаин, фæлæ йæ зонын, физикон
æгъдауæй тыхджын, уæнгджын, уындджын
æмæ фидар удыхъæды хицау кæй уыд,
уымæн æмæ адæймаджы туг, стæг æмæ
уды ахæм дарæны уавæрты нæ бафæрæз-
таид æмæ не сфæлдыстаид поэзийы ше-
девртæ. Иласыл хъуыды кæнгæйæ, мæ ны-
хас адæймаджы физикон скондæй цæмæн
райдыдтон æмæ цы хуызæн хъуамæ уа
æцæг поэтæн йе ’ддагон бакаст? .Нарты
Батрадзау, болатсæрст, фæразон æмæ уынд-
джын хъуамæ уа, æви, Ацæмæзау, тыхæй
йе ’мыдзаг æмæ уæздæттæконд, фæлæ чы-
сыл схуыст ныхасæй дæр æнцонæй чи фæ-
хъыг вæййы, ахæм? Науæд стыр курдиа-
ты стыр уæнгты конд хъæуы, æви уыцы
бæдæйнаг мæлдзыджы уæнгты дæр ссар-
Дзæн йæхицæн бынат? Нæ, зæххыстæн,
уыдон ницæуылдзурæг фарстытæ’ сты æмæ
мæм æвæндонæй февзæрдзысты, Илас Æр-
нигонæй нæм цы иунæг хуызист баззад,
уымæ кæсгæйæ. Уынд æрдзы хæрзиуæг
кæй у, уМ гуырысхойаг нæу, фæлæ стыр
кУРДиат ницæмæй цух кæны æнæ уыцы
Разсугъд уынд? Олимпы бæрзонд хуыцау-
бадæнæй зынг раскъæфын æмæ адæмæн
йе ’рхæссын адæймагады хъуыдыйы рав-
3æРД æмæ куыддæр йæ кой скæнæм, аф-
тæ нæ цæсты раз слæууы, атлеты уæнгты
сконд кæмæн ис, ахæм уындджын лæппу-
Иь1 фæлгонц, йæ къухы судзгæ цырагъ,
афтæмæй. Æндæргъуызон Прометейы нæ
Хъуыды нæ исы, уымæн æмæ судзгæ цы-
рагъ, кæнæ та бæрзонд курдиатджын æм-
дзæвгæйы рухсæй фыдуынд дæр уынд-
джын кæны. Тугъанты Махарбег Къоста-
йæ афтæ зæгъы, хæрзæвзонгæй дæр, Нар-
ты Уырызмæгау, уыдис зондджын, уæздан,
уæзбын æмæ æдзух Иры дзыллæйы ныха-
сы сæр бадтис, зæронд лæгау, фæлæ-иу
ерысы та æстдæсаздзыд лæппу фестад
æмæ-иу уыцыиу гæппæн тæхгæ бæхы ра-
гъыл февзæрдис, зæгъгæ. Раст зæгъы Ма-
харбег: нæ генион поэт æмæ нæ сæрхъы-
зой нæ хъуыдыйы цæры Ирыстоны æппæ-
ты уындджындæр, зондджындæр æмæ тых-
джындæр адæймагæй, уымæн æмæ «Ирон
фæндырыл» æндæргъуызон авторы ном
фидаугæ дæр не скодтаид. Гёте хæрззæ-
рондæй дæр баззад уындджын æмæ бæ-
зæрхыгæй, Вольтер та, хус фæткъуыйау,
нынцъылд, фæлæ йыл йæ литературон æмæ
философон шедевртæ фысгæйæ йæ тых
хæрамæй никуы рацыд. Францаг зарæггæ-
нæг Эдит Пиаф мæнæ рæсугъд сылгоймаг
нæ уыд, фæлæ-иу эстрадæйыл куы база-
рыд, уæд-иу фестад кæлæйнаг рæсугъд.
Иуцыбыр дзырдæй, сфæлдыстадон хъуы-
ды йæхæдæг у, куыд уынд æмæ тыхы суа-
дон, афтæ уыцы дыууæ миниуæджы къæп-
хæнтæ кæнæг æмæ поэт вæййы, йе сфæл-
дыстады уд æмæ стæгæй конд. Растдæр
зæгъгæйæ, поэт йæ автопортрет сфæлдисы
æмæ йæ йæ адæмы хъуыдыйы сфидар кæ-
ны йæхæдæг æмæ йе штрихтæ та вæййынц
йе ’мдзæвгæйы поэтикон миниуджытæй
конд. «Æнамонд Ирыстон», «Сидзæн»,
«Иунæджы зарæг», «Сагъæс», «Бæлас»
æмæ «Арфæ ракæн»-ы бæрзæндæн æмдзæв-
гæты рухсы бын лæууæг поэтæн уынд-
джын æмæ .ныфсджын нæ уæвгæ нæ уыд,
уымæн æмæ уыцы поэтикон шедевртæ
сæхæдæг сты, гæдыбæлæстау, рæхснæг,
бæрзонд, тасаг, сыгъдæг арвырдæм сæхи
ивазаг æмæ хæрзчысыл февнæлдæй дæр
сæ дыз-дыз уæлдæфы уылæнгай кæмæн
азгъоры. Æз нал агурын Æрнигоны хуыз-
ист дæр, уымæн æмæ йæ трагикон фæл-
гонц мæ хъуыдыты æрфидар «Тогызты
Газаккæй» «Илас Æрнигоны онг» цæуæг
хæрдвæндаджы фæрцы æмæ мæ йæ цард-
æгас уындмæ бакæсын куы æрфæнды, уæд
63
та байгом кæнын, Дзесты Куыдзæг нын
цы иунæг рудзынг ныууагъта, уый. Цыма
мæхæдæг дæр уыцы заманы хъуарийæ-
æмбæрзт хъæдынкъул къласы бадтæн,
уыйау мæ цæсты раз цардæгасæй лæууы,
1910 азы Æрнигон æмæ иезуит-инспекто-
ры æхсæн Лацы хъæуы райдиан скъолайы
цы хабар æрцыд, уый. Ахуыргæнæгæн
Æрыдоны семинарæй æрбацæуæг саупæ-
лæзджын «аудæг» æнæнхъæлæджы йæ
уæлхъус кæй февзæрд æмæ йæ уæды дæл-
дзиныггæнæг дины æгъдæутты ныхмæ ми
аразгæ кæй баййæфта, уый тыххæй йæ
хурысыгъд цæсгомыл йæ мидбылхутт фæ-
цæйхуыссыд, афтæмæй лæууыд къласы
сау фæйнæджы раз. Сабитæ фыртасæй
нымпылдысты, сæ ахуыргæнæг сын йæхи
къухæй хуымæтæджы хъæды лыггæгтæй
цы бадæнтæ сарæзта, уыдоныл æмæ сæ
тарст цæстытæ куы æнæхонгæ уазæджы
мыдадзгъуыз, хус цæсгоммæ фæцаразынц,
куы ахуыргæнæджы хъуыры дæнгæл да-
дзинты цавдмæ, куы та сау фæйнæджы
урс фыстытæм. Инспектор йæ даргъ пæ-
лæзы мидæг æрбацæуæны сау-сауидæи
лæууыд æмæ, холыйыл бадæг сынтау, иæ
лыстæг къубал фæдаргъ-фæдаргъ кодта,
афтæмæй, йæ тæнæг былтæ сдæргæ, иæ
лыстæг цæстытæ сау фæйнæджы урс фыс-
тыты фæдыл хаста:
«Уырыссаг дзырд «Мать» иронау нысан
кæны «Мад».
«Родина» — «Фыдыбæстæ»,
«Солнце» — «Хур»,
«Дружба» — «Хæлардзинад»,
«Жизнь» — «Цард»,
«Дом» — «Хæдзар»,
«Хлеб» — «Дзул»,
«Вода» — «Дон»,
«Плуг» — «Гутон»...
Сау фæйнæджы урс фыстытæ дыууæ
æвзагыл зарыдысты, фæлæ æвиппайды за-
рæджы зæрдæйы, хъамайау, нынныхст сау-
пæлæзджын иезуиты згæ хъæр:
«Цы сты уыдон? Цы сты уыдон? Цы сты
уыдон? Цы, цы, цы?»
Ахуыргæнæгæн йæ нымæг мидбылхудт
марды риуыл æвæрд уардийы хуызæн
ацис, фæлæ дзургæ ницы скодта æмæ ин-
спектор йæ хъæлæсæй ногæй суагъта згæ
æфсæйнаджы хъыррыст:
«Чи дын радта йæ императорон бæр-
зонддзинады æппæты бæрзонддæр бар-
дзьфды сæрты ахизыны бар? Чи? Чи?
Чи?» — иезуитæн йæ дзыхы кæрæттыл йæ
комы фынк урс-урсидæй абадт æмæ йæ
«чи-чи-чи» хатæны къулты зыхъырæй æд-
дæмæ алæдæрст, фæлæ йæ мыдадзгъуыз
цæсгомы арт нæма æрнымæгис æмæ та
йæ хъæлæсæй ныссæххæтт ласта марг:
«Чи дын радта ирон æвзаг ахуыр кæ-
ныны бар? Чи? Чи? Чи?»
Ахуыргæнæг мелæй «Дружба — хæлар-
дзинад» бахахх кодта æмæ æппынфæстаг
сфæрæзта дзурын:
«Иронау сæ нæ ахуыр кæнын, дæ сыгъ-
дæгдзинад Сабитæ уырыссаг дзырдтæ не
’мбарынц æмæ сын сæ нысаниуæг амонын
иронау».
«Ирон æвзаг дæхицæн ныууадз, чизо-
ны дæ хуытæ раздахынæн бахъæуа...»
Ахуыргæнæг йæ дыууæ æнгуылдзæй мел
бамур кодта, йе ссад ын сау фæйнæджы
галиу къуымы конд урс дзуарыл бакалд-
та æмæ сау пæлæзырдæм феккуырст. Са-
битæ фестадысты æмæ хъуарийæарæзт
партæтыл ныззезелæг сты, афтæмæй ка-
стысты урс æмæ сау хуызты хъуырдухæн-
мæ. Кæрты булæмæргъ йæ зæрдæйы дзæ-
бæхæн зарыд. Инспектор дуарыл йæхи
ныццавта, фæлæ йын ахуыргæнæг йе
’фцæггот ацахста æмæ йæ фелвæста гæ-
дыйы лæппынау. Сау пæлæзы æфцæгготæй
æлхъывд дзыхæй ма, æхсидгæ писийы
сыф-сыфау, скъуыддзæгтæй сирвæзт, «не
бо-го-хуль-ствуй», зæгъгæ, фæлæ ахуыргæ-
нæг гом дуарæй æддæмæ асхуыста, йæ
удыл ын цъыфкъахæй чи балæгæрста, уый
æмæ йын йæфæдыл йæ къухтæ афтæ
ацагъта, цыма хатæнæй гæбæр куыдзы
мард аппæрста...
Уый у Дзесты Куыдзæджы мысинæгты
иу эпизоды тызмæг рæстдзинады стили-
заци, фæлæ гуырысхойаг нæу, саупæлæз-
джын иезуиттæ æмæ æфсæнкъух держи-
мордæ сатраптæ сæ хъæлæсæй кæлæг
марг æмæ æмбыд сымагимæ Æрнигоны
сыгъдæг уды кæй ныббырыдысты æмæ
йын ,уырыссаг æвзагимæ йæ мады æвзаг,
йæ фыдыбæстæ æмæ йæ адæмы уарзыны
бар кæй нæ радтой, уый. Поэты хъуыдыты
бардз æрмæст зæлланггæнæг рифмæтæ
æмæ рæсугъд поэтикон фæлгæнцтæй конд
куы уа, уæд йæ удæй рацæугæ поэзийæн
бирæ цæрæнбон нæ уыдзæн, уымæн æмæ
ахæм . сфæлдыстад цух вæййы æппæты
сæйраг миниуæгæй. Кæд уæлдæр цы ми-
ниуджыты кой скодтон, уыдон поэзийы
сæйраг уæнгтæ сты, уæддæр поэт æрмæст
уыдонæй поэт нæ вæййы, уымæн æмæ
бардуагау цы фыдыбæстæм фæкувы, æмæ
йæхи кæй ныййарæгон уарзтæй фæхæссы,
уый æнæхъæнæй йæ уды мидæг куынæ
бацæуын кæна æмæ йе ’нкъарæнтæ æнæ-
хъæнæй уыимæ баст куынæ уой, уæд поэ-
тикæйы компоненттæ кæнынц хуыскъ æмæ
уыдонимæ иумæ мæлы уарзт дæр. Тых-
гæнджытæ æмæ хæддзутæ фыдыбæстæ сæ
къæхты бын куы фессæндынц æмæ йын
иæ хурхмæ кард куы ныддарынц, уæд
поэт кæнæ хæцгæ, кæнæ та тугхæццæ цæс-
сыгтæй фæкæуы. Фæлæ йын иугæр йæ
удмæ куы баххæссынц æмæ йын æй цъы-
фы куы сæвдулынц, уæд та йæ хæцæн-
гарз йæ къухæй ахауы æмæ амæлы. Илас
Æрнигоны фыдыбæстæй аскъуыддзаг кæ-
нын уыдис, дзидзидай сабийы йæ мадæй
куыд ^фæхицæн кæнай, уыйау, фæлæ йын
цæмæй саупæлæзджын инквизитортæ æмæ
æфсæнкъух держимордæтæ йæ уды мо-
дель ма ныхæлдтаиккой æмæ йе сконды
мидæг поэт ма амардаид, уый тыххæй
æмæхсæвæджы фæлыгъд Ирыстонæй Дард
Хурскæсæнмæ.
Хæрзбон, хæрзбон, мæ цард мæ суры,
Фæрыст мæ зæрдæ ’мæ цæуын...
Фæстаг хатт абон æз уæ цуры
Лæууын, мæ хæхтæ, ’мæ кæуын.
Мæ Иры сау къæдзæх, дæ риуыл
Мæнæн, æвæдза, нæй фæндаг.
Уæдта фæкæуон, цæй мæхиуыл
Фæстаг хатт абон æз мæ фаг...
Æмдзæвгæ «Хæрзбон» сæрыстыр, уæздан
æмæ трагнкон хъæлæсæй кæй зæлы æмæ
йæ хъуыды æмæ йæ формæ иуранмæ кæй
64
цæвътнц, ууыл нæ дзурдзътнæн. ТТоэт йæ
уавæр «кæуын», «цæссыг», «хъарæг», «туг»,
«мæлæт» æмæ æндæр ахæм уæззау формæ-
тæй куы фæбары, уæд фæлæууы йæ уæ-
вынады фæстаг къæпхæныл æмæ баввахс
вæййы сæрсæфæнмæ. Афтæ куынæ уа, уæд
та уыцы æндыгъд драматикон формæтæ
свæййынц бутафорийау рог æмæ сæ йæ
сæрмæ сласы уæззау æнкъарæн нæ, фæ-
лæ фæцайдагъ кæныны инстинкт. Элегион
хъæлæсыуаг æмæ кæуын уыцы заманы
Илас Æрнигоны уавæры барæнтæ кæй уы:
дысты. Æмдзæвгæ нæ хъустыл азæлы
хъарæгау æмæ йæ базонæм, уый Лацы ин-
циденты фæстæ Ирыстонæй фæцæйцæуæг
Илас Æрнигоны уды стенограммæ кæй у.
Илас Æрнигоны трагикон царды анало-
гитæ бирæ не сты аивадон литературæйы
историйы, уымæн æмæ поэзийы сæйраг те-
мæтæй иу у фыдыбæстæимæ бастдзинад,
æмæ уыцы бастдзинад куы ныххæлы, уæд
поэты сфæлдыстадæн кæнæ йæ тæмæн фæ-
нымæгдæр вæййы, кæнæ та бынтон ахуыс-
сы. Сегасæн æрнымайæн нæй, æрхæсдзы-
нæн дзы иу-цалдæры: нæхи Темырболат,
стыр гуырдзиаг поэт Давид Гурамишви-
ли, уырыссаг фыссæг И. А. Бунин, тур-
каг поэт Назым Хикмет. Уыдонæн се
’мхуызон миниуæг у, фыдыбæстæй ас-
къуыддзаг кæныны фарст ’ алкæмæй дæр
æмхуызон кæй рыстис, уый, фæлæ бын-
тон æндæр æмæ æндæргъуызæттæ сты,
куыд се ’мбæстагон хъысмæттæ, афтæ уы-
цы судзаг рисæн йæ поэтикон формæтæ.
Давид Гурамишвили æмæ Назым Хикме-
тæн сæ гоймагон æрдзтæ фæдыгæйттæ сты
æмæ сæ фæйнæ сихтæй се ’мбæстагон хæ-
стæ цæсгомджынæй æххæст кæнгæйæ,
хъæрмудæй цардысты се ссаргæ ног бæ-
стæтимæ, се ’ннæ сихтьт та, цæсты гагуы-
тау, æфснайдæй дардтой се ’цæг фыдыбæ-
стæты моделтæ æмæ сыл зарыдысты, уæ-
ды онг сыл куыд зарыдысты, афтæ. Мам-
сыраты Темырболатæн Турчы бæстæ æцæ-
гæлонæй баззад суанг йæ мæлæты бонмæ
æмæ йæ уд систа йæ фыдыбæсты иу ар-
мыдзаг сыджытмæ бæлгæйæ. И. А. Бунин
йæ мæлæты онг Парижы фæцард, фæлæ
уымæн дæр Францы зæхх фыдыбæстæ не
ссис. Илас Æрнигон та йæ уарзт фæра-
хæс-бахæс кодта æцæгæлон Манчжурийы
бæсты, стæй дыууын æртæ азы фæстæ
фæллад æмæ фæлмæстæй æрбаздæхт йæ
фыдыбæстæм.
Фыдыбæстæйы фæлгонцæн, æвæццæгæн,
бынат амонын нæ хъæуы, уый йæхæдæг
хорз зоны, поэты зæрдæ æмæ уды кæцы
къуым хъуамæ бацахса, уый æмæ йæ уа-
вæр, кæнæ йе ’махастытæ куы фæцудынц,
уæд рисгæ дæр фæкæнынц æмхуызон. «Уæ!
Нæ хæхтæ, нæ бæстæ, Куыд ма цæрæм
уæ фæстæ!.. — додой кæны Турчы фæнда-
гыл фæцæйцæуæг Темырболат. Райгуырæн
хæхты æмæ бæсты уыцы дудаг рис раст
цыппор æхсæз азы фæстæ, хъамайæ рæхо-
йæгау, фæрæхуыста бынтон æндæр лæп-
пуйы зæрдæ æмæ диссаг у, уымæн дæр
йæ рисс уырдыгæй кæй райдыдта дудын
æмæ йын дыккаджы уый хуызæн кæй уыд,
фæлæ уынæргъгæ та бынтон æндæргъуы-
зон кæй скодта, уый: «Нæ хæхтæй дард
Цы у мæ цард?» — цыма йын йæ кæуын
исчи куы фехъуыстаид, уымæй тарстис,
уыйау, йæ зонгуытыл лæугæйæ, йæ карз
5. Жур. «Фидиуæг» № 12
мыр иæ уды æнæбын арфмæ здахы Илас
Æрнигон йе ’мдзæвгæ «Хæрзбон»-ы æмæ
иу дæргъвæтин паузæйы фæстæ, ардба-
хæрæгау, зæгъы, йæ зæрдæйы кæй фæл-
гонц хæссы æмæ кæй риссæй риссы, уый
раз: «Хæссын уæ хуыз мæ риуы мемæ
Бæлвырдæй æз... Хæрзбон! Хæрзбон!» Уыцы
фæндæгтыл фæцæйцæугæйæ сæ дыууæйыл
дæр цыдис фæйнæ ссæдз азы æмæ ахæм
карæны æнæидон эмоцийыл дæлæмæ æр-
хæцын зын вæййы, фæлæ Æрнигонæн йæ
зæрдæйы кæмдæр дыдзы сыгъд кæны фæ-
стæмæ æрбаздæхыны ныфс æмæ уый тых-
хæй йæ кæуын хъуысы æгуыппæгæй, вул-
канау мндабухгæйæ. Темырболат та зоны,
йæ фæндагамонæнтыл «фæцуйы» йедтæмæ
«æрцу» фыст кæй нæй, æмæ йæ додойы
æргом хъæрæй арауы, кæмæ сиды, уы-
дон. Æрмæст нæм Темырболаты поэтикон
формæ кæсы мæлæг аццы зарæджы хуы-
зæн, Илас Æрнигонæн та у, поэт йæ уд
æмæ йæ зæрдæйыл дамгъæйау кæй сæвæ-
ры, ахæм фыдыбæстæйы модель æмæ йын.
дард уæвгæйæ дæр уый лæвæрдта сфæл-
дыстадон хъомыс æмæ йын бахуыскъ кæ-
нынæй хъахъхъæдта йе сфæлдыстадон
хъуыдыйы уидаг. «Рацыдис немæ. Дæуæй
хисдæр ничи ис фысымтæм, зæгъгæ, йæ
хисдæрæн сбадын кодтам. Бирæ азты дæр-
гъы Ирыстонæй иппæрд чи уыд, уымæн
диссаг хъуамæ ма уыдаид ирон фынджы
æгъдæуттæ æмæ куывдтытæ ферох кæ-
нын, фæлæ Газакк цыма уыцы - бон йæ
райгуырæн хъæу Æрыдонæй схæццæ, аф-
тæ кодта фынджы фæтк», — дис кæны
Дзесты Куыдзæг Илас Æрнигоныл. Мæ-
нæй ма, ницы дзы ферох уыдаид, æдзух
йæ зæрдæ æмæ йæ уды мидæг дардта йæ
райгуырæн хъæу Æрыдон æмæ Ирыстоны
фæлгонц, йæ хъарм йæ буары зылдис,
хъуыды йыл кодта, куывдта йæм æмæ
дзы йæхи хаста Дард Хурскæсæны уæвгæ-
йæ.
Уæвгæй, нæ литературæйы рæзты про-
цессы иу диссаджы закъонбæрцад æрфи-
дарис æмæ, мæнмæ гæсгæ, раппæлинаг
нæу, уыцы закъонбæрцад чи нæ фиппайы,
кæнæ та йын йе ’ндæвд æмæ йæ ахадын-
дзинад цы фыссæг не ’нкъары, уый. Ма-
хæй алчидæр йæ литературон балц рай-
дайы Къостайæ, фæлæ та, бумерангау, йæ
фæндаг скæны фæстæмæ Къостайы ’рдæм.
Растдæр зæгъгæйæ, Къостайы скæнгæ бын-
дурыл нæ къахыл слæууæм æмæ куыддæр
цæуын базонæм, афтæ, алпинисттау, хи-
лын райдайæм Къостайы поэтикæйы бæр-
зæндмæ, фæлæ уыцы бæрзæнд нырма си-
стам æмæ йе ’мвæзæн систæм? Уыцы тых-
хæрды чи искæй къахвæдтыл цæуы æмæ
фæстæмæ быры, чи та йын йæ фæхстыл
ног къахвæдтæ аразы. Фæлæ бæрзæнд
нырма бæрзæндæй лæууы æмæ йæм æппæ-
ты æввахсдæр, бынтон сæрмагонд цæуæн-
тæ гæрдгæ, чи бацыд, уыдонæй иу у Æр-
нигон йæ зæлланггæнæг поэтикæимæ. «Уы-
мæн йе стих афтæ æнæлаз, афтæ дæсны
арæзт у, цыма раст гуыргæ дæр поэтикон
уацмыстæ фыссынæн ракодта. Нæй йе
стихты сконды иу дзырд дæр уæлдай, нæй
сæ иу ритмикон къуыхцы дæр. Куы сæ
кæсай, уæд дæм афтæ зыны, цыма сæ ав-
тор, хуымæтæджы «уæрæйдæ» куыд база-
рай, уыйау иу сулæфтæн разарыд æмæ
абоны онг дæр нæры уыцы нæртон зарæг
65
Иры хæхты», — зæгъы Джусойты Нафи йæ
астæуккаг скъолаты IX къласы ахуыргæ-
нæн чиныджы Илас Æрнигоны «сыгъдæг
курдиатæй» (уый дæр йæхи формулæ у).
Æмдзæвгæ «Сомы»-йы кæцыфæнды дзыр-
дыл дæр уæлæмæ куы схæцай, уæд æнæ-
хъæн æмдзæвгæ, фæрдгуыты халау, йæ
’фæдыл ссæудзæн æмæ йын ис, хæрзчысыл
ивддзинадæй дæр йæ фидар æмæ йæ гар-
монион сконд сахъат кæмæн кæны, ахæм
буар:
Мæ бæстæн æргомæй
Æз карз дзырд дæттын.
Ирыстон, дæ номæй
Мæ сомы бæттын.
Мæ бæстæн кæронмæ
Мæ зæрдæ, мæ зонд
Мæ хъаймæты бонмæ
Кæнын æз нывонд.
Уый у «Сомы» æнæхъæнæй, цух æппын-
дæр ницæмæй у, исгæ дзы ницы скæндзы-
нæ æмæ йæм бафтауæн дæр нæй. Ахæм
æххæст, хъамайы æрцъыккау цæхгæр æмæ
æцæгдæр «уæрæйдæйау» иу сулæфтæн
фыст уацмыстæ хуызфыст аивады æз зо-
нын Апойнаг æрдхæрæйнаг миниатюрæтæ.,
скульптурæйы — незаманы Эфиопийы ано-
нимон скульпторты миниатюрон хуыцæут-
ты нывтæ æмæ музыкалон аивады та не-
мыцаг композитор Иоганнес Брамсы «Вен-
гриаг кæфтыты» циклы цыбыр æмæ æл-
вæст уацмыстæ. Уый хуызæн тасгæ-æлвасгæ-
поэтикон хъуыдыйад, сартæй амад æхсо-
ны хуызæн рифмæ æмæ, хъуытазау, зæл-
ланггæнæг ритмикæ поэтæн уыцыиу æр-
бадтæн йæ къухы бафтыдаиккой æмæ
ахæм диссаджы «уæрæйдæ» æдзæттæйæ
разарыдаид, уый бауырнинаг нæу. Уый у,
ныртæккæ дунеон поэзийы сыгъзæрин
фондмæ цы поэтикон уацмыстæ бахæс-
сынц, уыдон æмвæзадыл фыст æмдзæвгæ,
уымæн æмæ нын ахæм «уæрæйдæйау» рог,
фидар конд, æнæлаз æмæ зæрдæмæ хъа-
рæг шедевртæ ныууагътой Къоста (барст
мын фæуæд ахæм параллель!), Есенин
Сергей æмæ Табидзе Галактион. Науæд
ма бакæсут «Арфæ ракæн» æмæ йæ
цъынддзастæй уæхи мидæг сфæлхатт кæ-
нут, хуыцаумæкувæг йæ куывд куыд фæл-
хатт кæны; афтæ, кæддæра уым йе сти-
хы музыкæ дис нæ бафтауа, йæ «ар-ар-
ар»-ы аллитераци уын уæ къæмисæнтæ нæ
ныггуыпп-гуыпп кæна æмæ уæ йæ мидриф-
мæтæ уæлæмæ нæ сисой!
Арфæ ракæн, арв, нæ бæстæн,
Арф дæ фарнæй бамбæрз мах.
Арв, нæ бæстæм, арв, нæ фæзтæм
Амонд арæхдæр ыздах.
Цардæй бафсад, арв, нæ Иры,
Ратт нæ бæстæн, арв, бæркад.
Арв, нæ Иры фос уæд бирæ,
Хос уæд арæх, хор уæд зад.
Илас Æрнигоны æмдзæвгæйæ цитатæ
сисын нæ комы, фæлæ ам мæхи хъуамæ
фæуромон æмæ уæд кæд «Арфæ ракæн»-ы
миддинамикæ æмæ уддзыд хъуыды, дæргъ,
уæрх æмæ бæрзæнд кæмæн ис æмæ йæ
хуызтæ тæмæн кæмæн калынц, ахæм ма-
тери фестгæйæ фенын бафæнда, уæд-иу
лæмбынæг ныккæсут Тугъанты Махарбе-
джы «Нарты куывды» раззаг планыл цæд-
джинаджы къултыл, кæнæ та Сосланы хæ-
стон дарæсыл конд ирон национ орнамент-
ты мид-змæлдмæ. Раст зæгъы Хъодзаты
Æхсар, «Арфæ ракæн» музыкалон æгъда-
уæй афтæ æнæаипп у, æмæ йын ирон поэ-
зийы æмбал нæй. Æрмæст ма йæм æз баф-
тауин: сæ поэтикон барæнтæй бæрæг да-
рынц Илас Æрнигоны æндæр æмдзæвгæ-
тæ дæр.
Афтæ кæй фæзæгъынц, поэтикон уацмыс
бакæсыны æппæты хуыздæр мадзал йæ
тæлмац кæнын у, зæгъгæ, уый рæстдзинад
мæ бауырныдта, Илас Æрнигоны «Бæлас»
куы тæлмац кодтон, уæд, уымæн æмæ йын
йæ оригиналы дзырдуаты сконды гуырдзи-
аг эквивалент агурыны процесс радта уац-
мысæн йæ хуылфмæ ныккæсыны æмæ йæ
хъуыды «суæнгтæ» кæныны фадат.
Бауырныдта мæ, æцæг поэтикон уац-
мыс тæлмац кæнын фыдракæнд кæй у.
Æппын куы ницы уа, уæддæр «Бæлас»,
æддейæ бакæсгæйæ у, æхсæвæй-бонæй йæ
кæронхæххытæ бæрæг-бæлвырдæй кæмæн
зынынц æмæ дымгæйы алы раулæфтмæ
ратас-батас чи кæны, ахæм кипарисы хуы-
зæн. Æддæмæ дзы уæлдай зынд нæ кæ-
ны иу къалиу дæр æмæ йæ рæсугъд буа-
ры сконд нæ ивы, дымгæ нæ, фæлæ йыл
уад куы сыста æмæ йын йе цъупп суанг
зæхмæ куы æртасын кæна, уæддæр. Стро-
фæты музыкæ æрмæст рифмæты æрцæвæн-
тæй кæнгæ нæу, уым музыкæ гуырын рай-
дайы. Рифмæ æмæ ритмикæ сты, цæсты
раз бæрæг-бæлвырдæй чи лæууы, ахæм
æрцæуæг поэтикон факттæ, агурын æмæ
фæфиппайын та хъæуы, музыкæ кæмæй
райдайы, фæлæ, фæстейæ лæугæйæ, зын-
гæ чи нæ кæны, уыцы миниуджытæ.
Айдзаг арв мигътæй,
Баталынг бон дæр,
Аззади джихæй
Сидзæр бынтондæр.
