Текст
                    «Аивад-зонæг Маринæйы портрет».
«Ливаны трагеди».
Цъары фыццаг фарсыл: «Дадайы зарæг»;
Æртыккаг фарсыл: «Æнусон фæндагыл»,


АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН ÆРВЫЛМÆИОН ЖУРНАЛ ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ХАЙАДЫ ОРГАН АВГУСТ ф ЖУРНАЛ ЦÆУЫ 1927 АЗЫ ЯНВАРÆИ НОМЫРЫ ИС МÆРГЪИТЫ КЪОСТА — Æмдзæвгæтæ 3 ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР —Æртæ радзырды .... 8 ЛИТЕРАТУРОН БЫНТÆ БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН — Æмдзæвгæтæ 20 КОЦТЫ ЮРИ —Тæрккъæвда (радзырд) 24 ХЪОРОТЫ СОСЛАН — Царддомд курдиат (Хъороты Хъазбеджы райгуырдыл сæххæст 80 азы) . . 31 САУЛОХТЫ ХЪЫРЫМ —Мæ зæрдыл лæууы æвзонгæй . 36. ХЪОРОТЫ ХЪАЗБЕГ—Æмдзæвгæтæ 36, КОЗАТЫ ХАЗБИ — Тæригъæдтæ (уацау) 39 ПЛИТЫ ОЛЕГ — Æмдзæвгæтæ 62 ТЕДЕТЫ САДУЛ — Махоркæ (радзырд) 65 ШИУКЪАШВИЛИ ВАЖА — Æмдзæвгæтæ 70 Адæмон сфæлдыстад 72 ОЧЕРКТÆ ГАССИТЫ ВАЛЕРИ — Мæлæтæй тыхджындæр ... 76 МЫСИНÆГТÆ 1УГБАНТЫ ЭНВЕР—Мæ фыды тыххæй 80 ПУБЛИЦИСТИКÆ ДЫГЪУЫЗТЫ ХЪАЗБЕГ —Аланты базарадон бастдзинæдтæ Евразийы паддзахæдтимæ нæ заманы райдианы 82 ЦХУЫРБАТЫ ЗЕЛИМ — Ирыстоны уæлмæрдты цыртдзæвæнтæ иртасын 85 ГАССИТЫ МАРИНÆ —Ирон адæммæ травмæтæн хос кæныны рационалон-эмпирион методты тыххæй (адæмон медицинæйы æрмæджытæм ’ ’ гæсгæ) 91 ПЫСЫРÆЙЫ ТÆППÆЛТТÆ СЕЙФЕДДИН ОМАР — Уарзт æмæ къахæнгуылдзтæ 94 ЦГЪОИТЫ КЛИМ—Уыциу-уыциутæ 95
Ф И Д ИУАГ ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИИ ЖУРНАЛ Орган Юго-Осетинского отделения Союза пйсателей Грузии юдеееееееееееееееееееешз&збшееееееееееее) ЗО^О’Зб&Й эгозэсгæзо’скьо сгобОббб’ЗА’асг-аьббЗА’зсго ад ьай^а^гаош)з-зтегобОззАО 3*366^0 ^З^о^оЬ ЬоЭЬЛдот тЬдæоЬ ^дБдпозодпдооЬ <пА0аБсп СÆЙ РАГ Р ЕДАКТОР ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ. ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН ДЖУСОЙТЫ НАФИ ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ МÆРГЪИТЫ КЪОСТА ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бæрнон секретарь) ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД РЕДАКТОРТÆ: БАХЪАТЫ НУГЗАР ХАЦЫРТЫ СЕРГЕЙ ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН Корректор Болататы Ленæ Журнал «Фидиуæджы» фæлындзыны хъуыддаджы техникон æмæ полиграфион юьуыхцытæ æмæ згъуыдты тыххæй дзуапп дæтты типографи. Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты. Сдано в набор 10. VI. 1988. ГТодписано к печати 14. IX. 1988. Учетно. изд. л. 6,9. Формат бумаги 70x1 Ов1/^. Печатных листов 8 9. Заказ типографии N° 1295. ЭТ 00118. Тираж 4564* экз. Адрес типографии: г. Цхинвали, ул. Московская, 5. Тел.: 2-42-25, 2-22-24. Адрес редакции: г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Тел.: 2-22-65, 2-22-60.
МÆРГЪЙТЫ КЪОСТА Рынчыпдоны сагъæстæй Фæцæуæм карды бынмæ ’рмæст Каей фервæздзыстæм, уый ныфсæй! Фæлæ ныл хатт зынг хуры цæст Æрныгуылы æмæ ыстæй Ныххизæм ингæнмæ кæугæ, — Нæ æнусон бынæттæм дард. Чи ’нæунæрæй, чи — нæргæ, Æмæ фæвæййы ууыл цард. Фæлæ мæрдтыбæсты цы ис? О, ницы ис æппындæр^уым! Нæ царды цин, нæ царды рис, — Æрмæстдæр сау-саудалынг къуым. Æмæ стæм цалынмæ зæххыл, Уæдмæ цæй тауæм хорз æгъдау! Изæр уа, райсомы цъæхыл Нæхи куыд нæ кæнæм æвгъау. Куыд ныл ныгуыла хуры цæст Лæгау-лæгтæй æрмæст. 1987 Мæ сагъд фæткъуытæ Мæ фæткъуытæ зæронд кæнынмæ фесты, Æмæ, цымæ_, мæхæдæг та куыд дæн? Куыд дæн? Мæ уатæй ’нæхъæн афæдз не стын, Цæрын, быхсын мæ уды сау фыдтæн. Мæ цардбонты, мæ чысылæй фæстæмæ Рæстдзинадыл уыдис мæ дзырды сæр. Кæрдзынагур нæ цыдтæн æз лæгъстæмæ — Мæ хидвæллойæ ардтон хус къæбæр. Мæ бон цы уыд, гъе, уымæй æз мæхиуыл Нæ ауæрстон, уыд тохы гъе, куысты. «Цæр растæй ды!» — мæ хъуыды уый уыд иууыл Мæ сонт зæрдæйы — цин æмæ рысты. Æмæ ныр дæр, куы та бахъæуа ногæй Мæн ацы уарзон комбæсты цæрын, — Æрмæст рæстæй — уый уа зæронд, æвзонгæй, — Уæлдай мын нæу, — æз ууыл ард хæрын. 1988 3
Уарзон хъуым Ацы уарзон къуым, хорз зæххыл Мах нæ тох кодтам хорзæхтыл. Уый сæрибарыл, амондыл, Уыд нæ тохы сæр, абон дын Дидин уымæн æфтаудзæни, Хур ыл рухс тынтæ таудзæни. Нæ, мах ацы къуым, хорз зæххыл. Уæд нæ тох кодтам хорзæхтыл. Уый дзырды барыл, намысыл Тох ысцырын ам. Цал мысы Махæй ныр йе ’дзард æмбæлтты, Чи сыгъд сындзытыл, æмбæндтыл. Ацы райдзаст къуым, хорз зæххыл Мах нæ тох кодтам хорзæхтыл. Нæ, нæ тохы сæр ’ндæр уыди, Æмæ уыцы дуг ’рлæууыди: Хъарм, сæрибары дымгæ ныл О, куыд узæлы уынгмæ ныр. Ацы уарзон къуым, хорз зæххыл Мах нæ тох кодтам хорзæхтыл... 1988 Куы ацæуон Куы ацæуон, куыд цæрдзынæ æнæ мæн, Мæ царды цин, мæ уды рухс уæлтæмæн? Мыййаг дын ам куы уа фыдихæн, уазал, Куы дæм кæса мæрдон цæстæй дæ адзал, — Дæу чи тухдзæн йæ хъарм, фæлмæн хъæбысы, Тыхджын къухæй дæ цонгыл, уæд дæ дысыл, Зæгъ, чи ныххæцдзæн фидарæй, уæндонæй, Цæмæй дæ сласа уыцы сау зындонæй. Куы ацæуон, нæ цæрдзынæ æнæ мæн, Мæ царды ныфс, мæ уды рухс уæлтæмæн? Мыййаг дæ ам куы судза хуры рухс тын, Куы лæса хид цæппузыртæй дæ рустыл, Уæд дын нæ уынгæг кæмттæй æмæ хæхтæй, Нæ Леуахийы доны ирд æртæхтæй, Зæгъ, чи æрхæсдзæн сатæг уæлдæф, сатæг, Дæ сау зынтæн та чи уыдзæн сæ сафæг?! Куы ацæуон, нæ цæрдзынæ æнæ мæн, Мæ зæдты зæд, мæ уды рухс уæлтæмæн! 1988
Фжмоп О, цас арахъхъ ныуæзтон, Æнæфсисæй, зыдæй, Æмæ-иу дæ ныуæрзтон Мæ хъæбысы ыстæй. Цы дуг уыдис, цы рæстæг, Æппæтæй дæр æфсæст. Цыма мæ алварс бæстæ Мæ равгæй цард æрмæст — Мæнмæ уæд касти афтæ. Нæ сагъæс уыд, нæ— маст. Æмæ æнхъæлдтон, рафтæн Нæй уымæн никуы ’васт. Ирхæфс дæхи... Æппæт дæр Дæуæн нæма фæци. Ис чызг, дæ уаздæр фæндтæ Æмæ дæ уды цин Йæ уарзтыл тух æндахау. Чызг нæ, уыдзæн дын зæд. Æрмæст хъуыдыты ма хау Æмæ ды ма кæн мæт! I Уыдис, о, ахæм рæстæг, Фæлæ цы фæци ныр? Цы мыл æрцыд йæ фæстæ, Хъæздыг дзы сдæн, мæгуыр?! О, уыдæттæ мын ма мыс, Мæ зæрдæ сæ ысцъæх. Æрыгонæй дæ намыс Куы фесафай, уæд зæгъ, Дæ зæры бонты исты Уыдзынæ царды? Нæй! Цæрдзынæ ’дзухдæр ристы, Уæззау æмæ зынæй. Ныуæзт æмæ чызгагур Куы зылдтæн, уыцы дуг Мæ сæрмæ ныр тынг акъул Æмæ кæнын хуыдуг. Кæуын мæ бонты радыл, Цы ма дæн? Лæг? Быдыргъ? Дæвдæг бæлас ма царды Лæвæрдта искуы дыргъ? О, цас сæн-иу ныуæзтон Æрыгонæй, цæмæн? Æмæ-иу дæ ныуæрстон Мæ хъæбысы фæлмæн. 5
Фæлæ мын уый цы ’рхаста, — Нæ бинонтæ, нæ цард... Æндæр бæстæмæ хастау, Æрхæндæг дæн, æнкъард... 1988 Зæрæдтæ Фæсивæдмæ зæрæдтæ кæсынц, Дзурынц сабыр, уадз, нæ хæс нын фидæнт. Дзурынц, алы фаутæ сæм хæссынц, О, кæм-ма ис раздæры фæсивæд! Нал сæ уарзт у уарзты хуызæн ныр — Абон иу чызг, райсом та æндæр уæд. Дзурынц исты, ма дын уа цыбыр; Уадз фæлтау уый къæдзæхыл æмбæлæд! I Науæд циу сæ фыдæбон, сæ куыст, Иу мур дæр нæ ахады нæ цæсты. Ай, æндæр уыд мах фæллойы ’нтыст Куыстуæтты ’мæ колхозты цъæх фæзты. Нал æфсæрм ис, нал лæджы æгъдау, Царды уыцы иударон ныхæстæ. Афтæмæй куыд хъуамæ цæрой, ау, Мах фæстæ, сæ ныййарджыты фæстæ? Ахæм уыд нæ зæрæдты ныхас, Алы дзырдтæ æмæ алы даутæ. 'Рмæст нæ зыдтой, уыдонмæ дæр раст Хисдæртæ кæй хастой ахæм фаутæ! 1988 Саударæг ус Сау цъындатæ, сау къаба, æртыгъта Цæсгомыл дæр сау кæлмæрзæн-хыз. Уымæн ныр йæ зæрдæйы ыссыгъта Сау мæлæт йæ сау цырагъ-фыдхуыз. Иу мæй раздæр бавæрдта йæ лæджы, Æмæ сау дæр ууыл дары ныр. Уд дзыназы, бахаудта уынгæджы, — Иемæ рацард афтæ тынг цыбыр. ^ый фæцæуы сауты кондæй, сауты, т<"ъæхты бынмæ ’рхæндæгæй кæсы, Ях, æвæдза, цард цыфыддæр цауты Махæн цас зæрдæйы низ хæссы. ^æлæ æз уæддæр мæхимид дзурын: О. хуыцау, уадз зилæд зæххы цалх Æмæ дæ æз иунæг-иу хорз курын, Саударджытæй макуы сцух кæн мах. 1988 6
Фагпьæдусы мардыл Фæтæджы мардыл о, куыд куыдтам мах, Фæлæ кæй цагъта, уыдоныл нæ куыдтам. Æнхъæлдтам, у нæ удты уаз цырагъ, Æмæ цы у æцаегæй та — нæ зыдтам! Йæ фæдыл кодта галтау мах сындæг, Цыма æгомыг фос уыдыстæм, уыйау. Цыдис, хылдис йæ тарф хъуыдыты лæг, Куыд тынг нæ схизын кодта уый уæлиау... Гъай-гъай, уæлиау. Хохы цъуппæй раст Ныр быдыртæм сæрыстырæй фæлгæсæм. Нæ зæххыл нал ис иу бындзыг дæр маст, Нæ хъаруйæ хуыцаумæ дæр æххæссæм, Ыстæм хъæздыг, кæм ма нæм ис мæгуыр? Нæ фæндæгтæ — уæрæх æмæ парахат. Ыскодтам мах коммунæмæ нæ гуыр, Æмæ йæ — цу, — дæ уды равгæй ма хат! Йæ разы мах уыдыстæм тынг сыгъдæг, Æмæ уæд уый та сусæгæй куы цагъта Æрдзæтæй мах. Цыди дывæндты лæг, Йæ сæр уæлæмæ сдарын никæй уагъта. Фæлæ куыстам. Нæ фæтæгыл дзырдтам, Нæ сæртæ-иу æркъул кодтам йæ разы. Уый мах нæ фыд, нæ хурты-хур хуыдтам — Йæ цæсгомыл-иу цины уылæн хъазыд. Куыстам, йæ кæнгæ хъуыддæгтыл фыстам, Æвæрдтам æй бæрзонддæр мах Хъæриуæй. Нæ Фыдыбæстæ уый номæй хъызтам Нæ удты хардз, нæ тугæйамæхст риуæй. Уыдыстæм мах йæ коммæгæс фыстау, Æмæ нæ донæй ’нæдонæй ыздæхта. Йæ цуры тала не суагътаид тау, Æмæ цы хъуамæ кодтаид уæд зæхх та? Æмæ куы амард, о, куыд куыдтам мах, Фæлæ кæй мардта, уыдоныл нæ куыдтам. Æнхъæлдтам, у нæ удты уаз цырагъ, Æмæ цы у æцæгæй та — нæ зыдтам. Ныр бамбæрстам нæ æвирхъау рæдыд, Цæмæннæ уыд рæстагмæрдты ныгæнæг. Хъуыды кæнæм: о, уый гæнæн куыд уыд: Уой иу лæджы фæтæг æмæ фыдгæнæг! 1988
ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР ÆРТÆ РАДЗЫРДЫ æхсæв. I. Уыцы талынг къæвда Æцæг хабар Къулыл, йæ удисæгау, фæтъæпп- фæтъæпп кæны фæтæгены цырагъ. Пецы арт раджы аххуыссыд. Дуары зыхъхъыртæй æмæ æрдæгсаст ру- дзынджы æвгтæй мидæмæ балæсты- сты уазал дымгæйы æвзæгтæ, ца- дæггай астæрдтой уаты хъарм æмæ хæдзары къуымтæй раулæфыд уа- зал уддзæф. Æддейæ къæвдайы сæх- сæх æмæ фæскъулмæ тæдзынджы- ты æуыцы иугъуызон цъыкк-цъык- кæй бæрæг уыд, къæвда рæхджы кæй нæ банцайдзæн æмæ мын уый мæ зæрдæйыл цыдæр æрхæндæг æфтыдта. Фæсахсæвæртæй раджы ахызт... Фæйнæджытæй рæстæгмæарæзт хъæбæр тæрхæгыл къуымгæрон нын- ныгъуылдтæн æмæ æнхъæлмæ кæ- сын мæ фыды фæзындмæ. Мæ фыд, изæрæй хъæугæронмæ хъæу- бæсты фос куы æрбзхæццæ кодтам, æмæ хуымтæ нал бахæрдзысты, зæгъгæ, йæ зæрдæ куы фæдардта, уæд фос мæ бæрн бакодта, хъæу- мæ сæ бахæццæ кæн, зæгъгæ, йæ- хæдæг Чъребамæ ратындзыдта, цæ- мæй ма афоныл лзулуæйгæнæн дуканитæ ныййафа. . Дзул балхæна æмæ фæстæмæ рæстæгыл фездæха. Стæй уыцы дзулы (Ьылдæр æрдæг æз дыккаг бон райсом сæумæйæ, нæхимæ, Додотмæ, мæ мад æмæ мæ хотæм хъуамæ схæццьт кæнон, ацæ- уон скъоламæ (уæд нæхимæ дътк- каг къласы ахуыр кодтон) æмæ фæсурокты комкоммæ скъоляйæ азлæхточ (Ьæстæмæ Т^-бетмæ А’Ь- тæ алыбон пæр иунæг хуьтцаубонæй фæстæмæ. Мæ хотæ мæхицæй кæс- тæр уыдысты. Мæ мядæн иуæй колхозы куыстæй, аннæмæй хæ- дзары митæй йæ къах атилæн н^- куыдæм уыди. Æз æмæ мæ гЬып Тъбеты хъæуьт сЬос хызтам. Æниу мæнæй та цæй быййау уыди, — ном хастон, æндæр.., Фæлæ хъæу- бæстæ, æмбисонды хæларзæрдæ адæм, æдзухдæр нæ фарсмæ уыды- сты, уæлдайдæр та фæсивæд. Мæ фыдæн-иу сæ куы чи аххуыс код- та куы — чи. Уæлдайдæр та сæрды бонты, сæ ахуырæй-иу сæрибар куы уыдысты, уыцы рæстæджыты... Кæ- нæ къæвда бонты. Быдыры . кусы- нæн куынæ бæззыд, уæд та — ас- дæрдтæ. Иу кæнæ дыууæ исчийы кæддæриддæр фыййау немæ цыды- сты. Ахæм бонты-иу мæн семæ нæ уагътой... О, фæлæ абон... Кæм ис мæ фыд? Ацафонмæ куы никуы баззад Чъре- байы, уæд ыл ныр цы æрцыди? Чъре- байæ Тъбетмæ афтæ дардвæндаг куынæ у, æдæппæтæй æртæ-цыппар километры. Мæ фыдæн æрдæг са- хатьт цьтд. Æваст мæ зæрдæ ахсайд- та, æмæ, чыргъæды ахст цъиуы лæп- пьтнау, йæхи къултыл хойын рай- дыдта. Мæ цæстытыл ауадысты амæй-ай тæссагдæр ньтвтæ... Цыма цавæрдæр абырджытæ фæндагыл мæ фыды размæ бабадтысты, ацахс- той йæ, байстой йьтн йæ дзул, йæхи та йьтн кæмдæр мардæй фæсвæндаг баппæрстой, æмæ уьтм, тугамæхсты- тæй, ацы уаргæмæ джиуы. Куьт та-иу мæм афтæ фæкаст, цыма фæн- даг фæрæдыд талынджы æмæ чер- дæмдæр адзæгъæл... цæуы... цæуьт... æмæ бынатмæ нал хæццæ кæны. Иуафон афæнд кодтон ацæуон йæ размæ... фестадтæн, фегом кодтон пуар. Æддейæ, мады гуыбынау, бæс- тæ саудалынджы аныгъуылд. Фæн- даг нæ, фæлæ хъæу дæр цыдæр æр- батти. Никуынæй дæр—рухс. никуьт- ттæй лæр—куьтдзы рæйьтн, нæ дæр— иу сыбыртт æфсонæн. Алцыдæр ай- сæсЬт, алцыдæр ньтссыми. К’т-æ’вда- йæн та бынтон арт æмæ фæньтк нали Цыма арвьт бын фæхуынкъ, — уыцы цугъæдонæй мизы æмæ мизы. 8
Кæмæ фæдзурон? Къостатæм æви Уазнотæм? Иорамтæм æви Дати- къотæм? Уыдон не ’рвадæлтæ сты æмæ сæм уæндындæр,.. Фæлæ фы- нæй сты... уæд та сæ райхъал кæ- нон искæй? Мæ фыды размæ æвæ- стиатæй цæуын хъæуы фæдисы. Кæмдæр уыьгæджы у йæ уд æмæ фæстиатгæнæн нал ис. Уыцы хъуыдыимæ фæстæмæ сми- дæг дæн уаты, голлаг агурын... уæ- лæфтауæн, мæ фыртыхстæй уый дæр нал арын. Æппынæрæджиау æй ссардтон, пæлæзгонд дзы аца- рæзтон æмæ йæ мæ сæрыл æрба- кæнон куыд загътон, афтæ æддейæ цæйдæр гуым-гуым æрбайхъуыст. Айхъуыстон... уынæр ноджыдæр фæтьщгдæр. Æддæмæ рауайон куыд загътон, афтæ кæртæй къæхты сæп- сæпп фæцыди. Æмæ дын æваст дуар æрбатъæппчындæуыд. Дуар фегом æмæ мидæмæ, хауæгау, æр- бакодта цъыфæзмæстæй чидæр, йе ’ккой кæйдæр æрбантъыхта, афтæ- мæй. Лæг мард уыди æви удæгас, уый бæрæг ын нал уыд. Тых æмæ йæ фыдтæй йе ’ккойæ тæрхæгмæ æриста. Æмæ йæхæдæг дæр йæ фарсмæ фырфæлладæй æрхауди. Иæ лæнк-лæнк иучысыл куы ’рсабыр уæд мæм зулмæ æрбакаст. — Фезмæл лæппу, пецы æртдзых бакæн. Ацы лæгæн йæ хъуыддаг хорз нал у, — цыдæргъуызон ныз- зыр-зыр кодта мæ фыды хъæлæс. Лæджы хъуыддаг хорз нал у, зæгъгæ, — куы фехъуыстон, уæд ныссæххæтт ласта зæрдæ. Мæ фыд «æвæццæгæн» амардта кæйдæр... фæ- лæ йæ уæд цæмæн æрбахаста хæ- дзармæ? Цы нысан кæны уый? Мæ сæры хъуын фыртæсæй уырдыг слæууыд æмæ, топпы нæмыгау, ра- тæррæст ластон æддæмæ. Мае фыртыхстæй мæ къах къæсæрыл скъуырдтон, размæ атахтæн æмæ тыргъы мæ тъæпп фæцыди. — Сабырдæр лæппу, дæ бæрзæй састи, — мæ хъустыл ауад мæ фы- ды уайдзæф. Тыххæйты сыстадтæн, мæ къахы æнгуылдзты рыст мæ дæндæгты ’хсæн ныуурæдтон. Тыр- гъы ма цы суджы лыггæгтæ уыд, уыдон мæ хъæбысы рауыгътон æмæ сæ пецы раз æркалдтон. Нырмæ, мæ фыды фæндагыл чидæр амард- та, зæгъгæ, уымæй тарстæн, ныр та йæхæдæг кæйдæр кæй амардта æмæ йын йæ мард хæдзармæ кæй æрбахаста, уыцы тас бацыди ме уонджы. Цы архайдтон, уымæн мæ- хæдæг дæр ницыуал æмбæрстон. Куыддæрты мын арт скæнын бан- тыст. Ссыгъдысты хус суджы æн- дзарæнтæ. Фæтæгены цырагъ ма фæстаг хатт фæпæртт ласта къулыл æмæ йæ уд систа... Уаты къуымтæ саудалынджы аныгъуылдысты. Фæ- лæ пецы арт сцырын æмæ арты рухсмæ равзæрстон, мæ фыд йе ’ккой кæй æрбахаста, уымæн йе ’ддаг дарæс кæй раласта, æмæ æз цы тæрхæгыл хуыссын, уым ыл хъæццул кæй æрæмбæрзта. Иæ хуы- лыдз дарæс та йын пецы фарсмæ бандæтты чъылдымтыл æрцауыгъ- та. Уый фæстæ раласта йæхи дарæс дæр, æниу ма цæй дарæс, цъыфы афтæ сызмæстысты æмæ сын базо- нæн дæр нал уыд. — Чи у ацы мард лæг, баба? — æппынæрæджиау мæ тас мæ уды хъуырдухæнимæ схауди. — Мард нæу, ныррасыги горæты кæмдæр... Хæрды ма куыддæрты йæ цыппæртыл схылд, сосæвæндагмæ нал æрбахæццæ, афтæ цъыфдзасты ныффæлдæхти дæлгоммæ. Амардта мæ фыдæбонæй... йæхи нал æмба- ры... нал къахыл лæууы... æмæ йæ уырдыгæй ардæм ме ’ккой фен- тъыхтон... мæ уд ма тыххæйты сир- вæрзт... куыдзы фырт, здыйы хуы- зæн у... схæцæнтæ йыл нæй... Фæлæ арт, мæ лæппу, схъарм уа, тæри- гъæд у, исты йыл куы ’рцæуа. Уыцы ныхасмæ ме ’муд æрцыд: тæн... æгайтма мард нæ разынд. Тыргъы цы æндзарæнтæ уыд, уы- дон иууылдæр æрбахастон æмæ пецы гуыр-гуырон арт сыскъæрдтон. — Æмæ дæ кæрдзын та кæми, баба? — иугæр мæ фыдæн тас ни- цæмæйуал у, уый куы базыдтон, уæд ме ’ххормаг æрбалæууыд мæ зæрдыл. — Цæй кæрдзын ма, мæ лæппу, ацы лæджимæ архайгæйæ, цъыфты сывдылд. Хæрынæн нал сбæззыдаид æмæ... Æниу кæм æрхаудта, ницы йын хъуыды кæнын... Цæй, кæд æх- хормагæй бафæразиккам... Æниу мах лæгтæ стæм, фæлæ нæхимæ дæ кæстæртæ... дæ мад... æнхъæлмæ кæсдзысты... цæй фынæй... Кæд райсом исты æрхъуыды кæниккам, — мæ фыды фæстаг ныхæстæ ма тыххæйты райхъуыстысты, стæй 9
йыл, æвæццæгæн, арты фарсмæ йæ фæллад тынгдæр æртæфст, æмæ йæ хуыр-хуыр райхъуыст. Æз дæр мæ фыды дæлфæдтæм мæхи æруагътон. Райсом куы райхъал дæн, уæд мæ фыд мæ фарсмæ нал уыд. Рæс- тæг цафон уыд, уымæн дæр базо- нæн ницы хуызы уыд, кæд къæвда банцад, уæддæр хуылыдз мигътæ æрфæлдæхтысты зæххыл. Дысон мæ фыд йе ’ккой кæй æр- бахаста, уый нырма дæргъæй хуыс- сыд уатыл æмæ ме ’рдæм цыдæр- гъуызон ирдæй баззадысты йæ цæстытæ. Йæ фындзы хъæл пырх... тугæйахуырст рæсыд былтæ... цæс- ты бын дæр афтæ рæсыд... тыхкаст кæны.... иннæ цæст та зынджы къæртты хуызæн туджы ’вдылд. Фæ- тарстæн дзы æмæ фæбадæг дæн мæ уатыл. Мæ хæлаф мæ уæлæ акодтон æмæ, æддæмæ ахизон куыд загътон, афтæ, къуыдыры хуызæнæй уатыл чи хуыссыд, уый базмæлыд æмæ, цыма, арф уæрмæй дзырдта, уыйау мæ- хъустыл гæзæмæ ауад йæ фæсус хъæлæс: — Кæй лæппу дæ? — Мæ фыды, — фæтыхстæн. — Æмæ дæ фыд чи у? Загътон ын мæ фыды ном. Лæгæн цыма йæ рæсыд цæст дæр байгом, дисæй мæ афарста: — Æмæ кæм и? — Фынæй уыдтæн... æвæццæгæн, фос хизынмæ ауагъта. — Æмæ æз куыд æрбахаудтæн ардæм? — Дысон дæ мæ фыд йе ’ккойыл схаста. — Схаста? — лæг фæбадæги йæ уатыл. — Кæцæй? — Мæ фыд дзырдта, фæндагыл, дам, расыгæй ныххаудта... — Æмæ ай кæм дæн? Цы хъæу у? — лæгæн йæ расыг нæма æрцыд æмæ рæстмæ нæма карста йæ хъуы- ды. — Тъбеты хъæу, — фæцырд дæн. — Уæдæ расыг уыдтæн, зæгъыс, и? Фæлæу-ма, фæлæу, — лæг цы- дæргъуызон аджих.—Уæдæ мæ дæ фыд схаста, зæгъыс, и? Æмæ уæд мæ хызын та цы фæци? — Цæй хызын? Æз æм хызын нæ федтон. — Æтт, мæ хæсгæмæрдтæ! — лæ- джы цæсгом мæрдон фæлурс аци. Иæ буар сæрæй къæхтæм ныррызт æмæ дын уатæй иу тæррæст фæкод- та æмæ, æррайау, срæуæг къуымты. Агуры... булкъау алы рæтты къахы... уаты бынты... хæдзары фæсдуар, скъаппы фæстæты, æнæсгæрст ни- цыуал ныууагъта... алцы дæр сыз- мæста, скалдта. Куы ницæуыл фæ- хæст, уæд, цыма, йæ уд æрдуйы хидыл дзедзылойæ аззад, ныртæк- кæ, уыцы æрду аскъуыйдзæн, лæг расхъиудзæн æмæ ма, цыма, йæ фæстаг ныфс, йæ фервæзыны хос мæ къухты ис, уыйау мæм уыцы лæгъстиаг æмæ тæригъæддаджы цæстытæй ныккаст... Рызтысты йæ былтæ, рызтысты йæ - къухты æн- гуылдзтæ... рызт æгасæйдæр йæ буар, афтæмæй ма сфæрæзта куыд- дæрты: — Лæппу, кæм ис дæ фыд? — Æвæццæгæн, фос хизынмæ ас- къæрдта, — лæджы æвирхъау уа- вæрмæ кæсын мæ бон нал уыд æмæ иуæрдæм азылдтон мæ цæстытæ. — Кæдæм аскъæрдта? — Нæ зонын... фынæй уыдтæн... ницы мын загъта... — Рæвдздæр, хъæубæстæй искæй афæрс! Цыдæр фыдбылыз кæй æрцыди æмæ аххос мæ фыдмæ кæй хауы, уый тасæй мæхи гæв-гæв дæр ссыд. Зæрдæ ауазали риуы æмæ ме ’фсæр- тæ сæхи кæрæдзийыл ныххостой... æмæ дын иу сæррæттæн дуары æд- дейæ февзæрдтæн, уынджы мæ цæст куы никæуыл æрхæцыд, уæд мæ ных сарæзтон Уазноты ’рдæм. Уазнойы ус Цыбыроны кæрты бай- йæфтон. Куы мæ ауыдта, уæд мын афтæ: — Райхъал дæ цы, мæ лæппу? —О, фæлæ, цымæ мæ фыд фос чеодæм аскъæрдта? — фæрсын æй. — Æнхъæл дæн, Мацхарийы ’рдæм. Нæ лæг дæр йемæ ис... Рацу... Дæ фыд Чъребамæ дзул æлхæнын- мæ цæуинаг у æмæ уал мах лæ- джимæ фосы цур фæлæудзынæ. Ра- хиз мидæмæ æххормагæй ма ацу. Æххормаджы маст ма кæй уыд иу тæррæстæн фæстæмæ тыргъы смидæг дæн. Мæ иу къах къæсæрæй фæмидæг, иннæ æддейæ аззад, афтæмæй дурдзавдæй баззадтæн мæ мидбынаты. Мæ тæккæ цæстыты раз хæдзары бæстыастæу, пецы фарсмæ, зæх- хыл æхцайы къонатæ калд. Чысыл 10
раздæр, æррайау, къуымты чи срæ- уæг æмæ сæ чи сфæлдæхта, уыцы æнæзонгæ лæг хæбæццæй бады зæххыл, æхцайы къонатæ йæ тæк- кæ размæ æрбассывта æмæ диссаг уыд уый цæсгом æмæ уый æнгуыл- дзтæм бакæсын. Цыма сыл æндзыг низ бахæцыд, уыйау зыр-зыр код- той къухы æнгуылдзтæ, афтæмæй тагъд-тагъд нымадта æхцатæ! Фыц- цаг йæхинымæр, стæй былтæ дæр, къухты æнгуылдзтау, змæлын рай- дыдтой... Иæ мынæг гуым-гуым-иу райхъуыст. Нырма сабыр, стæй был- тæ тынгæй-тынгдæр куыд змæлы- дысты, афтæ лæджы гуым-гуым дæр хъæрдæрæй хъусын райдыдта «иу... дыууæ... æртæ... цыппæр...» нымад- та æмæ нымадта... Уыцы тæккæ уысм ницы уыдта, ницы хъуыста... ничи дæр æй æндавгæ кодта. Зæгъ- гæ, уыцы тæккæ сахат хæдзарыл арт сирвæрст, — йæ мидæг судзы, —йæ нымад нæ фехæлдтаид, нæ дæр фæчъил уыдаид, афтæ æд æхцатæ басыгъдаид арты. Уымæн æмæ уыд- та æрмæстдæр æхца-гæххæттытæ... хъуыста æрмæстдæр йе ’нгуылдзты бын æхца-гæххæттыты сæр-сæр æмæ йæ зыр-зыргæнаг хъæлæсæй кæрæдзийы фæдыл хъуыстысты уы- цы иугъæдонæй «иу... дыууæ... æр- тæ...» Лæджы ахæм уавæры куы фед- тон, уæд дзы фыццаг фæтарстæн, зæгъын, кæд йæ зонд фæхæццæ. Фæлæ куы бамбæрстон, чысыл раз- дæр, æр_райау, кæй агуырдта, уы- дон уыцы æхцатæ уыдысты,,уæд иу- чысыл æрсабыри мæ з’æрдæ. О, фæ- лæ сæ кæм ссардта, хæдзар, бул- къау, куы скъахта, мысты хуынкъ дæр æнæсгæрст куынæуал ныууагъ- та, уæд ма кæм разындысты?.. Æп- пынфæстаг, фæкомкоммæ дæн лæ- джы фарсмæ афтидæй зæххыл æп- пæрст постхæссæджы хызынмæ. Хызын — цъыфы змæстытæ. Иæ фарсмæ та — голлаг. Голлаг фен- ,гæйæ, мæ цæстытыл ауад, дысон мæ фыд ацы лæджы тæрхæгыл мард- æфсон куыд баппæрста, хызын гол- ладжы куыд нывæрдта æмæ йæ ацы лæджы нывæрзæн куыд бавæрдта. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ лæг нымад фæци йе ’хцаты къонатæ, цыдæр ахъуыды кодта æмæ та сæ ногæй нымайын райдыдта, ныр йæ нымад бæстондæр æмæ хъавгæдæр... Уадид мæ зæрдæ фæкъæпп ласта, æвæццæгæн, зæгъын, æхцатæй фæ- хъуыди æмæ аххос мæ фыдмæ ма аппара! Бандзыг дæн къæсæргæ- рон. Ныр æхцаты хицау нæ, фæлæ мæхæдæг тыхсын райдыдтон æмæ, æвæццæгæн, уыцы уысм æнæзонгæ лæгæй мæн тынгдæр бафæндыд æхцатæ цух куынæ разындаиккой, уый. Лæг дыккаг хатт дæр нымад фæцис йе ’хцатæ. Ахъуыды кодта æмæ та сæм бавнæлдта ногæй ны- майынмæ... «Еныр, гъе, — асасти мæ хъару, — цух сты æнæмæнг». Æваст мæ цæстытыл ауад мæ фыдимæ ацы рæсыд, зылындзæст куыд хыл кæн- дзæни, стæй милици ахстæй куыд акæндзæн мæ фыды æмæ мах, мæ хотæ æмæ гыцци куыд кæудзыс- гæм йæ фæстæ. Мæ хъуыдытæй мæ зæрдæ суынгæг — æмæ мын цыдæр æнæуынон фестад уыцы лæг йе ’хцатимæ. Æниу ын цымæ кæм уы- дысты уый æппæт æхцатæ? Кæд искæцы уагдон фæхаста? Æниу уый цыфæнды кæнæд... фæлæ æз... мæ кæуындзæг мæ хъæлæсы ныф- фидар æмæ йæ нал уæлæмæ сæп- парын мæ бон у, нал фæстæмæ аныхъхъуырын. Æртыккаг хатт лæг йе ’хцатæ нымад фæци... æмæ йæ мидбынат æдзæмæй баззад... йæ цæнгтæ йæ уæрджытыл æппæрстæй, цыма йæхи ’нæ уыдысты, уыйау. Æрлæмæгъ лæг. Иудзæвгар афтæ фæбадт, стæй йæ хызын йæ цурмæ æрбайста æмæ дзы цадæггай æхцайы къонатæ æмæ цавæрдæр гæххæттытæ фæстæмæ æфснайын райдыдта. Æфснайд сæ куы фæцис уæд къæхты бынæй сулæ- фыд, цыма айнæг хох йе ’ккойæ ахаудта, уыйау, цары ’рдæм скаст æмæ йæхиуыл дзуæрттæ афтыдта: — О, стыр хуыцау, табу дæхи- цæн... Мæ сывæллæтты мын фыд- былызæй бахызтат. Æз бамбæрстон, æхцатæй кæй ницы фæхъуыд, уый, æмæ уыцы уысм зын зæгъæн уыд, мæнæй уыцы лæгæй кæуыл стырдæр цин æрцыди. — Лæппу, базыдтай йæ, дæ фыд йæ фос чердæм аскъæрдта, уый? — О, — зæгъын батылдтон мæ сæр. Фырцинæй мæ Цыбыроны фæ- дзæхст дæр ферох, æххормагæй ма ацу, зæгъгæ, афтæмæй уыцы æна- 11
хуыр лæджы фæдыл фæраст дæн. уыцы æхцаты хицæутты дæр куы Райсомы хуылыдз мигътæ сæхи сæфтай... зæххæй уæлæмæ систой, арвы тыгъд- — Сæ хæдзæрттæ фехæлæнт, знон ады алæзæрдысты æмæ се ’хсæн- мыл уым мæ каисты лæппутæ ам- тæй хуры цæст фæхудти. бæлдысты, нæ сын куымдтон, кæм Мæ фыд æмæ Уазно, фос кæдæм ма мæ ныууагътой... æфсæрмæй- æфтыдысты, уыцы мæнæуы хуы- æфсæрмæй мыл кæйдæр чындзы ми мы кæрон слæууыдысты, фосæй-иу æрцыд. Лæгыл ныттыхæй вæййынц хуыммæ чи æфтыд, уый-иу фæстæ- æмæ... нозт та æртæ сыкъайæ куы мæ хъæды сыздæхтой. фæфылдæр вæййы, уæд лæгæн йæ Дæлбылæй нæ сæртæ куыд сдард- зондыл йæ бар нал фæцæуы, — йе там, афтæ Уазно дардмæ базыдта, зноны нозт йæ фарсæй кæй фæци, мемæ цы æнахуыр лæг уыди, уый. ууыл фæсмон кæнгæйæ, дзырдта — О, хуыцау дын ма уа, Сардо, Сардо. — Хъуыды ма кæнын: хæрды кæд уый цыхуызæн дæ, — салам мæ цыппæртыл куыд сбырыдтæн, раттыны бæсты йæ уайдзæфтæ фæ- уый фæстæ цы бадæн, уымæн ни- раздæр сты Уазнойæн. —Уый Цъу- цыуал базыдтон. Уас дын хуыцау би-. нары хъæусоветы постхæссæг у. рæ цæрæнбонтæ радта Миха — мæ Кæд зонгæ не стут, уæд базонгæ ут. хæрзгæнæг! Мæн фыдбылызæй чи — Сардомæ ацамонгæйæ, загъта мæ бахызта... æндæр исчи мыл куы ам- фыдæн. , бæлдаид, уый бæрц æхца... Ацу æмæ Мæ фыд йæ къух бадаргъ кодта йæ агур. Сардомæ. Фæлæ уый æваст мæ фы- — Де ’хцатæ дын куы ничи ахас- ды раз йæ зонгуытыл æрхауд æмæ таид, уæддæр уыцы уазал цъыфы, цыдæр тæригъæддаг хатыркурæджы ахæм уаргæйы дæлгоммæ хаудæй хъæлæсæй райхъуыстысты йæ уд- куы баззадаис, уæд дæ рæуджытæ хайраджы ныхæстæ... басыдаиккой æмæ дæ балгъитæг —Бузныг, Миха, бузныг, куыд-дын дæр афтæ! Хорз уыд, æмæ тамако раарфæ кæнон, нæ зонын... Æгас сысгътон æмæ дæ уый рухсмæ хъæусоветы ахуыргæнджыты æмæ суыдтон;—сабырæй бамбарын код- службæгæнджыты æртæ мæйы та мæ фыд. Фæлæ йын нæ загъта мызд, стæй пенси чи исы, — се ’ппæ-, горæтгæрон хæрдысæрæй йæ уаргæ ты æхцатæ куы фесæфтаиккой... æмæ астæумæ цъыфы йе ’ккой кæй Мæхæдæг ахæстоны ныммардаин, фæхаста, уый. мæ сабитæ та... Дыккаг æви æртыккаг бон изæ- — О, æмæ уаих фæуай, уанцон рæй. Сардо сæхицæй фыс æрба- нозт нæ уыди, дæ фæрстæ дзы куы скъæрдта. Йемæ æрбахаста нозт атыдтай, æви дзы дæхицæн бафсис дæр, мæ хæрзгæнæгæн арфæ ракæ- æнхъæл нæ уыдтæ? — бауайдзæф нон, зæгъгæ. Хъæубæсты лæгтæ æр- ын кодта Уазно. — Ау, уыйбæрц æмбырд сты, фыс аргæвстой æмæ æхцайы бæрны бацу æмæ мацæуыл суанг фæсахсæвæртæм гаджидаутæ ахъуыды кæн... Дæхи йеддæмæ ма уагътой. Цхинвал, 1988 2. Мæлæты куыд абырстон Ме ’нæуынон сты, хæсты быдыры лæгæргæвдæны чи бахауд æмæ йæ- хицæй чи феппæлы: æз мæлæтæй нæ тарстæн, зæгъгæ, уыдон. Афтæ чи фæдзуры, уыдоныл макуы бау- уæнд. Мæнæ æз, æргомæй уын зæгъ- ын, тарстæн, æмæ цыхуызæн! Топ- пы хъæр-иу куы фæцыд, кæнæ-иу сармадзаны нæмыг искуы куы срæмыгъта, уæд-иу фыртæсæй мæ уд мæ зæвæттæм æрхæццæ. Нæ зо- нын, цæмæн мæм афтæ каст, фæ- лæ, цыма, фыдызнаджы алы топпы нæмыг дæр комкоммæ мæнмæ арæзт уыди. Фæивгъуыдта-иу мæ æрмæстдæр уымæн, æмæ-иу рага- цау мæхи æмбæхсыныл кæй фæдæн. Де знаг гæды зæгъæд... фыццаг хатт фронты раззаг хахмæ куы ба- хаудтæн... фыртæсæй мæ уд афтæ стæнæг æмæ-иу æхсæв фыдфынты хай æрбадæн. Знаджы топпы нæ- мыг-иу цавæрдæр æбуалгъ сырды хуызæн фестад. Расур-басур-иу мæ систа æмæ-иу цы хуынкъ, цы зыхъ- хъыры нæ алæстæн, ахæм нал баз- 12
зад. Фырутæхсæнæй-иу афтæ ныф- фæлладтæн, æмæ-иу куы райхъал дæн, уæд-иу мæхи фæхты ных- хойæгау хатыдтон. Уæлдай тас, уæл- дай зынтæ та фыццаг бонты бав- зæрстон. Мæ уд æппынæдзух схæпп- æввонгæй мæ былалгъыл бадти... къуырийы бонмæ мын базонæн нал уыд, мæ сæр, миты хъæпæнау, сурс, ме стджытыл фыды мур нал аззад. Иудзырдæй, худæджы хос фестад- тæн æнæхъæн ротæйæн. 0> æмæ уын ныртæккæ цы хабар радзурынмæ хъавын, уый дæр мыл фронты раззаг хахмæ куы бахауд- тæн, уыцы фыццаг бонты æрцыди. Хъуыддаг та афтæ уыди, мæ хур акæнай, æмæ махуæттæ æмæ немы- цæгтæ иу бæрзæнды сæрыл мæлæт- дзаг тохы куы бацæуиккой. Уыцы бæрзæндæн та стыр стратегион ны- саниуæг уыди æмæ йæ знæгтæ ни- цы хуызы лæвæрдтой. Бæрзæндыл сарæзтой, сармадзаны нæмыг кæй нæ фехæлдтаид, ахæм фидар-дзот Бомбæтæ дæр ыл калдтой махуæт- тæ хæдтæхæгæй... æхстой йæ иу- уыл уæззаудæр æмæ хъомысджын- дæр сармадзантæй, фæлæ, марадз зæгъ, ницы йын фæрæзтой. Уыцы бæрзæнд та махуæтты тынг хъыгдардта размæ абырсынæн. Ахæм ран уыд, æмæ-иу махуæттæ хъазуа- Ты куы алæбурдтой, уæд-иу сыл уыцы бæрзæнды сæрæй нæмыг, их- уарæгау, нызгъæлстой. Æмæ та-иу нæ размæбырст фæсыкк. Нæ хæс- тонтæй-иу иутæ бæрзæндмæ схизæн- ты баззадысты, иннæтæн ма-иу сæ удтæ тых æмæ фыдтæй раирвæз- тысты. Цалдæр хатты бæрзæнд си- сынмæ танкæтæ дæр арвыстой, фæ- лæ æмхæрд ссæуын сæ бон нæ ба- ци. Уæлейæ сæ танкæты ныхмæ хæцæнгæрзтæй немыцæгтæ æргæ- рæхтæ кодтой. Иудзырдæй, уыцы бæрзæнд, цур- кау, нынныхст нæ размæбырсæг ,æфсæддон хæйтты ’хсæн æмæ сæ размæ акъахдзæф кæнын нæ уагъ- та. Æмæ дын иубон не ’фсæддон ха- йы цыдæриддæр сармадзантæ уыд, уыдон ихуарæгау куы нызгъалик- кой уыцы бæрзæндыл. Сармадзан- гы æмхуызон нæрын афтæ тынг уы- ди, цыма бæстыл хъаймæты бон æркодта, рызти бæстæ, хур æмæ зæххы ’хсæн ныббадтысты сау мы- лазон мигътæ æмæ нал зынди арвы цъæх. Уыцы æвирхъау богъ- богъ æмæ зæрдæйыл тасæфтауæг æхситтæй мæ уд афтæ стæнæг, æмæ, цæйау фæзæгъынц, фæдзæлау, су- дзины бын дæр алæстаин. Мæ хъус- ты ма къæрмæджытæ бæргæ нын- надтон, æмæ уый размæ цы æнæ- ба{*ы уæлæнгай акъопп ракъахтон, уым дын мæ сæр куы фæцæвин... æмæ цыма мæ уд мæ буарæй фæ- хицæн, æрдæг марды хуызæнæй бандзыг дæн. Нæ зонын, цас рæстæг фæдæн ахæм уавæры, фæлæ дын мæ иу- рæстæджы фæстейæ цыдæр куы срæхоид. Афтæ мæм фæкаст, цыма знаджы джебогъы бырынкъ суанг мæ хъæлæсмæ сфардæг. «Еныр, гъе, зæгъын, мæ мæлæты бон æрхæц- цæ», — уыцы хъуыды схæлбурцъ кодта сæры магъзы æмæ мæ мид- бынат мæ цыппæртыл дæлгоммæ фæхæбæц дæн. Дызæрдыг нал код- тон, ме ’рбадæнты джебогъы бы- рынкъ сагъдæй суанг мæ хъæлæсы онг кæй сфардæг, ууыл, мæ туг цыхцырджытæ кæй ныллæууыд, ныртæккæ кæй равдæлон уыдзынæн, схæпп кæндзæн мæ уд æмæ мыл мæ рухс дуне батар уыдзæн. Ме ’муд æрцæуын мын нæма бан- тыст, афтæ та ногæй, ох, уыцы æл- гъыстаджы джебогъы бырынкъ. Ацы хат рыст афтæ тынг уыди, æмæ мæ цæсты гагуытæ фындзы хъæлмæ рагæпп ластой. Цыдæр- гъуызон мæ иу хъусæй къæрмæг ра- хауд æмæ, гæзæмæты мæ хъустыл ауад: — Уæлæмæ! Ницæйаг уыры! Аф- рикæйаг страусау йæ сæр зæххы нытътъыста, йæ фæстаг та арвмæ ныхъхъил кодта. Раз-мæ-æ-æ! Де знаг гæды зæгъæд, цы ’рцыд, уымæн уыцы уысм ницы бамбæрс- тон. Африкæйаг страус мæ цæмæн рахуыдта, уый дæр фæстæдæр æр- хымпырдтон. Фæлæ дын, цæвиттоны хъуыддагæн, мæ хъусты къæрмæ- джытæ тъыст кæй уыди, мæ сæр та акъоппы тъыст, уый тыххæй нæ дæр уынгæ фæкодтон, нæ дæр — хъусгæ, артиллерион зынджы фæс- гæ ротæ бæрзæндмæ хъазуаты кæй абырста, æз та мæ бынаты æндзыгæй баззадтæн. Уыцы хабар нæ ротæйы командир бафиппайдта, уый размæ 13
д&р мын цалдæр хатты бауайдзæф кодта, мæ гуыр æнæхъæнæй нæ, фæлæ æрмæст мæ сæр æмбæхсыныл кæй фæвæййын. Æмæ та мæ ацы хатт дæр ахæм уавæры куы федта, уæд мын йæ цырыхъхъы фындзæй мæ фæстаг афтæ тынг скъуырдта, цæф афтæ риссаг уыд, æниу, чи- зоны, афтæ риссаг дæр нæ уыди, фæлæ мæ фыртæсæй мæнмæ афтæ фæкаст, цыма мæ чидæр фæстейæ джебогъæй срæхуыста... Æмæ дæ балгьитæг дæр афтæ, пуртийау, уæлæмæ фæхаудтæн, æмæ, æйда мардзæ, мæнæ тæппуд тæрхъу- сы рувас куыд æрсуры æмæ уы- мæн йæ гæппыл цæст куыднæуал хæцы, афтæ æз дæр бындз фестад- гæн. Нæ зонын, æвзæр, дам, йæ удæн тæрсы, фæзæгъынц, ме ’взæр уын дзурын, цыма знаджы джебо- гъы бырынкъ мæ фæстаджы ныс- сагъд æмæ мæ мæлæт фæстейæ суры. Цы тых æмæ мын цы базыр- тæ базад. Гæппдугъæй фæцагайд- тон иннæты фæдыл, ура-а-а! хъæр- Гæнгæ. Фæлæ кæдæм лыгътæн, цæ- мæн лыгътæн — уыцы тæккæ уысм мæ бафæрс, дзуапп дын нæ рат- таин. Лыгътæн, цæмæй мæ фæстейæ цы мæлæт суры, уымæй аирвæзон, — разæй цы ис, уый мæ не ’ндæвта. Нæ дæр исты уыдтон, нæ дæр исты хъуыстон, нæ дæр, ме ’мбæлттæ хъазуаты кæй ацыдысты, уыцы бар-' дзырд фехъуыстон. Ме ’мбæлтты бæрзæнды тæккæ хæдрæбын бай- йæфтон... Уæлейæ бæрзæнды сæрæй та æваст скуыста знаджы пулемет, махуæттæй та цалдæр зæххыл хауд- æй аззадысты... иннæтæ æрхуысы- дысты зæххыл. Нæ рахатыдтон сæ сæрты куыд гæппытæ кодтон æмæ се ’ппæты разæй куыд фæдæн, раст уын куы зæгъон, абон дæр ын ни- цы зонын... мæ фыр хъæр æмæ ура- йæ ницыуал дæр хъусгæ кодтон, ницыуал дæр — уынгæ. Иуафон ме ’мбæлттæй кæйдæр æрдиаг «æр- хуысс!» — зæгъгæ, мæ хъусы кæро- нæй ацахстон. Фæлæ цæй æрхуысс æмæ цæй цыдæр. Æз мæлæтæй лыгътæн æмæ ма æрхуыссынмæ кæй æвдæлд. Æуыцы хæрды дын куы фæцагаин... æмхæрд мын зын суа- йæн уыд, хатт-иу фæбырыдтæн æмæ- иу мæ уæрджытыл æрхаудтæн... Фæлæ-иу мæ уæрджытыл дæр бы- рыдтæн, куы та-йу м& гуыбыныл фæтъæпæн дæн æмæ-иу уæд та мæ цыппæртыл фæцагайдтон. Æниу чысылæй фæстæмæ хæхты схъомыл дæн. Хæрдтæ æмæ уырдгуытæ мæн- мæ нымады дæр нæ уыдысты, гæ- дыйæ уæлдай нæ уыдтæн къæдзæх- тыл бырынмæ. Фæлæ ацы ран, бæрзæнды фарсыл, сармадзантæ æмæ хæдтæхджытæй цы бомбæтæ згъæлстой, уыдонæй сыгъдæг дзыхъ- хъытæ æмæ уæрмытæ фестад. Уый мын зын кодта æмхæрд суайынæн æмæ дын æз дæр иу уæрмæй ин- нæмæ уæлæмæ-уæлæмæ хылдтæн мæ цыппæртыл. Уæлейæ мæ немыц нысанмæ систой... нæмыгуытæ цъы- гъгъуытт кодтой мæ сæрты æмæ мæ иу фæрсты. Фæлæ, тыртынайау, дыууæрдæм рагæпп-багæппгæнгæ, мæ бынат ивтон. Æниу знаджы нæмгуытæй цалдæрæн мæ каскæ- йыл сæ зуыгъ-зуыгъ ссыд, хуынкъ дæр фæци, фæлæ уыцы хабар æз фæстæдæр базыдтон, уæд æй ни- цæмæ æрдардтон. Афтæмæй дын, мæ хур акæнай, мæ фыртас æмæ фырзнæтæй фæрсæрдæм æгæр баив- гъуыдтон æмæ бæрзæндæн йæ фал- лаг фарс куыд февзæрдтæн, уымæн ницы базыдтон. Æхсты уынæр мæ хъустæ уадиссаг нал ахстой. Ныф- фæсус дæн æмæ ма, урра-а, зæгъгæ, хъæр кæныныл бæргæ архайдтон, фæлæ мæ хъæр мæхицæй дарддæр никуыдæмуал хъуыст. Ницы дæр уынгæ кодтон мæ развæндаджы йеддæмæ. Æниу бæрзæнды фаллаг фарс афтæ дзыхъхъытæ æмæ уæр- мытæ нæ уыди. Æмæ мын уый фен- цондæр кодта мæ фæндаг. Æмæ дын, хуыцау хорз ракæна, фæстæ- ты бæрзæнды цъупмæ куыд схæц- цæ дæн æмæ немыцы акъоппы куыд смидæг дæн, де знаг гæды зæгъæд, — ницы йын бамбæрстон. Чысылтæ ма мæ зæрдыл лæууы, акъоппы дыууæ немыцаг салдаты æхсæн, арвæй æрхауæгау, æваст куыд февзæрдтæн, уый. Уыдон дæр æмæ æз дæр, мæхæдæг, кæлмдзæ- фау фестæм, немыц мæнæй фæтар- стысты, æз — уыдонæй. Иу хуыцау хорз, æмæ мæхæдæг ме ’муд раздæр æрцыдтæн, стæй, æвæццæгæн, тæрс- гæ дæр тынгдæр фæкодтон. Тарст лæг та цынæ кæны, фæстæмæ ма акъоппæй сгæпп кæнынмæ хъавыд- тæн. Фæлæ лæджы æмбæрц акъоп- 14
пæй цалынмæ фæуæлбыл уыдаин, уæдмæ немыц се ’муд æрцыдаик- кой æмæ дæ балгъитæг афтæ, уы- цы акъопп мæ ингæн фестадаид. Æвæццæгæн хуыцау мæ æххуысгæ- нæг уыд, æмæ немыцæгтæ афтæ фенхъæлдтой, фæстæты не ’фсад бæрзæндмæ слæбурдтой, æз иунæг нæ дæн, æмæ сæ тых асаст, се уонг амард. Уый бамбæрстон æмæ уысм- мæ мæ хъуыды скарста. Мæхæ- дæг куыннæ фæцырд уон, — сыхыр- на фестдзынæн. Айтæ-уйтæ нал фæ- кодтон, сæ иуы дзы агæрах ластон, иннæ цалынмæ йе ’муд æрцыд, уæд- мæ йын мæ джебогъ йæ тæнтæм фæцарæзтон æмæ уый дæр йе ’мба- лы фарсмæ æрфæлдæхт. Уыдонæй мæ бæрæг куы базыд- тон, у’æд ма, мæ фыртыхст æмæ тасæй акъоппы дыууæрдæм арауай- бауай кодтон... мæрдтæ... алы ран дæр мæрдтæ... кæрæдзийыл фæл- дæхтытæй. Æрдæгныгæдтытæ, сы- джыты, бынæй ма кæмæн йæ цонг зынди, кæмæн йæ къах, кæмæн йæ сæр... Бæрæг уыд, нæ артиллери сæ, ам бæрзæнды цъуппыл, акъоп- пыты, æрдæгныгæдтытæ кæй нык- кодта. Акъоппыты змæлæг ничиуал уыд. Иуафон бæрзæнды рæбыны ’рдæм фæкомкоммæ дæн... уым мах- уæттæ бынæй хæрдмæ, бæрзæнды цъупмæ тырнгæйæ, куыд цагъды кæнынц, уый куы рахатыдтон, уæд мæм бахъардта æмæ йæ мæ зонд бæстон-бæрæг æрцахста, кæм дæн æмæ цы тæссаг ран смидæг дæн. Мæ сæрыхъуын фыртæсæй уырдыг слæууыд, мæ буар цыдæргъуызон сгæв-гæв кодта. Цы чысыл уд ма мæ уыд — суанг зæвæттæм æрхæц- цæ, уæлдайдæр та, куы федтон, цал- дæр боны нæ сармадзантæ æмæ хæдтæхджытæ цы немыцаг фидар ныппырх кæныныл архайынц, æмæ йæ ныппырх кæнынæн сæрфат кæ- мæн ницы арынц, уыцы фыдбылызы фидары фарсмæ кæй лæууын. Кæдæм æмæ цы уавæры бахауд- тæн, куы бамбæрстон, — баууæндут мыл, хъуамæ сгæпп ластаин акъоп- пæй æмæ ныббызырттæг уыдаин нæхиуæтты ’рдæм. Фæлæ, нæ зонын, Цы тых мæ баурæдта. Цыма мын исчи мæ цинелы дымджытæ ацахс- та ^æмæ мæ фæстæмæ æррæцыгъта, уьшау мæ мидбынат акъоппы фæ- тъæпæн дæн. Диссаг у, æвæдза, адæймаджы удыхъæды сконд. Ахæм къуырццдзæвæны адæймаг хатт, фервæзынæн амал цы хъуыддагæн нæ вæййы, уым йæ зонд æваст уы- цы раст хъуыды скæрды. Абон дæр ма йыл дис кæнын, не ’фсæддон хайы уыйбæрц сармадзантæ тых кæ- мæн нæ ардтой, нæ хæдтæхджыты бомбæтæ кæмæн ницы ракодтой, уыцы фидарарæзт дзот афтид къух- тæй басæттыны хъуыды мæ сæры куыд фæзынди. Уыцы хабар та æгæр ныфсхаст æмæ тæссаг уыди. Æниу ныр бæр- зæнды цъуппыл æнæсæрфатæи, æр- раиау, куыд февзæрдтæн, афтæ нæ, фæлæ мæ хъуыды бæстон бæрæг скарстон. Разæй дзоты хъавæн хуынчъытæ истæмæй сæхгæнын кæй хъæуы, фæлæ цæмæй? Мæ алыварс аракæс-бакæс кодтон æмæ дын мæ цæстытæ сæхи скъуырдтой, уый раз- мæ мæхицæн мæлæты тасæй æваст кæй æрбамардтон, уыцы немыцаг салдæттыл. Айтæ-уйтæ нал фæкод- тон, æрбаластон сæ æмæ сæ дзоты сæрмæ тыххæйты стылдтон, уырды- гæй сæ дзоты хъавæн дзыхмæ æрæп- пæрстон. Мæрдтæ сæхгæдтой дзо- ты хъавæн хуынчъытæ. Мидæгæй цы немыцæгтæ бадт, уыдон ницы- уал уыдтой... Нæмгуыты къæр-къæр ма хъуыст, фæлæ немыцаг мард салдæтты буæрттæй дарддæр сæ нысаныл нал æмбæлдысты. Немыцаг пулеметты æхст куы фæ- сыкк, уæд махуæттæн фадат фæци æмæ хъазуатæй сцæйлæбурдтой бæрзæнды сæрмæ. Æз, уыцы хабар фенгæйæ, мах- уæтты ’рдæм, размæ ут, зæгъгæ, мæ худ тилгæ, ныхъхъæр кодтон. Раст уыцы рæстæджы, дзоты • дуар фе- гом... æмæ æддæмæ рахызт немыцаг пулеметæхсæг æмæ мæ сгæрах код- та... Бамбæрстон ма, размæ кæй фæ- цудыдтон, стæй цы бадæн, уымæн ницыуал хъуыды кæнын. Иу къуырийы фæстæ мæхи æрæм- бæрстон быдырон госпитæлы. Мæй æмæ æрдæджы фæстæ аздæхтæн ме ’фсæддон хаймæ. Де знаг гæды зæгъæд, командир- æй райдайгæйæ, суанг нæ ротæйы хæринагаразæджы онг, мæнæн чи нæ фæбатæ æмæ фæхъæбыстæ код- та, ахæм нал уыд. — Ех, уыры, уыры! Ды уыры нæ, фæлæ згъарæг куы басгуыхтæ, — 15
