Теги: журнал   журнал фидиуæг  

ISBN: 0234-8144

Год: 1988

Текст
                    Кокойты Уасил. Тугъанты Махарбеджы иырт Цхннвалы Ма-
харбеджы номыл нывгæнæндоны кæрты.
Фыццаг фарсыл:
Тугъанты Махарбег. Æртындæс коммунары фехст Цхннвалы
1920 аз. фрагмент.


§*—*** АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ А^ ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН I Л » » ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ I УМ А 1/1 \ /ÆГ Г^ ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ I У г^У У^^ хуссар ирыстоны I ; *_ ’ у ХАЙАДЫ ОРГАН ЙЮНЬ ф ЖУРНАЛ ЦÆУЫ 1927 АЗЫ ЯНВАРÆИ НОМЫРЫ ИС НАФИ — Æмдзæвгæтæ 3 ГУЫЦМÆЗТЫ АЛЕШ —Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ ... 12 ИКЪАТЫ ВЛАДИМИР —Æмдзæвгæтæ 32 БИАЗЫРТЫ РОЛАНД — Мады уарзт (радзырд) 37 ДЖИОТЫ ПАВЕЛ — Зынгирвæзт (новсллæ) 45 ТЕДЕТЫ АВГАР —Æмдзæвгæтæ 46 УАНЕТЫ ВАЛЕРИЙ — Æмбырд (радзырд) 50 СЛАНТЫ АХМÆТ — Алвирæт (рагон хабар) 55 ЛИТЕРАТУРÆИЫ МЕРИДИАНТÆ Испайнаг сагъæссайы кæлæнмыр поэт 57 ЛОРКА ГАРСИА—Романс испайнаг жандармерийыл ... 57 Ног Гуырдзыстоны зарæггæнæг ...... 60 СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ ТЕДЕТЫ РУСЛАН —Æз мæхицæн кæуын... (радзырд) . . 61 АИВАД ЦОЦИТЫ КЪÆДЗÆХ — Æрдзон курдиат 64 ГАССИТЫ ЭЛЬВИРÆ—Ирон театры историйæ 66 КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ ПУХАТЫ АЛЕКСАНДР —«Мæ артдзæст» 69 КУЫМÆРИДТАТЫ АЛЕКСАНДР-^ Ленинон декрет ... 71 ÆЛБОРТЫ МУРАТ — Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарад æххæст хæдзарадон ахыгъдмæ ракæныны тыххæй 73 САЛАМАДЗЕ ВАЖА — Кондадон инфраструктурæ у нæ областы сæудæджерадон кондад сырæзын кæны- ны мадзал .... 75 ТАБУАШВИЛИ ЗАИРÆ— Патриотизм æмæ сабиты хъомылады иуæй-иу фарстытæ Илья Чъавчъава- дзейы сфæлдыстады .... 77 ДЗАБИТЫ ЗАРБЕГ—Ирон дзырдтæ адыгъейаг æвзаджы 79 ДЗИЦЦОЙТЫ ЮРИ —Аргæрæн æви Аргæнæн? 82 ХУЫБИАТЫ НИКЪАЛА— Иумæйаг тыхтæй 84 ТЕДТОЙТЫ ЗИНÆ— Вазыгджын конструкциты райрæзт ирон æвзаджы 85 СКЪОЛАЙЫ ЦАРДÆЙ ПЛИТЫ МУССÆ — Ахуыры ахсджиаг амал 89 БИТЕТЫ ФАРИЗÆТ — Райдиан кълæсты чиныг кæсыны къуы- лымпыдзинæдтæ æмæ сæ аиуварс кæны- ны мадзæлттæ 91 ПЫСЫРАЙЫ ТÆППÆЛТТÆ ГАССИТЫ БАРИС— Добрæ æмæ Къобрæ 95
Ф И Д И У А Г ЕЖЕМЕСЯЧНЫИ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИЙ ЖУРНАЛ Орган Юго-Осстинского отделения Союза писателей Грузии «0«ОЭЛ»0 апаовгшэотАо е?обОАаюм«?-екб*з*:>«?о <а 1^(П&5^(П0^08.3(ПГ060^АО ОЭАВД’О 4»з*ВоАоЬ МЬАдв «%Ьо«»«Ь ру ииди тшшщ0^итяммш9)^миц№тпм1тямжлляят0тыт СÆИРАГ РЕДАКТОР ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ. ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН ДЖУСОИТЫ НАФИ ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ МÆРГЪИТЫ КЪОСТА ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бæрнон секретарь) ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД РЕДАКТОРТÆ- БАХЪАТЫ НУГЗАР ХАЦЫРТЫ СЕРГЕИ ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН Корректор Болататы Ленæ Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты. Сдано в набор 10. V. 1988. Подписано к печати 5. VII. 1988. Учетно. изд. л. 6,9. Формат бумаги 70x1 Ов1/^- Печатных листов 8,9. Заказ типографии № 901 ЭТ 00215. Тираж 4594 экз. Адрес типографии: г. Цхинвали, ул Московская. 5. Тел/ 2-42-25, 2-22-24. Адрес редакции: г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Тел.: 2-22-65, 2-22-60.
НАФИ ПОЭТЫ ХЪЫСМÆТ Сагъæс Хъайсыныл Æфсымæр Хоть разная нас вскармливает мать, Друг — тоже брат... Кайсын Кулиев Тызмæг у дуне. Алы мур нымайаг, — Дæ сæрды бон дын баныуæрддзæн мит, Дæ хуры хай дын æхсæвы тар кайы, Дæ уды рай зæрдæйы рисæй фид!.. Æз æй æнхъæлдтон раст... Мæ уд Кавказы Æфсымæрагур дунемæ фæзынд... Хъайсын та уыд йæ хæхтæй хаст фыдазы, Умæлдзæстæй тыдта йæ бон, йæ зын... Фæлæ фыдлæг, фыдбон кæд хастой бирæ, — Хъайсынæн дæр йæ хасты бон фæци, Æмæ фæцыдтæн цинвæдисы Ирæй Асыйы зæхмæ, — бавзарон йæ цин! Иæ дудгæ хъыг, йæ хъизæмартæ фесты, Ныттыхстæн ыл, — нæ бафсымæр уыд тагъд: Мах иу масты дыууæ цæссыджы фестæм, Уæд иу цины дыууæ зарæджы мах. Æмæ нымадтам: хох нæ тыхсы хохыл, Фæлæ ныттыхсынц рай æмæ æрхуым! Æмæ фæтых Хъайсын лæгау фыдохыл, Фыдæлты зæххыл райгæ кодтам хуым. Изæр. Цæуынц нæ къобор галтæ хуымæй. Кæны нæ хохаг зарджытæ Хъайсын. Æз ын хъырнын. Иæ зард Кавказ — нæ къуымæй Нæ уды рухс фарн дунетæм хæссы. Æрра!.. Æнхъæлдтон, уый уыдзæни афтæ Кæддæриддæр... Цы хорз ма хъуыди мæн! Цыд заргæ, хохау! Макуы уын уа рафтæн, Иæ уды ’хсон, йæ зæрдæйы фæлмæн! Тызмæг у дуне. Алы мур нымайаг: Дæ сæрды бон дын баныуæрддзæн мит, Дæ хуры хай дын æхсæвы тар кайы, Дæ уды рай зæрдæйы рисæй фид!.. 7.9. 87 3
Фыстæг Мæскуыйы рынчындонмæ Мит куы уары хæхты, Хъайсын, мит, — Мысинæгтау, урс-урсид гæбынатæ, Уæд Мæскуыйы ц’ аразыс, джигит, Цом нæ хъулон рагбонты сæрбынатмæ! Мит дæр нæу, — уый рог æврагъ-æфсургъ Калы зæхмæ урс хиды рæуфынчытæ. Цом, нæ кæрты балбæлæсты цур Бабукъ ысты къудзитæ-уæрыччытæ! Цом, ныр хохы алы къуыбыр — гал, Мисыны тылд йе ’рттиваг æрду-сыгтæ. Цом, ды хъæды урс тæрсытæ кал, Ласон æз нæ чъырын къæсмæ хус сугтæ. Хæдзар фестдзæн, сойбадæнау, хъарм. Кæрты — урс мысинæгтæ-гæбынатæ. Айтындз, Хъайсын, ме уæхскыл дæ арм, Цом нæ хъулон рагбонты сæрбынатмæ! 10.3.83 Урс фын Æхсон фæд. Ирд арвыл æврагъ. Фæлмæн хур. Рухс зæрдæ— йæ чемы. Дыууæйæ урс хæрджытыл мах Фæцæуæм зараг ком Чегемы. Сындæггай базары Хъайсын, Æз ын, йæ хъаймæты кæсдæрау, Иæ зарды рог фæлтæр хæссын Æнæмæт аргъауаг ыстæры... «Мæ урс къæлæу, лыстæгдæр сир! Нæ кæнæм тагъд нæ балц, нæ цардыл! Нæ сæрмæ — арв, æнæнтау ирд, Нæ разы — адджын дуне дардыл!.. Нæ зæрдæ — рухс, нæ уæнгтæ — рог, Цы кæнæм тагъд нæ балц, нæ цардыл! Ис хæхты фæстæ хæхтæ ног, — Ныззылд Кавказы дуне дардыл!.. Мæ урс къæлæу, лыстæгдæр сир! Æрттивы урс фæндаг, æхсонау! Нæ хуымтæ рафтыдтой æфсир, Нæ дзыллæ хызт рын æмæ сонæй!..» Фын уыдис уый... Æрмæстдæр фын... Ныфсау æй расайдта мæ сагъæс... Æцæгæй та салдат Хъайсын Мæлæтæн расидти фæстаг хæст. Фæливæг урс фын!.. Рафтыд лæг, Кæндзæн æй дудгæ рын йæ быны!.. Æллæх дуне, уæд æй æцæг Уындзынæн æз æрмæст мæ фыны... 12. 11. 85. Мæскуы.
Кувæн ныхас хуыцаумæ Хуыцау, мæ цард мын бауадз уарын Дыууæйыл — мæн æмæ Хъайсыныл: Мæ зæрдыл дæу фæразон дарын, Ысцух уа ме ’фсымæр йæ сонæй!.. Миййаг мæ ма банхъæл æрра нымд, — Æфсымæры тыхст у мæ сурæг... Ды дæр лæгъстæ кæнис мæ раны, Ныллæууис, сонт сидзæрау, курæг... Дæуæн цы у, — ды низ нæ зоныс, Нæ зоныс, — циу лæгæн æфсымæр... Мах алыбон мæлæт æвзоны, Дæ уд æвæсмардæй ыссымæр!.. Дæумæ уый раст кæсы: ныйиутæ Нæ дуне — нæй нын иу хъыг, иу цин, Мæлæт дын бахсынæд дæ хъиутæ, — Нæ дын радтдзæни иу бон ничи?! Фæци йæ цард æргом, æхсæны, Уæд лæг йæ царды зын фæразы, — Мæлæт нæ иугæйттæй æхсыны, Лæг уымæн у æдых йæ разы... Хуыцау, мæ цард ныддих кæ ’мбисыл, — Æндæр кæмæ хæссон мæ сау хъаст?.. Тæхуды, ме ’фсымæрæн исты Мæ цонгхаудæй куы фæуин ахъаз!.. 2. 3. 85 Фыддæр рис нæй... Куыд зын у зонын — нæй ирвæзт, Куыд зын у уыцы рис уромын!.. Бæргæ йын расидтæ ды хæст, Фæлæ дæ уый æрвылбон домы... Куыд зын у зонын — нæй ирвæзт, Дæ уæлхъус балæууыд дæ адзал... Дæ хур хæрæмигъæй ныуæрст, Дæ удæн ахуысдзæн йæ алдзæн... Куыд зын у зонын — нæй ирвæзт, Зæххыл дын никæй бон у баххуыс... Æмæ дæ удуæлдайы хæст Дæлхур бæстæй дæлдзæхмæ ахызт... 18 май 1985 аз. Налцыкк. Хъайсыны фæстаг бон Æрвон къуыбар цæссыг фæтагъд, Лæджы цæст нал уыди кæсынæн, Цæссыгæвдылд сыджыты мах Æвæрдтам удивад Хъайсыны... 6
Ыстæй фæцыдыстæм. Фырдзыт Нæу цыт... Æрмæст мæ уд уым баззад, Æмæ уæлингæны сыджыт Уый кодта лæгъз, рынчыны базау. Иронвæндаг кæнæ ясын Уый миднымæр фæсусæй хаста, Фæлæ йæ не хъуыста Хъайсын, — Фынæй, дæлдзæх... Иæ рисæй бастад... Цы кæнон, — афтæ иуварс лæу, Хъæуы хæххон æгъдау нымайын: Дæуæн дæ мады зæнæг нæу Æмæ æргом кæуын нæу аив... Хæрзбон у, ме ’фсымæр, хæрзбон!.. Фыдбалцы дын — мæ уд æмбалæн Бæттын... Хъаст ма ракæн, — мæ бон Дæу не сси бахизын адзалæй!.. Хæрзбон у, ме ’фсымæр, хæрзбон!.. Хæрын дын ард хæххон кæрдзынæй, — Кæдмæ уа иу къахдзæф мæ бон, Уæдмæ нæ гутонвæд кæндзынæн! Изæр, нæ гутон хуымы уагъд, Уæд та — дæ фæнДиаг: нæ куыстæй Дыууæйæ урс къæлæутыл мах Уæлхохмæ заргæйæ цæудзыстæм. Хæрзбон, Хъайсын!.. Дæ цурæй мæн Мæ къах тыхæй-фыдæй фæразы... Æфсымæры удæст ныккæн, Цы мыл ис азымæй дæ разы... 20. 5. 87. Дзæуджыхъæу. Зæйласт У каждого души его светило По своему уходит на закат... Кайсын Кулиев, Æрцыди ме ’фсымæрыл зæй. Йæ уды хур фæсхохмæ атылд. Цы хъуыр, цы зарæджы æрра тых, Цы хъару рахаста æрдзæй Æмæ, сæрддон митау, куыд атад!.. Лæгæн кæд фæччыди кæуын, — Хæцын мæ сау мастыл дæндагæй, Фæлæ у зæрдæ хивæнд рагæй, — Æдзух мæ цæсты раз уынын: Цæуы йæ ныгуылды фæндагыл.ч. Цæуы сæрыстырæй, æдзæм!.. Мæ уд, фæстаг бирæгъау, ниуы, — Нæ нын фæхицæн и, нæ сиу и!.. Æллæх дуне, мæрдтæм уыдзæн, Цы зæххы бын и, уый мæ риуыл!.. Ноябрь, 1985
фыццаг мит А приходилось ли вам тосковать 0 снеге родной земли?.. Кайсын Кулиев. Мит фыццаг хатт æнæ дæу уары... Мадау агуры дæу, Хъайсын. Кæд дæ рагбон фæсхох фæтары, — Мит дын рагæхцон нæу, Хъайсын?.. Мит фыццаг хатт æнæ дæу уары... Нæй йæ урсыл дæ фæд, Хъайсын... Кæд дæ бырæн дзоныгъ нæ арыс, Гъе, тæргай фæдæ кæд, Хъайсын?.. Мит фыццаг хатт æнæ дæу уары... Ды нæ хъусыс мæ сидт, Хъайсын?.. Кæд дæ рагон цæссыгтæ луары Арв, дæ цæссыгты мит, Хъайсын?!. Ноябрь, 1985. Цхинвал. Æхсон æмыр Арвæн доны ’ртах й’ армы, Цæссыг удрæбын — мал... Ацы уалдзыгон хъармы Ды куыднæ кæныс хъал?.. Кæд мæ цæссыг ныхъхъарид Де ’рхуым табæтмæ ныр, — Ног дын раттид дæ хъару, Айсид де ’хсон æмыр... Хур куы зары уæлмигъæй, Хæхтæ — дала фæндыр, Уæд куыд лæууыс ды джихæй, Дур, цæф дурау, — æмыр?.. Æви нал уадзы хъусын Дæу дæ ингæны мæр?.. Æмæ баци æнусон Ныр дæ мæрдон нымæр?.. 6. 6. 1986; Налцык/Г? Зары Хъайсын Хъайсын зæронд зарæг фæсусæй, Дзæнгæрæгау, йæ хъуыры дары: Сындæг йæ цæсты хауты хусæй Нæ хæхты рагон бæллæх хъары... «Яман Хъасбот, тызмæг мæйдары Дæ сæр куыд æруагътай ныллæг?! Хуыцауæй иунæг мæлæт дарæм, — Дыууæ хатты нæ мæлы лæг) 7
Мæ бæх ызнæт хуыррытт кæй кæны, Фæдисау хъусын уый, æмбал, Фæлæ у заргæ, — сау ингæны Нæ уыдзæн зарынæн амал! Е-ей, æрцыди кæд нæ адзал, Цæрынмæ нал у уæд бæлгæ! Фæлæ нæй зарæгæн ныууадзæн, — Лæгæн у заргæйæ мæлгæ! Æмæ — фæстаг зарæг нæ царды! Нæ амонд уый фæци æрдзæй: Нæ зæрдæ басудздзæн цъæх арты, Нæ уд та зарæджы цæрдзæн!..» Хъайсын зæронд зарæг фæсусæй, Цæссыгау зæрдæйæ лæмары, * Фæлæ йæ ирд цæсты бын хус у, — Иæ фарсмæ иу Хъасбот нæ ары! 25 10. 1987 Хъайсыны катай О если так! своей метелыо, Казбек, засыпь меня скорей И прах бездомный по ущелыо Без сожаления развей. Лермонтов. Мæ уд-иу дард бæсты куы снарæг, Мæ бон-иу хасты’зын быхсын Куынал уыд, — удрæбын-иу хъарæг Куы фестад ме ’намонд, мæ зын... Мæ фидæн-иу куынал зынд мигъæй: Мæ уæнгтæ — баст, æхгæд— мæ хъуыр, Уæд-иу мæ уд, Сæнайау, ихæй Ыскодта кæрц æмæ ныммыр... Фæлæ та ног æрлæууыд зæрдыл Кавказ> уæд-иу æрсабыр хъыг, Ыстæфст-иу уд, Сæнайау — сæрды, Иæ их-иу фестади цæссыг. Мæ уд-иу балæууыд Кавказы, Малхъары хæхтыл тахт уынæг, Æмæ та уæд — хъысмæтæй разы, Фыды уæзæгмæ ’рыфтыд лæг!.. Фæлæ йæ уæлвæд ног æнтъыснæг, — Миййаг кæд нал зонынц мæн ам: Мæ ном мын адавта фыдхуыснæг, Фыд-зонды амаццаг — хæрам?.. Ныййарæг зæхх дæр кæд дызæрдыг Каены мæныл, уæд циу мæ цард?.. Цы ма зилы мæ уд йæ сæрты, — Хуыздæр у уæд æрвдзавд, дзыхъмард!.. 8'
Уæд ма йын æз мæхи цы хъарын, Уæд ист мæ удлæууæн, — мæ къуым!.. Тыхдымгæ, ме ’ртхутæг Малхъарыл Уæд тагъддæр иу футтæй ныддым!.. Мæ хасты бон тыдтон æвзонгæй Æмæ быхстан... Ныр та мæ рад — Цæуын æнусон хасты ногæй... Куыд быхсдзæн зæххы бын салдат?.. Миййаг мæхи кæд уæгъды хъарын, — Нæ мысдзæн мæн ныййарæг къуым, Уæд мургай ме ’ртхутæг Малхъарыл, Тыхдымгæ, развæлгъау ныддым!.. 20. 9. 87 Пехуымпар Глупец, хотел уверить нас, Что бог гласит его устами! Лермонтов. Æрлæууы арæх пехуымпар мæ зæрдыл: Нæ баууæндыд йæ зонды дзырдыл лæг... Æмæ цыди уый хурсыгъд зæххыл сæрды, Æмæ лæгæрста арф миты зымæг... Миййаг мæ дзырд, мæ зарджытæ Малхъары Куы фæуой уыцы пехуымпарау раст, Мæ зæрдæ уæд цы ныфсы рухсыл дарон, — Мæрдты бæсты мæ бадомдзæни маст... Æниу нæ уыдтæн пехуымпар... Хуымæтæг Хæххон лæппу — куы хосдзау, куы салдат. Нæ зæххы цинæй зарыдтæн. Иæ мæтæй Мæ цæсты бын уыраугæ цæссыг бадт. Нæ уыд мæ зæрды зонд амонын. Царды Цы зыдтон, уый — нæ адæмау цæрын; Хъызты, кæсдæрау, суг æвæрын артыл, Куысты, куывды та — зарæгау, нæрын. Æз уарзтон а-зæхх, фæлæ ард нæ хордтон, — Мæ уæхсчытыл фиййау лæджы нымæт, Æз зарыдтæн, мæ зарджытæн нæ кодтон Сæ зондджын æмæ се ’дылыйыл мæт. Нæ, пехуымпарыл æз мæхи нæ барын, Йæ зондмæ дæр нæ кæнын æз хæлæг... Мæ иунæг мæт— Кавказы дзыхъ Малхъары Мæ уарзты дзырд куы ферох кæна лæг... 19. 9. 1987
Хайсыны фæстаг хъыг Зæгъынц: Хъайсын, æнкъард ыстихтæ ма фысс, — Æрмæст дæуæн нæу а-дунейыл зын!.. Куыд ис гæнæн, — нæ урссæр хæхты ма мыс, Дæ мады хъыг дæ ма кæнæд тыхсын?.. Куыд ис лæгæн йæхи мæрдадзы кафæн?.. Мæ нымадæй у Царды ’мсæр Мæлæт, Æмæ нæ хъæуы бухъзæрдæ уынаффæ, Куы скъуыйа уд мæлæты тасæй, уæд. Лæгæн йæ цин æмæ йæ хъыг дæр — цардæй. Лæгæн, цы уарзы, ууыл у йæ мæт... Уый нæй, уæд цардæй чи цæуид æнкъардæй, Фыдæвзарæн кæмæ кæсид мæлæт?.. Зæгъынц: Хъайсын, æнкъард ыстихтæ ма фысс, — Дæ урс цухъхъайыл — сау-сауид нымæт!.. Æз та фыссын, куыд амоны мæ намыс, Мæлæты раз дæр раст ныхас — мæ мæт. Уыдтæн æз цæф. Уыдтæн æгомыг хасты. Уæддæр Кавказмæ ’рыздæхын уыдис Мæ уды ныфс... Ныр та мæ урс ныфс хаст у-. Ныр та... Мыггагмæ хицæн — уый мæ рис... Уæддæр зæгъы, — мæлæты кой цæй хæрх у Дæ зарджыты! — мæ хæрзгæнæг йæ фау... Цыма йæхæдæг басгуыхти, мæ тæрхон, Æппынкъаддæр æнæмæлæт хуыцау!.. 18. 9. 87 Денджызы был У денджызы был талынг æмæ афтид. Мæ зæрдæйы фæззыгон мигъ — æрхуым. Нæй ам Хъайсын...'Дунейы рисæй рафтыд Æмæ ныр ис, кæцæй не ’рцæуа, уым... Æрхæндæг урс мигъ — денджызы уæзæгыл. Сæргуыбыр хъæз кæны уынгæг хъæрахст: Хъайсынæн махæй алчидæр лæдзæгæн Бæззцд, фæлæ нæм нал цæуы æввахс!.. Лæууынц хъуымбылсæр уардитæ мæ разы, Хæссынц сæ хъаст, фæсус æмæ фыдох: Нæ къубæлттæ бæргæ бæрзонд ивазæм, Фæлæ Хъайсыны нал уынæм фæсхох... Лæджы хъыгмæ нæй денджызæй къуырмадæр, Фæлæ æхсæв æрсабыр и, фæлмæст, Уæд хъаст кæны: йæ фæдтæ йын нырма дæр Иæ фæластон, — нæ сæ уарзы мæ цæст,., 10
Ис ме ’фсымæр Хъайсын бæрзонд Малхъары, Нæ хъуысы уырдæм денджызæй ныхас... Æхсæвы тарæй сусæг умæл хъары, Мæ цæсты хаутыл цадæг бады хас... 19. 9. 87 Хъайсыны къахвæндаг—мæйвæндаг А море Черное шумит не умолкая... Лермонтов. Æхсæвы цæстæн фурд æрдуз у. Æрвгæронæй фæлгæсы мæй. Иæ зæрин фæд ын Сау фурд узы, Кæны йæ сабийау фынæй. Хъайсыны къахвæндаг— мæйвæндаг!.. Сынкхуыдау денджызыл хæцы. Хъайсын — нæртон салдат, хæстуæндаг, — Чырыстийау уæлдон фæцыд... Фæцыд... Фæсæрвгæрон, Уæларвмæ. Дзырды зæрин чысæй йæ фæд. Йæ разæй — балц æнусты арфмæ, Йæ фæстæ — йе ’хсон уд, йæ мæт. Зæрин дзырдæфтыд у йæ фæндаг! — Бæргæ, фæцæуин æм æз дæр, Фæлæ мæ цардыйас куы фæнда, Нæй уымæн раздахæн уæддæр. Æмæ лæууын æдзæмæй, иунæг, — Мæйвæндаг нæй лæгæн зæххыл... Мæ удæй сагъæсы æхсинæг Иæ фæдыл дондзастæй тæхы. 19. 9. 87
ГУЫЦМÆЗТЫ АЛЕШ РААЗЫРЛТÆ ÆМÆ ЛРГЪÆУТТÆ У ацмысфыссæдусы æвдисæптæ Фыныгъдауæй уыди, æви æцæг — уымæн тæрхонгæнджытæ уыдзæн, фæл’æ фыстон мæ кæцыдæр уацмыс, æмæ æрвылхатт куыд вæййы, афтæ та ныр дæр кастæн мæ хъайтартæм: лæг кæдæмдæр ацыд æмæ хæдзары йæ ус æмæ йæ хæлар баззадысты. Лæджы æрдхорд усмæ цыдæр уæл- дай дзырдæппарæнтæ кодта, æмæ йæм куыдфæстагмæ йæхи бай- вæзта. Хъуамæ йын апъа кодтаид. Усы цæсгомыл нæ зынди æнæразы- дзинады фæдтæ, æмæ æз бамбæрс- тон, ацы дыууæ адæймаджы кæрæ- дзимæ хæстæг кæй лæууынц æрмæст- дæр сæ хæлддзинадæй. Уыцы æдзæс- гомдзинадмæ кæсын нал бафæрæз- тон, мæ фыссын фæуагътон, сыстад- тæн, мæ хъайтарты цурты иуæрдæм ахызтæн, фæстæмæ раздæхтæн, æмæ уыдон куынæ фæчъил сты, уæд мæхи нал баурæдтон — мæ хъайтары рус ныззæлланг кодтон. Иæ рус’ын ныз- зæлланг кодтон, æмæ æрмæст гъеуæд фæхатыдтæн, уый мæ хъайтар кæй у, æз та æрмæст автор кæй дæн, æн- дæр сæм кæй ницы бар дарын. — Бахатыр кæнут, бахатыр,— загътон сын, — уæ кæнон кæнут. Æз æрмæстдæр автор дæн. — Фæлæу, фæлæу, — загъта мын мæ хъайтар, — нæ автор дæ, уый мах дæр æмбарæм, фæлæ мын мæ рус цæмæн ныззæлланг кодтай? — Уый æрмæст дæр афтæ..., — фæ- тыхстæн æз, — æз æрмæстдæр автор дæн. — Нæ, нæ! — скарз ис уый, — Цæ- мæн мæм дарыс хæрам зæрдæ? Ав- тор йæ хъайтарты æмхуызон хъуамæ уарза, ды та? Цæмæн мын ныццав- тай мæ рус? — Нал фæхъуыды кодтон, æз æр- мæстдæр автор кæй дæн... — Ды æнаккаг дæ, — ныххуырста мыл æнаккаг гуымир хъæлæсыуа- гæй. Æз бакастæн, йæ лæджы æрдхорд апъа кæнынмæ кæмæн хъавыд, æмæ æнæразыдзинады фæдтæ кæй цæсго- мыл нæ разынд, уыцы усмæ. Хæдæф- сармдзинадæй ницы зынд йе ууæлты. Уый нæ, фæлæ ма йæ сæрыстыр ахас- тæй æгæр æргом дæр æвдыста, йæ чъизи удыхъæды тыххæй рауйæг, хъаугъа йæ зæрдæмæ иттæг кæй цæ- уы. Уый мæ бамæстджын кодта. — Цæмæн, цæ, æмæ сымах æдзæс- гæмттæ стут! — Цæмæн стæм æдзæсгæмттæ? — Уымæн æмæ уыл æууæнк нæй.. — Æмæ уый кæй аххос у? — Сымах. Ме ’наккаг хъайтар йе ’наккаг æрттæ ныццагъта: — Фæлæу-ма, — фæрсы мæ уыцы дисгæнгæ, — мах дæ хъайтартæ не стæм? — Гъо, — загътон ын æз. — Ды нæ æххуырсгæ нæ бакодтай, цæмæй нын цы дзурай, уый аразæм, ды та нæм кæсай, æмæ цыма æцæг хабæрттæ цæуы, афтæ фыссай дæ уацмыс? — Гъо. — Ацы усы æз зыдтон? — Чизоны æмæ йæ зыдтай, — ды- зæрдыггæнгæ йæм бакастæн. — Чизоны нæ, фæлæ йæ нæ зыд- тон, — фидарæй загъта уый. — Ды мын æй базонгæ кодтай, йæ лæджы дæр мын сæрдхорд кодтай æмæ йын ныр пъа дæр дæ фæндонмæ гæсгæ кæнын! — Æ, æнаккаг, æнаккаг, — схъæр ыл кодтон фырмæстæй, — куыд ын пъа кæныс мæ фæндонмæ гæсгæ? Уæ дыууæйæн дæр уæ удыхъæдтæ ахæм кæй сты, мæ уацмыс дæр ахæм уа- гыл уымæн цæуы. Æз уын у& уды- хъæд фыссын, æмæ сымах та ахæм стут, æххуырсгæ дæр уæ уый тыххæй бакодтон. Ам аххосджын æз нæ дæн, нæ дæр мæ уацмыс, фæлæ сымах, уæ цъаммар миниуджытимæ. Ныр уын 12
æз æндæр истытæ куы аразын кæнон, уæд уыдон кæнгæ митæ уыдзысты, уыдон уæ удыгъæды не сты, мæн та сымахыл ныффыссын фæндыд. Фæ- лæ фаг у. Сымах бамбарынæн бирæ нæ хъæуы. Ныр уæ æнæ уæхи дæр фысдзынæн. Сæрибар стут! — Нæ, — не сразы лæг, — ды нæ куыд æнхъæл дæ, уымэей бирæ вазыг- джындæр уды хицæуттæ стæм. Афæл- вар-ма нæ. — Стæй-ма, дæ хррзæхæй, —загъ- тон ын былалгъæй. Ног сыф рафæлдæхтон æмæ фыс- сын. Ус къæссавæлдæхт фæци, йæхи афтæ- равдыста, цыма йæ лæг йæ хæзгулмæ ацыд, æмæ йæхи кæуынæй мары. Иæ лæджы æрдхорды зæрдæ дæр йæ хъынцъымæй бауынгæг, зæр • дæтæ йын æвæры, рæвдауыны оххыл ын куы йæ сæры хъуынтыл æруадзы йæ къух, куы — йæ фæсонтыл. Кæ- рæдзийыл куы аныдзæвынц, уæд сæ цæсгæмттыл сгуыпп кæнынц æмба- рынгæнæн æртытæ, ахæм æртытæ, æнæфсарм адæймаг æнæфсарм адæй- магæн хицон цæй тыххæй вæййы. Ныр сæм æз кæсын, æмæ кæд дзургæ хæдæфсарм адæймаджы ныхæстæ кæнынц, уæддæр сæ буæртты туг- зилæнты цавæр туг лæдæрсы, уый куыднæ æмбарын, сæ зæрдæты ца- хæм фæндиæгтæ хæлбурцъ кæнынц, уый куыднæ хатын, æмæ мын сæ мидæнкъарæнтæ æмæ сæ ныхæстæ Нырыккон æвзæгтæ Берд царди Чъребайы, æмæ йын зын цæрæн уыди. Уый тыххæй нæ — цыбыркъух кæй уыд. Нæ, аххоссаг уый нæ уыд. Цæввиттон, Берд æр- дзыхъæдæй тынг къумых рахаста нырыккон æвзæгтыл дзурынмæ. Ам сæйраг у, ныхас зæронд æвзæгтæм куыднæ бамбæрстæуа — ирон, уы- рыссаг, англисаг æмæ æндæртæм. Цивилизаци куы сбарджын, уæд адæм фæхæст сты ног æвзæгтыл. Цы • у æвзаг? Æвзаг у, адæмæн дæхи цæ- мæй бамбарын кæнай, уый фæрæз. Ныр æй алчидæр бамбардзæн, ног æвзæгтæ дæр куыд бирæ æмæ вазыг- джын сты, уый: цæстмæхъусы æвзаг, дымыстъæры, спекуляцийы æмæ æн- дæр ахæм æвзæгтæ. Берд ацьт æвзæгты се ’ппæты дæр кæрæдзиуыл ничердыгомау бадынц æмæ мæ фыссын ныууагътон. — Фаг уын у, — загътон сын, — фыст фестут. — Куыд у? — сæрыстыр хъæлæсьь уагæй мæм дзуры ус. — Фидар стут, — бабылысчъилтæ сыл кодта æргомæй. Уыдон мæ хъуыды дæр не ’ркод- той. — Сом дæр та-иу æрбауайæм? — Нæ, нæ! Фыст фестут. Ныр сæ- рибар стут. Ус йæхи бакъæлæсытæ кодта: — Æххæст ма нæ мызд дæр куы базыдтаиккам? — Радиойы уæ радзурдзысты,— загътон сын æз. Лæгмæ уый фаг нæ фæкасти: — Хорз, хорз. Фæлæ нæ, зæгъын, иу бæзджын журналы куы амыхуыр кодтаис. — Цæугæ, цæугæ! — сцагътон сыл мæ къухтæ. Уыдон куы феддæдуар сты, уæд рогæй сулæфыдтæн. Цæмæн хъæуы уацмысы та æвдисæнтæ? Кæй уды- хъæд зоныс, уый афтæ ныффыс, æмæ дын æвдисæнæй куыднæ рагæпп кæ- на, йæхи дын æвдисæнæн куыднæ хъара. Науæд ацу æмæ æнаккæгти- мæ хъаугъатыл схæц. Æмæ кæй удыхъæд нæ зоныс, уый та? Уый тыххæй та дæ ничи фыссæг кæны. Пицунда. 11. 3. 84 æмбæрста, дзургæ та дзы кодта æр- мæстдæр сфæлдыстадон æвзагыл, афтæмæй нывгæнæг уыди. Йæ кол- легæтæ йæ уый тыххæй хуыдтой уæ- дæзонд — еæхицæн сын æй куы ба- фидис кæна, уый тæсæй. Æмæ сын æй фидис дæр кодта, фæлæ уыдон бирæ уыдысты, сæ ныхас тынгдæр карста — æмгæрон æй нæ уагътой нывравдыстмæ. Цы кодтаид Берд? Хæдзар ын нæ уыди, царди æххуырст хатæны, æмæ дзы йæ конд нывтæн æддæмæ рахизын ницы уанæбары æнтыст. Зæронд æвзæгтæ ма куы уыдысты — немыцаг, дзуттаг, ирон æмæ а. д. уæд дæр дзы алчи йæхи хуыздæр æмæ кадджындæрыл нымадта, иу дзы иннæйы дæлдзиныг кодта. Афтæ
йог æвзæгтæ дæр — фыдæлты æнæ- уаг цайдагъдзинæдтæ нæ амардысты сæ зæрдæты. Гъе, æмæ цыдæр фыдбылызæн ацы радзырды æрбамбырд сты æндæр æмæ æндæр æвзæгтыл дзурæг кол- легæтæ. Фысым Берд уыди, уазджы- тæ — Чак æмæ Газакк. Фысым царди къаннæггомау хæдзары, æппынæдзух ахорæнты тæф æмæ тамакойы фæз- дæгæй бындз бат&хьш кæдæм нæ уæндыди. Уазджытæ фысымы фæр- ныгадыл сæ зæрдæ иттæг нæ дард- той, æмæ семæ бахастой цæл кæныны фæрæзтæ. Æртæ дæр уыдысты ныв- гæнджытæ. Æххормаг фысымæн сæ уынд æхсызгон кæй уыди, уый æм- бæрстой уазджытæ, фæлæ æндæр æвзагыл кæй дзуры, уый дæр сæ рох нæ уыди æмæ сæхи рæстытæ кодтой: — Мæлын, — загъта Чак, æмæ фы- сымы ногæхсад хæдонæй йæ цæс- гомы хид асæрфта, — æддейæ æвзæр уæлдæф ис. — Раст дæ, — сразы фысым, уазæ- джы къухæй йæ хæдон райста, æмæ йæ ’скъаппы бафснайдта, — æвзæр уæлдæф ис æддейæ, лæджы хæдза- ры бадын нæ уадзы, æддæмæ йæ сайы. — Пик Лассо1, — дзуры йæм Га- закк,— абон хорз бон у, сæдæ сомы аргъ плакаттæ сарæзтон. — Халт Рура2, — арфæ йы« кæны фысым, — æнтыстджын у. — Рем Берант3, — зæгъы Чак, — уæлахиз уæд не ’рбадт. Уазджытæ, фысым сын се’лхæд хуынæй æгæр куы фæхъауа, зæгъгæ, уый тæсæй рæвдз æвнæлдтой фынг- мæ. Сыкъа исыны рæстæджы сæ къухтæ уæзданæй сæрфтой фысымы хуыссæнæмбæрзæныл. Бадгæ сынтæ- гыл кодтой. Уазджытæй зæгъын. Сæ размæ мольбертыл ауыгъдæй лæу- уыд суинаг ирон бæгъатыр. Моль- берты фæстæ, къулгæрон, тæмæнтæ калдта егъау полировкæгонд скъапп. Къултæй, скъаппы сæрæй æмæ къуымгæрæттæй лæджыхъæды æх- сарджын æнгас лæвардтой Берды арæзт нывтæ. Афтæ зынд, цыма ха- тæн адæмæй йæ тæккæдзаг у: хæстон, гæрзивтонг адæмæй. Уыдон та ныв- тæ уыдысты. Фынгыл цы авг уыди, уый йæ сæ- рыл хъен куы алæууыди, æмæ сы- 1 Пик Лассо (хъазг.) — ома Пикассо. 2 Халт Рура (хъазг.) — ома Халтурæ. 3 Рем Берант (хъязг.) — ома Рембрант. къамæ йæхи куы ныллæмæрсМ, уаёд фысым скъаппы дуæрттыл рахæцыд, Скъаппы йæ хиды мæцыд æртæли- труат банкъæ, æдзæсгомæй дзы калд арахъхъы тæф æмæ йæм фынгæй сыкъа йæ сохъуыр цæст ныдздзагъыр кодта. Уазджытæ банкъардтой уалдзæ- джы комы тæф. — Халт Рура, — фæрсы фысым, —- баназæм ма? — Баназæм, — сразы Газакк. — Нывгæнæг цæмæй йæ куыстмаё искæй цæстæй æрбакæса, уый тых- хæй йæм æмбæлы баназын, — загъ- та Чак. — Мæнæ Пик Лассо дæр йæхимæ кæддæр куы æрбакаст, — фыдаудæн кæны Газакк, — фыдрасыг фæци, æмæ айдæны йæхи нал базыдта: уæр- тæ, дам, цы оригиналон тип ис. Са- рызта йын йæ ныв. Райсом æм куы æркаст, уæд йæхи базыдта æмæ йæ- хицæй ныббуц — æгайтма, дам, ды- соны зæрдæмæдзæугæ адæймаг мæ- хæдæг разындтæн. — Халт Рура, — бахудæнбыл Берд дæр, — ды дæр куы сарæзтай иухатт дæ ныв, расыгæй... Ам уазæг банкъардта фæззыгон мигъы уазал. — Пик Лассо! Фидистæ та рай- дыдтай! — Фидистæ? — Гъо. Хæрзгъæд удыхъæд бирæтæн ис. Нозты тыххæй зæгъын. Стыр курди- ат æм ис. Йæ уды фарн нæма раргом, æндæра зæххыл цы нырыккон æв- зæгтæ ис, уыдон се ’ппæты дæр зоны. Зæрдæргъæвд у, кæй хуылфмæ ных- хизы, уайтагъд уый æвзагæй сдзуры. Стæй йæ уæнгты æппынæдзух æвзон- джы туг хъазы, абухын æй фæнды. Ныхас нозтыл у. Ныр дæр та аф- тæ бакодта: фынгылбадджытæн сы- къагай уæрст нæма фæци, афтæ сæ алкæй æвзагæй сдзырдта: — Пик Лассо, — æвварс кæны Чак, — ма та змæнт! — Æз? — Гъо. Ам Берд, æцæгдæр, фидис бакод- та. Фидисы сæр та йæ уазджытыæп- пындæр ницæмæн хъуыди. Æнгæс- æнгæстæ адæймаг æмæ цæрæгойты ’хсæн арæх вæййы. Газакк расыгæй 14
сарæзта ныв, йæхи ныв. Стыр мæт æмæ дзы дунейы сагъæс хъуамæ рав- дыстаид. Ныв нæ фесгуыхт — дык- каг бон æм куы æркаст, уæд дзы йæ- хй хуызтæ ницы уанæбарæджы раир- тæста, фæлæ дзы фындзуагъд гогы- зы хуызтæ бирæ уыдй. Æмæ цы! — гогызы хуызы дæр ис равдисæн адæймаджы сагъæссаг удыхъæд. Цыдæр хæххытæ ма йæм бафтыдта. Рауад дзы замманайы гогыз. Рав- дысты йын æй балхæдтой. Æппæлгæ дæр дзы ракодтой. Æгæрыстæмæй — Берд. дæр. Уæд Газакк йæ цин- зæрдæйæ Бердæн схъæр кодта йæ шедевры райгуырды сусæгдзинад. Ныр ын æй фидис кæны. Æмæ уаз- джытæ бамæстджын сты. Ноджы сæ нозт дæр сусæгæй ссы кодта. — Æвæдза ды лæхъугайкхор дæ, — ныххуырста йыл Газакк. Чак йемæ сразы. — Мæнмæ гæсгæ, лæхъуг æйчытау уæ нывтæ сты, — худти сыл Берд. Газакк фырмæстæй йæхи сæр аны- хыны бæсты Чакы сæр аныхта. — Байхъус-ма, пехуымпаргонд, — баздæхти Бердмæ, — аивад цы у, уый зоныс? Æцæг аивад адæмы хъуамæ рухс цардмæ хона царды æнтъыснæгæй... — ... Рæсугъддзинадмæ, —бараст æй кодта Берд. — ... Рухс цардмæ! Рухс фидæнмæ! — дарддæр дзырдта Газакк, — ды та? Цы у де сфæлдыстады миднс? Бакæс-ма дæ нывтæм, кæддæра се ’ппæт дæр сыгъдæг æрхæндæгæй се- мыдзаг не сты! — Ды раст дæ, — йемæ сразы Берд, — ме сфæлдыстад æрхæндæджы æу- уæлтæй цух нæу. Сымах дзы æрмæст уый уынут. Раст ма афтæ сывæллон дæр Байроны æмдзæвгæты чиныджы ссары æрмæстдæр иунæг иу зонгæ дамгъæ: бады æнæмбаргæ саби йæ- хицæн, фæлдахы Байроны æгъуыста- джы æмдзæвгæты чиныг æмæ дзы иу зонгæ дамгъæйæ дарддæр ницы уыны. Æндæр дзы агургæ дæр ницы кæны. Цæмæн? Уымæн æмæ уыцы д^амгъæйæ дарддæр иннæты зонын- хъом нæу. Иæ чысыл зонд æндæр нæ ахсы. Уыны иннæ дамгъæты дæр, фæлæ уыдон зонынхъом нæу йæ чы- сыл зонд. Æмæ мæгуыр саби йæ зон- гæ дамгъæты æфсымæрты базонын- хъом кæм нæу, уым куыд бамбар- дзæн: уыцы дамгъæтæ кæрæдзийы фæдыл алыгъуызæттæ æвæргæ кæй сты æмæ сæ хъомысджьш нЫхæст& кæй рауайы; уыцы ныхæстæ ацы чй- ныджы кæрæдзи фæстæ афтæ дæсны æвæрд кæй сты, æгъуыстаджы æм- дзæвгæтæ сæ кæй рауад. Кæй зæгъ- ын æй хъæуы, мæгуыр сабийæн уы- дæттæ йæ фæсонæрхæджы дæр не сты. Афтæ сымах дæр! Уыцы саби- йау, сымах дæр ме сфæлдыстады уы- нут иунæг иу зонгæ дамгъæ. Æмæ, æгæрыстæмæй, уыцы зонгæ дам- гъæйы дæр формæйæ цы зонут, æн- дæр ын йæ нысаниуæджы ахадын- дзинад не ’мбарут: уыцы зонгæ дам- гъæйы дæр, сæрбахъуыды рæстæджы хицæн æмæ хицæн рæтты æмбæлон ран æрæвæрын хъæуы. — Лæхъугайкхор у, — фидарæй загъта Газакк, — махыл худы, афтæ- мæй йæ хæдзар уынгæй афтиддæр у. Æниу ын цæй хæдзар ис! Адæм дæ æххуырсты куынæуал уадзиккой, уæд куыд кæнис? Уынджы джитис! Æниу ныр дæр дæ къуым æмæ уынгæй ни- цы хъауджыдæр ис. Ам се ’взæгты хатт кæрæдзийæ аф- тæ тынг адард, æмæ сæ фысым æф- хæргæ цæмæй кодта, уый уыдон та æппæлыны хуызы истой. Уазджыты æфхæрæн ныхæстæ та фысыммæ кас- тысты æппæлдау. — Сымах стут, бæхы марды чи сæвзæрд, ахæм быр, — загъта сын уазæгсур фысым, — хæрут уыцы смаггæнаг бæхы фыд, æмæ райгонд стут уæ цардæй. Нæ зонут, уыцы æм- быд бæхы буар куы фегом кæнай, уæд æдде бынтон æндæр цард кæй ис, дуне дзы ирд кæй у, рухс дзы сæ- дæгъуызтæй кæй хъазы, уыцы рух- сы бын æндæр фæндиæгтæ кæй ис. Сæ кæрæдзи ныхас кæй нал æм- бæрстой, уый сæм хъыг æркасти, æмæ æрхъавыдысты кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ тымбылкъухæй бамбарын кæнын, фæлæ фысым æгæр фыд-зы- къуыр уыд, æмæ сын йæхи ныхас куы сразæй кæна, уый тасæй уаз- джыты нал бафæндыд. Хъыгзæрдæ- йæ рацыдысты сæ фысымæй. Берд иунæгæй баззад. Хъыг ын уыдысты йæ уазджыты ныхæстæ, æмæ сызнæт. Арахъхъы баззайæц- цæгтæ банкъæйы хъуырæй йæхицæн ныххæлар кодта. Ницы, дам, дын ис! Ау куыд ни- цы мын ис! — æмæ йæ кæуындзæг 15
йæ хъуырмæ ссыд. Агуырдта къуым- ты цæстæнгасæй... æмæ йæ цæст схæ- цыд скъаппыл. Скъапп нæл бæхы лæуд кодта къулгæрон, сæрыстырæй каст, уазджытæ кæуылты ахызтысты, уырдæм. — Ай ме скъапп нæу? — цинæй марди Берд, — Уæд та, дам, дæ йæ хæдзармæ ничиуал бауагъта. Мæн никæй хæдзар хъæуы. Ай ме скъапп у! Ахæсдзынæн æй, искуы йæ æрæ- вæрдзынæн æмæ уым цæрдзынæн. Дзабырхуыйæджы будкæйæ та æв- зæрдæр у! Мæн никæй хæдзар хъæ- уы. Ай ме скъапп у, æмæ æз ам фы- нæй кæнын. Дарæсауындзæн цæстмæ бахызт æмæ дзы сбадт. Дуар йæ фæстæ къæпсырæй æрæхгæдта æмæ уым, хъуыр-хъуыргæнгæ, бафынæй. ...Фын уыдта, цыма амарди. Чак æмæ йын Газакк йе скъаппæй мар- ды чырын сарæзтой. Чырын, хæр- хæргæнгæ, аластой уæлмæрдмæ, æмæ Кæйдæр аууон I Зæронд зонгæтыл фембæлынмæ алчидæр йæхирдыгонау бацæттæ кæ- ны йаехи. Зæрдæлхæнæн лæвæрттæ æмæ рæвдауæн дзырдтæ дæлдзæх фод, фæлæ сæ фембæлды стыр цин куыд хуыздæр’ равдисой, уый сæ утæхсæйнаг фæкæны. Сбад айдæны раз æмæ æвзар: цахæм æнгас дын рафидауын кæндзæн дæ цæсгом. Рæ- сугъдхъуаг цæсгæмттыл цины тæл- мæнтæ нæ фидауынц, фыдуындæй разыны цæсгом, æмæ сæ бирæ фæл- варæнтæ бахъæуы, хиуылхæцгæ зонд- джын æнгасы цин дæр кæм равди- сой, ахæм æнгас æрцахсынæн. Но- джы йæ уый фæстæ цалдæр хатты сфæлхатт хъæуы, цæмæй сæ ма фе- рох уа. Уый — рæсугъдхъуаг адæм. Фæла рæсугъдты та уæлдай тынгдæр тых- сын кæны дисгæнæджы æнгас: иуæй сыл фидаугæ нæ кæны, иннæмæй та сæ цæсгæмттыл дисы æууæлтæн ра- ’хатæн нæ вæййы. Бынтон æндæр хабар у, мæт рав- дисын кæм хъæуы, ахæм хуыз сса- рын. Рæсугъд цæсгомыл уайтагъд- дæр фæбæрæг вæййынц масты ны- сæнттæ, сæ рæсугъд цæсгæмттæ но- джы ныррæсугъд вæййынц, æмæ уый тыххæй бирæ уарзынц ацы æнгас. 16 _ йæ уым ингæны ныппæрстой. Сы- джыт ыл ныккалдтой. Хъуыста сын сæ ныхæстæ: «Арт ыл цæмæй скæ- нæм?» «Йæ нывтæй». Систой йын йае нывтæ, ныскъуыдтæ сæ кодтой æмæ сыл арт бандзæрстой. Бердæй ферох, мард кæй у, фæгæпп кодта, æмæ чы- рыны фæрстыл ахæцыд. Чырын кæ- дæмдæр атахт æмæ Берд асæрби- хъуырой кодта... Æрдæбон дæр ма къулгæрон нæл бæхы лæуд цы скъапп кодта,. уый ныр æмпъузæнау нытътъæфс астæр- дыл. Каеуын нæ зыдта, аендæра нык- куыдтаид, ахæм æвирхъау.цæф æр- кодта йæхи. Зæрдæйы тугтæ тагъ- дысты йæ тæригъæдæй. Фæлæ уый мард уыди, удæгас лæппу баззад — марды чырынæй сыстынæфсон, скъаппы чъылдым стыдта, æмæ йе ’мбæрц куы слæууыд, уæд къуым- ты ахæм сæрыстыр цæстæнгас ахас- та, цыма бердзейнаг хъæбатыр Тро- яйы пырхæнтыл лæууыд. Ам рæсугъдхъуаг адæмтæ даер ит- тæг нæ батыхсынц: ахæм æрхæндæг разыны сæ зондджынгъуыз цæсгæм- ттыл, æмæ семæ ныхасгæнæг йæхæ- дæг дæр æраенкъард вæййы сæ уын- дæй. Сомихаг чызг Лейлæйæн йæ фæ- сонæрхæджы дæр нæ уыд ахæм ге- нералон репетици скæнын, Мæскуы- мæ æрцæуын куы бафæнд кодта, уæд Мæскуыйы иу-цалдæр боны цы æм- дзæрæндоны аззайдзæн, уым ын студентты фылдæр зонгæ кæй у, æгæрыстæмæй дзы кæмæндæрты цы- дæртæ аласинаг кæй уыд, ууыл дæр нал ахъуыды кодта йæ фæндаджы размæ. Никæй уындмæ дзы тагъд кодта, нæ дæр йæ мадызæнæг Вага- ны уындмæ. Цæмæй зыдта йæ мад, Лейлæ Мæскуыйыл акæндзæн йае фæндаг, æндæра уый та Ваганæл торнейыфых луаситæ арвыстаид —- бирæ сæ уарзы. Æцæг, Лейлæйы ах- хос дæр ницы уанæбарæджы уыд, æвиппайды фæцæуæг Мæскуыйыл. Уый размæ бæстон аскъуыддзаг кодта, Мæскуыйыл кæй нæ ацæу- дзæни: миййаг, ууылты кæй тыххæй цæуы, уый уым куынæ уа. Стæй... уым куы уа, уæд дæр адæймаг йае сæр хъуамæ цъыфы ма æвдула.