Строфæйы иумæйаг музыкæйæн йæ зæ-
лыны схæцæн æмæ æрхæцæн мыртæ афтæ
бæрæг сты, æмæ сæ хъусгæ куыд фæкæ-
нæм, афтæ цæстæй дæр фæуынæм, «ми-
гъæй» — «бон дæр» — «джихæй» — «бынтон-
дæр», зæгъгæ, уыцы сылон рифмæты æр-
цæвæнтæ, уддзыд æмæ цæстуынгæ фест-
гæйæ, рæнхъытыл куыд æрхауынц æмæ
роялæн иæ тæнтыл йæ дзæбугтæ æрхау-
гæиæ сæ зæлланг куыд фæцæуы, афтæ
куыд ныззæлланг кæнынц.
Æмдзæвгæйæн йæ ритмикæ, йæ динами-
кæ, йæ миддинамикæ, йæ мидхъуырдухæн
æмæ йæ иумæйаг экспресси кæд дзаггар-
зæй æддæмæ кæлынц, уæддæр нын сæ ды-
рыс логикæ уырнын кæны, поэтикæйы фæл-
гæты кæк бацæуынц, уый.
Уалæ йыл Халон
Иунæгæй бады.
Мæрайы уаллон
Йе стонг æфсады.
Уым дымгæйæ саст бæлас Хъодзаты
Æхсар хоны иунæгдзинады метафорæ æмæ
уыцы хъуыды раст у, фæлæ, мæнмæ гæс-
гæ, уый у «Бæласы» рæстдзинæдтæй иу,
66
уымæн æмæ стыр поэтйкон уацмыс алма-
сийы къæртты хуызæн у, цал тигъ ын
вæййы, уал рæстдзинады. Цæмæй нæ уыд
саст бæлас, Нлас Æрнигон йе ’мдзæвгæ
цы дуджы фыста (1915 азы агъоммæ);
уыцы дуджы Ирыстоны символ, кæд Æры-
донæй Лацы скъоламæ цы инспектор-иезу-
ит æрбацыд, уый хуызæн «аудджытæ» йе
схъисыл æцæгдæр сау халæттау, бадтысты,
уæд! Ахæм трагикон уавæрмæ кæсгæйæ,
поэты, æцæгдæр, æрфæндыдаид, дыууæ-
æртæ азы фæстæ Уæрæсейы кусæг адæмы
дæлдзиныггæнæг формацийы историйы уæ-
зæгæй чи амарзта, ахæм тыхты символтæм
сидын!'Иæ фыццаг чиныджы æмбырдгон-
ды разныхасы Гаджиты Георги зæгъы,
«Илас Æрнигонæн революцион поэт схо-
нæн нæй», зæгъгæ, фæлæ æз та «Бæласы»
фиппайын æмæ мæ хъустыл дард кæцæй-
дæр ныдзæвынц, «Кæнæ сæрибар, кæнæ
мæлæт», зæгъгæ, уыцы революцион зарæ-
джы тенденцитæ. Раст у, Илас Æрнигон
Венгрийаг стыр поэт Шандор Петефи, кæ-
нæ та, нæхи Цомахъау, революцион штаб-
ты нæ бадтис æмæ Зымæгон галуаны дæ-
рæн кæныны хайад нæ иста, фæлæ рох
кæнын нæ хъæуы, йæ хъизæмайраг, цард
кусæг адæймаджы позицитыл лæугæйæ,
кæй арвыста, йæ цард фæхуыздæр^ кæны-
ны сæраппонд практикон æгъдауæи кæи
тох кодта æмæ, æппынфæстаг, сфæлдыста-
дон хъуыдыйад ног къæпхæнмæ сисын дæр
революцийы функцитæм кæй хауынц. «Илас
Æрнигоны цард æмæ сфæлдыстад сты
тынг вазыгджын, ис дзы бирæ ныхмæ-
лæуддзинæдтæ, фæлæ йæ нæ литературæ-
йæ аиуварс кæнын, кæнæ та иæ ферох кæ-
нын раст нæ уаид», зæгъгæ, зæгъы дард-
дæр Гаджиты Георги. Гаджиты Георгииы
æз уарзтон æмæ йæ уарзын, уый дæр, мæ-
нау Илас Æрнигоны тæмæнтæкалæг аем-
дзæвгæ йæ уды мидæг кæй дардта уыи
тыххæй, фæлæ ам йæ хъуыдыиæн формæ
ссарын йæ къухы нæ бафтыд. Кæи зæ-
гъын æй хъæуы, Æрнигоны сфæлдыстад
нæу «Дзыгы-дзыгы, бæ-æ-æу, чи фæнадта
дæ-æ-æу», зæгъгæ, уыйау ординарон, фæ-
лæ ма æгæрстæмæй Къостайæн дæр иæ
генийы миниуджытæй иу «ныхмæлæуддзи-
над» куы у! «Поэт йæ цардæи бирæ азтæ
арвыста æцæгæлон бæстæйы, ц æцæгæлон
адæмы ’хсæн. Иæ фыдыбæстæиæ чи фæ-
иппæрд уа, уый та фылдæр фæхъуыды кæ-
ны йæ адæмы цардыл. Гъе, уымæ гæсгæ
уыд поэтæн йæ зарæджы сæр —Ирыстон,
уымæн уарзта судзгæ уарзтæй нæ бæр-
зонд хæхтæ æмæ нæ арф кæмттæ». Хорз
ныхæстæ сты, мæ рухсыбадинаг уарзон’
æмгар иумæйагæй раст аргъ кæны не стыр
поэты хъизæмайраг уæвынад æмæ Иры-
стоны æмахастытæн. Æрмæст ма сæм, мæн-
мæ гæсгæйæ, бафтауын хъæуы, Илас Æр-
нигоны «сыгъдæг курдиат» ^ (Нафийы фор-
мулæ у!) Ирыстоны уарзтæй равзæргæ но-
стальгийæ нæ, фæлæ уыцы уарзтæн йæ-
хицæй кæй ратæдзы. Уый нæ, фæлæ ма
йе сфæлдыстадон сгуыхтдзинады активон-
Дзинад æмæ актуалондзинад тыхджындæр
кæнынц, уый хуызæн ног формæ æмæ ног
мидисы сыгъдæг поэзи йæ фыдыбæстæй
иппæрд уæвгæйæ кæй сфæлдыста, уымæй.
Ницыуал зæгъын, Дардскæсæны йын эт-
нографион æмæ лингвистон афыстытæ са-
разьтны фадат, кæнæ та пайда кæмæй
скодтаид, ахæм литературæ йæ къухы кæй
нæ уыд æмæ йæ «Ирон грамматикæ» æр-
мæст йæ интуицийыл æнцойгæнгæйæ кæй
ныффыста, уый тыххæй.
Илас Æрнигон «Челейы» йедтæмæ куы-
ницы ныффыстаид, уæддæр бацыдаид ирон
литературæйы классикæмæ, уымæн æмæ
Челейы фæлгонц æрмæст махæн нæу фе-
номеналон. • Мæлæты патологи алчи фыс-
сы, зæрдæаивæй йæ куыд æнкъары, афтæ,
фæлæ Челейы мæлæтæн, мæнмæ гæсгæйæ,
аналогитæ нæй. Гюстав Флобер Эмиль
Золяйы «Нана» куы бакаст, уæд ын йæ
автормæ фыста, «Нанайы мæлæт Микел-
анджелойы аккаг у», зæгъгæ, фæлæ На-
найы мæлæты процесс романы æппындæр
нæ зыны, Парижы буржуазон аристокра-
тийы йæ рæсугъд буары цагъар кæй ф’е-'
стын кодта æмæ æппынфæстаг уазæгдзæ-"
рæны æхгæд уаты зыбыты иунæгæй йæ
уд кæй систа, уый йедтæмæ. Челейы^ мæ-
.гæты патологийæ та автор йæ персонажы
тызмæг æмæ джиппыуагъд штрихтæй
фыст фæлгонцыл æруагъта, Бальзакы Гоб-
секы бæрзæндмæ йæ чи систа, ахæм фæ-
стаг æмæ сæйраг штрих. Челе мæлгæйæ
дæр йæ кусæнгарз кæй агуырдта, уымæй
йын автор йæ чъындыдзинад равдыста,
æви йæ хæдзардзин лæджы миниуджытæ,
уымæн нысаниуæг нæй. Сæйраг у, цалын-
мæ Челе йæ ардуан ссардта, уалынмæ,
адæймаджы биологийы ныхмæ цæугæйæ,
йæ удыл кæй ныххæцыд æмæ мæлæт йæ-
химæ æввахс кæй не ’рбауагъта, уый. Аи-
вадон литературæ, куы равзæрд, уæдæй-
нырмæ кæны адæймаджы психологийы ра-
иртасыны куыст, уый у йæ сæйраг хæс.
«Челе» новеллистикæйы шедеврæй баззай-
дзæн (æрмæст ирон литературæйы масш-
табты нæ!), Челе цыбыр рæстæджы дæр-
гъы мæлæты сæрты кæй ахызт, уый фæр^
цы нын Илас Æрнигон адæймаджы пси-
хологийы ног, æнæиртæст миниуæг кæй
раргом кодта, уымæй. Кæм сты йе ’ннæ
радзырдтæ, кæцы æхгæд дуары мидæг хæ-
цы рыг, Илас Æрнигон поэтикæйы уыцы
бæрзæндмæ цæугæйæ, цы уацмыстæ сфæл->
дыста, уыдон? Чи сæ раргом кæндзæн чи-1
ссардзæн, Дзесты Куыдзæг мæрдтæм йе-*
мæ цы радзырдты мæт ахаста, уыдон? Ау,1
Цомахъ Мамсыраты Темырболатыл дзур-
гæйæ цы æмдзæвгæтæй йедзаг чырыны ’
сæфты кой кæны, уымæн та йæ фарсмæ
ног чырын хъуамæ февзæрын кæнæм?
Илас Æрнигонæй нæм æдæппæтæй æр- ’
баирвæзтис æртын æртæ нæлхъуыт-налма-
сы хуызæн æмдзæвгæйы, иу, диссаджы ск>
жеты сконд кæмæн ис, ахæм ,радзырд.
æмæ æнæхин юморы рухсæй се ’мыдзаг
дыууæ чысыл скетчы. Уыдонæй дыууын
иу æмдзæвгæйы æмæ «Челейы» сфæлдй-
сыны æмгъуыд у 1911 азæй 1915 азмæ,
иннæтæн та 1911 азæй 1929 азмæ æндæр
æмæ æндæр рæстæджыты. Уымæй дæр
1917 азæй 1926 азмæ æмæ 1929 азæй 1938
азы январы фæндзæм бонмæ поэты цард
æмæ сфæлдыстады фæзынд, иунæг рæнхъ
дæр кæм нæ ныффыста, ахæм афтид
згъуыдтæ. Ау, 1909 азы Лацы хъæу^он
скъолайы уатæй æрыдойнаг саупæлæз-
джын иезуит-инспекторы, гæдыйы лæппы-
нау, цы темперамент расхуыста, уый ахæм
дæргъвæтин рæстæджыты дæргъы афтæ
67*'
нымæгæй лæууыд æмæ дЫууын æртæ азы
фæстæ, Дард Хурскæсæнæй Ирыстонмæ
æрбаздæхгæйæ, йæ фыдыбæсты ивддзи-
нæдтæ куы федта, уæд фырцинæй иу
хатт дæр не ссыгъдис? Науæд, Стыр Ок-
тябры революцийы идеятæм æргомыздæх-
тæй лæугæйæ, 1919 азы Колчакы æфсади-
мæ сидæн хæдзарæй æхсæвыгон куы
алыгъд æмæ, йæ практикон куысты фæр-
цы уыцы идеятыл хæцгæйæ, китайаг хун-
хузтæм дæр куы бахауд уацары, уæд Ок-
тябры фæуæлахизыл «1917 азы» дыууæ
стр’офæйы йедтæмæ нæ ныффыста? Кæй
зæгъын æй хьæуы, иу лæджы культы азар
æрмæст зынгæ адæймæгты нæ сыгъта, уый
аивадон литературæйы зынгæ уацмыстæн
дæр басгуыхт аутодафейæ, фæлæ хорз у,
цард йе сконды мидæг сывзæргæ аномали-
йы ныхмæ Къосирати Сæрмæты хуызæн
стыр удты æмæ стыр патриотты кæй сæ-
вæры, уый. Ныр дæр хъæуы Къосирати
Сæрмæты хуызæн стыр удтæ, цæмæй
Агьнаты Æхсары иртасæн куыстытæй,
лингвистикон æгъдауæй, се ’гасæй цымы-
дисджындæр æмæ ахсджиагдæр у, ацы аз
ын рауагъдад «Ирыстон» цы монографион
куыст рауагъта «Не ’взаг — нæ истори»,
зæгъгæ, уый.
Чиныг фыст у ирон æвзаджы историон
лексикæйы фарстыты фæдыл, цыбырдзыр-
дæй, не ’взаджы историйы бирæ фарстыт^г
дзы цæуынц фæлгъуыдгонд. Фыст у фæси-
вæдæн зонадон-популярон уагыл. Ахæм уа-
гыл та йæ уымæн фыссы автор, фæсивæд-
мæ дзы уымæн сиды, æмæ нæ Иры уæрæх
дзыллæтæй, фæсивæдæй алчи нæ зоны сæ
раттæг адæмы рагфыдæлты хъæздыг духо-
вон культурæ, иннæ адæмты духовон куль-
турæты ’хсæн уымæн йæ бынат, йæ хъо-
мысджын ахадындзинад, фæсивæд, нæ сом-
боны цардаразджытæ сæ раттæг адæмы
национ культурæмæ, се ’взагмæ уæлæнгай
цæстæй кæсын райдыдтой цæмæндæр, кæм,
зæгъ, мæ бахъуыд ирон æвзаг. Уый сæй-
раджы дæр уымæн афтæ у, æмæ нæ зоны
йе ’взаджы историон равзæрд. Ирон æвзаг
йæ равзæрдмæ гæсгæйæ индоевропæйаг
классикон æвзæгтæм хауы (англисаг, пта-
,лиаг, славянаг, грекъаг, немыцаг, латинаг
æ. а. д.). Уыдон æхсæн цардысты йæ рат-
тæг адæм мин азты дæргъы. Стæй сæ фæ-
хицæн территориалон æгъдауæй: ралыгъдыс-
ты Кавказмæ. Фæлæ уый абоны онг ирдæй
бавæрдта, уыцы классикон æвзæгтимæ йын
кæддæр хæстæгдзинадæй, иумæйагæй цы
уыдис, фæлæ абон уыцы классикон æвзæг-
ты хъахъхъæд чинæуал æрцыд, æвзаджы
«Рæстдзинады» редакторæй кусгæйæ, ИлаС
Æрнигоны Дард Хурскæсæны уый куыд
æрцагуырдта æмæ йын дины журнал «Чы-
рыстон цардæй» йе ’мдзæвгæтæ йæ газет-
мæ рамыхуыр кæнгæйæ, йе стыр курдиа-
тыл уый куыд аудыдта, афтæ йыл аудæм,
йе сæфт налхъуыттæ йын агурæм æмæ
йын йæ «сыгъдæг курдиаты» традицитыл
хъомыл кæнæм нæ ног фæлтæртæ.
Мах æй зонæм, истори иу лæджы куль-
ты аномалийыл æртын æвдæм азы декаб-
ры фæуды æмбисæхсæв кæй нæ рахгæдта
дуар æмæ та йе змæст уылæнтæ ноджы
иу стыр лæджы кæй аластой, фæлæ уыцы
стыр лæгæн агурын хъæуы йе стыр кур-
диаты иуæй-иу сæфт уæнгтæ, цæмæй нæ
разы слæууа æнæхъæнæй æмæ ирон чиныг-
кæсæджы хъуыдыйы æрттива, йе сконды
мидæг Илас Æрнигон, Нигер, Малиты Ге-
орги æмæ Плиты Грисы хуызæн поэзийы
рыцартæ кæмæн ис, ахæм квартет.
ахæм дзæвгар фæзындтæ. Уымæ гæсгæйæ
дунейы номдзыд ахуыргæндтæ, лингвист-
тæ — корифейтæ стыр аргъ кæнынц абоны
ирон æвзагæн, хонынц æй хъæздыг хæзна
Европæйы классикон æвзæгты зонадон æгъ-
дауæй иртасыны хъуыддаджы. Æнæ абоны
нрон æвзаджы æххуысæй, уыцы æвзæгтæн
историон æгъдауæй сахуыргæнæн нæй.
Абон дунейы стырдæр бæстæты универси-
тетты дæр уымæн ахуыр кæнынц ирон æв-
заг
Æппæт ацы фарстытæ нæ зонынц нæ фæ-
сивæд Иумæйаг æвзагзонынады теоретикон
курсы зын æмбарæн зонадон æвзагыл фыст
кæй сты, уымæ гæсгæйæ сæм сæ бакæсын
зивæг фæкæсы. Стæй ахæм уагыл фыст зо-
надон литературæ хуымæтæджы чиныгкæс-
æгæн зын æмбарæн дæр у. Уымæ гæсгæ-
йæ раст бакодта Агънайы фырт æппæт ацы
фарстытæ йæ чиныджы хæрз хуымæтæджы,
æнцонæмбарæн ирон æвзагыл, зонадон
лингвистикон стил æмæ терминтæй æнæ-
пайдагæнгæйæ, кæй рафæлгъуыдта, уымæй.
Ирон дамгъæтæй кæсын чидæриддæр зоны,
фиййау у, æви хуымæтæджы зæхкусæг
лæг — алчи дæр æнцонæй бамбардзæн чи-
ныджы хъуыды. Ома базондзæн йæхи, йе
’взаджы кад æмæ ном, йæ раттæг адæмы
рагфыдæлты нæргæ æмæ хъомысджын ду-
ховон культурæйы ахадындзинад.
Ныр та æркæсæм, нæ чиныджы автор йæ
иртасинаг æрмæг зонадон æгъдауæй куыд
æмæ цы хуызы фæлгъауы, уымæ
Чиныджы фыццаг сæры Агънайы фырт,
пншго
ТЕДЕТЫ ГЕРАС,
филологон зонæдты кандидат.
АХСДЖИАГ ИРТАСÆН КУЫСТ ИÆ
РАГФЫДÆЛТЫ ТЫХХÆЙ
68
хъæздыг зонадон литературæйæ пайдагæн-
гæйæ, дзуры, цы у, зæгъгæ, æвзаг, куыд
сæвзæрдысты æвзæгтæ-æрвадæлтæ Неза-
манты адæмтæ, зæгъ, дихтæ кодтой къорд:
тыл, хуыздæр цæрæнбынæттæ агурыны
охыл. Афтæмæй-иу сæ раздæры хæстæджы-
тыл нал æмбæлдысты, се ’взаг ивын бай-
дыдта æмæ сысты хицæн сæрмагонд æв-
зæгтæ, фæлæ, зæгъ-иу сæ рагон бындур иу
уыдис.
Ацы сæры цыбыртæй дзырдæуы, ирон
æвзагæн æрвадæлон (сæ равзæрдмæ гæс-
гæйæ) ахастытæ цы’æвзæгтимæ ис, уыдо-
нæй алкæуыл дæр. Ам цымыдисондæр ра-
уадис ягнобаг æвзагы фæдыл фыст очерк.
Ягнобты иу стыр къорд ныртæккæ-дæр цæ-
рынц Таджикистаны Айнийы районы хæх-
бæсты. Уыдрнæн се ’взаджы тынг бирæ ис
ирон дзырдтæ: афт — авд, чарх — цалх,
чирагъдон — цырагъдон, диуар — дуар, дин-
дак — дæндаг, сар-сæр, хифак — хуыфæг
æ. а. д.
Ирайнаг адæмы хаттытæй нæм ягнобтæй
æввахсдæр ничи лæууы абон. Æмæ уыдо-
нæй абон Таджикистаны иу стыр къорд кæй
цæры, уый нæ иры дзыллæтæй алчи нæ зо-
ны, уымæ гæсгæйæ автор раст бакодта, ацы
таджикаг æрвадæлтæн сæ цардуаг, се
’гъдæуттæ, сæ дарæс, сæ хæринæгты тых-
хæй дæр лыстæггай кæй фыссы, уымæйл
Ягнобтæ кæддæр уыдысты хъæбатыр,
æнæбасæтгæ. Александр Македонскийæн
дæр сæттын нæ бакуымдтой æмæ уæд се-
мæ бакодта хæстæгдзинад, ракуырдта яг-
нобаг чызг Роксанайы. Бирæ уыдысты уæд
ягнобæгтæ. Сæ паддзахады сæйраг сахар
уыд Самарканд. Казахстаны æмæ Астæук-
каг Азийы стырдæр горæтты нæмтты абон
дæр баззадысты ягнобты æвзаджы æвди-
сæнтæ: Чемкент, Ташкент, Пенджикент, Яр-
кент, ардæм хауы Степанакерт æмæ соми-
хаг Тигранокерт дæр. Нæмтты дыккаг хай
кент амоны «поселение», «город». Дзырд
кент йæхæдæг равзæрд ирайнаг кан-æй
æмæ амоны къахын (ома горæты алыварс
къахтой æрхгонд знаджы ныхмæ).
Нæ чиныджы автор, скифты æвзаджы хи-
йæдтыл цы параграфы дзуры, уым зæгъы,
зæгъгæ, скифты иу адæмьг хатт сæхи хуыд-
той сагтæ (саг — олень), «ома сыкъаджын-
тæ» сагау. «Уымæ гæсгæйæ сæ раджы за-
маны, — фыссы дарддæр Æхсар, — персæг-
тæ хуыдтой тиграхауда, ныртæккæ йæ
загътаиккам тигъ (ома цыргъ) худджынтæ,
æвæццæгæн, сыкъаты кæнæ бæласы къа-
лиуты хуызæн арæзтой сæ хæстон худтæ,
æмæ сæ уымæ гæсгæйæ хуыдтой .сагтæ»
(42-æм фарс). Авторы хъуыдыйы ныхмæ
цæхгæр зæгъинаг ницы дæн. Дарæсы æддаг
бакастмæ гæсгæйæ дæр-иу гæнæн ис æмæ
схуыдтаиккой хицæн адæймæгты, стæй
адæмы хатты дæр, зæгъæм цъуппхудджын-
тæ, фæлæ ахам ном адæмы хатты этникон
номы историон равзæрд æмæ бындурмæ
æвæццæгæн, уабæрæг ницы бар дары. Ахæм
ном тынгдæр фæсномыгырдæм амоны.
Скифты иу адæмы хатт, сагтæ, зæгъгæ,
Уыцы ном та этникон ном у, æмæ уый
хъуамæ сæвзæрдаид. уыцы адæмæн сæхи
материалон-духовон, этнографион-историон
цардуаджы бындурыл. Хъуыддаг уьщ ми-
Даег ис, æмæ саг ирон адæмы рагфыдæлты
мифологийы нымад цыдис тотемон (уар-
зондæр) сырдыл, Не; ’взаджы абоны онг
саджы номимæ баст дзæвгар æвæрццаг
хъуыдыйы арфæтæ æмæ дзырдбæстытæ дæр
уымæн баззад, æвæццæгæн: куыдт»дæ? Саг
сæгуыты хуызæн! Саджы синты хуызæн
амад! Сагсур (фæсивæд). Цуанонты хуыз-
дæр арфæ уыд: саг амар! Æз дæ разæй
саг куынæ фехсдзынæн! Æмæ бирæ æн-
дæр .ахæмтæ. Уæдæ ирон адæмы рагфыдæл-
тæй сæ иу хай сæхи сæ уарзон сырды но-
мæй кæй схуыдтаиккой, уый гæнæн дæр ис,
уымæн æмæ сæ этнографи, сæ духовон-
культурон цардæй цæуы Стæй ахæм цау-
тæ, ома сырды, цæрæгойы нæмттæй мыг-
гаг кæнæ адæймаджы ном саразын, арæх
сты æвзаджы. Сагкатæ, Æрсойтæ, Бнрæгъ-
тæ. Куыдзетæ, Саулохтæ, Саукуыдз, Дом-
бай, Куыдзæг, Арсæг æ. а. д. Æхсар йæ-
хæдæг дæр йæ чиныджы 165 фарсыл фыс-
сы, зæгъгæ, ширактæ (сарматты знæмтæй)
сæхи схуыдтой сæ уарзон сырды номæи
шир «лев», зæгъгæ. Ахæм цаутæ, зæгъ, но-
джыдæр ис, скифтæй, дам, иу знæм йæхи
схуыдта урги, ома «бирæгътæ». Уæдæ, чи-
зоны, нæ чиныджы авторы версийы æм-
рæнхъ нæ хъуыды дæр рæгъмæ рахæсси-
наг у?
Ирон мыггаджы номы характерон кæрон
рагфыдæлтæй фæстæмæ, ома ирон мыггаг
куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ у -он, -ан:
Сланон, Цырыхон, Абиан, Харебиан. Уый
бæрæг у нæ фольклор, нæ национ культу-
рæйы æнæамæлгæ цыртдзæвæн Нарты эпо-
сæй, стæй Æгъуызаты Иуанейы кадæг «Ал-
гъуызиани»-йæ дæр. Ам æмбæлынц бирæ
антропонимон нæмттæ ахæм фæсæфтуан-
тимæ. Галæгон, Сырдон, Аминон, Æфсæрон,
Фидарон, Бурон, Куырдалæгон æ. а. д.
«Алгъуызиани»-йы фыссæг ирон паддзахы
хоны Алгъуызон, йæ фырты — Хъусæгон,
иннæ цоты — Сидæмон, Цъæхилон, Цæра-
зон. Ирон адæмон зарджыты æмбæлæм:
Цырыхон Цомахъ, Мамион Хъарадзау,
Тæрион Тулабег, Кодзырон Таймураз æмæ
æндæр ахæм нæмттыл. Ацы формæ (-ан,
-он) цæуы скифаг æвзагæй æмæ нымад у
ирон мыггаджы номы хæдбындур национ
формæйыл. Ирон мыггæгтæ равзæрдысты
фыдæлы номæй. Фыдæлы номмæ-иу æфтыд
æрцыд ацы фæсæфтуан: Биазыр — Биазы-
рон, Козыр — Козырон, Битар — Битарон
æ. а. д., ома, уыцы фыдæлæй чи рацыд
уый. Афтæ фыстой сылгоймагæй, нæлгой-
магæй.
Ирон мыггаджы æндæр кæрон -ты (Туа-
ты, Сланты) та, æвæццæгæн, фæстæдæр
фæзынд. Уый у ирон æвзаджы бирæон ны-
мæцы хъуыдыæвдисæг элемент т-йы хуы-
зæн æмæ мыггаджы номы сконды дæр æн-
цайы бирæон нымæцы хъуыды æвдисыны
’рдæм: Битар — Битартæ, цыма цалдæр Би-
тары уыдысты, ахæм хуызы. Фæсæфтуан
-ан, -он куы æрцæуы æфтыд фыдæлы ном-
мæ, уæд дзы уыцы бирæон нымæцы хъуы-
"ды нал зыны, фæлæ æвдисы, ацы зæйц кæй
рацыдысты уыцыиу фыдæлæй: Битарон
æгас мыггаг амоны, фæлæ уыдон иууылдæр
рацыдысты уыцы иунæг фыдæл Битарæй.
Нæлгоймагмæ, йæ> мыггаджы номæй. дзур-
гæйæ, дæр иууон нымæцы хуызы уымæн
фæдзурæм, æвæццæгæн: Сланы фырт, Ко-
зыры фырт, Битары фырт æ. а. д, ома йæ
фыдæлы фырт. Сылгоймагмæ, йæ чызгон
мыггагæй дзургæйæ, бирæуон нымæцы фор-
мæйæ кæи дзурæм: Битарты чызг, Цъæхилты
69
чызг, Хынцæгты чызг æ, а. д., уый мыгга-
джы фыдæлы бирæон нымæцыл мыййаг
нæ дзурдзæн, æвæццæгæн, фæлæ сылгоймаг
йæхæдæг цы бинонтæй, цы хæдзарвæнда-
гæй рацыди, уыцы хæдзары уæнгты бирæ-
йыл. Хæдзарвæндаг> кæнæ бинонты иууыл-
дæр фæхонынц хæдзары хистæры номæй,
бирæон нымæцы хуызы дзы пайдагæнгæйæ:
кæдæм цæуыс? Дæлæ Никъалатæм, уæртæ
Тугъантæм æ. а. д. Уыцы Никъалатæ æмæ
Тугъантæ æцæг бирæ мыййаг нæ вæййынц,
уæдæмæ ахæм бирæон нымæцы формæ амо-
ны æгас хæдзарвæндагмæ, æгас бинонтæм.
Гъе, ахæм хуызы фæдзурынц, æвæццæгæн,
сылгоймагмæ дæр йæ чызгон мыггаджы
номæй дзургæйæ, бирæуон нымæцы формæ-
йы’.
Агънайы фырт йæ иртасæн куысты ацы
ахсджиаг фарсты фæдыл дзуры æмæ, ирон
мыггаджы номы рагон формæйы (-ан, -он)
фарс кæй у йæ хъуыды, уый дæр дзы бæ-
рæгæй зыны.
Скифты ’взагæй хъауджыдæр алайнаг
æвзагы фæдыл уæддæр цыдæр фыстытæ
баззад адæймагады историйы. Нæ чины-
джы автор сыл æрдзырдта. Цымыдисаг мæм
дзы фæкаст иу ахæм цау Нæ эрæйы У1-æм
æнусы стыр историк Иорданы гуырдæй хо-
,ны автор алайнаг. Арфæйаг æмæ æхсызгон
,историон хатдзæг у, æцæг ын зонадон æгъ-
дауæй цас фидар бындур ис, уый мæ бон
зæгъын нæу. Фæлæ сæйраг уый нæу. Æх-
сызгон хабар, Иордан аланты тыххæй цы
фыссы, уый у «Алантæ сты рæсугъд, гун-
ты хуызæн фыдконд не сты. Сты хæрзконд,
бæрзонд, цырд, æнæзивæг, арæхстджын, сæ
сæрыхъуынтæ сты мыдгъуыз, сæ нæлгой-
мæгтæ сты æдæрсгæ, ис сæм сахъдзинад,
.фæлæ гунты хуызæн æвирхъау не сты».
Æхсызгон та уымæн у ацы фыст, æмæ уый
«аданты. тыххæй иуæй-иу ахуыргæндты
^съуыдыйы ныхмæ цæхгæр æвæрд у. Цæ-
виттоц, .бирæ ахуыргæндтæ нымайынп, зæгъ-
гæ, ал-антæ, конкретон æгъдауæй чи уæвы-
. над кодта, ахæм адæмы хатт нæ уыдысты,
зæгъгæ Алантæ — уый, зæгъ, у цалдæр
,адæмы,хаттыты иумæйаг (обобщенный) ном.
Иордан та алантæн се ’ддаг бакаст дæр
,фыссы. Æмæ сæ кæд нæ федта, уæд сын
«кæцæй фыстаид сæ бакаст, сæ хийæдтæ!
