/
Теги: журнал журнал фидиуæг
Год: 1983
Текст
№ф
*0рМ*
ЯЯИ
ЕВ РАЛЬ
. >^^^5»^%^*Ч»^И^^^
ЖУРНАЛ ЦÆУЫ
1927 АЗЫ ЯНВАРÆШ
1
АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ
ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН
ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ
ХУССАР ИРЫСТОНЫ
ХАЙАДЫ ОРГАН
<»»%%<»»%»%%
ДЗАБИТЫ ЗАРБЕГ —Хæхты бæркад (уацау) ... 3
ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН — Куырыхон (поэмæ, кæрон) . . 25
ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОН — Фæлдзæуæн рæстæг (романæй
скъуыддзаг) . . • . : . 35
ВАХТЪАНГ КЪОБЕРИДЗЕ —Æмдзæвгæтæ . 68
Жуковскйй Уасилы райгуырды 200 азмæ 70
ЛИТЕРАТУРОН НОГДЗАУТÆ
КЪУДУХТЫ ЗАУЫР — Хосгæрдæн (æмдзæвгæ) . . . • 72
ЦЫБЫРТЫ МАДИНÆ —Адæм, сисæм мах нæ худтæ (æм-
дзæвгæ) 72
ДЖЫГКАЙТЫ ЛЕОНИД— Зæрдæ, зæрдæ (æмдзæвгæ) . 73
ПЛИТЫ ЗАИРÆ — Уарзон мад (æмдзæвгæ) ... 73
ТУАТЫ ЛЕНÆ — Ныййарæг (æмдзæвгæ) 73
КОЦТЫ АЛАН — Дыууæ æмдзæвгæйы . , . ’ . . 74
ОЧЕРКТÆ
ПУХАТ^ -Зæрдæйы фæндийæгтæ (очерк) . 75
ИРОН ДЗЫРДЫ СÆРВÆЛТАУ
ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА —Афтид къæрмæджытæ нæ поэтикон
æвзаджы . . ,. , 80
КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ
ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР — Ног фембæлд поэтимæ . . 83
ДЫГЪ.УЫЗТЫ ХЪАЗБЕГ — Алантæ чырыстон дин кæд райс-
той 87
БЯЗЫРТЫ БАТЫРБЕГ — Интернационалон хъомылад литера-
турæйы уроктыл 89
НÆ КАЛЕНДАРЬ
ХУЫБЕЦТЫ РАИСÆ (йа райгуырдыл 60 азы сæххæсты
бонмæ) , , , 93
Пысырайы тæппæлттæ ....... 95
*9 —ЦХИНВАЛ — 83?
ФИДИУАГ
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ
И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИИ
ЖУРНАЛ
Орган Юго-Осетинского отделения
Союза писателей Грузйи
^ОеО.&ооЗсои’^аЬоОЗА’СЗеГО <&>
ио и^бо^иаосооз-ом^оооозсъо
СГЭАбо^’О
Одл’аспшздстспЬ о^фАдДтнлд
^двогооо иао’Омдо) саЬдслоЬ
СÆЙ РАГ РЕДАКТ0Р
ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР
РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ:
БУКУЫЛТЫ АЛЫКСИ,
ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН,
ДЖУСОЙТЫ НАФИ,
МÆРГЪИТЫ КЪО.СТА,
КОЗАТЫ ИСИДОР,
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ,
ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бæрнон секоетаоь)
Техродактор Куымæридтаты Офелия
Корректор Болататы Ленæ
Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты.
Сдано в набор 20 I 1982 г. Подписано к печати 10. III. 1983 г. Учетно-изд. листов
6.9. Формат бумаги 70x108716- Печатных листов 8,9. Заказ типографии № 104.
ЭТ00205. Тираж 3527.
ДЗАБИТЫ ЗАРБЕГ
ХÆХТЫ БÆРКАА
Уацау
Ногарæзт фæндагыл «Виллис», йæ бырынкъ фæхъил-фæхъилгæн-
гæ, тылд. Иæ кæттаг гуыффæ куы иуæрдæм фæцуды, куы — иннæрдæм.
Хаттæй-хатт машинæйæн йæ пыррыкк-пыррыкк ссæуы, ныууынæргъы,
тыхулæфт скæны. Шофыр цæрдæг кæсы йæ развæндагмæ, фæндаджы •
лæгъзытæм хъавы. Шофыры фарсмæ бады колхозы сæрдар. Уый йæ
рæмбынкъæдз дуары фарсæй ратъыста æмæ фæйнæрдæм фæлгæсыд.
Иæхимидæг фæлхатт кодта Къостайы дзырдтæ: «Нæ хæхбæсты бæр-
кад, цы диссаг дæ, цы?» .Æцæг æвидигæ у нæ хæхбæсты бæркад, æр-
мæст æм цырд лæууын хъæуы. Машинæ дзыхъхъы фесхъиудта. Сæр-
дар йæ сæр дуары тарвазыл сцавта.
— Бахатыр кæн, Садул,— шофыр йæ цыд фæсабырдæр кодта.
— Ницы кæны, æвзæр сæрдарæн фыддæртæ хъæуы,. æндæра нæм •
афонмæ хуыздæр фæндаг цæуылнæ ис. \ , \
— Цы ис, уый дæр дæ фæрцы, æндæра ам бирæ сæрдæрттæ уы-
дис. - • • ,
— Кушитæй Гуылаумæ уæддæр куы сырæзид ацы аз, науæд зы-
мæг уырдыгæй хосласын стыр дудгæбон у. Уый фæстæ йæ рацараз-'"
дзыстæм Фырныхауыл Саччыфæтæны коммæ. Кæд нæ трактор’ куса
æнæкъуылымпыйæ, уæд нын, æвæццæгæн, исты бантысдзæн. - •*- ’
— Уымæй дæ ныфс уæд. Тузар рæвдз лæппу у. Кæс-ма, æндæрæ-г
бон ам куыста æмæ абон кæй онг бахæццæ. Уый хорз æнтыст у.
Шофыр Тузарæй кæй æппæлыд, уый йын æхсызгон уыд æмæ йæ
цæсгом фæрухс, йæ хæдоны цы.быр дыстыл ноджы мидæгдæр бахæ-
цыд. Шофыр трактормæ хæстæг æрлæууыд. Тракторист йе ’фсæн бæх
фæурæдта, æрхызт зæхмæ, йæ мазутæйдзаг къухтæ бызгъуырæй
асæрфта æмæ уазджыты размæ бацыд.
— Уæллæй, нæ къæдзæхтæ дын саумæр сыджыт фестадысты, — ’-
сдзырдта Садул, Туз’ары къух райсгæйæ. :
— Хохрæбынмæ, мæ нысанмæ, — йæ къух Гуылауы ’рдæм фæдаргъ- ’
гæнгæйæ, загъта Тузар. Сæрдар ын йæ астæуыл йæ цонг æрбатыхта,"’
æрбалхъывта йæ йæхимæ.
— Бæдæйнаг Тузар, хорз дын æнтысы.
— Ныхас загътон, уæд æй хъуамæ с&ххæст кæнон.
’—Уый дын мæ зæрдæмæ <цæуы, — раппæлыд дзы Садул æмæ..:
...Хъæууон клубы адæм сæ.хор-хорæй нал æнцадысты. Æмбырды
сæрдар къарандасæй стъол хойы, фæлæ йæм хъусæг нæй. Адæм-кæраё-
дзи мидæг быцæу ныхас кодтой, сæ къухтæ тилгæ. «Мах æддагон лæг
ницæмæн хъæуы», хъуыст се ’хсæнæй ныхæстæ. Бирæтæ дзы фырмæс-
тæй бапъироз зыдæй дымдтой. Фæздæг, мигъау, къуымты ныббадт.
Иæ хъылма тæфæй сулæфæн нал уыд, чидæртæ дзы хуыфын дæр рай-
дыдтой. Æмбырды сæрдар йæ фарсмæбадæджы хъусы цыдæр ба-
дзырдта æмæ йæхæдæг æрбадт. Адæм фæсабыр сты. Сæрдары фарс-
мæбадæг уæззау сыстад/ Иучысыл алæууыд æнæдзургæйæ. Адæмыл
Л
йæ цæст ахаста. Уымæн йæ сæрыхил æмæ йæ цæсгомы царм уыдысты
æмхуызон бур, хъайлагъуыз. Йæ хæлафы комдæлы йæ хистæр æн-
гуылдз æртъыста, стæй, йæ цæстытæ фыдæхы ирд фæкодта æмæ рай-
дыдта: • ( ,
— Æз сымахæн æвзæрæй ницы аразын, гормонтæ. Маен фæнды,
цæмæй уæ колхбз йæ къахыл слæууа. Уæ куысты бонмæ исат мызд.
Ацы лæг у фæлтæрд, — ацамыдта, йæ фарсмæ æргъæвст карчы бадтчи
кодта, уыцы гæлдæрджын лæгмæ, — бирæ колхозты фæкуыста сæрда-
рæй... Куысты мидæг æрцæуæггаг æмæ бынæттонæн нысаниуæг нæй.
Стæй йæ фыццаг секретарь уромы æмæ махæн цы нæ бон у?
* •— Уæдæ ма мах цæмæн æрæмбырд кодтат, кæд нæ бон ницы у, уæд?
— хъæрæй загъта иу лæппу-лæг, — мах ацæудзыстæм, стæй йæ равза-
рут.
— Сбад-ма, Тузар! — бадзырдта йæм æмбырды сæрдар.
— Нæ, цæмæн хъуамæ сбада Тузар? — загъта æндæр чидæр. Бур
лæг ма йæ дзых схæлиу кодта, фæлæ та уæдмæ адæм æмхуызон сдзы-
рдтой: «Мах æддагон лæг нæ хъæуы. Æгъгъæд нын у. Кæд нæ цæрын
нал уадзут, уæд ма мæнæ цалдæр хæдзары стæм, æмæ мах дæр фæ-
лидздзыстæм». -
— Чысыл ма басабыр ут! — адæмы’ ’хсæнæй, сыстгæйæ, хъæрæй
загъта иу зæронд лæг. Колхозонтæ ;фæсабыр сты, сæ тамако дымын
фæуагътой. Се ’ргом аздæхтой зæронд лæгмæ. Уый уæззау,, фидар
къахдзæфтæгæнгæ, бараст, æмбырды æгъдаудæтджытæ кæм бадтыс-
ты, уыцы ’рдæм. Слæууыд адæмы ра’з. Йе ставд бæрзæй асæрфта йæ
армытъæпæнæй, арф сулæфыд æмæ йæ фæтæн уæхсчытæ хæрдмæ
ссыдысты, схуыфыд, йæ арм та йæ бæрзæйыл æруагъта,
— Дзур, Сардо, — æрбадзырдта йæм бур лæг.
— Дзурдзынæн, уæдæ ардæм цæмæн æрбацыдтæн? — дзуапп ын
радта Сардо, фæстæмæ æнæфæкæсгæйæ, æмæ райдыдта: — Уаих фæ-
уат, уаих! Адæм куы стæм! Цы нæ х:ъæуы, уый кæд нæ зонæм, уæд нæ
хъæмпын арт-ы басудзын ’хъæуы! Цæмæн нæ бахъуыд, æцæгæй æдда-
гон лæг? — Сардо адæммæ нымдзаст. Уыдон æм æдзынæг хъуыстой.
— Мах æддагон лæг цæмæн бахъуыд? — бафарста сæ ногæй. —
Уыдис нæм дыууæ хатты æддагон сæрдæрттæ æмæ цы сарæзтой? Кол-
хозы доны былмæ æртардтой, йе ’ндон ын сзынын кодтой æмæ нæ кæд
еныр æртыккаг сыгъзæрины стухинаг у, уæддæр нæ нал хъæуы, нал
ыл æууæндæм!
— Раст у! Раст зæгъы СардоГ— схор-хор кодтой адæм.
— Уæдæ ды партийы фæыдоныл æнæууæнчытæ кæныс, нæ? — йæ
дзырд ын ацахста бур лæг.
— Партийы цæмæн? — нæ фæтыхст Сардо, — фæлæ партийы но-
мæй адæмы чи сайы, уыдоныл нæ баууæнддзынæн. Махмæ ис дзæбæх
лæппутæ, зæгъæм, мæнæ Садул, ахуыргонд. Зоны кусын, æмбары.ку-
сæг лæджы рис, адæм *æй уарзынц, æфсæрмы дзы кæнынц. Уый нæ
куыд бамбара, афтæ нæ æддагон лæг нæ бамбардзæн. Гъе, æмæ йыл,
Джиуæр, дзæбæх ахъуыды кæн.-Секретарь дæр дын ацы лæджы
ахæм дзырдæй нæ рарвыстаид, цæмæй йæ æнæмæнг ам ныууадзай. -
— Секретарь цы загъта, уымæ ма ’внал, фæлæ дæм æндæр ницы-
уал дзуринаг ис, уæд сбад. Алчи уыйас дзæнгæда куы цæгъда, уæд
соммæ дæр нæ фæуыдзыстæм, — рамæсты Джиуæр æмæ дзы’æгæр гуы-
мир ныхас сирвæзт. Зæронд лæг æм фæхæрам. ? <
- —Æз дзæнгæда цæгъдын, ды та фæндыр. Ды цæуылнæ хъихъ-
хъытæ кæнай. Æз фарон колхозмæ радтон стай мæкъуылы, быды-
рбн куыстытæ нал нымайын, мæ куыстмыздмæ та райстон æртæ ки-
лойы цыхт, Уый хорз у? 'Куыд хорз у, уый базонис, ды дæр иу афæдз
л’æвар куы фæхырхис, уæд. Æмæ адæм хæхтæй лидзгæ дæр уымæн
кæнынц. Дæ хуызæттæ раст куы кусиккой, æвзæргæнджытæн цæф-
хæдтæ куы нæ садзиккой, уæд кусæг лæг æхсæв дæр не схуыссид, ку-
сид æмæ алцы дæр уаид парахат. Ам адæм куынæ уа, уæд афтид хæх-
4
ты хицауады сæр ницæмæн хъæуы, хнцауад адæмы тыххæй вæййы.
Æмæ уыцы адæмыл уæ зæрдæ хъуамæ рисса, хатт-иу сын сæ ныхасмæ
дæр байхъусут. Ныр сæрдар æвзарыс, æмæ иу лæджы афтæ нæ фæр-
сыс: ды та цы зæгъдзынæ? Æмæ цыфæнды кæн, фæлæ мах хъуамæ
нæхæдæг равзарæм сæрдар. — Сардо йæ бынатмæ уæззау къахдзæф-
тæй ацыд.
— Мæн фæнды, цæмæй нæ колхозæн сæрдарæй æвзæрст æрцæуа
Садул. — Адæмы ’хсæнæй сыстгæйæ, загъта Тузар. Джиуæр фестъæл-
фыд. Адæм æмхуызон сдзырдтои Садулы ном. Джиуæр йæ цæстытæ
ныйирд кодта, федзæм, бандзыг, баруад. Фæйнæрдыгæй хъуыст «Са-
дул, Садул». Уый фестад, фæлæ никæй уыдта, бæстæ йыл баталынг.
Æрæджиау сфæрæзта:
’— Хорз, кæд æй фæнды... Садул фæнды дæ? — фездæхт уый æр-
дæм. — Атæрхон хъæуы, афæрсын хъæуы... Æмбырд уал ууыл фæ-
уæм...
Æмбырдæн кæрон не скодта, цымæ йæ исчи фæстейæ сырдта, уый
лыгъд ракодта залы адæмы ’хсæнты. Колхозонтæ йæ фæстæ джихæй
кæсгæйæ баззадысты.
— Хорз, уæдæ-иу фосмæ дæхæдæг базил, — ацахстой ма Джиуæры
хъустæ.
* * *
" Дыууææддæгуæлæ хъæдын хæдзар. Тыргъы гæзæнхъæдыл æрæн-
цой кодта Сардо. Æрдæгсыгъд бапъироз ма цалдæр пъæртты скодта,
стæй йæ аппæрста. ’Иæхи къухæйарæзт хæдзары тыргъæй фæлгæсын
бирæ уарзта. Иæ хæдзар лæууыд бæрзонд, дыууæ комы дæттæ сæхи
цы айнæгыл цавтой, уый сæрмæ- Уырдыгæй йæм дзæбæх зын-
дысты æгас комы хъæутæ иууылдæр. Зындгонд ын дзы уыд алы хæ-
дзар, алы адæймаг дæр суанг авдæны сывæллоны онг. Алы хæдзары
дуар дæр ын дзы кæддæриддæр уыд гом, алчи йыл дзы æмбæлд цæхх .
æмæ кæрдзынимæ, мидбылхудгæ. Сардо нымад лæг уыд æгас комбæс-
ты. Чи рæхстис уый хуызæн хъæдгом дзæбæх кæнынмæ, саст æмæ æл-
•вæст æвæрынмæ. Уый йæ цæрæнбонты никуы базивæг кодта тыхст
удæн баххуыс кæнынмæ. Æхсæв уыдаид æви бон, хъызт æви хур, ба-
хъуыды сахат цыд æнæзивæгæй. Тынг рæхст кæлмдзæф дзæбæх кæ-
нынмæ дæр. Иæ хос кæныны амæлттæ цæстуарзонæй бирæ кæмæн-
дæрты амыдта. Уыдонæй дæр бирæтæ æвдыстой сæ арæхстдзинад, фæ-
лæ сæ уæддæр Сардомæ къахдзæфтæ хъуыд. Тыхст рынчынтæ-иу æм-
хуызон фæкодтой: «Сардомæ нын фæдзурут». Адæм æй хуыдтой «Сыгъ-
зæрин къухты хицау». Стæй йе ’гъдау! Æнæхъæн комы уый разæй
чындзхæссæг никæй кодтой. Комбæсты Сардбйы æфсæрмæй хылы хъæр
никуы райхъуыст. Адæмы ’хсæн тыдта хæлардзинад, æнæниздзинад.
Ныр кæсы тыргъæй, йæ цæст хæссы хъæутыл, фæлæ дзы йæ зæрдæ
ницæмæй рухс кæны, змæлæг дзы нал зыны, стæм хæдзæртты сæрмæ
ма фæздæг рæдзæ-мæдзæ кæны, суадæттæм ма стæм кæцæйдæрты ра-
цæуы фæд, иннæ рæтты мит нымбæрзта фæндæгтæ æмæ æнкъардгъуы-
зæй зындысты. Зæронд лæг кæсы æдзынæг, æмырæй, йæ зæрдæ ныр-
хæндæг. Хъæууæттæм кæсын йæ бон нал уыд æмæ йæ цæст кæмттæй
уæлæмæхæхты ’рдæм ахаста, йæ цæстытыл уайынц, хосгæрдæны рæс-
тæджы-иу уыгæрдæнтæ æмызмæлд куыд систы, уыцы нывтæ. Цæв-
джыты æхситт цыма иæ хъустыл ауайæгау кодта. Суанг-иу хохы цъуп-
пытæй .растыгътой уыгæрдæнтæ. Иунæг лæгæн дæр-иу æрæнцой нæ
уыд, хосгæрдæны фыццаг бонæй суангдæр мæкъуылтæ зæйуæттæй ца-
лынмæ æдас бынæттæм не ’рыппæрстаиккой, уæдмæ. Иунæг кусæгцух
адæймаджы дæр рох нæ уагътой фæсивæд, æппæты разæй-иу фесты
сидзæргæсты куыстытæ. Ныр уыгæрдæнтæн се ’мбис баззайы æнæ-
карстæй, астæумæ кæрдæг миты бын бамбийы. Уайы ноджы цæсты-
тыл, æрвылсабат-иу æнæхъæн рæгъæуттæ куыд скъæрдтой базармæ
5
уæймæ. Цард сæм цæДдлшнагау куЫД Зёнхъызт. Ныр та? — Лæг йæ
.сæр нынкъуыста. Мит уары, тъыфылтæ, зилгæ-зилгæ, сындæггай сæхи
æруадзынц зæхмæ. Лæг йæхи мидæг тыхсы, йæ рустыл иугай цæссыгтæ
æртылдысты. «Цæмæн фæлыгъдусты? Цæй тыххæй?^ Чи у аххосджын!»
— Йæхимидæг фæрсы йæхи Сардо. «Ехх, фæрсын æз дæр. Нæ уыд
фæндаг, зынвадат. Стæй цы’хæххон лæг нæ дара цыппар-фондз хъу:
джыг хуыскъæгтæ, бæх, хуытæ, уый дзы цæмæ цæры? Цæмæй? «Æмæ
куыд нæ дардтой фос дæр, фæлæ... Иал, дам, ис уыйбæрц фос дары-
ны бар. Æмæ уæдæ хæхты æндæр цы’ис? Сæ дыргъдæттæ,,гъе. сæ.сæн-
дæттæ æртондзысты? Æлхæнгæ хорæй цæрынц æмæ сын цасы фаг
хъуамæ суой уыцы муртæ? Æмæ иугæр уый нæй, уæд адæм дæр сæхи
айстой сæ уарзон уæзгуытæй. Иурæстæджы Сардойæн йæхи скъæтæй
Джиуæр тыххæй скъæрдта иу хъулон хъуг. Уый скъæтм’æ куыд фшци,
афтæ йыл Сардо скъæты дуар бахгæдта. Колхозы сæрдар Джиуæры
сæрыл рахæцыд, зæронд лæджы армæй .асхуыста. Уый дæр йæ маст
.нал баурæдта æмæ сæрдарыл лæдзæгæй æркалдта. Иæ дыккаг бон
-Сардо хъæусоветмæ фæцæйцыд йæ хъуыддаджы. фæдыл. Фæндагыл
æй Джйуæр уæлбæхæй æрбаййæфта,* уыд фыдрасыг. Сардойы худ
цæугæ цæуын фелвæста лæджы сæрæй. Зæронд лæг а^мæсты, фæлæ
йæ кæм аййæфтаид къахæй. Джиуæр чысыл ауад, стæй фездæхт. Худ
Сардойы сæрыл æркодта. Убш иу къухæй бæхы рохтæ ацахста, иннæ-
мæй фæлæбурдта Джиуæрмæ, зæхмæ йæ æриста, йæхæдæг бæхыл ба-
бадт æмæ афардæг ис йæ фæндагыл. Сæрдар йæхи æмæ Джиуæры
маст райсыны тыххæй байста, зæронд лæгмæ колхозæй фидаргонд цы
галтæ уыд, уыдон æмæ тухийæ мард æнæхъæн афæдз. Уæддæр
хъæубæсты цæрæнбон бирæ, йæ арм ын рог кодтой æмдыхæй.
Мит фæлдзæгъдæн кæны, калы сасирæй луарæгау. Ставд пирæн-
’гæмттæ лыстæг уардæй, раивта. Ахæм рæстæджы йын рæхджы банца-
йæн нæ вæййы, науæд та йæ хæнтфæстæ сдымы æмæ алы чысыл
къуылдымыл дæр вæййы зæйæ тас. Зæронд лæг кæсы. Хæдзæрттæ йæм.
зынынц чысыл тæппытæй, мит сæ æрæмбæрзта йæ урс пæлæзæй. К/ъух-
мæрзæн систа, цæссыгтæ’ асæрфта, къæхты бынæй ныуулæфыд. Тыр-
гъы дуары ’рдæм разылд. Иæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ фосæн дон
кæй’нæма бадардта, уый. Иæхи хъармдæр скодта æмæ æд фиййаг уæл-
хæдзармæ рахызт. Дымгæ æрбаулæфтытæ кодта. Схъызыд. Цæсгомыл
мит цавта, улæфæнтæ ахгæдта. Лæг, йæ цонг цæсгомыл сæвæргæйæ,
размæ атындзыдта. Иæ цæст доны фæндаджырдæм адардта, миййгаг
дзы кæд искæйы фос ис, зæгъгæ. Æвиппайды йæ бынаты дзыхъхълæуд
фæкодта, æмраст алæууыд, цыма йæ хъызт æппындæр нæ хъыгдардта.
Иæ цаестытæ" ныццавта, къодидоны фаллаг фарс мæкъуылуадзæны
къуылдымыл цы сау тæпп суыдта, уымæ. «Сырд уа... Кæцæй’ æрхауд-
та?! Исчи цуаны ацыдаид.*. Чи сæрра ис? Айхуызæны гæдыйы æддæмæ
куы ничи раппардзæн». Сцымыдис Сардо. Бацыд скъæтмæ, разæй ра-
уагъта йæ зыгъар бæхы, уый фæстæ галтæ æмæ хуыскъæгтæ, цæмæй
зæддаг фосæн афæд ’кодтаиккой. Ногæй та йæ цæст схæцыд уыцы сау
тæппыл. Уый хæрдмæ быры лæгбæрц миты. Хатт хъæпæны аирвæзы
æ’мæ нал фæзыны. «Аллах! Хъæпæн ыл куыддæр æрыхæла, афтæ йæ
хæдзар саугæндон кæндзæн», — скатайаг зæронд. Базыдта, сырд нæ,
фæлæ адæймаг кæй у. Уый схæццæ хосы æфтауцдонмæ. Миты бынæй
мæкъуыл къахын райдыдта. «Чи сæрра ис? Уым ныр ласæнвæд зæй-
уат у... уыцы æнæсæрæн чи у, кæй фос сты æнæхоллаг, науæд куыд
иунæгæй ацыд». — Иæхицæн бынат нал ардта Сардо. — «Чидæрид-
дæр, у, баххуыс ын хъæуы». — Фос йе ’фсинæн афæдзæхста, йæхæдæг
къахкъæлæттæ абаста æмæ æд фиййаг фæцæуæг.
^ Мæкъуыл æрдæгкъахт фæцис, афтæ Сардо дæр, йæ риу хыррыт-
тгæнгæ, схæццæ.
4 — Чи дæ? Цы архайыс ам? — лæнк-лæнкгæнгæ, фæрсы зæронд
лæг. Мæкъуылкъахæг æм фæстæмæ разылд.
— Садул?! — фæджихау Сардо/
6
— Цæм& мæм схæццæ дæ! Аздæх, фæрынчын уыдзынæ! — тызмæг
Сдзырдта Садул. Иæ къухтæ ныссырх-сырхид сты, йæ дарæс урс-урс-
ид> æрфгуытæ æмæ цæстыхаутыл мит ныххæцыд. '•
— Дæ фосæн холлаг нал ис? ^ - "
— Æмæ нæ зоныс, дыууæ боны колхозы хуыскъаг фос æххормаг
кæй сты, уый?
Зæронды цæстытæ ныйирд сты. Митæйдзаг дысæй цæсгомы хид
асæрфта, митыл æрбадт. Джихæй каст Садулмæ, кæд, зæгъгæ, хъаз-
гæ кæны. Фæлæ уый мæстыйæ йæ куыст кодта дарддæр.
— Куыд? Фосæн холлаг нал ис?
•—Нал ис, нал! Нæ йæ зоныс? Афтæ куы фæдзурыс «нæ хъæуы
колхоз æз сарæзтон, æз уыдтæн фыццаг сæрдар», уæд æй ныр куыд
рохуаты ныууагътай? Æппын дæ йæ уавæр нал æндавы?
— Цы зыдтон? Æз фермæйы нæ кусын, — фефсæрмы ис лæг,—
æнæуи та хибар ран ис æмæ йæм цæмæн хауын? *" *ч
Иу мæйы размæ колхозонты галтæ æруыгътой сæрдар æмæ Джи-
уæр, фыдызгъæлы цæттæмæ, дам, сæ дæттæм. Хосы фæсауæрцтæ фёс-
ты, ныр хос цæуыл æрластаиккой, уый нæ уыд æмæ* фос æххорм&гæй
баззадысты. Садул азылд йæ ахуыргæнинæгты хæдзæрттыл, кæмæн
цы уавæртæ ис, уый базонын æй фæндыд. Иæ фæндаг уыд фермæйы ,
скъæты цурты. Нырма йæм.дард уыд, афтæ йæм фосы тæригъæддаг
æмбу æрбайхъуыст. Уый скъæтмæ фездæхт, хъæпæны тыххæй бацыд,
бæрæг уыд, ничи дзы ис. Дуар бакодта,- хъомтæ сæ уасын ноджы фæ-
тынгдæр кодтой, дуары ’рдæм сæ рæтæнтæ тыдтой, сæ-хъуын схъил,
скъæдзтæ сты, сæ тæнтæ бахаудтой, гуыбынтæ чъылдымы стджытыл
сныхæстысты. Садулæн мæстæй йæ хурхыуадындзтæ * адæнгæл сты.
Дурдзавдау, лæугæйæ баззад. Цы ми бакæна? Фермæгæс дард цæры,
колхозы сæрдар нæй. Кæмæй радомдæуа дзуапп? Фæраст зилджытæм.
Хъæуы кæрон дзы чи цард, уымæ, æнæ дуар бахойгæ, бараст. Фысым
ыл цинтæ кодта, фæлæ йæ уый цæхгæр афарста: г .' > .
— Фос æххормаг цæмæн сты?
— Цы кæнон, дæ рын бахæрон, дыууæ зилæджы стæм, цалдæр бо-
ны сын не ’ккой фæхастам хос æфтауцдонæй. Нал у нæ бон æмæ цы
кæнæм? Уыйбæрц’ хъом хæсгæ хосæй чи дары?
Садул ницыуал сдзырдта, фездæхт фæстæмæ. /
— Хъæубæстæй (æниу ма, дзы цæй хъæубæстæ ис) кæмæдæрты
бадзырдтон, зæгъын, фос тæригъæд сты, иу-дыууæ "мæкъуылы æрæп-
’ парæм æмæ сæ хъуыр-хъуырæй нал банцадысты. Кæд, дам, сæ -фос
хъуыд, уæд, нын хæдзарæн иу’гал уæддæр ныууагътаиккой;—,'мит
мæстыйæ зыгъгъуыттгæнгæйæ, дзырдта Садул., 1 ’
— Ех, мæ хъæбул, уыдон раст сты, фæлæ æгомыг ’фос’цы’аххос-
джын у. Мах-иу дзидзайы цæттæйы цы галтæ лæвæрдтам,. уыдон-йу
нын афæдз раздæр нысангонд уыдысты æмæ-иу сын сæ бынæттæм рат-
там, ифтындзынмæ чи цыд, ахæм уæнгуытæ, ьсахуыр-иу сæ кодтойæм.-
баргæ галтимæ æмæ-иу никуы ничи стыхст гальь тыххæй. Хохы æнæ
галæй цæрæн нæй, уый алчидæр зоны. Зæронд лæг арф ныуулæфыд,
йæ ныхы хид асæрфта, -мæкъуылæй хус хос фелвæста, миты аууон дзы
арт скодта æмæ йæм сæ къухтæ тавтой. 4 . \
’—Иуæй-иу кусджытæ бынæттæм баирвæзынц хиуæтты, зонгæты
фæрцы, — дзырдта дарддæр Сардо, — афтæмæй та уыцы бынæтты ак-
каг нæ вæййынц,. сæ зæрдæтæ нæ фæриссынц куыстыл æмæ^ адæмы
фыдæбонæй фæмарынц.
Мæкъуылы алыварс скъахтой, цъуппæлвасæнæй йæ балвæстой,
ранцадысты йыл, фæлæ йæ не сфæрæзтой. Ноджы дымгæ. стыхджын
æмæ-иу маекъуылы алыварс митæй айдзаг. Зæронды æнгуылдзтæ нал
тасыдысты, фæлæ йæхи нæ саста, хафта.сæ йæ сæры хъуынтыл, æу-
уæрста сæ митæй, уæддæр йæ куыст нæ уагъта. . '../"»
— Садул, тулгæ, кæннод æй нæ сæппардзыстæм, нæ йæ сфаераз-
дзыстæм хæрдмæ.