хынджылæг мæ кбдта нæ командйр. Уыцы уарзæгой цæстæй мæм æрба- каст. Ноджы ма мын мæ риуыл ор- ден куы басагъта, уæд мæ кад ме ’мбæлтты цæсты сырæзт. Уыцы хабары фæстæ мæ уыры нæ, фæлæ згъарæг хонын райдыд- той. Æмæ мын уый се ’ппæтæй æх- сызгондæр уыди. Уыры уыры у... згъарæг та — згъарæг! Кæм куырм мыст æмæ кæм—згъарæг.Æниу сæй- 3. Бердзенты хиуа Сатирикон радзырд Амард, йæ райгуырдæй йæ мæ- лæт адæмæн æхсызгондæр кæмæн уыд, йæ сæры æрдуйæ йæ къахы ныхмæ марджы æвдылд чи уыд, уыцы номдзыд хахуыргæнæг бер- дзенты Хиуа. Амард, цæйау фæзæ- гъынц, лæджы мардæй нæ, фæлæ куыдзы мардæй, æнæхицау, дзæ- гъæлæй. Амард тъæнджы мæйы карз хъы’зты æмæ йын йæ мæлæт дæр суанг уалдзæгмæ ничи базыд- та. Ничи дæр æй базыдтаид, — йæ хъасты фæдыл районы прокурату- рæйæ куынæ ’рбæцыдаиккой, уæд. Æниу цæй хъаст... хахуыр... ацы хатт йæхæдæг йæхиуыл... Уæлæуыл ын ницы баззад, нæ—фæллой, нæ — бинонтæ, нæ — зæнæг, нæ — хион исчи ахæм... Бæргæ йын ус дæр уыд, зæнæг дæр... Фæлæ дзы уыдон дæр æмæхсæвæджы фæлыгъдысты, ха- хуыртæ сыл кæй фæфыста, сæ цардæй сын арвистон кæй сарæзта, уый тыххæй. Фæлыгъдысты дзы канд йæ бинонтæ нæ, фæлæ æгас хъæубæстæ дæр. Баззад, хъæды ха- лонау, зыбыты иунæгæй афтид хæ- дзары уазал къуымы. Куыд цард, цæмæй цард, — ничи йын ницы зыд- та. Никæй дæр уый æндæвта. Æр- мæст-иу изæры талынгæй райсомы боны рухсмæ.йæ рудзынгæй цыра- гъы мынæг рухсы цъыртт калд æмæ- иу адæм катæйтты ныххаудтой, кæй сæрыл та раскъæрдзæни райсом хъылматы зæй, зæгъгæ. Æмæ-иу уæд сæ зæрдæтæ бамæгуыр сты. Тæрсгæ-ризгæ-иу кастысты фыдбы- лызмæ. Хахуыр кодта алкæуыл дæр, йæ сыхæгтыл, колхозы сæрдарæй рай- дай æмæ суанг къанторæйы уæт- раг уый нæ уыди. Сæйраг мæлаёты тасыл кæй фæуæлахиз дæн æмæ, уырыйау, мæ сæр зæххы хуынчъы кæй нæуал тъыстон. Ныр мæлæ- тæй æмбæсхгæ нал, фæлæ лæгæй- лæгмæ йæ ныхмæ кæй æрлæууыд- тæн. Абон дæр афтæ æнхъæл дæн, æмæ æз мæлæтæй нæ, фæлæ мæлæт мæнæй фæтарсти æмæ мæм хæстæг нал æрбалæууыд. Цхинвал, 1988 аз тæсæрфæг сылгоймаджы онг. Æмæ- иу сыл цынæ аххосæгтæ æмæ фыд- ракæндтæ æрымысыд. Цал æмæ цал бинонты хъæрмуд цард сызмæс- та, цал æмæ цал чындздзон чызг кæнæ усгур лæппуйы зæрдæсæсты- тæ фæкодта... Хъæубæстæ æмæ ком- бæсты адæмæй йæ хъылматæй æнæ- фæхъæстæ куы ничиуал баззад, уæд та уæлдæр сывнæлдта, районы хи- цæуттæм, стæй областмæ дæр ахæц- цæ. Хахуыртæ фыссынмæ та зивæг ни- куы кодта. Уый нæ, фæлæ сæ æх- цондзинад иста. Цас фылдæр, уый-' бæрц æнцондæр уыд йæ удæн. Хатт- иу ын дæсмæ дæр схæццæ сты. Фыццаг уадиссаг сæ фыссынмæ нæ арæхст. Фæлæ, цæйау фæзæ- гъынц, куыдфæстагмæ йæ къух фæ- гæрз, æмæ, гъериа! Сау халæттау, тахтысты йæ хахуыртæ фæйнæ- рдæм. Фæстагмæ уыцы хъуыддаг ссис йæ куыст, йæ професси, йæ буары кæцыдæр хай, æмæ ма фыс- таид, уæд нортты низæй рынчын уыд. Уымæн æмæ-иу йæ хуылфы цы марг æртымбыл, уый искæй сæрыл куынæ алæмæрстаид, уæд-иу тъæп- пытæ фæцæйхауди йæ зæрдæ. Хиуа хахуыртæ фыссын, уартæ ма Хæлиукомы скъолайы, дæс æмæ ссæдз азы размæ куы куыста, уæ- дæй райдыдта. Йæ аххосаг та, се скъолайы историйы ахуыргæнæг Плиты Мисурæт декреты куы ацыди æмæ ын йæ сахаттæ скъолайы ди- ректор æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Галазты Земфирæйæн куы бахæс кодта, уæдæй фæстæмæ фæбæрæг. Цæвиттоны хъуыддагæн, Хиуайы афтæ фæндыд, цæмæй уы- 16
цы сахæттæ уЫмавй лæвæрд æр- цыдаиккой, фæлæ йын скъолайы директор Абайты Солтан загъта, зæгъгæ, иуæй ды математик дæ, ан- нæмæй та Земфирæ историон-лите- ратурон факультет фæцис. Куыд литературæ æмæ æвзаджы дæсны, афтæ историйы дæсны дæр у, са- хæттæ дæр æм дæуæй бирæ къад- дæр ис, зæгъгæ. йæхицæн ын куынæ сразы, уæд та сæ æрдомдта, зæгъгæ, сæ мæ усæн ратт. Уымæй дæр та ницы ра- уад, уымæн æмæ Хиуайы усмæ уæл- дæр’ ахуырад нæ уыди, аннæмæй та химийы предмет лæвæрдта æмæ, зæгъ, хими æмæ истори кæрæдзимæ ницы бар дарынц. Уыцы хабар цыдæр хъыг фæкаст Хиуамæ, йæхицæн æй æфхæрдыл банымадта. Иæ ускуырдыл мæйæ фылдæр нæма цыд, ног бинонтæн та алцы кæм фаг кæны, уæлдай- дæр уæды рæстæджы ахуыргæнæ- джы кадавар мызд ницæуыл æх- хæст. Кæм—хæдзары дзаума, кæм— уæлæдарæс, Хиуайы та уый фæнды- ди, йæ ус сегасæй рæсугъддæр æмæ зынаргъдæр уæлæдарæсы куы цæуид, стæй йæхæдæг дæр. Цæй- дæр дзæгъæйладжы машинæ æлхæ- нынвæнд дæр скодта. Фæндтæ — бирæ, дзыпп — афтид. Ныр ын чы- сыл æхцайы капеччытæ самал кæ- ныны фадат фæци, фæлæ йын сæ Абайы фырт йæ хъæлæсæй фелвæс- та, æмæ сæ, сæрхъуаг чи нæ у, уый хъæлæсы ауагъта. Уый та, Хиуайы хъуыдымæ гæсгæ, дзæгъæлы нæ уыди. Æвæццæгæн дзы сусæг лы- мæн аразынмæ хъавы. Æниу цы бæрæг ис, чизоны, ныр дæр лымæн- тæ сты. Амæйразмæ горæтæй иумæ иу таксийы дзæгъæлы не ’рбацы- дысты. Æмæ дын маст райсыны охыл фыццаг хатт йæ хахуыртæ куы ных- хыррытт кæнид районы рухсады хайадмæ... Ома ахуыргæнджыты мо- ралон цæсгом фæчъизи, Абайы фырт сусæг ЛЕлмæнтæ аразы скъо- лайы моймæ æнæцыд ахуыргæнæг чызджытæй. Уæлдайдæр та Галаз- ты чызг æрæджы фондзмæйдзыд æфхæлц кæй аппæрста, ноджы Аба- йы фыртимæ горæтмæ иумæ кæй ацыдысты æмæ йæ фæстæмæ так- сийыл кæй æрбаласта. Æмæ ноджы- дæр æмæ ноджкдæр алы хъклМй- тæ*«» Уыцы хахуыр фыстæджы фæстæ районы адæмон ахуырады хайад- æй æрбацыдысты. Бæрæг кодтой. Æгæрстæмæй ма, Галазонæн йæ чызгон намыс сыгъдæг кæй у, уый тыххæй йын сылгоймаджы цæсгом æгадгæнæг гæххæтт дæр æрбахæс- сын кодтой. Ницы сбæрæг, фæлæ дам ацыд, къæдзилтæ йыл разад, æмæ, гъериа, иугæр адæмы дзыхы бафтыд, уæд ацу æмæ ды сбæрæг кæн раст æмæ зылыны. Ахуыргæнджыты коллек- тивы ’хсæн, цыма, сау гæды азгъор- ста, — кæрæдзийæ тæрсын райдыд- той... Уыцы цъыфкалæн æххæст нæма басур æмæ та ногæй æрбахæццæ сты районæй, ацы хатт прокурату- рæйæ. Цыма, дам, Абайты Солтан асæрды скъолайы агъуыст куы цал- цæг кодта, уæд, цалцæггæнинаг цы хъуыд, уыдонæн се ’рдæг дæр арæзт не ’рцыд, афтæмæй æхцатæ прора- бимæ кæрæдзийыл адих кодтой. Рафæрс-бафæрс, ракъах-бакъах, — ницы та сбæрæг. Афтæ къуырийæ-къуыримæ, мæ- йæ-мæймæ къамис къамисы фæдыл, цы районы хицæуттæ ныффæрæз- той, цы скъолайы ахуыргæнджытæ. Хиуа хорз зыдта, уый размæ йæ ном Дзег хуынди, фæлæ-иу йæ хахуыр- тыл бынæй Хиуа бафыста æмæ фæс- тæдæр, хъуыддаг куы рабæрæг, уæд Дзеджы ном ферох æмæ йыл цæрæнбонтæм Хиуа ныпписи.. Иæ хахуыртæй ницы рауайдзæн, уый зыдта, фæлæ, зæгъгæ, уадз æмæ Аба- йы фырты зæрдæ уæхстыл судзæд, — цас тынгдæр, уыйас Хиуайы удæн — æхцондæр. Искæй удхар, æнæ- хъуаджы маст, зæрдæйы хъизæмар Хиуайы удæн — æвдадзы хос. Абайты Солтан нæ бафæрæзта уыцы хахуыртæн æмæ ног ахуыры аз йæхи æндæр скъоламæ аивын кодта. Скъолайæ ацыдысты ахуыр- гæнджытæй бирæтæ, уыдонимæ Га- лазты Земфирæ дæр. Скъоламæ æр- барвыстой ног директор. Цы бон æрбацыд, уыцы бон ахуыргæнджы- ты æрбамбырд кодта æмæ сæ кар- зæй ныффæдзæхста, хахуыртæ кæй нæ ныббардзæн, уый тыххæй. Ногæй та афæлвæрдта Хиуа фыл- 2. Журн. «Фидиуæг» №8. 17
дæр сахæттæ райсыныл. Йæ фæн- дæй та ниды рауад. Уый нæ, фæ- лæ йын йæ усы сахæттæ дæр уæл- дæр кълæсты байста æмæ сæ радта химийы предметæй дæсны ахуыр- гæнæгмæ. Нæ раппæлыд Хиуайæн йæхицæй дæр, йæ урокмæ йын бай- хъуыста æмæ йын комкоммæ загъ- та: «Дæхиуыл, куынæ кусаи, уæд дæ фидæнмæ дæ куыст ныууадзын бахъæудзæн». Ногæй та азæй кодтой хахуыртæ ног директорыл дæр районы хицæут- тæм. Фæлæ дын ацы хатт Аиуа къæсæрыл фæхиу ис. Ног директор хахуыргæнæджы фæйнæ фæрсты аив- вæй хъусдарджытæ равæрдта. Иу фæсахсæвæрты йын фехъусын код- той: Хиуайы уатæй фыссæн маши- нкæйы къæрцц-къæрцц хъуысы. Ди- ректор дыууæ лæппуимæ æнæнхъæ- лæджы Хиуайы уаты фæмидæг æмæ хахуыргæнæджы йæ фыдракæндьГ уæлхъус æрцахстой... Йæхи къухæй йын ныффыссын кодтой куырдиат, зæгъгæ, хахуыртæ кæй фæкодта йе ’мбæлттыл, скъолайыл, ууыл сæтты, семæ йын кусæн нал ис, æмæ йæ уый тыххæй йæ куыстæй куыд ссæрибар кæной, афтæ. Хиуайæн се ’ппæт дæр йе ’нæуы- нон фестадысты. Адæм кæй худынц, сæ къæхтыл кæй цæуынц, уый дæр æм хъыг кæсын райдыдта. А-ду- нейыл йæхи йеддæмæ куы никуы ничи уаид, уæд сулæфид, æрынцаид йæ зæрдæ. Æниу хатт куы ахъуыды кæны, зæххыл цæрæг куынæуал уа, уæд ма кæуыл фысдзæн хахуыр- тæ, уæд уысммæ фæсæццæ вæййы. Куынæ фысса, йæ зæрдæйы хъыл- матæ куы никæуыл лæмара, уæд ын йæхи бахордтой, цъыбыртты сыгъд сæ баци. Фæлæ удæгæстæ куынæуал ой, — фысдзæни мæрд- тыл, стæй та сæвналдзæн уæларв- мæ. Хæлиукомы скъолайы ахуыргæн- джытæ сæ гæбæр низæй фервæзтыс- ты, фæлæ уыйхыгъд Хиуа сæ хъæу- мæ цы бон фæзынд, уыцы бон сыл сæ хуыцау рахæтыд. Адджын & (æ хъæрмудæй цæргæйæ цæрæнбонты цы хъæубæстæ фæцардысты, уыдон дæлимонты æлгъыст фесты, æддæг- мидæг ауадысты. Сæ кæрæдзийæн фыдызнæгтæ фестадысты... Сæ хыл, хъаугъатæн кæрон нал уыд. Кæрæ- дзимæ карды ком æмæ топпы дзь(- хæй кæсын райдыдтой... Стæй, фыд- дæр фыдбылызтæй тæрсгæйæ, ныу- уагътои сæ фыдæлты хъарм уæз- гуытæ æмæ æмæхсæвæджы фесæф- тои сæ сæртæ. Хъæубæсты сæ уæзгуытæй куы ныддымдта Аиуа, уæд та йæ хахуыр- ты нук ныццарæзта йæ усы сæр- мæ... Сфæлмæцыди ус æмæ дзы йæ саоитимæ йæ цæгатмæ фæлыгъди. Æмæ баззад иунæгæй Хиуа. Иæ хъылматæ ма кæуыл лæмæрстаид, ахæм ын нæ уыд. Калын та сæ æнæмæнг хъуыд, уымæн æмæ, мар- гæидзаг кæлмытау, йæ зæрдæйыл стыхстысты æмæ, уæд хахуыртæ фыссын райдыдта йæхиуыл. Фыста, наккаг лæг кæй у, хуыцауы хъуг кæй аргæвста, кæйдæр усы кæй байста, кæмæндæр йæ хæдзарыл арт кæй бафтыдта, куырдта, лæгъс- тæ кодта, цæмæй æрбацæуой æмæ йæ кардæй лыстæг къуыхтæ скæ- ной. Æмæ æрбацыдысты... федтой... басгæрстой... æмæ загътой: хахуыр- тæ мæнг сты. Аздæхтысты фæстæ- мæ. Цалдæр боны сулæфыди Хиуа. Фæлæ та йæ хъæстæ риуы æрæм- бырд. Æмæ ныффыста йæхиуыл милицийы органтæм: Хиуамæ гол- ладжыдзаг сыгъзæринтæ æмбæхст кæй ис... Йæ фыд паддзахы къаз- на кæй ацыргъта æмæ уал азы сæ хæдзары бын ныгæд кæй сты, стæй йæм хæцæнгæрзтæ дæр æмбæхст кæй ис... пулемет... автомат... сар- мадзан. Цалдæр боны фæстæ æрбахæц- цæ сты районæй, фæкъахтой алы рæтты, скалдтой хæдзары къуым- тæ. Никуы æмæ ницы. Хиуайы се- мæ акодтой, ахæстоны йæ къуыри- йы бæрц фæдардтой... рафæрс... ба- фæрс, — нæ саст, алы æфсæнттæ кодта. Хорз æм дзы балæвæрдтой, зонд зоныны тыххæй. Хъыг ын нæ уыд, фæлæ æхсызгон. Иæ хахуырты фæдыл уал æмæ уал адæймаджы æнæхъуаджы сæ рæстæг кæй фе- сæфтой... сæ быны дон кæй бацыд. Æмæ урæдта, быхста йæ рыстытæ... Ахæстонæй йæ куы рауагътой, уæд, цыма, Хызы быдыры басгуыхт æмæ уæлахизæй фæстæмæ сæхимæ здæхт, уыйау сæрыстырæй цыд сæ- ■ химæ. 18
Æрбаздæхт æмæ та ногæй... Ацы хатт районмæ нæ, — областмæ. Ах- хосджын кодта районы милици æмæ фæдагурæг органты. Гæртамхортæ кæй сты, Хиуа сын æхца кæй ныб- баста æмæ йæ хъавгæ-худгæйæ, сæхи машинæйыл фæстæмæ кæй æрбаластой. Фыста Хиуа, йæ сыгъ- зæринтæ æмæ йæ хæцæнгæрзтæ æм- бæхстæй кæмыты дары, контррево- люционер кæй у, троцкист... анар- хист... фашист... монополист... ка- питалист... бандæйы сæргъ кæй лæууы æмæ Советон хицауады ных- мæ.сусæгæй кæй архайы. Æмæ та дын фæдисæй куы ’рба- хæццæ уаиккой областæй. Ногæй та ракъах-бакъах, раф!æрс-бафæрс æмæ та никуы æмæ ницы... Акод- той та йæ семæ. Хорз та йын фесты. Æмæ та йæ рауагътой фæстæмæ. Æрмæст æй ацы хатт æгæр карз бафхæрдтой. Иæ цæсты бынтæ цъæх, йæ кæлмхæрд дæндæгтæй дæр дыу- уæ нызгъæлæнтæ сты дзыхы. Фæ- лæ уымæй Хиуа ома хæрам искæ- мæ фæци? Куыннæстæй! Æхсызгон дæр ма йын уыд, йæхимæ цыдæр хъæбатыр фæзынд æмæ, цыма, йæ цæсгомыл кæйдæр къухты бæр- джытæ хорзæхтæ сты æмæ йын йæ хъæбатырдзинæдтыл дзурынц, уый- ау сæ буц уыд. Æмæ та ногæй... Ацы хатт уæл- дæр ранмæ; республикæйы проку- ратурæмæ! Хиуа «ультра» æмæ «контра» кæй у, сусæгæй раци кæй дары... зонæнтæ кæй æмбырд кæ- ны, фæсарæнтæм сæ кæй хъусын кæны. Фæдисæй фæзындысты республи- кæйы æдасдзинады органтæй... ра- фæрс-бафæрс, ракъах-бакъах... ни- куы æмæ та ницы. Семæ та акод- той Хиуайы. Цалынмæ алцы бæс- тон не сбæрæг, уæдмæ йæ нæ ра- уагътой. Цы йын хъуыд, уый та йын ракодтой. Фæлæ, марадз зæгъ... Ницы та йæм бахъардта. Ныххыррытт та ласта ногæй. Ацы хатт тæссаг, фæ- дйсь1 хабар! Комкоммае горæты эпидстанцийы хицæуттæм, цыма, цавæрдæр æнаккаг Хиуа марджы боцкъатæ аскъæрдта Леуахийы до- нæй горæты цæрджытæн нуазынæн Цы трубæты цæуы, уыцы бассейны. Эпидстанцæйы хицæуттæ афтæ тынг фæтарстысты, æмæ фæдисæй æрæх- гæнын кодтой горæтмæ дон уадзæн- тæ. Трубæты доны цъыртт нал, ра- тагъд, цалынмæ анализтæ нæ фæ- царæзтой, æмæ æххæстæй нæ бау- уæндыдысты, дон сыгъдæг кæй у, ууыл. Уæдмæ горæты цæрджытæн æнæдонæй сæ удтæ æрдуйæ нарæг- дæр систы. Уый фæстæ дæр ма цалдæр ха- хуыры амæй-ай хъылмадæртæ йæ- хиуыл ныффыста. Æнхъæлмæ каст, кæд та исчи фæзынид, фæлæ зал- ты мит ныууарыд, фæндæгтæ æрæх- гæдта æмæ суанг уалдзæгмæ, ца- лынмæ мит нæ батад, уæдмæ ничи- уал фæзынди. Районæй цы милиционер æрба- цыд, уый кæрты дуар бахоста. Ни- чи йæм ракаст. Бахъæр кодта. Дзу- аппдæттæг куынæ уыд, уæд схыз- ти хæдзары тыргъмæ. Уаты дуар— гом. Бахызт мидæмæ æмæ, цавд- ДУрау баззад. Фынджы фарсмæ дæргъæй-дæргъмæ адæймаджы стæг- дар. Бæрæг уыд, раджы кæй амард æмæ йæ æххормаг сырдтæ, æви æх- хормаг куыйтæ, æви гæдытæ кæй бахордтой. Фынджы сæр цавæрдæр гæххæт- тытæ... рæдзæгъдтæ... рæдзæгъдтæ... Милиционер сæм куы ’ркаст, уæд базыдта, Хиуа, радон хахуыртæ фысгæйæ, æдзæммард кæй фæци. Æвæццæгæн йæ зæрдæ аскъуыди кæнæ бауадзыг. Иæ цуры ничи фæ- ци æмæ æвæгæсæгæй ныммарди. Æниу цæмæй зыдта милиционер, Хиуа ма йæ хъæстæ кæуыл акалд- таид, ахæм куы никæйуал ссардта, уæд ын уыцы хъылматæ йæхи уд кæй ахордтой æмæ дзы кæй фер- вæзтысты адæм.
ЛИТЕРАТУРОН ШНТÆ БЕДЖЫЗЛТЫ ЧЕРМЕН Тæригъæд Фæззæг... уазалдзæф æртæхы, (Мæгуыр, сæрæй къæхтæм — гом). Хохаг сау дуртæ фæлдахы, Банæры сæ хъæрмæ ком. Уый гæлдæры хуымтæм гæрды Хортæ ласынæн фæндаг. Риумæ цъыфы арф ныссæдзы — Мæгуыр — бонджынæн æлгъаг. У гæлдæр фыдлæг ’мæ хивæнд, Хохаг дурты бын ныцъцъæл. Фондз сабийæн нæй тæригъæд, Додойаг сæ мады сæр. Зилы хæдзæрттыл къæбæргур, Цæссыг уайы, зæрдæ рыст. Гæлдæрмæ, цæй, ацу, бадзур, Мæгуыртæ æмхуызон — тыхст. Едыс, 1916 Мæгуыры маст Сау сынтытæ дæу нæ уадзынц, Холы сын — дæ рыст буар. Арф сæ ныхтæ дæ ныссадзынц, У дæ ном æнус — цагъар. Дойныйæн дæ туг ныуазынц, Уымæй сæвæрдтой бæрзæй. Мур дæ куыстæй цух нæ зайынц, Алыхатт сын фæллой — зæй. I Ды хъæрзыс... дæ цæссыг уайы, Раджыйау бæгънæг, ыстонг. Дины ’гъдау дæ тынг фæсайы — У дæ фæрцы цырд сæ онг. Уыдон не ’мбарынц дæ тухæн, Нæй сæ иу ран дæр дæ мæт. ’Нцой нæ радтдзысты дæ удæн, Цалынмæ хæссай къæлæт. Калак, 1917 21
Хæхты маст Уадултыл сæ цæссыг уайы Хæхты мæгуыртæн æдзух. Бонджынтæн сæ зæрдæ райы, Ницæмæй æййафынц цух. Мæгуырты хуымгæнд у лæсæн, — Дуртæй цæндтæ сты рæдзæгъд. Бонджынтæн сæ зæхх, сæ цæрæн Гауызтау, рæсугъд æвæрд. Мæгуыртыл цæугæдон ниуы, Хох сыл згъалы ’дзух цæссыг. Бонджынтæн сæ цард нæ ивы, ’Раджыйау кæнынц хъæздыг. Калак, 9. IV. 1917 Чырчы лæгæт Фыдрæстæг, фыд-заман, фыдбонтæ уыди. Меныыевик нæ бæстæн куы хаста мæлæт. Мæ дзыллæйы рисæй мæ зæрдæ рысти... Уыдтæ мын æмбæхсæн, нæ Чырчы1 лæгæт. Цыма дæ æркодта æрдз барæй мæнæн, Дæ уæлæ нæзы хъæд, уæззау дуртæй хуыр. Уыд размæ æрмæстдæр дуарæй кæсæн — Ныхас-иу дзы хъуысти сындæггай æмыр. Ам хъавæн æркодтам — нæ къордæн хуыздæр, Æдас ран, нæ йæм уыд æнцонæй цæуæн. Нывондæн лæвæрдтам, ирон адæм, сæр, Советон хицауад — нæ зæрдæлæууæн. Æххормаг, бæгънæгæй, æд хæцæнгарз — раст. Æрвыстам зын рæстæг æхсæв æмæ бон. Фæлæ-иу нæ хъару, нæ зæрдæ нæ саст, Нæ уæлæ ныхъхъæбæр нæ ихсыд хæдон. О, рæстæг уыд афтæ, фæмысын æдзух сæ... Уæд лидзæг дæр фестæм, æцæгæй рæстæгмæ... Уæддæр уæ Октябрь ныххафта, фыдгултæ, Нæ лæгæт, дæуыл та нæ ивæм нæ зæрдæ. 1 I 1920 Цагъар Æз кастæн мæлæтмæ Мæ дыууæ цæстæй. Цыма мын мæ зæрдæ Ыстыдта бынæй. Фæкалдтон æдзухæй Æнæвгъау мæ туг, Куы та-иу мæ хурхæй Æз кодтон хуыдуг* Чырчы — лæгæт Едысы хъæуы.
Цагъартæн сæ рисæй Мæ хъуырмæ уыдтæн Æмæ сæм фæдисæй Сæрвæлтау цыдтæн. Ныммæлай, фыдрæстæг, — (Уыдзæн дын кæрон). Цу размæ, мæ хæстæг, Цагъайраджы ном. Скæсы уæлхохæй Октябры дуг. Хæц фидар, гæлдæрæй Мах сисæм нæ туг! 1921 Зымæг Зымæг, бамбæрстай нæ митæй, Бæстæ хъызт — ныссалди зæхх... Нал у хохаг лæг дæ митæй, О, фæлтау фæу дæлдзæх. Хуры ракæсын нæ уадзыс, Систай алцæуыл дæ къух. Салд буары ныхтæ садзыс, Сау фыдудæй не стæм цух. Фæлæ багъæц... тагъд æрцæудзæн Уалдзæг (мах уарзон кæм нæу). Æмæ дæу сырдау фæтæрдзæн, Адæм райдзысты, фæлæу. * 1922, Едыс. Гæлдæр æмæ цагъар ГÆЛДÆР Додойаг фæуа мæ сæр, Нал мæм ис цагъар. Ахæм царды ацу цæр, Налдæр дæн æлдар. ЦАГЪАР Додойаг фæци дæ сæр, Байстам дын дæ бар. Гæлдæр, фесæф, цæй, ныммæл, Нал ис, нал, цагъар. 1923
Хъызт Хъызт, тымыгъ, фыдуад, Тъæнджы мæйау раст. Кусæг лæг у тад — Хъуырмæ та йæ маст. Ихау уазал — цард, Цъитиау уыд дзырд. Стонгæй алчи мард — Уыдтам сар ’мæ фыд. Нал уыд лæг сæрæн, Ахæм уыди дуг. Заууаттаг уыд цард, Хъардтам размæ уд. Хъызт фæдæ, фæдæ, Нал стæм дæ бар. Мах цæттæ хæстмæ, Нал ныл дæ æлдар. Хъызт фæлыгъди дард. Их æртади... дон... Ног райгуыргæ цард, Не ’ппæт дын фæдон. 1923, Чъреба Хохыл Лæгъз Цъити, ныххудтæ, дæ фарсмæ лæууын, Октябры уад мæн фæхаста. Фырцинæй æз демæ мæ къахыл лæууын, Нæ фыдбылыз дардмæ фæхаста. Мæ къухы — хæцæнгарз, хъатаратæ баст, Мæ хъама æвзист тæмæн калы. Æхсæв æмæ бонæй кæм æнцади маст, Зæгъыс мын: — мæ цурмæ æрбалæу. * Фæлгæсын дæ рындзæй фæйнæрдæм уæрæх, Нæ арф кæмтты Леуахи уайы. Сырх дидинæг калы фыдæлтыккон зæхх, Иæ уындæй мæ зæрдæ фæрайы. Нæ мæгуыр дзыллæтæ æнгомæй цæрынц, Нæ фæци сæ тугкалд дзæгъæлы. Нæ адæм ысулæфт, æзнæгтæ мæлынц, Сæ мæсыг мыггагмæ фæкæлы. 1923 *а*Ящ
КОЦТЫ ЮРИ ТÆРККЪÆВДА Радзырд ’ Къæвда уары, цыхцырджытæй сæх-сæх кæны. Арв ферттивы æмæ, сармадзаны гæрæхтау, йæ гыбар- гыбурæй цасдæр рæстæджы нал фенцайы., Сæрæби фæлмæн къæлæтджын бандоныл иуфарс ахæцыд æмæ сын- дæг сыстад. Цалдæр къахдзæфы сарæзта æрттиваг паркет астæрдыл æмæ фæрссаджы цур слæууыд, йæ къухтæ хæлафы дзыппыты атъыс- гæйæ, æдзынæг ныккаст, къæвдайы æртæхтæ асфальтыл куыд схъи- уынц, уымæ. Къæвдайы æртæхтæ фæрссаджы æвгтыл ныдзæвынц æмæ бынмæ лæсæнтæ кæнынц. Сæрæби рахиз къух дзыппæй систа æмæ йæ авгыл уæлейæ æрсæрфта, раст цы- ма къæвдайы æртæхтæн фæндаг гæрста. Иæ хъуыдытæ цавæрдæр хæццæ сты, зæрдæмæ цины рухс никуыцæй кæсьь ныккæнды бадæ- гау, æрхæндæг хъуыдытæ гуырынц йæ сæры. Къæвда уары, æртæхтæ фæрсса- джы фæлгæтты бын зестыл кафынц, нæмыгæзгъалау, къæр-къæр кæ- нынц. Хъуыдытæ змæлынц, абу- хынц, къæвдайы æртæхты къæрцц- къæрцмæ гуырынц æмæ сæфынц. — Ехай-гъе, цы бонтæ кæны, — уæззау ныууынæргъыдта Сæрæби æмæ йæ дзыппæй бапъирозы къопп систа, иу дзы сласта æмæ йыл зынг бафтыдта. Цъæх фæздæг фындзы хуынчъытæй ракалди здухгæ. «Пы ’рцыдис?» — йæхи афарста æмæ йæ сæр батылдта. «Зæххæнкъуыст æн- дæр ницы», — дзуапп радта йæхи- мидæг. Йæ цæстытыл ауадыстьь знон æм заводы адæмон контролы къорды хистæр Хепа куыд æрба- сæрæтт кодта йæ кабинетмæ æмæ йын йæ фындзы бын, йæ къухы цы гæххæттыты тыхтон уыд, уый куыд батылдта: — Завод сæрсæфæн былмæ фæцæ. уы æмæ йæ нæ уыныс? — йæ разы тъæнг-тъæнг кодта Хепа. 24 Сæрæби уæлдай митæ нæ уарзы. Йæ дæлдæрты раджы æрцахуыр кодта^ хисдæрмæ хъуыддаджы фæ- дыл куы цæуай, уæд йæ размæ дуар- гæронбадæг чызгмæ куыд хъуа- мæ бахатай, стæй уый фæстæ чыз- гæй куы фехъусай Сæрæбийы фæн- дон, уæд, дуар æрбахойгæйæ, бар куыд ракурын хъæуы. Сæрæби æр- бацæуæгмæ бакæсдзæн, æмæ кæд æвдæлон уа, уæд æй мидæмæ, стъо-. лы фарсмæ бахондзæн, кæннод йæ сæр батилдзæн, нæ мæ ’вдæлы, зæгъгæ, æмæ сæрибар у. Æиæсы- бырттæй хъуамæ аздæха æмæ йæ фæдыл дуар ахгæна. Абоны онг йæ кусджытæ чысылтæ фæцахуыр сты йæ ног æгъдæуттыл, ног домындзи- нæдтыл, фæлæ мæнæ царциаты дис- сæгтæ. Хепа, зылындзаст Хепа, æнæрбахонгæ, æнæбаррайсгæйæ æрбасхъæл, йæ разы æрлæууыд æмæ дзæнгæда цæгъды, йæ цæнгтæ йыл тилы, сæнтдзæфау. Сæрæби бан- дзыг, йе ’взаг йæ комы аирвæзт, цæстытæ дзагъырæй баззадысты. Æрæджииау стъолы тигъыл конд сæхтæггондмæ бавнæлдта. Уадид дуар (Ьегом æмæ мидæмæ æрбахызт йæ секретарь. Къæлæс æрфгуытæ фæтæн ныхы астæумæ сгæпп код- той. бæзджынсæрст сырх былтæ фетынг сты æмæ дзæнхъа дæн- дæгтæ ферттывдтой. — Хъусын дæм, Сæрæби Михаи- лы фырт! — Цы аразыс уым? Цыма хъахъ- хъæныс дуарæй дарддæр, — фæ- цъæхахст ыл кодта Сæрæби. Чызгæн йæ цæсгомæй худæндзаст æрбайсæфт, ацъæхтæ-буртæ, сыр- хахуырст былтæ, цыма уанцъылы- йы донæй айсæрста, афтæ йæм фæ- каст Сæрæбимæ. Æвиппайды тæрс- гæ дæр фæкодта чызджы цæсгомы хуыз фæивдæй. Бакатай кодта хи- мид: «Ме ’взаг ахауа, кæдæм хъыл- лист кæнын, ныр мæ йæ хæстæг-
хистæрыл куы сардауа, уæд мæ бынат бынтон куы фесæфтон. Хуыздæр уыдзæн, цыма уымæ нæ дзырдтон, ахæм хуыз куы равди- син, кæннод сæфын». Дæумæ куынæ дзырдтон, ха- тыр мын бакæн, уый мæ фыртыхс- тæй баныдзæвд къæппæгыл мæ къух, — иуæрдæм йæ хъоппæг сырх цæстытæ ныццæвгæйæ, йæхи рæсты- тæ кодта Сæрæби. Фырдæ йæ уæхсчытæ ницымба- рæджы æлхъывд фæкодта. .— Хъæр кæнын дзы цæмæн хъуыд> — тызмæгæй сдзырдта æмæ фæзылд. — Хатыр, Фырдæ, хатыр, — чызджы фæстæ ма ратахтысты Сæ- рæбийы ныхæстæ, стæй дуары гуыпп куы фæцыд, уæд Хепамæ цъынд- дзæстæй ныккаст: — Цы мард дыл æрцыдис, зын- гирвæзт у, дæ сæрæй дуæрттæ куы сæттыс, уæд. Дæу йеддæмæ ам ничи кусы? — Куыд нæ, бирæтæ кусынц æмæ уыдон дæр сæхи тыхæй уромынц дæ митæм. Сæ бон нал у дæ хæлд хъуыддæгтæм æнцад-æнцойæ кæ- сын. Хуымæтæг справкæйыл дæ къух æрфыссыны тыххæй мæнæ дæ къæсæрыл фæдзыназынц, нал куыстæй фæвæйынц, нал дæр — — хæдзарæй. Ды кæм цæуыс, — хæйрæг йæ зонæг. Ам куы вæййыс, уæд та дæм æрбацæуæн дæр нæй, нæ мæ æвдæлы, зæгъгæ. Æмæ дæ хъуыддæгтæ дæр размæ уымæн цæуынц! Знон дæлæ гом арвы бын цы дефицит тæрхытæ ныппæрстат, уыдон бæлвырд кодтам æмæ цы фед- там: къæвда сыл уары, хур сæм ныккæсы, рыг сыл парахатæй бады, згæ сæ æнауæрдонæй хæры, милуа- ны бæрц доны къусы сæфт кæны æмæ сæм æнæмæты цæстæй кæсут, цехы та зæронд тæрхытæй кусæм æмæ, дам, плантæ уæлдайджынтæй цæуылнæ æххæст кæнут? — тызмæг зæрдæсаст, зæрдæфхæрд хъæлæ- сæй катай кодта Хепа. — Æмæ уыдон ныртæккæ фед- тай, нырмæ кæм уыдтæ, кæд дæ зæрдыл афтæ тынг ныдзæвдысты, уæд? Мæнмæ цæмæ кæсут, коллек- тив кæм ис? — ныррыхыдта Сæрæ- би. — Æмæ ды чи дæ? — афарста йæ Хепа. — Æз, æз, — фæджихау Сæрæби, æрæджиау йе ’муд æрцыд, — æз чи дæн, зæгъыс? — афарста Хепайы. Сæрæби йæхæдæг дæр фæдызæр- дыг йæхиуыл. — Æз чи дæн? — ногæй та афар- ста йæхи, — Гъей-джиди, цы рæс- тæг æрцыдис, знон ма хорз зыдтой, æз чи дæн, уый, æмæ мæм ахæм фарст раттын дæр нæ уæндыдысты, ныр мæ хурх кæнынц: чи дæн, чи дæн! Хепа уыцы фарстытæ Сæрæбийы дзыхæй фехъусыны æнхъæл нæ уыд, æмæ, сагъдау, аззадис. Сæрæби- йæн цы дзуапп хъуамæ раттаид, уымæ нал фæцарæхст. Сæрæби æвиппайды фембæрста Хепайы уа- вæр æмæ размæ афсæрста, нал лæууы, инициативæ йæ къухæй куы ахауа, уымæй тæрсы, фæлæ йæ нæ фæнды зноны хъуыддæгтæ мысын. Фæтарст, фæлтау йæ хъуыды алæ- гъзытæ кæна: — Нæ йæ зоныс, æз чи дæн? Уæ- дæ зон. Æз дæн искæй къухы даргъ лæдзæг, зынг цæмæй схъауынц, ахæм. Куыдзы фæтæрсынæн кæй февзидынц, цæмæй сæм æввахс ма баирвæза æмæ сыл ма фæхæца. Æз уыцы лæдзæг дæн, гъе æмæ йæ сымах не ’мбарут. Сымах æнхъæл- ут, мæнæн мæ бон у алцы саразын æмæ сæ нæ аразын. Нæ> мæ хæлар, афтæ дæр ма ’нхæл. Мæнæн мæ бон цы у, уый аразын, архайын. Хепа йе ’муд æрцыд, йæхи æрæм- бæрста æмæ лæмбынæг хъусы Сæ- рæбийы ныхæстæм, кæсы йæм æмæ дис кæны, йæ разы йæ хисдæр куыд тилы йæ цæнгтæ, йæхи раст кæныны тыххæй цы ’взагæй дзуры. Йæ ны- хыл хиды æртæхтæ, цæппузыртау, фæзындысты, йæ дысæй сæ асæрф- та æмæ та дарддæр ныхас кæны. Бæлвырд, хисдæр ын цы уайдзæф- тæ бакодта, уыдон йæ зæрдыл æр- балæууыдысты, æмæ цыма йæхи раст кæны, уыйау ахызтис йæ куыс- ты раздæры æнтыстытæм. , — Хепа, ды дæр мæ нæ зоныс, дæ къухы куы райдыдтон кусын. Кастæ, цы хъуыдытæ мæм гуыр- дис, цытæ мын æнтыстис. Завод цахæм уавæры уыдис? Æз куы æр- бацыдтæн кусынмæ, уæд заводы агъуыст даргъ хосдоны хуызæн зындис, ныр ма йæм бакæс, цы хуызæн зыны дардмæ. Æмæ чи уыд уыцы реконструкцийы автор? Æз. # , 25
Мæнæ æз! Ды та зæгъыс, рæууатмæ æркодтон завод. Æз иунæг дæн, сымах та—коллектив. Хъуамæ мын æххуыс кæнат, сымах та цы ми кæнут? Хъыг мæ дарут, мæ фæн- дæгтæ, мæ авналæнтæ мын цыбыр кæнут æххуысы бæсты. Фæкæсут маем, феххуыс мын кæнут æмæ ма- уал уой, абон нæм цы цухдзинæд- тæ ис, уыдон. Закъон сымах тыххæй рацыдис, сымах стут хицæуттæ. Раст нæ дæн? — Хепамæ къухæй бавналгæйæ, афарста Сæрæби. Хепа фестъæлфыд, Сæрæбимæ бакаст. Иæхимидæг фæтыхст^ Иæ хъуыдытæ йын афтæ схæццæ код- та, æмæ йын цы дзуапп радта, уы- мæн дæр ницыуал зоны. Цæмæ .æр- бацыд, уый дæр дзы ферох. Сæр,æ- би йын йæ цæнгтæ фидар, æнæуыц- гæ бæттæнæй абаста, йæ дзыхы;] ын цъутта асагъта æмæ йæм йæ, бон дзурын ницыуал бацис. Æдзы-. нæг, арвыцæфау, æнæзмæлгæйæ лæууы. Хъуыдытæ ныппырх сты, сæр, афтид куысыфтæгау, гуыз- гуыз кæны. — Дзуапп мын нæ дæттыс, ды- зæрдыг кæныс? Раст дæ, æз мæхæ- дæг дæр дызæрдыджы ахæсты дæн, не ууæндын мæхи митыл, — æрæ- джиау сындæг, ивазгæ хъæлæсæй сдзырдта, æмæ цыбыр къахдзæф- тæй бараст йæ фæлмæн къæл&т- джынмæ. Иæ уæлхъус æрлæууыд, æдзынæг æм ныккаст, раст цыма дывæнд кодта: æрбада æви нæ. Æрæджиау æм бавнæлдта æмæ йæ атъæпп ласта. Бандон цъилау ныз- зылд. Сæрæби йæм нал фæлæууыд, цырд æм февнæлдта æмæ йæ фæ- урæдта, стъолмæ йыл хæстæгдæр фæхæцыд æмæ йыл æрбадт. —Цы дæм ис уыдон? — афарста Хепайы хинæйдзаг хъæлæсæй. Хепа фестъæлфыд, райхъал сты йæ сæры магъзы чырæгтæ, йæ хъуыдытæ дард балцæй æрыздæх- тысты, йе ’муд æрцыдис. Иæ къухы цалдæр гæххæтты хæтæлыздыхтæй. Сæрæбимæ бакаст, йæ цæстыты йын цавæрдæр гуымыдза æнгас куы фæхатыд, уæд, ихыл бæгъæмвад къахæй æрлæууæгау, барызтис. Сæры магъз ауазал, скуыста... Хе- пайы зæрдæ риссы, йæ завод йæ къухы сырæзт, йæ агъуыстæн ын бындур чи ныккалдта, уыдон æн- гуылдзтыл банымайдзæн. Раздæр заводы къабæзтæ цыбыр уыдысты, йæ продукци дæр кадавар уыдис, æмæ йæ зонгæ дæр бирæтæ нæ код- той. Ныр æппæт республикæйы стырдæр куыстуæтты æмрæнхъ цæ- уы, йæ продукци йын фæсарæнтæм дæр ласынц. Æмæ уыцы æнтысты- тæ, ивындзинæдтæ Сæрæби йæхи- цæй æнхъæл у, йæхиуыл сæ æр- фыста. «Æз бакодтон ахæм куыст». Æмæ цы сарæзта, уыдон мæнæ Хе- пайы къухы сты. Знон æм сæ йæ зæронд хæлар, заводы бухгалтери- йы кусæг Сауи радта. Зæронд Са- уи, куыстуаты бындурæвæрджытæй иу, фыццаг дзы хынцæгæй куыста, стæй та бухгалтерæй. Уæдæй фæс- тæмæ заводы алы къахдзæф дæр хынцы. Хорз ын зоны йæ æнтысты- тæ æмæ йæ зæрдæ риссы, хорзæй дзы кæй ницы уыны, уымæ гæсгæ. Знон Хепамæ цехмæ бацыдис, йæ- хи нал баурæдта, нал фæтарст хис- дæрæй, иуварс æй ахибар кодта æмæ йæм зылынгæнæджы хъæлæсæй сдзырдта: — Хепа, газеттæ нæ кæсыс, нæ алыварс цы диссæгтæ цæуы, уыдон дæм ницы хъуыдытæ æвзæрын кæ- нынц? — Цы кæныс, Сауи, цы бындз дыл фæхæцыд, ахæмæй дæ куы ни-. куы зыдтон?! Сауи хъуыдыты аныгъуылд, цæ- мæндæр фæтарст, кæд дзы уæлдай ныхæстæ не сирвæзтис, мыййаг. Йæ алыварс акæстытæ кодта æмæ куы базыдта, ничи сæм кæсы, йæ хъус сæм ничи дары, уæд Хепайы дыс ацахста, йæхимæ йæ æрбал- хъывта æмæ йын хъаст кæныныл схæцыд; — Фæзæронд дæн, мæ нуæрттæ сыхæлдысты, чысыл ницæй тыххæй дæр мæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кæны. Хепа бамбæрста Сауийы зæрдæ- йы уаг, йæ зæронд хæлар æм æр- мæст йæ нуæртты тыххæй кæй не ’рбацыд, фæлæ йæ цавæрдæр уæз- зау хъуыддаг кæй тыхсын кæны. — Сауи, цъындæмбæхстытæй цы хъазыс, дæ зæрдæ куыд кусы, уый æз дæр хорз куы зонын, нырма сæ- дæ азмæ дæуæн фæцудæн нæй, фæ- < лæ дзур, цы дæ хъæуы? Сауийы цæсгомыл æхсызгондзи- нады нысæнттæ ферттывтой æмæ та æрбайсæфтысты. Исдуг ницы сдзырдта, бæрæг уыд — йæ мид- зæрдæйы тох кодта. Æрæджиау йæ 26
къух ауыгъта æмæ Хепамæ хæстæг- дæр балæууыд: — Нæ завод азæй-азмæ размæ- йы бæсты фæстæмæ цæуы, æмæ мæ бон нал у йе сæфтмæ кæсын, Са- бийау æй фæхъомыл кодтон æмæ ныо кæйдæр хъуымыздзыхты хъæ- лæсы бахауа? — загъта тызмæгæй æмæ йе тары дзыппæй къæдзтæ гæххæттытæ систа: — Мæнæ æркæс, фарон план сæххæст кæныны тыххæй цы цæст- фæлдахæн хъуыддæгтæ ацарæзтой сæйраг хынцæг æмæ заводы хис- дæр. Уыцы хин митæ сын батадыс- ты. Раззагон куыстуæтты æхсæн нæ заводы ном дæр газетты фæрс- тыл ферттывта, нæ хисдæртæ та æх- цайы премитæ райстой. Æцæгæй та план куыд сæххæст кодтам, уый хъуамæ ды -дæр зонай. Мæнæ ам фыст сты, æркæс сæм æмæ та ацы кварталы дæр ма сфæлхатт кæнай ахæм хъуыддаг,—загъта Сауи æмæ Хепайы армы гæххæттыты тыхт фæсадзгæйæ, цæуыныл фæцис. Хе- па Сауийы цонг ацахста: — Фæлæу-ма, бынтон дын ницы бамбæрстон дæ ныхæстæн. Чи райста æхцайы преми, цæй тыххæй райстой? — тагъд-тагъд афарста Хепа. Сауи йæм фæллад цæстаВкгас базылдта: — Директор нырма нæ райста, цы йæм æмбæлдис, уыцы æхцатæ, иннæтæ сæ иууылдæр райстой. Сæ- рæби дæр сæ райсдзæн, рæстæг куы рацæуа, уæп, — фæстæмæ ма йæ уæхсчьт сæрты бадзырдта Сауи æмæ атындзыдта. Хепа хъуыдыты аныгъуылд, цы- тæ цæуы йæ алыварс æмæ сын куыд ницы æмбары. АсЬтæмæй та йæ алæмон контролы къорпы хис- дæоæй куы æвзæрстой. уæд ын йе ’мбæлттæ дзырдтой: «Дæуæй ничи басусæг кæндзæн, сур зæххыл дын мысты (Ьæд æнæрафæлгъаугæ нæ аирвæздзæн, зæгъгæ. Æмæ мæнæ куыд фæрæдыдысты йе ’мбæлттæ. Иæ фындзы бын заводы цы хуы- зæн хъуыддæгтæ аразынц æмæ сын Хепа ницы зоны. Гæххæттытæм лæмбынæг кæсы, маст æхсиды. Мæ- нæ йæ цех афæдзы фæуды цыма продукци рауагъды план сæххæст кодта 106 процентæй. Æцæгæй та план сæххæст кодтой æрмæстдæр У8 процецтæй. Хыгъды план сæх- хæст кодтой 106 процентæй. Цæмæй, кæцæй æрцыдис аст проценты? План кæй нæ сæххæст кодта йæ цех, уый тыххæй сын сæ фарст партион иумæйаг æмбырды æрæ- вæрдтой, профцæдисон æмбырды дæр æй æвзæрстой. Уыцы хъуыд- даджы Хепа æмæ йе ’мбæлттæ ах- хосджын не сты. Æрмæг сын нæ фаг кодта, кæдæм нæ хастой сæ хъаст, фæлæ сæм лæмбынæг ничи байхъуыста. Ныр Сæрæбийы раз цыма аххосджыны бандоныл æр- бадтис, уычау йæхи хаты, хъусы йæм æмæ йæ дзыхыл ныххæцыд. Фæстагмæ нал баурæдта йæхи, Сæ- рæбийы хистауæн ныхæстæм хъу- сынæй бафæллад: — Фæлæу-ма, ды цы сарæзтай, уыдон æз дæр хорз зонын, фæлæ ныртæккæ цы аразыс, хицауады цæмæн сайыс, — йæ армы цы гæх- хæттыты тыхтон уыд, уый Сæрæби- йы раз æрæвæрдта. Сæрæби йæм цымыдисæй хæрд- мæ скаст. цæсгомы цъар йæ хуыз фæивта, дзургæ ницы скодта, фæлæ гæххæттытæм бавнæлдта: — Дæ <орзæхæй, Хепа, мæныл дæ исчи ардаугæ скодта, цавæр фыдракæндтæ мыл мысыс. Ацы цифратæ та кæцæй æрхастай? — Гæххæттыты тыхтон райхæлд^га æмæ фæджихау. Кæуылты йæм бафтыдысты ацы документтæ. Йæ- хинымæр сæйраг бухгалтеры ныл- гъыста, уый ма та цы аразы, зæгъ- гæ, йæ документтæм йæ хъус цæ- уылнæ дары. «Цæмæн æй хъуыд уыцы преми, фæлæ фæсайды дæн, уыцы мæрддзæст æй бынтон фæ- рæдийын кодта. Ныр ацуæмæискæ- мæн дæ рæстдзинад хъар, чи мæ бамбардзæн? Ацы сохъуырмæ кæс, цытæ мæм уæнды, горæты мæ ныф- фидиссаг кæндзæн, стæй хъуыддаг фæдагурæг органты хъусты дæр бацæгъддзæн. Исты æрымысын хъæуы», — цавæрдæр тыхст хъуы- дытæ стымбыл сты йæ сæры. — Хепа Васильевич, æвзæрæй дын искуы исты фæдæн? Зæгъ мын комкоммæ, мæнæй дæ цы хъæуы, цы дын мæ бон у саразын? —ныл- лæг хъæлæсæй æмбарын кодта Сæ- рæби, йæ ныхы хид къухмæрзæнæй сæрфгæйæ. Хепа фæджих, фæтыхст, уый æн- 27
хъæл кæм уыдис, схъæлфындз Сæ- рæби æвиппайды къæссавæлдæхт фæуыдзæн. Иæ цæсгомыл ын ды- зæрдыджы нысæнттæ Сæрæби фæ- фиппайдта, фембæрста, кæй йын фæтæригъæд кодта, уый. Уадид йæ сæры цавæрдæр ныфсдæттæг хъуы- ды, цырагъау, ферттывта. «Уадз, фæтæригъæд мын кæнæд, æлгъит- гæ дæр мæ ракæнæд, ахæм рæстæ- джы барын хорз у, сæры зондæй архайын хъæуы, фæлтау йæхи скæ- лæццаг кæндзæн, стæригъæддаг уыдзæн, • уымæй йæ мызд нæ фæ- къаддæр уыдзæн. Уадз йæ цæсго- мыл дæр ын бату кæнæд, асæрф- дзæн æй, ту йыл нал разындзæн, стæй йæ уынгæ дæр ничи фæкæн- дзæн. Уыйхыгъд йæ бынат нæ фе- сафдзæн, йæ бандон ын йæ бынæй ничи акъахдзæн, ахæстонмæ дæр нæ бахаудзæн. Стæй та дарддæр рæстæг цæуы æмæ фарн йемæ хæс- сы. Кусджытæ ныр сызнæт сты, сæ бартыл, цалынмæ закъон ног у, уæдмæ афтæ дзурынц, æндæра фæ- цахуыр уыдзысты рацарæзты хи- йæдтимæ, ногæй та йæ хъул схъаз- дзæн, рæстæг куыд домы, уымæй спайда кæндзæн. — Хепа, дæ хорзæхæй, цы дыл бафтдзæн,- мæ бынатæй мæ куы сисой, уæд? ■- - ныллæг, тæригъæд- даг хъæлæсæй йæ афарста Сæрæ- би. — Ницы. Стæй дæу чи исы дæ бынатæй, — цымыдисæй афарста Хепа. — Мæ рынчын зæронд мад, мæ дыууæ æнахъом сабийы... Æз сæм куынæ кæсон, уæд куыд кæндзысты, цы фæуыдзысты? - цавæрдæр кæ- уынхъæлæсæй дзырдта Сæрæби, Хепа йæхæдæг бинонты хицау у, йæ цæстытыл ауадысты йæ зæронд мады фæлгонц, йæ царды бавзаргæ тыхстдзинæдтæ. Уыцы мысинæгтæ йын йæ зæрдæ фæфæлмæн кодтой. Сæрæби сыгъдæгзæрдæйæ кæй лæгъстæ кæны, уый йæ бауырныд- та. Бакаст æм æмæ йæ бон дзурын нал бацис, йæ къух ауыгъта æмæ ацыд. Сауи йæм цы гæххæттытæ радта, уыдон Сæрæбийы раз тым- былæй баззадысты. Сæрæби фес- тад, Хепайы фæстæ цалдæр къах- дзæфы акодта: — Хепа Васильевич, бауырнæд дæ, дæ дзæбæхдзинад дын нæ фе- рох кæндзынæн. Хепа нал фехъуыста Сæрæбийы ныхæстæ кæронмæ, дуар йæ фæстæ мæсты æхгæд акодта. Дуары гуыпп, еармадзаны æхстау, Сæрæбийы хъусты ныггæрах кодта. Фестъæл- фыд, сагъдау аззад, йæ къæхты бынмæ ныккаст, стæй цавæрдæр хæццæ хъуыдытæ сфæйлыдтой сæ- ры магъз, разылд æмæ сындæг оа- раст йæ бынатмæ, зилгæ бандонмæ. Йæ разы стъолыл гæххæттыты тыхтонмæ бакаст æмæ æрбадт бан- доныл. Гæххæттытæ ногæй фæл- дахы иугай æмæ йæхимæ мæсты кæнын райдыдта, йæ цæстыты хæрв ын цыма Хепа асæрфта æмæ ныр хуыздæр уыны йæ царды ивгъуыд нывтæ, афтæ йæм кæрæдзийы фæ- дыл къæдзтæ гæххæттыты фæрс- тæй гуыдзиццытæ кæнынц. Иæхиуыл худын райдыдта. Цы хъуыддæгтæ арæзта æмæ йæ ныр- ма ахсгæ дæр. куыднæ æркодтой. Ахæм æнæсæрфат миты тыххæй йæ раздæр æхсгæ дæр фæкодтаиккой. Æцæг, уыцы хъуыддæгтæ йæхи зондæй нæ арæзта, фæлæ... Кæй- дæр афтæ фæндыд, æмæ Сæрæби, дæр плантæ «уæлдайджынтæй» æх- хæст кодта. Æмбырды трибунайæ радзурынæй ком нæ сыгъдис. Уый- хыгъд дзы хисдæртæ æрвылхатт райгондæй задысты, газетты фæрс- тыл иу-цалдæр хатты йæ ныв дæр ферттывта. Стæй йын цытджын хорзæх дæр йæ риуыл хисдæр йæ- хæдæг йæхи къуæй басагъта Пре- зидиумы номæй. Хорз рæстæг уыдис, æвæдза, ничи йын «дæлæмæ абад» зæгъын уæндыдис, ничи йын «дæ цæст сау у», загътаид. Йæ хъуыддаг хорз цыдис. Хепайы хуызæттæ-иу æм хаттæй-хатт схъуыррытт кодтой, фæлæ сæм йæ хъус чи дардта. Æв- зæр нæ цыдис йæ куыст, заводыл бирæ пайдайы хъуыддæгтæ бафты- дис, ацы дыууæ азы йæ бынтон реконструкци дæр скодтаид, фæлæ йын нал æнтысы. Цы ног тæрхытæ æрласын кодта, уыдон дæр гом ар- вы бын лæзæрынц. Иæ хъул нал тулы, уæлейæ йæ хисдæртæй бирæ- тæ сæ бынæтты нал ис. Чи дзы баз- зад, уыдон дæр æм цавæрдæр æнæ- зонгæйы цæстæй ракастысты, алчи дæр сæ йæ агъуды абырыд æмæ 28