^цæг аланты ахæм хуызы (æддаг бакаст-
мæ гæсгæйæ) Иорданæй Аммиан Марцел-
лин раздæр (IV æнус) фыста, фæлæ ныр
дыууæ рагон историкы-корифейы хъуыды-
~ тæ баиу сты æмæ уымæй бæрæг фæхъо^-
мысджындæр, аланты конкретон æгъдауæй
уæвынадыл чи дызæрдыг кодта, уыцы ах-
’ уыргæндты версийы ныхмæ хъуыды.
г Алантæ цы бæстæты, цы рæтты цардыс-
"ты, уымыты ныууагътой уыдон се ’взаджы
’гакк топонимикон (бынæтты) нæмтты. V
4 æнусы бердзенаг æвзагыл æнæавтор къух-
фысты дзырдæуы горæт Феодосийыл Уый,
дам; аланты æвзагыл хуынди Артабада —
’ арт — абд. Арт уыди рагон ирайнаг хуыца-
»''уы ном, стыр кад ын кодтой скисЬтæ ссм.-е
т алантæ; абд та у ирон авд (7) Уыны го-
'’рæгуыдис алантæй авд-æн кувæндон. Ныр
"дæр ма ирон адæммæ авд динон-цыты ны-
* мæцыл цæуы нымад- авд æфсымæры, авд
куыцауы динæй... æ. а. д. Ныры Хъырымы
горæт Судак уыди аланты арæзт, сæхи æв-
\загыл æй хуыдтой Сугъдак, ома аланты ку-
.- вæя бынат. Дæгат Кавказ æмæ æндæр рæт-
ты дæр бирæ ис алайнаг æвзаджы хийæдтæ.
Уыдоныл нал дзурдзыстæм. Æрмæст мæ
Агънайы фыртæн рог, зæрдæхæлар уай-
дзæфы хуызы фæнды зæгъын иу ахæм ха-
бары фæдыл Уый фыссы, зæгъгæ «иуæй-
иутæм афтаё кæсы æмæ, географион
картæмæ каёсгæйæ, искуы куы сæмбæлынц
ирон кæ’нæ дыгурон дзырды хуызæн фыст
доны кæнæ горæтты номыл, уæд æй схо-
нынц аланты æвзагæй» (54-æм ф.) æмæ
цæвиттонæн æрхаста Г. Бэйлийы сбæлвырд-
гонд историон факт. Нæ эрæйы 173 азы-
ромаг император Марк Авремий ныссаста
аланты Аст минæй дзы фылдæр ракодта
уацары. Уыдонæй фондз минæй фылдæр
арзыста йæ колони хъахъхъæнынмæ Бри-
танийы сакъадахмæ Ацы фактмæ гæсгæ,
зæгъ, фыссы дарддæр Агънайы фырт, би-
рæтæм афтæ кæсы, цыма Англисы стыр го-
рæттæ аланты арæзт сты, Лондон та зæгъ,
аланты лæууæндон нысан кæны.
Англисы алайнаг топонимты тыххæй фыс-
тæуыд цалдæр азы размæ Мæскуыйы га-
зет «Мо’сковский комсомол»-ы. Уацы ав-
торы хъуыдымæ гæсгæйæ ромаг импера-
тор аланты сæтгæ, мыййаг, нæ бакодта,
сЬæлæ сын баххуырста се ’фсад (найемни-
чество уыд алантæм тынг) Бритайнаг бæс-
тæты ныхмæ хæцынмæ. Аланты ’фсад уы-
цы бæстæйы куы басастой, уæд сын импе-
ратор бар радта, кæд, зæгъ, уæ фæнды,
уæд, зæгъ, уым баззайут цæргæйæ. Афтæ
бакодтой алантæ дæр. Æмæ уæдæ едæм
кæм цæрой, уым се ’взаджы фæд макуы
ныууадзой, уый гæнæн нæй, бынæтты
нæмтты уæддæр...
Стæйдæр Агънайы фырт йæхæдæг йæ
чиныджы æндæр ран фыссы æндæр ахæм
æнгæс историон цауы фæдыл: «Монгол
аланты куы басастой, уæд Цæгат Кавказæй
дард Хурскæсæнмæ арвыстой стыр хæстон
г^рлтæ алантæй Китайы ныхмæ хæцын-
мæ. Байстой Пекин сæхæдæг та уым
цæргæйæ баззадысты» (55 ф.) Ау, кæд Ки-
тайы басасты фæстæ алантæ уым «цæргæ-
йæ баззадысты», уæд Бритайнаг бæстæты
басасты фæстæ цæмæннæ уыд гæнæн, æмæ
уым дæр цæргæйæ баззадаиккой алантæ?
Стæй бритайнаг алантау китайаг алантæ
лæр чизоны ныууагътой се ’взаджы фæд
сæ цæрæнбынæтты нæмттьт, фæлæ нырма
абоны онг сахуыргонд нæма æрцыдысты
Алантæ хæстхъом, фæразон адæм уыдысты.
Се ’фсады сын-иу æххуырстой æндæр æмæ
г^-дæр бæстæты хицæуттæ се знæгты ных-
мæ тохы Дунейы алы бæстæты дæр уагъ-
той сæ (Ьæд Æрæджы та америкæйаг ах-
уыргонд Бернард С Бахрах ныффыста чи-
ныг «История алан на западе» Ацы ав-
торы хъуыдымæ гæсгæйæ алантæ ныгуы-
лæн бæстæты алы ран дæо уыдысты æмæ
"ардысты. Ныотæккæйы Ромы алыварс,
Италийы бæстæйы бирæ топонимикон нæмт-
ты уый бæтты алайнаг æвзаджимæ.
Геродот куыд зæгъы, уымæ гæсгæйæ ски-
фтæн стыр бастдзинад уыдис бердзенæг-
тимæ Скифаг хъæзныджытæ бердзенæг-
тæй куыодтой чызджытæ, сæ зæнæджы æр-
выстой бердзентæм скъолатæм Афтæмæй
скифтæн сæхимæ фæзынди философтæ ора-
тортæ, прэттæ, куыд зæгъæм: Анахарсис,
Абарис, Токсарис, Скил æмæ æнд Геродо-
ты хъуыдымæ гæсгæйæ скифтæ зындгонд
сты нæ эрæйы агъоммæйы VII æнусæй фæс-
.70
тæмæ. Дзырд скиф у рагон ирайнаг дзырд
скута-йæ равзæргæ æмæ амыдта фатæх-
сæг (лучник),
Скифтæм хæстæг лæууыдысты савромат-
тæ æмæ сарматтæ. Бирæ ахуыргæндтæ ацы
дыууæ адæмы хæттыты æндæр æмæ æндæр
адæмтæ хуыдтой, бирæтæ та сæ иу адæмы
хатт Хуыдтой, дзырдтой, зæгъ, скифаг æв-
загыл. Геродот æмæ æндæр историктæ дæр
бирæ легендæтæ-мйфтæ фыстой (Æхсары
чинЫджы сты) ацы адæмты равэæрды тых-
хæй. Сарматты сылгоймæгтæ нæлгоймæг-
тау уыдысты ’тынг хъæбатыр, хæстхъом.
Уыдон бердзенаг æвзагыл ’хуыдтой амазон-
кæтæ. Амазонкæтаэ иу хицæн ран æрбынат
кодтой хæсты састы бынаты баззайыны
фæстæ. Уырдæм сæм цыдысты скифты лæп-
путæ, фæтугхæццæ сты. Ахæм хуызы, зæгъ,
ацы амазонкæтæй æмæ скифаг лæппутæй
равзæрдысты савроматтæ, Фæлæ дыууæ
этникон номæн дæр (савроматтай, сармат-
тæ) сæ морфологон арæзт æмхуызон кæй
у, уый бæрæг у. Абайты Вассойы хъуыды-
мæ гæсгæйæ сау — арм-æй цæуынц ацы эт-
нонимон нæмттæ Æгънайы фырт ын æн-
дæр этимологи дæдты. Уыцы адæмтæ уы-
дысты фосдарджытæ æмæ цæугæцардгæн-
джытæ. Фосдарæг, фыййау йæхи къæвда-
тæй бахизыны тыххæй фосы хъуынæй арæз-
та рог уæлæфтау дзаумæ. Уыцы традици;
зæгъ, баззад абоны онг уæйлаг нымæты
(бурка) хуызы. Дюмезил, зæгъ, куыд амо-
ны, уымæ гæсгæйæ, дам, уыцы хъуынæй
конд уæлæфтау дзаумайы ном ис дзырд
савромат-ы сконды. Æвæццæгæн Агънайы
фырты хъуыды къаддæр уырнинаг нæу
Геродот куыд фыссы, уымæ гæсгæйæ
массагеттæ дæр уыдысты скифаг (сакты)
адæмы хаттытæй. Историйы зындгонд сты
нæ эрайы агъоммæ VII—V æнусты Цар-
дысты Астæуккаг Азийы æмæ Казахстаны
быдырты. Этноним Массагет-ы ахуыргæнд-
тæ алы æмæ алыгъуызон иртасынц. Сега-
сæй уырнинагдæр у Абайты Вассойы
хъуыды. • Уый та термин дих кæны афтæ
Мас-саг-ета, ома стыр сагты адæм, саг
лæгтæ, зæгъгæ. Ацы хъуыдыимæ разы у
нæ чиныджы автор дæр. Массагеты сыл-
гоймæгтæ дæр сарматты сылгоймæгтау уы-
дысты хъæбатыр хæстхъом.
Дарддæр чиныджы дзырдæуы скифты-
сарматты хицæн адæмы хаттыты фæдыл,
сæ этникон нæмтты лингвистикон-историон
равзæрдыл. Ацы знæмтæм хауынц: сирак-
тæ, аорстæ, роксалантæ, языгтæ, ал’антæ.
Чиныджы автор сæ алкæмæн дæр дæдты
йæхи этимологи, бирæ æмæ хъæздыг зона-
дон литературæйæ пайдагæнгæйæ. Дзырд
алан-ы бæтты сæ рагон фыдæлты ном ори-
ана-имæ (ариаг), сонорон зæлтæ р-л кæ-
рæдзи æнцонæй ивынц ирон фонетикæйы
закъæттæм гæсгæйæ. Агънайы фырты хъуы-
дымæ гæсгæйæ аланты кой историон фыс-
тыты нал разынд XIV æнусæй фæстæмæ,
тæтæр-монгол сæ куы басастой, уымæй
фæстæмæ. Цагъды уæлдæйттæй ма дзы чи
баззад, уыдон фæлыгъдысты хæхтæм, схæц-
цæ сты иннæ адæмтимæ. Балхъар æмæ Хъæ-
рæсемæ ныртæккæ ис дзырдбаст «ей —
алан!», ома «о, друг, товарищ», ис сæм ном
Алан дæр. Мегрелтæм алан амоны «хъæ-
батыр», ис сæм бæрæгбон алануроба, зæгъ-
гæ, ахæм номимæ. Алантæ цы адæмты цур
цардысты, уыдон сæ хуыдтой алыгъуызон
^æмттæй: яс, ас, ос, гуырдзы та сæ хуыд-
той офстæ (ардыгæй оси — осети — осетин
— осетия). Ахуыргæндтæ куыд бæрæг кæ-
нынц, афтæмæй ацы этнонимон нæмттæн сæ
бындур у иу, рагон ирайнаг ас, амоны
«скæсæн», ома алантæ уыдысты скæсæйнаг
адæм
Чиныджы æртыккаг сæры автор лæмбы-
нæг æмæ уырнинаг хъуыдытæй æрдзырдта
нæ адæмы историвдисæг антропонимты ис-
торион-лингвистикон равзæрдыл. Скифтæ
æмæ аланты бирæ адæмы хаттыты дзæв-
гар сæрмагонд нæмттæ рафæлгъуыдта. Се
’ппæты фæдыл дзурæн нæй. Зæгъдзынæн
дзы иу сылгоймаджы номы тыххæй.
Массагетты ус-паддзах хуынди Томирис.
Геродот номы кæронмæ бафтыдта (йæ ис-
тори йын куы фыста, уæд) бердзенаг суф-
фикс -ис. Сарматтæ æмæ массагетты номы
сæхæдæг хуыдтой Томар кæнæ Томир.
Алантæ та йæ хуыдтой Тамар. Дзырдæн йæ
равзæрд ирайнаг у æмæ амоны «фат», «раз-
мæ бырсын». Дзырд томар кæнун ныр дæр
ма ис дыгурон диалекты æмæ амоны абыр-
сын. Ус-паддзах Томирис йæ хæстхъомдзи-
надæй хъуыстгонд уыдис. Ныффалгæрон
кодта номдзыд, æнæбасæтгæ персайнаг пад-
дзах Киры. Ныр йæ кады ном тыгдæр ай-
хъуыст Томирæн. Иæ ном ын æвæрын бай-
дыдтой æндæр æмæ æндæр адæмтæ сæ
чызджытыл (хъуыстгонд, стыр лæгты нæмт-
ты æвæрыны традици ма ныр дæр ис). Алан-
ты сыхæгтæ гуырдзымæ ацы ном фæзынд
ХП-æм æнусы, паддзах Георги Ш-агы ду-
джы. Паддзахы ус Бурдухан — алайнаг
чызг — сæ иунæг хъæбулыл сæвæрдтой ном-
дзыд алайнаг успаддзах Тамары ном. Уый
фæстæ уый йæхæдæг дæр спаддзах ис, уы-
мæн дæр та айхъуыст йæ кады ном. Ныр
та йæ ардыгæй айстой (ном Тамары) уы-
рыс Уыдон ма номы кæронмæ бафтыдтой
сылгоймаджы род æвдисæг -а, æмæ дзы
рауад Тамара. Ахæм хуызы фæстæмæ ирæт-
тæм æрбафтыд ном æмæ йæ фыссæм Тама-
рæ.
Нарты рагфыдæл уыд Уæрхæг, уымæй
равзæрдысты нартæ. Ацы дзырды Æгънайы
фырт хоны ирайнаг æвзагæй рацæугæ аемæ,
зæгъ, амоньт бирæгъ, ома нартæ хурæй нæ
равзæрдысты, Абайты Вассо куыд зæгъы,
афтæ, фæлæ, зæгъ, бирæгъæй. Хефсуртæ,
мегрелтæ æмæ, дам, цæцæн дæр сæхи би-
рæгъæй равзæргæ хонынц.
Нарты кадджыты ма ис ном Уæхтæнг
дæр Уый та, зæгъ, амоны бирæгъы тæнтæ
кæмæн ис, ахæм. Ном Уæхтæнг аланты
рæстæджы тынг популярон уыд. Уыдонæй
йæ айстой сæ сыхаг гуырдзы V æнусы. Уы-
иы æнусы гуырдзыйы калакаразæг хуьнщг
Вахтанг Горгасали.. Ацы ном алайнаг Уæх-
тæнгы халдих кæй у, ууыл дзуры - нрмы
лингвистйкон-историон равзæрд.
Нартьт Сосланы номы равзæрдыл дзур-
гæйæ, Агънайы фырт æрдзырдта истррион
Давид Сосланы этимологийыл дæр. Гури-
аты Тамерланæн ын Давид хоны йæ ном,
Сослан та — йæ мыггаг, ирон мыггаджы ра-
гон характерон фæсæфтуан -ан (-он)-мæ
гæсгæйæ. Нæ чиныджы автор ын дæтты
бынтон æндæр, æмæ куы зæгъæм, уæд уыр^-
нинагдæр этимологи. Ном Сосланы уый
бæдты дзырд алан-имæ. Уымæн йæ ном
уьтди Дауид. «Уьтй хъомыл кодта йæ фы-
дыхо Бурдуханы хæдзары. Бурдухан та уы-
ди гуырдзиаг паддзах Георги Ш-æмы ус,
71
Тамары мад» (181 ф.). Лæппу хъомыл код-
та гуырдзиаг хæдзары æмæ йæ гуырдзы æр-
мæст йæ номæй нæ хуыдтой, фæлæ ма йæм
æфтыдтой, цы адæмæй рацыд, уыдон ном —
алан дæр. Историйæ бæлвырд куыд у, аф-
тæмæй гуырдзы аланты хуыдтой ос. Аф-
тæмæй ма сæ хъан Дауиды номмæ ос дæр
бафтыдтой æмæ дзы рауад Дауид-ос-алан,
ома Дауид Алантæй. Метатезæйы (мырты
кæрæдзи бынæттæ ивд) закъонмæ гæсгæйæ
мыртæ -о- æмæ -с- кæрæдзи бынæттæ ба-
ивтой æмæ дзы рауад ос-ы бæсты со. Но-
мы дыккаг хай (Алан) хъæлæсон мырæй
(а) райдыдта, разæй йæм хай хъуамæ æр-
бафта (со), уый та хъæлæсоныл фæуд кæ-
ны: Æвзаг хъæлæсонты æмæ æмхъæлæсон-
ты баиу нæ быхсы: зын дзурæн вæййынц
Уымæ гæсгæйæ дыууæ æмхуызон дамгъæ-
йæ арæх æлвæст æрцæуынц, кæнæ сæ иу
ахауы æмæ йæ бынаты фæзæлы æндæр
дамгъæ. Афтæ рауад ам дæр (со-алан) о
æмæ а баиу сты æмæ дзы а ахаудта æн-
цондæр дзурыны тыххæй, уып бæсты дзы
фæзынд æмхъæлæсон дамгъæ -с-, афтæмæй
ос-алан-æй рауадис Сослан, Дауид Сослан.
Уæдæ ацы исторпон Сосланы ном дæр цæ-
уы дзырд ос-алан-æй. Ахæм хуызы рав-
зæрди нарты Сосланы ном дæр. Афтæ æмæ
Давид Сосланæн Сослан йæ мыггаг нæу,
Гуриаты Тамерлан куыд зæгъы, афтæ, фæ-
лæ амоны, цы адæмæй у, уый.
Гъе ахæм хуызы нын равдыста æвзаджы
æрмæджыты бындурыл Агънаты Æхсар
,йæ чиныгы «Не ’взаг — нæ истори», зæгъ-
гæ, уым нæ рагфыдæлты историон-духовон
æмæ материалон-культурон цардуагы ныв-
тæ. Ноджыдæр ма йæ зæгъон, æвзаджы
æрмæджыты æххуысæй! Ахæм у æвзаджы
æгæрон диссаджы нысаниуæг иумæйагæй
адæмты ивгъуыд истори сахуыр кæныны
хъуыддаджы. Æнæхъуаджы не схуыдта
Æхсар йæ чиныджы «Не ’взаг—нæ исто-
ри», зæгъгæ, афтæ.
Автор йæ чиныджы пайда кæны тынг
бирæ æмæ хъæздыг зонадон литературæйæ,
- куыд нæхи, афтæ фæсарæйнаг литерату-
рæйæ дæр. Бирæ ахуыргæндты хъуыдытæм
цæуы цæхгæр критикон цæстæнгасæй Æгæ-
рстæмæй ^ирæ рæтты нæ разы кæны Абайты
Вассойы хъуыдытимæ дæр, æмæ дæдты йæ-
хи сæрмагонд, хæдбындур этимологитæ-
верситæ Ахæм хабар та зонады динами-
’ кон рæзтыл дзуры Æцæг, æргомæй йæ зæ-
гъæм, стæм рæтты автор æгæр уæндон хат-
дзæгтæ-зтимологитæ аразы, раст у, исто-
рион-лингвистикон зонады домæнтæм гæс*
гæйæ ифтонг, уырнинаг кæсынц лæгмæ, фæ-
лæ уæддæр не ’взаджы раиртæстгонд исто-
рион лексикæйы цасбæрцæй æрфидар уы-
дзысты, иумæйаг зонадон хъуыды сыл цас-
бæрцæй ауддзæн æмæ хъæцдзæн, уый мæ
бон зæгъын нæу развæлгъау. Фæлæ чиныг
сæрæй кæронмæ бæрз.онд, уæлмонц патри-
отон духыл фыст кæй у, чизоны уырдыгæй
цæуы ацы бафæзминаг хабар дæр. Ахуыр-
гонд зонады бæрзæнды цасфæнды уæлиау
къæпхæнмæ ма схиза, уæддæр фыццаджы-
фьшцаг хъуамæ уа йæ раттæг адæмы зæр-
дæрисгæ хъæбул, æнувыд патриот. Науæд
нæ ахуыргæндты бирæты аххосæй нæ на-
цион культурæйы дзæвгар фарстыты наци-
он хæдбындурдзинад дзырддаг ссис абон.
уыцы фарстытæм историон æгъдауæй бын.
тондæр бар чи нæ дары, ахæм адæмтимæ.
Нæ национ кæфтыты уд æмæ дзæцц, сæ
фидыц, сæ астæуымагъз «Симд», зæгъ, ирон
пæу, гуырдзиаг кафты ном «Самандайæ»,
зæгъ, цæуы æмæ уымæн. Нæ иуæмæйаг на-
цион культурæйы æнæмæлгæ цыртдзæвæн,
номхæссæны «Нарты эпосы» фæдыл цалын-
мæ французаг, æцæгæлон (ирæттæн) ах-
уыргонд Джордж Дюмезил нæ загъта йæ
цæхгæр авторитетон ныхас, зæгъгæ, нарты
эпосы сæйраг «стæгдар», уд æмæ апп ирæт-
ты у, уæдмæ уый национ хæдбындурдзина-
ды фарст дæр дзырд’даг уыдис Кавказы
иннæ адæмтимæ, ноджыдæр та нæхи ах-
уыргæндты аххосæй. Афтæ зæгъын хъæуы
нарты эпосы хъайтарты нæмтты равзæрды
тыххæй дæр. Англисаг стыр ахуыргонд Г.
Бейли æмæ æндæр фæсарæйнаг ахуыргæнд-
тæ сæ ирайнаг æвзæгтæй рацæугæ хонынц,
нæхи ахуыргæндтæ та — монгойлаг.
Нæ чиныджы автор Агънаты Æхсар
кæронбæттæны фæстæмæ патриотикон духы
сиды нæ иры фæсивæдмæ, нæ фидæны на-
чион культурæйы аразджытæм, цæмæй уы-
дон се ’ргом раздахой сæ раттæг адæмы
æвзагмæ, æруарзой йæ æмæ сын хæлар
кæны Абайты Вассойы кадджын фæндаг
зонады бæрзæндтæм. Мæ зæрдæ та уын
зæгъы, Æхсар, дæуæн, стæй дæ уыцы фæ-
сивæдæн дæр, куыд ахæм фарстытыл ку-
сæг, дæ чиныджы цы номхæссæны рагфы-
дæлты тыххæй фæллайын кодтай дæ сæр,
уыдон легендарон ном æмæ кады хуызæн,
пæргæ номимæ зонады бæрзæндтæм æнæ-
къуыхцыйæ, æдæрсгæ цæуын. Бузныг, Æх,-
сар!..
^№»>
ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА
НЕ ’ВЗАГ-НÆ ХÆЗНА
ÆРÆМБЫРД КÆНÆМ НÆ ДЗЫРДТÆ
Цалдæр азы размæ журнал «Фидиуæг»,
стæй газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Советон
Ирыстоны» ныммыхуырчындæуыд сæрма-
гонд уацтæ, цыран ныхас дыди, нæ дзыр-
дуæттæй æдтийæ цы бирæ дзырдтæ базза-
дис, уыдоныл. Автор тыхстхуызæй сидтис
ирон интеллигенцимæ, цæмæй баххуыс кæ-
ной ирон æмбарынгæнæн дзырдуатараз-
джытæн. Æххуыс бакæнын хæрз æнцон у,
æмæ йæ нысаниуæг та уыцы æххуысæн
æвæджиау стыр у. Дзырдуæттæм цы дзыр-
дтæ нæма бафтыдысты, уыдонмæ афонмæ
дæр æмдыхæй куы фæцырд уыдаиккам, уæд
ныр нæ дзырдуат уаид бирæ хъæзныгдæр.
Æвзаг, æцæгдæр, дзырдтæй хъæзныг у, уæ-
дæ æндæр цæмæй? Махæн та нæ дзырдтæй
æмбырдкæнинаг нырма минтæ ис.
Хъуыдыйаг уый у æмæ уыцы дзырдтæ,
иу чысыл хайæ дарддæр, арæх нал фæдзу-
рæм, стæй рогæй не ’фтынц литературон
уацмыстæм дæр æмæ’ рох кæнынц, сæфынц
иугай-дыгай. Афæрсут-ма не скъоладзауты
æмæ не студентты, цас дзырдтæ нал зоныни,
æгæрыстæмæй, дзырдуæттæ æмæ чингуыты
чи ис, уыдонæй дæр Стæм хатт цы дзырд-
тæй пайда кæнæм, уыдон хъысмæт та но-
джы тæссагдæр куы у.
Ирон æмбарынгæнæн дзырдуаты цыппар
чиныгæй фыццаг цæттæ V мыхуырмæ, (Ьæлæ
йæ типографимæ нæма балæвæрдтой. Ногæй
цы дзырдтыл хæст кæнæм, уыдонæн нырма
ис уырдæм ба,хæссыны фадат. Иннæ æртæ
чиныджы уавæр хуыздæр у, уьтрдæм нырма
иу-цалдæр азы хæсдзыстæм, цьт дзырдтæ
Дзы нæ фаг кæнынц, уыдон.
Махæй алкæмæн дæр хынцинаг у уый,
æмæ нæ дзырдуæттæм рæхджы цьт дзырдтæ
нæ бафтой, уыдон сæфгæ кæнынц. Дзырдуат
У дзырдты æфснайæндоны хуызæн, æмæ
уырдæм цы дзырд баирвæза, уымæн тас
нал у сæфынæй, цалынмæ æвзаг йæхæдæг
Цаера, уæдмæ.
Уæлдæр цы уацты кой ракодтон, уыдон
мыхуыры куы фæзындысты, уый фæстт
^цæгдæр иу-цалдæр адæймаджы æрбав-
Дыстой Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæ1
Институтмæ дзæвгар дзырдтæ. Иутæ—Цæ-
гат Ирæй (уыдон ’хсæн Хъайтыхъты Азæ-
Мает дæр), иннæтæ — Хуссар Ирæй (Гаглой*
ты Зинæ, Дзаттиаты Руслан). Уьтмæй раз-
Мае иу-дыууисæдз дзырды æрбахастой
^ацырты Серги, стæй мæгуыр Дзугаты Ги-
^рги æмæ Бестауты Гиуæрги дæр. Цæгат
^Рæй нæм сæдæйæ фылдæр дзырды æрæр-
выста Гæбæраты Феликс. Æмбарынгæнæг*
Дзыодуатыл чи кусы, уыдон уæлдай тэаи*
гондæй баззадысты Айларты Измаилæй-
Уый журнал «Мах дуджы» (1986, № 10)
ныммыхуыр кодта сæрмагонд стыр уац
«Æвзаг дзырдтæй хъæзныг у», зæгъгæ, цы-
ран автор æвзары æртæсæдæйы бæрц,
къухы чи нæма бафтыдис, ахæм дзырдтæ.
Æвзары сын сæ нысаниуæг æмæ сын дæтты,
уыцы нысаниуæг дзæбæх чи æвдисы, ахæм
цæвиттонтæ — иллюстрацитæ дæр. Уый тынг
фæрог кæндзæн дзырдуат аразджыты къух:
цæттæ дзырдуатон статьятæ ма чысыл ба-
дзæбæхтæ хъæуы, æндæр ницы.
Райсинаг сты, Измаил иумæйаг æмæ
къуымон дзырдты тыххæй цы дзæбæх хъуы-
дытæ зæгъы, уыдон, стæй алы ирон дзырд
кæй хъахъхъæны, уый дæр. Рагæй нын у
афон æркæсæм нæ иумæйаг хъуыддæгтæм
æмбаргæ æмæ хæдзардзин адæймаджы
цæстæй. Радзур-бадзур — уый къуыдайраг
у, иннæ дыгураг, аннæ—чысайнаг—æнæр-
хъуыдыйы аххос у æмæ сæфтмæ кæны.
Адæм æмвæндæй тыхджын сты, æмдзырд
адæмæн сæ сомбон фидар у, дæу у-мæн у
чи кæны, уый та знагиуæг аразы.
Фарон — æндæраз не ’взаджы «стыр»
дæснытæй иу афтæ фыста, хУссайраг иу
ахуыргæнæн чиныджы, дам, ис, махмæ кæй
иæ зонынц, ахæм æнахуыр дзырдтæ цахæм,
фæткой, æмбæлон, маркафа æмæ æндæртæ.
Æцæгæй та ацы дзырдтæ кæнæ нæ дзырд-
уæтты сты, (цахæм, æмбæлон), кæнæ та сæ
арæх дзурынц Ирыстоны бирæ къуымты.
Дзырд фæткойы бæсты, дам, нæм ис уырыс-
саг правило æмæ, дам, уый фаг нæу? Адæй-
маг йæхй ныййарæг мады куы нал фæзоны,
уæд æм уый дæр æцæгæлоны хуызæн фæ-
кæсы.
Цæй, уыдон цыфæнды фод. Ахæм зонда-
монджытæ нæм рагæй фæстæмæ бирæ уыд.
Уæддæр, иу хуыцау хорз, æмæ нæм рæстмæ
адæймæгтæ фылдæр ис. Айлартьт Измаил
(дунейы фарн ын хорздзинæдтæ раттæд)
кæд сфæрæз кодта æртæсæдæ дзырды, уæд
махтæн фæйнæ 10—15 дзырды рацагурын
нæ бон нæ бауид? Зын хъуыддаг куынæ у,
•уæд æй цæуылнæ кæнæм? Æви рагон ирон
æмбисондау у: æхсæны мард — æнæныгæд,
ома йæ уæртæ Тедо кæнæ Симон баныгæ-
нæд, мæнæн цы мæ уæлфад гал лæууы ин-
нæты уæлдай.
Айлары фырты æрмæгыл куы абарæм нæ-
'Хи зонæнтæ. уæд бафиппайдзыстæм, иуæй-иу
дзырдтæн Ирыстоны хицæн къуымты хи-
цæн нысаниуджытæ кæнæ хуызтæ кæй ис,
уьтй Цæвиттон, Измаил дзырд нардуат
73
амоны — æрмæджы, нардуатæй куыст — æр-
мæджы куыст, махмæ та йæ зонынц
мæнæ уырыс «сдельно» цы фæхонынц, уы- ’
мæй, ома æнæхъæнæй райсын исты куыст7
ад бадзырдгонд иумæйаг мыздыл («ак-
кордно»). Бæхдуг-ы бæсты махмæ бæх-
дугъ зонынц æмæ уæд йæ ном йæ уæ-
лæ ис, ома бæхты дугъ кæм рауагъдæ-
уа, ахæм стыр, уæрæх бынат. Дзырд ба-
тъуза нæм фæдзурынц уæззау æмæ магу-
сайæ. Агуиан та цыма гуырдзиаг гвиан-æй
у æмæ Мамысоны зылдмæ (Айлартæ уым
цардысты) Оны гуырдзыйæ схаудаид.