7,
МйкъуЫлы цьпшар Зёлвæст скодтой * гæрзбæндæнæй, схæЦЫДЫСТЫ
йыл, мæкъуыл зæххæй схицæн. Лæппу йæ быны бабырыд, чъылдымæй
йыл сæнцад, рахъил æй кодта, фæлæ ласæг рыг миты аныгъуылд. Ту-
•лын æй райдыдтой. Былмæ ма йæ иучысыл хъуыд, афтæ схæццæ сты
далдæр лæгæй. -
— Гормон фæуат, гормон! Æгомыг фос цЫ зоны? Цы аххосджын
у?! Адæм не стут! Фосы тыххæй нæ фыдæбон кæнæм! — Сардо уай-
дзæфты бын фæкодта лæгты.
— Ацы фæзы нырма фыдæй-фыртмæ мæкъуыл лæгæй ничи ласта,
мæ йæ зоныс дæхæдæг! Галты бæсты кусдзыстæм!? — мæстыйæ дзырд-
’той уыдон дæр.
— Раст стут, фæлæ кæддунейы мах еддæмæ ничи амæлдзæн, уæд-
дæр-нæ фосæй иу дæр хъуамæ ма фæхъæуа фезмæлыны фыдæй,—
сабыргай загъта Садул. Ничиуал ницы сдзырдта. Алчи, æнæдзургæйæ,
ныггуыбыр къахынмæ. Хъызт не ’нцад. Ноджы, фыдгæнæгау, фæфыд-
дæр. Адæймаджы улæфæнтæ æхгæдта. Уыдон сæ куыст нæ уагътой.
Мæкъуыл мæкъуылы фæстæ тылдтой былмæ ^лæгбæрц миты æмæ сæ
уырдыдж’ы фермæмæ ластой дыгæйттæй. * .
...Джиуæр цыд æртхъирæнгæнгæ. ’Ацы уысм йæхимидæг дзырдта:
«Фæлæуут, а-лæппу уын фенын кæндзæнис. Æз уын хъыцъыдæттæ
бадардзынæн». Æргомæй иу сыбыртт дæр нæ хауди йæ дзыхæй. Фыр-
мæстæй йæ зæрдæ ныддæнгæл, йæ риуы нал цыд. Хатт ыл улæфгæ-
улæфын фæхæцы. Уыцы уысм йæ бон исты куы суыдаид, уæд сын се
змæнтджыты иууылдæр ахæстоны батардтаид. Цыд, йæ бур æрфгуытæ
йынцъулгæйæ, йæ развæндагæй ничердæм каст. Йæ хæдзармæ дæр
бахызт ’ахæм цауд зæрдæйыуагимæ. Иæ масты тыппыртæ нæ хæлды-
сты. Сæрдарæй кæй урæдта, уый йын к’æдæйнырмæ лæгъстæ кæны,
цæмæй йæ иу колхозмæ арвыстаид. Уый тыххæй дзы цас лæггад зо-
ны." Уæдæ ресторантæ^ хæдзармæ хуынтæ, уæдæ дзыппыайсинаг дæр.
Ауадысты йæ хъустыл: «Кæд сырæза мæ хъуыддаг, уæд дæ ноджы-
дæр...»
Иæ бинонтæй никæмæ сдзырдта, комкоммæ дзы никæмæ бакаст,
афтæмæй - ныххуыссыд. Райсом бонцъæхты райхъал. Хъуыды райдыд-
та, цы зæгъдзæн, партийы райкомы фыццаг. секретары раз, ууыл. Фæ-
дзæхсгæ йæ бакодта, цæмæй фыццаг рады хъæлæсмæ æрæвæрдтаид,
колхозонтæн сæхи кæй фæндыдаид, уый. Кæд æмæ се ’хсæн ахæм ни-
чи разына, уæд та, зæгъгæ, дæхæдæг хуыздæр зоныс, нæ адæмæй кæм
чи хуыздæр сарæхсдзæн, уый. Уæд куыд тынг ныццин кодта ’Джиуæр.
«Æууæнды мыл * уый дæр, значит, хорз партион кусæг дæн>>. Къæхты
бынæй ныхъхъуыды кодта, барызт, йæ] уæнгтæ æрлæмæгъ сты...
«бюллетень — мæ хуыздæр амал... комавдировкæйы уыдтæн... стæвд
дæн». Йæ хæдфæстæ æрымысыд: «Бæстæ сфæлдæхт иннæрдæм... Адæм
хъызты не ’рцыдысты æмбырдмæ». Æртæ боны йæ хъиутæ фæхордта,
стæй балæууыд партийы райкомы секретары раз, йе’фсæнттæ лæхур-
гæйæ, фæлæ секретарь ницы сдзырдта. Йæ хъуынджын æрфгуыты бы-
цæй-иу куы уымæ бакаст, куы та-иу йæ разы Багъаты колхозæй сæдæ
къухфыстимæ цы хъаст лæууыд, уымæ æркаст.
— Фæстæмæ кæд аздæхынмæ хъавыс?
— Арсен Бидыры фырт, сымах мын кæд зæгъат, уæд, — дзуапп
радта Джиуæр.
— Кæй хъавыс сæрдарæй снысан кæнынмæ?
— Сымах мын кæмæй зæгъат, уый.
— Æз нæ; адæм кæмæй ’зæгъой, уый хъæуы æвзарын.
Джиуæры фæндыд цыдæр зæгъын, фæлæ Арсены æрфгуыты тар
куы нæ хæлдис, уæд йæ зæрдæ барызт, риуы сджытыл иæхи ныххоста.
Иумæ æртæ- мæйы еддæмæ нæма кусынц æмæ йын йæ зæрдæйы хатт
нæма зоны. «Алкæмæ цъынд цæстæй кæсы, бакуырм уа. Иæ кусджы-
тæй комкоммæ никæмæ бакæсы».
8
— Цæуыс райсом, — сдзырдта Арсен. Джиуæр рудзынджы *рдæм
фæкаст, ома йæ нæ уыныс хъызгæ кæны.
Арсен æй цыма бам’бæрста:
— Фæндьг бæстæ иннæрдæм сфæ’лдæхæд, колхозæн иу бон дæр
æнæ сæрдар гæнæн нæй, — загъта, стæй ма йæ афарста, — колхозы фо-
сæн фаг холлаг ис?
— Ис, бирæ, — йæ цæстытæ æмбæхсгæ, фæкодта Джиуæр.
— Дзæбæх ма-иу сæм бакæс. Ацу еныр! — загъта секретарь æмæ
сыстад.
Джиуæр хъавыд йæхи хъæлдзæгæй равдисынмæ, фæлæ секре-
тары ныхасæй фæзæрдæдзæф. Иæ хъустыл ауадысты æмбырды адæ-
мы фæстаг ныхæстæ: «Уæдæ-иу фосмæ дæхæдæг базил». «Æвæццæгæн,
исты сигнал уыд, уыцы æнæхæфтытæ фыдæнæн дæр исты фыдбылыз
сараздзысты..; Сардо æгæр...» йæхимидæг ныссæлæт, йæ ныхыл хиды
’ртæхтæ фæзынд. Сыстад, йæ цæстытыл фæлм бадт. Дуарæй рахызт,
секретары хатæнмæ бахизæны бадæг чызджы ауыдта æмæ йæ сæры
февзæрд уый афæрсыны хъуыды. Æмæ йæ бафарста, ам исчи^ уыд
«Багъаты» колхозæй, кæнæ фыстæг исты, зæгъгæ. Чызг ын уайтагъд
дзуапп радта æппæлæгау:
— Иу з’æронд лæг, Сардо — йæ ном, дæу тыххæй цыдæр...
Джиуæр æм нал байхъуыста, фæцæуыныл. йæ фындз æруагъта,
гогызы фындзау, баихæнгæнæгау кодта, йæ сæр ын цыма исчи дзæк-
корæй æрцавта, уыйау фæкъуырма.
Нал æмæ нал хæлдис Джиуæры зæрдæйы æлхынцъ. Алырдæм йæ
тых фæрабар-бабар кодта, йæ бон æрхъуыды кæнын ницы ссис æмæ
та йæхинымæры, хъарæггæнæгау, сдзырдта: «Нæ раздæры секретарь
Уырызмæг, кæм дæ, кæм? Уый лæг уыдис, лæг. Иурæуæд кæнæ иу
сæныкк æм’æ дæ зонæ иууылдæр дæ бар. Хъаз... араз, цы дæ фæнды,
уый. Æмæ ныр та? Нал бæззы куыст, нал бæззы цард. Афтид мыздыл,
дам, хъеллау кæн, фæныхылæн дын ницæмæуал ис». Йæ зæрдыл’æр-
лæууыд,- иухатт ыл Уырызмæг чангал куыд аппæрста (се ’гасæй тынг-
дæр уый бахъуыды кодта), куыд æй ахуыдта йе ’рдхæрдтимæ.-Хъуамæ
дзы «хванчкара» сæнтæ уыдаид. Джиуæр сæ не ссардта, уый’тыххæй
йæ бæласмæ бабастой, зæгъгæ, уый" дын ивар, цæмæй дыккаг хатт ма-
кæйуал фæсайай. - Бастæй йын йæ дзыхмæ хастой нуæзт, хæрд. Куы
фæрасыг, уæд æй суагътой. «Ех, цы лæг уыд, цы? фæлæ йæ кляузник-
тæ нæ ныууагътой». Афтæ хъуыдытæгæнгæ, куыд бахæццæ «Багъаты»
колхозы къанторæйы размæ, уый нæ рахатыдта. Адæмы дзыгуырæй
ауыдта, æмæ йын цыма исчи йæ цæстыты фæнык бакалдта, афтæ фæ-
цис. Се ’хсæнмæ бацæуыны хъару йæм нал уыд. Фæндыд æй.йемæ
иу милиционеры акæнын, фæлæ Арсенæй йæ ныфс нæ бахаста. «Куы
мæ базона, уæд уæууаг фæуыдзæн мæ/сæр, æндæра, милиционеры фен-
гæйæ, дзæгъæлдзурджытæ змаентджытæ сæ пъиритыл хæциккой æмæ
та, мæхи кæй фæнды, ахæм сæрдары бауромын æнцондæр уаид».
Колхозонтæ Джиуæримæ æддагон лæг куынæуал федтой, уæд* сæ
уæлдай сыбыртт нал райхъуыст. Бамбæрстой, сæ хъаст дзæгъæлы
кæй нæ фæцис, Арсен сын сæ домæнтæ кæй бахынцыдта. Джиуæр
æвиппайды йæ хæрв фæивта. Æвзаг алырдæм карста рæсугъд ны-
хæстæ, цыма сæм æппындæр ницæуыл цыд йæ дæндæгты хид. Колхо-
зонтæ æмбырды æмдзыхæй загътой, мах Садулæй дарддæр сæрда-
рæн ничи хъæуы, зæгъгæ.
— Садулæн йæхи афæрсæм, — сдзырдта * Джиуæр, — фæнды дæ,
Садул?
Æниу уыцы ном фехъусгæйæ, йæ риуыл цыма нæмыг сæмбæлы,
афтæ фæвæййы. Садул сыстад. Адæмыл йæ цæст ахаста. Уыдон ныхъ-
хъус сты.
— Мæ фæндон нæ, адæмы фæндон хъуамæ уа, — сабыр, ныллæг
хъæлæсæй загъта лæппу.
— Ды, ды, æндæр нæ ничи хъæуы! — схор-хор кодтой адæм.
9
— Фæлæуух, байхъусæм Садулмæ! — адæмы сабыр кодта æмбыр-
ды сæрдар.
— Уæдæ æз дæр мæ комбæсты адæмы фæндоныл разы дæн, кæд
исты сарæхсон, уæд...
Адæм нымдзæгъд кодтой. Джиуæр ^æрвдзæфау фæцис. Фæстаг
хатт æнæбары фæхудт, фæлæ уый уыд фыдæхдзинады дæндæгты фæ-
зыхъхъыр.
«Нырма иунæг сæрдар дæр нæ фæлæууыд колхозы мулкмæ æнэе ’
февналгæ, стæй ды кæм фæлæудзынæ æмæ дæм æз мæ хъус æрдар-
дзынæн, мæ къухты дæ. А-лæппу дын бацамондзæн, сæрдары бынат-
мæ тыххæй куыд бырын хъæуы, уый. Стæй адæмы куыд ардауын хъæ-
уы, уый дæр».
Джиуæр та ногæй бамæстджын. Колхозонтæ та сæ суагъæмæ куы
бахастой фæндон, цæмæй районы къухдариуæггæнджытæ хæххон кол-
хозтæн цы трактортæ дæттынц, уыдонæй иу рахицæн кæнойБагъаты
колхозæн.
— Ам уæхимæ тракторист ничи ис. Чи йыл бакусдзæн? Æддагон
лæг та сымах нæ хъæуы, — дзырдта мæстыйæ Джиуæр.
— Мæнæ, мæнæ, чи йыл бакуса! — адæмы ’хсæнæй, йæ тымбыл
къух сдардта Тузар, — танк йæ фондз æнгуылдзау чи зоны, уьшæн
трактор скъæрын цас зын у?
Джиуæр ’ноджы ’ амæсты. «Садул йæхицæн развæлгъау æвзæр
къорд нæ сарæзта, æвæццæгæн, ын ахуыргæнæджы мызд фаг нæ уыд,
фæлæууæд мын...»
Колхозонтæ хатыдысты, Джиуæр кæй мæсты кодта, уый æмæ йын
кодтой алы рæхойæн ныхæстæ:
— Мах та хъуыддаг партийы райко.мы раз æрæвæрдзыстæм,—
дзырдтой иутæ. ^ ...
— Ныффыссын хъæуы нæ уавæры тыххæй областы газетмæ дæр,
— дзырдтой иннæтæ.
Æмæ хъуыддаг, æцæгдæр, Арсен Бидыры фыртмæ æрхæццæ код-
та Садул. Уый фæдзырдта Джиуæрмæ æмæ йæ бафарста:
— Челеметы колхозы трактор уадиссаг ницæмæн хъæуы. Цæм’æн
дæ фæнды, уыдонæн æй радтæм? — Джиуæр æвиппайды дзуапп рат-
тын не ’сфæрæзта. Иæ хъустыл ауадысты Челеметы колхозы сæрдары
ныхæстæ: «Æрмæст мын уыцы трактор мæ къухы бафтау æмæ дын
фондзсæдæ сомы дæ къухты ныссадздзынæн».
— Дæу куы фæрсын, Джиуæр?
Уый фестъæлфыд.
— Нæй сæм тракторист æмæ йæ искуы былæй аппардзысты.
— Тракторист нæ, танкист дæр нæм ис, — йæхи нал баурæдта Са-
ДУЛ-
— Тæккæ абон сцæттæ кæн гæххæттытæ, чи йæ æрбакæна, уы-
тæн, — мæстыйæ загъта Арсен Садулæн, — кæм тыхсай, уым-иу мын
льусын кæн. Цырд фæлæуу, равдис ирон лæджы партион цæсгом æмæ
тых. Ды та Джиуæр ацу гъеныр..., — йæ сæр батылдта Арсен,'фæлæ
йæ ныхас кæронмæ нал загъта. Бур лæг сырх сфæлдæхт.
Джиуæр æмæ Садул кабинетæй рахызтысты кæрæдзи фæстæ, сæ*
иу дудгæйæ, иннæ — мидбылхудгæ. Джиуæр атындзыдта разæй, фæлæ
йæм цыдæр хъуыды февзæрд æмæ æрлæууыд.
— Арфæ дын кæнын, — Садулмæ йæ къух бадардта, цыма йæ’
армы сындзытæ фæныхст, афтæ хатыдта йæхи Садулы къухы аны-
дзæвдæй. Йæ дзыхы дзырд нал арæхст, йæхи хъæлдзæгæй равдисынмæ
хъавыд, фæлæ йе ’нкъарæнæвдисæг чырæгтæ йæ коммæ нал кастысты.
Æрæджиау скъуыд зæлтæ тыххæй ралæмарæгау кодта:
— Куыддæр ссау уа, афтæ дæм индзылеры сæрвитдзынæн, арази-
наг фæндæгты сбардзæн, сараздзæн проект, сметæ æмæ...
— Бузныг, Джиуæр," æнæгалæй кæвдæстæ цы бийæм. Нырма.трак-
тор, стæй та проект. Мæнгæй-иу нæ дзырдтой нæ фыдæлтæ: «Бурæи
10
фосыл дæр æууаёнк нæй» — загъта фæстаг ныхæстæ йæхимидæг æмæ
йæм зулмæ бакаст.
* * *
Кæсынц Садул æмæ Тузар ногарæзт фæндаджы былæй. Хæс-
сынц сæ цæст адгуытыл, къуылдымтыл, цæгæттыл, хуссæрттыл.
— Абон кæй онг ис дæ зæрды?.. Сабырдзинад фехæлдта Садул.
— Æлвынæнтæй хъуамæ ахизон, фæлæ мæ Сетуры къæдзæх ныу-
уромдзæнис, хæлæнгарз ссарын хъæуы.
— Арвыстон æрзæткъахæн управленимæ, уырдыгæй мын рат-
дзысты, фæлæ йемæ архайын чи зоны? Чи нæм ис ахæм?
— Кьæдзæх ныххуынчъытæ кæнæнт колхозонтæ, йæ халын м’æ
бар уæд.
Сæрдар бахудт. Тузары йæхимæ тынгдæр æрбалхъывта.
. — Чысылæй фæстæмæ мæ бæллиц уыд нæ кæмттæм фæндæгтæ са-
разын.
— Уæ райсом хорз, — æд халсæрттæ сæ уæлхъус æрбалæууыд Сар-
до. Лæппутæ уый ’рдæм фæзылдысты.
— Бæдæйнаг, Тузар, хорз кæрды дæ кард, — диситæ сæм бадард-
та зæронд.
— фенут-ма сæ. Сукъашауы фæтæны уый хуызæн диси ныззад
æмæ дзы зæрдæ рухс кæны. Хос у, хос, мæ ахсæн уый фæрцы кусы.
— Ахсæнæн мæзæрæу дæр æвзæр нæу, цъоза дæр, — бафтыдта ма
йæм Тузар.
— О, о, раст зæгъыс, — сразы Сардо. Уыдон дзы’фæйнæ айстой,
астыгътой сæ. < Дисийы æхсыр къухтыл æндæгъд, лæдæрст ивæзгæ.
— Диссаг, мæзæрæу æмæ диси иугъуызон сты, афтæмæй мæзæрæ-
уы æхсыр бур у.
— Адæм дæр афтæ сты, сæ хуыз иу у, фæлæ зондæй æндæр æмæ
æндæргъуызæттæ сты, — дзырдта Сардо, — фæлæ кæм уыдтæн, уымæй
мæ цæмæннæ фæрсут. — Дыууæ лæппуйы бакастысты зæронд лæгмæ.
— Знон изæрæй мæ фæндаг ракодтон Стырдзыхъхъы уыгæрдæн-
тыл. Быдыры колхозты фысдзугтæ æмæ хъомрæгъæуттæ иууылдæр
уыдысты уым. Абон дæр та ссыдтæн бæрæггæнæг æмæ суанг рахæццæ
сты Хъæуысæры уыгæрдæнтæм. Уым фиййæуттимæ схыл дæн, фæлæ
цы? Махæн, дам, кæдæм зæгъынц^ уырдæм скъæрæм нæ фос хизынмæ.
Садул ниць1уал сдзырдта. Мæстæй йæ тугдадзинтæ анæрстысты,
машинæйы ’рдæм фездæхт, радзырдта ма трактористмæ:
— Тузар, къæдзæхы тыххæй къуылымпыдзинад нæ уыдзæн, фæлæ
архай.
Иу æмæ дыууæ хатты нæ хъаугъа кодтой фосхизæнты тыххæй,
суанг обкоммæ æрхауд йæ равзарын. Уым æй аскъуыддзаг кодтой Ба-
гъаты комы пайдайæн, фæлæ сæ уæддæр чидæр, змæнты.
Колхозы къанторайы раз адæм, мыдыбындзытау, сæ гуыз-гуызæй
нал , æнцадысты, сæ къухтæ тылдтой, хъуыст æртхъирæнтæ.
— Мах та кæм хъуамæ ныккæрдæм хос?!
— Цæмæй схæссæм нæ фос, науæд колхозы фос? Цæрын нæ нал
хъæуы? I
— Сæрдыгон фос кæмдæриддæр бафсаддзæн йæхи. Аздахут сæ
мидæгдæр!
— Фидар нын хæцут нæ къубæлттыл.,.
— Мæгуыр дæр уæхæдæг, иугай хæдзæрттæ ма баззад, уыдон дæр
фæлидзын кæнут, стæй ма та хицæуттæ кæмæн уыдзыстут, къæдзæх-"
тæн?!
— Куы нын нæ фос тæрынц, уæлдай, дам, сты. Ныр та нын уы-
гæрдæнтæ нал уадзут. Уæдæ быдыры хъæуты иу гектар зæхх кæмæ
ис, йæ кæрты дыууæ машинæйы урæд кæмæн ис, уыдонмæ æппын куы
ницы уæлдай арут.
11
— Кæд ма колхозы фосæн цъæххос нæ, фæлæ æмбыд хъæмп æр-
баласæг дæр уа, уæд æй фендзыстут. — Хъуыст алырдыгæй ныхæстæ.
— Æз загътон æмæ фæци. Чи’фæрсы сымах? Йæ тæнæг бур был-
тæ стылдта Джиуæр.
— Уæдæ фæлæу, кæд нæ нæ бафæрсай, — колхозонтæй йæм чи-
дæр бартхъирæнтæ кодта.
— Ацу дæ фиййæутты бафæдзæхс, цæмæй сæ фос скъæрой, кæм-
дæриддæр заддæр кæрдæг ис, уырдæм, — фидарæй дзырдта Джиуæр,
йæ разы цы гæлдæрджын лæг лæууыд, уымæн, —" ам алчи йæхи куы
хицау кæна, уæд махмæ фæтк æмæ æгъдау нал уыдзæн.
— Ацы колхозæн, дæумæ гæсгæ, цал хицауы хъуамæ уа,ч æмæ чи,
æз æви ды?—Маст тыххæй уромгæиæ, ныздыхта Садул Джиуæрыл.
Уый æвиппайд фæзылд.
— Ам дæ?
— Ам дæн, уæдæ кæм дæн?! Фæлæ-ма мын зæгъ, мæ хъуыддæгтæ
æвзарæг дæ чи кæны?
Джиуæрæн йæ бур хуыз ссырх ис, йæ масты сæт нынныхъуырдта.
Сæрдармæ фыдæхы цæстæй бакаст, сындзныхсæгау дзы ныссагъта йæ
æгъуыз цæстытæ, стæй йæ цæстæнгас аздæхта, йæ разы цы ставдбæр-
зæй лæг лæууыд, уымæ. Уымæн Джиуæр стыр ныфс бавæрдта,- цæмæй
йæ фосæн цы зæхх лæвæрд æрцыд Хуыры комы, уым нæ,- фæлæ йын
хизой, хъæуы алыварс цы уыгæрдæнтæ ис, уыдоныл. Уый та йын... мæ
хур акæн... йæ рахис цонг у... Уæззау хуын... рог хуын... дзыппы
кæй... Иу хæдон сын уæгъд у.
’’— Махæй абон иу дæр куыстмæ нæ ацæудзæн, — мæстыйæ сдзырд-
та чидæр.
— Цы райсæм нæ куыстмæ колхозæй, зæгъут-ма йæ? Цæмæй фæ-
цæрæм?
— Крлхозæн фос лæвар хæссæм æмæ нæ ноджы нæ уадзут!
Æвзонг лæппутæй чидæртæ сæхи байвæзтой Джиуæрмæ. Уый
ныхъхъус, ныффæлурс.
— Абон уе ’гас дæр, нæлгоймæгтæ, цæут Сетур’ы къæдзæх хуын-
чъытæ кæнынмæ. Уемæ ахæссут ломтæ, æфсæн дзæккортæ æмæ къæдз
телтæ. Тракторы къæдзæх ныууромдзæн, хосгæрдæн та нæ къæсæрыл
ис,.— адæмыл йæ цæст сабыргай ахаста Садул. Уыдон зæхмæ нык-
кастысты, ничи ницы дзырдта.
— Цæй, цæмæ ма кæсæм? Уæ бæллиц фæндаг куы уыд?
Колхозонтæ уæззаугай сыстадысты æмæ, куыд дарддæр цыдысты,
афтæ сæ цыд фæтагъддæр.
— Мæ адæмы мын цæмæннæ уадзыс кусын? Цæмæн мæ хъыгда-
рыс, Джиуæр?— ныллæг хъæлæсæй йæ бафарста.
— Партийы райкомы кусæг дæ хъыгдары?
— Бæгуыдæр. Ды сæ фæлмæцын кæныс, цæмæй адæм бынтондæр
фæлидзой. Ацы комы уыд иу астæуккаг скъола, иуæндæс та -р’айдиан
скъолатæ æмæ ма дзы ис иу астазон скъола. Цæмæн афтæ у, уый зо-
ныс? Дæ хуызæттæ сæ уарзондзинад кæй ауæй кодтой рог.хуынтыл,
уый тыххæй.
— Уыцы зæхх лæвæрд у Челеметы колхозæн. Уый тыххæй мæм
бардзырд ис Арсен Бидыры фыртæй!
— Картæйы уын зæхх кæуылты хицæнгонд у, уымыты ис нысæнт-
тæ сагъд, — Садул баздæхт Челеметы колхозы ’сæрдармæ, — уырды-
гæй дæлæмæ уæ фос куы ’руадзат, уæд-иу мæ ма рахъасг кæнут.
Уый, йæ риуы æгънæджытæ суадзгæйæ, тыхулæфт кодта тæвды.
Куы Джиуæрмæ бакæсы, куы Садулмæ.
— Сæрдыгон фос хуырдзагъдыл дæр бафсæддзæнис. Зын зымæгон
вæййы фос схæссын, — дарддæр дзырдта Садул, — ды мын мæ зæх-
мæ дæттыс æмбыд хъæмп. Дæ иу машинæ хъæмп слæууы 50 сомы,
афтæмæй махмæйы мæкъуылтæй у дыууæйы бæрц. Колхозон та дыу-
уæ мæкъуылы аргъмæ колхозæй исы дыууæ, æртæ сомы, аиы азы кой
12
нæма кæнын. Æз хъуамæ иу машинæимæ арвитон дыууæ лæджы.
Уыцы дыууæ лæджы ам хос куы æркæрдой, уæд мын радтдзысты авртæ
хатты фылдæр, уый иу. Дыккаг: уыцы æмбыд хъæмпы аргъ æз куы
радтон цъæх хосы аргъмæ, уæд мæ фос уыдзысты хæрзхастдæр, мæ
адæмæн та сæ царды уавæртæ хуыздæр фæуыдзысты æмæ колхозы
кусдзысты зæрдæбындæрæй. Æртыккаг: мæ къæсæрыл сты мæ уы-
гæрдæнтæ, уыдон дæ фос куы бахæрой, уæд нæ дард уыгæрдæнтæм
цæуын бахъæудзæн 6—7 километры дарддæр. Уыцы дард фæндагыл
кусæг фæлмæцы, фæллайы, дыууæрдæм дзæгъæлы сафы бирæ рæстæг.
Уыцы рæстæджы æввахс уыгæрдæнты махмæйы хосдзау ныккæрддзæн
иу кæнæ мæкъуыл æмæ æрдæг. Еныр кæд Арсен Бидыры фырт дæуæн,
— раздæхт Джиуæрмæ, — хæххон адæмæй хынджылæг кæныны бар
радта, уæд дæ хъуыддаг дарддæр кæн. Мæнæн уыимæ ацы фарсты.
•тыххæй ныхас уыд æмæ мемæ сразы. Кæд йæ хъуыды аивта, уæд та
йæм тæккæ райсом æз ныццæудзынæн. Айхуызæн кусгæ бонты адæмы
кусын ма уадз, уый стыр рæдыд у.
’ Фæстаг ныхасæй Джиуæр фестъæлфыд, цыдæр сдзурынмæ хъа-
выд, фæлæ йæ не.сфæрæзта. Афтæ цæхгæр нырмæ йæ ныхмæ никуы
ничи æрлæууыд, фæлæ а-фæстаг рæстæг сæзнæт сты сæрдарæй, колхо-
зонæй иууылдæр. Æгæр ныхмæ дæр ’ма йæм лшууьщц. Æвæццæгæн
сæ ацы кляузник ардауы, фæлæуут-.. — йæ уæнгтæ цыдæргъуызон æр-
лæмæгъ еты,
— Æз зонын, уыд СЦКП ЦК фыстæг, дзырдæуыд дзы, цæмæй æп-
пæт фадæттæ дæр саразой хъæууон адæмæн, фос дарой бирæ, æгæрыс-
тæмæй сын дæттынц хæс æхца скъæттæ саразынæн. Ды та хицауады
уынаффæтæ зыгъуыммæ кæныс. Адæммæ уæййаг цы .уа, уый фæса-
рæнмæ нæ ахæсдзысты, ам æй уæй кæндзысты, нæхимæ уæййаг бирæ
куы уа, уæд та аргъ дæлæмæ цæуы æмæ кусæг адæмæн, интеллигенци-
йæн æнцондæр у цæрынæн.
Джиуæр нындзыг. Иæ буары уазал азылд. «Кæцæй зоны фыстæг,
сусæг куы уыд?» — æрæджиау зынтæй ралæмарæгау кодта:
— Æз æвзæрæй ницы... мæн дæр уый фæнды," цæмæй адæмæн уа
хорз фадæттæ. Æз дæр дыл мæ фырмæстæй... ~Мæн дæр... Арсенмæ
цæмæн цæуыс... йæхи раст кæныныл схæцыд Джиуæр. Ныхас хъазын-
æрдæм аздахынмæ хъавыд, фæлæ æвзаг дзыхы нал арæхст. Фæстаг
хатт ын худгæйæ æркой кодта (уый зæрдæ фæфæлмæндæр кæныны
тыххæй), æххормаг мын у, зæгъгæ, фæлæ йæм Садул йæ чъылдым аз-
дæхта: «Чеховы хамелеон», — загъта химидæг æмæ къанторæмæ фæ-
раст.
Сетуры къæдзæх. Йæ цъупп размæ рацыд, худы кепкæйау, астæ-
уæй та — мидæмæ. Йæ рæбыныл Пацъадон йæхи лæбурæджы цæф
ныккæны, йæ пырхæнтæ хæрдмæ фæхауынц. Доны фæздæг скæлы, йе
’ртæхтæ дуртыл сау тæппытæй аззайынц. Къæдзæхы риуыл адæм кæ-
рæй-кæронмæ дыгæйттæй иумæ æрлæууыдысты. Се ’фсæн дзæккорты
къæрцц-къæрцц цыд. Се ’хсæнæй райхъуысы «фаг у» æмæ та дыккаг
хуынкъмæ æрæвналынц. Садул цыд, каст адæммæ. Хатт дзæккор рай-
сы æмæ дзы ломыл ралæууы, куы та къæдз телæй хуынкъæй дуры-
згъæлæнтæ схафы.
ч— Дыууæ бонмæ хъуамæ фæуæм ацы къæдзæх, — дзырдта Са-
дул.
— Дыууæ боны бирæ у. Абон дыккаг æхст хъуамæ райхъуыса, —
сдзырдтой^сæрыстырæй æвзонг лæппутæ.
. Уый та ноджы хуыздæр, æрмæст Сардойы бирæ кусын ма уа-
дзут, — Садул бахатыд лæппутæм.