« — Цæмæн хъуаМæ уон искæй хъуы- дытæн худæджы хос?» Афтæ хъуы- ды кодта Лейлæ йæ фæндаджы раз- мæ, афтæ хъуыды кодта билет æл- хæнынмæ рацæугæйæ дæр, æмæ æгæрыстæмæй — къассæмæ æхца куы балæвæрдта, уæд дæр. Æрмæст дзы æнæнхъæлæджы сирвæзт: «Мæс- куымæ». Фыццаг йæ рæдыд нæ фæ- хатыд, стæй йæ куы фæхатыд, уæд- мæ йæм къассир билет ралæвæрдта. Баивынмæ йæ хъавыд, фæлæ йæ цæсгом нал бахъæцыд. Куы ма йæ загътон: æппæтмæ дæр йæхи рагацау чи бацæттæ кæны, Лейлæ ахæм чызджытæй нæу. Æмæ ныр дæр, æмдзæрæнмæ куы бахæц- цæ, уæд фæхъуыды кодта — йæ зон- гæтаем афтидæй бацæуын аив нæу, стæй йе ’рбацыды тыххæй дæр ис- ты æфсон æрымысын хъæуы (адæм диссаг сты — хъуамæ хынцфарстыл схæцой!). Уынгæн иннæ фарс уыд гастро- ном, æмæ дзы дыууæ шотландиаг вискийы балхæдта, балхæдта ноджы- дæр дыргътæ æмæ та æмдзæрæндо- ны дуар куы бакодта, уæд йæ зæр- дыл æрлæууыд — исты æфсон æй ссарын кæй хъуыд йе ’рцыды тых- хæй. Æвæццæгæн, вахтæйыбадæг сыл- гоймагæн, æцæгæйдæр, æхсызгон уыд чызджы фенд — сæдæ фæндзай килойы уæзæн ацæргæ ус сыстын- мæ дæр нæ базивæг кодта: — Ах! Лейлæ? Мæ уæздан чызг. кæцæй фæдæ, хъæбул? — загъта вах- тершæ æмæ чызгыл атыхсти. ...Адæмы уæлдай нывгæнджытæм ис ахæм сæрмагонд миниуæг: иннæ адæмты цæсгæмттыл кæй нæ фед- той, ахæм исты хицæндзинад фæа- гурынц сæ ног зонгæты цæсгæмттыл. Чизоны, сæхи дæр нæ фæфæнды, фæ- лæ фыццаджы-фыццаг бафиппайынц, уыцы галстукы хуыз уыцы хæдони- мæ кæй нæ фидауы, гъе уыцы чыз- гæн йæ бур сæрыхил гæзæмæ сырхбын кæй дары, æмæ йыл сырх кофтæйы бæсты уардигъуыз хуыз- дæр кæй рафидауид. Ацы сылгой- маг та, вахтершæ, ам ссæдз азы бæрц кусы — нывгæнæн академийы æмдзæрæндоны. Лейлæ йæхæдæг дæр ам ахуыр кодта. Вахтершæ аф- тæ сахуыр студенттыл, æмæ йæ ны- хасыздæхт йемыдзаг уыди нывгæн- джыты лексикæйæ. Ныр дæр бафип- пайдта, Лейлæ зынгæ кæй фаёх&рз- хуыздæр, Рафаэлы мадоннæтæн рæ- сугъддзинадæй кæй ницы ауадздзæ- нис, стæй йын бауайдзæф кодта, фæ- сивæдæн арæх сæ цæст бирæ цыдæр- тæ кæй нæ фиппайы, æндæра ахæм рæсугъд уæвгæ, нырмæ йæхи ныв цæ- мæннæ скодта? Æрымысыд ын, Ру- бенс-иу ахæм рæсугъд сылгоймæг- ты базæртты дæр кæй агуырдта. Нæ йæ бафæндыд басусæг кæнын, уый дæр а-фæстаг рæстæджыты кæй фæ- аразы нывтæ, æмæ йын дзы бирæ- тæ мæлæты хорз кæй рауадысты. — Дæ пончо дæр замманайы фæ- лыст у. Хорз æй равзæрстай дæ цæс- гомы хуызмæ: дæ сæрыхъуынтæ дæр сау сты, стæй цæсгомæй дæр сау- лагъз дæ, ноджы дæ хур дæр ба- сыгъта. Нæ, бæстон æвзæрст у дæ цæсгомы хуызмæ. Æрмæст сау сви- тримæ нæ фидауы, нæ дæр джинс хæлафимæ. Бирæ хуыздæр уыдаид сау хæлаф фæтæн ронимæ æмæ урс свитр. Уый æндæр хабар у. Ахъуы- ды-ма кæн: сау сæрыхил, сау пон- чо, сау хæлаф, æмæ æвиппайды — урс-урсид свитр! Замманайы фидыд ракæнис ноджыдæр. Æз дын æй ком- коммæ зæгъон: зондджын сылгой- маг æрмæст йæ уындæй нæ, фæлæ дарæс куыд кæны, хъуамæ уымæй дæр æртасы.н кæна нæлгоймаджы зæрдæ. Цы дыл фидауы, ахæм да- рæс æвзарын дæр аивад у! — Æмæ æз æппындæр куынæ бæллын, цæмæй мæ бирæ лæппутæ уарзой. — Уæд цæмæннæ, хъæбул? Дæ зæрдыл дар: цас дæ фылдæр уарз- джытæ уа, уыйбæрц тыхджындæр дæ. Ацы ныхæсты онг Лейлæ æнувы- дæй фæлвæрдта вахтершæмæ хъу- сын, мæнæ хивæнд сывæллон йæ ный- йарджыты зондамонæнтæм куыд фе- хъусы, стæй ма йын уыдта æрмæст йæ былты змæлд, фæлæ йемæ кæй ныхас кæны, уый дзы ферох. Раст зæгъгæйæ, чызгмæ уыди ахæм кур- диат, æмæ искæй ныхасмæ кæрон- мæ байхъуса. Фæлæ фæстаг рæстæ- джы æндæр хъуыдытæ схæлбурцъ кæны йæ риуы, уæд йемæ ныхасгæ- нæджы хъæлæс нал фехъусы ив- гъуыд зæлты ’хсæн. Ацы хатт ив- гъуыд зæлтæ нæ хъуыста, нæ хъуыс- та зæронд вахтершæйы ныхас дæр. Æрмæст æнкъардта ахорæнты алы- гъуызон тæф, афтæ бирæ цы нывы уарзы, уый нывгонд кæмæй æрцыд, ^. Журн. «Фидиуæг» № 6 17
уьйщ ахорæнты тæф. Ныв газеты тыхтæй æвæрд уыди йæ чумæданы, ахорæнты туаг тæф та зылд йæ алы- варс, афтид уæлдæф нывæфтыд уыд уыцы ахорæнты хуызтæй. Уый уыд- та æрмæстдæр Лейлæ, æндæр ничи. Уæлдæф афтæ кæркæ-мæркæйæ арæх айтынг вæййы Лейлæйы цæсты раз, стæй куы æрчъицы, уæд фены йæ алыварс аууæттæй хуртуангонд æгъуыз дуне. Дуары хъыррысты цыдæр ныфс æвæрд уыди Лейлæйæн, æмæ йæ алы уынæр йæхимæ здæхта чызджы цæс- тæнгас. Дуарыл æддæмæ-мидæмæ кодтой зонгæтæ, æнæзонгæтæ, æмæ... æндæр ничн. II Дыууæ лæппуйы хъазыдысты шахмæттæй. Солтан æмæ Лейлæ бадтысты фынджы фарсмæ, æмæ цæуылдæр дзырдтой. Дыууæ лæп- пуйы сын сæ ныхасмæ сæ хъус дард- той, дыууæ дæр æнхъæлцау уыдыс- ты — Лейлæ æмæ Солтанмæ Хазби- йы тыххæй ныхас æрхаудзæн. Уаты- бадджытæй алкæй хъус дæр ахста къæлидоры Цæуджыты къахдзæфты уынæр. Алчидæр сæ.æнхъæлмæ кас- ти дуары æрбайгоммæ. Чизоны, бын- тон афтæ нæ уыд, фæлæ Лейлæмæ афтæ каст. Лæппуты цæсгæмттыл уыдта сусæг мидбылхудт, æмæ æнæ- рхъæцæй æнхъæлмæ каст дуары æр- байгоммæ. Дуарыл зынæг нæ уыд, ашæ сæ ныхас дарддæр кодтой. Сол- тан дзырдта, Лейлæ хъуыста, хъуыс- той дыууæ лæппуйы дæр: Ваган æмæ Хазби фæсгорæт хæдзар кæй бах- хуырстой, тынг хорз бынат кæй у, кусынæн хуыздæр бынат ссарæн кæй нæй. Хъуыста Лейлæ æмæ банкъард- та: йæ улæфæнтæ хъылмайы ад кæ- нынц. Йæ комыкъултæ дæр сты маст. Хатыд ноджы: Лæппуйы цæстæнгас цыхцырджытæй кæй лæдæрсы йæ уæнгтыл æмæ уыцы хъармæй йæ ных хиды стъæлфæнтæ кæй æппары. Лейлæ комкоммæ каст Солтаны цæстытæм. Иæ хъуыды, сабийы æр- хæндæгау, уыди рæсугъд, æмæ уыцы лæппуйы сконды бафиппайдта ца- вæрдæр хи туг, хи стæджы аудын- дзинад. Æмæ уыцы æнкъарæнæй йæ хъуыдыты дæр нæ фефсæрмы, стæй йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, æмæ йæ хъуыдыйы фефсæрмы уа. Нæ дæр нскæй ном æрлæууыд йæ зæр- дыл, цæмæй йæ хъуыды йæхи цæст- мæ бадардтаид. Никæй ном æрлæу- уыд йæ зæрдыл — уымæн æмæ уы- цы ныхасы дæргъы чызг Хазбийы йæ цуры хатыд æмæ ууыл хъуыды кодта. Солтаны ныхæстæ йын уы- дысты ныфсæвæрæн. Къæлидоры та хъуыст кæйдæр къæхты уынæр. Лæппутæ цыдæртæ дзырдтой, чызг сæм фæлвæрдта хъусын, æмæ мысыд ивгъуыд адджын минуттæ. Нæ йæ фæндыд, æмæ исты маст æр- лæууа йæ зæрдыл. Стæй ахæм мы- синæгтæ ныртæккæ сæхæдæг дæр йæ тæфтыл нæ цыдысты. Уый мы- сыд, Хазбиимæ зæрдæбын ныхасы кæй цыбыр кодта, уыцы тæхудиаг рæстæг, байрох дзы ис ацæуæг бон- ты утæхсæн дæр. Иæ сæры змæлы- дысты йæ амондджын рæстæджы скъуыддзæгтæ, уыдон æрыхъал код- той æппæт ацæуæг цинты мисхалы уонг, æмæ йæ бафæндыд дзурын æмæ дзур;ын кæддæры загъд ныхæстæ, æвæллайгæ хъусын уæды фехъусгæ ныхæстæм. Йæ уды сусæг рæвдауæн- тæ-иу фескъуыдысты шахмæтты хус къæрцмæ. Æмæ йæ бафæндыд иунæ- гæй, зыбыты иунæгæй нывæндын йæ адджын хъуыдытæ. Сыстад, æмæ хæрзæхсæв загъта лæппутæн. .— Æхсæвбынат дын ис? — ба- фарста йæ Солтан. — Ис. Ам, æмдзæрæны, уазæгуа- ты номыр райстон. — Цом, ахизын дæ кæнон дæ уат- мæ. III — Мæ сæры бацыд уыцы сæн, — хуыссæнтыл йæхи æруагъта Лейлæ. — Тынг дзæбæх дæ, — йæ фарс- мæ æрбадт Солтан. — Уыдтæ Хазбимæ? — Уыдтæн. — Æмæ цæмæннæ æрбацыдыс- ты? — Нæ сæ равдæлд. Ардæм, дам, æрцæуæд. Æмæ чызджы æвиппайды æр- фæндыд хъæрæй ныккæуын. Фæлæ( кæугæ не скодта. Лæппуйы хъæлæс æм фæкаст гуымир æмæ æлгъаг. Стæй лæппу йæхæдæг дæр. Солтан æм аудгæ каст, æмæ йæ дзырдтæ чызджы хъуыдыты зæлыдысты æнæ- уынон зæлтæй. Уыцы зæлты æдде кæмдæр, дард кæмдæр ноджы зæ- 18
ЛЫДысты, удæн Цйй чи йæ хаста, ахæм зæлтæ, æмæ лæппумæ йе ’нæ- уьшондзинад æрфæлмæн, стæй бын- тондæр байсæфт. Иæ бæсты та чыз- джы риуы баззад сатæг уæлдæф. Ныр ын уæддæр æхсызгон уыд, Сол- тан йæ цуры кæй бады. Чызджы фæндыд ныхæстæ кæнын: — Солтан. __ ? — Цæмæйдæр дæ хъуамæ бафæр- сон. _ ? • —; Зæгъ-ма, дæуау уый бон цæ- мæннæ у адæймаджы бамбарын? — Нæ зонын, Лейлæ. -^ Чызг йæ цæсгомыл банкъард- та лæппуйы комытæф, æмæ йæм скаст. Уый æртасыд йæ нывæрзæн- мæ. Иæ цæстытæ уыдысты стыр æмæ æрхæндæг. Йæ ныхыл æрзæбул йæ бецыччы хъуымбыл, æмæ хаста ау- уоны тæф. Хатæны та уыдис тæвд, æмæ æгуыппæг. Лæппуйы цæстытæ цырагъы рухсмæ стъæлфæнтæ æп- пæрстой, æмæ сæ чызг йæ цæстæнгас ратыдта. Æнахуыр æнкъарæн, зыр- зыргæнгæ, тæлфыд йе уæнгты, лæп- пу та дзырдта цыдæртæ æмæ чызг- мæ хъуыстысты фынæйы мигъзонд- мæ хъуысæгау. — Солтан, ацу уæхимæ. Расыг дæ. — Лейлæ, цæмæн мæ сурыс? — Ацу уæхимæ, ма мæ скæуын кæн. — Лейлæ, цæмæннæ у дæ бон ис- кæй бамбарын? — Ныууадз, Солтан, хорз æй куы зоныс — æндæр кæйдæр уарзын. — Лейлæ... — Ацу баулæф. — Æмæ афтæмæй дæхæдæг до- мыс, цæмæй дæ исчи бамбара? Чызг скуыдта æмæ комкоммæ скаст лæппумæ. Лæппуйæн йæ цæс- тытэе уыдысты уымæл — афтæ фæ- каст Лейлæмæ — æмæ йын фæтæри- гъæд кодта, йæ хъуыдыты норсты та тæригъæд кодта йæхицæн. Йе нкъарæнтæ кæд уазал уыдысты, уæддæр йæ хъуыдытæ змæлыдысты, æнхъæлмæ каст цыдæр мæгуырау хабармæ, æмæ уый тæсæй йе уон- джы мигъ бадт. Хатæны та уыд æнуд æмæ уазал. — Ацу баулæф. Лæппу йæм каст гобийæ. — Кæннод мæхæдæг цæуын, — сыстад Лейлæ. — Лæуу. — æн&нхъæлæдЖы сра- зы лæппу. — Лæуу, хæрзæхсæв рау. Æмæ рацыд. — Эхх, Лейлæ, Лейлæ — сдзырдта та къæсæргæрон, — Эхх, Лейлæ, Лейлæ. — Сфæлхатт та код- та ноджыдæр æмæ дуар рахгæдта. Къæлидоры уыд рухс. Кæцыдæр хатæны чидæр цагъта пластинкæ, æмæ сæ уынæр рæдывта æддæмæ. «Поздно, поздно, любить тебя позд- но» — базарыд лæппу, æмæ стыр ци- нимæ фæхатыд, къæлидоры уæлдæф куыд рог æмæ сатæг у. IV I Лейлæйы та фæндыд кæуын, æмæ йæхимæ мæсты кодта, цæссыг дзы кæй нæ хъары. Йе ’нкъарæнты æвæн- дæй йæ банкъарын фæндыд йæ уды цавæрдæр стыр мæт, уый мисхалы онг йæ цæстыты раз æвæрын фæл- вæрдта æмæ йын не ’нтыст. Фæндыд æй хъынцъым кæнын, йæ буар та аф- тид уыд масты æнкъарæнтæй. Цыдæр æнæрахатгæ цин æм фæлмæн æмæ хъарм, мидбылхудгæйæ, худт. Иæ зæрдæ уыд рог, стæй йæ уæнгтæ дæр, æмæ йæ фæндыд ныппæрæст кæнын, искуыдæм атæхын арвы цъæх мæ- рамæ. Æппæт уыцы æвæлмон цин йæ риумæ лæдæрст йæ уды æвæндо- нæй, æмæ йæ хъуыдыты нæ саст йæ æнæхонгæ циныл. Фæндыд æй æр- хæндæг хъуыдытæ нывæндын: æна- монд боны гуырд кæй у, хъынцъы- мæй дарддæр кæй ницы бавзæрста ацы царды, æмæ ноджы бирæ цæуыл- дæрты. Кæмдæр та, арф, йæ зæрдæ- йы рæбын, æрвæрдынтæ нывæста ца- вæрдæр райгæ сæрыстыр. Уыцы æвæ- лмон сæрыстыр æм æрцыд æнæба- фиппайгæйæ. Æмæ-айдæнмæ йæ цæс- гомы хуызыл, цинтæгæнгæ, йæ зæр- дыл æрлæууыдысты вахтершæйы ньр- хæстæ. Уæд уыцы ныхæстæм хъуыс- та фæччыгъæдæн, ныр та сæ зæлтæ чызджы удæн уыдысты адджын æмæ æхцон. Хъуыста ноджыдæр Солта- ны ныхæстæ, æмæ йæ цæстыты раз авæрдта: Хазби лæууыд дуаргæрон, хъуыста сын сæ ныхæстæм, æмæ ад- джын мидбылхудт кодта, стæй нал бабыхста, æрхауд Лейлæйы раз, æмæ, йæ цæссыгтæкалгæ, ныллæгъс- тæ кодта: — Ныххатыр мын кæн, Лейлæ, Ныххатыр мын кæн ме ’ппæт фыда- удæн дæр, Лейлæ. Æз уый æнхъæл никуы уыдт^н, яемæ мæ афтæ уарзыс 19
Æз аххосджын д&н, Лейлæ. Æз та дын дæ удæй хъазыдтæн... Æмæ уыцы ныхæстæ лæппу дзырдта тынг аив, уæлдайдæр та йæ ном — Лейлæ! Чызг æм иудзæвгар фæкаст, æлхынцъæрфыгæй, стæй... стæй йæм фæлмæн йæ мидбылты бахудт. Стæй... Æмæ чызг æхсызгон мид- былхудтæй худт. Айдæнæй та йæм каст цавæрдæр æгъуыстаджы фидыц- джын сконд, уый йемыдзаг уыд алæ- мæты сусæгдзинæдтæй, уæздан æмæ зæрдæхæлар æнкъарæнтæйуæфт æмæ хаста амонды тæф. Чызг бирæ-бирæ рæстæг цин код- та айдæнмæ йæ хуызыл, стæй йæ да- рæс раласта æмæ схуыссыд. Иæ буар уыд хæрзконд, мæйы тынтау, фæ- лурсбур, æмæ дзы калд уæздан пъа- ты тæф. Афтæ каст Лейлæмæ. Хъæц- цулы бын йæ буары хæрздæфы хъарм æнкъардта, æмæ æваст цæ- мæндæр тынг батæригъæд кодта фыд уынд чызджытæн. Ныр йæ зæрдыл æрлæууыдысты исты хъазтизæры рæстæджы рæсугъдхъуæгты ссæст- гъуыз, сæ хъыгæнгас. Æмæ йæ зæр- дæйы рæбын уыди маст дæр æмæ æхсызгондзинад дæр. Уый ма хъуыды кодта ноджыдæр бирæ цæуылдæрты, хъуыды крдта сомЫ фембæлдыл:' Хазбиимæ бад- дзысты дачæйы раз, бæлæсты бын. Стыр мæй дзедзырой кæндзæн æрв- далынгты, уыдон та ныхас кæндзыс- ты цæуылдæрты, бирæ цæуылдæрты. Хазбийы фæнддзæн ууыл атыхсын: æхсæв та афтæ адджын уыдзæн, аф- тæ рæсугъд тæмæн калдзæн, æмæ Лейлæ, лæппуйы былтæн цæрдæг апъагæнгæ, зæгъдзæн: «Циц! Галиу митæ ма кæн». Иæ фæндтæ афтæ райдзаст уы- дысты, æмæ æппæтдæр, æгæрыстæ- мæй, дзыгъуыр уæлдæф дæр, æхсыз- гон мидбылхудтæй, худт чызджы са- гъæстæм æмæ уыцы райгæ мидбыл- худтимæ ныгъуылд удвæндиаг рæ- еугъд фыны... ...Æмæ цавæрдæр мысинæгты екъуыддзæгты фæстæ æрæмбæрста, Хазби ныронг дæр йæ разы йæ зон- гуылтыл кæй лæууы. Чызг æй йæ цуры æрбадын кодта, æмæ йын йе ’нгуылдзтæй ныссæрфта йæ цæссыг- тæ. Солтан лæууыд сæ разы. Чызг хатыд — Солтан фырмæстæй зыр- зыр кæны. — Хазби, дæу ам нйцы хъуыддаг ис, ацу ардыгæй! — зæлыд лæппу- йы мæстджын хъæлæс. — Лейлæ мæн у, мæн уарзы... — Нæ уарзы дæу. Бафæрс ын иæ- хи дæр. Æмæ йæ æвиппайды бафæндыд Хазбийы амæстæй марын, бафæн- дыд æй Хазбийы цæсгомыл уарзты утæхсæны фæдтæ фенын, æмæ Сол- таны ныхæстыл йæ сæр разыйы тылд бакодта. Чызг федта, Хазби куыд ацъæхтæ-буртæ, куыд ныррызт, куыд фемæхстысты йæ цæссыгтæ, стæй куыд ныххудт. Нал ауыдта, Хазб.и- йы сонт цæфæй Солтан астæрдыл куыд фæуæлгоммæ, йæ туг куыд алæсæнтæ кодта. Æмæ уæд уый дæр ныцъæхахст кодта. Алæууыд Хазбийы раз: — Ма йæ мар! Æз хъазгæ код- тон. — А-а-а! Иæ сæрыл хæцыс! — нæрыд йæ хъæлæс. — Æз дын æппæт дæр зæгъдзы- нæн. Æз хъазгæ кодтон. — Мæнæй хъазут! — богъ-богъ кодта Хазби, — О, æз уын бар нæ ратдзынæн. Æз уарзтон дæу, æмæ дæ мæхи къухæй мæрдтæм дæр бар- витдзынæн. — О, удыхсынæг халæттæ! — æв- вахсæй-æввахсдæр цæуы чызгмæ æмæ чызг йæ цæстыты æнахуыр æрт- тывдæй барызт. — Мæ уд мын æхсы- нынвæнд скодтат! Сивтай мыл дæ зæрдæ, нал дын ис фыццаджы зæр- дæ, æз кæй уарзтон æмæ мæн чи уарзта. Нал ис уыцы зæрдæ?! Дæ риуы ныр æндæр цыдæр нывæрдтай æмæ дын æй æз стондзынæн! — Ацахста чызджы хъуыр лæппу æмæ... чызг федта: Хазби æрбатары, йæ разы лæууыд мавр. Æнамонд Лей- лæ базыдта Отеллойы, ныцъæхахст кодта æмæ... фехъал. Йæ буар уыд хидмæцъæл. Ру- дзынгæй уынджы цырæгъты рухс чызгмæ, мидбылхудтимæ, хъуызыд хатæнмæ. V Уыд ма фынафон, фæлæ хатæны уæлдæф уыд æнуд æмæ йæ бон фы- нæй кæнын нæ уыд. Фæндыд æй кæ- уын, фæлæ Ваган æмæ Хазби хуыр- рытт фынæй кодтой сынтæджы, æмæ кæуынмæ йæ ныфс нæ хаста. Кæу- гæ кодта, йæ цæссыгтæ сæхигъæдæй 20
хъуызыдысты, фæлæ уый фæндыд хъæрæй кæуын. Ноджы йын Хазби- йы æнæмæт улæфт йæ мастыл цæхх зæрста, æмæ, хъæццул аиуварсгæн- гæ, сыстад. Иæ уæлæ халат æрбакод- та,' æрбадт бандоныл. Хатæны æп- пæт дæр удæст уыд лæзæрд талын- джы. Чумæданæй систа газеты тыхт ныв, райхæлдта йæ, æмæ цымыдисæй каст йæ уæздан буармæ гæххæттыл арæз- тæй. Нывы йæ фарсмæ, сынтæгыл, хуыссыд Хазби дæр. Лæппуйы был- тæ æрæнцадысты йæ русы фæлмæн- ыл æмæ Лейлæ æхсæвы змæсты хъуыста лæппуйы адджын улæфт. Ваганьт улæфтæй цæмæдæр йæхи разыфæкъæмдзæстыг, æмæ ныв фæ- стæмæ чумæданы нывæрдта. Лæппу ныгъуылд йæ тарф фыны, чызджы та æбæрæг мæт нæ уагъта, уый фæн- дыд исты саразын, мæнæ романты куыд вæййы — уарзæг адæймаджы æнамонд хъысмæт зæрдæуынгæггæ- наг хабаримæ — ахæм истьт саразын. «Уе ’ппæт дæр æнаккæгтæ стут,» — йæ зæрдæ суынгæг чызгæн, бафæн- дыд æй йæхи рарæвдз кæнын, æмæх- сæвæджы фæлидзын Хъырыммæ, æмæ уым йæ улæфты рæстæг, æнæ истæуыл хъуыдыгæнгæ, арвитын. Хаябимæ та фыстæг ныууадзын. Фæлæ цы ныффысса фыстæджы, ууьтл хъуыдыгæнгæ нæ тагъд кодта йæхи рæвдз кæныныл. Фыццаг уал æй фыстæг ныффыссын (Ьæндыд... Æмæ хъуыдытыл фæцис. Стæй æр- бадт сынтæгыл æмæ лæппуйы гом риуыл йе ’нгуылдзтæ хæсгæ, æпæмы- сыд, фаронæй хуыссгæуатмæ Хазби куьтд ньтв кодта. Æмæ та ног бан- къардта ахорæнты тæф. Уьтй рæ- сугъд нывæфтытæй зьтлд хатæньт, чьтзджы алыварс, æфсæрм æфтыдта Лейлæйыл, æмæ уый дæр йæ цæстьт- тæ доны разылдта. Бафæндыд та йæ хъæрæй ныккæуын, фæлæ уæд уьтдон райхъал уыдзысты, уый та пæуын кæй хъæуьт, стæй фыстæг ньтффыс- сын, уьтй хорз дардта йæ зæрдьтл. Фьтстæджы ныхæстæ йæхинымæр Цæттæ уыдыстьт Ньтффысдзæн: эго- Кзгсдагр лæппу Уыллыпг Раджыма раджы, тыхы заманы, æмдæр фæсхъæу цардЬ1СТЫ мæгуыр г\ ы æМæ^с' МæгУЬ1Р истæмæйты мæ- > Р вæййы: нæ сын зæхх уыди, нæ ист кæй у, искæй æмбарынхъом кæй нæу, стæй ма ноджыдæр... ам йæ хъуыды ферхæцыд. Ногæй хъуыды- тыл фæци æмæ уæлдæр загъд ныхæс- тæ йæ зæрдæмæ нал фæцыдысты. Мæйы тынтæ йæ æддæмæ сайдтой æмæ чызг рудзгуытæ бакодта. Æдде уыд сабыр æмæ мæйы тынты æв- дылд. Æрвдалынгтæйзынæг уацца- джы гæбазыл фаг уыд стъалыты цæхæр. Кæмдæр кæйдæр уасæг йæ базыртæ нЫццагъта, ныффæдис код- та. Уый та бон куы кæны. Æхсыз- гон уыд Лейлæйæн. Æмæ йын цы- ма йæ хъуыды æмбæрстой, уыйау кæмдæрты-кæмдæрты уасыдысты уасджытæ. Æхсæв та нæма хуыссыд мæйы тынтæ улæфгæ, дымгæ дæр уыд сабыр, æмæ се ’ппæт дæр сиу сты æгъуыстаг музыкалон улæфты. Лейлæйы зæрдыл æрбалæууыд, знон йæхицæн куыд рæсугъд сныв кодта ацы æхсæв, æмæ мæсты код- та, мæсты кодта йе ’фсымæрмæ, мæс- ты кодта Хазбимæ — димедрол цы агуывзæйы ныккодта, уый Ваган нæ фæлæ Хазби кæй анызта. Чизоны æмæ уæд, æцæгæйдæр, фæныхæстæ кодтаиккой ацы æхсæв, чизоньт, Ва- ганæй æфсæрмы кодта, æмæ йæм хъулон цæстæнгасæй уымæн нæ ра- каст. Æмæ Лейлæйæн цыдæр æнæуынон уыд йе ’фсымæры ном уыцы уысм, æлгъыста йæ йæхинымæр. Стæй фæ- хъуыды кодта, цæуинаг кæй у. Æр- бадт Хазбийы сынтæгыл æмæ та фыстæджы ныхæстæ æвзарын рай- дыдта. Фæндыд æй исты ахæм ныф- фыссьтн, уыцы ныхæсты фæстæ лæп- пу куыд нынкъард уа, йæ фыдаудæ- ныл куыд æрфæсмон кæна, йæ уынд- мæ куыд бæлла, фæлæ йæ хъуыды ахæм ныххæстæ нæ ахста, æмæ йæ кæуын йæ былалгъмæ схæццæ. Хаз- бийы æнæмæт фынæй йын æлхъывта йæ улæфæнтæ æмæ, йæ кæуын нал бауромгæ, æрхауд лæппуйы цæсгом- ыл, лæппуйы уадултыл сур кодта йæхи цæссыгтæ æмæ сæ цæхджын ад ноджы тынгдæр агайдта чызджы кæуындзæг. — фос, нæ — мулк. Уыдис сын æр- мæстдæр иу зылынфиссын къæс, фæ- лæ уый дæр гæмттæ уыд, æмæ йæ цары хуынчъытæй арв галдзармыйас 21
гæннглтæй зынд, йæ къулы зыхъ- хъыртæй та-иу адæмы фос сæ сæртæ æрбадардтой. Ууыл дæр хъæцын- хъом уыдысты, фæлæ гæвзыкк æмæ фыргуыстæй афтæ ныццæнкуылтæ сты, æмæ хæдзарæй кæртмæ сæ цып- пæртыл хылдысты. Сæ цардæй афтæ схъыг сты, æмæ сæрдыгон æнтæф бон уддзæфы улæфтæй тыхстысты, зымæгон уазал бон — хуры цæсты уындæй. Зæнæгæй сын уыди æртæ фырты — Уылдынг æмæ йæ дыууæ æфсы- мæры. Уыллынг се ’ппæты кæсдæр уыди, фæлæ — хуыцауыкъахæргæв- дæг. Стыр хъæумæ-иу рацыд, уым хæснагыл хъазыд йе ’мгæрттимæ куы — хъулæй, куы — æндæр истæмæйты, алыххатт дæр-иу рамбылдта, æмæ уыцы æнæбары æмбулæггæгтæй дар- дта йæ мад æмæ йæ фыды. Дыууæ хисдæр æфсымæры æйтмардзæ лæ- джыбындзæфхæдтæ уыдысты, дыууæ дæр кæрæдзи æййæфтой асæй, фæлæ иуæй къæмдзæстыггæнаг æмæ æнæ- ныфсхаст фесты, иннæмæй та, сæ хъару кæм равдыстаиккой, уый амал нæ ардтой, æмæ сæрныгъуылдæй æр- выстой сæ бонтæ. Маамæлайы къæ- бæрæй раууатмæ æрцыдысты. Уыллынг уæддæр хæйрæг кæм нæ уыди, иубон Стыр хъæуæй æрыз- дæхт æмæ афтæ зæгъы: — Абон Стыр хъæуы Стыр ныхасы фехъуыстон, æлдар, дам, йæ хъом- рæгъауæн фиййау агуры. Хизæггаг дæр хорз фиды — æнæхъæн азы дæргъы алыбон дæр — фондз хъу- джы æхсыр, стæй азæмгъуыд куы фæуа, уæд та — дыууæ дыууадæс равзаргæ стуртæ. — У-у-у! Кой дæр æй куыннæ скæ- нат! — бадиссæгтæ кодтой сæ цæн- куыл ныййарджытæ, — уыдон кæ- лæнгæнæг адæм сты, сæ рæгъау дæр сын уый тыххæй ничи исы: фиййау сæм чи ныллæууы, уый æмгъуыды фæстаг бон æнæзынд, æнæуындæй æрбатары вæййы, доны къусы сæфт фæкæны. Уыллынг нæ фæчъил. — Нæй нын æндæр гæнæн, — загъ- та йæ ныййарджытæн, — цæйнæфæл- тау сыдæй амæлæм., фæлтау ма иу азы дæргъы ногдыгъд хъуджы æх- сырæй нæхи уæддæр схæсдзыстæм. Стæй бон цæуы æмæ фарн йемæ хæс- сы — чизоны, мах сæрæндæр разы- нæм, доны къусы сæфт нæ фæуæм. Сæ ныййарджытæ сæ нæ уагътой, фæлæ лæппутæ сæхи фæнд атардтой, æмæ æлдармæ бацыдысты. Куыд загътой, афтæ бафидыдтой. — Æрмæст, — загъта сын хинæй- дзаг æлдар йæ мидбылхудгæ, — æр- мæст рæгъау чи хизы, уыдон æмгъуы- ды фæстæ сæхæдæг хъуамæ равзарой рæгъауæй сæ хизæггаг. Уый нæ, уæд хъомтæ мæхицæн баззайдзысты. — Хорз, — загъта йын Уыллынг, — ууыл дæр разы стæм. Сæ фидыдæн хъæуы разагъта лæг- тæй æвдисæнтæ бакодтой æмæ лæп- путæ рæгъау сæхимæ райстой. Æртæ лæппуйы радгай хызтой æл- дары хъомрæгъау. Алыбон дæр хæ- дзармæ хастой фондз хъуджы донхъ. Æхсырæн йе ’рдæг хойрагыл ивтой, иннæ æрдæг сын ахуыйæны бæсты цыд æмæ цадæггай се уæнгты цард базмæлыд, се уонг сфидар, фыры- хъулы хуызæттæ систы. Сæ цæнкуыл ныййарджытыл дæр царды бæрджы- тæ фæзынд, бонæй-бонмæ сæ мид- фыдæвæрдтæ сæ цармы бын нæрсты- сты, сæ хус æмæ æнцъылдтытæ царм лæгъз кæнын райдыдта, II Аз фæуд кодта. Се ’мгъуыдмæ ма æртæ боны хъуыд, афтæ рæгъау ас- къæрдта хисдæр æфсымæр. Изæр хъомтæ сæхæдæг æнæхъæнæй æрыз- дæхтысты, фæлæ хисдæр æфсымæр хæдзарыл нал сæмбæлд. Нал æрыз- дæхт сæрвæтæй. Дыккаг бон рæгъау аскъæрдта ас- тæуккаг æфсымæр. Изæры та хъом- тæ сæхæдæг æнæхъæнæй æрцыдысты, фæлæ астæуккаг æфсымæр дæр нал разынд. Ныххостой сæ сæртæ мæгуыр лæг æмæ ус. Сæ тæригъæддаг куыдмæ Стыр хъæуы куыйтæ алы кæрæттаей ниуын систой. Сæ судзæггаг цæссыг- тæ алæсæнтæ кодтой зæххыл, сæ цæссыгтæй хæдзары бын сыджыт слæхъир, æмæ сæ зылынфиссын къæс ноджы ныззылынтæ. Сæ хъарæгмæ холыхор халæттæ, хъуахъгæнгæ,, зылдысты сæ хæдзары сæрмæ. Æртыккаг бон Уыллынджы рад уыди хъом хизын. Иу егъау лалым йæ дæларм атъыста æмæ рæгъау йæ разæй акодта. Аскъæрдта сæ уæл- вонг хизæнтæм. Лалым æхсырæй байдзаг кодта, цас æй хъуыд, уый бæрц дзы банызта, иннæ йемæ айста, 22
æмæ æрцагуырдта, рæгъау æм дзæ- бæх кæцæй зыной, ахæм уæлвонг бы- нат. Лалым къутæрты æхсæн бам- бæхста, йæхæдæг дæр къутæрты æх- сæн æрныгъуылд, афтæмæй кæсы, фæлгæсы. Хорз бон уыди. Сæрдыгон. Рай- дзаст. Хъарм. Æрдз йæ райстбавæрд хуызтæ нæртонæй æргом кодта, æмæ Уыллынджы ничердæм уырныдта, ахæм æгъуыстаджы бон æнæзынд- æнæуылдæй кæй æрбайсæфдзæн. Иурæстæджы хъусы, æмæ кæйдæр кæуын цæуы. Уыллынг арæхстгай алырдæмыты ахъахъхъæдта. Кæсы, æмæ’уæртæ хæйрæг дурыл бады, йæ сæфтæгджын къухæй йæ лæбырд цæстытæ æууæрды, афтæмæй кæуы. Кæугæ та афтæ зæрдиагæй кæны, æмæ йын йæ цæссыгтæ йæ зылын цæстыты семæ рацæйхæссынц. Уыллынг ын фæтæригъæд кодта, фæлæ зьгдта, хæйрæг уæддæр хæй- рæг кæй у, сайын кæй зоны, æмæ цæ- мæй ма фæсайды уа, уый тыххæй развæлгъау йæхи афæдзæхста: — Уæртæ хæйрæг, мæ сайда фæу! — радзырдта йæм къутæртæй. Хæйрæг æм кæсгæ дæр нæ ракод- та. Бады æмæ кæуы йæ зæрдиаг куы- дæй. Ныр дзы Уыллынг сайынæй нал тарст, æмæ йæ цурмæ бацыд. — Цæуыл кæуыс? — бафарста йæ. — Æви мæ сайынмæ хъавыс? Хæйрæг æм йæ цæссыгæмдзаг цæс- тытæ разылдта æмæ афтæ: — Ехх, адæм, адæм... Афтæ загъта, æмæ ноджы зæрди- агдæрæй ныккуыдта. — Цæуыл кæуыс, уæдæ? — бафар- ста йæ ногæй. — Куыднæ кæуон, — ныууынæр- гъыдта хæйрæг, — мæ гыццыл хъæ- бул ныр цалдæр боныдæргъы сыдæй мæлы æмæ йæ тæригъæдæй мæ бон куынæуал у. Мæ гыццыл сыкъа- джын хъæбул, мæ фæстæмæзæвæт- Джын зæрдæйы уидаг фырыстонгæй 1{æхи куы скъæдзтæ кæны, уæд мæ зæрдæ тъæппытæ куы фæцæйхауы. л Т^Мæ кæйас у дæ лæппын? — оафарста йæ Уыллынг. — Кæйас у, зæгъыс, — бафарста хæирæг, æмæ сыстад, —æрбакæс-ма мæм æз зæронд хæйрæг дæн æмæ кæииас дæн? Хæйрæгæн йæ Фæстæмæзылд сæф- ^джытæ уыдысты уыдисныйыдæр- æнтæ, дыууæ уыдисны — йæ зылын сыкъатæ, фæлæ уæддæр æд сæфтæ- джытæ æмæ æд сыкъатæ дæр Уыл- лынджы ронбастыонг не ’ххæст. — Мæ хъæбулы сыкъатæ æмæ сæф- тæджытæ цы ис, æндæр мын нырма зæххæй уæлæмæ къуыпп дæр куынæ дары, — загъта хæйрæг, æмæ та нык- куыдта. Уый Уыллынджы зæрдæмæ нал фæцыд. — Æмæ кæд дæ гыццыл хъæбул стонгæй мæлы, — загъта йын мæс- тæйдзагæй, — уæд ам цы бадыс æмæ цы тъизыс? Ды та йын искуыцæй исты давгæ ракæн. — Бæргæ йын радавин, — загъта хæйрæг, — фæлæ махæн, хæйрæджы- тæн хæринаг афтæ амалгæнгæ нæу. Хъуамæ адæмæй исчи йæ хæлцæй «хæйрæджыты хай фæу» зæгъа, æмæ уæд уыцы хæрды бæркад æрбафты махмæ, науæд сæм нæ къух не ’ххæс- сы. Фæлæ ныр цалдæр боны, цыма адæм æмдзырд бакодтой, уыйау уы- цы ныхæстæ ничиуал дзуры. Уыллынг фæтæригъæд кодта хæй- рæджы гыццыл лæппынæн. — Æмæ йын æхсыр ницы ахъаз фæуид? — Æнахъомæн та æхсырæй хуыа- дæр цы ис. Фæлæ кæм и! — ныуулæ- фыд хæйрæг. — Уæдæ мæм уæлæ иу лалымы- дзаг æхсыр ис æмæ хæйрæджыты хай фод! Уыцы ныхæстæм хæйрæг фæгæпп кодта. Фырцинæй йæ хæйрæджы чъылиппытæй схъылдымтæ кодта æмæ фæдæлдзæх. Хæйрæг æрбадæлдзæх æмæ Уыл- лынг нынкъард. «Æвæццæгæн мын ме ’фсымæрты дæр ай бабын кодта æмæ мæнæн дæр ме сæфт амæй у» — куыд ахъуыды кодта, афтæ хæй- рæг йæ уæлхъус февзæрд. — Фырцинæй мæ дæ хорздзинад айрох, — загъта йын хæйрæг, — ныр мæ хъæбулæн уыцы æхсыр азваг у, фæлæ дын æз та дæ хорздзинад цæ- мæй бафидон? Уыллынг ьтл нал баууæндыд. — Ницы мæ хъæуы дæуæй, — загъ- та йын æнкъардæй. Хæйрæг ыл фæгуырысхо: — Фæлæу-ма, фæлæу, æнкъард та цæмæн дæ? — «Кæд ме сæфт амæй у, уæд-ма хæйрæгæн мæхи кæм бамбæхсдзы- нæн, — ахъуыды кодта Уыллынг, — фæлæ кæд хæрзæмбæлæг у, уæд ма 23
мын хæйрæгæй хуыздæр чи хъуамæ баххуыс кæна». Афтæ æмæ хæйрæгæн йæ хабæрт- гæ радзыдта. Хæйрæг ныхъхъуыды кодта. — Ам æнæмæнг адæймаджы кæ- лæнтæ ис æмæ адæмы кæлæнты ных- мæ мах, хæйрæджытæ, дæр æдых стæм, фæлæ дын уæддæр иу зонд ба- цамондзынæн. Ды бавдæл, дæ да- рæс ралас, æмæ сæ мæнæ ам иу бы- дыргъыл скæн, дæхæдæг быдыргъмæ æввахс æмбæхсæн æрцараз, дæ- хи сыфтæртæ æмæ хæмпæлтæй æрæмбæрз. Цалынмæ ды уыдæттæ аразæй, уæдмæ ацы алфæмблайы уынынхъом цыдæриддæр ис, уыдон цæстыты уал æз мæ хæйрæджы тæ- вагæй мигъ бауадздзынæн æмæ дæ ничи фендзæни. Дæ фыдбылыз куы фæзына, уæд фыццаджы-фыццаг йæ ных быдыргъмæ сараздзæн дæу æн- хъæл. Быдыргъ куы аныхъхъуыра, уæд æй базондзæн, уый ды кæй нæ уыдтæ, æмæ фæсæтдзæ уыдзæн. Фæ- лæ йе ’муд куы æрцæуа, уæд дæ ног- æй агурдзæн æмæ дæ уæд æнæмæнг- æй ссардзæн. Фæлæ йæ йе ’муд æр- цæуын ма хъуамæ бауадзай. Куы фæсæтдзæ уа, уæд куы фæцарæхсис, дæхи йыл куы ныздухис, æмæ дзы, гъе, æрду, гъе, цармы чъепс куы ра- гонис, уæд уымæн иннæ уыцыафвнмæ йæ кæлæнты тых "асæттид, æмæ дæ кæд дæ хъару самона, уæд ын уыцы рæстæджы батых кæнис. Афтæ загъта хæйрæг æмæ та æр- бадæлдзæх. Уыллынг, хæйрæг ын куыд баца- мыдта, афтæ бакодта: йæ дарæс ра- ласта æмæ сæ иу быдыргъыл скодта; быдыргъ цæмæй адæймаджы æнгæс гынгдæр уыдаид, уый тыххæй хæла- фы фадгуыты æмæ хæдоны дысты сыфтæртæ æмæ кæрдæджытæ нын- надта, æркодта йыл йæ худ дæр, йæ- хæдæг быдыргъмæ æввахс æмбæхс- æн æрцарæзта, йæхи сыфтæртæ æмæ лæмпæлтæй æрымбæрзта, афтæмæй кæсы, хъахъхъæны. III Бон изæрырдæм фæкъул, афтæ кæсы æмæ рæгъауæй иу гæбæр хъуг фæхицæн. Рæгъауы алыварс зилы, нырма сабыргай, стæй цырдæй-цырд- дæр, æмæ куыдфæстагмæ цыма хуыз- мæг кæны, афтæ зилахар систа рæгъ- ауы алыварс. Ныр æм Уыллынг кæ- сы. Гæбæр хъугæн йæ зилахар цы- рендæр кæны, афтæ йæ хъуджы хуыз- тæ сафы, хъуджы хуызæн нал у, фæ- лæ исы залыйаг калмы æнгæстæ. Æмæ, æппынфæстаг, уыцы гæбæр хъуг залыйаг калм фестад. Ие ’на- гъæттаджы комхæлиу хъæлæсæй уы- лæнтæ кодтой бæзджын мигъы къуы- бæрттæ, йе ’нагъæттаджы комхæлиу хъæлæсæй, хъæлбурцъгæнгæ, разын- дысты йе ’нæнымæц æвзæгтæ. Йæ тасæфтауæг къæдзил-иу зæххыл куы æрныдзæвд, уæд-иу зæхх йæ быны ныдздзортт-дзортт кодта. Ахæм хуызы, сыф-сыфгæнгæ, æмæ йæ комы фынк калгæ, цалдæр зылды æркодта рæгъауы æлыварс, стæй æв- иппайды æрбатымбылтæ æмæ йæхи уыцыиу æхст фæкодта уæлкъуыбыр- мæ. Уыллынг йæ дарæс цы быдыр- гъыл скодта, уый цур æрхауд, æмæ быдыргъы куыд аныхъхъуырдта, уый цæст дæр нал ауыдта. Быдыргъы аныхъхъуырдта æмæ цъусдуг йæ мидбынат андзыгау — æвæццæгæн æй базыдта, уый Уыллынг кæй нæ уыд. Уыллынг тынг фæтарст йе ’нахъи- нон уындæй, фæлæ хæйрæджы фæ- дзæхст йæ зæрдыл дардта, æмæ уый исдуг йæ мидбынат куы андзыгау, уæд ыл уырдæм йе ’мбæхсæнæй йæ- хи ныздыхта. Дыууæ къухæй йын фæ- хæст йæ фарсыл, æмæ йын йæ цар- мæй дыууæ уафсхоры бæрц стыдта. Æбуалгъы хъыллист райхъуыст залыйаг калмæй. Ныззыр-зыр кодта. Ие ’нынымæц æвзæгтæ ма бæргæ раппæрста йæ комхæлиу хъæлæсæй, фæлæ уæдмæ æрбампылд, æрбасы- хуылтæ æмæ фæстæмæ гæбæр хъуг фестад. Цырд æм фæлæууыд Уыллынг: хъуг йæхи хуызтæ куы райста, уæд æй æрцахста, йæ сыкъатыл ын йæ рон бабаста æмæ йæ уæгъд нал суагъта. Хъуг-иу рæстæгæй-рæстæгмæ сæз- нæт, йæхи тыдта,^ фæлæ-иу ын Уыл- лынг цым лæдзæгæй йæ фæрстæ дзæ- бæх куы банымадта, уæд æрсабыр. Изæры, гæбæр хъуджы сыкъабаст- æй йæ фæстæ ласгæ, Уыллынг рæ- гъау æотардта æлдары кæртмæ. Æл- дар Уыллынджы сæрæгасæй куы (Ьедта, уæд хæлиудзыхæй аззад. Фæлæ дзырд дзырд у — уæлдай- дæр та æвдисæнты цур — хъомрæгъ- ау банымадтой. Рæгъау æнæхъæн куы разындысты, уæд Уыллынг се ’хсæнæй равзæрста дыууæ дыууадæс стуры — йæ хизæггаг. Уыцы нымæ- 24
цы — гæбæр хъуг дæр. Æлдар ма йын бæргæ лæгъстæ кодта. Уыцы хъуджы сæрмæ йын лæвæрдта но- джы дыууæ дыууадæс стуры, фæлæ Уыллынг не сразы. Йæ фосы йæ ра- зæй ракодта, æмæ рацыд сæхимæ. Йæ цæнкуыл ныййарджытæ сæ кæсдæр фыртæн дæр æрыздæхын æн- хъæл нал уыдысты. Кæртмæ сæ цып- пæртыл ратылдысты æмæ судзæгга- джы хъарджытæ кодтой сæ хъæбул- ты сæфтыл. Сæ тæригъæддаг куыд æгæрыстæмæй холыхор халæтты зæр- дæтæ дæр бакъуырдта, ферох сæ, кæуын кæцæй хъуысы, уым сын аца- ходинаг кæй разыны, афтæмæй хæ- дзармæ æввахс бæлæстыл æдзæмæй æрныгъуылдысты æмæ саударджыты хуызтæ æвдыстой. Ахæм хуызы сæ æрыййæфта Уыл- лынг. Куыд.нæ фæцин кодтаиккой цæн- куыл ныййарджытæ сæ уарзон хъæ- булыл! Æнæхъæн бондæргъы сæ хъæбулты мæтæй цас цæссыг фæ- калдтой, уыйбæрц цæссыг чысыл уысмы дæргъы фырцинæй æрыз- гъæлд сæ цæссыгахуыр цæстытæй. Уыллынг йæ боны хабæрттæ радзы- рдта йæ ныййарджытæн, стæй афтæ зæгъы: — Ныр у, æмæ ацы хъугæй гъеныр куынæ фервæзæм, уæд нын сом ног- æй исты фæдбылызтæ сараздзæни. — Ныргæвдын æй хъæуы, — бауы- наффæ кодтой ныййарджытæ дæр. Уæд Уыллынг афтæ: — Амæ æнæзæгъинæгты тæваг хæццæ кæны, æмæ дзы хуыцауы ном не ссардзыстæм. Иæ фыдæй дæр ын кæм бахæрдзыстæм — ме ’фсымæр- ты мын удæгасæй аныхъхъуырдта, æмæ дзы нæхи куыд фæхъæстæ кæ- нæм. Фæлтау ,афтæ бакæнæм, æмæ йæм кæй тæваг хæццæ кæны, уыдо- нæн æй ныннывонд кæнæм. Уымæй фыддæр ын ницы æрымысдзыстæм. Ницы, —сразы сты йæ ныййар- джытæ дæр. — Уæдæ йæм кæй тæваг хæццæ кæ- ны, уыдонæн фæлдыст фод. — Загъ- та Уыллынг æмæ хъуджы фæсхъус судзгæ цырагъæй ацарыдта, — хæй- Рæджыты фос дæ, æмæ хæйрæджы- тæн фæлдыст фæу. Афтæ загъта, æмæ дын абоны хæй- рæг^иае уæлхъус куы февзæрид. ^æххон адæмæй нын цыппæр- къахыг кусартæй нырма дæуæй дарддæр нæ ном ничи ссардта, — загъта хæйрæг, — æмæ дын æз або- ны хорздзинæдтæ мæ уæлæ нæ ныу- уадздзынæн, истæмæйты дын сæ ба- фиддзынæн. Æрмæст бавдæл, æмæ ацы гæбæр хъуджы куы акусарт кæ- най, уæд ын йæ фыдæй ма ацаход, афтæмæй йæ æнæхъæнæй кæрты ба- ныгæн. Стæй бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Афтæ загъта хæйрæг æмæ та æр- бадæлдзæх. Уыллынг хъуджы аргæвста. Йæ сæр йæ гуырæй куы фæхицæн, уæд кæсынц, æмæ хъуг нæ, фæлæ кæд ра- зынди æлдары ус. — Гъе, джауыр, джауыр, — мæс- тæйдзагæй загъта Уыллынг, — ды гæОæр хъуг нæ, фæлæ гæбæр адæй- маг куы разындтæ. Кæрты йæ баныгæдтой æмæ сæ мæ- гуыр хæдзары ныххуыссыдысты. . Райсом раджы сыстад Уыллынг. Кæртмæ рахызт. Кæсы, æмæ дысон уыцы фæлдурæджджыны кæм баны- гæдтой, уым сзад дынджыр æнгуз бæлас. Бæлас йæ пæлæхсар цæнгтæ алырдæмыты айвæзта. Амыты-уы- мыты йыл иугай æнгузтæ. Æмæ æн- гузтæ дæр æнгузы хуызæттæ куы уыдаиккой, фæлæ æнæхъæн къуту- йыйæстæ. Æрдæгсатæг. Сæ цъенго цъæрттæ аскъуыдтæ сты, ахæлиутæ сты æмæ æнгузтæ æрхауынæввонг уыдысты. — Ай цы диссаг у, уæдæ! — ахъуы- ды кодта Уыллынг æмæ æнгузы бын- мæ бацыд. Кæсы æмæ æнгузтæ цы цæнгтыл уыдысты, уыдон бынмæ æр- тасыдысты, зæхмæ сæхи ныллæг æр- уагътой. Æртыдта æнгузты Уыллынг æмæсæ кæрты рарæгъ-рæгъы кодта. Уыдон рацыдысты бæрцæй æхсæз: иу — тынг егъау æнгуз, æртæ — къаннæ- джытæ, дыууæ та — рæстæмбистæ. Егъау æнгуз асаста Уыллынг æмæ уырдыгæй сыгъзæрины кæри хурмæ цæхæр акалдта. Бацин кодта Уыллынг. Къаннæг æнгузæй иу асаста æмæ уырдыгæй рахызт сыгъзæриндзыкку чызг. — Чи дæ? — дисгæнгæ йæ бафар- ста Уыллынг. — Æз дæ бинойнаг дæн, — загъта йын сыгъзæриндзыккуджын чызг. Иннæ дыууæ къаннæг æнгузы асас- та, æмæ уырдыгæй дæр рахызт дыу- 25
уæ сыгъзæриндзыккуджын чызджы. — Сымах та чи стут? — бафарста сæ Уыллынг. — Мах дæ чындзытæ стæм, — загъ- той йын уыдон. — Æмæ мæнæн ме ’фсымæртæ куы бабын сты, — загъта сын æнкъард- æй. Ныр бакаст æмæ ма йын æнæцъæ- лæй баззадысты дыууэе рæстæмбис æнгузы. Цыдæр ныфсы хъуыды фев- зæрд Уыллынджы зæрдæйы. Тагъд- тагъд бауад, æмæ ацъæл кодта уы- дон дæр. Уырдыгæй рагæппытæ код- той йæ дыууæ хисдæр æфсымæры — фырыхъулы хуызæттæй. Уызыны чызг Уырызæ цады был донмæ йæхимæ каст æмæ афтæтæ æппæлыд йæхицæй: — Мæнæ цы рæсугъдтæ ныдтæн, мæнæ! Уый дын уæдæ мæ тæнæг был- тæ, уый дын уæдæ мæ лыстæг. къæх- тæ, уый дын уæдæ мæ фæлмæн гуы- бын! Ох-ох-ох! — æрыскъæф никуы федтат, æрыскъæф — раст æрыскъæ- фы хуызæн адджынтæ чызг ныдтæн! — Уырызæ,— радзырдта йæм йæ мад, — уый, æвæдза, чындзы кæй цæуыс, уый тыххаей æппæлыс дæхи- цæй. — Ницы æппæлын мæхицæй, — нае басасти Уырызæ, — цы у. уый зæгъын. Æрбакæс-ма мын мæ фæл- мæнтæ гуыбынмæ — кæй-фæнды дæр бафæндид ахæм уæздан гуыбын йæ бырынкъæй ахъыдзы кæнын. — Дæхицæй ма ’ппæл! — схъæр ыл кодта йæ мад. — Уый бæсты фыл- дæр ратул-батул кæн, æмæ сфидар уай. Бакæс-ма дæхимæ: нырма дæ кæрцы хъуынтæ дæр не сфидар сты. — Чызг хъуамæ фæлмæнтæ уа, — нæ та йын басаст Уырызæ, — уæлдайдæр куырдуатыбадæг чызг. Стæй чындзы куы ацæуон æмæ сывæ- ллæттæн хæринаг куы амал кæнон, уæд мæ фылдæр ратул-батулы сæр хъæудзæн, æмæ мæ хъистæ дæр сæ- хигъæдæй хъæбæр кæндзысты. — Цæй, хорз, — æрфæлмæнтæ йæ мад, — чындзыцæуæг чызгмæ йæхи- цæй рæсугъддæр ничиуал фæкæсы. Уæлдайдæр — уæ мыггаджы чыз- джытæм. Ферох уæ вæййы, уæлæмæ- дæр æмæ дæлæмæдæр уызынтæ кæй стут. Æцæгæй та Уырызæйы мад уарз- Куыннæ ныццин кодтаид Уыллынг йе ’фсымæртыл! Куыднæ ныццин кодтаиккой мæгуыр ныййарджытæ сæ сæфт хъæбултыл! Сæ сыгъзæрин- дзыккуджын чындзытыл! Чындзыты кæсдæр йæ сыгъзæрин къухсæрфæ- нæй асæрфта зæрæдты æмæ уыдон æйтмардзæ æнæниз æмæ цæрдхъом адæймæгтæ фестадысты. Æмæ ома уыдон стыр чындæхсæв- тæ нæ сарызтаиккой? Цы сын нæ фаг кодта — фос бирæ, сыгъзæрин— па- рахат, зæрдæйы дзæбæх — ноджы фылдæр. Æрмæст ма сæ хъуыди чындзæх- сæвтæ æмæ куывдтæ кæнын. та йæ чызджы, æмæ йæ нымадта уызынты мыггаджы æппæты рæ- сугъддæр чызгыл. Мад йæ чызгæн никуы дзырдта, рæсугъд æмæ сæ- рæн кæй у, уыдæттæ. Уый нæ, фæлæ йæ арæхдæр æрвыста хъуына æмæ цъыфджын бынæттæм, цæмæй чъи- зитæй фыдуынды хуызæн уыдаид. Цæмæн? Цæмæн, цæ, æмæ тарст: ис- чи йын йæ чызджы куы фæцæсты кæ- на. Уызынты мыггаг тынг цæстыгэе- наг адæм сты. II Рæсугъд æмæ сæрæн кæй у, уы- дæттæ Уырызæйæн йæ мад нæ дзырд- та, фæлæ йын сæ дзурæг уыди: ныр- ма йæ мойаг чи у, фæлæ тагъд йæ мой чи суыдзæн, уыцы Уырызмани- мæ хицæнæй куы аззайынц, уæд ын Уырызман фæдзуры, уызынты мыг- гаджы уымæй рæсугъддæр чызг кæй нæй. Уырызæйæн æхсызгон вæййынц йæ мойаджы ныхæстæ. Уæды онг Уырызманмæ къуыбылойы хуызæн тыхтæй фехъусы, фæлæ уыцы ны- хæсты цинæй йæ къуыбылойы тыхт райхæлы, йæ буары фидыц йæ кæр- цæй æмбæрзт кæм нæу, уыцы фæл- мæн гуыбын хуры тынтæн фенын кæ- ны, æмæ хиндзастæй фæзæгъы Уы- рызманæн: — Нæ, Уырызман, уызынты мыг-' гаджы ма мæнæй рæсугъддæр иу чызг ис. Уызынты мыггаджы хъæбæр- хъисдæр чи у, уый хъæбатырыл ны- мад у. Уырызман, цæмæй хъæбатыр- гъуыздæр зына, уый тыххæй йæхи къуыбылойтыхт акæны æмæ йæ Уызыны чызг Уырзæ чыпдзы цæмалт&уал ацыд 26
хъæбæр хъистæ, судзинтау, разы- нынц. — Æрбакæс-ма, Уырызæ, нæ мыггаджы ма исчи мæнæй хъæба- тырдæр у? Уырызæ зоны, Уырызман уызын- ты мыггаджы æппæты хъæбытыр- дæр лæппу кæй у. Зоны, мыстытыл цуан кæнын йæ сæрмæ дæр кæй нæ хæссы, иу атылдæн кæлмыты æмæ уырыты йæ хъистыл кæй асадзы,, æмæ сæ кæй æрбамары. Зоны æп- пæт уыдæттæ æмæ фæзæгъы: — Ничи. Дæуæй хъæбатырдæр нæ мыггаджы лæппу нæй. Уырызæйы ныхæстæм Уырызман йе ’рду рихитæ адауы. — Æмæ уæдæ æз, - фæзæгъы бæзджынгомау хъæлæсæй, — æмæ уæдæ æз, хъæбатыр уызынты хъæ- батыр лæппу, дæуæй ’рæсугъддæр чызг искуы куы зыдтаин, уæд уый нæ ракуырдтаин? Уырызæйæн æхсызгон вæййынц йæ ныхæстæ. — Уæддæр ма, — фæзæгъы йын фыдаудæнгæнæгау, — уæддæр ма нæ мыггаджы мæнæй рæсугъддæр иу чызг ис! -Чиу? Уырызæ худæгæй бакъæцæл вæй- йы. Уырызман та мæсты фæкæны: — Цæуыл худыс? Чи у, зæгъ-ма мын æй! — Чи у, чи — худгæйæ, фæзæгъы Уырызæ, — чи у, чи æмæ дæ усаг. — Хо-хо-хо!)— уызынты дзæбæх худтæй уыцы фæлмæн бахуды Уы- рызман, йæ къуыбылойтыхт райхæ- лы, æмæ йе ’рду рихиджын бырын- къæй ахъыдзы кæны Уырызæйы уæздан дæллагхъуыр. Уый Уырызæйæн æхсызгон вæй- йы, фæлæ уæддæр йæ хъисджын кæрцы йæхи æрбатухы. — Афтæ ма кæн, — фæзæгъы иын, — мæ фæлмæн дæллагхъуыр мын ма хъыдзы кæн, æндæра дæ мæ мадыл сардаудзынæн. о Ма мæ сардау, — балæгъстæ иын кæны Уырызман, — æмæ æрыс- къæфтæй фыццаг чи срæгъæд уа, Уый дын æрхæсдзынæн. Æрыскъæфы коймæ Уырызæйы алцыдаер æрбайрох вæййы. Уымæн ^мæ уызынты мыггаг æрыскъæфæй фылдæр ницы уарзынц. III Нырма уалдзæг гъеныр фæуд кодта, æмæ зокъойæ адджындæр хæ- ринаг ницы ардтой уызынты мыг- гаг. Уырызæйы та тынг фæндыди, искуы уалдзæг куы фæуид æмæ сæрд куы ралæууид, уымæн æмæ сæрд. куы æрцæуы, æрыскъæфтæ уæд сбæз- зынц. Фæлæ ацы аз уæддæр Уыры- зæ тынгдæр бæллыд æрыскъæфты афонмæ. Æрыскъæфтæ куы сбæззой, сæ чындзæхсæв дæр уæд уыдзæни. Ох-ох-ох, куыд тынг бæллы Уыры- зæ, искуы сæ чындзæхсæвы бон куы æрлæууид, уымæ! Уызынтæ се ’ппæт дæр æрæмбырд уыдзысты иу ранмæ, æрхæсдзысты алгъуызон хæринæгтæ. Æппæты фылдæр та — æрыскъæфтæ. Уырызæ æмæ Уырызманы фынгыл æрбадын кæндзысты. Сæ дыууæйыл дæр фæйнæ цал хъисы ис, уал æрыс- къæфы æрсадздзысты. Уырызæйы хъистыл цы æрыскъæфтæ æрсадзой, уыдон Уырызман куы бахæра, Уы- рызманы хъистыл сагъд æрыскъæф- ты та — Уырызæ, уæд Уырызман йæ мой бауыдзæн. Стæй та сын ногæй сæ алы хъисыл дæр æрыскъæф æр- садздзысты, æмæ сын уызыны мыг- гаджы хисдæр зæгъдзæн: «— Гъе- ныр ацыт, æмæ рæгъæд æрыскъæф куыд адджын у, афтæ адджын цард кæнут». — О-ох-ох! — цы хорз уыдзæн, цы! — сæ чындзæхсæвы бонмæ бæл- гæ, (ныуулæфы Уырызæ. Сусæгæй ахъуызы æрыскъæфджын бынæттæм — чизоны, ома, искуы æрыскъæфтæ барæгъæд сты. Фæлæ уыдон нырма цъæх уыдыс- ты. — Ай цы диссаг у! — фырмæстæй фæзæгъы Уырызæ, — Ацы аз æрыс- къæфтæ нал рæгъæд кæнынц! IV Иубон Уырызæ дзедзи къутæры сындзытæй йæ хъисджын кæрц фас- та, афтæмæй æрыхъуыста Уырыз- маны хъæлæс: — Уырызæ, Уырызæ! Мæнæ цы ссардтон, мæнæ! — хъæр кодта уый. Уырызæ атындзыдта Уырызманы размæ, æмæ йæ цурмæ куы бахæц- цæ, уæд æцæгæйдæр, федта диссаг: Уырызман, йæ милбырынкъ уарзон, йæ дзæбæх мойаг кæмдæр ссардта æрыскъæф, рæгъæд æрыскъæф, сырх- 27
сырхид æрыскъæф! Уый афтæ дзæ- бæх, афтæ рæсугъд уыд, æмæ йæ уындæй цæстытæ тарытæ кодтой. Уырызæ нæ баууæндыд ацы дис- сагыл, æмæ йæм æрысмыста: æрыс- къæф, æцæгæйдæр, уыд рæгъæд! Ахæм адджын тæф дзы калд, æмæ Уырызæйы комыкъулты дон æруад. Фырæхсызгонæй йе уæнгтæ æрлæ- мæгъ сты, æдыхæй æрхуыссыд æрыс- къæфы фарсмæ. Уырызман райгонд уыд йæхицæй æмæ йæ фæндыд Уырызæимæ ны- хæстæ кæнын: — Цæй, куыд у? Гъеныр дæр ма мæ нæ уадздзынæ дæ фæлмæн дæл- лагхъуыр хъыдзы кæнын? Уырызæ ницы загъта. Æфсæрм- дзæстыгæй æруагъта йæ цæсты хау- тæ. Афтæ æфсæрмдзæстыгæй, афтæ уæзданæй йæ никуы федта Уырыз- ман. Ныртæккæ Уырызæ афтæ рæ- сугъд уыд, æмæ Уырызман гуырыс- хо нал кодта, зæххыл æппæты рæ- сугъддæр Уызынты мыггаджы чын- дзыцæуэег чызджытæ кæй сты. Иæ ныхмæ æрхуыссыд, сæ бырынчъытæ — кæрæдзи комкоммæ, сæ бырын- чъыты ’хсæн — уыцы диссаджы рæ- гъæд æрыскъæф. Хуыссыдысты аф- тæ, улæфыдыстьг æрыскъæфы ад- джын тæфæй æмæ царды сæхицæй амондджындæрыл никæйуал иы- мадтой. Æрæджиау Уырызæ æфсæрм- дзæстыгæй афтæ: — Уæдæ ныр нæ чындзæхсæвы афон дæр у? — Афон у, — загъта Уырызман, — ацы бонты иннæ æрыскъæфтæ дæр срæгъæд уыдзысты. • — Æрыскъæфты фæстæ та цы срæгъæд уыдзæн? — Мæнæргъытæ. — Уыдон фæстæ та? — Уыдон- фæстæ хъæлæрдзытæ, стæй дзедыр, саунæмыг, æмæ ноджы бирæ цыдæртæ. — Æмæ уыдон дæр мах хæрдзыс- тæм? — Мах. — Ох-ох-ох! — æхсызгонæй ныу- улæфыд Уырызæ, — Нæ чындзæхсæ- вы фæстæ нын цы хорз цард уыдзæ- ни, цы! — Тынг хорз цард, — загъта Уы- рызман. — Æмæ нын цалынмæ лæппын- тæ гуыра, уæдмæ ма уыцы адджын хæринæгтæй истытæ уыдзæн? — Уыдзæн. — Æмæ дзы нæ лæппынтæ дæр бахæрдзысты? — Æнæмæнг. — Цы хорз у! — цингæнгæ, загъ- та Уырызæ. Стæй æфсæрмдзæсты- гæй Уырызманмæ бакаст æмæ афтæ: — Лæппу нын куы уа, уæд ыл ном Уырызман сæвæрдзынæн. — Чызг нын куы уа, уæд ыл æз та Уырызæ сæвæрдзынæн. — Уымæн æмæ æз Уырызманæй фылдæр никæй уарзын, — загъта Уырызæ. — Уымæн æмæ æз та Уырызæйæ фылдæр никæй уарзын, — загъта Уырызман. Æмæ, æцæгдæр, рæстытæ дзырд- той. Уызынты бинонтæ кæрæдзи би- рæ уарзынц, хылтæ æппындæр ни- куы фæкæнынц. Фæлæ хæрзты æх- сæн дæр хуыздæртæ вæййы. Æмæ уызынты мыггагмæ уыд ахæм æгъ- дау: ног къæйттæ сæ. лæппуйыл фы- ды ном куы сæвæрой, чызгыл та — мады ном, уæд уыдон нымад цæуынц æппæты хуыздæр бинонтыл. — Æз нæ лæппынтæн дзæбæх ту- лæн къуылдым дæр ссардтон, — загъта Уырызман, — иууылдæр нæуу у. Къæцæлтæ, сындзытæ æмæ йæ дур- тæй бахсæстон, цæмæй сæ тулгæ-ту- лын йæхи мачи ныццæва. Уым-иу тулдзысты, æмæ сæ царм бæзджын кæндзæн, сæ тæнхъуын — хъæбæр- хъис. — Хорз, — загъта Уырызæ, — къуылдымыл-иу æз уæле лæудзынæн. ды та — бынæй. Ды тыхджын æмæ цæрдæг дæ, æмæ-иу нæ лæппынты дæлейау тулын нæ ауадздзынæ, æр- цахс-иу сæ, цæмæй сæхи ма ныццæ- вой. — Кæй зæгъын æй хъæуы, — загъта Уырызман. V Уызынты мыггаг сæ тæккæ æнæв- дæлоныл уыдысты — сæхи цæттæ кодтой стыр чындзæхсæвмæ, афтæ иурайсом сæ уæзæгмæ фæзынд Ру- вас. — Фæдис! Фæдис! — хъæр код- та Рувас. Уызынты мыггаг нæ уарзтой Ру- . васы, сайæгой æмæ дывзагон кæй уыд, уый тыххæй. Ныр дæр сын йæ 28
уынд хъыг уыдй æмæ йæ мæстæй- дзагæй бафарстой: — Цы хабар у? Цæуыл фæдис кæныс? _ Цыдæр бæллæх æрцыди, — дзырдта сын Рувас, — æмæ уæм хъæды паддзах æмбырдмæ сиды. — Кæмæ? — Сырдтæн се ’ппæтмæ дæр, — загъта Рувас. Уызынтæ, хъуыр-хъуыргæнгæ, ныууагътой сæ куыст æмæ æвæндо- нæй цыдысты æмбырдмæ. Се ’ппæ- тæй æнкъарддæр уыди Уырызæ. — Ох-ох-ох! — дзырдта æрхæндæ- гæй, — цыдæр фыдбылыз мæ зæрдæ хаты. — Ма тыхс, мæ чызг, — ныфсы- тæ йын æвæрдта йæ мад, — Уызын- ты мыггагæн ничи ницы хъом у. — Уæдæ мæ зæрдæ тæсæй цæ- мæн ризы? — нæ уисæн кодта Уыры- зæ, VI Хъæды сырдтæ æмбырд кодтой Стыр Æрдузмæ. Æрдузы тæккæ ас- тæу лæууыди стыр къодах — Æрсо- йы бандон. Фæлæ Æрсой уым нæ- ма уыди. Къодахы алыварс сæ фæс- тæгтыл бадтысты бирæгъты мыггаг, æмæ хъуаджы-æнæхъуаджы къæрцц- къæрцц кодтой се ссыртæй. Зыгъар- джытæ, тæппуд тæрхъустæ æмæ ин- нæ лыстæг сырдтæ сæхи байстой Æр- дузы кæрæттæм, æмæ чи къутæрты бын, чи — хæмпæлты æрныгъуылгæ, æнхъæлмæ кастысты Æрсойы фæ- зындмæ. Сæгтæ, сычъитæ æмæ сæ- гуыттæ хицæн къордæй лæууыдысты æрдузы кæрон. Рувæстæ сыллынчы- тэе кодтой алырæтты. Уызынты мыггаг дæр хицæн къор- дæй æрлæууыд Æрдузы кæрон, æмæ — цы нæ вæййьт, зæгъгæ, — сæхи æр- батыхтой сæ хъисджын кæрцыты, Уалынмæ фæзынд Æрсой дæр. Иæ фæстæ — æрсыты мыггаг. Æрсой — зылындзæмбы æмæ зылынмукъу, зул-мулты бацыд Æрдузы астæумæ æмæ рабадт къодахыл. Йæ алыварс сæхи æруагътой йæ мыггаг, æмæ би- рæгътæ бар-æнæбары фæстæмæ алæууыдысты. Æрсой иудзæвгар æнæдзургæйæ бадт къодахыл, тызмæг æмæ зæнд- джынгъуызæй йæ цæст хаста сырд- тыл, æмæ сырдтæ се ’ппæт дæр ам кæй сты, уый йæ куы бауырныдта, уæд растад, йæ раззаг дзæмёытæ схъил кодта, æмæ ныууынæргъыд- та: — Гъу-у-у! — Гъу-у-у! — фæйнæрдыгæй алы- гъуызон хъæлæстæй сæмбу кодтой сырдтæ. — Низ! Низ! — богътæ кодта Æр- сой. — Низ! Низ! — æмбу кодтой сыр- дтæ. Æрсой банхъæлмæ каст æмæ сырдты ниуд куы æрмынæг, уæд аф- тæ: — Ныр æй бамбæрстат, цæмæ уæм фæдзырдтон? Низ, тæссаг низ сæвзæрд сырдты ’хсæн. Низæн йæ аххосаг та сырдтæ сæхæдæг сты. Сбирæ стут! Алы мыггаг дæр уæ аф- тæ тынг сбирæ, æмæ уыл кæрæдзи уындæй низ сыстад. Ныр цæмæй æм- хуызонæй мыггагскъуыд ма фæуæм, уый тыххæй хъуамæ сцъус уæм — чызг уæ чындзы мауал цæуæд, лæп- пу ус ма хæссæд, æмæ цот мауал уадзут. Цот ма цы мыггаг кæна сыр- дтæй, уыдон мыггагыскъуыд фæуы- дзысты. Æрсой та банхъæлмæ каст, кæд æй сырдтæй исчи истæмæй бафæр- сид, фæлæ уыдонæй дзурын ничи суæндыд, æмæ уæд йæ ныхас фæкарз- дæр кодта: — Уыцы низ цавæр у, зæгъут? Уыцы низ та ахæм у, æмæ ма амæй фæстæмæ искæцы мыггаджы чызг чындзы куы ацæуа, гъе, лæппу ус куы æрхæсса, лæппынтæ куы рауа- дзой, уæд сæ лæппынтæ иучысыл ба- хъомыл уыдзысты, стæй-иу рæзгæ нал кæндзысты, фæлæ сыл иннæты уындæй низ сыстдзæн, ахæм низ, æмæ сæ фыдтæ сæ уæлæ тайдзысты. Цъус- гай-цъусгай афтæ æмпылдзысты уы- цы цот, æмæ се стджытæ сæ цæрмт- тæй рабырдзысты. Æмæ афтæ хъи- зæмар кæндзысты, цалынмæ сæ фыд- тæ сæ уæлæ бынтондæр ма ныххус уой. — У-у-у-у! — æмхуызонæй тæри- гъæддаджы ниуд ныккодтой сырд- тæ. — Ныр кæд искæцы мыггаджы фæнды æмæ сæ ног цот ахæм хъи- зæмайраджы мардæй мæлой, уæд сын бар ис, фæлæ... бадодой кодта арс æмæ йæ зылын дзæмбытæ ныт- тылдта, — фæлæ ахæм æбуалгъы фыдракæнд чи сараза, уый паддза- хы азарæй æвыд нæ баззайдзæни! 29
1^- Цас рæст&дэкы д&ргъы уьь дзæн ацы фæтк? — бафарста йæ чи- дæр. — Мæн цалынмæ фæнда, уæдмæ, — мæстыйæ загъта арс, æмæ та йæ зылын дзæмбыйæ бадодой кодта, — цалынмæ мæн фæнда, уæдмæ! VII Уызынты мыггаг тынг æнкъардæй рацыдысты æмбырдæй. Сæ уæзæгмæ куы æрхæццæ сты, уæд се ’ппæт дæр ахæм тæригъæддаджы цæстæй кас- тысты Уырызæ æмæ Уырызманмæ, цыма æрмæст уыдонæн нал уыд чындзæхсæв кæныны бар. Уæд Уы- рызæ æмæ Уырызман ахъуызыдыс- ты се ’рвадæлты цурæй æмæ бамбæх- стысты иу пыхцыл къутæры бын. Ныр сæ ничиуал уыдта æмæ Уырызæ зæххыл ныддæлгом, афтæмæй куыд- та. Афтæ тыхджын куыдта, æмæ йæ кæуынмæ къутæры сыфтæртæ дæр куыдтой. Уырызман йæ цуры лæу- уыд æнкъардæй. Афтæ æнкъард уыд, æмæ йе схъæл æрдурихитæ дæр æр- зæбул сты. Уырызæ бирæ куы фæкуыдта, йæ цæссыгтæ куы фесты æмæ йæ цæсты- тæй цæссыгтæ куынæуал хауд, уæд фæсмонгæнæджы хъæлæсæй афтæ: — Мæнæн мæ удхæссæг |æрыс- къæфтæ сты. — Мæнæн дæр, — загъта æнкъар- дæй Уырызман. — Æрыскъæфты срæгъæдмæ куы- нæ æнхъæлмæ кастаиккам, уæд афонмæ раджы счындзæхсæв код- таиккам. — Раджы, — загъта Уырызман. — Ныр чындзæхСæв дæр нал скæндзыстæм? — Нал. — Уæдæ мæ мойаг дæр нал дæ? — Нал дæн дæ мейаг дæр, — загъта сæргуыбырæй. — Цæмæннæ? — Цæмæй нын, чи нæма рай- гуырд, уыцы лæппынтæ ахæм æна- гъæттаджы мардæй ма амæлой, нæ мыггаг та быныскъуыд ма суа. Уыцы ныхæстæм та Уырызæйæн йæ кæуындзæг йæ хъуырмæ схæц- цæ, фæлæ кæугæ нал скодта, уымæн æмæ йæ цæссыгтæ фесты. Уызынты мыггагмæ та тынг худинаг у æнæ цæссыгæй кæуын. — Æмæ уæдæ ныр кæрæдзи дæр хъуамæ мауал уарзæм?— бафарс- 30 та йæ Уырызæ уынгæг хъæлаесæй. — Хъуамæ мауал уарзæм нæ кæ- рæдзи дæр, — загъта æнкъардæй Уырызман, — æндæра кæрæдзи куы уарзæм, уæд хъуамæ чындзæхсæв дæр скæнæм. — Æмæ кæрæдзи та куыд хъуа- мæ мауал уарзæм? — Уырызман ахъуыды кодта. — Кæрæдзийæ нæ удхæссæг фе- нæм. — Æмæ куыд фенæм кæрæдзийæ нæ удхæссæг? — Кæрæдзи мауал уарзæм. — Фæлæу-ма, фæлæу,»—загъта йын, Уырызæ, — цæмæй кæрæдзи мауал уарзæм, уый тыххæй кæрæдзи- йæ нæ удхæссæг хъуамæ фенæм. Цæмæй кæрæдзийæ нæ удхæссæг фе- нæм, уый тыххæй та кæрæдзи хъуа- мæ мауал уарзæм. Фæлæ уыдонæй иу раздæр саразын хъæуы, æмæ куыд? Уырызман ныхъхъуыды кодта. — Гъе, уый мæ сæр нæ ахсы, — загъта æрæджиау. — Мæнæн дæр, — загъта Уыры- зæ. * — Уæдæ цы бакæнæм? VIII Бирæ фæхъуыды кодтой Уырьтз- ман æмæ Уырызæ, фæлæ кæрæдзи цæмæй мауал уарзой, уымæн ницы фæрæз ардтой. Уырызæйæн æнæ Уырызман нæ уыд йæ бон, Уырыз- манæн та — æнæ Уырызæ. Хицæн- тæй сæм цард адджын нæ каст. Фæ- лæ цæмæй амæй фæстæмæ кæрæдзи мауал уарзой, ма счындзæхсæв кæ- ной, лæппынтæ сын ма райгуыра æмæ искуы сæ лæппынтæ æвирхъау мардæй ма амæлой, сæ мыггаг та бындзагъд ма фæуа, уымæн исты фæрæз хъуыди. Æрæджиау Уырызманы хъуыды- мæ æрцыд, сæ мыггаг æфхæрд кæй нæ бары, уæлдайдæр — æнæхъуа- джы æфхæрд, æмæ йе ’рхъуыдыйæ фæбузныг. — Уырызæ, — бадзырдта йæм Уырызман. — Цы у? — Æз иу фæнд æрымысыдтæн. — Цавæр фæнд? — Зæгъæм, — дзырдта йæм, цин- гæнгæ, Уырызман, — зæгъæм, æз дын дæ фыдæй загъд ракъахтон,
æнæ аххосæй йæ фæнадтон, ахæм над æй фæкодтон, исты куыд фæа- иппджын уа, уæд мæ дæ удхæссæг фендзынæ? — Кæй зæгъын æй хъæуы, — загъта Уырызæ, — нæ мыггаг æф- хæрд нæ бары. — Уæдæ дын æз дæ фыдæй загъд ракъахдзынæн. Афтæ тынг æй фæ- нæмдзынæн, æмæ дзы исты куыд асæтта, куыд- фæаиппджын уа. Уæд мæ ды дæ удхæссæг фендзынæ. Æн- дæр гæнæн нæй. Уырызæ ныхъхъуыды кодта: — Фæнæм æй, — загъта æрæ- джиау,.— æндæр гæнæн нæй. Афтæ тынг æй фæнæм, æмæ куыд фæса- хъат уа. Уæд дæ æз мæ удхæссæг фендзынæн. — Уæд мæ ды нал уарздзынæ, — йе ’рхъуыдыйæ ныббуц Уырызман, — фæлæ дæ цæмæй æз дæр мауал уарзон æмæ мæ удхæссæг фестай, уый тыххæй мын ды та мæ гыццыл хойы фæнæм. Загъд дзы ракъах, æмæ йæ афтæ тыхджын фæнæм, исты дзы куыд асæтта, куыд фæаиппджын уа. Уæд дæ æз мæ удхæссæг фендзынæн. — Æндæр гæнæн нæй, — загъта Уырызæ, — æз дын дæ хойы фæнæм- дзынæн, афтæ тынг æй фæнæмдзы- нæн, исты дзы куыд асæтта, куыд фæаиппджын уа. Уæд мæ’ды дæ уд- хæссæг фендзынæ. — Æндæр гæнæн нæй, — загъта Уырызман, — мæ хойæн та уый хуыз- дæр уыдзæн. Сахъатæй йæ ничиуал бауарздзæн, æмæ йæ чындзы цæуы- ны æфсæрм нал уыдзæни. Уæддæр чындзы цæуыны бар нал и. Ныр дыууæ уарзоны разы уыдысты се ’рхъуыдыйæ æмæ сæ ноджыдæр бауырныдта, кæрæдзи бирæ кæй уарзтой. Кæрæдзийæн удхæссæг цæ- мæй,фестой, уый иумæ кæй æрхъуы- ды кодтой, уыцы хабар сын тынг æх- сызгон уыди, æмæ сæ фæнд сæххæст каенынмæ атагъд кодтой сæ уæзæг- мæ. Ацы рæстæджы иу гыццыл хъæба^ тыр мæлдзыг, йæхицæй стырдæр уаргъ йе ’ккой, афтæмæй тырныдта йæ хæдзармæ. Уырызæ æмæ Уырыз- маны ныхас куы фехъуыста, уæд йæ уаргъ æрæвæрдта. Йæ уаргъы æк- коймæ куыддæрты схылди, æмæ уым æрбадт. «—Аулæфон иучысыл, — загъта йæхинымæр, — адон ныхæс- тæм дæр байхъусон». Сæ ныхасы сæр сын куы бамбæр- ста, уæд æм диссаг фæкаст ацы ха- бар. — Оуу, мæнæ цытæ хъусын! — дисгæнгæ, хъуыдытæ кодта мæлдзыг йæхицæн, — ницы йын æмбарын, цæ- мæй тæрсынц ацы гуырымыхъ уы- зынтæ? Мах, мæлдзыджытæ, иу хæ- дзары цæй бæрцæй цæрæм, уызынты мыггаг æнæхъæнæй дæр уый æрдæ- джы бæрц куынæ сты? Кæд искæуыл кæрæдзи уындæй низ æфта, уæд зæххыл мах мыггагæй фылдæр куы ничи у. Фæлæ мах мыггагыл ахæм низ никуы сыстад. Уызынтæ та цæ- мæй нæ мыггаджы бæрц суой, уый тыххæй сæ нырма бир-р-рæ сæдæ аз- тæ рацæуын хъæуы. Æмæ уæдæ цæ- мæй тæрсынц? Куыд кæсын, æфтæ- мæй зондæй бынтон рæвдз не сты æмæ сын хъуыддаг бамбарын хъæуы. Фæлæ цалынмæ мæлдзыг хъуыды- тæ кодта, уæдмæ Уырызæ æмæ Уы- рызман сæ уæзæгмæ атагъд кодтой сæ фæнд æххæст кæнынмæ. Мæлдзыг ма сæ фæстейæ асырдта, фæлæ сæ кæм баййæфтаид. — Цæй, — йæ къух ауыгъта мæл- дзыг, — искуы йæ сæхæдæг дæр бам- бардзысты. Ацы гуымиры сæрхъæн- ты тыххæй мæ куыстæй дæр ныф- фæстиат дæн. Афонмæ æрдæгвæнда- гыл уаин. Æмæ та хъæбатыр æмæ зондджын мæлдзыг аккой кодта йе стыр уаргъ. Йæ лыстæг астæу ныкъкъæдз йе ’ргъомы бын, афтæмæй тырныдта хæ- дзармæ, йæ бирæ лæппынтæм.