&нхъæлмæ кæсы цæмæдæр, фæлаё цæмæ, уымæн ницы зонынц. Нæй, афтæмæй хъуыддаг нæ ацæудзæн. Хепа йæм æнæхъуаджы не ’рбацыд. Мæнæ йын йæ хъуыддæгтæ æнæ- хъуаджы йæ разы не ’ркалдта, ома ахъуыды кæн, гæнæн ма дын ис кусынæн æви нæ. Цыдæр æй æры- мысын хъæуы, цы сараза? Сыстад æмæ фæрссаджы цурмæ сындæг къахдзæфтæй бараст. Къæвда уары. Дымгæ радымдта æмæ æртæчгæ агъуысты зестыл тынгдæр сæхи хойынц. Сæрæби фæрссагæй уынгмæ кæсы æмæ уыны къадатæ фылдæрæй-фылдæр куыд кæнынц. Дæлæ, тугдадзинтау, нып- пырхытæ сты æмæ алырдæмыты згъорынц. Сæ разы кæд исты ных- дур февзæры, уæд къæвда æндæр фæндагыл фæзилы. Цалдæр къада- йы фæиу вæййынц æмæ ных- дуры дæр сæ разæй ахæссынц. Кæс- ма, цард дæр афтæ у, бæлвырд. Нырма Сæрæби ууыл никуы ахъуы- ды кодта. Размæ згъордта. ныхдур- тæ кæм ныллæгдæр уыдысты, ахæм бынæттæ агуырдта, цыдис æнæмæ- тæй, æнæфыдæбонæй сæ фæрсты, фæлæ ныр йæ разы цæмæндæр æг- æр бæрзонд гæнах слæууыд. Уый сæрты ахизын йæ бон нæ бауы- дзæн, фæлæ йæ йæ фæрсты, ныл- лæг фæз рæтты, чи акæндзæн, чи йын феххуыс кæндзæн? Йæ хъуы- дытæ йæ йæ куысты райдиан дуг- мæ ахастой, уыцы цаутæ йын цæ- мæндæр зæрдылдарынæн баззадыс- ты. Иæ фыд номдзыд лæг уыд, хорз æй зыдтой уæлдæр хицæуттæ, æм- вынг уыдысты. Сæрæби бахъомыл, астæуккаг скъола каст фæцис æмæ йæ фыд йæхицæн бынат нал ары. Политехникон институтмæ йæ ба- кодта. Сæрæбийæн йæхи бæргæ ар- тист суæвын фæндыд, фæлæ йæ фыдæн уыцы институты ничи ра- зынд зонгæ, ам та институты ректор йæ фыды хæлар уыд. Политехникон институт каст кæ- ’уылты фæцис, уымæн зонгæ дæр ницы бакодта. Тæрхытæаразæн за- водмæ йæ индзылерæй арвыстой, уырдыгæй, дам, дæ хисдæры бынат- мæ ракæнын æнцондæр у. Сæрæ- би нæма æмбæрста, тæрхытæара- зæн заводы цы хъуамæ сарæзтаид, уый. Тыхстис æмæ йын йæ фыд йæ Уавæр бахынцыдта. Æртæ мæйы фæстæ йæ хисдæр индзылерæй ав- æрдтой, уымæй дыууæ мæйы фæс- тæдæр та сæйраг индзылеры бы- натмæ бахызтис, Иу афæдз рацыдис, куыстимæ рæстмæ зонгæ дæр нæ бацис, аф- тæмæй сæ сыхаг тæрхытæцалцæг- гæнæн заводы хисдæр фæзиан æмæ йын Сæрæби йæ бынат бацах- ста. Завод чысыл уыд, фæлæ æм- бисондæн куыд фæдзурынц, чысыл паддзахадæн паддзахæй уавын хуыздæр у, стыр паддзахы хæдивæ- джы бæсты. Хорз цыдысты йæ хъуыддæгтæ, фæлæ афæстаг рæстæджы, йæхи куыд фæнды, афтæ нæ цæуынц. Уыны йæхи цæстæй рацарæзты хи- йæдтæ, сыгъдæг дымгæйау, ра- дымдта, уынджы цы рыгтæ æмæ бырæттæ æрбатымбыл, уыдоныл фæхæцыд æм сæ ахаста. Ныр æй плантæ сыххæст кæны- ны мæт нæй, æрмæст ма хъуыды кæны йæ фæлмæн къæлæтджын бандоныл бадгæ куыд баззайа. Æцæг æй ныфс дæр тынг нæй, фæ- лæ ’иуæй йæ зæрдæмæ дæр цæуы ацы рацарæзт. Уæддæр йæ тыхтæ бафæлвара, кæддæра искæмæй мæгуыраудæр бакуса. Хъуына цъымарайы аирвæзæгау, нындзыг, æмæ йæм зын кæсы уырдыгæй схи- зын, сæрибарæй йæ хъуыдытæ æх- хæст кæнын. Нырмæ кæйдæр цагъдмæ кафыдис, ныр та йæхицæй кæнгæ у алцыдæр. Заводы куысты исты хъуамæ фæива. Æгæр бирæ зæронд кусджытæ йæм кусы, йæ- хийау схъуына сты сæ кусæн бы- нæтты, ногæй ницæуылдæр хъуы- ды кæнынц, ницыдæр аразгæ кæ- нынц. Фæныггуызау, нытътъæбæз- тæ сты бынæтты æмæ, марадз зæгъ, кæд сæ исчи ацæуынвæнд кæны æмæ æвзонг курдиатджын фæсивæдæн бынат ратдзæн. Уыдон дæр сæхи раппар-баппар кæнынц, сæ хорз хъуыдытæ дзæгъæлы сæ- фынц. — Тынг хорз, — .Сæрæби йæхи хъуыдыйæ фæтæрсæгау кодта: кæд æм Хепайы æрвитгæ æрбакодтой, цæмæй йын йæ фæндтæ бæлвырдæй рафæлгъауой. Хепайы ныхæстæ йын æцæгдæр æрымысыдысты; зæ- ронд, надвæндагыл цæуын æнцон у, фæлæ кæдмæ хъуамæ цæуа уыцы фæндагыл? Хъуына æрыстигъын хъæуы æмæ уадз рухсы тынтæ æр- 29
бакæсой, фенæм, куЫд рацаёуа хъуыддаг. «Кæй уæрдоныл бадыс, уый зарæг кæнын æмбæлы» —сри- уыгъта Сæрæби æмæ фæлмæн бандонæй цæ^дæг фестадис, раст цыма йе ’рбадæнты сындз сныхс- тис. Бандоны уæлхъус слæууыд æмæ йæм бынмæ ныккаст, стæй йæм хъавгæ бавнæлдта æмæ йæ систа. — Мæ хæлар, æгæр фæзæронд дæ æмæ дæ хъуамæ раивон, —хъа- зæгау. сдзырдта Сæрæби, бандон рæбинаг къуыммæ бахæсгæйæ. Уым æй сындæг æрæвæрдта, раст цыма музейы экспонат уыдис, аф- тæ йæ æрсæрфтытæ кодта, стæй цалдæр къахдзæфы сарæзта æмæ йæм дардæй бакаст: — Улæф, дзæвгар фæлæггад кодтай, — загъта æмæ йын цавæр- дæр æнкъард хъуыдытæ бацагайд- той йе ’нкъарæнтæ. Æвиппайды йæм афтæ фæкаст, цыма йын бан- дон уайдзæф кодта: «Ма кæ, дæу дæр зæронд кæнын хъæуы, — уыцы низ хæцгæйау у, ды дæр дзы фæ- рЫйчын уыдзынæ, хæсмæ бæллын нæ хъæуы». Сæрæби йæхи ныхæс- тæй фефсæрмы, бандонмæ баздæхт æмæ йæм бавнæлдта, йæ хъустæ сгуыз-гуыз кодтой: — Ма кæ, ма йæм февнал, уый фаг фæкуыста, ныр æй улæфын бауадз. Зæронд æгъдæуттимæ ног дуджы рацарæзты цы бакæндзæн. Уадз улæфæд. Сæрæби гуыбырæй баззад, бан- донмæ нал февнæлдта, фæлæ сын- дæггай йæ астæу сраст кодта. Стъолы фарсмæ - рæгъ-рæгъы цы хъæбæр къæлæтджын бандæттæ лæууыд, уыдонæй иумæ бавнæлдта æмæ йыл сындæггай йæхи æруагъ- та. Ие ’рбадæнтæ хъæбæр бадæныл ахуыр нæ уыдысты æмæ срыстыс- ты, фæлæ йæхи фæфидар кодта, рыстытæ бабыхста. —Ахуырæй у, ацайдагъ уыдзы- нæн, — йæхимид бахъуыр-хъуыр кодта Сæрæби. Фыццаг къахдзæф уал сарæзта рацарæзты къæсæрмæ, ныр та ахъуыды кæна йæ куыст рацаразыныл. &-ъ&>
ХЪОРОТЬ! СОСЛАН ЦАРЛЛОМА КУРАНАТ (Хъороты Хъазбеджы райгуырдыл сæххæст 80 азы) «Лæг дæр-иу хъуамæ, Симдау, ацæуид не ’хсæнæй, Мадзура æмæ нымдæй, Йæ ацыдыл куыд ничи фæрисса, афтæ. Цы ахаста йемæ? Æрмæстдæр, цы ’рбахаста, уый. йæ фæстæ цы баззад? Йæ удæй цы сфæлдыста, уый^. Мæнмæ гæсгæ, нæ абхазаг æфсы- мæры ацы философон рæнхъытæ алы адæймагмæ дæр хауынц. Мæ зæрдыл та мын сæ æрлæууын код- та Хъороты Хъазбеджы трагикон хъысмæт. «Цы ахаста йемæ? Иæ фæстæ цы баззад?» — поэты ацы фарстытæ ног кæнынц, 1937 аз Ирыстоны зæрдæйыл цы уæз- зау нуæстæ-хъæдгæмттæ ныууагъта, цæргæ-цæрæнбонты баххæстгæнæн кæмæн нæй, уыдон. Уый уыд Иры- стоны, ирон адæмы трагеди æмæ йæ тæккæ бæстыастæу ис Хъороты ^ Хъазбеджы хъысмæт дæр. Æмæ, ’ хъыгагæн, мах абон бирæ цыдæр- тæ нæ зонæм, Хъороты Хъазбег «цы ахаста йемæ», уыдонæй. Æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, мах, абоны фæлтæры, аххос нæу. Мах нæхи æмбарынхъом куы фестæм, уаед Хъазбеджы «фæстæ цы баз- Зад», уыдонæн сæ фылдæр хай уыд куынæг, иннæтæ та иууылдæр — авд дуары мидæгæй авд гуыдырæй æхгæд. Сæ кой ракæнын — хæйрæг баууæндæд, се сфæлдисæджы ном зæгъæгæн-иу Сыбыр фæстейæ аз- зади. Æмæ нæ фæлтæр 50-æм азты дыккаг æмбисмæ нæ зыдтой Бе- джызаты Чермены, Барахъты Ги- нойы, Дзесты Куыдзæджы, Хъуы- латы Сикъойы, Тыбылты Алексан- дры, Гаглойты Рутены, Хъоцыты Бидзинайы, Фæрнион Къостайы, Зæгъойты Сардийы, Дзадтиаты Алыксандры, Хъороты Хъазбег æмæ бирæ æндæрты аив сфæлдыстад, тохмæсидæг публицистикæ, сæ нæр- тон удты фарн. Æмæ ирон адæм, чизоны, хъæцыдаиккой, кæугæ æмæ дзыназгæйæ, мæрдадзы судзгæ-уы- раугæ хъарæджы ныхæстæм хъус- гæйæ (хъарæггæнæг-иу мæрдадзы йæ хъараджы сæ кой кодта). Фæлæ уæд, ирон адæмы национ химбарынадæн куы ратых кодтой нæ зонды уидæгтæ нын, кæндысау, куы скъахтой, уæд ма нын бавнæлд- той нæ мадæлон æвзаджы уидæг- тæм дæр: аивтой нын латинаг ал- фавит. Цæгат Ирыстоны райстой уырыссаг, Хуссар Ирыстоны та — гуырдзиаг алфавит. Иу туг, иу стæг, иу хæдзары бинонтæ схæццæ сты, нал зыдтой, кæрæдзимæ сæ зæрдæйы сагъæсты цы алфавитыл ныффыстаиккой, уый. Хистæр фæл- тæрæр сæ бон нæ уыд, цы алфави- тыл сахуыр сты, уый æвиппайды байрох кæнын æмæ æндæр хъæр- нывтæ райсын. Афтæмæй-иу адæ- мы алы фæлтæрæн сæ бон нæ уыд кæрæдзимæ фыстæджытæ æрвитын. Нæ фарны лæгты хъæддаг æгъ- дауæй куы скуынæг кодтой, уæд банымæг нæ мыхуыры хистæр æф- сымæрты хъæлæс, æхгæд æрцыдыс- ты газеттæ æмæ журналтæ: «Боль- шевикон аивад», «Æххуыс ахуыр- гæнæгæн», «Кæфхъуындар», «Сырх дидинæг». Уыдон иууылдæр, стыр хъыгагæн, Ирыстонæн уыдысты «Нæ хурты хур, нæ буц фæтæг, нæ царды зын куыннæггæнæг» — Сталины культы фæстиуæг. 31
Хъораты Хъзбег йемæ фыцца- джы-фыццаг цы ’рхаста уый — адæймаджы уды рæсугъддæр ми- ниуджытæ: хуымæтæгдзинад, чыз- гау — хæдæфсæрм. Кæмфæнды ма куыстаид—æххуырсты фыййау, уы- гæрдæны хосдзау, типографийы ны- хасæн цехы ныхасæг, фæскомцæдисы обкомы секретары бынаты, чингуы- ты рауагъдады директорæй — ни- куы дзы ничи фехъуыста: «Æз!» зæгъгæ. Иæ ныййарæг адæмы уарз- та æнæкæрон уарзтæй. Уый та, æвæдза, йæхæдæг дæр æрдзон кур- диат у. Зынгæ францаг нывгæнæг Винсент Ван Гог хуымæтæджы нæ дзырдта: «Нет ничего более худо- жественного, как любить людей». Хъороты Хъазбег йæ уыцы миниу- джытæй махмæ цы ’рхаста æмæ йемæ цы ахаста, уыдонæй иу уыд Ирыстон æмæ мадæлон ирон æвзаг уарзын. Æппæты стырдæр хорз- дзинадæн та зыдта рæстдзинады сæрыл мæлæтмæ цæуын. Хъороты Хъазбегæн кæд æрдз бирæ хорздзинæдтæ балæвар код- та, уæддæр, хъыгагæн, амонд æн- дæрты фæцис, амонд дзы дардмæ лыгъд. Хорзы ном æрдзæй йемæ рахаста. Хорз та йын уды знаг ра- зынд. Иæхи дæр æдæрсгæ куынæма базыдта (йæ фыды" йын, дыууæ азы йыл куы цыд, уæд арв ныццавта, йæ мад смой кодта), уырдыгæй суанг йæ амæлæты бонмæ, æгæр- стæмæй бæрнон бынæтты куы куыс- та: фæскомцæдисы Хуссар Ирысто- ны обкомы секретарæй, Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдады ди- ректорæй, Цхинвалы типографийы директорæй, уæд дæр йæ мæгуыры хъисын йæ рагъæй никуы ахаудта. Æниу ыл хъуыды дæр никуы акод- та: мæ Ирæн, мæ адæмæн исты уа йыл уыд йæ куыст, йæ тох, йæ цард. Иæ сидзæры æххормаг бонтæ, йæ мæгуыр цæрдтытæ фæстейæ куы аззадысты, царды йæ бынат куы ссардта, Ирыстоны йæ æвзонг фыр- нымд хъæлæс куы айхъуыст, йæ фыццаг чингуытæ мыхуыры куы фæзындысты, Ирыстоны ахсджиаг- дæр фарстытæ удуæлдайæ кусынмæ куы æрæвнæлдта, нæ тæрхон лæг- ты фæрнджын хъуыдытæ царды уа- дзыныл куы схæцыд, уæд ын йæ хъуУтйз хъ&Лæс ахгаедтой æмæ йын йæ риуыл бакодтой, цыфыддæр знагæн дæр зæрдæ кæй нæ зæгъ- дзæн, ахæм хахуыр фыст: «адæмы знаг!» Уæвгæй, цынæ парадокстæ вæййы царды! Скъоламæ цæуыны бæсты хъæздыджыты фосы фæдыл уæлы- гæс чи цыд, Советон хицауады ’руа- джы горæт Орджоникидзйы си- дзæрдоны «абетæ æмæ бебетæ чи базыдта». Тбилисы типографийы фыццаг мызд чи райста, фыццаг хатт ногæлхæд дзаумæттæ Советон хицауады ’руаджы чи скодта, ам, типографийы, фыццаг уал фæс- комцæдисы, стæй партийы рæн- хъытæм чи бацыд, ууыл «адæмы знаджы» ном авæр æмæ йæ Сыбы- ры бамидæг кæн?! Цымæ цы аны- хъхъуырдта царды рæстдзинад уы- цы дуджы? Цæмæн карстой, цæвæ- гæй кæрдæгау, адæмы хуыздæрты? Абон дæр иуæй-иутæ ацы æбуалгъ трагедимæ кæсы афтæ, цыма дисса- гæй ницы ’рцыд. Фæлæ ныр рæстдзинад зæгъы- нæн æппæт фадæттæ дæр куы ’рцыд, уæд мæ фæнды Хъороты Хъазбе- гæн йæ къухфыст автобиографийæ (нырма мыхуыргонд нæ уыд) æрхæссон, 1937 азы мæнгард, фæлывд, æбуалгъ митæ ирдæй чи æвдисы, ахæм цалдæр скъуыддза- джы: «1937 азы газет «Коммунист»-ы (уæд ын редактор уыд Гасситы Ис- мел, уый дæр бабын æртын æвдæм азы) карьерист æмæ дымыстъæр Коцты Исидор йæхи сæрмагонд ин- тересты тыххæй мæныл ныффыста хахуыртæ. Цыма, дам, æз 1936 азы, Сталины коституцийы проектыл уы- наффæ кæныны рæстæджы, æруагъ- тон буржуазон-националистон рæ- дыд, горæты активы æмбырды, дам, фæндон бахастон Цæгат æмæ Хус- сар Ирыстоны баиу кæнын æмæ сæ иу автономон республикæ саразы- ны тыххæй. Æз, дам, зонгæ-зонын мыхуыры уагътон адæмы знæгты чингуытæ. Æз мæ куыстæй сæрибар æрцыдтæн... Фæлæ Коцты Исидор ууыл не ’рлæууыд: куыддæр-иу ис- кæй æрцахстой, афтæ-иу мæн уый хæлар рахуыдта, йемæ, дам, ын уыд сусæг бастдзинæдтæ. Æмæ 1937 азы 10 сентябры уый хъæппæрисæй ауагътой райдиан партион аргани- 32
зацийы иумæйаг æмбырд мæн пар- тийæ сисыны охыл. Фарсты фæдыл хъæлæстæ ахицæн сты: 17 пæртийы уæнгæй о-æй хъæлæс радтой мæн аартийы рæнхъытæй сисыны æмæ [2 та — мæн партийы рæнхъыты ныууадзыны тыххæй. 13-æм сентя- бры та ногæй æнæрадон æмбырд ауагътой. Организацийы 1/ ком- мунистæй æмбырды уыд æрмæст 9 лæджы. Уыдонæй та фондз хъæлæс радта партийы рæнхъытæй мæн сисы’ныл, цыппар та — мæн сисыны ныхмæ». Партийы устав гуымир æргъдауæй фехалгæйæ, райдиан партион ор- ганизацийы æхсæзæм хайы хахуыр- ты бындурыл 1937 азы 3 декабры Обкомы бюройæ областы мид- хъуыддæгты управленийы уæды хи- цау Гагуа, йæ хæдивæг Санахъоты Владимирæн ахстæй акæнын код- та Хъороты Хъазбеджы. «...Цалдæр боны фæстæ, — фыс- сы дарддæр Хъазбег, — фæдагур- джытæ Магкоты Давид æмæ Хъа- зиты Лентъо мæ разы æрæвæрдтой анкетæ, цæмæй æз дзуаппытæ ныф- фыстаин мæнæ ацы фарстытæн: 1. Куыд хуыйны уæ контрреволюцион организаци? 2. Чи дæ æрбарвыста уырдæм? 3. Дæхæдæг æм кæй æрбакодтай? 4- Цахæм фыдракæндон куыст кодтай? 5. Контрреволюцион организацийæ кæйты зоныс? Ацы фарстытæн æз дзуапп нæ рад- тон, мæхи аххосджыныл ницæмæй нымадтон. Уый фæстæ цы ’рцыд, уый нал хъуыды кæнын: саунады фæстæ мæ хъуыды фесæфтон æмæ мæ камерæйы баппæрстой... Боны- фæстагмæ, фæдысгарджыты тугæй- дзаг дзæмбыты бынæй фервæзыны охыл æз «басастæн», цы нæ сарæз- тон, ууыл: 1936 азы Сталины кои- ституцийы проектыл уынаффæ кæ- ныны рæстæджы горæты активы æмбырды бахастон фæндон Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны баиу кæнын æмæ сæ иу автономон республикæ саразыны тыххæй. Уымæй æруагъ- тон буржиазон-националистон рæ- Дыд; чингуыты рауагъдады дирек- торы бынаты кусгæйæ, чингуытæ мыхуыры уагътон æнæ планæй (æцæгдзинадæй та уый гæнæн нæ Уьтд); февраль—марты пленумы Сталины доклад Гуырдзыстоны КП ЦК-йы уынæффæмæ гæсгæ хъуамæ ирон æвзагыл джиппы рауагътаин 5000 экземплярæй. Фыдракæнды охыл æй рауагътам æрмæст 3000 экземплярæй. (Æцæгæй та йæ мы- хуыры рауагътам 7500 экземпляр- æй). Куыддæр ахæм суагъæйыл мæ къух бафыстон, афтæ мын мæ ных- мæ æрæвæрдтой æрцахсыны тыххæй ордер. Арвыстой мæ Тбилисмæ æмæ мын ам, ахæстоны, 1938 азы 15 ян- вары фехъусын кодтой: Гуырдзыс- тоны НКВД-йы æртæ лæджы тæр- хонæй мæнæн лæвæрд кæй æрцыд 10 азы ахæстоны фæбадын раст- гæнæн-фæллойадон лагеры». Æмæ ма знон дæр йæ уацмыстæ скъолайы чиныджы сабитæ кæмæн ахуыр кодтой, нæ партийы ленинон национ политкæйæ сæрыстыр æмæ рæвдыд чи уыд æмæ йыл буцæй чи зарыд: Æз афтæ хъæлдзæгæй нæ зарин, Нæ дæр мын фехъусис мæ зард, Куынæ мын раттаид нæ парти Сæрибар, амонд æмæ цард. Уый, Хъороты Хъазбег, иу цъаммар лæджы фыдхахуыртæй, æртæ лæ- джы «тæрхонæй» фестад «адæмы знаг» æмæ йæ фæхастой Сыбырмæ, Кировы областмæ, Вятлатмæ. Уыцы æнамонд æлгъыст бонæй фæстæмæ Хъазбег фæцард зæрдæ- дихæй, зæрдæмардæй. Зæрдæйы иу хай мысыд,- цинæй кæм нæ бафсæст, уыцы райгуырæн Иры хъарм хъæ- быс, йæ царды фыццаг амонд (Цæ- биты Арсены чызг Зинæ), æмæ йæ гыццыл хъæбул — саурæсугъд чызг Ирæйы, аннæ хай та, ам, Сы- быры, ссардта ног цардæмбал (Стрельцова Нинæ Васильевнæ) æмæ йын дзы райгуырд æртæ чызджы Натъа, Зинæ æмæ Лари- сæ (цæрынц Ленинграды). Æвддæс азы фæцис Хъазбег Сы- быры. Æвддæс азы фæстæ йæ ссæ- рибар кодтой æмæ æрцыд Ирыс- тонмæ. Фæстæмæ кусын райдыдта Цхинвалы типографийы директо- рæй. Фæлæ асаст йе ’нæниздзинад. Йæ фенæг, бавзарæг зонды фæн- дыд бирæ цыдæртæ саразын, ныф- фыссын, Ирыстоны къуымты æр- зилын, фæлæ зæрдæ нал каст зон- ды коммæ, ницыуал уыд, мæгуыр, йæ бон. Цы мæнг загъта Нигер: «Фыццаджыдæр уал аивдзинад æмæ ;- Журн. «Фидиуæг» № 8. 33
зæрдæ, стæй уæд уый фæстæ зæр- дæйæн йæ уаг, зæрдæйæн йæ конд». Иæ тæлтæг уæнгтæ, йæ аивдзи- над, йæ ’иу цæсты рухс Сыбыры баз- задысты, йæ æхсидгæ зæрдæйæ ни- цыуал баззад. «Куыд ницыуал фыс- сыс?»-иу куы бафарстой Хъазбеджы, уæд-иу афтæ: «Гъе, мæ къона. Фысгæ зæрдæйæ кæнынц. Зæрдæ мæлын дæр зоны. Æмæ дын æй иу хатт куы амарой, уæд ма цы хъуа- мæ ныффыса». Фæлæ уæддæр зонд йæхион домд- та, скъæрдта. Æрзылд Ирыстоны къуымты, федта, дыууын азы дæр- гъы куыд фæивта, уый. Иухатт æй æз Къуайсамæ мемæ акодтон. Цас æхцондзинад ын радта æрзæткъах- джыты ног поселочы рæзт. Тынг ыл фæцин кодтой къуайсайæпæ. Зассеты Бысолтан ын кусарт акод- -та, æрхуыдта йæ сыхбæсты. Хъыга- гæн, Хъазбегæн фынгыл æрбадын йæ бон нæ баци. Зæрдæ нал сфæ- рæзта бæрзонд, тыхджын уæлдæф æмæ уадидæгæн фæстæмæ раздæх- тыстæм. Зæрдæйы низ ныууадзын кодта Хъазбегæн йæ куыст. Дохтыр- тæ йын амыдтой ныллæгдæр бынат æмæ фæлмæндæр уæлдæф. Уы- дон æй асайдтой Ленинградмæ дæр. Фæлæ йын ам дæр ницы хос æрцыд. Растдæр уыд Хъазбег йæхæдаег: «...зæрдæйы иу хатт куы амарай, уæд уымæн гасгæнæн нал ис». Дæргъвæтин рынчыны фæстæ 1964 азы, марты мæйы банцад йæ кусынæй Хъазбеджы рыст æмæ дих зæрдæ. Æцæгæлон сыджытмæ йемæ ахаста йæ фырнымд уды æгъуыста- джы рæсугъддзинад. Æмæ уæдæ цы ныууагъта махæн Хъазбег? Хъороты Хъазбеджы ном Ирыстоны æртынæм азты нæрыд. Л934 азы Хуссар Ирыстоны Фыс- джыты цæдис Хъороты Хъазбеджы делегатæй сæвзæрстой Æппæтцæ- дисон фысджыты фыццаг съездмæ. Æртынæм азты ирон литературæ æмæ аивадæн бантыст стыр сфæл- дыстадон санчъехтæ акæнын. Хъаз- бег дзы баззад æвзонгæй, счъилдыс зиууонæй. Уый ирон поэзиуарзджы- тæн балæвар кодта цалдæр чины- джы: «Æндон зæлланг» (1932), «Ног хъæлæс» (1935 аз), «Æмдзæв- гæтæ» (1958 аз). «Мæ лæвар саби- тæн» (1960 аз). Хъороты Хъезбеджы поэтикон сфæлдыстад, æмткæй сисгæйæ, хай- джын у, æртынæм азты ирон поэ- зийæн характерон цы æвæрццаг миниуджытæ уыд, уыдонæй. Æниу йæ æппæрццаг миниуджытæй дæр цух нæ баззад. Хъазбеджы сфæл- дыстад æнгом баст у фæллойгæнæг адæмы цардимæ, йæ сфæлдыстады сæйрагдæр мативтæ сты ног, сæри- бар дугыл зарын, цард æмæ адæмы уарзын, пролетарты фæтæг æмæ Со- ветон хицауады бындурæвæрæг В. И. Ленин æмæ Ленины партийыл æнувыд уæвын. Зæронд, талынг дуджы мæлинаг æгъдæуттæ хурмæ хаста, адæмы цæсты сæ æфтыдта. Хъороты Хъаз- беджы уацмыстæ «Парти», «Æз.мæ амонд ыссардтон», «Æз афтæ хъæл- дзæгæй нæ зарин», «Ленинæн», «Ле- нин цæры» æмæ æндæртæн сæхи сæрмагонд бынат ис ирон Лениниа- дæйы. Поэт уыны, Ленины ахуырады фæрцы адæм кæй ссардтой сæ амонд, сæ ца’рд, уый. Фидарæй йæ уырны, зæххы къорийыл Ленины ахуырад, хурау, æппæт адæмæн дæр амонд кæй хæсдзæн æмæ кæй фæ- уæлахиз уыдзæн. Ленинæн æнус- æнусты мæлæт кæй нæй, уый: «Фæлæ уæ чи загъта: — Амардис Ленин? Чи у, фыдаудæн Чи кæны махыл? Уый, мæ хур, афтæ куы уаид, — нæ фенин Амонд мæ царды, Нæ цæуин мæ къахыл». Ленины национ политикæйы стыр- дæр хорзæхтæй Хъазбег иуыл ны- майы нæ бирæнацион паддзахады адæмты æнæхæлгæ хæлардзинад æмæ йыл зары йæ æмдзæвгæты — «Æри дæ къух», «Мæскуы», «Мæ цинтæ» æмæ æндæрты. Поэт сæры- стыр у стыр уырыссаг адæмы æф- сымæрон æххуысæй. Хъороты Хъазбеджы поэзийы мад æмæ авдæн сты Ирыстоны æгъуыс- таджы æрдз æмæ йæ номхæссæн адæм. Уый мад æмæ фыды цин æмæ , рæвдыд æрмæстдæр Ирыстонæй бан- къардта æмæ бавзæрста. Йæ зæр- дæ, уæрыккау, фырцинæй кафы, ног царды хæрзиуджытыл, йæ адæ- мы æнтыстытыл æмæ сыл сæрысты- рæй зары: 34
«Ирыстон, Ирыстон, Мæ ныййарæг мад. Цы фыссæг ыссардзæн Аккаг, аив дзырд, Цæмæн дын ысбардзæн Дæ размæйы цыд!» «У фадат аразæг», афтæ мæм кæ- сы цыма Нигер ацы базырджын ны’хас Хъороты Хъазбеджы тыххæй загъта. Йæ сабибонтæ арвыста Ер- маны уæлхох быдыры сойджын сæрвæтты, йæ студенты кары ба- зырджын æмæ рæсугъд аудиториты бæсты типографийы чингуытæ ны- хастæгæй, йе сфæлдыстадон куысты дидин æфтауæны уалдзæджы та йæ æнæаххосæй Сыбыры амидæг код- той. Фæлæ зæрдæргъæвд лæппу, нæхи æмбисонды Секъайау, цард сахуыр кодта æгъатыр æрдзыл, хъи- зæмаргæнæг адæмыл, революцийы цардивæг дугыл, мидхæсты мæгуыр- дæр æмæ тæригъæддагдæр азтыл. Æмæ цард, ног Советон Ирыстон æмæ йæ хъæбатыр адæмы æвдисы, лектортæ æмæ чингуыты ныхæстæм гæсгæ нæ, фæлæ йæ куыд федта йæхи дыууæ цæстæй, афтæмæй. Æвæццæгæн, æппæтæй æххæст ницы вæййы. Хъороты Хъазбеджы поэ- тикон сфæлдыстады дæр, кæй зæ- гъын æй хъæуы, ис риторикон сид- тытæ, лозунгтæ, сур ныхæстæ. Уы- мæн та ис бæлвырд аххосæгтæ. Хъаз- бег интенсивон сфæлдытадон куыст кодта 1930—37 азты, ома æгасæйдæр авд азы дæргъы. Зæгъгæ, йæ кур- диатæн фадат фæцис, дидин æфта- уын æй бауагътой, уæд æм æндæр амонд æнхъæлмæ каст, уæд бирæ уæзгæ хуынтæ бахастаид ирон поэ- зийы галуанмæ. Уый йæхирдыгонау æмбары поэзи æмæ поэты хæс: «Кæд поэтты ном хæссæм, — хъуамæ зарджытæ фыссæм, хъуамæ хъуыса уæд нæ зард, не ’мдзæвгæтæй Худа цард» Æмæ Хъазбеджы сабитæн фыст æмдзæвгæтæ интимон лирикæ, хæ- лардзинад æмæ фидыдадыл, фаб- рик-заводтыл фыст уацмыстæй хъу- сæм нæ худгæ дидинты Лкæл-кæл худт, уарзæтты ирон фырнымд æмæ уæздан ахаст, колхозон фыййауы амондджан дуг æмæ æфсæст фосы дзуг, тракторты маторты гуыр-гуыр, æндон хъæстарæджы зæлланг æмæ цæвæджы æхситт. Хъороты Хъазбеджы сфæлдыста- дæн æцæгæлон не сты сатирæ æмæ юмор дæр. Иæ уайдзæф дæр зæрДæ исы, фæлæ хъыг, хæрам нæ кæны, уымæн æмæ адæймаг йæхæдæг дæр æнкъары, хаты, нозт кæдæм скъæ- ры адæймаджы, куыд æй æгад кæ- ны, уый. Гъе, уымæн зарыдысты æр- тынæм азты нæ фæсивæд, Хъазбе- джы сатирикон æмдзæвгæ «Расыг- гæнаг»-ы, сæхæдæг ын цы матив æрымысыдысты, уымæ гæсгæ. Филологон зонæдты кандидат, поэт Дзуццаты Хадзы-Мурат нысан кæны, зæгъгæ, Хъороты Хъазбеджы хуыздæр æмдзæвгæтæ цух не сты фæлгонцтæй, эмоционалондзинадæй, лиризмæй... Сты рог, æнцонæмбарæн, чиныгкæсæг сæ æнæкæсгæйæ ба- хъуыды кæны. Хъороты Хъазбеджы æмдзæвгæ- тæй бирæтæ хаст æрцыдысты скъо* ладзауты чингуытæм æмæ сйсты хрестоматион. Нæ дуджы æппæты стырдаер хæр- зиуджытæй абон иу у демократи, хъæнты тыххæй æргом дзурын, æмæ йыл басæттæм: ам мах нæхи æв- дисæм пассивонæй. Мæгуырау ку- сæм, 1937—1938 азты нæ фысджы- тæй чи бабын, уыдоны сфæлдыста- дон бынтæ, сæ царды х’абæрттæ хуыздæр, лæмбынæгдæр сахуыр кæ- нын æмæ уыдон мыхуыры рауадзы- ныл. Уыдон нæ литературæйы рæз- ты фæдисонтæ æмæ счъилдыс зиу- уæттæ уыдысты, мах не ’ппæт дæр ахуыр кæнæм сæ диссаджы сфæл- дыстадыл, сæ патриотизм æмæ адæймагон хъæбатырдзинадыл. Афтæ куы аразæм, (афтæсаразын та нæ æнæмæнгæй хъæуы), уæд зондзыстæм, алы фыссæг дæр цы ахаста йемæ æмæ йæ фæстæ цы баззад, уый.
МÆ ЗÆРДЫЛ ЛÆУУЫ ÆВЗОНГÆЙ... Лыгъды фæстæ адæм схæццæ сты: иутæ баззадысты Дзæуджыхъæуы, иннæтæ фæс- тæмæ лыгъдысты Хуссар Ирыстонмæ, мæ- нæн мæ дзæхст фæцыдис Калачы (Тбили- сы) ирон скъолайы. 1923 азы, сæрды ка- никулты, нæхимæ, Згъуыбирмæ, куы ’рба- цыдтæн, уæд мæ арвыстой Ерманмæ нæ хæстæджытæм — Хъоротæм. Нæ сиахсы æфсымæр Хъороты Габрел куы базыдта, æз Тбилисы ахуыр кæнын, уæд мæ æвип- паейды бафарста: «Нæ сидзæр лæппуйыл нæ фемоæлыс?» Уый афтæ æнхъæлдта, Калак дæр Цхинвалыйас у æмæ фæсивæд кæрæдзийыл фембæлынц. Куы оазыдта, кæрæдзи нæ зонæм, уæд мын ныллæгъстæ кодта: «Нæхи мæгуыр Александры лæппу Быдзег Дзæуджыхъæуы сидзæрдонæй æрæр- выстой Калакмæ æмæ, дам, кусы типогра- фийы. Дæ хуыцаумæ скæс æмæ куы ныц- цæуай, уæд æй æнæмæнг ссар». Сентябры мæйы Калакмæ куы æрцыдтæн, уæд ба- уадтæн типографимæ, агурын райдыдтон Хъороты Быдзеджы. Ие ’мбæлттæ æмдзы- хæй дзырдтой, махмæ, дам, Быдзег ничи ис. Хъоротæй, дам, нæм ис æрмæст Хъаз- бег. Уыцы бон Хъазбеджы акодтон мæ фа- термæ. Цардтæн иунæгæй иу уаты. Хъаз- бег æвиппайды йæхи ныццавта «Хурзæрин» аемæ «Рæстдзинад»-ы ног номыртыл. Иемæ-иу ахаста журнал «Фидиуæджы» номыртæ. Тынг арæх мысыд йæ фыдыбæстæ Урстуалты. Рацæй-рабон æмæ мæм хæссын райдыдта къаннæг уацтæ, стæй фæлварын райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын. Æз ын *йæ уацтæ æрвыстон «Хурзæринмæ» хæрз чы- сыл аннотацитимæ, ома чи у Хъазбег, кæ- цон лæппу у, кæм кусы, æмæ афтæ дарддæр. Афтæ ирон мыхуыры фæзындис Хъороты Хъазбеджы ном. Æз нæхимæ, Хуссар Ирыс- тоны кусын куы райдыдтон, уæд цалдæр азы фæстæ Хъазбежы дæр æрбарвыстой нæхимæ æмæ куыста Цхинвалы типографи- йы директорæй. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ цæргæ дæр кодтам иу, бæстыхайы. Уæд Цхинвалы ахæм стыр бæстыхæйттæ нæ уыд. Æмæ индзылер Гаглойты Рутен Карл Марксы уынгыл ГЭСы кусджытæн сарæзта дыууæуæладзыг хæдзар. Ам цар- дысты Козаты Разден, Джиоты Пъауле, Плиты Харитон, Плиты Геса, Гаглойты Рутен æмæ ноджы бирæ зындгонд адæй- мæгтæ. Хъазбег уыд цырд æмæ зæрдæ- ргъæвд, стыр энтузиаст. Ахæм æмбырд-иу нæ уыд, æмæ-иу Хъазбег ныхасы ма рацы- даид, кастис-иу æмдзæвгæтæ. Адæм æй истой æмæ уарзтай тынг зæрдиагæй. Ие ’мдзæв- гæтæ стырæй, чысылæй адæмы зæрдæмæ цыдысты. Мæнæн абон дæр мæ зæрдыл лæууынц мæнæ ацы рæнхъытæ: «Мах сабитæ, сабитæ, мах нал кæнæм æрра митæ». 1936 азы мæнæн Калачы сарæзтой уæззау ^операци æмæ дыууæ азы æдзухæй уыдтæн санаториты, æмæ куы ’рыздæхтæн, уæд базыдтон, Хъазбеджы 1937 азы кæй æрцахстой, уый. Хъороты Хъазбег Сыбырæй куы ’рыз- дæхт, уæд йæ ус — Стрельцова Нинæ Васи- левнæ æмæ йе æртæ чызджы цардысты мæнмæ, цалынмæ йын фатер радтой, уæдмæ Куы æрыздæхт, уæд та кусын райдыдта фæстæмæ Цхинвалы типо’графийы дирек- торæй. Куыстуарзаг Хъазоег уæгъдиоар- ахуыр наборщиктæ æмæ мыхуыргæнджытæм йæ хъус æрдардта , æмæ та типографи цыбыр рæстæгмæ йæ гачы сбадти. Ам Хъазбег хъæр æмæ цъæхахст нæ кодта. фæлæ алкæмæй дæр домдта бæрзонд’ куысты дисциплинæ. Æмæ диссаг уыд, йæ- хæдæг куыд æфсæрмы кодта адæмæй, афтæ дзы æфсæрмы кодтой æппæт кусджытæ дæр. Фæлæ, хъыгагæн, Хъазбегæн йе ’нæ- низдзинад тынг скадавар æмæ йæ куыст ныууагъта. Иæ зæрдæйы рыст æй ахаста Ленинградмæ, фæлæ йын ам дæр хос нал æрцыд æмæ фæзиан. Æз абон дæр фыстæ- джытæ исын æмæ фыссын Ленинградмæ Хъазбеджы æмкъай æмæ чызжытæм. Æмæ уым диссагæй дæр ницы ис. Хъазбеджы хуызæн адæймæгтæн мæлæты бонмæ дæр рохгæнæн нæй. Саулохты Хъырым, куысты ветеран **А^ ХЪОРОТЫ ХЪАЗБЕГ Ленинæн Фондз æхсæвы, Фондз боны Колонон залы уыд йæ мард. Уый чи федта, Уый чи зоны, — Хъынцъымæй уыд сæ зæрдæ ’нкъард. Тымыгъæй,уадæй, Карз зымæгæй Ыскодта уыцы аз фыдбон, 36
Нытталынг хур дæр, Каст тызмæгæй, Уыдысты дунетæ мæрдон. «Фæхъуыди Ленин!» — Дымгæ тъизгæ Ызгъордта алырдæм фæдис. Сыдысты адæм, Уынгты ризгæ, Урæдта алчидæр йæ рис. Цыдысты минтæ Халæй-халмæ, Цæмæй зæгъой фæстаг хæрзбон: «Фæндараст у, Фæтæг, æнусмæ Нæ зæрдыл дардзыстæм дæ ном, Дæ ахуыр Анхъæвздзæни дардыл, Нæ риуты судздзæни дæ ныфс, — Мах тох кæнæм Дзыллæты бартыл, Æххæст уыдзæн дæ фæнд, дæ куыст». Хъазбедэ/сы хохмæ Ныббар мын, ме ’мном, ацы хатт Мæ къах æрæвæрдтон дæуыл Æмæ дæ курын, бар мын ратт, Фæлгæсон ардыгæй дæрдтыл. Кæнын тæхуды æз дæумæ Æвзонг зæрдæйы риуыдзаг. Дæу хур æрвылбон дæр сæумæ Йæ хъæбыс акæны фыццаг. Фæсрагъ куы ныттулы изæр, Æхсæвæн бар куы ратты бон,— Уый демæ хъазы ма уæддæр Сыгъзæрин хур — рæсугъд, нæртон. Кæсыс бæрзондæй ды бынмæ, Уыныс, куыд калы Терк йæ фынк, Куыд хауынц уылæнтæ хæрдмæ Æмæ куыд бырсынц размæ тынг. Зыны дæм ардыгæй дзæбæх Кæрæй-кæронмæ уарзон Ир. Куыд фæсиры æд барæг бæх, Куыд нæрсы хуымты хоры ’фсир, Зындгонд дæ дардыл рагæй ды, Цæуынц дæм алкæцæй уынæг, Фыссынц дæ чингуытьГфæрсты, Кæнынц дæ картæты бæрæг. Булæмæргъ Булæмæргъ — уарзон цъиу, Булæмæргъ, булæмæргъ, Ферваазын мын кæн мæ риу, Уарзьш æз иу,чызджы, •
Уарзын æнæкæрон, Бон мыл æхсæвимæ сиу. Ацыдис, афардæг, Афардæг дард ранмæ, Ахаста йемæ мæ уд. Зæрдæйы дидинæг, Хуры хъарм, мæйы рухс, Буцæй-иу мидбыл фæхудт. Булæмæргъ — зараг цъиу, Атæх-ма: ахæсс мын Уыцы рæсугъдмæ фыстæг. Радзур ын, ракæн ын Зæрдæйы сагъæстæ Иууыл кæронмæ, лыстæг. Булæмæргъ — зараг цъиу, Булæмæргъ, булæмæргъ, ’Рхæсс мын дзы иу ныхас, иу. Зæрдæ кæд фервæзид Мæт æмæ катайæ, Цинæй ысулæфид риу. Расыггæнаг Гъе, бын бауай, уастæн! Циу, цы нæ ис мастæн: Нал зонын хæдзар, Бинонты бындар. Райдыдтон нуазын, Арæх къамтæй хъазын, Къухтæ синты ’рсагътон, Æмбырдтæ ныууагътон. Ацу ’мæ мыл худ, Саразут мыл «суд»... Фесафут мæ дард, Нал бæззы мæ цард! Цалдæр аз фæкуыстон, Адæмы хъæр хъуыстон, Уарзон-иу уыдтæн, Зæрдæмæ цыдтæн. Ныр кæнын угæрдтæ, Чи мын дардта сæн. Худут мыл, æмгæрттæ, — Худинаг дæр дæн. Гъей, бын бауай, уастæн! Циу, цы нæ ис мастæн. Гъей, цы ’рцыд мыл ай Ме ’мгæртты уæлдай! Диссаг, диссаг, гъеныр, М’ алы фарс æз фенын: Тохгæнæг бригадтæ, Аразынц гиганттæ. Уыдонимæ иумæ Мæн æрфæнды зиумæ... Бамбæрстон æй, нуæзт ^арг кæй у æрмæст. ш^ЪтГЩ
ТÆРИГЪÆДТÆ Уацау Мæ къухтæ мæ ныхмæ быцæуæ- вæрд, афтæмæй бадын мæ кусæн уаты æмæ цыдæр хæццæ хъуыды- ты аныгъуылдтæн. Цæстылуайæн- тæ мæ сæ уæлныхты систой. Уаты къулыл цахæмдæр æндæрджы хуы- зæн фæзын-фæзын кæны. Рæстæгæй- рæстæгмæ йæм куы фæкæсын, уæд та амбæхсы. Мæнмæ уый хардзау æркаст, мæхи йæм нал баурæдтон: — Ды, æвæццæг’æн, æрдзы ра- фæлдисгæ нæ дæ, фæлæ дæ дæлимо- ны хъизæмар? Мæнæй мæгуырдæр никæй ссардтай, цы мæ мæстæй ма- рыс? — Мæлæты æнæрцæф дæ! Мæ кой куы ракæныс, уæд-иу дæхимæ дæр æркæс! Æз чи дæн, уый куы зонис, уаед мемæ ахæм дæрзæг æв- загæй нæ дзурис! Фæлæ æмбисæнд- тæ се ’ппæт дæр раст сты: кæмæн дæр, дам, йæ бæхыл йæ бон нæ цы- дис æмæ йæ саргъы надта. — Æмбисæндты ма сæ адыл ныу- уадз! Æз нæ дæр мæ бæхы нæмын, нæ дæр мæ саргъы! Фæлæ-ма мын зæгъ: ды чи дæ æмæ дæ цы фыд- былызтæ сардыдтой мæныл? — Фыдбылызтæ! Фыдбылызтæ!— мæн фæзмæгау, айвæзта йæ ныхас, стæй райдыдта дзурын: «Æнæрхъуы- ды цыдæр! Куыннæ йæ ’мбарыс, æз дæ халдих дæн, дæ туг, де стæг! Ацы мæнг дунемæ ды куы фæзынд- гæ, уæд æз дæр демæ сæвзæрдтæн, æмае уæдæйардæм иумæ æмдзу кæ- нæм* Ды кæм цæуыс, кæм лæууыс, кæм бадыс, æз дæр уым цæуын, лæууын, бадын! Ды цы аразыс, æз Дэер уый аразын. Ды цæмæй улæ- Фыс, риссыс, хъæрзыс, æз дæр уы- мæй улæфын, риссын, хъæрзын. КОЗАТЫ ХАЗБИ Зову я смерть. Мне видеть невтерпеж Достоинство, что просит подаянья, Над простотой глумящуюся ложь, Ничтожество в роскошном одеянье, И совершенству ложный приговор, И девственность, поруганную грубо, И неуместной почести позор, И мощь в плену у немощи беззубой. (Шекспир). Æрбакæсыс мæм æмæ дæм ба- кæсын, сдзурыс мæм æмæ дæм æз дæр сдзурын!» — Æмæ Сагкаты хæйраг дæ, кæ- нæ рагон паддзæхты ирхæфсæн хъазæнхъул? —Сæ иу дæр — нæ æмæ се ’ннæ дæр! Æз æмæ ды иу стæм! — Цы загътай, цы? Æз æмæ ды— иу? Уый ды, æцæгæйдæр, дæ цæс- гомыл дæ къух куы систай! Цы цзурыс, ууыл рæстмæ хъуыды дæр куынæ кæныс! Нæ, мæ хæлар, ды, æвæццæгæн, æндæр аккаг нæ уыд- тæ, æмæ æххæст адæймаджы хуыз дæр уымæн нæ райстай! Æппæтра- фæлдисæг дæр æй зоны, кæмæн цы хъæуы, æндæра ацы царды дæуæн дæр разындаид бынат. Искæй нæ фæлхатт кæнис, искæй нæ фæзмис, искæй фæсарц нæ бадис! Фæлæ дын уаид дæхи цæсгом, дæхи лæджы- хъæд, дæхи намыс, фарн æмæ æгъ- дау! — Куыннæ йæ ’мбарыс! Уый æз дæ хъысмæт дæн! Æмæ дын дæ ни- цæйаг цард кæй фæлхатт кæнын, уый дæр дæм хардзау ма кæсæд! Алкæмæн йæ амонд йæ ныхыл фыст у! Дæ уаргъы баст цы ис, уый хъуамæ хæссын фæразай. Æндæр гæнæн дзы нæй! Уæззау дын у æви рог, — хицæйкæнгæ нæу! Кæй куыд фæнды, æрдз уымæ нæ кæсы! Бамбæрстон æй: арæх мæ цард зæронд мысинæгты хуызы мæ зæр: дыл æрлæууы, æмæ мæм куы ничи фæхъусы, уæд мæхæдæг мæхиимæ фæныхас кæнын. Адæймаджы сконд та ахæм у, æмæ цахæмфæнды фыд- ракæндтæ куы сараза, уæддæр йæ- 39
хи цæсты никуы сæгад уыдзæн. Ис æм æнæкæрон хиуарзондзинад, пас- сивон эгоизм! — Уæдæ ды кæд мæ хъысмæт дæ, уæд мæм ныхмæ цы ныллæууыдтæ? Царды мæ æнцондæр фæндæгтыл цæмæннæ акодтай? Дæ бон нæ уыд æви цы?! — Æз дæ кодтон, фæлæ мæ ком- мæ никуы бакастæ. Дæ цард дæ- хæдæг сызмæстай æмæ дзы куыдз йæхионы дæр нал равзардзæнис! — Æмæ ма уæд ды та хъысмæт цæмæн хуыйныс, æрмæст ном хæс- сынæн? — Дæ уды сыгъдæгдзинадыл би- рæ фæцархайдтон. Фæндыд мæ, æцæг адæймаг дæ сарæзтаин, фæ- лæ райдианы куыддæр дæхимидæг фæдих дæ. Дæ зонд æмæ дæ зæрдæ иумæйаг æвзаг никуыуал ссардтой. Æмæ уæдæй ардæм цыдысты хи- цæн фæндæгтыл. Фæливæн кодтай. Иу бон-иу дæ саразын цы сфæн- дыд, уый ныхмæ та-иу иннæ бон ра- цыдтæ. Иуæн иу дзырдтай, иннæ- мæн — иннæ! Хъысмæт та дæхи- цæй аразгæ у! Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, мæ- хи цæсты ницыуал зынын, ницыуал ахадын. Мæ тæригъæдтæ мæ ’фæ- дыл, мастисæгау, зилынц æмæ мын æнцой нæ дæттынц. Эхх, цæй зын дæ, цæ, æрæджиауы фæсмон! Уы- мæй удхайрагдæр та хи хъысмæты ныхмæ тох кæнын! Цы уавæртæ мын уыд æмæ сæ не спайда кодтон! Ныр ма мын цы гæнæн ис? Ацытæккæ мæ æрфæндыд мæхицæн иууыл карз- дæр тæрхон рахæссын. Фæлæ куыд, цы хуызы?! Уæд мæ хъуыдыйы февзæрд, амæйразмæ уæлхæдзары бызгъуырты мидæг кæй бамбæхстон, уыцы маргъ. Схызтæн æм. æрис- тон æй, байгом ын кодтон йæ сæр æмæ дзы федтон мæ царды хурны- гуылæн сахат. Мæлæтхæссæг хос мæ разы лæууыд къоппы, æнхъæл- мæ каст, мæ дзыхмæ йæ кæд схæс- дзынæн. Уый хъуамæ ацы тæккæ сæрсæфæнмæ аппара, цард æмæ мæлæты ’хсæн цы хид ис, уый. Æр- мæст нæ тагъд кодтон, мæхицæн лæ- вæрдтон фæстаг æмгъуыдтæ. Мæ буар мæлæты тас банкъардта, æви мын хъæру нал фаг кодта, — хæйрæг йæ зонæг! Дыууæйы ’хсæн ауыгъдæй баззадтæн. Лæг хъуамæ лæджы мардæй амæла, Æвзæр цар- дæн та хорз кæрон никуы вæййы. Æрфæндыд мæ уымæн тыхмитæй йæ кæрон барæсугъд кæнын. Мæлæты размæ ацархайдтон мæ кæддæры хъару чысыл æмгъуыдмæ фæстæмæ ’рыздахыныл. Фæлæ мын уыцы æнæ- бары митæ ницы фæстиуджытæ æр- хастой. Тарст буар рис нал хаты, фæнды йæ кардæй цæв, фæнды дзы æрцытæ тъысс!.. Уый рзмæ меди- цинон чингуыты бакастæн ацы марг химикаты тыххæй. Базыдтон ын йæ хиæдтæ,.цы рыстытæ ’взæрын кæ- ны, цы рæстæджы фæтых вæййы буарыл. Мæн фæндыд, цæмæй хос баназыны фæстæ бирæ тухитæ ма ’взæрстаин. Кæд мæлгæ, уæд æдзæм- мардæй, схъæрзыны бон дæр мæ куыннæ фæуа. Æз федтон удисгæ бирæ адæймæгты. Мæлын сын не ’нтыст æмæ-иу фырадæргæй сæ сæ- ры хъуынтæм бавнæлдтой. Сæнттæ цагътой æмæ цæттæ уыдысты цар- ды иу уысмыл æп’пæт раттыныл дæр. Фæлæ удхæссæг дæ уæлхъус куы ’рлæууа, уæд цасфæнды дæр æххуысмæ сид, — ницыуал дзы ра- хæсдзынæ! Дæ цæстытæ дын рæх- гæндзæн адзал. Сыстадтæн, цалдæр къахдзæфы, зивæггæнгæ, размæ- фæстæмæ сарæзтон. Мæ дæндæгтæ кæрæдзийыл хойгæ, загътон мæ фæс- таг ныхас: цалынмæ ацы æлгъыста- джы марг мæ дзыхмæ не схастон, уæдмæ нæ фесæфтон мæ зонд, мæ хъуыды. Зын мын уыд цæрын, уы- мæй хъизæмайрагдæр та мын мæ- лын у! Фæлæ мæнæн ныртæккæ сæ дыууæ дæр æмхуызон æнæуынон сты. Сæ иу мæ уæлгъæдæй бахус кодта, иннæ та мæ æмгъуыдæй раз- дæр талынг дунемæ æрвиты. Афтæ дзурынц, зæгъгæ, хæрдмæдзу цъиу заргæ, тырны хурæрдæм. Фырцинæй ферхæцы хуры тынтæй æмæ ссары йæ мæлæт. Æз та кæйдæрты фы- дæх нал сфæрæзтон æмæ мæнæ æбарвæндонæй хизын талынг ду- немæ. Æндæрхуыздæр мæ бон æр- хъуыды кæнын ницы уыд, æмæ æз дæр марг схастон мæ дзыхмæ. Хæрз цыбыр рæстæджы мæ мидбынат бадзойтæ кодтон, стæй мæ иу фар- сыл æрхаудтæн æмæ архайдтон мæ удисыныл. Мæ фыртыхстæй ма мæ къухтæ, пысылмон лæгау, хæрдмæ сдартон, скуывтон: «Хуыцау, мæ адзалы къæсæрыл мын аегæрон 40
хъару ратт, цæмæй ацы уæззау хъизæмæрттæ сфæразон!» Фæлæ уды сусæг фæндтæн ахсæн нæй! Дзæ- гъæл кæны мæ зонд, хъуыды рæстмæ нал кæсы мæ коммæ. Цыдæр мæ æнæбын коммæ ласы. Уалынмæ удхæссæг мæ уæлхъус æрбалæууыд, фæлæ мын мæ уд ахæссыныл нæ тагъд кодта. Æвæццæгæн ын мæ тугæй дойны уыд æмæ дзы йæ мон- дæгтæ иста! Мæ разы дзуццæг æр- бадт. Куы йæм фæкæсын, уæд та мæн мæстæймарынæн йе ’взаг ра- ласы. Æнхъæлмæ кæсы, мæ зынг кæд бахуысдзæн. — Адæм дæ рæстытæ фæдзу- рынц: «удхæссæг дæ фæхæссæд», «мæ мæрдты удхæссæг дæ уынын», «мæ хуызæн удхæссæг дыл фæхæ- цæд», «удхæссæджы хуызæн»! Уый тагъдгомау фестад, йæ даргъ дымæг йæ хъуырыл æртыхта æмæ, цыма, сывæллонимæ ныхас кодта, уыйау мæ ницæмæ дары. Йæ мид- былты хинæйдзагæй фæхуд-фæхуд кæны. Стæй райдыдта йæхицæй æп- пæлын: Æз не ’взарын хъæзныг æмæ паддзахы. Æмбæрцæй сафын хорз æмæ æвзæр. Мæ тых æппæты иухуызон фæлдахы, Æмæ сæ скæнын æрдзы раз æмсæр. Хуыцау цы сфæлдыста, уыдонæй уæлдайаг ницы ис. Царды рæсугъд- дзинад уый мидæг ис, æмæ алы- хуызон кæй у. Удгоймагæй — æнæ- удгоймагæй, цæрæгойæ, æнæцæрæ- гойæ алчи дæр кæй хæссы йæхи хи- æдтæ, сæрмагонд миниуджытæ. Раст у, уыдон иууылдæр ныхмæ- вæрд сты. Чи сæ кæуыл тых кæны, уый æфхæры, куынæг æй кæны. Фæ- лæ дæ цы фæнды! Адæймаг та се ’ппæтæй дæр тæссагдæр у! Уый у æцæг фыдбылызхæссæг. Мæнæй æнæхъуаджы хъаст кæнут. Æмæ мæ цыфæнды дæр дзурут, уæддæр нæ фæивдзынæн! Цы дæн, уымæй баз- зайдзынæн. Æрдз алкæй йæхи фæн- донмæ гæсгæ не сфæлдыста. Гæнæн Дзы куынæуал вæййы, уæд ахæс- сын искæй уд. Науæд мин азты цæ- рынмæ хъавут?! Уæхи фæлтæртæ Уæ куы ивынц? Уыдон уæ куы фæл- хатт кæнынц? — Сфæлхаттгæнæн ницæмæн ис! Алкæмæндæр иунæг цард йедтæмæ ыæй. Алчи дæр йæхи тыххæй цæ- рьг! Ды рæдийыс! — Уæхи хъуыддæгтæ уал сраст кæнут, стæй уын мах дæр ам уы- дзыстæм. — Ома! Уымæй цы зæгъынмæ хъавыс? — Зæгъинæгтæ бирæ! — Уæддæр? — Уæлион цард æгæр арф бас- къæрдтат цъымара цады. Арæх би- рæгъы уромут хъомгæс, рувасы — кæркгæс, тæрхъусы — хицау. Хор- зæй æвзæр дзурут, æвзæрæй — хорз, растæй — зылын, зылынæй— раст, тыхджынæй — æдых, æдыхæй — тыхджын, зæндджынæй — æды- лы, æдылыйæ — зæндджын!.. Ды та цæмæй æнæхъуаджы дзæнгæда ма цæгъдай, уый тыххæй дын дæ уд тагъддæр хæссын. Æцæгдæр, амардтæн!.. Удхæссæг мæ бахизын кодта мæрдтыбæстæм. Æнхъæлдтон, ацы ’нæзонгæ дунейы мæ искæмæн бафæдзæхсдзæн. Фæ- лæ марадз зæгъ! Дзургæ дæр ни- цыуал скодта, дур-дурыл авæрдта æмæ æвиппайды фæтары. Æрлæу- уыдтæн бахизæны. Хъуыды кæнын: мæ разæй ардæм цæргæ-цæрæнбон- ты цы бирæ адæм фæцыд, уыдон цахæм уавæрты сты?! Куыд мыл сæмбæлдзысты? Искæйты ма дзы базондзынæн? Мæ фыццаг бакъах- дзæфæй йæ куыддæр хатын, уæли- он цардæй ам фæлхатт ницы цæуы. Бынтон æндæр цыдæр нывтæ мæ цæстыты раз разгъор-базгъор кæ- нынц. Æппæт дæр сабыр, æнæсы- быртт. Чысыл уддзæф дæр никуы- цæй хæссы. Сдыгъуырццæг дæн. Мæ тарст риуы ныфс нымбæхст, æрмæст ма дзы хатт цавæрдæр æбæрæг фæлм стæлфы. Зонын æй, зæххон цардимæ мæн ницыуал бæтты. Хъус ма гæзæмæты ахсы йае дард ай- зæлд. Ацы тæккæ ахæм уавæры уыд- тæн, æмæ æрдзы иунæг хæрзиуæг дæр нæ разындзæн, мæн чи барæвдыд- таид, мæ зынгхуыст æнкъарæнты мын чи сног кодтаид. Æрцыд хъай- мæт йæ иууыл карздæр хуызты. Куы кæйдæр кæуын фехъусын, куы — мæрдадзы хъарæг, куы — фæсус за- рæг, куьт — хъæрзын. Акастæн мæ алфæмблаймæ, — никæй дзы уы- нын. «Кæцæй у уыцы уынæр»? — дисгæнгæ фæрсын! — Кæд искæй хъынцъым мæйдары сау фæлмы æрныгъуылд æмæ æдæрсгæ рахи- 41