Нæ комы йæхæдæг, — Сардойы ’рдæм кæсгæйæ, дзырдта æвзонг
лæппу Тузар æмæ та йын~куы ’ской’ кодтой, цæмæй баулæфа, уæд ын
цыма исчи йæ русы фарс ныдздзæхст ласта, афтæ фæци Сардо,
Æз нырма дæ хуызæттæй æртæйы бæрц бакуСдзынæн, æмæ
13
мын ды та тæригъæд кæныс, — йæ куыстмæ ноджы зæрдиагдæрæй
æрæвнæлдта Сардо. Уæззау дзæккор дард фæхæссы æмæ ломыл йæ
тъæпп фæцæуы. Лом уæгъдæй сзилы, стæй йæ уæрджытыл æрлæууыд
æмæ телæй сыгъдæг кæнын райдыдта къæдзæхы хуынкъ.
— Афтæ хæлдтой Чъехы ’нарæг, Гуфтайæ Часавалмæ фæндаг, Ра-
ройæ нæ коммæ. Цал хатты фехъусын мæ дзæбуджы хъæр, уал хатты
мæ зæрдæ ногæй-ногдæр кæны. Уымæн æмæ фæндаг кæдæм уа, уым
цардæн æнæ ’нхъизгæ нæй, — Сардо йæ ныхы хид асæрфта, — ацы
фæндаг цал километры бацыд, уал азы та æвзонгдæр фæдæн.
Садул æм каст, дис ыл æфтыдта уый зæрдæбын куыст æмæ уæнг-
ты ахаст. Æвзæнгтæй афтæ рæвдз архайын йæ къухы никæмæн æф-
тыд æмæ сæхимæ ныккастысты, сæ архайд рæвдздæр кодтой.
Цыд Садул дарддæр, алы кусæгимæ адджын, рæвдауæн ныхасгæн-
гæ. Кьæдзæхы кæронмæ бахæццæ, чысыл фалдæр ма иу къорд куыс-
та. Уый сæм кæсгæ баззад. Иæ цæстытæ аууæрста, зæгъгæ, чи сты,
бацыд сæм хæстæгдæр. Куы баввахс, уæд æм сегасæй бæрзонддæр йæ •
мидбылты фæхудт. ’.
— Бабале... Цы аразыс ам? — цымæ йæ искæмæй фехъусынæй
тарст, уыйау æй ныллæг хъæлæсæй афарста. Уый бахудт фæлмæн, йæ
худ систа.
— Кусын. . - ’ ’ , ’ ~ 3
Сæрдары алыварс атымбыл сты чызджытæ.
— Иликъойы хъулон хъæбул Садул, нæ куыст дæ зæрдæмæ куыд’
цæуы?
— Уæ куыст дæр æмæ уæхæдæг дæр тынг цæут мæ зæрдæмæ, —
хъазгæмхасæн сын загъта, стæй сæ афарста:
— Чи ракодта сымах та?
— Сарæзтам бригада æмæ рацыдæстæм нæхæдæг. Цæмæн нæ
хъæуы искæйы кæнын, — загъта куринаг чызг Олгъæ. Цыдæр сæрыс-
тырдзинад уыд йæ конд, йæ уынды. ’ \
— Хорз! Æхсызгон мын у, кæй рæхсут кусынмæ, уый!
— Æмæ ма исты сывæллæттæ стæм, нæ фылдæр мой кæнынмæ
куы адардта йæ хъус. Чызджытæ ныччыр-чыр кодтой. Лæппу аивæй
бакæсы’ Бабалемæ. Кæрæдзийы цæстæнгас ацахстой æмæ сæ цæс-
гæмттæ фæсырх сты!
Уыдон схъомыл сты иу комы, каст фесты иу скъола, иу институт
æмæ кусынмæ дæр ацыдысты фæстæмæ сæхи скъоламæ. Сæ зæрдæтæ
кæрæдзийæн æргом уыдысты астæуккаг скъолайæ фæстæмæ. Дам-
думгæнджытæ сæ лæг æмæус хуыдтой, фæлæ уыдоны ныхæстæ æрду-
мæ дæр нæ дардтой. Бабале куы фехъуыста, Садулы сæрдарæй æвза-
рынц, уæд йæ ныхмæ ныллæууыд.
— Ды сæрдарæй куы бацæуай, уæд æз дæумæ дзыхæй дæр нал
сдзурдзынæн.
— Цæмæннæ? .
— Колхозы ничиуал кусы, нæ сæ уыныс, алда йæ хъус лидзынмæ._
адардта æмæ дæ куыст размæ нæ ацæудзæн. ,,
— Колхозон йæ куыстмæ мызд куы иса, уæд бон дæр æмæ æхсæви>>
дæр не ’схуысдзæн, кусдзæн æмæ кусдзæн. • , ^!^
— Ды сын мызд кæцæй ракъахдзынæ?
— Цы кусынц, уымæй.
— Нæ, нæ бацæудзынæ сæрдарæй, æрцахсын дæ. кæндзысты. Кæ-
сыс дæ разæй дзы чи куыста, уый бады. ,.. # - ’ . .
— Уый давгæ кодта. Æз та давыныл нæ хъуыды кæнын, стæй мæ
кæд æрцахсой, уæд цы сафыс? Æндæрæй смой кæндзынæ.
Фæстаг ныхæстæм чызджы цæстытæ астыр сты, асырх йæ цæсгом-.
Къух дардыл фæхаста æмæ лæппуйы русы дзæхст фæцыд. Йæхæдæг
лидзынмæ фæцис. Садул, мидбылхудгæ, йæ фæстæ каст. Русыл бæрæ-
гæй баззадысты чызджы æнгуылдзты фæдтæ.
Иубон дыууæ иумæ аззадысты ахуыргæнджыты хатæны. • Лæппу
14'
йæм аивæй бакаст. Чызг йæ фыртыхстæй, æви... куы чиныгмæ бавналы,
куы газетмæ, стæй æдзынæг бадгæйæ аззад, цалдæр тыхулæфты скод-
та. Лæппу бахуды.
— Уæд кæмæй смой кæндзынæн? Йæ ном ын нæ зæгъдзынæ? —
афарста лæппуйы тыхстæй. - *
♦ —'Уый нæ зонын, фæлæ дæ ме уонджы мигъ бацыд. Куы бацæ-
рæм, уæд мæ миййаг афтæ куы нæмай... куыд уыдзæнис?
— Уымæн ницы зонын, фæлæ бацу сæрдарæй.
— Куы нæ дæ фæндыд?
— Адæмы тыхджын фæнды, æмæ уыдон кæй фæнда къухдариуæг-
гæнæгæй, уымæн йæ коммæ дæр кæсдзысты.
Лæппу бахудт, чызджы уæхсчытæ йæхимæ æрбалхъывта.
— Мæ фыдсыл, мæ фыдсыл, уæддæр ма фæстагмæ хорз æрхъуы-
ды.кæныс.
* * *
Стыр фæсаходæн Сетуры къæдзæх æмризæджы ныррызт. Хæрдмæ
фаркгай тахтысты йæ ’дуртæ, суанг доны фаллаг фарс рæбыны онг.
Къæдзæхы къепкъæгонд доны ныццауæзта, схуыдым, сбур-бурид, зил-
гæ хуыдым дзы сырæзт. Дзæбугты хъæр ноджы сытынг. Изæрмæ
къæдзæхы æртæ хатты фехстой. Дыккаг бон трактор бахызт айнæ-
гæй æмæ йæ фæтæн бырынкъ саумæр сыджыты куы нытътъыста, уæд
колхозонтæ се ’нтысты цытæнсуары фарсмæ аргæвстой фыр.
’ — Уæ мæ уарзон комбæстæ, зын у мæнæн дзурын фырцинæй, —
дзырдта Сардо, йæ къухы сыкъа, афтæмæй,— нæ уромын мæ цæссыг. ’
Цас фыдæбон кодтам, цæмæй лæг районмæ йæ хъуыддаджы фæстæ
ацыдаид. Кæй уырныдта, искуы нæ хъæумæ машинæ цæудзæн, уый.
Фæлæ уынут уæхæдæг: згъоры æдæрсгæ, ныр та уыгæрдæнтæм дæр
аразæм фæндаг. Тæхуды, ацы хъуыддаг куы ’рцыдаид 10—15 азы
размæ, уæд нæ кæмттæ ныр афтæ æдзæрæг нæ уаиккой. — Зæронд
лæджы зæрдæ суынгæг, йæ бон сдзурын нал ссис æмæ йæ сыкъа
анызта...
— Æз фыццаг хатт федтон ацы колхозы куысты бонмæ æхца бай-
уаргæ, — чидæр æмбисбадтыл сдзырдта. Адæм кæрæдзи афарстой,
цæй æхцайы кой кæнынц, зæгъгæ. Сæрдар сын сæ хъуыды фембæрста
æмæ уæззаугай сдзырдта:
• — Куыстбонмæ хъуамæ авансæй радтæм дыууæ сомы, цыхт та
æртæсæдæ граммы.
Адæм джихæй кастысты. Садул стæгимæ архайдта, фæлæ йæ
хъус та уыдонмæ дардта. Уыдонæй бирæты нæ уырныдта. Уымæн æмæ
уыцы колхозы картофæй дарддæр куыстбонмæ никуы ницы байуæрс-
той.
— Диссаг! Енырмæ уыцы ’хца кæм уыдысты? фарстой колхозонтæ
кæрæдзи.
— Нæ сæрдæрттæ æмæ уыдоны хуызæтты дзыппыты, — цыбыр
дзуапп радта Сардо. Адæм сæ мæсты гуым-гуымæй нал æнцадысты.
Сæ риутæ тымбыл къухæй хостой. Фæстагмæ сыл минас тых кæнын
райдыдта, бæрзондæй-бæрзонддæр схæцыдысты сæ сæртыл, парахат
зæрдæтæй уагътой гаджидæуттæ.
* * *
Хуры цæст нындæвта. Хъæдын къул залы фыртæвдæй сулæфæн нæ
уыд. Колхозонтæ сæ хид тагъд-тагъд сæрфтой. Сæ хæццæ хъæлæба
хъуыст Сценæиыл даргъ стъолы фарсмæ бадтысты цалдæрæй, се
хсæн Садул, йæ фарсмæ Джиуæр, партийы райкомы хъæууон хæдза-
рады хаиады сæргълæууæг. Садул сыстад. йæ цæст, уæззау* ахаста
15
адæмыл. Снысан кодта æмбырдæн уагдæтджытæ. Боны фæткы.уыд
иу фарст: «Хосы куыст æ’нтысгæйæ фæуын». Ныхасы бар лæвæрд цыд
Джиуæрæн. Уый сыстад уæззаугай, йæ костюмы риутыл хæрдмæ схæ-,
цыд, адæмыл йæ цæст ахаста, стæй сабыргай райдыдта дзурын, пау-
зæтæ аразгæйæ.
— Куыд зонут, куыд федтат уæхæдæг, афтæмæй.цард бонæй-бон’
хуыздæр кæны, куысты-бонмæ авансæй райстат æхца, афæдзы кæрон
райсдзыстут ноджы фылдæр æфтиæгтæ.... Зонут, цас тых бахардз код-
там, цæмæй уæ къухты бафтыдаид трактор. (Садул йæ бынаты баз-
мæлыд, йæ къухтæ йæ дæларм акодта) Еныр хос кæрдынмæ хъæуы
цырд фæлæууын. Партийы райкомы фæндонмæ гæсгæ, хистæр кълæс-
ты скъоладзаутæй саразын хъæуы хицæн къорд... Ам бирæ ис, иу
къах’ горæты чи дары, иннæ хъæуты, ахæмтæ. Хос кæрдынафон æрба-
цæуынц æмæ нæ хъыг фæдарынц. Уыдонæй иу дæр хос кæрдыны сæ-
раппонд ацы зæххыл куыд ничи ацæуа. Сцæттæ хъæуы бынæттæ, за-
водтæ æмæ уагдæттæй чи æрбацæуа æххуысмæ, уыдонæн. Фидар дзырд
ис, цæмæй цыдæриддæр хос æркарстæуа, уый иууылдæр лæвæрд æр-
цæуа колхозмæ.
— Уый та куыд?!
— Иунæг цъери дæр ,нæ ничи ныккæрддзæн, афтæ куы уа, уæд.
— Зæгъут нын æргом, хæхбæстæй уæ сурæм æмæ фæцæудзыстаем
исчердæм. — Знæт ныхас кодтой адæм фæйнæрдыгæй, сæ бынштты
рафт-бафтгæнгæ. Хатæн хъæлæбайæ байдзаг. Джиуаеры цæстытæ фыр»
мæстæй ныйирд сты. Йæ ныхасæн ахæм фæстиуджытæ уыдзæн, уый
æнхъæл нæ уыд. Фæстагмæ йæхи нал баурæдта,
— Сымах зыгъуыммæ кæнут хицауады уынаффæтæ!
- —Мах æй нæ зыгъуыммæ кæнæм, ,ды æмæ йæ дæ хуызæттæ зы-
гъуыммæ кæнынц. Махæн нæ парти никуы зæгъдзæн, адæмы бартæ
байсут, зæгъгæ, нал баурæдта сæрдар йæхи.
. — Ды та!.. — ныббогъ кодта Джиуæр- Адæм ноджы сызнæт сты,
æмхуызон хор-хор райдыдтой æмæ йæ дзурын нал суагътой. Чидæртæ
дзы сыстад, фæстаг мастц ныхæстæ акалдтой æмæ дуарæй рахызтыс*
ты. Уыдоны бафæзмыдтой иннæтæ дæр. Цалдæр минуты фæстæ зал
афтидæй аззад. Садул бадт æнæзмæлгæ, æрттæдæлармæй. Сæ фæстаэ
джихæй каст Джиуæр. Æрæджыйау сæрдары ’рдæм. раздæхт:
— Æз де ’рдæм, ды та хæйрæджыты ’рдæм. Цæуылнæ исты запь*
тай?
— Кæцырдæм ме ’рдæм? Науæд цы хъуамæ загътаин!?
— Кусæг лæгæн йæ хурхыл фидар хæцын хъæуы. Науæд уый хæ-
рæгæй хуым кæны. .,х
— Кусæг лæджы хъуырыл куы ныххæцай, уæд дæхи хъуырыл хæ-
цыс: Ды уый тыхæй нæ бакусын кæндзынæ. Уый гæнæн нæй.
— Дæ фосæн холлаг нæ уыдзæн, аскъуыйдзысты сыдæй æмæ дæ
ахæстоны бакæндзысты. Рох дæ ма уæд уый. Хъæмп дын лæвæрдтой,
цæмæннæ йæ райстай?
— Джиуæр, æз ардæм уымæн не ’рбацыдтæн æмæ ахæстонмæ ба-
цæуон. Чизоны, дæу фæнды уырдæм, уæд фæндараст у.
— Хъус мæнмæ, нæ фæрæдидзынæ.
— Ацы колхозæн адæм мæн равзæрстой хицауæй. Æз хъуамæ са-
разон, царды куыд хуыздæр уыдзæн, адæмæн дæр æмæ колхозæн дæр,
афтæ. Махæн ис номхыгъдтæ арæзт, нæ комæй æдде _чи кусы, уыдо-
ныл. Хос кæрдынафон иууылдæр хъуамæ уой ам. Мæн æндæр ничи
хъæуы. Мæнæн уыйбæрц уавæртæ нæй æмæ æддагон ад’æмы æрбакæ-
нон. Дыккаг та уый, æмæ уыдонæй бирæтæ кæрдын нæ фæзонынд-
æмæ уыгæрдæнтæ цъиудзагъд ныккæнынц, кæрдæг фесафынц. Ном-
хыгъд кæуыл сарæзтам, уыдонæй алчидæр йæ улæфт райсдзæн еныр,
кусдзæн йæхиуæттимæ æмæ цæргæ дæр кæндзæн уыдонимæ, афтæ
скъоладзаутæ дæр. Колхозонтæн та цал мæкъуылæй цал радтдзыстæм,
ууыл дæр ныхас уыД. Æ^ колхозонæн й& фосæн хОллаг кæрдын куы
16
нæ бауадзон, уæд уый цæвæг иу риуыгъд дæр нæ ракæндзæн, уымæн
æмæ колхозæй уый нæ исы уыйбæрц, цæмæй йæ бинонты фæдара æнæ-
хъæн афæдз. Дыргъдон, сæндон уымæн нæй. Цæмæй фæцæрдзæн, уый
йæхи фосæй куы нæ ауæй кæна, уæд? Ацы фарсты фæдыл æз ныхас
кодтон Арсен Бидыры фыртимæ. Мæ фæндоныл сразы. Ныр ды цæ-
мæн кæныс уый номæй ахæм ныхæстæ? Мæнæн иу дзуры, дæуæн та
æндæр? Нæ мæ уырнынц дæ ныхæстæ!
— Уый та куыд?! Мæныл не ууæндыс?! Коммунистыл!? Чи у ам
хицау, æз æви ды? Кæй дзырд хъуамæ уа?! Къæр-къæраг фестад
Джиуæр. — Ды дæхицæн дæхæдæг гæрдыс фæндаг - ахæстонмæ.
— Иу фæхæппæй кæй тæрсын кодтай, æз дын уыдонæй нæ дæн. —
Иæ 1^аст нал баурæдта Садул!—Æмæ æгæр-æгæр ма кæн, æндæра
.дæхи’сæр басудздзæн. Ныры онг дын цы барстой адæм, уый дын ничи-
. уал ныббардзæн.
Джиуæры цаестытæ ирдæй баззадысты. Сæрдар стъолы лагъз бах-
гæдта, бандон иуæрдæм баппæрста æмæ .дуармæ дæнгæлзæрдæйæ ра-
хыэт. Фырмæстæй сулæфын нал фæрæзта. Араст Пацъайы доны был-
мæ. Пацъа уад, дойнаг дуртылйæхи хойгæ. Хаудысты йе стъæлфæнтæ
бæрзонд. Æмæ-иу лыстæг бындзыты дзыгуырау, фæстæмæ æрбайсæф-
тысты доны.
Дурыл æрбадт, раласта йæ къахы дарæс, йæ къæхтæ доны ны-
чвæрдта, цæмæй йæ буары дудаг ссыдаид, фæлæ йæм нæ хъардта. Ра-
ласта астæуæй уæлæмæ йæ дарæс, донмæ ныггуыбыр кодта, йæхиуыл
дзы скалдта. Лæппу æвиппайды фестъæлфыд, гуыбырæй аззад, йæ
фæсонтыл ын уазал дон æркалдæуыд. Уæззаугай сзылд, йæ хæдфарс-
мæ ауыдта сылгоймаджы бæгънæг зæнгтæ, джиппæйфыст æдгуыр
къаба, Иæ астæу сраст кæнынмæ хъавыд, фæлæ йын йæ чъылдымыл
æрхæцыдæуыд.
— Æрыхс дæхи, — ауад йæ хъустыл зонгæ хъæлæс, — уазал дон
дын дæ судзгæ маст.сисдзæн.
— Бабале, цы агурыс ам?
— Дæуеддæмæ^кæй хъуамæ агурон, — фæхудт чызг...
Дон уагъта цайданæй лæппуйы фæсонтыл.
— Джиуæр дæ куыд тагъд æрвиты ахæстонмæ?
Лæппу слæууыд, бакаст æм цъынддзастæй.
— Чи дын æй дзырдта? ’
— Адæм. Уыдон дыл æууæндынц, дæ ныхасыл «нæ» ницæмæй зæ-
гъынц, фæлæ дæ Джиуæр цы йæ уæнгдел уыны? — лæппу ницы сдзырд-
•та, дурыл æрбадт, донмæ каст, фæлæ йæ нæ хатыдта,- чердæм цыд,
уый,
— Зилы куыдзау. Кæйдæр номæй базар кæны... Адæмы йæ ных*
Ш ныссагъта. — Лæппу йæ къух йе ’фсæрмæ быцæу.радта. Чызг æм
_ каст ирд цæстæй, йæ цæсгом схъулон, сау æрфгуытæ нылхынцъ сты,
Ш зæрдæйы куыст фæтынгдæр.
* * *
. ^ Машинæ раицентрмæ ныххæццæ. Садул ацамыдта шофырæн, пар-
Тийы райкомы^ хæдзары размæ... Уый цæхгæр фæзылд æмæ æрлæу-
уыд, сæрдар кабинæйæ рахызт. Бараст бæрзонд агъудотще, фæлæ
йæ.комендант баурæдта, зæгъгæ, Арсен Бидыры фырт еньф тæккæ
кæрдзын. хæрьшмæ ауад. Чысыл анхъæлмæ кæсыны фæстæ .^ербацыд
Арсен, фæлæ йæм, иннæ хæттытау, нæ ракаст райгонд зæрдæйæ. Са-
дулы уæнгты уазал азылд. «Уьщы куудзыл æууæнды. Бæгуыдæр, Ш
кусæг у», — дзырдта химидæг.
Рацу^ цы хабар у? — сдзырдта йæм схуыстæй. Уый.йе ’рбацы-
ды сæр райдыдта дыстæгхай дзурын. Куыдфæстагмæ Арсены дæсго-
мы тар, мæсты хуыз раивта фыдæхдæрæй. Уыцы фембæлдæй йын дыу^
уæ сахаты разд^р та Джиуæр..^ндаер цыдæрта дзырдта. «Садул,
2. «фидиуæг» № 2.
17
зæгъ, афтæ, мæн, дам, уæ фосы æмæ хосты мæт бынтондæр нæй. Мæ-
хицæ’н куыстон ахуыргæнæгæй æмæ, дам, мæ ныууагътаиккат». «Ацы
бур лæгыл стыр æууæнк нæй», загъта йæхимидæг Арсен Бидыры фырт.
Садул ын дзырдта, цас æм ис куыстхъом адæм, цас дзы ис хосдзæут-
тæ, æддейæ йæм цал лæджы æрбацæудзæн. Уыдонæн цас сæ бон ба-
уыдзæн хос æркæрдын, колхозы фосæн галтæй суанг родтæм цас ба-
хъæудзæн хос. Уæдæ нын нымад у колхозонты хæдзарон фосæн дæр
цас бахъæудзæн, ’уый. Цас ма дзы баззайдзæн зæронд хос дæр. Арсен
æм лæмбынæг хъуыста æмæ йæ тар цæстæнгас рухсæй-рухсдæр кодта.
Садул хъуыддæгтæ фидарæй кæй зыдта, уый йын æхсызгондзинад лæ-
вæрдта.
— Зæронд хос баззайа, уый мæн нæ уырны. Ахæм цау нырма нæ
районы никуы уыд, — фæурæдта йæ секретарь.
— Æз дæр æй уымæн афтæ аразын, цæмæй сбæрæг кæнон; махæн
нæхи холлагæй гæнæн ис æмæ схæссæм нæ фос æнæ быдираг æмбыд
хъæмп, æви нæ.
. — «Æгæр ныфс æй ис, ма фæрæдийа, нырма æвзонг у», — ахъуыды
кодта Арсен. Лæвæрдта йæм алыгъуызон фарстытæ æмæ сын’ иста,
чи нæ йæ уырныдта, ахæм дзуаппытæ.
* * * -
Æврæгътæ арвы цъæхы чысылтæ разындысты. Мæргъты зарæгмæ
æрдз йæ та^ффынæйæ райхъал. Цалдæр халагъуды кæрæдзийы фарс-'
мæ рæнхъæи лæууынц,' сæ размæ тæгæр бæласы цæнгтыл ауыгъд цæв-
джытæ æмæ халамæрзæнтæ. Халагъудæй иуы хуылфæй ссыд уынæр,
стæй дзы разынд Сардо. Хосы муртæ йæ дарæсæй ацагъта, йæхи ай-
вæзта. Сæууон ирдгæ йын йæ рихитæ фаста. Сардо астæуæй уæлæмæ
раласта йæ дарæс, халагъуды раз сæ æрæвæрдта, стæй бацыд суадон-
мæ, цыхцырæгмæ бадардта йæ фæтæн фæсонтæ, сæууæрста йæ хъуын-
джын риу, йæ бæрзæй, райхъуыстысты йæ пыррыччытæ. Хæдоны дыс-
ты атъыста йæ цæнгтæ,. гъа ныр хæдон йæ сæрыл æркæна, афтæ джи-
хæй аззад, чысыл фалдæр иу сылгоймаг æрцауындзæг нæлгоймаджы
æфцæгыл.
«Садул æмæ Бабале», мидбыл фæхудт зæронд лæг. Уый æнæн-
хъæлæджы схуыфыд, чызг фæкаст уый ’рдæм, «сау бон мыл... Сардо»..
Сардо гуыбыр-гуыбыр халагъудмæ бахылд. Хуыфæг æй нал уагьта
а^мæ дæлгоммæ ныххуыссыд.
— Мæ куыдз дын фæлдыст, кæд мæ еныр нæ федтай, — загъта
мæстыйæ, хуыфæг æй куы суагъта, уæд æмæ фæстæмæ рахызт хзла*
пъудæй, фæлæ уым ничиуал уыд.
, — Диссаджы æмкъайæгтæ, — сдзырдта йæхимидæг.
Зикъарайы айнæджыты æрттывд цæст æвзарын райдыдта. Сардо
сыл йæ цæст ахаста, каст карст уыгæрдæнтæм, кæрдинæгтæм,
ссивинæгтæм. Синты сæр сæвæрдта йе ’ставдхилджын тымбыл къухтæ,.
сатæг уæлдæф сулæфыд æмæ худындзаст ахъазыд йæ цæсгомыл, фæлæ
йын æвиппайд æрбайсæфт,- йæ цæстытæ ссивинæгты сæрмæ ныццавта,
«Аллах, æз та æнхъæл уыдтæн, зæгъын, мæн’æй раздæр ничима"
еыстад. Алчи ссивгæ куы кæны».... Атындзыдта йæ халамæрзæнмæ..
Цалынмæ уымæл у, уæдмæ бæззы рассивынæн. Иугæр æм хур куы æр^.
бакæса, уæд хосæн йæ лыстæг згъæлгæ кæны, стæй æгæр хусæй нæ
дæр амайынæн бæззы. Сардо тигъмæ схæццæ. Йæ хъустыл ауадыстц
цæвджыты æхситт^ æмæ лæппуты епп-опп зарæг. Цалдæр æвзонг лæп-
пуйы, сæ разæй Садул, дардыл æвналынц" æмæ быныл æрбастигъынц
ба^зджын кæрдæг, уый фæфæлдæхы æмæ йæ<быи бур-буридæй аззайы,
Уг1æппуты фæнды сæ сæрдары тых бавзарын æмæ зыдæй риуыгъынц.
* . .— Зæгъ æй, изæры не ’хсæвæр цы хуыйны, — дзуры йæм сæ иу.
-~ Раййаф уал мæг ст^й дын дай уæд з^г’ьдаын^н, — ^æрдга^-кæрч
18
дын ын дзуапп радта Садул. Лæппутæ сæ куыст -фæтынгдæр кодтой,
тынгдæр базмæлыд Садул дæр, лæппутæ фæсте аззадысты.
— Сымах хуызæн хосдзæуттæн се ’хсæвæр цы хъуамæ уа? Хуырх
æмæ кæрдзын, — лæппуты фелхыскъ кодта Сардо. Æвзонг хосдзæуттæ
æрлæууыдысты, сæ астæутæ сраст кодтой.
— Нæ къухтæ къæдз кæнæм, — сдзырдта сæ иу.
— Алæ-ма уæ цæвджытæ, — баздæхт сæм зæронд лæг. Уый сæ
райста, сæ кæмттыл сын йæ къухы хистæр æнгуылдз ауагъта.
— Ай хуызæн цæвджытæ бæззынц æрмæстдæр хæмпæлтæ цæгъ-
дынæн, хуссайраг кæрдæг кæрдынæн нæ, фæлæ. Ца^гъдæнтæ рахæссут,
марадз!
Лæппутæ фæкъæмдзæстыг сты. Зæронд лæг райста цæгъдæнтæ,
хъæсдарæг зæххы æрсагъта, кæрдæгæй бадæн ацарæзта, æрбадт. Дыу-
уæ зæнгæй хъæсдарæг балхъывта æмæ цæвæгыл тъæпп-тъæпп ралæу-
уыд. *
— Ацы уыгæрдæнтæ ма нын карст фæуыдзысты? — зæронд лæджы
йæ куыстæй фæиппæрд кодта сæрдар.
— Æнæмæнгæй. Иннæ азты-иу æнæхъæн хосгæрдæны цы ныккарс-
той, уый нын ныр дыууæ къуыримæ фæцис. Аннæмæй та ацы аз хос
кæрдынмæ рацыдыстæм Атынæгæй иу къуыри раздæр. Бауырнæд дæ,
адæмы никуыуал федтон афтæ зæрдиагæй кусгæ. Кæсыс, сылгоймæгтæ
дæр æссивæнты æхсæв æддæ вæййынц.
Садул æхсызгонæй афарста Сардойы:
— Куыд дæм кæсы, ацы аз фаг холлаг сцæттæ кæндзыстæм?
— Фылдæр, — йæ рихитæ аздыхта Сардо, — æхца байуæрсты фæс-
тæ адæм æууæндын райдыдтой дæ рæстаг хъуыддагыл, тынг зæрдиагæй
^рæвнæлдтой кусынмæ.
Сæрдар уымæл кæрдæгыл æрбадт, дыууæ къахы ’хсæн зæххы цæ-
вæджы хъæд æррагъта, йæ хæцæныл ын ныххæцыд æмæ йæ куы иу-
Эрдæм азилы, куы — иннæрдæм, афтæмæй æдзынæг каст фæтæнтæм,
йæхинымæры та фæлхатт кодта’ Хетæгкаты Къостайы ныхæстæ: «Нæ
^хб^есты бæркад, цы диссаг дæ, цы..»
# * *
1
Бады Арсен Бидыры фырт йæ кабинеты. Каст, колхозтæй йæм цы
хцгъдтæ æрбацыд хосгæрсты тыххæй, уыдонмæ. Иæ зæрдæ кæм нæ
(5друхс вæййы, уым цæсгомы хуыз фæивы, къухы хилтæй стъол уæз»
зау æргьæпп кæны. Иу хатт ма сыл йæ цæст ахаста, стæй дзæнгæ-
рæджы кънопкæйыл бахæцыд. Уайтагъд дуарæй æрбахызт æвзонг
чызг.
— Джиуæрмæ ма фæдзур!
> Цалдæр минуты фæстæ Джиуæр йæ бур цæсгом дуарæй æрбадард-
та.
— Хъусын уæм, Арсен Бидыры фырт.
— Багъаты колхозæй æппын ницы бæрæг ис, хос каердынц, &щ
’ ць| аразынц? Ам мæм куы ницы бæрæггæнæц ис?
-— Æгæрдæр ма кæрдынц, фæлæ.',
. .— «Фæлæ» цы? 1 ''*!•/-'•''
— Карст зæххыл хос нæй. '*'.,„
— Уый та куыд? Кæрдæг нæ бæззы, æви?.,
— Нæ зонын, кæд сæ сæ хæдзæрттæм нæ ласьщц.
— Карст зæххыл дзы æппындæр хос нал ис?
— Кæмдæрты ма... * ,
Арсен ницыуал сдзырдта. йæ цæстытæ . Джиуæрмæ ныццавта,
каст æм Джиуæр дæр, фæлæ фæстагмæ уый йæ сæр æруагъта.
«Куыд ис уый гæнæн, хæхты хосы куыст фæдисы хуызæн у æмæ яи
ныууадздзæн йæ кæрдын, йе ссивьш æмæ хос ласын... Кæрдын еддæ-
мæ ласын кæдæм ирвæзы», >
19
* * *
Дыккаг бон, арвы кæрæттæ цъæх кæнын куы . райдыдтой, уæд
Арсен Бидыры фырт «Виллисыл» араст Багъаты комы колхозмæ. Ма-
шинæйы дуар æрдæгæй уæлæмæ уыд том æмæ сатæг уæлдæф мидæ-
мæ æфсæрста, адæймаджы зæрдæ йæ ’хцонæй улæфыд, уынгтæ рогæй-
рогдæр кодтой. Лæг йæ сæр æддæмæ радардта машинæйæ, фæхуды
мидбылты. Шофыр æй кæсæны ауыдта æмæ фергъуыйау, зæгъгæ, цæ-
уыл худы. Фæлæ хъæумæ куыд хæстæгдæр цыд,- афтæ йæ худындзаст
сæфын райдыдта- Хъæууынгты араст. Æндзæлттæйконд кæртыты фос
адджын фынæй кодтой, стæмтæ дзы сыстад, сæхи айвæзтой, чи та дзы-
йæхи стæрдта. Уынгты змæлæг нæ зынд, стæй хæдзæртты раз дæр,
зæрæдты куы нæ нымайæм, уæд.