ЙКЪАТЫ ВЛАДЙМЙР Дуры къæртт Æз Ручъы хохæй дурьг къæртт æрхастон, Мæ хæдзары йæ сæвæрдтон цытæн. Мæхицæн загътон: цард-хæзна. ыссардтон, — Цæрæнбонты йæ агурæг зылдтæн!.. Алмаз нæу уый, нæдæр бриллянт, сапфир у, Цъæх айнæгæй рæмыгъд къæртт у, ысхъис. Фæлæ мæнæн мæ уарзт æмæ мæ цин у, — Æмæ уæм мур дæр ма фæкæсæд дис: Уый, Ручъы ’фцæг кæм фæкъæртт и> Цæгатмæ, Кæм дзы акалд дыууæ Иры ’хсæн рухс... Æрхастон æй æз уырдыгæй мæ уатмæ, — Иæ раттæг та — Октябры æнус!.. Куы сыстын райсом — хурау мæ рæвдауы, Куы ’ризæр вæййы — фесты мын уæд мæй... Цъæх уалдзæджы мын хоры хуымтæ тауы, Хуыздæр бæркад мын бур фæззæджы нæй!.. Цъæх дуры къæртты Нарты фарн æмбæхст и, — Уæвгæй, Амран дæр ууыл уыди баст!.. Ныр хох нысеастам, уый дæр нын ысуæгъд и,— Хæсдзæн нæ Ирæн амонд æмæ уарзт!.. 17/1 — 1988 Хъæбулы цырт Фыдæн хъæбул ныссадзы цырт, Фæлæ ныззылд нæ хъысмæт: Æз дын — цыртаразæг, мæ фырт, Ды та æмбар фыды мæт. Нæ арын ахæм дур зæххыл, Дæ хуыз кæм уа ныффыссæн!.. Нæдæр нывгæнæг ис бæстыл Хуыздæйрагæн æххуырсæн!.. Дæ цæсгом — хуры тынтæй конд, — Æдзæм дур сæ нæ ахсы!.. Нæдæр дæ хъæлдзæг худт, дæ зонд Цæст дурæн раттын уарзы!.. Хъæбул, ныссадздзынæн дын цырт: Дур фестдзынæн мæхæдæг, — Ныв дæ мæ мидæг ды, мæ фырт, — Мах нал хъæуы нывгæнæг!.. а/У1 — 1986 32
Лæг—планет&, хур.** Кæсы мæм алы лæг планетæ, Кæсы мæм алы лæг дæр Хур. Бæллын лæджы фыртæн йæ фендмæ,— Тæхуды, йемæ уарзтыл дзур!.. Зæгъ ын дæ цинтæ ’мæ дæ хъыгтæ, Зæгъа сæ уый та уæд дæуæн, Цæмæй фæрогдæр уой нæ зынтæ, Ныстъæлой хин æмæ кæлæн!.. Рæстдзинад басгуыха нæ хуыцау, Хæрæм лæджы намысæй ард!.. Нæ хъысмæтæн ысуæм йæ хицау, Æхсида, денджызау, нæ цард!.. Хæсты тас мауал уа нæ зæххыл, Хæрзæгæн — карз атом æрмæст!. Æууæнда адæймаг йæ фæндтыл, Куыд уа фыдбылызæй фæдзæхст!.. Кæсы мæм алы лæг планетæ, Кæсы мæм алы лæг дæр Хур. Бæллын лæджы фыртæн йæ фендмæ,— Тæхуды, йемæ уарзтыл дзур!.. 10/1 — 1988. Къозбау хисдæр Фæкуыстай мадзура, мадомайæ бирæ, Дæ цин, дæ мæт — дæ къæлæтджын æрмæст. Нæ хъыг кодтай ды хисдæрты дæхимæ, — Дæ аууонæй дæр ды хызтай дæ цæст. Дæхи патриот, рæстаг лæгыл нымадтай, Æмдзæвгæтау нын лозунгтæ дзырдтай, Фæлæ фыркуыстæй, нæй, дæхи нæ мардтай, Дæ бæрнон хæс нын сай-майтæй фыстай!.. Лæгау кæм хъуыди тох кæнын, фæриссын, Уым алыхатт ды — мадзура, къозбау. Нæ дæ хаудис тæрхоны лæгау иу сым, Нæ царды хъæнтæм никуы хастай фау!.. Лæгмæ дæ маст дæр не ’вдыстай æргомæй, Хъæртæ нæ кодтай, архайдтай фæсвæд, Дæхи нæ хордтай, маст быхсгæ, фæсмонæй, — Дæ «фыдгулæн» дын марæн кард — æвæрд!.. Дæ хæс мыздсайгæ, кадсайгæ, фæфыстай, «Æз партийæн йæ хъæбул дæн» — дзырдтай. Дæ митæй та йын ды зиан фæхастай, 1 Гъе, афтæмæй дыл .сæххæст ис æхсай!.. 3. Журн. «Фмдиуаг» № 6
Ныр пенсийы фæфардæг дæ цытимæ, Фæлæ та ’рдомдтай хъарм бынат уæддæр!.. Уæллæй, куы зонис ды кæсын дæхимæ, — Уырыйау зæххы бамбæхсис дæ сæр!.. 10/2— 1988. Рацарæзт Кæмæн ысты йæ хæзнатæ æмбæхст, Бриллянттæ зæгъ, сыгъзæринтæ, сапфиртæ, — Куыд бауарздзæни ахæм лæджы цæст — Ныккæна сæ æндæртимæ ныр дихтæ?! Нæдæр сæ скæндзæн паддзахадæн хай, Фæлтау йæ иу цæст акъахдзæн йæхæдæг. Уыдзæни цардмæ, адæммæ тæргай, Уыдзæн, фыццагау, ноджыдæр фыдгæнæг! Фæлæ йæ мулк йæхи уыдзæнуæддæр, Кæсдзæнис æм йæ иу цæстæй хæлæфæй. Нæ йæ хъæуы, нæ, рацарæзты сæр, — Фæлæ кæм дзуры уый тыххæй æргомæй!.. Цæй, ма рох кæнæм мулкджыны æгъдау, Куы зонæм тынг хорз — кулæктæ куыд кодтой!— Æви сæм абон мауал хæссæм фау, — Сæхиуыл тынг хорз гамхудтæ æркодтрй!.'. Æнцон дзурæн у «рацарæзт», æнцон, Фæлæ йæ сæрыл тохкæнинаг цас и! Уæддæр йæ сæххæст бауыдзæн нæ бон,— Йæ дзырдæн — хицау разындзæн нæ парти!.. 10/1 — 1988 «Фкдиуæг»-æн Йæ рацыдыл 60 азы сæххæсты цытæн. Бæрæгбон ис нæ Иры дзыхъхъы абон, — О, «Фидиуæг», дæ гуырæнбонæн — кад! Октябрь дын нынныв кодта дæ амонд, Октябрь дын ысхæлар кодта цард!.. Æхсай азы ды — рухстауæг нæ хæхты, Дæ базыртыл нын цардамонд хæссыс. Ды — буц уазæг нæ сахарты, нæ хъæуты, Ирон намыс, ирон фарныл хæцыс!.. Фæзæгъынц, лæг айдагъ дзулæй нæ цæры, — Нæ удты хор ды байтауыс — нæртон... Иæ уаз нæмыг нæ удмæрыл æмбæлы,— Хæссы уый рæз æхсæв уа, æви бон!.. Иæ уаз тыллæг — нæ зæрдæты къæбицты, Нæртон ныфс нын уæлахизтæн дæтты, Æдзух нæм размæ —- рухс фидæнмæ сиды, Фыдгултæн та сæ уæнгты тых.сæтты!„
Цы ис зæххыл рæсугьд хъуыды, ныхасæй — Ирон лæгæн сæ ды кæныс йæ хай. Цæуыс, Данкъойау, рухс таугæ, нæ разæй, Цæрай нын уастæн мин азты, цæрай!.. Къостайы фарн дæ уды фарн куыд бауа, Вассойы зонд — дæ хъуыдыты къæбиц. Дæ алы дзырд хæрзиуджытæ куыд тауа, Ирон лæг та дæ кæсынмæ — æмхиц!.. 10/Х— 1987. Ма ’нкъард кæн!.. — Ма ’нкъард кæн, дæ хъысмæтимæ хæц,— Арвæй мын сæууон хуры тын дзуры. Ма ’нкъард кæн, дæ хъысмæтимæ хæц, — Мыдыбындз мæ, уаргъ хæсгæйæ, куры. — Ма ’нкъард кæн, дæ хъысмæтимæ хæц, — Хæрдмæдзу мын мигъты ’хсæнæй зары. — Ма ’нкъард кæн, дæ хъысмæтимæ хæц, — Дидин мæм йæ худгæ къоппа дары. — Ма ’нкъард кæн, дæ хъысмæтимæ хæц, — Æрдз мæм ’гасæй, раттæг мадау, сиды! — Фидар лæуу, дæ царды рохтыл хæц, — Науæд дæм тæппуд лæг дæр æвзиды!.. •’ , 17/Х— 1987. Райхъап у! «Райхъал у, о, хæлар», — дзурын дын, Райхъал у, рудзынгыл — хуры тын! — Акæс —дæ кусинаг баззади!.. Зивæг дæ удмидæг бацарди!.. Райхъал у, кусынæн байрæджы, Сау фæсмон — дзуринаг — хъарæджы!.. Алчи йæ цардмæсыг самадта,— Царды цин, царды уарзт банкъардта!.. Иунæг, мæ хæлар ды, — тарф фынæй, — Тас у д’æ амондæн давынæй!.. Райхъал у, фердæхæм, ме ’мирон, — Махæн дæр ралæууа не стыр бон!.. 9/У1— 1987. Ныхас уарзтимæ Дзурын уарзтæн: «Ды адджын дæ, Ды — мæ зæрдæйæн зынаргъ. Хурау,рухс æмæ тыхджын дæ, Ды — лæджы удæн цырагъ!.. 3$
Сиеон дæ бæрзонд — уæларвмæ, Хуримæ фæрнæй цæрай. Хуримæ æрттивай дардмæ, Алкæй дæр нæ рухс кæнай!..» Уарзт та мын рæвдаугæ дзуры: «Зæххæй мвш зынаргъдæр нæй. Зæрдæ мын æмбулы хуры, Зæрдæ мын ысхай кæн, цæй!..» 1/1 — 1988 Дзуапп мæ редакторæн Мæ редактор хæцыд мæ ныхмæ: «Сæйраг нын циу, гъе, ууыл фысс!— Хæринаг, дарæс, гъе, бæстыхай, — Марксизм сæ амоны дырыс!.. Æвзаг, культурæ — уыдон иуварс, Истори, аргъæуттæ цы сты!? Мæ кæсдæрау, æмбар мæ ныхас Æмæ мын бабæззай куысты!..» Уæд ын æз дæр зæгъын: «Рæдийыс, Сæйраг нын — уæлдæф æмæ дон, — Фыссæм сыл алы бон, æрвылуысм, Æмæ бæллиццаг уа нæ бон!..» 25/2 — 1988.
БИАЗЫРТЫ РОЛАНД МАДЫ УАРЗТ Радзырд Иннæ райсомæй ацы хатт раздæр фестад Сæлимæт. Горæтмæ хъуамæ ацæуа. Дысон афтæ бадзырдтой би- нонтæ. Сылгоймаг уæвгæйæ, зымæ- гон фæндагыл бæргæ аив нæ уыд йæ сæрыхицау Хъасболы цур уый ацы- даид, фæлæ æндæр гæнæн нæ уыд. Зымæг йæ карзы ис. Цыдæр фæстаг бонты æгæр уары мит. Уæд та, цынæ вæййы, нæ фенцад, уæд агъуысты сæрæй мит калын хъæуы. Хæдзар- мæ уæлдай тынгдæр æхсайы йæ зæрдæ. Йæ агъуыст ын фидæн сæрд сты раивинаг — цыдæриддæр æй хъæуы, иууылдæр ын цæттæ сты. О, æмæ йын йæ мит тагъд-тагъд куынæ калай, уæд , тæссаг у ныккæлынæй. Стæй цъери дæр къа- хинаг уыдзæн миты бынæй, фосмæ зилын хъæуы... Иудзырдæй, нæл- гоймаджы къух ам фылдæр хъæуы. Сæлимæт та фыццаг хатт, миййаг, куынæ цæуы ахæм фæндагыл. Сæлимæт пецы арт скодта, стæй ведрæ райста æмæ йын къуыри раз- мæ цы хъуг ныззад, уый дуцынмæ рахызт. Тыргъæй афæлгæсгæйæ, сыл- гоймагæн йæ зæрдæ нæ барухс боны- гъæдæй. Мит стыр пирæнгæмттæй сабыр уарыд æмæ уарыд. Тыргъы, къæсæрæн æддейæ мит дысон уæра- джы онг æруарыд æмæ дуар бакæ- нын нал комы. Ведрæ иуварс æрæ- вæрдта æмæ дуар, лæг дзы куыд ахи- за, афтæ зынтæй байгом кодта. Стæй фæсдуарæй райста фыййаг æмæ суанг скъæтмæ фæндаг байгаерста. Скъæтæй куы баздæхт хæдзармæ, уæд йæ райстбавæрд дарæс кæны- ныл схæцыд. Дысон сæ æрцæттæ код- та. Уæдмæ базмæлыдысты иннæ би- нонтæ дæр. Хъасбол рабадт йæ хуыс- сæны. Иæ пысултæ конд фесты йе ’фсинæн æмæ ныр йæхи æхсы фæр- саггæрон. Æрмæст ма йæ чысыл лæппу Бота? æнæмæтæй фынæй кæ- ны йæ хуыс; ^ 1ы. Йæ сау, къæбæл- Дзыг сæр йеддæмæ дзы ницы зынд хъæццулы бынæй. — Кæд арв дæлæмæ не ’рхауа, Уæд абон фа^тæмæ .æрбаздæхдзы- • нæн, — дыууæ къуымыхцы, фых карк æмæ царвы банкæ каш æрæваердта, уыцы хызын райсгæйæ, загъта Сæли- мæт, æмæ аныр рахиза къæсæрæй, афтæ ма фездæхт фæстæмæ. Иае хъæбулмæ. Æргуыбыр æм кодта æмæ йын адджын пъа ныккодта йæ ра- хис уадулæн. Пъа афтæ тыхджын рауад, æмæ саби базмæлыд. Йæ цæстытæ йæ дыууæ тымбыл къухæй иумæ аууæрста, стæй сæ зына-нæ- зына байгом кодта. Иæ мады райст- бавæрд дарæсы куы ауыдта, уæд ын фæирд сты, йæ хуыссæны фæбадаег. — Гыцци, кæдæм цæуыс? — Горæтмæ цæуын, мæ хъæбул. Бафынæй уал кæн, æз дæр тагъд æр- баздæхдзынæн. Гаппетæ дын æрба- хæсдзынæн, стæй машинæ дæр, уæр- тæ Соскъойæн цахæм ис, ахæм, — йæ разьт сынтæгыл æрбадгæйæ æмæ йын йе ’нгуылдзтæй йæ сæрыхъуын- тæ фасæгау кæнгæйæ, дзырдта Сæ- лимæт йæ хъæбулæн. — Ма ацу, гыцци! Мæн дæр фæн- ды демæ, — нæ разы кодта чысьтл Ботаз. Фæлæ фæстагмæ сразы ис йæ ма- дьт фæндоныл, куът йын загъта, ома, дæ къæхтæ, дæ къухтæ æмæ хъустæ басидзысты, уæд. Ногæй йæ æрхуыс- сын кодта, æрнорста йæ хъæццулы бын æмæ райста йæ хызьтн. Ботаз хъæццулы бынæй æнкъардæй каст йæ мадмæ. — Уæд та ма абон лæууыдаис, мит æгæр уары æмæ... — йе ’фсин æдде- йæ æрбадзырдта чындзмæ. — Цæй, кæд та банцаид, иуыл уар- гæ кæм кæндзæн, — йæхицæн æмæ бинонтæн дæр ныфсытæ авæрдта Сæлимæт æмæ рахьтзт тыргъæй. Кæд машинæйыл нæ фæхæст уай, уæд-иу фæстæмæ раздæх, къахæй-иу цæуынвæнд ма скæн, — йæ фæстæ ма адзырдта Хъасбол дæр æмæ арвы ’рдæм скаст. — Уанцон нæу ацы уаргæйы къа- хæй цæуын... — дзуапп ын радта Сæ- лимæт æмæ æвæд миты размæ алæ- гæрста. 37
Цыдис Саелимжт горæтмæ рынчын фæрсæг. Иæ мадызæнæг, йæ иунæг æфсымæр хъæрзгæ у, тынг хъæрзгæ. Иæ зæрдæ, дам, риссы. Ныр æртык- каг къуыри хуыссы рынчындоны æмæ йын нæма бантыст йæ абæрæг кæнын. Бонæй-бонмæ баззайы. Абон- мæ фидарæй загъта, кæй ацæудзæн æмæ йæ фæнд нал аивта, кæд боны- гъæд æвзæр у уæддæр. Хъæусоветы онг æй — дыууæ кило- метрæй фылдæр къахæй цæуын хъуыд. Фидæрттæконд сылгоймаг, йæ уæрджыты онг чи хæццæ кодтой, уыцы сау сæрак цырыхъхъытæй йæ- хицæн гæрста фæндаг. Мит та уа- рыд æмæ уарыд... Сæлимæты нал уырныдта, райсом горæтæй автобус æрбацыдаид, уый. Æмæ кæд не ’рбацыд, уæд фæстæмæ горæтмæ дæр нæ уыдзæн. Фæлæ «кæд исты уаид»-ы ныфсæй йæ фæн- даг дардта гбрæты ’рдæм. Хъæусоветы цурмæ, машинæвæн- даджы былмæ æрцæугæйæ. машинæ- змæлæг нæма уыдис, æрмæст цал- дæр миткалæны сабыргай цыдысты размæ амыты-уымыты, мит фæрсæр- дæм дард зыввытт кæнгæйæ æмæ сæ фæстæ асфальтыл миты хъæбæр цъар уадзгæйæ. Цæст дардыл ахæссæн нæй — уаргæ мит æрыхгæдта кæмт- тæ, хæхтæ. Æгæрыстæмæй йæм йæ хъæу дæр ’нал зыны. Æниу æй йæ хъæу схонын нырма йæ цæсгом дæр нæ хъæцыд. Бæрцæй дзы цыппар азы йеддæмæ нæма цæры. Йæ хъæу, йæ райгуырæн хъæу далæ быдыры ’рдыгæй ис. Фæлæ ам цæры йæ сæры- хицау Хъасбол, ам рæзы йæ иунæг хъæбул Ботаз — йæ иууыл зынаргъ- дæр адæймæгтæ. Уыдоны хъæу у. Æмæ кæд уыдоны у, уæд Сæлимæты дæр у, уæдæ цы! ...Бирæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд сылгоймаджы, цалынмæ машинæтæ иугай цæуын райдыдтой, уæдмæ. Мæнæ дзы цалдæр рахызт йæ рæзты, æрзæты концентрат чи ласта, ахæм- тæ. Фæлæ йын дзы ничи баурæдта — кабинкæйы сæм бынат нæ разынд. Рог машинæтæн сæ кой дæр нæй, æр- мæст стæм хатт фæзынынц митæв- дылд «Виллис» æмæ «Ниватæ», фæ- лæ уыдонæй дæр кæмæ бынат нæ разыны, кæй та бæлццон сæвæрын Нæ бафæнды. Æппынфæстагмæ совхозы «Вил- лис» горæтмæ цавæрдæр хъуыддæг- ты фæдыл цыд æмæ ууыл сбадт. Фæндагыл цæугæйæ, Сæлимæт иу æмæдыууæраны миййаг нæ федта алыгъуызон машинæты фæсвæд, ми- ты сагъдæй. Иæ мид-зæрды катайыл фæци, уæд та афтæ уаргæ ахаста, фæндаг куы сæхгæна, уæд ма мæ хæ- дзарыл куыд сæмбæлдзынæн, зæгъ- гæ. Горæтмæ кæй ныфтдзæн, ууыл чысыл раздæрау нал дызæрдыг код- та. Ныр та, рынчыныл дæр куыннæ хъуыды кодта, фæлæ ныридæгæн йæ зæрдæ æхсайын райдыдта фæстæмæ хъæумæ: «миййаг йæ уарынæй куы- нæ фенцайа». Ам, горæты, дæр уарыд мит, са- быр уардæй, фæлæ ставд тъыфыл-. тæй. Сæлимæтæн йæ хо горæты цард æмæ уал уыдонмæ бацыд. Цы карк уыд йæ хызыньт, уый æддейæ ма цых- тæй уæливыхтæ ракодтой, магази- ныл ацыдысты, семæноджы цыдæр- тæ айстой æмæ йæ хоимæ рынчын- донмæ араст сты. Сæлимæт куыд базыдта, афтæмæй рынчынæн йæ уа- вæр бæрæг фæхуыздæр, кæд дзы нырма «хорз» зæгъæн нæ уыд, уæд- дæр. Уыйадыл хорз зæрдæйыуагимæ рацыд рынчындонæй. Фæлæ мит йæ уарынæй куынæ æнцад, уæд та зæр- дæдзурæнты фæци, ризгæ хъæлæсæй дзуры йæ хойæн: — Цыдæр æгæр уары мит æмæ мæ зæрдæ нæхимæ æхсайы, уæд та тагъд нæ банцад. Нæ райцентрмæ уæддæр куы бауаин, чизоны исты машинæ- йыл фæхæст уон, кæнæ нæхирдæм цæуæгыл амбæлон... — Цафон цыд ма у, мæнæ талынг кæнын куы райдыдта. Ахсæв ам æр- лæу, соммæ уæддæр кæд фенцаид йæ уарынæй, уæд ацæудзынæ, — цæхгæр ныллæууыд Сæлимæты фæн- ды ныхмæ йæ хо. Сæлимæт дæр нииыуал загъта, æрмæст ма азылдысты магазинтыл æмæ «Сабиты дунейы» Ботазæн бал- хæдта хъарм, митылæгæрдæн чысыл цырыхъхъытæ, батярейæ чи куьтстя, ахæм машинæ, алыгъуызон резинæ- йæ тымбылæгтæ, æндæр хъазæнтæ æмæ сыл, йæ чысьтл хъæбул тьтнг кæй бацин кæндзæн, уьтй зонгæйæ, райгондæй рацыдис магазинæй. Æхсæвьт йæ хотæм баззад. Хорз фьт- сымтæ йьтн уыдысты, фæлæ йæ зæо- дæмæ рухсьт цъыртт никуьтцæй каст. Зæрдæ æхсайдта йæ хæцзармæ. Æх- сæв-бонмæ цал æмæ цал хатты ра- каст æддæмæ, æмæ та-иу уынджы 38
рухсытæм миты тъыфылтæ, кæрæ- дзи суртæ, зæхмæ хаугæ куы федта, уæд та-иу æнкъардæй фæстæмæ мидæмæ бахызт. Сбон ис, фæлæ уыцы бон дæр æн- цойдзинад не ’рхаста Сæлимæтæн. Хæхты, дам, æрмæст дысон æхсæв метрæй фылдæр ныууарыд мит. Го- рæты дæр куыннæ уарыд, фæлæ уым æрдæг метр дæр нæ 'рывæРДтаиД- Сылгоймаджы зæрдæ ноджы тынг- дæр ныххауд катайы. Райсом раджы йæхи арæвдз кбдта æмæ хæрзбон загъта йæ фысымтæн. Бæргæ йæ нæ уагътой йе сиахс æмæ йæ хо ахæм митуаргæйы, фæлæ, дам, райцентр- мæ бацæуон, кæд, дам, уым нæхи- рдæм цæуæг машинæ кæнæ зонгæ- йыл фембæлин. Станцы балæууыд, фæлæ... автобустæ никуыдæмуал цыдысты, æгæрыстæмæй горæты ав- тобустæ дæр нæ куыстой. Мит та уарыд æмæ уарыд, зæххы уæлæ йæ кæрц бæзджынæй-бæзджындæр кæн- гæйæ. Хохаг сылгоймагæн йæзæрдæ нык- кæрзыдта. Цы хуызы ма бафтдзæн сæхимæ, фæндаг бынтондæр куын- нæуал ис, уæд? Цы бачындæуа? Æниу цы йæ бон уыд бакæнын? Бæл- цæтты ’хсæнты арацу-бацу кодта, фæлæ дзы сæ хъæуккаг нæ, фæлæ сæ коймаг зонгæ адæймагыл дæр йæ цæст не схæцыд. Аздæхт та фæстæмæ йæ фысымтæм, уæдæцы! Горæты уынгты митсыгъ- дæггæнæн машинæтæ дыууæрдæм кодтой — уынгты мит ф&рсыр- дæмты калдтой. Тротуарылцæуджы- тæ уынгæг къахвæндæгтæ снадтой æмæ сын кæрæдзи иувæосты а’хизæн дæр нæ вæййы — сæ иу фæсвæдахи- зы. Сæлимæт сабыргай цæуы размæ- размæ нæ, фæстæмæ йæ фысымтæм. Сылгоймагæн æппæт йæ хъуыдытæ сæхимæ, йæ хъæуы, йæ хæдзары стьь Цы ми кæнынц афонмæ? Кæд, мий- йаг, дысон Хъасболæн хæдзары агъ- уысты мит æнæкалд баззад... Кæ- лæццаг у... Уæд та... стæй скъæт, мæнгагъуыст. Уыдонæн ма ницы у, фæлæ хæдзар, хæдзар... О, хуыцау, дæ фæдзæхст! Уым, йæ мидæг, йæ чысыл хъæбул ис. Уым, йæ мидæг,. йе ’фсин ис... Иæ цæстытыл ауад йæ хъæбул. Уæртæ хуыссы сынтæджы. Хъæццулы бынæй йæм кæсынц дыу- уæ сау, æнæхин цæсты... Сæлимæтæн йæ уадултыл æртыл- Дысты ставд цæссыгтæ, æма^ сæ, мит- æй чи ахуылыдз, уыцы кæлмæрзæны кæронæй асæрфта. ...Хæдзары Сæлимæт никæйуал ныййæфта. Дуары дæгъæл æвæрд кæм вæййы, уый зыдта — райста йæ, бакодта дуар æмæ мидæмæ бахызт. Йæ мадызæнæджы хæдзар æм бын- тон æцæгæлон, æнæзонгæйы хæдза- ры хуызæн фæкаст. Зæрдæ тырныд- та, йæ быцъынæг скъуыдта хи хæ- хæдзары къæсæрæй бахизынмæ... Сæлимæт райста бандон æмæ сбадт рудзынггæрон — каст æнæха- йыры мит кæд банцайдзæн йæ уарын- æй, кæд алыг уыдзæн фæндаг æмæ кæд ацæудзæн сæхимæ, уымæ. Мит йæ уарынæй, æцæгдæр, фæлæууы, æмæ уæд сылгоймаг рогдæрæй сулæ- фы, схæцы йæхиуыл, фæлæ та чысыл фæстæдæр фæкæс æмæ ногæй тых- джындæр уарын райдайы. Æмбисбон ссис. Иæ хо сихоры улæфты куыстæй бауад сæхимæ. Посты асыккæй газетты дæр йемæ райста. Сæлимæты хæдзары куы ауыдта, уæд бацин кодта: — Æз та ма дæуыл мæт кодтон зæгъын, ацы фыдвæндагыл ма сфæнд кæнай уæхимæ ацæуын. Сындзытылбадæгау кæнын, фæ- лæ куыд фæцæуон, — нæ зонын, ав- тобустæ ничердæмуал цæуынц — цы- дæр саст хъæлæсыуагæй сдзырдъа Сæлимæт æмæ та йæ каст рудзыгмæ скодта. — Цæй, кæд арв иууыл дæлæмæ не ’р^сауид. Уæдæ диссаг æрцыд. Æп- пын нал банцайдзæн йæ уарынæй, — стъолыл хæринæгтæ æвæргæйæ, дзы- рдта фысым. — Æрбабад-ма æмæ мæнæ фæйнæ къæбæры ахæрæм. Сæлимæтæн къæбæр йæ хъуыры нæ хызт, фæлæ йын йæ хо уæддæр тыххæйты ахæрын кодта. Фысым аздæхт йæ куыстмæ æмæ та Сæлимæт фæстæмæ иунæгæй баз- зад иуæй-иннæ тардæр хъуыдытимæ. Бацыд та ногæй рудзынгмæ æмæ.кæ- сы йæ хъæуы ’рдæм. Фæлæ цы уьщы. Уаргæ мит сæдæ-дыууæсæдæ метры æддæдæр бæзджын къул сæвæрдта æмæ дарддæр равзарæн ницæмæн ис. ...Иæ цæстытæ тонæгау ракодта рудзынгæй æмæ йын, йæ хо цы газет- тæ æрбахаста, уыдоныл сныдзæвды- сты. Райста сæ. Иуы дзы райхæлдта, йе ’нкард хъуыдытæй фæиртæсыны ныфсæй. Фæлæ цы уыны уый? Га- 39
зеты «ртыккаг фарсыл сæрмагонд уацы хъусын кодтой, республикæйы, уыцы нымæцы Ирыстоны хæхты дæр фæстаг æртæ боны дæргъы стыр мит- уарды фæстиуæгæн тæссаг уавæр кæй сæвзæрд, уый тыххæй. Миты арф ранæй-рæтты фæфылдæр æртæ ме- тры. Метеорологты развæлгъау зо- нæнтæм гæсгæ, æввахс бонты мит- уард нæ банцайдзæн. Уацы сидтыс- ты бынæттон хицæуттæм, цæрджы- тæн сæхимæ, цæмæй ма батыхсой, равдисой организациондзинад. Æр- дзы хивæнд миты ныхмæ тох кæны- ны сæраппонд арæзт æрцыд Штаб бæрнон кусджыты скондæй. Уац кæронмæ каст нæма фæци, афтæ йæ цæстытæ атарытæ сты Сæ- лимæтæн. Газет къухæй æрхауд. Аф- тæ æдзынæгæй цасдæр фæци. Ныдз- дзæгъæлтæ алыгъуызон тар хъуыды- ты. Æртæ метры ныууарыд мит... но- джыдæр уары... Хæдзары агъуыст кæлæццаг у. Уæд та... Мæ хъæбул... Хъасбол... Дыууæ сау цæсты хъæц- цулы бынæй кæсынц... Кæм сты ныр уыцы дыууæ сау цæсты? Сæ цуры цæуылнæ дæн?.. Сæнт гæпп фæкодта йæ мидбынатæй æмæ, домбай йæ хызы дыууæрдæм куыд фæкæны, афтæ хатæны къуым- ты зилдух систа. Æвиппайды йæ сæ- ръ1 иу хъуыды февзæрыд æмæ йæ цæсгом фæирддæр, æрфгуыты æл- хынцъ айхæлд. «Хъæусоветы посты хайадмæ куы фæдзурин, нæ хъæук- каг чызг дзы кусы. Афæрсин æй куыд сты хæдзары. Бафæдзæхсин æй, цæ- мæй хъæусоветы лæппутæн зæгъа æмæ йын йæ хæдзармæ сæ хъус фæ- дарой. Хъасболæн дæр цас йæ бон у, асæрды йæ уыргтыл операци скодта... Ахæм хъуыдытимæ йæ пальто акод- та, сæрыл йæ хъарм кæлмæрзæн аба- ста, йæ цырыхъхъытæ акодта æмæ тагъд-тагъд атындзыдта постмæ. — Уыцы ’рдæм бастдзинад нæй, — радзырдта йæм посты кусæг. — Иу хатт-ма бафæлвар, дæ хор- зæхæй, чизоны, сырæзт, —ныллæгъ- стæ йын кодта сылгоймаг. — Районы центрæй мидæмæ баст- дзинад нæй, телтæ ныскъуыдтæ сты, сайгæ дæ куынæ кæнын миййаг. Сæлимæт исдут сагъдауæй аззад рудзынджы раз... стæй, йæ цæссыг- тæ калгæ, раздæхт фæстæмæ. Цахæмфæнды боныгъæд ма уа, райсом рагацау районмæ истæуыл бацæудзынæн. «Уырдыгæй мидæмæ та кæд исты уа — хорз, кæннод — къахæй». Аскъуыддзаг кодта йæ мид-зæрды хохаг сылыстæг æмæ та йæ хойы хæдзары ’рдæм йæ фæндаг акодта. Мит уарыд æмæ уарыд... Нæ бафынæй дысон бонмæ Сæли- мæт. Дзæгъæлтæ кодта йæ хъуыды- ты. Иуæй-иннæ æнтъыснæгдæр æмæ тардæр хъуыдытæ, мæнæ, цыма, хæ- дзар æркалд. Иæ пырхæнты бын ын фæдисæттæ агурынц йæ чысыл би- нонты — йæ чысыл хъæбулы, йæ сæ- рыхицау æмæ йе ’фсины. Цыма сæ ссардтой, раластой сæ миты æмæ хæдзары пырхæнты бынæй. Æрæ- вæрдтой сæ фæрсæй-фæрстæм. Адæм сыл марой кæнынц... Сæлимæт фесхъиуы йæ хуыссæны. «Кæд сыл, миййаг, исты... æмæ æз та хъарм хуыссæны хуыссын...» Но- гæй та йæ цæстытыл ауайынц йæ хъæбулы дыууæ сау цæсты. Кæсынц æм хъæццулы бынæй. О, куыд тынг сæ бахъуыды кодта! Мæнæ, гъе, бинонтæ ризынц уа- зал хæдзары. Сæ сугтæ миты бын фесты æмæ се скъахын нал у сæ бон. Сæ фосы муртæ мæлынц æххормаг- æй... О, уыдон цыфæнды дæр фæ- уæнт, фæлæ... мæ хъæбул... Хъас- бол... ме ’фсин... Хорз зæронд ус у... Цæмæн уæ иппæрдæй аззадтæн, ха- бархæссæг дæр мæм куыннæ ис сы- махæй... Æмбисæхсæвмæ æввахс Сæли- мæт растад йæ сынтæгæй, халат æр- бауæлæфтау кодта, хæдзары бинон- тæ йæ куыннæ базыдтаиккой, афтæ- мæй рахызт уынгмæ. Слæууыд къул- рæбын æмæ æдзынæгæй кæсы, ми- ты уæззау тъыфылтæ электроны рухсмæ, кæрæдзи сургæ, зæххыл куыд хауынц, уымæ. Кæд зымæгон æхсæв уыд, уæддæр уазал нæ уыд, стæй дымгæ дæр нæ кодта æмæ ми- ты тъыфылтæ дæр сæхицæн сæриба- рæй чомкоммæ уырдыгмæ хаудыс- ты. Сылгоймаг сæм каст, уый тых- хæй пæ, æмæ йæм рæсугъд кастыс- ть:. Уыдонæй йын алы тъыфыл дæр а-вдæрзæгау кодта йæ буары алы нуар дæр æмæ йæ зæрдæйы стыр маст лæмæрста йæ хуыздзыд был- тæй сабыргай. «Уаих фæуай, цæмæн мын æхгæ- нут мæ фæндаг мæ хъæбулмæ, мæ бинонтæм? Цæмæн мын æвзарын кæ- нут ацы зындзинад, æвзæргæнæг 40
куыникæмæн дæн, уæд? Сæ цурæй рацыдтæн æмæ мæ бауадзут фæстæ- мæ. Мад дæн, мад, цардæмбал, чындз. Мæ бинонтæ мæ хъæугæ кæ- нынц, сæ цуры хъуамæ уон. Æви мын мæ бинонтæм, мæ чысыл зæрди- агмæ æрхъавыдыстут? Æнæ мæн уын сæ фесафын æнцондæр уыдзæн?! Нæ! Кæд ма ахсæв нæ бакæнат уæ фыд- ракæнд ми, уæд райсом цæугæ кæ- нын нæхимæ. Мæ фазыл дæр фæбыр- дзынæн. Сæрæгасæй сæмбæлон мæ чысыл бинонтыл, мæхæдæг дæр сæр- æгасæй- фæхæццæ уон, уый йеддæмæ сæ бахъахъхъæндзынæн, нæ уæ баг уадздзынæн уæ фыдми сæххæст кæ- нын, нæ уæ бауадздзынæн...» — æмæ ныллæг хъæлæсæй зæрдæбынæй нык- куыдта. Иунæг ахæм адæймаг нæй ныртæккæ зæххыл, чи йын фенцой кæна йæ зæрдæйы маст, æххуысы къух æм чи фæдаргъ кæна. Æмæ кæ- мæн цы йæ бон у? Кæмæн ис уыйас хъару æмæ митуард æрурома? Чизоны, цас фæкуыдтаид бинон- тæй иппæрд мад, фæлæ та мæнæ сыс- ’ тад. Йæ сæрызонд фæливæнтæ кæ- ны. Иæ къух размæ адаргъ кодта æмæ армытъæпæныл, цонгыл æзфæ- раздæронæй абадтысты миты тъы- фылтæ. Иутæ дзы атайынц, сæ уæл- вæд иннæтæ. абадынц. Цæй æнæбон сты сылгоймаджы фæлмæн буарыл миты тъыфылтæ! Æмæ цæй тас æв- зарын кæны хохаг адæмæн та! Йæ къух ныххуылыдз, афтæмæй йæ райста æмæ йæ халаты батыхта. Еныр æм бахъардта, кæй суазал, æмæ, дуар арæхстгай бакæнгæйæ, аенæсым, æнæхъæлæбайæ бацыд йæ сынтæджы размæ. Æрбадт ыл. Суа- зал, фæлæ хъæццулы бын æрхуыс- са, уый йæ йæ зæрдæ нæ хæссы «Мæ хъæбул кæд афонмæ тыхсы, уæд æз та хъарм хуыссæны хуыссон». Хъæц- Цул йе уæхсчытыл æрбаппæрста æмæ афтæмæй, бадгæйæ, баззад. Æрмæст- Даер кæркуасæнты æрхуыссыд сын- ’ таегыл æмæ йæ цæстытæ фæсайдта... — Абон ма ма ацу æмæ дæ рай- сом æз ахизын кæндзынæн. Райсом улæфты бон у, — куыстмæ цæугæйæ, Саелимæты бафæдзæхста йе сиахс. — Иунæгæй цæуынвæнд ма скæн, аДы фыдвæндæгтыл дыл исты æр- Ц^удзæнис. Райсоммæ-ма банхъæл- мæ кæс, ау хъæубæсты ’хсæн куы Дæрут, чи сæм фæкæса, ахæм дзы Ничи рьзындзæн? — кæд ын йæ зæр- дæйыуаг æмбæрста, уæддæр ын фи- дарæй загъта йæ хо дæр. Сæлимæт цыма сæ фæндыл сра- зы, афтæ равдыста йæхи. Уæвгæ та сын се стъолыл ныууагъта ахæм фыс- тæг: «Æз цæуын нæхимæ. Кæд фæн- даг уа, уæд истыгъуызты бафтдзы- нæн, кæннод уæм изæры фæстæмæ ’рыздæхдзынæн. Кæд уæм нал ’рыз- дæхон, уæд æй зонут, кæй фæхæццæ дæн нæхимæ. Уæ зæрдæ мæм æппын- дæр ма ’хсайæд. Сæлимæт». Станцмæ бæргæ ссыд, фæлæ та автобус нæ цыдис — дысоны мит нæ- ма ахафтой фæндагæй. Дыууæ са- хатæй раздæр, дам, нæ уыдзæн. Сæ- лимæт та тагъд кæны. Бон цыбыр у. Уæд та районæй къахæйцæуинаг фæцис. Цы бакæна? Иæ алыварс акаст — чысыл фалдæр лæууы «Вил- лис» такси, бæлцæттæ йæ алыварс. Сылгоймаг сæм хæстæг бацыд. Куы базыдта сæ районмæ цæуы, уæд шо- фырæн балæгъстæ кодта, зæгъгæ, мæн дæр алас. Фæлæ такси уыд йе- дзаг, æддейæ чи лæууыд, уыдон дæр районмæ цыдысты, фæлæ сæ бынат нæ фæци. «Хъуамæ сбадон» — ас- къуыддзаг кодта æмæ а-ныр ан- къуыста, афтæ дуæрттæй иу фегом æмæ дзы мидæмæ бабырыныл фæл- вары.. Бæлцæттæ йыл стай-тай код- той, зæгъгæ, нæ уыныс бадæн дзы нал ис. — Бауадзут мæ, мæнæ дæ хъæ- бысы абаддзынæн. Ме ’нахъом сы- вæллон хъæуы æвæгæсæгæй ис, — ныллæгъстæ та сын кодта Сæлимæт æмæ, кæронæй цы ус бадт, уый хъæ- бысы æрбадыныл фæлвары. • Куыд, цы, >фæлæ баирвæзт мидæ- мæ. Цæуы сæ районы ’рдæм, йæ хæ- дзары ’рдæм Сæлимæт. «Виллис», иугай машинæтæ цы фæндагыл ацы- дысты, ууылты цæуы, арф миты раз- мæ бырсгæйæ. Иæ хъæбулыл кæй сæмбæлдзæн, уый ныфсæй фæхъæлдзæгдæр, фæ- лæ йæ бæлццæтты ныхæстæ ногæй сагъæсты ныппарынц. — Стыр æнамонды уард кæны. Бынтон ын банцайæн нал ис — уый шофыр дзуры. — Иу уардæн уыйбæрц æруара, уый диссаг у. Ерцъойы, дам, хæдзæр- ттæ зынгæ дæр нал кæнынц, — йæ ныхас баппæрста йæ фарсмæбадæг бæлццон. — Уартæ, дам, Машхарайы хъæ- уы фермæйыл та зæй рацыд æмæ, 41
дам, æй æд фос фæлаета. Бирæ рæт- ты та агъуыстытæ, хæдзæртты сæр- тæ ныккалдысты. Бæстысæфт æрцыд æмæ уый зæгъай. — Уыцы хабар та Сæлимæты фарсмæбадæг сылгой- маг фехъусын кодта. — Уды зиан кæд, миййаг, никуы ис? — æвиппайды афарста Сæлимæт, фæлæ кæй фарста, уый бæрæг нæ уыд. Æвæццæгæн сæ алкæмæ дæр хауд. Фæлæ сæ ничи ницы загъта, «ницы фехъуыстон»-æй дарддæр. Кæд æвзæр хабарæй ницы фе- хъуыста, уæддæр æй уый не ’рсабыр кодта. Чи ис йæ хъæуæй районмæ хабархæссæг? «Цæуын хъæуы» фи- дарæй аскъуыддзаг кодта йæ мид- зæрды æмæ та алыгъуызон фыдхъуы- дытæ сæрмæ лæсын райдыдтой. Районы центрмæ нæма бахæццæ уыдзынæ, афтæ фæзилы фæндаг хъæусоветы ’рдæм. Раст уыцы ран æрхызт æмæ ацыд чысыл фалдæр, цы фæндагыл хъуамæ ацæуа, уый былмæ. Фæндаджы сæрты цæхгæр- мæ уагъд уыд даргъ, æфсæйнаг хæ- тæл. Уый та нысан кодта, æхгæд кæй уыдис, уый. Сæлимæт йæ иу- вæрсты бахызт. Ацыдис ыл. Мит уæрджытæй бæрзонддæр уыд, кæм — фылдæр, кæм — къаддæр. Бæрæг уыд, цавæрдæр машинæ йыл кæй ацыд, æвæццæгæн митсыгъдæггæ- нæн. Машинæйыл сбада, уый ныфс нæ уыд Сæлимæты. Уæдæ йæ алыварс змæлæг дæр ничи уыд æмæ йын æм- бæлццон дæр нæ разынд. «Цæуон мæхæдæг, цыбыр кæнон мæ фæндаг. Нырма раджы у. Стæй уазал бон нæу, кæд уаргæ кæны, уæддæр» — бакодта ма йæхинымæр æмæ алæгæрста размæ, комы мидæ- мæ, йæ хæдзармæ, йæ хъæбулмæ. Диссаг, кæцæй уары ныр цыппæ- рæм бон уыйбæрц мит? Арв æнæ- бын къæрта фестад? Ау, цы мигъ- тæй æвзæры мит, уыдонæн фæуæн нал ис? Уыцы иугъæдонæй уары æмæ уары. Уары æмæ йемæ æнамонддзи- нæдтæ хæссы. Цахæм рауайдзæн Сæ- лимæтæн йæ фынддæс километры дæргъæн фæндаг? Сæрæгасæй ба- хæццæ уыдзæн, æви митуард цы æна- монддзинæдтæ лæссы, уыдонмæ ма иу бафтдзæн? Нæ йæ зоны Сæли- мæт йæхæдæг дæр, фæлæ уæддæр цæуы. Йæ цæстытыл æнæсцухæй уайынц йæ хъæбулы дыууæ сау цæс- ты. «Ма ацу, гыцци» — уыдон та йæ ныхæстæ уыдысты. Ныртæккæ дæр зæлланг кæнынц йæ хъусты. Чизоны йæм байхъусын хъуыд. Фæлæ ма ныр цы! Цалдæр хатты рацыд ацы фæн- дагыл фистæгæй. Сæр-иу æй куы ба- хъуыд, уæд. Фæлæ ныры хуызæн зындзæуæн никуы уыд. Æдзух лæ- гæрдын хъуыд. Æмæ лæгæрды. Пал- тойы фæдджитæ æмæ хызынæй ног- уард мит, хаххгæнгæ, сабыргай раз- мæ цæуы. Фæндаг кæм фæхæрд вæй- йы, кæм та тæссар бацæуы. Мит дарддæр уары æмæ сылгоймаг-бæлц- цоны дæр йæ быны фæкæнынмæ хъа- вы. Кæлмæрзæн æмæ уæхсчытыл мит сбирæ вæййы æмæ сæ рæстæгæй- рæстæгмæ ацæгъды. Нырма æмбисбон дæр нæу, ныфс æй ис, кæд йæ тых не сихсийа, уæд талынгтæм бынатмæ кæй ’фæхæццæ уыдзæн. Бынатмæ кæд нæ, уæддæр æввахсдæр хъæумæ. Тындзы Сæли- мæт, фæлæ йын размæ аккуырсын уадиссаг не ’нтысы. Куыд мидæг- дæр цæуы комы, афтæ мит арфдæр кæны — хæхты фылдæр мит уары, * стæй уаргæ мит дæр йæ кæнон кæны. Зынæй-зындæр кæны фæндагыл цæуын Сæлимæтæн. Фæлæ уый та йæ фæндагыл хъуыды кæны. Йæ хъуыдытæ æгасæйдæр йæ хъæбули- мæ баст сты. Стæй Хъасбол, йе ’фсин... Хæдзары агъуыст кæлæццаг уыд... Уæд та... ныккалд... Уæд та сыл исты ’рцыд... Нæ, нæ, уый нæ уыдзæн! Фæлтау мын мæхи аныхъуы- рæд мит. Фæлæ нæ! Æз дæр хъуа- мæ цæрон, хъуамæ фенон мæ хъæ- булы, мæ бинонты. Хъæццулы бы- нæй та йæм ракастысты дыууæ сау цæсты. Хъусты айзæлдысты «Ма ацу, гыцци» æмæ та ныфсджындæрæй алæгæрста размæ. «Гыцци дæ ны- вонд æрбауа! Кæд мын, миййаг, фыдвæндагæй тарстис дæ чысыл зæрдæ æмæ мæ уымæн нæ уагътай. Фæлæ дæм уæддæр фæцæуын, мæ хъæбул. Мæнæ дын митылæгæрдæн хъарм цырыхъхъытæ дæр фæхæссын, стæй хъазæнтæ. Ахæм машинæ хъæ- уы сабитæй никæмæн ис. Багъæц-ма чысыл, мæ хъæбул, æмæ дæм зын- дзæнис дæ гыцци дæр»... Мит астæумæ фæхæццæ кæны сылгоймагæн, афтæмæй æмбис фæн- даг дæр нæма рацыд. Фæндаг чы- сыл фæуырдыг æмæ йын уыцы дæрд- дзæг рацæуын фенцондæр. Иæ 42
къæхтæ гæзæмæты бахуылыдзтæ сты. Схуылыдз сты йæ палтойы фæд- джитæ. Тайгæ миты дон. ахъардта фæсонты дæр. Хорз у æмæ тынг уа- зал бон нæу, стæй дымгæ нæ кæны, æндæра дæ фыд-зæрдæ ахæм уавæ- ры бахауæд. Æниу ныртæккæдæр бæллиццаг нæ уыд йæ уавæр. Фæн- даджы иннæ ’мбис ма ацæуа, уый ныфс æй нал ис. «Æввахсдæр хъæу- мæ уæддæр кæд бахæццæ уаин» — ныр та уыцы ныфсæй цыбырдæр кодта йæ фæндаг. Чысыл куы ак- куырсы, уæд та -фæстæмæ ракæсы, зæгъгæ, цас рацыдтæн. Фæлæ йæ зæрдæ нæ барухс вæййы. Фæндаг та фæтæссар. Мит ар- фæй-арфдæр кæны, бæлццон — æды- хæй-æдыхдæр. Фæндаг ын раздæрау цыбыр кæнын нал æнтыст. Уæнгтæ тынг нал кастысты йæ коммæ. .Йæ мидбынаты миты æрбадт, чысыл æрулæфон, зæгъгæ. Къæхтæ тынг- дæр схуылыдз сты. Ныххуылыдз сты пысултæ дæр æмæ буарыл æн- дæгъдысты. Æрмæст ма разæрды- гæй астæуæй уæлæмæ сур сты. «Дыууæ саджилы мæ ракæнын хъæ- уы, цалынмæ ма мæм чысыл тых ис, уæдмæ» — æмæ йæ алывæрсты акæс- тытæ кодта. Чысыл фалдæр къутæр миты бын æгасæйдæр фæци, æрмæст ма йæ дæллаг фарс чысыл мæрагон- дæй аззад. Чысыл аулæфыны фæстæ та алæ- гæрста æмæ тыхæйты бахæццæ къу- тæры комкоммæ. Мæрагонды мидæ- мæ, саджилтæ ралыг кæныны тых- хæй куыд бацæйбырыд, афтæ йыл къутæры сæрæй мит æркалд. Уадид ницыуал ауыдта — æгасæйдæр миты бын фæцис. Фæлæ мит афтæ бирæ нæ уыд, — сивæрзт йæ уацарæй. Йæ хотæй цы хырынкъа рахас- та йемæ, (цынæ вæййы, уæд та цæ- мæн бахъуыд) уымæй дыууæ са- джилы ралыг кодта æмæ фæстæмæ фаендагмæ бырæгау æркодта. Сæх- хормаг. Хызынмæ нывнæлдта, сис- та кæрдзыны карст. Схуылыдз ис Уый дæр. Хыссæйы хуызæн ссис. Дзидзайы кæрстытæй систа æмæ, кæд йе ’фсæртæ ныууадысты, уæд- Дæр дзы ахордта, кæд æм тых æр- Цæуиды ныфсæй. Цæуы та дарддæр Сæлимæт. Бынтон ын ницыуал æнтысы размæ. Мит астæумæ фæхæццæ кæны. Да- Р^с бынтон ныххуылыдз. Цы ма кæ- На? Кæд ма афæраза иууыл фылдæр километры бæрц, фæлæ йын уый цы ратдзæн? Хæстæгдæр хъæумæ та нырма дзæвгар бауайын хъæуы. Иæ мидбынаты та æрлæууыд Сæлимæт. Иæ хъæбулы дыууæ цæсты... «Ма ацу, гыцци». «Цы дын кæнон, мæ хъæбул. Нæ бакастæн дæ коммæ æмæ мæнæ ныр сидзæрæй зайдзынæ.. Нал дæм хæц- цæ кæнын, мæ зæрдиаг. Нал мæ хæс- сынц мæ уæнгтæ. Æвæццæгæн мæ адзал æрхæццæ». Уаеддæр та размæ алæгæрдыныл фæлвары Сæлимæт, фæлæ къæхтæ коммæ.нал кæсынц. Цыма сыл дон- ласт къуыдыртæ баст ис, уыйау хæрдмæ фæкъæдз кæнын нал ко- мынц. Фæстаг æндахы онг ныххуы- лыдз... зонд фæливæнтæ кæнын рай- дыдта... «Сауындзон хызын, æндæра уæд- та фæстæдæр мæ бон нал бацис», æмæ æрæвнæлдта йæ мидбынаты мит нæмынмæ — кæм — къахæй, кæм — къухæй, кæм та йæ гуырæй. Æмæ чы- сыл обаугонд сарæзта. Стæй йын йæ астæу даргъдæр саджил хъил ныссагъта. Къулдæр чердæм рауад, уыцы ’рдыгæй йæм иннæ саджил хъил быцæу радта, афтæ йыл са- уыгъта хызын. Иæхæдæг йæ цуры æрхуыссыд. Иæ цæстытыл ма, цыма сæм чъизи авгæй каст, афтæ ауадыс- ты йæ хъæбулы цæстытæ, йæ хъус- тæ ма æнæбары ацахстой: «Ма ацу, гыцци». Йæ сæры алыварс урс мигъ- тæ зилахар систой, фæстагмæ тарæй тардæр кодтой, стæй бæстæ, дун- дуне иууылдæр æрталынг... Мит уарыд æмæ Сæлимæты тар- бын дарæс цадæггай урс кодта... * * * Бирæ фæцархайдтой Сæлимæ- тыл, цæмæй йе- уæнгты цы туг æр- цæйлæууыд, уый фæстæмæ ахъазы- даид йæ буары; Æмæ йын ныр кæд мæлынæй нал тарстысты, уæддæр йе ’муд нал цыдис. Хабар уайтагъд хъæусбветы онг бахæццæ. Фæлæ йæ цы хуызы фе- хъусдзысты йæ хъæубæстæ, йæ би- нонтæ та? Хъæу дунейæ иппæрд аз- задис. Нал æм цæуæг уыд, нал сæ æддæмæ исчи цыд. Стыр митуард сæ батардта сæ хæдзæртты. Æгæрыс- тæмæй сæ фосæн дæр скъæтты рай- дыдтой митдон дарын. Хæдзарæй- хæдзармæ æнæбары къахвæндæгты 43
йеддæмæ ницыуал уыд. Уыцы къах- вæндæгтæ ма уыдысты чысыл хъæу- бæстæйы царды дадзинтæ. Уыцы къахвæндæгтыл кæрæдзимæ цыдыс- ты æмæ фарстой, кæд ницæуыл тых- сынц, æмæ-иу æххуысы сæр кæй хъуыдис, уыдонæн кодтой æххуыс. Сæйраг æххуыс. Сæйраг æххуыс та мит калын уыд... Ахæм уавæры цард Сæлимæты хъæу фæстаг бонты. Тракторы фæзынд ацы хъæумæ æнæнхъæлæджы нæ уыд хъæубæс- тæн. Дыууæ боны размæ дæр ам уыд. Цæвиттон фермæйæн цы цъе- ритæ уыд, уыдон миты бын фесты, сæ цъуппытæ дæр нал зындысты. Сæ къахынæн кусæгдых нæ фаг код- та. Митсыгъдæггæнæн машинæйы шофыр Барисы хъæрмæ хъæубæстæ фæфæдис кодтой, уæдæ цы. Трактор семæ акодтой æмæ æргъæвст сыл- гоймаджы сластой хъæумæ, йæ хæ- дзармæ. Хъарджытимæ йыл фем- бæлд йе ’фсин. Йæ цæссыг нæ урæдта Хъасбол дæр. Пец æвæрд кæм уыд, уырдæм æй нæ бауагътой хæссын. Адæймаг куы басийы, уæд ын цы ’мбæлы аразын, уыдон ын арæзтой тыргъы фæлтæрддæр хъæу- уон хосгæнджытæ. ...Хур та, кæд зынгæ никуыцæй кодта, уæддæр ног цард радта ног бонæн æмæ уыимæ Сæлимæтæн дæр. Уыцы райсом та ногæй фыццаг хатт байгом кодта йæ цæстытæ, фæлæ сæ уайтагъд фæстæмæ æрæхгæдта, æгæр уæззау æм фæкастысты сæ уæлтъы- фылтæ. Уалынмæ йæ хъустæ ацахстой йае хъæбулы хъæлæс. Мад йæ сæр уы- цырдæм уæззау азылдта æмæ та йае цæстытæ байгом кодта. Чысыл æд- дæдæр Ботаз, йæ ног цырыхъхъытæ йæ уæлæ, афтæмæй хъазыд йæ ма- шинæйæ... Мады цæстытæ донæй айдзаг. сты, стæй цæссытæй сæ фæндаг баз- мæ акодтой...