Ноджыдæр æй зæгъын: Айларты Измаил
æмæ уыимæ иумæ «мах дуджы» редакци
тынг хорз бакодтой, утæппæт ирон дзырдтæ
адæмы рæгъмæ кæй рахастой æмæ ныч сæ-
кæй слæвар кодтой, уымæй. Æртæсæдæ
дзырды æнæхъæн хæзна сты. Уый, кæй зæ-
гъын æй хъæуы, бафæзминаг куыст у æмæ
хорз уаид, æндæртæ дæр æй куы бафæзмик-
кой Æмæ цæмæй рогдæрæй фæгæрз уой
уыцы хъуыддагыл, уый тыххæй æз та ра-
нымайдзынæн, нæ дзырдуæтты чи нæй æмæ
Хуссар Иры кæй дзурынц, уыцы «хуымæ-
тæг» дзырдты иу къорд.
Айсахатæн — æрвылсахат, алы сахат,
сахатæй-сахатмæ. Нал дзы фæразæм, айса-
хатæн ардæм дугъ кæны.
Алеуахи кæнын (уын) — акæлын æмæ
парахатæй ацæуын истæй уæлцъарыл, хуы-
мæтæджы дзырд у, ныр æй уыйбæрц арæх
нал фæдзурынц; раздæр дæр æй алыран нæ
зыдтой. Къуыстил афæрсыл, æмæ бæгæны
зæххыл алеуахи.
Афæрсыл уын — фарсыл афæлдæхын,
ахауын; вæййы æндæр разæфтуантимæ дæр;
афтæ фæдзурынц адæймаг кæнæ цæрæгойæ
дæр. Донхæссæн афæрсыл, æмæ дон акал-
дис Худæгæй афæрсыл сты.
Ачырхын — адавын, акъæрных кæнын; ис
ма рачырхын дæр. Дæрзæг дзырд у æмæ
уый мидæг ис йæ нысаниуæг дæр.
Æваетк — йæ ном йæ уæлæ ис: фæтк кæм
нæй, ахæм. Æвæтк хæдзар. Æвæтк хъæу.
Æвæтк бинонтæ.
Æвæччиаг — цы нæ фидауы, цы нæ фæч-
чы, ахæм. Сойаг мархойы бонты æвæччиаг
у.
Æйтт — бирæ нысæнттæ йын ис: æйтт
фæцыд; æйтты зарæг; æйтты рæгъ; æйтт
адæймаг...
Æнæхафт — æнæкультурæ, æнæхсæст;
адæймагæй фæдзурынц афтæ. Æнæхафт
адæймагæй уæздандзинад ничи агуры.
Æнцъухын — уый дæр нуазын амоны,
сЬæлæ дæрзæг дзырд у æмæ йæ алкæмæ нæ
бадзурдзынæ; вæййы разæфтуантимæ дæр
(анцъухын, нынцъухын). Æнцъухы нозт
кæм баййафы, уым.
Æрбасхъæл уын — æрбацæуын нысан
кæны, фæлæ йæ фæдзурынц, кæй æрбацыд
дæ нæ фæндыд, уый фенгæйæ; арæхдæр ас
нæлгоймагæй фæзæгъынц афтæ. Цымæ та
нæм цæмæ æрбасхъæл æмæхсæвæджы?
Æргъомбаст — исты хæссинаг æккойыл
æвæрдæй æмæ уæхсчытæм баст.
Æруæз кæнын — хи уæзæй уырдыгмæ
æрхæцын истæуыл; æнхъæлдæн, ницы дзыр-
дæй йын ис баивæн, ома нæй йын синоним
æмæ æнæмæнгхъæугæ у. Бæласы зад цæнг-
тæ æруæз кодтой зæхмæ.
Æруырдыг уын — искæмæ æргом кар-
зæй аздахын быцæу кæнæ æфхæрыны ны-
санæн кæнæ: исты хъуыддагмæ зæрдиагæй
æрæвналын.
Базыхъыр кæнын — чысыл байгом кæнын.
Дуар базыхъыр кæнын
Бахурх кæнын — къубал, хурх балхъивын
æмæ амарын; вæййы æндæр разæфтуантимæ
дæр.
Бахухулæг кæнын — ома бахурх кæнын;
æниу бахурх кæнын йæхæдæг дæр нæй
дзырдуаты; нæу сыгъдæг литературон дзыр-
дтæй, фæлæ ницы сайы.
Бахуым кЖнын — хуым кæныны æххæст
хуыз йедтæмæ ницы у, фæлæ стыр кусæг
дзырд у, æмæ дзырдуаты æнæмæнгæй хъуа-
мæ уаид. Бибо йæ зæрæстон бахуым кодта
æфсæйнаг гутонæй.
Бахуын кæнын — бахæссын, бахæццæ кæ-
нын хуын кæнæ дам-дум, ныхас æмæ æндæр
исты; арæх æй дзурынц, уымæн æмæ дам-
думтæ, ныхæстæ чи фæхæссы, уыдон сæхæ-
дæг дæр, æвæццæгæн, дзæвгар сты. Мæ ны-
хæстæ мын дыккаг бон сыхагмæ уæлдай-
джынтæй бахуын кодта.
Бацъыхыры кæнын (уын) — басудзын,
бынсыгъд бакæнын.
Бæгъдулæг кæнын — æвдылын, истæй ми-
дæг тæлфын æмæ афтæмæй хи змæнтын.
Кæрчытæ сæ базыртæ аппæрстой æмæ бæ-
гъдулæг- кæнынц рыг сыджыты.
Бæз-бæз кæнын — тынг бирæйæ тæлфын.
Буза кæнын — къахын, змæнтын, ,хæццæ
кæнын, вæййы æндæр разæфтуантимæ дæр.
Скъапп сбуза кодта, фæлæ чиныг нал ра-
зынд.
Букна кæнын — искæимæ хъæбысæй хæ-
цæгау кæнын, ратыхс-батыхс кæнын; дæр-
зæг дзырд у, чизоны, алыран зæгъынæн нæ
дæр фидауы.
Бухъ — ома цардæй райгонд, æфсæст.
Уый йæ бон калы, бухъ у цардæй
Быдыргæс — хуымтæ хъахъхъæнæг. Кол-
хозы Оыдыргæс.
Быззы кæнын — фæдзурынц, тынг тæвд
бон стурвос бындзытæй куы стыхсынц æмæ,
сæ къудитæ ныхъхъилгæнгæ, развæндаг нал
æвзаргæйæ, куы лидзынц, сæ сæртæ æфс-
найгæйæ, уæд.
Былалгъ — былы тæккæ уæлæ, былы ал-
гъыл, зæгъынæввонг раргомæввонг. Иæ ху-
дæн ныхас æдзух йæ былалгъ ис. Иæ кæ-
уын йæ былалгъ бады
Былдауæн — ома сайæн, цæстмæхъус;
фæзæгъынц: былдауæн ныхæстæ; былдауаен
митæ. Æууæнк нæ вæййы ахæм ныхæстае
æмæ митыл.
Гамацыкк — тынг уынгæг, чысыл (дарæс,
дзаума). Цавæр гамацыкк у ацы хæдон.
сабийæн йæ сæрыл дæр куынæ цæуы.
Гауыр — тынг фыдсыл, тынг карз, тынг
мæстыгæр. Гауыр ус. Гауыр адæймаг.
Гæрдах — стыр сæрæн, амалджын. ТеД°
ахæм хъуыддæгтæм гæрдах у.
Гобытъи — тынг уæззау, стæвдтæконД-
дæлтъур. Цæй гобытъи у ацы фиййаг, Ц0нГ
æй куынæ фæразы.
Гуымс кæнын — уæззау цæф кæнын (с$'
рæй, зæвæтæй...); вæййы иуæй-иу æнД#Р
разæфтуантимæ дæр: сæрæй йын иу ныг*
гуымс кодта.
Дæлæсин — æртæ нысаниуæджы йын 11С
1. дзаумайæн (куырæтæн, цухъайæн...) 1и
синтæ æгæр дæлиау карст (хуыд) куы Ф^
74
уой, уæд уый; 2. ницæйаг, æнæсæрæн
(адæймаг); 3. дæлиау синджЫн. Уыцы дзæ-
бæх чызгæн иу дæлæсин мой фæци æмæ
йæ фыдæбонæй мары.
Дæлтъур — стыртæгонд æмæ тынг уæз-
зау. Дæлтъур бæлæгъ. Сæ ус иу дæлтъур
У-
Деддæ — ома дæ разы, дæ цуры. Деддæ
ма Бибомæ бадзур.
Донылкас — йæ ном йæ уæлæ ис.
Донылцымгæ — уымæн дæр.
Джитæнтæ кæнын — тынг тыхсын, мæт
кæнын. Зæронд ус йæ бæлццоны мæтæй
джитæнтæ кæны.
Джитъа кæнын — истæй фæстейæ, истæй
аууонæй кæсын; вæййы разæфтуантимæ
дæр: раджитъа кодта сисы ауулгæп рог
стилы дзырдтæй у æмæ йæ нысаниуæг дæр
уый мидæг ис.
Дзаг — мæнæ ахæм дзырдбæстыты: дзаг
дзы ис; дзаг дзы у; амоны: нал дзы ис,
нæй дзы. Куыройыссад нæм дзаг ис, къу-
туйы къуымы ма иу тæпп.
Дзагга’рз тæнгъæд истытæ цы дзау-
ма, гарзы дарынц, уый.
Дзеллау-дзеллау кæнын — ауыгъд уын
æмæ хъеллау кæнын; нæу стыр литературон
дзырдтæй, фæлæ бæззы хуымæтæг ныхасы
Дзолонкъа — истæуыл фехсынæн стыр
лæдзæг, хъил, цæвæнгарз.
Дзырдæн — уый дæр, зæгъæм, цы у, уый
амоны. Дзырдæн, къæвда ныккалдта, уæд
кæм æмбæхсæм?
Задынцымгæ — задыссадæй конд цымгæ;
арæхдæр æй æвгъæддон сылгоймæгтæн лæ-
вæрдтой, фæлæ йæ нæ фауынц иннæ сыл-
гоймæгтæ дæр; лæгтæ йæ сæ сæрмæ нæ
хæссынц.
Задыссад — йæ ном йæ уæлæ ис.
Зæрдийæ — æнувыд, уарзаг, æмхиц Те-
дойыл йæ сыхæгтæ зæрдийæ сты. Цола
нозтыл зæрдийæ у.
Зытъы — арахъуадзæн аджы был æмæ
бæлæгъы æрхуы хæтæлы ’хсæн цы цыбыр
(уыдиснмæ ’ввахс) хъæдын хæтæл вæййы,
уый (цæмæй бæлæгъы хæтæл æгæр ма тæвд
кæна, уый тыххæй). Дзурынц æй ахæсгæ
нысаны дæр: цыбыр нæлгоймаджы зытъы
фæхонынц фæсномыгæй.
Зытъыкуырой — хохаг куыройы æхгæд
нучы бинаг кæрон тъыст вæййы зытъы
(уæд доны цыхцыр тыхджындæр вæййы);
уымæн æй хонынц зытъы куырой.
Икъа-икъа кæнын — ома иу къахыл
гæпп-гæпп кæнын
Исинæгтæ (исинаг, исын-æй) — афтæ
хуыдтой хъуыры рæзынджыты операци
(чизоны йæ исчи хуыздæр æмбарьг). Рын-
чын у, исинæгтæ йын ис
Искуыдæй-искуыдмæ — рæстæгæй-рæстæг-
мæ, стæмхатт, хатгай.
Кæцыран—уый дæр цыраны хуызæн у
æмæ сæ дыууæйæн дæр ис иу нысаниуæг:
кæм; фæлæ ай цыма чысыл бæлвырддæр
У. Кæцыран æрхаудис дур? Агъæца, кæцы-
ран ис?
Комбаст — йæ ком бабæттыны очг дзаг
Комбаст голлаг.
Комыссад — æгæр цæхгæрмæ цы цыргъ-
аг сыссадтой, сцыргъ кодтой, уый. Фæрæт
аегæр комыссад у æмæ рæстмæ нæ хизы
хъæды.
Куадзæн — дины бæрæгбон ома комуа-
Дзæн: фесты-иу мархойы бонтæ æмæ-иу
адæм сæ ком суагътой, уыдис-иу фыдыз-
гъæл æмæ сойаг хæрыны бар; рагон уыр-
нынадмæ гæсгæ, Чырысти куадзæны сыс-
тад
Къадзони — кæдзсæр лæдзæг; лæдзæ-
джы къæдз сæр. Тедо йæ къадзони лæдзæ-
гæй дуар бахоста.
Къæссавæлдæхт фæуын — æвиппайды фæ-
ивын, фендæрхуызон уын. Бибойы хицауæй
куы’ сæвæрдтой, уыцы бонæй фæстæмæ
къæссавæлдæх фæцис.
Къæцæлсыдз — фæзæгъынц, чысыл ни-
цæмæй дæр тæргай чи зоны, ахæм адæй-
магæй. Ахæм къæцæлсыдз у, æмæ йæм
бынтондæр сдзырд нæй.
Къодахкъуыр — афтæ фæзмыдтой, хъæд
цæтъдгæйæ, бирæ ахотæ чи фæкодта æмæ
къодæхтæ чи фæкъахта, уыдон. Ацы фыды-
фырты байзæддаг къодахкъуыртæ уыдысты,
бирæ ахотæ фæцарæзтой, хохæй быдырмæ
куы ралыгъдысты цæрынмæ, уæд.
Къодхор — уый дæр путхоры хуызæн у„
кæд пут къодæй цалдæр хатты къаддæр уг
уæддæр: сæ дыууæ дæр бирæ хæраг амо-
нынц.
Къуызыппа — афтæ дзурынц, рæз чи нæ
схаста, ахæмæй, ома дæлæмæдзыд. Нæ кæ-
сут ацы къуызыппа, зæххæй уæлæмæ нæ
зыны æмæ стыртæм йæхи бары.
Къуымон — ай ног у, «аразгæ» дзырд у;
ома бæстæйы æрмæст искæцы къуымы цы
вæййы, ахæм. Зытъы къуымон дзырд у,
æрмæст æй Хуссар Иры иу къаннæг зылды
зонынц.
Къуыназ кæнын — стыр комдзаг кæнын,
стыр русæй хæрын.
Къуырццытæ кæнын — фæзæгъынц сы-
вæллонæй, дзидзийы фæстæ хæкъуырццытæ
куы фæкæны. уæд: æнæниз у, зæгъгæ,
йæ хæринаг ын тайы; ацы нысаны ма фæ-
дзурынц митæ кæнын дæр. Сабийæн тас нал
у къуырццьпæ кæнын райдыдта.
Къуырынцхы — сындзджын къутæр, дзых
кæмæй дæрзæг кæны, ахæм члауийы
хуызæн лыстæг тымбыл гагатимæ. Къуы-
рынцхыйы гагатæ æрæгвæззæг хæрзад
вæййынц
Кьуыххуытт кæнын — тынг х’уыфын. Уа-
зал дзы бацыд æмæ къуыххуытт кæны.
Лæбæтъа — тынг лæхъир, донласты хуы-
зæн Фæдзурынц ныллæбæтъа дæр.
Лæгау-лæг — кæуылты дзырд у! Ома
комбæсты аргъ лæг, æцæг лæг.
Лæпп-лæпп кæнын — фæдзырдæуы тынг
нард кæнæ фæлмæн истæмæй. Кæрдо фыр-
рæгъæдæй лæпп-лæпп кæны.
Лæпъа — тынг хуылыдз Сæ карк доны
ныххауд æмæ йæ уырдыгæй лæпъайæ слас-
тон, мардæй
Митæ кæнын — уый дæр къуырццытæ
кæнын у («цыдæртæ архайынæй» дард-
дæр). Сывæллон фенцой ис, митæ кæнын
дæр сфæрæзта.
Ныббæлæгъ кæнын — дæрзæг дзырд у:
ома ныххæлиу кæнын; арæхдæр вæййы
* дзых-имæ: ома дзьтх ныббæлæгъ кæнын.
Цæуыл кæуыс, дæ дзых цы ныббæлæгъ код-
тай? Иæ дзых иыббæлæгъ кодта æмæ алы-
выд калы.
Ныббиноныг кæнын — ныффидар кæнын
исты хъуыддаг бирæ рæстæгмæ. Æвр’онг-
дзинад ныббиноныг кæнын хъæуы æхсæна-
дон царды.
Ныббыдитт кæнын — уый дæр ныггом
кæнын у, фæлæ бирæ дæрзæгдæр кæй у,
уый руаджы йын стыр эмоцион тых ис.
75
Дуар ассон, цы йæ ныббыдитт кодтай ацы
уазалы
Ныббызырттæг уын — тынг адугъ кæ-
нын, лидзынмæ фæуын; арæхдæр æнахъом
кæнæ æвзонгæй фæдзурынц. Ам фалæмæ
ныббызырттæг ис.
Ныдздзæкъул уын — хæрд, кæнæ нозтæй
дзæкъулы хуызæн ныттыппыр уын. Хъыбы-
лы гуыбын хъарм сылыйæ ныдздзæкъул
ис.
Ныдздзода уын — ныхъхъæбæр уын,
ныссæлын (фæдзурынц митæй). Æхсæвы
рауазал кодта, æмæ сæлæф мит ныдздзода,
ныхъхъæбæр ис.
Ныдздзолонкъа кæнын — истæуыл, искæ-
уыл фехсын (лæдзæг кæнæ стыр лæдзæджы
хуызæн цæвæнгарз). Уырдæм ыл лæдзæг
ныдздзолонкъа кодта.
Нызгъæлæнтæ уын — ныцъцъæл уын, лыс-
тæг муртæ ныууын. Фæрсаджы авг рахауд
æмæ уынджы, асфалты хъæбæрыл, нызгъæ-
лæнтæ ис.
Ныззезелæг уын — ома фидар ныххæцын;
хуымæтæг стилы дзырдтæй у ай дæр æмæ
фидаугæ дæр уым кæны. Бибойы бирæгъты
хæринаг куыдз уазæджы фæччийыл ныззе-
зелæг æмæ йæ райваз-байваз кæны.
Ныййасаули уын—амоны ныттыххæйг уын,
фæлæ карз æмæ хуымæтæгдæр у. Чизоны,
гуырдзиаг асеули-йæ цæуы, ома сæдæ-
йы хистæр (гуырдз. аси «сæдæ» æмæ фæ-
сæфт.-ули). Хъалонтæ-иу ивгъуыд заман-
ты уый уыгъта æмæ-иу. æцæгдæр, ныт-
тыххæй уыдаид мæгуыр кусджытыл.
Ныллæпъа уын — тынг ныххуылыдз уын.
Кæрц къæвдамæ ферох æмæ ныллæпъа ис.
Ныллæцъирæг уын — уый дæр уый у,
æрмæст æй фæдзурынц, лæмарынæн чи
бæззы, ахæм дзаумайæ. Тæрккъæвда мæ
æрæййæфта, æмæ мæ дзаумæттæ ныллæ-
цъирæг сты.
Ныммидæг уын — ома дæлийæ искуы
февзæрын, æвиппайды ныххæццæ уын;
вæййы иннæ разæфтуантимæ дæр. Барджы-
тæ боны цъæхæй ныммидæг сты Чъребайы
базары.
Ныммырхын — тынг ныццæвын, уæззау
цæф ныккæнын; цæвыны мидисмæ не ’вза-
джы сæдæ дзырдæй фылдæр ис; ай уыдо-
нæй у. Иу ын ныммырхта хъилæй.
Ныппискъуылтæ кæнын (уын) — тынг
ныскъуыдтæ кæнын, лыстæг скъуыдтæ
ныккæнын; хуымæтæг дзырдтæй у, фæлæ
уыйхыгъд йæ эмоцион нысаниуæг стыр у.
Газет ныппискъуылтæ кæнын. Æнхъæлдæн
дзурынц дзыккутæ ныппискъуылтæ кæнын
дæр.
Нырруайын — тынг баруайын; дзырдуæт-
ты сты руайын æмæ баруайын, ай дæр
уыдонæй дæлдæр ницæмæй у, стæй йын
йæхи сæрмагонд бынат ис нæ ныхасы. Цæ-
хæра пецы ферох æмæ нырруадис.
Ныссæпъæн кæнын — ома тынг фæнæмын,
дзæбæх ныххойын.
Ныттыссæг уын — тынг нытътъæпæн уын
истæй уæзæй кæнæ æрцæвгæйæ. Халагъу-
дыл бирæ мит ныууарыд æмæ ныккалдис,
ныттыссæг ис.
Ныччитъеса кæнын — дзæбæх бафсадын
(гуыбын); Лæгау-лæгæй афтæ нæ фæзæ-
гъынц. Фынгыл йæхи ныччитъеса кодта
æмæ радымдта.
Ныччифын —- фæзæгъынц æй дзырд бон-
имæ: йæ бон ныччифæд. Мæнæ йæ бон
ныккалæд куыд у, афтæ. Уымæн цы у,
йæ бон ныччифæд!
Нычъерп уын — цæхгæр ныллæууын, нæ
разы кæнын, ныууоцаны уын; афтæ хæрæг
кæнæ сæгъ зоны, фæлæ хатгай адæймагыл
дæр рафидауы. Къæрттæй-цъулайæ дзы ни-
цы хауы, нычъерпп ис, нæ разы кæны.
Путхор — йæ мидис бæрæг у: пут æмæ
хæрын; æцæг ахæм адæймаг пут нæ хæры,
фæлæ уæддæр хæрынмæ рæвдз чи у, ахæ-
мы æвдисы.
Раджиз кæнын — рахъыг кæнын. разиан
кæнын у уый дæр. Сывæллонæн цыдæр ра-
джиз кодта, йæ гуыбын риссы.
Раджитъа кæнын — ракæсын истæй ау-
уонæй. Гæды нæм тæрхæджы бынæй ра-
джитъа кодта.
Райстбавæрд — æрмæст бæрæгбонты, стыр-
бонты кæй дарынц, ахæм æвæрд (дарæс).
Мæгуыр адæймагæн вæййы ахæм дарæс,
хъæзныгæн та йæ дарæс—иууылдæр райст-
бавæрды хуызæн.
Рацæй-рабон — ома куыдфæстагмæ, уа-
лынмæ. Рацæй-рабон æмæ Газан дæр
æрыздæхт йæ дард балцæн.
Сæбæкк — дыууæ нысаниуæджы йын ис:
1. тъæпæн (Къоппыл цалх атылд æмæ сæ-
бæккæй лæууы). 2. æнæбары конд кæр
дзын, æгуыдзæг сылгоймаджы армæй конд.
Сæ сыл æртæ æнæбары сæбæччы ракодта.
Сæкъæн — хус лукъатæ фындзы мидæг.
Сæлдæмбыд — миты, уазалы бирæ чи
баззайы æмæ бамбййы, сæвзæр вæййы
ахæм (фыдызгъæлæй фæдзурынц арæхдæр).
Сæлдыл — ома цалынмæ зæхх не стæфс-
тис, уæдмæ; цалынмæ салд у, уæдмæ. Ра-
гацау араст стæм, цæмæй сæлдыл бафты-
даиккам бынатмæ.
Сæрист — йæ сæртæ цы æхсырæн систой
кæнæ уыцы æхсырæй цы цыхт бацахстой,
уый. Сæрист цыхты сой нал вæййы.
Сæрмæсыдзтæй — хуысгæйæ иуæн йæ
сæр — иннæйы къæхты ’рдæм. Сывæллæт-
тæ фынæй кодтой сæрмæсыдзтæй.
Сæруæз — фæдзурынц уæрдоныласинаг
æгæр разейау æвæрд куы фæуа æмæ æф-
сондзыл (галты бæрзæйтыл) æгæр куы уæз
кæна, уæд. Уæрдон сæруæз у æмæ галтæ
тæригъæд сты.
Сæрхызт — искæй тыхсын кæнын чи нæ
уарзы, ахæм. Сæрхызт бинонтæ. Сæрхызт
адæймаг.
Сæрысуангæй — ома тæккæ райдианæй;
уæзбын дзырд у, фæлæ дзырдтæ афтæ æв-
заргæйæ не сты. Хъуыддаг сæрысуангæй
æмбæрстой чидæртæ æмæ рагацау сæхи
баауон кодтой.
Сбукъ уын — уæгъд нал уадзын, стых-
хæй уын искæуыл. Цы йыл сбукъ дæ,
ныхъхъуытты йæ кæн æмæ цæуæм.
Сгаз-газ кæнын — схъæртæ кæнын асу-
рыны, фæтæрсын кæныны тыххæй. Тедо
хуытыл сгаз-газ кодта æмæ сæ расырдта
цæхæрадонæй.
Сгудзел кæнын — ома сæккой кæнын,
фæлæ стилистикон æгъдауæй цыргъдæр у;
фæдзурынц æй, къаннæг исчи стыр уаргъ
куы сæккой кæны, уæд.
Сдæсны уын — иуæрдыгæй амоны дæсны-
фæрсæг, дæсны суын, иннæрдыгæй та —
исты дæсныйад, исты хъуы^даг хорз ба-
зонын. Хъæуыл айхъуыст хабар, Седанты
чындз, дам, сдæсны ис. Газан райдианы
машинæ скъæрын нае зыдта, фæдæ ныр
сдæсны ис.
76
Сдзæкъул кæнЫн — Дзæкъулау сæккой
кæнын.
Сипп — иунæгæй цыма ницыуал æвдисы;
Дæ сипп мыл адау, æз дын цы хъæуы,
уыдæттæ куынæ бакæнон.
Сиук — исты саджилæДжы сыкъа, къух.
Сагойы сиук.
Слами кæнын — ома ламийæ байдзаг кæ-
нын; ис ма слами уын дæр. Ивылд дон
слами кодта цæхæрадон.
Смæрддаг уын — нысан кæны «ссæуын»,
фæлæ дæрзæг дзырд у æмæ йæ фæзæ-
гъынц, кæй нæ фæуарзынц, .уымæй; вæй-
йы æндæр разæфтуантимæ дæр, фæлæ уы-
донимæ дæр уæздандæр нæу.
Ссадæхсид (задæхсид?) — афтæ хуыдтой
раздæр (цъус?) бæгæны, арæхдæр — ног
фыхæй, æнæфæрсыгъдæй. Иучысыл ссадæх-
сид афыхтон.
Стæ-ма! — ома фалдæр алæу, ма мæ
хъыг дар, ауадз мæ. Стæ-ма, æз æй æр-
фæрсон æмæ йын йæ бон базонын кæнон.
Сулæ-мулæ — фæдзурынц мæллæг, æнæуд
адæймагæй. Цæй чындзаг дзы ис, иу су-
лае-мулæ чызг у.
Супп-супп кæнын — æгæр бирæ архайын
исты куыстагыл. Кæдмæ супп-супп кæн-
дзынæ уыцы хуыинагыл, фæуынæн ын афон
нæма у?
Сусс! — ома басабыр у, ма хъæлæба кæн.
Суссут-ма мæнæ дзурæгмæ байхъусæм.
Сустæ ^— ома рæуджытæ; фæлæ рæу-
джытæ адæймагæн хуыйнынц, цæрæгойтæн,
арæхдæр фысæн — сустæ; æниу адæймагæй
дæр фæзæгъынц- йæ сустæ риссынц.
Сусутъа — тынг уынгæг, фæдзурынц ис-
ты пысулæй. Сусутъа хæдон.
Суфа — фæзæгъынц рог, фæлæ хæлар-
зæрдæ сылгоймагæй; афтæ ма фæхонынц
ахæм сылгоймагæн йæ митæ дæр.
Схурх кæнын — тынг стыхсын кæнын,
хъуырмæ скæнын. Иæ хъуыддаджы тых-
хæй мæ афтæ схурх кодта, æмæ фæли-
дзынмæ æрхъавыдтæн.
Схухулæг кæнын — суынгæг кæнын,
хъуырмæ скæнын; нæу æвзæрст дзырдтæй,
фæлæ сæрбахъуыды дуджы бабæздзæн.
Сцъуй кæнын — байсын, стонын, фелва-
гьтн. Иæ кард ын йæ къухæй сцъуй код-
той.
Сыдæй — ома æххормагæй, стонгæй. Нæ
холлæгтæ фесты, фос сыдæй мæлынц.
Сыкъуыда — фæдзурынц хыссæ, кас æмæ
æндæр ахæм истæмæй, æгæр сур куы фæ-
вæййьт, уæд; вæййы разæфтуантимæ дæр.
Цæй сыкъуыда у ацы хыссæ, тæнæг кæ-
нын куынæ комы.
Тай-тай кæнын — тынг хъæлæба кæнын,
загъд кæнын.
Таппызарты хай бауын — фæтæрсын æмæ
Дард кæдæмдæр фæлидзын.
Тæнкъæртт фæуын — афтæ ралгъитынц
заинаг цæрæгой кæнæ свæрджын сылгой-
маджы.
Тугомынты фæкæнын — тынг фæнæмын,
Уыргæфтыд фæкæнынæй ноджы карздæр у.
Тугтæригъæд — стыр тæригъæды аккаг,
æвгъауаг. Ацы хъуымац фехалын тугтæри-
гъæд у. Ацы зæхх фæстиатæн тугтæри-
гъæд у.
Тыхсæттæг — тых чи сæтты, кæмæй фæл-
ВДЦынц, ахæм. Айхуызæн тыхсæттæг æмæ
алиу лæппу никуыуал разындзæн.
Тъафæ^— ехсы кæроныл цы гæрзы гæп-
пæл
вæииы, уый; ехсы цъупп.
Тъурттæй — тæргай æмæ тыппырæй Абон-
дæргъы тъурттæй бады.
Тъыллупп — фæдзурынц, уæззау исты
доньь куы ныккуысси вæййы, уæд. Дур рас-
хъиудта уæлбылæй æмæ йæ тъыллупп до-
ны фæцыд.
Уæлбикъон — ахæмæн йæ бикъ æцæг
уæлдæр нæ вæй’йы инпæтæй; афтæ фæдзу-
рынц, йæхицæн æндæрты хъауджы уæлдай
хæрзиуджытæ чи фæдомы, ахæмæй. Ды
махæй уæлдай уæлбикъон дæ, кæдæм быр-
сыс нæ рæзты!
Уæлтæрхæг — æнæныгæд, уæлæуыл. Сæ
мард нырхмæ уæлтæрхæг куы ис, уæд сæ
уыдæттæ æрæндæвтой?
Уæрццаг фæуын — æнæхицау баззайын
æмæ адæмыл уаринаг фæуын.
Уыргæфтыд фæкæнын — тынг фæнæмын.
Уыртт-уыртт кæнын — фæдзырдæуы тынг
нард æмæ бæзджынтæ адæймаг кæнæ цæ-
рæгойæ. Сæ тохъыл хорз ныннард ис,
уыртт-уыртт кæны.
Фæныкдон — ома фæнычы дон; фыдæл-
тæ-иу фыхтой фæныкдоны æмæ-иу сапоны
бæсты уыцы донæй æхсадтой дзаумæттæ,
сæр... Уый тыххæй нæ, æмæ сапонæй хуыз-
дæр у, фæлæ сапон куынæ уа, уæд... Мæ
быдыргъытæ райсомæй ардæм фæныкдоны
удæст сты.