«Æвæццæгæн, æцæг æхсæв давынц æмæ бон та улæфгæ кæнынц»,
— ахъуыды кодта Арсен. Араст уыгæрдæнты ’рдæм ног гуыргъахъ
фæндагыл. Машинæ куы иуæрдæм фæхъил вæййы, куы иннæрдæм,
фæлæ йæ уый нæ хаты, йæ цæстытæ ныццавта фæсфæдтæм, агуырдта
карст уыгæрдæнтæ. Æвиппайды йæхимидæг, бандзыгау, йæ цæстытæ
ирдæй баззадысты. Машинæ баурæдта, рахызт уæззаугай, слæууыд
æмраст. Цалдæр хатты аууæрста йæ цæстытæ. Ног фæндаджы был-
тыл хосы мæкъуылтæ рæгъ-рæгъæй лæууыдысты æгъдауыл амадæй.
Хуссарырдыгæй даргъ фæтæнтæ комдоæ бындзарыл даст, комы рæбын-
ты мæкъуыл-мæкъуылы æккой бады. «Аллах, уыдон мит æрæййæфта,
уæд сæ зæй иууылдæр ныббынæй кæндзæн», скатайаг Арсен. Уый
каст ласджытæм æмæ йæ циндзинад нал цыд йæ зæрдæйы, фæлæ кол-
хозонтæ кæм сты, ууыл сцымыдис. Араст дарддæр. Тигъæй йæм ра-
зынд трактор, уый гæрста хæххон мæр, сыджыт йæ разæй ц’ыд зæйау.
Шофыр машинæ иуварс баурæдта, тракторист æй куыд федтаид, аф-
тæ. Тузар æрлæууыд, рахызт кабинæйæ. Уазæг æм йæ къух бадардта.
. — Байрай, лæппу!
— Бузныг,—æфсæрмыгæнгæ, загъта тракторист. Уый хуызæй •
зыдта секрётары.
— Бæдæйнаг, бæдæйнаг, — раппæлыд дзы Арсен, — цыбыр рæс-
тæгмæ дын афтæ бирæ бантысдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн-
— Нæ бон цы бауа, уымæй нæ бацуарддзыстæм?
— Зæгъ-ма, Тузар, дæхицæн фос нæй?
— Ис, — лæппу фæгуырысхо.
— Æмæ сын хос кæрдын нæ хъæуы?
— Хуыцаубоны мын лæппутæ ныккарстой. Мæхи мын цæвæгмæ
æвналын дæр нæ бауагътой, ды, дам, нын æрмæст фæнда’г араз.
— Ссивгæ та?
— Ссивгæ, дæр, дам, æй нæхæдæг æркандзыстæм.
— Колхозонтæ кæм сты ныртæккæ?
— Стыр комы, цом мæнæ сæм тигъæй акæсæм, фæндаг уырдæм
аразын. . - . *
Стыр ком. Тигъæй йæм Арсен каст, сæрсæфæнмæ кæсæгау. Арф
адгуытæ хæмпæлты бын фесты. Бæрзонд былæй, тад æвзистау* æх- .
срердзæн йæхи* æппæрста. Айнæгыл кæм æмбæлы, уым фæйнæрдæм
схъиудтой йæ урс пырхæнтæ. Комы бæрзонд бынæттæй’ Арсенмæ
-хъуыст цæвджыты ’хситт æмæ дауæнты хъæр. Иу&й-иутæ дзы цагъ’
той са цæвджытæ, карст зæхх уисæй уисы ’хсæн бур-буридæй зын’д,
Бынæй комы рæбын цатыртæ рæгъ-рæгъæй лæууыдысты. Арсен ауыр?
дыг иунæгæй, хатт æй къахы бын сапп фæсайы æмæ размæ ахауы,
куы та фæбыры æмæ уæлгоммæ сæмбæлы зæххыл, фæлæ уæддæр цæ?
уы. Бахæццæ хосдзæуттæм. Зæрдæбын салам сын радта. ^Уыдон сæ
кæрдын ныууагътой æмæ уазæджы алыварс атымбыл сты.
^-Дæ хуыцауьь тыххæй, цы дæ схаста ацы дзæгъæл .коммæ? —
дисгæнгæ, афарста.Сардо.
— Æрфæндыд мæн дæр хос кæрдын, — адджьщ мидбылхудгæйæ,
дзуапц радта Арсен- Хосдзæуттæй алкæмæн дæр райста йæ.къух,
20
— Кæрдгае бирæ ныккодтат, кæрдæг д&р зад у, фæлæ сæ ласгæ
кæуылты хъуамæ акæнат, ам æз фæндаг куы нæ уынын, — фæйнæ-
рдæм акаст Арсен.
— Кæд нæ Тузары хорзæх уа, уæд фæндаг арæзт- фæуыдзæн, —
сдзырдта Сардо, — кæннæуæд ком митæй куы байдзаг уа, уæд сæ
митвæндагыл аласдзыстæм, сау къахыл дзы ласæн нæй.
Арсен ныхъхъус, йæзæрдыл æрбалæууыд Джиуæры ныхас æмæ
йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта.
— Садул уæ нæ абæрæг кæны? — Арсен йæхæдæг дæр нæ фæха-
’гыдта, уыцы фарст дзы куыд сирвæзт, уый.
— Уый дæр ам вæййы, фæлæ йæм сæрвыстой, районæй, дам, дæ
агурынц, æвæццæгæн, æй ды агуырдтай æмæ фæиппæрд стут, —
сдзырдта Сардо.
— Нæ, æз æй нæ агуырдтон. — Арсен цыдæр фæгуырысхо. Хос-
дзæуттæ Арсены фарстыты æмæ хъæстыты бын фæкодтой: «Цæй уæл-
дай фос у? Цæмæн нын исынц нæ фос? Кусæм колхозы æмæ дзы ницы
райсæм афæдзæй-афæдзмæ, лæвар нæ цæмæн кусын кæнут? Цæмæй
цæрæм?» Чидæртæ дзы скодтой Джиуæры уагахасты кой, райхъуыст
се ’хсæнæй æртхъирæнтæ. Секретарь рахатыдта адæмы фыдæхдзинад
районы къухдариуæггæнджытæм, сæ уавæртæй райгонд кæй нæ уы-
дыстьг, уый æмæ сын фæстаг хатт загъта:
— Хæхбæсты нæ царды суадон у фос, фос та уыдзæн æрмæстдæр
уæд, кæд æмæ уыдонæн фаг хос æркæрдæм. Нæ дæр хæдзарон, нæ дæр
колхозон фосæй ма хъуамæ фæхъæуа иунæг сæныччы хъус дæр. Уæ
зæрдæ радтут куыстмæ. Уынын, цас уын бантыст, уый. Æхсызгон мын
у. Цæмæйдæриддæр нын гæнæн уа уæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæ-
нынæн, фæстæмæ дзЫ ницæуыл фæхæцдзыстæм, æппæт. дæр уыдзæн
сымах пайдайæн.
Адæмы ’хсæнæй райхъуыст арфæйы ныхæстæ, сæ сæртæ разыйы
тылд бакодтой.
Арсен цæвæг райста, йæ хъæдыл ын æрхæцыд, кæрдæгыл æй æр-
уагъта арæхстгай æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма йæхæдæг æрбалыгъд,
цалдæр хатты йын сыджыты фæсагъд, йæ ком ын бынмæ æгæр æры-
здæхта æмæ нæудзарм æд сыджыт æрбастыгъта, фæцъулатæ æмæ-иу
кæрдæджы уæлæ æрбалыгъд; нал ын коммæ каст, тыхархайд райдыд-
та, йæ хид акалд. Фæстагмæ йæ алыварсуæвджытæй æфсæрмы рай-
дыдта. Горæты хъомылгонд лæппу, фыццаг хатт йæ къухмæ цæвæг чи
райста, уый тыххæйты иу уис кæронмæ ныххаста. Цæвæг дауын ’рай-
дыдта, фæлæ йын æссон фæбыры.
— Арсен Бидыры фырт, цæвæджы ком кæрдæджытæй асæрф, —
сабыр æм бадзырдта Сардо-
Арсен фефсæрм: «Хъæууон адæмимæ у мæ куыст æмæ, сау куыст
циу, уый нæ. зонын. Æз куыд хъуамæ бамбарон саукусæг лæджы рис»,
— дзырдта химидæг. Цалдæр уисы ма æрхаста, фæлæ йæ бæрзæй ста-
сын кæнын йæ бон нал уыд, цонджы хъултæ’йæ коммæ нал кастысты.
Хосдзæуттæ йæ аходæн хæрынмæ семæ акодтой æмæ^йæм сыкъа куы
радтой, уæд æй йæ къух нал урæдта, афтæ тынг ын рыст æвæлтæрдæй.
Иннæтæм-иу аивæй бакаст, зæгъгæ, уыдоц дæр афтæ æвзæр хатынц
сæхи, фæлæ дзы иуæн дæр йæ цæсгом фæлладгъуыз не ’вдыста æмæ
цыма адæмы раз исты зылын у, йæхи афтæ хатыд.
Карствæдыл бындзæфхæдтæ Арсены ’къæхты бын зынæй тасы-
дысты, цыд сыл, æвгъау сын кодта. Хатт уис ’сфæлдахы æмæ æхсыр-
джын кæрдæгмæ лыстæг ныккæсы «æвидигæ бæркад», сдзуры хими-
дæг. * -
* * *
Багъаты колхозы бухгалтер стъолы уæлæ равæрдта документты
чингуытæ.^ Ревизор дзы иу райста æмæ йын нæ’сыфтæ арæхстгай фæл-
дахын раидыдта. Хатт дзы иуранмæ йæ цæстытæ ныццæвы, нымайæ-
21
йЫл аракъæрцц-бакъæ})цц кæны, цыдзер нымæцтæ гæххæтгтыл афыссы.
Бухгалтер йæхи раст кæныныл схæцы, фæлæ ревизор ноджы спыхс
вæййы,\схыл вæййынц. Садул лæууыд рудзынггæрон, йæ æрттæ йæ
дæлармы бакæнгæйæ, йæ бинаг был дæндæгтæй сæлхъивы, сцæйдзу-
ры, фæлæ та йæхи ныууромы. Фæстаг хатт нал фæлæууыд:
— Дæ хорзæхæй, еныр нæ ревизимæ æвдæлы. Хосгæрдæн махмæ
фæдисы хуызæн у, ды та нæ хъыгдарыс. • <
— Хосгæрдæн у æви хуымгæрдæн, уый мæ хъуыддаг нæу. Мæн
рарвыстой райкомæй æмæ æххæст кæнын мæ хæс, — загъта уый, йæ
бардзырды гæххæтт стилгæ, æмæ тымбыл къухæй стъол æртъæпп
кодта.
. — Цал бонмæ хъуамæ фæуай ревизи?
— Дæс боны æмгъуыдмæ.
— Æппын ницы, хос кæрдыны рæстæг дæр æндæр нал у. Дæу ба-
хъæудзæн фермæгæс, хынцæг, бригадиртæ. Банымай, ма, уыдон цал
боны ныкъкъуылымпы уыдзысты, цас зиан ратдзысты хосгæрстæн.
— Уый мæ хъуыддаг нæу.
— Ахæм митæ кæй кодтат, быдыры-колхозтæй æмбыд хъæмп дæр
уымæн ластат æмæ’фос уымæн скъуыдысты. \
— Еныр ма афтæ куы быцæу кæнай, уæд ныртæккæ телефоны фæ-
дзурдзынæн партийы райкоммæ,..
— Нæ дæ’ хъæуы дзурын, .партийы райкомæй ам сты. — Къæсæ-
рыл æрбалæууыд Арсен. Ревизор фестад, уырдыг слæууыд.
— Цы хабар у? — цæхгæр афарста Арсен.
— Мах нæ къухтæм æмхасæнтæ кæнæм хосдзæутты тыххæй, адон
та нæ къуылымпы кæнынц.
— Чи дæ рарвыста? — Арсен баздæхт ревизормæ.
— Джиуæр, — цыбыр дзуапп радта уый, йæ бары гæххæтт Арсен-
мæ бадардта. Уымæн йæ цæстытæ адынджыр сты, йæ буар æй сæ-
лхысчъытæ кодта, бардзырды .бын йæ къухфыст хъулæттæй куы
ауыдта, уæд.
— Ацы гæххæтт мæнмæ уадз, дæхæдæг фæстæмæ цæугæ дæ куыст-
мæ. Уый йæ гæххæттытæ йæ портфелы авæрдта æмæ фæцæуæг. Садул
йæ мидбыл фæхудт.
— Уæ суарæй уын æппæлынц, куы йæ фениккам, — сдзырдта Ар-
сен, цыма æппындæр ницæуыл бамæсты. Бухгалтер уайтагъд ведра
райста æмæ суармæ фæраст. Арсен къанторайы къуымты йæ цæст ,
ахаста. Дуармæ рахызт- Фæзуатыл азылд, стæй баздæхт фæстæмæ,
сæрдармæ фæхудт.
— Ревизорæй тынг фæтарстæ? -^
— Тæрсгæ ницæмæй фæкодтон, фæлæ мын хъыг уыдис, нырма æх-
сæз мæйы йеддæмæ нæма кусæм нæ бухгалтеримæ æмæ колхоз ныхъ-
хъуыргæ акодт’ам? Ныртæккæ махæн иу хосдзауы куыст иу стуры
аргъ у.
— Æз еныр Стыркомæй цæуын. — Садул фестъæлфыд, йæ цæсты-
тæ атыбар-тыбур кодта.
— Æхсызгон мын уыд уе ’нтыст, тынг æхсызгон, фæлæ уыцы ко-
мы фæндаг æнæмæнг саразын хъæуы. Уым цы кæрдæг федтон, уый дæ
колхозы фос нæ, иу ахæмы фаг дæр ма у, æрмæст æй кæрдын хъæуы.
— Еныр мæм цы цæвæджджынтæ ис, уыдонæн уыцБ1 зæхх хъуа-
мæ карст фæуа дæс бонмæ. Уæд нын ахицæн уыдзæн фондз мин мæ-
къуылы. Мах æдæппæт хæдзарон фосимæ хъæуы цыппар мин авд
сæдæ мæкъуылы. Æрмæст* мæкъуылы аргъмæ ’цы лæвæрдтам, уымæй
йæ хъуамæ фæфылдæр кæнæм. Æмбыд хъæмпыл цы лæвæрдтой, уы-
мæн -йе ’мбис уæддæр хъуамæ радтæм цъæх хосыл.
— Æз разы дæн. Колхозонтæн саразын хъæуы æмбæлон уавæр-
тæ. Кусæг лæг йæ мызд куы иса, уæд æхсæв дæр не ’схуысдзæн. Стæй
æндæр рæттæм дæр нал лидздзысты. — Уый чысыл фæлæууыд йæ дзу-
рь!нæй, къæхты бынæй ныуулæфыд, — сæрвитдзынæн дæм фæндæгты
арæзтады техник. Сбардзæн ног арæзт фæндаг, аразинаг ма чи у, уый
дæр, æмæ, районæн цы æхца лæвæрд æрцыд фæндæгты аразыны тых-
хæй, уыдон уал дæ колхозæн ратдзыстæм.
— Гъе> уый хъуыддаг у, гъе, — сæрдары зæрдæ ныррухс, цыма
йыл сæууон хуры тынтæ сæмбæлдысты-
— Фæстæдæр уæ къанторайы агъуыст фæхуыздæр хъæуы* сараз
клуб, — сабыр дзырдта Арсен. Лæпиуйы зæрдæ фырцинæй риуы нал
цыдис, цыма æнæхъæн дунейы хицау уый бацис. Иæ цæстыты раз фев-,
зæрдысты ног клуб, ног къанторæйы агъуыст. Трибунæйыл ралæууыд,
адæм ын æмдзæгъд кæнынц, дзуры сын: «куысты бонмæ ахицæн фондз
сомы æхца, байуæрстам кæрчытæ, хъыбылтæ, бынтон аслам аргъыл
дзидза. Колхозонтæ аразынц хорз бæрæгбон. Сытынг хъазт. Садулы
хъусты ныййазæлыд ирон фæндыры æхцон мелоди.*.» Садул сулæфыд,
йæ сæнттæй æрчъицыдта, мидбылхудгæ, бакаст Арсенмæ...
Цалынмæ Арсен районмæ цыд, уæдмæ ревизор Джиуæры хæдзары
раз балæууыд. Æнамонд хабархæссæг æм фæци. Уый фырадæргæй
ницыуал базыдта, æрмæст ма сфæрæзта фæрсын.
— Мæ кой исть! скодтай?
— Уæдæ. Комкоммæ йын загътон: «Джиуæр мæ рарвыста». Бар-
дзырды гæххæтт айста-
Уый фæстæмæ ауагъта йæхи, йæ цæсгом ацъæх, хуыссæнтыл æй
авæрдтой, фæлæ...
Тагъд æххуысы машинæ æрбамидæг. Гъай-гъай... Уыцы бон та йын
Арсен Бидыры фырт... фæлæ йыы куы фехъусын кодтой, инфаркт æй
ныццавта, зæгъгæ, уæд амæсты æмæ дæндæгты ’хсæнæй райхъуыст:
— Ахæмты, хи бахъахъхъæныны тыххæй, инфаркт тагъд ацахсы,
цæмæй ма сæ бынæтты ном хæссой, фæлæ æгъгъæд!
* * * •
Стыркомы_ уыгæрдæнтæ цъуппгæрæттæй карст фесты. Карствæд
бур-буридæй зынд. Комрæбын æфтауцдон фестад. Мæкъуылæй-мæ- •
къуылы ’хсæнты ахизæн нæ уыд. Дæлиау ма комæй хъуыст хъæлæба.
Уым хосгæрдджытæ нытты’мбыл .сты фæстаг мæкъуылыл, алчи’ йæм
скъæфта тъыфыл, алкæйы дæр фæндыд, фæстаг мæкъуылыл йæ æрм-
дзæф куы разындаид, уый. Мæкъуылы сæр лæууыд Сардо. Уый тагъд-
тагъд иста тъыфылтæ, арæхстгай сæ æрнæмы йæ къæхты бын, арха-
йы йæ халамæрзæнæй. Хатт тъыфылты бын фæвæййы, æмæ зæрæдтæ
стыхсынц, зæгъгæ, рахаудзæн. Уый та, цыма мæкъуылы цъуппыл нæ,
фæлæ зæххыл лæууы, уый архайд кæны-. Мæкъуылæн æрсæрфы йæ
фæрстæ, бахойы йæ халамæрзæнæй, йæ уд, йæ дзæцц — цыппæрди-
гъон амайын.
— Дзыхбæндæн! — æрдзырдта Сардо мæкъуылы сæрæй. Æвип-
пайды йæм æй слæвæрдтой, сластой йæ мæхъийы цонджы, нылвæстой
•йæ.
— Иæ худ!.. Фæрсбæндæн!
Сæлвæстой йæ фæрсæрдæм дæр. Раст слæууыд мæкъуылы сæрыл
æмæ хъæрæй загъта: «5012 мæкъуылы! План уæлдайджынтæй æмæ æм-
гъуыдæй раздæр!»
Дардæй æрбайхъуыст тракторы хъомысджын хъæр. Адæм фæкас-
тысты уыцы ’рдæм. Æрæджиау уæлвæзæй ’рбазынд йæхæдæг дæр.
Адæм ныуура кодтой, • сæ худтæ-фырцинæй хæрдмæ æхстой. Æрдзы
хъæбыс ризæгау кодта адæмы хъæр-хъæлæбайæ. Тузар йæ трактор
баурæдта æмæ разгъордта адæммæ. Сардо æрхызт мæкъуылы сæрæй.
Тузар сæм куы ’рбахæццæ, уæд æм февнæлдтой цалдæрæй æмæ йæ
уæлдæфмæ сæппар-сæппар кодтой.
— Хорз адæм! — анæрыд Сардойы бæзджын хъæлæс, — абон у
23
мах&н стыр бæрæгбон, сæххæст. уæлдайджынтæй нæ хосæ^карсТьГ
план, фæндаг дæр тагъд рæстæджы арæзт кæй фæуыдзæн æмæ Туза-
ры руаджы нæ мæкъуылтæ бынатмæ кæй • нылласдзыстæм, уый >гуы-
рысхойаг никæмæнуал у. Гъеныр ма нæм иу хъуыддаг æгæр ныддаргъ
йс æмæ ма уый дæр та афоныл арæзт куы ’рцæуид, уæд махæй хуыз^
дæр а-комбæсты ничйуал уайд, .
Адæм базмæлыдысты, нымдзаст сты Сардомæ.
— Цинаг цинæй фидауы æмæнæ каст сымахмæ у, Садул йемае
Ёабалё.
Бабале фæёырх, чызджыты ’хсйен йаё сæр фæцав^а, ёæ аууон ам-
бШхс^
. — ЧындЗæхсæв, чындЗаёхеæв! — ура æмæ къухæмдЗæгъД - бййу
с!ъь
Чызджы^æй к&йдйер къухы февзæрд фæндыр, Тузар йыццæлхъ
кодта. «Уарзæтты зарæг», фæсйвæд æй айстой æмæ сэё ных сарæЗтой
Б&хъаты хъæум&^
1980 аз.
ХЪОДАЛАТЫ ГЁРСАН
КУЫРЫХОН
Поэмæ,- кæрон*
Уæвгæ, сæ бон ныккалой Нартæ,
Къæсæрæй чи уарзта бæрзонд.
Кæмæн уыдис æгæрон бартæ,
Цереччы згъæрæй чи уыд конд!..
Æдзух—фæдисæввонг, сæ хæтæн
Быдыртыл не ’ххæссыди цæст,
Æлвæстастæу æмæ гуырфæтæн,
Сæ къæхты бын—фыдгултæ ссæст.
...Æрыздæхтысты дард стæрæй,
Фæстох куыд сыл фидауы, куыд!
/Емцинджын—’ хисдæрæй, кæсдæрæй,
Рæдау ныззылдтой дардыл куывд.
Пæлхъ-пæлхъæй цæдджинаг æхсиды,
Къуыдыртæй фыдызгъæл фыцы.
Уырызмæг гаджидаутæ сиды,
Сатача къæбицæй хынцы.
Бæгуыдæр, гасхæдзар ыссардтой,
Сæ фæринкæй—сæ зæрдæ рухс.
Рæгъау—æнæнымæц—æртардтой;
Сæ хæзнатæ дæр не сты цъус.
Цыма ныхыл фысджытæ систы,
Гъе, ’нусмæ с’адзалæй — ирвæзт, —
Æвдисынц сау диссæгтæ симды,
Уæладзыг кафт... æнкъуысы фæз.
Æваст Сослан ныззылди, цъилау,
Хæрдмæ, дзæбидырау, фæхауд,
Æхсидгæ-цæдджинаджы чъилыл
Æмуырдыг^ачæууыд—æрсаг^д. -
Фæтæнком хъаматæ—йæ къухы,, .
Кæны сæ дяуарæвæрд уысммæ.
И’ астæу зпьæрхæдсшы здухы,
Р1æ цонг ыотавддæр у, кæс-ма!
Райдиан кæс журнал «Фидиуæг»* 1982 азы III номыры.
Иæ уæхсчытыл цæхæртæ згъаёлЫ,
Болатком хъаматы дзæхст-дзæхст.
Цереччы номхæссæны згъæрæй
Сæрæй къæхты бынмæ,—зынгдзæст.
Нæхи мæгуыр 'Сырдон дæр ам ис,
Ивазы фæндыры тæгтæ.
Ды йын дæ мæрдты хор дæр радтйс,
Кæд хорз нывгæнæг дæ, лæг дæ.
Ифтонг—æппæтфæлгъауæг зондæй,
Æцæс... йæ сау хинтæй сæйы.
Куы нартæм ракæсы бæрзондæй,
Куы та сæ фатхъултæм вæййы.
Ацæмæз сифт’ыгъта йæ уадындз,
Æппæт дæр, алчи дæр фæджих.
Æхцон зæлтæй рæгъытæ уадзы,
Дыккаджы— булæмæргъы сих.
Уыдзæн ныртæккæ фат—æрдынæй
Нысан’мæ ’хсынæй дæр быцæу. ,
Æгъдау тæргæ бæхыл бадынæй
Æгъатыр бавзардзæни дæу.
’Æмæ сæм алцæмæ цы монц и,
Фырвæндонæй ысуадзынц арт.
Цыдæр æнæзæххон эмоцй
Сæ туджы равдыста йæ бар. ,
Ныр ацы аивады иу уынд
Мæрдтæй дæр раздахид лæджы.
Къуылыхæй ферох уаид чиуын,
Ыскæнид саугуырмы цæстджын.
Фæнды дæ тох æмæ цæрын дæр, —
Мæ уд сæм хъусын’ыл фæци.
Æви уæлахизæй цырындæр
Зæххыл нæма фæзынди цин?
Æз сæм мæ зæрдæйы цæстытæй
Æнусты фалемæ кæсын.
Æмæ мæ зæрдæйы дзæхстытæй
Куыддæр мæх’имидæг тæрсын.
Æниу æзæрын цæхх мæ мастыл, .
Нæхи куыд нæма зонæм, куыд!
Кæмæн уыди фыдæлтæ уастыр,—
Куыднæ уа амондæй рæвдыд?!
Куыднæ уон буц æмæ сæрыстыр,
Куыднæ уон ивгъуыдæй æнхъæл!?
Æмæ фæтых ис цин мæ рыстыл,
Фæзынд мæ цæсты бын уымæл.
Æмæ мæ рæсугъддæр фæйдагыл
Мæ зынмæ сарæзтон мæ ных.
Æмæ мæ уæрæхдæр кæттагыл
Æвзарын м’ ахорæнты тых.
Кæдæппын рахйзйккои ардæМ,—
(Кæннод æмбæхстысты ныронг...)
Æмæ сæ дард фæдонтæ Нартæн
Сæ куывды баназиккой ронг.
Нæртон лæг райгуырд цыма тохæн,—
Зæрдæйæ, хотыхæй — цæхæр: *
Йæ зонд, йæ ныфс æмæ йæ тыхæн
Зæххыл нæма фенди æмсæр.
Сæ кады ирд арвы бæрзæндтæм
/Ервонты фæздæг калд æрмæст.
Хуыцæуттæ, дауджытæ ’мæ зæдтæм .
Сæ дæндæгтæй цы хид лæдæрст!
Уæларвонтæ фæдзæхстой карзæй:
Æнцад, уæ кæвдæс зонут, Нарт!
Уæ хъаруйæ, уæ хæцæнгарзæц
Уæхицæн ахуысдзæни у’ арт!
Фæлæ ^уыппырсæртæм æртхъирæн
Фæкаст лыст æхсынчъы хæцын.
Уæ хуызæн баст куыйтæ ныл бирæ
Фæрæйдтой рагæй, фæлæ цы?!
Æмæ цы хæрам-вулкан сæвзæрд
Уæд хивæнд нартæй зæдты ’хсæн,—
Ыстыдта иубон, уавæр сæвзæр,—
Кæрæдзи райдыдтой æхсын.
Сырхзынг мыдзыратæ ыскъæры
Йæ сау, мылазон мигътæй арв.
Æваст, цæхæр калгæ, ныннæры,
Æмæ ныхъхъæрзы сау зæхх тарф.
Æнæрцæф нартыл сау туг уары,
Фæлæ æвæсмон у сæ тох.
Батрадз йæ цыргъ фат арвмæ дары,—
Æндыгъд, хъандзалæлвæст, лæг-хох.
Уый зæххæй арвы ’хсæн ныффидар.
Æрвонтæ— базырсаст, кæлынц,
Йæ ныхмæ дзы нæ лæууы иу дæр,
Йæ къæхты бын, хъæрзгæ, мæлынц.
Гъей, гъей, мæ дард фыдæлтæ—Нартæ,
Бындурзылдæй уын тас у тынг,
Фæлæ уæ хæтæнтæ, уæ бартæм
Иæ ныфс нæ бахæсдзæни зынг.
Æз дæн уæ хъуыдыимæ разы,
Уæ сæр-иу ма ’руадзут ныллæг.
Мæнмæ рæстдзинады тæразыл
Зæдæй уæзгæдæр зыны лæг.
Мæ ныв фæуынхъус у. Иæ фонæй
Фæсусзæл хъарæг ахсы хъус.
Хæрый мæхй æз дæр фаесмонæй,
Мæ уд ныммæцъæл и, ныссус.
Нæ хъуыдис, чизоны ’мæ, нартæ,
Æдзух тыхы фæдыл цæуын.
Нæ кæлид абон сау дон у’ артыл,—
Æз дæр уæ хъысмæтыл кæуын.
Фæлае мæ кабттагыл æнусмæ
Сьщахæн не ’рцæудзæн кæрон. .
Уæ ныфс, уæ лæджыхъæды рухсмаё
Йæ фæндаг ардзæнис йрон>
Æмæ нæу афтæ зæгъын диссаг,
Нæртон кадæджы у бæрæг.
Хуыцау нæ уыд лæджы фæлдисæг, -
Хуыцауы рафæлдыста лæг.
* * *
Æмæ та м’ахорæнтæ—зиуы,
Сæ уд дæр нал кæнынц æвгъау.
Нывæндын кæттаджы тыгъд риукл
Æнахуыр саудиссаджы ’гъдау.
Æрцыд мæм, раргом мæм ис мифтæй,
Æрцыд мæм—хорз у æви ’взæр—
Фыдæлтæй, рагзаманы скифтæй,
Алантæй... Ивддарæс, лæзæрд...
Йæ мидгъуыз равдыста мæ разы
Ирон зæрдæриссæн уæлмæрд.
Ам сау зæхх сахуыри фæразын,
, Æмхалдих—хъарæг æмæ ’рвнæрд.
йæ цардæй балц кæны фæдисон,
Æнæрцæф сау сынтыл хъæцы.,
Йæ уæлхъус—буц зæронд—фæлдисæг,
Æфсургъы идоныл хæцы.
Кæсы мæм аргъауау æгасæй,
Мæ Ирмæ фиппайын æз дæр
-Æмæ нæ мацд вæййы нæ гасæй
Нæ цæсты кадджындæр, хуыздæр.
Æниу куыд хынцон уый хъыгагыл:
Мæлæт æрæййæфта лæджы,
Уæд уый йæ сыгъдыйы ф<рндагыл
Куы скæнай буц æмæ цытджын?
Йæ кад нæ бæрзонд кæнын хистæн,
Фæлæ хуыздæр амал кæм ис?
Лæг карчы цъиу куынæ у исты,—
Йæ фæхъуыд хъуамæ ’фтауа рис...
Лæг иугæр нал зоны тæригъæд,
Хъыгыл — хъыг кæнын, циныл — цин, —
йæ туджы ихуазал нырривæд,"
^Уæд дуртæн фидиссаг фæци.
Æмæ фæрнджын зæронд щæг кувы,
Къуырфхауд цæстыты бынтæ — сур.
• Лæууы сæрыстыр бæх — æнувыд,
Цыма у Уастырджийы ’фсургъ!..
Цыдæр уæззау сагъæсы ахæст
Мæ зæрдæ барвæндæй фæцис.
Цыма мылазон мигъты балæст
Сæууон хур, баргъæвсти, ныцъцъист.
Лæг иугæр рантыстис цæрынмæ,—
Рæдув дæ развæндагæй сындз.