зын нал фæразы? Каэнæ сабыр зы- зын мæнг хабар æрбахаста? Нæ! Уый мæ тугдадзинтыл фæзынд æна- хуыр монцты тæмæн. Уайтагьд мæ зæрдæйы мæхимæ хæрамдзинад сæвзæрд. Æдыхæй æрхаудтæн мæ уæрджытыл æмæ мæ саст бæллиц- тыл тынг ныккуыдтон. Фæстæмæ та слæууыдтæн мæ къæхтыл. Мæхи- уыл бафтыдтон дзуæрттæ, мæхи ба- фæдзæхстон мæрдтыбæсты бардуа- гыл: «Кæд ам искуы ис мæгуыр, æнæхицау лæгæн æххуысгæнæг, уæд æй хуыздæрæнхъæл фыддæр ма фæ- кæн!» Ацы рæстæджы иу стæгдар, йæ дæндæгтæ хъыррыстгæнгæ, фæ- зынд. Иучысыл мæ фарсмæ æдзы- нæгæй алæууыд. Иæ къух мæм, æрт- хъирæнгæнгæ, батылдта æмæ тап- пызарты хай баци. Æцæгæлон ран иунæгæй зын у, катайы ныххауд- тæн, чердæм ацæуон? Мæ сæрмæ нæ уыд арв æмæ не ’рттывта хур, мæ къæхты бын нæ уыд зæхх æмæ нал уыд мæ дарæг, мæ уромæг. Æрмæст уыдтон цыдæр æнахуыр дуне. Нæ йын уыд рахатæн, бамбарæн. Ды- дзы рухсмæ зындысты цавæрдæр цавддуртæ. Уæлион адæм мæрдты- бæсты тыххæй цыдæриддæр хъуыды кæнынц, уыдон сæхи æрæмысæггаг сты, кæрцфæлдæхт аргъæуттæ! Лæг йæхи цæстæй цы нæ фена, уый зын радзурæн у. Уалынмæ иу æндæрг мæ разы февзæрд; йæ арм мыл авæрдта æмæ мæ уæнгты æндзыг феуæгъд. Алырдæм дæр мыл къæхтæ базад: размæ-фæстæмæ, фæстæмæ- размæ, фæрсæрдæм. — Ды мын цыдæр кæлæнтæ са- рæзтай, фесæфтон мæ адæймаджы хуыз? Нал зонын мæхи, мæ цард ма цы у? — Адæймаг никуы уыдтæ æмæ дæ йæ хуыз цæмæн бахъуыд? —Ды кæныс хылкъахæн! Æмæ йæ мæнæй ма агур, æндæр искуы- цæй йæ æрхæсдзынæ! — Цафон ма? Æз æй раджы æр- хастон! Ахæм цины фынг, кæнæ зианы кæнд нал баззад, хыл кæм нæ сызмæстон. Мæ буар фараст раны кардæй ыæсЬтæ у. Мæхæдæг дæр дзы бирæтæн фæдæн аккаг. Фæлæ мæлгæ æндæр цæмæйдæр акодтон. Уыдонæй мæ макуы ба- фæрс, зын мын у сæ дзурын. — Уæдæ æндæр кæй бафæрсон? Ацы æлгъыстаджы цъыссымы фыц* цаг дæуыл сæмбæлдтæн? — Тагъд хМа кæн! Дзурыны сæр дзы ницæмæн хъæуы, дæхæдæг сæ фендзынæ! — Нæ мæ фæнды, мæ туджджын- тæй искæуыл сæмбæлон, мастисæн та кæндзысты. Уæлион дунейæ дæр уыдон тыххæй фæлыгътæн. Æз дын зæгъон, исты сæ ферох уыдзæн? Дыууæ-дыууиссæдз азы куы рацæуа, уæддæр сæхион бакæндзысты. — Уырдыгæй цæмæн рацыдтæ, уый æз тынг хорз зонын æмæ дæ бынаты сабыр бад! — Цыдæр æлгъаг адæймаг дæ! Æз дын уыцы ’фхæрд нæ ныббар- дзынæн! Сис дæ кард æмæ бавза- рæм нæ тыхтæ! А-лæппу дын дæ дзыуака сызДухдзæн! ^ — Лæгмæ ныхæй-ныхмæ никуы æрлæууыдтæн. Алыхатт- дæр æм хъавыдтæн сусæгæй, чъылдымæр- дыгæй. Мæ цæф дæр-иу ыл раст уы- цы ран æруад. — Уый тæппуд адæймаджы нысан у! Мады ’хсыры бæсты дæуæн дæ тугдадзинты ацыд цъымара дон, хъæстæ. Мæ цуры цæвæнгарз ницы уыд, æндæра йыл нæ бацауæрстаин. Мæ къух æм тæрсыны хъил фæкод^ тон. Уый куыдз фестад, мигъмæ тæригъæддагæй тыхджын ныниуд- та, зæхмæ ’рысмыста æмæ мын уай- дзæфы хуызы зæгъы: — Махмæ, адæммæ ам æвзæр цæстæй кæсынц сæ иуæй-иутæ. Уы- мæ гæсгæ... Дарддæр æй нал суагътон дзурын. Уыцы ныхæстæм рафыхтæн, фыр- мæстæй ма цы саразон, уымæн дæр ницыуал зонын. — Ды куыдз дæ æмæ дæхи адæ- мыл куыд нымайыс? — Ха-ха-ха! — худæгæй бакъæ- цæл. — Нæ мыггаг куы сывзæрд, уæдæй фæстæмæ мах никуы фæип- пæрд стæм адæмæй. Чи йын ис ма- хæй æввахсдæр? Хинæй йыл кæд æмæ кæм разылдыстæм? Æвзæрæй нæ ны зоны? Кæц нын маамæлайы къæбæр аппары, уæд хорз, кæннод дæр дзы чи хъаст кæны? — О, фæлæ куыдз куыдз у, лæг та лæджы ном хæссы! Куыд сын ис æрæмныхгæнæн? Æви дæм æгад æркаст, куыдзы цармы кæй зæронд кæныс? 42
— Адæймаг дæр уыдтæн, фæлæ... — Фæлæ куыдзы митæ кæй код- тай, уый тыххæй куыдзæй баззад- тæ! — йæ ныхас та йын байстон! — Ныр, æвæццæгæн, рæйын дæр нал зоныс? — Рæйгæ уæлæуыл мæ фаг фæ- кодтон! Искæй æнтыст-иу куы фед- тон, уæд-иу фырхæлæгæй фæрын- чын дæн. Мæхицæн-иу бынат нал ардтон. Сусæгæй-иу сыл фыстон алы мæнг хъуыддæгтæ. Алы ран мæхи тъыстон, алцæмæ смыстон, ардыдтон. Æркастæн та ногæй мæ фадбарц- мæ. Мæхи уындæй тæрсын, фыра- дæргæй кæдæмдæр ныййарц дæн. Фæлæ’ цас хъуамæ фæлыгъдаин! Буар мын нæй, цахæмдæр аууоны хуызæнæй ивд æрцыдтæн. Уæлдæф мæ нæ хъæуы, фæллайын нæ зо- нын, æрмæст ма мыл ис цæстытæ æмæ хъустæ. Уæд мæм æрбацыд иу чызг, йæ къух мæм фæтылдта æмæ мæ разæй фæцæуæг, æз — йæ фæ- дыл. Бирæ фæцыдыстæм æви цъус — хæйрæг йæ зонæг! Сахат нæм нæй, æрвон фæзындтытæ хур, мæй, рухс, талынг мæнæй кæмдæр дард баззадысты. Æппынæрæджиау ба- хæццæ стæм, фæндаг æртæ раны кæм фæсаджил, уырдæм. Æрлæу- уыдыстæм. Фæндæгты райдианты æрттиваг ставд дамгъæтæй фыст уыд: «ЗЫНДОН», «СЫГЪДÆГ- ГÆНÆН», «ДЗÆНÆТ». Уый мын ме уæнгты баст райхæлдта æмæ мын ацамыдта зындонмæ. Уырдыгæй фалæмæ мемæ нал ацыд. Æвæццæ- гæн7 йæ бартæ æндæр нæ уыдысты. Фæстейæ ма йæм радзырдтон: — Зæгъгæ дæр мын куы ницы кодтай, дарддæр цы фæуон, чер- дæм ацæуын мæ хъæуы? Уый мæм нал фæкаст, йæ къухæй Цыдæр ацамыдта æмæ фæтары. Чи- зоны та ног бæлццæтты размæ тын- дзыдта. Æнæмæнг уый ам фæндага- монæджы хæстæ æххæст кæндзæн. Уалынмæ бахызтæн стыр æмæ та- ,лынг лæгæтмæ. Мæ сæры хъуын барц сбадт, мæ уæрджытæ мæ нал Уромынц. Расыг лæгау, цудын, æр- хауынæввонг дæн. Залиаг хъæстæ кæлмытæ, дысæрон æнахуыр цæ- рæгойтæ, алыхуызон стæгдартæ, ДУрдзавд цыртытæ, йæ адæйма- ДЖы хуыз рагæй чи фесæфта, цы- ^æр ахæм тæссаг æндæргтæ судзынц Зындоны цæхæры æмæ сыгъд нæ фæуд кæнынц. Фыццаг зылды рай- дианы æз дæр сæ фарсмæ æрлæу- уыдтæн, семæ æвзарын райдыдтон уæлион дунейы уæззау тæригъæд- тæ. Тымбылæджы алыварс куыд зилæм, афтæ мæ цымыдисдзинад фылдæрæй-фылдæр кæны. Арды- гæй фæстæмæ мæ цæрын кæимæ хъæудзæн, уыдон чи сты? Семæ æв- вахсдæр куы базонгæ уаин! Уыцы æдзард удтæ сæхæдæг тасдзинад нал æнкъардтой. Уæд иу сатæгсау залиаг калммæ хæстæгдæр балæу- уыдтæн, афарстон æй: — Зæххон адæм дæ тæссаг куы хонынц, æмæ ды ам æгæр чырыстон дæр ма куы дæ, уæд уый куыд бамбæрстæуа? Æви дæ марг дæхи- мæ нал ис? Хосты тыххæй дын æй медицинæйы кусджытæ дæ дзыхæй систой? — Ам мæнг ныхас куы кæнай, уæд дæ тæригъæдтæ ноджы фæкарз- дæр уыдзысты. Уымæ гæсгæ дын цыдæриддæр дзурон, уыдон уыдзыс- ты раст, макуы сыл фæдызæрдыг у! Фыдæй-фыртмæ ам нырма иунæг гæдыныхас дæр загъд не ’рцыд, нæ дæр æрцæудзæн. Мæнæн дæр раз- дæр уæлион дунейы æндæр уыд мæ уавæр. Гъе, уый цард уыд, гъе! Ныр ма йæм искуы куы бах- хæссин, уæд æй кардæй лыстæг къуыхтæ ныккæнин. Нæ йæ зыдтон, мæрдтыбæсты мæм цы ’нхъæлмæ кæсы. Ам нæй паддзах æмæ цагъар, тыхджын æмæ æдых, хъæзныг æмæ мæгуыр, рæсугъд æмæ фыдуынд, уарзт æмæ фыдæх, раст æмæ зылын. Рæстæг раджы ныммарзта уыцы нысæнттæ. Æрмæст ма дзы баззад мæнг удтæ. Алчи дæр архайы йæ зæххон тæригъæдтæ тагъддæр ба- (Ьидыныл æмæ Сыгъдæггæнæнмæ баирвæзыныл. Уырдыгæй та ком- коммæ Дзæнæтмæ. Æрдуйы хидыл æм хъæуы хизын. —Кæм ис уыцы Æрдуйы хид, ар- лыгæй ма йæм бирæ бауайын хъæ- уы? — Цæугæ нæ, адзал дæ йæхæдæг кæны уырдæм. Æрмæст дзы ис фырнахуыр, хъизæмайраг фæндæг- тæ. Хъуамæ Зындоны сапазæм авд зылды. Уыцьт зылдтытæй алкæиы- дæр у цæрæнбоны бæрц. Лæг сæ нæ фæразы. Развæлгъау дис мацæуыл кæн, аирвæзæн дын ничердæм ис. 43
Æппæт уыдон дæхæдæг фендзынæ. Фæлæ мæн фæнды ме ’рдæбоны ньь хасмæ раздæхын, Ды мæ фæрсыс: «цæмæн дæн ам? Адæймаг æнæфсис у æмæ мæ уый фæсайдта! Н-ы го- рæты мæхицæн дзæбæх куыстон тамакоуæйгæнæн киоскы. Мæ би- нонтимæ æнæмаст къæбæр хордтам. Цы дын æй æмбæхсон, мызды уæл- дай дæр нæм дзы куыннæ хаудта! Сусæгæй пачкæ дывæр аргъмæ уæй кодтон. Афтæ ацайдагъ дæн æх- цайы фæдыл. Æвæрæн лагъзы дæр нын фæзынд чингуытæ мæхи æмæ мæ усы номыл. Не ’хцамæ бонгай æфтыд фылдæрæй-фылдæр нымæц. Цæст та райдыдта чъындыйæ-чъын- дыдæр. Æмæ дзы цы рауад! Нæ къаннæг халагъуды бынаты ныз- зылдтæм сæрзилынгæнæг галуан. Мæ хæлæртты къорд дæр фæуæ- рæхдæр. Кæйдæрты фæрцы дзы уæллæгтæй кæимæдæрты дæр фæ- зонгæ дæн. Уыдон мæ царды асин- тыл хæрдмæ систой. Нырма уал гæрхондоны чысыл акуыстон æм- тæрхонгæнæгæй. Стæй мæ мæ сыхаг, ресторан «Фарны» директор Сау- лат, юридикон институты фæсау- уонмæ ахуырмæ айсын кодта. Æхца дæр дзы дзæвгар ныккалдтон. Алы фæлварæн дæр-иу мын тынг зы- наргъ слæууыд. Уырдæм ньпщæ- уынмæ-иу куы фæзйвæг кодтон, уæд та-иу сæм телефоны фæдзырдтон æмæ та-иу мын сессион нысæнттæ нывæрдтой. Æхпа та-иу сын поч- тæйы арвыстон. Ныр студент дæн, мæ раздæры фæлгæтты нал цыд- тæн. Цæхгæр фендæр мæ царды уаг, мæ дунембарынад, мæ психологи. Кæддæрау-иу уынгты нал слæу- уыдтæн æмæ-иу нæ дзырдтон ал- цы. Райдыдтон мæхи хизын полити- кæйæ. Сахуыр дæн мæ дзыхыл хæ- цын, алцæмæ л,æр хъуыддаджы цæс- гæй кæсын. Кæм мæ ничи фарста. уæз мыл кæм нæ цыд, уым уыдтæн арæхстджын. Мæнæ уырыссагау куыд акæньтиц: «Н^же тпавьт. тиш^ воды». Адæммæ афтæ кастæн, цьт- ма ногæй пайгуыплтæн. Нæхгæп иннæрдæм фæзыллысты мæ иарды уавæртæ дæр. БаАьтстон гæотам цыппор мин сомы æмæ мæ сæвзæп- стой адæмон тæрхонгæнæгæй. О, цас бирæ цъаммар хъуыддæгтæ фæ- царæзтон. Ныр мьтл ам уæз кæнынц, мæ туджджьштæ мæм марджы цæс- тæй кæсынц. Фæлæ мын исты æв- зæрдзинад саразой, уый фадат сын нæй. Мемæдзурæг æрлæууыд, ком- коммæ мын мæ цæстытæм æрбакаст, мæ уæхск мын æрхоста æмæ мæ фæрсы: — Ды уæлион дунейы искуы мæрдтæйдзæуæг федтай? — Мæрдтæй нырма никуы ничи раздæхт æмæ дын мæнг ныхас куыд зæгъон! — сдзырдтон æмæ ивазгæ хъæлæсæй базарыдтæн цыдæр зæ- ронд романсы мелоди. Куда для всех открыты входы, Но нет возврата никому. —. Фæлæу, æгæр ма тагъд кæн дзуапп раттыныл! Стæм цаутæ рæс- тæгæй-рæстæгмæ фæзыньшц. Фæлæ æз, æцæгдæр, мæртыбæстæй лæ- джы раздæхтон. Куыд æмæ цы хуызы, уый дын бамбарын кæндзы- нæн. Цалдæр азы размæ мæм тæрхондонмæ, мæ кусæн уатмæ, йæ- хи къахæй комкоммæ æрбацыд мæрдтæйдзæуæг. Не ’хсæн рауад ахæм ныхас. Æз ын загътон: —Дæ хъуыддагæй ницы рацæу- дзæн. Ды мын цы бæлвырдгæнæ’н гæххæттытæ æвдисыс, уыдонæй иу- æн дæр нæй юридикон бындур, уы- мæн æмæ ды дæ мард адæймаг! Мардæн та йæ зæххон бартæ ист сты. Мæрдтæйдзæуæг скатай, йæ хуыз чныхъхъуырдта: — Уьш та куыд? Кæд ма федтат мард адæймаджы къахыл лæугæ, дзургæ? Мæ лæппуйæн æрвылмæй дæр æхца кæй æрвыстон, уый тых* хæй дын мæнæ квитанцитæ! Мæрд тыбæстæй ма æхца чи ’рвиты? На- уæд мæ чи федта маодæй? Чи уыд мæ хисты Чи мын загъта рухс? Чу мыл скодта саутæ? Иу æвдисæн ма мын ссар? — Дæ домæнтæ мурдæр ницы сты мæнæ ацы документы цур! Ам фыст ис: дæу баныгæдта дæ раздæры ’мкъай. Уый фæндонмæ гæсгæ дæ мардыл банымадта адæмон тæрхон-’ гæнæг — мæхæдæг. Ныр дæ цалын- мæ тæрхондон фæстæмæ райгас кæна, уæдмæ дæ хъастæй ницы ра- цæудзæн, уымæн æмæ махмæ мæрд- тæ юридикон бартæй нæ пайда кæ- нынц. Афтæ у фæтк! Кæй зæгъын æй хъæуы,, иугæр 44
Касалы фырт тæрхондонмæ йæхи къахæй æрбацыД, уæд удæгас адæй- маг у! Фæлæ закъон закъон у æмæ йæ æххæст кæнын хъæуы! Касалы фырт дæр архайын райдыдта йæ- хи судæгас кæныныл. Зылдис ар- хивтыл, скалын кодта документтæ, фыста куырдиæттæ, æмбарынгæнæн фыстæджытæ алырæттæм. Æнцои нал уыд лæгæн! Мæнæй-ма! Адæй- маг амарынæн цы хъæуы? Иæ ра- удæгас кæнынæн та?! — Ныр дæ марæджы базонын дæр куыннæ ба- ж_,æнддзæн? Иæ ном Дурмишхан хуыйны, Уырымтæй! Бакастæй цух нæу. Сылгоймаг та рæсугъд куы уа, уæд цæрынæн цы хъæуы? Раивта цалдæр лæджы. Фыццаг чындзы ацыд Сырхауты хъæумæ æмæ Елиа- ты хæдзарвæндаг сæхи амондджы- ныл нымадтой. Зæд нæм æрхауд, цы хуыцау нын æй радта, зæгъгæ! Йе ’рцæуæнбонæн ын куывтой. Фæ- лæ сæ цин бирæ нæ ахаста. Дур- мишхан равдыста йæ мидхъулæттæ æмæ бинонтæ йæ къухæй удæгасæй кæй аирвæзтысты, уыи тыххæй куывд скодтой. Стыр зындзинæдты фæстæ сын куыддæр йæ рарвитын бантыст. Фæлæ уый уымæн уыд кæсаджы донмæ фехсыны хуызæн. Йæхи та ногæй рацарæзта æмæ та усгуртæй се ’ппæтæй амондджындæр, æви се ’ппæтæй æнамонддæр ра- зынд Касалы фырт. Мæнмæ мæрд- тæйдзæуæджы хуызы чи ’рбаныд, уый. Амондджын уый тыххæй уыд, æмæ йын ахæм рæсугъд чызг кæй сразы ЗАГС-ы йæ къух æрфыссы- ныл. Æнамонд та уымæн, æмæ йын йæ цардыл уазал дон кæй ауагъ- та. Æрцардысты Интернционалон уынджы сæдæ æхсæзæм хæдзары. Лæппу дæр сын райгуырд. Дыууæ Уды кæрæдзи куы уарзой, уæд æх- сæры аппæй дæр фæцæрдзысты. Сæ дзырд кæрæдзийыл куынæ бада, уæд сыл дунейы хæрзтæ дæр ра- уадз! Дон сæ йæ бынмæ аласдзæн. Фæлæ Уырымты чызг ахæм амонд- мæ никуы бæллыд. Никуы дæр би- нонты цард саразыныл архайдта. Райдыдта змæнтын. Сфæлмæцыдыс- ты дзы. Алæбон сæм фæдисы лы- гъдысты сыхæгтæ, милици. Стæй лæппу тæрхондонмæ æрбалæвæрдта кУЬфдиат. Цалдæр мæйы фæстæ сæ ахицæн кодтон. Уæрсты усмæ цы рхаудта, уыдон раласта æмæ æр- цард кооперативон фатеры. Хæ- дзары хицау Касалы фырт та ацы- дис кусынмæ æндæр горæтмæ. Фырт æмæ фыд кæрæдзимæ фыстой фыс- тæджытæ. Фыд ын æрвыста æхца, дарæс, дзаумæттæ. Уый фаг нæ фæ- каст Дурмишханмæ æмæ йæ сæры февзæрд диссаджы фæнд. Сауты мидæг райдыдта цæуын. Тæрхон- донмæ æрбалæвæрдта куырдиат, мæ лæг æбæрæг сæфт фæкодта, курæг уæ дæн, банымайут æй мардыл, зæгъгæ. Æз дзы барæй ницы бæл- вырдгæнæнтæ æрдомтон, афтæмæй æнæнхъæлæджы мæгуыр лæг ба- хаудта мæрдты номхыгъдмæ. «Сау- дарæг» сылгоймаджы къухмæ та радтон, йæ лæг кæй нал ис, ахæм гæххæтт. Уый дæр дын бавдæлд, бауæлæ æмæ кæйдæр хæдзар æд зæхх стыр æхцайыл ныууæй кодта. Æхцайæ мæнæн дæр радта фынд- дæс мины. Прокуратурæ æмæ дзы горæххæсткомы кусджыты былтæ дæр айсæрста. Фæстæдæр Касалы фырт фæстæмæ ’рыздæхт. Бацыд йæ хæдзармæ æмæ дзы æцæгæлон адæмы куы баййæфта, уæд æй ба- уадзыгмæ бирæ нал бахъуыд. Фæс- тагмæ хæдзары дыууæ хицауы бам- бæрстой, сæ фыдбылыз кæцæй рав- зæрд. Райдыдтой лæппуйы хъизæ- мæрттæ. Йæ раздæры ус цы фæн- дæгтыл цыд, ныр та уый зылд ууылты. Фыццаг уал йæхи раудæ- гас кодта, стæй байста йæ къуым. Æппæт уыцы хъуыддæгтæн æз уыд- тæн сæ цырынгæнæг. Сылгоймаджы куы федтон, уæд дзы мæхи нал атыдтон. Йемæ сбæндæн дæн æмæ мæ фæрæдийын кодта. Цæмæй мæ- хæдæг тæрхондоны зылынджыны бандоныл ма сбадтаин, уымæй тæрс- гæйæ мын уыцы хæдзары аргъæй мæхицæн фылдæр слæууыд. Цин дын фенон, æцæг мын дзы, мæ ма- ды ’хсырау, тайгæ дæр бирæ ба- кодта. Кусын куы райдыдтон, уæд нырма фæзилæнтæ дзæбæх нæ зыд- тон, архайдтон закъонмæ гæсгæ. Зылынджыны æфхæрдтон, ницыгæ- нæджы та раст кодтон. Уæд мæм иубон хисдæр йæхимæ фæдзырдта æмæ мæ тызмæгæй фæрсы: — Ацы бынатмæ дæ чи ’рырвыста, уый дæ гæртам цас айста? Æз куыддæр феррагонд дæн, ме ’взаг аныхъхъуырдтон. 45
— Дæу фæрсЫя æмæ мын дзуапп ратт! — Ницы! — Сайыс! — Нæ сайын! — Дзæбæх ма ахъуыды кæк! — Ой, ницы радтон æмæ искæуыл тугтæ куыд мысон! — Мысгæ цæмæн? Хъуыддаг куыд уыд, афтæ йæ зæгъ! Ахсгæ дæ ни- чи кæны, тæрхондонмæ дæ ничи дæтты! — Цыдæр хиндзинад саразын мын сфæнд кодтай, æндæра дæуæн цы хъауджыдæр у? Мæ куыстмæ мын кæд исты азым хæссыс, уæд уый æ’ндæр хабар у! Дæ бон у, бафхæрай мæ, тæккæ абон дæр мæ мæ бынатæй фæсурай. — Фæрсын дæ æмæ мын лæджы ныхас зæгъ: цас раттай гæртам? Нæ басæтдзынæ æмæ дæм æрбакæндзы- нæн Тоти æмæ Бадырийы! Ницыуал гæнæн мын уыд æмæ басастæн. — Æхсай мины радтон Падойæн! — йæхи къухмæ? — Мæнæй сæ айста Тоти. — Тоти дарæг дæ ма уа! Уый сæ иууыл Оынатмæ нæ фæхæццæ кодта. Дæс мины дзы йæ дзыппы нывæрд- та, кæмæн сæ барвыста, иу ахæм та дзы уыцы Чогаевич бамбæхста. Сæ адресмæ ма дзы баирвæзт цыппор мины. Иемæ афтæ кусæн нæй! Мæ- нæй дæр домынц уæлдæр хицæут- тæй чидæргæ. Æмæ дæ хуызæттæ куы ницы хæссой, уæд сын кæцæй цы хъуамæ ракъахон? Бынæттæ иуæй-иу гæстыл дихгонд сты æмæ сæм алчидæр æрвылмæй хьуамæ хæсса йæхион. Адæмæй æхца куы исай, уæд сын зонын хъæуы сæ фæ- зилæнтæ дæр! Симды куы бацæуай, уæд дзы симын хъæуы! Хъуамæ дæ къух таса алы фыдракæнд саразын- мæ дæр! Ныр, мæ хур, æндæр рæс- тæг у! Адæм гуыбынæн аргъ кæ- нынц! Фыдгæнæг вæййы тыхст уа- вæры, цæмæй йæ ахæм цъыссымæй сласай, уый тыххæй бар-æнæбары дæр сразы уыдзæн йæ уд раттыныл дæр. Уымæ гæсгæ ды хъуамæ пай- да кæнын фæразай уавæртæй. Зы- лынджыны авæрай расты бынаты, расты та — зылынджыны! Закъон тыхджын у! Бирæ фæзилæнтæ дзы ис! Иувæрсонæй сæм ма цу. Ныр кæдæй-уæдæй мæнæн дæр фадат фæцис лæджы цардæй рацæ- рынæн! Куыдфæстагмæ фæцахуыр дæн хин митыл æмæ растæн раст нæ дзырдтон, зылынæн — зылын. Алцæмæ дæр кастæн гæртамы цæс- тæй. Бирæ æнаххос адæмы арвыс- тон, къулбæрзæйæ, ахæстæттæм. Сæ фылдæр уым амардысты. Чи ма дзы раирвæзт, уыдон та-иу цæрынæн нал сбæззыдысты. Уæлхъæдæй-иу бахус сты. Кæддæр мæм дзы чи- дæртæ расыгæй лæбургæ дæр код- той, фæлæ сын сæ фæрсчытæ мили- цийы кусджытæ куы банымадтой, уæд сæхицæн æгæр сабыр дæр ма сбадтысты. Арсимæ кæрдо чи цæгъ- ды? Иу лæгæн та йæ ус бахордта æнæхъæн уагдоны æхца. Йæ хъуыд- даг æрбахауд мæнмæ. Зын сирвæ- зынгæнæн уыд. Фæлæ мæм хатæг хатæджы фæдыл куы ’рвыстой,- уæд æз дæр сразы дæн сæ фæндоныл. Хъуамæ мын æрбахастаиккой æв- дай мины. Кæннæуæд. сын æгæр карз статья уыд. Æхст, кæнæ та фынддæс азæй нæ ирвæзт. Хабар барæй сыздыхтон, бацамыдтон сын, цы саразын хъæуы. Æмæ документ- тæ кæм уыдысты, уыцы хæдзарыл иу æхсæвыгон арт бандзæрстой. Сæ- хион сæхирдыгæй куы фæцис, уæд иннæрдæм цæхгæр ныззылдысты. Цы æхца мын баныфс æврæдтой, уы- донæн мын се ’мбис дæр нал лæ- вæрдтой. Цалдæр хатты сын сæ фæстæмæ аздæхтон. Уыдон дæр дын бавдæлдысты æмæ хъуыддаг ор- ганты хъусты бацагътой. Хъуамæ мæм ахуырст æхца æрбахъуызын кодтаиккой. Лæгæн знæгтæ бирæ вæййы, фæлæ йын ис хæрзгæнджы- тæ дæр. Æбуалгъы хабар мын су- сæгæй саразынмæ кæй хъавынц, уый мын чидæр загъта æмæ сæхæдæг фæгæды сты. Æхца чи æрбахаста, уый æрцахсын кодтон. Æцæг ах- хосджын чи уыд, уый та æнæфхæр- дæй баззад. Бирæ фæзылдтæн йæ фæдыл, никуы йыл хæст кодтон. Уæд ыл цыдæр мæ амондæн иу та- лынг æхсæвы горæты фæсвæд уын- гтæй иуы хæрхæмбæлд фæдæн. Ахæм фадат мын куы никуыуал фæуа, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ йыл ма- шинæ комкоммæ баскъæрдтон. Мæ- хæдæг та мæ сæр æфснайынмæ фæ- дæн. Хъуыддаг та æрбахауд мæхи- мæ æмæ йæ афтæ ракодтон, цыма уый расыгæй -йæхи баппæрста так- 46
сист Гегайы машинæйы бынмæ. Би- рæ цæстмæ рафæрс-бафæрсы фæстæ Гега ссæрибар, уымæн та йæ мард, куыдзы мардау, фесæфт. Йæхиуæт- тæй ма чидæртæ аранцай-банцай кодтой, фæлæ куы федтой, хъуыд- таг сæ кæимæ ис, сæ ныхмæлæу- джытæ чи сты, уый, уæд сæхицæн са- быр сбадтысты. Фæтарстысты, мый- йаг сæ уый фæндагыл куы арвитон. Æмæ сын тæригъæд дæр нæ фæ- кодтаин. Цыппор лæджы бæрц мæ- хи къухæй барвыстон мæрдтæм. Мæ сыхæгты цыппæрдæсаздзыд чызгыл та тыхæй ныххæцыдтæн. Цæмæй мын мæ фыдракæнд мачи базона, уый тыххæй йæ кæмæндæр амарын код- тон æмæ йæ дард ран хъæды баны- гæдта. Мæхиуыл никуы ’рхудтæн, фæсмон мæм никуы æрцыдис, тæ- ригъæд никæмæн кодтон. Туг цас уыдтон, уыйас кодтон знæтæй-знæт- дæр. Адæймагæн фыдбылыз, фыд- дзинад саразынæй истон цыдæр æх- цонад. Хатыр, ныббарын нымадтон лæджы лæмæгъдзинадыл. Кæд дæ цæрын нал фæнды, уæд бафæлвар мæн фæхъыг кæнын. Цы мæ ахæс- сай, уый-иу дæ мадæн раппæл! — ахæм уыд мæ царды нысан, мæ ло- зунг. Мæ барты раз цыфæнды раст лæг дæр ныгъуылдтытæ кодта. Æмæ мæм хæдзармæ та алцы куыд хас- той! Уæдæ продукттæ зæгъ, уæдæ æхца, дарæс, дзаума! Дæсы бæрц та гæртам рог машинæтæ батыдтон, цыппар мын хæдзæрттæ ис. Уыцы хъæзныг бынтыл ныр барджынæй рабадтысты мæ фырттæ, мæ чыз- джытæ, сæ зæнæг. Сæ фарастæм кæсдæрты фаг дæр сты. Мæ ном дæр ма мын искуы ’рымысынц? Ада-а! Ноджыдæр ма дын æй зæ- гъын: карз уыдтæн, тынг карз! Иу бон-иу цы бæллæх æруагътон, уый- иу иннæ бон мæ цæсты зынд чысыл, хуыздæрхъуаг. Æмæ тырныдтон фылдæр фыдæх, æнæуынон, тæссаг- Дæр марг мæ зæрдæмæ æрбассивын- мæ. Цæттæ уыдтæн бахъуыды са- хат лæджы фыд хæрынмæ дæр. Фыццаг хатт нæ уынын адæйма- ДЖы цармы тугмондаг сырды, фæ- ’лæ дзы айхуызæныл никуыма сæм- бæлдтæн. Нал æм уыд мæ бон хъу- сьш æмæ йæ афарстон: — Адæммæ дæм ахæм фыдæх- Дзинад цæмæн сæвзæрд, уыдон Ф^рцы куы цардтæ? Уый фæтыхст мæ фарстæн дзуапи раттыныл. Иæхимилæг куыддæр æрныгъуылд, фергъуыйау. Æз ын комкоммæ йæ цæстытæм бакастæн æмæ сæ фæхатыдтæн цыдæр фæл- мæндзинад, сылгоймаджы æнкъард- гомау сагъæс. '1ызмæг ахасты бæр- джытæ сæ зынгæ дæр нæ кодтой. Диссаг у, адæймаджы сконды уы- цы иурæстæджы хорз æмæ æвзæр кæрæдзи куыд тагъд фæивынц.^ Æвæццæгæн лæг алцыдæр аразы йæ цайдагъдзинæдтæм гæсгæ. Фæн- да дæ, æви дæ ма фæнда, уый хи- цæй кæнгæ нæу! Фæлæ дæ’ цыдæр мидтых схойы. Æз цалынмæ мæхинымæр ахæм хъуыдытæ кодтон, уæдмæ мемныхас- гæнæг дæр æртæсрс1\ Иæ ком ай- вæзта, ныззæмбыдта æмæ фæлмæн хъæлæсæй сдзырдта: — Æрдз дын раппæлинагæй цы радта, уыдон иппæрд инстиктты бын куы фæуой, уæд адæцмаг сафы уды фидыц. Иæ бынатæй фæиртæсы æмæ æппæт рæсугъд ’рафæлгæсæнты ба- цахсынц кæрæфдзинад, цауд, фы- дæх. Мæнæн дæр нæ уыд мæ ал- фæмблайы æлхъывд уавæрты сæр- ты ахизæн. Бафæлвар, цæр ахæм цъаммæртты ’хсæн æмæ сырды ми- ниуджытæ л!а райс, кæддæра бирæ фæхизай заД хуымы? Дæ уд сис- дзынæ! Мæлын та никæй фæнды! Иу михыл кЩ ничи бийы. Адæм сæ худтæ чердæм дарой, ды дæр æй хъуамæ уьщырдæм ныккæнай. Аф- тæ у хъуыддаг æмæ йыл басæттын хъæуы дæу дæр, мæн дæр, иннæты дæр! Жу^ик на жулике сидит и жу- ликом пргоняет. Куыд сæ фæнды, афтæ сын нæ бакусдзынæ æмæ дæ феддæдуар кæндзысты. Дæ бынат- мæ та ^ъавджытæ—бирæ. Бынæтгы тыххæй иуæй-иутæ кæрæдзи сæфт- мæ бæллынц! Кæрæдзи хурхы уа- дындзтæм марæн кæрдтæ дарынц! Кæм куыстон, уыцы бынаты тыххæй мæм фынддæс лæджы нæ дзырд- той. Уыдон дæр æм хъавыдысты æмæ сын дзы ницы рауад. Иу бы- натмæ уалы куыд ис айсæн? Науæд дæхæдæг дæр иу сырхдзæсгом лæ- гæй уынгæджы куы уыдтæ? Дæ бы- натмæ дын тыхæй куы бырыд? Нал æй хъуыды кæныс? Цыма дæ уæл- дай арвæй уый сырх стъалытæ скъæфта? Мæхæдæг дæр цы дæн, уый дæн, мæхи нæ раст кæнын, 47
фæлæ мын уымæй уæнгæлдæр ад- æймаг нæ уыд! Уынджы дæр-иу æй куы федтон, уæд-иу мæ зæрдæ схæц- цæ, мæ тых-иу асаст. Хæстæй фæ- тарст æмæ йæ къух фехста. Уæй- гæнæг, æдзух гадзрахатæй цæуы йæ раттæг адæмыл. Къахдзæфмæ йыл æууæнк нæй. Рæуæг сæр, цы фæ- зæгъы, ууыл рæстмæ хъуыды дæр нæ акæны. Ныхас ныццæвы æмæ кæмфæнды дæр сæмбæлæд. Æмæ нын стæй иннæ адæмтæ уымæ гæс- гæ фæаргъ кæнынц. Иууылдæр, дам, ахæм цъиусæртæ сты. Æмæ йын, уæвгæй, иу ран æрлæууæн та нæй. Иугæндзондæр цоппай кæны. Фигаройау, куы кæм фæмидæг вæй- йы, куы — кæм. Иæ фæдыл тулы йæ худинаггæнæджы къуыбылой. Нæ адæмæй бирæтыл та смудæнтæ нæй. Фæсвæдæй йыл былысчъилтæ кæнынц, æргомæй та йын фыццаг дзырды бар раттынц. Кæм ис сæ позици, се ’мбæстагон принцип, сæ цæсгом? — Æз дæ мæрдты уазæг, уый кой мын ма кæн! Фæлæ-ма мын зæгъ: дæ царды дæ зæрдыл иууыл тынг- дæр цы бадардтай? — Фæсмоны азарæй мæ судзы иу хъуыддаг! Уый мæ никуы ферох уы- дзæн. Мæ уды, схъисау, баззад æмæ иугæндзондæр дуды. Хабар уыд ахæм: ме сиахс йе ’фсымæримæ иу- мæ цардис сæ фыды хæдзары.»Хæ- дзар æмбисыл адих кодтой. Алкæ- мæндæр дзы уыд йæхи бацæуæн, йæхи кæрт, йæхи зæххы гæппæл. Ме сиахс амард рæуджыты низæй. Мæ чызг баззад иунæгæй. Сывæл- лон сын нæ рацыд. Хæдзар цыдæр хъаугъайаг сси. Йæ тиу мæ чызгыл æддæмæ хæцыд, сфæнд кодта йæ рарвитын. Хай раттынмæ дæр ын нæ хъавыдысты, хъуамæ йæ рап- пæрстаиккой уынгмæ. Хъуыддаг æр- хауд тæрхондонмæ. Тæрхоны рæс- тæджы йын хай дæр радтой. Фæлæ йæ уæддæр адæм цæрын нæ уагъ- той. Мæнмæ уый æгад æркаст, мæ хъуыдыйы сæвзæрд уæззау фыдми саразын. Иу ахæм хылы рæстæджы сæ чындзы нæмгæ дæр ракодтой. Чызг кæугæ æрбалыгъд нæхимæ. Ме ’фсин йæ гæндзæхтæ цагъта, лæ- бурдта, хъуамæ сæм кардимæ ба- лæгæрстаид. Æз æй æрсабыр код- тон. Ахæм рæстæджы архайын хъæ- уы сæры зондæй. Рæуæг митæ рæ- уæг лæджы æвдисæн сты. Цæмæй мыл мачи фæдызæрдыг уа, уый’ тыххæй сæм мæхи барæй ’рыввахс кодтон. Бафæдзæхстон мæ чызджы дæр, мæ усы, мæ сывæллæтты. Ба- фидыдтам, кæрæдзимæ хæстæджы хуызы цыдыстæм. Загътон сын, зæ- гъгæ, цалынмæ мæ чызгæн комму- налон фатер райсон, уæдмæ уал æй бауадзут цæрын. Сразы сты ме- мæ, нал æй хъыгдардтой. Рацыд рæстæг æмæ куы бамбæрстон, ничи- уал мыл фæдызæрдыг уыдзæн, уæд мæ фæнд кæронмæ акодтон. Цæ- хæрадонæрдыгæй сын цы рудзынг ис, уый сæрды тæвды гом вæййы. Уырдыгæй сæм иу мæйдар æмбис- æхсæв фæмидæг дæн æмæ сæ суг- сæттæн фæрæтæй ныкъкъуыхтæ ластон. Сæ мад, ма, мæгуыр, фыра- дæргæй фестад, хъуамæ ныцъцъæ- хахст кодтаид, фæлæ йæ йæ дзых фæхæлиуы бон дæр нал фæцис. Уæззау фæрæты ахъаззаг цæф ын йæ сæр фæхицæн кодта. Йе ’взаг хаудæй баззад, афтæмæй батылд сынтæджы бынмæ. Дæсаздзыд сы- вæллон тæсæй фæсонт, фæцæйгæпп кодта рудзынгæй. Ацахстон æй, æф- сæйнаг уаты тигъыл æй ныццавтон æмæ дæ ралгъитæг дæр афтæ! — йæ астæу фæдыдагъ. Куы федтон, хæдзарыдзаг бинонтæй ничиуал змæ- лы, æхсæзæй амыты-уымыты къуых тæй ныддæргъытæ сты астæрдыл, уæд хъæлдзæгæй раздæхтæн- нæхи- мæ. Мæ тугæйдзаг пысултæ басыгъ- тон, фæрæт та цæугæдонмæ фехс- тон. Адæмон торхонгæнæг йæ ныхас нæма фæцис, афтæ йæм- кардæл- вæстæй йæхи æрбаппæрста иу стæг- дар. Цыд йæ дæндæгты къæс-къæс æмæ йе стджыты хъыррыст. — Цалдæр хатты мæ гæрзтæ ра- бастон мæхи амарынмæ, фæлæ та- иу куы ахъуыды кодтон, мæ фæстæ мæ туджджын удæгасæй зайы, уæд- иу мæ фæнд аивтон. Ныр ам æнæн- хъæлæджы сæмбæлдыстæм. Дæ цард кæдæй-уæдæй ныр мæ къухы ис! Кæдæм ма мын аирвæздзынæ, джауыр? — сдзырдта æмæ йын йэе чъизи цæсгоммæ, æлгъгæнгæ, нык- каст. Кæд ыл исты фæсмоны бæр- джытæ рахатыдаид. Фæлæ марадз зæгъ! Уый ууыл хъуыды дæр нзе кодта. 'Нахуыр, ныхæй-ныхмæвæрд 48
еагъæстæ йæ бындуронæй агайд- той. Уый уыдис адæймаджы фауд- дзаг миниуджытæй се ’ппæты цъам- мардæр. Лæбурæг ын йæ хъусы цы- дæр æбуалгъ ныхас бадзырдта æмæ ацъæхтæ-буртæ. Стæй йæхи аппæр- ста размæ. Уый йæ фæстийæ суры, хъуамæ йæ ныргæвда. Тæрхонгæнæг йæ разæй лыгъдис æмæ лыгъдис. ’Гас ын йæ хъару æмбисыл асаста. Уæрджыты змæлд сындæгæй-сын- дæгдæр райдыдта. Фырадæргæй-иу æххуысагур йæхи кæмæ баппæрста, уымæн дæр та-иу йæ къухы ферт- тывта кард. Тæрхонгæнæг æй ба- мбæрста, аирвæзæн ын кæй нал ис. Дæлдзæхон тыхтæ йæм æрхъавы- дысты, хъуамæ йын фаг фæхъазой Йæ ницæйаг удæй. Раздæр къан- нæг дзыхъхъ кæм уыд, уым ныр сæрсæфæны хуызæн фестад. Афтæ йæм каст, цыма йæ фæстæ згъорк канд уыцы æлгъаг стæгдар нæ, фæ- лæ дуртæ дæр, къутæртæ дæр, бæ- лæстæ дæр. Æппынфæстагмæ баир- вæзт иу рох уæлмæрдмæ. Иал уыд йæ бон дарддæр лидзын. Йæ мид- бынат æрхауд, акаст фæстæмæ æмæ цъиузмæлæг дæр нæй. Чысыл раз- дæр æй удаистæй чи сырдта, уыдон ныр дардгомау æмырæй лæууы- дысты. Дыдзы рухсмæ ’рыппæрстой сæ даргъ аууæттæ. Алцы дæр йæхи афтæ æвдыста, цыма ам цард цы у, уый зонгæ дæр нæ кодтой. Тарст лæг иу цыртыл йæ цæнгтæ æрба- тыхта. Иæ уæнгтыл ризæг бахæцыд, цæуы йæ гæв-гæв. Уалынмæ та стæг- дартæ йæ алыварс æрбахъула сты, хъуысы та сæ карз æртхъирæн. Нал уыд мæ бон уыдонмæ кæсын. Кæйдæр сæры къуыдырыл æрбад- тæн æмæ ныффæсмон кодтон; хуыз- даер цардæнхъæл ма мæхимæ мæ къух куы райстаин, уæд ма йын быхсæн уыд, фæлæ ай кæдæм ба- хаудтæн? Цы мæ уæлфад гал лæу- уьщ? Зæххыл иунæг лæгæн дæр хуыцау йæхи фæндиаг цард нæ радта, уæд æз куыд тагъд схъыг Дæн цыдæр æнæрæстдзинæдтæй? * Ныууадз фæсмон кæнын! Тых- митэей нал райхъал уыдзысты дæ кæддæры æнкъарæнтæ! ~~~ Цыдæр зонгæ хъæлæс дын ис, хæстæгдæр-ма мæм æрбалæуу! Ду- Неиы фарн зæгъæд, цы разынай х*п^РИ"Н2æ ~~ рагон беРАзенаг мифологийы мастисæг сылгоймаг-хуыцæуттæ, æф- «РДтои фыдгæнджыты. æрвад, хион, хæстæг! Æгæр тыхсын, лæджы уындмæ бæллын. Сфæлмæ- цыдтæн цъыфдзасты хилынæй!' — Цæмæ тырныс, уый мæнæй ма- уал агур! Æз æхсæвдзу дæн! Мæ ныхас мын цы хъусыс, уымæй уæл- дай мæ уынгæ нæ фæкæндзынæ; нæ зынын! Æрбаввахс мæм, уæлæмæ мыл схæцыд æмæ мæ йæ фæдыл фæкæ- ны. Кæцæйдæр нæм æрбайхъуыст æнахуыр мæргъты рæсугъд зарæг. Сæ чысыл дзыхты батадысты нæр- тон Ацæмæзы уадындзы æхцон зæлтæ. Уыдонмæ хъусынæй мæ уæнгтæ æрызгъæлдысты. Мæ туг- дадзинты, дыз-дызгæнгæ, ацыд цы- дæр удылтæфсæг уæлтæмæн. Мæ мидбынаты бандзыгау дæн. — Хæрзбоны мæргътæ не сты! Сæ зардæй бæлццæтты сæхимæ хъусынтыл фæкæнынц æмæ фæип- пæрд вæййынц сæ фæндагæй. Кае- сыс, дæу дæр сæ цурæй дæ къах нал хæссы! — Æрвон дуне ахæм мырты аккаг нæу! Чысылг фæгæдзæ кæн! Ацы талынг цъыссымы уе ’ппæт дæр куыд зыгъуыммæ стут? Æмдзырд бакодтат? Æдзух уынын иувæрсыг хæрамдзинад! — Æрттивгæ цы кæны, уый алы хатт хорз нæ вæййы! Уый фыдæхы зарæг у, йæ кæрон — маст. Æндæр цы домыс эриннтæй*? — зæгъы’уый æмæ сын фыдæхæй адзырдта: Ныхьхъус у, зарæг! Нæхæдæг мах нæ ном æмæ нæ цардыл Нæ мæлæтæй æдзæм зарæг кæнæм. Хæссæм æй немæ рохуатмæ нæ удты. Ныхъхъус у! Ды — нæ хъизæмар, нæ мæт. Мах ницы уадзæм а-бæстыл нæ фæстæ! Мæргътæ стахтысты хæрдмæ, уæлдæфы æрзылдысты æмæ сындæг- сындæг фæстæмæ сæхи æруагътой нæ цурмæ. Иу дзы æрбадт ме уæх- скыл æмæ райдыдта адæймаджы хъæлæсæй дзурын: — Уæ цард æвзæрдзинæдтæй аф- тæ байдзаг, æмæ уæ нал æндавынц зарджытæ, рæсугъддзинад. Алчи даер уæ йæхимæ ныхъхъуыста, йе уонг ауагъта æмæ æнхъæлмæ кæсы, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. Кæй- дæрты аххосæй гæртам кæм сарæх, спекуляци, припискæтæ арф уидæг- тæ кæм ауагътой, æдылы зæнд- Журн. «Фидиуæг» № 8. 49
джынæн хицау кæм сси, гуыбын сæрæй кæм фæуæлдæр, уым ногæй хъæддаг дугтæм раздæхтысты! Мах зарынæн райгуырдыстæм, адæ- мæн хъæлдзæгдзинад дæттæм, сы- мах та нын нæ дзыхтæ æхгæнын кæнут! — Уæ зарджыты ма уæ ба- тъыссут! Кæй цæмæн Оахъуыдыс- ты? Исты сæ, миййаг, мæ хæдзары сæр цинкæй куынæ раивдзынæн! Кæнæ мæ дарæс! Дзаджджын фын- джы фарсмæ иу бадт цы акæнон, мæ «Волгæ» машинæйыл æд бинон- тæ зæрдæйы дзæбæхæн цы ’рзилон, сымах æд зарджытæ уыи аккаг не стут! Чепы огълытæ!1. Нахуыр мæргътæ та иу ранмæ æрбамбырд сты, систой та ахæм зарæг, ахæм, æмæ сæм бæлæстæ дæр хъусынтыл фесты. — Йеныр ацу æмæ ды кæс уыдон- мæ! Сæ хъиу-хъиумæ мæ хъустæ фæрыстысты! Цалынмæ уæ ахъаз- заг нæ сагайдтон, уæдмæ сæхгæнут уæ чъизи, хæдмæлхор дзыхтæ! Нæ фæндагæй иуæрдæм адде ут! Мæргътæ фестадысты замманайы æрыгон саулагъз лæппутæ. Хуымæ- тæгконд, уæздан, хиуылхæцгæ. Сæ дæлæрмтты — чингуыты бæстытæ, сæ худты тъыст маргъы сисæц фыс- сæнтæ. Базыдтон сæ, адон кæддæр нæ разагъта поэттæй иутыл нымад цы- дысты. Сæ адæмæн ницы бавгъау кодтой, сæ удтæй арт цагътой, кæддæриддæр барджынæй лæууы- дысты, Фыдыбæстæйы ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг кæм цыдыс- ты, уым. Сæсæртæ йыл нывондæн æрхастой. Æз сæ разы фырæфсæр- мæй æрныгъуылдтæн, мæхимæ мис- халыйас дæр нал зынын. Фæнды мæ, нæ цурæй куы ацæуиккой. Фæлæ уыдон нæ тагъд кодтой. Æмхуызон сæ риуты дзыппытæм нывнæлдтой, систой сæ къаннæг фыссæн чингуы- тæ æмæ радгай бакастысты зæрдæх- цон рæнхъытæ. Мæнæ размæ рахызт цыбырæлвырд боцъотимæ сæ ахуыр- гæнæг. Цом, цом ингæнмæ, мæ тыхст сæр! Цом, цом ингæнмæ, мæ зæрдæ! А ныл аудæг нæ уыди, Ам нæ зард бæсты нæ цыди, — Уым ныл саудалынг æртыхсдзæн Иæ къух æнæразыйæ ауыгъта, 1 чепы огълытæ — куыдзы фырттæ (тæта фæстæмæ сарæзта цалдæр къах- дзæфы, ме ’рдæм æрбакаст, цыдæр зæгъын ма йæ фæндыд, фæлæ йын йæ хъуыр уæззау хъынцъым ахгæд- та. Æрхауд йæ уæрджытыл æмæ ставд цæссыгтæй ныккуыдта. Стæй лæмбынæг ныхъхъуыста йæ кæсдæр поэт цы æмдзæвгæ бакаст, уымæ. 4— Бецау уæ бон! Хъусæг уæм куынæ ис, уæд сæ уæ хæйрæджытæн кæсут? Науæд ахæм джидзæггаг уацхъуыдтæ цас рæгъмæ рахæсси- наг сты? — Уацхъуыдтæ зæгъыс?! — поэт- тæ æмдзыхæй сдзырдтой æмæ сæ кæрæдзимæ бакастысты. — Фæлæуут-ма, фæлæуут! Ацы гоби-лæджы кæцæйдæр зыдтон æмæ йæ нал хъуыды кæнын! — Мæнмæ дæр зонгæйы хуызæн кæсы. Иæ ном мæ дæлæвзаг рауай-ба- уай кæны! Ед, ед! А-а-а! — Хъа- радзауты Балыга! Дыууадæс ра- æй йæ фæсырдтой æмæ стæй фæстаг хатт махмæ ’рхаудта. Рауагъ- дады директоры кабинеты сырх фын- джы фарсмæ парахатæй рабадтæмæ йæхицæй лæгдæр никæйуал æнхъæл- дта. Фысджыты се ’ппæты дæр æдылытæ хуыдта. Иу дæр, дам, дзы йæ уагыл нæу! Сæ тугæй ра- фæлдисгæ хæзнатыл сын фыд-зæр- дæйæ калдта йæ марг. Афтæмæй роман, уацау, таурæгъ, кадæг, пье- сæ, æмдзæвгæйы ’хсæн цы хицæн- дзинæдтæ ис, уый йæ кадавар зонд нæ ахста. Уацтыл сæ нымадта. Йæ адæмы культурон бынтæ йæ фæсон- æрхæджы дæр нæ уыдысты. Цы хъæуы рауадзын, чи нын цы фае- пайда уыдзæн! Аба-бау! Хъуыддаг дæ нæй! Æдзух йæ кабинетæй хъуыст тай-тай, загъды хъæр. Цы- ма фиййау уыд æмæ йæ хъомтае тархъæды ныппырх сты? Æмæ æды- лы-æдылы йæхирдæм тынг хорз æмбæрста! Зыдта йæ, бирæ дзы кæй нæ фæхиздзæн æмæ рæстæгаей спайда кæныныл тагъд кодта. Æн- цондзырд, коммæгæс, æнæкурдиат авторгæндты фыстытæ хицæн чин- гуытæй мыхуыры скъæрдта ахаем домæнтæм гæсгæ: гонорарæй æрД#г дæу, æрдæг та — мæн. Æхцайы аД куы базыдта, уæд йæхæдæг Д#Р райдыдта чингуытæ аразын. Уа' гдоны къасæмæ агуырдта алыгьуЫ’ [рагау). 50
зон бавналæнтæ. Фысджытимæ-иу куы бадт æмбырдты, конференциты, фынгтыл, уæд-иу ныхасы раздæр рагæпп ласта, фæндыдис-иу æй йæ директоры уæрæх зонындзинæдтæ равдисын. Хъавыдис-иу зæндджын, æмбаргæ ныхас зæгъынмæ. Ахæццæ- иу æмбисæндтæм дæр. Фæлæ-иу ын алы хатт дæр зыгъуыммæ рауадыс- ты: Бæх кæм стулы, уым ма æрду баззайыны бæсты-иу ын фæцис: «æр- ду кæм стулы, уым ма бæх баз- зайы», кæнæ: Цад цаддоны фидауы, ф,æрв • — цъалайы; Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы; Расты цæв æмæ зылын рабæрæг уа æмæ æндæртæн дæр-иу сæ дзырдты бынæттæ фæив- та: «фæрв цаддоны фидауы, цад— цъалайы,», «хъуынайыл тулгæ дур нæ хæцы», «зылыны цæв æмæ раст рабæрæг уа»! Æмæ йыл цас худæ- джы хабæрттæ фæмысыдысты? Хæ- рæг сæ уаргъæн нæ ахæсдзæн! Æрæджы та цы сарæзта! Базыр- джын Пегас сифтыгъта æфсондзы æмæ дзы йæ цæхæрадонмæ зæронд гуыффæйы фаджыстæ ласта. Кæй зæгъын æй хъæуы, поэзийы рæсугъд- дзинады бардуаг ахæмтыл ахуыр нæ уыд, йæхи тыдта уæлдæфы стæ- хынмæ. Фæлæ æгæр уæззау, æгæр худинаджы уаргъ æрæнцад йæ бæр- зæйыл. Цъыфы ахауд, йæхи сыз- мæста. Уый дæр æм аздæхта зы- къуыритæ уисæи, йæ фæрстæ йын стæлмытæ кодта. Æфсургъ йæ гæн- дзæхтæ цагъта, йæ зонгуытыл æр- лæууыд. Архайдта фаджысы куыф йæ бынатæй фезмæлын кæныныл. Ницы йын дзы рауад. Уæд ацы м/æнгард, къуыдиппсæр дæр дын бавдæлд, бауæлæ æмæ систа фысæл- вынæн хæсгард. А-ныр ын йæ сыз- гъæрин базыртæ ацæгъда, афтæ аефсургъ адæймаджы хъæлæсæй сдзырдта: — Дæ къухы уыцы цыргъаджы уындæй кæнын фæсус, кæнын къуыр- ма! Мæ риуы сысты сагъæс, сæтты мæ ныфс, лæджы цард аскъуынынæн ^дæр цы хъæуы? Æз дæм æрцыд- тæн, цæмæй дын æхцонады уæлтæ- м#н радтон æмæ дзы мæ сæр ба- сыгъд. Уый æмырæй лæууыд, худгæ, йæ цУРы æмæ йæ зачъе даудта. Дзæгъæлы лæгъстæтæ дын дæ æДДæры Дард фæстæмæ нал раз- ^а*дзысты! Мæнæн уæлмонц, сой- л Дзымандытæ ницы пайда сты! Зарæгæй лæг йæ гуыбын не тфсады,: йæ уæлæ дзы дарæс нæ кæны, йæ уавæртæ дзы рæстæрдæм нæ ивы! Дæ сæрибар хæтæнтæм ма фæстаг хатт акæс! — загъта æмæ уадæмдых Пегасы хъандзал базыртæ зæхмæ æркалдысты. Уый ма йæ фыртыхстæй дзырдта: — Цы ныфсæй ма фæцæрон? Амардтай мын мæ сæнттæ, басыгъд- тай мын мæ уд. Ды никуы фехъуыс- тай, куыд зарынц зæрдæйы æмбæхст тæгтæ! Лæппутæ фæстæмæ мæргътæ фестадысты. Ногæй та сагайдтой сæ рæсугъд зарджытæ. Ацы лæг мæ цæсты сæгад. Нал мæ фæнды дарддæр йемæ цæуын. Фæстейæ йæ фæуагътон. Уæртæ тыгъдбыдыры иу хауд бынаты æх- сæвдзутæ сарт кодтой. Фездæхтæн сæм, мæ къухтæ артмæ батавтон. Нæ бакомкоммæ иу лæг йæ зоны- гуылтыл лæууы. Къозбау æвзагæй ныцæлхъ ласта. Фыдгулты уыны сыгъзæрин фæлысты, йæ онгуагъд зарæгæй сын митын мæсгуытæ ама- йы. Иæ хъуырыцъар сæм ивазы, цъæлрæмыхстытæй, се ’взагыл цы- дæртæ дыгъал-дыгъул кæны. Уыдон та йыл былысчъилæй худынц, хъа- зæнхъулы раны йæ ’рæвæрдтой, сæ- хи йыл ирхæфсынц. Бæрæг у, никуы ныккаст адæймаджы миддунемæ. Цæмæй цæры, цæмæй улæфы, цæ- мæй риссы! Фæрсæрдыгæй йæм ны- хас баппæрстæуыд: — Æвæдза, æдзух хъæлдзæг уæ- вын æдылыйы нысан у! Царды ис маст дæр æмæ йæ уынын хъæуы! — уый иу! Иннæмæй та: йæхи æвзагыл уæлæхох чи кæны, уый зæххæй уæ- лæмæсисинаг дæр нæу! Бахызтæн æвирхъау стыр лæгæ- ты къæсæрæй мидæмæ. Уынын бæс- тæппæт фырнахуыр диссæгтæ. Ца- вæрдæр мæрдон рухс уыд мæ ал- фæмбылайы. Иу заманамæ кæсы- нæй-иу нæма сфæлмæцыдтæн, аф- тæ та-иу ноджы егъаудæр цау мæ цæстыты раз удæгас хуызты сыстад. Æндæргтæ дзырдтой адæймаджы æвзагæй. Иу дзы кардæлвæстæй ’ цæхгæр слæууыд, мæ цуры цы тып- пыр- лæг ныххауд зæххыл, уый дæл- фæдтæм. — Ды мын ацы кардæй афтæ ра- джы аскъуыдтай мæ цард æмæ ардыгæй æвыдæй нал аирвæздзынæ! Æвæццæгæн, афтæ фенхъæлдтай, 51