Фæччы — ома фидауы, ис гæнæп; арæх-
дæр нæ-имæ. Хуыцауæхсæв, дам, пирын
нæ фæччы.
Фæчъил уын — йæ сæйраг пысанæй дард-
дæр ма амоны: сразы уын, байхъусын,
коммæ бакæсын; арæхдæр æппæрццаг
хъуыдыйæдты вæййы. Бирæ йæм фæхаты-
дысты, фæлæгъзтæ йын кодтой, фæлæ нæ
фæчъил ис.
Фембырд уын — чысыл къордæй цыбыр
рæстæгмæ æрæмбырд уын. Лæппутæ иу-
цалдæрæй фембырд сты Биботæм.
Фенæг — бирæ чи федта æмæ зоны,
ахæм адæймаг. Ды фенæг лæг дæ, æмба-
рыс царды æууæлтæ æмæ нын исты ба-
цамондзынæ.
Фенддаг — йæ фенынмæ цымыдис кæмæн
кæнынц, ахæм; стыр феныны аккаг; тынг
рæсугъд, цымыдисон. Цас фенддаг у сæ
ног .чындз, цы йыл æмбырдтæ кæнут?
Фердæхт — фезмæлд, цырддзинад, сæрæн-
дзинад.
Фесхъис уын — фæдзурынц, истæмæй
схъис куы фæхицæн вæййы, уæд. Хъæд
йæ архыл# фесхъис фадгæ-фадын.
Хæлиудзых — афтæ зæгъынц æнæсæрæн,
æнæфердæхтæй. Хæлиудзых у, цæндыл
дур куынæ ссардзæн.
Хæнт — тынг, иттæг. Хæнт урс. Хæнт
сау.
Херынцъа кæнын — æнæхъола змæлд кæ-
нын бирæйæ; дыууæрдæм æмæ кæрæдзи
мидæг кæнын бирæйæ. Адæм херыцъа кæ-
нынц дыууæрдæм, чи — мидæмæ, чи —
æддæмæ.
Хурæмбæрæг фæуын —хурау бæрæг, ху-
рау æргом разынын. Хурæмбæрæг фæуæд,
чи йæ адавта, уый (ома къæрных).
Хурхауыгъдæй — ома ауыгъдæй, хурхæй;
арæхдæр æй карз æлгъысты фæдзурынц.
Хурхауыгъдæй æрцæуæд йæ мæлæт.
Хуызæнæн — аккаг, хи хуызæн, дæ хуы-
зæн Утæппæт цæрджыты ’хсæн иу хуы-
зæнæн адæймагыл куыднæ фембæлдтæ.'
Хуыцауысконд - тынг хорз, æнцондзард,
77
хæрзгъæдау, иуныхасæи, алцæмæи дæр
æнæлаз. Хуыцауысконд лæг.
Хъæдджичч — хонынц сæнтдзæф, хъæд-
даг, хæйрæджыты сайды.
Хъæрмуд — хæлар, æмуд. Цæрæнбонты
адджын æмæ хъæрмудæй базæронд сты
ацы ус æмæ лæг. Хъæрмуд бинонтæ сты.
Хъæтæф — тых, хъару, хъæппæрис. Хуы-
цау адæймаджы куы рафæлдыста, уæд ын
афтæ загъта: «Дæхи хъæтæфæй араздзыпæ
цард».
Хъембыр — зæронд, хæррæгъ; стыр мæс-
таг дзырд у. Ацы зæронд хъембыры ма та
цæй кафын æндавы.
Хъила — схъæл, хæрдмæ схъæл Хъила
сыкъа. Нæ хъила гал.
Хъуынцел — æнæфаст, пыхцыл. Дæ
хъуынцел сæр кæрдæнæй уæддæр абæтт.
Хъылдым (тæ) кæнын — зæрдæрайгæйæ
гæппытæгæнгæ радугъ-бадугъ кæнын; арæх-
дæр фæдзурынц æфсæст род, байраг, хъы-
был æмæ æндæр ахæмтæй. Дыууæ роды
æхсырæй бафсæстысты æмæ хъылдымтæ
кæнынц.
Хъылындзы — стæм дзырд у; ис Абайты
Вассойы «Уырыссаг-ирон дзырдуаты» æмæ
нысан кæны знæт.
Цæппитыртæ кæнын — уый дæр цух-мух-
тæ кæныны хуызæн у, фæлæ карздæр æмæ
хуымæтæгдæр. Арæхдæр нозты аххосæй
вæййы.
Цæрвæхсидæн — мæнæуы ссадæй кас
царвы доныл; Хуссар Иры йæ алыран дæр
зонынц.
Цæуæн — ахадæн, бæркадджын. Ацы
азы мæкъуылтæ цæуæн сты.
Цух — сычъийы дæркъ, ома цух у, æх-
хæст нæма байрæзт.
Цъарист — уый дæр сæристы хуызæн у.
Цъах-цъах кæнын — тынг хъæр — хъЗе-
лæба кæнын; тай-тай кæнын. Нæ сыхæгтæ
абондæргъы цъах-цъах кæнынц, сæ хъæ-
рæй бæстæ хæссынц.
Цъæхгæнаг — зайæгой; йæ тауинаг мæ-
нæуимæ куы схæццæ вæййы, уæд дзул
тарбын рауайы, фæлæ уыйхыгъд тынг
фæлмæн.
Цъен — цавæрдæр æлгъыст у. Дæ быны
цъен айхъуысæд, афтæ æлгъыстой иуæй-иу
устытæ.
Цъысс!—фæдзырдæуы, тынг кæмæй сфæл-
мæцынц, хъуырмæ кæмæй свæййынц, ахæм
адæймагæй. Айхуызæн æдзæсгом адæймаг
никуы федтон. Уанцон æри нæу! Цъысс!
Ме ’нæйном дæ хуыцау фæкæнæд!
Читт — фæдзурынц: читт дæр нæ кæны,
ома æрдумæ дæр нæ дары, хъуыды дæр нæ
кæны. Цас ын дзурынц, цас æй фæдзæх-
сынц, фæлæ читт дæр нæ кæны уыцы æгæ-
нон.
Чиха-миха — æнæбары, куыдфæндыйы,
æнæмæт; æцæг къуымон дзырд у, æвæццæ-
гæн. Чиха-миха куыстытæ. Чиха-миха ми-
тæ.
Чъыдзых — сидзæр сæныкк кæнæ уæ-
рыкк.
Чъырын — фæдзурынц чъырын арт, ома
стыр арт. Суг — бирæ, чъырын арт сыскъæ-
рдтам.
Ахæм дзырдтæ нæм бирæ ис. Се ппæт
фæнымайыны фадат кæм ис!
Журналкæсæг, чизоны зæгъа: Ау, адон
иуылдæр мæ зонгæ дзырдтæ куы сты! Иæ
заммана дæр уый мидæг ис: дзырдтæ алкæ-
мæн дæр зонгæ сты, фæлæ сæ æмдыхæй
иуранма* æрбамбырд кæнæм, уымæ нæ не
’вдæлы.
джиоты софья
А. В.. ЛУНЛЧЛРСКМЙЫ МЕТОАТÆ
ÆМÆ ФÆРÆЗТÆ
(Советон литературæйы фæдыл йæ уацтæм гæсгæ)
А. В. Луначарский уыд марксистон-ле-
нинон литературон критикæйы зынгæ ми-
нæвар. Эстетикæ, аивады теорийы фæдыл
йæ теоретикон куыстытæ, йæ бирæнымæц
критикон афæлгæстытæ, анализтæ, рецен-
зитæ æмæ уацтæ тынг фæахъаз сты сове-
тон литературæйы рæзтæн. Уыдон сты арф-
мидисджын, уæрæхæй æвдисынц эстетикæ-
йы бындурон проблемæтæ, сæ философон
хъуыды æмæ трактовкæйы сты цæстаха-
дæн. Йæ уацты, йæ литературон-критикон
раныхæсты уый кæддæриддæр хæцыд ли-
тературæ æмæ аивады фæзындты социо-
логон æмæ эстетикон æмиудзинады фарс.
«Йæ хуыздæр раныхæстæ, уацтæ æмæ
рецензитæ, — фыста К. Чуковский, — алы
хатт дæр мæн сæхимæ здæхтои сæ аивдзи-
надæй, (се ’ннæ зындгонд миниуджытæй
дарддæр), æз ма æгæрыстæмæй зæгъин:
сæ элегантондзинадæй дæр»1.
1917 азы А. В. Луначарский нысан æр-
цыдис Уæрæсейы рухсады Адæмон къами-
сарæй. Уыцы бынаты уый фæкуыста 1929
азмæ. Номхуындæй уыцы азты уый ныф-
фыста советон литературæйы рæзты фæ-
дыл бирæ уацтæ æмæ очерктæ, советон
фысджыты уацмысты æмбырдгæндтæ æмæ
хицæн чингуытæн разныхæстæ. Критик
арæх хайад иста æмæ-иу раныхас кодта
литературон изæрты, фембæлдтыты æмае
диспутты. Уыцы раныхæстæ æмæ доклæд-
К. Чуковский. Люди и книги. М. 1960. 575 стр.
78
тæ дæр ёацыдысты йæ литературон кри-
тикæмæ.
Луначарский йæ хъус тынг дардта со-
ветон литературæйы рæзтмæ. Иæ теорети-
кон уацты уый иудадзыгдæр размæ код-
та советон литературæйы иууыл ахсджи-
агдæр актуалон проблемæтæ.
Раст зæгъын хъæуы, критикы цæстæнгæ-
сты æмбæлдæуы рæдыд хъуыдытæ æмæ
уагæвæрдтыл. Уыдон та баст сты Советон
хицауады фыццаг азты футуристтæ æмæ
пролеткультимæ критикы ахастытимæ. Фæ-
лæ бындуронæй советон литературæ æмæ
пролетарон аивады рæзты фæдыл фарсты-
ты А. В. Луначарскийы позици уыд раст,
марксистон позици. Уый алыхатт дæр тыр-
ныдта литературæйы фарстыты фæдыл нæ
партийы, номхуындæй та УКП(б) ЦК-йы
1925 азы резолюцийы домæнтæ æмæ
амындтытæ пропагандæ кæнынмæ.
Йæ уацьг «Нырыккон литературæйы
фæндæгтæ» (1925 азы пролетарон фыс-
джыты Æппæтцæдисон конференцийы ра-
ныхасæй) критик дырыс æмæ- арæхстджы-
нæй æвдисы пролетарон аивады, стæй
фыссæгæн йæхи партиондзинады мидис.
Уый фæдыл уый фыста: «Алы фыссæг —
коммунист дæр хъуамæ зара коммунистты
хъæлæсæй, фæлæ уый хъуамæ уа, цард
кæм æхсида, ахæм ирд æмæ химæлвасæг
зарæг». (А В. Луначарский. Уацмысты
æмбырдгонд 8 томæй. II том, 279 ф. Дард-
дæр цитатты бынæттæ нысан цæудзысты
цифрæтæй).
Луначарский — критнкы стилы хицæндзи-
нæдтæ, йæ литературон критикæйы метод-
тæ æмæ фæрæзтыл бæстондæрæй дзырд
цæуы, уый советон литературæйы тыххæй
цы уацтæ ныффыста, уыдон æвзаргæйæ.
Луначарскийы уац «Цы фыссынц хъæ-
уы тыххæй»-йы бæстон анализ лæвæрд цæ-
уы Ф. Панферовы цыппартомон роман
«Бруски»-йы фыццаг хайæн. Уац фыццаг
хатт мыхуыр æрцыд газет «Правда»-йы
1928 азы 145-æм номыры. Критик романы
уæлдай тынгдæр нысан кæны авторы уæ-
рæх авнæлд, коллективон хæдзарад рай-
тынг кæныны дуджы хъæууон цард раст
равдисыны нывтæ, уацмысы мидисы хъæз-
дыгдзинад. Луначарский æрдзырдта аива-
дон формæ æмæ фæлгæнцты хызæгыл. Иæ
критикон анализ у æнцонæмбарæн æмæ
бирæхуызон. Ацы хъуыддагæн тынг фæ-
ахъаз сты дзырдтæйаразгæ фæлгæнцты
хъæздыг ахорæнтæ, стæй алыгъуызон сти-
листон фæрæзтæ, цæвиттон, бирæ бæттæг
Дзырдтæй, градацитæ æмæ анафорæтæй
пайда кæнын ын дæтты бæрæг-бæлвырд
ритмикæ, бæрæггæнæнтæ æмæ характери-
стикæтæ аразыны рæстдзæвиндзинад æмæ
архайд æвдисыны лаконизм къухы баф-
тьш кæныны фадат. Æрхæссæм ын иу цæ-
виттон йæ уацæч:
«Огневы хуызæн хъомысджын фигурæты
хуызы номхуындæй автор æвдисы, уыцы
фаэныкгъуыз æфсæйнагæй бæрæгбæрцæй
бахсидыны фæстæ кæй ис ахæм диссаджы
фндон райсæн. Огнев тох кæны хъæуы
мидæг коллективон райдианы идеяйы сæ-
РЫл. Уый у удуæлдай хъæбатыр, сфæл-
^стадон æгъдауæй курдиатджын, музук-
агау къæйных, зæрдæргъæвд, быхсаг, фæ-
мæ ма УЫДЫ иурæстæджы æвзыгъд у йæ
аст рахсидынмæ дæр. Уый у, махæн æцæг
хъæууон актив чи аразы, уыцы иууыл зы-
наргъдæр адæпмæгты экземпляртæй сæ иу.
Уый тох кæныны сæр бахъæуы, автор ит-
тæг арæхстджынæй цы сойджын мустъу-
чъитæ ныв кæны, канд уыдон ныхмæ нæ,
фæлæ ма зæхкусджыты æхсæнады «æнæ-
джелбетдзинады» ныхмæ дæр» (381 ф.).
Уац «Революцийы дæс азы дæргъы дæс
чиныджы» фыццаг хатт- мыхуыр æрцыд
1927 азы журнал «Смена»-йы фарастæм
номыры. Фыст æрцыд журналы редакци-
йæн дзуапп раттыны охыл. Критик йæ уа-
цы рахицæн кодта, 1917—1927 азты мых-
уыры чи фæзынд, советон литературæйы
уыцы зынгæдæр уацмыстæ- А. Серафимо-
вичы «Æфсæйнаг гуылфæн» («Железный
поток»),Д. Фурмановы «Чапаев», Ф. Глад-
ковы «Цемент», Л. Леоновы «Згъарджы-
тæ» («Барсуки»), Либединскийы «Къуы-
ри» («Неделя»), Л. Сейфуллинайы «Пере-
гной» æмæ «Виринея», Н. Асеевы «Цъæх
гусартæ» («Синие гусары»), С. Третьяко-
вы «Рыд матерный», Н. Тихоновы «Мах-
сымæ» («Брага») æмæ Э. Багрицкийы
«Опанасы зарæг» («Песня про Опанаса»).
Серафимовичы «Æфсæйнаг гуылфæн»,
Д. Фурмановы «Чапаев» æмæ Л. Сейфул-
линайы уацаутæн уацы аргъчындæуы иу-
мæйагæй, дæтты сын иумæйаг характери-
стикæ. Уыдон æвзаргæйæ, критик арæхст-
джынæй пайда кæны фæлгонцджын ^абар-
стытæ æмæ аив стилистон фæрæзтæй-эпи-
теттæ, метафорæтæ æмæ градацитæй. А. Се-
рафимовичы романы тыххæй фыссы:
«Мæнæн мæ бон нæ уыдис иу минут
дæр ацы тасæфтауæг героикон эпосæй мæ-
хи атонын. Ам æппæт дæр ис: æвзаджы
аивдзинад, зæрдæйыуаджы стихиондзинад,
арф коллективизм, сæйраг идеяйы фидар-
дзинад, æмæ ма уыдон фарсмæ ноджыдæр
ис диссаджы объективондзинад æмæ рæст-
дзинад. Ахæм миниуджытæ ацы уацмысы
ракодтой нæ революцион литературæйы
фыццаг рæнхъытæм, иумæйагæй сисгæйæ,
нæ уырыссаг лнтературæйы, стæй ма ду-
нейы литературæйы зындгонд бынатмæ»
(359 ф.).
А, Луначарскийы уац «Фыссæджы фæн-
даг» (1933 аз) ’ у А. Серафимовичы цард
æмæ сфæлдыстады фæдыл очерк. Конд у
4 сæргондæй. Фыццаг сæргонд фыст у ба-
цæуæн ныхасы хуызы. Уым бæрæг цæуы,
советон литературæйы ацы фыссæг цахæм
бынат ахсы, уый. Дыккаг сæргонды дзыр-
дæуы фыссæджы с’фæлдыстады райдиан
æмæ йæ дунембарынады сырæзтыл. Æр-
тыккаг сæргонды дзырд цæуы Серафимо-
вичы стыр ’курдиаты тыххæй, цыппæрæм
сæргонды та бæрæг цæуынц фыссæг-ныв-
гæнæджы методтæ æмæ аивадон фæрæз-
тæ.
А. Луначарскийы критикон афæлгæст у
фæлгонцджын хъуыдыуæттæй конд. Цæ-
виттон, дæлдæрæрхæсгæ метафорæты фæр-
цы цæстытыл ауайынц Серафимовичы æн-
дæр роман «Горæт тыгъдбыдыры»-йы («Го-
род в степи») мидисы хицæндзинæдтæ.
«Уый у Бальзакы аккаг роман. Нæ ра-
зы ис, æфсæнвæндаджы цур фæзынгæ,
америкæйагау тагъдрæзгæ горæты иттæг
стыр органйзм. Афтæ, æмæ ивы канд йæ
фæлгонц нæ. фæлæ ма ивынц йæ цæрджы-
79
ты характер æмæ уыдон æмахастытæ
дæр» (531 ф.).
Уац «Æнæ тенденцитæй» фыццаг хатт
мыхуыр æрцыд 1925 азы газет «Изве-
стия»-йы. Ам автор дзуры фыссæг-нывгæ-
нæджы курдиат æмæ дунембарынады проб-
лемæтыл. Уацы критикон анализ æввахс
лæууы аивадон’ сфæлдыстадмæ. Уый фа-
дат ын дæттынц дзырдтæйарæзт фæлгæнц-
тæ æмæ стилистон фæрæзты бирæхуызон-
дзинад, стæй ма фыссæджы уацмысы рав-
зæрсты манерæ дæр. Ам крнтик æвзары
Яковлевы уацмыстæ. Йæ радзырдты ми-
дис радзурыны фабула лæвæрд цæуы æм-
бæхст иронион хъæлæсыуагæй. Ахæм иро-
ни, сæйраджыдæр, здæхт цæуы йæ сæй-
раг хъайтартæ — Петя Андронов (радзырд
«Хъайтарты тыххæй») æмæ Улановмæ (ра-
дзырд «Куыд сидтæуы») («Как аукает-
ся»). Уацмысты стилы æнцонæмбарын-
дзинад баст у, йæ композицимæ йын чи-
ныгкæсæджы, стæй автор Яковлевæн йæ-
хи ныхас-полемикæ кæй бахастæуыд, уыцы
методимæ» (294—295 ф.).
Поэтикон фæлгæнцтæ бæрæг дарынц се
’нæнхъæлæджы æмæ арф кæрæдзимæ æм-
ных кæнынæй, æвдисынц критикы æвза-
джы культурæйы тых, критик-хъуыдыгæ-
нæджы стыр курдиат.
«Æвæлмастдзинад æмæ æнцад бадын,
цахæмфæнды фæлтæрд хуызы ма фæзы-
ной, уæддæр махæн сты фыд-зæронддзи-
над, фын æмæ декадансы миниуджытæ.
Знæт арæзтадон дуджы та фыццаг план-
мæ размæгонд цæуынц бынтон æндæртæ.
Ацы дугты нывгæнæг поэт кæнæ хуызныв-
гæнæг свæййы уый тыххæй, æмæ уый йе
’мбæстæгтæй вæййы, æнкъарагдæр, уымæн
æмæ уый хъуыды кæны хуыздæр æмæ арф-
дæр, уымæн æмæ уый æнкъары фырцин-
дзинад æмæ фырхъизæмарад. Ахæм дуг-
ты нывгæнæг у дзыллæты хъуыдывдисæг
æмæ уыимæ уыдоны ахуыргæнæг æмæ
къухдариуæггæнæг». (293 ф.).
«Æвзæр у уыцы фыссæг, дунемæ йæ
цæхæр æппарын йæ бон кæмæн нæу, уый
мах æнкъарæнтæ чи ’ндавы, ахæм цард-
æгас фæлгæнцтæ чи фестын кæна; æвзæр
у, цард нæ, фæлæ кулæктæ чи фæлдисы
æмæ сæ хæдаразгæ æхцонхалæн ребусти-
мæ чи æмиу кæны, ахæм фыссæг». (297 ф.).
Ацы цыбыр скъуыддзæгты абарстытæ
æмæ метафорæтæ критикон анализ, эсте-
тикон бæрæггæнæнтæ æмæ домæнтæм баф-
тауынц фæлгонцджын элемент, анафорæ
æмæ градациты фæрæзтæ та ритмикæйæн
раттынц æндыгъддзинад, ораторон инто-
нацитæ æмæ бæрæг зæлон тых. Яковлевæн
йæхи аивадон методы хицæндзинæдтæ бæ-
рæг кæныны хъуыддаджы критикон ана-
лиз цасдæр бæрцæй фæцæрдгъуыздæр вæй-
йы абарстыты амалы руаджы: «уый нæу
æвæлмаст нывгæнæг, уый нæу, нæ разы
дзырдтæй чи хъазы, ахæм фокустæара-
зæг — жанрист. Уый нын йæхи не ’вдисы,
æцæгдзинад зæрдæаивæй чи ’мбары, ахæ-
мæй. Уый у хъуыдыджын, æмæ æгæрстæ-
мæй цардмæ æрхæндæг хъусдарæг»
(294 ф.).
Стыр нæу, А. Луначарски Д. Фурма-
новы роман «Чапаев»-ы р’азныхасæн цы
уац ныффыста, уый (1926 аз).
Уым арæзт цæуы абаргæ, растдæр зæ-
гъгæйæ та, параллелон анализ А. Серафи-
мович æмæ Д. Фурмановы романтæ «Æф-
сæйнаг гуылфæн» æмæ «Чапаев»-æн. Кри-
тик стыр аргъ кæны дыууæ романæн дæр,
бафиппайдта сæ советон эпосы ирд хуы-
зæгтæ. Критикон фыстæгæн цæрдхъомдзи-
над, хъæздыг ахорæнтæ дæттынц дзырд-
тæйаразгæ поэтикон фæлгæнцтæ, метафо-
рæтæ æмæ’ эпитеттæ: «Уымæн йæ зæрдæмæ
цæуы Чапаев йæ зæрдæскъæф миниуджы-
тимæ, фæлæ уый цыдæр æгъдауæй тагъд
кæны йæхи æмæ æндæрты тыххæй анали-
тикон кардæй уымæн йæ гуырыконд ныл-
лыгтæ кæнынмæ, цы гæнæн ис, уымæй ды-
рысдæрæй йæ цухдзинæдты тыххæй йæхи-
цæн хыгъд раттынмæ. Архайы уыдонæн
практикон æгъдауæй сæ архайды хъомыс
байсыныл. Уый ма тырны, социалон æгъ-
дауæй æнæхъæн чи у, уыцы фæтæгты
фæзындæн йæхи рауæнгтæ кæнынмæ. Уый
иттæг дырысæй зоны тыхты революцион
æмахастыты иуМæйаг уæфты ахæм фæзын-
ды бынат» (276 ф.).
А. Луначарскийы уац «Иосиф Уткин»-ы
(фыст æрцыд йæ фыццаг чиныг мыхуы-
рæй кæй рацыд, уый фæдыл) лæвæрд цæ-
уы фыссæджы поэтикон фæлгæнцты бино-
ныгдæр анализ. Уацы фыццаг хайы кри-
тик дзуры поэты дунембарынады тыххæй.
Дарддæр анализ аразы йæ зындгонд æм-
дзæвгæтæ. «Гитарæ», «Мады зарæг», «Кан-
целяристкæ» æмæ «Æмдзæвгæ рæсугъд
сылгоймагыл»-æн. Уац фыст у эмоцион
хъæлдзæг зæрдæйыхаттæй. Уыцы хъуыдда-
гæн ахъаз кæнынц социалистон реализмы
фæрæзтæ æмæ алыгъуызон фæлгонцджын
дзырдтæ æмæ хъуыдыты хъæздыгдзинад.
Уацы автор арæх пайда кæны метафорæ
æмæ метафорон эпитеттæй: «Махмæ ко-
лоссалон бынат æрцахста ахуырад, уый
йæхимæ цъиры зонадон æмæ техникон
культурæйы æппæт фадгуытæ дæр» (348 ф.).
Æмæ дарддæр:
«Кæй зæгъын æй хъæуы, мах цасдæр
бæрцæй аразæм нæхи сæрмагонд культу-
рæ. Уый, æвæццæгæн, æмхуызон дард уы-
дзæнис, Леф (4) мах баввахсдæр кæнын-
мæ кæмæ хъавы, уыцы хæдаразгæ инду-
стриализацион бæгънæгдзинадæй, цæрæг-
джын уазæгдæтты рыгæйдзаг базтæ-сал-
феткæйон комфортæй» (349 ф.).
Уац «Ильф æмæ Петров» фыццаг хатт
мыхуыр æрцыд журнал «30 дней»-йы 1931
азы ахæм фиппаинæгтимæ «Æмб. А. Лу-
начарскийы уац у И. Ильф æмæ Е. Пет-
ровы чиныджы америкæйаг рауагъды раз-
ныхас». Луначарский кæддæриддæр цымы-
дис кодта сатирикон жанры характер æмэе
хæдхуыздзинæдтæм. Уый сæрмагондæй са-
хуыр кодта ацы жанр, йæ хъус дардта
советон сатирæйы рæзтмæ. Стыр æхсыз-
гон ын уыд курдиатджын сатириктæ
И. Ильф æмæ Е. Петровы фæзынд, ка-
стис сæм арфæйаджы цæстæй. Раст у,
критик йæ хъуыдытæ загъта, Остап Бен-
деры фæлгонцы гæдыгæнæг фæрæзтæ фаг
кæй нæй, уый фæдыл. Уацы бирæ теоре-
тикон фарстытæ ис. Уым фарст æвæрдæ-
уы советон æцæгдзинад æвдисыны хъуыд-
даджы сатирæйы роль, бынат æмæ ныса-
ниуæджы фæдыл, худыны хуызтæ, юмор
æмæ юмористикæйы хийæдты тыххэеи.
Уац фыст æрцыд критикон-сатирикон очер-
кы хуызы, хицæн кæны йæ дзырдаивадо**
80
тыхæй, зæрдылдаринаг поэтикон фæлгонц-
джын хъуыдытæй, метафорон абарстытæй:
«Гæнæн ис, æмæ худт уа иттæг серьезон,
уымæн æмæ хъæлдзæгдзинад уыцыиу рæ-
стæджы дзæнгæлтæ дæр фæкæны. Уый, чи
худы, уымæн дæтты уырнындзинады - æн-
къарынад, æмæ, кæуыл худы, уый та хъæ-
стæ кæны иууыл карздæр маргæй. Æнæ-
хъуаджы нæ дзурынц францæгтæ, зæгъгæ,
дам, худын у искæй амарын. Мольер фы-
ста хъæлдзæг комедитæ, Вольтер та —
тынг хъæлдзæг уацаутæ æмæ радзырдтæ,
фæлæ сæ дыууæ дæр уыдысты тынг серье-
зон адæймæгтæ, Мольер ма уыд, æгæр-
стæмæй, æрхæндæг адæймаг дæр» (520 ф.).
Уац «Цард æмæ мæлæт» фыст æрцыд
В. В. Маяковскийы цард æмæ сфæлдыста-
ды фæдыл. Ныммыхуыр æй кодта газет
«Комсомольская правда»-йы (1930 аз). Ам
критик райдианы йæ сæйраг хъусдард аз-
дæхта проблемæ «Маяковский æмæ йæ
цард», стæй та — «Маяковский æмæ мæ-
лæт»-мæ. Уацы фыццаг хайы дзырдæуы поэ-
ты цардбæлондзинад æмæ йе сфæлдыста-
ды хæстон оптимизмыл. Критик бæстонæй
æрдзырдта стыр поэты лирикон райдиан
æмæ йе сфæлдыстады гуманистон фæды-
здæхтыл. Уацы дыккаг хайы критик ба-
цархайдта, поэты трагикон мæлæтмæ цы
социалистон æмæ хисæрмагонд аххосæгтæ
æркодтой, уыдон раргом кæныныл. Иæ
биноныг анализы бирæ ис дунеон æх’сæна-
дон хъуыды æмæ литературæйы историйы
æрхæсгæ факттæ æмæ аналогитæ. Уац
фæуд кæны ныфсджын æмæ хъæлдзæг то-
ныл — Маяковскийы «Тæ’ссаг хæцæнгарзы»
хъаруйыл æууæндыныл. Уац фыст æрцы-
дис дзыхæйдзургæ ораторон манерæйы
бындурыл. Бирæ дзы ис_ поэтикон фæрæз-
тæ æмæ стилистикон абарстытæ.
Алыгъуызон абарстыты руаджы крити-
кы къухы бафтыд Маяковскийы удыхъæ-
ды æмæ стыр курдиаты характерондæр ми-
ниуджытæ чиныгкæсджытæм фæхæццæ кæ-
нын. Стыр поэтыл дзургæйæ, уый фыссы:
«Маяковскийы царды цахæм æгæрон
къæртт уыд, уый нæ бацыдаид революци-
йы агъоммæйы буржуазон-дворянон царды-
уаджы, культурæ æмæ литературæйы»
(478 ф.).
В. Маяковскийы поэзийы ритмæн ди-
намикондзинад æмæ тырнынад дæттынц
стилистон фæрæзтæ: лексикон анафорæ,
градаци æмæ бæттæг дзырдты парахат-
дзинад:
«Иттæг æнкъарынад, стыр мид-змæль;-
над, егъау монц æмæ стыр уæздандзинад
— уыдон дæр сты хæдхуыз тыхтæ, æрмæст
сты, лæмæгъдзинад кæм æмбæхсы, ахæм
тыхтæ» (479 ф.).
Критикы дыккаг уац «В. Маяковский —
новатор» фыццаг хатт мыхуыр æрцыд
1931 азы журнал «Литература и искус-
ство»-йы. Уым нын автор уынын кæны
пролетариатмæ Маяковскийы фæндаг. Ана-
лиз дзы арæзтæуы ахæм фарстытæн: «Мая-
ковский æмæ революци», «Маяковский æмæ
пролетариат». А. Луначарский йæ сæйраг
хъусдард аздæхта стыр советон поэты
сфæлдыстады бындурон мотивтæм, номхуын-
дæй та — йæ аивадон формæмæ, æвзары
йын йæ поэзийы тематикæ, бæрæг ын кæ-
ны йæ лексикæ, ритм æмæ рифмæйы ха-
рактерондæр æууæлтæ.