ДЖИОТЫ ПАВЁЛ ЗЫНГИРВÆЗТ Новеллæ Зынг сирвæзт! Зынг сирвæзт! Фæ- дисмæ алы рæттæй тындзынц сты- рæй-чысылæй, сылгоймагæй-нæлгой- магæй. Æхситгæнгæ, уасгæ æрхæц- цæ сты сырх-сырхид автомашинæтæ. Цæрдæг сæ рагæппытæ кодтой хæс- тонвæлыст лæппутæ æмæ уайтагъд доны фæттæ аныхстысты зынг æмæ фæздæджы. Адæм змæлынц. Кæмæн цы йæ бон у, уый æххуыс кæны, цæ- мæй зынджы амæттаг ма бауой. Иннæтæ æввахс хæдзæрттæй скъæ- фынц ведраты дон, къухæй-къухмæ йæ дæттынц æмæ йæ пырх кæнынц тæссагдæр бынæтты. Йæ бон кæмæн ницы у, уый дæр тыхстгъуызæй æмæ тæригъæдгæнгæ кæсы. Хъыллист, хъæлæба... Зынгирвæзт! Тæссагдæр ма цы ис! Цæргæ-цæрæнбонты фæллой цал- дæр минутмæ арты æнæфсис хъуы- ры аирвæзы. Æнæхъуаджы нæ баз- зад нæ адæммæ карз æлгъыст: дæ хæдзар басудзæд, зæгъгæ. Зынгирвæзт! Уый тæссаг у, уæ- дæ цы. Æнæхъуаджы нæй телефон- ты бæрæгуаты зынгхуыссынгæнæн командæйы телефоны номыр æппæ- ты разæй. Цæмæй йæ алчидæр зо- на, æнцонæй йæ ссара æмæ бахъуы- ды рæстæджы æххуысмæ тагъддæр фæсида. Мæнæн дæр мæ зæрдæйы зынг- ирвæзт йс ныртæккæ! Уарзондзи- нады зынг мыл сирвæзт. Нæ, зынг æмæ дзы фæздæг нæ зыны. Æз су- дзын мæхимидæг. Судзын æнæзын- гæй. Фæлæ уымæй мæнæн æнцондæр нæу. Æхсæв æмæ мын бон нал ис. Мæ фын, тæргайгæнæгау, дардмæ фæ- дыгъд. Мæ хъуыдытæ, бирæгъæй фæтæрсæг фыстау, ныдздзæгъæлтæ сты. Æнæуый зынгирвæзт бирæ нæ ахæссы. Уайтагъд æй ахуыссын кæ- нынц. Судзинаг дæр тагъд басудзы. Мæнæн та мæ зæрдæйы тугдадзинтæ ныр цалдæр азы, электроны цыра- гъау, цæхæр калынц, чызгай, дæ мæ- тæй. Æмæ нæ хъуысы никуыцæй фæ- дисы хъæр. Ничи мын тæригъæд кæ- ны!.. Ничи сиды зынгхуыссынгæн- джытæм. Æниу сæм цæмæ сидынц! Дунейы зынгхуыссынгæнджыты куы ’ркæнай, уæддæр ницы сæ бон ба- уыдзæн. Сау фурды дон мыл æнæ- хъæнæй куы аскъæрай, уæддæр. Нæ, нымæг кæнын æй нæ хъæуы! Уадз æмæ судза. Уадз æмæ мæ зæр- дæ цæхæр кала. Æрмæст мæ фæн- ды, цæмæй уыцы цæхæр суынай ды, æрмæстдæр ды, чызгай, срухс дын кæна дæ рæсугъд цæсгом æмæ дæ мæ цуры худгæбылæй фенон. 1. 04. 88
ТЁДЕТЫ АВГАР Стыркомы трагеди Фарон зымæг стыр зындзинæдтæ бавзарын кодта хæхбæсты цæрджытæн. Æрцыд материалон æмæ уды зиæнттæ. Мæр уый бæрц суымæл, æмæ лæбырыдысты хохвæхстæ. Тынг мыл бандæвта Стыркомы трагеди æмæ йыл ныффыстон æмдзæвгæ. Æнæарт хæдзары цæй фарн и, цæй æнцой?! Мæ уалдзыгон бон мыл ныддаргъ... Дæлæмæ æрхауай, дæлæмæ, æнæнцой Фæуай ды, хъуынтыз арвы тар!.. Къæртайæкалæгау, фæуарыд мæйдæргъы Æнæхаир къæвда, уæууай... Ныллæпъа и мæр æмæ лæсæн нæ хæхтæ Йæ уæлныхты систа хъæугай... Лæбырынц æнусон уæлмæрдтæ, лæбырынц, Нæма дзы ’рцыд ахæм бæллæх... Йæ цæссыг ызгъалгæ, нынниуы куыдз бырцыл, Ныццæхгæрмæ фæндагыл бæх. Иæ къах æй нæ хæссы Стыркомы зæххæй, Куы йын уаид барвæндæй, куы, — Бæргæ ам йæ адзал ыссарид уæлгъæдæй, Фæлæ у йæ хицау хæркъуы... Стæй йæ фырбуцæн йæ дарæг кæм хоны, Нæ йæ уадзы иу уысм уым ныр — Ныззезелæг ын ис йæ гæрзын идоныл, Иæ фæдыл æй ласы æмыр... Фæлдæхынц æнусон бæлæстæ, фæлдæхынц, Сæ къæс-къæсæй зæрдæ кæрзы. Ам, раздæрау, мæргътæ нæ зарынц, нæ тæхынц, Стыркомы фыдох — сæ зын... Æнæарт хæдзары цæй фарн и, цæй æнцой?! Мæ уалдзыгон бон мыл ныддаргъ... Дæлæмæ æрхауай, дæлæмæ, æнæнцой Фæуай ды, хъуынтъыз арвы тар!.. 26. 04. 87. Адæмæн сæ фылдæр хай куыд цæры, Афтæ æз мæ царды бонтæ тонын. Æз мæ быны-бындуртæ нæ хæрын, Искæйау уæлдай хæйттæ нæ домын.
Зыд, кæрæф нæ рахастон мæ фыдæй, 'Нæфсис мын нæ баззади мæ мадæй. Райын худæндзаст сыхаджы уындæй, Дæн сæрыстыр кусæг лæджы кадæй. Уарзын Иры афтæ бирæ, афтæ, Цыма у мæ ныййарæг мад растдæр Æмæ йыл æрцыд мæ уды арфæ — Уымæй нæй бæстыл рæсугъддæр, уаздæр. • Дæн сæрыстыр йе ’гъдауæй, йæ номæй, Ир — мæ цард-цæрæнбонты хæстон кард. ’ Райгæ дæн мæ цард æмæ мæ бонæй, Мæн кæй ныййардта ирон нæртон мад! Фарнимæ æрцард мæ уды ’нæрцæф Стыр Цомахъы номхæссæн æхсæрдзæн. Дары мын парахатæй йæ хæрздæф, Æмæ райы цард,— цæрынмæ — зæрдæ! 1987 Мæ намысмæ гæсгæ æрвитын мæ бон, Мæ намысмæ гæсгæ æз тоный мæ цард. Нæ кæнын хæрамы уылæнты дæлдон, Мисхал бар нæ дары мæ удмæ мæнг ард... Æмæ мæ куы фæрсай: — Дæ амондджын? уæд Дæуæн æз зæгъдзынæн:—Гъай, гъайдæр, бæгуы... Æхсæны хъомпалы нæ сафын мæ фæд,' Егъаудæр хæрзиуæг та царды — лæг уон!! 1986. Поэты арфæ Нæ ахсджиаг, нæ зæрдиаг Октябрь, Нæ фæллайын дæуыл зарынæй æз. Сæрфат дæ фæрцы ныр мæ цардæн арын: Мæ куыст, мæ бон куыд рæсугъд у, уыныс! Мæ фыдыфыд уыдис дæ сахъ фæдисон, Йæ карды комыл хохмæ ’рхаста уый Дæ судзгæ стъæлфæн æмæ ’рдхæрæн, диссаг Фæцис йæ арт — æрвгæрæттимæ сиу. Æмæ кæны уæдæй нырмæ цырындæр, Нæ уæнгты бацард йе ’гъуыстаджы равг. Сæттæм ныхдуртæ ’нæхаир, цызындæр — Бырсы ныфсджынæй сомбонмæ нæ н^ау. У дунейы хъаймагдæр хай æгæрон, Цæст дæр ыл не ’ххæссы — æрвайдæн раст. Уый Нафы фæз у н’ алы хорз æмгарæн, Æрмæст ыл нæй мæнгард удтæн бынат; 47
Мыды чыргъæды бинонты æгъдауæй Æрвиты бон нæ нау æмæ нæм ц’ и Мæгуырау, æмæ фауддзаг, гъе та дауæй, Æгъатырæй, быронау, калы уый. Нæ мыды къусы нæй къæмæн ныххауæн, Кæны нæ зарæг æрдз — нæ раттæг мад. Дæуæн, Октябрь, не стыр зæды хайæн — Поэты арфæ, цыт æмæ дын кад! Русланæн Ды рухсмæ фæзындтæ Æуымæн æрмæст, — Æвзарай фыд-зынтæ, Дæ цард уа ызмæст. Кæйдæртау дыл не ’рцыд Фæрныг лæджы куывд Æмæ нын дæ ацыд Зæрдæриссæн уыд... Мæ чысыл æфсымæр, Мæ туджы æрхъис, Мæ сæнтты ныфсы сæр, — Дæхи-иу мын хиз Уым, тары хъæбысы, Алæмæт рухс дар... Дæ зарæг нæ сысы Ызнонау ныр дæр. Лæгау-лæг ыссары Иæ рæсугъд мæлæт — Хъæлæсдзаг куы зары Уæлмонц уды мæт... 1987 азы август Илья Чъавчъавадзейы ныхас Балладæ Нæу фыссæгæн тæхудиаг Рагæй нырмæ йæ бон Æмæ дзурын мæ «худинаг», Адæм, хъусут, æргом: Æз кæд уæздæттæй рацыдтæн, Ницы цух уыдтæн мур, Уыд мæнæн, цы хъуыд — алцы дæр, Фаг рæвдыдта мæн хур, Дзаг— мæ гонтæ, мæ быркуытæ, Фосы рæгъæуттæ — хæрх. Иннæ ахæм — мæ бур куыйтæ — Ахс хъæддаг сырдтæ, цæгъд!..
'Рвит, Луарсабау, хъал бонтæ, Гъе, Датикъойау, цæр. Афтæ ’нхъæл, цыма балхон дæ,— Ма риссын кæн дæ сæр. Ма тæригъæд кæн макæмæн, Циу фæлмæнзæрдæ лæг?! Дуне уадз æмæ ракæлæд, И’ артдзæст бауæд нымæг... Фæлæ ахæм «нымады цард» . Сæрмæ не схастон æз. Æмæ акодтой гъатыр мард Мæн, Бæстыфарн, уыныс. Рухс кæм æрцард мæ гагуыты, Къах цыран авæрдтон, Уыцы Райгуырæн уаз къуымы Ссардтон иу хуыз — мæрдон. Уæд сæ бонæй богъдабиты, Сты æвзæрмæ гырыз. Иу сæ ’ндавынц сæ папитæ, Мулчы с’ амонд уыньшц... Ам, мæ уарзон фыдыбæстæ, Æз, дæ хорзмæ бæлгæ, Уафтон зæрдæйы рухс сæнттæ, О, бæллыдтæн бæргæ: «Азты сæрты дæ сомбонмæ Иу хатт бакæс уæддæр!» Фæлæ сау адзал бадомдта Мæн, ныккалдтой. мыл мæр. Фæлæ н’ амардтæн, баззадтæн 'Нустæм цардæгасæй. Суинаг фæлтæры разæнгард Æз фæкæнын фæрнæй, Раздæрау æз дæ цæрайæн Кувын зоныгуылæй:' «Цæр, Гуырдзыстон, зæрдæрайæ, Хур дыл ма ныгуылæд!». 1987 аз. 4- Журн. «Фидиуæг» № 6
УАНЕТЫ ВАЛЕРИЙ / ÆМБЫРД Радзырд Райдиан парторганизацийы æм- бырд йæ радыл цыдис. Парторгани- зацийы секретарь Глонти Тедо йæ афæдзы хыгъд зæрдæбынæй хъу- сын кодта æмбырдæн. Дзырдта, йæ куыст чи уарзы, йæ хæстæ æну- выдæй чи феххæст кæны, ахæм адæй- маг куыд фæдзуры, афтæ. Зивæггæнгæ йæм хъуыстой. Æры- гон коммунист Майрæмты Знауыр рафæлдах-бафæлдах кодта, йæ ра- зы цы нывæфтыд журнал уыдис, уый. Æрыгон чызг — коммунист Гаг- каты Додæ сусу-бусу кодта, йæ фар- смæ цы æмбискар сылгоймаг бад- тис, уыимæ. Уагдоны хисдæр цыдæр гæххæттытæ рауын-бауыныл схæ- цыд, цыма раныхасмæ йæхи цæттæ кодта, ахæм хуыз æвдыста. Иудзыр- дæй, алчи дæр дзы йæхи ирхæфста, куыд йæ бон уыд, афтæ... Ацы æмбырды партийы горкомы минæвæрттæй хъуамæ исчи уыдаид. Фæлæ æмбырды размæ фехъусын кодтой, ома æмкусджытæ æндæр организацитæм ацыдысты æмæ уе ’мбырд уæхæдæг ауадзут. Уæ сек- ретарь. йæхæдæг зæронд, фæлтæрд кусæг у æмæ æнæ мах дæр сарæхс- дзæнис. Хæрз чысыл уыдис ацы парторга- низаци. Бæрцæй — авд уæнджы. Стæй сæ куыст дæр спецификон уы- дис. Уагдоны хисдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æмткæй дзуапп лæвæрд- та уагдоны куысты тыххæй. Иннæ æмкусджытæ та нымад цыдысты хæдбар кусджытыл. Йæхи сæрма- гонд куыстæн дзы алчи йæхæдæг лæвæрдта дзуапп. Уæлдæр ахуыры диплом ам формалондзинад нæ уыд. Æцæг у, уæлдæртæ ахуыр кæмæ нæ уыд, уый ам кусын нæ бафæрæзта- ид. Амæн æмæ æрбацæуджытæ алы- хатт дæр домдтой конкретон дзуапп. Тутт, уазæгаддейы ныхæстæй сын рарвитæн нæ уыд. Æхсæнадон куыст зивæгæй код- той амы æмкусджытæ. Зæгъæн ис, æмæ сæ хисдæр йеддæмæ алчи дæр куыста парторганизацийы секрета- рæй. Иæ карьерæйыл тынг чи тых- стис, уыдон йеддæмæ ацы бынатмæ тырнгæ дæр ничи кодта. Сæхи куыс- тæй сæ уæддæр нæ сæрибар кодтой, æмæ ма ноджы де ’ккой уæлдай æр- гъом сæвæр, уый кæй бафæнддзæ- нис?.. Цæвиттон, æндæраз Майрæмты Знауыры сæвзæрстой. Фæлæ уый фæсаууонмæ аспирантурæйы ахуыр кодта æмæ йын сæрибар рæстæг бынтондæр ,нæ уыд. Стæйдæр нæ уарзта æхсæнадон куыстытæ. Уыи- мæ ма уыдис мæстыгæр, зындзард характеры хицау. Стæй-ма, иннæ æмкусджытимæ абаргæйæ, нырма æгæр æрыгон уыдис æмæ йæм дзы рæстмæ ничи хъуыста, Искæмæн-иу сæ исты хæслæвæрд куы радта,, уæд тз-иу ын алы æфсæнттæ рай- дыдтой. Уый дæр та иу семæ загъд самадта. Парторганизацийы куыст иунæ- гæй æххæст кодта. Раст зæгъгæйæ, йæ хæстæ цы уыдысты æмæ йæм пар- тийы горкомæй цы амындтытæ æр- выстой, уыдонæй дарддæр йæхи хъæппæрисæй, йе ’нгуылдз дæр ни- куы базмæлын кодта. Æмæ та еуæд радон хыгъддæт- тæнæвзæрстыты æмбырды сæ хис- дæрæн фадат фæцис, цæмæй йæ фæрæхуыстаид: — Парторганизацийы куыст рау- уатмæ æркодтай!.. — Омæ йæ ныр чи сраст кæна, а^æмы равзарут! — рамæсты та Зна- уыр. — Равзардзыстæм, дæу нал ба- фæрсдзыстæм!.. Æмæ, æцæгдæр, равзæрстой. Æрæ- джы сæм цы æмбискар сылгоймаг æрбацыдис кусынмæ, Гæлæуты Гæ- лæбу, зæгъгæ, уый. Æцæг, йæ канди- датурæ уæлдæр хисдæртимæ раджы скъуыддзаггонд уыдис, фæлæ Гæлæ- бу уæддæр стыр цинимæ сразы йæ ног бынатыл. Афтæ æнхъæлдта æмæ дзы стыр пайдайы хъуыддæгтæ ис... Уымæн дæр та йæ равзæрсты рæс- 50
тæг фæцис. Бахыгъды æмбырды раз- мæ уагдоны хисдæрæй ракуырдта афæдзы хыгъд. Æмæ æмбырды цæр- дæгæй нымайын райдыдта, уагдон цы куыстытæ бакодта, уыдæттæ. Знауыр та йæхи нал баурæдта: — Уыдæттæ та нын цæй тыххæй дзурыс? Мах нæхæдæг нал зонæм, чи нæ цы куыст бакодта? Ды ма та нын конкретонæй зæгъ: парторгани- заци дæ сæргълæудæй, цы куыст ба- кодта?.. Гæлæбу фæсыкк. Æмбырдыуæв- • джытæ сæ цæстæнгас амбæхстой. Уæддæр ын цы уæззау характер ис, ацы неврастеникæн? Сылгоймагæн дæр ницы бары... Æндæра цас дис- саг уыдис, йæ дзыхыл фæхæцыдаид? Йæхæдæг адæмæн сæ удхæссæг у. Гæлæбу та адæмæн уд æмæ дзæцц у (уæлдайдæр.нæлгоймæгтæн). Стæй аразгæ дæр куыд ницы скод- та? Сæ ног æмкусæг Гагкаты Додæ- йы ма партийы рæнхъытæм уæддæр айсын кодта... Раст зæгъгæйæ, уыцы хъуыдда- джы дæр Гæлæбуйы хъиамæт уый бæрц ницы уыдис. Секретарæй йæ куы сæвзæрстой, (растдæр зæгъгæйæ та йæ сæвзарын кодтой), уæд цалдæр боны фæстæ телефоны фæдзырдта партийы горкомы секретарь, Додæ- йы æрвад. Тызмæгæй бафиппайдта: — Æуыцы æрыгон чызджы та партийы рæнхъытæм цæмæннæ ис- ут?.. Гæлæбу фæдыгъуырццæг: — Нырма нæм æрæджы æрбацы- дис... Стæй ахæм хъуыддæгтæ парт- организаци скъуыддзаг кæны?.. — Ды та парторганизацийы еек- ретарь дæ! — бирæнысанон хъæлæ- сыуагæй сдзырдта Додæйы æрвад, — æмæ кæд дæ бон нæу дæ организа- цийы уæнгты дæ фæндыл акæнын, уæд дæ æнæхъуаджы сæвзæрстой!' — æмæ хæтæл æрывæрдта... Иудзырдæй, радон парторгани- зацийы æмбырд та куы уыд, уæд.До- дæйы партийы уæнгтæм кандидатæй айстой. Знауыр ма цыдæртæ сцæй- дзырдта, фæлæ та йыл уагдоны хис- дæр фæбогъ кодта: — Омæ цы дæ хæдзар фехæлд, Дæмæннæ нæ бауадзыс æнцойæ ба- кусын? Цæрæнбонты алкæимæ хыл кæндзынæ? — Ис партийы устав, — сцæй- дзырдта Знауыр. — Ныууадз, дæ хорзæхæй! — йæ гæндзæхтæ та сцагъта сæ хисдæр, — уставтæ æмæ закъæтты уæлдæр хисдæртæ махæй къаддæр нæ зо- нынц! Закъонмæ куы кæсæм, уæд ма мын уæртæ дæ разы мæ сейфмæ ба- кæс! Бынат дзы нал ис, хисдæртæ æмæ.дыл æрбацæуджытæй цы хъæс- * тытæ фæцыд, уыдонæн! Уыцы гæх- хæттытæ, кæдæм æмбæлы, уырдæм куы арвитон, уæд дæ сæр кæм ацæв- дзынæ, уый зоныс? Æрмæст мæхи мын цал хатты сæнаккаг кодтай ам, мæ куысты уæлхъус?!. — Æз нырма æнæхъуаджы никуы никæй сæнаккаг кодтон! Уыцы гæх- хæттытæ та арвыстаис, кæдæм дæ фæндыд, уырдæм! Æз дын дæ къух- тыл нæ хæцыдтæн!.. — Ныууадз мæ, дын загътон! — фæлладæй йæ къух ауыгъта хисдæр, — дæу уырысы æфсад дæр нæ ба- сæтдзысты. Фæлæ-иу дзы цы рамбу- лай, уый æндæртæн раппæл... * * * I Гæлæбу ма парторгæй куы куыс- та, уыцы рæстæджы сæм кусынмæ æрбацыд персоналон пенсиисæг Гло- нти Тедо. Тынг фыдæхзæрдæйæ йыл фембæлдысты. Ома персоналон пен- си райстай æмæ ма дæ цы гуыбын- низ хъæуы?.. Раст зæгъгæйæ, Глонти Тедо дæр куыстмæ æрбацыдис, цæмæй æнæ- хъуыддагæй ма хъыг кодтаид æмæ ма йæ пенсийы æддийæ цыдæр ка- печчытæ бакуыстаид... Уыдис ын рынчын бинойнаг, фырттæ, фыртты сывæллæттæ. Йæ фырттæй -сæ иу нырма йемæ цардис дыууæ æна- хъом сывæллонимæ. Йæ чындз нæ куыста. Æмæ йæ пенси æмæ йæ фыр- ты мызд уытæппæт бинонты фаг нæ кодтой... Тедо кæд йæ рæстæджы стыр бы- нæтты куыста, уæддæр баззадис хуымæтæг, хæдæфсарм адæймагæй. Уыцы миниуджытæ йын йæ ног æмкусджытæ уайтагъд рахатыдтой æмæ йæм ахæм ’фыдохы цæстæй нал кастысты. Гæлæбуйы парторганизацийы секретары хæстæй куы ссæрибар кодтой, уæд уыцы бынатмæ æнæ уæлдай радзур-бадзурæй сæвзæрс- той Тедойы. Йæ хæдивæгæй та — Знауыры... Æмæ адæм фæдис сты, Тедо йæ 51
хæстæм куы æрæвнæлдта, уæд. Ахæм кары лæгæй уый æнхъæл ничи уы- дис. Зыдтой, цæрæнбонты цæсгом- джынæй кæй фæкуыста. Стæй ма уый дæр зыдтой æмæ... Куыд фæзæ- гъынц: «топпыхос ногæй нал æры- мысдзæнис, уæларвæй ыстъалы ни- куы раскъæфдзæнис»... Æрмæст тынг’куыстуарзаг æмæ куыстфæразон адæймаг кæй у, уы- дæттыл гуырысхо ничи кодта... Иуахæмы Знауыр кæдæмдæр куы тагъд кодта æмæ ма цæуылдæр мæс- ты куы уыд, уæд æм Тедо бахатыд: — Партийы горкоммæ ма суай, æуым дзы цыдæр гæххæттытæ ра- хæссинаг ис!.. Знауыр йæ къух ауы- гъта: — Нæ мæ ’вдæлы ныртæккæ, Те- до Симоны фырт!.. Фæскуыст, гъе та сæм райсомæй суайдзынæн!.. Тедо дæр, æвæццæгæн, цæуыл- дæр мæсты уыд æмæ фæхъæр кодта: — Мæ хæдивæгыл нымад цæуыс æмæ аразгæ та ницы кæныс!.. Знауыр дæр та рамæсты: — Ох-х, цы стыр бынат мын рад- той!?. Дæ хæдивæг дæн æмæ искуы командировкæйы, гъе улæфты куы уай, уæд дæ бæсты бакусдзынæн. Уый йеддæмæ дын æз ам курьер нæ дæн!.. — Омæ цы хуызæн систут, ацы æрыгон адæм? — бахъуыр-хъуыр ма кодта зæронд лæг, — лæг уæ «цума» зæгъын дæр йæ ныфс никæмæуал хæссы... Знауыр хорзау нал фæцис. Цы- дæр ма сцæйдзырдта, фæлæ уæдмæ йæ бынатæй фестадис... Додæ... — Тедо Симоны фырт!.. Цæмæ йæм дзурут? Нæма йæ базыдтай, цы адæймаг у? Æрис-ма, мæхæдæг дын сæ æрхæссон, горкомæй цы ис æр- хæссинаг, уыдон!.. Уыцы бонæй фæстæмæ Додæ ссис Тедойæн йæ рахис цонг. Парт- организацийы цыдæриддæр фæрссаг куыстытæ уыдис, уыдон иууылдæр æххæст кодта Додæ... * * * Глонти Тедо йæ хыгъд каст фæ- цис. Рахызтысты раныхæстæм. Се- гас дæр сразы сты, ацы хатт парт- организацийы секретарь йæ хæстæ æцæгæйдæр цæсгомджынæй кæй æх- хæст кодта, ууыл. л Ныхасы Знауыр куы рацыдис, уæд се ’ппæтдæр фæдис сты. Уый дзырдта: — Раст куы зæгъæм, уæд а æмбал Глонтийы парторгæй куы сæвзæрстам, уæдæй фæстæмæ нæ парторганизацийы куыст сæндидзыд- та. Æндидзын та йæ скодта мæнæ цытджын Тедо Симоны фырт, зæр- е онд æнувыд коммунист. Æргом уын куы зæгъон, уæд кæд æз мæхæдæг йæ хæдивæг уыдтæн, »1 уæддæр ын рæстмæ ницы æххуыс фæдæн. Тынг æнæвдæлон-иу кæй : уыдтæн, уымæ гæсгæ... Фæрссаг куыстытæ сегас дæр кодта мæнæ æрыгон коммунист Гагкаты Додæ. Нырма уыдæтты рæстæг нæу, фæ- лæ мæ цæмæй уæлдай раныхасы цæуыны сæр мауал бахъæуа, уый ^ тыххæй уын мæ хъуыды рагацаузæ- гъын: парторганизацийы сæргълæу- джыты ногæй куы ’взарат, уæд уæ курæг дæн, цæмæй æмбал Глонтийы : йæ бынаты ныууадзат. Курæг дæн, цæмæй йын йæ хæдивæгæй та, сæв- зарат æрыгон коммунист Гагкаты Додæйы, уымæн æмæ амæйразмæ I дæр секретары хæдивæджы хæстæ I æцæгæй уый æххæст кодта... Глонти йæ бынатæй фестад: — Стыр бузныг, ахæм аргъ мын кæй кæнут, уый тыххæй, фæлæ æз 1 ныр зæронд лæг дæн. Мæ бон нал 1 у уыйбæрц хæстæ æххæст кæнын! ’ Уадз æмæ мæ бæсты æрыгæттæ ба- [ кусой!.. — Æрбад дæ бынаты! — загъта ^ йын уагдоны хисдæр, — ацы хатт ’ Знауыр æцæгдæр раст загъта, — ба- фиппайдта уагдоны хисдæр, — сек- ретарæй ногæй дæу хъуамæ сæвза- [ рæм!.. — Знауыр алыхаттдæр раст фæ- дзуры, хъусæг-иу æм куы уаид, уæд, > — йæ дзырд баппæрста Табиты Алыксандр дæр, бæрзонд фидæрт- тæконд лæг, йæ туаг цъæх цæстытæ фæирд кæнгæйæ... Иудзырдæй, Тедойы ногæй секре- тарæй сæвзæрстой. Йæ хæдивæгæй та — Додæйы... * * # Рацыдис иу къуырийы бæрц. Алчи дæр та йæхи хъуыддæгты мидæг аны- гъуылдис. Глонти та йæхи цæттæ 52
кодта райдиан æмбырдмæ. Амæй- размæ дæр-иу Знауыр йемæ арæх схыл: — Цавæр у, уæдæ? Алы къуыри æмбырд уадзгæ кæм федтай!.. Зæронд лæг та-иу бахудтис: — Чи уадзы алы къуыри æмбырд? Планмæ гæсгæ цы фарстытæ хъуамæ равзарæм, уыдон тыххæй та æмбырд- æн æнæ ауадзгæ нæй. Уæдæ дæ куыд фæнды? Додæ йæ сæрибар рæстæг æдзух- дæр телефоны уæлхъус æрвыста. Æнæуй кæд уыцы дзырдарæхст нæ уыдис, уæддæр йæ бон уыд æмæ те- лефоны ныхас кодтаид цасфæнды рæстæджы дæр. Ныртæккæ дæр телефоны зæлланг куы фæцыд, уæд та Додæ трубкæ фелвæста, кæй.зæгъын æй хъæуы: — Хъусын!.. Партийы горком?.. Æз уыдæттæн ницы зонын. Секретарь æз дæн, зæгъут? Нæй, цыдæр фæрæ- дыдыстут! Секретарь нæм у зæронд æнувыд коммунист Глонти Тедо Си- моны фырт!.. — фæстаг ныхæстæ’ бахахх кодта Додæ. Знауыр уыцы тæккæ кабинеты уы- дис. Додæ бонизæрмæ сахатгæйты телефоны кæй фæдзæнгæда цæгъды, уый та куыннæ зыдта? Кæимæ æмæ- иу цæуыл дзырдта, уыдæттæм та ни- куы цымыдис кодта... Фæлæ ацыхатт йæ ныхæстæ уыцы тутт нæ уыдысты, æвæццæгæн... Глон ти цалдæр боны тарæрфыгæй рацу- бацу кодта. Ноджы ма иу къуырийы фæстæ, куысты рæстæг фæуынхъуыс куы уыд, уæд сæ кабинеты смидæг иу æрыгон лæппу: — Уый дын, гъе! — дисгæнгæ, сдзырдта, салам куы радта, уый фæс тæ, — цæй тыххæй ма мæм фæдзырд- тат? Хъуамæ уæм партион æмбырд ма уа? Кабинеты, хисдæр æмæ Знауыры йеддæмæ ничи уыдис. Хисдæр гæх- хæттытæй йæ сæр сдардта, йæ кæсæн цæстытæ систа. Фæрсæджы каст ба- кодта æрбацæуæгмæ. — Партийы горкомæй дæн! — бам барын кодта уый. — А-а, хатыр!.. Абад уал чысыл, Дæ хорзæхæй! Ныртæккæ парторг æрбацæудзæнио. Ам кæмдæр ис, — иæ кæсæнцæстытæ фæстæмæ акодта æмæ та йæ разы гæххæттытæм ным- дзаст. Знауыр æрбацæуæджы афарста: — Бафæрсын аипп ма уæд, фæ- лæ та цæй æмбырд æрымысыдыстут? Уый фæдисы: — Æмæ йæ нæ зонут? Ног сек- ретарь хъуамæ равзарат! — Уый та куыд? Æмæ нырма къуыри размæ куы уыдис æмбырд? Мах секретарь равзæрстам!.. — Раст у. Фæлæ хисдæртæ ны- майынц, цæмæй æрыгондæр искæй сæвзарат. Стæй дæр Глонтийæн йæ куырдиат махмæ ис. Йæхæдæг куры, цæмæй йæ уыцы хæстæй ссæрибар кæной... Знауыр фæхъуыды кодта Додæ- йы амæйразмæйы телефоны ныхæс- тæ æмæ æппæт дæр бамбæрста: — Хъус-ма, лæппу!.. Додæ цы- мæ æцæг бæсты бикъ фестад? Ацы куыстмæ уый æрбацыдис мæнæй æх- сæз азы фæстæдæр. Æз нырма дæр æххуырст хæдзæртты лæзæрын, уый та куыддæр æрбацыд, афтæ райста кооперативон фатер. Уыцы фатер йæ мадыл ныффыста æмæ мæнæ ацы аз та коммуналон фатер райсдзæ- нис. Æмæ цæсгом та армыдзаг йед- тæмæ нæу! А, уыдæттæ ма цыфæн- ды фæуæнт, фæлæ йын йе ’рвад иу- гæр йæ карьерæ аразы, уæд æй ахæм мадзæлттæй цæмæн аразы? Цæй тыххæй хъыг кæнут сымах зæронд æнувыд коммунисты? Цы фæрæды- дис, алæма? Хуыздæр йеддæмæ æв- зæрдæр кæмæй кусы? — Иæхæдæг балæвæрдта куырди- ат горкоммæ? — Æмæ ма йын æндæр цы гæ- нæн уыдис? Иæ бынаты æндæр куыд бакодтаид? — Дæ хуыцауы тыххæй, мæнмæ цы ныккомкоммæ дæ? — рамæсты ис лæппу, — мæнæн хисдæртæ цы загъ- той, уый æххæст кæнын! Уагдоны хисдæр та йæ сæр фæ- хъил кодта. Знауырыл та йæхи ан- дæгъта: — Цы тд уыд, цы? Оу, дæ хæдзар фехæла, ды ма иу æрбацæуæджы дæр æнæ загъд-заманайæ куы ауа- дзай!? Ай та партийы горкомы ми- нæвар у æмæ дзы уый аргъуц уæд- дæр фæкæн!.. 63
Хъуыддаг куы фембæрста, уæд та йæ кæсæнцæстытæ йæ къухты аразил-базил кодта: — Æцæг раст нæ рауайдзæнис!.. Лæджы сæвзæрстам, йæ куыст æнæ- зæрдæхудтæй æххæст кæны. Æмæ йын ныр куыд хъуамæ зæгъæм: ды нæ нал хъæуыс, дæ бæсты хъуамæ æндæры сæвзарæм!.. Уæдмæ мидæмæ æрбахызтис Глонти дæр. Лæппуйы куы ауыдта, уæд хъуыддаг фембæрста: — Ныртæккæ иннæтæ дæр æр- бамбырд уыдзысты æмæ не ’мбырд ауадздзыстæм!.. Знауыр цæхгæр алыг кодта: — Уыцы фарсты фæдыл мах иу æмбырд ауагътам! Алыбон ног сек- ретарь не ’взардзыстæм!.. — Ой, айразмæ дæр уын куы загътон: зæронд лæг дæн æмæ мæ ныууадзут! Æрыгæттæ кусæнт! Стæй хисдæрты дæр афтæ фæнды!.. — Фæлæу-ма, æмæ мах ницыуал стæм? Мах æй зыдтам, кæй сæвза- рæм, уый? Горкомы минæвар сыстад: — Хатыр, куыд уæ фæнды, афтæ!.. Æз уæм диктаторы бартимæ не ’рцыдтæн... Фæлæ мæ хæс у, ацы уавæртæ хисдæрæн фехъусын кæ- нын... Сæ къухтæ сын райста æмæ ра- цыд... Уагдоны хисдæр та Знауырмæ азымгæнæг каст бакодта, фæлæ ни- цыуал сдзырдта. Æрмæст ма йæ сæр батылдта... г. Цхинвал.' Ноябрь, 1987 аз. ХРОНИКÆ: 8-æм июнь... Ацы дзырдтæ æнæкæрон зынаргъ сты Ирыстоны фæллойгæнджытæн. Ацы бон нæ адæмæн у æнустæм æнæферохкæнинаг, æрдхæрæйнаг. 68 азы размæ Хус- сар Ирыстоны хъæбатыр адæм фыццаг хатт Онæй Душетмæ расидтысты Советон хи- цауад, фæсырдтой меньшевиктæ æмæ уыдон хъузæтты. Цхинвалы сæрмæ сфæйлыдта сæрибары Сырх тырыса. Ацы азы 8-æм июны нæ горæты уынгтæ æмæ фæзуæттæ уыдысты уæлдай бæрæгбон- гъуыздæр. Театралон фæзуатмæ æрæмбырд сты партион, советон æмæ фæскомцæдисон кусджьттæ, парти, хæст æмæ фæллойы ветерантæ, куыстуæттæ æмæ уагдæтты минæ- вæрттæ, литературæ æмæ аивады архайджытæ. Уыдон автомашинæтыл араст сты Згъу- деры къуылдыммæ. Уым, 13 коммунары обелискы раз, ауагъд æпцыд цытджын митинг. Митинг бацæуæн ныхасимæ байгом кодта Адæмон депутатты Цхинвалы горæтон Со- веты æххæсткомы сæрдар Бесаты В. С. Иу минуты æдзынæгæй алæууынæй адæм ссард- той, революцийы хъуыддаджы сæрыл тохы чи фæмард, уыдон ном. Хуссар Ирыстоны революцион ивгъуыд дуг æмæ 1920 азы цаутыл лæмбынæг æр- дзырдта историон зонæдты кандидат Пухаты Къ. Йæ мысинæгтæ радзырдта парти æмæ куысты ветеран Лохты А. Раныхас ма дзы кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты фæскомцæдисон комитеты секретарь Кокойты Э., Цхинвалы хуыйæн фаб. рикæйы кусæг Къекъашвили Е. æмæ поэт Пухаты Ал. Митинджы хайад райстой областы æмæ горæты партион æмæ советон разамонæг кусджытæ: Чехойты А. Г., Гохелашвили М. А.,Тъехты Ю. Н., Читъишвили В. Д., Коцты Г. В., Санахъоты У. Б., Аласания М. Г., Хъуылымбегты Д. С. Митинджы хайадисджытæн В. И. Ленины номыл культурæ æмæ улæфæн парчы кон- цертон залы Дзауы культурæйы хæдзары кафт æмæ зарды ансамбль «Ирыстон» равдыс- та стыр концерт. а
СЛАНТЫ АХМÆТ АЛВИРÆТ Рагон хабар Табиаты Темболат сабыр, мæгуыр лæг уыдис, цардис йæ Цардæмбал Бæдионимæ. Бæдион дæр — йæхиау сабыр, æнæхин сылгоймаг. Уыдис сын дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. Лæппутæ нырма къаннæджытæ уы- дысты, сæ чызг Алвирæтыл æстдæс азы сæххæст. Рæсугъд, бакастджын сылгоймаг уыдис. Сауцæст, сырхуадул, урсдæл- лагхъуыр. Кæй зæрдæ нæ бахъазы- даид ахæм рæсугъдмæ? Алвирæты курынвæнд скодта Тæ- гиаты уæздан мыггагæй иу лæппу, Тотийы фырт Тотыри. Дыккаг усæн. Чызджы бирæ курджытæ уыдис, фæ- лæ куы айхъуысти, Тæгиатæ йæ ку- рынц, зæгъгæ, уæд æм сæ тæсæй фæ- кæсын дæр ничиуал уæндыд. Тæгиа- тæ минæвар-минæвары фæдыл æр- выстой Темболаты хæдзармæ, фæ- лæ се ’ппæтæн дæр Алвирæт уыцыиу дзуапп лæвæрдта: — Æз мой нæма кæнын, хъуамæ æнæмæт чызджы цардæй ацæрон мæ мад æмæ мæ фьтды хæдзары. Уымæй уæлдай мæм бон дæс хатæджы куы ’рвитат, уæддæр уын къух нæ рат- дзынæн. Алвирæт хорз æмбæрста, Тæгиа- тæ йæ къæхтæхсæг æмæ фаджыс- тæсæрфæгæн кæй агурынц, уый æмæ сьтн ахæм дзуапп дæр уьтмæн лæвæ- рдта. Темболат æмæ Бæдион бирæ фæ- сагъæс кодтой сæ чызджьт хъьтсмæ- тыл. Фæстагмæ ч,рцьтдысты ахæм хъуыдымæ: — Нæ чызг зæндджын чьтзг у, нæ фæрæдидзæн, йæхи бар æй ныууа- дзæм. Алвирæт йæ фæндон куынæуал ивта, уæд Тæгиатæ дæр исдугмæ ньтссабыр стьт. Чьтзг æхсызгонæй су- лæфьтд, зæгъгæ сæ ныр кæд фервæ- зин. Иуизæр Алвирæт дон хæссынмæ аДьтди. Суадонæй дон систа æмæ Фаестæмæ фездæхт. Куыддæр иу-цал- Дæр къахдзæфы размæ акодта, аф- тæ йæ Тæгиаты скъæфджытæ фæс- тæрдыгæй йæ дзыккутæй ацахстой, йæ дзых ын ахгæдтой, йæ къухтæ йын абастой. Фæсобаумæ, сæ бæх- тæ кæм баст уыдысты, уырдæм æй баскъæфтой. Алвирæты Тотырийы фæсарц авæрдтой. Иннæтæ дæр сæ бæхтыл абадтысты æмæ цæсты фæ- ныкъуылдмæ фæтары сты. Чызг цæ- мæй тарсти, уый йæ баййæфта. Изæры Бæдион æмæ Темболат сæ чызг куы никуыцæй зьтнд, уæд æй агурын райдыдтой, рафæрс-бафæрс кодтой адæмы. Фæстагмæ сын хъæ- , уы фыййау рахабар кодта, сæ чыз- джы сын Тæгиатæ кæй аскъæфтой, уый. Иæ фос хъæумæ æрцæйтардта æмæ сæ хæрды сæрæй ауыдта. Чыз- джы ныййарджытæ фердиаг кодтой, æндæр цы сæ бон уыд? * * * Скъæфджытæ Алвирæты Тæгиа- ты Тотийы хæдзары бамидæг код- той. Чызг æрдиаг кæны, йæ дзыккутæ рæдувы. «Æз мæхи удæгас нал ныу- уадздзынæн! Цы ми мын бакодтат?» Иу-цалдæр боны ницы дæр хæргæ бакодта, ницы дæр нуазгæ. Куынæ- уал саст, куынæуал сабыр кодта, уæд ыл цыма тынг сæ зæрдæ рысти æмæ йын тæригъæд кодтой, уыйау æм бинонтæ лæгъстæмæ фесты: — Цьт кæныс, цæуыл дæхи ма- рыс? Цы дын нæ фаг кæны? Мах цæ- мæй цæрæм, уымæй ды нæ бафæраз- дзынæ? Цыбыр дзырдæй, иу мæйы бæрц уæздан адæм Алвирæты арвмæ сис- той, зæххыл бадын дæр æй нал уагъ- той. Уый сæ бузныг куыднæ хъуа- мæ уыдаид? Æрфæсмон кодта йæ ныхæстыл. Цин кодта, ахæм адæм- мæ кæй бахауд ууыл, фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста. Иугæр æй куы ’рса- бьтр кодтой, куы ’рбынæттон, уæд ын хæдзары куыстытæ йе ’ккой ба- вæрдтой. Бинонтæй йыл алчи дæр бардзырд лæвæрдта: ацу æмæ уый сараз, уый бакус, Кæд-иу сын сæ ^ВГ- »
хæстæ рæстæгыл нæ сæххæст кодта, уæд нæмгæ æмæ æлгъитгæ. Алвирæты нуæрттæ уæлдай тынг- дæр хæлдта йæ лæджы ус Томиан. Æмбисбонмæ-иу фæхуыссыд, стæй иу растад, йæхи-иу ныхсын кодта, хæринаг-иу ын йæ разы æрæвæрдта. Иугæр Алвирæты хъуыддаг бонæй- бон æвзæрдæр куы кодта, уæд сæм уый дæр фæкъæйных, нал сын бар- ста. Исчи-иу ын цума куы загъта, уæд-иу æй цыма хъусгæ дæр нæ фæ- кодта, ахæм хуызы-иу йæхи равды- ста. * * * Иурайсом Тоти хæдзары къæсæ- рæй ракаст, сæ фосдон æнæсæрфтæй куы ауыдта, уæд Алвирæтыл фæ- хъæр кодта: — Чызг, цыма ацы фаджыстæм кæмæ æнхъæлмæ кæсыс? Чи сæ ныс- сæрфдзæн? — Мæ размæ сæ чи сæрфта, уый, — дзуапп ын радта Алвирæт. — Къæбæда ныхæстæ ма кæн, фæ- лæ дæ куыстытæ зон æмæ-иу сæ рæс- тæгыл кæн! Бамбæрстай мæ! Фæ- хъæр ыл кодта Тоти. — Омæ мæнæн дæр мæ бон нал у æппæт куыстытæ кæнын. Иннæтæй дæр искæмæн зæгъут. — Уæлдæйттæ ма дзур дын куы загътон! — Уæд та мæ нæхимæ ауадзут æмæ уæлдай ныхæстæ нал кæндзы- нæн, нал дæр мæ уындзыстут. — Уæхимæ зæгъыс? — афарста йæ Тоти. — О. — Æмæ дыл стæй цы бахардз код- там, уыдон та чи бафиддзæн? — Æз уын куынæ загътон, истытæ мыл бахардз кæнут. Æниу мыл хардз дæр цы бакодтат, скъæфджытæн къæбæр бахæрын кодтат æндæр? Æниу уын ныр цалдæр азы дæллаг галы куыст куы кæнын, уæд æппын нæма сæххæст, кæй мыл бахардз кодтат, уый... Тоти йæ дзурын нал суагъта, фæхъæр ыл кодта: — Кæс, дæ хорзæхæй, ацы дзæ- гъæлзадмæ, цытæ мæм суæндыд! Сæ хъæлæбамæ Тотыри кæцæйдæр фæзынди. Алвирæты рацахста æмæ йæ ныцъцъæл, ныммур кодта, йæ дзыккутæ йын нъптыдта. — Æвзæр сау адæймаг! Уый бар дын чи радта, æмæ мын мæ фыдыл дæр тъæнг-тъæнг кæнай! Цыма уай- садæг чындз нæ, фæлæ йæ мад дæ! Уыцы бон Алвирæт уатæй æддæмæ нал ракаст. Фæмаст, фæсагъæс код- та йе ’намонддзинадыл. Дыккаг райсом æм Тотыри бацыд æмæ йæ разы худистæй зоныгуыл- тыл æрлæууыд: — Алвирæт, ныббар мын, кæй дæ бафхæрдтон, уый. Хуыцауæйкурæгау дæ курын. Ныббар мын мæ рæдыд. Ардыгæй фæстæмæ афтæ нал уы- дзæн. Иумæ цæрæм æмæ алчи дæр кусæд. Ды дæр-иу истæмæ фæкæс. — бадзырдта Томианмæ æмæ йæм йæ цæст фæныкъуылдта, ома мæ бамбар. Томиан йæ мидбылты ба- худт, йæ сæр иннæрдæм азылдта. — Баууæндут мыл, æз абонæй фæс- тæмæ хисдæрæй-кæсдæрæй Алвирæ- ты æфхæрд никæмæнуал ныббардзы- нæн. Уый тыххæй йæ не ’ркодтон, æмæ дзы сымах дæллаг гал саразат. Уый дæр цæрынмæ æрцыди, уарзгæ йæ кæнын. Иу мæй ам нæ уыдзы- стæм æз æмæ Алвирæт, — йæ ныхас балхынцъ кодта Тотыри. — Уæдæ кæм уыдзыстут? Къахæ- джы фарст æй акодта Томиан æмæ йæ мидбылты бахудт. — Хъуамæ йæ Ног Афонмæ акæ- нон, уым, курорты, баулæфа, йæ маст æрысыса. — Алвирæт Тотырийы ныхæстыл баууæндыди. Сæумæрайсом араст сты Ног Афонмæ. Фæлæ цæй курорт æмæ цæй цыдæр... Туркаг хъæзныджытæ наутыл къуыри æртæ хатты цыдысты Абхаз- мæ. Уым адæм æлхæдтой æмæ сæ сæхицæн кусджытæн ластой, Алвирæт æмæ Тотыри Ног Афонмæ куы ныххæццæ сты, уæд Абхазы, денджызгæрон, ныййæфтой туркаг нау. Уым уæздан Тæгиайы фырт мæ- гуыр чызджы, фосау, æрбауæй кодта. Туркаг хъæздыджытæ нæлгоймаг- ыл æхсæз сомæй фылдæр нæ фыс- той, сылгоймагыл та — фондз сомы. Фæлæ Алвирæт рæсугъд уыд. Турка- джы зæрдæмæ тынг фæцыд, æмæ йын уæйгæнæг цы саргъ кодта, ууыл сразы. Бафыста йын аст сомы. То- тыри сæ йæ дзыппы афснайдта æмæ, цингæнгæ, фæстæмæ Ирыстонмæ æр- баздæхт. Алвирæты та кæугæ æмæ дзыназгæ Турчы бамидæг кодтой.