Æфсины хорз æфснайд чырынау
. Мæнмæ нæ уаз хæхтæ кæсынц.
л Сæ хуылфы, се ’нусон фæдджиты
Цынæ дзаджджын хæзна и ’мбæхст!
Миййаг,мæ уд сæ мæтæй джиты,
Нæ къух куынæ сыл фæуа хæст.
Æз хъусын: «Дзыллæйы хæс бафид,
Иæ арты баппар ын къæцæл.»
Мæнæн нæ ,хæхты "этнографи —
Мæ хуыздæр амонд,ы мадзал.
Уæвгæ, куыд фидар уыдис <Ирмæ
Æнусты тугисыны гъдау.
Æгас мыггаджы ’рывæр милмæ,
Æмæ даем ма кæсæд æвгъау!
Дæ риуы хæсс хъæбæр фыд-зæрдæ,
Дæ топпы та — ифтыгъдæй гилдз,
Кæннод дыл" сау ингæнæй мæрдтæ
Кæл-кæлæй худынц, дард сæ лидз!..
Кæннод дыл худинаджы зарæг
Нывæнды .мад, æгас дзыллæ.
Æмæ кæны дæ фæндаг нарæг,
Дæ кад — мыдул кæрдæг, ныллæг/
Ныйарæг авдæнмæ йæ фыртæн
Фæдзæхста: >«Байрæз мын, хъæбул,
Æмæ рæхджы дæ мæгуыр фыдæн -
Йæ сау хъамайæ райс йæ туг».
Æмæ-иу ,.уый дæр рæзт, фæндонау,
Æхсæв — уыдисны, бон’— уылынг.
Æмæ та сбæл’ццон у фыдбонæн,
’Дæ фæнд æрцæуæд иу бон лыг:
Куы .аирвæза зæххы скъуыды,
. Уæддæр ( мæм ахæм хъару ис:
Мæрдтæм ныдздзурдзынæн мæ фыдмæ:
Æрцыди де ’назым туг ист!..
Æрмæст ма сау сынтыты уасын,
Æрмæст ма сау кæрдæн, цæссыг^
Æрмæст ма сидзæрты дзыназын,
Æрмæст ма, ,артуадзæг маесь^Г^. -«
Кæсы мæм афтæ, цыма ацы
Ныв ын .ыскæндзæнис кæрон.
Æмæ тындзын... Фæлæ ’фыд уацæй
Нæу размæ аккуырсын мæ бон.
Лæгмар, хæрамзæрдæгуырд, хъус-ма,
Æрхау дæ зонгуытыл, æрлæу
Æмæ йæ уаз æхсырæй буц мад
Чысыл фæхъуыртхъом кæна дæу.
Гъей, гъей, куыд зынæй тасы зæрдæ,
Æзнæт Теркау куыд хъызы туг.
Фæлæ тæрхоны урссæр лæгтæн
Сæ фæнд у конд...Уый домы дуг...
Æмæ зйанджыны хæдзары
Æнахуыр сау диссаг цæуы.
Хур ердойæ зынг цæст æрдары,
Мæрдты та ’наххос мард ’кæуы...
Æмæ мæ тыгъд кæттагыл æйттæй
Цъылынæг контуртыл хæссын.
Æгъатыр сойын ахорæнтæй
Æрхуымæй туджы фæд æхсын...
Кæд уый нæ фæстагæттæн исты
Фæуа сæ царды мидæг хос,
Уæд-иу* ныщдалхъ ласут мæ хисты, -~
Мæрдтыбæсты цæрдзынæн хорз.
* * *
Фыдæлтæй хорз æгъдæуттае ба§зад? *
Æнæфыст кодекстæ—хуындзау.
Мæлдзыгæн йе ’намодцæй бдзад
Тæхынмæ базыртæ, бындзау.
Ис зæхх æнус-æнус уæлгоммæ.
Уæхскуæзæй кус, дæ’хид ыл кал.
Нæ кæсыс зивæгæн йæ коммæ’, —
Цæрыиæн ардзынæ амал.
Куыд хъуамæ радава кæйдæр фос, ^х
Куы мæла стонгæй лæг, уæддæр? ’
Лæгæн йæ амонды уæлдæр хос —
Æгадмæ макуы ’руадз дæ сæр.
Кæд уыд лæджы номаккаг хахуыр, .
Куыд кæныс раст хъуыддаг хæццæ?!
Мæгуыр ыслæуудис йæ къахыл, —
Ысхъæзныг урс низæй дæ цæст.
Уый — сау дисеаг: зæххы габазыл
Дæ хорз æрвадмæ райс дæ кард.
р1æ удыхайы ’р&æгхъарм базыл
Фынæйæ фенæд дæу æмгар!
Рæстудыл, калмау, атыхст фидис
Æмæ йыл аныгуылдис хур,
Кæннод та ;йыл ысхæцыд- фыдниз,
йæ зæрдæ сау мастæй ныддур,
Æвзонг кæлæнгæнæг рæсугъд чызг —
Дыккаджы мадымайрæм, зæд.
Иæ уарзтæй саг лæппутæ судзынц,
Æвгъау сæ чи кæны . ирæд?
Куыддæр æм баххæссыд гуымир гуырд,
Тæссагдæр ма ’фыдмийæ ц’ и?!
Ныххæлиу сау худинаг ирыл, —
Фæндырты цæгъдинаг фæци.
Мæнгардæн чи дæдты мыд-гуылтæ,
Фæлтау нывзалы уæд йæ зынг!
О, цал хатты Иры уæзгутыл*
Ныккалди хи дурæй мæсыг!'..
...Æз дæн фæлмæнзæрдæ, лæгуарзон,
Хæрамы ’рхъис мæ туджы нæй.
Æмæ кæд искæй карз хъыг райсон, —
Уым ницы ’взардзынæн зынæй.
Мæ хъуыды — растæвзар тæразыл.
Æмæ, Хуыдзæппарæн къæдзæх,
Лæууын æз худистæй дæ разы,
Мæ къæхты бын нæ судзы зæхх.
Цыкарздæр ахорæнтыл , сагъæс
Æнæдзургæйæ домы мæн.
Рæстаг тæрхон хæссын — уæззау хæс,
Фæлæ йæ табугæнæг дæн_
Тæссаг сæрсæфæн æз нывæндын,
Айдагъ йæ бакаст дæр — фыдуаг.
Ирон уæздан æфсарм, дывæндæн
Æз уырдæм нал дæттын фæндаг. >
Æллах, куыд æвирхъау у, уастæн!
Хъæрахст... Фæцыд, кæс-ма, сæ хуыз.
Йæ цъуппæй къæхтæ, къухтæ бастæй
Æрцæудзæн иунæг ’уысммæ схуыст
Уæйгæнæг — саузæрдæ, бызычъи,
Ысчъизи, дзабырау. йæ худ.
Кæнынц ыл æххытæ, былысчъил,
Уæд чи ’та: «Тугтæригъæд у».
Æвирхъау, растæвзар тæрхоныл
Нæ дæн æххæст разы æз дæр.
Æниу фыдвæды бæсты хЬнын
Æвæд æз авд хатты хуыздæр.
Мæнгард, паддзахады % дзыпкъахтæ,
Къахбæйттæ, алгъуызон куыйтæ
Нырма уынæм тынг бирæ мах дæр,
Æмæ цы сты айдагъ,. кæйттæ?.
Бæрзонд, Куыдзæппарæн къæдзæхтæй
Куынæ бада сæ уонджы мигъ,
Кæрдзын хæрдзыстæм уæд æдзæххæй,
Нæ хуымтыл уардзаенид фыди^,
Æмæ, мæ дард кæсдæр, мæ. нывæн
~Йæ хъысмæт кæн дæхæдæг лыг.
Мыййаг кæд иунæг у мæ дывæнд,
Уæд зæххæй ма сзынæд уылынг!
Мæ зæрдæ, карды цæфау, риссы,
Æнцонæй нал фæци .хъæстæ.
Мæ къухы кист æдзæмæй ризы,
Нæ комы кæттагмæ хæстæг.
Кæны цъæхтæ-буртæ мæ разы ’
Мæ сойын ахорæнты ’рттывд.
Мæ цæст зæгъын-фыссын нæ уарзы
Æвирхъау дудгæбойнаг фыд.
Фæлæ æбуалгъы фыд хабар
Фыссын кæттаг-сыфыл уæддæр.
Иры хъысмæтыл-иу æй абар
Æгасæй, сомбоны кæсдæр!
"’Æмæ-иу де ’мирон дзыллæтыл
Дзæбæх уынгæгхъуырæй фæку.
Нæ уыдтой ирд хуры цыллæ тын;
Кæд сын уый абон дæр фæтк у?
Хуыцаумæ иу хатт дæр нæ.фехъуыст
.Сæ куывд, сæ лæгъстиаджы хъæр.
Ныр дæр та... Урс ыиты зæй фенкъуыст,
Æрхаста . сау бонты фыддæр.
Ызмæлы митхъæпæн-рæдзæгъдтыл
Мæрддзыгой рацæугæ фæдис.
Зæронд лæг хъисфæндыр æрцæгъды, —
Æгас хъæу ’миты бын фæцис
. Æд цин, æд бæллицтæ, æд хъыгтæ,
Æд фос, æд фæллой æмæ ис.
Бындзыггай тонынц сæрыхъуынтæ, ,
Зæхх сын нæ уромы сæ ~рис.
Уырзæй, фиййагæй арф мит къахьгнц;
Цъæх уазал ыстдл^ытæм бырсы.
Сæ тæрттæ арвы ’рдæм ыздахынц,
Сæ марой алырдæм хъуысы...
Кæмæн йæ къухы сæлы джиркъа,
Чи миты астæумæ ныссагъд.
Чи кувы Уастырджимæ, чи та
Кæны хуыцæуттимæ фыд-загъд...
Кæцæй ^ фыры ыздыхт сыкъатæ
Зынынц; кæцæй та стуры къах.
Кæм дзы дæлмит дзыназы авдæн,
Йæ мидæг дзидзидай — æзагъд...
Фæлæ æвирхъауы . тызмаег зæй, ,
Цнф^нду сау мцтыд ысхæц,
Уæддæр ирон. лæгæн йæ бæрзæй
Дæ разы никуы руыдзæн къæдз.
Уæддæр мæ æбуалгъы палитрæ
Цыранмæ не ’ххæосы дæ хуыз! ’
Мæ цæстырухсæй давыс бирæ,
Æмæ йæ кæттагмæ хæссыс...
^ * *
Къоста, кæнын ’æдзух дæ цæра,
• Дæ буц номæй æндавы хур.
Дæ куырдадзы кæй амонд сæра,—
Æнусмæ баддзæн сах йæ хъул.
Ды афтæ сныв кодтай дæ тугæй
Дæ уд, дæ зæрдæйы фæлгонц,
Æмæ йын нæй иртæсæн дугæй,
Ысхъауы цардмæ уарзты монц.
Æз дын дæ сагдзæстыты арфы —
Цыма дыууæ денджызы ’раст—
Уынын Ирыстоны цин, арфæ,
Æмæ йæ хъарæгæмхиц маст.
Æхсины сау лæджы нымыгъдæй’
Дæ зæрдæ, ’хсон дурау, ныссау.
Фыдуаг, æнагъæддаг тымыгътæн
Сæ бар фæкодта дæу хуыцау.
Æмæ та барвæндонæй ногæй —
Æцæгæлон бæстæмæ хаст.
. Æвирхъау хахуыр дзырдты ’рдонгæй—
Дæ уæнгтæ сау рæхысæй ’баст.
^ Цæуы гуырæй-гуырмæ дæ фæдыл
Æлдары ’нувыд хъузон:лæг.
Цæмæй зæлфæсус уа дæ фæндыр,
Дæ уды цæхæр та — нымæг. ’ •
"г
...Æнæнцой денджызы уылæнтæ
Дæумæ, хæрзæггуртау, тындзынц
Æви кæрæдзийæн — кæлæнтæ,
Уæ иуæн уе ’ннæ нæу зындзырд?
Æппæт дæр м '’ахорæнтæ }'мбарынц,
Кæттаг æрвайдæнæн — æмсих.
Уæ зонд, < уæ лæджыхъæд уын барын
Æмæ кæнын мæхимид джих:
Сымах!— -æмцæхджын туг, æмыстæг.
Каенут кæрæдзиуыл цæрддзу.
Нæй кад уæ хъизæмар, уæ куыдтæн,
Игæрæй дурдзæндтæ мæрзут. -
Хъысмæты сау æфсад уыл — хъула,
Нæ уæ уадзынц бынтон тæлфын.
Фæлæ кæй бон у: хъаза, хъулау, :
Уæ удтæй, сайы сæ сæ фын!.. .у..* I
Æмæ та- Сау денджыз ыскарзи?
Рæдувы кæрæттæм тыхæйг
«Фидиуæг» №2,
Ды йæ раст ахæм: хуызы уарзы.с, —
Кæрон дæ цымыдисæн «нæй.
Дæ уæйлаг сау нымæт дæр сыстад,
Дæ уæхсчытыл — тæхынæввонг.
Æви уый денджызы нынкъуыста
Æмæ та уый ысхъызыд ног.
Æнхъæлын æз цæмæндæр афтæ:
Дæу денджыз н’ агайы, фæлæ
Йæхиуыл де ’нгасы тæрк бафтыд,
Æгасæй фестади уылæн.
Куыдфæнды ма уæд: ныр мæ. разы
Уынын дыууæ денджызы змæлд.
Кæнынц нæрæмон катай карзæй,
Сæ иу дæр, сеннæ дæр — тызмæг...
* * *
Фæнды мæ ныр æви нæ фæнды —
Кæнын мæ фæстаджы фæдзæхст.
Цæуын куырм мæлæтæн йæ фæдыл,
Рæхджы. æрцъынд уыдзæн мæ цæст.
Æмæ уæ иу хæрзиуæг курын:
Æндидзут уе ’взаджы мыртæ.
Сымах — йæ дард хъæбултæ хурæн, —
Фыдыфарн ,ма уадзут мæрдтæм.
Уæ царды кадавар фæрæзæй
Кæнынхъом ут уæхи фæрныг.
Нæ хæхтæ диссагæн куыд рæзой
Æхсæв — уыдисны, бон — уылынг.
Æмдзонгæй амайут, æмзондæй
Бындурзылд уаз мæсгуытæ ног.
Фыццагæй авд хатты бæрзонддæр, —
Фыдгулæн уа цыбыр . йæ цонг.
...Мæ ир, дæ намысæй æрдбахæрд
Æппæт нæ фæдæн кæд нывгонд, —
Мæ туджы алы судзгæ ’ртах дæр
Уыдис дæ буц -номæн нывонд.
•Иывгæнæг, ме ’мбæлццон, мæ фæдон, •
Нæ "уа кæд ахорæн дæ туг,—
Нæй уды мидгъуызæн нывæндæн,
Йæ цæст дыл не ’вæрдзæн дæ дуг.
Ирон уд — ахорæнты денджыз,
Мæнмæ^ дзы рантыстис æртах.
Кæнæд йæ панорамæ де ’мдзыд,
Дæ къада йе ’рфæнтæм ыздах.
Дæ хъиутæ рог темæтыл ма хæр^ —
Уыдзынæ . сомбонæн хуындзау.
Лæгау цынæ бантыстис махæн, —
Дæ къухы бафтауæд хуыцау!
Нæ хох, нæ быдыры гæмæх’дæр
Æфтауæд дидинæг, æфсир.
Дзыллон, бæрзонд,арвы уæрæхы
Æрттивæд, хуры цæстау, Ир!..
ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОН
ФÆЛДЗÆУÆН РÆСТÆГ
Романæй скъуыддзаг. Дарддæр*
8.
’Чысыл. горæт бирæ цæмæйдæрты чысыл вæййы. Ноджы С-йы го-
рæты адæмы фылдæр хайæн сæхи сæрмагонд хæдзæрттæ ис. Хæдзæрт-
ты цур та сын ис чысыл цæхæрадæттæ. Æмæ горæт йæ базыртæ кæ-
уылты айтыгъта, уыйбæрц дзы адæмыл ма сæмбæлай. Бирæ хатт уын-
джы иу кæронæй иннæмæ дæ цæсты зул никæуыл акъуырдзынæ.
Ныр цыма горæты ’ исчи кæрæдзимæ æрбампылдта — адæмæн
суынгæг. Стырæй-чысылæй дыууæрдæм кæнынц. • Чи ’дыл сæ йæхи
кæцæй скъуырдзæнис, .чи кæцæй. Иууылдæр — хъуыддаггъуыз, иу-
уылдæр сын ма мын байрæджы уайы æнгæс.
Машинæтæ дæр ’цыма фылдæр фесты. Тротуарæй-тротуармæ сæ-
рибарæй нал ахиздзынæ. Дыууæрдæм цъелф кæнынц.
Уæддæр дзы магазинтæй фылдæр адæм никуы уыд. Дзул дæр сæ-
рибарæй мауал райстаис. Алцæмæ дæр—рад, рад, рад. Дзулмæ, сæ-
кæрмæ, æйчытæм, кæрчытæм, тахынæгмæ, нозтмæ... Иууыл фылдæр
адæм та — дзидза æмæ нæлхæмæ. Дзидзауæйгæнæг йæ фæрæт дард
^æхæссы, дзидзайы хай барæнмæ нæма бахæццæ вæййы, афтæ йын йæ
аргъ базоны:
— Авд сомы!
— Туман!
Æхсары дæр фæслекцитæй изæрдалынгтæм бахъуыд рады алæу-
уын. ’ * .
Æмæ рад дæр рады хуызæн куы уа, уæд цæмæннæ, фæлæ чысыл
горæты дзидзауæйгæнджытæн чи се ’мкусæг разыны, чи сæ хæстæг,
чи сæ зонгæ... Хæсты сахъатджынтæн, мæгуыр, сæ бæлвырдгæнæнтæ
сæ къухты хъилæй баззайынц. ^ ’
Æхсары фæстæ- рады кæрон нæма зыны: уый æппæт адæм хуы-
цауы æнæхъуаджы кæм сафдзысты сæ рæстæг (?) —уымæй ма йæ
уыд ныфс. Цыдæр хъæлдзæг лæппуты ’хсæн лæуд фæцис, æмæ æнæ-
радæй нард хæйттæ чи агуырдта, уыдон цардвæндæгтæ сæхирдыго-
нау нывæзтой. _
Иу сырхбын, урссæр, хæрзхаст лæг та Стыр. Фыдыбæстæйон хæс-
ты хайадисæджы бæлвырдгæнæн куы бавдыста, сæрбæрзондæй- куы
’ бадзырдта дзидзауæйгæнæгмæ: «—Деттæ ма мын уыцы къабаз абар,.
лæппу!>> — уæд Æхсары æмрадонтæй иу ацæргæ, мæллæг лæг нал
фæлæууыд:
— Ай, куыдз мах у, фæлæ бæттæн кæй у?. •
— Хъусы дæ. Хæсты хайадисæг у, — нал æм фæлæууыд Æхсар.
~ Чи? — бахудт, Мæллæг. — Уый чи у, уый æз хорз зонын. Мæ
мард фенут, мах комбæстæй у. Хæстмæ. цæуынхъом- уыд, афта^м^ей Щ
* Р^адиан кæс журнал «Фидиуæг», 1982 аз^ И номыры, .
35
мады фæдджийы бын стъыста йæ сæр. Æдылыйы ,'фсон скодта. Фæлæ
йæ уæддæр топпыты разæй аскъæрдтой æмæ иу мæйы бæрц æмбырд-
гæнæн пункты аззад. Богътæ кæнын, дам-иу систа. Мæ мард фенут,
йемæ чи уыд, иу ахæм æй фæдзуры. Къахæвæрæнмæ, дам-иу бацыд,
дуар-иу гомæй ныууагъта... Иннæтæ йæ куыд уыной, афтæ, цынæ æнак-
каг митæ кодта...
Расырдтой, дам, æй. Мæ мард фенут. Уый ныр — хæсты хайад-
исæг... Уым чи баззад, уыдон та? Цæнкуылтæй ма кæй æрластой, уы- ,
дон та? Йæ тугæй зæхх чи судæста, уыдоны дæр худинаг кæны... Ныр
æрзондджын, дзæбæх бынатмæ дæр бабырыд...
Сырхцъар лæг сæ куыдзы хт^уыды дæр йе ’ркодта. Иæ «къабаз-
гонд» йæхирдыгæй фæци æмæ йæ схъæлæй фæхæссы.
Æхсары уыцы ныхæстæ æххæст нæ бауырныдтой. Чизоны, раст
дæрг сты, сбæлвырдгæнæн бирæ цæмæндæрты • нал ис. Уæддæр-иу
ахудт. Лæууынæй уыйбæрц нæма фæлмæцыд, æмæ æнæрадæйцæуджы-
ты дæр ницæмæ дардта. Фæлæ...
— Зæрдæ! Ракæс-ма ардæм.
Хъæлæс ын зонгæ уыд. Зонгæ, фæлæ йæ зæрдæйыл" нæ атад. Чи
у, зæгъгæ, æнæахъуыдыйæ йæм фæзылд фæстæмæ. •
Йæ цæстæнгас фыццаг цæуыл скъуырдта, уыдон — хурмæивд, бур
сæрыхъуынтæ. Бензинæнгæс бур сæрыхъъуынтæ; Фæныхстысты йæ цæс-
тыты. Сæ бынæй цъæх гагуытæ сæ бы’цъынæг тонынц адæмы сæрты
акæсынмæ. Иæ нарстгомау къух тилы дзидзауæйгæнæгмæ:
— Зæрдæ! Дæумæ нæ дзурын?
Ауыдта йæ дзидзауæйгæнæг—бæрзовд, саула-гъз лæг. Иæ хъуын-
джын æрфгуыты бын йæ сау цæстытæ фестадысты худгæ цыр^æгътæ.
Фырцинæй йæ фæрæт æрцæйхауд йæ къухæй: " *
— О-о! Ды дæр мæм æрхаудтай, Гæндилджан?! — йæ дысæй йæ
ныхы хид асæрфта зулмæ.
— Дæ машинæ æцæг уæй кæныс?
— Уæдæ, афтæ æнхъæлыс иу литр бензины тыххæй æнæхъæн бон
рады лæууынмæ мæ былыцъæрттæ фæхæрын?
— Фердæх, фердæх, æндæра дæ машинæ нырма ау’æйæн æвгъауу!
Æхсары цæст ыл сæ иухатты фембæлдæй фæстæмæ нал схæцыд.
Ныр лæппуйы нæ бафæндыд, Гæндил æй рады лæугæ федтаид. Азылд
иннæрдæм. Йæхи скодта дуармæ кæсæг. Æмæ йæ цæст фыццаг цæуыл
скъуырдта, уый — сырх «Жигули». Лæууыд магазины раз. Лæппуйы
акомкоммæ. Йæ мидæг æрттиваг, гæрæм, хъуынджын цармы тыхтæй
бадт... Ацырухс. Иæ хъуынджын кæрц æмæ худы бынæй, гæды къуым-
билты æхсæнæй куы кæса, уыйау ныййирд Æхсармæ.
Институты æрцыд лæппуйы хъустыл, Ацырухс цæмæ бæллыд,
уый, дам, æй баййæфта — стыр хæдзар, машинæ, хъæздыг лæг. Гæн-
дил, дам æй, паддзахы усау, рацарæзта. Чызджытæ йæм, абæрæг æй
кæнæмы æфсон ныццыдысты, æмæ йын йæ цацатыл, йæ бибитыл
зæрдæхъæрмттæ кодтой. Иæхæдæг уæдæй ардæм институты къæсæ-
рæй нæма æрбакаст. Æхсар, ахæм ран фембæлой, уый æнхъæл нæ
уыд, æмæ йын йæ зæрдæ цыдæр ныррæхуыста. Денджызы уылæнау, йе
уæнгты цыдæр уазал ацыд, уылæнгæнгæ. Чызг комкоммæ уымæ каст,
ууыл баууæндын æй4 нæ фæндыд æмæ фæзылд фæстæмæ, хъавыд йæ
цæсгом амбæхсынмæ. Уæддæр йæ цæсты зулæй ауыдта Ацырухсы, йæ
кæддæры Ацыйы цæсгомыл ахъазыд Джокондæйы сæрбæрзонд мид-
былхудт.
Лæппуйы сæры магъзы цыма зынг уæхст ацыд зилгæ. Аргъæутты
æхсон уæйыгау, ныррызтысты æмæ æркалдысты йе уæнгтæ. Æнæад
ус-лымæны сынчытау ма йе стджытæ кæрæдзиуыл ныххæцыдысты
тыхæй.
«Цæмæ бæллыд, уый йæ баййæфта»... — йæ зæрдыл æрбалæууы-
дысты йе ’мкурсон чызджыты ныхæстæ æмæ ныккæрзыдта.
Уыдоны дæр абæрæг крдтой се ’мбæлттæ. Дзерассæйы æмкъурсоц*
36
тæ. Семæ-иу фæйнæ авджы æрбахастой. Фæкуывтой-иу сый.
Уыдонæй дæр истытæ дзырдтаиккой. Ног бинонтæ се стипендийы
муртæй цас хъуамæ скуымдтаиккой? Афтид фынгтыл сæ фæбадын
кодтой. ч I
Къуыри размæ йæ сæ бæзæрхыг, хæрзконд профессор-декан æру-
рæта институты къæлидоры:
— Арфæ дын кæнын, лæппу! — худт, йæ къухыл ын ныххæдыд. —
Бинонтæ, дам, æркодтай, фехъуыстон. Бæргæ, æххæст институт куы
фæуыдаиккат каст... Фæлæ ницы кæны. Зæхх уæлгоммæ у. Зонын æй,
нырма тыхсдзыстут. Куырдиат ныффысс, æмæ дын иу-чысыл æххуысы
æхца рафысдзыстæм.
Лæппу сæфсæрм. Уæддæр не сразы. Иæ сæрмæ йæ не схаста.
Уый дæр та æрцæудзæнис Ацырухсы хъустыл. Худдзæнис сыл сæр-
ыстырæй, ома, цæй бинонты ’фсæрм сæ уыд, сæ мæгуыры хъис уыр-
дыгмæ куы згъæлы. Худдзæнис æмæ даудзæн йæ гæрæм кæрцы æф-
цæггот, ома, кæсут, йæ бон бинонты цард аразын кæмæн у. Æхсар
та уыцы сæрыстыр мидбылхудтæй куыд тарст! Оу, куыд дзы тарст...
Декан уæддæр сразы кодта Дзерассæйы. Ныффыссын ын кодта
куырдиат. Æххуысы тыххæй. Æнæмæнг, студенттæй цыдæртæ æрцыд
йæ хъустыл.
Æхсар акаст дуарырдæм. Нал хæры дзидза. Нал æй хæры æмæ
фæцис. Адæймаг йæхи сахуыр кæны, дзидзатæ, нæлхæтæ, алы хæрæ-
джы дымджытыл. Нозтылмард лæгæн æнæахуыппкæнинаг цард ад
куыннæуал фæкæны, уыйау, адæймаг цæуыл сахуыр уа, æнæ уыдон
йæ удæгас удæгасыл нал фæнымайы, æндæр дзы иу дæр нæй æмæ ин-
нæ дæр.
Афтæ ахъуыды кодта лæппу, æмæ.йын ацæуыны рæстæг фæцис —
дзидзауæйгæнæг æмæ Гæндил бахызтысты мидæмæ. Рацæйхызт ра-
дæй æмæ йæ цæстыты раз фестад Дзерассæ. Æрцауындзæг йæ хъуы-
рыл. Иæ къæхтæ фæстæмæ ныкъкъæдз кодта, йæ сæр аппæрста йе
уæхскыл æмæ худы:
— «Кæд ма фынджы фидыцæн искуы стуры фыд ссарай, уæд кæс
æмæ махмæ. Чизоны, не ’мбæлттæй нæ исчи æнæнхъæлæджы æрæмы-
са. Зæгъдзысты, мах дæр цæргæ кæй кæ^æм!» — дзырдта.
Нæ йæ бафæндыд уыцы худгæ цæстыты хъыг райсын. Иæ дæн-
дæгтæ нылхъывта кæрæдзимæ. Ныуурæдта йæхи.
Дзидзауæйгæнæг рахызт æфтауцдоны дуарæй æмæ йыл адæм
схор-хор кодтой: •
— Уæ зонгæты ма-иу разæй ма тъыссут!
— Ам мах адæм стæм, æмæ-иу æнæрадæй мачи бырæд!
— Адæм сæдзæсгом сты, æндæр ницы!
— Гъе, уæ хæдзарылæй! Ныр иу къило дзидзайы тыххæй мæ ма-
шинæ æцæг ауæй кæнон? Уæхæдæг хорз куы зонут, афæстаг рæстæджы
нæм бензин маргъы ’хсыры хуызæн ссис. Куы йæ фæхъыг кæнон, уæд
ма мæ уый^фæстæ бензины колонкæйы æмгæрон дæр ауадздзæн?
— Уæд мын йæ бинонтæ аскъуыйæнт, кæд йæ фыды бензин нæ
уæй кæны!
— Тæрсгæ ма кæн, уый дæр ’ын йæ фыды стуртæй нæ раргæвста! —
иæ ныхас сæм баппæрста Мæллæг дæр.
Æхсарæн цы бамбарын хъуыд, хицауады сойæ сæ кæрæдзийы
оылтæ цæмæн сæрдынц. Фæлæ Гæндил цы фæци? Уый цæмæннæуал
рахызт йемæ?
Йæ цæсты зул аивæй адардта æддæмæ, машинæмæ.
Гæндил машинæйй уæзтæласæны тыхтъыст кодта стуры раззаг
«Омæ, горæт-куывдтæ кæнынц адæм, уый æппæт дзидзайæ цы
кæн1*нЦ?» — ахъуыды кодта лæппу.
^æллæг ын цыма йæ хъуыды бамбæрста, ныццагъта йе ’рмттæ:
Æи, мæ мард фенат, ацы уазалгæнæнтæ фесæфтой адæмы!
Бирæ хæдз&ртты дзы цалдæргæйттæ йс. Ныр алæбой магазинтаё дзй-
дзайæ нæ ракæл-ракæл кæныпц, уæд дæ уазалгæнæны галы мард дæр
басхой æмæ афæдзæй-афæдзмæ, — хъæуа, нæ хъæуа, — дæ уæларт
хашлама пæлхъ-пæлхъ кæна. Адæм сзыд сты. Мæ мард фенут, мага-
зинты дзидза уæййаг мæйгæйтты дæр нæ вæййы, фæлæ .физонæджы
фыдæй искуы исчи амард’фехъуыстат?
Æхсар никуы фехъуыста ’ ахæм хабар. Магазинты æрвылбон фы-
дызгъæл уæййаг кæй нæй, уымæн ма æндæр ’ аххосæгтæ дæр зыдта.
Нæ хъæуты адæм горæттæгтæй кæй агæпп- кодтой, йæ фыды уæзæ-
гыл ма дзы йæ къух чи нæ систа, уыдон фылдæр хай дæр зæххы куыст,
фосдардмæ зулмæ кæсын кæй райдыдтой, се ’нхъæлмæ каст горæтмæ.
кæй у, уый дæр ын æнæзындгонд нæ уыд. Фæлæ йæ нал фæндыдис
уыдоныл хъуыды кæнын. Иæ сæры хæццæ кодтой алы фарстытæ.
Ацырухс, йæ иухатты Ацы йæ гæрæм, хъуынджын .кæрц æмæ. худы нал
хицæн кодта йæ цæстыты разæй. Дзерассæ та Æхсары номыл йæхи-,
х цæн иу уæлæбаппаринаг ницыма балхæдта.’Йæ чындзы ацыды размæ
йын хæдзары цырыхъхъытæ балхæнынæн цы ’хца радтой, уыдонæй
чызг лæппуйы номыл къухдарæн балхæдта. Иæхи дзы сайы æви йе
’мбæлтты, уымæн лæппу ницы бамбæрста. Афтæмæй бирæтæ та... Аф-
тæмæй... Уыцы цæстфæливджытæ, зæххы быныбырджытæ, .цъаммæрт-
тæн сæхæдæг аразынц сæ къух.