хъуыддæгтæ мæ амæлæтыл банцай- дзысты? Нæ, мастисæн кæд искуы ис, уæд æй ам агур! Дæумæ дæ уæ- лион фыдракæндты тыххæй цы ’нхъæлмæ кæсы, уый дæхæдæг дæр нæ зоныс! Чысыл обауы рæбын уæлгоммæ æрхуыссыдтæн, мæ къухтæ мæ сæ- ры бын бакодтон æмæ сын хъусын сæ дæрзæг ныхасмæ. — Æз ницы аххосджын уыдтæн! Тæрхондоны дæр мæ растыл куы банымадтой? Дæхицæн та дын мæрд- тæм аст азы рахастой! — Дæ сыбыртт дæр дын куыннæ хъусон! Дæлдзиныг! Ам аххосджын- ты æмæ æнаххосджынты не ’вза- рынц! Ам зæххон фыдракæндты фыстæуы тæригъæдтæ суадзынæй! Æмæ дæуæн уыцы тæригъæдтæй иу у мæ мæлæт. Нал æй хъуыды кæ- ныс, Зорæ, цардуагон лæггæдты комбинаты хисдæрæй куы куыстай? Æхсæнадон фæллой куы бахордтай? Дæ хъуыддæгтæ дын мæ хуызæн ни- чи зыдта. Цæмæй æдасдæр ран уы- даис, уый тыххæй дæхи хылгæнæг скодтай. Амардтай мæ, стæй дæ галиу уæхск барæй ныррæхуыстай, тугæйдзаг кард мын мæ къухты ныс- сагътай. Мард лæг ма цы ’мбары? Мæнг æвдисæнтæ ссардтай, экспер- ты стыр æхцайæ балхæдтай, тæр^он- гæнджыты дæр афтæ! Мæнæн та мæрдтыбæстæм ахæстоны фæбады- ны тæрхон рахастат. Нырма уал мæнæй сраст у, стæй дæ иннæтæ дæр сæхион домдзысты! Аирвæзыныл хъуыды дæр ма кæн. Дæ зын — де ’рбацыд! Уыцы ныхæсты фæстæ хылгæнæг а-ныр кард æруадза тыппыр лæджы цæсгомыл, афтæ йæ ацахста иу, ныллæггомау, æндæрджы къух: — Цы ми кæныс, уый, æхсæвдзу? Æви дæ айрох, лæгмард мæрдты- бæсты лæгмардæй кæй нæ фыстæуы? Барастыры тыхджын æгъдау кæй халыс, уый тыххæй та зындоны дык- каг зылдæй æрхаудзынæ фыццæгæм зылдмæ! Дæ тæригъæдтæ та рай- дайдзынæ дзыхъхъыннæуæгæй фи- дын! Æндæрг йæ кард уырдыгмæ æр- уагъта. Йæ фырмæстæй нытту лас- та, фæсвæд ахызт æмæ уырдыгæй тæргайгæнæджы каст кодта махæр- дæм. Зорæйы сæрыл чи рахæцыд, уыцы æндæрг сабыргомау ныхъхъæрзыдта æмæ фестад цавæрдæр сырды хуы- зæн. Зорæ йæм ризгæ хъæлæсæй дзуры: — Чи дæ, кæнæ мæ, сырд уæвгæ- йæ, цы хорздзинад зоныс? — Мæ зоныны сæр дæ æппындæр ницæмæн хъæуы! Хорздзинад дæр мын ницы сарæзтай, нæ дæр мын сараздзынæ! Фæлæ тыхы ныхмæ алкæд тых æвæрын не ’мбæлы. На- уæд дæм цæмæн афтæ кæсы, æз сырд дæн? Зорæ йæ цæстытæ аууæрста, кæд мæ сайгæ кæнынц, зæгъгæ. — Уæдæ дæ æндæр цы рахонон, адæймаг дæр куынæ дæ? — Мæнæн уæлдай нал у, цыфæнды дæр мæ хон! Æрмæст æй зон: сырд йæ раззаг къах зæххыл æрцавта æмæ фестад заманайы рæсугъд чызг. Уый фенгæйæ, Зорæ куыддæр фæ- хæццæ, афæлвæрдта лидзыныл, фæ- лæ йæ уæрджытæ йæ коммæ нал кæсынц. Уæд æм, табугæнгæ, дзу- ры: — Ахæм уындæй афтæ сфæлмæ- цыдтæ, сырды хуызæй йæ цæмæн ба- ивтай? Уæлæуыл дыл нæ хуыздæр лæппутæ æрратæ кæниккой, нæ поэт- тæ дæ фæндырты фæцæгъдиккой? , — Кæддæр уæлæуыл дæр уыдтæн, фæлæ мыл никуы ничи сæрра! Нæ дæр мæ фæндырты цагътой. Алчи дæр мæм каст йæ ницæйаг монцты цæстæй. Мæ чызгон фидыцыл мын цъыф къахæй лæгæрстой. Мæ када- вар уавæртæ та мын æнцондæр фæн- даг нæ амыдтой. — Æрæджиау фæсмон лæгмэе æгæр дæр ма фæхъары! Цæмæннæ дæ зыдтон, дæ цард суыдаид мæ цард, мæ цард — дæ цард! Æмдых, æмхъаруйæ ссардтаиккам нæ амонд! — Æлгъыст фæуæд дæ равзæрд! Йæ уды хъизæмаргæнджытæй иу ды дæ! Иæ чызгон фидыцмæ йын фьщ- цаг ды бавнæлдтай сындз къухæй! — кæйдæр тыхджын хъæлæс мæм æрбайхъуыст фæрсæрдыгæй. Æз акастæн уыцырдæм æмæ фед- тон: иу лæппу æнæзмæлгæ, цæхæрыл бады æмæ цæуылдæр арф хъуыдЫ; ты аныгъуылд. Бирæ æнæнымаен стæгдартæ йын сæ сæртæй ныллаег кувынц. Уый сæ хатгæ дæр нæ кæньь Иæ дзыппæй систа картæ, айтыгът^ йæ зæххыл, йæ тугæйдзаг хæххытыл ын хæссы йæ тугæйдзаг æнгуылД3 æмæ йæхиимæ дзуры: «фыццаг хаест 52
ам рамбылдтон, мæнæ ацы горæт- тыл та арт бафтыдтон. Ацы паддза- хæдтæ та сæхи æнæ тохтæй радтой. Ам та уыд мæ царды кæрон!». Хатын æй, ныры онг цы лыстæг адæймæгтыл сæмбæлдтæн, ай уыдо- нæй нæу! Фæлæ йæ цы хуызы ба- фæрсон? Миййаг æм исты куы фæ- хъыг кæса? Цæй, цы уа, уый уæд, донласт хуылыдзæй нал тæрсы! Чизоны мын исты хæрзиуæгæн ра- зына! Мæнæн ам иунæг рæвдыд ны- хас дæр æмбис царды бæрц у! Дард- гомау ’æм слæууыдтæн æмæ йæм, ферхæц-ферхæцгæнгæ, дзурык: — Уæ, нæ рафæлдисæг! Царды æвзæр адæймæгтæ æгæр кæй сбирæ сты, ды, æвæццæгæн, уыдон фæкъад- дæр кæныныл хъуыды кæныс? Æмæ уæд уымæй ды иттæг хорз хъуыд- даг саразис! Адæм дын дæ цæрæн- бонтæн кувиккой? Кæдæмфæнды фæкæс, алы ран дæр къæхтыл тых- сынц, хæлбурцъ кæнынц, бырынц, хуыйы сыстау, х^ердмæ, калынц сæ хъæстæ, сæ марг! Йемынæ сæ цуры ницыуал у! Сæ хытъынтæ зæх- хыл ласынц, сæ уæцъæфты тæвд цæхæр ныккалд. Фырнæрдæй фез- мæлын дæр нал фæразынц! Бон- изæрмæ хæснагыл хъазынц. Æнæ- бын къæртатæ фестадысты. Се нæфсис хъæлæсты адæмы тугвæл- лой аирвæзт. Иу сæ мæйы мидæг цы бахæры, цы радавы, уымæй æнæ- хъæн афæдз фæцæрдзысты гас хъæу. Æмæ куыд æнæпайда сты! Æйтт, зæгъгæ, фæцыд, уæд сыл ли- дзынмæ къæхтæ базайы. Тарст мыс- тытау, ныййарц вæййынц ныккæнд- тæм, се ’лгъаг, мæнг сæртæ æфсна- йынмæ фæвæййынц. Сæхæдæг «цу- майæн»» нæ бæззынц, афтæмæй сын æххуырстытæ ис. Зæгъ-ма мын: кæ- Цы иумæйаг хъуыддаджы разын- дысты? Кæд, кæм æмæ кæцы лæгæн бацыдысты хорзы? Иуæй дæр дзы райгонд ничи у! Иу дæр сæ дзыл- лзейы рæгъы нæ цæуы! Се ’взæр- Дзинæдтæ.ныхсынæн та фурды дон Дæр не сфаг уыдзæн. Æмæ сыл ды алы ран дæ къух æвæрыс, хъахъ- хъаеныс сæ мæгуыр, куыстдзагъд лæ- ДЖы азарæй. Ды кæд рæстылдзæ- Уæг дæ, уæд дæм фехъуысæд мæ ныхас! Домгæ дæр дæ бирæ ницы каенын: фервæзын мæ кæн ацы цъам- МаР адæймæгтæй! Мауал сæ уы- нон! Дæуæн уый саразынæн цы ^æуы? дæ сыгъдæг кувæндæтты бын дын цырæгътæ судздзынæн, нывæндтæ дын кæндзынæн. Табу дæхицæн! Бæрзондæй ныллæгмæ мæм ракæс! — Кæсгæ дæм бæргæ бакæндзы- нæн, фæлæ дæ зæндджын рахонын мæ бон нæу! Æз цæй рафæлдисæг дæн, мæхи сæр мæнæ уынгæджы куы у? Мæнæн цæрæнбон нал ис. Уый уды тухи у, хъаймæты азар! Фæдæн мæйдары бын æнустæм. Мæ- хи къухæй раджы бацыдтæн мæрд- тæм. О, кæддæр æз дæр уыдтæн зæххон гуырдыл нымад! Мæ тæсæй паддзæхтæ рызтысты, арт бафтыд- тон бæстæтыл. Дуне мын фезмæлы- нæн скъуындæг. Царды æрцæуæн цæмæн нæй, уый агуырдтон. Иугæн- дзондæр ме ’ргом здæхтон æнæфæу- гæ стæртæм. Нæ джебогътыл истам арвы уæз. Знæгты сæрты къуыдыр- тæ-иу æвдисæнæн хастам æрцыты цъуппытыл. Тарст бæхты хуыррытт, болат цæфхæдты стъæлфæнтæ, цæф хæстонты æнуд цъæхахст, фæстаг утæхсæн кæддæриддæр махмæ каст худæгау. Нæ дины нæ уыд фæсмон кæнын, тæлæт, фæллой ссивын, рæсугъд сылгоймæгтæй хъазын. Мах тырныдтам нæргæ кадмæ. Нæ мæрдтыл не ’вæрдтам цыртытæ, нæ фыдбылыз нæ разæй цыд. Алчи дæр нæ архайдта, цæмæй хъæбатырæй йæ мæлæт ссардтаид. Кæуылты акодтам нæ мин-мин фæндæгтæ, уым, æвæццæгæн, нырма дæр не ссыдыс- ты нæ тугæйдзаг фæдтæ? Мæ фез- мæлд нæ ахста цæст. Æппæтæн хас- тон мæлæт. Тæригъæд кæнын мæм каст лæмæгъдзинад. Тæппуд знæгты уыдтон æрмæстдæр лидзгæ, чъыл- дымæрдыгæй. Мæ хъæстæ фат сын сæ мæрдтæ байтыдта скæсæнæй ны- гуылæнмæ, цæгатæй хуссармæ. Гъе, уый рæстæг уыд, гъе! Æндæр гæнæн нæ домдтой дугтæ! Тыхы заман йæ сæр бæрзæндты хаста. Цы бирæ уд- тæн аскъуыдтон сæ цард, ныр уы- дон æдзух мæ фæдыл зилынц, мас- тисæн кæнынц! — Æмæ дæ дины чиныджы уый куынæ ис фыст? — Кæимæ дæр мæ ивддзаг кæньгс? — Ды æппæтрафæлдисæг нæ дæ? — Ха-ха-ха! Куыннæ дæм хъарынц мæ ныхæстæ? Фæлдисгæ нæ, мæнæн мæ нысан уыд: «æргæвд»; кæнæ та «карды бын слæуу!» — Уæдæ мын мæ дард фыдæлты 53
дæр ды фæцагътай? Ды нæ æркод- тай ахæм гæвзыкк уавæрмæ? — Æз ницы ’взæрстон мæ развæн- дагыл. Сывæллоны удисын дæр мын лæвæрдта æхцондзинад! Стæй цæмæй искуы мæхи цæсты ме ’дых- дзинад ма федтаин, уый тыххæй хæрз æрыгонæй аскъуыдтон мæ цард! Рæсугъд хъуыддæгтæн рæ- сугъд кæрон ссардтон. Ныр курын хуыцауæй, цæмæй мын мæ тæри- гъæдтæ ныббара! Зындоны арты ма- уал судзон! Фæдæн мæ таурæгъ, мæ хъизæмæрттæ иууылдæр ам æр- калдтон! — Дæ зæрдæйы цы уарзты скъуыд- дзæгтæ уыд, уыдонимæ схæццæ сты дæлимонтæ! Хæрзиуджыты бæсты дын æрхастой фыдæх, æппæтмæ дæр æнæуынон ахаст дарын! Амæн æмæ йæ æгæр раджы базыдтай: миййаг искуы куы ахъуыды кæнай дæ бирæ фыдракæндтыл, уæд дæм адæм æгæр уа’рзон куы фæкæсой, дæ бæр- зонд хъæуындзинадтæ дæлиау куы æрхауой, дæ ацæугæ царды зынтæ дæ бон фидын куынæуал суа!.. Æмæ дæхицæн рахастай иууыл растдæр æмæ карздæр тæрхон! Фæлæ йæ хъуамæ æмбарай, зæххыл цы фарн ис, уый зын астæттаен у! Иæ ны^мæ чи рабады, уый йæ царды кæрон ссары æрмæст ингæны! Ингæн та адæймагæн йæхимбæрц йеддæмæ нæу. Æдæрсгæ дзы нæ разилдзынæ, нæ дзы фезмæлдзынæ! Æмæ ма уæд дæуæн цæуыл уыд дæ тохты сæр, дæ бирæ тугныккалд? Æрмæстдæр дæм дзы уæрсты фæцис сау мæр æртæ къахдзæфы иуæрдæм, дыууæ — иннæрдæм. — Дæлдзиныг! Суæндыдтæ мæм! Дæ хуызæттæ мæ разы æфсондзы бын цыдысты! — Æлгъыст фæуæд дæ хъæстæ! Уæдæй ардæм цал æнусы аивгъуыд- та, æмæ дыл нырма не ’ртæфстысты дæ галиу митæ! — Тæфсгæ нæ, гæнæн мын куы уаид, уæд та сæ ногæй сфæлхатт кæнин. Ацæуин та дунейы дæрæн- гæнгæ! Æгæр бирæ æвзæрдзинад уæм æртымбыл, нал æй сраст кæн- дзыстут рæсугъд ныхæстæй! —Хъæддаг заманы гуырд. Цы нын ракæнынмæ хъавыс дæ гуымыдза фæрæтæй. Махмæ йæ сывæллон дæр нал сисдзæн йæ къухмæ! Рæстæджыты сæрты мын зын у дзурын! Тьшг аивтой дугтæ! Мæ тыхджын паддзахад дæр мæ фæстæ слæмæгъ. Мæ бирæ знæгтæ йæм маст хастой. Æндон æнгуылдзæй йын сластой йе ’взаг, сæхгæдтой йын йæ дзурæнтæ, байстой йын йæ бартæ! Ныххуыссыд сæ , ныфс, сæ хъару, нал сын сфаг фæстаг лæ- джыхъæд. Сæ намыс цъымара доны ныссагъд, фæстæмæ йæ сисын нал у сæ бон. Ничиуал сын скад кæн- дзæн! Кæддæр æнæкæрон туг цы кардæй ныккалдтой, уымæн уæдæй ардæм йæ хæцæн нал зоны нуар- джын æнгуылдзты æлгъывд. Ауыгъ- дæй йæ дарынц музейы къулыл. — Æгæр егъау бартæ æрдомдтай цардæй. Æрдзы фæткæвæрдыл фæ- тых кæнынмæ æрхъавыд дæ кæрæф- дзинад æмæ дæхæдæг фæбынæй дæ! Фæстаг кæройнаг зарæгæн дын нал сфаг дæ тыхджын удыхъæд! —тыз- мæгæй сдзырдтон æмæ мæ ныхас фездæхтон æрдæбоны чызджы ’рдæм. — Ды та Зындоны цæмæн дæ, ис- ты рæдыд æруагътай? — Уæдæ куыд æнхъæл дæ! Æр- уагътон æмæ цы хуызæн! Ардæм нырма иунæг зæххон лæг дæр æнæ тæригъæдтæ не ’рцыд! — Уæддæр цы сарæзтай ахæмæй? — Мæ лæджы сусæгæй лымæн дардтон. Уый та мæн тыххæй кæд- дæриддæр цæттæ уыд йæ уд раттын- мæ! — Ахæм лыстæг хъуыддæгтæм дæр ам кæсынц? — Алцы дæр намысы тæразыл барынц! — Тагъд сæ фæуыдзынæ фыст? — Фондз зылды ма мын дзы баз- зад! Мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси Мæ лæг æмæ мæ лымæн куьгдз æма бирæгъы хуызты кæрæдзимæ къæпг кæнынц! — Дæ лымæн ахæм æфхæрды ак каг у, фæлæ дæ лæг та цы фæзы- лынджын ис? Чысыл ын фенцондæр кæнын хъуыдысты йæ зындзинæдтае Чызг дзуапп нал радта, фæстæмя сырд фестад, алыгъд, иугæндзой дæр иргъæвæг кæмæн уыд, уыць тугдзыхтæм. Мæ алыварс сæ цæнгтæ хæрдмя ивæзтой алыгъуызон цыртытзе стæгдартæ, æндæргтæ, æхсæвдзутзе Хъуыст сæ уднсæн уынæргъын. Æм# мæнæ диссаг! Астæуæй дæлаем# фырнахуыр цæрæгойтæ, астæу^1 уæлæмæ та бирæгъ æмæ куыД: 64
схъуырæй-хъуырмæ сты, лæбурынц, сæ дзыхтæй тугтæ лæдæрсынц. Се ’хсæн бацыд гадза, фæйнæрдæм сæ суры. Сæ цуры уыдысты, нырма сывæллæтты бæрджытæ чи нæ рай- ста, ахæм æфхæлцтæ æмæ сæ кæрæ- дзийыл ардыдтой. Мæнæн ма йæ цы бамбарын хъуыд: чызджы зæххон рæдыд сын аслам не слæууыд! Куыддæр рамæсты дæн, айрох мæ, кæм уыдтæн, уый æмæ гадзамæ къухæй ацамыдтон: — Каерон скæнут уæ хылæн! Ахæм удхар кæй тыххæй æвзарут, æцæг бафхæринаг уый у! Гадза цæхгæр мердæм фæзылд, ацъæхтæ-буртæ. — Ацы æдзард сабитæй иу дæ- уæй у. Ды йæ нæ рауадзын кодтай рухсмæ. Фæтарстæ адæмы худина- гæй. Ныр дæм йæ^рис дæр нал хъа- рьь Кæддæр зæрдæйы дзæбæхæн дæ монцтæ цы буарæй нстай, уый дæ æрфæндыд аскъуыдтæ кæнын. — Феуæгъд сæ ласта. Уадидигæн мæм тæссаг сырдтæ комхæлиутæй сæхи æрбаппæрстой. А-ныр мæ апис- къуылтæ кæной, афтæ дæлбылмæ асхъиудтон, Æнхъæлдтон, уырдæм дæр мæм ныххиздзысты æмæ мæ ныргæвддзысты. Фæлæ сæ уынæр нал райхъуыст. Мæ цыппæртыл фæстæмæ схылдтæн, абадтæн хæлд- дзаг уæрдоныл. Мемæ ма æрбаиу хъазæнхъул. Мæ къæхты бын æр- фæлдæхт æмæ йæхицæн цыдæртæ хъуыр-хъуыр кæны. Цæуæм, фæн- даг нæй, талынг, цæст дзы ницы ’взары. Æнæдон, æнæхæрдæй тых- сæм. Иу тæссаг фæзилæны нæ ’ру- рæдтой цахæмдæр чапаргæндтæ. Уыдонæн сæ зæрдæты — чындзæх- сæв, махæн та дзы хист дæр нæй. Сæ бухъ цардæй агурынц хъæл- дзæгдзинад. Зарын нæ кæнынц. Цы чындæуа? Нæ хъæлæстæ фесæфтыс- ты. Куынæ ’мæ нæ куынæуал уагътой, Уæд мæ хъазæнхъул фестад, йæ мид- ’бынат цоппай райдыдта. Уæрдоны фæйнæджытæй иу йæ уæрджытыл авæрдта, ралæууыд ыл тъæпп- тъæпп. Архайы тыхаразгæ музыкæ цæгъдьтныл, Бахъырныдта: Нырма нæ чыууагътой сæ кæнон Фыдлæг, хæлæг æмæ фыдæх. Лæгмартæн не ’рцыдис сæ кæрон. Тыхы цур азымджын — æдых. Чидæр мын дзы тымбыл къухæй мае чъылдым ныццавта. — Дæ рæуæд дæ гуыбыны амард, цæмæннæ йын æй самыдтай? — Æз мæрдджын дæн, афæдзы бонмæ мын зарæн нæй. Уынут мæ, мæ саутæ дæр нæма систон? — Сисдзынæ сæ æмæ дын сæ мах фæстæмæ скæнын кæндзыстæм! Заргæ дын зæгъæм! — Ой, фæсус дæн!.. Уæд та мын мæ хъуыры исты ауадзут. Сæ иу алыгъд, æрбахаста марг. Ме ’фсæртыл мын схæцыдысты æмæ мын æй мæ хъæлæсы æртахгай та- дзынц. Хъазæнхъул, мæгуырæг, йæ- хицæн старст æмæ уæрдоны гуыф- фæйы куы фесхъиуы, уæд иу дис- саг! Иæ удæй арт цæгъды. Цæф ыл ма сæмбæлайы адæргæй, куы куы- дзау срæйы, куы хæрæгау ныхъхъихъ кæны, куы гæдыйау йæ миау рай- хъуысы, куы мыстау йæ цъыс-цъыс фæцæуы. — Нæ бакоммæ кæсдзынæ, æмæ ацы хæлддзаг хæдтулгæйæ никуы рахиздзынæ! Афтæ йыл тъымы- ’тъыматæм дæ хъиутæ хæрдзынæ! Стæй искуы куы ’рхауай, уæд та йыл дæ зæнæг сбаддзысты. — Цæйнæфалтау лæджы сыгъдæг намыс фесафон, фæлтау уадз хилон ахæм цъыссымы! —Æндæр аккаг дæр нæ дæ æмæ дарддæр æйтт кæн! Цы-иу дзы рам- булай, уый-иу дæ мадæн раппæл! Мæллæг уæрццæн зад хуымы хи- зын нæ фидауы! Ис ма æндæр æм- бисонд дæр: халон, дам, фаджыс хордта æмæ, дам, йæ базыртæ хъи- лæй дардта! Дæуыл дæр уый ми- цæуы! Ды та, хъазæнхъул, уырдыг- мæ ’рхиз! Ахæмимæ цæугæ дæ чи фена, уый дын цы зæгъдзæн! Або- нæй фæстæмæ уыдзынæ немæ. Ба- уромдзыстæм дæ хорз бынаты, æр- мæст нæ коммæ кæс. Сабыр рæуæд дыууæ мады дæйы. Мæ зæрдыл æрлæууыд рагон гре- къаг абырæг Прокрусты хабар, бæл- ццæттæй-иу кæй ’рцахста, уый- иу йæ сынтæгыл абарста. Каед-иу ын сынтæг егъау уыд, уæд-иу лæджы айвæзта, даргъ адæймагæн та-иу йæ къæхтæ къуырдта. Цыдæр ахæм у адон хъуыддаг дæр! Анкъуыстæн дарддæр. Ме ’нæбары уæрдоны хъинцъ-хъинцъæй фæлмæцын, хъустæ арауы. Фæлæ йæ быхсын. Хуыздæр бон мыл нæй! Цæуын хъæуы размæ, размæ æмæ размæ! ’А^'71^. . - 55
Куы мæхиуыл дзуæрттæ афтауын, куыта мæ раттæджы ахъаззаг ныл- гъитын. Бафтыдтæн фæлдурæдж- джын бынатмæ. Фæдзæгъæл дзы дæн. Дæрдтыл фæзилын æмæ фьш- цаг кæцæй абалц дæн, уырдæм та фæстæмæ æрыздæхын. Уынæр мыл ссыд. Ахъахъхъæдтон фæйнæрдæм. Уынын: уæртæ фыдбирæ куыйты къорд. Скатайаг дæн! Ай цы бæл- лæх у? Фæдис сæм ныхъхъæрчын- дæуыд? Нырма дзы куыйты йеддæ- мæ уадиссаг ницæуыл сæмбæлд- тæн? Дæргъытæй хуыссынц алы рæтты. Сæ бон фæхæпп кæнын дæр нæу, афтæмæй сæ хъуыртыл — аф- тид рæхыстæ. Сæ сæрты куы ахи- зай, уæд дæм уæлæмæ дæр не скæс- дзысты! Фæлæ дзы мæныл дис æф- тауы се ’ппæты стырдæр, се ’ппæты хъыхъхъагдæр! Уый æнæбаст цæ- мæн у? Ие ссыртæ, æрцытау, зы- нынц. Алкæмæ лæбуры, не ’взары хионы, хæстæджы, æрвады! Дæйынц æй фондз къæбылайы. Фæлæ сæ хъæлæстæм æхсыры ’ртах нæ лæдæр- сы æмæ хъыс-хъыс кæнынц. Йæ къу- балмæ аирвæзы цъыфдзасты æмæ та фæстæмæ слæсы. Æрхъула йыл сты адæм, цæрæгойтæ, калынц ыл дуртæ, къодæхтæ. Ницы йын у сæ бон саразын. Кæмæ сæ февналы, уый нал сулæфы, зæххыл дæргъæй баззайы. Чидæр ыл зынг баппæрста. Схæцыд. Кæронмæ сыгъд куы фæ- вæййы, уæд та йæ бæсты æндæр цæрæгой сæвзæры. Мæхицæн загъ- тон: цыдæр тæссаг тых у! Æндæра цалдæр боны ам дæн æмæ дзы ныр- ма ахæмыл нæма сæмбæлдтæн. Æгæрыстæмæй бирæгътæ дæр сæри- барæй рацу-бацу кæнынц æмæ ни- кæмæ агайынц. Мæ разы цы цавд- дур уыд, уый мын, цыма, мæ хъуы- ды фембæрста, уыйау тыхджын ныу- уынæргъыдта æмæ йæ мидбынат баз- мæлыд. Фестад æртыназдзыд, уынд- джын, хæрзконд лæппу. Зындис ыл, кæддæр ч уæлион дунейы денджызон флоты кæй службæ кодта. Йæ къух мын ме уæхскыл æрæвæрдта æмæ мын куыдзмæ амоны: - У-ы-й, у-ый-й, у-ы-й! . —Æнæрай фæуы дæ уый, уыййæ! .Сæппар æй, цы зæгъынмæ хъавыс? Де ’взаг дын ралыгчындæуыд! Æви йæ аныхъхъуырдта? — Аа-й, ай-й м-æ ам-ам!.. — Фысгæ йæ уæддæр ныккæн æмæ дæ бамбарон! Мæн дæр мæс- тæй марыс æмæ дæхи дæр! Ууыл ризæг бахæцыд, йæ мид- бынат фесхъиу-фесхъиу кæны. Йæ хурхуадындз сæхгæдта, æддæмæ дзы ныхас нал ирвæзы. Куыдзмæ та цыма зынг ныддардæуыд, уыйау йæхимид æрныгъуылд, бандзыг, фе- сæфта йе ’рдæбоны уæнгты хъару, ’хтдахъхъагдзинад. Бызгъуырау хуыссыд зæххыл. Сау халæт- тæ йæ йæ алыварс æр- бадтысты, фыдохы уаст ’ кæ- нынц. Иу æй дзы йæ цыргъ бырын- кæй æрцавта, йæ фæздæг скалд, стæй йæ бынаты сæвзæрд, фæндзай азмæ ’ввахс кæуыл цыдаид, ахæм лæг. Стæвдтæконд, бæзæрхыг, бадт бæзджын хъæлæс, хъæрæйдзураг, хылкъахæг, æнæфсарм. Сæдæ егъау голладжы йæ фарсмæ. Чидæр сæ райхæлдта æмæ нæудзармæ æр- калдысты бæстæппæт тæригъæдтæ. Рæдзæгъдтæй-рæдзæгъдтæй слæу- уыдысты амыты-уымыты. Йæ ингæ- ныл ын сусæгæй кæй ныффæлдыстой йæ туджынтæ, уыцы куыдзы хуыз та мæрдты йæхæдæг райста. Мат- рос йæ синысæртыл ныххæцыд æмæ райдыдта ныллæг, мæрдон хъæлæ- сæй дзурын. Æрдæбонау нал фер- хæц-сЬерхæц кодта. — Зæххыл фыццаг адæймæгтæ Адам æмæ Евæ куы фæзындысты, уæдæй ардæм æрдзы сконды цы- дæриддæр æлгъаг миниуджытæ ис, уыдон се ’ппæт дæр æотымбыл сты ацы лæгсыоды мидæг! Уæлион ду- неиьт уый йæ сæоты цъиу атæхын дæр нæ уагъта! Иæ фыдракæндтэ^й алкæуыл дæр тас æфтыдта. Аргъæу- тты ’чахуыо æвирхъау цаутæй фыд- дæр уыд. Иæ цуры ницы зындысты зялиаг кæлмытæ. ко’мхæлиу кæф- х’ьуындартæ, х’т-айтартæ-иу сæ сæо- тæ кæмæн акъуырдтой, фæлæ та-иу \гайтагъд ног ^æртæ кæуыл разад, я.хæм пæоæгойтæ. Йæ бынат дæо æй ам^дтя. Н-ы гооæты милииийы ^инауæи куыста æмæ йе стыр бар- тæй паида кодтя. Æхсæнадон цяодьт доч æнтае нæ х’ьахъу^æдта, фæлæ йытд ядæмы т^/гæй уыд дойны. Йæ мондæгтæ маодта искæй зын- дзинæдтæй, искæй утæхеæнтæй, пс- кæй хъæдгæмттæм кæсынæй! Мæныл дæр дзы афыхт! Нырма дæр мæ рæз- гæ буарыл нæ байгас сты йæ дамба- цайы судзгæ цæфтæ, æрхæмттæй баз- 56
задысты тъымы-тъыматæм. Туджы бæсты сæ лæдæрсы мæ мæгуыр, æвæгæсæг, тæригъæддаг мады хъарм цæссыгтæ! Уыдон мыл уæз кæнынц, æнцой мын нæ дæттынц. Раст у æви зылын,—не ’взæрста! Уайтагъд-иу ыл хæцæнгарзы нæмгуытæ ныз- згъæлста! Стæй-иу йæхихуызæн бан- дитты фæрцы хъуыддæгтæ скуыд- дæртæ кодта. Мæнг æвдисæнтæ-иу баурæдта æмæ та-иу амæлæг зы- лынджыны бынаты баззад! Мард лæг ма цы ’мбары? Иæ къухы-иу ын кард ныссагъдтой, цыдæр ме- дицинон препараттæй-иу ын йæ хъæлæсы карз спирт ауагътой. Аф- тæ-иу æй ракодтой, цыма уый йæ- хæдæг расыгæй амарынмæ хъавыд милицийы кусæджы. Милицийы ку- сæгæн дæр йæ цард тæссаг уавæры кæй уыд, уымæ гæсгæ амардта фыд- гæнæджы. Раст ахæм хабар æрцы- дис мæныл дæр. Службæ æндæр горæты кодтон. Сæрды улæфты æр- цыдтæн мæ мады фенынмæ. Мæ хæлæрттимæ азылдыстæм нæ зонгæ бынæттыл. Адæм ’дзух æмызмæлд кæм кæнынц, иу ахæм æхсæнадон бынаты милицийы æртæ кусæгмæ ну мæгуыр хъæууон лæппу ныхмæ фæлæууыд. Фæстæмæ сæм цыдæр сдзырдта æмæ йыл къахæй балæ- гæрстой, цъыфты йæ сызмæстой-. Уый йæ фырадæргæй æххуысмæ сидт, хъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг, фæлæ марадз зæгъ! Адæм сæм цы- мыдисæй кастысты, æввахс бацæ- уын та сæм ныфс ничи хаста. Уæд’ дзы уыдоныл дæр ахъаззаг афьтх- таид. Сæ сяу герметикон æхгæд машинæйы йæ уайтагъд баппæр- стаикком æмæ йæм стæй дарддæр талынг ныккæнды митæ уыдаид! Ахæм рæстæджы йæ риуæмбæрц чи рацæуы, уыдон вæййынц расыг. кæ- нæ та удуæлдай. Алчи дæр йæхи- цæн тæрсьт. «Лæгдзарм тæнæг у, мæлын кæй фæнды?» Дыууæ цардьт та никæмæн ис? Уыиьт лæппу куыд- дæрты сæ къухæй аирвæзт, йæ гæп- пьтл пæст нæ хæцьтд, лыгъд удаис- тæй. Милицийы куслжытæ, æвæц- нæгæн, ныпма нæ бафсæстысты йæ нæмьтнæй æмæ йæ фæльтл згъорд- той. Сæ кармæ гæсгæ мя æгæр тынг дæо л/яаысты. Тæрсыны гæпæхтæ йæ кодтой. Мæнмæ уыцы æбуалгъ хабар пыдæр хардзау æркаст, са- ^ырæй сæ фæрсын: — Дм ’рцыдис? — Æмæ дæу чи фæрсы? Дæ куы- дзы бынаты цæуылнæ сбадыс? Æви дæ цард дæ сæры бацыд? — Мæ цард мæ сæры нæ бацыд, стæй мæ фæрсгæ дæр куыд ничи кæны! Æз дæн рæнхъон æмбæстаг æмæ уын зæгъын: махмæ лæг ма- рыны бар нæй. Кæд исты фæрæдыд, уæд ис закъон æмæ йæ бафхæрут. Сымах та ам уæхимæ æркæсын кодтат адæмы! Нæ, мæ хуртæ, хъæд- даг митæй хъуыддаг нæ рæзы! — Цалынмæ ’нæхъæн дæ, уæдмæ ардыгæй дæхи дзæбæхæй айс, æн- дæра туг дæ сæрыл уары! — Дæрзæг æвзагæй йæм ма дзур, уæд та цы лæг у, афицеры хуызæн мæм кæсы? — Пошел он... йæ афицеры пагæт- тимæ! Бирæ ахæмтæ федта Агуыр! Иеты ма куы ссыббырт кæна, уæд фæнды инæлар уæд, йæ сæры тен- кайыл амбæлдзæн! Ныхас дардыл у, фæлæ уыдон кæдæмдæр рацийьт фæдзырдтой. Уадидæгæн рог машинæйыл нæ уæл- хъус æрбалæууыд ацьт сырд — Ха- тæгатьт Арсег. Йæ дамбаца фел- вæста æмæ райдыдта сæнтхъæртæ кæнын. Куьт мæ федта, уæд йæ хуыз аныхъхъуырдта. Фьтртугмондагæй йæ сæт калд. Уымæй размæ дæр ма кæмдæр сæмбæллыстæм. Иу хылы рæстæджы хъуамæ кæйдæр багæ- рах ластаид. Æз ьтн йæ хæцæнгарз йæ къухæй стыдтон, бахастон æй æмбæлон бьтнатмæ. Уым ьтн карз æфхæрд радтой. Уæдæй фæстæмæ мæ фæдыл смыста, хъахъхъæдта мæ, сусæгæй мьтл кæм сæмбæла!.. Йæ маст сисынæн ын ныр фадат- фæцис! Уьтй уылаид дыууæ изæрас- тæу. Хуры фæстаг тынтæ ма ныдзæв- дьтстьт хæхтьт тигътыл. Мæн нæ фæн- дьтд ахæм æдыльт лæгимæ дзурын æмæ дарддæр мæ (Ьæндагыл араст дæн. Кæуылты цьтдтæн, ^/ыцы уьтнг \'ыд фæсвæд, тальтнг. Рухсьт цæ- джьтндзтыл лампочкæтæ куьт бакæ- ньтнц, уæд сæ къæбæда сабитæ оо- гаткæтæй ныцъцъæл кæньтнц. Иу- чьтсьтл куьт рауадтæн, уæд мæ хъус- тыл цьтдæр уынæр ссьтд. Æрлæу- уыдтæн, кæсьтн æмæ мæ (Ьæстейæ цалдæрæй æрбасурынц. Стæй сæ цыд сЬæсындæглæр колтой. Фæйнæрдæм апьтрх сты, цæрæн хæдзæптты Фи- сынæй-сЬисынмæ, аууонæй-аууонмæ мæ фæдыл хъуызгæ цæуынц. Зæрдæ дæр йæ куыддæр фæхаты! Базыд- 57
тон мæ хуыцауы цæф, мæхи айстон размæ. Фыдлæджы бон дæр бирæ у. Мæ фыртыхстæй а-ныр кæйдæр кæрты сæрты багæпп кæнон, афтæ мæ къахыл сæмбæлд дамбацайы нæмыг, æрхаудтæн уымæл зæхмæ. Мæ тæвдæй ма бырын мæ фарсыл æввахсдæр хæдзармæ. Æрбаййæф- той мæ æмæ мæ ацы лæг мæ мид- бынаты ноджы æртæ æхсты фæ- кодта. Алцы дæр сын раздæр хъуы- дыгонд уыд. Мæ къухы мын ныс- сагътой æхсæнгарз æмæ афтæ æнус- тæм бафынæй дæн. Мæнг æвдисæн- тæ бавдыстой цæрджытæй. Уыдон тæрхондоны дзырдтой алы цъаммар ныхæстæ. Мæхи мын фæзылынджын кодтой. Фæдсафыны тыххæй дзы иу иннæйы агъды фæлмæн фехста æмæ мæуый адыл банымадтой фыд- гæнæгыл. Хабар афтæ сыздыхтой, цыма сæм мæсты уыдтæн æмæ хъа- выдтæн сæ амарынмæ. Æхсгæ мæ ацы лæг фæкодта, йæхимæ та æн- дæр айста. Гормилицийы хисдæр исты хъуыддагыл куы архайы, уæд хъаугъайаг фарстытæ æнцон ас- къуыддзаггæнæн сты. Уыдон — би- рæ, æз та — иунæг. Уымæй дæр мард адæймаг. Мæ зæронд мад закъæттæн цы зоны? Скъолайы къæсæоæй никуы бакаст. Æвзæр царлæй ма йæ уый æндæвта! Нæ уынæрмæ, æхсæвы гæрæхтæм оу- дзынгæй ракаст Абысал. Цы ’рпы- лис. уый йæхи цæстæй федта. Æв- дисæн дæр мын балæууыд. Æрмæст- дæр тæрхондоны раст ныхас унй загъта. Фæлæ йын цалдæр мæйы (Ьæстæ йæ мард ссярдтой горæтгæ- оон хæмпæлты. Чи йæ амапдта, уы- дон ма æфсонæн аоацагур-бацагур коптой фыдгæнæджы. Матросы ма цьтдæо зæгъын Лæн- льтд, сЬæлæ йын иу æрыгон лæппу ныххæцыд йæ цонгыл æмæ йæ ахи- зьтн копта фæосæодæм: — Мемæ абаогæйæ. пьт амон^- джындæр мард акодтай! Ацьт ^я- латæн æз йæ хæстæг уыдтæн, йæ (Ьыпыфсымæоы чызпжы лæг. Чы- сыл-иу мæ усимæ не ’хсæн истæй тьтххæй бътæу куы оауад. уæл та- иу йæ лзæхст уьтмæ бæпьтд. Х-ьæст- мæ-иу æм смидæг. Уый-иу мæм йæ кусæн кабинетмæ (Ьæдзыодта, мæ мады-иу мын йæхицæй фелгъыста. Æз, дам, дын дæ хуыздæртæн аф- тæ ракæндзынæн, Мæ былтæм-иу мын тымбыл къух æрбахаста. Алы хатт та мын дзырдта. Ныууадз, дам, æй, тæфтыл дæр ма, дам, æм куы ацæуай, уæд, дам, дæ лыстæг къуых- тæ скæндзынæн! Иæ риуы мидæг- гаг дзыппæй-иу систа хулиганты арæзт кард æмæ-иу мын æй мæ хъуырмæ ныддардта. Ахæм ус, дам, дæуæн æвгъау у, ды, дам, æй ма хъуамæ батонай! Арæх сæ уыдтон иумæ, фæлæ сыл никуы фæдызæр- дыг дæн. Фæстæдæр куы рахъæр, йæ лымæн у, уæд æй бамбæрстон, афтæ карзæй йæ сæрыл цæмæн хæцыд! Чидæртæ мын сæ иууыл лыстæггай радзырдтой, бафæдзæх- стой мæ, цæттæ кæй у цыфæнды æвзæрдзинад саразынмæ дæр. Уы- мæ гæсгæ, дам, дзы дæхи хиз. Нал, дам, дæ ус ^ъæуы, нал дæр, дам, дæ — сывæллон. Иу хылы рæстæ- джы йын æй фидис дæр бакодтон: — Адæм дæ цытæ дзурыйц, уый, æвæццæгæн, раст у, æндæра дæ цьт хъуыддаг ис æмæ мæ бинонты царды дæ фындз тъыссай? — Зæгъ-ма мын æй, адæм цы дзурынц? — Уымæй сæ дæхæдæг бафæрс? Уый дамбаца фелвæста æмæ мын дзы мæ сæр ахъаззаг цæф фæкодта. Сæфт — дыууæ сæфты! Мæхи йæм нал баурæдтон æмæ йыл æз дæр дзæбæх бандæгътон! Йæ хæмхудтæ тугæй схъулæтæ сты. — Уый, куыдзы фырт, дæуæн дæ лымæн у, дæ хо нæу! Ды йын цы- дæр каппечытæй йæ зæрдæ балхæд- тай, фехæлдтай н’ын нæ цард. Ма- газинтæй йын хæссыс алцы æмæ йæ сайыс! — Уæдæ адæмы ’хсæн ахæм æнæ- уаг ныхас ды ахъæр кодтай? — Æз цæмæн, сæхиуыл цæстытæ ис, хъустæ! Куырм, къуырма кæй æнхъæлыс? — Цæуын æмæ дæу уымæй чи фæрсы? Йæ буар кæмæн дæтты, уьтй йæхи хъуыддаг у! Лæг æй хъæ- уы! — Дæ хойы усы бынаты кæй æрæ- вæрдтай, уый дын ничи ныббардзæ- нис! К/ьуыппæнзарæг дыл скæндзы- сты! Зæххыл сылгоймаджы . азар бацыд? Йедзаг куы сты? Дæ мыг- гаджы чызджытæй дæр цалдæрмæ фæрæдыдтæ. Дæ бинойнаг дæр дын дæхи хъæбулы дæуæй рамбæхс- бамбæхс кæньт! Æвзæр лæгæн са- разын цынæ бантысдзæн! 58
— Ды кæныс дæ фæстаг ныхæс- тæ! Фенæм, кæддæра цас фæхизис ацы дунейы? — Бартхъирæн мæм кодта, стæй мæ æхсæвыгон мæ уа- тыл амардта. Ныппæрста мæ архы доны, йæхæдæг уæлдæр хицæуттæм баввдыста, цыма мæ найгæ-найын æндзыг низ æрцахста! Ахста горæ- ты фæткæвæрæджы бынат, афтæ- мæй уый хуызæн чи хæлдта закъæт- тæ? Уыд фыццаг сæркъуыр, æнак- каг æмæ цъаммар. Йæ хъуыддæгтæ кодта зыгъуыммæ. Горæты цыдæр- иддæр æвзæргæнджытæ уыд, семæ дардта сусæг < бастдзинад. Басты- гъта сæ, бахордта бæстæ. Къам- тæй æхцайыл хъазыд. Стыр нымæц- иу ын чи фембылд, уымæн иу сæ бафидын йæ бон куы не сси, уæд та-иу мæсты кæмæ уыд, уый-иу ын амарын кодта. Хъазыд рæсугъд чызджытыл дæр. Йæ ных-иу ын чи бакъуырдта, уымæ та-иу марынмæ æрхъавыд. Йæ ницæйаг уд æм каст >,ынаргъ. Æвæрдта йæ æппæтæй цæр уæлдæр. Хæсты рæстæджы та йæ зонгæ дохтыртæ зондцухыл ба- нымадтой. Авæрдтой йын æгæр карз диагноз: «глубокоспихопати- ческая личность с частыми при- падками», зæгъгæ, цæйнæфæлтау фронты йæ мæлæт æрцыдаид, фæл- тау цæттæ уыд цыфæнды худина- джы ном райсынмæ дæр. йæ зæгъы- нæй дæр лæгæн йæ цæсгом сырх кæны, (Ьæлæ рæстдзинад рæстдзи- над у! Иæ цæсгом, дам-иу байсæр- ста... Фронтæй æвзæр хабæрттæ куы хъуыст, сылгоймагты, зæрæдты дæр-иу куы кодтой, уæд уый та æо- оадоны æфсæйнаг фæлгæттæй гуы- дзиццытæ ласта. Ацы рæстæджы нæм æрбацыд ныллæггомау дзыгъуырдзæсгом ус. Æдзынæгæй йæм комкоммæ бирæ йæкаст, стæй йæ былтæ базмæлын кодта: — Мæн нал хъуыды кæныс? — Нæ. — Лзæбæх-ма мæм æрбакæс! — Мæ цæстытæ хизынмæ не сты! Кæсын дæм! — Æмæ? — Æмæ цы?! — Цьт, цы, æз Хурамзе лæн, Бай- йаты. Дæу тыххæй* ахæстоны амард- тæн. Хæсты размæ дын дæ хæдзар- мæ æвзонг чызджыты кодтон нæуæ- гæй-нæуæгмæ. Ды та сыл дæ зæр- дæйы дзæбæхæн рад руагътай. Иу бон-иу кæмæй фæхынджылæг код- тай, ууыл-иу дыккаг хатт нал бав- вæрсыдтæ. Афтæмæй сæнамонд код- тай сæдæ сывæллонæй дæр фылдæр! Мæнæн та æппæрстай давæггаг æх- цайы муртæ. Æмæ уыдон дæр мæ фарсæй фесты. Бахаудтæн ахæс- тонмæ. Уым бирæ нæ бафæрæзтон. Мæ чысыл бынтæ дæр ма дзæгъæл баззадысты. Ныр ам адæмы тæри- гъæдты уæзæй, фæндырыхæрæгау, ныкъкъæдз дæн. Адæймагау дыу- уæ къахыл нæ цæуын, фæлæ хилын мæ цыппæртыл. Зындоны дыккаг зылдæн мæм нырма йæ кæрон дæр нæ зыны. Дæуæн та • зæххыл уæз кæнынц, нымæц дæр сын нæй! — загъта æмæ йын йæ цæсгом ныц- цавта. — Æлъгъаг цыдæр! Дæ би- рæ цъаммардзинæдтæ дын фыст никуы фæуыдзынæн! Уыдон демæ фиддзысты дæ бинонтæ: — чи дæ ныййардта,' фыццаг хатт дын дзи- дзи чи бадардта, уыцы æлгъыстаг мад, гæртам æхца къонагай кæмæ хастай, дæ хъуыддæгтæ аив кæмæ кастысты, æдзух дæ сæрыл чи хæ- цыд, дæ уыцы мæллæджытæ ус, дæ зондцух сывæллæттæ. Лæджы сыгьдæг ном: намыс, фарн баивтай мулкыл. Мæнæ саудалынг уæрмæй сбы- рыд зæронд ус. Царм æмæ дзы стджыты йеддæмæ ницы уыд. Къæдз лæдзæг йæ цыргъ роцъомæ быцæу радта, афтæмæй лæууы. Дыккаджы алæмæтон аргъæутты къулбадæг ус! Хылгæнæг сылгоймаг æм цæх- гæр фездæхт: — Ацы сЬосы мыггаджы ды ный- йардтай? Ды йæ рауагътай цард- мæ? — О, æз! — Æмæ йын фыццаг хатт йæ дзыхы дæ урс æхсыр куы ныттагъ- тай, уæд цæуыл. хъуыды кодтай? — Цы мæ домыс, дæ дæлгоммæ ныхæстæн дын ницы ’мбарын? — Хуыздæр нæ уыд, уыцы æхсыр уый бæсты хъæстæ калмы хъæлæ- сы куы ауагътаис? — Нæ уыд!.. — Æз дæн мад æма мыл æрдзы раз цы хæс уыд, уый сæххæст код- тон! — Хæстæ алыгъуызæттæ вæй- йынц! Ныййарæг дæр хъуамæ зона, цы фæлдисы! Алчи цардмæ йæ æл- гъаг тыхтæ куы скъæра, уæд зæх- 59
хыл хорзæн бынат нал уыдзæн! Цæмæн хъæуы калмы лæппыны хъомыл кæнын? Цæмæй алкæй æнæниз буары йæ марг кала, хъæс- тæ кæна йæ алфæмбылайы дуне. — Дурзæрдæ амазонкæ! Сывæл- лоны авдæнмæ ничи мары! Цы мад уыдзæн, йæ саби йыл кæуа æмæ йын дзидзи ма бадара? Æгæрыстæ- мæй куы зонай, райсом дæ бахæр- дзæн, уæддæр! Саг сырд у, фæлæ кæддæр куы федта домбайы си- дзæр лæппыны стонгæй мæлгæ, уæд ын фæтæригъæд кодта æмæ йын дзидзи бадардта. Иннæ сырдтæ йæм райдыдтой хæцын, зæгъгæ, дам, уый не знаг у! Куы бахъомыл уа, уæд махуæлдай дæуыл дæр нæ бацауæрддзæн, ныскъуыдтæ дæ кæн- дзæн?! Æмæ уый хъæддаг сырд уыд, мах та адæм куы стæм? — Фæуæд дæ ныхас! Ды бафыс- тай ныййарæджы хæс. Фæлæ нын, цыма, æгæр зынаргъ не слæууыд? Ныр уый тыххæй ды дæр ам хъуа- мæ судзай Зындоны цæхæры! — Цы бон мыл ис! Мæ хъæбул кæм уа, уым æз дæр бафæраздзын- æн! Æвæццæгæн мæ амонд ахæм уыд æмæ!.. — Амонды кой ма кæн... Ус йæ ныхас кæронмæ нæ фæци, афтæмæй милицийы хицау Аæстæ- мæ цыдæр цæрæгой фестад. Йæ бы- рынкъ уæлæмæ сдардта æмæ, куы- дзау, дæргъвæтин ниуд ныккодта. Искæмæ сидт, æви йæ рыст æвдыс- та, — зын зæгъæн у. Фæлæ чысыл фæстæдæр æрбацыдысты йæ бирæ туджджынтæ. Æрлæууыдысты рæ- хысæй æмæ йæм радгай тызмæгæй дзурынц: ФЫЦЦАГ ТУГИСÆГ: — Мæ- гуыр, æвæрæз лæгæн цы йæ бон V. Мастисьтныл никуы слæууыдтæн. Æниу куы слæууыдаин, уæддæр дæ цьт ахастаин? Тыхджьтн раст у, æдьтх — зьтльтн. Иæ ньтфс дæм ни- чи хаста. Кæддæриддæр иунæг хуьт- цауæн куывтон, цæмæй дьтн мæ тæригъæд мя ныббара! Ме ’лгъыст дьтл æрцьтд. Æхсызгон мьтн V, ахæм уавæры дæ кæй лшнын! Æгайтма нæ рафæлдисæг ялкæмæнлæр ^æсьт æмбæлон тæрхон! Мæ лæг хæстьт сЬесæфт, хъаруджынæй хъахъхъæд- тя не знæгтæй Райгуырæн бæстæ. Æхсæз æнахъом сывæллонимæ иу- 60 нæгæй баззадтæн. Куыдтæй сæ ра- хъомыл кодтон, уый мæ куыстцагъд уд йеддæмæ ничи зоны! Сæ къæх- тыл куы слæууыдысты, уаед мын сын цы митæ сарæзтай? Куыд сын æрбайхæлдтай сæ цард уалдзæджы къæсæрыл? Мæ хисдæр лæппуйы мын дæхи къухæй мæрдтæм барвыс- тай! Арæзтадон æрмæджытæ кæм уæй кæнынц, уым куыста. Ды дзьт, æдзæсгом, æнæаргъæй алцы лас- тай! Æнæхъæн æфтауцдонæй йæ бынæй рухс суагътай! Æмæ иу лæг фæдарынæн та цы хъæуы? Фæлæ дæ хуызæттæ цал æмæ цал уыдысты?! Иæхи æддейæ, чи сæ йæ каисæн арæзта хæдзар, чи — йæ сиахсæн, чи йæ — мадæн, чи — йæ хойæн, чи — йæ дард хæстæгæн. Адæмыл та хур дæр не ’ххæссы! Нал уыд йæ бон ахæм æнæсæфт митæм кæсын æмæ дыл иубон бабустæ кодта. Ныр, дам, сымах тьтххæй ахæстоны сбадон! Ды йæм, лæхъугсæр, æмбыдхуылф, маст бахастай! Сусæгæй йæм реви- зигæнджыты барвыстай. Уыдон ыл снымадтой дзæвгар хæрд. Хъуьтд- даг ахауд прокуратурæмæ. Ды ба- рæй, сай-майты дæхи йæ сæрылхæ- цæг скодтай. Ныллæуыдтæ сын æхсæны лæгæй. Баныфс ын æвæрд- тай, æз, дам, дæ ахæстонæй фер- вæзын кæндзынæн. -Кæйдæр был- тæ, дам, дзы айсæрдын хъæуы. Тыхст, уынгæджы лæг цы нæ кæ- ны? Баууæндыд дыл. Айстай дзы стыр æхца, æнхъæл дæн, — дыууи- ссæдз мины! Афтæмæй та никæимæ бадзырдтай! Нывæрдтай гæртам дæ дзыппы. Мæ фырт та ахæстоны смидæг! Кæмæндæр, дам, йæ куы- рой фезгъæлста æмæ, дам, ын йæ саснр дæр йæ фæстæ фехста! Ма- хыл дæр уый ми æрцыд. Æхца дæр ма бынтон дзæгъæлы фесæфтысты! Æвдисæн уын нæ уыд, къухфыст ницы радтай! Æз дын загътон, хъуыддæгтæ куьтд саразын хъæуы, уьтй нæ зыдтай? Мæ лæппу уьтм зæрдæниз райста æмæ амард. Ныр дæм æз æрбацыдтæн мæ тугисын- мæ! ДЫККАГ ТУГИСÆГ:—Уæлион дунейы дæ фæдыл бирæ фæзылд- тæн, фæлæ дæ мæ маст нæ райстон! Мæ разæй мæрдтæм фæцыдтæ. Нал мын аирвæздзынæ! Хъуамæ дæ лыс- тæг къуыхтæ ныккæнон! — Иу æры- гон лæппуйæн йæ къухы сугсæттæн
фæрæт, афтæмæй йæм лæбурьь Иргъæвджытæ йæ нал æмæ нал уромынц. — Ды мæ фæаиппджын кодтай, Мæ сæр мын æфсæинагæй ныццавтай æмæ цæрынæн нал сбæ- зыдтæн. Фесæфтон мæ зонд, мæ хъуыды. Нал зыдтон хион, хæстæг, æддагон! Зылдтæн хæдзари-хæдзар, хъæуи-хъæу. Алкæмæ дæр худтæн, кæрдзыны къæбæртыл мæ кафын кодтой. Стæй бахаудтæн æррадон- мæ. Хæццæ хъуыдытæй сфæлмæцыд- тæн. Мæ разы-иу удæгас хуызты сыстадысты цæстылуайæнтæ. Афтæ- иу мæм каст, цыма мæм ныртæккæ иннæ уатæй æрбацæуыдзысты æн- дæр æрратæ мæм мæ ныргæвддзы- сты. Райдыдтон-иу хъæр кæнын. Дохтыртæ та-иу мын судзин сарæз- той æмæ та-иу мæ хъæбæр уатыл бандзыгау дæн. Иуахæмы мæм ца- рæй цыдæр дæлимон æрцæйбырыд. Æз фæтарстæн, мæ дзабыртæ къæх- тыл зыгъуыммæ акодтон æмæ дуар ахъаззаг ныххостон. Мæ ’ хъæрмæ дохтыртæц ничи сыстад. Уæд фæ- комкоммæ дæн рудзынгмæ, базгъор- дтон æм, ныццавтон æй мæ сæрæй. Æвгтæ базгъæлæнтæ сты, ’фæлæ æфсæйнаг фæлгæттыл ныппырх код- тон мæ сæр. Ууыл аскъуыд мæ цард. Æз дæр дæм æрцыдтæн мæ туг- исынмæ! ÆРТЫККАГ ТУГИСÆГ: — Фынд- дæсаздзыдæй мыл тыххæй ныххæ- цыдтæ. Басывæрджын дæн. Ды мын хъуамæ сусæгæй гуырæндоны мæ сывæллоцы сисын кодтаис, фæ- лæ мæм дохтыртæ сæ ныфс нал бахастой. Æгæр бирæ рæстæг, дам, ыл рацыд. Уæд ды дæр бавдæлдтæ æмæ мæ амардтай. Цæмæй мæ мæ бинонтæ ма агуырдтаиккой, уый тыххæй мын мæ мæлæты размæ мæ хурхмæ кард ныддардтай. Мæхи къухæй мын фыстæг ныффыссын кодтай, цыма æз цæуын ахуырмæ æндæр горæтмæ. Чидæр сæм мæ номæй æрвыста фыстæджытæ, дзæ- бæх, æнæниз, кæй дæн æмæ мæм сæ зæрдæ куыннæ æхсайа! Ныр дæ мæ туг хъуамæ райсон! ЦЫППÆРÆМ ТУГИСÆГ: — Æз куыстон институты. Цалдæр азы мæм фæд-фæдыл дæ чызг лæвæрдта фæл- варæнтæ. Ницы зыдта æмæ та-иу алыг. Ды маст исыны фæндагыл ныллæууыдтæ. Æхцатæн сæ номырта сфыстай, афтæмæй мын сæ сусæгæй мæ дзыппы нывæрдтай. Дæхæдæг фехъусын кодтай милицимæ. Ба- цыдыстут æмæ мæ ракодтат лекци- тæй. Тæрхондоны мыл æрфыстои гæртам, æмæ мын аскъуыддзаг аст азы. Газеты дæр ма мыл рауагътай æргæвдæн фельетон. Ахæм æвир- хъау хабар адæмы ’хсæн айхъуыст. Райдыдтой мæм зулмæ кæсын. Дзыртой: «Тæригъæд ын нæ хъæуы! Уадз, базша, хæрам фæллой кæй нæ тайы! Нæ дын ныууадздзынæн мæ маст! Туг тугæй æхсын хъæуы! ФÆНДЗÆМ ТУГИСÆГ: — Иу бынатмæ лимитæй дæ лæппуимæ лæвæрдтам фæлвæрæнтæ. Мæнæн иу бал фылдæр рауад. Æфсады служба дæр мын банымадтой, уыд мын куысты стаж дæр. Дæ фырт та нырма уыцы аз фæцис астæук- каг скъола. Ды куы базыдтай, тас ын у рахауынæй, уæд мæ мæрдтæм барвыстай. Дæ лæппу та бар-æнæ- бары сыстуденти. Фæлæ бынат дзæгъæлы фесæфта. Тыххæйты фæ- бырыд цыппæрæм курсы онг, стæй кæим’æ дæр фæхыл æмæ йæ расырд- той. Дæ фыдæбонæй дæр ницыуал рацыд. Кæй ныррæхуыста туасæй, уый фыд дæхицæй стырдæр лæг ра- зынд. Сдзурын æм нæ суæндыдтæ! Фæстæдæр дын снаркоман ис, фе- сæфта иннæ фæсивæды дæр. Дæ хæдзары æмбæлон фæтк æрæвæрын дæ бон нæ уыд, гас горæтæн схицау дæ! Æдзæрæг хъæуы, дам, рувас — æлдар! Æз дæр дæм æрцыдтæн мæ туг исынмæ!!! Уыдзæн ма.