ЛИТЕРАТУРÆЙЫ МЕРИДИАНТÆ ИСПАЙНАГ САГЪÆССАЙЫ КÆЛÆНМЫР ПОЭТ (Федерико Гарсиа Лоркайы райгуырдыл сæххæст 90 азы) Ис алы адæммæ дæр стыр’ поэттæ, фæлæ се ’хсæн уæддæр вæййы, йæ зарджытЫ удылтайгæ æнкъа.рынадæй хицæн чи кæны. Уыцы поэтты нымæцмæ хауы испайнаг адæмы кæлæнмыр зарæггæнæг Федерико Гарсиа Лорка дæр. Ацы аз июны йæ райгуырдыл сæххæст нæуæдз азы,,фæндзай дыууæ азы та рацыд йæ трагикон амæлæтæй. Бир.æ дæсгай азты дæргъы Испани иннæ бæстæты ’хсæн йе стыр кад æмæ хъомысæй куыд фæцудыд- та, афтæ рауад йæ литературæйы хъысмæт дæр æмæ йын ногæй сæнди- дзыны фарнхæссæг чи фæци, уый — ацы æгъуыстаджы курдиаты хицау адæймаг. Æнæнхъæлæджы ницы ’рцæуы, æмæ Лоркайы фæзынд дæр нæ уыд æнæнхъæлæджы, уый равзæрд Испанийы бæрæг-бæлвырд историон- социалон царды уавæрæй. Афтæ зынд, цыма Лорка йæ зарджытæ фысгæ нæ кодта, фæлæ ссардта, уæды онг сусæг чи уыд, ахæм диссаджы хæзна æмæ сæ иста уырдыгæй цæттæйæ. Фæлæ та уый дæр сусæг хæзна нæ уыд — йæ адæмы зæрдæйы сагъæсты æнæбын суадонæй сæ иста, стæй цæттæйæ нæ, фæлæ сæ фыхта йæхи зæрдæйы æмæ сæ афтæмæй хаста адæммæ. Адæмæй цы равзæрд, уый адæммæ здæхт ног, индивидуалон хуы- зы, хъæздыггондæй. Сæрмагонд æмæ цымыдисон фарст у, Лорка адæмы сфæлдыстадæй куыд пайда кодта, уый. Нæй арæнхахх ауадзæн, кæм фæцис адæмон поэ- зи æмæ кæм райдыдта йæхи индивидуалон зарæг, уый æхсæн, уымæн æмæ Лорка цæттæйæ ницы иста, уæлдайдæр та адæмон стиль, формæ- тыл куы цæуа ныхас, уæд. Иоэтæн адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад- мæ цахæм ахаст уыд. уый тыххæй йæхæдæг афтæ зæгъы: «Адæмон поэ- зийæн исын хъæуы æрмæстдæр йæ арф æмбæхст удыхъæд æмæ, чизоны, ноджы дыууæ — æртæ колоритон фæтъæлланджы, фæлæ йын æнæбон хуы- зы нæ хъæуы фæзмын йæ æвæлхатт интонацитæ». Уыцы «фæтъæлланг»- тæ арæхдæр вæййынц æддаг, уæлæнгай бæрджытæ æмæ сайынц цæст мæнг адæмондзинадæй. Ахæм æууæл (мæнг адæмондзинад) иузаман куы уыд (30—40-æм азты), уæд тынг стыхджын ирон поэзийы дæр æмæ дзы ницы фæфос кодтам. «Арф æмбæхст удыхъæд», уый та у поэзийы туг æмæ стæг, йæ хуызтæ мидисджын кæй ’руаджы кæнынц, ахæм миниуæг. Гарсиа Лорка нæ фыста революцион зарджытæ, нæ тох кодта социа- лон фарстыты сæрыл, фæлæ йæ гуманизм уыд активон. Уый ’руаджы йе сфæлдыстадæн ис арф ’ социалон нысаниуæг. Ахæм у йæ хуыздæр чиныг «Испайнаг Романсеро». Уырдыгæй ист у, дæлдæр кæй мыхуыр кæнæм, уыцы балладæ дæр, «Романс испайнаг жандармерийыл», зæгъгæ. Ацы арфпоэтикон уацмысы идейон мид’ис афтæ æргом у, æмæ дзы сæхи æф- хæрдыл банымадтой испайнаг жандармтæ, уый адыл 1936 азы райдианы поэтыл тæрхондонмæ балæвæрдтой хъаст. Æмæ кæд уæд æвыдæй аир- вæзт, уæддæр дзы йе знæгтæ сæ сау маст райстой цалдæр мæйы фæстæ: франкисттæ йæ æрцахстой æмæ йæ 19 августы боныцъæхтыл фехстой. Лоркайы поэзийы гуырæн’ у испайнаг зæхх, фæлæ йæ цæрæн бынат та ссис æгас дуне. Иæ зарджыты æхцон мыр, йæ лирикон-психологон драмæты цæрдхъом фæлгæнцтæ æхцон сты ирон зæрдæ æмæ удæн дæр. РОМАНС ИСПАЙНАГ ЖАНДАРМЕРИЙЫЛ Сатæг-сау бæхтæ — сæ быны, сау цæнгæтæй сын — цæфхæдтæ.. Сау мылаз ахуырст пæлæзты сау зæххыл уадзынц сæ фæдтæ. 57
Сæргæхцтæ — дурнад ыздыйæ, — жандарм нæ хъазынц хъæрзынтæй. Сау зæрдæтыл ис дыууæрдæм фидарбаст телын гæрзытæ. Талынджы къуыппрагъ æндæргтæ уайынц, кæдæмдæр фæхъуызынц, зилгæдымгæйау, сæ фæдыл тасы фæлдзæгъдæнтæ схъызынц. Фервæза исчи сæ фыдæй?! Былтæ æмырæй фæхæссынц. Сау къæрæбинтæ æдзынæг талынг цæстытæй фæлгæсынц. Сахарты хуыздæр — цыганты, мæйрухсмæ ферттивы, хъазы. Уынгтæ тырысатæй — астæрд, быркуытæ сау сæнæй — расыг. Сахарты хуыздæр — цыганты, фенæг дæ ферох кæна ма! Мæсгуытæ рухсвæлмы тайынц, мæйрухсмæ ферттивы хъама. Æхсæв — кæлæнгæнæг, сабыр, — бамбæрзта бæстæ, мæрдадзау. Аразынц хуртæ ’мæ фаттæ цыгантæ къаннæг куырдадзты. Дæлбазыр æфсургъ æрæнкъард, цæфтæй рызти мæ хъæрзыдта. Сахары кæронæй, дæрддзæф, уасджыты згъæр уасын сыстад. Дымгæ та, мадард, тæвд дымгæ, сахармæ йе ’ргом куы дары æхсæвы, — сусæгтæй йедзаг, — тары, кæлæнгæнæг тары. Иосиф йæ мад Майрæмимæ цыгантæм уайы фæдисы. Кастеньеттæ уым сæ тагъдæй авæрдтой хæдзары сисыл. Мад Майрæм — иууыл æрттиваг, цыма алькальды чызг мæнæ. Дари, алдымбыд — йæ дзаума, фæрдгуытæ калынц хæрз тæмæн. Цыгантæм Иосиф фæсиды, дымгæ йын уигъы йæ тæрттæ. Уый фæдыл — Педро Домека, гъе стæй персайнаг султантæ. Урс мæй, йæ сагъæстылбафтæг, уæлхæдзар аццау æрфынæй. Тырысатæ ’мæ æртытæн нал ис æрæнцад тæлфынæй. Кафаг æндæргтæ дзыназынц рагон кæсæнтæн сæ тары. Дарæс цæссыгтæй ыскодта Херес де ла Фронтера. Сахарты хуыздæр — цыганты, мæйрухсмæ ферттивы, хъазы. Бамбæрз дæ рудзгуытæ тагъддæр, сау бæлццаеттæ ис дæ разы,
Тагъддæр, дæ каст ма цæмæ у, — арв дыл æркæлдзæн кæннауæд. Сахарты хуыздæр — цыганты, фенæг дæ ферох кæна ма! Уайынц цæдгæйттæ фæд-фæдыл, сахар та зары ’мæ кафы. Æхсæвы хъæлдзæгдзинадмæ гилдзытæ сусæгæй хъавынц. Уайынц цæдгæйттæй фæд-фæдыл, сахармæ сау хабар скъæфынц. Минутты, ’рттиваг ыстъалытау, бæхтæ цыргъ дæндæгтæй къæфынц. Тас цы у, сахар нæ хаты, — дуæрттæ байтыгъта тынгдæр æмæ дыууиссæдз жандармы бафардæг ысты йæ уынгты. Уыцы уысм аргъуанты сæрмæ хъуытазты ’рхуыхъæлæс басым; Арфныгæд быркуыты сæнтæн адæргæй алыгъд сæ расыг. Удриссынгæнæг цъæхахстæй флюгертæ зиллактæй схъиудтой. Æмæ къуыхтæ-лыгтæй дымгæ бæхты цæфхæдты бын ниудта. Цыгайнаг устытæ ’хсæвы уынгты згъорынц фæйнæрдæм, урс дзыкку ферттивы тары, — еусар, дзыназын, цъæлхъæртæ. Базыртыгъдæй сæ фæстейæ сау пæлæзджынтæ фæтæрынц. Се ’ндæрг, сæ хъæр сын сæ фæдыл змисвæлдзæгъдæнтæ ныгæнынц. Вифлеемы къæсæртыл — дзыллæтæ, — фезмæлæн нæй сын. Сонт чызджы мард буар Иосиф й ’армы тъæпæнтæй æмбæрзы. Цæф у йæхæдæг. Мад Майрæм . хос кæны стъалыты донæй сабитæн. Топпыты нæрын зæрдæтæ айгæрды, тоны. Ногæй та уайынц жандармтæ, бæстæ сæ фæдыл — зынгмалы. Судзы йæ мидæг поэзи, аргъау дзы бавæййы ’взалы. Сонт чызг Роса Камборойы риутæ ныллыг кодтой уæртæ, бронзæ нывæфтыд тæбæгъы иумæ фæрсæй-фæрсмæ ’вæрдæй. Фезгъорынц иннæ чызджытæ, раст цыма бирæгъты дзугæй. — Уæлдæфы топпы гæрæхтæ, урс дидинджытау, ыссудзынц. Æмæ куы фесты сæ сау куыст, зæххæмвæз бæстæ куы срасти, — арвыл нындзыг и сæуæхсид,, зæхмæ ма дурдзæстæй касти.
Цыганты сахар, мæгуырсар! Афардæг ысты жандармтæ сусæг фæндагыл фæстæмæ, баззадтæ ам ма ды арты. Фенæг дæ ферох кæна ма! Нæй дын мæ цæстыты бынæй рафтæн цæргæ-цæрæнбонты,— хъалы уон æви уон фыны. Æлборты Хадзы-Умары тæлмац. НОГ ГУЫРДЗЫСТОНЫ ЗАРÆГГÆНÆГ 70 азы сæххæст зынгæ гуырдзиаг советон поэт æмæ æхсæнадон арха- йæг Нонешвили Иосифы райгуырдыл. Уый уыдис мæлгъæвзаг гуырдзиаг поэттæй. Уарзтой йæ æмæ йæ уарзынц гуырдзиаг поэзиуарзджытæ, куыд сыгъдæг адæймагуарзон æнкъарæнты зарæггæнæг, афтæ. Йæ уацмыстæ сты арфмидисджын, зæлланггæнаг, музыкалон. Стæй сæ йæхæдæг куыд аив æмæ темпераментонæй каст! Хуыздæр артисттæ йæм тæхуды кодтой. Зынгæ композитортæ поэты бирæ æмдзæвгæтыл ныффыстой зæрдæмæхъар- гæ зарджытæ. Нонешвили Иосифы фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры рацыдысты нæ об- ластон гуырдзиаг газет «Сабчъота Осети»-йы 1936 азы. Уыдон уыдысты: «Советон Ирыстон», «Колхозон чызг», «Ныхас Темболимæ». Фæстæдæр сæ нæ поэттæ раивтой ирон æвзагмæ. Дæлдæр мыхуыр кæнæм поэты æмдзæвгæ Асаты Реуазы тæлмацæй: Цы дын æй æмбæхсон?.. Дæ ныхыл дæ къæлæс æрфгуытæ Фæлыстæй æрттивынц æдзух, Дæ риуыл дæ хъуымбыл дзыккутæ Фæлыстæй ызмæлынц рæсугъд; Дыууæ сты дæ цæхæр цæстытæ, Дæ сырх былтæ дæр та — дыууæ. Дзæнхъайау, хæнтурсæй, фæлыстæй Дæ дæндæгтæ ’рттивынц дæуæн. Цы дын æй æмбæхсон?.. Фæрсын дæ: Фæлыстгай, къæйттæй куы дæ конд, Уæд ’нæкъай цæмæн у дæ зæрдæ? Мæ зæрдæ йæм бафтау, мæ бон...
СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ ТЕДЕТЫ РУСЛАН ÆЗ МÆХНЦÆН КÆУЫИ... Радзырд Абон хæдзары иунæгæй у Гаги. Йæ мад æмæ йæ фыд райсомæй сæн- дон рувынмæ ацыдысты æмæ уый та ам ныууагътой. Раст зæгъгæйæ, гыц- цийы фæндыд йæ акæнын, фæлæ ба- ба не сразы: — Уадз æй ам, цæмæн æй кæныс? Уым дæр та иуран нæ лæудзæн æмæ... Хъуыды-ма кæныс, айразмæ... О, æгæр хорз дæр ма хъуыды кæ- ны Гаги уыцы хабар! Уæд та кабус- кæ æмæ пъамидоры садзæнтæ сагъ- той сæ цæхæрадоны. Гаги дæр ба- баитимæ уыд. Иудзæвгар цымыди- сæй каст лæппу, пъамидоры лыстæг- зæнг садзæнтæ æд сыджыт развæл- гъауарæзт лыхъхъыты куыд æвæрд- той, уымæ, стæй схъыг æмæ сæ цурæй рацыд. Баба æмæ гыцци куысты афтæ аныгъуылдысты æмæ йын йæ ацыд фиппайгæ дæр нæ бакодтой. • Уый та, хъармгæнæны цур, йæ къæхты бынæй иу мæкъуыдæджы лæппын сгæпп ласта æмæ уый фæ- Дыл бафтыд, адзæгъæл. Мæкъуылæ- Джы лæппын уыд хæрз къаннæг, ньгрма хилын дæр рæстмæ нæ зыдта. ^ыдис ын цъæх-бурхъулон рагъ æмæ мыстгъуыз, лыстæг къæдзил. Чысыл- ИУ размæ бауад лæппын мæкъуылæг, стæй-иу фæлæууыд æмæ йæ цымы- Дис цæстытæй лæппумæ æрбакаст, Цьща йын афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Разгъор-ма, разгъор, Гаги, мæ Фæдыл, кæддæра мæ раййафис!..» Гаги дæр æнæзивæгæй уад йæ фæ- ^ыл, фæлæ мæкъуылæг йæ къухты Не ’фтыд, куы-иу ын хиталджыты амбаехст, куы — фароны сыфтæрты. о — Уыцы сывæллон та кæдæм æр. байсæфт, куыникуы зыны?.. — Га- гийы ацыд фыццаг йæ фыд Зурапп фæхъуыды кодта. — Саубонтæ мыл!.. Цымæ цы фæ- уыдаид!.. — йæ алыварс аракæс-ба- кæс кодта Гагийы мад Сæлимæт дæр, — архæрдæм ма адзæгъæл уа уыцы æгæнон. — Дард никæдæм ацыдаид, уæртæ ма йæ æнгузы фæстæ фен, — загъта Зурапп. Сæлимæт йæ куыст фæуагъта æмæ Гагийы агурæг ауад. Гаги бадт æхсæры къутæры бын, фæскъæмбыр, æмæ цымыдисæй каст дыууæ сырхрагъ хъæндилмæ—сæ базыртыл чысыл сау тæппытæ. Са- битæ сæ цæмæндæр куадзæны бæх- тæ хонынц. Кæрдæджы халыл дыу- . уæрдæм рауай-бауай кодтой. Уыцы уавæры йæ æрбаййæфта гыцци дæр, адæргæй йæ сурхид йæ . къæхты бынæй калд, афтæмæй. Уæд- дæр хорз æмæ уадид баба дæр сæ уæлхъус æрбалæууыд, æндæра йыл гыцци йæ маст ныккалдтаид. Ныр уыцы хабар æрбалæууыд йæ зæрдыл лаппуйæн æмæ фефсæрмы. Дард-иу макуыдæм ацу, Гаги, хъæууынджы-йу хъаз... Дæ хъус ма иу æм фæдар, Сугъиан, мах дæр тагъд æрбаздæхдзыстæм... — афæдз- æхста ма йæ гыцци сæ сыхаг усæн æмæ бабаимæ сæндонæрдæм атын- дзыдта... «Райсом фæцыдысты æмæ ныр та изæрхъус у, фæлæ сæ ничима зьк ны!..» — гуым-гуым кæны йæ фындзы бын Гаги. 61
Æцæг, абон гыцци сихор хæссын- мæ куы ’рбацыд, уæд æй йемæ код- та, фæлæ йын нæ акуымдта, лæппу. 0, уæд не ’вдæлд Гагийы: Хъази- йæн ныхъхъуыргæ æнгуыртæ, дам, дын ратдзынæн: иу ныхъхъуыргæ æнгуыр — дыууæ хуымæтæг æнгуы- рыл æмæ уымæ уыд цæуинаг Дæ- лæсыхмæ. Сайæгой у Хъази, ныр æй цал хатты афæлывта. Зæгъгæ йæм абон дæр рæстæгыл нæ ныццыд, уæд та, гæнæн ис, æмæ сæ æндæрæн баив- таид. Гъе та ма исты уæлæвæрæн æрдомдтаид Гагийæ!.. Ныхъхъуыргæ æнгуыр та тынг зæрдиагæй хъуыд Гагийы. Æцæг ын нырма æнгуырхъæд æмæ æнгуыр- бос дæр нæй, фæлæ йын сæ кæд ба- ба саразид... Диссæгтæ дзырдтой ацы ныхъ- хъуыргæ æнгуыртæй: цыфæнды кæ- саг, дам, уа — чысыл цъингуырæй суанг хъыбылыйас кæфмæ — алцы- дæр, дам, ахсы. Стæй, дам, æм кæ- сæгтæ уыцы гæппæввонгæй лæууынц. О, афтæ дзырдта Хъази, растæндæр афтæ!.. — Цæмæн иунæгæй дæ, Гаги, Хъази дын цы фæцис?.. — æмбонды сæрты йæм æрбадзырдта Сугъиан, — къæсхуырдзæсгом, цыбырвад зæ- ронд ус. — Хъази скъоламæ ацыд. — æвæн- донхуызæй *йын дзуапп радта лæп- пу. Хъази, æцæгдæр, скъолайы ахуыр кæны, фыццаг къласы. Гаги та ныр- ма чысыл у — фондз азы дæр ыл нæма цæуы. Уый æрмæст, фидæны- фидæнмæ бацæудзæн скъоламæ. Аф- тæ загъта гыцци, о!.. — Æххормаг дын кæд нæу? Исты бахордтай, Гаги?.. Гъа, мæнæ д^- æхсæртæ. — Æмбонды сæрты йæм армыдзаг æхсæртæ æрбалæвæрдта зæронд ус. Гаги, бахордтон, зæгъгæ, йæ пых- цыл сæр батылдта, фæлæ уæддæр сыстад æмæ æхсæртæ райста. — Цом, æз цæхæрадонмæ бакæ- сон. Ды дард макæдæм ацу, кæд- иу дæ исты хъæуа, уæд-иу мæм фæ- дзур. — йæ сæрбæттæны баст бараст кодта зæронд ус æмæ, чиугæ-чиугæ, араст сæ хæдзарæрдæм. Ех, бæргæ ацæуид Гаги хъазын- мæ, фæлæ кæдæм? Сыхы сывæллæт- тæ се ’ппæт дæр скъолайы сты. Хъа- зийы æфсымæр Долæт дæр хæдзары нæ разынд: йæ мадимæ чердæмдæр афардæг. Уынджы змæлæг ничи зы- ны, æрмæст цыма уалæ Гишоты раз чидæртæ хъазы, фæлæ Гаги уыйæнг- ты иунæгæй нæ уæнды гуырдзиаг Мелтъонаты куыдзæй... Саби, ас лæгау, арф ныуулæфыд æмæ дыккаг уæладзыгмæ схызт. Уым, æхгæд балкъоныл, иучысыл, Сугъарон ын цы ’хсæртæ радта, уы- донæй ахъазыд, фæлæ иунæгæй цæй хъазт ис, — уадид афæлмæцыд, æмæ, хъугдзармыл дæлгоммæ ныффæл- дæхгæйæ, гыццииты æрбацыдмæ æн- хъæлмæ каст. Иуафон йæ разы мæлдзгуытæм фæкомкоммæ: уыдон кæрæдзи фæ- дыл, астæрды иу зыхъхъырæй-иннæ- мæ хылдысты, — æвæццæгæн сае. куыстæгтæм тындзыдтой. Чи та сæ æд уаргъ фæстæмæ здæхт. Уыдон къаддæр уыдысты. Кæрæдзийыл-иу хæрхæмбæлд куы фесты, уæд-иуди- ссаг уыд уыдонмæ бакæсын: исдуг- иу, ных-æмных, æдзынæгæй алæу- уыдысты, стæй-иу сæ раззæгтæ сæ мукъутыл æрхастой, цыма кæрæ- дзийæн салам лæвæрдтой, уыйау. Сæ чысыл сæртæ-иу дыууæрдæм аратил-батил кодтой æмæ-иу кæрæ- дзи фæрсты лидзынмæ фесты!.. Уæртæ, гъе, иу стыр, бур мæл- дзыг — иннæтæй цалдæр хатты стыр- дæр, — йе ’ккой кæрдзыны мур, аф- тæмæй ацырдæм æрбатындзы. Цæй тыхджын у! Уыцы рогæй æрбаскъæ- фы йæ уаргъ. Иннæ мæлдзгуытæй алкæуыл дæр фæтых уаид, æвæдза. О, ныббырсид сæ иууылдæр!.. — Са- бион, æнæхин хъуыдытæ, сæхигъæ- дæй гуырынц йæ сæрымагъзы лæп- пуйæн. Гаги дæр айразмæ Долæты абыр- ста. Абырста йæ æмæ уый та кæуын- мæ фæци. «Бæ-æ!.. бæ-æ!.. бæ-æ-æ!..» — раст фысы хуызæн уасыд. Бур мæлдзыг ныххизæн зыхъ- хъырмæ æрбахæццæ æмæ уым йæ уаргъ æриста. Æвæццæгæн, бафæл- лад, улæфгæ кæны... Уагæры ма нæмгæ куы фæкодтаид Долæты, уæд куыд кодтаид?.. Бæ-æ!.. Бæ-æ-æ!*. — йæ дзыхыдзаг богъ-богъ кодта. — хъæрæй.фæзмы Долæты Гаги. —- Бæ-æ-æ!.. Бур мæлдзыг афæлвæрдта аед уаргъ ныххизын астæрды зыхъхъы- ры, фæлæ йын дзы ницы рауад: æгæр егъау у йæ уаргъ æмæ дзы дыууæйæ 6й
нæ цæуынц! Фæстæмæ схылд æмæ ныр та кæрдзыны мурдицæнæй ный- йсыныл архайы... Бæ-æ!.. Бæ-æ-æ!.. — цыма йæ нæмгæ фæкодта, уыйау йæ дзыхыдзаг куыдта Долæт. Нæй, ницы та рауад Бур мæлдзыджы фæн- дæй! Стыр у кæрдзыны мур, о, æгæр стыр!.. Дыууæ чысыл мæлдзыджы ма йæм бауад, æххуыс ын кæнынц уыдон дæр: æртæйæ кæрдзыны алы- варс рауай-бауай систой, æвæццæ- гæн, уынаффæ кæнынц. Гаги дæр сын аххуыс кæнид, фæлæ тæрсы, ое ’ппæт дæр лидзынмæ куы фæуой — æрдæбон ма иу мæлдзыг дæр афтæ бакодта: йæ уаргъ фæуагъта æмæ фæлидзæг! Гаги дæр Долæты куы абырста, уæд лидзынмæ фæци. Уый та — Бæ- æ!.. Бæ-æ-æ!.. — зæххыл тъæпæнæй бадт æмæ цъæхахст кодта, — йæ хъæлæс куыдфæстагмæ бæрзонддæр кæны Гагийæн. Æваст стыр мæлдзыг йæ уаргъ фелвæста, чысыл дæлдæр ныууад, æмæ уым, астæрды зыхъхъыры, ным- % мидæг. Бæдæйнаг!.. Иннæ дыууæма иучысыл алæууыдысты, стæй уыдон дæр йæ фæдыл ныййивгъуыдтой..^ Бæ-æ!.. Бæ-æ-æ!.. — уыцы зæрди- агæй куыдта Долæт. Цыма йæ исчи нæмгæ фæкодта. Бæ-æ!.. Бæ-æ-æ!.. У-у-у!.. Уагæры ма йæ нæмгæ дæр куы фæкодтаид, уæд... — Саубонтæ мыл!.. Уыцы лæп- пу цыдæр кодта!.. — кæртмæ æрба- хизгæйæ, йæ хъæлæсыдзаг фæцъæ- хахст ласта Сæлимæт æмæ, йæ къæ- пи аппарынмæ дæр нал фæцарæхст, афтæмæй фæдисы уад скодта дык- каг уæладзыгмæ. Гаги хъугдзармыл дæлгоммæ хуыссыд æмæ хæкъуырццæй куыд- та. Иæ цæссыг æнæвгъау згъордта йæ мæцъæл уадултыл. Цæсгом — рыгхъулæттæ, æвæццæгæн, чъизи къухæй æвнæлдта йæхимæ... — Цы кодтай, мæ хъæбул?.. Цы Аæм рауад?.. — фелвæста йæ мад йæ хъаебысмæ. — Цы кодтай, Гаги, цæмæн кæ- уыс?.. — йæ уæлхъус февзæрд Зу- рапп дæр. Бæрæг уыд, сæ дыууæ дæр тынг кæй фæтарстысты: Сæлимæтæн йæ сæрбæттæн кæмдæр ахауд æмæ йæ бур дзыккутæ фæйнæрдæм ныппых- цылтæ сты. Цæсгом тарстгъуыз — аныр-ауæд ныббогъ кæндзæн ус. Зу- рапп дæр иæ бинаг был ахсыдта, йæ къæсхуыр, саулагъз цæсгомыл тарст- æнгас нындзыг. — Бæ-æ-æ!.. Ау-у-у!.. — йæ ный- йарджыты тарст цæсгæмттæ ауын- гæйæ, йаё кæуын ноджы фæтыхджын- дæр кодта Гаги. — Цы .кодтай, исты дæ риссы, мыййаг?.. — афарста йæ тыхстæй Сæлимæт. — Нæ, нæ... ницы... — Уæдæ?.. Исчи дæ фæнадта, Га- ги? — йæ разы æрдзуццæг кодта Зу- рапп. — Долæт... Долæт... — Долæт дæ фæнадта? Гаги цæмæндæр йæ сæр разыйы тылд бакодта. — Ау, Долæт дæ куыд фæнадта- ид, кæд æмæ йæ райсомæй йæ мад сыхаг хъæумæ акодта?.. — нæ бау- уæндыд Сæлимæт. — Мæлдзыг... мæлдзыг... — Цавæр мæлдзыг?.. — Бур, стыр мæлдзыг... — нык- куыдта Гаги. Ацы лæппу, æдылы фæдæ, æви дын хин счынди?! Зæгъ-ма, цы код- тай, цæуыл кæуыс?.. — рамæсты йæм Зурапп. Цы дзуапп ын раттаид Гаги? Йæ- хицæй дæр ферох йæ куыды сæр. О, йæхæдæг дæр нæ фæхатыд, йæ фæзмгæ куыд æцæгмæ куыд расайд- та æмæ йæ дзыхыдзаг богъ-богъ кæ- нын куыд райдыдта, уый!.. . —Æз... æз... æз... мæхицæн кæ- уын..., сдзырдта иуахæмы кæуын- хъæлæсæй æмæ та йæ цæссыгтæ йæ чъиллон уадултыл æруадысты. Сæлимæт æмæ Зурапп кæрæдзи- мæ фæрсæджы каст кæнынц, Гаги та йæ куыд ноджы фæтыхджындæр кодта... 2—4. 11-86
ЦОЦИТЫ КЪÆДЗÆХ, Гуырдзыстоны ССР аивадты сгуыхт ар- хайæг, аивад-зонæдты кандидат. ÆРДЗОН КУРДИАТ Сценæмæкæсджытæ мæ арæх фæфæр- сынц, зæгъгæ, театры артисттæй чи у кур- диатджындæр? Ацы фарстæн та ис æнцонæй дзуапп раттæн, уымæн æмæ сценæмæкæсæг æппæт дæр уыны æмæ æнкъары. Æмæ кæд афтæ у, уæддæр нæ фесафынц сæ цымыдис, фæфæнды сæ фылдæр базонын артисты сфæлдыстадон царды тыххæй æмæ нæ уымæ гæсгæ бахъæуы дзуапп раттын ацы вазыг- джын фарстæн дæр. Дызæрдыггаг нæу, алы актерæн дæр йæхи сфæлдыстадон адæн- къарынад, йæхи курдиат æмæ æвзыгъддзи- нæдтæ кæй ис, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис стыр курдиаты хицау актертæ, ис уыдо- нæй къаддæр сфæлдыстадон тых кæмæ ис, ахæмтæ дæр. Иуæй-иу артистæн æнцон у комедион рольтæ æххæст кæнын, сæ драмон архайд чи у, уый та сын рауайы фæлурс- дæр. Уæдæ уæлдæр цы фарсты кой ракол- там, уымæн нæй комкоммæ дзуапп раттæн, гениалон æмæ зынгæ актерты сфæлдыста- дыл куынæ дзурæм, уæд. Уæлдæр куыд ба- нысан.кодтам, афтæмæй нæ театыры дæр би- рæ ис курдиатджын æмæ æвзыгъд артист- тæ. Уыдонмæ хауы æрыгон актрисæ Къуе- зерты Фатимæ. Уый фæстаг рæстæджы но- джы тынгдæр йæхимæ æркæсын кодта сце- нæмæкæсджыты. Æмæ, æцæгдæр, Фатимæ йæ актерон тех- никæ æмæ дæсныдзинадæй, сценæйон ар- хайды æнкъарынад æмæ рæстдзинадæй хæс- сы сценæмæкæсджытæн стыр эстетикон æх- цондзинад. Ацы хъуыддаг зæрдыл даргæйæ, махмæ дæр фæзындис разæнгарддзинад, цæ- мæй йын саразæм йе сфæлдыстадон портрет æмæ уый фæдыл йемæ куы райдыдтон ны- хас, уæд ноджы базыдтон Фатимæйы ха- рактерон миниуджыты бирæ сусæгдзинæд- тæ. Уый у хъуыдыгæнæг, æнæ сценæ, æнæ театрдзаутæ, æнæ театр цæрын зын кæмæн у, ахæм адæймаг, иудзырдæй, театралон архайд æмæ актеры куыст йæ цæсты сты тынг кадджын. Уымæ гæсгæ мæ фæнды йæ ныхæстæ комкоммæ сфæлхатт кæнын, ра- дзурын актеры зын професси цæмæн равзæр- ста, уый тыххæй. Фатимæ мын радзырдта, зæгъгæ, мæ кæд- дæр сывæллоны кары куы фарстой, сом- боны цы професси хъуамæ райсон, уый тых- хæй, уæд-иу сын алыхатт дæр дзуапп рад- тон, зæгъын, фæнды мæ актрисæ суæвын. Арæх, дам-иу, нæм цыдысты уазджытæ æмæ-иу сын кафыдтæн, зарыдтæн. Мæ зæр- 64 АИВАД дыл ма лæууы, мæ рухсыбадинаг фыд дæр- иу афтæ кæй дзырдта, зæгъгæ, мæнæй ар- тисткæйы йедтæмæ кæй никуы ницы рацæу- дзæн. Фæлæ скъолайы ахуыры рæстæджы æз райдыдтон æфсæрмы кæнын, æгæрыстæмæй нæ уæндыдтæн мæ урок радзурын дæр, 1978 азы, Ксуисы астæуккаг скъола каст куы фæ- дæн, уæд бынтон нал хъуыды кодтон театр- ыл, мæ сомбоны професийыл, æрмæст ма кæмдæр мæ зæрдæйы æвæрдæй баззадис аив- адмæ уарзондзинады ахсджиаг тых. 1978 азы газет «Советон Ирыстон».ныммыхуыр кодта хъусинаг Руставелийы номыл театралон институтмæ фæсивæды исыны тыххæй æмæ уыцы цау мæнæн ссис амондджын. Хъуси- наг мæ мад куы бакаст, уæд уый дæр ба- цингъуыз æмæ мын бауынаффæ кодта, цæ- мæй мæ документтæ балæвæрдтаин театра- лон институтмæ. Райдианы нæ разы кодтон. Мæ ныфс нæ хастон фæлварæнтæм, фæлæ уæддæр бакастæн мæ мады коммæ, радтон мæ документтæ. Алы фæлварæны рæстæджы дæр мæ мад уыдис мемæ æмæ мæ уый но- джы ныфсджындæр кодта. Райдыдта фыц- цаг экзамен. Экзаменацион къамис мын бафæдзæхста, цæмæй мæ зæрдыл æрлæууын кæнон мæ царды иууыл зындæр минуттæ. Уыцы рæстæджы æз ахъуыды кодтон мæ фыдыл, æмæ мæ цæсгом афæлурс, мæ цæс- сыгтæ æрызгъæлдысты. Къамисы уæнгтæ ма мæ сабыр кодтой, фæлæ кæд æмæ кæд- мæ æрæмбæрстон мæхи. Уыцы уавæрæй рап- пæлыдысты. Æз театралон институтмæ кæй бахаудтæн, уымæй бузныг дæн сæйраджы- дæр мæ мадæй. Мæ професси бирæ уарзын, хæссы мын циндзинад. Спектаклы фæстæ раарфæ кæ- ныны тыххæй сценæмæ куы рахизын, уæд мын уæлдай стыр æхцондзинад æрхæссы сценæмæкæсджыты зæрдиаг мидбылхудт, рæвдаугæ цæстæнгас. Ахæм рæстæджы мае бирæ нал фæхъæуы æргомæй ме ’нкъарæн- тæ равдисын, фæфæнды мæ зæгъын: «Æз сымах бирæ уарзын». Хатт куыстмæ дæр æрбацæуын æнкъард- зæрдæйæ, афтæмæй та мæ фæхъæуы коме- дион ролы хъазын. Куыст куыст у æмае хъæлдзæг фæлгонц аразын ахæм зæрдæимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, зындæр æмæ вазыг- джындæр у, фæлæ уый мидæг ис актеры профессийы сусæгдзинад æмæ ахæм рæстае- джы ферох кæны хисæрмагонд царды миниу-
джытæ æмæ свæййы сценæйы, йæ фæлгонцы уацайраг. Фæнды мæ цыбыртæп театры тыххæй В. Г. Белинскийы хъуыдытæ зæрдыл æрлæу- уын кæнын: «Театр. Сымах мæ хуызæн уар- зут театр, ома æппæт зæрдæйы æнкъарæн- тæй, кæнæ та чизоны сымахæн дунейыл хæр- зиуæг æмæ æцæгдзинады йеддæмæ театр нæ фæцис уарзон. Театр у не ’нкъарæнтыл уæлбариуæггæнæг æмæ кæдфæнды дæр æмæ цыфæнды уавæрты дæр уымæн йæ бон сæ райхъал кæнын у? Уæдæ уæ æз фæрсын, цы у театр? Театр у аивады æцæг кувæндон. Уырдæм бацæугæйæ, сымæх цæстыны- къуылдмæ фæхицæн вæййут зæххон дунейæ, ссæрибар вæййут цардуагон ахастытæй. Сымах театры цæрут хихуызон цардæй, гыхсут, уæхи сæрмагонд цардуагмæ чи нæ хауы, ахæм тыхстдзинадыл, цин кæнут, цар- ды уыл цы циндзинад не- ’рцыдис, . ууыл, шхсут кæйдæр тæссагдзинадыл. Театры æрбайсæфы уæхи сæрмагонд уды царды ми- дис уарзондзинады артуадзæг эфиры. Уæ- дæ афыссæн ис театры æппæт диссаджы хæрзиуджытæн, адæймаджы удыл цæй бæрц æндавы, уыцы магион тыхæн. Цæут, цæут театрмæ, цæрут æмæ дзы акæнут мæлгæ дæр, кæд, уый уæ бон у, уæд. Ацы хъуыдыйæ дæр бæрæг у, Фатнмæ уæлæнгай цæстæй кæй нæ кæсы йæ уарзон профессимæ, йæ хъайтары фæлгонц сара- зынмæ, фæлæ хъæздыгдæр кæны йæ збнын- дзинæдтæ, тырны, цæмæй ноджы арфдæр бамбара, цы роль æххæст кæны, уый мидис æмæ конфликт, архайы, цæмæй хуыздæр æмæ арфдæр базона йæ фæлгонцы сусæг- дзинæдтæ, йæ цайдагъдзинæдтæ, архайд- гытæ Максим Горький куыд дзырдта, афтæ. Фатимæ стыр уарзондзинады æнкъарæн- гимæ фæзæгъы йæ хъуыдытæ институты йæ ахуыргæнджыты тыххæй. Уыдон æхсæн сæй- раг режиссер К. Сурматов, Б. Козинец, Е. Щерман, М. Качарава. Ролыл кусгæйæ куы банкъары зындзинæдтæ, уæд сын æрымысы сæ фæндиæгтæ, сæ уынаффæтæ, сæ амынд- гæ. Каей зæгъын æй хъæуы, нырма актрисæ- йы сфæлдыстадон фæндаг нæу стыр, фæлæ Цы рольты ахъазыд, уыдон ын фидар сты рæстдзинад æмæ аивадæй, психофизион ар-. хайдæй. Иæ бон у æнцонæй фæлгонцы ха- рактер ссарын, йæ хъазты йын адæймаг кæддæриддæр фæуыньт бæрзонд сценæйон культурæ. Къуезерты чызг нырма сарæзта дæс фæл- гонцы, уыдонæй æртæ дипломон спектакл- тæ. Уыдон æхсæн Бернард Шоуы «Пигма- лион», Г. Запольскаяйы «Пани Дульскаяйы мораль», Хуыбецты. Рая æмæ ХуыгатыТео- ры «Софьяйы зарæджы» хайадисгæйæ. Сценæмæкæсджытæ ма тьтнг зæрдиагæй фембæлынц фатимæйыл Гæджиты Георы музьткалон комеди «Нæ усгур алыгъди» Кокойы рольт æмæ Саулохты Мухтаоы ко- ^еди «Усгуры» Зæрæдайы ролы. Кокойы ролы актриса вæййы цырд, хъуыдыджын, ^ердæхтджын, æнкъараг. Фæлæ мæ лæмбынæгдæр æрдзурын фæнды Джон Патоикы пьесæ «Æнахуыр миссис Сэвиджы» Ферийы фæлгонц æмæ Уырыймæг- ты Езетханы социалон-психологон драмæ «Сæниаты» Меретханы фæлгонцы тыххæй. Фери-Фатимæ сценæмæкæсджыты хъус- дард йæхирдæм здахы йæ рог, фердæхт- джын æмæ рæстдзинад кæм ис, ахæм хъаз- тæй. Фери психологон æгъдауæй у рынчын, уый у адæймаджы стыр ’æнамонддзинад, фæ- лæ актрисæ не ’ххæст кæны рынчын адæй- маджы роль, уый нæ, фæлæ ахæм хъару- джын у æмæ йын адæймаг æууæнды спек- таклы райдианæй йæ кæронмæ йæ архайдыл. Уыцыйу рæстæджы йын сценæмæкæсæт тæригъæд дæр фæкæны , Фери нормалон кæй нæ’у, уый тыххæй. Уый йæхимæ кæсы афтæ, цыма у алкæмæй рæсугъддæр, æгæ- рыстæмæй йæ фæфæнды æндæрты хъуыды базонын дæр, цæмæй йын зæгъой йæ рæ- еугъддзинады тыххæй. Актрисæйæн йæ бон бацис йæ хъайтары фæлгонц иттæг хорэ саразын. Æвæццæгæн, царды ницы ис æнæбон, лæмæгъ адæймаджы хъыгдарынæй мæгуы- раудæр, зæгъæн ис афтæ, æмæ уый у стыр. тæригъæд. Æмæ ахæм уæззау уавæры ба- хауд Фатимæ-Меретхан цытуарзаг æмæ æгъатыр Сæниаты къухы. Уый йæ барвыста ингæнмæ дæр. Меретханы дæр фæндыдис царды хæрзиуджытæй спайда кæнын, фæлæ йын нæ бантыст. Уый хуыцауы фæндон уы- дис æви хъысмæты тæрхон? Нæ, уый уы- дис, Мерет кæдæм бахаудта, царды, уыцы уавæрты аххос. Зæгъын хъæуы уый, æмæ та нæ хъайтар ацы зын æххæстгæнæн ролы дæр кæй фæуæлахиз йæ мидæггагон кон- фликт æмæ рæстдзинады фæрцы. Фæстаг рæстæджы Фатимæ стыр циндзи- над æрхаста сценæмæкæсджытæн В. Розовы нырыккон психологон драмæ «Хъæддаг хъы- былы» Оляйы роль æххæст кæнгæйæ. Ацы ролы актрисæ у ноджы арæхсджындæр, фæлтæрдджындæр, хъуыдыджындæр, кæд æрыгон чызджы дарæсы ис, уæддæр. Оля- Фатимæ у цардбæллон, зонджын, кæддæрид- дæр йæ бон у йæ бартæ бахъахъхъæнын, стæй.алы æрыгон чызгау дæр тындзы цард- мæ, цæмæй фембæла уарзæгой æрыгон адæй- магимæ, иудзырдæй, æвзонгад æвзонгад у æмæ уыцы азты алы адæймагæн дæр йæ бон уа хъæлдзæг, иу кæнæ иннæ фарсты фæдыл быцæу кæнын, ацы кары адæймагмæ æмхиц сты рæдыдтытæ дæр, фæлæ Оля уы- донæй нæу, уымæн æмæ цардмæ кæсы фæл- тæрд адæймаджы цæстæй. Ал’ексеимæ кæ- рæдзи æмбарынц, куы бахъæуы уæд ком- крммæ дзурынц фыдьт ныхмæ дæр, фæлæ ацы архайд уый аразы арæхстгай, кæд йæ фыд йæ разы зылыиджын у, уæддæр. Оля тынг кæй мæт кæньт, уый у уымæн стыр травмæ. Ацьт спектаклы ма ис Оляйы харак- теры бирæ ситуацитæ æмæ æнæнхъæлæ- джы фæзилæн.тæ, сценæмæкæсæг ын æу- уæнды йæ алы дзырд, йæ алы змæлдыл дæр. Ацьт ролы уый у динамикон, цыма хъазгæ нæ, фæлæ йæ цæргæ кæны, уьтй хуьтзæн. Афтæмæй Къуезерты Фатимæ бафæлвæрд- та йе сфæлдьтстадон тыхтæ ирон, хурныгуы- лæйнаг классиктæ æмæ уырыссаг æмæгуьтр- дзиаг драматургийы. Нæ зæрдæ йын зæгъы сфæлдыстадон ног егъау æнтыстытæ. о ^- Журн. «Фидиуæг» № 6.
ГАССИТЫ ЭЛЬВИРÆ ИРОН ТЕАТРЫ ИСТОРИИÆ Арæх вæййын уазæгуаты мæ фы- дыхо. Гасситы Ксенямæ г. Тбилисы. А-фæстаг хатт æм куы ’рцыдтæн, уæд мын ацайдагъ ныхас нæ фы- дæлты царды хабæрттыл. Сфæнд кодтон: алæ-ма æркæсон, зæгъын, хæдзары архивы æвæрд æрмæджы- тæм. Æвзарын сæ райдыдтон æмæ дзы фембæлдтæн ирон театры исто- рийылдзурæг цымыдисон æрмæджьь. тыл. Зындгонд куыд у, афтæмæй Калачы рагæй цардысты æмæ пыр дæр цæ- рынц ирон адæм. Уыдонæй бирæ уыд равзаргæ интеллигенци, службæгæн- джытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ ку- сæг фæсивæды минæвæрттæ. Кæд æхсæнадон хъуыддаджы активон хайад истой, уæддæр уым цæрæг ирæтты культурон цард иу-цасдæр уыд фæстæзад- Ивгъуыд æнусы фæуды горæты нæма уыд ирон скъолатæ, нæ дзы уагътой газет, спектаклтæ не ’вдыс- той ирон æвзагыл. Ирон цæрджытæ- иу сæ кæрæдзийыл фембæлдысты горæтгæрæтты куывдты рæстæджы. Ардæм æрæмбырдуæвджытæ-иу ны- хас кодтой сæ царды ахсджиагдæр фарстытыл: ирон рауагъдадон æх- сæнад, национ театр саразыныл. Ацы хабар уæрæх айхъуыстис адæмыл æмæ йыл сæмбæлдысты æхсызгонæй- Сæвзæрстой æхсæнады уæнгты. Йæ фыццаг сæрдар уыд ахуыргæнæг Джиоты Христафор. Æхсæнады фæ- рæзты бындурон суадон уыдысты, спектаклтæ хъазтизæртæй цы ’фтнæ- гтæ истой, уыдон. Газет «Тифлисский листок» куыд хъусын кодта, афтæмæй Калачы фыццаг ирон спектакль æвдыст æр- цыд 1906 азы 27 майы- Цы фæрæз- тæ-иу дзы райстой, уыдон-иу бай- уæрстой, стипенди чи нæ иста, уыцы ирон студенттыл. Æздисгæ та ра- кодтой Брытъиаты Ел. пьесæ «Ху- динаджы бæсты — мæлæт» æмæ «Уæрæседзау». Спектаклы фæстæ-иу уыд ирон зард æмæ кафты концерт- Концерт стыр цымыдис равзæрын 66 кодта адæммæ. Залы уыдысты канд ирæттæ нæ, фæлæ ма æндæр нацй- ты минæвæрттæ дæр. Фæлæ уыцы рæстæджы уыдис хæрз цъус ирон оригиналон пьесæ- тæ. Уымæ гæсгæ драмон къорды ре- пертуары фылдæр уыдысты ирон æвзагмæ тæлмац уырыссаг, гуыр. дзиаг классикон драматургины пье- сæтæ- Ирон драмон къордæн нæ уыд йæхи сæрмаг,онд агъуыст. Уьтмæ гæс- гæ-иу æй репетицитæ аразын ба- хъуыд драмон къорды энтузиаст Ра- монаты Максимы хæдзары. Афт\æ бацæттæ кодтой Гоголы «Чындзæх- сæв»-ы фыццаг хай. Ацы пьесæйы ис æрмæст иу сылгоймаджы роль- Драмон къорды та сылгоймæгтæ нæ уыд. Уыдон сæ ныфс нæ хастой сце- нæйыл сæхи равдисынмæ, стæй сæ сæ ныййарджытæ дæр нæ уагътой. Уæд Рамоны фырт схæцыд æмæ йæ чызг Зинæйы ахъазын кодта Феклæ- йы ролы. Уый сразæнгард кодта чыз- джыты æмæ сын сæ ныййарджытæ дæр бар радтой сценæмæ рацæуы- нæн- Афтæмæй фыццаг ирон сылгой- маг артисттæ уыдысты Уанеты Ма- ро, Байты Залихан, Хъазиты Нинæ. Ирон драмон къорды рагондæр уæнгтæ, уыдысты: Абайты Уано, Абайты Алыксандр, Абайты Гиуæр- ги, Гаглойты Иракъли, Мамиты Га- бо, Беджызаты Никъала, Дзадтиаты Пъауле, Абайты Иван, Хъоцыты Би- дзина, Томайты Аннæ, Уанеты Маро, Хъазиты Нинæ, Рамонаты Зинæ, Дзадтиаты Гадзыбе, Чилæхсаты Ни- •къала, Джиоты Гиуæрги, Уанеты Шакро, Гаглойты Владимир, , Гас- ситы Соскъо, Гаглойты Рутен æмæ æндæртæ. Спектаклы программæйæ бæрæг куыд у, афтæмæй Брытъиаты Ел- быздыхъойы æртæархайдон траге- ди «Амыран» Калачы фыццаг хатт æвæрд æрцыд 1928 азы 11 апрелы. Иæ режиссер-æвæрæг уыд ахуыр- гæнæг Дзассохты Никъала Григолы
фырт- Уый фæстæ Никъала къорд азты куыста Тбилисы медицинон институты латинаг æвзаджы ахуыр- гæнæгæй. Пьесæйы сæйраг рольтæ æххæст - кодтой: Бæсты хицау — Пæррæста- ты Уасдже, Амыран—Гасситы Пе- тя, Бесæ — Лохты Къоста, Чабæ- хан — Гаглойты Соня, Дуртула — Кокойты Тæтæрхъан, Ныфс — Абай- ты Ольгæ, дæлимонтæ — Харебаты Валодя æмæ Тедеты Барис. Музы- кæ йын ныффыста Кокойты Тæтæр- хъан, нывгæнæг—Зассеты Алык- сандр- Изæры дыккаг хайы æвдыст æр- цыд концерт. Æххæст кодтой ирон кæфтытæ æмæ зарджытæ- Хайад дзы истой хæххон кæфтытæ хуыздæр æх-. хæстгæнджытæ, уыцы рæстæджы зынгæ киноартистытæ Бестауты Ла- до æмæ Пæррæстаты Уасдже. Империалистон хæсты, революци- йы азты æмæ Гуырдзыстоны мень- шевикты хицауады рæстæджы иу- цасдæр бакъуылымпы ирон драмон къорды куыст. Фæлæ Гуырдзыстоны куыддæр фæуæлахиз Советон хица- уад, афтæ ногæй сцырын ис Калачы ирон цæрджыты æхсæн культурон- рухсадон куыст- Сæ репертуар фæ- хъæзныгдæр ирон пьесæтæй. Фыл- дæр адæм цæуын райдыдтой спек- такльтæм- 1927—1928 азты сезонмæ «Адæ- мон хæдзар» (ныр Коте Марджаниш- вилийы театр) драмкъорды сконд афтæ рауæрæх, æмæ дзы бахъуыд дыууæ хицæн драмкъорды саразын. Сæ иу спектакльтæ æвæрдта Æф- сæнвæндаджы кусджыты Плехановы номыл клубы (уæды Надзаладевы), иннæ та кусын райдыдта трамвайы кусджыты клубы (Муштъаиды). Ацы къордæн разамынд кодта Цæгат Ирыстоны театры режиссер æмæ зынгæ артист Дудараты Темырболат- Ам равдыстой Брытъиаты Елбыз- дыхъойы пьесæ «Дыууæ хойы». Сæй- раг рольтæ дзы æххæст кодтой Цæ- биты Нинæ æмæ Дзадтиаты Тама- рæ- Нинæ ныртæккæ у Гуырдзысто- ны ССР-йы адæмон артисткæ. Ацы драмон къордты дæр хайад истой Калачы цæрæг сценæуарзджы- тæ — кусджытæ, службæгæнджытæ, студенттæ. Сæ иутæ равзæрстой ак- теры професси, систы сгуыхт артист- тæ æмæ аивады архайджытæ,-иннæ- тæй чи йнженер рацыд, чи — ахуыр- гонд... Уæдæ куыд рауад, спектакль «Амыра1Н»-ы сæйраг рольтæ чи æх- хæст кодта, уыдоны дарддæры хъыс- мæт? Уыдонæй ма абон дæр сæрæгас у æрмæст Абайты Оля. Ныфсы роль куы æххæст кодта, уæд ыл цыдис 22 азы бæрц. Йæ урс дадалитимæ рæсугъд цæсгом æрттывтытæ кодта сценæйы рухсытæм. Йæ зæрдæбы- нæйцæуæг фæлмæн ныхасмæ йын æхсызгонæй хъуыстой сценæмæкæс- джытæ. Оля бауарзта театралон аи- вад æмæ суанг зæры бонтæм фæлæг- гад кодта ирон театрæн- Нырма ба- цыдис Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны драмтеатрмæ æмæ цалдæр азы дæргъы сæххæст кодта бирæ рольтæ. Стæй та ацыд Цæгат Ирмæ æмæ кусын райдыдта музы- калон драмтеатры- Йæ азтæ йæхир- дыгæй куы фесты, уæд фæстæмæ æрыздæхт Хуссар Ирмæ æмæ цæры царды дзæбæхæй нæ горæты. Оляйæн йе ’фсымæртæ Уано æмæ Гиуæрги, стæй йæ фыдыфсымæртæ Абайты Алыксандр, Симон æмæ Иван дæр уыдысты Калачы фыццаг драмон къорды активон хайадис- джытæ. Æвæццæгæн, ахæм курдиат æрдзæй рахастой Абайтæ, æндæра сæм нæ уыд театралон ахуырдзи- над, афтæмæй куыд тынг арæхстыс- ты сценæйыл. Уыдон стыр роль сæх- хæст кодтой Калачы ирон цæрджы- ты æхсæн культурон-рухсадон куыст парахат кæныны æмæ канд Кала- чы нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны фæл- лойгæнджыты раз дæр сæхи равдыс- той курдиатджын минæвæрттæй. Бæстыхицауы роль æххæстгæнæг Пæррæстаты Уасдже каст фæцис Ленинграды хъæды техникон ака- ,деми,. стæй йæ арвыстой Архангель- скмæ æмæ уым фæкуыста областы хъæдсæудæджер а дон хæдза р а ды хистæрæй- Æрыййæфта йæ 1937 аз æмæ ницыгæнæгæй уый дæр басыгъд культы азарæй. Хаст æрцыд кæрой- наг Цæгатмæ æмæ дзы арвыста цал- дæр азы- 1955 азы йæ среабилитаци кодтой. Бæргæ ма æрыздæхти йæ райгуырæн зæхмæ, фæлæ хасты аз- ты цы маст бавзæрста, уый йын йæ тых басаста æмæ йын бирæ рацæ- рын нал бантыст. Амыраны роль æххæстгæнæг Гас- ситы Петя ахуыр кодта Тбилисы 67
æфсæнвæндæгты транспортон-инже- нерон институты. Каст æй фæцис æнтысгæйæ æмæ йæ кусынмæ рар- выстой Хуссар Ирыстонмæ. Къорд азты дæргъы арæхсджынæй раза- мынд кодта облæххæсткомы фæн- дæгты хайадæн. Уроктæ лæвæрдта Сталиниры индустриалон технику- мы. Стыр Фыдыбаестæйон хæст куы райдыдта, уæд уый хайад иста Кав- казхъахъхъæнджыты рæнхъыты. Уыдис ын бирæ хицауадон хорзæх- тæ. Бесæйы роль æххæстгæнæг Лох- ты Къотъе уыд Знауыры районы Исахъы хъæуккаг. Куыста Калачы æмæ уыд дæсны къухты хицау. Фæс- тæдæр æй раразмæ кодтой æмæ ба- куыста Хуссар Ирыстоны Хетæгка- ты Къостайы номыл театры дирек- торæй. Иæ зæрыбонтæ кæронмæ ар- выста йæ райгуырæн хъæуы. Хæсты рæстæджы хъахъхъæдта иннæтймаё Ручъы рахизæнтæ. Уым райста уæз- зау низ, цалдæр азы фæстæ фæзиан. Кокойты Тæтæрхъан — Дуртула- йы роль æххæстгæнæг — уыд Тъбе- ты хъæуæйрацæуæг. Уый канд ак- тер нæ уыд, фæлæ ма хæдахуыр композитор дæр, фыста пьесæтæ дæр. Стыр бавæрд бахаста ирон му- зыкалон аивадмæ. Бирæ азты фæ- куыста Цæгат Ирыстоны музыка- лон-драмон театры. Лæвæрд ын æр- цыд Цæгат Ирыстоны аивадты сгуыхт архайæджы ном, Афтæмæй Калачы ирон кусæгон театр бирæ цымыдисон сыфтæ ныф- фыста ирон театралон царды азфыс- ты. Йæ истори у ирон театры исто- рийы æнæфæхицæнгæнгæ хай. Сæ традицитæ сын дарддæр кæнынц æв- зонг фæлтæр- Нырма дæр Тбилисы æнтысгæйæ кусы ирон театр Че- титы Рубены разамындæй.
КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ ПУХАТЫ АЛЕКСАНДР «МÆ АРТДЗÆСТ» Дмитри Гулиа. Мæ артдзæст. Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæ. Абхазаг æвзагæй Джусойты Нафи- йы тæлмац. Рауагъдад «Ирыстон», 1988 аз, 120 фарсы. Ирон æмæ абхазаг а’дæмы хæлардзинад дæуы æнусы æрфæнтæй æмæ азæй-азмæ кæны арфдæр, уæрæхдæр. Литературæ æмæ дивады уыцы хæлардзинад тынгдæр рай- тынг хæсты фæстæ азты. 1960 азы рауагъ- дад «Ирыстон»-ы мыхуырæй рацыд абха- заг радзырдты чиныг, Уыцы аз ахæм чи- ныг ирон фысджытæн та рацыд рауагъдад «Алашара»-йы абхазаг æвзагыл. 1976 азы рктябры мæй журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Алашара» ирон æмæ абхазаг æвзагыл ра- уагътой ивгæ номыртæ. Уымæй дарддæр рæстæгæй-рæстæгмæ ирон æмæ абхазаг периодико.н мыхуыры ’фæзынынц дыууæ адæмы фысджыты уацмыстæ. 1984 азы ра- уагъдад’ «Алашара»-йы зындгонд абхазаг поэт Геннади Аламиайы тæлмацæй абха- заг æвзагыл мыхуырæй рацыд Къостайы «Ирон фæндыр». Ацы аз ирон чиныгкæ- сæгæн дæр йæхи мадæлон æвзагыл фадат фæцис стыр абхазаг поэт æмæ æхсæнадон .архайæг Дшггри Гулиайы прэтикон уацмыс- тæ бакæсынæн. Раивта сæ Джусойты На- фи. «Мæ артдзæст», зæгъгæ, афтæ хуыйны чиныг. Æдæппæтæй дзы ис 46 æмдзæвгæ- йы æмæ иу поэмæ. Уыдон сты Дмитри Гулиайы хъæздыг поэтикон сфæлдыстадæн æрмæстдæр йæ иу къаннæг хай, фæлæ уæддæр сты ахадæн. Дмитри Гулиайы поэзийæн, сæйраджы- дæр, характерон сты афористон хъуыды- кæнынад, музыкалондзилад, хуымæтæг стиль, оптимистон равг æмæ стихарæзты бæрзонд культурæ. Арæх дзы фæзынынц адæмон сфæлдыстады мотивтæ. Тæлмацгæнæг бацархайдта Гулиайы хæд- бындур поэтикон сфæлдыстады аивдзинæд- тæ, æнæфæкайгæйæ, ирон æвзагмæ рахæс- сыныл æмæ йын бантыст. Ацы хъуыдда- джы йын хорз ахъаз фесты дæлрæнхъой- тæ. Оригиналы алы абарст, алы нывæф- тыд амалæн дæр иронау ссардта йæхи аналог, бахъахъхъæдта æмдзæвгæйы бæрц- барст, ритм æмæ аллитераци. Уый ’руаджы ирд æмæ аив у уацмысы аивадон хъуыды. Мæнæ иу строфæ «Адæймаг»-æй: Ды цыфæнды хъæздыг куы уай, Фод дæ фæллой дæ фагæй уæлдай, Зон-иу йе уæддæр мæт, фыдох! Ма кæн, — адæймаг кæй дæ, — рох! (25-æм фарс) Ацы куплеты дæлрæнхъон тæлмац та у мæнæ афтæ; Пусть ты живешь в достатке, Будъ хоть и очень богатым, Обладай незаурядными способностями, Но все же помни, что ты человек! Тæлмæцтæ æмæ дæлрæнхъонты кæрæдзи- мæ æрæмных кæнгæйæ, фидарæй ис афтæ зæгъæн, æмæ дзæбæх ивд æрцыдысты поэты хуыздæр æмдзæвгæтæ: «Лæппу æмæ чыз- джы фыетæджытæ кæрæдзимæ», «Хæхтæ дидин æфтауынц», «Лома æмæ Бускæ», «Ходжан гуыппыр», «Мæлдзыг», «Хæхтæ æмæ денджыз», «Мæйвæндаг», «Парти»,
«Фæндиаг», . «Уалдзыгон равг». Сабитæн фыст æмдзæвгæтæ æмæ æнд. Сæрмагондæй банысанкæнинаг у æмдзæв- гæ «Парти»-йы тæлмац. Уый у Гулиайы иууыл хуыздæр æмæ популярондæр уац- мыстæй. Уый хицæн миниатюрон чиныгæй рацыд 1974 азы — поэты райгуырды сæдæ азы юбилеймæ — Советон Цæдисы адæмты 43 æвзагыл, уыцы нымæцы ирон æвзагыл дæр, Раивта йа; Цæрукъаты Алыксандр æмæ йын хорз рауадис, фæлæ мæм уæддæр аф- тæ кæсы, цыма Нафийы тæлмац оригинал- мæ æввахсдæр лæууы. Нафи дæлрæнхъонты сæйраг хъуыды æмæ аивадон амæлттæ йæ мадæлон æвзагмæ кæй радæтты, уымæн дæр, Гулиайау, йе стихарæзты культурæ бæрзонд кæй у, уы- мæн ма æвдисæн у æмдзæвгæ «Джамбул» дæр: Æсурс дæ зачъейæ, сæрæй, — Ды бирæ рацардтæ фæрнæй, Уæддæр дæ удæн ивæн нæй, Æнусы лæг, Джамбул! (48-æм фарс). Æрхæссæм ацы строфæ дæлрæнхъон тæл- мацæй дæр: Как снег бела твоя борода, Ты прожил многие десятилетия, Но ты не изменен, Таков ты, Джамбул! Нафийы дæсны тæлмæцты ’руаджы Дмитри Гулиайы поэтикон уацмысты ирд æмæ аивæй зынынцканд авторы хъæлдзæг равг, йæ æнæлаз удыхъæд нæ, фæлæ ма хæдхуыз национ колорит дæр, æмткæй аб- хазаг фæллойгæнæджы духовон æмæ интел- лектуалон сурæт, Абхазы хъæздыг æрдзы рæсугъд хуызтæ. • Нафийы тæлмацы арæхстдзинад ирддæ- рæй разынд Гулиайы зындгонд автобиог- рафион поэмæ «Мæ артдзæст»-ы. Уарча — нæ хъæу. Ызмисбын зæхх. Нæ разы Æгæрон денджыз. Хæдзар та хъæдкъул. Уым райгуырд саби. Рæзыд æмæ хъазыд Мæллæг уыд, фæлæ цардæрдæм фæкъул. Уый бон — уылынг, æхсæв уыдисн нæ рæзти Фæлæ уæддæр цæрæццаг гуырд фæци, Æмæ дын иубон дзурынмæ фæгæрзя: Куы «Саб»—баба, куы «сан»—ома гыцци. Поэмæ кæрæй-кæронмæ цæуы æнпыгъ- дæй. Амад у арф социалон конфликты бындурыл. Лирикон æмæ дзы эпикон сты кæрæдзийы мидæг æмтад, æмбуар. Æз загътон, Гулиайы поэтикон уацмыс- тæ Нафийы дæсньт тæлмацы руаджы иро- цау рауадысты аив, оригиналы сæм цы фидыцтæ уыд, уыдонæй цух нæ фесты, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ тæлмæцтæм æппындæр фау æрхæссæн нæй. Хатт тæлмацгæнæг схæцы рæсугъд æмæ базырджын рифмæтæ агурыныл æмæ уый адыл фæиппæрд вæййы уацмысы мидисæй. Цæвиттон, поэмæ «Мæ артдзæст»-ы фæстаг строфæйы дæлрæнхъон у афтæ: Жив мой очаг, Он сейчас еще прекрасней. Жив мой очаг, Врагами разрушенный, Но друзьями спасенный, Мой прекрасный очаг. Тæлмацы та у афтæ: Сæрæгас у, рæдау нæ артдзæст, Фæлæ ызнаг куы къаха хыл, Уæд ыл æвирхъау туг ныууардзæн, Хæлар та нæм фысым ыссардзæн, Фыдæлты удлæууæн зæххыл! Зын бафиппайæн нæу, ам дæлрæнхъон æмæ тæлмац- кæрæдзй хуызæн кæй не сты. Иронау дзырдтæ «Нæ артдзæсты» бæс- ты зæгъын хъуыд «Мæ артдзæст», поэмæйы сæр дæр афтæ у, стæйдæр автор дзуры иу- уон нымæцы фыццаг цæсгомæй. Иуæй-иу гуылмыз рæнхъытæ ис хицæн строфæты. Цæвиттонæн: Æмæ мыл рæдауæй узæлынц мæныл, Хæлæрттау, нæ салам кæсдæртæ. * (62 ф.) Ам «мыл» æмæ «мæныл»-æй иу уæлдай у, æвидыц кæны строфæйы. Æмдзæвгæ «Хъайтары зарæг»-ы та фыст ис: Уый у дæ хъæбул, Абхазия Саг лæг Ладимер Харазия... Тугхор фашистты æгъатыр цæгъды, Иу æхст дæр никуы фæкодта уæгъды... Ацы ран дзырдтæ «Абхазия» æмæ «Ха- разия» бахъуыдысты рифмæтæн. Ирон лæг «Абхазия» нæ, фæлæ «Абхаз» фæзæгъы. Ис ма ноджыдæр ахæм цæвиттонтæ æр- хæссæн, фæлæ сæйраг уыдон не сты. Сæй- раг у, чиныг æмткæй аив тæлмац кæй æр- цыд, уый. Нафи йæ мадæлон æвзагыл дæсны хъæ- лæсæй сдзурын кодта æфсымæрон абхазаг адæмы стырдæр æмæ номдзыддæр^ поэт Дмитри Гулиайы, Хетæгкаты Къостайы аб- хазаг æвзагыл Геннади Аламиа куыд сдзу- рын кодта, афтæ. Уый та хæрзиуæджы хъуыддаг æмæ зæрдæхæлар лæггад у сæ дыууæйæн дæр сæ ныййарæг адæмы раз. Полиграфион æгъдауæй чиныг «Мæ арт- дзæст» нæ рауад мæнæ-мæнæ хæрзвæлыст, фæлæ уый фыццаг хатт афтæ нæу.
КУЫМÆРИДТАТЫ АЛЕКСАНДР, Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы архи- вон управленийы хисдæр. ЛЕНИНОН ДЕКРЕТ 70 азы размæ, 1-æм июны, В. И. Ленин йæ къух æрфыста УСФСР Адæмон Къами- ссарты Советы Декретыл- — «Архивон хъуыддаг среорганизаци æмæ централиза- ци кæныны тыххæй». Уымæй æвæрд æрцыд- ис иууон паддзахадон архивон фонд сара- зыны бындур. Декреты нысан уыд, зæгъгæ, зæронд пад- дзахадон уагдæтты æппæт архивты скуы- нæгчындæуыд, куыд ведомствæйон уагдæт- тæ, афтæ æмæ сæ 1917 азы 7-æм ноябрмæ арæзт хъуыддæгтæ æмæ документтæ иу- уылдæр лæвæрд æрцыдысты паддзахадмæ. Афтæмæй раздæры Уæрæсейы цы хицæн æмæ хицæн архивтæ уыдис, уыдонæй сы рæзт паддзахадон архивон уагдæтты иу- уон централизацигонд хызæг. Сырæзт «паддзахадон архивон фонд». Ленинон декреты ма нысан цыднс, зæгъ- гæ, æфснайд хъуамæ æрцæуой, историйы, дипломатон ахастыты, политикон, æхсæна- дон æмæ экономикон цард сахуыр кæны- ны хъуыддаджы стыр нысаниуæг кæмæн ис, ахæм документтæ. Цæмæй уыдæттыл куыст цыдаид, уый тыххæй Рухсады адæ- мон къамисариат æмæ уый бынæттон ор- ганты цур сарæзтæуыд архивон хъуыддагæн разамыд кæныны Сæйраг управлени. Иæ дæлбар уыдысты паддзахадон архивтæ се ’ппæт дæр. Уый фæстæ азты (1919—1920) фæзын- дысты Советон хицауады ног закъæттæ. Ленин йæ къух цы декретыл æрфыста. уым нысан цыд Паддзахадон архивон фонд- мæ советон дуджы документтæ бахæссыны фæтк. Ныр нал уыдис документтæ судзы- ны бар, цалынмæ-иу сын архивон хъуыд- дагæн разамынд кæныны Сæйраг управ- лени бар радта, уæдмæ. Ацы декреты стыр нысаниуæг ис уый мидæг, æмæ историйы фыццаг хатт нæ адæмæн бантыст еæ историон-архивон до- кументтæ сæхи къухмæ райсын. Уæдæй фæстæмæ уыцы документтæ лæггад кæнынц кюциализмы .интерестæн; зынаргъ хæзня стьт зонадæн. Ленинон Декреты домæнтæ царды сæх- хæет кæныны хъуыддаджы уыдис бирæ зындзинæдтæ. Æввахс кодта мидхæст. Ар- хивон документтæ иу ранмæ æмбырд кæ- нынæн нæ уыдис æмбæлон агъуыстытæ. Архивон хъуыддаг рæзын кæнынæн ных- дур уыд зæронд чиновникты консервати- вон ахаст. Уыдон къухты уыдысты нырма паддзахадон органты архивтæ. Советон хицаудзинады фыццаг азты нæ фаг кодта архивон кусджытæ. Зæронд архивты цы интеллигенци куыста, уыдонæн та иугъуы- зон ахаст нæ уыдис советон цардæвæрдмæ. Фæлæ зындзинæдтæ быхсгæйæ, советон архивты кусджытæ æппæт дæр арæзтой уый тыххæй, цæмæй тагъддæр æрбæстон уыдаид архивон хъуыддаг, æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакодта. ССР Цæдисы Пад- дзахадон архивон фонд ныртæккæ у ахæм уагдон, цыран æвæрд сты, зонадон, полити- кон æмæ практикон æгъдауæй стыр ныса- ниуæг кæмæн ис, уыцы документтæ. Уыдон æхсæн сты Советон хицауады æмæ паддза- хадон управленийы органты акттæ, уагæ- вæрдтæ, уставтæ, бардзырдтæ, суагъæтæ, хъыгъдтæ æмæ æнд. СССР-ы Паддзахадон архивон фонды сты ССР Цæдисы, цæдисон æмæ автономон республикæты, стæй бы- нæттон паддзахадон хицауады æмæ управ- ленийы документтæ, тæрхондон, прокурату- рæ æмæ æндæр органты документтæ. Уы- мæй уæлдай ма Паддзахадон архивон фон- дмæ хауынц истори, барад, аивад, литера- турæ æмæ кинофотойы документтæ. Ленин йæ къух цы декретыл æрфыста, уый хаудта æрмæстдæр Уæрæсейы Феде- рацимæ, фæлæ ацы республикæйы архивон арæзтады фæдыл цы мадзæлттæ æххæст цыдис, уыдон фæахъаз сты иннæ респуб- ликæты архивон хъуыддæгтæ æрбæстой кæнынæн дæр. Архивон хъуыддаг æрбæстон кæнынмæ Гуырдзыстоны бавнæлдтой фæстæдæр, фæ- лæ йыл райдианы зæрдиагæй ничи куыста. 1920 азы меныневикты хицауад бафæлвæрд- та Гуырдзыстоны Централон зонадон ар- хив саразыныл, фæлæ дзы ницы рауадис. Гуырдзыстоны Советон хицауад куы фæ- уæлахиз, æрмæстдæр уæд фæцис архивтæ скуынæг кæнынæй бахизын æмæ уыдон иу ранмæ æрæмбырд кæныны фадат. 1921 азы 1-æм июны Гуырдзыстоны Революцион ко- митет рауагъта Декрет № 47 «Архивон хъуыддаг среорганизаци кæныны тыххæй». Иууон архивон фондæн разамынд кæныны тыххæй Рухсады адæмон къамисариаты цур арæзт æрцыдис республикæйы архив- ты хъуыддаджы фæдыл Управлени. Уыцы фондмæ хаст æрцыдысты, 1921 азы 25-æм февралмæ паддзахадон уагдæттæ æмæ æх- сæнадон организацитæм цыдæриддæр до- кументтæ уыдис, уыдон. Архивон хъуътддаг бынтон æндæр уа- вæры рæзти Хуссар Ирыстоны. Æмткæй 1923 азы онг областы ницы архивон куьтст цыдис. Нæ областы разамындгæнæг орган- тæ райстой Гуырдзьтстоны архивты Сæй- раг управленийы 1923 азы 23-æм июнь! ныстуан, цы ран амындæуыд, Хуссар Иры- стоны дæр архивон хъуыддæгты фæдыл чй куса, ахæм аппарат саразын. Ацй фарстыл
1923 азы 14-æм июны бауынаффæ кодта Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы Президиум. Фæ- лæ уæддæр хъуыддаг нæ бынатæй не ’ккуырст. 1926 азы 27-æм июны та Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы Президиум райста уы- наффæ, цыран дзырдæуыд: «Æнæмæцг- хъæуæгыл нымад æрцæуæд Рухсады адæ- мон къамисариаты цур архив саразын». Афтæ арæзт æрцыдис уагдон æмæ йæ схуы- дтой «Хуссар Ирыстоны Сæйраг архив». Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд нæм архи- вон кусджытæ дæр цъус уыдис. Суанг 1939 азмæ уым куыста æрмæстдæр 3 адæй- маджы. Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы Президиумы 1931 азы 13-æм апрелы уынаффæмæ гæсгæ. сæйраг архив 1936 азы онг уыдис Хуссар Ирыстоны бæстæзонæн зонадон-иртасæн институты дæлбар. 1936 аз у нæ областы архивон арæзта- дæн зæрдылдаринаг. Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы Президиум цалдæр хатты бауынаф- фæ кодта архивон хъуыддаджы уавæр æмæ йæ рæзты перспективæты тыххæй фарсты- тыл. Цæмæй архивон хъуыддаг рæвдздæр ацыдаид, уый тьтххæй ЦÆК æнæмæнгхъæ- уæгыл банымадта архивон хъуыддаг ком- коммæдæр ЦÆК-ы дæлбар бакæнын. Цард æрдомдта архивон хъуыддаг рай- онты дæр æрбæстон кæнын. Райдианы уым арæзт æрцыдысты районты загстимæ. Фæ- Лæ уый дæр къух нæ лæвæрдта. 1946 азы районты сырæзт сæрмагонд районон архив- тæ. 1960 азы среорганизаци кодтой нæ рсс- публикæйы архивон уагдæтты. Хуссар Иры- стоны мидхъуыддæгты упразленийы архи- вон хайадæй (уыд 1938 азæй фæстæмæ) арæзт æрцыдис облæххæсткомы цур архи- вон хайад. Ахæм реорганизацийæн уыдис стыр нысаниуæг. Рауæрæхдæр сты йæ баг- тæ æмæ йæ хæстæ. Ныр лæмбынæгдæр хъус æрдардæуыд сæйраг хæстæй сæ иу- мæ—политикон, зонадон æмæ практикон ны- саниуæг кæмæн уыдис, ахæм документтæ архивтæм исынмæ, цæмæй сæ пайда код- таиккой зонадон кусджытæ, ахуыргæнджы- тæ. 1966 азы райдианы областон архивы уыдис 256 фонды. Ноджы фылдæр доку- менттæ архивмæ цæуын райдыдта 1965 азæй фæстæмæ. Уыцы аз архитзы кусын райдыдта хæдзарадон хыгъды къорд. Уый организацитæ, уагдæттæ æмæ куыстуæтты документтæ бардзырды бындурыл куыста æмæ сæ архивмæ æвæрынмæ лæвæрдта. Ацы къорды куысты фæрцы æрвылаз дæр архивтæм æрбацæуы цыппар мин докумсн- ты бæрц. Æрвылбон дæр архивмæ цæуы бирæ адæм. Уыдон сты зонадон кусджытæ, кол- хозонтæ, заводтæ æмæ фабрикæты кусджы- тæ. Нæ областы зонадон кусджытæй бирæ- тæ сæ зонадон куыстытæ ныффыстой, нæ архивы æрмæджытæй пайда кæнгæйæ. Цæ- уынц нæм адæм сæ куысты стажы тыххæй справкæтæ исынмæ. Областон архивы 1971 „ азы уый тыххæй баконд æрцыдис сæрма- гонд хайад. 1971 азы онг районты архивтæ нымад цыдысты областон архивы районон хайадтыл. Гуырдзыстоны Министрты Советы 1971 азы 21-æм июны уынаффæмæ гæсгæ районты архивтæ систы райæххæсткомты дæлбар. Ныртæккæ областы архивон уагдæтты кусы 40 адæймагæй фылдæр. Уыдонæй дыууæмæ ис уæлдæр специалон ахуырад. Зынгæ фæфылдæр ис архивты цы фонд- тæ ис, уыдон нымæц дæр. Æрмæст облас- тон архивы ис 400 фондæй фылдæр. Фондз фонды нæм ис революцийы агъоммæйы до- кументтæй. Областон архивы кусы зонадон Совет. Уый сконды сты архивы æмæ музейы зона- дон кусджытæ. Совет фæуынаффæ кæны методикон фарстытыл. Областы архивист- тæ бакусынц реконструкцитæ, инструкцитæ. Архивы ис методикон кабинет дæр. Нæ ар- хивы зонадон кусджытæ саразынц архи- вон хъуыддæгтæ, истори æмæ археографи- йы фарстыты фæдыл теоретикон рефераттæ: Архивон уагдæтты кусджытæ зæрдиагæй сæ хъус дарынц документтæй уæрæх пайда кæныны фарстытæм. Сорганизаци кæнæм равдыстытæ. Нæ зонадон кусджытæ бирæ~ кусынц Хуссар Ирыстоны историйы фæдыл чингуытæ мыхуыры рауадзыныл. Абоны онг мыхуыры рауагътам 6 æмбырдгонды. Уыдоны мыхуыр æрцыдысты 1921 — 1970 азты документон æрмæджытæ. Рауагътам ма «Путеводитсль» æмæ революцийы сæ- рыл Хуссар Ирыстоны тохгæнджыты æм- бырдгонд. Ацы æмбырдгæндты бацæттæ кодтам Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт æмæ ГКП Хуссар Ирыстоны об- комы партархивы кусджытимæ иумæ. Нæ архивы кусджытæ сæ куысты ныб- биноныг кодтой иу хорз хъуыддаг: нæ об- ласты аивады, культурæ, зонад æмæ лите- ратурæйы зынгæ архайджытæн арæзт цæ- уынц сæрмагонд хъуыддæгтæ. Уыдон сты сæ куысты фæдыл ахсджиаг документтæ. Уымæй уæлдай ма сæрмагонд хъуыддæг- тæ сарæзтам, Фыдыбæстæйон Стыр хæсты чи фесгуыхт, уыдон тыххæй. Областы архивисттæ документтæ исынц 300 организацийæ. Уыдоны хъуыддæгтæ æрбæстон кæнын, документтæ архивмæ рат- тынмæ бацæттæ кæнын у архивистты ком- коммæ хæс. Нæ кусджытæ бынæтты бæрæг кæнынц хъуыддæгтæ бæстон кæныны уа- вæр. Уыдон тыххæй дзуапп чи дæтты, уы- цы кусджытæн дæттæм æнæмæнгхъæуæг методикон æххуыс, аразæм сын семинартæ, баххуыс сын кæнæм хъуыддæгты номенк- латурæ саразыны. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ-иу хатт бынæтты æрæмбырд ис, йæ рæстæг кæмæн аивгъуыдта, ахæм документтæ. Ныр уавæрæн кæрон æрцыд. Æрбæстончындæуыд архивтæм фотоныв- тæ исыны хъуыддаг дæр. Уыдонæн ис до- кумснтты нысаниуæг. Бынæттæй документ- тæ куы райсæм, уæд уыдонæй бирæтæ сæ уагыл нæ вæййынц, документты иу хай ныскъуыдтæ вæййы. Нæ областы архивы уыдон сæндидзын кæныны тыххæй кусы сæрмагонд реставратор. Нæ областы архивисттæ намысджынæй æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ. Фараст хатты областон архив райста Гуыр- дзыстоны Министрты Советы цур Сæйраг архивон уиравлени æмæ паддзахадон уаг- дæтты профцæдисы Гуырдзыстоны респуб- ликон комитеты Сырх Тырыса, дыууæ хат- тьт хорзæхджын æрцыдис ССР Цæдисы Министрты Советы цур Сæйраг архивон управлени æмæ паддзахадон уагдæтты проф- цæдисы ЦК грамотæтæй. 72
Сæ намысджын куысты тыххæй ’ облас- тон архивы кусджытæ Джиоты Аня æмæ Зæгъойты Анусяйæн лæвæрд æрцыдис Гуырдзыстоны ССР-ы культурæйы сгуыхт кусæджы нæмттæ. Кокойты Зинæ æмæ Це- радзе Флоридæ хорзæхджын æрцыдысты риуылдарæн нысан «Отличник архивного дела»-йæ. Нæ архивисттæ æдзухдæр кусынц сæ про- фессионалон дæсныдзинад хуыздæр кæны- ныл. Уый тыххæй нæм кусы семинар. Сс- минары докладтæ саразынц рагондæр ар- хивисттæ. Мах, областы архивисттæ, нæ рох кæнæм, нæ Хуссар Ирыстоны архивон хъуыддагæн йæ цард чи снывонд кодта, бирæ азты дæргъы архивы хъуыддаг йæ къахыл сæвæрыныл чи архайдта, уыцы адæймæгты. Уыдон та стьг Гаглойты Тъотъо, Цоциты Никъала, Елиозишвили Бæстæйы социалон-экономикон рæзт фæ- тагъддæр кæныны фæдыл Советон Цæди- сы Коммунистон партийы раразмæгонд хæ- стæ домынц агросæудæджерадон комплек- сы куысты ахадындзинад сбæрзонд кæиын. Уыцы мадзал цæмæй æнтысгæйæ æххæст æрцæуа, уый тыххæй сæйраг нысаниуæг ис хъæууон хæдзарады куыстуæттæ æххæст хæдзарадон ахыгъд æмæ хи сæрмагонд хæрдзтæй цæрынмæ ракæнынæн. Æцæг, хæ- дзарадон ахыгъдмæ рахизын алы хъæууон- хæдзарадон кондад дæр цæрдзæн, афæлзы бюджеты хардзæй нæ, фæлæ коллективы фæллойадон æфтийæгтæй. Цæмæй куыст- уат хи æфтийæгтæй цæра, уый . тыххæй домдæуы рентабелондзинады бæрæ-г-бæл- вырд æмвæзад. Царды • фæлтæрддзинад æмæ, экономисттæ куыд нымайынц, афгæ- мæй колхозтæ æмæ совхозты рентабелон- дзинады æмвæзад хъуамæ уа 30—35 про- центы. Фæлæ хъуыддаг йæхи куыд æвди- сы, афтæмæй Хуссар Ирыстоны колхозтæ æмæ совхозтæн сæ фылдæрæн нæй æххæст хæдзарадон ахыгъдмæ рахизынæн æмæ хи æфтийæгтæй цæрынæн æмбæлон фадæттæ. Хъæууонхæдзарадон рентабелондзин.ад нæ областы цы ’мвæзадмæ схызт, уый æмт- кæй у æртæ хатты ныллæгдæр. Уыцы æм- вæзад алыгъуызæттæ у, куыд зæххы куыст æмæ фосдарды къабæзты, афтæ зонæты равæрдмæ гæсгæ дæр. Се ’фтийæгтæ стыр кæмæн сты, хæдзарады ахæм къабæзтимæ иумæ махмæ ис чысыл сгфтиагджын ггм.т æгæрыстæмæй æфтиаг чи нæ дæтты, хæ- дзарады ахæм къабæзтæ Дæр. Областы уавæрты йæ • пайда бирæ кæмæн у, уыцы продукттæй (дыргътæ, къуымбил) " цы ’фтийæгтæ райстæуы, уыдонæн та хæдза- рады иумæйаг рентабелондзинад оптима- лон хуызы дарын сæ бон нæ^. Алы хатт Давид, Магкоты Раисæ, Пампух Наталья, Кæсæбиты Самсон, Гæбæраты Ксеня æмæ æндæртæ. Нæ областы архивон куыст дарддæр рай- тынг кæнынæн ис хорз перспективæтæ. Ле- нингоры æмæ Знауыры архивтæн арæзт æрцыд дзæбæх агъуыстытæ. Ацы аз ног агъуысты кусын райдайдзæн Дзауы архив дæр. Сæ уавæртæ мæгуыраудæр сты об- ластон архивы кусджытæн. Уыдон бирæ сты, фæлæ сын нæ фаг кæны кусæн бы- нæттæ, ног документтæфснайæнтæ, фæ- лæ ацы фарст дæр аскъуыддзаг уыдзæнис фидæнмæ. Советон архивон хъуыддаг рацыдис ва- зыгджын фæндагыл. Уый 70 азы дæргъы рæзтис æмæ фидардæр кодта, Ленины дек- реты принциптæ царды æххæст кæнгæйæ. уæвæг æргътæн сæ бон нæу, продукт рай- сыныл цы суммæ бахардз вæййы, уый бам- бæрзын, кæд æрмæстдæр ахæм уавæрты ис дзурæн алыгъуызон зонæты, хæдзарæдты, къабæзты фæллой кæныны экономикон уа- вæрты æцæг æмхуызондзинадыл, уæддæр. Хъæууонхæдзарадон продуктты æргътæ зо- надон æгъдауæй раст æвæрд æрмæстдæр уæд вæййынц, кæд æмæ сæ бон бамбæр- зын вæййы, нормалон æгъдауæй чи кусы уыцы хæдзарæдты хæрдзтæ, скæнынц куыст сырæзын кæнынæн хъæуæг фæсауæрцтæ хи æфтийæгтæй цæрыны бындурыл. Æмбæлон æрдзон климатон уавæрты цы хæдзарæдтæ кусынц, уыдонæй ныртæккæйы æргътимæ сæ бон у æххæст хорз нæ бакусгæйæ дæр дифференциалон æфтийæгтæ райсын, æв- зæрдæр объективон уавæртæ цы колхозтæ æмæ совхозты ис, уыдон та хуыздæр, æн- дыгъддæр хуызы кусгæйæ дæр райсдзысты къаддæр пайда, кæнæ та фæкæндзысты зи- ан. Ахæм уавæр цæлхдуртæ æвæры обла- сты хъæууон хæдзарады рæзты раз. Фæ- лæ зæгъын хъæуы уый, æмæ кæд хъæу- уонхæдзарадон продуктты æргъты пробле- мæ хуыздæр кæнынæн иттæг ахсджиаг’ ны- саниуæг ис, уæддæр кондады рентабелон- дзинад сбæрзонд кæнынæн уыдон фæахъаз уыдзысты æрмæстдæр организацион-эконо- микон мадзæлттимæ æмбастæй. Уыдон æх- сæн фыццаградон нысаниуæг ис областы ххдзарæдты, уæлдайдæр та фæетæзад чи у, уыдон фондтæ сифгонг кæнынæн. Сæй- раг фондтæй хæдзарадтæ æфсадын æмæ рентабелондзинады ’хсæн бастдзинад ды- рысæй зыны кæмдæриддæр. Анализ куыд равдыста, афтæмæй фондтæй тынгдæр æф- сæст чи у, уыцы колхозтæ æмæ совхоз- тæн, иннæтимæ абаргæйæ, ис бæрæг хуыз- ÆЛБОРТЫ МУРАТ, Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн инсти- туты кæсдæр зонадон кусæг. ХУССАР ИРЫСТОНЫ ХЪÆУУОН ХÆДЗАРАД ÆХХÆСТ ХÆДЗАРАДОН АХЫГЪДМÆ РАКÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ 73
дæр æнтыстытæ, сæдæ гектарæй иу стуры хыгъдмæ цы холлаг хауы, уымæй, бæр- зонддæр у сæ кондадон рентабелондзинад. Областы ныллæг рентабелон хæдзарæдты æмткæй къаддæр сты капиталон арæзтæд- тæ, техникæ æмæ æндæртæ. Уымæ гæсгæ уал фыццаг райдианы алы хæдзарад дæр кондадон æмæ социалон .æгъдауæй сæр- гъæвын хъæуы æппынкъаддæрæй иумæйаг областон æмвæзадмæ. Дзырд дæр ыл нæй, хæдзарады цы алыгъуызон климатон æмæ экономикон уавæртæ ис, уыдон домынц алыгъуызон развæлгъау æххуыстæ, фæлæ бахынцинаг у иу хъуыддаг — хъæууонхæ- дзарадон кондады рæзтыл активонæй æн- давынц машинæтæ æмæ æндæр кусæн- гæрзтæ. Уыдон ахъаз сты, цонджы куыст фæкъаддæр кæнынæн, уыдонæй бæрæг цæ- уы куысты ахадындзинад æмæ хъæууон- хæдзарады продукцийы хиаргъ фæкъаддæр кæнын, куысты уавæртæ фенцондæр æмæ фæхуыздæр кæнын. Фæлæ абоны онг об- ласты хæдзарады, уæлдайдæр та сæ акти- вондæр хайы, кондадон фондты рæзт цæ- уы æнæ исты бæлвырд бындур æмæ эко- номикон хыгъдæй. Колхозтæ æмæ совхоз- тæ материалон-техникон ифтонггæнджытæй райсынц цыдæриддæр, номхуындæй цавæр машинæ хъуаг сты, уымæ ’нæкæсгæйæ. Афтæмæй материалон-техникон ифтонг- гæрзты бæрц рæзы хæдзарæдты, кæд фыл- дæр хатт конкретон æрдзон-климатон уа- вæртæн дзуапп нæ фæдæттынц æмæ сæ нæ фæпайда кæнынц, уæддæр. Зæгъæм, кæд нæм, сæ хъомысад иттæг стыр кæ- мæн у, сæ тагъдад та — бæрзонд, ахæм трактортæ фæзынл, уæддæр мах уавæрты сæ куыст нæу ахадæн, уымæн æмæ нæ быдырты равæрд, стæй къултæ æмæ лæ- бырдтытæ кæй сты, уый къух нæ дæтты сæ авналæнтæй æххæстæй спайда кæны- нæн. Уымæ гæсгæ зынаргъ техникон ку- сæнгæрзтæ хæдзарæдты æрæмбырд вæй- йынц, фæлæ сæ хъомысадæй пайдагонд нæ цæуы, нæ бамбæрзынц сæхи аргъ дæр, хъæууонхæдзарадон куыстытæ та фæсти- ат кæнынц, ныллæг вæййы сæ гъæд. Сæй- раджыдæр, адон аххосæй у афтæ ныллæг иумæйаг республикон æмвæзадимæ абар- гæйæ, нæ областы хъæууон хæдзарады кондад. Уæлдай уæззаудæр уавæр сырæз- ти фосдарды къабазы. Хуымзæххытæ æмæ хъæутæ алы рæтты пырхытæ кæй сты, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны арæх сты къаннæг фермæтæ, уыдон мидæг та зын- тæй ис, кæнæ та бынтондæр нæй канд комплексон электромеханизаци саразын нæ, фæлæ куысты хицæн процесстæ смеханиза- ци кæнын дæр. Фосдарды куыст механи- заци кæныны тыххæй ныртæккæ цы тех- никон кусæнгæрзтæ уагъд цæуы, уыдон арæзт сты стыр фермæтæн æмæ чысыл фермæты нæ арæхсынц. Фермæтæ механизацийæ сифтонг кæны- ны экономикон эффект бирæ бæрцæй баст у фосы продуктивондзинадыл, Иртзсæн куыстыты куыд бæлвырд цæуы, афтæмæй иу хъугæй 1500 килограммы æмæ уымæй къаддæр æхсыр цы фермæты исынц, уым механизмтæй дуцын не ’мбæлы, уымæн æмæ ахæм рæстæджы механизмтæ къу- хæй-дуцынæн конкуренттæ не сты. Нæ об- ласты колхозтæ æмæ совхозты та фылдæр ис бынæттон мыггаг фос, йæ уæз къаннæг кæмæн у æмæ æхсыр цъус чи дæтты. Зæ- гъæм, 1986 азы областы астæуккаг ныма- дæй æхсырæрдыгъд уыд 1233 кг. Уымæ гæсгæ æгæрыстæмæй куысты хицæн про- цестæ дæр цæмæй механизацигонд æрцæ- уой, уый тыххæй астæуккаг нымадæй иу хъугæй æхсыры райст хъуамæ схиза æп- пынкъаддæр 1600—1700 кг. Фосдард нæм куыд æмбæлы, афтæ механизацигонд кæй нæу, уый аххосагыл ма нымайын хъæуы, фосы фылдæр хай æнæсæрмагонд фермæ- ты кæй дарынц, уый. Иумæ сты дуцгæтæ æмæ æргæвдыны тыххæй кæмæ зилынц,- уыдон, — хъуццытæ, хуыскъæгтæ, галтæ æмæ афтæ дарддæр. Иу фермæйы стур- восы ахæм алыгъуызондзинад зын кæны кондадон процесстæ механизаци кæнын. Уæлдæр цы, загътам, уымæй нæ бон у ахæм хатдзæг скæнын: нæ областы фос- дарды рæзт хъуамæ цæуа специализаци æмæ концентрацийы фæндагыл. Фермæты хъуццыты бæрц æмæ сæ цы урссаджы продукци истæуы, уым хъуамæ райса эко- номикон æгъдауæй оптималон хуыз, уый та фадат ратдзæн кондадон процессты комплексон механизаци саразынæн. Цæ областы колхозтæ æмæ совхозтæ æххæст хæдзарадон ахыгъдмæ раргъæвыны агъом- мæ хъæудзæн организацион нысаниуæджы æндæр мадзæлттæ райсыны сæр дæр. Уы- цы мадзæлттæ, нардуат куысты мадзæлт- тæй уæрæх кæнынимæ иумæ, гæнæн ис æмæ уой ахæмтæ: 1. Ис рацаразæн эко- номикон æгъдауæй лæмбынæг æмæ æнæ- бон хæдзарадтæн, уыдон бындурыл лы- стæг артелон хæдзарæдтæ æмæ чысыл кооперативтæ скæнгæйæ. 2. Бирæ рæстæ- джы дæргъы йæ уæрагыл слæууынхъом чи нæу, уыцы колхозтæ æмæ совхозтæ хорз уаид, рæстæгмæ сæрибар куы ’рцæ- уиккой наддзахадон закъазтæй æмæ сын куы рардæуид, иайдадæр сын кæм у, уым бадзырдон æргътыл сæ продукци ауæй кæныны фадат, уæл сæ уæрагыл слæууик- кой. Æххæст хæдзарадои ахыгъдмæ рахизгæ- йæ, раззаг рæнхъмæ ралæууы материалон- техникон фæрæзты фондон радихæй иу- гуыр (оптон) базарадмæ, ома колхозтæ æмæ совхозтæ хъæуæг техникæ исдзысты иугуыр базарадон организацитæй. Æвзæ- ры фарст: областы колхозтæ æмæ совхоз- тæн иугуыр базарады ’руаджы сæ бон ба- уыдзæн хæххон уавæрты бæзгæ техникæ^ йæ сæ домындзинæдтæ ’фсадын! Мах хъуыдымæ гæсгæ, уал райдианы стыр хъуыддæгтæм æнхъæлмæ кæсæн нæй, уы- мæн ^мæ ныронг ах.æм техникæ цæ б&- 74
стæйы уагъд цыд хæрз цъус. Фæ’лæ нæ иумæйаг сæудæджерадон потенциты ахъаз- заг рæзт фадат, ратдзæн хæххон уавæрты цы кусæнгæрзтæй архайой, уыдон цæхгæр фылдæр рауадзынæн. Областы колхозтæ æмæ совхозты æххæст хæдзарадон ахыгъд æмæ хи æфтийæгтæй цæрынмæ рахизыны рæстæджы æнæмæнг хынцын хъæудзæн æрдзон-климатон уа- вæртæ. Областы территори æрдзон æгъда- уæй хæрдмæ зоналон кæй. у, уымæй бæ- ’ Советон Цæдисы КП XXVII съезд цы экономйкон стратеги раразмæ кодта, уымæн йæ бындур у æхсæнадон кондад тынг сырæзын кæнын æмæ адæмон хæдзара’дты бæрæггæнæнтæ æмбæлон æмвæзадмæ си- сын. «Кондады интенсификацимæ хъуамæ уа стырдæр хъуысдард, алы куыс/гуат,- алы къабаз дæр хъуамæ сæ хъус тынгдæр æр- дарой экономикæйы рæзты хæрзгъæдон фак- торæй æххæстæй æмæ æппæты раздæр пай- да кæнынмæ». . Ахæм стратеги, материалон ресурстæ дарддæр фылдæр кæнынимæ иумæ уыцыиу рæстæджы хынцы, структурон, организаци- он æмæ техникон уавæртæй куыд пайда- чындæуы æмæ кондадон интенсификацийы цы бынат ахсынц,' уый. Кондады æппæт ста- диты дæр куысты рæстæг дих кæнын раст хъæуы, уыимæ иумæ цы кондадон ресурстæ ис, уыдонæй спайда кæнын хъæуы ахадæн æгъдауæй. СЦКП XXVII съезды æрмæджыты дзы- рдæуы: «Бæстæйы иууон адæмон комплекс хуыздæр кæныны хъуыддаджы нæ парти сæйраг хъусдард здахы конадон инфраст- руктурæйы къабæзты куыст техникон æгъда- уæй фæхотыхджын кæнын æмæ ’куысты ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныны фарст- мæ. Нæ экономикæйы рацарæзты дуджы ацы фарст бацахста сæрмагонд бынат, уымæн æмæ базæйон къабæзты (сæудæджерад, хъæууон хæдзарад æмæ арæзтад) дард- дæр интенсификацийæн æнæмæнгдæр хъсеуы тынг размæдзыд инфраструктурон хызæг. Æмæ уый куынæ уа, уæд кондады проиесс кæддæриддæр уыдзæнис хæлд, кæндзæнис къуылымпы, байсæфдзæн куысты ритмикон- дзинад. Уый расайдзæнис цæттæ продук- цийы æрзылды сферæйы стыр цухдзинæд- тæ æмæ æхсæнадон кондапы бæрæг къуы- лымпытæ. Æнæмæнг банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ныртæккæ бæстæйы кондадон инфраструктурæ цы æмвæзадыл рæзы, уый аккаг дзуапп кæй нæ дæтты абоны эконо- микæйы домæнтæн. фæстæзад ’ сты инфра- рæггонд цæуы йæ агроклиматон æмæ эко- номикон уавæрты алыгъуызондзинад. Цы хицæн зонæтæ дзы ис, уыдон цæрджыты бæрцæй, материалон æмæ адæймагон ре- сурстæй, фæндæгтæ æмæ транспортон ком- муникацийæ æмæ æндæртæй тынг хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Æппæт адонæй æв- зæры, зсмалон уавæртæм гæсгæ хъæууон- хæдзарадон кондад организаци кæнын æмæ рæзыны методтæ агурын кæй хъæуы, уый. структурæйы къабæзтæ, æмæ уый та æмт- кæй къуылымпы кæны æхсæнадон кондады рæзт. Транспортон инфраструктурæ, æмæ уый та æвдыст цæуы нæ областы æфсæнвæнда- джы æмæ автомобилон транспорты хуыз- ты, иннæ инфраструктурон къабæзты ’хсæн у областы иууыл размæцыддæр. Фæлæ уы- имæ иумæ ам дæр ис къорд цухдзинæдтæ æмæ уыцы цухдзинæдтæ хъыгдарынц сæу- дæджерадон кондады интенсивон рæзт. Фыццаджыдæр нæ фаг кæнынц авто- транспортон фæрæзтæ. Ацы хабар уый ах- хос у æмæ уагдæтты цалцæггæнæн базæтæ кæй нæй, уымæ гæсгæ бирæ уагдоны сæр- магонд автомобилтæ æмгъуыдæй раздæр æрцæуынц æдзæллаг уавæрмæ, иннæмæй та централон автотранспортон баиугæндтæ оператньон æгъдауæй сæ функцитæ не ’ххæст кæнынц, уымæ гæсгæ бирæ куыст- уæттæн нæй æнæмæнгхъæуæг машинæты нымæц. Цæвиттон автотранспортæй Цхин- валы Механикон æмæ «Электровибромаши- нæйы» заводты домæнтæ автотранспортон баиугæндты аххосæй æххæст æрцæуынц æр- мæстдæр 70 процентæй. Афтæ ма бæрæг цухдзинæдтæ ис уагдæтты сæрмагонд тран- спортон фæрæзты фарсты дæр. Дзырдæн, Цхинвалы фыдызгъæлы комбинаты нæй фыдызгъæлласæн æмбæлон уазалгæнæн ма- шинæтæ (рефрижератортæ), фосласæн хи- цæн сæрмагонд машинæтæ, дзулфыцæн ком- бинаты нæ фаг кæнынц дзулласæн маши- нæтæ. Цхинвалы æфсæнвæндаджы разамон- джытæн сæ бон нæу консервгæнæн заво- дæй зымæгон бонты консервтæ раласынæн ифтонг хъарм вагæттæ раттын æмæ а. д. Æппæт ацы цухдзинæдтæ къуылымпы кæнынц сæудæджерадон кондады куысты ритмикондзинад, афоныл нæ хæццæ кæнынц бынатмæ — хомыс дæр æмæ æнæмæнгхъæу- æг æрмæг дæр, уый адыл æфтауцдæтты нал цæуы бацæттæгонд продукци æмæ уæдæ фылдæр хатт ахæм æдзæллаг уавæры кæй вæййы хæдзарадон исад, уый æвзæрæрдæм зыны сæ гъæдыл дæр, фылдæрæй-фылæр САЛАМАДЗЕ ВАЖА КОНДАДОН ИНФРАСТРУКТУРÆ У НÆ ОБЛАСТЫ СÆУДÆДЖЕРАДОН КОНДАД СЫРÆЗЫН КÆНЫНЫ МАДЗАЛ 75
кæны продуктты хиаргъ æмæ областы эко- номийæн хæссы стыр зиан. Дыккаджы та уый, æмæ товартæ иу бы- ’ натæй иннæ бынатмæ ласыны фарстæн ра- ционалон структурæ нæй (Цыдæриддæр товартæ ласт цæуы, уыдонæн сæ 95,4% æххæст цæуынц автомобилон транспорты хуызы, 4,6% та æххæст цæуынц æфсæйнаг- вæндаджы фæрцы). Уый, æфсæнвæндаджы хызæг нæм фаг кæй нæ райрæзт, уый ах- хос у. Нæ областы территорийыл æфсæн- вæндаджы дæрдцæг у æрмæстдæр 3 км. Областы æртæ районы — Дзау, Знауыр æмæ Ленингормæ та уыцы бастдзинад æп- пындæр нæй. Уымæ гæсгæ Къуайсайы æр- зæткъахæнæй æмæ областы æндæр район- тæй бирæ цæттæ продукци Цхинвалы æф- сæнвæндаджы станцмæ ныртæккæ дæр æф- тауц кæнынц автомобилон транспорты фæрцы. Уый адыл фылдæр кæнынц товартæ сæвæрын æмæ равдæлон кæныны æргътæ, æртаг æмæ автотранспортон амортизацийы хæрдзтæ, æмæ сæйраджыдæр та уый ба- нысан кæнын хъæуы, æмæ уыцы рæстæджы тынг бирæ продукттæ æнæпайда кæй фæ- вæййынц. Ацы хъуыддаджы къаддæр нысаниуæг нæй, областы дыккаг инфраструктурон цæг— фæндаджы хæдзарад фаг размæцыд кæй нæу, уымæн дæр. Областы районты автомо- билон фæндæгтæ, æмткæй райсгæйæ, не сты æмбæлон уагыл. фæлæ иууыл æвзæр- дæр уавæры та сты хæххон районты — Дзау æмæ Ленингоры фæндæгтæ. Рæстæгыл бы- натмæ ласт кæй нæ цæуынц, уымæ гæсгæ ацы районты бирæ продукт сæфы. Нæ областы 889 км фæндæгтæй асфальт ис æрмæстдæр 4%, æртæсæдæ æстай дыууæ км, ома 43% хуырвæндаг æмæ 53% та хъæууон фæндæгтæ. Ахæм уавæр автома- шинæты тагъд цыд каддæр кæны 2—3 хат- ты, æмæ уымæ гæсгæ æртаг дæр фылдæо хардз цæуы æмæ тагъд-тагъд хæлынц транспорты фæрæзтæ дæр. Фылдæр кæнынц автотранспорт-цалцæггæнæны хæрдзтæ æмæ йæ дзæгъæлы лæудтытæ. Хуыздæр кæнын хъæуы сæудæджерадон куыстуæтты материалон-техникон фæлын- дзынад. Цæвиттон, Къуайсайы æрзæткъа- хæн управленийæн фондтæ рахицæн кæ- нынц æрмæстдæр 90%, завод «Электровибро- машинæ» æххæст ифтонг нæу тухгæ телы фондтæй. 1987 азы Цхинвалы механикон завод нæ райста, цы 120 тоннæйы йæм æм- бæлдис æндон, уый, 8 тоннæйы ныллæг сорт æндон æмæ 60 тоннæйы. та хуымæтæджы зест. 1987 азы Цхивалы районы Ксуисы машинæ-трактортæ цалцæггæнæн куысту- аты фæсауæрцон хæйттæ уæлдай баззад, цы ’мбæлдис, уымæй 3 хатты фьтлдæр. Æмæ уый та уымæн афтæ у, æмæ йын Цхинвалы материалон-техникон инфтонггæнæн базæ æрвиты, куыстуаты æппындæр чи нæ хъæуы, ахæм фæсауæрцон хæйттæ. Ахæм æдзæллаг уавæры сты æндæр куыст- уæттæ дæр æмæ уый та бирæ цæуылдæр- ты дзурæг у. Сæудæджерадон кондады ахадындзинад бирæ бæрцæй кæнгæ у, бастдзинады фæ- рæзтæй цы хуызьт æмæ цахæм оперативон амæлттæй пайдачындæуы, уьтмæй дæр, уьт- донæй куыд æмбæльт, афтæ куынæ цæуа пайдагонд, уæд, гæнæн ис æмæ экрномикрн рæзты темптæ æрныллæг уой æмæ фæзы- ной диспропорцитæ. Бастдзинады фæрæз- тæ органикон æгъдауæй хауынц сæудæдже- радон разамынды иумæйаг процесмæ, ком- коммæ хорзæрдæм зынынц техникон про- грессыл, ахъаз кæнынц куыстыл къаддæр рæстæг хардз кæныны хъуыддагæн, куы- сты ахадындзинады рæзтæн æмæ кондады материалон-техникон æгъдауæй сифтонг кæ- ныны хъуыддагæн. Бастдзинады фарст иу- уыл хуыздæр уавæры ис нæ областы. Алы сæудæджерадон куыстуатмæ дæр ис теле- фон уагъд. Æрмæст областон бастдзинады сæйраг цухдзинад уый мидæг ис, æмæ арæх кæй хæлынц бастдзинады хæххытæ æмæ хаттæй-хатт бынæттæм рæстæгыл æмæ опе- ративон æгъдауæй кæй нæ хæццæ кæны информаци. Донифтонгад æмæ электрондыхы ин- фраструктурæйыл куы дзурæм, уæд банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæ областы ацы фарст æвзæр æвæрд кæй нæу. Областы куы- стуæттæ ифтонг сты дон æмæ электронды- хæй. Фæлæ ам дæр ис бæрæг цухдзинæдтæ: бирæ куыстуæттæ техникон инфтонгдзинады тыххæй пайда кæны’нц горæт æмæ районты донуадзæнтæй, областы иунæг куыстуатæн дæр нæй фадат доны зилгæ фæрæзтæй пай- да кæньшæн, æмæ уымæй дæр æппынæ- дзух куы цæуид дон, уæд цы нæ вæййы! Дзырдæн, æфсæйнагбетонон æрмæджытæ- аразæн завод II боны нæ куыста, дон æм кæй нал хæццæ кодт’а, уый аххосæй. 1986 азы «Телэмалгæнæн» заводмæ цалдæр хат- ты электрондых кæй нал уыдис, уымæ гæс- гæ фæзиан кодта 200 мин сомы. Хъус æрдарын хъæуы областы иуæй-иу куыстуæтты мидбастдзинадон инфраструк- турæмæ дæр. Уымæ хауынц мидхæдзара- дон машинæвæндæгтæ, æфсæнвæндаджы бацæуæнтæ, электроны æмæ телефонон баст- дзинады хæххытæ, сæудæджерадон куыст- уæтты æфтауцдæттæ. Æппæт ацы мидбаст- дзинадон фæрæзтæй мæгуырау ифтонг сты областы сæудæджерадон куыстуæттæ. Дзырдæн, завод «Электровибромашинæ», «Хъæдкуысты комбинат» æмæ æндæр куыст- уæттæн нæй мидæфсæнвæндагон хæххытæ æмæ уымæ гæсгæ бирæ зындзинæдтæ æв- зарынц цæттæ продукци æрвитын æмæ æнæ- мæнгхъæуæг хомыс райсыны хъуыддаджы. Хъыгагæн, абон хъæдкуысты комбинаты цы хъæдын дзаумæттæ арæзт цæуы, уыдон машинæты раппар-баппарæй сæ хуыз фе- сафынц, ныцъцъæррæмыхстытæ вæййынц æмæ сæ хатт æлхæнгæ дæр ничиуал фæкæ- ны. Бынтон æдзæллаг уавæры сты нæ об- ласты сæудæджерадон куыстуæтты материа- лон-техникон фæрæзты æфтауцдæттæ. Уый аххосæй завод «Электровибромашинæйы» цæттæ продукци дзæвгар бонты фæлæзæры къæвдатæм, æмæ уыйадыл. хатт фесафынц сæ нысаниуæг. Ахæм уавæры сты консервтæ- аразæн, бæгæныуадзæн, урсаджы æмæ æн- дæр заводтæ дæр. Цхинвалы районы дæр хъуыддаг хуьтздæр кæй нæу, уымæ гæсгæ 1986 азы къæвдатæм æнæфтиаг фæцис 100 тоннæйы цемент. Уæдæ уæлдæр æрхæсгæ цæвиттонтæм гæсгæ ахæм хатдзæг саразæн ис, æмæ об- ластьт кондадон инфраструктурæ æмбæлон æмвæзадыл æвæрд нæу. Уый дзуапп нæ дæтты нæ абоны эконрмикæйы рæзтæн æмаэ 76
тъшг бакусын хъæуы йæ сæндйдзын кæны- ныл. Хихæдбындурон фæрæзтыл æнцойгæн- гæйæ, хæдзарады ног уавæрты сæудæдже- радон куыстуæттæн саразын хъæуы æппæт уавæртæ дæр, цæмæй уыдон дарддæр рæ- зой интенсивон æгъдауæй. Уымæ гæсгæ областы масштабы ауадзын хъæуы бирæ ахæм мадзæлттæ кондадон инфраструктурæ сæндидзын кæныны охыл. Уыцы мадзæлт- тæй ахсджиагдæртæ æмæ нæ дарддæры практикæйы райсинаг сты иу цалдæр: Фыццаг: саразын хъæуы иууон транспор- тон хызæг, цæмæй дзы пайдачындæуа раци- оналон æгъдауæй, фæтыхджындæр ын кæнын хъæуы йæ ахадындзинад. Дыккаг: бынæттæм товартæ ласыны хъуыддагæн, сæ сæвæрын, сæ равдæлон кæ- ныны куыстытæн хъæуы ифтонг механиза- ци æмæ уæд куысты рæстæг къаддæр хардз цæудзæнис æмæ уый та æвзæры’н кæндзæн куыстмæ цымыдисдзинад, фылдæр пайда кæнын хъæуы контейнертæй. Æртыккаг: гæнæн уæвгæйæ, рауæрæхдæр кæнын хъæуы областы æфсæнвæндæгты хызаЗг. Занод «Электровибромашинæйы» æмæ ма ноджы æндæр сæудæджерадон куыстуæтты æрнывыл кæнын хъæуы мидтер- риториалон æфсæнвæндæгты уавæр. Цыппæрæм: фæхуыздæр кæнын хъæуы ав- томобилон фæндæгты уавæр. Рахицæн кæ- нын хъæуы æппæ æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæ % се сцалцæг кæныны тыххæй, уыдон ысас- фалт кæнынæн. Дарддæр аразын хъæуы капиталон автомобилон соссæфæндæгтæ æмæ хæдзарадты мидтерриториалон ба- цæуæнтæ. Фæндзæм: рахизын хъæуы материалон- техникон ифтонгкæнынады централон фæ- лындзынады хуызæй кондадон фæрæзтæй иугуырæй базар кæныны амалмæ, хæдзар- адон-бахыгъдты, • куыстуæтты базарадон базæтыл æнцойгæнгæйæ. Ахæм уавæр хæ- дзарадтæн ратдзæнис фадат, цы ’хца ба- куыстой æмæ райстой, уымæй сæ продукци рауадзынæн, арæзтадон æрмæджытæ æмæ реконструкцийæн, стæй социалон фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн цы хъæуы, уый са- мал кæнынæн. Æхсæзæм: кондадон процессты рæстæ- джы уæрæх пайда кæнын хъæуы нымайæн техникæимæ иумæ коммуникацион хызæг- тæй." Бахыгъдтытæ куыд уынын кæнынц, уымæ гæсгæ уый кондады капиталон ба- вæрдтытæ экономи кæны 10—15 проценты, кондады цы тыхтæ хардз цæуы, уыдон ны- мæц къаддæр кæны 5—7 проценты æмæ разамындгæнæг персоналы нымæц та 8—10 проценты бæрц. Æвдæм: куыстуæтты аразын хъæуы, кондадон цроцессæн æххæст дзуапп чи дæт- та, ахæм æфтауцдæттæ. Æстæм: областы бакæнын хъæуы, сæу- дæджсрадон кондæдты тара æмæ æндæр ахсджиаг хъæуæг æрмæджытæй чи хъуамæ ифтонг кæна, ахæм сæрмагонд куыстуат. Фарастæм: инфраструкгурæйы æппæт къабæзты ныббиноныг кæнын хъæуы зонад он-техникон процессы цæвиттон. Уæлдæрæрхæсгæ æгшæт мадзæлттæ^н хъæуы уæлæмхас капиталбавæрдтæ. О, фæ- лæ афтæмæй та областы инфраструктурон объекттæ æмæ хызæгæн сæ рентабелон- дзинад тынг ныллæг æмвæзадыл лæууы, æгæрстæмæй бастдзинад, транспорт, æф- тауцдон æмæ материалон-техникон ифтонг- ады куыстуæттæ цы продукци реализаци кæнынц, уыдон æфтийæгтæ куы баныма- йæм, уæддæр. Æмæ нæм абон СЦКП XXVII съезды уынаффæтæ куыд сидынц, нæ бæстæйы ра- царæзты революцион дуг куыд амоны, уы- мæ гæсгæ хъуамæ саразæм æппæт дæр, цæ- мæй кондадон инфраструктурæйы хызæг схиза, ныронг цы æмвæзадыл нæма уыдис, ахæм æмвæзадмæ. ТАБУАШВИЛИ ЗАИРÆ, филологон зонæдты кандидат. ПАТРИОТИЗМ ÆМÆ САБИТЫ ХЪОМЫЛАДЫ ИУÆЙ-ИУ ФАРСТЫТÆ ИЛЬЯ ЧЪАВЧЪАВАДЗЕИЫ СФÆЛДЫСТАДЫ XIX æнусы дыккаг æрдæджы цивилиза- Ци ахæм æмвæзадмæ схызт, æмæ æнæмæн- гæй бахъуыд рæстæгæн, дугæн аккаг ног фæлтæр схъомыл кæныны фарст раразмæ’ кæныны сæр. Уыцы хъуыддаг уыдис цар- ды ахсджиагдæр проблемæтæй иу. Ацы уæззау фарст аскъуыддзаг кæнын æнæ- мæнгхъæуæгыл нымадта стыр гуырдзиаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Илья Чъавчъавадзе. Уый арф зæрдæйы æнкъа- рæнтимæ амыдта: «Æрмæст адæймаг уай, уый фаг нæу, хъуамæ царды уыйонг сырæ- зай, цæмæй дын уа лæджы ном, лæджы кад. Саби лæджы бындзæфхад кæй у, уы-. мæ гæсгæ арæхстгай бацæуын хъæуы йæ хъомыл кæныны фарстмæ, афтæ, æмæ йæм искуы аипп æрхæссæн куыднæ уа. Ам стыр бæрн хæссынц бинонтæ. Мад — уый у цардьг раидиан, царды рæсугъддзинад, уы- мæй кæнгæ у канд наци сбирæ кæнын нæ, фæлæ ма нацийы амонды сæраппонд дзыл- лæйæн аккаг хъæбултæ схъомыл кæнын дæр.» Ацы хъуыддаг Ч’ьавчъавадземæ касти иууыл бæрзонддæр, «хуыцауы хæсау» æмæ дзуармæ кувæгау, сидти ныййарæг мад- мæ: «Дæ хьæбул афтæ схъомыл кæн æмæ дзы ахæм уд бауадз, ныфсхастдзинад ын тырысайау куыд уа, йæ фæд, цырагъы рух- сау, тæмæнтæ куыд кала». Ильяйы хъуыдыйæ, цæмæй мад хуый- най, уый тыххæй æнæмæнг нацийы фидæ- ныл хъуамæ сагъæс кæнай. Маддзинад æрмæст хъæбулыл узæлын æмæ хъæбулмæ уарзондзинады удыбæстæ нæу, уый уаргъ 77
у, æмæ йæ кæронмæ хæссын хъæуы цæс- гомджынæй. Маддзинады æцæг фæлгонц, Удвидар-. дзинад æмæ æцæг монументон хуыз И. Чъавчъавадзе равдыста йе ’мдзæвгæ, «Ав- дæны зарæг»-ы. Æмдзæвгæйы райдиан мад зæрдæйæ æнкъары маддзинады стыр хæс дзыллæйы раз, бæстæйы раз, фæлæ саби ницы хаты уымæн. Мады зарæджы бæрæ- гæй зыны, йæ са^имæ стыр бæрндзинад кæй нæ уыдзæнис: Æмдзæвгæйы мæнæ ацы рæнхъытæ: «Афынæй кæн, аулæф, Цалынмæ æвзонг дæ. ...Цалынмæ хъысмæтимæ, Ды нæма дæ зонгæ. Ало-ло кæн, афсæд Удæнцойæ, уарзтæй... Цалынмæ дæ зæрдæ Не схъыг ис нæ мастæй». Æнæмæнг ууыл дзурæг сты. «Афынæй уал кæн», «Аулæф уал» стæй та дæ разы карздæр хæс уыдзæнис, зæгъгæ. Æндæр рæнхъыты та мад йæ хъæбулæн æргомæй дзуры иæ сабион фынтæ топпы хъæр æмæ æхсаргарды æрцъыккæй кæй раивдзысты æмæ йын æнæмæт сæрибар цардмæ рыз- дæхыны фадат кæй нал уыдзæнис. Æмæ, æцæгдæр, афтæ у, мад йæ хъæбулы хъо- мыл кæны, рæвдауы йæ, авдæны зарджы- тæ йын кæны, фæлæ мады зæрдæ йæ тарф фынæйæ дæр фестъæлфы, райсом куыд уы- дзæнис мæ хъæбулы хъысмæт, зæгъгæ, уый адæргæйæ. Мады æрмæстдæр æндавы иу сагъæс, иу катай æмæ уыцы сагъæс æмæ катай сты хъæбул æмæ Райгуырæн бæс- тæйы хъысмæт. Ныййарæджы ацы уæл- монц миниуджытæ ирд æмæ рæсугъд поэ- тикон ахорæнтæй æвдисы Илья Чъавчъа- вадзе йæ кадæг «Гуырдзыйы мад»-ы («Картлис деда»). Ацы кадæджы Илья та- бу кæны маддзинады фарнæн æмæ амоны, цæмæй ныййарæг, ивгъуыды хъæбатыр мæд- тау, тыхса йæ хъæбулы раст фæндагыл слæууын кæныныл, цайдагъ æй кæна фæл- лой кæныныл, патриотизмы уæлмонц æн- къарæнтыл, Райгуырæн бæстæмæ уарзон- дзинады ахаст дарыныл. Мад ризы йæ фыртыхстæй, хæсты æмæ фæдисы æнамонд хабар кæй хъуысы уы- мæй, фæлæ уæддæр йæ хъæбулыл Райгуы- рæн бæстæйы сæраппонд фæстæмæ нæ хæ- цы æмæ йæм сиды: «Мад йæ хъæбулы куы бахиза ахæм карз хæстæй, уæд йæ байзæт- таг æлгъитинаг у мыггагмæ дæр». Нæ адæм тох кæной, ды ам бадай?.. Нæ, хъæ- бул, фæлтау! Тохы амарæд ныхæй-ныхмæ дæу дæ фыдызнаг!.. Райгуырæн бæстæн йæ иунæджы чи ныццауæрда!! Зон, нæ уарздзæнис йæ хъæбулы уый зæрдæйыдзаг.! У мæ куырдиат æрмæст, мæ хур, — хæсты фидар лæуу... Нæ хъуыдыйæ, стæй æрхæсгæ цæвиттон- ты куыд бæлвырд кæны, уымæ гæсгæ са- бийы уды патриотикон æнкъарæнтæ бауа- дзын æмæ бæстæмæ уарзондзинады цæс- тæнгас дарыны фарст поэт фыццаг рады æппары мадмæ, ныййарæгмæ, дунетыл иу- уьтл уарзондæр æмæ кадджындæр адæй- магмæ. Зæрдылбадаринаг у уый дæр, æмæ саби- йы схъомыл кæныны хъуыддаджы ’хсæна- дæн стыр нысаниуæг кæй ис. Сабийы зæр- дæйы æнкъарæнтыл- тынг æндавы, йæ ал- фæмблай цы æнусон дуне ис, уый. Чъавчъавадзсйы радзырд «Æнахуыр ха- бар»-ы чысыл хъайтар Патикъо цымыдис кæны, фыдызгъæл сæм кæцæй æрцыд, уый базонынмæ. Сабийæн йæ мад бамбарын кодта, хъуг кæй аргæвстой, уый. Ацы ха- бар сабимæ фæкаст æбуалгъ ми æмæ ба- рызти. — Аргæвстат! Уый та куыд? Æмæ тæри- гъæд нæ уыдис? Саби бирæ фæкатай кодта æргæвдыны хабарыл, фæлæ йын мад уæддæр раст дзуапп нæ радта... æмæ цы, уæд, дам, тæ- ригъæд. Саби дзæвгар рæстæджы фыдыз- гъæл нæ хордта, тæригъæд у, зæгъгæ. Фæ- лæ уыд ахæм хабар дæр, æмæ Патикъо цъиуы лæппыны расур-басур кæны, хъуа- мæ йæ æрцахса æнæмæнг, бакæна йæ йæ дæлбар. Патикъойы бынтондæр не ’ндавы, мадæл цъиу йæ лæппыны тыххæй йæ гæн- дзæхтæ кæй цæгъды æмæ сæнт ратæх-ба- тæх кæй кæны, йæ лæппыны йын ма æр-' цахсойы адæргæй, уый. Патикъойæн ахуыргæнæг амоны æппæт дæр. Царды вазыгджын миниуджытæ йын дзуры æнæфæтыхсгæйæ. Цайдагъ æй кæны рæстæгъдæуттыл, адæймаг уарзыныл. Ав- торы хъуыдыйæ, фыдгæнæгæй аххосджынæй ничи райгуыры. Аххосджын сты бинонтæ, аххосджын у кæДдæриддæр • æхсæнад, са- бийы рæстæгъдæуттыл куынæ фæцайдагъ кæной, уæд. И. Чъавчъавадзе йæ радзырд «Ауындзæн бынат»-ы тæрхонмæ хæссы дурзæрдæ адæй- маджы, ахæм адæймаджы, кæцы æрмæст- дæр йæхи уарзы дунейыл. Фыдæй сидзæр —дыууæ æвзонг лæппумæ сæ дыккаг фыд цъаммар цæстæй акаст, надта сæ æдзух, сæ туг сын дойныйæн нуæзта. Сæ фыды фæллæйттæ сын ныппаплой кодта. Ахæм уавæры дыууæ ’фсымæры сфæлмæцыдысты æмæ ныллæууыдысты царды иууыл æвзæр- дæр фæндагыл — давыныл. Дыууæ лæп- пуйæ сæ иу —«Ауындзæн бынат»-ы сæй- раг архайæг Бетъре, зæгътæ, уымæ йæ катайаг фыстæджы афтæ фыссы: «...Абон мæхи цæстæй федтон, мæ иунæг хæрзгæнæджы мын æрцауыгътой гæдыйы лæппынау. Сымах лæууыдыстут æмæ кас- тыстут фендтагмæ хиирхæфсæгау. Æз та кастæн æмæ сыгътæн, арты судзæгау, нæ уын ныббардзынæн, нæ ацы хабар! Уе ’ппæт мын хъуамæ бафидат, кæй фесæфтон, уый. Ме ’фсымæры туг райсдзынæн, ца- лынмæ ма удæгас уон, уæдмæ. Мæ удхæс- сæг— æгас бæстæ, уæлдайдæр та адæймаг. Не ’хсæн бынтон ныссастон хид. Æз баз- задтæн ацы фарс иунæгæй, сымах та уыцы фарс — бирæйæ. Тæрхоны бон равзарæд рæстæгтæй æмæ зылынтæй чи кæцырдыгæй ис, уый. Хуыцау зæрдæ зонæг у: Цалынмæ хъуыддаг тæразыл æрывæрай, уалынмæ уал ныккæсы адæймагæн йæ зæрдæмæ. Æз мæ фæндаг раст лæджы фæндаг æнхъæ- лын, раст дæн æви зылын, уый нæ зоныл. Æрмæст уый зонын, æмæ ма иу гыццыл тугдадзин уыдис мæ зæрдæйы мидæг æмæ уый дæр абон ауындзæныл аскъуыд. Уы- мæй цæрæнбонтæм ахицæн дæн дунейæ...» «Ауындзæн бынат»-ы æнамонд, цардæф- хæрд хъайтар байсæфта йæ уарзон æфсы- 78