Йæ поэзийæн ын анализ аразы, сæйра-
джыдæр, полемикæйы хуызы. Критик ра-
лæууыдис, афтæ чи бæлвырд кодта, зæгъ-
гæ, Маяковский æппæт дæр ныллæг кæ-
ны, йæ темæ дæр, йæ ритм æмæ йæ риф-
мæ дæр, уыцы иртасджыты ныхмæ (цæ-
виттон, Г. А. Шенгелийы ныхмæ).
Луначарский фæбыцæу ахæм хатдзæг-
тимæ æмæ бæлвырд кæны ныхмæвæрд
хъуыды — тезис уый фæдыл, зæгъгæ, Мая-
Ковскийы поэзи у хæрзаив, ома, новато-
рон. Маяковскийы поэзийы уый федта ног
модель, æппынæдзухæй ног формæтæ агу-
рын, куыд лексикæйы, афтæ ритмикæ, те-
матикæ æмæ фæлгонцджын структурæйы.
Уац фыст у ораторон манерæйæ, йем-
дзаг у нывæфтыдон фæлгонцджын эле-
менттæй. Критик арæх пайда кæны поэты
уацмысты тексттæй. Уый цæвиттонæн хæс-
сы поэмæ «Æппæт хъæлæсæй», æмдзæвгæ
«Бæхмæ хорз ахаст дарын» æмæ æнд.
Кæронбæттæны критик адæймагады
хъуыдыйы историйы поэты нысан бæр’æг
кæны мæнæ афтæ: «Маяковский у револю-
ционер, уый равдисдзæнис адæймагады ис-
торийы иууыл стырдæр дуг» (499 ф.).
Уацы стиль у динамикон. Хъæздыг’ æмæ
алыгъуызон у нывæфтыдон-сурæтгæнæн хы-
зæг. Уыдон критикон анализæн дæттынц
аргумантацион тых, экспрессивондзинад
æмæ тематикон хъæлæсыуаг:
«Горæт уæм дардæй æрвгъуыз асæст
кæнæ иттæг стыр электрон æхсидау куыд
фæзыны, фæлæ уынгтæ, хæдзæрттæ æмæ
уæлдайдæр та адæмы куыднæ уынат, аф-
тæ Маяковский дæр социализмы горæтмæ,
революцийы горæтмæ цыдис цахæмдæр
фæндагыл, федта йæ, салам ын радта æмæ
йæ афтæ афыста, фæлæ йын йæ цъынатыл
нæ фæрацу-бацу кодта» (490—491 ф.).
А. Луначарскийы уац «Революцийы по-
эт» (1931 аз) гуырахстæй чысыл у, фæлæ
у арфмидисджын. Уый фыст æрцыдйс
Маяковскийы аивадон новатордзинадыл —
йæ ритмикæ, метрикæ æмæ йе сфæлдыста-
ды революцион пафосы фæдыл, фыст у
ораторон стилæй. Автор дзы йе ’ргом зда-
хы хъусджытæм, уæрæх аудиторимæ. Уа-
цы æмбæлдæуы фæлгонцджын дзырдтыл —
эпитеттæ, метафорæтæ æмæ æндæр ныв-
æфтыдон абарстытыл. Уыдон критикон
анализæн дæттынц бæрæг-бæлвырд стили-
стон фæдыздæхт. Æрхæссæм дзы цæвит-
тон:
«Маяковский нын радта, не ’цæг ныхас
— дискуссион ныхас, дзыхæйдзургæ ныхас,
уæлдайдæр та ораторон ныхас кæм разын-
дис^ ахæм æмдзæвгæйон формæ. Ритмы,
йе ’мдзæвгæты æмзæлдты хуызы хъуысы
стыр горæты гуыбар-гыбур, интенсивон
кондады иттæг стыр хъæрахст» (484 ф.).
Уац «Литературон азы» (1929) лæвæрд
цæуы 1929 азы хуыздæр уацмыстæн цы-
быр афæлгæст. Уæлдай тынгдæр дзы хи-
цæн кæны М. Шолоховы роман «Сабыр
дон» (мыхуыр дзы æрцыд фыццаг том),
Ф. Панферовы роман «Амадхъæдтæ»
(«Бруски»), Бахметевы роман «Мартины
фыдракæнд», А. Веселийы «Тугæхсад Уæ-
рæсе» («Россия, кровью умытая»), К- Фе-
дины «Æфсымæртæ», Н. Асаевы «Семен
Проскаков», Э. Багрицкийы «Опанасыл
хъуыды» («Дума про Опанаса»), Б. Пас-
6. Жур. «Фидиуæг» № 12
81
Тернакы «1905 аз», А. Караваевайы «Хъæд-
фадæн завод» æмæ æнд.
Уац фыст у хъæлдзæг æмæ арфæйаг
хъæлæсыуагæй. Критик иттæг сæрыстыр у
пролетариаты лнтературæйы æнтыстытлей
Метафорон хуызы фæлгъуыд цæуы
М. Шолоховы эпопея «Сабыр Дон»-ы сæй-
раг темæ. «Нырмæ нæ разы лæууыд сыр-
дон «Сабыр Дон» йæ цардыуаджы æппæт
ирд æууæлтимæ, иттæг хъæзныгæй, бæгъа-
тырты тугæй ахуырст нæ уыд, афтæмæй..
Мæнмæ гæсгæ нын Шолохов ныр нæ ра-
зы гом кæны ахæм ныв, зæгъгæ, уый Са-
быр Дон нæу, фæлæ у æхсидгæ æмæ
знæт, адæймагадон тыхтæй æгæрон хъæз-
дыг. Афтæ зындис уый, классон тохы хъо-
мысджын организацигæнæг тыхтæ йæм
куы бахастæуыд, уæд» (408 ф.).
Б Пастернакы поэмæ «1905 аз» крити-
кы ныхæстæм гæсгæ у, нæ литературæйы
революцийы тыххæй фыст чи æрцыд, уы-
цы иууыл уæздандæр, иууыл нывæфтыд-
дæр иууыл зæрдæмæдзæугæдæр поэмæ-
тæй сæ иу (410 ф.)- Уац «Нæ литерату-
рæйы æмæ драматургийы фарстытæ»
(1924) у 1924 азы 26-æм маиы Мæскуы-
йы Чысы’л театры диспуты Луначарскийы
бацæуæн æмæ кæронбæттæн ныхæсты
текст Уацы дзырдæуы алыгъуызон литера-
турон къордтæ: футуристтæ, серапиононтæ,
лефовонтæ æмæ æндæртыл.
Автор нын уынын кæны, уыцы литерату-
рон фæдыздæхтыты ныхмæдзыдтæ, про-
летарон литературæйы рæзт æмæ фæн-
дæгтæ. Уым æвæрд цæуы ног советон дра-
матурги æмæ театры хæсты тыххæй фыст,
быцæутыл амад. Конкретон дзуаппытæ
дзы лæвæрд цæуы диспуты ныхасырацæ-
уæг æмбæлтты фарстытæн. Советон лите-
ратурæйы фæдыл А. В. Луначарскийы уац-
тæ сахуыр кæнгæйæ æмæ сын анализ са-
разгæйæ, гæнæн ис æмæ саразæм ахæм
хатдзæгтæ.
Луначарский иттæг хорз зыдта крити-
кон анализы æппæт фæрæзтæ æмæ хъæз-
дыгдзинæдтæ. Иæ критикон анализы хуыз-
тæ- æмæ методтæ сты алыгъуызон æмæ
цæстæвæрæн. Уый рецензи кæмæн лæвæрд-
та, уыцы уацмыстæн арæх радзуры сæ
хъуыды, текстæй æрхæссы цитаттæ, сара-
зы сын комментаритæ. Арæх йæ уацты
бакæны диалог чиныгкæсæгимæ, аудитори-
имæ. Йæ фæлгæнцты хызæг, йæ дзырдтæй-
арæзт фæлгæцтæ, сты хъæздыг, нуарджын,
оригиналон, ахъаз кæнынц бæрæг-бæлвырд
стилистон амæлттæ æмæ фездæхæнтæ фæ-
ирддæр кæнынæн
Фæлгонцджын дзырдтæ æмæ абарстытæ
Луначарскнйы критикон уацмыстæн дæт-
тынц аивдзинад, фæконкретондæр ын кæ-
нынц йæ хъуыдытæ æмæ йæ хатдзæгтæ,
саразынц бæрæг нывафыст, цæстуынгæ ас-
социацитæ, стæй ма зæлон æмæ хъусæн
æнкъарæнтæ, æвдисынц гæдыгæнæг сати-
рикон интонацитæ.
Критикы æндæр куыстытимæ абаргæйæ,
(уырыссаг классикон литературæ, хурны-
гуылæн-европæйаг литературæ, XX æнусы
уырыссаг литературæйы тыххæй уацтæ)
советон литературæйы фæдыл А. Луначар-
скийы уацтæ хицæн кæнынц се стыр аха-
дындзинад, сæ хæстон бархъомыс æмæ сæ
ораторон интонацитæй.
Критик-трибун, критик-оратор йæ раны-
хæсты арæх дзуры чиныгкæсæгимæ, уæ-
рæх æмæ стыр аудиториимæ. Уый иу-
дадзыгдæр архайы йæ сæйрагдæр теоре-
тикон уагæвæрдтæ, хатдзæгтæ, тезистæ
æмæ характеристикæтæ адæммæ, хъус-
джытæм фæхæццæ кæныныл, уыдонæн сæ
бамбарын кæныныл. Уый та йæ къухы’
бафты литератур’он критикæ, критикон
анализы методтæ æмæ фæрæзтæ иттæг
хорз кæй зоны, уый фæрцы. Советон ли-
тературæйы фæдыл цы уацтæ ныффыста,
уыдон сæйраг цæстæвæрæн миниуджытæ
сты литературон критикон хъуыдытæ ды-
рысæй æмæ цыбырдæрæй ранывæндын, сæ
эмоцион тых, экспресси æмæ сæ полеми-
кон знæтдзинад.
А. Луначарскийы стиль у динамикон,
тасгæ-æлвасгæ, йæ критикон ныхасы рит-
микæ арæх вæййы æндыгъд.
л^Ж^
ТУГЪАНТЫ ЕНВЕР
ЭРЫСТАУТЫ ГАЛУАН ЛЕНИНГОРЫ
Гуырдзыстоны ССР-йы культурæйы ми-
нистрад реставрацион куыстытæ кæны Ле-
нингоры Эрыстауты галуан сæндидзын кæ-
ныны сæраппонд. Хъыгагæн, ирон дзыллæ-
йад ницы уабæрæг хъусдард здахы ацы
хъуыддагмæ. Афтæмæй та Гуырдзыстоны
азфыстытæй дæр æмæ ирон фольклоры
дæр ирдæй зыны Сидæмонты — Эрыстау-
ты мыггаг Цæгат Ирыстонæй рацæугæ
кæй сты, уый. Уыдон XII æнусы, тæтæр-
монголты æрбабырсты рæстæджы, рафты-
дысты Гуырдзыстонмæ. Гуырдзыстоны пад-
дзæхтæ Сидæмоны мыггагыл сæхимæ æр-
хæцыдысты æмæ сын радтой цæрæн бы-
натæн уæды Туалты бæстæ. Скодтой сæ
ацы бæстæйы Эрыстаутæ.
Æвæццæгæн, Сидæмонтæ — Эрыстаутæ
сæ зæрдыл хорзæй дардтой, уыдонæн сæ
мыггаджы равзæрд ирон кæй у, уый. Зæ-
гъæм: Григол Орбелианийы биографийы
(мыхуыр уыд 1949 азы «Заря Востока»-йы
газеты) дзырдæуы, зæгъгæ, Григол Орбе-
лиани 1830 азы ахст куы æрцыди, куыд
Гуырдзыстоны уæздæтты сусæг бадзырд-
82
фыдвæнды хайадисæг, афтæ, уæд фарстæйы
рæстæджы, куыд æндæр гуырдзиаг афи-
цертæ, афтæ уый дæр радзырдта, уыдон
сæ сусæг æмбырдтæ кæй арæзтой Эрыста-
уы хæдзары æмæ сын Георги Эрыстау йæ
ирон поэмæ «Зара» гуырдзиаг æвзагыл
кæй кастис уым. Поэмæ цалдæр хатты
уыдис мыхуыры. Ирон æвзагмæ йæ ратæл-
мац кодта поэт Асаты Реуаз.
Ацы къаннæг поэмæ фыст у Ирыстоны
рагфыдæлтыл. Поэмæ кæсгæйæ, чиныгкæ-
сæг æнцонæй рахатдзæн, йæ автор Георги
Сидæмон-Эристау тынг лæмбынæг æмæ
арф кæй зыдта ирæтты цардуаг, сæ фоль-
клор, æвзаг æмæ психологй. Фæлæ, хъы-
гагæн, поэмæ «Зара» ирон чиныгкæсæгæн
абоны онг дæр æххæст зындгонд нæма у.
Ирон историктæ æмæ литературæведтæ
хъуамæ бацархайой ууыл, цæмæй æппæт-
фарсонæй сахуыр кæной Георгй Эристауы
сфæлдыстад æмæ йæ поэмæ та бынат сса-
ра ирон литературæйы историйы.
Ивгъуыд æнусы æмбисы Фæскавказмæ
балцы æрцыд зындгонд немыцаг бæлццон
барон Август Гакстгаузен. Германмæ
æрыздæхгæйæ, уый уым ’рауагъта чиныг
«Фæскавказ, Сау денджыз æмæ Хъаспы
денджызы ’хсæн цæрæг адæмты бинонты
æмæ æхсæнадон царды æмахастыты фæ-
дыл фыстытæ».
Ацы чиныг уайтагъд тæлмац æрцыд уы- (
рыссаг æвзагмæ æмæ 1857 азы мыхуыры
рацыд Бетырбухы.
Чиныджы II хайы 12 сæры Гакстгаузен
фыссы Ирыстонмæ, Чысангоммæ йæ бал-
цы тыххæй.
1-æм сентябры Гакстгаузен рацыд Ду-
шетæй Эрыстауты мыггагæй ахæм æры-
гон афицеримæ (йæ номæй йæ нæ дзу-
ры) æмæ бæхтыл æрзылдысты иу-цал-
дæр ирон хъæуыл. Гакстгаузен ам лы-
стæггай фыссы ирон хъæуты, хæдзæртты,
кæрты æддаг арæзтыл. Нынныв кодта
ирон астæуарт — къона, хæдзарон лыстæг
мигæнæнтæ, хæдзарон дзаумæтты, хæри-
наггæнæн дзаумæттæ æмæ а. д.
Ацы дзаумæттæй алкæмæн дæр сæ
нæмттæ ныффыста иронау. Уымæ * цууыл
диссагдæр фæкастис, ирæттæм кæй уыдис,
æмæ кæй бадтысты бандæттыл, кæй бад-
тысты фынджы фарсмæ, кæй фынæй код-
той~ сынтæджытыл европæйаг адæмтау.
Диссаг ма йæм фæкасти ирон бæгæны,
ирон фынгæн характерон зарджытæ. Ацы
зарджыты тексттæ ныффыста цыбыртæй.
Æвæц’цæгæн адон, æмæ ма мардæн бæх-
фæлдисыны æгъдау дæр уый ныффыстаид
йе ’мбæлццон Эрыстауы æххуысæй.
Цымыдисон сты, ирæттæм цы æртæкъæп-
хæнон тæрхондон уыд, ирон чындзæхсæв,
«Цоппай», æмæ «Хуыцауы тæрхоны» афы-
стытæ дæр.
Фыст ма йæм у ирон нымады системæ
дæр, фæлæ у рæдыдтытимæ фыст. Гæнæн
ис æмæ уыцы рæдыдтытæ уагъд æрцыды-
сты йæ куысты, немыцаг æвзагæй уырыссаг
æвзагмæ тæлмац кæныны рæстæджы. -
Эрыстауты афицер (Гакстгаузены æм-
бæлццон-æххуысгæнæг) зыдта, йæ мыггаг
йæ равзæрдмæ гæсгæ ирон кæй у, уый.
Уый тыххæй уый радзырдта Гакстгаузе-
нæн.
Бæлццон Гакстгаузен къуырийы бæрц
йедтæмæ нæ фæцис Чысангомы, фæлæ дзы
ныффыста æмæ æрæмбырд кодта бирæ
цымыдисон æрмæг йæ уазæгуарз фысым-1
тыæххуысæй.
Ирыстоны æхсæнад хъуамæ бацархайа
ууыл, цæмæй поэмæ «Зара», æмæ Гак-
стгаузен ивгъуыд æнусы æмбисы Чысан-
гомы кæй уыдис, уыдон цасдæр бæ.оцæй
нысангонд æрцæуой Эрыстауы Хæдзар-му-
зейы.
Ацы æрмæг æмæ историон факттæ æмт-
кæй дзурынц, ирон æмæ гуырдзиаг адæ-
мы ’хсæн бирæнусон хæлардзинады аха-
стыты Эрыстауы мыггаджы роль егъау
кæй уыдис, ууыл. Уымæ гæсгæ, мах хъуа-
мæ егъау нысаниуæг раттæм Георги Эры-
стауы Хæдзар-музейæн.
5Л
Ш111111111Ш11111111111111111111(111111111111111(1111111П11111[(1111[1111П11111[|1111Е11111!1111П[ШШ1111[ПГ11[1Ш1
КОТОЛИТЫ ВАЛЕНТЙНÆ
ЭКОЛОГИЙЫ НЫРЫККОН ГЛОБАЛОН
ПРОБЛЕМÆТÆ
Советон Цæдисы КП ног средакцигонд
Программæйы æмæ СЦКП XXVII съезды
Политикон доклады бахынцыдæуыд, зæгъ-
гæ, ныры дуджы ахсджиагдæр проблемæ-
тæ бындуронæй сахуыр кæныны æмæ сæ-
рысуангæй рафæлгъауыны фарстмæ æхсæ-
над æмæ зонынады минæвæрттæ сæ хъус
афтæ хъуамæ æрдарой, цæмæй æрцæуой
иу кæройнаг хатдзæгмæ, ног æхсæнад са-
разыны фæндагыл нæ размæцыдæн раст
æмæ мидисджын разбацамындтæ скæны-
нæн. Уыцы ахсджиаг проблемæты æм-
рæнхъ бындуронæй æркæсын хъæуы, æп-
пæт адæмтæ æмæ бæстæтæ кæмæ цымы-
дис кæнынц, æппæт адæмты хъысмæтимæ
æнгом баст чи у æмæ бæрæг-бæлвырд ном
кæмæн æрцыд лæвæрд «Ныры дуджы гло-
балон проблемæтæ», зæгъгæ, уымæ дæр.
Нырыккон глобалон темæ æрдз иртас-
джы’ты раз æрывæрдта тынг вазыгджын
хæс. Фыццаджы дæр: цы нысан кæныни
сæхæдæг «глобалон проблемæтæ»? Куыд
сæ бамбæрстæуа? Цы бæрæг миниуджы-
тæм гæсгæ сын ис фæхицæнгæнæн нæ ду-
джы æндæр проблемæтæй?
Ацы фарстытæн цас бæрцæй лæвæрд
æрцæудзæнис раст æмæ æмбæлон дзуап-
пытæ, уымæй бирæ кæнгæ у æппæт адæй-
магады фидæн æмæ ма сгæй нæ планетæ-
йыл дарддæр цард уæвынад кæндзæнис
æви нæ, уый дæр.
60 азты фæуды æмæ 70 азты райдианы
хурныгуылæн бæстæты фæзындис дзæвгар
зонадон-иртасæн куыстытæ экологийы ны-
рыккон глобалон фарстыты фæдыл. Зæр-
дыл бадаринаг у уый æмæ ацы ахсджиаг
проблемæйыл тæрхон кæнгæйæ, зонадон-
техникон революцийы размæцыд, стæй ду-
нейыл цæрæг адæмты нымæц æмæ змæл-
дæн динамикон характер кæй ис, æрдзон
хъæзныгдзинæдтæй сифтонг кæныны проб-
лемæ æгæр кæй скарз сты, уыцы хабар
æвзæрæрдæм кæй æндавы планетæйыл æмæ
уый тасдзинад кæй æвзæрынкæны. Фæлæ
уыимæ иумæ æнæмæнг банысан кæнын
хъæуы уый дæр, æмæ, буржуазон ахуыр-
гæндтæн сæ бон кæй нæ бацис ацы ахс-
джиаг проблемон фарсты фæдыл сæ хъуы-
дытæ кæронмæ зæгъынæн æмæ сын раст
системæ саразынæн. Дзырд цæуы фьщца-
джыдæр Римы клуб кæй хонынц, уый ми-
нæвæрттыл.
Римы клуб сырæзт 1968 азы, фæлæ уый
нæ уыдис æппæтадæмон, официалон клуб.
Йæ бындурæвæрæг æмæ йæ активон ми-
нæвæрттæй сæ иу Н. Печчеи куыд зæгъы,
уымæ гæсгæ римаг клуб баконд æрцыд
дунеон экологон проблематикæ раиртасын
æмæ йæ хуыздæр банкъарыны тыххæй.
Уый охыл Риммæ æрхуындæуыдис евро-
пæйаг 30 ахуыргонды, уыцы нымæцы —
æрдззонджытæ, социологтæ, экономисттæ
æмæ а. д. Уыдонæн сæ разы æвæрд уы-
дис хæс, цæмæй уыцы глобалон пробле-
мæтæн радтаиккой ахæм формæтæ, адæй-
магады зæрдæ чи нынкъуысын кодтаид,
тас кæмæ бахъардтаит æмæ æрдзы ныхмæ
фыдракæндтыл йæ къух чи систаид.
1970 азы Римы клубы кусджыты ны-
мæц схызтис 100 адæймагмæ. Клубы ми-
нæвæрттæ сæ разы æрæвæрдтой дыууæ
сæйраг хæсьг
Фыццаг: Тьгрнын æмæ архайын хъæуы
ууыл, цæмæй адæм арфдæр æмæ ирддæ-
рæй базоной адæймагады зындзинæдтæ.
Дыккаг: Æппæтуæвæг фæрæзтæй дæр
спайда кæнын -хъæуы, цæмæй базмæлой
политикон фæдæздæхтытæ æмæ институт-
тæ, планетæйы уавæр сæндидзынæн æмæ^
æрбæстон кæнынæн ахъаз чи фæуа, ахæм
ног ахастытæ æмæ цæстæнгæстæ раразмæ
кæныны тыххæй.
Клубы минæвæрттæ сæвзæрстой æххæст-
гæнæг комитет, йæ сæргъ Аурелио Печчеи,
афтæмæй. Афæдзы дæргъы йын вæййы
æрмæстдæр иу пленарон рабадт.
Æхсæнадон проблемæтæ скъуыддзаг кæ-
ныны рæстæджы, марксистон-ленинон
принциптæй хотыхджын уæвгæйæ, 20 æну-
сы æппæт адæймагады иууыл тыхджын-
дæр цы фарстытæ æндавынц, уыдо^æй,
уæлдæр ма куыд загътам, афтæмæй сæ
иутæ сты глобалон проблемæтæ:
1. Ис сын æппæтдунейон характер, æн-
давынц æппæт паддзахадтæ æмæ адæмты
хъысмæтыл.
2. Уыцы ахсджиаг проблемæтæ афоныл
скъуыддзаг куынæ цæуой, уæд тас у æп-
пæт адæймагад æмæ æппæтадæмон циви-
лизаци кæй бабын уыдзæн, уымæй.
3. Фæстæмæ фæхæцын нæ хъæуы иунæг
уысм дæр сæ аскъуыддзаг кæныныл.
4. Скъуыддзаг кæнын сæ хъæуы æппæт
паддзахæдты иумæйаг тыхтæй, æппæтду-
нейон æхсæнад æмæ адæмты æмархайдæй.
Иерархийы глобалон проблемæты сæй-
рагдæр æмæ ахсджиагдæртæй иу у эколо-
гийы проблемæ. Уый литературæйы арæх
æмбæлы ахæм сæргондимæ «экологион
кризис», кæннод та «экологион катастро-
фæ».
Цæмæй хуымæтæг примитивон æхсæнады
алы адæймаг дæр йæхицæн йæ уды фæн-
диаг цардаид, уый тыххæй цымыдис код-
та, йæ алыварс æппæт фæзындтытæ ба-
зонынмæ дæр, æрдзон тыхтæ, зайæгойтæ,
цæрæгойтæ æмæ а. д.
Суанг фыццаг философтæ-материалист-
тæй райдайгæйæ æнæхъæн философион ис-
торийы æдзухон темæ уыдис адæймаджы
84
ахаст йæ алыварсуæвæг æрдзон фæзынд-
тытæм, æхсæнад æмæ æрдзы ахастытæ ра-
иртасын. Хицæн паддзахæдты цардæвæрд-
тæ, хицæн бæстæты кондады хуызтæ æмæ
цахæм дунеæмбарынадыл лæуд уыдысты,
чи сæ куыд размæдæрцыд уыдис, кæмæн
сæ цахæм философон системæ уыдис, уы-
мæ гæсгæ кæд æндæр æмæ æндæр хуызты
скъуыддзаг цыди ацы фарст, уæддæр «бо-
ны фæткæй» никуы схаудта.
Уыдис историйы ахæм рæстæджЫтае,
(астæуккаг æнусТæ) Шрдз адæймаджы
цардæн æнæпайда, ницæйагæй æвдыст кæм
цыдис, хуыдтой йæ адæймаджы цыдæрИд-
дæр хъæуы цæрынмæ, уыдон æввонгæй
кæм ары, ахæм хæзнадон. Уыдис анти-
технйкЗн тенДёнцйтæ (Ж. Ж. Руесо), æмæ
пеСсймистон цæстæнгæстæ дæр, зæгъгæ’,
цивилизаци æнæмæнг хъуамæ бабын уа
экологийы цæхæрæй (И. Кант) æмæ а. д.
Уацы къуындæг фæлгæтты фадат нæй
æрхæсгæ концепцитыл арфдæр æмæ фылдæр
æрдзурынæн. Æрмæст- уый зæгъын хъæ-
уы æмæ марксизмы агъоммæйы философ-
тæн сæ бон нæ бацис адæймаг æмæ æр-
дзæн кæрæдзимæ сæ ахастыты диалекти-
кон хуыз бафиппайын. Уый та уымæн
афтæ рауад æмæ адæймаг æмæ æрдзы
цыдæриддæр кæрæдзимæ æнгом кæны, уы-
цы( фадæттæ æмæ уавæртæм каст кæй цы-
дис бынтон хуымæтæджы дуалон схе-
мæмæ гæсгæ, куыд дыууæ хицæн фæзын-
ды æддагон ахаст афтæ (адæймаг — æрдз,
æхсæнад — æрдз, æрдз — буар, техникæ —
æрдз, уд — æрдз æмæ а. д.).
Æрмæст марксизмæн бацис йæ бон фыц-
цаг хатт æхсæнад æмæ æрдзы метафизи-
кон æгъдауæй кæрæдзимæ ныхмæвæрд
хуызы амоныны фарст аиуварс кæнын.
Историйы ног диалектикон-материали-
стон зондахастыл æнцойгæнгæйæ марксизм
ссардта адæймаг æмæ æрдзы иудзинад
æмæ хицæндзинæдтæн реалон бындуртæ.
Ацы реалон бындуртæ марксизмы ахуы-
рады (теорийы) хуыйнынц куысты про-
цесс, материалон кондады процесс. Адæй-
маг æрдзы абстрактон хуызæй рахызт
уымæн йæ конкретон хуыз сахуыр кæнын- .
мæ.
Адæймагад йæ равзæрдæй фæстæмæ ар-
хайдта, æрдзон хæрзиуджыты йæ дæлбар
бакæныныл, ифтонг техникон фæрæзтæ
амал кæныныл, йæ технологи мидисджын-
дæр кæныныл æмæ уымæй цивилизацийы
бæрзонддæр къæпхæнмæ схизыныл. Адæй-
магады цивилизацийы ахæм рæзты ных-
мæ æрывæрæн ис бæрæг цифрæтæ æмæ
фактон æвдисæнтæ. Дзырдæн, фæстаг сæ-
Дæ азы дæргъы адæймагады энергетикон
фæрæзтæ фæфылдæр сты мин хатты. Ив-
гъуыд 35 азы дæргъы индустри æмæ
хъæууонхæдзарадон продукцийы рæзт ды-
вæр бæрцæй фæфылдæр. Размæцыд социа-
листон бæстæты дывæр бæрцæй фылдæр
кæны товартæ æмæ лæггæдты иумæйаг
гуырахст.
Бафиппаинаг у уый дæр, æмæ, уый-
хыгъд хæдзарадты архайды æппæт фад-
гуыты чъизи, аппарæнты (фæлхæртты)
Зæрц кæй дывæр кæны. Уыдон хъæстæ
кæнынц цæдты, зæххы уæлцъар æмæ ат-
мосферæйы. Официалон зонад-иртасæг ор-
^низацитæ æмæ экслертты зонæнтæм гæс-
гæ ацы хабар адæймагады кæны фидæны
тынг æндыгъд уавæрмæ. Адæймагад кæ-
.мæй пайда кодта, уыцы æрдзон фæрæз-
тæй бирæтæн сæ фæсауæрцтæ фæуд кæ-
нынц. Тагъд темптæй, къаддæр кæны
энергетикон хомæгты фæсауæрцтæ дæр.
Афтæмæй та тыхджынæй-тыхджындæр кæ-
ны дунеон адæймаджы хъусдард энерге-
тикæйы рæзтмæ. Дзырдæн, 1950 азы æп-
пæт адæймагады бахъуыд 2,7 миллиард
тонны æртаг. 1985 азыта—10 миллиард
тоннæйы.' 2000 азы уый ахиздзæнис 18—
20 мйллиард тоннæмæ.
Тынгæй-тынгдæр глобалон æгъдауæй
чъизи кæны биосферæ. Адæймаджы ар-
хайд æрдзы иуæй-иу фæзындтытыл бан-
дæвта4 æвзæрæрдæм.
Фæстаг дæс азы дæргъы сæфты къахыл
нЫллæууыдысты бирæ .хъæддаг цæрæгой-
тæ æмæ зайæгойтæ. Трагикон уавæр у
уый дæр æмæ фæстаг 500 азы дæргъы
адæймагад ныццагъта зæххы 2/3 хай чи
æмбæрзта, уыйбæрц æвæрд хъæдтæ. Адæй-
магадæн йæ абон дæр æмæ йæ фидæны
дæр иууыл тыхджындæр æмæ зæрдæмæ-
хъаргæ проблемæ у дунеон хæлцадон
проблемæ. Æххорм?г дугтæ æнхъæлмæ
кæсынц миллион адæймæгтæм. Дунейы
мидæг ныртæккæ 0,5 миллиард адæйма-
джы стонгæй æрвитынц сæ бонтæ, æмæ
уый нысан кæны практикон æгъдауæй,
зæххыл цæрæг адæмы нымæцы алы фа-
раст удæй иу æххормаг кæй у. Афтæмæй
та дунейы цæрджыты нымæц афтæ тагъд
рæзы æмæ Баиугонд Нациты Организа-
цийы экспертон-демографон бæлвырдгæ-
нæнтæм гæсгæ 2000 азы уыцы нымæц
схиздзæнис 6,35 миллиардмæ æмæ 2100
азы та 11—12 миллиардмæ.