ПЛИТЫ ОЛЕГ Ыскуыдтой хъæды бирæгътæ, ысниудтой, Цыма фæхъуыд сæ бинонты хуыздæр, Кæнæ та сæ цæгъды фыдызнаг иугай, Æмæ фæци уынгæджыйаг сæ сæр. Дзæгъæл фосау, ныппырхи мигъ дæр кæмтты, Фæлыгъд, фæфардæг, дард бæлццонау, бон. Фæллад æхсæв, æрфысым кæн хæхбæсты ’Мæ та дæ балцыл ахæцдзынæ сом. Мæ фыды нымæт айтыгътон цъæх нæууыл, Улæфы комæй рог уддзæф мæныл. Æхсæвы цъиутæ... Бацагайдтой бæрзыл Æвзæр чындзытау ратон-батон, хыл. Хъуыды кæнын нæ дзыллæйыл, нæ дугыл, Кæдæм фæлидзы-тар æхсæвæй бон; Цæмæн ис ностæ сау мастæй мæ удыл, Цæмæннæ у мæхийау цард æргом? Гъе та æфхæрд кæмæй райгуырдис царды, Цæмæн фæмарди цардхъомæй мæ фыд; Цæмæн æвзидынц чидæртæ сæ кардæй, — Æви нæ дæн æз Иры зæххыл гуырд? Æви кæсы мæнмæ хуыздæр мæлынæй Æгады ном? — мæ туг ыл уадзы арт. Æниу зæххыл цы лæг бафсæст цæрынæй, Кæнæ лæвар цы лæг ратдзæн йæ цард? Е Фæлмæнуырз уддзæф æфсирты рæвдауы, — Æркъул кодтой сæ бур сæртæ чындзау. Æдзынæг хъусынц — уахъæз сын куыд зары Æви та мысынц рагуалдзæг, цъæхтау? Бæрæг у иу: тъæппытæ хауынц хуымы, Сæ сыг, ызнæт хуыйы барцау, ныхъхъил. Ыскодта фæззæг ’гас дуне йæ быны, Ай-гъай, ыстылд сыгъзæрин доны цил, Хъуынджын хуымæллæг афардæг нæ сисыл, Иæ уæлæ йæ æртыхта ронæн кæрз. Ныххæбæцц ма и дзедæрæджы хъисыл Æмбыд кæрдо, æруагъта йыл йæ уæз. Иæ сырх бецыкк мæм мыртгæ пыхсæй ’вдисы, Æркъæлæс и, ныззæбул цъуй сырхæй. Сæ буц митыл куынннæ ыскъуыйын дисæй, — Дæуæй хуыздæр, мæ Иры фæззæг, нæй! 62
О, гас цæуай мæ зæххыл, хур! О, гас фæцу, фæзындтæ та мæм дардæй Æмæ та ссыгъд сырх сæуæхсидæй бон, Æмæ та райхъал булæмæргъы зардæй, Æмæ та байдзаг цъиуты зардæй ком. Æмæ та райгуырд Иры бæстæ ногæй, Æмæ та хуым, дзыгъуыр чызгау, ныббур. Кæс-ма, куыд растад урспыхцыл мигъ комæй, О, ме ’нусон, æнувыд бæлццон, хур. О, Иры зæхх, мæнæуый та цы куры? — Фыййауæй ам фæуæд мæ цард, мæ бон. Æрмæст хуыссæд мæ урс гоко мæ цуры, Æмæ-иу хизæнт м’ алыварс мæ хъом. Пыр та рæмудзы иу зарæг мæ удæй, Æрæвæрдтон мæ сæры бын мæ худ. Фыссын... Нæ Ир, нæ хæхбæсæ,.нæ дугæн Æз дæр куы хъарын, сабийау, мæ уд. Рукъаг райсом Урс фыркъатау, мигътæ хъазынц рæгътыл, Рог æртæх цъæх кæрдæгыл — фынæй, Хуры тын нæма сныдзæвди хæхтыл, Лныгъуылд нæ цъæх суадоны мæй. Ирд дзæнхъатæ бахудынц йæ бынæй, У рæсуг, цæстысыгау, йæ дон, Уæрцц ныхъхъус и, ’вæццæгæн ныффынæй, Гъе та нал у уасынæй йæ бон. Цæй, ыссудз, сырхсæуæхсид, фæсрагъыл, Бурсамдзели, ферттив мæм фæрнæй. Ехх, кæд уыдтæн æз фæстаг хатт Магъы, Рукъгомы кæд ма мыл ыскаст мæй. ’Фсати, раскъæр дзæбидыртæ Ресыл, Сау хох, кал мæм хъарм хурмæ тæмæн. Æз æрзылдтæн Гунибыл, Черкесыл, Фæлæ Рукъ — мæ удæнцой мæнæн. Бузныг! Ысчъиллон мит, фæдзыгъуыр ысты хуымтæ, Фырбуцæн ма нæ тæдзынæг кæуы, Нæ хоры хуым, æлвыд сæгъау — уырынгтæ... Нæ уалдзæг та нæ фæсчъылдым лæууы. Фæсау ысты нæ ауæдзтæ, нæ адаг, Фыццаг чъырттым дæуыл ,куы кæны цин, Æвзонг лæппу йæ зарæг систа цадæг, Æрфасы уæныг йе ’взагæй йæ син. 63
Ныффынæй ысты кæрчытæ дæр хъармы, Йæ дæларм уасæг ’рымбæхста йæ сæр, Ныссыффыт кодта зæрватыкк цъæх арвыл, — Тæхуды, фен æндæр бæстæ ды дæр!.. Кæм вæййыс, кæ, зæгъут-ма мын æргомæй, Австрали у, Арави, гъе — Заир? О, гас цæуай! Ыстыр бузныг — мæ номæй, Кæй нæ ныууадзыс рохуаты нæ Ир. Ыспырх ысты, фосау, нæ сычъитæ рæгътыл, Ысныхсти цъæх арвы йае цыргъ цъуппæй Рес, Йæ пырхæнтæ калы æхсæрдзæн къæйвæхстыл, Зæххы фарн, тæхуды, дæ нывондаг фест! Мæлгъæвзаг цъиу систа мæ сæрмæ йæ зарæг, ХУР> бур фиуау — арвыл, зæрин тынæй баст, Æрызгъордта зæхмæ хæлцагур æхсæрæг, Фæстæмæ та къалиуыл февзæрд æваст. Бон сытынги хæхты, æвзист тæмæн калы, Нæ цæгаты цъити ныкъулы йæ цæст. Хур арвæй зæлдаг тынтæ Ирыл ызгъалы, Ирыстон та амондыл абон фæхæст. Нæ зиууæтты «æйтт-уйтт» кыззæлы нæ кæмтты, Хъырны ма сын комæй, чыр-чыргæнгæ, дон, Бæхы сæртæг мыр-мыр, байраджы цъæхснаг уаст, Нæ хосдзæутты кæсдæр кæмæндæр нæ сæтты: — Мæнæн дæр мæ цæвæг — аламаси, æндон! Бæхы сæртæг мыр-мыр, байраджы цъæхснаг уаст, Нæ дзæнхъабын дæттæ, нæ рагон мæсыг, Мæ зæронд, рынчын мады уарзон цæстæнгас, — Мæ цин æмæ амонд, мæ судзгæ цæссыг! «^^*
ТЕДЕТЫ САДУЛ МАХОРКÆ Радзырд Нæ фыдæлтæ-иу æмбисондæн арæх дзырдтой, зæгъгæ, лæгимæ цалынмæ иу пут цæхх бахæрай, уæдмæ йын йæ лæгдзинад нæ ба- зондзынæ. Мæнмæ ахæм хъуыды алыхатт æххæст растнæ кæсы. Æз бирæ адæймæгтимæ иу пут нæ, — фылдæр цæхх бахордтон, фæлæ сын сæ хъуыдытæ, сæ мидвæндтæн ни- цы уыйбæрц базыдтон. Æрмæст хорз рахатыдтон уый, æмæ сын кæд иууыл сæ размæ сырх айк тулай, уæд нымады дæ сæ цæсты, науæд... Æмæ, хъыгагæн, лæджы къухы уыцы сырх айк алы хатт нæ бафты. Æз æм’æ Мирман иу коймаг, иу хъæуккæгтæ стæм. Гуыргæ дæр иу аз ракодтам, æрмæст æз —майы, уый та — январы. Мирманыл дæс азы куы сæххæст, уæд йæ фыд амардис, иу къуырийы фæстæ йæ мæ фыд дæр баййæфта... Рæстæг æнтъыснæг уыдис, хор- хъуаг, бæгънæг, бæгъæмвад æй- йæфтам нæ дыууæ дæр. Цыппæрæм къласæй рацыдыстæм æмæ иу хъæуы дыууæ æфсымæрмæ (кулак- тæ уыдысты), æххуырсты ныллæу- уыдыстæм. Фыййау цыдыстæм, сæ бирæ фос сын хызтам. Нæ сыл æх- хæссыдыстæм, иудзырдæй, фыдæ- бон, тухийæ мардыстæм. Æфсы- мæртæ хыл уыдысты. Кæрæдзимæ знаджы цæстæй кастысты. Уый тыххæй нæ иумæ хизын нæ уагъ- той. Æрмæст нæ зæрдæтæ кæд- дæриддæр фæрсæй-фæрстæм уыды- сты. Хицæуттæ-иу искуы балцы куы фæраст сты, уæд-иу нын рæстæг фæцис нæ фос баиу кæнынæн. Ахæм бонты-иу нæхицæн дæр æнцондæр уыд. Мирман асæй мæнæй бæрзонд- дæр уыдис. Къæсхуыргомау, дæргъ- дзæсгом, къуыппных. Фындз гуы- быргомау, галиуæрдæм зына-нæ- зына—къæдз. Мирман-«р»-йы бæсты дзырдта «л». Иуфæззæг нын нæ фысымтæ хæлæфтæ æмæ хæдæттæ бахуыдтой. Уымæн — четæнæй, мæ- нæн та — кæттагæй. Мæнæн куыд æмбæлд, афтæ рауадысты. Мир- манæн дæр уæллаг дзæбæх рауад, фæлæ хæлаф — цыбыр. Фæкъæдз- гæнæнтæм æххæссыд, æндæр нæ. — Мирман, уыцы хæлафы къæх- тыл-ма уырдыгмæ æрхæц, æркæс- ма дæ уæрджытæм, теуайы зæнг- тау дын бæгънæгæй куы ныкъкъæ- дзтæ сты; —.бадзырдтон æм æз иу- бон, фосы фæстæ куы фæцæйцыд, уæд. — Бæлгæ, фæлæ мын æндæл нæ комынц. Нæ уыныс, цыбыл, када- вал сæ бахуыйын кодта мæ чъынды æфсин, — сдзырдта Мирман æмæ мæм æрхæндæгæй æрбакаст. Æз ын куыддæр фæтæригъæд кодтон. — Фос куы ривæд кæнæм, уæд дын сæ æз фæдаргъдæр кæндзынæн, ис сын æруадзæн. Уыцы бон, æцæг, ривæд кæныны рæстæджы мæ фос «хуыцауы» æв- джид фæуагътон æмæ Мирманмæ ратындзыдтон. Хурбон уыдис, нæ- зыйы бын аууоны æрбадтыстæм. Æз ма нæхицæй цы хæлаф рахас- тон, уый мыл мидæгæй конд уыдис, феппæрстон æй, Мирманы хæлафы къæхтæм æфтауын цас хъуыдис, уыйбæрц дзы фæлыг кодтон, æр- барстон сæ мæхи уæлæ. Уый лæу- уыд æдзынæг. Иæ сæгъдзæстытæ мæм ныдздзагъыр кодта, фæлæ мæ, æвæццæгæн, уынгæ нæ кодта. — Ралас хæлаф æмæ йæ ардæм æри, — бадзырдтон æм. Мирман, цыма, йæ тарффынæйæ фехъал, уыйау фестъæлфыд. — Цы загътай, — афарста мæ æрæджиау. — Æри ардæм хæлаф,- фæдаргъ- дæр æй кæнæм, науæд афтæмæй хърихъуппы хуызæн дæ. —-Хълихъуппы хуызæн, зæгъыс? — О, æнамонд хърихъуппы æн- гæс, — сдзырдтон ’та æмæ бахуд- тæн. 5. Журн. «Фидиуæг» № 8. 65
— Нылтæккæ, — сдзырдта Мир- ман,— нæзыйы бындзæфхады ау- уон балæууыд, хæлаф, æфсæрмгæн- гæ, фелвæста æмæ мæм æй æрбап- пæрста. Æз мæ хæлафы къæхтæй кæй ралыг кодтон, уыдон Мирманы хæлафыл æрæвæрдтон. Раст джип- пыуагъдау абадтысты, бацин код- гон. Мирман мæм æввахс æрбалæу- уыд, мадард, æнæхæлаф у, уый йæ, æвæццæгæн, рох дæр фæцис. Уым нæзыйы цырагъæй туас аца- рæзтон æмæ, æрдæбон иу сывыл- дзæй цы лыстæг мæцъытæ рас- тъыгътон, уыдонæй сæ, цас гæнæн уыд, уыйас лыстæг бахуыдтон. Фестадтæн, нырма йæ мæхиуыл æрбарстон. Мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ лæппумæ бакастæн. Хæлаф æм баппæрстон æмæ йын загътон: — Скæн-ма йæ, æнхъæлдæн, хорз рауад.—Лæппу хæлаф скодта, æр- кастис æм, бахудтис æмæ загъта: — Куыддæлиддæл мæ хъуыдис, афтæ лауади. Ацы хъуыддаг цæлæн- бонмæ мæ зæлдыл лæудзæн, ни- куы мæ фелох уыдзæн. Стуртæ радгай стын райдыдтой. Лыстæджытæ дæр бæлæсты бын нал фæлæууыдысты, ч къутæрты апырх сты. Хуры зынг цæст ныгуы- лæны ’рдæм фæуырдыг. Мах дæр фестадыстæм æмæ нæ фосмæ фæ- цæуæг стæм. II Рæстæг цыдис. Иу бон иннæйы ивта. Мах дæр фыййауы лæдзæг æмæ нæ хæлын хызынтимæ нæ фы- сымты фосы фæстæ хылдыстæм. Кæм дзаджджындæр кæрдæг уыд æмæ кæм хуыздæр бафсæддзысты, уыцы бынæттæм сæ скъæрдтам. Мæгуыр дæ цармы бон, изæры се ’ппæт дæр æфсæст, сæ гуыбынтæ дæнгæл куынæ уой, уæд. Иухатт æрцыд ахæм хабар: Мир- маны фысым кæртмæ бахызт, бæ- рæг кæны йæ фосы. Иууылдæр бы- наты сты, зæгъгæ, куы базыдта, уæд иуран алæууыд, арвы ’рдæм скаст, хъуамæ базарыдаид, фæлæ кæрты æддейæ йæ сæгътæй иу хъæрзгæ куы бафиппайдта, уæд за- рæг йæ хъуыры фæбадт. Сæгъыл схæцыд, йæ къæхтыл слæууыд, фæ- лæ та базыр-зыр кодта æмæ йæ бы- наты æрхауд. 66 — Мирман! Фыййау! Лæппу! — хъæр кæнын райдыдта лæг. Мирман хæдзары фæстæ хуыс- къаг фосæн цæхх дардта, хицауы сидтмæ фæзынд, йæ фарсмæ æр- лæууыд: — Мæнæ дæн, цы мæ кæныс? — Уæдæ æз дæр ам дæн, — сдзырдта хицау æмæ лæппуйы æх- сæрфарс тымбыл къухæй ахæм цæф фæкодта, æмæ йæ дæларм цæхх цы тæбæгъы уыд, уый иуæрдæм фес- хъиудта, худ — иннæрдæм, йæхæ- дæг та дæлбыл, пысыраты смидæг. — Куыдзы хъыбыл, дæс путы хъæ- бæр хор æмæ æртæ зайгæ фысы хъуамæ атеу-теу кæнай, нæ? Куыд- дæр сæгъыл исты æрцæуа, афтæ де ’ртæ фысыл дæ къух сис, — сдзырдта ма лæг, йæ рахис къух батылдта æмæ хæдзармæ фæраст. Æз суадонæй къæртайы дон æр- бацæйхастон æмæ ацы ныв куы ауыдтон, уæд каугæрон æрæмбæхс- тæн; мæ зæрдæ риуы атыппыр, адæнгæл/ мæ роны фарсылдарæн кардмæ фæлæбурдтон, хъуамæ æф- хæрæгмæ алæбурдтаин, фæлæ мæ фæндæй мæхæдæг дæр фæтарстæн æмæ... Уый бæсты донгарз фел- вæстон, хæдзармæ йæ баскъæфтон. Мæ фысымы ус мæм æрбакаст, æвæццæгæн, мæ хуыз мæ бынаты нæ уыд æмæ- мæ афарста: — Цы ’рцыдис, зæгъгæ. Æз ын хъуыддаг мæ цæссыгтæй бамбарын кодтон, загътон ын сæгъы тыххæй дæр. Уый уысмы бæрц æнæдзургæйæ алæу- уыд, стæй мæ афарста: — Кæм хыз’тысты лыстæджытæ? Æз ын загътон, нæ лыстæг фос абон кæмыты хызтысты,- уыцы бы- нæттæ. — О, уæдæ сæгъ залгъæд ба- хордта æнæмæнг. — Йæхæдæг цæр- дæг фæуад, цæджындзыл ауыгъд цы хъуырау уыд, уый райста, йæ мидæг — ахсæны тæнгъæд, иу къусы дзы æркодта æмæ мын загъта: — Тагъд ацу, сæгъæн дзы йæ хъуыры ауадзут, куы сома, уæд фервæздзæнис, науæд уыцы бирæгъ кæйдæр мæгуыр лæппуйы аныхъ- хъуырдзæнис. Æз къус фелвæстон, æддæмæ ахызтæн, æмбонды аууæтты гуы- быр-гуыбыр ныддугъ кодтон. Мир- маны фосы кæртмæ бахызтæн. Мæ- нæ рынчын сæгъы фарсмæ бады лæппу, йæ размæ йын кæрдæг, стæй
7 акъаци бæласы сыфтæртæ æвæры, хатт ын дзы тыххæй ахæрын кæны- иыл дæр афæлвары, фæлæ сæгъ йæ сæр, зивæггæнгæ, банкъусьГæмæ схъæрзы, базыр-зыр кæны. Мир- ман хæкъуырццæй кæуы. Цæсты бынтæ къададæттæ фестадысты. Мæн куы ауыдта, уæд мæм цыдæр æнхъæлцау каст æрбакодта æмæ мæ афарста: — Цы ис уыцы къусы? — Хос, хъуамæ дзы сæгъæн ба- дарæм æмæ адзæбæх уа. — Æвæццæгæн, нал фервæздзæн, æлкæс-ма йæм, йæ гуыбын куыд фæтоны, — сдзырдта лæппу æмæ æргом ныккуыдта. — Хæц мæнæ къусыл, хæлиудзых, — сдзырдтон æз æмæ сæгъы сæр мæ сагæхты акодтон, æфсæртæ мæ дыууæ къухæй ацахстон, фæйнæр- дæм сыл ахæцыдтæн, — рауадз ын йæ хъуыры уыцы хос. Мирман ахсæны. тæнгъæд йæ ризгæ къухтæй рынчын сæгъы хъæ- лæсы сабыргай ауагъта. Уый дæр æй, мæгуыр, зивæггæнгæ, ныхъ- хъуырдта, йæ хъуыртт-хъуыртт хъуыстис. — Хорз у, — загътон ын æмæ сæгъы йæхибар суагътон, Мирман- мæ æввахсдæр балæууыдтæн. Æнхъæлмæ кæсæм. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ сæгъæн йæ хъæ- лæсæй бур-бурид тæнгъæд скалди, хъылма тæф мæ фындзы хуынчыты смидæг, иу хатт сомдта, дыккаг хатт дæр. Стæй сыстад, йæхи ай- вæзта, иу хатт ма сомдта æмæ фенгæсдæр. Мирман бахъæлдзæг. Йæ былтæ, йæ цæсгом бахудæн- дзаст сты. Рынчын сæгъ, йæ разы цы кæрдæджы муртæ уыд, уыдон хæрын райдыдта. Ме ’рдæм æрба- каст æмæ æхсызгон уаст бакодта. III Диссаджы райсом скодта. Арв, сæгъы цæстау, æрттывта. Сæрды- гон хуссайраг рог уддзæф бæлæс- тыл узæлыд. Сыфтæрты сыбар-сы- бур хъуыст! Æз мæ фос кæртæй рауагътон, фысым мын кæдæм загъ- та, уырдæм сæ, дыууæ кауы ’хсæн- ты цы хуырджын фæндаг цыд, ууылты сыздæхтон. Нæудзарммæ схызтысты æмæ сдуртæ æртæхджын, бæмбæджы хуызæн фæлмæн кæр- дæг мерс райдыдтой. Мирман дæр йæ фос рауагъта æмæ мæ фæстæ нæ, фæлæ сæ хъæуы бынты баздæх- та, йæхæдæг сæ фæстæ, гуыбыр- гуыбыр, фæцæуæг. Æз æм сындæг- гай фехситт кодтон, ме ’рдæм куы фæкаст, уæд ын дыууæ къухы æн- гуылдзтæй ацамыдтон, цæмæй Ног ахойы лæнкмæ раскъæра. Лæппу мæ бамбæрста, йæ сæр разыйы тылд бакодта. Æз дæр мæхионтыл мæ цæст ахастон. Иутæ дзы Ног ахо- йы бын лæнкмæ бахæццæ сты, уый куы федтон, уæд хъæдрæбынты мæ- хи байстон æмæ уым, иу къуыппыл, тæрс кæлдым бæласыл æрбадтæн. Фосы та абæрджытæ кодтон, иу- уылдæр ам сты, уый куы базыд- тон, уæд мæ хызынмæ ныккастæн. Мæнæ иу хæбизджын, цыхт, торне- йы фых кæрдзынтæ, стæй цалдæр хай-ы дзидза залмысыфы тыхтæй. Хъуамæ хæрынмæ æрæвнæлдтаин, фæлæ Мирман мæ зæрдыл æрба- лæууыд. — «Нæй, ме ’мбалы хъу- лонæй ницæмæ февналдзынæн, уый дысон дæр æххормагæй схуыс- сыдаид, тæригъæд у. Куынæ йыл æрмæт кæндзæн йæ нард æфсин. Йемæ дæр ын цæхх æмæ хус нартхо- ры кæрдзыны къæбæртæ авæры, æн- дæр ницы», — загътон мæхицæн. Фестадтæн, алы ’рдæм ахъахъ- хъæдтон. Дæлæ Мирманы фос тарст- хуызæй дæлбылæй скалдысты, лыс- тæджытæ бæлæсты бынты разгъор- базгъор кæнынц. — Цыдæр хабар... Цæмæн сыз- - нæт сты, — загътон мæхицæн æмæ Мирманы ’рдæм мæхи цæрдæг ай- стон. Куыддæр зæнгæй бахызтæн, афтæ мæ хъусты смидæг цыдæр уын- гæг цъæхахст. — Мирманы хъæлæс, — загътон мæхицæн æмæ ныр цæу- гæ нал, фæлæ азгъордтон. — Бирæгъ, бирæгъ мын мæ фос ныццагъта! — ацахстой мæ хъустæ. Стурты богътæ æмæ Мирманы хъæр- тæй ком байдзаг. Хъæды дзыхмæ бафтыдтæн. Мæнæ иу стыр цъæх бирæгъ, йе ’ккой фыс, афтæмæй -ыæ тæккæ размæ æрбахауд. Нæ фæтыхстæн æз, мæ къухы цы даргъ .цъуй лæдзæг уыд, уый ныззылдтон, сырды сæрæн ахæм цæф фæкодтон, æмæ зæххыл фæхæбæцц, куыдзау схъыс-хъыс кодта, йæ амæттаг феп- пæрста, уырдыгæй атылд, стæй феотад æмæ хъæды бамидæг. Мир- ман кæуы, æрдиаг кæны. — Ма тæрс, нæ йæ аргæвста, дæ разы йе ’мбæлттæм бацыд, чысыл 67
йæ хурх фæхъæдгом æмæ йын ни- ’ цы у, — сдзырдтон æм æмæ фыс- мæ мæ къухæй ацамыдтон. — Каем сты мæ фос, мæ фæл- лой, куыдзы хъыбыл. Цæмæн ныр- гæвдын кодтай фысы бирæгъæн, — æрбайхъуыстис Мирманы фысымы хъæлæс. — Нæ йæ аргæвста, гыццыл ыл фæхæцыд, — ныккуыдта, афтæмæй сдзырдта лæппу. Ацахста уыцы мæрдты бирæгъ фыййауы хурх, балхъывта йæ. Уый базыр-зыр кодта æмæ зæххыл æр- хауд. Ноджы йæм зæвæтæй аздæх- та. Мæ маст рафыхт. Туг сæрмæ ныццавта. Хурхы тугдадзинтæ ра- цæйрæдывтой. Мæхи фæстæты бас- къæрдтон. Тыхгæнæджы сæр лæ- дзæгæй афтæ ныммырхтон, æмæ уайтагъд йæ зонгуытыл æрхауд, галиу къухæй ма бæласы цонг ацах- ста, слæууыныл ацархайдта. Куыд- дæр ын сыстын бантыса, афтæ ма- хæй алкæмæн дæр йæ цардæн хæрз- бон зæгъын бахъæудзан, — загътон мæхицæн. Лæдзæгæй та йын йæ цонг æрриуыгътон, сæр дæр ма иу дæнг фæластон, Мирманы цонгыл фæхæцыдтæн æмæ нæзыты ’хсæн- ты хъæдмæ баирвæзтыстæм. Дык- каг бон нæ мæгуыр хæдзæрттыл, тых æмæ амæлттæй сæмбæлдыстæм. IV Рæстæг, къамбецы уæрдонау, сын- дæггай тылдис. Иубон нæ хъæумæ æрбацыдысты дыууæ æнæзонгæ лæ- джы. Æххуырстыты, стæй сидзæр- ты номхыгъдтæ арæзтой. Мæн æмæ Мирманы дæр ныффыстой. Изæры сæ куыст куы фесты, уæд нæ иу ранмæ æрбамбырд кодтой æмæ нын загътой: — Хицауад горæты батрактæн скъола бакодта, хæлц, ахуыргæнæн дзауматæ паддзахады хардзæй уы- дзысты, фиддзысты сын стипенди дæр, зæгъгæ. Техникумы райдыдтам ахуыр кæ- нын. Ам иумæйаг цæрæнуæттæ дæр йæхимидæг уыдысты. Мæхи- цæй уын не ’ппæлын, фæлæ скъола- йы ахуыры хъуыддаджы æз рæвдз- дæр уыдтæн—чиныг бирæ уарз- тон, мæ уроктæ алыхатт дæр ахуыр кодтон хорз, уырыссагау-иу кæй не ’мбæрстон, уыдон та-иу æнæ- кæсгæйæ, тыхахуыр скодтон æмæ- иу сæ афтæмæй радзырдтон. Иу- дзырдæй, бузныг мæ уыдысты ахуыргæнджытæ. Мирманæн та йæ уæнгæл уыдис ахуыргæнæн дзаума; тетрадь, къарандас кæнæ чиныг уы- мæ стыр аргъыл дæр не ссардтаис. Ам дæр иу партæйыл бадтыстæм, мæ чиныг-иу мын фелвæста, хæрд- мæ-иу æй фæдардта æмæ-иу сдзырд- та: «Мæнæ». Ахуыргæнæг дæр-иу хъуыддаг зыдта æмæ иу бахудтис., Тæригъæд нæ зæгъдзынæн, Мирман мæгуырау нысан никуы райста. Ахуыргæнæгмæ лæмбынæг, зæрди- агæй хъуыста, æмæ-иу нын цы ба- цамыдта, уыдонæй-иу цыдæртæ ра- дзырдта. Уый ма афтæ, фæлæ куыд- дæр фыццаг курс фестæм, афтæ ме ’рдхорд тамако дымын дæр райдыд- та. Ие стипенди-иу махоркæйыл афардæг. Куынæуал-иу æм уыд, уæд та-иу кодта кургæ, уæлдайдæр та хистæр курсы студенттæй. — Æли-ма, махолкæ дæм уы- дзæн, дæ дымынмæ мæ комыкъул- ты дон амызт, — загъта-иу уый. Арæх афтæ кæй кодта, уый тых- хæй йæм йæ номæй ничиуал дзырд- та. Схуыдтой йæ «Махолкæ». * * * Фестæм скъола. Уыцы фæззæг мæ Сырх Æфсадмæ акодтой. Къомис- сариат Мирманмæ дæр фæдзырдта, фæлæ йæ цæмæдæр гæсгæ нæ ар- выстой. Баззади. Мирман чысыл рæстæг нæхи хъæуы ахуыргæнæг- æй акуыста, стæй йæ цыдæр курсы- тæм ахуыр кæнынмæ арвыстой. Æз æфсады дыууæ азы баслужбæ кодтон æмæ æрыздæхтæн нæхимæ. Рацыди цалдæр боны. Бафæндыд мæ Мирманы фенын. Раст зæгъын хъæуы, мысгæ дæр æй æркодтон. Мæ мады афарстон, зæгъын, «Ма- холкæ» кæм ис. Уый исдуг, æнæс- дзургæйæ, алæууыд, стæй мæм ком- коммæ æрбакаст æмæ сдзырдта: — Мирманы фæрсыс? — О, æз ын æй куы фенин, — сдзырдтон та. — Стыр лæг ссис, мæ хур, хорз бынаты кусы. Афтæ дзурынц, къуы- ри, дам, æм иу боны йеддæмæ ба- цæуыны бар дæр нæй. Мæ зæрде, бирæтæ уымæ бахауыны охыл сæ бон уым баизæр кæнынц, — загъта мын мæ мад. Адæймаг раст хъуа- мæ зæгъа, тынг æхсызгон мын уы- дис, бацин кодтон, зæгъын, мæн 68
дæр иу дзæбæх бынатмæ барвит- дзæн. Телефонæй фæдзурдзæн: — «Ацы лæджы уыцы бынаты куыд сфидар кæнат. Æфсадæй ног æр- цæугæ, æндæр», — æрнывæстон зæр- дæйы рæбын мæ фæндтæ. Æхсæвы, фынæйæ дæр Мирманы сурæт мæ разы хъен лæууыдис. Райсом фес- тадтæн, кæртмæ рауадтæн, физ- культурæйæ цалдæр фæлтæрæны ацарæзтон, стæй мæхи ацæттæ кодтон, мæ мадмæ бадзырдтон, зæгъын, Мирманмæ цæуын. Кæр- тæй ахызтæн, горæты уынгтæй сæ иуыл уырдыгаив ныууадтæн, кæ- ронмæ ма мæ дыууæ уынджы куыд хъуыдис, афтæ, куыд мын баца- мыдтой, галиуы ’рдæм фæзылдтæн, цалдæр метры ма бауадтæн. Мæ разы февзæрд иу-æртæ æддæгуæлæ бæстыхай. Фæтæн, райдзаст асин- тыл сызгъордтон. Къæлидоры иу уысмы бæрц алæууыдтæн. Мæ тæккæ рæзты иу æрыгон сылгой- маг æрбахызт. — Бахатыр кæн, фæлæ ам Зыгъ- гъуыдтаты Мирман кæцы кабине- ты кусы? — афарстон æй. Уый ахъуыды кодта, стæй сдзырдта: — Ды, æвæццæгæн, Михаил Пет- ровичæй зæгъыс? — О, уымæй. — Уæртæ ардыгæй æртыккаг дуар. Иæ разы рады бирæ адæм лæууы, — сдзырдта уый, æмæ фæ- цæуæг. Æз бацыдтæн, чызг мын кæ- дæм бацамыдта, уырдæм æмæ адæ- мы фæстæ æрлæууыдтæн. Иуцъус анхъæлмæ кастæн. Уæдмæ иу æры- гон къæсхуыргомау чызг кабине- тæй рахызт, йæ галиу къухы — цыппæрдигъон гæххæтт, дуары раз æрлæууыд, уæлæмæ сæвнæлдта æмæ гæххæтт къулыл цыдæр джыбытæй бафидар кодта, стæй къуымы иу стъолы раз æрбадт æмæ мыхуыр-/ гæнæн машинкæйыл йæ къухты лыстæг æнгуылдзтæ сразгъор-баз- гъор кодтой, йæ къæрцц-къæрцц райхъуыст. Адæм иууылдæр гæх- хæтмæ скастысты; Чидæр сдзырд- та: — Абон та куы никæй исы, ин- нæабонмæ сæрибар стæм, —радæй рахызт æмæ дуары ’рдæм фæцæ- уæг, йæ фæстæ атындзыдтой ин- нæтæ дæр. Æз иу уысм лæугæйæ аззадтæн, стæй стъолы раз балæу- уыдтæн æмæ чызгмæ бадзырдтон. — Дæ рын бахæрон, бацу æмæ йын зæгъ, Кортиаты Ацæмæз, дам, æфсадæй æрцыд æмæ йæ дæ фе- нын фæнды. — Æфсæрмы дæ кæнын, фæлæ мæ бон нæу, фæхыл мæм кæндзæн, æмбисонд та фæуыдзæнис æмæ... — Уый мæн тыххæй уæлдай ни- цы зæгъдзæн, — бахатыдтæн та йæм. Чызг йæ сæр банкъуыста, дзургæ ницы скодта. Сыстад, дуар чъыз- гæ бакодта æмæ йæ уайтагъд рах- гæдта. Мидæгæй райхъуыст цыдæр къæртæ, стъолы гуыпп-гуыпп. Æз фергъуыйау дæн, хъуамæ дуар фе- гом кодтаин, фæлæ уæдмæ чызг фæлурс, хуыздзыдæй рахызт. Иæ фæстæ разгъордтой мæнæ ахæм ныхæстæ. «Ацæмæз нæ, фæлæ мæ фыд Пи- до мæрдтæй куы æрыздæха, уæд- дæр æй нæ райсдзынæн!» Æз фыр- мæстæй рафыхтæн. Дуары сæр ма гæххæттмæ иу хатт скастæн, фæлæ фыстытæ нал равзæрстон, уыдон цыма æддæг-мидæг ауадыс- гы, стæй атадысты. Фæстæмæ фæ- зылдтæн æмæ, уынджы цы ’гъдауæй февзæрдтæн, уый нæ базыдтон. * * * _ _ Рацыдис цалдæр боны. Æз мæ- хицæн загътон, зæгъын, абон, цы- фæнды ма уа, мæ хæлаомæ хъуа- мæ бахауон. Кæд мæ айса, уæд ын нæ ацæугæ царды цаутæй дæр ис- тытæ æрымысдзынæн. Уый охыл та балæууыдтæн мæ зонгæ кабинеты раз. Ничи уыдис бынтондæр æн- хъæлмæкæсæн хатæны. Дуары сæр- мæ цы трафарет конд уыд, уый дæр нал уыд уым, æрмæст ма йæ бьтнат бæрæгæй зынд. — Мирман мæ хъæуьт, бахатыр кæн, — бадзырдтон та секретаршæ- мæ. Уьтй мæм æрбакаст, бахудти æмæ сдзырдта: — Дæ хæлар ам куынæуал кусьт, систой йæ. — Æмæ йæ цы фæкодтой? — Горæты изæры астæуккаг скъоламæ йæ хæдзарадьт хицауæй арвьтстой, — загъта чьтзг æмæ та йæ куыстмæ бавнæлдта.
ШИУКЪАШВИЛИ ВАЖА Рæстæг у паддзах Паддзæхтæн цы тых ис, ах! — Баппарынц нæ дисты... Дзурыс: — «Рæстæг у паддзах, — Паддзæхтæ та чи сты!» — Хæхтæ... Адардтой та цъæх, — Хох-паддзæхтæ систы... Фæлæ: — «Рæстæг у паддзах, — Паддзæхтæ та чи сты!» — Дугты оныкæсæг — цъах Цин фæкæны хистыл... Уасы: — «Рæстæг у паддзах, — Паддзæхтæ та чи сты!» — Цгрдбæллон уды цы арт и Цардбæллон уды цы арт и, Уымæн йæ басхъауæг — Картли; Дунетыл цасфæнды ма хæт, — Ласдзæн дæ хиæрдæм Къахет. Имерет — а-зæххы уаз къуым, Айс мæ, мæ зæрдæ мын ма скъуын! Цыма дæ бакасты хур и, Уыйау мæ батавыс, Гури. Мохеуты бæстæ, Хевсуртæ — Уарзон мæйтæ æмæ хуртæ; Дуне кæм æрттивы ирддæр, Уым ис мæ авдæн — мæ Ир дæр! Ме ’рдхорд æфсымæртæ, уазтæ — Ачъара: чъанæгтæ, лазтæ; Хуссайраг: месхаг, джавахаг, Равдисынц алкæм дзæбæх уаг. Кад æмæ радæй мын рацард Не ’фсымæр, хохбæстаг— рацъаг! Не стыр хæлар цардæн ахъаз Кодт’ой цæрæнбонты абхаз! Мегрелаг мады нымд зарæг — Йе ’гъдау, йæ фидыц — хæдзарæн. Иунæг мæ цæст дæ ысуынæд, — Байрæзын арвмæ, Сыуанет!
...Æмæ дæ иугæр, Гуырдзыстон, Зæрдæмæ хурау нывдыстон, Уæд æз — дæ номæн цырагъдар, — Нæй мын дæ зæххæй зынаргъдæр! I Ранвта сæ Серго Миндиашвили. Терк Бæрзонд хохы фæхстыл ивæзта Хуыссæгхъæлдзæг тар мигъ йæ ком. Терк къæдзæхты ’хсæнты.лæгæрста, Йæ развæндаг быдыртæм — гом. Йæ хъæрахстæй къæдзæхты тигътæ Рызтысты, — фæци сын фысым. Æвæрдта йæ уæхсчытыл ихтæ, Куыд бирæгъ æнæбон фысы. Æппæрста къæйдуртæ йæ сæрты, Æхсыстысты уылæнтæ ты’нг. • Дон, дурцæххау, къæдзæхтæ стæрдта, Æрбадт-иу йæ бецыккыл фынк. Йæ дзæмбы-иу, арсау, ысдардта, Кæййæнгты нæ хъуыстис йæ богъ. Фæлтæрд тореадорау ын хъардта Цыргъ къæдзæх æгъатырæй тох. Фыдуаг дымгæ тар мигътыл бафтыд, Сæ бынмæ Терк — хæхты хъæбул Ызгъорста йæ фæндагыл афтæ, Куыд рогвад æгæнон лæппу. Азтæ Булвары хъуыстон дæ худын. Изæр уыд, Фæлæ нæ хатыдтæ рæетæджы цыд. Де ’рвгъуыз цæстытæй мыл денджыз узæлыд, Уыцы фæлтæртæ-фæлтæртæй мæм зынд. Хивæнд уылæнтыл мæ зарæг нывæстон, Судзгæ рæстæгæй дæн ницы æнхъæлц. Фондз азы ’нæдæу иппæрдæй дзынæзтон, Афтæмæй рацыд æртын азы бæрц. Мæдтæ Бирæуæладзыгон хæдзæртты астæу Цардæфсæст сабитæй айдзаг ис кæрт. Алфæмблай радис сæ цины хъæрахстæй, Не скъуыд сæ худын, сæ кæл-кæлы спæртт. «О, Гыцци!» — саби фæхъæр кодта, тарстау, Бафтыд кæуылдæрты уыцы уысм мæт,— Балкъæттæй кæртмæ ыссæдз мады касти, Иууыл уыдысты тыхстгъуыз æмæ знæт. Пухаты Ал. тæлмац.
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД . Слантæ æмæ Рæмонатæ Брытъаты æхсæрдзæны гæккæ сæрмæ, хуссарварс, цардысты Рæ- монатæ. Сабыр æмæ уæздан адæм уыдысты, кусынмæ — диссаг, æрм- февнæлдмæ—æмбисонды адæм. Сæ цард сабырæй кодтой æгас Урс- туалгомы. Хорз адæмы алчи дæр фæуарзы, алчи йын фæкад кæны æмæ йæ лæгрæгъау та адæмы ’хсæн вæййынц нымады. Раст ахæм уы- дысты Рæмонатæ дæр, æвзæр зæ- гъæн сæ нæ уыди. Хæлар уыдысты Букуылтæ æмæ Слантимæ дæр, сæ фаосмæ та уыдон цардысты. Слантæй иу Хуро хуынди, тыфти лæг æмæ загъдкъахæг. Чи йæ зыд- та, уый дзы йæхи хызта, ницæй тыххæй дæр-иу загъл-замана са- мадта. Ацы Хуройæн Рæмонатьт цур хуым уыдис. Рæмонатæй иу Рама- зан уыди, уый хуым та уый фарсмæ уыдис. Хуро-иу алы аз дæр хъуамæ æрмæрины бæрц Рамазаны хуьт- мæй бахуым кодтаид, уый адьтл сæм хылтæ цыди. Хуро нæ барста, йæхи фæнд кодта. Рамазан дæр ьт^ бар нæ лæвæрдта æмæ хъуьтддаг адæмы тæрхонмæ æрхастой. тæр- хонгæнæг та Бую’ьтлты Хъихъо ^ы- ди. Дыууæ мыггаджы Хъихъойыл баууæндыдысты, бæргæ йæ нæ (Ьæн- дыди æхсæны лæгæй Хъихъойы, уый Фæнд уыди, нæмæй дьтууæ мыг- гагæй иу фесæАа æмæ зæхх Бу- куылтæн баззайа. Уьтй иу æвзаг Слантæн кодта, иннæ æвзаг та Рæ- монатæн. Хъихъо стæрхон кодта: Хуро Рамазаны хуымæй йæхи цьт хай бакодта, уьтй дьтууæ дихьт æо- ттæуæд, и\? хай Рамазанæн. иннæ та Хуройæн. Рамазан сразьт ис, (Ьæлæ ма Хуро ноджьт фыддæрадæн ми- тæ кодта. Рæмонатæ фæлмæпьтдыс- тьт. Уæл фидар аразьтн æрьтмьтсьт- дьтстьт Слантьт ньтхмæ. Сис-иу са- мадтой, фæлæ-иу райсоммæ зæх- хы бьтн сисамад абырыди. Дис кодтой Рæмонатæ, (Ьæлæ хабар нæ хъæр кодтой, тарстыгты фьтдбьт- лызæй. Хъоротæй иу Цикка хуьтн- ди, ацы хабар кæуылдæрты ба- зыдта. Хуромæ тынг мæстьт уыдис, фæлæ йæ маст куьтд систаид, уый нæ зыдта. Сфæнд кодта Рæмона- тæй фæпайда кæнын. Иубон Ра- мазанæн зæгъы: —Уæ сисамад не сфидар уыдзæни, цалынмæ Слантæй искæй сьтвæл- лоны йæ мидæг нæ самайат, уæдмæ. Рамазан ракодта Циккайы ньт- хæстæ йæ мыггагæн. Рæмонатæ тæрхон райдыдтой, уæдæ дзы кæй сывæллоны самайæм. Æрцыдысты ахæм хъуыдымæ: Хуро нæ тынгдæр хъыгдары, уый сывæллоны сама- йæм сисы. Иуизæр Рæмонатæ æр- басайдтой Хуройы лæппуйы, æр- цахстой йæ, йæ дзьтхьт йьтн тьтхтон атъыстой, цæмæй ма хъæр кæна æмæ йæ æхсæвьт сисьт амайьтн рай- дыдтой. Сывæллон уæззау дурты бын фæцис æмæ амарди. Слантæ сæ сывæллоны агурынтæ систой. Рæмонатæ, цьтма ницьт зо- ньтнц, сæхи афтæ дардтой, куьтс- той сæ фидарыл. Исдуг Слангьт зар- дæ æхсайгæ дæр кодта Рæмонатæм, фæлæ ницьт æмбæрстой уьтдон су- сæгдзинадæн. Нал æхсæв, нал бон зьтлтой Слантæ. Агуырдтой донбьтп- тьт дæр, сьтхаг хъæуты дæр, (Ьапс- той ялкæй дæю,—ницьт ссаодтой, Рæ- монтæй тя ныхас дæо нæ хаудта. Иубон Слантæ ласæн кæньтнмæ ацыдысты, фæндагыл ауыдтой Ра- мазаньт лæппуйы æмæ йæ Хуоо ианадта. Лæппу кæугæ æрбацыли. Уæд Рамазан Слантьт багæоах ^о^- та, фæлæ сæ ничи (ЬæцæФи. Мæ- сьтгьт сæрмæ суади Рамазан. дьтк- каг æхст сæ фæкæна, фæлæ уæ^мæ Слантæй иу ауьтдта Рамазаны æмæ йæ æрбахста, Рамазан мæ- сьтгьт сæрæй фесхъи\"дта æмæ зæх- хыл маодæй адæлгом ис. Слантæ сæ к^ьтстмæ нал яцьтдьтстьт, <Ьæлæ ссЬæнл кодтой Рæмонятьт бьтнтои дæо фесаЛын, уытты бон, изæоы ’рдæм яов сасæста. Бæ^тæ ньтссау- тао, дьтмгæ йæ сæрыл бæстæ систа. 72
Уалынмæ арвы гæрæхтæ райхъуыст- ысты. Арвы æрттывд тынгдæр Рæ- монаты сæрмæ райдыдта. Æнæн- хъæлæджы арв ныццавта Рæмонаты фидар æмæ фидар ныппырхи. Слан- тæ сæм кастысты. Фидары сисæй разындысты Хуройы лæп- пуйы къæхтæ æмæ къухтæ размæ тъыстæй. Кæм ма уыдис Сланты лæбурдтытæн кæрон. Нырма * сыл мæсгуытæй хæцыдысты, фæлæ куы æрталынги, уæд фæсабырдæр сты. Рæмонатæ сæ арвы цæф зыдтой, кæй сæ фесафдзысты Слантæ, уый æмбæрстой. Цалынмæ бон не ’рба- рухси, уæдмæ Рæмонатæ сыстадыс- ты æмæ æмбисæхсæвты фæлыгъдыс- ты Гудзареты ’рдæм. Саджиамамæ æрцыдысты æмæ уым баззадысты. Слантæ, райсом бон цъæхтæ куыд кодта, афтæ балæбурдтой Рæмона- тæм, Рæмонатæй хъыртт-змæлæг Дзаттотæ Дзаттотæ цардысты, Уæллаг Ер- манæй Астæуккаг Ерманы ’хсæн цы хъугом ис, уым. Бирæ нæ уы- дысты, æгасæй цыппар хæдзары. Сæхицæн скодтой мæсыг, амайгæ та сын æй хиуæгтæ скодтой. Дзат- тотæй иу Дзикко хуындис — мыг- гаджы мæгуырдæр, йæ ус уыд æв- гъæддоны. Иубон йæ усæн лæппу райгуырди æмæ куывд скодта, гал аргæвста æмæ диссагæнхæссинаг лæппуйы куывдмæ æртæ Куырт- таты1 æрхуыдта. Уæллаг Ерманы фылдæр Хъоротæ цардысты, уы- донæй иу Цинкъæл хуынди, æнæ- зæнæг лæг уыдис. Цинкъæл дæр уыцы куывды фæцис. Бонджын æмæ тыхджын лæг Цинкъæл ницæмæй тарсти. Иуæй йæ мыггаг дзæвгар фылдæр уыдысты, иннæмæй — фæл- лойджын, исгæйонтæ дардта. Цин- къæл бабæллыди, уыцы лæппуйы йæхи куы бакæнид, уымæ. Куывды йæхи хорз федта, стæй сæхимæ фæ- цыдис æмæ йæ ус Рубайонæн зæгъы: — Дзиккойы усæн лæппу уа, мæ- нæн та гæды дæр ма уа, ай цы дис- саг у, цæмæн æнамонд дæн. Рубайон рæсугъд ус уыди, уы- имæ лæгдых, кусаг адæймаг, уый тыххæй нæ фæндыди Цинкъæлы уы- мæй фæхицæн, фæлæ æрхъуыдымæ 1 Куырттатæ — Ерманы адæм уырдыгæй 2 Абана — хъæуы ном Тырсыгомы, Хъ; дæр нал æрбаййæфтой, куыдз дæр сыл нал срæйдта, ничи дæр сыл сæмбæлди. Слантæ разылдысты Рæмонаты хæдзæрттыл, фæллой ныппапылой кодтой, фæлæ Рæмона- тæ чердæм фæцыдысты, уый нæ базыдтой. Бæрæг кодтой Ручъы, Сы- байы, Хъæдласæны æфцджыты, фæ- лæ сын адæмæй дæр ничи ницы загъта. Раздæхтысты Слантæ фæс- тæмæ мæстджынæй. Басыгътой Рæ- монаты хæдзæрттæ. Хуройы фыртьт сисамадæй райстой мардæй æмæ йæ бавæрдтой. Нал æрыхъуысти а-бæс- тæм Рæмонаты кой. Циккайы маст æрынцади Хуройы лæппуйы амардæй, Букуылтæ та зæхмæ æн- хъæлмæ кастысты, фæлæ сын Слан- тæ цæй зæхх радтаиккой æмæ фы- дæнхъæл фесты. Уæндгæ дæр нал скодтой дзурын Слантæм Букуылтæ. дæр дæсны уыд. Афтæ зæгъы йæ лæгæн: — Уартæ дын Абанайы2 цы хæ- рæфырт ис, уыимæ куы бадзурис, кæд йæ ныфс хæссы, уæд Дзикко- йы фырты уымæ адав, уым хъомыл кæндзæн æмæ йын зæгъ, цалынмæ слæг уа, уæдмæ йæ æддæмæ дæр куыннæ рауадза. Уый фæцахуыр уыдзæни уыдоныл, арæх æй абæ- рæг-абæрæг кæн, хъæбулы номæй йæм дзур æмæ дæ уый та фыды ранмæ айсдзæн, æндæр хуыздæр амал не ссардзынæ. Дзикко йæ фыр- ты агурдзæн, фæлæ йæ кæм ссар- дзæни, хистытæ фæкæндзæни, стæй байрох уыдзæн. Рубайоны фæнд тынг хорз фæ- касти Цинкъæлмæ. Дыккаг бон Абанайы смидæги, йæ хæрæфырт Хæмыцатæй уыди, бадзырдта уы- имæ. Иæ хæрæфырт Дзикъын дæр сразы ис. Æгæрстæмæй Цинкъæл уыйонг бакодта, æмæ Астæуккаг Ерманьт уымæн цы зæххытæ уыдис, уыдон дæр Дзикъынæн радта. Дзи- къын дæр Ерманмæ æрлыгъди æмæ сбиноныг цæрæг ис, фæлæ Абана- йьт дæр цард. Уыдис хосгæрдæн, афтæмæй адæм уыгæрдæнтæм цыдысты, алчи - хос карста. Дзикко дæр хос кæрдынмæ пыгъдысты æмæ сæ афтæ хонынц. >джы районы, ир дзы цæрынц. 73
фæцыди. Хæдзары ус баззади. Дзикко баулæфон, зæгъгæ, никуы загътаид, иугæндзон, галау, кусгæ кодта. Цинкъæл бахъуызыди уыцы рæстæджы æмæ Дзиккойы ус дон хæссынмæ куыд ауад, афтæ Цин- къæл сывæллоны авдæнæй’райхæлд- та æмæйæ Абанамæ афардæг кодта. Ничи йæ федта. Дзиккойы ус æр- баздæхти доны къæртаимæ, авдæн абæрæг кодта æмæ сывæллон уым нал уыд. Нырдиаг ласта, Дзикко æрызгъордта уыгæрдæнтæй, фæлæ сывæллон нал ис. Дзаттотæн цас сæ бон уыдис, уый бæрц æй фæцагуырд- той, фæлæ никуы ницы ссардтой. Цы гæнæн уыд Дзиккойæн, хæрнæг скодта, фæлæ адæмыл дис бахæцыли æмæ дзырдтой: «Уæдæ цы фæуы- даид, мит нæ уыди æмæ нæ атади», «Уæдæ йæ хæйрæджытæ дæр нæ ахастаиккой, бонæй цæй хæйрæг зыны» æмæ бирæ ахæм дзырдтæ кодтой. Рæстæг цыди æмæ лæппу- йы сæфты хабар дæр чысылгай рох райдыдта. Цинкъæл цин кодта. Куы- иу цæй æфсон ныццыди, куы та цæй æфсон Абанамæ, федта-иу да- вæггаг лæппуйы æмæ йæ мид-зæрдæ- йы цин кодта. Рацыди афтæ авд азы. Дзиккойы усæн та дыккаг лæп- пу дæр фæзынди æмæ ма йæ зæрдæ уымæй буц уыди. Абанайы адæм базыдтой хабар, фæлæ лæппуйы Цинкъæл кæцæй æрхаста, уый нæ зыдтой. Уыцы лæппуйы Абанайы адæм хуыдтой æрхæссæггаг. Иубон та Цинкъæл Абанайы уы- дис. Дзикъын рахабар кодта уьт- мæн, зæгъгæ, адæм бамбæрстой дæ лæппу ардæм æрхæссæггаг у, уый. Дарддæр уымæн ам цæрæн нæй. Фæрадзур-бадзур кодтой æмæ Дзи- къын йе ’фсымæрæн Абанайы йæ хæдзар радта, йæ фæллой, йæ фосимæ йæхæдæг астæуккаг Ерман- мæ æрцыдис. Æрххæссæггаг лæппу- йы йæхи лæппу схуыдта Ерманьт æмæ йæ дарддæр хъомьтл кодта. Иубон Цинкъæл ахъæр кодта, зæгъгæ, мæ хæрæфырты лæппуйы мæхицæн исын хъæбулæн. Куьтвд. дæр ма скодта, æрхуыдта адæмьт. Уьтцьт хуынды бæци Дзикко дæр. Сывæллонæн Дзиккойы ус чысьт- лæй йæ риуьтл цы дзуар бакодта, уьтй нырма йæ хъуырыл уьтди, йæ сисын сæ ферохи. Дзиккойæн йæ зæрдæ фехсайдта, куывдмæ нал бацыди, фæлæ комкоммæ Абанамæ фæцыди, уым чындзы цыд уыди йе ’рвадæлты чызг, уымæ æрфысым кодта. Дзикко йын йæ хабæрттæ фæкодта, цæмæ æрцыди, йæ лæппу куыд фесæфти. Йе ’рвадæлты чызг дæр радзырдта, Цинкъæл ардæм л&ппу куыд æрхаста, йæ хæрæфырт Дзикъын æй сусæгæй куыд хъомьтл кодта, уыдæттæ. Смæсты ис Дзик- ко æмæ раздæхти. Фæстæмæ цæу- гæйæ; Астæуккаг Ерманыл йæ фæн- даг ракодта, хъæуы кæрон сывæл- лæттæ хъазыдысты, уыдонимæ уы- дис йе сæфт сывæллон дæр. Аив- æй йæм фæдзырдта, æруындтытæ йæ кодта æмæ кæронмæ базыдта йæ усы дзуары. Рацыди сæхимæ. Уыд уалдзæг. Алчи хуым кодта, Цинкъæл уæллаг Ерманмæ фæцæй- цыди. Дзиккойы хуымтæй иу æма- пæн уьтдис Цинкъæлы хуымимæ. Дзикко йыл дзыбыр куыд адардта, афтæ йæ Цинкъæл дæр æрбаййæф- та. Дзуры йæм: — Ей, Дзаттойы фырт, уыйбæрц хъиамæт цьт кæныс, æмæ мьтн мæ хуьтм фæлдахай. Уьтй дæр æм дзуры: —Цьт бакæнон, уæдæ, кæд мын мæ сЬьтрты дæхи схуыдтай, уæд ма йын æххæст хуым дæр мæхæдæг бакæнон. — Цæй фыртьт кой кæныс, цæ, куыдзы фырт!? — Куьтдзы фырт дæр дæхæдæг æмæ хæрæджы фьтрт дæр! — зæгъы Дзикко, — уæдæ ма йын йæ хъуьтр- мæ æркæс, кæддæра уьтй мæ усы баконд дзуар нæ хæссы! Цинкъæл лæппуйы хъуырмæ фæ- комкоммæ ис, дзуар æд бæттæн стьтдта æмæ йæм æй фехста: * — А, хæрæг дæ æмæ хæрæджы ныхас кæньтс. Лæппу йæ дзуарæн фæтарсти æмæ йæ фæдыл базгъордта Дзиккомæ, фæлæ Цинкъæл лæппуйы фехста æмæ уæлгоммæ мардæй æрхаудн. Дзикко дæр айтæ-уйтæ нал фæкод- та, басырдта Цинкъæльт æмæ йын йæ фарсылдарæн кард йæ артæн- тьт ньтссагъта. Цинкъæл æрсЬæлдæх- ти. Уæдмæ дыууæ Ерманы ’рдыгæй фæдис дæр æрбахæццæ. Тугкалд дарддæр нал æрцьтди. Дзаттотæн ма уым цæй цæрæн бьтнат уыдис, сьтстадысты æмæхсæвæджы æмæ Гудзаретмæ фæлыгъдысты, сæ сæр уым бафснайдтой. Ерманьт ма баз- зади сæ мæсьтг. Сæ зæхх, сæ уыгæр- дæнтæ та Хъоротæн баззадьтсты. 74
Мæхъиты Хъулагъар Æлбегатæ Едысы хъæуы цар- дысты, куы аскъуыдысты, уæд сæ зæхх, сæ бæстæ бахаудта Беджы- заты къухмæ. Иу лæг ма сæ уыди Сосе, уый сфæнд кодта Цæгат Ир- мæ фæцæуын æмæ йæ зæхх уæйыл схæцыди. Йæхи удмæ цы хай хауди, уый. Мæхъиты Хъулагъар сфæнд кодта Сосейы зæхх балхæнын. Уый фехъусгæйæ, Дзукъатæй иу Къæ- лæу, Едысмæ æрбацыд æмæ зæгъы Сосейæн: — Мæнæн рауæй кæн дæ зæхх! — Ох-хай, Мæхъиты Хъулагъары фæсайон, уый мæм-нæ цæуы. — Ау æмæ æз уымæй æгаддæр исты дæн? — Нæ дæ, нæ, мæ хæдзар, — зæ- гъы Сосе, — фæлæ дзырд дзырд хъуамæ уа. — Дзырдæй дзырды ’хсæн дæр хицæндзинад вæййы, — зæгъы Къæ- лæу, — æз Хъулагъары æнæнымай- гæ нæ дæн, фæлæ. Æлбегаты зæх- хæй мæнмæ дæр хъуамæ хай уа. Сосейæн гæнæн нал уыди æмæ дыууæ лæгæн ауæй кодта, йæ удмæ цы зæхх хауы, уый. Уый адыл Къæ- лæу æмæ Хъулагъар Челиатæй æр- балыгъдысты. Едысы æрцардысты. Цас зæхх уыдаид Сосейы зæхх дæр, фæлæ Къæлæу æмæ Хъулагъар суары сæр зæххыл хылтæ систой. Иу дæр æй æххæстæй йæхи хуыдта æмæ иннæ дæр. Хъулагъар зæгъы Къæлæуæн: — Кæд раст зæгъыс, уæд мын дæ армыдзаг суарæй Тбауациллайы дзуармæ бахæсс æмæ мын дзы уым рухс зæгъ, кæннод æз бахæсдзынæн. Дзæвгар бауайын хъæуы Едысы хъæуæй Тбауациллайы дзуармæ. Къæлæу йæ армы суар систа æмæ йæ ахаста, фæлæ сысыди. Иу ран фæкалди æмæ йæ суар акалди. Раздæхти фæстæмæ Къæлæу. Уæд Хъулагъар стæвдтæкæндтытæ, уонг- джын адæймаг уыди, йæ армыдзаг суар систа æмæ йæ Тбауацилламæ бахаста, æвдисæн та йын Беджыза- ты Григол уыди. Суары сæр зæх- хытæ Хъулагъарæн баззадысты. Къæлæу фембылды ис, Хъулагъар фырцинæй сæхимæ бауади, къуымы йын цы фыр баст уыди, уый хъус æрбалыг кодта æмæ йæ хомæй ахордта. Уый тыххæй йæ хъусхор Хъулагъар хуыдтой, фæлæ зæхх кæй нæ хъæуы. Зæххы фæдыл лæгмæрд- тæ цыди, Хъулагъар та йæ æнцо- нæй райста. Ныффыста сæ Беджызаты Дудар.