Цæмæннæ ныххæцыд Гæндилы æфцæгготыл, хæрæджы цæмæннæ
слæууын’ кодта рады? Дæ уарзоны дын байстон æмæ мæ дæ маст исыс
ын загътаид? Æмæ уый æппæт адæмæн дæр сæ уарзæтты байста? Цæ-
мæн æй ауагътой сæ разæй? Афтæмæй сын сæ къæбæр сæ дзыхæй дæр
кæй райдайдзысты скъæфын, уый сæ не ’ндавы?
— Æфсымæр!
Дзидзауæйгæнæгмæ та адæмы сæрты чидæр йæхи ивазы.
— Иунæг зæрдæ, иунæг æфсымæр дæр нал! Æнæрадæй ма искæй
ауагътай, уæд дыл акт сараздзыстæм, æмæ сæм стæй рагæпп-багæпп
кæндзынæ! — йæхи нал баурæдта лæппу.
— Афтæ, афтæ!
Æхсар баввахс уæйгæнæгмæ. Хорз сын фехъуыста се ’ртхъирæн-
тæ. Дзидзауæйгæнæг йе уæхсчытæ фелхъывта кæрæдзимæ.
— Дæхæдæг кæсыс, ницы дын мæ бон у баххуыс кæнын! — адзырд-
та «æфсымæрмæ».
Уæдмæ лæппуйы рад æрхауд æмæ йын уæйгæнæг фыдызгъæлы
’хсæн авзæрста мæллæг, стæгджын хай, бамбаерста лæппу, йæ дзых
йæ бар’ нæ разынд, æмæ йын уымæн афтæ кæны. Амæсты.
— Деттæ фаллаг хай сис!
Иæ хъæлæс, йæхи дæр куыд нæ фæндыд, афтæ мæсты рауад.
Рамæсты дзидзауæйгæнæг дæр:
— Уый тыххæй хъæр цæмæн кæныс?.! — мæсты æппæрст æй æр-
кодта барæныл. — Туман, — фæцæй йæ тыхта гæххæтты. -.
Лæппуйьг йæ -дзыппæй уый ныфс нæ уыд æмæ фæсырх.
— Фембис æй кæн.
— Ныр уый æмбистæ кæндзынæн!
— Мæнæн æй æрис!
— Æрис æй мæнæн!
Фæйнæрдыгæй йыл æгæр бирæ дзурджытæ разынд æмæ рахсыст
лæппуйы маст, уæддæр ныххæцыд йæхиуыл. Сабыргай, фæлæ фида-
рæй загъта:
— Нырма мæ рад у, æмæ йæ æмбис фæкæн, загътон.
Уæйгæнæг ма йæ иу хатт абарста цæстæнгасæй. Лæппуйы. Стæй
дзидзайы хай ачъепп кодта æрдæгыл.
— Ныр, куыд æмбæлы, афтæ йæ сбар.
— Цыппар сомы.
Быцæу ныхасмæ адæм фæхъус сты. Лæппу æхца бафыста. Райста
&$
фыды31ъ&лы хай. Фæзылд, фæлæ йæ цыма фæстейæ Дур-зæй сырдта,
^æ хъус ахста адæмы кæл-кæл;
— Уый тыххæй хыл кодта?!
— Уымæй арвитынмæ хъавы йæ бæрæгбон?
— Хих-хи-хи...
Нал сæм фæкаст. Нал æй фæндыд, се ’фсæст, «лæг дæ» йын исчи
зæгъа, уый тыххæй цъыф дæр чи бахæра, сæ уыцы - цæсгæмттæм кæ- ,
сын. Фæллад, фæлмæцыд, мæстæйдзаг, фæлурсæй балæууыд. сæ...
растдæр зæгъгæйæ, нырма дзы лæгæй-лæгмæ кæй никæй зыдта, йæ
уыцы каисты къæсæрыл.
— Мæ хæдзарыл, цы кодтай?! — Дзерассæ йыл йæхи баппæрста
тарстæй:
— Ницы, мæ хуры чысыл. Ныффæлладтæн дын. . , ,
Бахудт. Тыххудт. Æрбатыхта йæ йæ хъæбысы. Апъа йын кодта
йæ уадулæн, æмæ фæсабыр чызджы зæрдæ. Стæй лæппуйы зæрдæйы
маст дæр фæсаст. Фæсаст, æмæ йын цыдæр æхсызгон уыд чызгимæ
къуымты фысымиуæг кæнын. Чи сæ дзул хаста фынгмæ, чи — цæхх,
чи — цъæхыг, чи — цæхджынтæ... Чи тахынæг лыгтæ кодта, чи — хъæ-
дындзтæ... Чысыл цьщпæрдигъон фынг’ыл алцы дæр сабыргай бадт йæ
гаччы. Иæ тæккæ астæу — Хатийы лæвар хæрз чысыл назбæлас, Ног
азы, бæрæгбонты бæрæггæнæн, æппæтадæмон бæрæгбоны нысан бæм-
бæгвæлыст, хъазæнвæлыстæй. Хати сын. æй афтæ дзургæ бахаста:
— «Алæ-ма, мæ ног сыхæгтæ, ^æз уын назбæлас радтон, уый та
цæй Ног аз у æнæ назбæлас?!»
Æмæ йæ чызг æмæ лæппу фæфæлыстой бæмбæджы гæппæлтæй.
Алы хъудон-мулон гæххæттытæй йын фæцарæзтой хъазæнтæ. Ныр сæ
ногазон фидыц сæ фынджы астæуæй каст сæрыстырæй.
— Ех-х!.. Ныр нæм нæхиуæттæй исчи куы фæуид! — бабæллыд
чызг. — Зæгъиккой нæ, уыдон дæр цæргæ кæнынц, зæгъгæ.
Лæппу бахудт. . ч
— Нырма хæстæджыты дзуарæй-æл’гъыст стæм. Ахæм бæрæгбоны
нæм йæ сæр ничима бадардзæнис. Къулбадджытæ ьæ хондзысты:
— Фæлæ къулбадджытæ не стæм, нæ? Фæлæ дз.æбæхтæ стæм,
нæ? — чызг та ныттыхст лæппуйыл, йæ русæн ын ныпъпъа кодта æмæ
худгæ алыгъд- къæбицмæ.
— Дзæбæхыл ма æндæр сыкъатæ вæййы, ме ’фсины къуындзих?!
— фæстейæ йæ хъазгæйæ басырдта лæппу.
— Æхсар, Æхсар! Ацы. æхсæв нæ худынæй ма ’рлæууæм, хорз?
Лæппуйы зæрдыл æрбалæууыд, йæ хъуынджын, гæрæм кæрц æмæ .
худы тыхтæй йыл Ацырухс куыд сæрыстыр худт бакрдта. Фенкъард,
фæлæ уый фыддæрадæн æмæ Дзерассæйы цинæн ныллыг кодта:
— Æз сом, иннæбон, стæГ; уьы фæстæ бонты дæр не ^рлæудзы-
нæн мæ худынæй!
— Адæм афтæ акæнынц, Нсг азыл, да?л, куыд сæмбæлай, æнæ-
хъæн аз ахæм зæрдæйы уагимæ цæрдзынæ.
Æцæг?!—лæппу йæ цыма фыццаг хатт хъуыста, бадис ыл
кодта. — Уæдæ, худгæ! Хах-ха-ха!.. — бакъæцæл худæгæй. Чызг фæ-
фыддæр. Абырыдысты та сæ кæрæдзийы дæллагхъуырты, стæй чызг
фесхъиудта, < ’ ^ •
Мæ хæринаг!.. Мæ хæринаг басыгъд! — йæхи фæцъелф кодта
лæппуйы хъæбысæй. Уæларт балæууыд. — Иф-ф, иф-ф, иф-ф!.. Йæ
хус сымагмæ æрратæ дæр нæ кæныс; æрратæ?
Зæнджынæй та мæ кæд федтай? . ’ ,
Лæппуйы хъуыды ацахста, уыцы дзырдтæ, гæнæн ис, чызг йæхи-
цæн оанымайа æфхæрдыл: ома мын ’лæппу уайдзаф кæны, ме ’дылы-
æ оацардтæн* демæ, зæгъгæ. Лæппу фæсырх, уæддæр ацархайдта,
1зг мын мæ ныхас æвзæрмæ ма айса, зæгъгæ, æмæ та бакъæцæл ху-
„У1тæи' Ьахудт Дзерассæ дæр, стæй фснкъард, Фенкъард, æмæ фе-
лхынц сты йе ’рфгуытæ. " *
— Цы кодтай? — æфсоны фарст ма йæ кодта лæппу, фæлæ йе
, ’нæрхъуыды ныхасы тыххæй æфхæрдта йæхи. — Исты дæм хъыг фæ-
каст?
Чызджы цæстытæ донæй айдзаг сты.
.— Æхсар, зоныс цы?
— Цы уыдис, мæ хуры чысыл?
— Кæд иууылдæр афтæ уон...
-=-: Уæдæ куыд хъуамæ уай? — бадис кодта лæппу.
— Зоныс, тæхын мæ фæфæнды! Цыма бынтондæр никуы уыдтæн
рынчын! — чызгæн фырцинæй акалдысты йæ цæссыгтæ. Иæхи бап-
пæрста лæппуйы риуыл.
\Æхсар ын уымæ фæхъыг æнхъæл уыдис. Ныр ыл ныттыхст.
— Иууылдæр ноггуырд уæрыччы зæрдыл хъуамæ ’ уай, уæдæ
куыд! Фæкæс ма-иу.
— Ныр мæ бауырныдта; дохтыртыл æцæг æууæндæн кæй ис. Куы
бацардыстæм, уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæ æцæг ноггуырд уæрыччы
зæрдæйы æнгæс-у. - ’
Æмæ та ногæй ахызтысты фынгæвæрынмæ.
— Дзерассæ, сæнтæ дурыны ныккæнон æви сæ фынгыл æвгты
æрæвæрон?
— Нæ зонын. Мæ фыд фынгмæ дурыны фæхæссыц кæны сæн.
— Уæдæ, махдæр уый бафæзмæм!
Æмæ фынгыл ногазон назбæласы фарсмæ аслам «Гареджи»
’фсæст, сæрбæрзонд лæуд æркодта гуыбынджын дурын. ,
— Æхсар, хъарм хæринæгтæ дæр æрæвæрон фынгыл?
— Нæ зонын, æгæр ма ныууазал уæнт.
— Мæнæ м’а цы баззад Ног азы ?рбалæудмæ, кæдæм уазал кæ-
нынц? *
Æмæ фынгыл, сæ фæздæг цармæ здыхсгæ, февзæрдысты хашла-
майы тæбæгъ, карчы фыдæйарæзт хæринаг...
^—Кæсыс, декан нын нæ’ ногазон фынджы кой бакодта. Дæуæн
та ’сæ* дæ зæрды нæ уыдис райсын,— чызгæн йæ фынгæвæрдæй бай-
рад йæ зæрдæ.
Æхсары цæстытыл: та ауад, Ацырухс æм йæ гæрæм, хъуынджын
кæрц æмæ худы ’хсæнæй, гæды къуымбилы ’хсæнæй куыд кæса, уый
каст куыд кодта. Йе ’взаг уый тыххæй фæуæззау.
.— О, фæлæ...
Дуар ныххоста кæйдæр уæззау къух.
— Нæ Ног аз æгæр мæсты нæу?
— Чи у?—Дзерассæ, чъызгæ, ауад дуар кæнынмæ.
Хæдзары фысымыл нымад уый уыд. Ныр дæр Æхсары разæй
уымæн фæци. Дуар нæма бакодта, æмæ йæ цин йæ разæй æрба-
згъордта:
— Гыцци! Гыцци ’рцыд!
Иæ цинмæ рацæйуад Æхсар. Чызг.фæцæйгæпп’ кодта йæ гыцци-
йыл атыхсынмæ, . фæлæ, мадыл иуварс ахæцыд кæйдæр ставд арм.
Къæсæрыл йæ гыццийы бæсты балæууыд йæ баба — ныллæг, фæтæн-
тæконд Кæмци. Иæ ивзыд æрфгуытæ сæ кæрæдзимæ не ’ххæссынц, сæ
кæрæдзийыл стыхсын сæ къухы не ’фты, фæлæ сæ бынæтты ныззы-
лын:мылынтæ. сты.
Дзерассæ зоны, афтæ йæ фырмæстæй у. Ие ’рфгуытæ куы ныззы-
лынтæ уой, уæд æм сдзырд нал ис. Æмæ дзы барызт фыртæсæй. Иæ
къухтæ йæ риуыл аззадысты дзуарæвæрдæй. Ног æргъæвст каркау, ба-
гæв-гæв кодта фыртæсæй. , .
— Гыцци йæм æрцыд! Къахбай цыдæр! Æз дæ ахуырмæ рарвыс-
тон æви мæ хæдзар схынджылæггаг кæнынмæ?! — йæ уæлармæй зул-
мæ батъæпп кодта чызджы былтæ æмæ йын атæппал сты. — Каем ис
уыцы кæйдæр дзæгъæлзад та?!
Фæцæйцыд мидæмæ. Дзерассæ фæцис йæ размæ. Æрхауд йæ зон-
40
гуытыл. Ныттыхст ын йæ къæхтыл. ~ ’ ’ *"; • _' /
— Баба! Уый аххос ницы у!
— Иуварс! — фыд æй асхуыста къахæй.
— Мæн амар!
Чызджы цъæхахстмæ рагæпп кодта Æхсар. Дзерассæйы пъолыл,
йæ былты туг сæрфгæ, хæкъуырццгæнгæ, куы ауыдта, уæд йæ цæсты-
ты туг абадт, фæсонт:
— Цы у уый?! — чызджы фелвæста йе уæхсчытæй. Амбæрста йæ
йæчъылдымæй.
Кæмци уый æнхъæл нæ уыд. Исчи йæ чызгæй йе ’хсæн балæууа,
уый йæ нæ уырныдта æмæ фæныхдзæфау. Йæ цæстæнгас разгъор-ба-
згъор кодта лæппуйы тугбадт цæстытæ, йæ дымст фындзы хуынчъытæ,
рагæппæввонгæй лæууæг уæнгтыл.
— Мæ хæдзар... — цы ма загътаид, цы ма акодтаид, уый нал зыд-
та. Йæ амондæн йе ’мкъай, цъиуджын каркау, йæхи баппæрста сæ
астæумæ.
— Цы кодтай? Цы сæрра дæ?
— Адон иууылдæр дæ аххос сты! Цы дæ, уый — дыЬ— йæ тым-
был къух ын бахаста йæ былтæм.
Ус ын ахуыр уыд йæхиуыл дæр, йæ тымбыл къухыл дæр. Нал
дзы тарст. Ацахста йæ. Баппæрста йæ хатæнмæ.
Лæг ногазон фынг куы ауыдта, уæд ноджы фæсонт. Ие уæхсчытæ
аппæрста фæстæмæ. Фæбогъ кодта:
— Кæсут?! Кæсыс?! Мæ хæдзарæй мын фæхынджылæг кодтой,
ноджы дзы фынгтæ æвæрынц! Æрбынæттон дзы сты!
Фæхæцыд фынгæмбæрзæныл. Ус ма йын йæ къухтæ ацахста, фæ-
лæ фынг абадт зæххыл. Фæцыд тæбæгъты, æвгты дзыгъал-мыгъул. ■
Сæн алæсæн пъолыл.
•— Æй, дæ къухтæ уыдонау куыд ныцъцъæлтæ сты!
Фæлæ лæг йе ’мкъайы æлгъыстытæй нал фæсаст. Ие уæхсчытæ
та феппæрста фæстæмæ. 'Йæ цæсгом зылд туджы. Хæдзары кодта дыу-
уæрдæм..
— Тагъд фесæфут мæ хæдзарæй! Ам уæ хъæр,~уæ кой мауал уæнт!
Мæхи къухæй уæ ныргæвддзынæн!
Æхсар лæууыд цавддурæй. Нал змæлыд. Ныххаудис та йæ хъæ-
лæс. Бынозæй ма улæфыд тыхæй-фыдæй. Кодта сыбар-сыбургæнæгау:
— Ацæудзыстæм. Гъай-гъайдæр, ацæудзыстæм.Мах никæй хæдзар
хъæуц. Мæгуыргуртæ не стæм. Æнæмæнг ацæудзыстæм. Ныртæккæ
дæр. Афтæ нæу, Дзерассæ? .'"'"'
Дзерассæмæ ницыуал хъуыст. Ницыуал уыдта. Лæууыд æмæ пъол- ,
мæ кастЧдзагъырдзастæй. Йæ -былты. цæф, йæ фыды хыл ын уый нæ *
ракодтой, - сæ "мæгуыр капеччытæ кæуыл ныккалдтой, сæ уарзтмонц
зæрдæты хъарм кæм февæрдтой, йæ уыцы ногазон фынджы ныппырх
ын йæ зæрдæйы риссагдæр тæгтæ къуымых кардæй куыд ныллыг код-
та.
Мад æлгъыста лæджы, пырх фынгæй йæ къухтæ цæуыл куыд
хæст кодтой, афтæ сæ æфснайдта, фæлæ чызг уыдæттæ нал ха-
тыд. Иæ сæр ныппæрста Æхсары чъылдымыл, цыма дунейы фыдтæ
ууыл æрцыдысты — нал æнцад йæ зæрдæхалæн гъе-гъейæ.
— Иæ сылыстæджы скъолайы къæсæрæй бакæсын чи уадзы, уый
йæ сæрæй хынджылæг кæны! Мæ хурх мын ралыг кодтой. Цъыфы
мæ сызмæстой!
— Сыджыт дын бахæрæд дæ хурх. Дæ мард сæм æрыхъуысæд, —
мад ын йæ алы ныхасæн дæр дзуапп лæвæрдта æлгъыстæй.
Лæппу йыл куыддæр йæ цæст скъуырдта, афтæ фæхатыд — сыл:
гоймагæй къæртт рахаудта æмæ йыл. сæвæрдта Дзерассæ ном. Ныр
уыцы «къæртты» хицау бацис Æхсар æмæ йын æй Кæмци нæ бары.
Афтæмæй, къæртт кæй зæрдæйæ рахауд, уый та се ’вварс у. Лæппу
41
йын бата*рйгЪ>æд кбДта: «Ахаём хæлйрзæрдæйæ Куыд " фæразы уьщы
цæф арсимæ?»
’. — Уæ фæд дæр куыннæуал баззайа ам, афтæ бакæнут! — Кæмци
сæм йæ амонæн æнгуылдз тилы, æртхъирæнгæнгæ. Йæ уæхсчытæ та
феппæрста фæстæмæ. — Ам уæ куыннæуал æрбаййафон! Фесæфут мæ
цæсты разæй! — æмæ фæцæуæг.
— Фесæфдзыстæм. Уæ ,цæст дæр нæ нал æрцахсдзæнис. .
Мад, йæ къухтæ сæрфгæ, рауад- йæ лæджы фæдыл. Уæддæр фе-
здæхт лæппу æмæ чызгмæ.
— Уæхи аххрс дæр у. Фæрсгæ йæ уæддæр бакодтаиккат. Æфсо-
нæн. Æнцондæр ын уыдаид. Мауал æфхæр дæхи, мæ хур, — алæгъз
кодта йæ ^ызджы дзыккутæ. — Уый -дæр хъуыды кæны. Цынæ вæййы...
Уæд стæй? Æнцон ын уыдзæнис? Ма ку. Кæйдæр лæппу йæ нæ зоны,
фæлæ йæм ды та цы мæсты кæныс? Мурмæ дæр æй ма ’рдарут! Уæ’
Ног азы кой кæнут. Ме уæнгтæ бадон уой, йæ разы мæхи цæмæннæ
амардтон, цæмæн æй рауагътон? Нæ хæстæджытæм анызта æмæ зæх-
хыл нал хæцыд. Зæгъын, уæ Ног аз уе ’мбæдттимæ кæд искуы æрви-
тиккат, — фæцæуæг йæ лæджы фæстæ.
Чызджы хæкъуырцц фæтынгдæр. Æхсары дзыхæй иу сым нал
сирвæзт.
— Цæй хъæлæба уыд, цæ?
Хатийы бæзджын хъæлæс. Дуар не ’рбахоста. Хохыйас фæтæнтæ
ус æрбацыд йæ сины сæртыл хæцгæ. Дзерасгсæйы кæугæ, рæсыд бы-
лæй куы ауыдта, уæд æм бауад. Стæй уый дæр фæуагъта» ныккомком-
мæ лæппумæ: .
— Цы кодта уый?! Цæуыл кæуы?
Æхсар афæлвæрдта тыххудт кæныныл:
— Иæ фыд æрбалæбурдта. Нæ фынгыл... йæхи скъуырдта.
Хати хæдзармæ бакаст æ.мæ «фынг» пъолыл куы ауыта, уæд ныХ-
хоста йæ риу.
— Æй, дæ къуыбылой мæрдтæ дын де '«взæртæ-’куы бахордтаик-
кой, æмæ дæ афтæмæй куы ’рбаййæфтаин! Æй, дæ амондæн... — æмæ
чиныджы кæй нæ фæфыстæуы, ахæм ныхас ныссидт, — кæд дæ мæ
бынæй булдозерæй дæр ничиуал скъахтаид!
Дзерассæ, йæ бур, хъуымбыл бецыкк адау-адаугæнгæ, бараст йæ
фынгмæ æмæ та йæм куы фæкомкоммæ пъолыл тыгъдæй, уæд ныгъ-
гъегъе кодта тынгдæр — базыл ныххауд дæлгоммæ.
— Цом, усай, цæрæм, дам! — Хати ныр та Æхсарыл стылдта йæ
къухтæ. — Цом, цæрæм, фæлæ кæимæ?! Сылыстаег чъыры арты басу-
дзинаг у, дæ хуызæн хæлиудзыхтæм чи ’рхауы! Дæ дыууæ цæсты раз
дын дæ сылыстæджы мары, дæ фæнык дын ныддымдта æмæ йæм дæ
дзых ныххæлиу кодтай! Йæ хуыйы хъыбылы ’нгæс тымбыл бырын-
чъытæн ын иу ныххаф æмæ дæ стæй амарæд. Фæлæ’ хæлиудзых дæ!
Лæппу та афæлвæрдта тыххудт бакæныныл:
— Уас, Хати, дæу лæг цы хуыцау нæ фæкодта, уый дæлæмæ ’рха-
уæд. .•
— Æвзæртæ йын фæлдыст! Уыцы гыццыл мур ’ма!.. — æмæ йæ
ныхасыл йæхæдæг худæгæй бакъæцæл.
Бафæзмыдта йæ Æхсар:
Дзерассæ фефсæрм. Йæ кæуынæй фæлæууыд, фæлæ йæ сæр ба-
зы нытътъыста арфдæр — йæ кæугæ-худгæ хæкъуырцц ма райхъуыса.
Хати хылгæнгæ расæрфтытæ кодта хæдзар æмæ йæ уæрджытæ
ныххоста:
— Æй, саубон мæ куыд баййæфта! Ай нæ Ног аз куыдæй æрæй-
йæфта, гъе?! — фæхæцыд сын сæ цæнгтыл. — Цомут махмæ.-Стæй ам
цы ’рбынат кодтат. Куыдз — йæхæдæг, куыдз — иæ хæдзар.. Уæртæ
мемæ цæрут, æмæ цардæй исты фенат.
Дзерассæ ма «нæтæ» кодта, фæлæ йæм Æхсар ныууырдыг:
42
— Сыст, Дзерассæ. Ног аз н& кукд æрæййафа, афтæ уЫдЗæййС
нæ цард, нæ? Уæдæ цом ног фынгмæ. Мидбылхудгæ! Хах-ха-ха...
Лæппу архайдта хъæлдзæг уæвыныл, фæлæ чызгæн йæ мидбыл-
худт салд йæ цæсгомыл.
Хатитæм сæм æрбадынæввонгæй æнхъæлмæ каст ногазон дзадж-
джын фынг.
9# ; ;.
Хуры цæст алæбон мигъты \мбæхст нæ уыд, фæлæ-иу куы ракаст,
уæддæр, æрмæст йæхи куыд бахъарм кæна, уый бæрц. Митæн дæр
- адæмы къæхты, машинæты цæлхыты бын ссæлæф уæвыны фаг разынд.
Горæты сæйраг уынгты асфальт сзынд, фæлæ фæрссаг уынгты лæсæ-
нау кодта сæлæф митдон æмæ дзы къахавæрæн нал уыдис. Æхсар-иу
æрлæууыд бирæ рæтты: кæм æрæвæра йæ къах, кæм ын нæ аныгъуыл-
дзæнис доны?
Фыццаг сæйраг уынгты (институтмæ бынтон хæстæг нæ, се
’мбæлттæ сын се^ ’рвылбонон зынтæ куыннæ уыной, афтæ) агуырдта
æххуырст хатæн.
Æнæзæгъгæ æргътæ! Æхсарæн исчи куы загътаид, горæты адæм
сæ хæдзæрттæ ахæм æргътыл дæттынц æххуырсты, уæд ын йæ номыл
дæр нал баууæндыдаид — мæнг зæгъыныл нæ ауæрды, зæгъгæ. Ныр
сæ йæхи дыууæ хъусæй хъуыста, йæхи дыууæ цæстæй-сæ уыдта: иу
хатæн — цыппар, æфондз туманы, бирæ рæтты дыккаг уæладзыг —
æхсæз, авд туманы дæр. Иу мæй. Æрмæст иунæг мæй..Дыууæйæ се
стипенди хъуамæ калой иу мæйы балæууæндоныл.
Нæ, Æхсары уыцы хъуыддаг, йæхи дыууæ цæстæй йæ куыннæ
федтаид,'уæд никуы бауырныдтаид.
Уыцы бон та йæ амонд фæрссаг уынгтæм ахаста бавзарынмæ.
Лæппу фæкомкоммæ дыууæуæладзыг рæсугъдарæзт хæдзары бы-
наг рудзгуытæй иумæ. Иæ уæлдæфдзæуæн — зыхъыр. Рудзгуытыл
афтид æвгтæй уæлдай ницы зыны.
Æхсар йæ цалдæр боны ’ фæлтæрддзинадæй зыдта, уый кæй ны-
сан кодта — хатæн сæрибар у, йæ хицæуттæ йæ æххуырсты дæттынц.
Уæддæр, йæ хъуыды бабæлвырд кæныны тыххæй рудзынгмæ балæу-
уыд хæстæгдæр. Аивæй йæм мидæмæ бакæсон, зæгъгæ, йæ къах аир-
вæзт цæмы- Æнæуыйдæр йæ фатхъултæй дæлæмæ хуылыдз уыд, но-
джы йæ дзабыр айдзаг уазал мит-донæй.
Хатæн афтид кæйразынд, лæппу уый тыххæй ницæмæ æрдардта
йæ къахы хуылыдз. Бахоста кæрты дуар. Кæсгæ йæм ничи ракодта,
фæлæ мидæгæй йæ хъус ахста кæйдæр хъæлæс.
— Къупп, къупп, къупп!.. — бахоста та ногæй.
Бæстæттæарæзт хъæдын дуар байгом æрæджиау. Ракастис ’дзы
æвзонг, дзыгъуыр сылгоймаг. Иæ къухы — афæдздзыд саби. Ноджы
йæ даргъ, халатæй æмбæрзы йæ гуыбын.
Æхсары цæст ыл йæхи скъуырдта æмæ бафсæрм. Лæппу. Сылгой-
маг йæхи бар нæу, ноджы йæ уый дæр батыхсын кодта.
— Дæ бон хорз, — акуывта йын сæрæй.
— Бирæ цæр, — сылгоймаг æнæзонгæ нæлгоймаджы фендæй тынг-
дæр бафсæрм.
— Уæлдай хатæн уæм нæй? Æххуьфсты?
Сылгоймаг ноджы батыхст.
— Æмæ мах... Нæхæдæг дæр æххуырсты цæрæм. Æнæуый ма сæм
иу хæдзар ис... Фæлæ фысымтæ ам не сты. Кусгæ кæнынц.
Æхсар дзурын нал сфæрæзта.
Хæдзары цафон вæййывц? — уыд æрæджиауы фарст.
— Изæрæй.
Бахатыр кæн, — акуывта та йын йæ сæрæй. Фæцæйцыд.
— Ницы кæны.
45
Æмæ л&пйу фæлæууыд.
— Ноджыдæр бахатыр кæн. Фенæн ын нæй?
— Цæмæннæ. Йæ дуар гом у.
Æмæ лæппу сылгоймаджы фæстæ бахызт мидæмæ. Бахызт нарæг-
гомау, цыбыр къæлидоры. Ус ын бакодта хатæны дуар.
— Бакæс æм.
Уæрæхгомау уат. Ныллæгæй ныллæг у, фæлæ — райдзаст. Дзе-
рассæты иухатæнон хæдзарæй къуындæгдæр нæу. Æниу,„уæрæх хатæ-
ны фендæй лæппуйыл хур нæ ракæсы. Бæхты дугътæ ^зы нæ уадздзæ-
нис, миййаг.
— Къæбиц нын фысымтимæ иумæ у, — ус ацамыдта æрбахизæн-
æрдæм.
— Цæрæн дзы хъуамæ уа, — йæхицæндзурæгау бакодта лæппу.
Сылгоймаг Æхсары æддаг бакастæй хатыд, йæ къух ын цахæм
хатæн хуыздæр сараздзæнис. Ныр æй фæци йæ хъуыды зæгъыны бон:
" — Йæ аргъ дæр афтæ у. Мах хæдзар къаннæгдæр у. Ардæм хъуа-
мæ æрбалыгъдаиккам. Цыппар туманы æмæ нын æй æрдæгæй къад-
дæр не ’руагътой, *æмæ нæхицæн сбадтыстæм, — йæхи бакъултæ кодта.
— Уæдæ сæм уымæй къаддæрмæ хатæн нæй?
— Цытæ дзурыс?! Аргъæутты гакк-гуккау сæ ныхтæй сæ къу-
бæлттæ æрбаскъуындзысты.
— Хорз. Фенон, æмæ сæ ^ уæд абæрæг кæндзынæн, — ныуулæфыд
лæппу. — Ам æввахс, йæ хæдзар æххуырсты чи дæтты, æндæр ахæм
никæй зоныс?
— Нæ, — сылгоймаг та уыцы хъуыддаджы дæр аххосджыныл ба-
нымадта йæхи æмæ та батыхст. Стæй йыл йæ сæры фестъæлфæг хъуы-
дыйæ ныккодта уалдзыгон хур бон.—Фæлæу-ма, фæлæу. Æнхъæлдæн...
— кæрты дуармæ фæцис йæ разæй. — Уа-алæ стыр хæдзар уыныс?
Тæккæ тигъыл. Уыдонмæ цыма уыдис... Уæддæр сæ абæрæг кæн. Ты-
хст адæймаг... Н’æхæдæг дæр мæйгæйтты фæхъеллау кæнæм хæдзар-
агурæг. . *
Лæппу йьш раарфæ кодта, фæлæ йын йæ зæрдæйы та уайдзæф-
тыл схæцыд:
«Мæйгæйтты фæзилут сусæг-æргом хæдзарагурæг, æмæ уын афтæ
дæр^хъæуы! Сæ хæдзæрттæ уын туджы аргъмæ фæдæттынц æххуырс-
ты^æмæ уын афтæ хъæуы. Нæ хъæуты нын федзæрæг кодтат. Йæ фы-
ды-уæзæгыл, йæ-хъарм къуымы уæ йæ сæр цæрынмæ ничиуал дары.