мæры æмæ, цæссыгкалгæ, фыссы Бетърё- мæ, уандзæф кæны æппæт æхсæнадæн, мæ зындзинады мæ уæлхъус нæ балæууыдыстут, зæгъгæ, нæ мын бацамыдтат раст фæндаг æмæ мæнæ цæмæ æрцыдтæн, фесæфтон, царды мын иууыл зынаргъдæр чи уыдис, уый. Ацы æнамонд цæрдиппæрд адæйма- джы раз, æцæгдæр, æхсæнад кæй у аххос- джын, адæймæгтæ кæй сты зылынджыны бынаты, ууыл дзурæг сты цардæфхæрд лæп- пуйы мæнæ ацы ныхæстæ: «...Нæ уын ныб- бардзынæн, нæ ацы хабар! Уе ’ппæт мын хъуамæ бафидат, кæй фесæфтон, уый. Ме ’фсымæры туг райсдзынæн, цалынмæ ма удæгас уон, уæдмæ. Мæ удхæссæг — гас бæстæ, уæлдайдæр та адæймаг!..» Уæдæ цы фыд ракодта Бетъре ацы уд- рыст лæппуйæн? Цæмæн æм фыссы ахæм карз ныхæстæ... «Уе ’ппæт мын хъуамæ бафидат, кæй фесæфтон, уый;..» Кæй кой кæны хъайтар? Чи сты уыцы «...Уе ’ппæт?» Ацы хабар нын нæ зæрдыл æрлæууын кæ- ны, стыр гуырдзиаг фыссæг Акъакъи Цъе- ретелийы кадæг «Хъомылгæнæг»-ы архай- джыты трагикон уавæр. Ам дæр («Хъомыл- гæнæджы») дыууæ æфсымæры сты сæйраг хъуыддагаразджытæ, царды раст фæнда- гыл чи нæ рацыд æмæ хъысмæт трагикон уа- вæрмæ кæй æркодта. Æфсымæр æфсымæ- рыл гадзрахатæй рацыд — йæ усы йын фæхудинаг кодта. Ацы æлгъаг хабар нæ бафæрæзта сæ фыд æмæ йæ зæрдæйы кард ныссагъта: «...Сымах не стут аххосджын, аххосджын æз дæн, мæ фырттæ, нæ уæ схъомыл код- тон, куыд æмбæлд, афтæ!..». Ауындзæн бынаты цæрдиппæрд чысыл Х’ъайтар Бетърейæн уайдзæф кæны, уе ’гæр фæкалат, ай цавæр æхсæнад у, зæгъгæ, цы ми бакодтат «Уе ’ппæт дæр, ауындзæ- ны къæпхæнмæ мын цæмæн бакодтат ме ’фсымæры. Раст ахæм хъуыдыйыл лæуд у Акъакъи Цъеретелийы поэмæ «Хъомыл- гæнæг»-ы йæхи чй аМарь!, уыцы ЗæройД лæг дæр. Куыд уынæм, афтæмæй æрмæстдæр æх- еæнад, хъомылгæнæг скъуыддзаг кæны сабийы фидæны хъысмæт. И. Чъавчъава- дзе куыд зæгъы, уымæ гæсгæ хъомылгæ- нæгæй кæнгæ у сабийы зæрдæйыуаг — цин дæр æмæ маст дæр. Ацы хъуыды рæсугъд ахорæнты руаджы æвдыст цæуы Ильяйы радзырд «Никъолоз Гостъашабишвили»-йы. Радзырды хъайтар Никъолозæн йæ сабион бонтæй фæстæмæ йæ зæрдæйы сфыхтис лæгдзинад æмæ Рай- гуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæн. Уый йæ ’ цæрæнбонтæ Гуырдзыстоны знæг- ты ныхмæ тохы арвыста. Зыдта, цы у лæг- дзинад, хъæбатырдзинад æмæ йын аргъ кæнын дæр фæрæзта. Уый иуран тæтæримæ тохы рæстæджы хæсты быдырæй рахызт æмæ йæ цухъхъайы фæдджийæ æрсæрфта знаджы тугæй ахуырст хъама. Тæтæйраг хъæбатыр хæстоны æрæппæрста бæхæй, фæлæ йæм лæгдзинады æмæ хъæбатырдзи- нады уый бæрц стыр æнкъарæнтæ уыдис æмæ йæ маргæ нæ акодта. Уымæн æй нæ амардта, æмæ Никъолоз уыдта, тæтæйраг фæдисы рæстæджы цахæм удвидардзинад æвдыста. Уый нæ сайдта тохы йе ’мхæстон- ты, йæ Райгуырæн бæстæйыл сайдæй нæ цыд. Никъолоз йæ сæр батылдта æмæ йе ’знагмæ кæсы райгондæй: «...Æмæ цы, йæ райгуырæн, йæ адæмы хъуамæ уарза... Ба- кæсут-ма йæм домбайы хуызæн лæгмæ». Цъавчъавадзейы хъуыдымæ гæсгæ, тæ- тæйраг знаг у, о фæлæ йын йæ адæм æмæ йæ Райгуырæн бæстæйы уарзыны бар ис. Уæда! афтæ «Ауындзæн бынат» æви «Ота. раты идæдз», «Цæрдиппæрд» æви «Æна- хуыр хабар», «Гуырдзыйы мад», æви «Ав- дæны зарæг» — се ’ппæты дæр лыг цæуы хъомылады фарст. Сæйраг персонажты бæрзонд психологон миддуне æмæ цард- æмбарынад цæвиттойнаг у æппæт фæлтæр- тæн дæр. ДЗАБИТЫЗАРБЕГ ИРОН ДЗЫРДТÆ АДЫГЪЕЙАГ ÆВЗАДЖЫ САГ. Рагæй фæстæмæ саг ирæттæм уыд кадджын. Сæгтæй фыстой ирæд, цытджын уазæджы тыххæй æргæвстой саг. Искæмæн кад кæныны тыххæй ныр.дæр дзурынц «дæ разæй саг дæр нæ фехсдзынæн», сæрæн гуырдæй ныр дæр дзурынц «саджы хуызæн у», ног чындзы-иу бынатыхицауы бын куы фæдзæхстой, уæд-иу ын арфæ кодтой «дæ фырттæ уæнт сагау рæсугъд æмæ цæрдæг». Кадджын, хионджын, æгъдауджын, алцæ- мæ чи рæхсы, алы хъуыддагыл чи æххæс- сы, ахæм адæймагæй фæзæгъынц «сагау фæйнæрдæм сыкъатæ ауагъта», æнарæхст адæймагæй та фæдзурынц: «миййаг мын сагау фæйнæрдæм сыкъатæ куынæ ауа- гътай». Ацы дзырдимæ бастæй æмбæлынц бынæтты нæмттæ: Саджджынкъуырф (саг — къуырф), Саджджын фæтæн (саг —фæ- тæн), сагдон; бирæ æмбæлы саджы номи- мæ баст зайæгойты нæмттæ: саджыкъах, саджысыкъа æмæ æндæртæ. Саг рæсугъд, цæрдæг æмæ адæмы уарзон кæй у, уый тых- хæй нæлгоймæгтыл æвæрдтой ном Зака. Абарæм æй ирайнаг сака-мæ, персаг сака, рагон индиаг сака (ИЭСОЯ. 3, II, 15). Уы- имæ бастæй рæзы. бирæ ног дзырдтæ: сагар- тæн. ома йæ артæнтæ (гуыбын) сагау æл- вæст кæмæн сты; сагæгъдтæ, ома, саджы æгъдтау, лæгъз æмæ рæсугъд (фæстаг хатт иумыйаг ном ссис), сагой. рæсугъд лæгъз бæласы мыггаг хонынц сагхъæд (сахъæд), цæрдæг, æвзыгъд фæсивæдæй-иу дзырдтой Райдиан журнал «Фидиуæджы» 1986 азы, № 6, 1987 азы, № 4. 79
«еаггуырд фæсивæд сты»; сылгоймæгтæ-иу сæ хъарæджы арæх кодтой «æ дæ сагсур уæрджытæ куыд тагъд бадон сты, дæ дард- мæуынæг цæстытæ куыд тагъд. бацъынд еты» æмæ бирæ æндæртæ. Дзырд саджы равзæрды тыххæй Абайты В. И. фыссы: «скиф. сака (олень», рагон ин- диагау закпа «сук».. Алантæм саджы но- мыл уыд æзнæмты нæмттæ, бæрæгбонтæ (ОЯФ, 179). авестаг сак-, перс сахт «креп- кий (Эдельман. 81). Гæнæн ис æмæ саг- хъæды (сахъæд) саг нысан кæна фидар. Саг- хъæд иннæ хъæдтимæ абаргæйæ у фидар- дæр. Дзырды равзæрды истори зыны бæ- рæгæй, алайнаг кæй у, уый, фæлæ та ацы дзырды дæр Балкаров хоны адыгъейаг (шъыхъэ) æмæ кæсгрн (шыхъ 42) æвзæг- тæй рацæугæ. Ирон æвзаг æй адыгъейаг æвзæгтæй рсйста, уыл соаср^ кæлынæн æппындæр ницы бындур ис. СЫНТ (сунтæ «ворона; кæсæгмæ вынд, адыгъейæгтæм цунд (Балкаров, 59), Ардæм хауы памираг шонд «ворон» (ОЯФ, 50), «возводить рассмотриваемое слово к суава- вант, суавант от суава «черный» (ИЭСОЯ, 3, 203—204). Уæдæ дзырды фыццаг хайы ирдæй зыны ирайнаг сы/су, ома «черный». Æмбæлы ма бирæ скæсæнирайнаг æвзæг- ты: согдийаг шв, ягнобтæм шоу, хорезмий- йаг шв, ишкашимаг шу, сангличайнаг шуи, ваханаг шыв «темный», «черный», хотано- саксойнаг сава «медно-красный», авестиаг суава «темный», язгулямаг сауа-ка «тень», авестаг а-сауа «бестеневой», (Эдельман. 83, 87). Ацы дзырды равзæрд Балкаров дæр уыны, ирайнаг æвзагæй кæй у, уый (59), афтæмæй ма йæ хоны адыгъейаг. Ацы ав- торы хъуыдыйы ныхмæ у Шагиров «По всей вероятности вынд/цуынды старое за- имствование из осетинского сынт/сунт «во- рон» (107). Дзырд сынтимæ бастæй Хуссар Ирыстоны æмбæлы хъæуы ном — Сынтбадæн. Йæ рав- зæрды тыххæй ис ахæм легендæ. Ацы бы- наты нырма цæрæг куынæ уыдис, уыцы рæс- тæджы Замтареты цæрæг Багатæ уыцы æфцгуытыл уыдысты цуаны, амардтой саг æмæ фæстæмæ æрцыдысты хъæумæ, цæмæй сластаиккой бæхтæ саджы фыд хæссынмæ, фæлæ цалынмæ фæстæмæ здæхтысты, уæд- мæ йæ сынтытæ бахордтой. Уæдæй фæстæмæ уыцы бынат схуыдтой Сынтбадæн. Лексемæ сынтæн ис омоним — «сынт» носилка. Ардыгæй рæзы ног дзырд фæсæф- тауы руаджы — сынтæг. СЫКЪА «рог», ис ма йын мигæнæны ны- саниуæг дæр: нозт цæй мидæг фæкæнынц, уый. Ацы дзырдимæ бастæй ирон æвзаджы æмбæлы бирæ дзырдбæстытæ, фразеоло- гизмтæ, æмбисæндтæ, куыд: саджы сыкъа, с.ыкъа фæлгæт, сæгъы сыкъа (кæрдæджы ном). Дзырд сыкъаимæ бастæй ирон æв- заджы æмбæлы фразеологизмтæ: æз дæр сæгъы сыкъайы нæ бабырдзынæн, ома æз дæр афтæ нæсæрæн нæ дæн, æмæ искуы уынгæг ран бабырон; сæгъы сыкъайы йæ батъыста æмæ æндæртæ. Рæзы дзы ног дзырдтæ фæсæфтаутæ æмæ дзырдтæ кæрæ- дзимæ æфтауыны руаджы: сыкъаджын, сыкъадзæф «подвыпивший» (ахæсгæ нысан- иуæджы, нозт сыкъайæ кæй нуæзтой, уый тыххæй). Бæрæг у, уыцы æмбарынад кæй цæуы рагæй. Уый уыдзæн, уыцы заманæй, агуывзæ куынæма зыдтой, арахъхъ нырма сыкъайæ куы ныуæзтой, сыкъафындз «носо- рог», уырыссаг æвзагæй комкоммæ тæл- мац. Ацы дзырдимæ бастæй цæуы æмби- сæндтæ. Хæцаг галы сыкъа сæттаг у. Саг- ау фæйнæрдæм сыкъатæ ауагъга. Сыкъа афтæ загъта, быныл æй чи ныуæзта, уымæн: «Нырма мæ ды фæхъил кæныс, стæй та дæ æз ахъил кæндзынæн». Адыгъейаг æвзаджы нысангонд цæуы ахæм дзырдтæй. бжъэ. бжъакъо, шъыхьэб- жъэхер «олений рог» æмæ еырын, шэк1о сы- рын «охотничий рог», кæсæгмæ бжъэ, бжьа- къуэ «рог» (Б. М. Карданов. Русско-кабар- динско-черкесский словарь М. 1955. 713), мегрелтæм -ка, гуырдзымæ -рка, из осетин- ского идет возможно, ингушский зук (олений рог) (ИЭСОЯ, 3, 192). Гуырдзымæ ма рка нысан кæны къалиу (рка цъители). Адыгъейаг сырыны фыццаг хай сы абарæм ирон сы-мæ «рог». Цымыдисаг у, чи кæмæй айста ацы дзырд. Ирон æвзаджы формант къа-имæ æмбæлы цалдæр дзырды: фыркъа, цæукъа, сыкъа, бæркъа, хырынкъа. Ацы фондз дзырдæй æртæ — фыр, цæу, сы — дзурæм æнæ къа, хырынкъайы йын ахицæн- гæнæн нæй, кæд искуы хырын дзырдтой, уæддæр, бæр дæр æмбæлы æнæ къайæ, зæгъ- æм, адæм бæр-бæр кодтой, кæнæ дзæгъæлы бæр-бæр кæнын. Ам фыццаг хъуыдыйады бæр-бæр у ахæсгæ нысаниуæджы, ома тынг змæлын, бæркъатæ куыд фезгъæлынц, аф- тæ, æмæ иннæ хъуыдыйады та йæ нысан у дзæгъæлы бирæ дзурын. Мах æнхъæлæм, бæр кæй æмбæлд не ’взаджы æнæ къа бæр- къайы нысаниуæджы — «помет». Бæркъайы тыххæй нын ирд бæрæггæнæнтæ дæтты Эдельман: ванециаг пуке «помет овец и коз», идгамæ пюшка, «помет», шуганан-рушай- наг æвзæгты па/ершка «помет мелкого ро- гатого скота» (115), вахайнаг пешк «поме- та козы овцы» (116), гуырдзымæ пъркъе «цвель, плесень» Г. С. Ахвледиани. Сборник избоанных работ по осетинскому языку (Тб’, 1960, 142). Дзырд сы -йæ рæзы ног дзырдтæ: сион (мигъы бардуагæн йæ чысыл лæппу Батра- дзимæ, дын, рацæйцыд балцы йæ сион сæг тыл (Нартæ 1975). Сиуджын (бирæ сыкъа- тæ кæмæн ис, уый), дысион, æртæсион, цып- парсион æмæ ма ис æхсæзсион дæр. Нарты Уырызмæджы цæнгæт чырын доны куы баппæрстой æмæ мæликмæ куы бахауд, уæд æй куы фæрсы, зæгъгæ, дæ сæры аргъ- мæ цы бафиддзынæ, уæд ын ахæм дуапп дæтты: Иусион галтæй сæдæ сæдæйы, дыу- уæсионтæй — дывæр сæдæйы, æртæсионтæй æрдзæмæ æввахс, цыппарсионтæ дæхæдæг æркур... фондзсионтæй дæр дæхæдæг æркур» (Нартæ, 313): СЫ-йæ ма рæзы дзырд сиук дæр æмæ нысан кæны сагойы иу хил, кæнæ хæсгарды иу кард æмæ æндæртæ. Формæ сы ма ’мбæлы абазинаг æвзаджы, фæлæ уыдонмæ ньтсан кæны «мит». (Б. В. Тугова, Абазинско-русский словарь. М 1967, 338). Адыгъейаг хæстæг æвзæгты æм- бæлы хæрз стæм хатт. Цымыдисаг у, ацы дзырд СЫ чи кæмæй айста, уый. Абайты В. И. йын йæ равзæрд уыны ирайнаг сру(ва) «рог» (ИЭСОЯ, 179, 180). Æмбæлы ма бирæ скæсæн-ирайнаг æв- зæгты: авестаг сру, срва «рог, ноготь, язгу- лямаг сруу «рог», мунджанаг диалект йидга- йы су «рог», ишкашимаг, сангличаг, шов 80
«фог», Хорезмийаг шв «рог» (Эдельман. 85, бо . Формант къайы тыххæй ма нын дзу- рынц рагон документтæ дæр. ^ый ирдæи оыны рагон ирон дзырд Ьриксава-йы. «...Ь заключение нашего поаестьования оо ала- нах Крыма укажем, что их преОывание Здесь оставило следы в топонимике. В. Ф. Мил- лер отмечает, что мыс лриуметоном у илу- тарха носит еще туземное название Ьрикса- ва — «оарании рох» ^осет; н\узнецов, оо), ома фыры сыкъа. Композиты фыццаг ком- понент л*ри-йы мах уынæм æзылангон ф-иы ивд зылангон в-иæ. Уыцы миниуæг харак- терон у нырыккон ирон æвзагæн дæр ^уæл- вæндаг, галвæндаг æ. а. ’ д.) Куыд уынæм, афтæмæй уыцы фæзынд ниг нæу, фæлæ цæуы рагæй фæстæмæ. Лæ- мæгъ хьæлæсон ы-йы оæсты та ирдæй зыны историон и, еныр дæр ма æмоæлы дыгурон диалекты. Аъæлæсон и æмæ сонорон р-иæн та сæ Оынæттæ ивд æрцыдысты. Компози- ты дыккаг компоненты ксава-йы та нырык- кон ирон æвзаджы бандæгъдысты (сра- щение;, Оаззад ма дзы къа, се ’хсæн æзы- лангон ахаугæйæ. Ардыгæй, æвæццæгæн, цæуы гуырдзиаг рка, мегрелаг ка æмæ ады- гъеиаг сы-рын. Э# А. Грантовский фыссы: «западноиран- ские племена с именами на «ука» и «ка» проникали с севера, через Кавказ». (0 рас- пространении иранских племен на терри- тории Ирана. — История йранского государ- ства и культуры. 1971. 295). Балхъар- хъæрæсейаг æвзæгты къа-йыл ис бирæ сæр- магонд нæмттæ: Биля-ка, Ариу-ка æмæ æн- дæртæ. (И. М. Мизиев. Шаги к истокам этнической истории Центрального Кавказа. Нальчик. 1986, 18). Уыцы миниуæг æм- бæлы ирон æвзаджы дæр: Кика, Кака, Пи- ка, Ака æмæ æндæртæ. Уæлдæрæрхæсгæ цæвиттонтæй бæрæг у, уыцы æвзæгтæм кæй бахауд ирон æвзагæй. ТЫХГÆНÆГ. «Агрессор, насильник, при- теснитель». Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй, тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæд ма мæт... Тыхгæнæг хæддзумæ кæд искуы фæн- донæй æууæнкагæй радтай рæстæнхъæл дæ бар. (Къоста). Мивдисæджы номон формæ тыхгæнæг рæзы номдар тых æмæ мивдисæг кæнынæй. Композиты фыццаг’ компонент у бирæ дзырдтæаразæг фæсæфтаутæ æмæ дзырдтæ кæрæдзимæ æфтауыны руаджы, куыд: тыхагур, тыхтона, тыхдзырд, тыхми, тыхмондаг, тыхлæг, тыхджын æмæ бирæ æнд. Ацы дзырд æмбæлы адыгъейаг æвзаджы фонетикон ивындзинæдтимæ теха'к1о «аг рессор, насильник, притеснитель». Адыгъей- аг термины фыццаг хайы зыны ирон дзырд тых/тухæ, цыран ирон лæмæгъ хъæлæсон ы ивд æрцыд тыхджын хъæлæсонæй (е). Композиты фыццаг компонент цæуы ирай- наг тахта-йæ «сильный, мощный». (ИЭСОЯ, 3.344). УАТ. Адыгъейæгтæм хъуат «адаг» ( йæ дыккаг нысаниуæг уæладзæн, хъайван, ах- хæрæг). Мах хъуыдымæ гæсгæ, стæй йæ равзæрды историмæ гæсгæ, адыгъейаг хъуа- тæн йæ равзæрд у ирон дзырд уатæй. Цæ- мæй нæ ныхас сургонд ма рауайа, уый тых- хæй зæгъдзыстæм афтæ: ирон æвзаджы Уатæн ис бирæ нысаниуджытæ: хатæн «ком- ната» (монгойлаг хатан «княгиня, хъæрæ- сей-баЛхъармае къатын «женЩина»... (И... Ладжилаев. 64), хуыссæн «постель», фынæй- гæнæн «спальня», уатон «комнатный». Уыимæ бастæй æмбæлы оирæ дзырдоæстытæ: уа- • ток рынчын, уатон уын, (уæззау рынчын), оынаты хицау, оынаты хсæв; рæзы дзы вазыгджын дзырдтæ хъæууат (цы хъæу^ ба- дзæрæг ис, уыи). цадат ^цады Оынат)., куы’- роиуат (куырои кæм уыдис, уыцы Оынат), раууат, раууатмæ æрцæуын (æдзæллаг уа- ьæрмæ æрцæуын), раууаг фæуын (æлгъыст, æвзæр Оынат фæуын), зынвадат, æвада! (æнæ- фад- уат;, фадат (фады- уат). Фæс* таг дзырдты уат йæ формæ тынг аивта æмæ зынхицæнгæнæн ссис, кæрæдзийыл афтæ тынг баныхæстысты æмæ систы фæсæфтау- ты хуызæн. Дыгурон диалекты композиты компоненттæ æххæстæй хъахъхъæдгонд æрцыдысты йуæй-иу рæтты, куыд бунуат, уыцы иурæстæджы дзы æмбæлы бынат дæр. Куыд уынæм, афтæмæй дзырдæн йæ ны- саниуæг ирон æвзаджы у уæрæхдæр ады- гъейаг æвзагæй. Адыгъейагмæ бахауд уыцы иу нысаниуæджимæ, дзырды райдианмæ хурхон бафтаугæйæ. Ацы дзырд нын ирдæй зыны алайнаг топонимийы — «Солхт (Старый Крым) Сурхуат, приведенную в армянской рукописи в 17 в. Она имеет... Иронский облик Сурх-уат — Красное место» (Куз- нецов, 86). Ирон æвзаджы хуызæвдисæг дзырдтимæ æмбæлы бирæ бынæтты нæмттæ: Саухъæд, Саухох, Сырхкъæдзæх, Сырхлæбырттæ æмæ афтæ дарддæр. ХЫЗ (хизæ). Ацы дзырд у бирæнысани- уæгон; хыз, хызæг «сетка», цæсгомæмбæр- зæн тæнæг хъуымац «чадра», кæсаг цы хы- зæй ахсынц, уый «сеть, невод, бредень\ хыз «тюль», хыз «касинкæ», уый у бирæ дзырдтæаразæг — хызæг, хызхаст, згъæр- хыз «решетка», хызхæдон (раджы згъæрæй цы хæдон быдтой, уый) —хуыдтой ма йæ згъæрхæдон дæр; хызбыд (зыхъхъыртæ быд), хызджын, хызæг (йæ.синоним къуы- зыппа кæнæ зынæхсæн). Ирон æгъдаумæ гæсгæ, ног чындзы сæрыл æнæмæнг хъуамæ уыдаид хыз «касинкæ». Æнæ уый йын нæ фæччыдис сæрзæды кæнæ бынатыхицауы бынмæ бацæуьш. Уырдæм æй кодтой фæ^ дзæхсынмæ. Ацы æгъдауимæ баст сты дзырд» бæстытæ — хызы бын бадын, хызисæн бон (хыз цы бон истой, уый). Уыцы бонæй фæс- тæмæ чындз йæ митæ кодта хæдзары. Хызи- сæн бон бирæ рæтты арæзтой чындзæхсæвы * дыккаг бон, донмæ-иу æй фæдзæхсынмæ куы ныккодтой, уæд. Ам вæййы алыгъуы- зон куывдтытæ, фæлæ дзы сæйраг уыд иу - — «Донау рæсугъд уæд йæ цард». Дыгурон хизæ (хыз) Балкаров хоны ады- гъейаг æмæ йæ бары хъытыу-мæ «сеть» (рыбаловная) æмæ кæсгон хъы-мæ «сеть, сетка». Адыгъейаг хъытыу хоны æввахсдæр ирон формæмæ æмæ йæ тæлмац кæны «бре- день» (26). Фыццаг уый, æмæ дыгурмæ- кæсаг цы чысыл хызæй ах’сынц, уый хонынц дугъа (ОЯФ. 489). Дыккаг’уый, æмæ ирон æвзаджы дзырд хызы æмбарынад у уæрæх- дæр, дардыл, адыгъейаг æвзаджы та у уынгæгдæр, кадавардæр æмæ дзырдты фбр- мæтæ кæмдæр чысыл æмхуызон сты, уьгй уый нæ нысан кæны æмæ йæ ирон æвза.г райста адыгъейагæй, уæлдайдæр дзырды равзæрдæн анализ нæ ратгæйае, æнæ æрæм- 6- Журн. «Фидиуæг» № 6. «1 <
аыхгæнгæйæ. Авторæй æнæ бындурæй хоны адегъейаг дзырд. ХЪАРМ. (гъарм, «теплый»). Ам зымæг куы вæййы, уæд иу хъарм бæстæ зонын. (Къ). Лексемæ хъармæй рæзы бирæ дзырдтæ: хъармад, æмæ а. дарддæр. Ацы дзырд æм- бæлы адыгъейаг æвзаджы дæр цасдæр ивын- дзинæдтимаа —\ хъамам «баня», дзырды ныеаниуæг фендæргæнгæйæ. Адыгъейаг æв- заджы сонорон р ахауд фындзон м-йы ра- зæй æмæ йæм фæсте бафтыд элемент -ам. йрон æвзагæй адыгъейагмæ кæй бахауД, уый зæгъынæн нын бар дæтты дзырды рав- зæрды истори. Лексемæйæн йæ равзæрд у ираннаг ^агта-йæ. (ИЭСОЯ, 11, 266). Уы- мæй дарддæр ма ацы дзырд ис бирæ скæ- сæнирайнаг æвзæгты: афгантæм гъармэ- гъарма «жара», авестиаг гъарема, баджу- ваг гърм «жарко, горячий», ягнобаг гъарм «жаркий» (Эдельман. 145, 146, 147) Ирон æвзаджы дыгурон диалект хуыздæр бахъа- хъхъæдта дзырды зæронд формæ. дзиццоиты юри АРГÆРÆН ÆВИ АРГÆНÆН? Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Гæ- диаты Секъайы радзырд «Хъуды Цыппу»-йы сюжет. Гуырдзыстон Уæ- рæсеимæ куы баиу, уæд сæудæджер- тæ Арвыкомы фæндагыл сæ чыртæ ласын райдыдтой. Уымæй спайда кодтой Цыппу æмæ йæ фондз æмба- лы: Къобмæ ныццыдысты чырæ ла- сынмæ, раластой сгæллады чырæтæ æмæ сæ «сæ хæдзæрттæм сæхицæн нылластой æмæ сæ бавæрдтой». Дыу- уæ азы фæстæ сгæллæдтæй базар кæ- нын байдыдтой æмæ сæ чидæр хи- цæуттæм банымыгъта. Æрцахстой сæ æмæ сын мыггагмæ Сыбырмæ фæ- хæссыны тæрхон рахастой. Фæнда- гыл Цыппу æмæ йе ’мбæлттæ ли- дзынвæнд скодтой æмæ сæ фæнд фæ- раст. Сæ фæйнæ хæдзæрттæм куы фæцыдысты, уæд та чидæр хицæут- тæм дзырд бахаста «æмæ’ Косеты хи- цау æфсæдтæ æрæмбырд кодта — Хадæй, Хиуæй. Уыдонмæ уырысы æфсæдтæ баиу сты. Хицауы фæнд афтæ уыд, æмæ абырджытæм æхсæв куыд ныббырстаиккой», фæлæ уы- донвдæ дæр хабаргæнæг фæци æмæ «абырджытæ дæр хæстæмбæрц сæхи сцæттæ кдотой æмæ æфсæдты раз къуыбырыл, Такаты мусы, æрбадтъ1- сты». Уыцы мусæй æфсæдты æхсын райдыдтой æмæ дзы дыууæйы ама- рдтой, иннæтæ лидзынмæ фесты. Ам уал сюжет ныууадзæм æмæ »ркæсæм, Секъайы уацмысты æндæр æмæ æндæр рауагъдты ацы бынат куыд мыхуыр у, уымæ. 1979 азы Цхинвалы рацыд Секъайы уацмысты æмбырдгонд æмæ уым 329 фарсыл к«сæм: «Абырджытæ мусы аргæ- рæнæй æфсæдтыл топп, ихуарæгау, ныккалдтой». Афтæ у, Секъайæн 1955 азы цы æмбырдгонд рацыд, уым дæр. Ахæм хуызы бахауд ацы хъуы- дыуат, Хуссар Ирыстоны зонадон- иртасæн институт ирон æвзаджы æм- барынгæнæн.дзырдуатæн цы карто- текæ сарæзта, уырдаём дæр. Фæлæ цы у аргæрæн? Секъайы æмбырд-» гæндты фæсте цы фиппаинæгтæ вæй- йы, уым æмбарын кæнынц æнæ- мбæрстгонд дзырдтæ дæр, фæлæ уы- дон æхсæн аргæрæн не ссардтам. Кæд, миййаг, ацы дзырд алчидæр хорз зоны æмæ йæ нæ хъуыд æмба- рын кæнын? Афтæ куы узид, уæд «аргæрæн» афонмæ искæцы ирон дзырдуатмæ бахаудаид, афтæмæй та иунæг ирон дзырдуат дæр нæ зо- ны ацы дзырд. Мусæн «аргæрæн» вæййы, зæгъгæ, уый этнографон ли- театрæйæ дæр нæ зыны. Дзырды ны- саниуæг æмбæрстгонд кæй нæу, уый иттæг хорз зыны Секъайы уацмысты уырыссаг тæлмацæй. Цы хъуыдыуа- ты кой кæнæм, уый афтæ стæлмац- чынди: «абреки открыли стрельбу» (Цхинвал, 1984, 83 ф.). Куыд уы- нæм, афтæмæй «мусы аргæрæн»-æн ам йæ фæд дæр нал аззад. Ай-айдæр, тæлмацгæнæг куы зыдтаид дзырды нысаниуæг, уæд æй æнæстæлмацгæн- гæ нæ фæуыдаид. Цыбыр дзырдæй, «аргæрæн» Се- къайæ дарддæр никæмæ æмбæлы, нæ йæ зонынц ацæргæ адæм дæр æмæ æрæджыйы онг гаппаксы хуы- зæн зынд. Секъа хорз зыдта ирон æвзаг, йæ уацмысты арæх æмбæ- лынц, стæм хатт кæмæй пайда код- %1
той, ах&м дзырдтае дæр æмæ йæм гаппакстæ дæр куы разына, уæд уым диссагæй ницы уыдзæн. Фæлæ мах цы дзырдыл дзурæм, уый рæдыдæй сси «гаппакс». 1981 азы Дзæуджы- хъæуы рацыд Секъайы уацмысты æмбырдгонд «Азау», æмæ уым, 179 фарсыл, «аргæрæн»-ы бынаты фæ- зынд аргæнæн. Къухфысты мидæг дамгъæ н-йы къах даргъдæр фыст куы ’рцæуа, уæд æнцон фæхæццæ- гæнæн у дамгъæ р-имæ. Секъайы къухфыстыл дæр ахæм æмбисонд кæй сæмбæлд, ууыл дызæрдыг кæ- нын нæ хъæуы. Фыццаджыдæр, уы- мæн, æмæ дзырд «аргæрæн» нæй ирон дзырдуæтты, не ’мбæлы лите- ратурæйы дæр. Дзырд аргæнæн та арæх æмбæлы, уымæй дæр, Секъа йæ цы контексты æвæры, уымæ æв- вахс контексты. Цæвиттон, æнудæс- æм æнусы фыццаг æмбисы ирон адæм паддзахы æфсæдтимæ арæх хæцыдысты сæ хæдбардзинады сæ- раппонд. Уыцы тохты хабæрттæ хорз æвдыст сты фольклорон уацмысты. Хъуды абырджытæ æфсæдты «мусы . аргæнæнæй» куыд æхстой, афтæ ин- нæ ран та паддзахы æфсæдты ных- мæ хæцыны тыххæй «хъæды аргæ- нæнтæ сарæзтой» (Хуссар Ирыстоны фольклор. Ст., 1936, 293 ф.). Ацы чи- ныджы 608 фарсыл Тыбылты Алык- сандр аразы фиппаинаг: «Аргæнæн- тæ — уырыссагау «засеки»: хъæд- иу ныццагътой æмæ уыдонæй фæн- дæгтæ æхгæдтой. Уыцы æхгæд хо- нынц «аргæнæн». Бахъуыды кæнæм, Алыксандрмæ аргæнæны глоссæ «æхгæд» кæй у, уый — уый нæ бахъæудзæн, дæлдæр дзырды равзæрдыл куы дзурæм, уæд. Æркæсæм В. Ф. Миллеры Ирон-уы- рыссаг-немыцаг дзырдуаты 1-аг том- мæ, цыран æмбæлæм мивдисæг «ар- гæнæн кæнын»-ыл æмæ йæ тæлмац кæны «обозначить место, ограничить (цуанонты дзырд)». Иннæ ирон дзырдуæтты никуы æмбæлы «аргæ- нæн». Ацы згъуыд баххæст кæнын хъæуы — нæ * дзырдуæтты бынат хъуамæ разына ирон хæстон терми- нологийы ахсджиаг кзырдтæй иу- æн — аргæнæнæн. Тыбылты Алык- сандр ын раст бацамыдта йæ сара- зыны мадзæлттæ. Фæлæ аргæнæн- тæ æндæр хуызæтты дæр арæзтой. Мæ дыгурон информатор куыд за- гъта, афтæмæй аргæнæн арæзтой «хуырæй оборонæйы целæн». Этно- граф Цоциты Алан цы зонаентæ æрæмбырд кодта, уыдонмæ гæсгæ та аргæнæн афтæ арæзтой: «Зæххы- иу скъахтой чысыл уæрм, кæнæ-иу спайда кодтой искæцы дзыхъхъæй. Иæ кæрæттæ-иу ын дуртæй кæнæ сыджытæй æрæхгæдтой. Цæмæй дзы лæугæйæ хæцыны фадат уыдаид æмæ знаджы фæттæ, дуртæ кæнæ нæмгуытæ та сæ нысаныл ма сæм- бæлдаиккой, уый тыххæй йын йе ’ргом дæр дурæй амадтой. Аргæнæн дæргъвæтин рæстæгæн куы арæз- той, уæд-иу æй уæле дæр къæйду- рæй сæхгæдтой». (Ирæтты социалон культурæйы историйы уацтæ. Цх., 1985, 31 ф.). Хъуды абырджытæ Такаты мусы цы хуызаен аргæнæн сарæзтой, уый тыххæй Секъа ницы зæгъы æмæ бæ- рæг нæу. Фидарæй зæгъæн ис æр- мæстдæр уый, æмæ Секъа найгæнæн мусы кой нæ кæны (уым æрæмбæх- сæн нæй), фæлæ зымæгмæ хъæмп æмæ хос кæм æфснайдтой, уыцы мусы кой. Уыцы мус æртæрдыгæй дæр, гъе та цыппарæрдыгæй дæр æх- гæд вæййы æмæ йæ абырджытæ уы- мæн равзæрстаиккой. Радзырды сюжетмæ та куы раз- дæхæм, уæд фендзыстæм, абырджы- тæ æндæр ран цæй хуызæн аргæнæн сарæзтой сæхицæн, уый. Цæвиттон, хъуыддаджы зындзинад равзаргæ- йæ, Цыппу йе ’мбæлттимæ хъæусæр лæгæтмæ ссыди. «Цыдæриддæр сæм хъом-вос уыди, лæгæтмæ сæ стард- той æмæ сæ аргæвстой, сæ мæрдтæй сын лæгæты раз хæцæн самадтой, цæвиттон, мит арф уыд æмæ дур къу- хы не ’фтыд». Ам кæд Секъа «аргæ- нæн»-ы бæсты «хæцæн» фыссы, уæд- дæр йæ афыстæй бæрæг у, дзырд аргæнæныл кæй цæуы, уый. Хъахъхъæнынæн-иу æдзух цы ар- ^гæнæнæй пайда кодтой, æвæццæгæн, уыдонæй иу йæ фæд ныууагъта Цæ- гат Ирыстоны топонимийы (Цагъа- ты А., Топонимия Сев. Осетии, Ордж., 1975, 322 ф.: «Аргæнæн»). Дзырд аргæнæн арæзт у дыууæ хайæ: ар æмæ кæнын-æй, ома «ар кæм аразынц, ахæм бынат» кæнæ та «ар цæмæй аразынц, уый». Ар йæхæдæг равзæрд арх-æй æмæ, Абайты Вассо æмæ Гарольд Бейли куыд зæгъынц, афтæмæй амоны «крепление», уымæй арæзт дзырдтæ сты: æхкæнын, æхтонг, æгънæг, æр- хæг, арх, æрху, сындзæрх, аркъау, 83
аерчъи. Ирон аевзаг Мæ быхсы æртæ æмхъæлæсоны фембæлд æмæ æмхъæ- лæсонтæй иу рахауы. «Архгæнæн»- æй рахауд х, «архкæнын»-æй та — р, æмæ ардыгæй хорз зыны, «аргæнæн» æмæ «æхкæнын» этимологон æгъдау- æй æфсымæртæ кæй сты, стæй сæ семантикæйæ дæр æввахс кæй сты кæрæдзимæ, уый — уæлдæр куыд федтам, афтæмæй Тыбылты Алек- сандрмæ аргæнæны глоссæ уыд «æх- гæд». Дзырд арх хицæнæй канд «креп- ление» нæ амыдта, фæлæ ма «укреп- ление» дæр; Цæвиттон, персаг дзырд арк амоны «крепость, цитадель». Æвæццæгæн, ардæм хауы ирон то- поним Æркъа дæр (Цагъаты А. Бац. куыст, 442 ф.). ХУЫБИАТЫ НИКЪАЛА ИУМÆЙАГ ТЫХТÆЙ 1978 азы 1 январы журнал «Мах ду- джы» Æмбалты Додтан йæ уац «Хорз лæг адæмæн æхсæны у»-йы фыста: «Фисаугæ у, дзидзатæн фыцгæйæ сæ уæллæгтæ бы- иæй куы фæкæнай, дæллæгтæ та уæле, уæд уый». Ацы дзырд (фисаугæ) ирон-уырыс- саг дзырдуаты нæ разынд. Æмæ, æцæгдæр, нæ дзырдуатмæ бирæ ирон дзырдтæ нæй хаст, адæм та сæ рагæй пайда кæнынц сæ ныхасы. Уымæ гæсгæ мын стыр æхсызгон уыд, 1983 азы 12 октябры газет «Советон Ирыстон»-ы филологон зонæдты доктор Гæбæраты Никъалайы уац «Цы чындæуа нæ иуæй-иу дзырдтæн?» мыхуыры кæй фæ- зынд, уый. Автор сиды ирон интеллиген- цимæ, ирон æвзаг зынаргъ. кæмæндæрид- дæр у, уыдонмæ, цæмæй æрæмбырд кæной, нæ дзырдуатæн æдде цы дзырдтæ ис, уы- дон. Æвзагаразæг æмæ хъахъхъæнæг сты, чи йыл дзуры, уыцы адæм. Иугæр дзырдæй пайда кæнæм нæ ныха- еы, уæд æй бахæссын хъæуы дзырдуатмæ, хъæуы йæ хъахъхъæнын, цæмæй бынтон ма байсæфа. Æз дæр мæ хъус лæмбынæг дардтон мæ ныййарджытæ æмæ мæ райгуырæн Къо- етайы хъæуы цæрджыты ныхасыздæхтмæ æмæ мын^ бантыст 25 стæмдзырды æрæм- *ырд кæнын. Айрæнда — бафæстиат уын, фæгæдзæ кæ- нын. «Нырма уазал у æмæ нæ хъуг йæ аайынафонæй цас айрæнд уа, уыййас хуыз- дæр у». Æндзы —æвæрд фæллой. Гнугъгомы уыд ахæм æгъдау: хъæубæстæй алчидæр хъæ- Цыбыр дзырдæй, рагон ирон дзырд арк-æн йæ сæйраг нысаниуæг уыд «фидар» æмæ йæм йæ дериваттæ æв- вахс лæууынц: æхкæнын — «фидар кæнын», æгънæг — «фидаргæнæн», æхтонг, æрчъи—«кæрæдзийыл фи- даргонд бостæ», сындзæрх — «фидар æхкæд», арх — «бæласы фидардæр, хъæбæрдæр бынат» æмæ а. д. Æнгæс нысаниуæгтæ ис англисаг дзырд клоус-æн дæр: «æхкæнын, æхкæд, æрху, къулæй хаст (æхкæд) бынат (хæдзары цур, хъæуы цур)». Куыд федтам, афтæмæй Секъайы радзырды цы зынæмбарæн дзырд фехмбæлд, уый фыссын хъæуы аргæ- нæн. Уырыссаг æвзагмæ йæ тæлмац кæнын хъæуы «укрепление», «укреп- ленное место». уы иумæйаг къæбицмæ хасга, йæ хæдзары мулкæй хай; хъæбæрхор, арахъхъ, цыхт æмæ æндæр ахæмтæ. Уыдонæй-иу спайда кодтой бахъуаджы боны; зианы, чындзæх- сæвы, куывды æмæ уыцы æгъдау хуыдтой æндзы. Æхсгæуад кæнын — искæмæ бацæуын цы- быр æмгъуыдмæ. «Сасинкъа йæ сыхæгтæм æхсгæуад бакодта æмæ уадид фæстæма: фездæхт». Даула кæнын —къæрных кæнын, давын, хипайдайæн ссивын. Дзагуыртадзин — хъæддæсныйы мигæнæн, йæ дыууæ кæрон къæдз, астæуæй та — раст. Уымæй арæзтой куыройы нук, фо- сæн цæхдарæнтæ æмæ æндæртæ. Дзиргъа уын — тыхкаст кæнын, мæсты куы уа адæймаг, уæд. «Зинæ афтæ тынг смæсты йæ сыхагмæ, æмæ йæм йæ цæсты- тæ ныддзиргъа кодта». Згалæн кæнын — хылкъахæн кæнын, хыл- мондаг. «Адæмимæ дзæбæхæй цæрын хъæ- уы, ды та æппынæдзух згалæн кæныс». Къæйдарæн — тъæпæн æфсæйнаджы .гæп- пæл, дыууæрдыгæй йыл ведрайау уыд тел ко?диæмæ йæ ауыгътой рæхысыл. Фых- той йыл кæрдзынтæ. Сау адæймагæн ныр дæр фæдзурынц, къæйдарæны хуызæн ныц- ци, зæгъгæ. Лæувæздон — хъуджы дзидзитæ бынмæ æмраст куы ’рцæуой, зæххæрдæм куы хæ- цой, уæд уый хуыйны лæувæздон. Адæм фæзæгъынц, лæувæздон хъуг у, зæгъгæ. Мæнгæхсæр — бæласы мыггаг. Хоныни ма йæ арсыхсæр дæр. Мырзхъæд уын — бæзæрхыг, нуарджын, фидæрттæконд адæймаг. «Гиви ахæм мырз- $4
хъæд у, æмæ уæрдоны цалх фелвæста æвип- пайды». Ныхсдæры цæрын — рæстæгмæ искуы цæ- рын. Хохы цæрæг-иу зæйтæй æдас ран уы- гæрдæнмæ æввахс сарæзта скъæт. Уый уыд хъæуæй дæрддзæфгомау. Уырдæм зымæг- мæ æфтауц кодта холлаг æмæ-иу йæ фо- сы уым рахаста. Уый хуыдтой ныхсдæры цæрын. Сæ холлаг хъæумæ нæ ластой, уы- мæн æмæ уыд зынвадат, хъуыди бирæ фы- дæбон кæнын. Адæм ма ныр дæр фæзæ- гъынц, ныхсдæры цæрыс, зæгъгæ. Цæвит- тон, искæмæ адгур куы бацæуай, уæд дын фысым хъазгæмхасæн бауайдзæф кæндзæн, дæхæдæг ныхсдæры цæрыс; зæгъгæ. Уый нысан кæны, ома дæхимæ цæмæннæ ’ис, мыййаг фæстæгмæ цæрут ам, дæхимæ дæр хъуамæ уаид, зæгъгæ. Сæгдон — сæджы дон. Хæдзары цар уыд хуынкъ æмæ трубæйæ къæвдабон сæгдон æрцæуы. Сылвæлхæн— æппæт хорз миниуджытæй хайджын чи у, ахæм сылгоймаг. «Мæди ирон æфсарм тынг хъахъхъæны æмæ пæ комбæстæ сылвæлхæн дæр уымæн хонынц». Сискъ — хæрынæнбæзгæ ’ зайæгой. зайы хæхты цæгатварс хъуына бынæтты. У хæрз чысыл къутæр, 10—15 см бæрзæндæн, йæ гага у сау, саунæмыджы хуызæн, фæлæ у лыстæгдæр. Сыкъуыда уын — сур, хъæбæр. «Дзидза% æгæр сыкъуыда у, æвæццæгæн, зæронд уыд æмæ не сфыхт». Сцъуй кæнын — тыхæй искæмæй исты байсын. «Зæли хъæдæй æхсафтæ æрхаста, фæлæ йын сæ Хæмæт йæ къухтæй сцъуй кодта æмæ афтидæй аззад». Ирон æвзаджы алыхуызон æмвæзадтыл дæр фæзынд уырыссаг æвзаджы æндавдад, уæлдайдæр та йæ лексикæ æмæ синтаксисыл. Фæлæ зонадон литературæйы æрмæст иу- мæйагæй загъд цæуы уырыссаг æмæ ирон æвзæгты синтаксисты æмахастдзинæдты тых- хæй. Ацы фарстмæ сæрмагондæй æркаст фи- лологон зонæдты доктор проф. Гагкайты Хъазан, фæлæ, хъыгагæн, йæ монографион куыст мыхуыр нæу, афтæмæй та уым автор бæстон æвзары дыууæ æвзаджы синтаксис- ты æмхуызон æмæ хицæн фæзындтæ, æмæ ахъаззаг у йæ ахадындзинад. Нæ уацы ныхас цæудзæн, альт азты фыст чи æрцыд, ахæм уацмысты синтаксисыл, бæл- вырддæрæй та хицæн фысджыты æвзаджы æууæлтыл. Фыссæджы æвзаг цы у, уый уæ- рæх æмбарынад у, фæлæ уал ам нæ ныхгс- аг у текстты алыхуызон синтаксисон иуæгты бæрц. Йæ нысан у, хицæн фысджыты æвза- джы вазыгджын конструкцитæ цы бынат ахсынц, уый сбæрæг кæнын, стæй прозаиктæ уыдонæй цас арæхстджынæй пайда кæнынц, уый базонын. Уый та фадат дæтты хицæн фысджыты æвзаджыхъæд раиртасынæн. Тугрухс, ныттугрухс уын — бирæ туг фе- сафын. «Хæстоныл сæмбæлд знаджы нæ- мыг, фесæфта бирæ туг æмæ ныттугрухс». Тæлмæхæрæгау — зыхъхъыр дæндагæй, худгæбылæй сайын искæй фæллой. Уъщыр кæнын — къуылымпы кæнын, ис- ты хъуыддагыл фæстæмæ хæцын. «Куы- стыл-иу уыцыр ма кæн, фæлæ фезмæл æмæ афоныл фæуæм нæ хæс». Фертæмтта — хъуг, фыс, кæнæ сæгъ йæ фæздон уадзын куы райдайа, уæд фæдзу- рынц, нæ хъуг фертæмтта, æмæ йæ фæз- дон уадзын райдыдта. «Нæ хъуджы ныз- зад æххæссы январмæ, уымæн æмæ йæ фæздон фертæмтта». Фæкуырис уын — срасыг уын. «Хатъа йæ сыхæгтæм чысыл анызта æмæ фæкуырис ис». Фыдæххæл кæнын — тынг разнаггад, ра- зиан кæнын, хыл кæнын, загъд кæнын. «Хуыцау, мæ мæгуыр бинонты мын фыдæх- хæлæй бахиз». Фыззын — искæмæй хыл, загъд къахын, æнæхъуаджы йын маст кæнын. Чындз йе ’фснны нæ уарзы æмæ йæм алыбон фыззы. Цъынæр — фыс кæнæ сæгъ куы ныззайы æмæ стæй йæ сæныкк, йæ уæрыкк куы амæлы, гъе та йын æй куы ауæй кæнынц, уæд ахæм фыс, кæнæ сæгъ хуыйны цъы- нæр. Уæдæ, куыд зыны, афтæмæй нырма би- рæ дзырдтæ ис нæ дзырдуатæн æдде. Уы- дон æрæмбырд кæнын иу æмæ дыууæ адæймаджы къухы нæ бафтдзæн. Уымæ гæсгæ алчидæр хъуамæ æмзондæй бавна- ла æмæ зæрдиагæй бакуса сæ æрæмбырд кæныныл. ТЕДТОЙТЫЗИНÆ • Аивадон тексттæ æвзаргæйæ, нæ куысты пайда кæнæм статистикон методтæй. Уый ахъаз кæны нæ рæстæджы æвзагиртасджы- тæн, аивадон стилы алыхуызон иуæгтæ куыд арæх æмбæлынц, уый сбæрæг кæнынæн. Æв- зарынæ^г райстам фольклор æмæ алыхуызон фысджыты уацмыстæй, чингуыты æртыгай фæрстæ чи ахсы, 10 ахæм скъуыддзаджы. г Нæ нысан уыд, уыцы тексттæ кæрæдзийыл абаргæйæ, вазыгджын синтаксисон иуæгты райрæзт равдисын. Дæнцæгтæн исæм: фодь- клорæй — «Уырызмæг æма^ Сохъыр уæйыг». «Даредзанты Амыран æмæÆфсæн уæйыг», литературæйæ — Гæдиаты Секъайы «Сафи- ат», Коцойты Арсены «Декрет», Мамсыра- ты Дæбейы «Райгуырæн бæстæ», Дзадтиаты Тотырбеджы «Денджызы барæг», Дзееты Куыдзæджы «Мæт», Цæгæраты Максимы «Нæ фехъуыстон ма зæгъ», Мæрзойты; Сер- гейы «Хъысмæт» æмæ Хъайттаты Сергейы «Фæдисонтæ». Зындгонд куыд у, афтæмæй тексты стыр- дæр стилистикон хай синтаксисон иуæгтæм ВАЗЫГДЖЫН КОНСТРУКЦИТЫ РАЙРÆЗТ ИРОН ÆВЗАДЖЫ 85
хауы, уымæн æмæ уый йæхи мидæг иу сис- темæйы баиу кæны æвзаджы иннæ æмвæ- задтæ: морфологион, лексикон, дзырдарæз- тон æмæ æндæрты. Автор бæлвырд струк- турæйæ кæй спайда кæны, уый вæййы кон- текстæй аразгæ æмæ баст вæййы йæ семан- тикон æмæ стилистикон хæстимæ. Фыссæг арæхдæр искæцы структурæтæй куы фæ- пайда кæны, уæд уый вæййы йе стилы æв- дисæн. Эпосы синтаксисæй кæй райдыдтам нæ ныхас, уый æнæнхъæлæджы нæу. Кадджы- тæ уыдысты æмæ сты ирон фысджытæн аивадон мадзæлтты æвидигæ суадон. Ирон адæм къаддæр нæ уарзынц æмæ нæ зонынц Даредзанты таурæгътæ дæр. Кадджытæ æмæ таурæгъты æвзаджы хъæд, хицæн фыс- джыты уацмысты æвзагимæ баргæйæ, ирдæй разыны ирон синтаксисы ивд. Хицæн фыс- джытæ цавæр синтаксисон конструкцитæй пайда кæнынц, стæй цы хуызы, уый раир- тасгæйæ ма ноджы сбæрæгкæнæн ис фыс- сæджы сфæлдыстады сæрмагонд миниуджы- тæн. Зынгæ советон лингвист Р. А. Будагов фыссы, зæгъгæ, фыссæджы дæсныйад домы, цæмæй рахата, æвзаджы цы æмбæхст гæ- нæнтæ ис, уыдон, цæмæй æвзаг суа арф- æнкъараг æмæ æппæт зæгъынхъом. Зæрдыл- даринаг у уый дæр, æмæ дзырдаивады зæ- рингуырды хæсыл стыр уырыссаг фыссæг Л. Н. Толстой нымадта тæккæ хъæугæдæр дзырдтæ тæккæ растдæр фæткыл равæрын. Бæрзонд аивады ирд æвдисæн у нæртон кадæг. Куыд арæзт у йæ синтаксис? Ис дзы: хуымæтæг хъуыдыйæдтæ—55, бабæтгæ- вазыгджын хъуыдыйæдтæ — 9, домгæва- зыгджын хъуыдыйæдтæ—1, уæлæмхæст хъуыдыйадимæ— 12: цалдæр уæлæмхæст хъуыдыйадимæ — 4, Æмбæлы дзы æндæр хуызы хъуыдыйæдтæ дæр. Ацы нымæцтæй зыны, Нарты кадджытыæв- заг хуымæтæг æмæ æлвæст кæй у, уый. Кæд дзы вазыгджын хъуыдыйæдтæ дæр ис, уæд- дæр хæрз чысыл, стæй уыдонæн сæ фылдæр хай, æвæццæгæн, равзæрд, кадджытæ фыст куы цыдысты, уыцы рæстæджы. Уый фæдыл æрымысæм проф. Абайты Вассойы ныхæстæ: «Цы сты Нарты кадджыты аивадон стилы сæрмагонд æууæлтæ? Кадджыты иумæйаг композицион арæзт у хуымæтæг æмæ æн- цон рахатæн — нæй лзы уæлдай фæзилæнтæ æмæ æлхынцъытæ. Сæ синтаксис вазыгджын нæу; фылдæр дзы ис хуымæтæг фразæтæ, æмхиц нæу домгæвазыгджын хъуыдыйæд- тæм... Архайд æмæ йæ динамикæйы цур рыг дæр нæ калынц афыстытæ æмæ риторикæ. Се ’взаг у æлвæст, цыма æлхъывд у, афтæ, фæлæ уыимæ у хъæздыг, хъандзал, уæзгæ æмæ рæстдзæвин». Мæнæ цалдæр хуымæтæг хъуыдыйады амынд нæртон кадæгæй. 1. Иуахæмы Уы- рызмæг уыди балцы. 2. Æхсæв-бонмæ уа- рын байдыдта. 3. Иунæгæй ссыд Уырызмæг Сау хохы рæбынмæ. Кадæджы цы бабæтгæвазыгджын хъуыды- йæдтæ æмбæлы, уыдоны фæрцы хъуыды æвдыст цæуь1 раст æмæ æххæстæй, фæлæ йæ нæ уæззау кæнынц уæлдай фиппаинæг- тæй, иуварс не здахынц кадæгмæ хъусæ- джы цымыдисдзинад сæйраг хъуыдыйæ. Зæ- гъæм: «Иæ дыккаг бон æрцыд йæ балцæй æмæ йын Сатана хъаст кæны». Цымыдисаг у Даредзанты таурæгътæй ист хъуыдыйæдты бæрцон характеристикæ дæр. Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ дзы ис 81, бабæтгæвазыгджынтæ — 6, домгæвазыг- джынтæ — 15 æмæ а. д. Ацы ранымадæй куыд зыны, афтæмæй таурæгъты вазыгджын конструкцитæ кадавар сты. Таурæгъты хъуы- дыйæдты фылдæр хай хуымæтæг кæй сты, домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ дзы хæрз стæм кæй сты, уыцы хъуыддаг раиртæста Калоты Динæ дæр. Æвдисæнæн æрхæссæн ис ахæм дæнцæгтæ: 1. Лæппутæ раздæхынц. Æхсæв схуссынц. Райсом семæ ахæссынц айдæн æмæ сæр- дасæн. 2. Амран сæм рацæуы. Лæппутæ кæрæдзимæ бадзурынц. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ хуымæтæг хъуыдыйæдты фарсмæ кæй æмбæлынц æнæ- бæттæг вазыгджын хъуыдыйæдтæ дæр. Уы- дон та сты æвæджиау аивадон мадзал, уы- мæн æмæ сæ бон у хъæлæсы уаджы фæрцы - тыхджын æнкъарæнтæ æвдисын, хабар сцы- мыдисаг кæнын. Зæгъæм: Амран денджыз- . мæ ныццыд, йæхи дзы баппары—денджыз æй фæстæмæ раппары. Ирон аив прозæ равзæрд æмæ рæзыд хъæздыг сфæлдыстады бындурыл. Абайты Вассо фыссы, зæгъгæ, ивгъуыд æнусты ирæт- тæм уыдис 2 университеты: иу дзы уыдис цард, иннæ та эпос. Ацы ныхæстæн ахæсæн ис зынгæ хæдахуыр фыссæг Гæдиаты Секъа- мæ. Уымæн йæ уацмысты æвзаг тынг æв- вахс лæууы адæмон ныхасмæ, сæ хъуыды- йæдты фылдæр хай сты хуымæтæг: 1. Рæс- тæг уыцы иухуызон хаста. 2. Кукус дæр сразы ис. «Сафиат»-ы тексты чиныджы æртæ * фарсыл хъуыдыйады хуызтæ æмбæлынц афтæ: хуымæтæг хъуыдыйæдтæ — 46, ба- бæтгæвазыгджынтæ— 10, домгæвазыгджын- тæ — 11, домгæвазыгджын уæлæмхæст хъуы- дыйадимæ — 4 æмæ а. д. Уымæй уæлдай фыссæг арæх пайда кæны дзургæ ныхасы конструкцитæй. Уыдон йæ радзырдæн дæттынц таурæгъы æууæлтæ, кæнынц æй хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн. Секъайы уацмысты æвзаджы тыххæй цы загътам, уый ахæссæн ис Коцойты Арсены ра- дзырдты синтаксисмæ дæр. Арсен у æвза- джы дæсны, йæ хъуыды вæййы рæстдзæвин, уымæ гæсгæ йæ хъуыдыйæдтæ сты æлвæст, асæй — цыбыр, мидисæй — дзаджджын, бы- нат дзы нæй уæлдай ныхæстæн. «Декрет»-ы æртæ фарсыл хуымæтæг хъуыдыйæдтæ ис 37, бабæтгæвазыгджынтæ — 4, домгæвазыг- джынтæ — 7, домгæвазыгджынтæ цалдæр уæлæмхæс хъуыдыйадимæ — 3. Фыссæджы миниуджытæ иуæрдыгæй сты архайæгæн цæстуынгæ, раст æмæ ирд харак- теристикæтæ дæттын хуымæтæг, цыбыр хъуыдыйæдты фæрцы. Иннæмæй та, цы ныв- тæ фæлынды, уыдон фæлгонцджынæй, æх^- хæстæй, алывæрсыгæй равдисыны тыххæй пайда кæны бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæд- тæй дæр, — уыдонæн сæ гæнæнтæ сты уæрæх, цаутæ æмæ сурæттæ æвдисыны хъуыдда- джы. Зæгъæм, йæ алы къахдзæф дæр бар- гæ чи кæны, уыцы хинæйдзаг Лексойы бæл- лиц у зæронд дуджы раздæхт æмæ йæ су- сæг фæндон æвдыст цæуы ахæм хъуыдыйады сЬæрцы: «Гæнæн нал уыдис, æмæ ныффыста Лексо æндæр фыстæг редакторы амындмæ гæсгæ, фæлæ та дзы уæддæр иу æздухæн ныууагъта». Фысжыты ног фæлтæры сфæлдыстады арæхæй-арæхдæп зындысты вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Мамсыраты Дæбейы радзырД 86
«Райгуырæн бæстæ»-йы синтаксис фыццаг ба- кастæй цыма Арсены уацмысты синтаксисæй зынгæ нæ хицæн кæны, афтæ зыны. Фæлæ лæмбынæг æркæсгæйæ, сбæрæг, радзырды кæй ис æрмæст 27 хуымæтæг хъуыдыйады æмæ 32 вазыгджын конструкцийы. Уыдонæй иутæ сты бабæтгæвазыгджын, нннæтæ та домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ иу кæнæ цалдæр уæлæмхæст хаимæ, уыимæ дзы ис алыхуызон æнæбæттæг хъуыдыйæдтæ. Но- джы дзы бафиппайæн ис фæрссагмион здæх- тытæй загъд иртæстгонд фадатои дзырдтæ дæр. Уыдон ирон аив лæтературæйы уыды- сты ног фæзынд. Ахæм здæхтытæ хъуыдьт- йады иртæстгонд ’æрцæуынц, цæмæй сын чиныгкæсæг сæ нысаниуæгмæ йæ хъус лæм- ’бынæгдæр æрдара. Зæгъæм: «Куы йын ба- кой кодтон мæ фæндон, уæд мын, йæ мид- былты æнæрвæссон худт бакæнгæйæ, дзуапп радта». Хъæздыг у йæ уацмысты синтаксис Дзад- тиаты Тотырбегæн дæр. Йæ радзырды хуы- мæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдтæн ис ахæм ахаст — 41 : 29. Фыссæг кæд хуымæ- тæг хъуыдыйæдтæй уæрæх пайда кæны, уæддæр уыдон цæхгæр хицæн кæнынц. адæ- мон сфæлдыстады æмæ революцийы агъом- мæ фыст чи æрцыд, уыцы уацмысты хуы- мæтæг хъуыдыйæдты арæзтæй. Абарыны тыххæй ма æркæсæм Арсены иу радзырдæй ахæм хъуыдыйадмæ: 1. Бады Лексо, æрдиаг кæньт. 2., Фæлæ аргъуаны кувджытæ бонæй-бонмæ къаддæр кодтой. 3. Афтæ æфтиаг дæр къаддæр цыди. Ахæм хъуыдыйæдтæй фыссæг арæх пайда кæньт. Стьт дывæрсыг, цыбыр, нæй сæ иртæстгонд кæнæ æмхуызон, кæнæ бавæргæ дзырдтæ. Тотырбеджы радзырды хъуыдыйæдтæ фьтл- дæр дзырдтæй арæзт цæуынц. Зæгъæм: . «Кабардинкæйæ Новороссийскы астæу хæх- тьт æмæ Мысхакойы æвæрд сарамадзантæ æмæ «катюшæтьт» батарейтæуыцыиу рæстæг æмхуызонæй сбогъ-богъ кодтой». Радзырды æмбæлынц фæрссагмион здæх- тытæй æвдыст иртæстгонд фадатон дзырд- тæ дæр: «...штурмгæнæг «ИЛ»-тæ фашисттьтл калдтой бомбæтæ æмæ эр-эс-тæ, уæлдæфы рухсгæнæн зонттæ «æрцауындзгæйæ». Хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæд- тæй æмхуьтзон пайда кæны йæ уацау «Мæт»-ы зындгонд фыссæг Дзестьт Куыдзæг. Сæ ахаст у афтæ — 25:16. Вазыгджын хъуыдыйæдтæй уацмысы стырдæр ахадын- дзинад ис домгæвазыгджынтæн иутай уæ- лæмхæст хъуыдыйæдтимæ. Уыимæ уæлæм- хæст хæйттæ стьт алыхуызон æмæ’ æнтыст- джынæй æххæст кæнынц стилистикон алы- хуызон хæстæ. Иу дæнцæг: «Ахæм тьтзмæг дзуапп ын куы радта сæрдар, уæд Бибо фæ- тарст, фадат ьтн куынæуал фæуа, æмæ дзу- рынмæ фæци». 60—80-æм азтьт литературæ гьтнг хъæздыг у вазыгджын хъуыдыйæдтæй. Сæ хæйттьт æхсæн ис алыхуызон бастдзинæдтæ. Хъуы- дыйæдтæй иутæ хæссынц информаци, ин- нæтæ хъæуынц истьт нывтæ фæлындзынæн, аннæтæ сты эмоционалон — аргъгæнæн. Уы- доны руаджы фыссæджы ныхас рауайы фæлгонцджын, хуызджын. Æрмæстдаер ахæм хъуыдыйæдты фæрцы вæййы æххæст- æй равдисæн фыссæджы вазыгджын хъуы- дьттæн æмæ цы цард æвдисы, уый нывтæн. Ранымад хуызтæй ивынц сæ кæрæдзийы, баст вæййынц бæттæгтæй дæр æмæ æнæ уыдонæй дæр. Афтæ, зæгъæм, Цæгæраты Максимы уац- мысты æвзаджы арæх сты бирæ хæйттæй конд. вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуьтдыйæдты ахаст у аф- тæ — 70:58. Арæх афтæ рауайы, æм« кæрæдзийы фæдыл ахал вæййынц къорд ва- зыгджын хъуыдыйады, уыдоньт фæстæ тэ фæзынынц иугай хуьтмæтæг хъуыдыйæдтæ. 1. «Æрмæстдæр йæ бынатæй стгæ скæнæд. ^нлæп адæм ныххор-хор кæндзысты». 2. «Цæхæрадоны чындзимæ йæ фæивддзаг . кæндзынæ, афтæмæй йæ куыд уарзынц». Ахæм конструкцитæ æххæстæй равдисынц фыссæджы хъуыдытæ æнæ уæлæмхасæн фиппаинæгтæй. Фæстаг азты прозæ тырны адæймаджы миддунейы æвæрæнтæ æмæ æцæгдзинад альт- вæрсыгæй равдисынмæ. Иу ныхасæй, прозæ йæ хæсыл канд цаутæ æмæ фæзындты тьтх- хæй оадзурын нæ нымайы, фæлæ ма уыдоньт бастдзинад æмæ æмахастдзинад равдисын дæр, цæмæй чиныгкæсæджы хона йæхи æмæ персонажты хъуьщыты фæдыл. Æппæт уы- цы хæстæ сæ дæлбар кæньтнц уацмысты син- таксис дæр, æвзæрын дзы кæнынц вазыг- джьтн хъуыдыйæдтæ. Мæрзойты Сергейы радзыпды тексты тынг арæх æмбæлынц бирæ хæйттæйконд кон- струкцитæ. Уыдон фадат дæттынц иу хъуьт- дьтйады мидæг цалдæр нысаниуæджы рав- дисынæн. Заводтæй æдас бынæттæм бирæ раластой, фæлæ ма дзьт дзæвгар баззад, зæхх кæм судзы, уътм дæр». Тынг биоæ ис вазыгджын хъуыдыйæдтæ Хъайттаты Сергейы уацмысты дæр. Фыс- сæгæн йæ уарзондæр хъуыдыйæдтæ сты дом- гæвазыгджынтæ. Альт фраза дæр хæссьт хи- цæн информаци, уымæ гæсгæ хъуыдыйады нал бахъæуынц уæлдай ранымæдтæ. Дæн- цæг: «Кæддæры салдæттæ, дьтууæ азы раз- мæ Германьт хæстæй чи сыздæхт, уыдон сав берданкæтæ фæстæмæ арф æвæрæнтæй рай- стой», Статистикæйы руаджы бæрæг у, цьт текст- тæ райстам, уьтдоны хъуыдыйады хуызтæ цас æмбæлы,'уый. 1. Хуымæтæг хъуыдыйæд- тæ: революцийы агъоммæ —182, ревелю- цттйьт (Ьæстæ — 330: 2. Бабæтгæвазыгджын- тæ — 25 æмæ 32: 3. домгæвазыгджынтæ иу уæлæмхæст хъуыдыйадимæ — 38 æмæ 93: 4. домгæвазыгджьтнтæ цалдæр уæлæмхæст хъуыдыйадимæ — 9 æмæ 17; 5. æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйæдтæ — 24 æмæ 53 æмæ а. д. Ам æвдыст цæуьт, ирон æвзаг вазыгджын конструкцитæй куьтд хъæздыг кодта, уый. Уымæй уæлдай ма базонæн ис литературон æвзаджы уыцы конструкциты сæвзæрды фæндæгтæ æмæ йæ аххосæгтæн. Ирон ада* $7
мвн ныхасы вазыгджын конструкцитæ стæм ’хатт жæййыыц, фылдæр дзы пайда кæнынц хуымæтæг æмæ бабæтгæвазыгджын хъуы- дыйæдтæй. Уыцы хъуыдымæ æрцыдысты Галазты Æ. æмæ Исаты М, сæ куысты (На- роды — братья, языки — братья. Орджони- кидзе, 1987, 171 ф.). Цы нымæцтæ æрхастам, уыдон канд ууыл нæ дзурынц, æмæ синтаксисон структурæ- тæй фысджытæ æмхуызон арæх нæ пайда кæнынц. Нымæцтæ ма ирд æвдисæн сты, советон дуджы ирон литературон æвзаджы вазыгджын. конструкцитæ кæй сарæх сты, уымæн.. Литературон æвзаг рæзы: дардæр- дарддæр цæуыдзургæ ныхасы традицион фæткæй. Нырыккон фысджытæ с.æ текстты синтаксисæн агурынц ног экспрессион фæ- рæзтæ. Ахæм фæрæзтæ æвзæрынц, фыцца- джыдæр, мадæлон. æвзаджы æгæрон авна- лæнтæй, уый фæстæ та уырыссаг æвзаджы æндæвдадæй. Уыцы фæрæзты æмархайды фæстиуæг у ирон еинтаксисы рæзт, йæ хъомысдзинад, вазыгджын хъуыдыйæдтæ та свæййынц хъуыды хуызджын æмæ бæлвырд- æй æвдисыны мадзал. Каеронбæттæны скæнæн ис иукъорд хат- дзæджы: Ирон фысджыты уацмысты цы синтакси- сон конструкцитæ ис, уыдон сты алыхуызон. Нымæцтæ æвдисынц, фæсреволюцийы уацмысты вазыгджын æмæ хуымæтæг хъуы- дыйæдты æмахаст куыд ивы, уый. Æндæр у хъуыдыйæдтæн се структурæ дæр, ома сæ мидæг ис фæрссагмитæ кæнæ фæрссагмион здæхтытæ. Вазыгджын синтаксисæй револю- цийы агъомæйы литературæ дæр пайда код- та, фæлæ алыхуызон синтаксисон конструк- цитæ литературон æвзаджы æрдзон хай сыс- ты æрмæстдæр революцийы фæстæ. Уыцы фæзынд иуæй у ирон æвзагæн йæхи гæнæн- ты æрдзон райрæзт, иннæмæй та уырьюсаг æвзаджы рæстмæ æндæвдады фæстиуæг., ХРОНИКÆ: 25 йюны Цхинвалы цытджын æгъдауæй нысангонд æрцыд Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны 50 азы бон. Бæрæгбоныл сæмбæлынмæ уазджытæ æрцыд Тбилисæй, Дзæуджыхъæуæй; Сухумæй, Батумæй, Гурæй. Боны 3 сахатыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны кæрты байгом стыр ирон нывгæнæг, Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны бындурæвæрæг Тугъанты Сафары фырт Махар- беджы цырт. Уым уыдысты æрхонгæ уазджытæ, г. Цхинвал æмæ областы æхсæнады минæвæрттæ. Цырты раз сæвæрдтой дидинджытæ. Уый фæстæ нывты галерейы байгом юбилейон равдыст. Театралон фæзуаты уыд вер- нисаж. •; Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоныл 50 азы сæххæсты сæраппонд цытджын æм- бырд уагъд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры агъуысты. Юбилейы куысты хайад райстой областы партион æмæ советон разамындгæнджытæ.