ОЧЕРКТÆ ГАССИТЫ ВАЛЕРИ Мæлæтæй тыхджындæр Стыр Советон фыссæг Николай Островский амыдта: «Адæймаг цард- мæ æрцæуы æрмæст иунæг хатт æмæ хъуамæ фæцæра афтæ, цæмæй сом- бон искуы йæ ивгъуыдмæ фæсмо- нæй ма кæ:а...» Кэей зæгъын æй хъæуы, бирæ ис ахæм адæймæгтæ, йæ ивгъуыдæй сæрыстыр чи у. Уы- дон нымæцмæ хауы Къусраты Уаси- лы фырт Къоста дæр. Къостайы йе ’фсæддон разамонджытæ æмæ æм- бæлттæ дзæбæх сарæзтой, бакодтой йыл зынаргъ сыгъзæрин донытылд кæсæнцæстытæ, сарæзтой йын ног документтæ. Йæ ног паспортмæ гæс- гæ йæ схуыдтой Константин Кон- стантини — Николау... Æмæ йæ ар- выстой Афинтæм. 1943 азы Афинты Къоста сæмбæлдис грекаг партизан- ты къорды хисдæр Лохачос Ксан- топулосимæ. — Къусраты Къоста, — сдзырд- та йæм партизанты раздзог. Къоста фестъæлфыд æмæ фев- нæлдта йæ дамбацамæ, уымæн. æмæ йæхи йеддæмæ ам ничи зыдта, йе ’цæг ном Къоста кæй хуындис, уый. Уайтагъд æй Лохачос Ксантопулос æрсабыр кодта æмæ йын, йæ мид- былты фæлмæн бахудгæйæ, загъ- та: — Дис ма кæн, Къоста, æз лæн дæ командир æмæ хæсджын дæн, цæмæй дæу тыххæй алцы дæр зо- нон. Мæнæн уæ командæкæнына- дæй алцы дæр зындгонд V, — æмæ рæвдаугæйæ æрхоста Къостайы уæхск. Йе ’муд æрцæугæйæ, Къоста ны- хас кодта зындгонд командиримæ, зæгъгæ, ацы бонты бынæттон фыд- гæнджытæ нысан кæндзысты сæ бæ- рæгбон. Афинты сахары уынгтæй сын сæ иуы уыдзæнис цытджын фембæлд немыцаг фашисттимæ. Къостайы цæстытыл ауадысты фашистты колоннæтæ тради«цион цъæх формæйы. «Хорз, æз сын бæ- рæгбон фенын кæндзынæн’» — загъ- та йæ мид-зæрдæйы Къоста. Уынаффæтæ Къоста иста цæсты- ныкъуылдмæ, фæлæ, хъæбатыр æмæ ныфсхаст адæймаг уæвгæйæ, уый йæ зæрдæйы сусæг фæндтæ стæм хатт дзырдта, æгæрыстæмæй йæ хæлæрттæн дæр. Афтæ уыдис ныр дæр, уый знæгты бæрæгбоны агъом- мæ ацыдис разысгарынмæ. Баир- вæзтис æртæуæладзыгон хæдзæрг- тæй иумæ, схызтис уæлхæдзармæ æмæ лæмбынæг йæ цæст ахаста ал- фæмбылайыл. ...Мæнæ ралæууыдис уыцы «цыт-. джын» бæрæгбон. Къоста нывæрд- та хызыны танкхалæн фондз грана- ты, сæ сæрыл сын легъуитæ æркалд- та æмæ арастис йæ нысан æххæст кæнынмæ. — Легъуи! Кæй хъæуы легъуи! — ’ хъуыддаггъуызæй хъæр кодта Къос- та, цыма æцæг базаргæнæг уыди. Мæнæ февзæрдис йæ зонгæ хæдза- ры раз, слыгъдис æртыккаг уæла- дзыгмæ, уырдыгæй уæлхæдзармæ, йæ алфæмбылай ахъахъхъæдта, аф- тæмæй æрæмбæхст фæздæгдзоны ДУР- Минуттæ йыл ныддаргъ сты æнустау. Фæлæ мæнæ азæлыдысты маршы зæлтæ, музыкæ йын баца- гайдта йæ зæрдæ, сног сты йæ кæд- дæры рох æнкъарæнтæ. Колоннæ колоннæйы фæдыл цыд. Дарддæр æнхъæлмæ кæсæн нал уыди. Иæ тас æмæ йæ мидтыхстдзинад ныннымæг кæнгæйæ, фелвæста хызынæй гра- напæ æмæ сæ фæд-фæдыл æхсын байдыдта бынмæ. Райхъуыстысты тыхджын срæмыгъдтытæ. Уынг бай- дзаг мæрдтæй. Фашисттæ фæдисы хъæр систой. Къоста аивæй æрхызт уынгмæ, адæмы бардзимæ баиу, æмæ цы ’рцыд, уый цыма не ’мбæрс- та, уыйау сæм фæрсæджы каст код- та: — Дæхæдæг æй нæ уыныс, — 76
дзуапи ын лæвæрдтой знæт адæм, сæ разæй йæ схуыстой, афтæмæй. Иуахæмы Къоста æрлæууыдис не- мыцаг афицеры раз. Уый йæхи ра- гæй цæттæ кодта ахæм фæлтæрæн- тæм æмæ ныр дæр йæ цæст не ’рны- къуылдта. Къоста æвзæр нæ дзырд- та немыцагау, фæлæ афицер уæд- дæр фæсидын кодта тæлмацгæнæг Власовмæ. — Æз мæ удхæссæг уынын Со- ветон Цæдисæй. Мæ фыды мын боль- шевиктæ амардтой... Къоста, æрг- хъирæнгæнгæ, дзуапп лæвæрдта фарстытæн. — Ды мæнæн мæнг ныхæстæ ма кæн, æлгъаг большевик!.. . Къостайы фæнадтой, стæй йын цъæлтæ кæнын райдыдтой йæ къу- хы æнгуылдзтæ. Уый фæстæ йæ йæ къухтæй æрцауыгътой къулмæ æмæ йæ ахæм уавæры дардтой æртæ са хатæй фылдæр. Иæ цæстытæ ныррæ- сыдысты, йæ буар сцъæх... Къоста сын куы ницы сусæггаг раргом код- та, уæд æй ахæстоны баппæрстой æмæ дзæвгар рæстæджы уым лæзæ- рыди. Цы йæм æнхъæлмæ каст, уый зыдта, фæлæ мæлæтæй нæ тарст, лæууыдис фидар, æмæ ма æгæрыстæ- мæй ныфсытæ лæвæрдта йæ сыхаг италиаг салдатæн дæр. — Мæлæтæй ма тæрс, мæ хæ- лар, — дзырдта йын Къоста. Мæл- гæ иухатт кæндзыстæм æмæ йыл хъуамæ сæмбæлæм æхсарджынæй. Иæ цæсты раз-иу слæууыдысты йæ ивгъуыд бонтæ; йæ фыд, йæ мад, йæ хиуæттæ, йе ’взонджы бонты хæ- лæрттæ. Иæ фыд дæр, мæгуыр, йæ цард нывондæн æрхаста Срветон хицауады сæрыл. Иæ зæрдыл æр- лæууыд йæ райгуырæн хъæу Велур... Иухатт Къоста федта диссаджы фын, æмæ кæд фынтыл æууæндаг никуы уыд, уæддæр цыдæр ныфс йæ зæрдæйы бацыд, цыма уый уы- дис сæрибары фидиуæг. Хабар ита- лиагæн куы радзырдта, уæд ын уый, цингæнгæ, загъта: — Амондджын кавказаг! Ды цæр- дзынæ! Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ уы- цы ныхæстæ фехъуыста немыцаг хъусдарæг-майор. — Æз уын баххуыс кæндзы- нæн, — загъта сын уый. «Ацу æнаккаг!.. Фашист! Про- вокацигæнæг!» — амæсты Къоста Фадат ын куы уаид, уæд ын йæ хæм- худтæ бæргæ снæмид. «— Фидар лæг бæргæ дæ, фæ- лæ — æнæмбаргæ. Æз зонын, ды чи дæ, уый. Загъта хъусдарæг-майор. — Æз тельманон дæн, фашист- ты ныхмæ... Мæ бон у æмæ дæ фер- вæзын кæнон...» — Фервæзын кæн, кæд дæ оон у, уæд, — загъта Къоста æмæ дзы цы- дæр ныфс бацыд. Ахст салдæтты сбадын кодтой наутыл. Тагъд сæ фехсдзысты. Немыцæгтæ сын мæлæ- ты размæ ратдзысты æртæ мину- ты — кæд дæ фæнды кувгæ кæн, кæд дæ фæнды — дзургæ, — цы дæ фæнды, уый кæн. Фæлæ Къоста кувгæ нæ кæндзæнис, уымæн раз- вæлгъау хъуыдыгонд у, цы зæгъ- дзæнис, уый:—Æгас цæуæд ком- мунизм! Æгас цæуæд Советон Цæ- дис! Æгас цæуæд Ирыстон! Æваст сыл сæхи ныццавтой анг- лисаг хæдтæхджытæ æмæ райдыд- той бомбæтæ калын. Иу бомбæ дзы æрхаудис сыхаг науыл æмчæ фæдæл- дон. Хæдтæхджыты уыцы’ æрбабыр- сты фæстиуæгæн фашисттæ фæфæс- тæдæр кодтой уацайрæгты ныхмæ сæ карз тæрхон. Æризæр. Арв æмæ цъæх ден- джыз æхсæвы тары аныгъуылды- сты. Ацы рæстæгмæ бахъавыдис не- мыцаг майор-тельманон æмæ суæгъд кодта ахæстæтты сæ хъадамантæй. Уый сын загъта: — Уæ хъадамантæ доны ма нык- калут, куы уæ базоной, уæд æвзæр уыдзæн хъуыддаг. Цæмæй уыл ма фæгуырысхо. уой, уый тыххæй сæ ныууадзут уæ къухтыл. Æмбисæх- сæв сын æрæмбырд кодта сæ хъа- дамантæ, стыхта сæ гобанæмОæрзæ- ны æмæ сæ бæндæнæй донмæ ауагъ- та. Наутæй сæ рахизын кодтой æмæ сæ сæвæрдтой поезды. Фæхицæны размæ сын майор загъта: — Тæрсгæ ма кæнут, сæмбæл- дзысты уыл партизантæ æмæ уæ уы- дон ссæрибар кæндзысты. Ахæстæттæ æнхъæлмæ кастысты партизанты æрбабырстмæ. Фæлæ партизантæ поездмæ нæ батыдтой, цæмæннæ, уый нæ рабæрæг. Æр- мæст сæ æрластой югославиаг го- рæт Скоплемæ. Ам сæ бакодтой ахæ- стоны. Ахæстон уыдис бæрзонд къуылдымыл. Ахæстæтты ’хсæн уы- дис Къоста дæр. Се ’ппæт дæр æн- 77
хъæлмæ кастысты сæ адзалы бонмæ, фæлæ фыдгæнджытæ цæмæндæр нæ тагъд кодтой. Къоста æнæхъуаджы нæ бадтис, ахæстæтты ’хсæн кодта агитацион куыст. Фæлæ се ’хсæн фæзындис гадзрахатæйцæуæг æмæ уый æвзаг бахаста фашисттæм. Кьостамæ æн- хъæлмæ каст стыр фыдбылыз, фæ- лæ та дзы ацы хатт дæр фæивгъ- уыдта. Бантыстис ын алидзын иу æмбалимæ. Дыууæ лæппуйы æцæгæлон сыл- гоймаг бааууон кодта йæ хæдзары, ныфс сын бавæрдта, партизантимæ сæ кæй сиу кæндзæн,*уымæй. Ус сын кæрдзын бахæрын кодта, радта сын хæцæнгæрзтæ æмæ нæмгуытæ. Фæс- тæдæр сæ уыцы сылгоймаг аивæй акодта хъæдмæ, партизантæм. Пар- тизантæ тынг фæцин кодтой ног хæстонтыл. Уыдон сæ æнæгуырыс- хойæ айстой сæ рæнхъытæм. Цæ- рæнбонтæм бахъуыды кодта Къос- та йæ ирвæзынгæнæг сылгоймаджы ном, — хуындис Менча Теневская. Афтæ райдыдта Къусраты Къос- тайæьг йæ ног партизанон цард. Уы- цы рæстæджы партизантæ ’взæр- стой бирæ зындзинæдтæ. Нæ сын фаг кодта уæлæдарæс, хæлц, хотых- тæ. Хъуыддаг уый онг æрцыд, æмæ хордтой хом сысджы. Артгæнæн сын нæ уыд, уымæн æмæ сæ уæд базыд- таиккой знаджы развæдсгарджытæ. Фыддуг, фыдцардæй цынæ бавзæр- стой. Хуыздæр хæринагыл сæм ны- мад уыд бæхы фыд, фæлæ арæх хордтой куыдзы кæнæ гæдыйы фыд дæр. Арæх-иу срæмыгътой рельсытæ. Уыцы хъуыддаг уыдис ахсджиаг, фæлæ — зын. Фыццаг хатт Къоста хайад райста немыцаг дзот куынæг кæныны хæс. Дзотæй æхстой æмæ уый фæстиуæгæн мард фесты дæс- гай югославиаг партизантæ. Мæлæ- ты тас ницæмæ даргæйæ, Къоста ба- бырыд знаджы дзотмæ æмæ йыл æввахсæй фехста гранаттæ. Дзот спырх. Уыцы цауы фæстæ йæ ном ахъæр æхсарджын партизанæн. Къо- стайы чин фæуæлдæр кодтой. Йæ бæрн ын бакодтой нырма уал взвод, стæй та—ротæ. Уый фæстæ равды- ста ноджы бирæ сгуыхтдзинæдтæ. Спырх кодта 300 вагоны, иу баржæ, цалдæр науы, амардта 13 немыцаг фашисты. Фæстæдæр Къостайы рав- зæрстой 14-æм бригадæйы коман- дирæй. Бригадæйы ном хуындис «Дмитрий Влахов». Иу тугкалæн тохы рæстæджы йæ къæмисæныл сæмбæлдис нæмыджы схъис. Зын зæгъæн у, куыд рауадаид йæ хъуыд- даг, йе ’нувыд хæлар Терко Вел- ков куыннæ уыдаид, уæд. Уый йе ’ккой рахаста йæ цæф командиры арты цæхæрæй æмæ кæд йæхæдæг дæр фæцæф, уæддæр æй æрхаста æдас ранмæ. Немыцæгтæ бирæ хæттыты арæз- той партизанты ныхмæ æфхæрæг операцитæ. Иу ахæм операцийы рæстæджы сын бацайдагъ карз тох. Къоста сæ æхста пулеметæй. Немы- цæгты тынг тыхсын кодта пулеметы цæхæр, æмæ бахæс кодтой сæ хæс- тонтæн цалдæрæн, цæмæй йыл чъыл- дымырдыгæй сæхи ныццæвой. Къо- ста ’ахæм цыренæй æхста, æмæ нæ бафиппайдта, фыдгулы цыппар æф- сæддоны йæ фæсчъылдым куыд фев- зæрдысты, уый. Чи йæ зоны, хъуыд- даг цæуыл ахицæн уыдаид, уый, æв- зонг партизанкæ — Ангелинæ Сим- нианова хъæбатырдзинад куынæ равдыстаид, уæд. Уый дамбацайæ цалдæр гæрахæй скуынæг -кодта цыппары дæр. Уæдмæ сæм æххуыс- мæ фæзындысты сæ сыхаг парти- зантæ дæр. Немыцæгтæ сæхуыдтæг бах-аудтой æрхъулайы æмæ сæхи радтой. Тох фæцис. Бæстæ нысса- быр. Æрмæст ма хъæуæн йæ алы кæрæттæй хъуыст цъиуты хъæлдзæг цъыбар-цъыбур. Уыдон дæр, æвæц- цæгæн, цин кодтой æбуалгъ тохы фæудыл. Къоста фæлладæй къулыл банцой кодта æмæ æдзынæг#æй ным- дзастис кæдæмдæр. Цæуыл хъуыды кодта уыцы уысм хæххон цæргæс, кæдæм æй ахастой йæ сæнттæ? Ныр- тæккæ чи фæцис, уыцы тохыл, гъе хæстон цаутæй исты æрымысыд, æви йæ уарзон Иры хæхтæ ауадысты йæ цæстытыл? Къостайæн æхцон мид- былхудт ахъазыди йæ цæсгомыл. йе ’мхæстонтæ дæр æдзынæг хъуы- стой цъиуты зардмæ æмæ сæ уыцы кæлæнгæнæг музыкæ алыгъуызон æхцон хъуыдытыл æфтыдта. Чи йæ бинонты æрымысыд, чи йæ уарзон чызджы, чи та хæсты агъоммæйы сабыр цард. Чидæр Къостамæ рæв- дауæн хъæлæсæй бадзырдта. «Къо- ста» — зæгъгæ, æмæ Къоста фес- тъæлфыд, йæ хъуыдыты хал фес- къуыд. Йæ цуры лæууыдис æхсар- 78
джын партизанкæ — Македонка Ан- гелинæ. йæ ном ын куы загъта, уæд ын Къоста йæ хъæлæсы уыйбæрц уарзондзинад рахатыд, æмæ фæ- джих. Фæкохмкоммæ йæм ис. Сæ цæ- стытæ кæрæдзийыл андæгъдысты. Чызджы цæстытæ фыруарзондзина- дæй цæхæртæ калдтой. «Алæмæты рæсугъд, — ахъуыды кодта Къоста, — куыд никуы йæ фæ- фиппайдтон нырмæ, фæрсæй-фæр- стæм куы хæцыдыстæм, уæд. Фæлæ тохы цæхæры уыдæттæ кæй æнда- вынц»... Афтæ иудзæвгар кæрæдзимæ фæ- кастысты æнæдзургæйæ. Æниу сæ дзурын цæмæн хъуыд. Ам ныхæстæ æнæбон, æдых уыдысты. Сæ цæсты- тæ, тæмæнкалгæ, алцы дæр загъ- той кæрæдзийæн. Фæстæдæр дыууæ уарзæгой .уды сæ цард баиу кодтой. Хæст фæцис’, фæлæ Югославийы дарддæр цыды- сты мидæггагок знæгтимæ, албай- наг уæйгæнджытимæ тохтæ. Тугцъирты бандæйы сæргъ лæу- уыдис Сабрия Мусовский. Бандæ æрбынат кодта Кру- шопскты хъæуы, Скоплейæ 18—20 километры дарддæр. Партизантæ се ’мбырды рахастой уынаффæ, цæ- мæн Крушопскты хъæу æхсьш рай- дыдтаиккой артиллери æмæ мина- менттæй/ фæлæ бригадæйы коман- дир цæхгæр ныллæууыдис уыцы уы- наффæйы ныхмæ, уымæн æмæ хъæ- уы, гæнæн ис, æмæ уыдаид сывæл- лæттæ. Райдыдтой хъæлæс æппа- рын. Иуæй-иутæ уыды’сты Къоста- йы фæндоны ныхмæ, фæлæ фылдæ- рæй уыдысты йæ фарс æмæ бауы- наффæ кодтой хъæумæ æвиппайды бабырсын. Райсомæрдæм Къоста йемæ акод та 200 партизаны æмæ араст сты Крушопскты хъæумæ. Уарыдис мит. Маскировкæйы тыххæй партизанты хъуыдис урс бæх, фæлæ сæм ахæм нæ разынд æмæ йæ сæхæдæг са- ^уырстой. Хъæумæ куы баввахс сты, уæд сæ бафиппайдтой ахуыр куый- тæ æмæ райдыдтой рæйын. Парти- зантæ амардтой хъахъхъæнджыты æмæ бабырстой хъæумæ. Партизан- тæ æмæ уæйгæнджыты ’хсæн бацай- дагъ тох, фæлæ бирæ нæ ахаста. Знæгтæ дæрæн æрцыдысты. Бирæ- тæ дзы сæхи радтой уацары. Се ’хсæн уыд бандæйы сæргълæууæг Мусивский дæр. Афтæ æрæвæрдта Къусраты Къоста фæстаг стъæлф йæ хæстон цардвæндагыл. Хæсты фæстæ Къоста куыста Скоплейы адæмон милицийы хисдæ- рæй. Уый хорз зонгæ уыд номдзыд инæлар Иосип Броз Титоимæ. Къо- ста Ирыстонмæ цæуынывæнд куы скодта, уæд æй Тито нæ уагъта, фæлæ Къостайæн йæ зæрдæ уыд Ирыстоны æмæ не сразы уым ныл- лæуыныл. Иæ хæстон æмбæлттæ йæ, цæссыгкалгæ, фæндараст кодтои. Къоста æрцардис Тбилисы, куыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæт- ты. Ныртæккæ у Фæскавказы рес- публикæты автомобилон кусджьпы баиугонд профцæдисон организаци- ты хисдæр. Хорзæхджын у хицауа- ды бирæ хорзæхтæй. Ис ын дыууæ лæппуйы: Тамаз æмæ Тимур. Тамаз у запасы лейтенант, Тимур — капи- тан. Къоста фæсивæды ’хсæн кæны стыр патриотон-хъомыладон куыст. Арæх сын радзуры йæ хæстон хъуыд- дæгты тыххæй. Ис ын æнгом баст- дзинæдтæ йæ югославиаг хæстон æмбæлттимæ.
МЫСИНÆГТÆ ТУГЪАНТЫ ЭНВЕР МÆ ФЫДЫ ТЫХХÆЙ 1920 азы кæрон партийы Цæгат Ирыстоны обкомы бахæсмæ гæсгæ мæ фыд Тугъанты Махарбег ныв- гæнæг Хохты Асланджериимæ зыл- дысты Цæгат Ирыстоны мидхæсты историон бынæттыл. Цыдысты Ды- гурмæ, Чырыстон хъæумæ, Алагир- мæ æмæ хæстытæ кæм цыдис, уы- цы бынæттæй арæзтой нывтæ-эс- кизтæ, стæй мидхæсты хайадис- джытæн, дæластæрдон æмæ пар- тион кусджытæн ныв кодтой сæ цæсгæмтты хуызтæ. Горæты цæрæг зынгæ бæрнон кусджытæ-иу нæм фатермæ æрбацыдысты æмæ-иу сæ Махарбег ныв кодта пастелæй (ахо- рæны хуыз) кæнæ сойджын ахо- рæнтæй. Афтæмæй рæзт мидхæсты цауты æмæ хайадисджыты нывты æнæхъæн галлерейæ. Арæзта сæ кардоны стыр сыфтыл æмæ хуыз- джын гæххæттыл. Уæлдай цымы- дисагдæр уыдысты йæ нывтæй «Коконаты Чабæ» æмæ «Бигъайы фырты амарын». Махарбег цæмæй йæ ацы ахсджи- аг куыст адарддæр кодтаид, уый тыххæй йын Хуссар Ирыстонмæ рад- той сфæлдыстадон командировкæ. Иу азы фæстæ та, 1931 азы, бын- тондæр ралыгъд Хуссар Ирыстон- мæ. Фæлæ цы бирæ нывтæ-эскизтæ фæарæзта, уыдон иууылдæр ныу- уагъта Цæгат Ирыстоны музейæн. Йемæ ма рахаста Цхинвалмæ æр- мæстдæр мидхæсты хайадисджыты цæсгæмтты хуызтæ-эскизтæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Махарбег ирон культурæйы архай- джыты портретты галлерейæ сара- зынмæ раджы кæй æрæвнæлдта. Хъуыды ма кæнын артист Калман- ты Мæхæмæт, поэт Цæголты Геор- ги^ дохтыр Мысыккаты Мæхæмæт, ахуыргæнæг Гарданты Михал æмæ æндæртæн уый сныв кодта æрмæст- дæр сæ цæсгæмттæ. Уыцы нывтæ уый фæарæзта сой ахурæнтæй. Акварелæй та сарæзта Къубалты Алыксандры портрет. Цхинвалы культурæйы Хæдзары (ныры Хетæгкаты Къостайы номыл драмтеатры агъуысты) фыццагуæ- ладзыджы уыд Махарбеджы студи æмæ гæрæны æддейæ та йæ æрмадз. Уый ам сарæзта йæ нывкуысты фылдæр хай. Мæ зæрдыл ма дзæ- бæх лæууы, фыссæг Фæрнион Къос- тайы портрет куы арæзта, уыцы цау. Къоста лæууыд театры сценæйы æмæ каст йе ’мдзæвгæ. Нывæй нæм каст æлвæст, бæрзонд, цæстахад- гæ нæлгоймаг. Нынныв ма кодта ноджыдæр критик Тыбылты Алык- сандры портрет. Уый та бадт бан- доныл. Уыди йыл сау хæдон, каст залы ’рдæм. Поэт Плиты Хадойыл га уыд цухъхъа, лæууыд рудзын- джы цур, афтæмæй йын сарæзта йæ портрет. Фæлæ мæнæн се ’ппæ- тæй тынгдæр мæ зæрдæмæ цыдис ирон цухъхъайы, лæдзæгыл æн- цойкæнгæйæ, æрдæгæй уæлæмæ арæзт Æмбалты Цоцкъойы портрет. Уый æмрæстæджы ма йæ тæккæ фарсмæ уыд æндæр ’кæттаг тыгъд æмæ Махарбег ууыл та кодта «Æф- сати»-йы ныв. Цоцкъо æмæ Махар- беджы ’хсæн бацайдагъ цымыдисаг ныхас Хетæгкаты Къоста æмæ фоль- клоры тыххæй. Цоцкъо йын ныл- лæг хъæлæсæй кодта «Æфсати»- йы зарæг. Иæ хъæлæс, хъæдабæ- йау, уыд лæгъз, хаста æхцондзинад. Махарбег йæ куыстытæ æфснайд- та студийы скъапты, чырынты. Уы- дон уыдысты нæ культурæ æмæ йæ историйы стыр хайбавæрд. Сарæз- та сæ кæттаг æмæ гæххæттыл хуызджын ахорæнтæ, кърандастæ æмæ пастелæй. Кæд нæ нывгæнæг- æн царды бынтон хуымæтæджы уавæртæ уыдис, уæддæр уыд зæр- 80
дæрай, уымæн æмæ йын уыд сфæл- дыстадон куыстæн фадат, йæ фæл- тæрддзинадыл цæстуарзонæй ахуыр кодта фæсивæды, Ирыстоны сом- боны нывгæнджыты кадрты. Уæд дын иухатт Цхинвалы æр- кодта фыд-заман. Дыууæ лæджы фæзындысты Махарбегæн йе ’рма- дзмæ æмæ дзы бадомдтой, цæмæй бакодтаид йæ чырынтæ, скъаптæ... Сæ портфелæй систой стыр ном- хыгъд æмæ нывгæнæджы фарстой, чи сты, зæгъгæ, кæй фæныв код- тай, уыцы адæм. Фæрсæрдæм авæрдтой æвæджиауы хорз портрет- тæ. Уыдон уыдысты Абайты Ша- мил æмæ Арсæгаты Горгайы пор- треттæ. Горгайыл уыд урс хæдон. Мæ зæрдыл ма дзæбæхæй лæууы: Горга уыд махмæ, бадтис, бандон- ыл, афтæмæй йæ ныв кодта Махар- бег. Уыцы дыууæ кусæджы бай- стой ноджыдæр Хъесаты Хъара- мурзæ, Мамсыраты Саханджери, ЦÆК-ы сæрдар Цæллагты Къос- тайы æмæ ноджыдæр бирæ æн- дæрты портреттæ. Ахастой ма но- джыдæр дыууæ композицийы: «Ап- шеронтæ хи радтой» æмæ «Урс афицерты аскъæфт». Уыцы компо- зициты сæйраг фигурæ уыд мид- хæсты хъайтар, партизан Хæллаты Хамби. Уыцы дыууæ лæджы кæд уы- дысты органты кусджытæ. Цы бам- барын ма нын æй хъуыд портрет- ты цы адæм уыд, уыдон кæй нал сты æмæ сын ныр сæ портреттæ дæр кæй скуынæг кæндзысты. , Мидхъуыддæгты кусджытæ ма ноджыдæр басгæрстой Бæстæзонæн музей. Уый дæр уыцы бæстыхайы уыд. Бирæ нывтæ, портреттæ уыд уыдонмæ дæр. Сæ фылдæр графи- кæ æмæ пастелæй арæзт. Ам уыд Плиты Ароны, Гæдиаты Никъала- йы, Хаситы Миттайы, СанахъотЫ Матейы æмæ мидхæсты хайадисæг партизанты портреттæ. Нывгæнæг æппæт уыцы æрмæг фембырд кодта, цæмæй нывты- портретты ’руаджы равдыстаид Иры- стоны мидхæсты азтæ. Æмæ йын дзы бантыст æрмæстдæр дыууæ нывы саразын: «Партизанты тæр- хон хъæды» æмæ «Хуссар Ирыс- тоны лигъдонтæ Ручъы æфцæгыл хизгæйæ». Бæлвырд бæрæг нæу иннæ нывтæй хъауджыдæр ма ацы дыууæ нывы куыд æрхæццæ сты мах бонтæм, уый. «Партизанты тæрхон хъæды» разынд Тугъанты Махарбеджы музейы фонды. «Хус- сар Ирыстоны лигъдонтæ...» та — мæхимæ. Мидхъуыддæгты уыцы дыууæ кусæджы ма уый фæстæ дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ абæрæг код- той нывгæнæджы æрмадз æмæ йæ афтæмæй ныссыгъдæг кодтой. Ахас- той дзы ноджыдæр Фæрниаты Къостайы, Тыбылты Алыксандры, Беджызаты Чермены, Хъуылаты Си- къойы, Æмбалты Цоцкъойы парт- реттæ, бæрæг нæу, цы аххосæй, фæ- лæ ахастой «Æфсати»-йы ныв дæр. Æмæ ахæм уæззу уавæрты дæр нывгæнæг йæ удæй арт цагъта, цæ- мæй йын йе студийæ сарæзтаик- кой ахуыргæнæндон (училище). Иухатт та уыцы фарсты фæдыл бацыд партийы обкомы пропагандæ æмæ агитацийы сæргълæууæг Дзы- лыхты Георгимæ. Уый йæм лæм- бынæг фехъуыста, стæй йын дыгу- ронау афтæ: «Махарбег, гъæла дæ, гъæла. Нæ уинис, дæ аливарс цитæ цæуи, ой? Цæй училище? Дæхецæн ниббадæ æмæ дæ уингæ дæр куд неке кæна». 6. Журн. сФидиуæг» № 8.
ПУБЛИЦИСТИКÆ ДЫГЪУЫЗТЫ ХЪАЗБЕГ АЛАШЫ БАЗАРАДОН БАСТДЗИНÆДТÆ ЕВРАЗИЙЫ ПАДДЗАХÆДТИМÆ НÆ ЗАМАНЫ РАИДИАНЫ Ныгуылæи æмæ скæсæн бæстæтимæ ба- зара^ом ахасшты хайад чи райста, сæры- суашæи, уыцы адæмтæи сæ иутæ уыдысты алантæ æмæ уыдонимæ æрвадиуæггæнæг знæмтæ дæр. Уыдонæн сæ рагон фыдæлтæ — аорстæй баззад ахсджиаг теуавæндагыл контроль кæнын æмæ, уый фæстиуæгæн фадат сарæзтой сæ уæздæттæн стыр пай- датæ исынæн. Уыйадыл аланты æхсæнады фæтыхджыпдæр, феодалон ахастытæ ра- царазыныл чи бандæвта, уыцы æнæмсæр- „зпна^. Ныгуылæн Европæйы фыст ратæдзæнтæм гæсгæ, алантæ Кавказы зынын райдыдтоп нæ заманы райдианы, Нерон куы пад- дзахиуæг кодта, уæд. Æниу этникон тер- мин «алан», Гаглойты Юрийы бæлвырд- гæнæнтæм гæсгæ, æмбæлы не заманы У1-æм æнусы дæр. Нæ заманы райдианы римаг авторты фыстьпæм гæсгæ, алантæ сæхи æвдисынц, куыд империйы знæгтæ, афтæ. Уый та Оæрæг у, Рим «варвартимæ» кæй хæцыд, уымæй. Конфликттæ сайдтой варварон ^хсæнады социалон-этннкон вазыгджын уавæргы знæмты иугæндты миграцимæ. Зонадон литературæиы ацы фæзынд хо- нынц «Адæмты Стыр фæлыгъд». Уыцы хабары фæстиуæгæн аланты дæр бахъуыд Хъаспы денджыз æмæ Волгæйы цурæй раззаг Кавказмæ ранкъуысын. Уыцы ситу- ацимæ гæсгæ æххæст уырнинаг нæу, цыма аланты Римимæ хæстон конфликтмæ æр- кодта, йемæ базарадон бастдзинæдтæ кæй сарæзта, уый. Уæдæ афтæ, алантæн, ома, ныгуылæн æмæ скæсæн бæстæтимæ стаби- лон базарадон ахастытæ уыдис, уый зын зæ- гъæн у. Аланты катакомбон ингæнты цы бира æрбаласæггаг дзаумæттæ разынд, уыдонæн фыццаджыдæр, ахæссæн ис хæстон тро- фейтæм, базарадон контактты фæстиуæгмæ нæ, фæлæ. Æниу конфликттæ базарадон бастдзинæдтæ къуыхцы мыййаг нæ код- ю.1, срæлæ — иннæрдæм. Базарадон фæндæгты рагафыстыты Кав- казы хохыл хæстон экспедициты æмбæлæм аптпкон авторты уацмыстыл. Фаг у æры- мысæм зарæггæнæг — Гомеры, историк æмæ географ Геродоты, географтæ Страбон, Клавдия Птоломейы, Помпонн Мела æмæ æндæрты. Зæгъæм, Страбоны æвдисæндармæ гæсгæ «сæйраг» аорстæн фидар позицитæ уыд Раззаг Кавказы рай- онты. Уыдон, зæгъы, сæ къухы бакодтой егъау тыгъдбыдыртæ æмæ хицауиуæг кодтой Хъаспы денджызы æмгæрон зæх- хыты бæлвырд хайæн. Сæ къухы уыдис, Скæсæн Европæйы быдыртæй • Фæскавказы астæукаг Ази æмæ Китапмæ чи цыд, уы- цы базарадон фæндаг. ^хндипæ Фазисмæцæуæг базарадон фæп- даджы кой ма кæны плиний Лисдæр_ Аф- тæмæи ацы дыууæ авторы дæр самонынц иу фæндагмæ, хицæн æмæ хпцæн ратаг дзæнтыл æнцой кæнгæйæ, фæлæ сыл фæ дызæрдыггæнæн яæй. лланты базарадон бастдзинæдтæ æвды^г иты ктайа! æрмæджыты дæр, цыран дзыр- дæуы нæ заманы фыццаг æнусгы цаут^ фæдыл. 1\И1айы паддзахад фæзынд нæ эрæйы агъоммæ мин æмæ æрдæг азы размæ. луанхсиы цæугæдоны астæуккаг бассейны. Уый уæхскуæзæй агуырдта фæндæгтæ Ньг гуылæнимæ базарадон ахастытæ саразыны гыххæй. Уыцы тырнындзинад сæм фæзынд зæлдаджы иттæг зынаргъ продукци реалй заци кæныны фæндондзинадæй. Зæлдагæй фыстой налогтæ, лæвар æй кодтой минæ- вæрттæн, мызды бæсты йæ фыстой æххуырс- тытæн, Китай æппæт амæлттæй дæр архайд- та, «Зæлдаджы фæндаг»-ыл йæ бар цæмæй цыдаид, ууыл. Фæлæ Скæсæн, Астæуккаг Ази æмæ Æввахс Скæсæны бæстæты кæ- рæдзиуыл чи баста, иунæг уыцы артерийы гегемон суæвын йæ къухы не ’фтыд. ...Æртындæс азы бæрц чи ахаста, йæ уыцы балцы фæстиуæгæн Чжан Цянь æрæф- гыд Ферганы быдырмæ, цыран кæрæдзи- уыл фембæлдысты дыууаэадæмы фæндæгтæ- —эллишææмæ китайæгтæ: китайæгтæуыр- дæм куы æрцыдысты, уымæй раст 200 азы размæ Фсрганы быдырмæ бахизæнмæ Ныгуы- лæнæй бацыдис Александр Македонскийы армитæй иу. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, уы- цы цаутæм ахастытæ уыд алантæн дæр, уымæн æмæ «Яньцайы» формæйы иу æмæ дыууæ хатты сæ кой нæ кодтой китайаг автортæ, цалынмæ сæ империйы «аланты» номæй нæ базыдтой, уæдмæ. «Даванийы таурæгъ»-ы нымад цæуынц Китайæн ныгуылæны ’рдæм уæвæг област- тæ æмæ адæмтæ. Уым кæсæм: «Яньцай ис 2000 км (Лийы) Кангюяпæ цæгатныгуы- лæны ’рдæм. Уый у цæугæцардгæнджыты дæлбар бæстæ. Се ’гъдæуттæм гæсгæ, бынтон æнгæссты Кангюсимæ. Æфсад сын ис 10000 минæй фылдæр. Æвæрд ис, стыр донбылгæрæттæ кæмæн нæй, ахæм стыр цады цур. Уый у Цæгаты денджыз. Уыцы куысты ма, æрæгдæр заманыл дзырд кæм цæуы, уым ногæй æмбæлæм 82
Яньцайы койыл. «Яньцайы бæстæйы ном ивд æрцыд «Аланыстонæй», ис Кангюяйы дс^лоар, иæ климаг—рæстæмоие, нæзы æмæ хæрисджын. Се гъдау æмæ сæ уæлæдарæ сæи сты кангюсæгты æнгæс». Дымыдисаг у уый, æмæ >1ньцайы аорстæ кæнæ аланты тыххæй зонæнтæ фæзынынц Цæгат бæстæты тыххæй хабæрттимæ æм- бастæй. Уыдонимæ ]\итайы импери тыр- ныдта базарадон ахастытæ æрбиноныг кæ- нынмæ. Æмæ Яньцайы ном Аланыстонæй ивд кæй æрцыд, уый китайаг хронисттæ сæ хъусты иувæрсты кæй нæ ауагьтой, уый дæр канд ууыл дзурæг нæу, æмæ ки- тайæгтæ сæ хъус кæи дардтой сæ цæгат- таг варварон периферимæ, фæлæ ма алан- тæн сæхи экономикон интересты сферæмæ империиы тырнындзинадыл дæр. Уыйадыл æмбæлы оанысан кæнын, æмæ базарадон ахастытæ саразыны инициативæ канд Китайæ нæ цыдис. Алантæ дæр сæхирдыгæй фарс комком- мæ хайад истой базарады, Уый тыххæй æьдисæп у китайаг фыст ратæдзæн «Цæгат оæстæты истори»—Ьсйши, зæгъгæ, цыран комкоммæ дзырдæуы алайнаг базаргæн- джыты тыххæй. Уыцы ратæдзæн дзуры, Луковы хæхтæй (Памир, Гянь — Шань) ныгуылæнæрдæм цы зæххьпæ ис, уыдон тыххæй, сæрмагондæй та Судейы областы тыххæй. «Судейы дæл- баруæвæг бæстæ ис Луковы хæхтæн ныгуы- лæны ’рдыгæй, раджы заманы хуындис Яньцайы æмæ Выньнанца, æвæрд ис стыр цады цур Кангюяйæ. цæгат ныгуылæны ’рдæм. Уый кæддæр хуннæгтæ, судейты хицауы амаргæйæ, сæхи бакодтой. Хуннæгты хицау уыдис цыппæрæм фæлтæр (колсно) ацы хабары. Раздæр Судесаг сæудæджер- тæ бирæ бæрцæй цыдысты Китайы область Лянь Чжеумæ базар кæнынмæ. Юань Вейны галуан Гу Цзан куы бацахста, уæд галуаныуæвджытæ се ’ппæт дæр бахаудтой уацары. Судейаг хицау æрæрвыста минæвар уыцы уацайрæгты балхæныны тыххæй Дзырд рацыд балхæныны сразы уæвыны тыххæй. Ацы зонæнтæ интерпретаци кæнгæйæ, ис афтæ зæгъæн, æмæ Судейы область (раг- заманы йæ хуыдтой Выньнанша кæнæ Яньцаи (Аланыстон) базар кодта Китайимæ. Æвæццæгæн банысангонд ба- зарадон операцийæн бынат уыдис ба- зарвæндаджы Скæсæн фадыджы нæ заманы фыццæгæм æнусы. Уый бæлвырд кæны Ханьы (Хуанханшоу) кæсдæры хæдзары историйæ дæр, цыран Яньцайы дæлбаруæ- вæг зæххытæн сæ ном раивтой «Аланыстон- мæ». Ахæм хъусинаджы фарсмæ зонæнтæ хастæуы, Ныгуылæнмæ чи цæуы, уыцы фæн- дæгты тыххæй дæр. Сæрмагондæй дзы загъ- дæуы, ома: «Шаншанæй Луковаг хæхтыл цæуы дыууæ фæндаджы Ныгуылæн пад- дзахæдтæм, Цæгат хæхты бынты, фурды фæрсты Кашгары онг. Фæндаг хуыйны «Цæгаттаг»... Ацы æрмæг æвзæрын кæны стыр цымьг дис, уымæн æмæ фæндаджы уæвынад у базарады нысан дæр. Фæндæгтæ Кангюй æмæ (Арал-Хъаспы быдырты алантæм) кæй цыдысты, уый ма ноджыдæр иу хатт бæлвырд кæны, ома канд китаиæгтæ нæ, фæлæ алаитæ дæр зонгæ уыдысты «Стыр зæлдаджы фæндаджы» трассæйы базарадимæ, ома базар кæнын, гæнæн ис, уыдаид дывæрсыг. Уæлдæрбанысангонд хабар ноджы уырни- нагдæр кæны рагон заманы Китайæ Бол гæмæ, аорстæм (алантæм) базары фæндаг кæй уыдис, уый тыххæй ахуыргæндты цæстæнгас. Зонадон литературæйы уæвæг хъуыдымæ гæсгæ, уыцы фæндаг баконд æрцыд иууыл къаддæр нæ эрæйы агъоммæ дыккаг мин азы размæ. Момхуындæй аорстæ уы- дысты фидар баст æмæ географион æгъ- дау«сн æмарæн кодтои Астæуккаг Азиимæ. ^ырнинаг хабар у уый дæр, æмæ аорсты знæмты уæздæттæм, Астæуккаг Азийы культурæйы элементтæ — уæлдайдæр та хотыхш ног хуызтæ кæй æрæфтыдаид. Скæсæнæй цы базарадон фæндаг цыднс, уымæн стыр нысаниуæг уыдис аланты царды, сæрмагондæй та аланты знæмон цæдисы царды нæ эрæйы I—II æнусты. Уый Б. Е. Деген-Ковалевскийы хъуыдымæ гæсгæ, фæзынд, иуæрдыгæй Централон Ази æмæ Китайы, иннæрдыгæй та Сауден- джызгæрон знæмты ’хсæн транзитон база- рады домындзинæдтæм гæсгæ, цыран- алан- тæ хауынц знæмты баиугæндты дæргъвæ- тин рæнхъы фыццаг къордмæ. Базарады нысаниуæг æмæ уым аланты æнæмæнг хайадисты тыххæй ма æвдисæн- дар у китайаг хроникæ «цяньханьшоу» дæр. Уым хастæуы бæрæггæнæнтæ Яньцаимæ æмарæн Кангюйы тыххæй. Китайы ацы ратæдзæнæй куыд зыны, афтæмæй Кангюй Китаймæ ахасты уагъта хæдбар политикæ. Империйы минæвар мæнæ куыд хъусын кодта Китаймæ: «Кангюй нæ ныхмæ у сæ- рыстыр, дæрзæг æмæ ницыгъуызы разы кæны нæ минæвæртты раз йæ сæр æркъул кæныныл. Наместникæй сæм цы чиновник- ты æрвитут, уыдон бадын кæны усуньты минæвæрттæй дæлдæр... Ацы галиу митæм гæсгæ, зын нæу уый бафиппайын, æмæ Китайы галуанмæ цæмæн æрвитынц лæп- путы службæ кæнынмæ. Уый у хинæйдзаг разæууæл, ома базар цæй фæрцы кæна йемæ. Кангюйы ахæм ахаст Китайæгтæм хæссы зиан Китайы æддагон экономикон уавæрæн, уымæн æмæ шаной (гуннтæ, Д. Хъ.) уый фехъусгæйæ, ома Кангюй нæ кæны аргъуц Китайæ , æнæдызæрдыгæй сæхи банхъæлынц æгуыдзæг уавæры». Уæдæ афтæ, Кангюйы (Хорезм) æддæгон политикон архайды сæйраг фæндæгтæй иу уыд базарад, цыран, нæ хъуыдымæ гæсгæ, алантæн сæ бон нæ уыд хайад ма истзик- кой. Китайы хроникæмæ гæсгæ, алантæ цæрынц Кангюмæ бынтон хæстæг, уыимæ не сты сæ дæлбаруæвæг фондз бæстæйы сконды. Алантæ Хорезммæ хæстæг кæй цардьг 9 сты æмæ базарады семæ хайад кæй истой, уый тыххæй амоны Ал-Бирунайы «Топоно- микæ æмæ зонæдтæ». Цæвиттон, Хорезмы скъахæггæгты, (Скæсæн куыст Уетюрт, 83
Мангышлак), ссардæуыд раг астæуккаг æнусты фидар (Каравансарай) Алан-Кала. Фидар — къаннæг квадратон бæстыхай, гуымирлæгъз дурæй амад, йæ фисынтæм квадратон мæсгуытæ. Ацы фидары ном уырнинагæй уынæм, Бируний йæ топогра- фион трактаты кæй æрхаста, уыцы зонæн- ты дæр. Канд фыст ратæдзæнтæ нæ, фæлæ IV—V æнустæм чи хауы, уыцы археологон æрмæ- джытæй дæр бæрæг у, алантæн семарæн бæстæтимæ базарадон ахастытæ кæй уы- даид, уый. Аланты ингæнты цы импортон дзаумæттæ разыны, уыдон бæлвырд æв- дисынц уый, æмæ аланты ориентаци гео- графион факторæй кæнгæ кæй уыд. В. Ковалевская куыд ньшайы, афтæмæй им- порты тип ногæй бæлвырд кæны, егъау географион районтæ (Хъыр’ым, Кавказы Сау денджызгæрон нуæрдыгæй, Централон æмæ Скæсæн, Раззаг Кавказ — иннæрды- гæй) Ныгуылæн æмæ Раззаг Азийы центр- тимæ баст кæй уыдысты, археологон нм- портон æрмæджыты бæрцыл баст у база- радон бастдзинæдты интенсивондзинад æмæ фæдыздæхт. Цæвиттон, Цæгат Кавказь! ингæнты (Алхан, Кала, Чир Юрт, Пашковы зæппадз) бирæ ссардæуыд янтарæй, ко- раллæй, сыгъзæриндонытылд, мозаикон, авгын æмæ ма афтæ филлигранийы тех- никæйæарæзт фæрдгуытæ дæр. Уыдон ара- зæн центртæ уыдысты Египет, Сири, Па- лестинæ, Инди, Хорезм, Финики. Скæсæн бæстæтимæ дæр баст кæй уыдысты, уы- мæн ма æвдисæндар сты, Цæгат Кавказы цы рагастæуккагæнусты Китайы арæзг фæрдгуытæ ссардæуыд, уыдон дæр. Нæ заманы райдианы Аланты базарадон бастдзинæдтæвдисæг фыст зонæнтæ æгæр кадавар кæй сты, уый махæн дæр нæ куысты фæлгæттæ къуындæг кæны, фæлæ уæддæр фидарæй дзурæн ис Евразийы ба- зарадон фæндæгтыл аланты ролы тыххæн Транзитон базарады аланты нысаниуæг уæрæхдæрæй æмæ арфдæрæй разыны VI—VII æнусты, уымæн æмæ уæд Цæгат Кавказы аланты политикон паддзахиуæгад сфидар æмæ уыдис стабилон. Уый тыххæй ис дзæвгар уникалон æрхеологон ссарæг- гæгтæ.
ЦЫХУЫРБАТЫ ЗЕЛИМ ИРЫСТОНЫ УÆЛМÆРДТЫ ЦЫРТДЗÆВÆМТÆ ИРТАСЫН Нæ иртасæн куысты сæйраг хæс у алы- гъуызон нывæфтыд æмæ орнаменталон мотивтæй декорацигонд дурын стелæтæ рафæлгъауын. Уыдоныл арæх æмбæлдæуы куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл. Сæдæ азы размæ уыдон сæхимæ аздæхтой Всеволод Миллеры хъусдард. Уый фыста, зæгъгæ, «уыдон хуызæн ирон цыртдзæвæнтыл ныронг дæр тынг арæх фембæлынц бæлццæттæ хæххон фæндæгтыл, æфцджытыл, дæлвæзтæ æмæ донбылтыл, æмткæй сисгæйæ, фылдæр адæм кæуылты цæуы æмæ сын дардмæ фенæн кæм вæййы, уыцы рæттьЫ Ирта- сæг ма ам нысан кæны, зæгъгæ, æнгæс цыртдзæвæнтæ æвæрдтой канд ингæнтыл нæ, фæлæ кæцыфæнды рæстæджы дæр уыдысты, «Разагъта мæрдты» тыххæй кæй арæзтой, уыцы номарæн цыртдзæвæн- тæ. Абоны онг дæр ма нæм тынг бирæ чи ис, уыцы æнгæс стелæтæ æппæты тынг- дæр æвæрд цыдысты уæлмæрдты. Æмæ хæс ис уый мидæг, цæмæй сын% куыд мæ- лæты фæдыл уырнындзинæдтæ, ахæм цыртдзæвæнты хуызы анализ саразæм. Уымæ гæсгæ æнæмæнг хъуыддат у уыцы стелæтæ сахуыр кæнын, куыд материалон культурæйы зынаргъ объект, стæй тради- цион ирон дины уырнындзинæдтæ рафæл- гъауыны амал, афтæ дæр. Мах æнхъæч стæм, кæй сæ фæзындзæн индоирайнаг æхсæнады дугæй баззайгæ иуæй-иу мифо- логион фæлгæнцтæ, ирон адæм ирайнаг æвзæгтылдзурæг адæммæ кæй хауынц, уымæ гæсгæ. Стæй мард ныгæныны æгъдæуттæ чи бæрæг кæны, уыдоны бæл- вырд консервативон æмбарынадтæм гæс- гæ дæр. Ныронг ирон дурын стелæтæ практикон æгъдауæй сæрмагонд анализы объект кæй нæ уьтдысты, уымæн йæ аххосаг уый ми- дæг ис æмæ уыцы цыртдзæвæнтæм, нæ хъуыдымæ гæсгæ, куыд «мемориалон», конкретон адæймæгтимæ баст чи уьтдис, ахæм хуызы рафæлгъауынмæ йæ хъус ни- чи æрдардта. Стелæтыл арæзт ньтвæфты- дон æмæ орнаменталон мотивты мифоло- гион аспскт уымæ гæсгæ задис æнæиртæст. Афтæмæй та В. Миллер тырныдта Ирьтс- тоньт уæлмæрдты цыртдзæвæнтæ сахуьтр кæнынмæ. Уый фыста, зæгъгæ, «раздæрыу иртасджытæ уæлдай тынгдæр сæ хъус дардтой цыртдзæвæнты фыстытæ бакæ^ сынмæ, фæлæ бынтондæр нывтæм нæ кастысты, афтæмæй та фæстæгтæ фыццæг- тæй бирæ цымыдисондæр сты æмæ сæ- æнæгуырысхойæ, хъæуы сæрмагондæй ра- фæлгъауын». Дарддæр ма ахуыргонд йæ ныхæстæм бафтыдта, зæгъгæ, «уæлмæрд- ты цыртдзæвæнтыл арæзт нывтæн иууыл хуыздæр комментатортæ гæнæн ис, æмæ уой ирон адæмы муртаттаг уырнындзи- нæдтæ. Цымыдисон у уыцы стелæтыл конд иуæй-иу нывты рафæлгъауынмæ иртасæ- джы тырнындзинад. В. Миллер цы цыртдзæвæнтæ раиртæс- та, уыдон, йæ хъуыдымæ гæсгæ, хауынц сæйраджыдæр XVI—XVII æнустæм æмæ бæрæг хицæн кæнынц, дæлдæр цы цырт- дзæвæнтæ фæлгъаудзыстæм, уыдонæй. Мах нæ хъусдард цы серитæм аздæхтам, уы- дон хронологион фæлгæттæ æххæссыни XIX æнусы .кæронæй XX æнусы фыццаг цыппæрæм хаймæ. Уый æнцонæй бæлвырд цæуы сæ фыстытæм гæсгæ (сæйраджыдæр та, стелæты бинаг хæйттæм гæсгæ). Уы- цы фьтстыты нысан цæуы сгуыхты амарды бон æмæ йæ ном. Уацы спайдачындæуыд Калоты Б., Дзантиаты А, А., Хохлов, æмæ Андиаты А. æмæ Б.-йы куыстыты æрмæджытæй, стæй ма авторы сæрмагонд быдырон æр- мæгæй дæр. Уыдон уый æрæмбырд кодта 1985 азы Цæгат Ирыстоны, Дыгургом æмæ Куырттатгомы йæ экспедицийы рæс- тæджы. Банысан кæньтн хъæуьт уый дæр, æмæ æнгæс стелæтæ кæй ис Кавказы ин- нæ районты дæр. Уыдонæн сæ иуæй-иутыл сæрмагондæй дзырдæуы Д- Кузнецовайы куысты, фæлæ ацы уацы авторы фьтц- цаджы-фыццаг, æндавынц ирон цыртдзæ- вæнтæ. Кавказы иннæ регионты гтелæти- мæ уыдон æмныхгæнæгæн анализ хизьт ацьт темæйы фæлгæттæй дарддæр. Дзырд цы цыртдзæвæнты серийыл цæ- уы, уыдонæн характерон стьт куыд стаби- лизацигонд миниуджытæ, афтæ сæ бæрæг- бæлвырд вариацигонд характеристикæтæ дæр. Афтæ, æмæ ахæм цыртдзæвæнты аня- лиз хъуамæ бындуриуæг кæна иумæйаг миниуджытыл, фæлæ уыцы иурæстæджы ’фæлгъауын хъæуы канд сæ иумæйаг нæ, фæлæ ма сæ сæрмагонд миниуджытæ дæр. Ацы принципмæ гæсгæ сæ æвзардзьтстæм дарддæр даер. Цы уæлмæрдты цыртдзæвæнтæ фæлгъа- уæм, уыдон сты тъæпæн, нарæг, гуыры- мыхъ лæгъзгонд плитæтæ. Стьт адæйма- джы’ бæрзæндæн (160—180 см). Сæ уæл- лаг хæйттæ — æмдымбыл (бьтнтон стæм хæттыты æмбæлдæуы, сæ кæрæттæ раст- къуымонтæ кæмæн вæййьтнц, ахæмтыл). I Миллер В. Ф. Кавказаг динты бæрджытæ марды дуртыл МАК, 3-аг рауагъд, 135 ф. 85
Уыдон сагьд сты вертикалон æгъдауæй, сæ иуæрдыгæй фæрстыл ис нывтæ æмæ орнамент. Уыдон бындуронæй вариапи кæнынц иу композицион структурæ. Дарддæр нæ ныхасы сæр уыдзæн, стелæтæ цы элементтæй конд сты, уыдоны цыбыр афыст. Стелæйы уæллаг хайы — «тимпане» кæддæриддæр вæййы тымбылæг кæнæ кон- центрион зиллæктæ. Сæ бæстыастæу зайæ- гойæн, геометрион кæнæ та бадзырдон- символикон орнаменты фоньт сты розеткæ, свастикæ, дзуар кæнæ æндæр ахæм солярон символы нывтæ. Æнæхъæн стелæ- йыл, кæнæ та йæ бинаг хайыл (бындурьт хæххытæй дарддæр), æгъдаумæ гæсгæ, кæ- рæй-кæронмæ фæлгæтæн кæны нарæг бор- дюрон уаццаг, ис ын хуымæтæг геометри- он элементтæйконд орнамент, чысьтл æн- гом зиллæктæ æмæ ромбтæй. Д<урын стелæты æнæмæнгхъæуæг эле- мент у орнаменталон мотив — хицæнхуыз пальметæтæ. Уый ис тимпаны бьтнмæ. Апы мотивæн ис уæрæх бьтняур. Уьтй тимпанч- мæ кæм иу кæны, уымæй чьтсьтл уæлдæп (Ьæуынгæгдæр вæййы: уый у пæлæхсар бæласьт хуызæн йæ алырдæмътты таст «къалиутимæ» кæнæ та стилизацигонн сьт- къаджын стуры сурæты хуьтзæн. Æвæццæ- гæн-иу сæ стур хъуыдис хистæн. Аттьт дьту- уæ элементæй бæрæг цæуы стелæйы уæл- лаг хай. Пальметтæйæ дæлдæр, стелæ- йы астæуккаг хай кæм райдайы, уьтм ньтв сты параллелон вертикалон штрихтьт дылг- уæ къорды. Уыдонæн сæ уæллаг кæрæт- ты æвæрд ис, сæ цъуппытæ уæлæмæ кæ- мæн стьт, ахæм æртæкъуымонтьт рæнхъ. æртæкъуымонты бынмæ та — горизонта- лон уаццаг. Уый бынмæ фенæн ис цьтр- гъяг æмæ нæмыгæхсæг хæцæнгæрзтæ, ку- сæлжьт инструменттæ æмæ хæдзаранон дзаумæтты æцæг реалистон ньтвтæн. Бæ- рæг куыд у, афтæмæй уыпонæй мапп япаей- маг йæ цæргæйæ пайда кодта. Ис афтæ хъуьтлы гæнæн, æмæ уьтцьт уаццаг у ро- ньт ныв, йæ уæлæ йьтн кæй æрцауыгътой, уыцы атрибуттимæ Кæд æмæ хæттæн- гарзьт нывьт бæстьт фембæлæм хуыйæн ^æчæ хæ^чч ^цæттæгæч^ч лзаумæттыл, \'æп æччонЛæфиппайæн вæййьт, уьтпьт цьтрт ^яæвæн баст кæй у еылгоймаджы мард чьтгæнæны æгъпауимæ. Уый бæлвырд цæуь* нæмттæ æмæ йæ уæлæ фыстытæй Æнæ- уьтч сылгоймаджьт пьтртлзæвæнтæй нæл- гоймянжы цьтртдзæвæнтыл æмбæлдæЛ’ы ^чпæ арæхдæр. Стелæтæй бирæтæн сæ иууьттт биняг хз- амæлæджы мьтсæн бонты æвæрдтой хæри чæгтæ. Арæх-иу уьтцьт лзыхъхъы уæллаг хай æнгом бацылис стелæйы астæуккаг учииæ Кæл æмæ-иу стелæйыл уыцьт ^зьтхъхъ иæ уыдис, уæд-иу ьтн арæх йаэ бæсты арæзтой орнаменталон къæлæтгонд Æрдьтнæгьтл.-иу чтт сæпчбар бынят бззчял уьтм-иу фьтстой амæлæнжы ном æмæ йя» фæзианы рæстæг. Ахæм къæлæттьтл дзьтхъ- хъытæй къаддæр хæттыты æмбæлдæуы Уыцы дыууæ элементы кæрæдзи æнгæс кæй сты, уый у ууыл дзурæг, æмæ сæ семантикæтæ дæр кæй стьт æнгæс. Иу стæм хаттæй дарддæр нæлгоймæгты цыртдзæвæнты стелæты астæуккаг хайы декорьт æнæмæнгхъæуæг мотив уьтдис бæ- хьт сурæт. Кæд æмæ-иу стелæйыл уыдис æрдынæджы ныв, уæд-иу ын бæхы фигу- рæ снывчындæуыд йæ уæлцъарыл. Æр- дынæпжы дзыхъхъ-иу уыдис йæ хæдсæр- мæ. Æгъдаумæ гæсгæ, æрдынæджы уæл- цъарьтл кæнæ дзыхъхъы сæрмæ ньтв цьт- ныстьт хъуырау кæнæ æндæр ритуалон мигæнæн, амæлæгæн «хæринаг дæттыны» нысанæн. Хатт-иу æрдынæг уьтд ронæвди- сæг хæххыты фарсмæ. Уæд-иу ьтл цьт ат- рибуттæ «ауыгъд» уыд уьт^оч æвлыст цы- лысты яррдынæгтжы (уæлцъапыЛ уæплаг хяйьтт Æмбæлдæуы, дзыхъхъ кæнæдзыхъ- хъьт ньтв кæуыл нæ вæййьт, ахæм стелæтьтл дæо. Ахæм рæстæджы-иу уьтцьт декорати- вон зонæйьт бьтн фигурæ кæнæ æннæр эле- менттæ æвдьтст цыдысты расткъуымон уæлиъарыл, ома, æргтынæгæн цьт бьтнат ньтсан уьтдис, уьтм. Иуæй-иу плитæты ле- корыл-иу Гстæм хæттыты) разындысты ду- непн динтьт (чырыстон æм*> пысылмон дин- тярЛ æнлæвпады фæдтæ. Уьтй та бæлвыпт цьтд уьтмæй, æмæ:иу орнаментын нынньтв коптой, мартт адæймаджы дчн чи ’вныстя. ахæм лзаумæттьг æрпæгмæч, пзуап æмæ æнд. Иуæй-иу хæттыты декорьт уæллаг хайьтп арæзт розеткæтæ ньтсан коптой пы- сьтлмон стъалытæ æмæ-иу тимпаньт иумæй- яг комнозчпийът ныв цыдт-тстът æплæгмæй- имæ (Ьæпсæй-пзæпстæм Æнгæс æнлæвтян æппæтьт тынгдæп сЬæхатынысты бяпх-ьян- раг стелæтыл. Фæлæ. æмткæй сисгæйæ, ^чттьт ^т^тттетæн, куьтд сæ композици. ягЬ- тæ сæ орнаментьтл пæп бяззадис дунеон динтьт уæлæнган æнлæвляпьт сæ муптят. тяг æрдзыхъæп Уьтдон стьт. ттьтрыстон ттнны ягъоммæ рæстæгмæ чи хауьт æмæ ма ябон пæр ирон æхсæна^м чи уæвычяп гданы ^ьтчьт уьтрнындзинæдты материалон экви- валент. Стглæтьт тьтххæй цьт иьтбьтр яфыст ся- пæзтям уьтм бьтнлуронæй нысят- ттæуычтт чыптлзæвæнты æппæт сепччæн иум-^чяг птт V. СЯ° УЫЧЬТ МЧНт;ТУПЖЫТæ Ср^ рярЙпяг- пярПТЯРЙ ЧУ V ЛЧ-ТЛОНЫ æРТЫГЯЙ ХЯРЧТТЫИ пиу кæньтн- уæлляг’. ястзруккяг æмæ пярлпяг уя^йттыл ТТьт серитæ (Ьæлгъауæм ^ыпоны. тдт-ТПИЛИН^Я ПОН гчцярттгз^няртттæ бяр^<»г тт^- лч-тнц (Ьычпалжылæр. мярп ялæймят^т ярря сбæрæг кæчычæй хæпзярапон пзяу- мярттæ æм*> атрибуттæлт гæсгæ тык^я- нжьт, стелæты æнпæр æмæ æнлæп х^’тп опчялтс’чтяттон æмяр геометпттон моти^тяр ряпчятти тгæнычæт" гяеипянжыпяр’п тадмпятт ;рМяр ^оппюроч уятшалжы. æптьтк^пжы тя ямæпæпжы пинæвлисярг дамæ бæпярггярн^ стлмвоптæ (Ьæпгъауьтнæй ÆппынсЪæстяг м-^х оод^сптт^рд^ яуя^м стæм моттгатьтч ттæп иы- пятт («тпттяриьт ^æлпяг хят’ьтп тчмпяттт,ттт ч^чт’ыни пæпгæ^ы нывтæ Яят<-ьонмæ гæг- гæ (Ьæзынынтт. æвч æнæнхъæлярпжы яхæл/г эпементтæ стслæйы декопыл. уьтч фæпьтл лчьтпл иæудзæнис лæлдæр Фчпарæч нæ куьтд бауьтпныптя жг»т^мя°й стелæтæ не стьт. мард алæймæгтæ к?°"æ—■ мчгЬоногион чепсонажты ньтвтæ гæуыл ^тчлгямæ лгоч яхæм ттыптп?я°вярптæ Лæпæ ^я^япæр стелæты л’ярлцъярьтл нывгочп ^ттр- лтснттæ кæрæдзи (Ьарсмæ равæпыны б?»п- вырд стабилон равзæрст бæпæт бьтнят ахсы иу кæнæ иннæ антрибуты ролы, 86