Фооы фæдыл.иу рындзæй-иннæмæ.дæхи аирхæфсай, дидин губакк уы-
гæрдæны уис æрхæссыны номыл де уæнгтæ айвазай, мæ бон мæныл
дæр иуран бадгæйæ нæ ацыд зæгъыны тыххæй фосæн холлаг нывæ-
рай,чсæ бынтæ сын рамæрзай, уымæй уæм искæй къуымты хъуына кæ-
нын æнцондæр кæсы, æнæгорæттаг цай уын хъæууон къæбæр ад нал
кæны æмæ хъеллау кæнут».
— Къупп, къупп, къупп!..
«Горæттæгтæн ма, цъиуы лæппынтау, куы скъуындæг уа сæ ахс-
тон, уыдон куы атæхой æндæр бынатагурæг, уæд о, фæлæ сымах уæ
ахстæттæ уæхæдæг куы уадзут афтид æмæ сидзæрæй, уæд цы уе зна-
джы уæлфадыл гал лæууы? Дæхи цæттæ хæдзæрттæ горæттаг цæст-
сайæн бибиты тыххæй ныууадз æмæ кæйдæр ныккæндæй ракæс-ра-
кæс кæн».
— Къупп, къупп, къупп!..
Æхсары тигъыл цæрджыты кæрты’дуар фылдæр бахъуыд хойын.
Стæй йæм дзы кæнгæ тарст цæстæнгасимæ рагæпп кодта иу æвзонг-
гомау, саулагъз лæппу. Йæ къæмисæнтæ æгæр’раджы фæурс сты, уый
æвиппайд ацахста æрбацæуæг.
— Дæ бон хорз. ^,
— Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд. Саккаг нæм кæн.
— Хатæн агурын.- Æххуырст хатæн. Сымахмæ мын бацамыдтой.
Уый йыл йæ цæстæнгас æрхаста сæрæй къæхты бынмæ.
44
— Æ-æ-æ, дæ хæдзарылæй! — нырма гуыбыргомау лæууыд, ныр
йæхи фесхъæл кодта, йæ рахис къух дардыл фæхаста бæрзонд æмæ
ныххудт сæрбæрзондæй. — Дæуæн мын царды фæндтæ кæнын дæ бон
уæд, уый йеддæмæ хатæнæй фылдæр цы ис! — байтыгъта йын дуар. —
Мидæмæ рахиз.
Æхсар бахызт кæрты дуарæй. Бараст дурастæрд фæндагыл.
Æвæццæгæн ыл фысымтæ митæрæвæрын нæ бауагътой. æмæ сурбын
дардта.
Фысымы зæрдæбын кæл-кæлæн лæппу ницы бындур ссардта æмæ
йын йæ зæрдæйы арфы хъыг уыд. Уæддæр байрад дурастæрд фæнда-
гæй, сæхимæ, хъæуты сæхи кæрт дæр уый æнгæс астæрд у, æмæ йæ
хъуыды батæлфыд, кæд ма мæм абон исты амонд кæсы, уæд ацы хæ-
дзары ис, зæгъгæ. Уымæн ыл бараст ныфсджынæй. Фæлæ йæ фæурæд-
та фысымы хъæлæс:
— Кæдæм, кæдæм, бирæ цæрай?
’ Дуар ахгæдта. Лæууы схъæлæй. Кæсы лæппуйы фæстæ, уæддæр
æм, дур астæрдыл цалынмæ стыр хæдзары онг бахæццæ, уæдмæ нæ
«рамæсты», стæй йæм йæхи нал баурæдта:
— Æз дын, æрмæст иунæг кæрты дуар кæуыл уа æхгæд, ахæм лæп-
пу дæи? Ардæм-ма рауай! — æмæ кулдуары рахис фарс хæдзары
акомкоммæ цы чысыл, зæронд кæрт уыд, мидбылхудгæ, уый къæсæ-
рæй бахызт...
Æхсар аззад лæугæйæ: чи у, хынджылæг дзы кæны? Стæй йæхи
нал басаста, бахызт йæ фæдыл æмæ кæртæй иу къахдзæф мидæгдæр
ныллæг, зæронд, хъæ’дын хæдзары къæсæрмæ фемдзаст- хæрз æвзонг
чызг-усмæ, Дзерассæйы гуыры конд ын. Æцæг, уый зына-нæзына —
сæвджындæр, стæй саулагъз, карæй дæр дзы хистæр зыны.
— Уазджытæм-иу æддæмæ ракæсут, уазджытæм, уæ хæдзарыл-
æй! — фысым ныр та йæ «маст» ууыл акалдта.— Ахиз, ахиз, ,ахиз!
Æрмæст нын не ’рттиваг паркет ма ныцъцъыф кæн.
Лæппу къæсæргæрон, йæ дзабыртæ раппара, йæ хуылыдз цъын-
датæ сын фенын кæна æви нæ, ууыл куы адывæндтæ кодта, уæд та
ныххудт фысым, стæй йæм йæ пъалто раласынмæ фæкаст.
— Лæппуйы ма ’фсæрм кæн!—уазæгæй æвзонг чызг-ус тынгдæр
бакъæмдзæстыг.
Æхсарæн уæддæр йæ дзабырты тыххæй йæ дывæнд нæма фæци,
афтæ йæ хæрз чысыл къæбицæй балæууын кодтой уаты. Æцæг, уат
дæр къæбицæй бирæ стырдæр- нæ уыд. Дыууæ мидæггаг къуымы —
дыууæ сынтæджы. • Се ’хсæн дæрддзæг дыууæдуарон скъаппæн æгæр
дæр ма æрбауынгæг. Ноджы йын йæ сæрыл чингуытæ самадтой æмæ
ма сæ быны дзуттаджы уаргъæвæрд хæрæджы лæуд кæны. Сынтæ-
джытæй иуы ныхмæ чысыл фынг æмæ бандæттæн дæр бирæ уæгъд-
дæр нæу. Иннæ сынтæджы ныхмæ — пец.
Уыдон — хæдзары дзаумæттæ. Æхсары цæстæнгас сæ уыцы фæ-
кастæн ацахста.
Æвæрд фынджы фарсмæ бадт фысымы кар, фæлæ сæвджынго-
мау, стæй зына-нæзына рухсдзæсгомдæр л’æппу-лæг. Иæ къæлæт ри-
хитæ, æрдыны кæрттау, æртасыдысты иæ роцъойырдæм. Йæ уæлæ —
сау кæсæнцæстытæ. Æхсармæ авæрдта йæ къух æмæ йедзаг сыкъа:
— Мæ ном — Мелитон. Уый та — де ’рбауайæккаг. ’
Уазæг æй йæ фезмæлдæй базыдта, уый дæр фысымтæй нæу.
— Æхсар, — райста йын йæ къух дæр, сыкъа дæр. — Ме ’рбацыд-
мæ дзæбæхæй цы загътат, уыдон хуыцаумæ хорзæй фехъуысæд.
— Фæлæу-ма, æмæ кæд фехъуыстай, мах æвзæртæ дæр фæдзу-
р.æм? — фысым та йæм «фæхъыг».
Æхсар нырма’нæ хатыд, фысым цæмæн арæх «мæсты» кæны —
нозтджын у, фæлæ йын йæ ныхас нæ бамбæрста.
—^Мах иууылдæр дзæбæхтæ дзырдтам æмæ иууылдæр хъуамæ
хорзæй сæххæст уой! — бахудт тя фысым,
/ 45
Мелитон нæма сбадт. -- ------ - •- " _ " *
— Куывтытыл фæстæдæр сразы уыдзынæ. Де ’рбауайæккаг уал
баназ.
Æмæ банызта йе ’рбауайæккаг. Цалынмæ йын къæбæр айс загъ-
той, уæдмæ фынгмæ нæ фæкомкоммæ. Хъыбылы сæр ыл цъæхыгтимæ.
Иæ фæздæг дарыл æмбæлы. Агæй йæ нырма ныр систой. Иæ фарсмæ
— цæхх, дзул, цæхджынтæ, цыхт. физонæг фæуазал. ,
— Уæ Ног аз дарддæр кæнут, — фынджы фарсмæ Æхсары цæст
иунæг афтид бандон —фысымы бандонæй дарддæр, цæуыл æрбад-
таид, ууыл не схæцыд æмæ хуыздæр ныхас не ссардта.
Фысым æй бамбæрста. Иæхи бандон ын авæрдта Мелитоны цур,
йæхæдæг йе ’мкъаймæ фæци:
— Лæугæ ма кæн, ма, дæ хæдзарылæй! Мæ къæлæтджын кæм
ис? — æмæ пецы цурæй фелвæста ныллæг, сабийы бандон. Абадт
ыл. — Бадгæ, бадгæ, бадгæ!
Æфсин бафсæрм уазæгæй. ,
— Кæдæйнырмæ йын журын иу дыууæ бандоны балхæнæм. Иæ
хъустыл не схæшы. Æшæг сæ æвæргæ дæр кæм æркæнжыстæм, —
араст кодта йе ’мкъайы дæр.
Æмæ та «фæмæсты» фысым:
— Уыдæттæ ныууадз, дæ хæдзарылæй! Физонæг ма нын фен.
Æфсин ауад къæбицмæ. Æхсар куывдтытыл сразы æмæ йæм фьь
сым авæрдта йæ къух. ,
— Ныр базонгæ уæм. Гиви. Худитæй.
Æхсарæн цыдæр зонгæ уыдис лæппуйы мыггаг. Стæй сæ нæмттæ
дæр. Æрæджиау сыл фæхæст. Газетты,. журналты сыл фембæлы. Ба-
фсæрм. Уый æнхъæл сын нæ уыд, йæхимидæг.сæ зæронд лæгтæ хуыд-
та. Уыдон дæр æй базыдтой, студент у. Уымæй дæр — ногусджын.
Цардæй рæсугъддæр зæххыл кæй ницы ис, уый тыххæй йын ныфсытæ
æвæрдтой, фæлæ лæппумæ зæрдææлхæнæнты хуызæн фæкастысты.
Сæхи студентон бонтæй йын алы худæг хабæрттæ фæкодтой. Уыдон
дæр бинонтæ куы ’рхастой, уæд фыццаг сæ къуындæг авналæнты тыхс-
тысты... Стæй æвиппайды Гиви йæ бынатæй фæкодта схъиуæгау. «Ра-
мæсты» та:
— Фæлæуут-ма, фæлæуут, уæ хæдзарылæй! Цæуыл т’ыхсут, цæ?!
Мах... — ацамыдта йæ бинойнагмæ, — институттæ дæр фестæм каст.
Редакцийы... зæронд дæр кæнын! Мæ иунæг цъæх чызг æххуырсты
хатæны райгуырд... Бандæттæ дæр мын нæй!_Æмæ ныр цы? Æвзæр
цæл кæнæм? Фæйнæ баназæм æмæ нын алцы’дæр уыдзæнис. Бонтæ
мыстытæ нæ бахордтой.
Æмæ банызтой фæйнæ. Стæй — фæйнæ цалдæргæйттæ дæр. Иры-
стоны, Иры сæрхъызойты, хæстæг-хиуæтты, хорз адæмы, фæллойгæн-
джыты, зæххы, цъарыл сабырад куыд фысымиуæг кæна... Æппæт уы-
дон номыл. Фынгыл уылæн кодта циндзинад, хæлардзинад. Æхсар ха-
тыд, расыг кæнын райдыдта. Стæй йæ хъуыдыйы фестъæлфыд Ацы-
рухсы ном. Иæ зæрдæ цыдæр æнæуынгæ мастæй æрбацæйуынгæг код-
та. Иæ нозтджын зондæй йæ акодта тыхсурæгау, ’ æмæ йын йæ бынат
бацахста Дзерассæ, æнкъард; хъуызгæ мидбылхудтимæ. Иæ зæрдыл
æрбалæууыд сæ ногазон фынг... хатæн кæй агуры... Иæхимидæг ба-
бæллыд, уый дæр искæмæ Гивийы балæууæндоны хуызæн куы ссарид
æмæ йæ фарст нал баурæдта:
. — Хатæнæй мын ныфс куы бавæрдтай? Уæ фысымтæм...
Гиви бакъæцæл худæгæй:
—Æй, дæ хæдзарылæй! Уый дын мæнæ ацы хатæнæй дзырдтон.
Иу-дыууæ мæйы размæ йæм æрбалыгъдыстæм. Стæй дæм бакастæд
æмæ, зæгъын, ацы уазалы фæйнæ сыкъа... Мæ ф^сымтæн сæ кæрк-
дæттæ дæр æххуырсты лæвæрд сты. Нæ дæ бауырндзæнис, иу чызг та
дзы семæ цæры. фæлæу-ма.'.. — цæуылдæр ахъуыды кодта. —"Нæ, нæ,
дæуæн уый хорз нæ рацæудзæцнс, Л^цпу ма куы уыдаис, уæд ^ндæр
46
хъуыддаг у: ды дæр семæ бацæр, æмæ уыцы чызг дæр дæу нæу? —
амæ та бакъæцæл худæгæй.
Мелитон сæм каст, рæгъ-иу акуывта æмæ анызта. Цас фылдæр
нуæзта, уый бæрц дзы рох кодта къæбæр айсын. Стæй æфсин кæдæм-
дæр’ ацыд æмæ йæ фæцис тамако дымыны бон. Алы куывды фæстæ
дæр — æнæхъæн сигарет. Рæгъытæ та фæстиат нæ кодтой æмæ йæ
нал хъуыд, пæрттойы сæр, Иу сигаретæй-иу ссыгъта иннæ. Нозтджын
у, уый йыл мæнæ-мæнæ нæ зынд. Зæгъгæ, фыццагау сабыр бадт, уæд
æй Æхсар сыкъадзæф дæр нæ рахуыдтаид, æмæ дзы лæппу, æвæц-
цæгæн, адæймагæн йæ расыг фылдæр йæ цæстытæй фенхъизы, уымæн
та йæ йæ сау кæсæнцæстытæ æмбæхсынц, ахъуыды кодта. Фæлæ-иу
ныр йæ куывд адаргъ. Арæх-иу, ахызт, адæм дурæхсæнимæ архайын
кæй нæ зонынц, сæ ныхтæ дзы уыйтыххæй кæй цæвынц, уымæ. Мæс-
ты кодта, ^æргомдзырд кæй не стæм, нæ царды ныхдуртæ нын исчи
атулдзæнисмæ кæй æнхъæлмæ кæсæм, уыдæттыл. Æндæра, зæгъы,
уæд алкæмæн дæр фаг кæнид балæууæндон дæр, алцы дæр.
Гиви расыг кæнын райдыдта æмæ та-иу ын хæдзары коймæ уыцы
хъазæн ныхас æнæзæгъгæ нæ фæцис:
— Дæу дæ бонæй уæд! Ды хицауады хæдзæртты æввонгæй цæрыс
æмæ...
• Æхсарæн та йæ зæрдыл æрбалæууыд,< хæдзарæй æххуырст хатæн
агурæг кæй рацыд, Дзерассæ йæм, куадзæны æрцыдмæ æнхъæлмæкæ-
сæгау, кæй кæсы, уый тыххæй ныллæууыд цомы къахыл.' Стæй Гиви-
йы зæрдыл æрлæууыд, кæмдæр ма кæй зоны...
Æмæ йæ ныхас фескъуыд æрдæгыл: .
— Нæ, нæ, нæ! - Уыдон дæ аккаг адæм не сты. Ды хорз лæппуйы
хуызæн зыныс æмæ уыдонмæ цардæй ницы фендзынæ.
Æхсар, зæгъгæ, æвронг уыд, уæд ын йæ дзырдыл дыууæ нæ загъ-
таид. Æвзæр фысымтæм цæмæн цæуы цæрынмæ? Ныр ныллыг кодта,
йæ каисты хæдзары цæрынæй йын уым æвзæрдæр нæ уыдзæнис. Гиви-
йы ныхас дзы уымæн нал ферох.
— Уæддæр мын сæ бацамон. Бацæуон, фенон сæ.
Æмæ лæппу рамæсты йæхимæ;
— Ныр мæ цы мæ дзых хордта? Дæ хæдзарылæй, чизоны, хуыз-
дæр фысымтыл фæхæст уай?
Хæдзар Гивитæм дард нæ уыд. Сæ кæрты дуары цурæй йын- æй
бацамыдта къухæй. Æхсар æм уынджы араст цæхгæрмæ.
«Æвзæр лæппутæ цыма не сты» — хъуыдьГкодта йе ’мфынгонтæй.
Æцæг йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æгæр сывæллоныл æй кæй банымадтой,
зæрдæлхæнæн ныхæстæ. йын кæй кодтой, уый.
— Кæд дæ искуы нæ сæр бахъæуа...
— Æрцагур-иу нæ.
Дзурынц æм фæстейæ.
Æхсар сæм бузныджы нысанæн батылдта йæ къух. Зоны йæ,
галуантæ йын нæ сараздзысты. Цæгæр хосгæнæг куы уаид, уæд фыц-
цаг йæхи сæрæн схос кæнид. Табу хуыцауæн, цыдæр ныфс дзы бауагъ-
той. Йæ къахайст фæныфсджындæр. Фесхъæл. Фæлæ цы стыр, бæс-
тæттæарæзт хæдзармæ цыд, уый æфсæн дуæрттæй йæ зæрдæйы цыт
дæр фæлм бадт. Уæддæр йæхи нæ басаста, ныххæцыд дзæнгæрæджы
къæппæгыл. Чысыл фæстæдæр æм дурын асиныл, йæ^ хæдзарон дза-
быртæ тъæпп-тъæппгæнгæ, æрхызт ныллæггомау, фæлæ фæтæнтæг
конд, рæсугъд сылгоймаг. Дуар нæма бакодта. Райхъуыст йæ цъæхс-
наг хъæлæс: ; , .
— Чи дæ? — дуары сæрты йæм дзуры.
Лæппу уый æнхъæл нæ уыд. Фæтыхст. • ’
~ Æз... ...
— Æмæ ды чи дæ? ,
— Хатæн агурын. Æххуырст... Сымахмæ мын бацамыдтой.,,
,_ Фæцыд даегьæлы дзыгъад-м^Г’ьул, Байгом ^ефсæц дуар;
47
Æхсар ма йæ цæсты зулæй ацахста Гивииты. Лæууыдысты дыу-
уæ æмбалы, дыууæ æмкусæджы æмæ йæ фæдыл кастысты æнæдзургæ-
йæ.
ю. • ^ - * - V ." -/ ~с - •
Дзерассæ.бадт афтид фынджы уæлхъус. Йæ къух фынгæй ныббы-
цæу це ’фсæрмæ. Æфсæр цыма цурк фестад, чызджы армы дзыхъхъы
сæдзгæ ныккодта, нал змæлы. Уæддæр ма æххуырст хатæнмæ ацæ-
уыныл кодта Дывæндтæ. Зын æм каст æцæгæлон къæсæрыл цæрыны
охыл балæууын. Куыд кæндзысты, цы кæндзысты афтид дзыппæй аф-
тид хæдзары?
— Сынтæг дзы ис, нæ?
Иæ цæстæнгас æрæджиау фæхйцæн фынгæй. Азылд диванмæ.
Æхсарæн йæ уæрджытæй йæ дыууæ армы ныббыцæу сты йæ рустæм.
— Ис, — анцой кодта диваныл. — Ис дзы зæронд фынг, стæй зæ-
ронд бандон дæр.
Æмæ та ныхъхъус сты. . _
— Иæ дуар ын сæхгæдтай? , -.__.._ >;_*/>
— Æнæуый дæр æхгæд уыд. - "*
— Йæ дæгъæл дæхимæ ис?
— Ды сын куыд æнæрхъуыды æнхъæл дæ, ахæм фысымтæ не сты.
Уæд та, дам, нæ фæсайдтай, мын загътой, уæд нæ дæгъæл га нæхи
къухæй цæмæн æппарæм доны? Фæлæ йæ дуарыл ныууагътой.
Стæй та ныхъхъус сты.
— Нæ бандоныл-иу радгай баддзыстæм, — чызг та æрæджиау ба-
кодта тыххудт. - , .
— Радгай дæр æмæ иумæ дæр, — дзуапп ын радта лæппу. — Æз
бандоныл, ды — мæ хъæбысы. Дывæндтæ мауал кæн.
Æмæ’та. Ацырухс йæ хъуынджын, гæрæм кæрц æмæ худы тых-
тæй æрбалæууыд йæ зæрдыл. Æххуырст хатæны цæрынц, уый куы
фехъуса, уæд сыл худдзæнис сæрбæрзондæй. Ныррызтысты йе уæнг-
тæ.Уазал рызт. Фæтарст, куы йын æркæлой. Йæ ивгъуыд цинтæ æмæ
мæстытæ та йæ зæрдæ фысты куы райдайой ног кæнын. Уымæн фæ-
гæпп кодта. Рауад йе ’мкъаймæ. Йæ риумæ йын балхъывта йæ сæр,
фæлæ Ацырухс, йæ кæддæры Ацыйы ’хуыз йæ зæрдæйы кæй уыд, йæ
ном ын йе уæнгтæ кæй баста, ^уый тыххæй тыхст æмææфсæрм кодта
Дзерассæйæ. Нæ йæ фæндыд, йæ’ цæстытæм ын скастаид æмæ сæ ных-
гæдта йæ. уæлтъыфылтæй. .
— Дывæнд нæ кæнын, — йæ зæрдæмæ йын ныккæсын нæ уыд чыз-
джы бон. — Ам мын хуыздæр куы уаид...
; —Дæ фыд ма нæм иу зынд куы фæкæна!..
— Ма тæрс, ам нæ нал æрæййафдзæн. Хатын ын йæ зæрдæйы ка-
тай. Уый афтæ æнхъæлы, æз рынчын кæй дæн...,
: —Уыдтæ! * • %
— ...Кæй уыдтæн, уый ды нæ зоныс. Куы йæ базонай, уæд мæ фæ-
лидздзынæ. Стæй йæ хæдзарæн дæр æдас нæу. Иугæр дзы, зæгъгæ,
куы ’рбынæттон уæм... Æнæуый дæр æй мæстхæлд фæкæнæд хуыцау!
I Асинæй æрбайхъуыст сывæллæтты хъæлæба. Фæцыд дуары хъæр.
Сæ сыхаг йæ лæппу æмæ йæ чызджы æрбакодта сабиты цæхæрадо-
нæй.
— Кæсыс, фæзындысты та. Арадугъ-бадугъ кæндзысты, ’ ахъаз-
дзысты, ам цæрæмы ном та айхъуысын кæндзысты æмæ сæ галуантæм
адымдтой. Иæ мад æмæ, дам, йæ фыдæн иунæг у, горæты сын фидæрт-
тæ !ис, цæй хæдзар ма йын дæттыс? Уымæй дæр — æртæхатæнон. За-
къонмæ гæсгæ, дам, ын йæ фыд йæ бынтæй куынæ дæтта, уæд ын сæ
хай <нæй.
— Закъонмæ гæсгæ... Стæй мад æмæ фыд куы амæлой, уæд хъуа-
мæ сæ бьштæ, с^ хздзæрттæ хццауадæй з^иккой, кæддæра с& йае фы-
4§
ды уæзæгæй исчи феккуырсид! — бынозæй ныуулæфыд Æхсар.
— Æмæ ма сæ уый йæхи æхцайæ балхæдта, фæлæ цалдæргай хæ-
дзæрттæ лæвар чи исы!.. * .
— Дæ фыдмæ куыд бафтыд, дæ фыдмæ ацы?.. Кæд горæты нæ
куыста?.. . •
. — Ницы йын зонын. Уæд ма скъолайы ахуыр кодтон. Дыргъисæн
æфтауцдоны куыста.. Цæуылдæр-иу тыхст. Гыццийæн-иу нозтджыйæй
цæйдæр æхцатæ æмæ гæртæмтты кой кодта. Иухатт ардыгæй цин
æмæ нозтудæстæй (стыррыны цæф баназæд!) баздæхт. Зæххыл нал
хæцыд, горæты дæр уал, дам, мын «иуцæстон хæдзар фæзынд». Рай-
сомæй нæ лыффæдзæхста — хъыпп-сыпп дæр, "дам, макæмæн мацы
скæнат: «Адæмæн æвзæр цæст ис», — дзырдта.
— Æфтауцдæттæй, дам, дзæвгар æхца ссивынц.
* — Бирæ дзы нæ акуыста. Рæстæджы фелгъиты °аздæр, дам, куы
бахаудтаин уыцы бынатмæ, фæбæллыг
— Изæр нын кæны. Нæ чингуытæ, нæ бызгъуыртæ сбæттæм æмæ
цæугæ, — æрбахъæбыс кодта Дзерассæйы, систа йæ йæ хъæбысы. —
Изæры мæхæдæг бауайдзынæн æмдзæрæндонмæ. Хъæуæй мæхи хуыс-
сæнтæ кæй æрластон, уымæй нæм цы амонд каст. • Талынджы сæ. ме
’ккой æрдавдзынæн. х .
Чызджы дæндæгтæ базыхъыр сты худыны номыл. ...
Цас батымбылкæнинаг сты дыууæ цомы къахыллæуд студенты
муртæ. Уæддæр сæм февнæлдтой иумæ.
— Къупп, къупп, къупп... - .
Чидæр дуар хойы. Фидар къухæй. Ныфсджынæй.
Лæппу æмæ чызг бакастысты сæ кæрæдзимæ: кæй \зæрдыл æр-
лæууыдысты? Лæппу базыдта, чызджы зæрдæ та йæхи ныххоста ри-
уы къултыл. Йæхæдæг ауад дуар бакæнынмæ.
Хати. Иæ къухы стыр, сæрст къус. Къусæй хæрдмæ, здыхсгæ,
кæлы хæринаджы тæф. ’
— Цалынмæ хъарм у, уæдмæ дзы ахæрут.
Чызгыл усы хъæлæсæй æрбаулæфыдысты сæрдыгон хъарм бонтæ.
Ауад йæ размæ.
— Хати, кæрдзьш хæрынмæ ма кæй æвдæлы? Лйдзгæ куы кæнæм. ,
— Æмæ уæ сындæг ничи уадзы? - ^ • *«,
— Горæты хæдзар баххуырстам.
— Уæд .мæ мард фенут?!
— Æнцон нын нæу, Хати, дæ ’хуызæн сыхагæй æнæсыхаг уæм,
фæлæ цы нæ бон у?
— Цытæ дзурут?! Уæртæ уыцы дыууæ ’нæрайы цæстæй.æз цы кæ-
нын? Иуы дзы сымах æрцæрут, æмæ мæ уд уæ фæхъхъау фæуæд.
Лæппу æмæ чызг æмбæрстой, Хати сын уыцы ныфсытæ зæрдиа-
гæйдзуры, фæлæ сæхи искæй даринаг фæкæной? Стæй сæ цас хъуа-
мæ дара? Иу бон, иу -къуыри, иу мæй... Стæй’ сæрибар . адæймаг йе
уæнгтæ йæ къуымты бастæй куы райдазйа хатын, ’ уæд ын иубон йæ
дзыхы баст æнæсыхалгæ нæй. Стæй йæхи цæмæн хъуамæ æфхæра?
Иæ хæринагæй йын лæугæйæ ацымдтой, йæ къус æмæ йæи хæ-
Дзары дæгъæл радтой. ’ -
Иунæг ус ма сæ фæфæрстытæ кодта; кæм баххуырстой хæдзар?
’ чи сты сæ фысымтæ, æмæ лæппу æмæ чызг сæ * фæллой * уыцы ист
Дкодтой сæ къухты. - ^ ’ "
— Æз уæм... цæудзынæн... — хохыйас Хати нал баурæдта йæ цæс^
№гтæ. Йæ къухмæрзæн нал иста йае фындзæй. Йе уæхсчытæ фесхъиу^
фесхъиу кодтой æмæ суынгæг Дзерассæйы зæрдæ дæр. Зыдта йæ, йæ
УДæй скъуыйы цыдæр æмæ нал урæдта йæ цæссыгтæ. Æхсарæн та йæ
Маст йæ^ хурхыуадындзты, уызьщау^ ныкъкъуыбылой сындзджын, су-
Дзинджынæй.... Улæфын æй нал уагъта. Æмæ сæ ничиуал фæкаст кæ-
Рæдзимæ. Ахицæн сты æнæсум, æнæсдзырдæй, /
г " " - - ’ —А-
4. «Фидиуæг^ № 2, 49
'II.
Уат уыд хæдзары мидæггаг фисыны. Нырма даргъгомау къæли-
дормæ асины цалдæр къæпхæныл ныххизын хъуыд бынмæ. К/ьæли-
доры кæрон гом дуарæй бахизын хъуыд къæбидмæ. Уырдыгæй мидæ-
мæ иудуарæй уæлдай нæ уыд. Хатæны дуар. Йæ мидæггаг къуымы —
зæронд сынтæг, уый ныхмæ — зæронд фынг. Цынæгъуызон ахорæнты
фæд ыл уыдис. Æввахс рæстæджы кæддæр сæ хæдзæрттæ сæ хъа-
лæй ногæй сцалцæг кæнын æрымысыдысты æм-æ йыл ахорæнтæй баз-
зад алкæи фæд дæр. /
- Зæронд бандонæн, фыдуынд чызгау, æвæццæгæн, йæ бакастæй
йæхи зæрдæ дæр уынгæг кодта^ æмæ нынныгъуылд фынджы бын. Иæ
фæстаг къæхты цъуппытæ, дыууæ цыбæл цæстау, ныййирд кодта фын-
джы аууонæй æмæ йæ ног æмцæрджытæм каст, тæригъæдгæнгæ, цыма
сын афтæ дзырдта: «Æз дзы- цьг уынын хурæй æмæ дзы сымах цы
’нхъæл стут?»
Уаты тæккæ астæуты цæхгæрмæ æвæрд уыд ставд астæухъæд,
зæххæй астæухъæдмæ — астæуцæджынг, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм ай-
тыгъта æмæ,> аргъæутты Æхсон уæйыг арвыл куыд хæцы, афтæ бьь
цæу: ныллæууыд уæллаг хæдзæрттæм. Ныр фæцæрдгъуыздæр, Дыккаг
уæладзыг уромын ын иунæгæй .зын уыдис æмæ ма йын фæзынд æм-
бæлттæ. . ’
Уыйхыгъд йæ зæрдæйы катай, астæу цæдзынджы катай, ахызт
Дзерассæйы, æвзонг, фæлмæнтæзæрдæ-Дзерассæйы удмæ. Чызг къæ-
сæргæрон, дыууæ хызын — йæ къухты, баззад лæугæйæ. ’ Каст талынг,
æдзæрæг куыммæ æмæ-дзы мæгуыр кодта йе ’рхæндæг зæрдæ. Иæ
цæстытæйедзаг кодтой донæй.
-^ Тæрсгæ ма кæн, ме ’фсины къуындзих! — Æхсар мидбылхудгæ,
ныфсджынæй бакъахдзæф кодта мидæ^æ. — Фарн нæ ног къуымы!
Фæкæсма-иу, цы цард ныззилæм! Мæна^-иу ацы цæдзынджы алыварс
расур-басур ’кæндзыстæм нæ# кæрæдзи. Афтæ! Кæс-ма, — йæ хæсси-.
иæгтæ авæрдта пъолыл, цæдзынджыл фæхæцыд æмæ ныззылд йæ алы-
варс. ’ ,
. Лæплуйы, уæлдайдæр,' Кæмци сæм Митын дадайы бæсты куы фæ-
зынд, уæдæй фæстæмæ цъист кодтой йæ каисты хæдзары .къултæ, ныр
йæхи хатыд сæрибардæрæй. Нæ йæ фæндыд æхгæд дзыхæй бадын.
Дзерассæ дæр уый куы бафæзмид, уымæ тырныдта æмæ ныззылд аф-
тид уаты: . \ .