Уый у иууыл карздæр æмæ зæрдæ тынг-
дæр чи сагайа, ахæм риссаг фарст æппæт
адæймагады раз. Фæлæ цард уыдзæнис
дарддæр æви нæ, уый æрмæст адæимага-
ды фæндонмæ гæсгæ нæу, уыи ма баст у
æрдзон карз процесстæ æмæ æгъдæуттимæ
дæр æмæ гæнæн ис, адæймагады гени аф-
тæ зынæй æнус-æнусты цы хæзна^ ссард-
та, уый иу æнæсæрфат фердæхтæи тъы-
мы-тъыматæм бабын уа.
Уый зæрдылдаргæйæ буржуазон зонд-
.ахастытæ æмæ цæстæнгæстæ критикæ кæ-
нынимæ иумæ ныртæккæйы рæстæджы
ацы зæрдæсудзгæ проблемæтæ сты идеоло-
гон’тохы карз хъусдарды бын. Экологион
кризисы фæдыл буржуазон хъуыдыгæн-
джыты æппæт оргументтæ дæр æнцой кæ-
нынц (куыдфæндыйæ дæр) зонадон-техни-
кон революцийыл, куы йæ æвдисынц иу-
нæг иу ирвæзынгæнæгæй, куы та йæ æв-
дисынц æрдз æнамондгæнæгæй.
Буржуазон æхсæнады бирæ ахуыргæнд-
тæ амонынц, зæгъгæ, цивилизацийæн нал
ис ^ фадат йæ алыварс уæвæг фæрæзтæй
пайда кæнынæн, æнамонддзинады фæсти-
уæг сын кæй ис, уый аххосæй. Ацы хъуы-
дыйыл æнцой кæнынц хурныгуылæны би-
рæ бæстæты сæрбостæ дæр. Нырыккон
экологийы фарсты пессимистон боныгъæд
уынын кæнынц сæ зонадон куыстыты
Дж. Платта, Д. Шон, А. Уоскоу, Дж.
Фридман, Д. Медоуз, Д. Форрестер æмæ
æнд. Уыдон архайынц ууыд, цæмæб эко-
85
логион кризис сæ куыстыты фенын кæ-
ной цахæмдæр, алыварсон-алыфадыгон
фыднизæй, социалистон-экономикон фор-
мацийæ иппæрдæй.
Буржуазон экологийы алыгъуызон фæд-
æздæхтытæм æнæкæсгæйæ, уыдонæн ис иу
æнгæс цæстæнгæстæ. Уыцы æнгæс цæст-
æнгæстæн сæ фылдæр хай у буржуазон
æхсæнады мæнг опологетикæ. Раст уыцы
фæдæздæхтыты æргомæй разыны, капита-
лизмы иумæйаг кризис, æппæт адæймага-
ды цивилизацийы кризисимæ кæй æмных
кæнынц, уымæй сæ цы зæгъын фæнды,
уый. Уыдонæн ис цахæмдæр бадзырдон,
басабыргæнæн миниуджытæ. Буржуазон
ахуыргæндтæ домынц пролетариат æмæ
буржуазийы ’хсæн, стæй капитализм æмæ
социализмы ’хсæн цы идейон-политикон
тох цæуы, уый аиуварс кæнын.
Буржуазон экологисттæй бирæтæ сæ
уацмысты экологион кризисы фæзынд кæ-
нынц технологийы антиэкологион миниу-
джыты аххос æмæ уымæ гæсгæ хизынц
классон цæстæнгæсты иувæрсты.
Цæмæй ирддæрæй раргом чындæуа бур-
жуазон экологион цæстæнгæсты æнæбын-
дурондзинад, уый тыххæй æнæмæнг æн-
цой кæнын хъæуы, марксистон ахуырады
чи ныббиноныг, уыцы методологийы прин-
циптыл. Уыдон та сты историзм æмæ пар-
тиондзинады раиртасыны зонадон прин-
циптæ.
ССРЦ^æмæ ма ноджы сыхаг æндæр бæ-
стæтæй экологион проблемæтæй капитали-
стон цæстæнгæстæ аиуварс кæнын стыр
ахъаз фæцис æхсæнадон ахастыты цæх-
гæр сырæзтæн æмæ уымæй фидар бындур
æвæрд æрцыд нæ социалистон бæстæйы
глобалон процессты стихион фæзындтыты
ныннымæг кæнынæн.
«
ГÆБУЛТЫ ИНДИРÆ
ИУМИАГАХУЫРАДОН СКЪОЛАЙЫ РЕФОРМÆМÆ ГÆСГÆ
ХУССАР ИРЫСТОНЫ СКЪОЛАЙОН АХУЫРАДЫ РÆЗТЫ
ФÆНДÆГТÆ ÆМÆ ПЕРСПЕКТИВÆТÆ
Нæ областы скъолаты стыр хъусдард ис
ахуыргæнджыты кадртæ хуыздæр кæны-
ны фарстмæ. Облæххæсткомы адæмон
ахуырады зонæнтæм гæсгæ 1971 азы
«...Хуссар Ирыстоны иумиагахуырадон скъо-
латы куыста 2.290 ахуыргæнæджы. Уы-
донæй уæлдæр ахуырадимæ—1.660, æнæ-
фæуд уæлдæр ахуырадимæ—238, астæук-
каг педагогон ахуыраднмæ — 286 æмæ иу-
миаг астæуккаг ахуырадимæ—106 адæй-
маджы». (Хуссар Ирыстоны П. А., 5 фонд,
1 афыст, 83 хъуыддаг, 20 сыф.)
«Æрмæст иунæг 1970—1971 ахуыры азы
ногæй бацæттæ æрцыд 711 ахуыргæнæджы
æмæ адæмон ахуырады æндæр кусджытæ.
Уыдонæй ахуыргæнджыты дæсныйад хуыз-
дæргæнæн Цхинвалы институты 606 адæй-
маджы... курсыты æмæ цыбыррæстæгон
курс-семинарты уыдысты 1971 — 1972 ахуы-
ры азы ног ахуыргæнæн программæтæ æмæ
чцнгуытæм гæсгæ чи хъуамæ куыстаид,
уыцы ахуыргæнджытæ се ’ппæт дæр».
(Уый дæр уым 5 фонд, 1 афыст, 83 хъуыд-
даг, 2 сыф).
Адæмон ахуырады хайады домæнтæм
гæсгæ 1986 азы областы скъолаты куыста
2.263 ахуыргæнæджы. Уыдонæй уæлдæр
ахуырад уыд 2.133 адæймагмæ, æнæфæуд
уæлдæр ахуырад — 78-мæ æмæ астæуккаг
специалон ахуырад — та 78 адæймагмæ.
Фæстаг фондз азы ахуыргæнджыты дæс-
ныйад хуыздæргæнæн Цхинвалы зоналон
институты къухы бафтыд хорз бæрæггæнæн-
тæ рухсады кусджыты дæсныйад фæбæр-
зонддæр кæныны хъуыддаджы. Кæд 1981
азы институты сæ дæсныйад фæхуыздæо
кодтой 1 496 адæймаджы, планы 1.3.50
бæсты, уæд 1985 азы та курсытæ фесты
2.481 адæймаджы, планы 1980 бæсты. 1986
азы, планы 2.520 адæймаджы бæсты, сæ
квалификаци фæбæрзонддæр кодтой 2.893
кусæджы.
Ацы аз сæ дæсныйад хъуамæ фæхуыз-
дæр кæной рухсады 2.760 специалисты.
Партион организацитæ сæрмагонд хъусдард
здахынц педагогон кадрты гъæдон сконд
сырæзын кæнынмæ. Ацы хъуыддаг ноджы
хуыздæр сифтонг кæныны охыл æппæт
уавæртæ дæр аразы рухсады органтæн нæ
областон партион организаци. Областы алы
районы дæр арæзт æрцыд ахуыргæнджыты
методикон баиугæндтæ.
Педагогон коллективты ’хсæн уæрæх
биноныг кæнын хъуыд раззагдæрты фæл-
тæрддзинад. Ацы хъуыддагыл активон
куыст бакодтой ахуыргæнджыты дæсныйад
хуыздæргæнæн Цхинвалы зоналон- инсти-
туты зоналон институт æмæ горæххæстко-
мы, райæххæсткомы æмæ облæххæсткомы
адæмон ахуырады хайадты методикон ка-
^инеттæ 70-æм азты æмæ §0-æм азты рай7
дианы педагогон фæлтæрддзинад ахуыр-
кæныны парахат формæтæ систы областон,
горæтон организациты педагогчэн лекцитæ
æмæ докладтæ кæсын, цыран уынаффæ
цыди ахуыр æмæ хъомылады проблемæ-
тыл. Докладтæ кастысты æмæ ныхасы цы-
дысты областы .хуыздæр ахуыргæнджытæ,
скъолаты разамонджытæ, адæмон ахуыра-
ды кусджытæ. Арæзт цыд цæвиттойнаг
уроктæ æмæ къласæн æдтеиæ мадзæлттæ,
зонадон-практикон конференцитæ. Конфе-
ренциты уынаффæ цыди зонадон-педаго-
гон проблемæтыл, стæй афтæ хицæн пред-
меттæ ахуыр кæныныл, фæллойадон хъо-
мылад организаци кæныны æмæ æндæр
ахæмты фæдыл ахуыргæнджыты коллек-
тивты æнтыстытыл. Раззагдæрты фæлтæрд-
дзинад æвдисæг æрмæджыты бындурыл
ахуыргæнджыты дæсныйад хуыздæргæнæн
институты методисттæ сарæзтой методикон
фыстæджытæ, рекомендацион уацтæ. 1986
æмæ 1987 азты ахуыргæнджыты дæсныйад
хуыздæргæнæн институт рабæрæг кодта
57 раззагон ахуыргæнæджы. Уыдоны фæл-
тæрддзинадыл бындуриуæг кæндзысты æн-
дæр ахуыргæнæн уагдæтты дæр.
Фæлæ нырма нæ областы æвзæр ахуыр-
гонд æмæ биноныггонд цæуы нæ республи-
кæйы æмæ бæстæйы ахуыргæнджыты фæл-
тæрддзинад. Ахуыргæнæгæн сфæлдыстадон
æмæ новаторон куысты уавæртæ аразгæйæ,
уæлдæрлæууæг органтæ хъуамæ операти-
вондæрæй парахат кæной новатор ахуыр-
гæнджыты фæлтæрддзинад. Ау, цас раст
у, мах Ш. Амонишвилийы фæлтæрддзина-
ды тыххæй цæдисон мыхуыры фæрцы кæй
базонгæ вæййæм, уый? Æмæ нырма *уы-
мæн исты аргъ скæнæм, уый нæ бон нæу,
уымæн æмæ йæ хорз не мбарæм, нæ тыр-
нæм йæ базонынмæ. Хорз уаид уымæн рес-
публикæйы телеуынынады иусахат куы ба-
хæс кæниккой йæ фæлтæрддзинады фæдыл
йæ хъуыдытæ зæгъын æмæ ахуыр-хъо-
мыладон куыст дарддæр фæхуыздæр кæ-
ныны тыххæй йæ фæндийæгтæ радзурын.
«Учительская газета» арæх мыхуыр кæны,
новатортæ æмæ раззагдæр ахуыргæнджы-
ты фæлтæрддзинады фæдыл æрмæг кæй
нæ фаг кæны, ууыл. Хорз уаид, ССР Цæ-
дисы рухсады Министрад æмæ «Учительс-
кая газета»-мæ æнæнхъæлмæ кæсгæйæ, рес-
публикон æмæ областон газеттæ новатор-
ахуыргæнджыты тыххæй æрмæг куы пара-
хат кæниккой.
Педагогон кадртæ цæттæ кæнын æмæ
сын сæ дæсныйад хуыздæр кæныны фæс-
тиуæгæн, стæй афтæ бирæ ахуыргæнджы-
тæ сæ инертон хъуыдыкæнынад кæй ш*дис-
джындæр кодтой, уый фæрцы бæрæг фæив-
той ахуыр-хъомыладон куысты иумиаг
’бæрæггæнæнтæ: фæкъаддæр сты дыккагазон-
■ 97
тæ 99,5 онг, сырæзт, астæуккаг скъола
рæстæгыл чи фæуд кæны, уыдоны процент,
фæфылдæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм чи
бахауы, уыцы студентты нымæц. Зæгъæм,
кæд 1980 азы областы скъолаты 1.108 ра-
уагъдадонæй уæлдæр ахуыргæнæндæттæм
бацыд 162 адæймаджы, уæд 1985 азы 1.481
рауагъдадонæй та 252 æмæ 1986 азы та
1.497 рауагъдадонæй студенттæ систы 260.
Уыцы бæрæггæнæнтæ ууыл дзурæг сты
æмæ сомбон областы скъолаты рауагъда-
донтæй уæлдæр ахуыргæнæндæттæ каст
кæй фæуд кæндзысты ноджы фылдæрæй
æмæ областы адæмон хæдзарады домæнтæ
бæрзонд квалификациджын специалисттæй
кæй ифтонг кæндзысты.
Ауадзгæ мадзæлттыл дзуры, 1985—1986
ахуыры аз планон адæмон-хæдзарадон
иумæйаг разæвæрд хæстæ æххæст кæй æр-
цыдысты, уый ноджы дæр нысан кæны уый
æмæ ахуыр-хъомылады куыст фæмидис-
джындæр кæныны фæдыл цы мадзæлттæ
уагъд цæуы, уыдон перспективон кæй сты.
Æндæр регионтæм абаргæйæ, Хуссар
Ирыстоны æвзæр нæу рауагъдадонты куыс-
тæй ифтонг кæныны хъуыддаг дæр.
1985—1986 ахуыры азы рауагъдадонтæй
18,5 проценты бацыдысты уæлдæр ахуыргæ-
нæндæттæм, 46,6 проценты кусынц конда-
ды сферæйы æмæ дзы æдæппæт куыстæй
ифтонг та не сты 1,2 проценты. Фæлæ адæ-
мон ахуырады органтæ æмæ базæйон
куыстуæттæн æрыгон кусæг тыхы куыст-
мæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы нæма
ис фаг бастдзинæдтæ æмæ уымæ гæсгæ об
ласты иумиагахуырадон скъолаты кондады
архайæг 46,6 проценты рауагъдадонæй
сæхи дæсныйадыл кусынц 11 проценты.
Афтæ ма хъæууон скъолаты дæр скъола-
ты райсгæ дæсныйадыл кусы цъус. Ивгъуыд
фондзазоны (1981—1985 азты) бацæттæ-
грнд 1.700 тракторист-механизатортæй æмæ
390 шофырæй областы хъæууон хæдзара-
ды кусы æрмæст 22 проценты. Уый нысан
кæны афтæ, æмæ фæллойадон ахуыры би-
рæ,дæсны кусджытæ æмæ ахуыргæнджыты
бацæттæ кæныныл цы хæрдзтæ æрцæуы,
уымæн æрмæст æмбæрзынц сæ фæндзæм
хай. Уый ма ноджыдæр дзурæг у ууыл æмæ
фæллойадон ахуыры профилтæ æххæст
раст æвзæрст кæй нæ цæуынц, стæй про-
фессионалон ориентацийы фæдыл ахадæн
куыст.дæр, куыд æмбæлы, афтæ кæй нæу.
Иумиагахуырадон скъолаты ахуыргæн-
джыты кадртæ рæзын к’æныны зынгæ ма-
дзал у скъолаты разамонæг сконд—дирек-
торты, сæ хæдивджыты, къласон æмæ скъо-
лайæ æдтейæ организаторты сконд хуыз-
дæр кæнын. СЦКП-йы ЦК-йы январы
(1987 аз) Пленум СЦКП-йы ЦК-йы Гене-
ралон секретарь М. С. Горбачев йæ раны-
хасы дзырдта, зæгъгæ, коллективты раза-
монджытæ-коммунисттæ æмæ æнæпарти-
онтæ — сты партийы сæйраг æнцойгæнæн,
социалон-экономикон политикæ сæххæст
кæныны тохы уыдоныл ис ’бирæ алыгъуы-
зон хæстæ.
Скъолайы разамонджытæ бæрндзина^
хæссынц канд ахуырчхъомыладон процессы
нæ, фæлæ скъолаты агъуыстытæ аразыны
хъуыддаджы дæр. Уыдон хъомыл кæнын
хъæуы сæ уагдонæн хицау уæвыны æнкъа-
рæнтыл, ома агурын хъæуы хъуыддагыл
88
æцæг зæрдиагæй чи рисса, ахæм разамон-
джытæ. Зæгъæм, Хъемултайы астæуккаг
скъолайы директор Остъаты Филиппы хуы-
зæтты. Ам скъола-интернаты агъуыст куы
арæзтой, уæд уый фæстæмæ сæхйлын код-
та, лæмæгъ арæзт къул цалыймæ йæ
Цхинвалы спортивон скъолайы къултау
дымгæтæ нæ акалдтой, уæдмæ
Дзырд дæр ыл нæй, не скъолаты раза-
монджытæн сæ фылдæр сты цæсгомджын
æмæ компетентон Уыдон архайынц скъо-
лайы реформæ материалон-техникон æгъ-
дауæй сифтонг кæнынмæ æппæт сæ фадæт-
тæ иууылдæр смобилизаци кæныныл. Фæ-
лæ æппæт фæрæзтæй аудгæйæ æмæ хæ-
дзардзинæй пайда кæнын фаг нæу, кæд
æнæуый уыцы фæрæзтæ фылдæрæй фыл-
дæр нæ кæной æмæ сæ нæ парахат чын-
дæуа, уæд. Уымæ гæсгæ облæххæсткомы
адæмон ахуырады хайад хъуамæ сног кæ-
на, фондз азы оазмæ кæй сарæзтой, фæлæ
уайтагъд кæй ферох кодтой, рухсады уаг-
дæтты разамонджыты уыцы скъола. Ам
скъолаты разамонджытæн амындæуыд ны-
рыкдон коммуникацитимæ раст архайын
агъуыстытæ æмæ ифтонггæрзтæм аудгæ
ахаст дарын.
Скъолайы директоры профессионалон зо-
нындзинæдтæй, йæ идейон-теоретикон æм-
вæзадæй, йæ организаторон æвзыгъддзи-
нæдтæй бирæ кæнгæ сты скъолайы рæзгæ
фæлтæры ахуыр кæныны фарст раст сæ-
вæрын, уыдонæн раст коммунистон хъо-
мылад раттын æмæ педагогон коллектив-
ты методикон сфæлдыстадон куыст цæвйт-
тойнаг уавæрмæ ркæныны принциптæ.
Уæдæ рæстæгыл æмæ æмбæлон куынæ
уыдысты Дзукъаты хъæуы астазон скъо-
лайы разамонæг педагогон кадртæ рараз-
мæ кæныны ног амæлттæ. Ам хуыздæр
ахуыргæнджыты фондз кандидатæй^ æв-
зæрст æрцыд директор. Ацы аз майы ^та
Ленингоры райæххæсткомы рухсады хайа-
ды сæргълæууæджы æвзæрстыты^ фондз
кандидатæй фылдæр хъæлæстæ райста Бе-
дойты Уардены чызг Натела.
Ацы мадзæлттæ хъуамæ уой ахуыргæн-
джыты кадрты дарддæры профессионалон
æмæ иумиаг ахуырадон æмвæзады сти-
мул, СЦКП-йы XXVII съезды æмæ СЦКП-
йы ЦК-йы январы (1987 азы) Пленумы
уынаффæтæм гæсгæ педагогон коллектив-
ты хæдуправлени разæнгардгæнæг.
Партион комитетты архайды ахсджиаг
хуызтæй иу у скъолайы партион активи-
мæ систематикон æмæ нысанмæздæхт куыст
кæнын. Областы 609 ахуыргæнæджы сты
СЦКП-йы уæнгтæ. Партион комитеттæ хъуа-
мæ сæрмагонд хъусдард здахой скъолаты
æхсæнадон-политикон дисциплинæтæ ахуыр
кæнынмæ, фыццаджыдæр та истори æмæ
æхсæнад-зонынад ахуыр кæнынмæ. Нæ
областы скъолаты историктæ-специалист-
тæн сæ фылдæрмæ ис уæлдæр педагогон
ахуырад, сты СЦКП-йы уæнгтæ. Истори
æмæ æхсæнад зонынад ахуыргæнджытæ
сты партийы агитацион-пропагандистон
кадрты зынгæ хай (хъæууон бынæтты та
сæйраг хай). Истори æмæ æхсæнад зоны-
нады 139 ахуыргæнæджы сты семинарты,
агитаторты, докладгæнджыты разамонджы-
тæ æмæ æхсæнад-зонынады уæнгтæ, сæ
педагогон фæлтæрддзинадмæ гæсгæ уыдо-
нæй уæлдай раппæлинаг сты: БеЛова Клав-
дия — æртыккаг скъолайæ, Джиоты Ли-
да — æхсæзæм скъолайæ, Джанашвили Ли-
лй — скъола-интернатæй, Хъотайты Надеж-
дæ — æстæм Скъолайæ. Коммунистон зонд-
ахйсТ пропагандæ кæнын æмæ буржуазон
йдёологймæ æйæбафидаугæ зондахаст да-
рын сты ахуыргæйаег-йропагандйсты сæй-
раг миниуджытæ.
Ахуыргæнджытæ æмæ æндæр педйгогон
кусджыты сæ ахадæн куысты тыххæй,
рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнын æмæ хъо-
мыл кæныны къабазы се ’нтыстыты тых-
хæй хорзæхджын кæнынц хйцауадон хæр-
зиуджытæй, кады грамотæтæй, лæвæрд сын
цæуы цытджын нæмттæ. Областы 50 ахуыр-
гæнæгæн ис «Республикæйы сгуыхт ахуыр-
гæнæджы цытджын нæмттæ», 107 ахуыр-
гæнæгæй хорзæхджын сты ордентæ æмæ
майдантæй, 192 — Гуырдзыстоны адæмы
ахуырады отличниктæ, 30 — ССР Цæдисы
рухсады отличниктæ, 24 — методисттæ,
67 — хисдæр ахуыргæнджытæ.
1977 азæй фæстæмæ лæвæрд цæуы цыт-
джын ном «ССР Цæдисы адæмон ахуыр-
гæнæг». Ацы номы аккаг нæ областы скъо-
латæй иу дæр нæма сси. Парти æмæ хи-
цауад иудадзыг аудынц ахуыргæнæджы
авторитетыл, йæ идейон рæзт æмæ мате-
риалон фæрныгадыл. Абонæй актуалондæр
никуыма уыд В. И. Ленины ныхас:
«Адæмон ахуыргæнæджы кадджын ном
махмæ хъуамæ уа, ныры онг куыднæма
уыд æмæ буржуазон æхсæнады цахæм
бæрзæндыл куыд никуы лæууыд, ахæм
бæрзæндыл, ’уый у бæлвырд кæнын кæй
нæ хъæуы, ахæм æцæгдзинад». (В. И. Ле-
нин, уац. æх. æм. 45 т. 366 ф.).
Скъолайы реформæйы нысан цæуы пе-
дагогон кусджыты материалон уавæр, куы-
сты, улæфты медицинон ифтонгады уавæр-
тæ хуыздæр кæнын.
1984 азы фыццæгæм сентябрæй фылдæр
кæнын райдыдтой ахуыргæнджыты æмæ
рухсады системæйы иннæ кусджыты мызд.
Мызд астæуккагæй фæфылдæр 30—35 про-
центы. Нæ областы ахуыргæнджытæ æмæ
рухсады иннæ кусджыты мызд кæй фæ-
фылдæр, уый тыххæй рахицæн æрцыд
383,0 мин сомы капиталбавæрдтæ. 1987
азы ма афтæ фæфылдæр сты хъæууон
ахуыргæнджыты коммуналон лæггæдты
тыххæй хæрдзтæ. Горæты ахуыргæнджы-
тыл куы дзурæм, уæд та областы рухсады
тагъд рæстæджы ахуыргæнджыты Дæсны-
йад хуыздæр кæныны институты базæйыл
хосгæнæн профилактори байгом кæнын. Го-
рæтон æмæ районон советы æххæсткомти’'
мæ иумæ облæххæсткомы рухсады ха»йад
аразы æппæт мадзæлттæ адæмон ахуыря^
ды системæйы кусджыты цæрæнуатоя
уавæртæ хуыздæр кæныны тыххæй.
Нæ областы педагогон кадрты материа--
лон цардуагон уавæртæ кæй хуыздæр кæ-
нынц, уый фæрцы æнæмæнг æнтысгæйæ
скъуыддзаг цæуы реформæйы ахсджиаг-
дæр хæстæй иу — ахуыргæнæджы профе-
сийы æхсæнадон кад рæзын- кæнын. Аф-
тæмæй æххæст цæуы СЦКП ЦК 1984 азы
апрелы уынаффæ скъолайы куыст бынду-
ронæй рацаразыны фæдыл æппæт архæйд-
тытæн фидар материалон æмæ организа-
цион бындур скæныны тыххæй.
Нæ бæстæйы абон революцион рацарæз-
ты хъуыддаджы бындурон роль хъуамæ
сæххæст кæной рæзгæ фæлтæр. Фæлæ уы-
дон скъолайы фидар зонындзинæдтæ куы-
нæ райсой. Методикон æгъдауæй сын фæл-
тæрд ахуыргæнджытæ куынæ уа, уæд цæт-
тæ нæ уыдзысты сæхимæ æгæр бæрнон
историон мисси райсынмæ.
Скъолайон реформæйы размæцыд къуы-
лымпыгæнæг аххосæгтæй иу у педагогон
кадрты сындæг психологон рацарæзт.
Нырма дæр нæм, рæстæджы домæнтæй
фæстейæ чи зайы, рухсады системæйы
ахæм кусджытæ цъус нæй.
Хъыгагæн, бæрндзинад нæма банкъард-
той, инерцийы тых йæ быны кæй ныккод-
та æмæ кадрты рацарæзты процессы сæ
роль чи не ’мбары, рухсады ахæм раза-
монджытæ.
Ахæм æмбæлттæн бамбарын хъæуы,
зæгъгæ, фаг нæу профессионалы ном хæс-
сын. Хъуамæ уый æмрæнхъ уай рацара-
зæг, октябры идеалты пропагандæ кæны-
ны фарст цыдæриддæр хъыгдары, уый
ныхмæ фидар тохгæнæг. Рацарæзт у ма-
хæй алкæй мидæг дæр революцион миниу-
джытæ сног кæнын. Уый у Ленинизмы
фæуæлахиз. Октябры 70-æм юбилейон азы
парти расидт, цæмæй æппæт не сфæлды-
стадон тыхтæ æмæ фадæттæ сифтонг кæ-
нæм уыцы революцион процесс фæтагъд-
дæр кæнынмæ.
Уымæ гæсгæ абон рацарæзты уазмыр
дзæнгæрæджы зæлмæ хъуамæ алчидæр
райхъал уа.
89
КУЛЬТУРОН ЦАРДЫ ХРОНИКÆ
(1987)
< & * *
14-æм январы Ереды совхозы уыд ли-
тературон нзæр Стыр Октябры 70-азы бæ-
рæгбонмæ цæттæ’ кæныны охыл.
Изæрмæ æрцыдысты совхозы кусджытæ,
скъоладзаутæ, хьæуы интеллигенци.
«Ирон советон литературæйы абоны уа-
вæр æмæ йæ рæзты фæндæгтæ» — ахæм
темæйыл дзырдта йæ раныхасы Асаты Ре-
уаз, уый ма бакаст йæ ног æмдзæвгæтæ
дæр.
Уый фæстæ се ’мдзæвгæтæ ирон æмæ
гуырдзиаг æвзагыл бакастысты Бахъаты
Нугзар æмæ Икъаты Владимир.
* * *
17-æм апрелы Цхинвалы турбазæйы
улæфджытимæ фембæлдысты Джусойты
Нафи, Хъодалаты Герсан æмæ Икъаты
Владимир.
Улæфджытæн ирон литературæйы абоны
уавæр æмæ йæ рæзты фæндæгты тыххæй
радзырдта Джусойты Нафи æмæ сын
дзуапп радта сæ фарстытæн.
Хъодалаты Герсан æмæ Икъаты Вла-
димир бакастысты се ’мдзæвгæтæ.
* * *
22-æм майы Ногдзауты галуаны уыд *фем-
бæлд гуырдзиаг фыгджытæ Панджикидзе
Гурам, Гвердцъители Гурам, Мчъедлури
Давид æмæ Хетагури Мзиаимæ. Фембæлд-
мæ æрцыдысты горæты 1-æм астæуккаг
скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæ-
нинæгтæ (фембæлд уыцы скъола соргани-
заци кодта), горæты интеллигенци, чиныг-
кæсджытæ1, фысджытæ.
Фембæлды раныхас кодтой æмæ сæ
„уацмыстæ бакастысты уазджытæ — Пан-
джикидзе Гурам, Гвердцъители Гурам,
Мчъедлури Давид æмæ Хетагури Мзиа.
Хуссар Ирыстоны фысджыты номæй уаз-
джытæн раарфæ кодтой Джусойты Нафи
æмæ Мæргъиты Къоста.
Уазджытæн ма арфæйы ныхас загъта
скъолайьг, директор Микеладзе Елиоз.
Скъоладзаутæ равдыстой концерт.
* * *
1-æм июлы Ногдзауты галуаны уыд поэ-
зийы изæр Стыр Октябры 70 азы охыл.
Изæрмæ æрцыдысты горæт Цхинвалы
цæрджытæ— студенттæ, ахуыргæнджытæ,
сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрт-
тæ, нывгæнджытæ, артисттæ.
Поэзийы изæр байгом кодта Бестауты
Залинæ.
Уый фæстæ се ’мдзæвгæтæ бакастысты
Джусойты Нафи, Дзуццаты Хадзы-Мурат,
Хъодалаты Герсан, Æлборты Хадзы-Умар,
Икъаты Владимир, Миндиашвили Серго,
Галуанты Людмилæ.
Поэзийы изавры уыд æмæ дзы раныхас
кодта, Пушкин æмæ Къостайы æмдзæвгæтæ
бакаст Абайты Вассо.
Уый фæстæ уыд концерт.
* * *
7-æм августы Цхинвалы районы Зары
хъæуы уыд литературон изæр Стыр Ок-
тябры 70 азы охыл. Изæрмæ æрцыдысты
хъæуы фæллойгæнджытæ, ахуыргæнджытæ,
скъоладзаутæ.