СКЪОЛАЙЫ ЦАРДÆЙ ПЛИТЫ МУСС Е АХУЫРЫ АХСДЖИАГ АМАЛ Педагогикæ йæ фæзындæй фæстæмæ егъ- ау фæндагыл рацыд. Размæ йæ чи кодта, азæй-азмæ йæ чи хъæзныг кодта, йæ исто- . рийы аккаг бынат цы курдиатджын педагог- тæ бацахстой, уыдон ахуыргæнæгæй домд- той, цæмæй уый ахуырдзаутæм дара уæз- дан ахаст, алкæй дæр сæ нымайа сомбоны размæдзыд æхсæнады аккаг уæнгыл. Ахуыргæнæг сывæллæтты ахуыр-хъомыл- адон куыстмæ куыд рæхсы æмæ йæм ца- хæм ахаст дары, уымæн дæр къаддæр ны- саниуæг нæ дæтты педагогикæйы ахуырад. Ацы дыууæ факторы кæрæдзийы.л æнгом баст сты æмæ сæм æмбæлон ’хъусдард зда- хын хъæуы. Иу дзы рохуаты куы баззайы, уæд иннæйы фæстиуджытæ дæр рæстмæ нæ вæййынц. Дыууæ "фарсты дæр сæрмагонд хъусдарды аккаг кæй сты, уымæ гæсгæ мæ зæгъын фæнды ахуыры процессы иу аха- дæн амалы тыххæй. Сывæллæттæн програм- мон æрмæджытæ æнцонæмбарæн дзырдты хъуыдыйæдты фæрцы куы бацамонæм, уæд сæ хуыздæр кæй бамбарынц, уый, æвæц- цæгæн, алы ахуыргæнæг дæр фæхаты. фæ- лæ алы ахуыргæнæг афтæ нæ аразы, уы- мæн æмæ йæ уæд фылдæр кусын хъæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, программон æрмæ- джыты цы дзырдтæ æмбæлынц, уыдонæн се ’мбисы бæрц хуымæтæг нæ вæййынц. Æмæ афтæ куынæ уа, уæд уый раст нæдæр уыдзæни, уымæн æмæ сывæллæттæ цас алы- хуызон дзырдтимæ зонгæ кæнбй, фылдæр синонимтæ зоной, уыйбæрц се ’взаг хъæз- ныгдæр кæны. Уæдæ ахуыргæнинæгтæ зынæмбарæн дзырдтыл куы фембæлой, уæд сын-сæ ивын хъæуы æнцонæмбарæн дзырдтæй, синоним- тæй, æгæрстæмæй æндæр æвзаджы дзЫрд- тæй дæр, уымæн æмæ, сывæллон цы не ’мба- ра, уый хъуыды дæр нæ кæндзæни. Ахуыр- гæнинагæн хъуыдыйады мидæг зынæмбарæн дзырд куы уа, уæд хъуыдыйады мидис раст нæ фембары, стæй йæ кæй не ’мбары, уый тыххæй йæм нæ цымыдис кæны, нæ йыл хъуыды кæны. Программон æрмæджы- ты ахæм ахуыр педагогикæйы хуыйны ме- ханикон, кæнæ та тыхахуыр. Ахæм ахуыр- æй сывæллæттæ фидар зонынæдтæ нæ ис- ынц, уый сын у æрмæстдæр æвæрццаг ны- сæнттæ райсыны амал, программон æрмæ- джытæ рæстæгмæ сахуыр кæныны амал. Цæвиттон, ахуыргæнинаг æмдзæвгæйæн йæ мидис куы нæ бамбары, афтæмæй йæ кæ- рæй-кæронмæ тагьд-тагъд куы радзура, уæд ахæм дзуапп кæй зæрдæмæ фæцæуы, уæддæр. Уый тыххæй æмæ сомбоны царды, æхсæнады хъæуынц æрмæстдæр æцæг зо- нынæдтæ. Æвзаджы æрмæджытæ дæр ахæм хуызы ахуыр куы цæуынц, уæд уым дæр уавæр хуыздæр нæ вæййы. Ахуыргæнинаг граматикон фæткой цасфæнды рæсугъд куы радзура, уæддæр æй цæвиттонтæй куынæ бафидар кæна, уæд дзы тагъд ферох уы- дзæни. Цасдæр рæстæджы фæстæ уыцы фæткойæ йæ куысты не спайда кæндзæни, рæдыдтытæ дзы ауадздзæни. Уæдæ алы урочы сæйрагдæр нысан уый мидæг ис, æмæ сывæллæттæ цы æрмæг ахуыр кæнынц, уый хъуамæ бамбарой хорз. Æцæг ахуыргæнæг, йæ дæсныйад чи уарзы, æдзух йæхиуыл чи кусы, уымæн педагоги- кæйы цы ногдзинæдтæ фæзыны. уыдон зынд- гонд вæййынц. Иæ ахуыр-хъомыладон куысты уыдон фагыл чи нымайы, уый та йæхи сфæлдыстадон процессы, хи фæлтæрд- дзинадæй, пайда кæнгæйæ, бакусы програм- мон æрмæджыты хуыздæр бацамоныны ног амæлттыл. Æмæ уымæй хъæзныгдæр кæны предмет амоныны методикæ. Афтæ дæр вæййы, æмæ ахуыргæнæджы куысты цы- дæр рационалон амæлттæ ис, фæлæ сæ мы- хуырон органмæ фæхæццæ кæнынмæ нæ арæхсы, кæнæ та сæ ахуыргæнджытæн ба- цамонын йæ цæст нæ уарзы. Уыцы ног- дзинæдтæ кæд æгъдауыл ныффыссыны тых- хæй нæ хæццæ кæнынц газетмæ кæнæ жур- налмæ, уæд ахæм ахуыргæнæгæн баххуыс кæнын хъæуы. Æмæ сæ кæд йæ коллегæ- тæн йæ цæст нæ уарзы, уæд та йын сусæг нæ бауыдзысты. Кæд алы ахуыргæнæджы куысты нæ, уæддæр бирæты куысты ис цы- дæр хорз миниуджытæ æмæ сæ хъæуы рæгъмæ рахæссын. Уый тыххæй бирæ кусын хъæуы ахуыр-хъомыладон прогрессы ног амал, ног метод чи агуры, уыцы ахуыргæнæ- джы, стæй уыцы фæлтæрддзинадыл чи ахуыр кæны, уый дæр. Цæвиттон, ахуыргæнæг методикон баиу- гæнды рабадтмæ кæнæ педагогон бафарсты- тæм фыесы докладтæ: «Уацмыстæ анализ кæнын», «Ирон æвзаджы методикæ», «Эс- тетикон хъомылад» æмæ æндæртæ. Ацы темæтæн æрмæст сæ сæртæй дæр бæрæг у, уыдон ахуыргæнæджы хифæлтæрддзинадæй ист кæй не сты, уый. Темæ, хикуысты прак- тикæйæ кæй у, уый йæ сæрæй дæр хъуамæ бæрæг уа, хъуамæ йын уа практикон, мето- дикон хуыз. Цæвиттон, уæлдæрхастгонл темæтæ равæрын хъæуы афтæ: «Куыд ана- лиз кæнын фæндзæм къласы ахуыргæнинæг- тæн Хетæгкаты Къостайы радзырд «Дзæби- 89
дырдзуан», «Куыд амонын фæндзæм къласы ахуыргæнинæгтæн», «Ныхасы хæйтты», <«Куыд пайда кæнын аивадон уацмыстæ æмæ æвзаджы æрмæджытæй ахуыргæнинæгтæн эстетикон хъомылад дæттыны рæстæджы» æмæ а. д. Фарст афтæ æвæрд куынæ вæй- йы, уæд кæцæйдæр кæйдæр ныхæстæ ра- фысс æмæ искæйты ахуыр кæн мæнæ ахæм амалæй æмæ а. д. Уæдæ дзурын хъæуы кон- кретонæй, фыццаг цæсгомæй. Ахуыр-хъомыладон куыстмæ сфæлдыст- адон ахаст куы дара ахуыргæнæг, уæд ын бирæ цыдæртæ саразын бантысдзæни. Цæвиттон, программон æрмæджытæ амо- ныны хъуыддаджы терминтыл æнцой кæны- нæн ис егъау ахадындзинад. Ахуыр-хъомыладон куысты сæйрагдæр фактортæ сты амонын æмæ домын. Сывæл- лæттæн программон æрмæджытæ бацамонын у сæйрагдæр, уымæн æмæ сын куы ницы бацамонай, уæд сæ цы хъуамæ æрдомай? Фæлæ сæ, куыд æмбæлы, афтæ куынæ до- май, уæд амоныны нысан къухты не ’фты, уый тыххæй мæ ахуыргæнинæгтæй фæдо- мын, цæмæй алы термин, алы ног æрмæджы сæрыл дæр дзæбæх ахъуыды кæной, хорз æй бамбарой. Уымæн æмæ ног æрмæджы сæр æмæ терминтæ цасдæр бæрцæй æвди- сынц æрмæджы мидис. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæджыты (ахуыргæнæн чингуы- ты) автортæ афтæ æнæхъуаджы нæ рахуыд- той. Темæйы сæр у, мæнæ дзаг хæдзармæ пудзынгæй кæнæ хæдзары дуарæй куыц бакæсай, афтæ. Цæвиттон, мæ ахуыргæни- нæгтæн хъæлæсонтæ, зылангон æмæ æзы- лангон æмхъæлæсонтæ куы фæамонын, уæд сæ бафæрсын: «Сывæллæттæ, ацы æрмæ- джыты сæртæ, ацы терминтæ цыма сымах райдиан кълæсты дæр фехъуыстат æмæ сыл нæ ахъуыды кодтат? Цæуыл дзурæг сты? Уырыссагау дæр сæ фехъуыстат, сахуыр сæ кодтат. Цæмæн сын ахæм нæмттæ ис? Пæмæн сæ афтæ хонынц? Сывæллæттæ ныс- сабыр вæййынц. Дзуапп раттын сæ фæнды, фæлæ фарстытыл не ’мбæлынп. Ахæм куы- сты сæм практикæ нæма ис. Æмæ сьтн сæ куы райхалын, уæд ахæм амал сæзæрдæ- мæ фæцæуы. Фарстытыл ахæм хуызы куынæ æмбæ- лынц. уæд сын сæ фæхуымæтæгдæр кæнын. — Сывæллæттæ, хъæлæсонтæ цæмæй конд сты? — Ахуыргæнæг, хъæлæсонтæ конд сты æрмæстдæр хъæлæсæй. — Сывæллæттæ, уырыссаг æвзаджы дæр афтæ не сты? — Ахуыргæнæг, афтæ сты. — Æмæ йæ \тæдæ, сывæллæттæ. кæч бам- бæпстат, уæд афтæ цæмæн хуыйнынц? Дзуапп раттынмæ сæ къухтыл схæцынц сæ фылдæр хай «Ахуыргæнæг, уымæн æмæ конл сты æрмæст хъæлæсæй» (а, у, о, е, и, æ, ы). æндæр сæ ницы ис. — Сывæллæттæ, æмæ уæдæ зылангон æмæ æзылан^он мыптьт ’хсæн тя пьт хиття^«- лзинад ис? Уыдонæн та куыд у се сконл? Сæ н^мттæ ^ьтн нииæуыл лзуоыни? Зæгь- æм/ (б, в, г, гъ. д, дз, дж, ж, з. æмæ б, ф, к, х, т. тт. ч. ттт, с æмхуызон зæлланг кæ- нынц. се сконгт иугъуызон у? — Ахуыргæнæг. б, в, г. гъ. л. лз, пж. ж, æмæ з-йыл куьт лзурæм, уæд зьтлзнг кæньтни. уымæн æмæ уьтпон сконльт ис хъæлæс æмæ сыбыптт. Инчæтæ та нæ зчлянг кяечычи. уымæь æмæ кпнд сты æрмæст сыбырт- тæй. Зылангонты хуызæн ирдæй дæр уьтмæн нæ фехъуысынц. Уæдæ ахуыргæнинæгтæ программон æр- мæджытæ механикон æгъдауæй куынæ ахуыр кæной, уæд дзырды хæйттæ-разæ- фтауæн, фæсæфтауæн æмæ кæроны ’ куыд хъуамæ ма зоной, куыд сæ хъуамæ схæц- цæ кæной, кæд æмæ терминтæ сæхæдæг сæхи тыххæй дзурынц, дзырдæн сæ чи кæцы бынаты вæййы, уыи сæ нæмттæй бæрæг у. Сæ нысаниуæгыл ма ирдæй дзурынц мæнæ ацы терминты нæмттæ дæр: номдар, сæр- магонд номдар, иууон нымæц, бирæон ны- мæц, нымæцон, номивæг, мивдисæг, нырык- кон, ивгъуыд, суинаг афон, миногми, фæрс-: агми, фæсæвæрд æмæ бирæ æндæр æрмæ- джытæ. Æркæсæм дзы бæлвырддæр иуæй-иу æр- мæджытæм, сывæллæттæн сæ урокыл куыд амонын, ахæм хуызы. Кæй зæгъьтн æй хъæ- уы, сывæллæттæн уыйбæрц æрмæгыл иу урочы рæстæджы нæ фæдзурынц, алы æр- мæгæн йæхицæн сæрмагонд рæстæг вæййы. Ам сæ æрбаиу кодтон, уымæн æмæ сæ амо- ныны метод иу у æмæ сыл хицæнтæй лыс- тæггай дзурын ахæм уацы ницы пайда у. Цæвиттон, номдар амонгæйæ, сывæллæтты фæрсын: — Сывæллæттæ, ацы дзырд хуымæтæг у æви вазыгджын? Кæд æй райдиан кълæсты нæ фехъуыстат, уæддæр ма йыл дзæбæх ахъуыды кæнут. Амæн дæр та йæ ном цы- дæр æвдисы. Иуæй-иутæ сæ къухтыл схæ- цыдысты. Дзуапп: вазыгджын дзырд у. Конд у ном æмæ дарæй. — Раст æй базыдтат, фæлæ йæ нысани- уæг та куыд у? Дзуапп: цьт предметтæ нысан кæны, уы- донæн ис нæмттæ. Сывæллæттæ, алы предметæн дæр ис йæ- хи ном. Æмæ уæдæ сæрмагонд номдар æмæ иууон æмæ бирæон нымæцтæ та куыд æм- барут? Дзæбæх сыл ахъуыды кæнут, зы- нæй дæр дзы ницы ис. Хъуыды кæнынц. — Дзерассæ; мæнæн мæ ном сæрмагонд у, мæнæ Сосланæн дæр. Æрхæссæм мæнæ ахæм цæвиттонтæ: Сослан хорз фыссьт. Ногдзау цæвиттой- наг хъуамæ уа. Ам Сослан сæрмагонд ном у, фæлæ ногдзау нæу, уымæн æмæ мах не ’ппæт дæр ногдзаутæ стæм. Иууон нымæц нысан кæны иугай предметтæ, бирæон ньт- м^æц та æвдисьт фылдæр предметтæ. Зæгъ- а^м. ахуыргæнинаг, æмæ ахуыргæнинæгтæ. Дзерассæ, тынг хорз, раст хъуьтды кæ- ньтс, сбад. Сывæллæттæ, уе ’ппæт дæр аф- тæ хъуыды кæнут? Уæдæ тынг хорз. Сьт- вæллæттæ, алы программон æрмæгыл, су- анг райдианæй фæстæмæ афтæ чи нæ фæ- хъуыды кæны, уьтдон тагъд ферох вæй- йынц, æгæрстæмæй сæ дæ^æм кълæсты дæр бипæтæ нæ фæзонынц. Цæвиттон, дæсæм къласьт ахуыргæнинæгтæ ныхасы хæйттæм гæсгæ æвзæрстой хъуыдыйад, æмæ номи- вæг æмæ мивдисæг цы хуьтйнытш, уый нæ базыдтой. Ахъуыды ма сыл кæнут, куьтд V сæ конп. цахæм V сæ нысаниуæг, цьт ’вди- сьтни? Зæгъæм, Уырызмæг? Уырызмæг: адон дæр вазыгджын дзырД’ тæ сты: номивæг æмæ мивдисæгæй. Мив- дисæджы зоньтнц. Уый æцæг предметæн йаз ми, йæ архайд æвдисы, фæлæ номивæди<ы нæ хъуыды кæнынц. Уырызмæг, сбад. РзсТ 90
хъуыды кæныс, дæ дзуапп мæ зæрдæмæ фæцыди. Номивæг дæр цыдæр ивы, сабитæ, æмæ йæ чи зæгъдзæнис, цы ивы, кæнæ дзы цæй- бæсты фæпайда кæнæм? — Сывæллæттæ, ничи йæ зоны? Уæдæ уын мæнæ цæвиттонтæ æмæ сыл ахъуыды кæнут: Ацæмæз ахуыр кæны фæндзæм къласы. Уый ахуыр кæны /ынг хорз. Сы- вæллæттæ, уæ хъусдард уæлдай тынгдæр аздахут хъуыдыйæдты дзырдтæм. Сæли- мæт, дæу фæнды, зæгъ-ма. — Ахуыргæнæг, сымах дыккаг хъуыды- йады Ацæмæзы баивтат дзырд уый-йæ æмæ уый, æвæццæгæн, номивæг у. — Тынг хорз, Сæлимæт, раст загътай. Æрмæст ыл дызæрдыг ма хъуамæ кæнай, дыккаг хъуыдыйады дзырд уый н.омивæг у, ивгæ та бакодта сæрмагонд номдар Ацæ- мæзы. Сæлимæт, уый р’аст фæхатыдтæ. Номивæджы канд номдарты бæсты нæ фæ- «...Ацы сывæллонæн ма цы сара- зон, цы мадзалæй нæ архайын йемæ, цы метод нæ бафæлвæрдтон, уæддæр никуы æмæ ницы. Дамгъæты хицæн- тæй дзуры, иугай сæ кæсын зоны, фæлæ уæнггай, кæнæ сæ дзырды æм- хæстæй бакæса, уый йæ бон нæ цæ- уы. Йæ мад дæр мын дзы арæх фæ- хъаст кæны...» Ахæм хъæстытæ фе,- хъусæн ис райдиан кълæсты алы ахуыргæнæгæй дæр. Чизоны, искæмæ диссаг фæкæса ацы хъуыддаг, фæ: лæ ахуыргæнæгæй чи кусы дзæвгар азты дæргъы, уымæ диссаг нæ фæ- кæсдзæн, уымæн æмæ йæ куысты фембæлы, ахуыр кæнынмæ æмхуы- зон æвзыгъддзинад кæмæн ’нæй, ахæм бирæ алыгъуызон сывæллæт- тимæ. Ахуыр æмæ кæсын чи нæ фæ- разы, уыцы скъоладзауты фехсо- йынц сæ ныййарджытæ, йæ аххосаг ын нæ фæзонынц, афтæмæй: зивæг- гæнаг дæ, зæгъгæ, дæ хъус нæ дарыс ахуыргæнæджы амындмæ, нæ дæ фæнды ахуыр кæнын æмæ æндæр ахæмтæ. Æмæ уæд сывæллон вæй- йы ныгъуылд, чысыл ницæйы тых- хæп дæр мæстыгæр, йæхи иуварр фæ- ласы йе ’мбæлттæй æмæ сæйраджы зæгъæм, фæлæ ма миногонтæ æмæ нымæ- цонты бæсты дæр. Программæмæ гæсгæ сæ куы цæуæм, уæд сæ бæстон бацамон- дзынæн æмæ сæ бæстон сахуыр кæндзыстут. — Сывæллæттæ, æппæт æрмæджытæ дæр ахуыр кæндзыстæм ахæм амалæй, уымæн æмæ, цы дзурай, цы фыссай, уый хъуамæ æмбарай, кæннод нæ дæр йæ дзурын пайда у, нæ дæр йæ фыссын. Афтæ нæу, сывæл- лæттæ. — Афтæ у, ахуыргæнæг. — Сывæллæттæ, ахуыр кæндзыстæм л,и- тературон æрмæджытæ дæр. Уацмысæй дæ зæрдæмæ цы фæцыди? Цæмæн? Цы дзы нæ фæцыди? Цæй тыххæй? — Ахуыргæнæг, уый дæр хорз у, кæннод рох кæнынц. Уæдæ ахуыргæнинæгтæн фыццаг рады хъæуы бацамонын хъуыды кæнын, хъæуы сæ сфæлдыстадон куыстыл фæцайдагъ кæ- нын. БИТЕТЫ ФАРИЗÆТ та нал фæуарзы чиныг кæсын, алы ’фсæнттæ мысы æмæ фæстæмæ ’ргъæ- вы йæ чиныгимæ кусын, куы та йæ æфхæрой, уымæй тæрсгæйæ. Ахæм сывæллæттæ ницы сахъатджын вæй- йынц. Сæ физикон, психикон æмæ физиологон рæзтмæ ницы лаз æр- хæссæн вæййы. Бирæ хатт матема- тикæйæ фæдæттынц раст дзуаппы- тæ, урочы мидис радзурынц, ахуыр- гæнæг сын æй куыд бацамоны, афтæ. Гæнæн ис, æмæ ныв кæной хорз, пластилинæй аразой истытæ, конс- трукторæй раст æмбырд кæной алы- гъуызон машинæтæ. Гъе, фæлæ та кæсыны урокыл сывæллон йæхи ныт- тар кæны, нæ йæ фæфæнды кæсын. Диссаг уый у, æмæ сывæллон дам- гъæтæ хицæнтæй фæзоны, фæлæ уæнгтæ æрбаиу кæна, сæ кæрæдзи- мæ, æнæхъæн дзырдтæ сæ сараза, гъе, стæй сæ æмхæстæй бакæса, уый йæ бон нæ вæййы. Ацы аххосаг, махмæ куыд фæкæ- сы, ома сывæллон зивæг кæны, зæгъ- гæ, уымæн ноджы вазыгджындæр у æмæ йæм хъус тынг æрдарын хъæ- уы. Ахæм сабиты æнæмæнг хъуамæ ахуыры райдианы басгарой дохтыр- РАИДИАН КЪЛÆСТЫ ЧИНЫГ КÆСЫНЫ КЪУЫЛЫМПЫДЗИНÆДТÆ ÆМÆ СÆ АИУВАРС КÆНЫНЫ МАДЗÆЛТТÆ 91
тæ, сæ уынынад, сæ хъусынад, дзы- рдты раст дзурын, æмæ цалынмæ сывæллон цæсты нæ бахауы, æмæ йæхимæ нæ ныхъхъусы^ мæ бон ни- куы суыдзæн кæсын сахуыр кæнын, ницы мæ рацæудзæн, зæгъгæ, афтæ нæ ахъуыды кодта, уæдмæ ахуыр- гæнæг дæр æмæ ныййарæг дæр хъуа- мæ сахуыр кæной ахæм сывæллоны ^ыхтæ, йе ’взыгъддзинæдтæ ахуырмæ æмæ хъуамæ уа сæрмагонд хъусдар- ды бын. Домын дзы хъæудзæн йæ тыхтæм гæсгæ. Æцæг у, стæй уæл- дæр кълæсты ахуыргæнджытæ рай- диан кълæсты ахуыргæнджытæй фæдомынц æмхуызон хорз бацæттæ- гонд сывæллæттæ. Уый уымæн афтæ у, æмæ нæ фæзонынц, рæйдиан кълæ- сты ахуыр-хъомыладон куысты ца- хæм егъау зындзинæдтæ ис, уый. Чизоны, искæмæ æгæр æнцон дæр ма фæкæсы райдиан кълæсты куыст: — Цы дзы хъæуы? кæсын-фыссын æмæ математикæйы цыппар архай- ды, хаткæныны таблицæ æмæ а. д. О, фæлæ уыдон райдиан кълæсты сывæллæттæн чысыл уаргъ не сты. Стæйдæр ногдзаутæ æмхуызон цæт- тæдзинæдтимæ 1не ’рбацæуынц. Райдиан кълæсты ахуыры процес- сы чиныг кæсыны фарст у иууыл стырдæр проблемæ. Уымæн æмæ зо- нæм, цырд, раст æмæ аив кæсынæн цахæм стыр нысаниуæг ис,~уый. Цас сывæллон цырддæр æмæ аивдæр ар- æхса чиныг кæсынмæ, уыйас йæ бон уыдзæнис бахæсгонд æрмæг тагъддæр бацæттæ кæнын. Иуæй-иу сывæллæттæ, стыр æр- мæг сын куы вæййы бацæттæкæни- наг, уæд уый тыххæй ныккатай кæ- нынц, кæд фæуыдзæн каст, зæгъгæ. Æмæ стæй уæд иннæ уроктæ та? Рæстæг ма баззайдзæн сæ бацæттæ кæнынæн? Куыд æмбæлы, афтæ ма сæ сахуыр кæндзæн? Нæй, кæд æй тынг зæрдыйæ фæнды, уæддæр. Гъе, æмæ скъоладзау райдайы ахуыры фæстийæ зайын, нал феййафы йе ’мбæлтты. Аив, раст æмæ цырд кæ- сын цы сывæллæттæ нæ базонынц, уыдон фæхонынц зивæггæнаг, æнæ- сæттон, æвзæр, фæдзурынц сын ал.ы- гъуызон æфхæрæн ныхæстæ, ныл- лæг сын кæнынц сæ кад æмбæлтты цæсты, нæ сæ фæуадзынц хъазынмæ, хиирхæфсынмæ, телевизормæ кæ- сын æмæ æндæр ахæмтæ. Ахæм карз барæнты фæстæ сывæллонмæ фæзы- ны ног æппæрццаг миниуджытæ: сфыдуаг вæййы, дзырдмæ нал фе- хъусы, никæуылуал феууæнды, сыв- зæры йæм фыдæхдзинад алкæмæ дæр, свæййы мадзура, иувæрсыг æмæ нынныгъуылы йæ хъузджы. Никæ- имæ дих кæны йæ цин æмæ йæ хъыг, уæддæр мæ ничи бамбардзæн, зæгъ- гæ. Уыцы рæстæг у сывæллонæн иу- уыл тæссагдæр æмæ йæм цырд хъус æрдарын хъæуы. Гæнæн ис, æмæ бафта галиу фæндагыл, исты уæззау хъуыддаг сараза, зæгъгæ мæ уæд- дæр ницы рацæудзæн... Уæдæ цы у скъоладзауы ацы цух- дзинад? Дислекси кæнæ кæ.сыны хæццæдзинад, .кæсыны сахъаддзи- пад. Уый скъоладзауы серьезон цух- дзинад у. Катайаг уый у, æмæ ацы фарстмæ ахуыргæнджытæ дæр æмæ ныййарджытæ дæр уæлæнгай цæс- тæй кæй кæсынц, рæгъмæрахæсси- наг проблемæйыл æй кæй нæ ны- майынц, афтæмæй та ногдзауы ахуы- ры æппæт къуылымпыдзинæдтæн сæ аххосаг уый у. Скъоладзау чиныг кæсын куынæ сахуыр ’ кæна, куыд æмбæлы афтæ, уæд алы предметæй дæр фæстейæ баззайдзæнис æмæ хайад нæ исдзæн скъолайы æппæт иумæйаг кулътурон царды дæр. Æмæ уæд ахæм рæстæджы ныййарæг мас- ты хай кæны йæ сывæллоны:« Куы дæ фæндид, уæд сахуыр кæнис, ба- зонис кæсын, фæлæ чиныг дæ уд- хæссæг у. Зивæггæнаг дæ æмæ æп- пæт дæр уый аххос у.» Дислексиктæн сæ бон нæу дыу- уæ дамгъæйæ уæнг саразын. Арæх фæивынц дзырдты мидæг дамгъæ- тæ, гъе та хъуыдыйады мидæг дзыр- дты бынæттæ. (цыт-дзырд, фыс-фысс æмæ æнд.). Вæййы афтæ, æмæ сы- вæллон иухатт дзырд бакæсы раст, фæлæ та уыцы дзырдыл дарддæр куы фембæлы, уæд та йæ нал базо- ны. Вæййы афтæ дæр, æмæ раст ба- кæсьт цалдæр уæнгон дзырд (рево- люци, æрвадæлон, сæрсæфæн æмæ æнд.), фæлæ фæкъуыхцы вæййы иу- уæнгон цыбыр дзырдыл. («хо», зæгъы йæ «ох», «сыф», зæгъы йæ «фыс» æмæ æнд.). Арæх вæййы афтæ, æмæ сывæллон кæсгæ фæкæны, фæлæ цы фæкæсы, уымæн йæ мидисыл нæ фæ- хъуыды кæны æмæ йæ нæ фембары. Гъе, уымæ гæсгæ нæ фæхаты йæ рæ- дыдтытæ дæр. Кæсыны рæстæджы арæхдæр фае- тыхсынц лæппутæ. Скъолайы ахуы- 92
ры фыццаг бонты, кæсын куы рай- дайынц сывæллæттæ, уæд хъуамæ ахуыргæнæг уа цырддзаст æмæ лæм- бынæг, сбæлвырд кæна сывæллæтты чиныг кæсыны æвзыгъддзинæддæ. Цас раздæр рахата ахуыргæнæг сы- вæллоны кæсыны деффект, уыйас раздæрæй райдайдзæн йемæ лæм- бынæг кусын æмæ тагъддæр аиу- варс æрцæудзæн сывæллоны кæсы- ны цухдзйнад. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ хатт сывæллон йæ цухдзинæдтæ æмбæхсын кæй зоны, уымæн æмæ йæ нæ фæнды йе ’мбæл- ттæй дæлдæр уа, уый æмæ бирæ рæстæг æмбæхсы йæ кæсыны къуых- цыдзинæдтæ. Дзырдæн, вæййы аф- тæ, æмæ лæвæрд æрмæг сахуыр кæ- ны æнæкæсгæйæ æмæ урочы рæстæ- джы аразы афтæ, цыма чиныг кæ- сы, чиныг йæ къухы даргæйæ, аф- тæмæй та фæдзуры æрмæг æнæкæс- гæйæ. Фыццаг бонты гæнæн ис æмæ ма фæхатой сывæллоны сусæгдзинæд- тæ, ма дæр ахуыргæнæг æмæ ма дæр ныййарæг. Фæлæ фæстæдæр цух- дзинад раргом вæййы йæхигъæдæй. Математикæйы уроктыл рардтæм куы рахизæм, уæд сывæллонæн фæ- зын вæййы сæ хынцын, тексттæ кæ- сын кæй нæ фæразы, уый тыххæй. Афтæ вæййы æвзаджы уроктыл дæр. Нæ сæххæст кæны, фæлтæрæн цы фæдомы уый, кæй йæ нæ бакæсы, уый аххосæй. Кæд æмæ йын исчи ^акæсы, рарды дæр æмæ фæлтæрæ- ны цы фæдомынц уый, уæд саразы йæ хæслæвæрд. Ахæм сывæллæттæн вæййы иууыл зындæр 3-4 кълæсты. Ацы кълæсты радзырдтæ, æмдзæвгæ- тæ, рардтæ æмæ фæлтæрæнты до- мындзинæдтæ фестырдæр вæййынц. Фæвазыгджындæр вæййынц æмæ сæ искæй ралæвæрдмæ гæсгæ саби æн- цонæй нал бахъуыды кæны. Гъе, уы- м/æ гæсгæ сывæллонæн разынынц йæ кæсыны къуылымпыдзинæдтæ. Раст уæд райдайынц сывæллон æмæ ныййарджыты ’хсæн, стæй ахуыргæ- нæгимæ хъаугъатæ дæр. Ныййар-' джытæ фæхъаст кæнынц, зæгъгæ, сæ саби нырмæ хорз ахуыр кодта’ æмæ йыл цы ’рцыдис, цы йæм рауад! Нал ахуыр кæны , нал коммæ кæсь. Уымæ гæсгæ фыццаг къласы ахуыр- гæнджытæ куыддæр чиныг кæсыны практикæмæ ахизынц, афтæ хъуа мæ алы.дзырд, алы хъуыдыйад æмæ æгæрыстæмæй уæнгты дæр кæной æвзаргæ фарст. (Методикæйы уый «Æвзаргæ фарст» хуыйны) Ссар ма тексты ахæм хъуыдыйад, хъуы- дыйады ахæм. дзырд, дзырды бæрæг уæнг, уæнгты та дамгъæ æмæ афтæ дарддæр. Æмæхъуамæ æппæт амæлт- тæй дæр рабæрæгчындæуа, ацы хъуыддаджы чи къуылымпы кæны, уый æмæ рагацау бакуыстæуа йе- мæ. Арæхдæр пайда кæнын хъæуы уроктыл техникон фæрæзтæй, цæ- мæй сывæллон арæхдæр хъуса аив кастмæ. Йæхæдæг куыд кæсы, уый дæр хъуамæ ныффысса магнитофо- ны лентæйыл æмæ йæм стæй бай- хъуса. Сывæллæттæн сæ хъусæн ор- гантæ тынг цырд ахсынц зæлты, лæм- бынæг фæхатынц рæсугъд, аив каст дæр, æмæ рæдыдтыты дæр. Чиныг кæсыны хъуыддаджы цы сабитæ къуылымпы кæнынц, уыдон арæх фæдомынц хисдæртæй кæнæ уæлдæр кълæсты ахуыргæнинæгтæй, бакæс- ма мын, зæгъгæ. Уарзынц радио æмæ телевизоры ныхасмæ хъусын æмæ йын уыдон цасдæр бæрцæй свæй- йынц аив кæсынæн цæвиттойнаг. Уæдæ куыд уынæм, уымæ гæсгæ сывæллæттæм æвзæрын кæнын хъæ- уы цыбæл æмæ тырнындзинад. Уæд пайда кæндзысты чингуытæ æмæ журналтæй. Суыдзысты ахуыргонд æмæ æхсæнадæн аккаг адæймæг;- тæ. Нæ сæм хъæуы абоны цæстæй кæсын. * Дислексиктимæ кусыны фыццаг бынаты лæууынц ныййарджытæ. Уы- дон сæ сывæллæттæн арæх хъуамæ уадзой беседæтæ. Хъуамæ сывæл- лоны бауырна, зæрдæйæ йын кæй (æххуыс кæнынц ахуыргæнæг дæр æмæ ныййарæг дæр, семæ æмкуыст кæныныл сразы уа. Ныййарæг хъуа- мæ зона, сывæллоны цухдзинæдтæ, скъолайон уагдоны дæр æмæ скъо- лайæн æдде дæр, рæстæгмæ цухдзи- 93
йаёдтæ кæй сты, уый. Сывæллонæн арæхдæр дзурын хъæуы йæ хорз ми- ниуджытыл. Ныййарджытæ сывæл- лонимæ арæх хъуамæ тезгъо кæной, беседæ кæной йемæ æрдзы нывтыл, афæдзы рæстæджытæм гæсгæ æрдзы ивындзинæдтыл. Ныхас кæной сы- вæллонимæ исты ахсджиаг æмæ цы- мыдисон цаутыл. Иудзырдæй, саби- ты цухдзинæдтæ .хъуамæ '(аиуварс æрцæуой ныййарджыты æппæтфар- сон беседæты руаджы. Саби хъуамæ хайад иса сабион хъæзтыты, зæгъæм: «кълæстæ» «Арв æмæ зæхх», «Арв, зæхх æмæ дон», «Цъындæмбæхсты- тæй хъазын», «Нысанмæ бахауын», «Бырæн хъилыл бырын», «Ленк кæ- нын» æмæ æндæр ахæмтæ. Арæх пайда кæнын хъæуы исты хæйттæй æнæхъæн предмет саразын. Иудзыр^ дæй, сывæллоны бафтауын хъæуы ахæм хъæзтытыл, цыран фæдомдæ- уы исты бæрæг фæткмæ æрцæуын, хйцæн хæйтты æнæхъæнМæ &(5кæ- нын. Райдиан кълæсты кусыны фарст бæрæг æмвæзадмæ сисыны хъуыд^ даджы эффектондæр сты система- тикон æгъдауæй ленк кæныны урок- тæ, кæфтытæ, ритмикон архайдты- тæ. Скъолайы дислексик хъуамæ уа æдзухон цæстдарды бын. Арæх ку- сын хъæуы йемæ уроктыл. Пайда кæнын хъæуы «Æвзаргæ касты» хумзтæй. Аразын хъæуы æппæт- амæлттæй дæр афтæ, цæмæй сывæл- лон рараст уа, скъолайы æппæт сы- вæллæтты цæсты ма бахауа, ма йын базоной йæ ахуыры цухдзинæдтæ. æмæ уый æвзæрæрдæм ма бандава йæ дарддæры ахуыр-хъомылады фарсты. Уый тыххæй хъæуы, абоны домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм скъола æмæ методикон æгъдауæй хорз цæттæ, фæлтæрд ахуыргæнæг.
ПЫСЫРАЙЫ ТÆППÆЛТТÆ ГАССИТЫ БАРИС ДОБРÆ ÆМÆ КЪОБРÆ Хъæлдзæг ныв Горæт. Зæронд абана. Фæззыгон изæрдалынгтæ. Уары къæвда. Абанайæ рацыдысты лæг æмæ ус. Лæг раласта йæ къандзол æмæ йæ усыл бауæлæфтау кодта. Лæг æмæ ус цæуынц горæты асфальт тротуарыл æнæдзургæйæ. Уынджы тигъмæ, цъыфмæ куы ба- хæццæ сты, уæд се ’хсæн рауад ахæм ныхас: Л æ г. Цæуæм тагъддæр, мæ удыгага. У с. Куыд мæ цæуын кæныс, мæ цардхалæг?! Ацы астæумæ цъыфы мæ дзабыртæ куы фесæфой, уæд мын сæ цæмæй балхæнинаг дæ цымæ? Л æ г. Мæ мыздæй, мæ мыздæй!.. У с. Æмæ дæ куыстмызд дæр мызд хоныс?! Л æ г. Уæдæ йæ цы хонон, мæ зæд? У с. «Зæд» нæ, фæлæ мæ цъиутæтæрсæн сарæзтай! Алкæй æнахуыр, фæстæзад устытæ фистæгæй къæсæрæй æддæмæ дæр нæ кæсынц. Ды та мæ горæты иу кæронæй иннæ кæронмæ цæуын кæныс абанамæ дæр æмæ базармæ дæр. Алкæмæн сæ уынгтæ донласт фæвæййынц, алчи къæвда бон дæр уыцы сур æмæ сыгъдæгæй асфальтыл фæцæйуайы, мах уын- джы та, æртах æрхауæд, уый йеддæмæ дзы бæхджын лæг нæ фæзын- дзæн, цъыфы ныссæдзы. Алчи æнæхинайæнтæ æмæ химарæнтæ нал лæу- уы, ды та мæ хæлæццаг абанамæ кæныс... Æрдæгнад нæма фæдæн, аф- тæ мыл уазал дон раскъæрдтой, стæй йæ бынтондæр сæхгæдтой... Л æ г. Æз дæр дын сараздзынæн, кæс-ма-иу... У с. Каед? Уæдмæ адæмы налат устытæм мæ дыууæ цæсты фырхæлæ- гæй рахаудзысты! Л æ г. Ницы дын рахаудзысты, мæ сауцæст, мæ сауæрфыг... У с. Алæ, алæ!.. Æгуыдзæг дæ, æнæсæрфат! Л æ г. Æмæ дын уæдæ цы бакæнон? У с. Цы ма мын дæ зæрды ис?! Де ’ккой уал мæ уæртæ хæдзармæ ба- хæсс æмæ дын уым зæгъдзынæн, цы дын мæ зæрды ис, уый! Лæг æй иудзæвгар куы ахаста, уæд æм ус «уæлбæхæй» дзуры: Хъайуан дæ, хъайуан. Хæрæджы хырхты йеддæмæ ницы зоныс. Адæмы лæгтæсæ къух фыссын дæр нæ фæзонынц, фæлæ хæрæн бынæттæ æрцахстой æмæ бæстæ бахордтой, дуры гуыбынæй дæр сæ тонайы хай кæнынц, сæ ус- тытæ тъæппытæ æмæ фæрсчытæ хауынц фырнæрдæй... Æз та-а?... Мæ- нæн та мæ удыбонтæ стонгæй схауынц. Л æ г. Ныртæккæ дæ бахæсдзынæн хæдзармæ æмæ бахæрдзынæ... У с. Цы мын бахæрын кæндзынæ?! Л æ г. Дзидза... .._. .; У с. Цал килойы у?! Л æ г. Æгъгъæд дын уыдзæн... У с. Цас ыл радтай? Л æ г. Дыууæ сомы... У с. «Дыууæ сомы»! Уый дыууæ сомы нæ, фæлæ иу суарийы аргъдæр нæу! Уый дзидза нæ, фæлæ стджытæ балхæдтай æмæ дын сæ цыртæккæ... (фæкомкоммæ лæджы сæрмæ). Цал хатты дын загътон, сæрæлвынæггаг- иу хилдасæгæн йæхимæ ратт, науæд дын ай дæ сæр цыхуызæн æлвыд 9&
скодта... Адæмы ды не сраст к&ндзынæ, Дæхи та-иу дæхæдæг адас. Мæ фæллой мын доны ма кал!.. Л æ г — фæкалд. Ус лæджы сæрты ахауд. Иæ цыргъ бырынкъ цъыфы ассыдта. фæ- уадзыг. Лæг усы цæсгомыл къæвдайы змæст дон бакалдта. Ус æрчъицыдта. У с. Гъæ, мæрдты бæх мын уай! Цæуыл мæ мардтай?! Л æ г. Барæй мын нæ уыд... У с. Барæй дын уыд, барæй! Барæй мæ мардтай дæ фидиссаг мад æмæ фыды ’взагæй! Нæ фыддзых сыхæгтæ æмæ хæстæджыты ’взагæй! Æмæ дын де ’взаг ма ралыг кæнон! Л æ г. Ралыг мын кæн мæ сæр дæр... У с. Æмæ мæ цæмæн бахъуыд? Хъæдфадæн дзæккорæн? Багъæц, ба- гъæц, æз дын бацамондзынæн... Лæг æмæ ус хæдзармæ бацыдысты. Лæг — суазал, ус — стæвд. Лæг схуыссыд æх- хормагæй. Ус йæхи ныхсадта, стуры фыдæй йæхи хорз федта, æруазал, æрсабыр, æр- фæлмæн. Лæг сихæн кодта, стæй дзæгъæл дзурын райдыдта. У с. Добрæ, цытæ дзурыс? Сæрра дæ?.. Л æ г. Къобрæ! Æз уæд сæрра дæн, дæуæн «уарзын дæ» фыццаг хатт куы загътон, æз дæу тыххæй мæ уарзон ныййарæг мад, мæ фыдыл, мæ уарзон хъæубæстыл мæ къух куы систон. (Фестад, ацæуын æй фæнды). У с Ацафон кæдæм цæуыс, Добрæ-æ? Л æ г. Каецæй нал ’рыздæхон, уырдæм, Къобрæ! (Райсы чырын). У с (кæуынхъæлæсæй). Добрæ! Æмæ дын уыйбæрц цы кодтон? Л æ г (карзæй). Хæрæг мæ сарæзтай, Къобрæ! Хуымы гал! Къæхтæ- сæрфæн! Ме ’ккой бæхбадт скодтай! Ус (йæхи лæмары). Дæхæдæг мæ сбадын кодтай,.Добрæ-æ... (Хæ- къуырццкуыд кæны). Л æ г_ (уынгæгхъæлæсæй). Хæрзбон, мæ зынаргъ! Нал мæ фендзæ- нис дæ цæст! У с. Фæндараст, мæ зынаргъ! Мæ тæригъæдæй фæндаджысæрдæнтæ фæу-у!.. У-у-у! (Ниуы). Л æ г (æрфæлмæн, чырын йæ къухæй æрхаудта). Къобрæ-æ.. Ус (фæхъæбæр). Добрæ! Л æ г. Хъусын дæм. Къобрæ-æ... У с. Фесæф мæ цæсты разæй тагъддæр! Лæг. Амар мæ, усай! (Усы раз йæ зонгуытыл æрхаудта). У с. Куы амæлай, лæгай, уæддæр дæ мæ тæфтыл нал ауадздзынæн, нал дæр — пъатæ, нал дæр — хъæбыстæ. Лæг пъатæ, хъæбыстæ кæны усæн. Ус фидар хæцы лæгыл æмæ дзуры: «Ды мын мæ зæрдæйы бын никуыуал ссардзынæ дурзæрдæ нæлгоймаг. «Ссардзынæн дын æй, ссар- дзьтнæн, мæ фæлмæнзæрдæ сылгоймаг!» — дзуры лæг усæн. Лæг æмæ ус ныссабыр сты æмæ, кæрæдзи дæллагхъуыр-уæллагхъуыр хуысгæ, хуыр- рыттфынæй скъæрынц, куыд алы фæсабана, афтæ, куыд дыууæ уарзæгой уды, афтæ, куыд... Добрæ æмæ Къобрæ, афтæ...
Тугъанты Махарбсг. Рæхысбаст Амран. Зæйластыты агурын («Арасендæйы сæфт»).