стæй адæймаджы царды дæр. Афтæ нæм кæсы, цыма нæ разы фсвзæры адæймаджы фигурæйы схематикон кæнæ бадзырдон фæлгонц. Уыцы хъуыдыйыл нæ лæууын кæны, фыццаджыпæр. уаццаджы цæджын- дзы астæуккаг хайыл цы рон ис, уый йæ уæлæ ауыгъд атрибуттимæ. Ахæм хуы- зы фæлгъаугæйæ, сурæтты бирæ æндæ^ элементтæ дæр райсынц æндæр мидис Стелæ чи рæсугъд кæны, уыцы тымбылго- мау тимпан бацахсы адæймапжы сæры бынат, йæ кæрон хæххытæ та йын сæхæ- дæг фенцондæр кæнынц йæ рафæлгъауыны хъуыддаг, йæ нысан (йæ нывафысты нæ фæлæ) хуызы. Уыцы хъуыддагмæ йæ хъус æрдардта Кузнецова А. Уый нысан кæны. зæгъгæ «ллфьт уæллэг п"! мяг-^п- мæ фæкæсы адæймаджы цæсгомы хуы- зæн»1 Пальметтæйы абрис йæ иууыл цæс- тахадæн миниуджытимæ гæнæн ис æмæ æрæмныхчындæуа зайæгойты орнамент- тимæ (пæлæхсар къалиутæ æмæ сыфтæр- тимæ). Уый арæх хуыд вæййы хæххон адæймаджы традицион къабайыл (æппæ- ты арæхдæр йæ риуыл). Уый вæййы сти- лизацигонд нывондаг стуры хуызæн (сьт- къатимæ). Традицимæ гæсгæ, уый уыдис гал, æргæвстой-иу æй мардныгæныны (хис- ты) бон. Иæ бынмæ. абрисьтл, пьт верти- калон штрихты дыууæ къорды æмæ æх- хæстарæзт æртæкъуымонты нывтæ уыдис, уыдон нын нæ зæрдыл æрлæууын кæнынн дыууæрдыгæйконд бæрцытæ æмæ риуыл- дарæн хылычъытæ. Æмæ, æппынфæстаг, стелæйы дæллаг хайьт æрдьтнæджы дзьтхъ- хъæн цьт дьтууæ æнцойгæнæны ис, уьтдон, гæнæн ис, æмæ контексты уыдаиккой уы- цьт «фигурæйы» къæхтæ. Цы æвдисы уæдæ уыцы фигурæ? Сто- лæ кæй номыл арæзт æрцыд, уый зæрдьтл даргæйæ, мах æрцæуæм ахæм хъуыдымæ, цыма стелæ йæхæдæг æвдыста, кæд конк- ретон адæймаджы иконон хуьтз нæ, уæд- дæр йæ бадзырдон фæлгонц. Нæ хъуыпы- тæ ньтн фидар кæны, роньтл ауьтгъл кæ- йæ \æрД|Ынæг-дзыхъхъьтлконл ’ ато’Ибутты анализ. Куьтд ма йæ загътам, афтæмæй уыдон тынгдæр баст стьт архайпьт кæнæ цардыуаджы миниуджытимæ. Ирон тра- дицийьт мард ньтгæныны атрибуттьт къорд иу кæнæ иннæ бæрцæй кон^петотт марп апæймаджьт миниуджьттæ кæй æвдисынц уымæн ньтн æздисæн сты иуæй-иу — сЬольк лорон зонæнтæ дæр. Всеволод Миллеп цæвиттонæн æрхаста Шегрены йыст ра- пзырд. Уым дзырдæ\тьт. зæгъгæ, Уæляпв^ч Уастырджийы куырдиатмæ гæсгæ алыгъуы- зо~н зæдтæ уæларвæй æрхастой, Уастьтр- пжийæн зæххьтл цы хæлар амард, ^ьтмæч -Тттмæнгхъæуæг мæрддзæгтæ. Банысан ма кæнлзыстæм нопжьт иу иьт- мыдисон факт, Автортæй сæ иу куы фел- та, зæгъгæ, сылгоймæгты плитæтыл ньтв вæййынц хатт гом. хатт та æхгæд хæс-. гæрдтæ, уæд ьтн Стыр Дыгурьт хъæуккат информатор бамбарын кодта, зæгъгæ. гом. хæсгæрдтæ нысан кæньтнц, сылгоймаг чын дзыдзыд кæй уыд, æхгæд хæсгæрдтг та— амæлæг сылгоимаг нæма чызг кæй уыд, уый. Стелæтыл иу кæнæ иннæ амæлæджы миниуджытæ чи ’вдисы, ахæм æнгæс атри- бутты нывтæ кæй вæййы, уый ма нын у уый тыххæй ноджыдæр иу æвдисæндар, нæ разьт кæй ис бæрæг-бæлвырд конкре- тон адæймаджы бадзырдон фæлгонц. Уый у, цы стелæтæ фæлгъауæм, уыдоны миди- сы планы иу æмвæзад. Фæлæ уæддæр адæймаджы кой ракæны- иыл нæ фæуд кæны стслæты æппæт семан- тикæ Уымæн ма ис цахæмдæр æндæр ны- саниуæг дæр. Уыцы нысаниуæг стелæ- йы иумæйаг антропоморфондзинады ных- мæ здæхт нæу. Кассирер Е. куыд баыы- сан кодта, афтæмæй адæймаджы буар æмæ буары хæйттæн лæвæрдтой, æппæт иннæ тыгъдадон хуызтæ æмæ тыгъдады эле- менттæ фæрссаг амалæй чи æвдисы, ахæм ахастыты системæ. 'Афтæмæй махæн бындур ис, цæмæй бафæлварæм не стелæ- тьт æмбæлон организацион текстмæ гæсгæ рафæлгъауын. Уыцьт текст моделизаци кæ- ны дун-лунейы арæзт анатомион коды фæ- рæзты руаджы. Ахæм уавæры декораци- имæ иумæ æмдымбыл тимпан кæмæн ис, уыцы цыртдзæвæны йæ зиллæгтæ æмæ солярон нысæнттимæ, гæнæн ис æмæ æв- диса арвы фæлгонц, уæларвон дуне Зæр- дьтл дарын хъæуы уый, æмæ ирон адæм- мæ ныгуылæг хурæн кæй уыдис æнлæп ном дæр, хуыдтой йæ «Мæрдты хур». Уый кой чындæуы бирæ фольклорон æпмæ- джытæ æмæ ритуалты. «XX æнусьт райдиа- ньт дæр ма-иу Ирыстоны иууыл тальтнг- дæр кæмттьт, — фьтссы Пчелина Е. —мар- ды табæты разæй тылдтой, йæ диаметр æрдæг метр кæмæи уьтдис, ахæм тъæпæн æмдымбыл дзул. Хуыдтой йæ соти æмæ йын уыдис «Мæрдты хуры» символ».2 Мæрдты уазал хуры кой ис ирон нартьт кадджыты,. Урс дзуары хъæуы цьт уника- лон бронзæ аргъæвæг ссардæуыд (йæ уæ- лæ барæджы ньтв), ууьтл Пчелина Е. хъуьт- дымæ гæсгæ, ис мæрдты бæстæмæ балцьт цæуыньт ныв. Барæджы фæндараст кæ- ньтнц цавæрдæр маргъ æмæ фæндагрухсгæ- нæг мæрдтьт хур. Ахæм семантикæйыл æм- бæлдæуьт, уæллæр цы мæрпты ньтв^ы кой кодтам, уым дæр. Уыцы фæлгонц ма æв- льтст цæуы æндæр фæрæзты фæрцы дæр, зоологион кодьт фæрцы. Таблицæты бæрцыты (риуылдарæн хьт- лнчъъттыЛ гæрмæ тты æртæкъучмонтæ иг уьтдон рафæлгъаудзыстæм космологион аспекты руаджы, куьтд хæхтьт бадзырдон нывтæ, афтæ уымæн æмæ иукъорд тради- циты хох нымад у, арв æмæ зæххьт ’хсæи бастдзинад чи æвдисы, ахæм фæлгæнп- тыл. Ис зæххы бæстыастæу, ныдзæвьт арвьтл æмæ нысан кæны дунейы бæрзонд- дæр цъупп. Æмбæлæм ыл скифаг тради* цийы дæр. Афтæмæй хæхтæ, дунеон бæласау, æх- хæст кæнынц, дун-дунейы зонæтæ кæнæ адæймаджы буары хæйтты кæрæдзимæ чи бæтты, ахæм роль. Уæларвон дуне, •Кузнецова А. Я. Хъæрæсе æмæ балхъары адæмы сфæлдыстад. Налцыкк, 1982, 146 ф. 1 2 ХИЗИИ-йы уацхъуыдты XV т.. 1968. 148 ф. 87
зæхх æмæ дæлдзæхон дуне сты тыгъд- ад амонæг код. Сæр, гуыр æмæ къæхтæ та—анатомион код. Рæстæджы интерпрета- цион планы уыдон сты иу рæхысбаст фы- дæлтæ —абоны фæлтæр — фæстагæттæ. Æрдынæджы дзыхъхъы кæнæ йæ ивæг орнаменталон къæлæтæй конд стелæйы дæллаг хайæн, стæй бæх æмæ ритуалон мигæнæнтæн дæр гæнæн ис æмæ космоло- гион контексты уой интерпретацигонд адæймаджы схематикон фигурæйы «къæх- тæ» æмæ уыцы уæлцъары кæрæдзимæ ах- аст, стæй ма йыл амæлæгæн хæринаг дæттыны тыххæй мигæнæн æмæ бæхы нывтæ кæй ис, уый дæтты афтæ хъуыды кæныны бар, ома, стелæйы дæллаг хай æвдисы дæлзæххон дунейы фæлгонц, æрды- нæг кæнæ орнаменталон къæлæтта—уыр- дæм бацæуæн. Ахæм хуызы композицийæн рафæлгъауæн ис, куыд мæрдты бæстæм бæхыл балцы тыххæй традицион ирон уырнындзинад, афтæ. Уый тыххæй фаг у нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм бæх фæлди- сыны рагон ирон æгъдау. Бирæ иртасджы- тьт хъуыдымæ гæсгæ, уый уæвынад кодта скифтæ-сарматты дуджы дæр. Фæлæ куыд æнхъæлæм, афтæмæй ацы æгъдау уыдис уымæй бирæ раздæр — индоирай- наг иудзинады дуджы. Ацы ритуалы бьтн- дуры ис «.уырдыджы чи нæ калдаид, хæр- ды цæугæйæ, чи нæ фæлладаид», ахæм ,бæх равзарын. Уымæн æмæ уьтй амæлæг адæймаджы хъуамæ фæхæццæ кодтаид мæрдты бæстæм, Барастыры бæстæм. Æп- пæт индоевропæйаг адæмты мифологион концепциты бæхæн лæвæрд цæуы космос, æндæр æмæ æндæр зонæты бастдзинад ифтонг кæныны функци. Гæнæн ис æмæ йæ схонæм «вертикалон коммуникаци». Ин- доевропæйаг традици, бæрæг куыд у, аф- тæмæй бæхы фæлгонцы ацы символизм уæлдай ирддæрæй разьтны мард æваерьт- ны æгъдæуттимæ баст уырнындзинæдты... Уыдон та уæлдай бæлвырддæрæй æвди- сынц удыгæстæ æмæ мæрдтьт дунейы æх- сæн коммуникациты идейæ. Цьт цыртдзæвæнты сери фæлгъауæм, канд уьтдоны нæ, фæлæ ма ноджьт рагон- дæр ирон цыртдзæвæнтьт (XVI æнус) (Ьип- пайдæуы бæхы комкоммæ бастдзинад æр- тæ хайьтл дих кæныньт концепциимæ, ном- хуындæй та космологион фæлгæнцтимæ бастдзинад. Дзьтрд цæуьт, В. Миллер кæй асЬьтста, уьтцьт æртæ «Дурьтн гуьтмиртæй» сæ иуьтл. Уьтдон типологон æгъдауæй бæ- пæг хицæн кæньтнц, цы цыртдзæвæнтæ фæлгъяуæм, уьтдонаг" Уыдон тьтххæй хуыз- дæо комментари саразынæн автор нымадта уьтцы лурьтл нывгонд ис æртæ барæджьт та «Ирæттьт муртаттаг уырнындзинæдтæ», сæ и\г—се ’ннæйы сæрмæ, а(Ьтæмæй Уыи- мæ уæллаг барæг сæ йæ асмæ гæсгæ канд æппæтæй стьтрдæр нæу, фæлæ ма у се ’ппæты рухсдзыддæр» Уьтмæ автор йæ хъус æрдарлта уæлдай тынгдæр. «Ирæт- ’ тæ мард ныгæныны æмæ хистьт дуджы æдзухдæр амæлæгæн фæзæгъьтнц «рухссаг у», зæгъгæ; ома, «Фест уæларвон зæдтьт хуызæн». Амæлæгæн рухс кæныньт æгъдау цьтртдзæвæнтыл разыны уымæй, æмæ йæ фигурæ фæлхатт цæуьт æртæ хатты, уымæй дæр цадæггай стырæй-стырдæр кæны, аф- тæмæй, Уый та вæййы зæххæн (дæлейæ), арвмæ (уæлæмæ) хизгæйæ... Æртыккаг фигурæ амæлæджы æвдисы, арвмæ куы схизы æмæ дзæнæтмæ куы баввахс вæй- йы, уыцы рæстæджы. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ирон традицитæм гæсгæ (стæй ма ноджы бирæ традицитæм гæсгæ дæр), чи амæлы, уыдоны удтæ арвмæ стæхынц, дæлион дунейыл куы ахизынц, æрмæстдæр уæд. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, миллеровойаг стс- лæйыл æртæ барæджы равдисыны тыххæй иууыл хуыздæр анологи уаид фольклорон пассаж: Ирыстоны, дам, амæлæг адæйма- гæн бæх хъуамæ агуырдтаиккой цыппар- къулон, бур, лæгъз, адæмæн цæуæн, мæргъ- тæн тæхæн кæдæм нæ уыди, уыцы хохыл. Уым, дам, хизынц æртæ сау бæхы... Æрмæстдæр чи амард, уый хъуамæ акæна йæ къах æгъдæнцойы. Æртæ хатты, дам, цæстыныкъуылдмæ арвыл февзæрдзæнис æмæ æртæ хатты та фæстæмæ зæхмæ æр- цæудзæн. Ахæм змæлды фæрцы зæххон адæймагæй суыдзæнис уæларвон цæрæг. Уæд амæлæг араст уыдзæн мæрдты бæс- тæм, Барастырмæ. . Индоирайнаг космологион цæстæнгæстæм гæсгæ, Дун-дунейы алыгъуызон зонæнти- мæ бæхы бастдзинад хорз зьтны Ригведæ- йьт дæр. Афтæмæй мах уьтнæм, стелæты уæлæ бæхы ньтв æнгом баст кæй цыдис, индои- райняг дугæй нæм цы мифологон фæлгæн- цтæ æрхæццæ ис, уыдонимæ. Ирон адæм- мæ дæр баззадис, раздæр ын вертикалон коммуникацийы цьт ахсджиаг нысаниуæг уьтдис, уый. Тынг цымыдисон у, хуымæтæг геометри- он фигурæтæ: чысыл ромботæ, зиллактæ æмæ æндæртæй конд чи у, ахæм бордюрон уяццяг йæ орнаменталон фæлыстимæ. Уьтны бордюоы уаццаг стелæйьт орнаментæн V инвариантон нывæфтыдон элемент. Уьтй, æгъдаумæ гæсгæ, фæлгæтæн кæньт стелæ- йьт æнæхъæнæй йæ дæллаг кæро'"æй дат- лæр Хатт фæлгæт аразæг вæй"ы стелæ- йæн æпмæстдæр дæдлаг хай, рон кæм ис, уый нæ нымайгæйæ. Ахæм рæстæджы ^ын сæмбæльт, уæлпæп цьт орнам^нтялон къæлæты кой чындæуыд уьтйимæ. Ацьт мо- тив иптасджытæ æмбарын кæнынтт куьтд къонайы рæхьтсы фæлгонц, афтæ* Уьтй пя- гæй фæстæмæ ирон адæммæ ньтмад иьтдис хæдзарон артдзæст æмæ бинонтьт цярда- монды эмблемæйыл. Куьтд скифтæм, афтæ ирон адæммæ дæр артдзæстæй сомьт кæ- нын нымад цыд иууьтл карздæр сомыйып, паддзах-иу куы фæрынчын, уæд-иу æн- хъæлдтой, зæгъгæ, дам, скифтæй чидæр паддзахы артдзæстæй мæнг сомы ракодтА Ирон адæммæ артдзæстæй къонайы рæхыс райсьтн æмæ уьтй æддæмæ аппарын нымяд цыдис иууыл тыхджындæр æфхæрдыл (Уый-иу йæ фæдыл расайдта туг исын дæр). Къонайы рæхыс артдзæстимæ иумæ ирон адæммæ ньтмад цыдис цæрæн бына- ты центр æмæ йæ иууыл кадджындæр эле- ментьтл, уымæн уыдис æгæрстæмæй йæхи бардуаг дæр — къонайы рæхьтсы бардуаг Сафа. В. М Миллер цæвиттонæн хæссы цымыдисон сюжет. Уый æндæр элемент- 88
тимæ иумæ кæны рæхысы символикæйы кой. Ирæтты уырнындзинадмæ гæсгæ, амæ- лæджы буарæй уд куы фæхицæн вæййы, уæд æй арвыл, «рæхысы авд цæджы æх- сæнты ацæуын кæны». Уый фæстиуæджы уд ногæй райсы адæймаджы фæлгонц. Мæрдты бæстæйы дæр, уæлион бæстæйы адæймагау, удтæ зæронд кæнынц. Цæмæй фæстæмæ сæвзонг уой, уый тыххæй сæ хъæуы сæрмагонд хæринаг. Руймоны—кал- мы хуызæн цæрæгойы фыд. Цæмæй дзы адæмы фервæзын чындæуа, уый тыххæй Урс Елиа арвæй мигъæмбæрзт рæхыс æр- уадзы, калмы дзы æрцахсы æмæ йæ уæ- лæмæ арвмæ сласы... Руймон рæхысбаст- æй арвмæ куы схæццæ вæййы, уæд ын ’ æрвон зæдтæ æхсаргæрдтæй йæ буар хайгай ныллыгтæ кæнынц, æмæ сæ мæрдтæн байурнынц. Уыдон дзы сæхицæн сфыцынц цахæмдæр хæринаг. Æмæ дзы куы бахæ- рынц, уæд ногæй сæвзонг вæййынц. Цы цæвиттон æрхастам, уым ирд æмæ бæрæгæй зынынц рæхысы функцитæ. Рæ- хыс кæрæдзиимæ иу кæны æндæр æмæ æндæргъуызон дунеты. Амæлæджы уд дæ- лион дунейæ, рæхысы авд цæджы сæрты ахизгæйæ, арвмæ, уæлион дунемæ стæхы В. Миллер уæлдæр цы стелæты кой ра- кодта, уыдонæй иуы нывтæ æмбарын кæ- ны ацы сюжетæй. Уый уæлæмæ, арвмæ исы цахæмдæр калмы хуызæн цæрæгойы Барæджы бынмæ сты адæймаджы æртæ фигурæйы, се ’хсæн ис аг. Уыцы адæймæг- тæй сæ иу агæй исы хæринаг, дыккаг хæиы къусыл, æртыккаг дæр, йæ зонгуытыл лæугæйæ агмæ дары раст ахæм къус). Шанаты Г. куыд бæлвырд кæны, афтæ- мæй артдзæсты рæхысы хицау. Сафа ам æххæст кæны æхсаргард æмæ æппæт хæ- цæнгæрзты бардуаджы роль. Иртасæг фыссы: «Ныр дæр ма нæ рох кæны ирон адæймаг æхсаргарды бардуагæй сомы кæ- нын. Сомы та ракæны, къонайы æфсæйнаг рæхыс ауыгъд кæм вæййы, уыцы артдзæс- ты, афтæ дзургæйæ: «Сомы кæнын ацы сыгъдæг сыгъзæрин Сафайæ». Бæрæг куыд у, афтæмæй скифтæм дунейы сæмæ- ны фæлгонц æвдыстой æхсаргарды фæрцы. Цы анализ сарæзтам, уымæн хатдзæгтæ аразгæйæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ уæл- мæрдтыл æвæрд ирон цыртдзæвæнтæ æв- дисынц антропоморфон æмæ космологион дыууæ кæрæдзийыл æмбаст мидисхæссæг æууæлы. Уыимæ ма у стелæты структурæ æмæ уыдоныл конд нывты сконд бæрæг- гæнæг, куыд трихотомион организмы уни- версумы арæзты концепци, афтæ. Цыртдзæвæнтæн анализ аразыны рæс-- тæджы бæстонæй æркастыстæм хронологи- он æгъдауæй рагондæр æрмæджытæм æмæ нын чогæй фæцис уыдоны инвариантон ми- ниуджытæ фæхицæн кæныны фадат. Сæ семантикæ сын бамбарын кодтам бæл- рырддæр аргументтæ æрхæсгæйæ. Æндæр æмæ æндæр рæстæджыты цыртдзæвæнтæ кæрæдзимæ æрæмных кæнгæйæ, фæбæрæг, фыццаджыдæр, ирон стелæты концепци тынг рагон кæй у, уый. А. Кузнецова, балхъайраг стелæты тыххæй фыссы, зæгъ- гæ, уыдоны фиппайдæуы половецаг дурын сылгоймæ1ты формæты рагон хуызтæ. Фæ- лæ кæрæдзиимæ æмных кæныны ахæм æмвæзад æрмæстдæр хауы дыууæ кæрæ- дзийыл абаргæ сериты антропоморфизммæ Нс стелæты кæрæдзимæ æрæмных кæ- ныны принциитæ ма бæрæг цæуынц æн- дæр амалæй дæр — уыдонæй ноджы ра- гондæр цыртдзæвæнты — скифты дуджы дурыл кæрдгæнывты фæрцы. Уылоньт фæ- зыны, кæй фæлгъауæм, уыцы стелæты ба- каст æмæ структурæ чи бæрæг кæны, ахæм хосмологион фæлгæнцтæ. Антропо- морфон дурын цæджындзы банысангонд трихотомион дихкæнынад нын ирдæй æв- дисы дунейы фæлгонц, куыд адæймаджы буары космикон конд афтæ. Авторы хъуы- дымæ гæсгæ, скифаг дурын кæрдгæнывтæ махæн дæттынц æртæ хайæ иугонд дуне- йы фæлгонц æмæ сæрмагондæй æвдыст æрцыд скифты мифологион рагфыдæл Тар- гитайы фæлгонцы хуызы. Уымæ гæсгæ. æвзæры ахæм фарст: æвдисынц, мыййаг, ирыстойнаг стелæтæ дæр цахæмдæр бæ- рæг-бæлвырд мифологион персонажы фæл- гонц? Дзуапп раттыны тыххæй нæм нæма ис бæлвырд зонæнтæ. Фæлæ уæддæр гуы- рысхойаг нæу, скифты дурын кæрдгæныв- тау, ирон стелæтæм дæр æркæсæн кæй ис, куыд Дун-дунейы структурæйы символи- кон фæлгонц, афтæ. Кæд æмæ скифаг цыртдзæвæнты антро- поморфизмæн йæ бындуры уыдис космо- логон идсйæ равдисыны сæраппонд адæй- маджы буары кондæй спайда кæныны амал, æмæ сын практикон æгъдауæй се ■ ’ддаг бакаст бæрæг кодта, уæд ирон сте- лæты та уый æмиу цæуы æндæр симво- ликон нысæнттæ, кодты æнæхъæн хызæг- тимæ. Фæлæ уæддæр зæрдылдарын хъæуы уый, æмæ Ирыстоны территорийыл кæй уыдис бынтон антропоморфон нырыккоп уæлмæрдты цыртдзæвæнтæ дæр. Уыдон сæ ас, сæ иумæйаг сурæттæ æмæ иукъорд æндæр хийæдтæм гæсгæ уыдысты, ныр- тæккæ цы стелæтæ фæлгъауæм, уыдон хуызæн. Уæдæ афтæ, антропоморфизм уæлдæр æвæрыны тенденци æмæ бадзыр- дон стелæйы нывæфтыдон дзаума фестын кæнын æнæхъæнæй дæр характерон у, цы традици фæлгъауæм, уымæн. Ацы æгъ- дау бафиппайдта Е. Леви — Стросс арха- икон культурæтæ ахуыр кæныны бындур- ыл æмæ йæ бæрæг кæны мæнæ ахæм хуы- зы: «Аивадон уацмысмæ . индивидуализа- цийы элемент цахæм бæрцæй бахæссай, уьшæ гæсгæ йæхигъæдæй къаддæр кæны йæ семантикон функци дæр. Ацы фæкъад- дæр кæныны процесс сæххæст вæййы се- 89
мантикон функци моделмæ æввахсæй-æв- вахсдæр кæныны хыгъдæй. Бацархайынц, цæмæй уыцы модель канд нысан ма цæуа, фæлæ цæуа нывгонд дæр» Скифтæ æмæ ирон адæмы цыртдзæвæн- ты уæлдæрбанысангонд æнгæсдзинад ньш дæтты уыдоны прагматикæйы иудзинад ба- фиппайыны фадат дæр: уæлмæрдты цырт- дзæвæнты функцитæ æххæст кæнынæй дарддæр ма уыдонæн сæ хæс уыд, социу- мы кæцыфæнды уæнджы мæлæт дæр цæй аххосæй æрцæуы коллектив æмæ æмткæй дунеон фæткы, уыцы дезорганизацийы хуыз равдисын. Социалон структурæйы мæлæ- ты дезорганизацион æндæвдад аиуварс кæнынæн хуыздæр амал уыдис цыртдзæ- вæнтæ аразын. Уыдон уыдысты коллекти- вы ннтсграци æмæ амæлæджы социалон статус «среставраци» кæныны символтæ. Дунеон фæткæвæрды дзаумайон фæлгонц- æвдисæгтæ сты, В. Миллер кæй рафæл- гъуыдта, скифты уыцы дурын кæрдгæ- нывтæ, стæй ма, маханализ цы цыртдзæ- вæнтæн кæнæм, уыдон дæр. Афтæмæй мах федтам, культурæйы ис- торийы мард нывгæныны æмæ уыимæ баст- уæвæг цыртдзæвæнтæн дунеон фæткæвæр- ды идейæ æмæ вертикалон коммуникаци- йы ’хсæн цы иудзинад ис, уый. Ацы хъуыддаджы æнæмæнг банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ам дзырд цæуы скифтæй ирæттæм комкоммæ рахизгæ æгъдауыл нæ, кæд иу этникæ æмæ æвзагæй æрва- дæлтæ сты, уæддæр, фæлæ универсумы структурæйы код æвзарыны иу кæнæ ин- нæ амалы иудадзыгон ногкæнынадыл. Скифты дурын кæрдгæнывтæй райдайгæ- йæ, суанг Ирыстоны уæлмæрдты онг, фип- пайдæуы семантикон акцентты алыгъуы- зон дихдзинад, уыдон срганизацигæнæт нысанон хызæджы иумæйаг характерон м«- ниуджытæ ныууадзгæйæ. Уыцы характерон миниуджытæм, номхуындæй хауы стелæты æртæхайон композицион структурæ. Уый «буарон» коды æвзагыл æвдисы. индоирай- наг иумæйагдзинады дугмæ чи хауы, ду- нейы уыцы космологион модель. Ирон фольклоры мифологион тексттæ æмæ ма цы материалон культурæйы цыртдзæвæн- тæ фæлгъауæм, уыдон кæрæдзимæ æрæм- ных кæнын нын уынын кæны «экзсмплифи- кацийы» принциптæй сæ иу.
ГАССИТЫ МАРИНÆ ИРОН АДÆММÆ ТРАВМÆТÆН ХОС КÆНЫНЫ РАЦИОНАЛОН- ЭМПИРИОН МЕТОДТЫ ТЫХХÆИ (Адæмон медицинæйы æрмæджытæм гæсгæ) Адæмон медицинæимæ баст проблемæтæ рафæлгъауынæн ис бæрæг зонадон æмæ ирактикон нысаниуæг., Иæ актуалондзинад, фыццаджыдæр, æмбæрстгонд цæуы медици- нæйы фæдыджы дунейы адæмты бирæну- сон æмæ æппæтфарсон фæлтæрддзинад æй спайда кæныны æгæрон амæлттæй.1 Уымæн нын æвдисæн сты Æппæтцæдисон зонадон конференцитæ: Тбилисы (1971) — «Адæмон медицинæйы фæлтæрддзинад са- хуыр кæныны сæраппонд хосгæнæн зайæ- гойты адæмон ресурстæй спайда кæнын», æмæ Ленинграды (1975) —«Адæмон меди- цинæ сахуыр кæныны этнографион аспект- тæ». Бæрæг куыд у, афтæмæй иу кæнæ ин- нæ низæй хос кæныны зонадон методтæй æмæ хосгæнæн фæрæзтæй бирæтæ махмæ æр- бафтыдысты адæмон фæлтæрддзинадæй. Ны- рыккон медицинæ адæмон фæтæрддзйнад- æй йæхимæ райсы, æнусты дæргъы цыдæ- ридæр хорз æмæ рационалонæй йæ къухы бафтыд, æппæт уыдон. Адæмон медицинæмæ цымыдисдзинад ма бæрæг цæуы уымæй дæр, æмæ’куыд адæ- мон фæлтæрддзинады иннæ хуызтæ, афтæ уый дæр у кæцыфæнды адæмы культурæйы, уыцы нымæцы йæ духовон культурæйы æнæфæхицæнгæнгæ хай. Уый йæ массон æмæ цæрдхъомдзинадмæ гæсгæ хауы тра- дицион-цардуагон культурæмæ æмæ йын ис бæрæг-бæлвырд этникон ахадындзинад. æххæст кæны бæрæг этникон функцитæ. Революцийы агъоммæйы ирон хъæуæн бынтондæр нæ уыдис квалификациджын медицинон æххусæй пайда кæныны фадат. Уымæ гæсгæ, цæрджытæ, сæйраджыдæр, пайда кодтой хос кæныны адæмон фæрæз- тæй. Низтæй хос кæныны методтæ уыдыс- -^ч куыд рационалон, афтæ иррационалон- тæ. Бьтдырьт цы æрмæджытæ æрæмбырдчын- дæуыд, уыдон нын бæлвырд кæнынп, хо’с кæныны рационалон амæлттæй кæй пайда кодтой æрмæстдæр уæд, кæд æмæ-иу низы хатты аххосæгтæ раст фæлгъуыд æрцьт- чысты. Цæвиттон, хъæдгæмттæн (цæсЬтæн) хос кæныны рæстæлжы-иу хосгæнтжьттл^ фыццаджыдæр, хъæдгом ньтссыгъдæг кодтпм суадоны донæй, арахъхъ кæнæ донгонд стуры соимæ хæццæйæ. Уьтй фæстæ-иу бацархайдтой тугцьтд бауромыныл. Ум* тыххæй пайда кодтой цæхх, цæхджьтн цьтхт, мыдадз æмæ æндæр фæрæзтæй. Чысыл тугцыдтытæ фæурмыны тыххæй пайда кодтой фæныкæй, тыхджын тугцыд- тыты тыххæй та ирон адæммæ иууьтл хуьтз- дæр амал уыдис хæлуарæджы тын. Тугцыд фæлæууын æмæ дезинфекцийы тыххæй пайда кодтой ацудасæй дæр. Дезйнфекци æмæ тугцыд фæуромыны фæстæ-иу хосгæнæг æрæвнæлдта хъæдгом (цæф) байгас кæнынмæ. Уый тыххæй-иу, сæйраджыдæр, пайда кодта хосгæнæн кæр- дæджытæ æмæ фосы сойæ... Минералон æмæ физиотерапевтон фæрæзтæй пайда цыд стæм хæттыты. Ирон адæм хосгæнæн зайæгойтæй цæттæ кодтой хостæ донгъæдæй, доны фыхæй, маз æмæ ссадæджы хуызы. Кæрдæджытæ, зайæгойты сыфтæ æмæ дыргътæй ахæм тæнгъæдтæ цæттæ кодтой дон, арахъхъ æмæ стуры соимæ. Хæрзцъус уыдысты хостæ цæттæ кæныны компоненттæ. Минералон ’фæрæзтæй пайдачындæуыд стæм хæттыты, æмæ-иу сæ пайда кæнынæн уыдис магион нысаниуæг. Адæмон уырнындзинæдтæм гæсгæ, стæг- сæстыты тыххæй пайда кодтой æфсæйна- джы льтстæг хафæнтæ æмæ æфсæйнаг дзаумæттæй. Уыдон фæрцы, дам-иу, стджы- тæ тагъддæр байгас сты. Уæлæнгай хъæдгæмттæ æмæ буары цъæр- рæмыхстытыл зæрстой сыджыт. Æлыг сыджыт та-иу байзæрстой, сынчъытæ, рæ- сыд æмæ хæфдзаст бынæттыл, стæй арф хъæдгæмттыл. Уый фæстæ-иу сыл байзæр- стой хосгæнæн кæрдæджытæ лыстæг хос- тæй. Уазал æлыгсыджыт-иу байзæрстой, цонг кæнæ-иу къах кæм фелвæст, уыцы бынæт- тыл. Æлвæст æмæ хъæдгæмттæн ма хос кодтой уазал доны компресстæй. Уыдон- иу æлвæст бынæтты рæсыд бабадын код- той. Ирон адæммæ уыдис тынг цымыдисон хосгæнæн фæрæзтæ гангренæ æмæ туг фæ- хъæстæ кæнынæй хи бахъахъхъныны тых- хæй дæр. Уыдон тыххæй XIX æнусы æмби- сьт В. Швецов фыста, зæгъгæ, æддаг хъæд- гæмттæ, æмæ уæлдайдæр та, цæфтæ дзæбæх кæнынц кæрдæджыты тæн- гъæдæй, стæй адæм сæхæдæг хорз кæй цæттæ кæнынц, ахæм мазæй. Цалынмæ бын- дуронæй хос кæнынмæ бавналынц, уæдмæ хъæдгом кæнæ цæф ныссыгъдæг кæныни донгонд хъуджы царвæй. Уый ахæм темпе- ратурæйы вæййы, æмæ рынчын уыцы опе- раци тых æмæ фыдтæй бафæразы, уымæй цæр фæлхатт æрцæуы æртæ кæнæ фьтлдæр хæттыты (хъæдгомы уавæрмæ гæсгæ). Хъæдгом развæлгъау асыгъдæг кæныны куыст рынчыны бахизы гангренæйæ æмæ тагъд адзæбæх вæййы. Адæмон уырнындзинадмæ гæсгæ, хъæд- гæмттæн (цæфтæн) хос кæныны хъуыдда- джы тынг ахадæн фæрæз сты уаллæттæ. 1 Ю. В. Бромлей, А. А. Воронов. Народная медицина как предмет этнографических исследований. — Советская этнография, 1976, № 5, с, 3. 91
Уаллæтты-иу æрæмбырд кодтой, цæхх-иу сыл байзæрстой æмæ-иу сæ стæй суадоны донæй ныхсадтой. Хъæдгомы бынаты-иу сæ ныууагътой 12 сахаты дæргъы, науæд- иу хъæдгом судзын райдыдта. Хъæдгомыл- иу уаллæттæ батадысты æмæ-иу систы сапоны фынчы хуызæн. Ахæм процедурæйы фæстæ-иу хъæдгом донæй нæ ныхсадтой (уымæ гæсгæ-иу тынг рыстис), фæлæ-иу æй бæстон ныссæрфтой фосы хъарм сойæ. Уый фæстæ-иу æй дзæбæх кæнын райдыдтой хосгæнæн кæр- дæджытæй. Лыстæг-иу сæ ныххостой æмæ- иу сæ сасирæй балуæрстой, цæмæй-иу хъæдгом афтæ тынг мауал рыстаид. Хъæдгæмттæн (цæфтæн) хос кодтой хор- гæлмытæй дæр. Цалынмæ-иу хос кæнынмæ бавнæлдтой, уæдмæ-иу калмæн йæ сæр æмæ йæ къуди акъуырдтой, йæ хуылфыдзаума- иу ын аппæрстой, стæй ма-иу дзы цы хай баззадис, уый-иу байсæрстой сойæ кæнæ арахъхъæй. Ахæм хос-иу ныууагътой цалдæр бонмæ, цалынмæ-иу сцæттæ ис, уæдмæ. Бирæ хосгæнджытæ-иу уыцы хос сцæттæ кодтой рагагъоммæ æмæ-иу сæм æвæрдæй лæууыдис мæйгæйтты, йæ акти- вон хийæдтæ-иу нæ фæивтой, афтæмæй. Нæ информатор, Згъуыбиры хъæуккаг Саулохты Хъырым нын куыд радзырдта, афтæмæй уымæн дæр йæ фыдыфыд Сау- лохты Иуане хъæдгæмттæн хос кодта ахæм амалæй. Г. Ф. Чурсин дæр банысан кодта, ирон адæм хъæдгæмттæн (цæфтæн) кæлмыты фæрцы кæй хос кодтой, уый. Хæфдзаст бынæттæ дзæбæх кæныны тыххæй хосгæ- нæн фæрæзты хуызы уыдон пайда кодтой урс кæлмытæй. Хус сæ кодтой, лыстæг ссадæг сæ кодтой æмæ-иу дзы фысы соимæ хæццæйæ арæзтой маз. Уый сын уыдис хосгæнæн фæрæз. Хъæдгæмттæ æмæ цæфтæ тагъддæр байгас кæныны æмæ сæ бынæттæ балæгъз кæныны тыххæй ’ирон адæм пайда кодтой хосгæнæн мазтæй. Уыдоны, сæйраджыдæр, арæзтой хæлцадон продукттæй. Донгонд сæгъы сой-иу схæццæ кодтой мыдадзимæ æмæ-иу æй рафыхтой. Ныккодтой-иу ыл мыд, айчы урс кæнæ та мыд донгонд царви- мæ хæццæйæ. Æнгузьт æппытæ иу ньтл- лыстæг кодтой æмæ-иу дзы айчьт буримæ хæццæйæ цæф кæнæ хъæдгомы бынат бай- сæрстой. Ирон адæм цьт хосгæнæн фæрæзтæй пай- да кодтой, уыдон-иу урæдтой рыстытæ, ахъаз кодтой тугцыд фæлæууынæн, царм байгас кæнынæн, цæф бынæттьт хъахъ- хъæдтой алыгъуызоч инфекцитæй. Хосгæ- нæн зайæгойтæн ахæм пайдайы эффект тынгдæр уымæн уыдис, æмæ сæ кæй уьтд бактереоцидтæ, туагæдтæ, эфирон сойтæ æмæ бирæнымæц витаминтæ. Ирон адæмьт сæйраг хосгæнæн фæрæзтæ уыдысты: кæрдæджытæ, гагадыргъты къу- тæртæ, хъæдьт зайæгойтæ æмæ пæхæрадоны халсæрттæ. Уæлдай тынгдæр пайда кодтой кæрдæджытæй. Зьтндгонд ирон ахуыргонд- æвзагзонæг Абайты Вассо куыд зæгъьт, афтæмæй дзьтрд «хос»-ьт семантикæ ирон æвзаджы равзæрд кæрдæг «хос»-æй. Информатортæ куьтд зæгъынц, афтæмæч- иу адæм хосгæнæн кæрдæджытæ æмбыт кæнын райдыдтой июны мæй, уымæн æмæ- иу кæрæджытæн сæ фылдæр дидинæг уæд ракалдта. Ирон адæмон медицинæйæн характерон сты вазыгджын рецепттæ. Хос-иу сцæттæ кодтой 2—3 компонентæй. Хæфы бынат, стæй хъæдгом дзæбæх кæнынæн пайда кодтой дугъысыф, цайгæрдæг, зæгæлæг, цæвæгхос, мæнтæг, фугæ, нывдзæг, галæв- заг, нафыхос, гæдыйыкъуди, стъополлæ, æртæсыфон æмæ æндæр зайæгойтæй. Нæ информаторты ныхæстæм гæсгæ, хос- гæнæн хийæдтæ уыдис цыкурайы фæрдыг- мæ дæр. Ирон мифологийы цыкурайы фæр- дыг æмæ калм сты кæрæдзийæ æнæфæхи- цæнгæнгæ. Нарты кадджытæй сæ иуы — «Сослан Бедухайы куыд ракуырдта», зæгъгæ, уым фыст цæуынц цыкурайы фæрдыджы хог- гæнæн хийæдтæ... «Сослан йе ’хсаргард систа æмæ дзы калмьГ дыууæ дихы фæ- кодта. Калмы къуди йæ бынаты баззад, фæлæ йæ сæр кæм уыд, уыцы æрдæг уай- тагъд фæстæмæ йæ хуыккоммæ балæсыд. Сослан хъуыды кæны, зæгъгæ, дарддæр цы уыдзæн. Æмæ дын калм фæстæмæ йæ хуыккомæй рабырыд, йæ дзыхы цыкъура- йы фæрдыг, афтæмæй. Уьтцы ч цыкъурайы фæрдыг калм æрсæрфтытæ кодта, Сослан дзы цы ’рдæг ахауын кодта, ууыл. Уай- тагъд дыууæ æрдæджы байгас сты æмæ калм йæхи иуварс айста. Фæлæ йьтн Сос- лан йе ’хсаргардæй йæ сæр ныццавта æмæ йæ амардта. Иæ дзыхæй йын уыцы цыку- райы фæрдыг систа æмæ йæ Бедухайы цæфыл æрæвæрдта. Чызг рогæй сулæфыд...» Ирон адæм хорз зыдтой цыкурайы фæр- дыджы хосгæнæн миниуджытæ. Æвæрд- той йæ, хуры тынтæ кæдæм нæ хæццæ кодтой, ахæм ран, науæд, дам, йæ хос- гæнæн миниуджытæ сæфтысты. Цыкурайы фæрдыг-иу алыхатт дæр нывæрдтой къаннæг хъæдын къоппы, хæ- дзары уæллаг рахиз къуымы. Уырдыгæй чæ райсыны бар уыдис æрмæстæр хæдзапы хистæрæн, уымæй дæр афæдз иу хатт (Ногбонты хæдразмæ). Цыкурайы фæрды- цжьт райсыны бар ма уьтдис уымæй дард- цæр иу хатт — цæфтæ сдзæбæх кæньтны тыххæй; Ирон адæмон уырнындзинадмæ гæсгæ, кæлмытæ цыкурайы фæрдыджы сæрьтл мæлæтдзаг тохьт бацæуынц, уьтмæн æмæ йьтн зонынц йæ хосгæнæн миниуджытæ Гуырдзиаг дохтыр А. Яшвили куыд зæ- гъьт, афтæмæй дуртæм, æцæгдæр, ис, хос- гæнæн миниужытæ, ис сын эффективон тых Гуырдзыстоны падддзахадон музейьт цы цуртæ æвæрд ис, (хос кæныньт тыххæй), уыдон фæлгъуыд æрцыдысты лабораторион æгъдауæй. Уый фæстиуæгæн сбæрæг, уы- донмæ, æцæгдæр, кæй уыд хосгæнæн ми- ниуджытæ. Хæххон хосгæнджытæ, уыцы нымæцы ирæттæ дæр, æнтысгæйæ дзæбæх кодтой алыгъуызон сæстытæ, æлвæстытæ. Куьтд хъæдгæмттæн, афтæ уонгсæстытæн хос кæнгæйæ, уыдон пайда кодтой алгъуызон фæрæзтæ æмæ мадзæлттæй. Рыстытæ-иу фæурæдтой. Сæстытæ-иу сæ ныссыгъдæг кæныны фæстæ (сæ бынат æмæ сæ уавæрмæ гæсгæ) байсæрстой хъуджы царвæй Уьтй фæстæ- иу саст бынат сыгъдæг хæцъилæй баба- стой, хыссæ æмæ-иу æй айчы урсæй бзйсæр- 92
стой, афтæмæй. Хъуымацы уаццагыл-иу уæлейæ ноджыдæр бабастой мыдадзамæхст æндæр хæцънл, цæмæй-иу саст бынæттæ ^зæоæхдæр оаигас уыдаиккоп, уый тыххæй. Хæдъилы кæрон фидар кодтой хъæдын фæрчытæй. Иуæй-иу хатт-иу саст бынат бинт кæнæ хæцъилæй нæ бабастой, фæлæ- иу æй сраст кодтой æмæ-иу æй бабастон хыссæйæсæрст бæзджын компрессæй. Йæ уæлæ-иу ын стыхтой фидаргæнæн гуОкæтæ. Стджытæ байгас кæныны тыххæй ма пайда кодтой æндæр амалæй дæр. Саст бынат-иу райдианы байсæрстой хосгæнæн мазæй, стæй та айчы урсæй. Уый фæстæ- иу æй фысы ног цармæй æнгом бабастой. Фысы царм-иу куы бахус, уæд-иу æй раи- хæлдтой. Састы бынат-иу уæдмæ байгас, бахсыст. Сæстыты æмрæнхъ хос кодтой æлвæстæн дæр. Алыгъуызон æлвæстытæ дзæбæх код- тои æндæр æмæ æндæр амæлттæй. Æлвæст цонг кæнæ къах-иу айвæзтытæ кодтой æмæ-иу рараст ис. Стæй-иу, йæ гаччы куы абадт, уæд-иу æй четæнæй бабастои, развæлгъа)-иу æи арахъхъы баудæстой, кæнæ та-иу æй ссадимæ хæццæ айчы урсæй байсæрстой. Ирон хосгæнджытæ уыдысты цалдæр- гъуызон. Сæ иутæ хос кодтой æрмæстдæр цæфтæ æмæ хъæдгæмттæн. Хуыдтой сæ хъæдгоммæзилджытæ, иннæтæ хос кодтой стæгсæстытæ æмæ æлвæстытæн. Хуыдтой сæ стæграстгæнджытæ æмæ æлвæстбæ1- джытæ. Хосгæнæн кæрдæджытæй рынчын- ты чи дзæбæх кодта, уыдоны та хуыдтой зайæгойтæй хосгæнджытæ. Стæгсæстытæ æмæ æлвæстытæн хос код- той æрмæстдæр нæлгоймæгтæ, уымæн æмæ уым хъуыдис лæгдых. Хъæдгæмттæ, цæф- тæ æмæ зайæгойтæй хос кæныны хъуыддаг хаудис куыд нæлгоймæгтæм, афтæ сыл- гоймæгтæм дæр. Ирон хосгæнджытæ алыгъуызон хъæд- гæмттæ æмæ травмæтæ арæхстджынæй кæй дзæбæх кодтой, уый фæдыл сæ хъуы- дытæ загътой бирæ автортæ. Æрхæсдзыс- тæм дзы иу-цалдæр цæвиттоны: «Ирæттæ æмæ иннæ бынæттон цæрджы- тæ сты сæ хъуыддаджы арæхстджын дæс- нытæ. Уæлдай тынгдæр арæхсынц хирурги æмæ æндæр операцитæ аразыны хъуыд- даджы. Æппæтгъуызон хъæдгæмттæн (цæф- тæн), стæгсæстытæ æмæ организмы æндæр сахъæттæн уыдон фæлтæрд хирургтæй æвзæрдæр нæ хос кæнынц. Уый нæ. фæ- лæ ма æгæрстæмæй иуæй-иу хъуыддаджы сæ арæхстдзинад бирæ уæлдæр лæууы специалистæ-хирургты зонынадæй». (Кл. Борисович). «Æгæрстæмæй, хохæгтæ нæмыгæй цæ- фæн цы амалæй хос кодтой, уымæ сæ хъус чи дардта, Кавказы æфсæддон кор- пусы уыцы медиктæн дæр сæ бон нæ ба- цис ахæм хосгæнджыты фæлтæрддзинад базонын. Корпусы командæкæнынады бахъуыдис иуæй-иу хæххон хосгæнджытимæ баныхас кæныны сæр. Ирыстон, Мæхъхъæл, æмæ Кæсæджы зындгонд чп уыд, уыцы ирон старшинæ I уысалты Ьеросаны та сæ фарс рахæцын кæнын кодтои. 1 уысалы фырт нæ- мыгдзæфтæн хос кодта арæхстджынæи.. ^м. ьагнер). Ьалцы цæугæйæ-иу хохаг ирæттæ семæ акодтой сæ хосгæнджыты дæр. Алы ирон хæстон дæр-иу йæ цъухъхъайы бæрцытæй сæ иуы дардта хос æмæ кæрдæджытæ. Æмæ-иу æй сæ сæр куы бахъуыд, уæд-иу сæ спаида кодта. Адæмон медицинæйы ма бæрцыты æвæрд хостæй чпаида кодтой, тъæнгтæ-иу куы фелхынцъ сты, уæд дæр. Хирургийы фадыджы, уæлдайдæр та трав- мотологийы, куыд æппæт хохыцæрæг хос- гæнджытæ, афтæ ирæтты къухы дæр Оаф- тыд стыр æнтыстытæ. М. Багнер XIX æну- сы 40-æм азты Кавказы йæ балцы рæстæ- джы фыста... «Ьынæттон цæрæг адæмæй иууыл тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыд бæр- зонд къæсхуыргомау адæймаг йæ сау Оо- цъоимæ Уыдис ын схъæлдфындз, серьезои хуыз æмæ зондджын цæстытæ. Æз æй фенхъæлдтон номдзыд хæстон. Æмæ мæ Оулкъон Нестеров æрдхæрæны кавказаг ирон хосгæнæгимæ куы базонгæ кодта, уæд тынг фæдисау дæн. Уый, куыд ахуыр- гонд хосгæнæг, афтæ зындгонд уыдис канд ’хохы, йе ’мзæххонты æхсæц нæ, фæлæ ма уырыссæгты ’хсæн дæр. Афтæ, æмæ полчъы дохтыртæ цъус нæ хæлæг кодтой сæ вар- варон коллегæмæ». Быдырон иртасæн куыстыты фæстиуæ- гæн сбæлвырдчындæуыд, ирон хосгæнджы- тæн развæлгъау (рагонегипетаг æмæ ра- гонгрекъаг медиктау) бадзырдмæ гæсгæ хос кæныны тыххæй аргъ кæй нæ фыстой, уый. Сæрмагонд медицинон ахуырдзинад дæр никуы райстой. Адæмон хосгæнджытæн хостæ нæ уыдысты иунæг фæрæз. Уымæ гæсгæ уыдонæн нæй профессионалон хос- гонджытыл банымайæн дæр. Æнусты дæргъы эмперион амалæй цæт- тæ цыдысты хирургион низтæй дзæбæх кæ- ныны эффективон фæрæзтæ. Травмæтæн хос кодтой, сæйраджыдæр, рационалон-эмпе- рион фæрæзтæ æмæ методты руаджы. Кæд æмæ хуымæтæг травмотологион хъæдгæмттæн хос кодта, иу-стæмтæй дард- дæр, алы ирон адæймаг дæр, уæд вазыг- джын травмæтæ та дзæбæх кодтой æр- мæстдæр фæлтæрд адæмон хосгæнджытæ. Тр-авмæтæн хос кæныны хъуыддаг цыдис къухæй-къухмæ, иу фæлтæрæй—иннæмæ. Ирыстоны зæххыл адæмон хирургийы рæзт æнгом баст цыдис бынæттон цæрджы- ты цардыуагимæ (тугисын, хæстон хъау- гъатæ, кæрæдзимæ лæбурдтытæ æмæ а. д.) æмæ уавæртимæ, стæй ма адæмæн пад- дзахадон медицинон æххуыс кæй нæ уыдис, уыимæ дæр. ^ш«
ПЫСЫРАИЫ ТÆППÆЛТТÆ СЕЙФЕДДИН ОМАР, туркаг беллетрист УАРЗТ ÆМÆ КЪАХÆНГУЫЛДЗТÆ АСМА ХАНУМЫ ФЫСТÆГ ХАСАНМÆ Фыццаг мæ дæхæдæг бауарзтай; лæгъс- тæ мын кодтай, мæ цæрайæ цардтæ. Мæ уарзондзинад та де знæт зæрдæйы цæхæр- мæ, нымæх аргы бæрц, кæд оандæвтаид, гъа-да-гъа! Фæстагмæ баиу стæм. Æз хъæздыг дæн, бæх дæр мын ис æмæ фаэтон дæр. 4и мæм нæ хатыд, фæлæ мæ хуыцау дæуæн загъта, дæу фæдæп. Самондджын дæ кодтон, нæ дын фæмæнг кодтон дæ бæллиц. Стæй цы ’рцыд, дæ зæрдæ мыл сивтай, дæхи мыл атигъ код- тай, дæхи мæ дард ластай, фæстагмæ та мæ бынтондæр ферох кодтай... Ацы фыстæг куы райсай, уæд ды афтæ ахъуыды кæндзынæ, лæгъстæ дын кæнын, мæнмæ та дис кæсы, цæуылпæуал дæ хъæуын, цæмæн дын сæнæуынон дæн? Цы- мæ цы цух дæн? Ацы аз рæсугъддзинадæй Къандикойы фыццаг бынат бацахстон, ахуырæй дæр фыццаг бынат, хъæздыгдзи- надæй та — ууыл дзырд дæр нæй... Уæдæ дæ цæмæннæуал хъæуын? Мæхиуыл мæ зæрдæ дарын, мæнæй рæсугъддæр куы сса- рай, уæдæр мæнæй хъæздыгдæр нæ уы- дзæн! Уæдæ ма мæ цæмæн ныууагътай? Асма ХАСАНЫ ДЗУАППОН ФЫСТÆГ АСМА ХАНУММÆ Афтæ, рæсугъд сылгоймаг, æз дæу уарз- тон, о, куыд дæ уарзтон!... Фæлæ циу йæ- хæдæг уарзондзинад, цымæ йæ нæ зоныс? Уарзондзинад алкæмæн æндæр æмæ æн- дæргъуызон у, адæймæгтæ сæхæдæг куыд æндæр æмæ æндæргъуызон сты кондæй, зæрдæйыуагæй, цыоæлдзинадæй, æнкъары- надæй, афтæ. Кæй цæстытæ æлвасынц сæ- химæ, кæй — цæсгомы цъар, кæй — къух, кæй — къах, кæй — буар. Кæмæн къæсхуыр цæуы йæ зæрдæмæ, кæмæн — хæрзхуыз. Æз та фыццаг бакæсын профилмæ. Ацы цайдагъдзинад скъолайæ рахастон. Искæимæ куы фæдзурын, уæд фæтырнын, зæгъын æм профилæй бакæсон. Кæд адæймагæн нарæг, дæргъæццон профил ис, уæд мæм йæ ныхас куыдзы рæйыны хуызæн кæсы... Æнæуи та цал адæймаджы ис, уал хуызы хайуаны профил сын ис. Хидыл куы ахизын, уæд йæ цуры цы казино! ис, уырдæм алыхатт дæр бацæуын. Уым адæмæй йедзаг вæййы, æмæ сын сæ профилтæм фæкæсын. Хайуаны профиль 1 Æхцайæ кæм хъазынц, ахæм хæдзар. 2 Тæтæйраг цъупп худ. кæмæн нæ уыдаид, нырма ахæм лæгыл нæ сæмбæлдтæн. Алы адæймаг дæр у хайуан, йæ уæлæ адæймаджы маскæ, афтæмæй.., куыдз, гал, сæгъ, бæх, хæрæг, карк, бæлон, халон, кæсаг, хъаз, арс, стай... Физионо- мийы тыххæй чысылæй, барвæндæй кæй бакастæн, уыцы теоритæ мыл ахæм фæд ныууагътой, æмæ мæхи Лафонтены ар- гъæутты удæгас альбомы æнкъарын... Зæ- гъæм ме ’мбал мыл рамбæлди. Бакастæн æм — бæрзонд, сырх пескæ2 — йæ сæрыл, хъулон-мулон костюм йæ уæлæ, æрттиваг галстук — йæ хъуырыл, ис ын цыргъ фындз, уæхсчытæ — хæрдмæ. Æнæсæттон æмæ ныфсджын у... Фæрсæрдыгæй йæм бакæ- сын æмæ мæхимид ахъуыды кæнын: «Ай уасæг куы у, уасæг...» Æрбацæуы, мæ къух мын исы, йæ сырх цæсгом æмæ йын йæ уасæджы сырх гоп- пайы хуызæн пескæмæ кæсын. Иæ хъæлæс цъæхснаг æмæ бæрзонд, цыма æнæаскъуый- га*йае уасгæ кæны. Фæиппæрд вæййын. Ныр та мыл æндæр æрбамбæлы. Ис ын фæтæн роцъо æмæ дзых, дзуры чъызгæ; йæ рустæ ивазы, худы... — Раст — гогыз, гогыз, — дзурын мæхими- дæг æмæ мæхицæй буц дæн, кæй базыд- тон, цæй æнгас у, уый. Уый та хæр-хæр кæны гогызау æмæ йын æз агурын йæ ба- зыртæ, йæ къæдзил... Диссаг у, алцыдæр ыл арын. Зындгонд адæймæгты, стыр фыс- джыты, министрты, депутæтты профилтæ тынг дзæбæх бахъуыды кæнын. Уымæ гæс- гæ мæ бон у кæцыфæнды министр дæр йæ посты уæвгæйæ, цы сараздзæн, уый. Раз- вæлгъау æй зонын, зæгъын æй. Ме ’мгæрт- тæ дис кæнынц: — Пехуымпар’ дæ, æнæ- мæнг пехуымпар. Уыдон афтæ æнхъæлынц, кæлæнгæнæг дæн. Æз та профилтæм гæсгæ дзурын. Кæд лæг цæсгомæй хæрæджы хуызæн у, уæд уымæн йæ ахаст дæр хæрæджы ахасты хуы- зæн у, кæд домбайы хуызæн, уæд домбай- ау — йæ фердæхт. Галы профиль цы лæгæн ис, уый нæ дæр мæнгард у, нæ дæр — сайæ- гой. Хæрæджы профилджын хивæнд у, æгоммæгæс æмæ фæразон, куыдзы профил- джын иудадзыг хъыс-хъыс кæны, йæ дæн- дæгтæ æвдисы, стайы профилджын — тæри- гъæд кæнын нæ зоны. Тутийы хуызæн иу ран не ’рлæудзæн, иудадзыг искæйы фæз’- мы, бæлоны хуызæн та цæрæнбонты уарзо- ны æмæ тæригъæддаджы комеди хъазы. Рувасы хуызæн сайæгой æмæ мæнгард у, хуыйы хуызæн та хæры, нуазы, кæны йæ гуыбыны кой. 94
Афтæ сты сылгоймæгтæ дæр — бæзджын, стырриуджын, сым-сымгæпаг æмæ уæззау ус тынг у хъуджы хуызæн. К/ьæсхуыр, мæл- лæг, сау, сахъатджын, æвзæр ахастджын, фæлæ рæсугъд цæст сылгоймаг сæгъ у. Тынг рæсугьд сылгоймаг булæмæргъы кæнæ австриаг карчы хуызæн у. Ацы æртæ профилæй дæуæн иу дæр нæй. Хъуыды-ма кæныс, фарон сæрды Фенер- багъчейы фыццаг куы фембæлдыстæм? Уæд дæм бирæ фæкастæн, фæлæ мæм ницæйы хуызæн фæзындтæ. «Ех куыд диссаг у?» — хъуыды кодтон мæхицæн æмæ дæ мæ цæст нал истон. Ницæйы хуызæн мæм фæкастæ, профи- пæй нæ уыдтæ нæ дæр хайуаны, нæ дæг> маргъы хуызæн, нæ дæр дæм сæ миниу- джытæй исты фæхатыдтон. Æмæ... дæ бя- уарзтон! Куы та-иу мæты бахаудтæн æмæ мæхицæн дзырдтон: «Рæдийын, цыдæр хуызæн у, фæлæ йæ нæ базыдтон...» Нæ чындзæхсæвы размæ дæм-иу бирæ, бирæ фæкастæн. Уæддæр ницы мæ бон ба- ци# Хъуыды-ма кæныс, æнæхъæн æхсæз мæйы куыд зæрдæйы дзæбæхæн арвыс- там? Фæлæ иу райсом.. Ех, фæлтау куы нæ сыстадаин дæ разæй. Иурайсом фæгæпп ластон, фæрсаджы тæрвазыл рабадтæн, ды нырма хуысгæ кодтай æмæ дæм бадзырдтон: — Куыд зивæггæнаг дæ, куыд зивæг- гæнаг!.. Ды дæ уаты растадтæ æмæ дæ дзау- мæттæ кæнын райдыдтай. Цъус уазалгонд уыдис, пец нæ хъарм кодта æмæ уый тых- хæй# Æвиппæйды мæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, мæ хъуыр ахгæдта, цыма мæ цыдæр хурх кæны... Ды хъæццулы бынæй дæ къах радардтай, дæ дзабырыл æппæрст малу- сæггъуыз цъында дæ рахис къахы æнгуыл- дзæй систай. Хæрдмæ йыл схæцыдтæ æмæ йæ скодтай. Стæй иннæ къах рабырын кодтай... Ме ’ргом иуæрдæм аздæхтон, цæмæй дæ ма федтаин... Рæсугъд сылгой- маг, ды дæ къахы æнгуылдзтæй хуыздæр арæхстæ, дæ къухы æнгуылдзтимæ абар- гæйæ. — Ссæдзæм æнусы, уал æмæ уал æнусы фæстæ... — зылди мæ сæры Рызтæн, мæ зæрдæ бахъарми. Кæй зæ- гъын æй хъæуы, уымæн ды йæ аххосаг нæ бамбæрстай. Ноджы ма дын зæгъдзынæн. Дыккаг хатт, сынтæгыл хуысгæйæ, ды æнцъылд- тытæ хæдон уатмæ дæ къахыл æрбалас- тай. Срызтæн, мæ дæндæгтæ кæрæдзийыл хостон. — Æвæццæгæн, суазал дæ, ризыс,—загъ- тай мын уæд. Ды йæ нал хъуыды кæндзы- нæ. Æртыккаг хатт, пецы раз бадтæ, хъуыды- ма кæныс? Цъындатæ дыл нæ уыд, уазал пецы дуар дæ къахы æнгылдзæй бакодтай, сугтæ барæстытæ кодтай æмæ дуар фæс- тæмæ бахгæдтай. НоДжы ма дын зæгъон? Иубон дæ уарзон гæдыимæ хъазыдтæ. Цъындатæ та дыл нæ уыд... Чысыл ма бахъæуа, мæ зæрдæ атона, фæлæ, о хуыцау, мæхиуыл фæхæцыдтæн. Бакастæн дæм, дæ къахы æнгуылдзтæ уы- дысты даргь, куыд æмбæлы уымæй бирæ даргъдæр. Гæдыйы дзæмбыйыл дæ къахы æнгуылдзæй схæцыдтæ æмæ йæ, чысыл са- оийау, хæрдмæ систай. Уæд дын дæ цæс- гомыл мæ цæст ахастон æмæ... М^ сæры магъз аих и! Маймулийы хуызæн уыдтæ... Нарæг ных, размæгонд дзых, рæсугъд æмæ æрттиваг цъар... Къæхтæ та, о, хуыцау, маймулийы къæхтæ уыдысты. Бауырнæд дæ, ды иучысыл куы ацархайай, цъында æмæ хæдон сисын нæ, фæлæ, уыцы къахы æнгуылдзтæй хæринаг дæр дзæбæх бахæр- дзынæ æмæ пианино дæр аив ацæгъддзы- нæ! Фæтарстæн, дæ цуры нал хуыссыдтæн. Афтæ æнхъæлдтон, кæмдæр талынг хъæды цыдæр историйы агъоммæйы цæрæгоимæ цардтæн. Гъе, уымæн дæ лыгътæн, мæхи дæ уымæн æмбæхстон. Ды, къухæй хуыздæр кæмæй арæхсыс, ныр уыцы къæхтæй иу дæ риуыл æрæвæр æмæ зæгъ: зондджын нæ дæн, кæй дæ нал уарзын?! АСМА ХАНУМЫ ТАГЪД ТЕЛ ХАСАНМÆ Дæ фыстæг дын афтæ ныскъуыдтæ код- тон, æмæ йæ фæрсгæ дæр нæ бакодтон. Мæ удхæссæг дæ. Дæхи мæ хиз. Фыстæг мæм мауал рарвит, æндæра дæ хъуыддаг æвзæр уыдзæн!.. Раивта йæ Цхуырбаты Мери. ЦГЪОЙТЫ КЛИМ УЫЦИУ-УЫЦИУТÆ (нæ чысыл хуртæн) Бон-изæрмæ фæлгæсынц Хæхтыл, фæзтыл, къæдзæхтыл. Æхсæв сæхи нымбæхсынц — Айнæджы бын, дæлдзæхы. 95
Пыхс сæхиуыл ныккалынц Дыууæрдыгæй æнæвгъау. Сæумæйæ та ыскалынц Се ’рттивгæ хуыз — æнæфау. (цæстытæ) * * * Йæхи ныхас акæны: Думтæ æмæ дамтæ, Адæмы куы бакæны Кæрæдзийæн мамтæ (æвзаг) * * * Топпæй, фæринкæй йæ марай, — Рухсы дæ н’ ауыдзæн хицæн. Талынджы ’рбайсæфы барæй: Раары ’мбæхсæи йæхицæн. (аууон) * * * Æнæ артæй цы судзы? Æнæ цæфæй цы риссы? Мастæй, сыгъдау, цы дуды? Цинаей уагæр цы ризы? (зæрдæ) * * * Уалдзæджы тæмæны, сæрды Даритæ скæны, ыстухы. Уыцы рæстæгæн йæ фæуды Дзаумæттæ зæххыл ныздухы. , (бæлас) * * * Урс бирæгъау, йе ссыртæ Хæринаджы фæсадзы. Афтæмæй та ’нæсдзырдæй Йæ хай махæн фæуадзы. (хæрæн сагой) * * * Бастæй уæгъд нæ уадзынц мах, Уæгъдæй нал атилынц къах. (дзабыртæ) 96 Л,
<" "& „ . л) л са к ° ?5н&2 = ^ ** о<н '"л< В’я о^м ео х *ш о.- о я эзЦ** ^з* _ВД1 Ш и Й Я ■ В О ЩОЮ Я Э"^ 3 = 2 * о о ^^Хео^З й 3 5 $и = о тея н ~ *о 3 2 =^ 55 з 2 <^агз* 2«? а>;| .д? 5«| о = г « с з * я* и«а^3г § о « .«^Ь*5 3 о т а« 5^2 **■ * = й 3 « >* о.>»я 10 «5 «5* &*« 3 з № з >\ ж « •а