Ирон литературæйы абоны уавæрыл,
Хуссар Ирыстоны фысджытæ бæрæгбонмæ
сæхи куыд цæттæ кæнынц, ууыл йæ ныха-
сы дзырдта æмæ фысджыты чиныгкæс-
джытæн базонгæ кодта, стæй йе ’мдзæвгæ-
тæ бакаст Æлборты Хадзы-Умар.
Уый фæстæ се ’мдзæвгæтæ бакастысты
Пухаты Алыксандр, Хъодалаты Герсан
æмæ Плиты Фелнкс.
* * *
4-æм сентябрæй 6-æм сентябрмæ Цæгат
Ирыстоны хъæуты Ногир, Сунжæ, Октя-
брьск æмæ Тарскæйы уагъд æрцыдысты ли-
тературон изæртæ, журнал «Фидиуæг»-ыл
60 азы кæй сæххæст, уый охыл. Изæртæм
æрцыдысты хъæууон фæллойгæнджытæ,
ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ.
60 азы дæргъы «Фидиуæг» цы фæндагыл
рацыд, уый тыххæй йæ цыбыр раныхасы
дзырдта йæ сæйраг редактор Гаглойты
Владимир.
Поэттæ Джусойты Нафи, Дзуццаты
Хадзы-Мурат æмæ Æлборты Хадзы-Умар
сын бакастысты æмдзæвгæтæ.
* * *
10-æм сентябры Цхинвалы районы Хел-
цуайы хъæуы уыд литературон изæр Стыр
Октябры 70 азы охыл. Хъæуы фæллойгæн-
джытæн изæры сæ уацмыстæ бакастысты
Дзуццаты Хадзы-Мурат, Пухаты Алек-
сандр, Æлборты Хадзы-Умар æмæ Икъа-
ты Владимир.
* * *
30-æм сентябры Ногдзауты галуаны уыд
Ходы Камалы сфæлдыстадон изæр. Изæр-
мæ æрцыдысты горæты скъоладзаутæ,
ахуыргæнджытæ, фысджытæ.
Сфæлдыстадон . изæр цыбыр разныхасæй
байгом кодта æмæ поэты сфæлдыстадыл
æрдзырдта Æлборты Хадзы-Умар.
Уый фæстæ раныхас кодта æмæ йæ ног
æмдзæвгæтæ бакаст Ходы Камал. Поэты
цалдæр æмдзæвгæйы ма бакаст артист æмæ
режиссер Гæлæуты Анатоли дæр.
* * *
11-æм октябры Цхинвалы районы Къос-
тайы хъæуы уагъд æрцыд Къостайы тра-
дицирн бæрæгбон. Бæраегбонмæ æрцыдыс-
90
ты районы æмæ Цхинвалы горæты цæр-
джытæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ,
сфæлдыстадон кусджытæ — фысджытæ, ар-
тисттæ.
Къостайы мысæн митинг цыбыр разны-
хасæй байгом кодта партийы райкомы фыц-
цаг секретарь Джиоты Феликс.
Уый фæстæ уый ныхасы бар радта Гуыр-
дзыстоны фысджыты Цæдисы Хуссар
Ирыстоны хайады бæрнон секретарь Дзуц-
цаты Хадзы-Муратæн. Уый æрдзырдта
Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл, канд
ирон аив литературæйы нæ, фæлæ ма нæ
бирæнацион бæстæйы литературæты зын-
гæдæр минæвæртты ’хсæн йе сфæлдыстады
нысаниуæгыл.
Митинджы ма раныхас кодтой æмæ се
’мдзæвгæтæ бакастысты Гуырдзыстоны
фысджыты Цæдисы Гуры хайады бæрнон
секретарь, поэт Инджиа Джемал, Джу-
сойты Нафи, Асаты Реуаз, историон зонæд-
ты кандидат Цхуырбаты Иван.
Бæрæгбоны официалон хайы фæстæ сæ
дæсныйад æвдыстой районы хæдархайгæ
аивадон коллективтæ, Облсовпрофы куль-
турæйы хæдзары дуэт «Нæртон фысым».
Бæрæгбонон концерты хайад райстой
Цæгат Ирыстоны АССР адæмон артйст
Гæздæнты Булат, Цæгат Ирыстоны АССР
адæмон артисткæ Белаонты Долорес.
Къостайы бонты хайад райстой Гуыр-
дзыстоны КП ЦК бюройы уæнгтæм кан-
дидат, партийы обкомы фыццаг секретарь
Санахъоты Феликс, Гуырдзыстоны ССР
сæйраг Советы Президиумы Сæрдары хæ-
дивæг Къæбулты Тамарæ, партийы обкомы
бюройы уæнгтæ, областы æмæ районы аен-
дæр партион, советон, профцæдисон æмæ
фæскомцæдисон органты бæрнон кусджы-
тæ.
* * *
13-æм октябры Хуссар Ирыстоны Хетæг-
каты Къостайы номыл паддзахадон дра-
мон театры уыд стыр гуырдзиаг поэт,
хъуыдыгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг
Илья Чъавчъавадзейы райгуырдыл 150 азы
сæххæсты юбилейон изæр.
Юбилейон цытджын изæр разныхасæй
байгом кодта Гуырдзыстоны КП ЦК бю-
ройы уæнгтæм кандидат, партийы Хуссар
Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Са-
нахъоты Феликс.
Илья Чъавчъавадзейы цард æмæ сфæл-
дыстадыл, йæ æхсæнадон- архайдыл йæ док-
лады дзырдта Гуырдзыстоны фысджыты
Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон
секретарь Дзуццаты Хадзы-Мурат.
Юбилейон изæры ма раныхас кодтой
Гуырдзыстоны ССР сгуыхт ахуыргæнæг
Къасрадзе 0., Хуссар Ирыстоны паддза-
хадон пединституты студент Къораты С,
профессор Курдадзе Ш., поэт Æлборты
Хадзы-Умар.
Юбилейон изæры уыдысты партийы об-
комы бюройы уæнгтæ.
Æмбырды хайадисджытæн равдыстой
концерт.
14-æм октябры Къостайы райгуырдыл
128 азы сæххæсты Оон цытджын уавæры
нысан æрцыд йæ райгуырæн хъæу Нары.
Бæрæгбонмæ æрцыдысты Цæгат æмæ Хус-
сар Ирыстоны фæллоигæнджытæ, фысджы-
тæ.
Цытджын митинг байгом кодта партийы
Алагиры райкомы фыццаг секретарь Кадз-
ты Р. Къ. Уый партийы райком æмæ рай-
æххæсткомы номæй раарфæ кодта бæрæг-
боны хайадисджытæн.
Уый фæстæ ныхасы бар радта Цæгат
Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæрдар Ма-
литы Уасойæн. Уый дæр раарфæ кодта
бæрæгбонмæ æрцæуджытæн æмæ • Къоста-
йыл бакаст йе ’мдзæвгæ.
Трибунæмæ кæрæдзийы фæдыл хизын
райдыдтой æмæ Къостайыл, Ирыстоныл,
адæмты хæлардзинад æмæ æфсымæрдзина-
дыл се ’мдзæвгæтæ кастысты Балаты Тем-
бол, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъайтыхъ-
ты Геор, Æлборты Хадзы-Умар, Цæрукъа-
ты Владимир, Асаты Реуаз, Хъодзаты Æх-
сар, Пухаты Александр, Дзассохты Муза-
фер, Миндиашвили Серго, Харебаты Лео-
нид, Хъазиты Мелитон, Галуанты Людмилæ,
Сидахъты Симон, Икъаты Владимир æмæ
Ходы Камал, Цоколаты Владимир Къоста-
йы æмдзæвгæтæ бакаст ирон, уырыссаг
æмæ немыцаг æвзæгтыл.
Митинджы ма раныхас кодтой газет «Со-
циалистическая Осетия»-йы редактор Ефи-
менко Ивап, Джусойты Нафи æмæ Сау-
лохты Гаврил.
Бæрæгбоны хайадисджытæн концерт рав-
дыстой Алагиры районы культурæйы хæ-
дзары агитбригадæ, Дзауы астæуккаг скъо-
ла-интернаты æмæ Кировы астæуккаг скъо-
лайы хæдархайгæ аивадон къордтæ.
15-æм октябры Цхинвалы 7-æм астæук-
каг скъолайы кæрты уыд поэзийы изæр,
Къостайы райгуырдыл 128 азы кæй сæх-
хæст, уый охыл. Изæр Хуссар Ирыстоны
паддзахадон пединститутимæ иумæ ауагъ-
та 7-æм скъолайы дирекци. Уым скъола-
дзаутæ кастысты Къостайы æмдзæвгæтæ,
ирон поэтты æмæ сæхи фыст æмдзæвгæтæ.
* $ *
16-æм октябры Дзауы.районы Кировы
астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд литера-
турон изæр Къостайы райгуырдыл 128 азы
сæххæсты охыл.
Изæрмæ /æрцыдысты ахуыргæнинæгты
ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ, скъола-
дзаутæ. Уый байгом кодта скъолайы ди-
ректор Тасойты Никъала.
Уый фæстæ раныхас кодтой æмæ се
’мдзæвгæтæ бакастысты Дзуццаты Хадзы-
Мурат, Джусойты Нафи æмæ Гаглойты
Владимир.
* * *
16-æм октябры Цхинвалы 6-æм астæук-
каг скъолайы ауагътой литературон изæр,
Къостайы райгуырдыл 128 азы кæй сæх-
хæст, уый охыл.
Изæр цыбыр разныхасæй байгом кодта
скъолайы директор Хуыбиаты Владимир.
Изæры скъоладзаутæ кастысты Къоста-
йы æмдзæвгæтæ, хайад дзы райстой æмæ се
91
’мдзæвгæтæ бакастысты Асаты Реуаз, Пу-
хаты Александр, Хъодалаты Герсан æмæ
Икъаты Владимир.
* * *
16-æм октябры партийы Цхинвалы гор-
ком æмæ горæххæстком æмæ горæты 1-æм
астæуккаг скъолайы дирекци Хуссар Ирыс-
тоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддза-
хадон драмон театры ауагътой Илья Чъав-
чъавадзейы райгуырдыл 150 азы сæххæс-
ты юбилейон изæр.
Изæрмæ æрцыдысты горæты фæллой-
гæнджытæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ,
литературæ æмæ аивады минæвæрттæ.
Цытджын юбилейон изæры хайад райс-
той æмæ дзы раныхас кодтой æмæ Илья
Чъавчъавадзейы æмдзæвгæтæ ирон æвзаг-
мæ сæхи тæлмацæй бакастысты Асаты
Реуаз æмæ Миндиашвили Серго.
* * *
21-æм октябры Цхинвалы районы Ере-
ды культурæйы хæдзары уагъд æрцыд
Илья Чъавчъавадзейы райгуырдыл 150 азы
сæххæсты юбилейон цытджын æмбырд.
Æмбырды раныхас кодта æмæ Илья Чъав-
чъавадзейы æмдзæвгæ ирон æвзагмæ йæхи
тæлмацæй бакаст Асаты Реуаз.
* * *
23-æм октябры Тбилисы филармонийы
стыр залы уыд Илья Чъавчъавадзейы рай-
гуырды боныл 150 азы сæххæсты юбиле-
йон цытджын изæр.
Изæры Хуссар Ирыстоны фысджыты
организацийæ хайад райста æмæ дзы ра-
ныхас кодта Дзуццаты Хадзы-Мурат.
* * *
27-æм октябры Ленингоры кинотеатры
агъуысты уыд литературон изæр, Стыр
Октябры социалистон революцийыл 70 азы
кæй æххæст кæны, уый охыл. Изæр байгом
кодта партийы Ленингоры райкомы дык-
каг секретарь Хуыбиаты Мариам.
Стыр Октябры 70 азы бонмæ ирон аив
литературæ цы фæндагыл рацыд, ууыл,
йæ абоны уавæр, йæ ног проблемæтыл йæ
раныхасы дзырдта Гуырдзыстоны фысджы-
ты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæр-
нон секретарь Дзуццаты Хадзы-Мурат.
Уый ма изæрмæ æрцæуджытæн базонгæ
кодта фысджыты æмæ бакаст йе ’мдзæв-
гæтæ.
Уый (Ьæстæ Мæргъиты Къоста бакаст
Гафез, Дзугаты Георги, Козаты Исидоры
æмæ йæхи æмдзæвгæтæ.
Литературон изæры се ’мдзæвгæтæ ба-
кастысты Æлборты Хадзы-Умар, Хъазиты
Мелитон, Пухаты Александр, Миндиашви-
ли Серго, Къæбысты Варден.
Литературон изæры уыд Ленингоры рай-
æххæсткомы сæрдар Мæргъиты Эмануил.
* * *
17-æм ноябры Дзауы Культурæйы хæ-
дзары уыд литературон изæр Стыр Ок-
тябры 70 азы охыл.
Литературон изæр цыбыр разныхасæй
байгом кодта партийы Дзауы райкомы
секретарь Джиоты Заирæ.
Изæры хайад райстой, раныхас кодтой
æмæ се ’мдзæвгæтæ бакастысты Джусой-
ты Нафи, Гаглойты Владимир, Дзуццаты
Хадзы-Мурат, Хъодалаты Герсан, Минди-
ашвилн Серго æмæ Икъаты Владимир.
Изæры уыд Дзауы райæххæсткомы сæр-
дар Хъоцыты Хъазбег.
24-æм ноябры Гуры районы 'Сахъаурейы
хъæуы уыд литературон изæр.
Изæрмæ æрцыдысты хъæуы фæллойгæн-
джытæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ.
Разныхасæй йæ бакодта совхозы дирек-
тор Шиукъашвили Важа.
Уый фæстæ изæры раныхас кодтой æмæ
сæ ног уацмыстæ бакастысты • Гаглойты
Владимир, Хъодалаты Герсан, Миндиаш-
внли Серго, Икъаты Владимир, Икъоты
Ефнм æмæ Шнукъашвили Важа.
* * *
26-æм ноябры Хуссар Ирыстоны паддза-
хадон пединституты «Аполлон» клубы уæнг-
тæ • фембæлдысты Дзуццаты Хадзы-Мурат-
имæ. Поэт сын радзырдта ирон поэзийы
рæзты абоны уавæры тыххæй, бакаст сын
йе ’мдзæвгæтæ, дзуапп сын радта сæ фарсг
тытæн.
* * *
30-æм ноябры Цхинвалы æвдæм скъо-
лайы ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутимæ
фембæлдысты Дзуццаты Хадзы-Мурат,
Икъаты Владимир æмæ Галуанты Людми-
лæ. Уыдон сын радзырдтой ирон литера-
турæйы рæзты хицæн фарстытыл, бакас-
тысты сын æмдзæвгæтæ.
* * *
4-æм декабры Къуайсайы астæуккаг
скъолайы уыд литературон изæр. Изæры
хайад райстой, раныхас дзы кодтой æмæ
сæ уацмыстæ бакастысты Джусойты На-
фи, Гаглойты Владимир, Дзуццаты Ха-
дзы-Мурат æмæ Хъороты Сослан.
92
ЖУРНАЛ «ФИДИУÆГ»-ы 1987 АЗЫ
МЫХУЫР ÆРМÆДЖЫТÆ
РОМАНТÆ, УАЦАУТÆ, ПЬЕСÆТÆ
Гаглойты Владимир — Лæгæн дыууæ царды нæ вæййы — 7.
Джусойты Нафи —Сосо бадзуры — 11.
Козаты Хазби — Æнæныгæд мард (уацау) — 4; 6.
Къæбысты Зауыр — Уæзæджы фарн (романæй скъуыддзаг) — 1; Фæндыры хъын-
цъым (уацау) — 8.
Миндиашвили Серго — Иронвæндæгты азтæ (уацауæй скъуыддзаг) — 2.
Нартыхты Григол — Мады мæсыг (романæй скъуыддзаг)—3.
Санахъоты Георги — Сау тæппытæ (пьесæ) — 12.
Хацырты Сергей — Хæхты фæдисон (романæй скъуыддзаг) —5.
Четиты Рубен — Фембæлд (дыууæнывон пьесæ) — 2.
РАДЗЫРДТÆ, АРГЪÆУТТÆ, АРВИСТОН
Агагельды Алланазаров — Зæронд лæг (раивта йæ Гæбулты Мелитон) — 9.
Беджызаты Дудар —■ Тедеты Цагъи æмæ Гаглойты Сала (таурæгъ) — 9.
Бязырты Роланд — Æнусон радзырд — 2; Хур ’здæхт ныгуылæнæй — 6.
Гафез — Сæмпи — 2; Прозæйæ фыст стихтæ — 6.
Гаглойты Григол — Чысыл радзырдтæ, аргъæуттæ—8.
Гæбулты Мелитон — Дзагамонд —11.
Гæбæраты Никъала — Мады маст — 10.
Гугкаты Шамил — Кусæрттаг — 6.
Гуыцмæзты Алеш — Иу фысымы уазæг— 1.
Дзабиты Зарбег — Кæрæдзи бамбæрстой — 9.
Дзуццаты Хадзы-Мурат — Арвистон 1; 4.
Джиоты Павел — Хæлардзинады асин — 7.
Джиоты Джетæ — Радзырдтæ — 7.
Ковалевич Гелий — Æхсыры агуывзæ (раивта йæ Хъазиты Мелитон)—2.
Коцты Юри — Цæрыны лæг — 6.
Къæбысты Зауыр — Зарæг хæлардзинадыл — 2.
Къæбысты Уарден — Санкци — 10.
Пиранты Микка — Фæдис — 1; Уацайрæгтæ — 5.
Проспер Мериме — Таманго (раивта йæ Гæбулты Мелитон) — 8.
Тедеты Руслан — Фембæлд — 3.
Тедеты Герас — Корреспондент — 3.
Тыджыты Павел — Дыууæ радзырды — 3.
Уанеты Валери — Фембæлд (радзырдты цикл) — 9.
Харебаты Леонид — Лирикон радзырдтæ — 4.
Хуыгаты Сергей — Чингуытæ — 9.
Хъазиты Мелитон — Æууæндын адæймагыл (радзырдты циклæй) — 4; Хохаг ра-
дзырдтæ— 12.
Хъазиты Алекси — Тедо æмæ Симон (аргъау) — 4.
Хъайттаты Сергей — Ирæд — 8.
Цгъойты Хазби — Дыууæ фыстæджы — 3. Т
Шынбатыров Абди — Хæс (Мæргъиты Къостайы тæлмац) ■—3.
Чъавчъавадзе Илья — Ауындзæн бынат — 10.
ПОЭМÆТÆ
Æлборты Хадзы-Умар— Мемæ цæрæг знон—1.
Бахъаты Нугзар — Кадæг Дзвенетыл — 4.
Кокойты Эльзæ — Сидзæр — 7.
Козаты Исидор — Цуаноны цæссыгтæ — 6.
Плиты Илья — Ирыстон (фрагменттæ) — 6.
Тедеты Авгар — Иунæг — 9.
ÆМДЗÆВГÆТÆ
Асаты Реуаз — Æмдзæвгæтæ — 4; 11.
Æлборты Хадзы-Умар —Æмдзæвгæтæ —4; 8.
Бахъаты Нугзар — Æмдзæвгæтæ — 3.
93
Ёичкаты Мадинæ — Æмдзæвгæтæ — 3.
Галуанты Людæ — Æмдзæвгæтæ — 8.
Гобозты Валери — Æмдзæвгæтæ — 5.
Гуыцмæзты Таня — Æмдзæвгæтæ — 3.
Дудин Михаил —Мæ революци (æмдзæвгæ, раивта йæ Хъодалаты Герсан) — 11.
Дзуццаты Хаджи-Мурат — Ног æмдзæвгæтæ — 3; 11.
Джангулашвили Теймураз — Æмдзæвгæтæ — 2.
Джиоты Хазби — Ног æмдзæвгæтæ — 4.
Джыккайты Леонид — Æмдзæвгæтæ — 9.
Икъаты Владимир — Ног æмдзæвгæтæ — 5; 12.
Исаковский Михаил—1917 азы 25-æм Октябрь (æмдзæвгæ, раивта йæ Пухаты
Александр) — 11.
Кокойты Эльзæ — Æмдзæвгæтæ — 3.
Къоберидзе Вахтанг — Æмдзæвгæтæ — 9.
Къусраты Егнат — Ног æмдзæвгæтæ — 8.
Мæргъиты Къоста — Ног æмдзæвгæтæ — 4; 6; 8; 10; 11; 12.
Миндиашвили Серго — Æмдзæвгæтæ — 6; 11.
Нафи — Æмдзæвгæтæ—1; 3.
Плиты Феликс — Æмдзæвгæтæ — 5; 11.
Пухаты Александр — Ног æмдзæвгæтæ — 3; 8; 11.
Плиты Заирæ — Амондджын дæн (æмдзæвгæ) — 3.
Сергеева Ирэнæ — Æмдзæвгæтæ (Хъодалаты Герсаны ивд) — 3.
Скифирон — Æмдзæвгæтæ — 10.
Табидзе Галактион — Тырысатæ —тагъддæр! (æмдзæвгæ, раивта йæ Миндиашви-
ли Серго) —11.
Тасойты Никъала — Ног æмдзæвгæтæ — 3; 7.
Тасойты Ботаз — Ног æмдзæвгæтæ — 9.
Туаты Ленæ — Æмдзæвгæтæ — 3; 12.
Хацырты Заретæ — Æмдзæвгæтæ — 3.
Харебаты Леонид — Æмдзæвгæтæ — 9.
Хаджеты Таймураз — Ног æмдзæвгæтæ — 7.
Хуыгаты Ритæ — Æмдзæвгæтæ — 9.
Хуыгаты Уасил — Фæстаг дамгъæ (легендæ) — 12
Цæриаты Мери — Æмдзæвгæтæ — 3.
Цхуырбаты Иван — Æмдзæвгæтæ — 2.
Цыбырты Мадинæ — Æмдзæвгæтæ — 3.
Хъодалаты Герсан — Æмдзæвгæтæ — 2.
Хъодзаты Æхсар — Æмдзæвгæтæ — 7.
Шинкъуба Баграт — Æмдзæвгæтæ — 5
Чъавчъавадзе Илья — Æмдзæвгæтæ — 10.
ОЧЕРКТÆ
Асаты Реуаз — Коммунист, хæстон, фыссæг — 5.
Башарули Еленæ — Иæ царды нысан — 9.
Букуылты Алекси — Арсы хинтæ — 1.
Гæбæраты Юри — Раст фæндагыл. — 9.
Гаглойты Владимир — Залты мит — 5; Бургъустан — 11.
Гаглойты Никъала — Революцийы æхсарджын салдат — 8.
Дзаттиаты Уакка — Дзаттийы байзæттаг—11.
Лохты Дзамболат — Уæззау фæндæгтæ—12.
Моститы Борис — Октябры революцийы æхсарджын хæстон — 1.
Наниты Виссарион — Зыруггом — 2.
Харебаты Леонид — Рæсугъд фæндаг — 12.
Хъодалаты Герсан — Лехурагом — 7; 8.
Хъороты Сослан — Салдаты идæдз — 9.
Цоциты Арæхмæт — Гудисгом — 1.
Чистиков Павел — Легендарон эскадрон — 4.
АИВАД
Бæциаты Агуыдз-— Йæ фыды фæндиаг —2; Фысгæг редакцимæ — 9.
Уанеты Владимир ) — Фæндзай азы фæндзай боны куынæ сты — 8; Цæгат Иры-
Гуыцмæзты ЭльзæГ стоны драмтеатры гастролтæ Хуссар Ирыстоны—12.
Сухарников Александр — Цæрæццаг курдиат — 6.
94
МЫСЙНÆГТÆ
Асаты Реуаз — Хæстоны мысинæгтæ—10; 11.
Нафи — Мæ уды хъæдгом — 10.
Пухаты Александр — Мыггагмæ мысинаг йæ ном — 10.
Харебаты Леонид — Мысæнбон — 10.
КРИТИКÆ, ПУБЛИЦИСТИКÆ ÆМÆ ЦЫБЫР РЕЦЕНЗИТÆ
Агънаты Æхсар — Ног хъуыды нæ эпосы тыххæй — 1; Не ’взаджы историйæ — 9.
Æлборты Мурат — Капиталон бавæрдтытæ æмæ бындурон фондтæ — 8.
Топорин Андрей3 ( — Хæдзарадон бахыгъды бригадæты архайд —4.
Гаглойты Юри —Ир-Балхъары этникон бастдзинæдты тыххæй—1; Рагон
ирон æхсæнады социалон структурæйы проблемæйы тыххæй — 3;
Мæнг дзырдтæ æмæ æцæгдзинад — 7.
Гаглойты Владимир — Кад æмæ намысы фæндагыл—1; Нæ нацийы цæсгомы
хуызтæ — 2; Уый алы лæгмæ дæр хауы— 10.
Гаглойты Лианæ — Аивадон литературæйы национ æмæ интернацион проблемæ-
тæ — 11.
Габодзе Марина — Димитри Арахъишвили æмæ Ирыстон — 9.
Гæбæраты Никъала — Не ’взаг, нæ дзинад, нæ сагъæстæ — 6; Не ’взаг — нæ хæз-.
на — 12.
Гæбулты Индирæ—1Х-æм, Х-æм æмæ Х1-æм фондзазонты Хуссар Ирыстоны скъо-
латы ахуыргæнæн-материалон базæ рæзын кæнын æмæ ах-
уыр-хъомыладон процесс хуыздæр кæнын — 8; Иумиагахуырадон
скъолайы реформæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны скъолайон ахуы-
рады рæзты фæндæгтæ æмæ перспективæтæ— 12.
Гогоберидзе Владимир— Сæрибардзинад æмæ хæлардзинадыл зарæггæнæг—10.
Гоголадзе Тамарæ — Нацийы иузæрдион фырт, поэт æмæ æмбæстаг—10.
Дзабиты Зарбег — Ирон дзырдтæ адыгъейаг æвзаджы — 4; Нæ цæсгомы хуыз — 6.
Дзиццойты Юри —Нарты кадджыты лексикæйæ —4; Скифаг мононимтæ Нарты
кадджыты — 8.
Дзуццаты Хаджи-Мурат — «Иууыл абхазагдæр поэт» — 5; Рацарæзт: курдиат æмæ
дæсныйад — 9; Октябрь æмæ рацарæзт— 11.
Джиоты Соня — Луначарскийы методтæ æмæ фæрæзтæ — 12.
Джиоты Евгения — Социализм æмæ коммунизмы арæзтады СЦКП XXVII съезды
сфæлдыстадон хайбахаст — 2.
Икъаты Владимир — Нæ мæты сæр, нæ дзуринæгтæ — 6
Коцты Светланæ — Сæудæджерадон комплексы цырд рæзт — 6.
Кокойты Луизæ — Бадзырдон ахастытæ нырыккон хæдзарадон механизмы—10.
Котолиты Валентинæ — Экологийы нырыккон глобалон проблемæтæ—12.
Куымæриттаты Офелия — Чингуыты тæрхæгыл— 8; 11.
Культурон царды хроникæ— 12.
Луценко Иван — Гафез æмæ Украинæ— 1.
Мæргъиты Маня — Афон у — 6.
Медойты Димитр — Бронзæйы дугæй баззайæггаг дзаумæттæ Стырфæзы—1.
Миндиашвили Михаил — Хуссар Ирыстоны минералон дæттæ æмæ уыдонæй спай-
да кæныны перспективæтæ — 2; Лесейы хосгæнæн — 9.
Плиты Муссæ — Скъолаты ног реформæ зæрдыл даргæйæ — 3.
Пухаты Къоста — Советон Хуссар Ирыстоны историйы нуæй-иу фарстытæ æмæ
идеологон тох ■— 9.
Табуашвили Заирæ—Сабиты уарзон’чиныг— 11.
Тедеты Герас — Нæ сагъæсы сæр — 6; Ахсджиаг иртасæн куыст— 12.
Тедеты Ливæ — Цы фæччы æмæ цы нæ фæччы? — 6.
Тедеты Мананæ —Нæ адæмы духовон хæзна — 10.
Тогойты Георги — Гуырдзиаг адæмы кадджын фырт — 10.
Тугъанты Енвер — Эрыстауы галуан Ленингоры — 12.
Тъехты Баграт — Мæ хæхтæ — мæ бæстæ — 6.
Уанеты Владимир — Ном «Сайнаг-æлдары» этимологийы тыххæй — 9.
Харебаты Димитр — Ахсджиаг фарст — 6.
Харебаты Леонид —Хорз райдианæн — хорз фарсхæцæг —6.
Хуыгаты Мырзæбег — Не ’взаг нæ мæты сæр — 6.
Хъотайты Александрæ — Сахуыр кæнæм не ’взаг — 6.
Цхуырбаты Замирæ — Ахвледиани Георги Сариданы фырт — стыр ахуыргонд æмæ
æмбæстаг — 7.
Чингуыты тæрхæгыл—1; 3; 5.
Чъовелидзе Гульнарæ — Ирон литературæ æмæ культурæйы фарстытæ журнал
«Мнатоби»-йы фæрстыл — 7.
95
НÆ КАЛЕНДАРЬ
Цхуырбаты Зелим — Стыр æмæ номдзыд ахуыргонд — 3.
Цхуырбаты Мери — Ирон адæмы æнувыд хæлар — 9.
ПЫСЫРАЙЫ ТÆППÆЛТТÆ
Багаты Барис — Æмбырды ныхасгæнджытæм Сахълæуы дзырдæпп^рæнтæ—10.
Пысырайы тæппæлттæ — 1; 2; 4.
Санахъоты Георги — Дарчо æмæ Гурген— 10.
Цхуырбаты Уасдже — Пысырайы тæппæлттæ — 5.
НЕКРОЛОГТÆ
ГАГЛОЙТЫ 3. А.— 7.
ТЕДЕТЫ РУСЛАН —8.
КОНКУРСЫ ФÆСТИУДЖЫТÆ
Ацы аз Гуырдзыстоны фысджыты Цæдисы Хуссар Ирыс-
тоны хайад расидт Стыр Октябры 70 азы бæрæгбоны номыл
хуыздæр аивадон уацмыстæ ныффыссыны тыххæй æхгæд
конкурс.
Крнкурсы жюри æркаст конкурс^æ æрбацæугæ æмдзæв-
гæтæм, радзырдтæм, уацаутæм, пьесæ^æм.
Жюри бауынаффæ кодта, зæгъгæ, фыццаг æмæ дыккаг
премитæ лæвæрд ма ’рцæуæд.
Æртыккаг премитæ лæвæрд æрцæу&д:
Хуыгаты Сергейæн— æмдзæвгæтæ «Бандæттæ», «Ацы иу-
гъæдон царды мын...» æмæ «Низ»-ы тыххæй.
Хъодалаты Герсанæн — æмдзæвгæтæ «Сидт», «Ныстуан
мæ хæлар поэттæм», «Ирон зарæг», «Хъæууон нывтæ» æмæ
«Антъоны монолог»-ы тыххæй.
Гугкаты Шамилæн—радзырд «Намь'с»-ы тыххæп.