*— Кæс-ма, кафæн фæз дæр нын дзы уыдзæнис. Ас, тох!
л Сæ уæлхъус, мидбылхудгæ, æрбалæууыд фысымты тымбылтæ,
урсцъар. æхсин Тамарæ.
— Артисттæ кæд не стут? - ^ .
Лæппу фефсæрм. Æрæджиауæй фæцарæхст дзуапмæ:
— Нæ/зæрдæты æрхæндæг ,фæсурыны ныфсæй нæхи сайæм.
— Лидзут æм? — фыццаг^ сын æркаст. сæ хæссинæгтæм, стæй Дзе-
рассæйы абарста сæрæй къæхты бынмæ.
— Æрбалыгъдыстæм. Ме... • ’мбалимæ базонгæ ут, — ’æмкъай схо-
нын æй-нæма’бахъæцыд йæ цæсгом.
— Кæсьщæм, кæсьщ. Фæлæ йын йæ бинонтæ чындздзон дзаума-
дæн иуьГфæлыст хуыссæнгæрзтæ дæр нæ радтой?
., —Уыдон дæр . ныртæккæ уыдзысты, — æмæ ныллæууыд цомы
къахыл. — Ды ам фæлæу. Чингуытæ, йедтæ æрæвæр... — кæм, уый йæ-
.хи- хъуыды дæр не ’рцахста. — Фынгыл газеттæ айтындз. Æз хуыссæн-
тæм ауайон’л _. - ’ "
Тамарæ дæр цомыл уыд, уæддæр сын фæдзæхста:
4 ’^ '-— Рухс-иудзæгъæлы ма судзут. Ныр дæр уын æддаг р’ухс судз-
гæйæ баззад. Уыцы стъол дзæбæх куы скраскæ кæнат, уæд гъери-гъа,
нырма лæудз^æн ^æмæ лæудзæнис! Æвз^р стъол æй, миййаг, ма фец-
хъæлут. :
50
Æмæ ацыд. Къæбиц æмæ къæлидоры рухсыты къæрццытæ фæ-
цыдысты, ахуыссын сæ кодта.
Дзерассæ йæ хæссинæгтæ нæма æрæвæрдта. Афтид къуымтæм
каст мæгуыр зæрдæйæ æмæ хатыд, йæхи уд дæр куыд афтид^ кæны.
Уарзтæй, цинæй. Сæ бынат сын ахста тас. Дæлдзиныг уæвыны тас
Æмæ дзы развæлгъау рызт йæ хъæлæс.
— Дзерассæ, ма тыхст, — лæппу йын йæ хæссинæгтæ айста йæ
къухтæй, апъа йын’кодта йæ фæлурс уадулæн. — Зоныс, уыцы жур-
налисттæ... Гиви. Иæхæдæг дæр институт фæцис каст, йе ’мкъай дæр.
Областон газеты редакцийы,> дам, сурс дæн... Сывæллон дæр сын ис...
— Цал аздзыд у сæ чызг?
— Цал аздзыд?.. Нæ зонын. Уым нæ уыдис, — фæтыхст лæппу.
— Чидæр дæ сывæллоныл банымадта. Цыдæр .хъазæн ныхæстыл
дæ баууæндын кодтой. Адæм сæ хъæстытæ газетмæ куы хæссынц, уæд
сæхи кусджытæ та искæй ’æххуырст къуымты цæрынц.
— Цытæ дзурыс, Дзера?! Нæ мыл æууæндыс? Æз дын сæ куы
базонгæ кæндзынæн. Мæнæ демæ куыд ныхас кæнын... Арахъхъ иу-
мæ нуæзтам. Бандæттæ цы сты, бандæттæ, уый дæр сын нæй. Æмæ
зоныс, куыд зæгъы: æмæ ма, дам, цымæ исчи уыдзæнис мæнæй хъæз-
дыгдæр?!
— Романтик цыдæр у. Æз та газет... Кæд дзы ахæмтæ кусынц...
— Дзерассæ, Дзера... Нæ мæ æмбарыс? Зоныс... Уымæ мулк ны-
мады дæр нæу. Зæрдæйы хъæздыгдзинадæн аргъ кæны æрмæстдæр.
Искуы дын сæ базонгæ кæндзынæн.
— Хорз, Æхсар, хорз. Уырны мæ. Нæхи къуым ссарыны хъару
нæм разынд. Уадз, æххуырст дæр уæд, — æфсон кодта чызг. Иæ уд
хъардта тыххудт кæныныл. — Фæлæ ахсæв афтид пъолыл схуыссын-
мæ хъавæм?
— Ууыл мын фæтыхстæ? Æй-йæй-йæ! Æз ныртæккæ!.. — æмæ
лæппу феддæдуар.
Чызг иунæгæй тыхст тынгдæр. Цы сты æмæ дарддæр цы уыдзыс-
ты, уый нæ ахста йæ хъуыды æмæ уынгæг кодта йæ зæрдæ. Фæстаг-
мæ йæм фæсмон æрцыд, æнæзонгæ къуымы изæрдалынгты цæмæн æр-
лæууыд иунæгæй, йæхи цæмæннæ абалц кодта Æхсаримæ? Афтид
къултæ цыма йæ алыварс фыдохы лæуд кодтой...
Чызг йæхицæн йæхæдæг ахъуыды кодта афтæ æмæ .фæтарст йæ
хъуыдыйæ. Фынджы цурмæ адæргæй бауад. Фæлæ, диссаг, йæ къах-
уынæр, пъол мысалгъæй хойæгау, нæрыд афтид хатæны. Афтæ ма’ кæд-
дæрты кинонывты федта, уымæн аззад цавддурæй. Æмæ бахуыфыд,
Къуымтæ дæр та’ бахуыфыдысты.
Чызджы сонт зæрдæ старст. Рызтысты’ йæ уæрджытæ. Бандон
хъавгæ райста, æрбада йыл, уый хъару ма йæм разынд. Фæлæ та зæ-
ронд бандоны хъыс-хъысмæ бахъыс-хъыс кодтой къуымтæ дæр. Æмæ
чызг нал уæндыд йæ уæлтъыфылтæ сæрибарæй æртъæбæртт кæнын
дæр. Сыстын, гом дуар æнгом ахгæнын та йæ зæрдæйы куыд фæндыд!
Фæлæ йыл нæ саст йæхицæн дæр. Тæрсгæ кæны, ууыл баууæндын æй
нæ^ фæндыд. Бадт цавддурæй. Бадт æмæ йæ тарст цæстытæ райвæз-
байвæз кодтой къуымты. Стæй йæ зæрдыл æрбалæууыд Æхсаримæ
пæлæхсар цонг нæзыбæласы бын сæ" фембæлд. Бахудт йæ мидбылты.
Фæлæ, уæдæй ардæм цы мæстытæ бавзæрста, уыдонмæ, кинонывау,
куы каст, уæд йæ цæссыг ахсын райдыдта йæ цæстыты. Ницыуал æй
фæндыд хъуыды кæнын. Уæддæр йæ зонд æмæ йæ зæрдæ нæ кастысты
йæ коммæ. Сæ кæрæзийæн бустæтæ кодтой, дыууæ файнустау.
Зонд. Нырма йын, иумæ бацæрат, ууыл ма хъуамæ сразы уыдаис.
Зæрдæ. Æмæ стæй... Æмæхсæвæджы уыцы бæласыл æнæнхъæлæ-
Джы куыдта зæгъыс?
Зонд. Маст æрцæуы æмæ ацæуы.
Зæрдæ. Алыхатт нæ/
Зонд. Фароны митау ын батадацд, \- . -.
* . N
Зæрдæ. Искæимæ йын æмбæла, ууыл нæ хъæцыд, йæ чындзы
ацыд ын куыд сфæрæзтаид?
Зонд. Мæрдджын фæрæзджын у.
Зæрдæ. Иæ зæрдæ мæстæй фæрккай фæхаудаид.
Зонд. Нæ фæхаудаид.
Зæрдæ. Фæхаудаид.
Æмæ чызджы зæрдыл æрбалæууыд,. Æхсар уæдæй нырмæ æм-
дзæрæндоны къæсæрæй йæ къах куыд никуыуал бавæрдта. Ныр...
Цыма æнæхъæн бон уым ныффæстиат, фæтарстис ын. Айрох дзы
йæ иунæгдзинады тас. Фестад. Дуармæ акодта згъорæгау. Талынг
къæлидорæй йæхи аппæрста уынгмæ. Изæрмилты дыдзы рухсмæ йæ
цæстæнгас згъордта иу бæлццонæй иннæмæ. Фæлæ кæм ис Æхсар?
Цæмæн.æрæджы кæны? Кæимæ ныффæстиат?
Стæй йæ зæрдæ адзырдта, кæд, зæгъгæ, Ацырухс йæ раздæры
æмцæрджыты фенын æрымысыд. Æхсар сæ куы фена. Тарст, йæхи
куыннæ баурома...
Æмæ чызг йæ мидбынаты рафт-бафт кодта, хъызт боны каркау.
Стæй иуафон машинæ æрлæууыд йæ тæккæ цур.
Чызг машинæджын бæлццæттæм æнхъæлмæ кæсын ахуыр нæ
уыд. Цалынмæ дзы йæ хъус Æхсары хъæлæс ацахста, уæдмæ йыл йæ
цæстæнгас бæстон не ’рæвæрдта. Стæй йæм дзы ракаст хур. Маши-
нæйæ. Æхсары цæсгомæй. Цы йын базонын хъуыд дзыккуджын, тæл-
тæг, модæйыл мард Саукуыдзы дæр. Бур- лæппу у, фæлæ йыл, Сау- *
куыдз æй рахонæм, зæгъгæ, кæй хъуыдымæ æрцы’д, — хæйрæг йæ зо-
нæг. Чызджытæ йæ фæмæстæй марынц!
—'«Омæ, сау куыннæ дæ». •
— «Нæ дæр куыдз дæн», — вæййы йæ итувæрд дзуапп.
Фæлæ ма машинæйы дуа.рæй афтæ зынтæй чи хизы? Чи у уыцы
зæронд ус? Æцæг, афтæ зæронд дæр нæма у.
Чызджы зæрдæ- бакатай: .æнæмæнг та сæм чидæр æрбалæбурдта.(
Исынц хуыссæнтæ, цыдæр хæссинæгтæ. Цæуы аг, тæбæгътæ, аг-
уывзæты дзыгъал-мыгъул.
«Æвæццæгæн, æмдзæрæндтшæй йæ сапон дæр рахаста», — хъуыды
кодта чызг, фæлæ, зæронд ус чи у, уый йæ æндæвта, æмæ баззад цавд-
дурæй. Лæууыд æргъæфстæй. Кастис сæм дзагъырдзастæй.
— Дзерассæ, истæмæ нæм фæкæс! — Æхсар ыл скъуырдта йæ
цæст.
Чызг сæм фæцæйкодта зынджытыл цæуæгау. Ноджы дзы зæронд
ус нал иста йæ цæст.
*— Уый у? — æргом басхуыста Саукуыдзы.
— Уый, мæ мады хай! Бакæс-ма йæм, фаердыджы хуызæн.
Саукуыдзæн ныхас зæгъын амонын нæ хъуыд. Уымæй дæр чыз-
джы номыл. Хонгæ йæхи Æхсары æмдзæрин кодта, æндæра: райсо-
мæй, сихорм’æ — институты фæссихæрттæй фæсахсæвæртæм — чыз-
джытæм. Цоппайы зилæгаусæ æриу кодтаид хатæнæй хатæнмæ. Иæ
ахуыр дæр — уыдонимæ, йæ хæрд дæр, йæ ацыд, йе ’рбацыд дæр."
Чызг йæ къах скъуырдта зæронд усы цæстæнгасыл.
Уымæн дæр дзырд расайыны æфсон фæци:
— Æй, мæ фæрстæ дын фехæлой, чындз! Æвæццæгæн дæ ацы
къулбадæг стонгæй амардта? Фæйнæджы фарсы хуызæн куы ныддæ!
— цыма рагæй зонгæ уыдысты, зæронд ус йæ пъалтойы хъуыр ба-
рæстытæ кодта, йæ армæй йæ былтæ асæрфта дыууæрдæм æмæ ныхъг
хъæбыс кодта Дзерассæйы. Дыууæ къухæй йын ныххæцыд йæ уадул-
тыл æмæ йын йæ былтæн ныккодта адджын пъа. Машинæ ^раджы фæ-
цис тигъы аууон, уый чызджы нæма суагъта йæ хъæбысæй. Иæ цины
цæссыгтæ уадысты йе ’нцъылдтæ уадултыл. — Уый æнхъæл та чи уыд,
мæ удæгасæй ма мæ къæсæрæй чындз æрбахиздзæнис,
Саукуыдз худæгæй бафсæст;
— Фæйнæджы фарр!
№
— Гыцци, йæ фæрсчытæ йын нымайыс?
— Омæ, уæдæ, кæйдæр чызджы къæбæрæй нæ дарыс?
Дзерассæ ныфсæрм. Иæ сæр, нытътъыста йæ роны.
— Мидæмæ уæ нæ уадзынц, дуармæ цы слæууыдыстут? — Хати
æдхызын сæ уæлхъус • куыд балæууыд, уый сæ æхсæвы цæстæй ничи
равзæрста.
Дзерассæ æмæ дзы Æхсар бабуц сты. Цыма сæм арвæй æрхауд,
уый цин ыл бакодтой. Хатийы цæстæнгас та-иу, фæкæс æмæ андæгъд
зæронд усыл..Куы базыдта, "Æхсары мад у, хуынимæ сæм уынæг æр-
цыд,. уæд йæ бæзджын хъæлæсæй бахæл-хæл кодта:
— Æз ма та сын æнахуыйæн къæбæртæ рахастон сæ фæдыл. Зæ-
гъын, сын сæ ног бынатæн акувон. Уый ма зонай, ам хуын ис!
-—Цæй хуын,-—йæхи бакъултæ кодта мад. — Æз ма йæм аппши-
житимæ бацыдтæн. Зæгъын, уым сæ исчи зондзæнис. Йæ цæрæнбон
бирæ, ацы лæппуйы мын тыхæй-фыдæй ссардтой, æмæ нæхион дæр
нæ уæлхъус балæууыд. Бирæ цæрут.
Æмæ бахызтысты мидæмæ.
Æхсæвæр цæттæ кæнынæн сæ бирæ рæстæг н’æ бахъуыд, фæлæ
Æхсар Гивийы, дам, мын æнæфæхонгæ нæй. Гиви та — æнæ Мелитон,
дам, мæ хъуыры доны хъуыртт дæр нæ ныххиздзæнис. Мæ фысымтæй,
дам, æм бадзурдзынæн телефонæй. Æмæ йæм дзырдта æнæхъæн са-
хат. Æви Æхсармæ афтæ фæкаст? Дуармæ йæ дæндæгтæ уазалы
хоста, йæ былтæ — тымбыл къухæй: «Ай йæм телефонæй’ уый бæрц
дзурын кæм хъæуы, уым æм æнхъæлмæ кæсын цас хъæудзæнис?» Фæ-
лæ йæ ныййæфтой хæдзары. Æхсартæм. Гиви кæд фæцис йæ фы-
сымтимæ ныхасыл.
Хæрд кæм вæййы, уырдыг дæр уым ис. Сæ ныццыдмæ фынг
æвæрд уыд æмæ рæгъытæ скъæрдтой фæсахсæвæртæм. Æвзонг æм-
къæйттæ, се ’ххуырст хатæн кæй бахæдзаргъуыз, уый цинæй нал уы-
дысты æмæ сæ зæрдæты хъармæй тавтой иннæты дæр.
Стæй сæм’ иуафон æддейæ байхъуыст цыдæр гуыппытæ, къахуы-
нæр, адæймаджы гуым-гуым.
— Нæ уæйыг дæр фæзынд, — йæ былтæ акъуырдта Тамарæ.
— Æй, йæ гуыбыны тæвд цæхæр куыд ацыд, гъе-е! — фынгæй,
æфсæрмыгæнгæ, фестад Тамарæты цæрæг мæллæг сылгоймаг, хъуамæ
æддæмæ ауадаид, фæлæ æрбацæуæг фæраздæр,- усы иувæрсты йæ сæр
бадардта мидæмæ:
— Æздæрамдæн!
Уым уыдис, фæлæ бадын йæ бон нал баци: иу-дыууæ агуывзæ ма
банызта æмæ йæ сæр æруагъта фынгмæ.
Бахъуыд æй сæ хатæнмæ бакæнын.
Æмæ та фынг сбадт йæ гаччы.
Фæлæ дыууæ æмбалы фестадысты иурæстæджы, райсом, дам, нæ’
куыстмæ цæуын хъæуы æмæ нал æрбадтысты.
Хати, мæгуыр, барасыггонд æмæ зæронд усы скодта йæ дæларм:
— Мæ мард фенæд, ахсæв дæуырдыгæй мæ хæдзар чи нæ фена!
Ам сывæллæтты ныууадз æмæ сæхицæн гæботæ кæной! — æмæ та-иу
оахудт хъæрæй. — Дæуæн дзы уæддæр сынтæг нæй.
— Бирæ цæрут! Цæй сынтæг мæ хъæуы? Мæнæ фынджы хъусыл
Дæр афьшæй кæндзынæн.
^ — Кæд дæ фæнды, уæд махмæ баулæф, — Хатийы цæстмæ йын
*амарæ дæр æфсонæн бакодта, махмæ баулæф, зæгъгæ, фæлæ уазæ-
Джы дзыхæй куыддæр «нæ» схаудта, афтæ фæцæуæг:
Г~ «Нæ лæг ацы хатт æгæр æрæгмæ зыны æмæ йæм акæсон».
Хати йыл бафæрсыл худæгæй:
фе """-Хах-ха-ха!.. Ныр йæ фæдыл куы фæцæуæг уаис!.. Мæ мард
хæл’ сдзУР~ма йæм, ныртæккæ, зæгъ, уæм фæцæуын. Басудзæнт ахæм
Дзæрттæ... сæхицæй дарддæр сæ куыд ничи уа, афтæмæй.
^аД базыдта, Хати йæ дзырд нал басæтдзæнис æмæ йæ чындзмæ
аивæй адзырДта Къуыммæ. Сысчъйл Кодта Цалдабр къабайы фæдджй-
тæ. Мидæггаджы дзыппыл æфтыд булафкæтæ суагъта. Систа дзы
къухсæрфæн. Йе ’лхынцъытæ йын суæгъд кодта ’дæндагæй. Кæд ын
дзы тыхт уыдис æхцатæ. Гæххæттын сырх æхцатæ. Тъыссы сæ чыз-
джы къухы:
—Нæ н<амыл дзы иу тымбыл къухдарæн де ’нгуылдзыл бакæн,
Дæ фæхъхъау фæуон. Дыууæсæдæ сомы сты.
— Нæ, нæ, нæ. Цытæ дзурыс? — сæфсæрм чызг. — Мæнæ ма, Æх-
.сар!
Лæппу дæр бадиссæгтæ кодта.
• Æгæр хъæрæй дзырдтой, æмæ Хати бамбæрста хъуыддаг. Æрхæ-
цыд йæ сины сæртыл;
"— Уый та куыдтæ кæнут, куы?! — ныхъхъæр сыл кодта. — Лæн-
пу мын куы уаид, бинонтæ куы ’ркæнид!.. Хатийы мард .фенут, Хати
бæстæ иннæрдæм куыннæ афæлдахид!
Æмæ сæ дыууæ з^егъын никæйуал бон баци.^
Стæй æвзонг лæг æмæ ус баззадысты иунæгæй. Чысыл размæйы
хъæлдзæг фынг, хион, зонгæтьг ныфсæвæрæцтæй сæ зæрдæты катай
фæлыгъд кæдæмдæр. Хуыссæг сæ нал ахста. Сæ кæрæдзийы цинæй
нал æфсæстысты æмæ ма æхцон рæдзæ-мæдзæгæнгæ дæр рухс царды
фæндтæ кодтой. Уырныдта сæ, цард æддейæ бакæсгæйæ адæймагмæ
куыд мæнгард, куыд зын, куыд хæмпæл кæсы, афтæ кæй нæу. Æмæ
хъæбыс-хъæбыс æрфынæй сты сæ рухс бæллицтимæ.
12. .
Студенттæ .иууылдæр зыдтой, уыдзæнис сын æнæхъæн институтоц
ногазон изæр. Хæнт фæсногаз, тæккæ’ зымæгон фæлварæнты агъом-
мæ кæй уыдзæнис, уый дæр* никæмæн уыд сусæггаг. Ногазон æхсæв,
дам, алчи йæ хæдзары хъуыддæгтыл вæййы, институтмæ уыйбæрц
адæмы нæ равдæлы.
Уæддæр æм сæхи рагацау райдыдтой цæттæ кæнын. Уæлдайдæр
фыццагкурсонтæ. Уымæн æмæ ахæм изæры никуыма уыдысты. Нырмæ
институты къæсæрæй студенты ’номыл бакæсын уыдис сæ бæллиц,
ныр ын йæ хорздзинæдтæ уыцы улæфт куы скодтаиккой, уый сæ фæн-
дыд.
Дзерассæ æмæ йæм Æхсар фыццаг цщуинаг нæ уыдысты. Ног-
азон изæрмæ.
’ Фæндгæ та сæ куыннæ кодта, зыдтой йæ, се ’мбæлттæ иууылдæр
уым уыдзысты. Æвзонг зæрдæтæ та магнитæй уæлдай.не сты, кæрæ-
дзимæ фелвасынц сæхи. Уæлдайдæр ахæм рæстæджы. Бæрæгбонвæ-
- лыст фæсивæд, дардæй бакæсгæйæ, алыгъуызон рæсугъд дидинджы-
тæйбыд чъинайы æнгæс вæййынц. Ноджы ма куы фæкафынц! Мыды- ■
бындзытьг æвзæнау, худгæ’ дыууæрдæм ’куы фæратæх-батæх кæнынц!..
Зыдтой уый дæр, ногазон изæр æнафонтæм кæй аххæсдзæнис.
Уæддæр студенттæ йæ сæхгæныныл нæ уыдзысты разы. Кæнгæ бустыл
схæцдзысты, фæнддзæнис сæ суанг бонмæ фæкафын, суанг бонмæ фæ-
зарын.
Студенттæ сæ гуыры конд сæ райстбавæрд дарæсы равдисыаыл
сæ удтæ кæй хъардзысты, уый дæр тынг хорз зыдтой.
Æмæ æвзонг æмкъæйттæ сæхи нæ цæттæ кодтой уыцы зæрдæ*
зæгъгæ бæрæгбонмæ.
Дзерассæ, хъалзæрдæ чызджытæ йыл кæй тыгуыртæ кæндзысты,
цæстæнгасæй йæ кæй хæрдзысты; йæ чындзы ацыдæй йæ конд фае-
хуыздæр, йæ къуыбыр уд дидинæг рафтыдта æви йын æмпылгæ кзе-
ны, — уыдæттæ дзыхæй-дзыхмæ кæй скъæфдзысты, уый развæлгъау.1
хатыд. Се ’взæгтæ йыл ныхдзысты, цы йæ уæлфад гал.лæууыд, чи,й^|
чындзыцæуæг кодта, зæгъгæ. !
^Дзерассæйы цур нæ. Фæсфæд. Стæй дзы, чизоны, Дзерассæйь*.1
54' -
Цур дæр йсчитæ суадзой се ’взæгтæ. Уайдзæфгæнæджы, барджын дэем
дæн æмæ дын дæ ных комкоммæ бакъуыроны хуызы.
Æхсар дæр уыдæттæ йе ’мкъайæн йæ бынозæй сулæфтытæ, йæ
дзырдты скъуыдтæй йæ ныхыл касти æмæ йæ дзыхыл сæвæрдта цъут-
та. Уый æмбæрста чызг дæр; æмæ йæ уый тыххæй нæ фæндыд ууыл
лæппуимæ æргом уынаффæ кæнын.
Ногазон изæрмæ уыдæтты тыххæй нæ фæндыд Дзерассæйы.
Æниу, нæ фæндыд раст нæ уыд. Иæхи æддæмæ афтæ æвдыста,
æндаера-иу фæцыд æмæ ’рцыд, ногазон изæры кой та-иу цыдæр æф-
сæнтты æнæракæнгæ нæ фæци. Сæ Гыццийы, Æхсары мады, автобу-
сыл хъæумæ куы афæндараст кодтой’ æмæ дæларм-уæларм сæхимæ.
куы рацæйздæхтысты, уæддæр та бабæллыд:
— Тæхуды, ныр мын Гыцци цы къабайаг æрхаста, уый хуыд куы
фестид! Ахсæв ногдзон изæры балæууиккам. А’хæм зынаргЪ хъуыма-
цæй дзы бирæтыл н’æ уыдзæнис къабатæ. «
Æхсарæн æхсызгон куыннæ уыдаид, йæ мады лæвар йе ’мкъайы
зæрдæмæ афтæ тынг кæй фæцыд. Бахудт.
— Æмæ,йæ бахуыйын кæнæм.
— Бахуыйын... Изæрмæ дын æй ма ацæттæ кæной!
— Æхца, йæ бонкалы,.Дзера.
— Иæ мардæрцыд дæр уый у, Æхсар.
— Гыцци дын цы къухдарæны аргъ радта, уый уал чысыл фæцух
кæнæм. Фæстæдæр сæ. кæд йстæмæйты баххæст кæниккам, — лæппуйы
нæ фæндыд, чызгæн йæ зæрдæйы цин йæ- риуы амæла,-уый; уæддæр ма
^ъызгæйæ дзырдта. > " >
Чызг ын бахудт йæ ныхасыл:
— Къухдарæны аргъæй æз æндæр бæллицтæ фæнывæзтон. ’
Лæппуйæн йæ фарст йæ цæстæнгасæй бамбæрста.
— Зæгъъын дзы иу скъапп балхæнæм, нæ къуымы, дзы исты æрæ-
вæрæм. Хæдзаргъуыз бауаиккам.
Царды фæндтæ кæй кæны, йæхи уды цинтæй йæ сæ иумæйаг цард
тынгдæр кæй æндавы, уый - æхсызгон уыд Æхсарæн. Кæмдæрг йæ
хъуыдыйы арфы, батæлфыд æвæндон фарст: рæстмæ йæ зонгæ дæр
куыннæма кодта, йæ уды цы тæлфьг, уый йæ зæрдæйы хъустæй куын-
нæ уыдта, уæд афтæ æнæнхъæлæджы (сæхицæн дæр!у куыд бацар-
дысты (?); Ацырухсы уарзт ын йæ цæстытæ афтæ сæхгæдта æмæ, йæ
алыварс цы уыд, уыдон мауал æвзæрстаид, ’ куыд* æнæуынгæ уыд-Дзе-
рассæйы сыгъдæг уд? . *
Ахæм фарст батæлфыд лæппуйы хъуыдыйы, фæлæ Ацырухсы, йæ
кæддæры Ацыйы номмæ йæ зæрдæ фæхæрр’æтт кодта æмæ йе уæнгтæ
ауазал сты. Чызгæн дзуапп дæр уымæн æрæджыйау радта:
— Гыццийæн хъыг уыдзæнис. , ’ .
— Гыцци нæ бамбардзæн. Ды дысон нуазгæ кодтай æмæ нæ ха-
тыдтæ, нæ афтид къуымтæм кæсгæйæ, йæ цæстыты сагъæс, мигъау,
куыд ныббадт.
— Уый брн дæр нын цы у? Уыцы капеччытæ дæр, æвæццæгæн, йæ
пенсийы муртæй фæтымбыл кодта.
— Æмбаргæ нæ, ахсæв ногазон- изæр чъыллипп кафты йæ зæвæ-
,тæй йæ чъылдым чи хойа, уыдон нæ бакæндзысты. -/' • . 4
Чызгæн йæ мад загътаид ныртæккæ афтæ. Йæхæдæг дæр нæ ба-
зыдта, йæ мады фæзмыдта æви йæхи хъуыдытæ дзырдтаæмæ баф-
сæрм. Зыдта йæ, асырх. Æхсары уæхсчы аууон хъавыд йæ къæмдзæс-
тыг бамбæхсынмæ. Йæ цæсгомæй йæ ауарзта.
Лæппу æрлæууыд. • '<
— Дзера,^ ныр уый цы у? Дæ зæрдæ ногазон ’ изæрмæ /гоны ,йæ
бæттæнтæ æмæ де знаджы фыдудæй марыс. " --,'..
— Цытæ дзурыс, Æхсар?.. — чызг бынтон йыфсæрм. . •: ;
— Уынын дæ... Хатын æй.
55
— Æмбæхст зæрдæ уæвын дæр, чизоны, хатт тæхудиаджы хъуыД-
Даг у";-
— Ау, нырмæ куыд цардыстæм не ’мбæлтты ’хсæн, ныр афтæ гæ-
нæн нал ис? Æви нын, æцæг, мулчы рæмпæг бахордта нæ удтæ? Ацы-
дыстæм æмæ фæци! Адæймагæн алцы дæр йæхицæй нæ цæуы? Адæм
адæймагдзинадæй адæм не сты? Нæ удты марг ма цæллахъ кæнæд,
æндæр иннæтæ... Бамбæрстай? Иæ сæрæй чи хъуыды кæны, уый нæ
бамбардзæн. Кæй цæмæн бахъуыдысты уыцы цацатæ, уыцы бибитæ?
Чц сын табу кæны?.. Ацыдыстæм ногазон изæрмæ!
Æмæ, лæппуйы зæрдыл æрбалæууыд, Ногбонæхсæвы хæд размæ
,магазинм'æ бахизæны Ацырухс сырх «Жигули»-йæ, гæды къуымбилты
’хсæнæй куы кæса,. уый каст куыд кодта Æхсармæ, куыд ыл худт йæ
цацаты ц’инæй... Уымæн фескъуыд йæ ныхас æрдæгыл.
Чызгæн та куыд æхсызгон уыд, йе ’мкъай фæндвидар .кæй разынд,
дзурын æй кæй нал суагъта, уый! Адæм сæ хъыс’мæт сæ цард сара-
зыны тыххæй сиу кæнынц æви къæсæрæй дуармæ хъуыддæгтæ батъæп-
пытæ кæныны? Цард кæй сараздзысты, бæллиццаг, хæлæггаг цард,
ууыл та Дзерассæйы уарзæгой зæрдæ иу цæсты фæныкъуылдмæ дæр
нæ дызæрдыг кодта. Уымæн/æмæ, йæ зæрдæ, йæхицæн æнхъæл кæмæй
нæ уыд, уыцы уарзтæй, Æхсары уарзтæй ссис йæ хъуырмæ. Æнхъыс-
тис, æнхъæвзта фæйнæрдæм. Лæппуйæ уæлдай райгонддæр та,' иу су-
лæфт, иу, цæстæнгас, иу фезмæлдæй йæ кæй æмбæрста, уый, тыххæй
уыд. Уæлдайдæр та уыцы тæккæ.
Æмæ æвзонг чызг саубон-баизæрмæ иуран нал æрбадт, йæ къух-
тæн æнцой нал радта: æхсадта, хæринаг арæзта, йту кодта.... Æхсар
æм каст æмæ йæхицæн сусæг-æргом царды ныфсытæ æвæрдта: «Кад
^ мæм ’исты амонд кæса, уæд фердæхтмæ зынгæвæрдæй уæлдай нæу.
Æцæг, кæд йæ низæй фервæзт, уæд уый дæр у иу царды.фаг циндзи-
над. Кæд æй мæ бон самондджын кæнын бауа, уæд мæ хъысмæтæй
хъаст никуы ракæндзынæн». :
Æргом тач затъта: ’ .
— Æмдзæрæндоны къуымы*ахæм хуыцауы ратгæ æхсины æрмт-
тæ фезмæлынмондагæй цъæх арт уадзынц, уый нырмæ куы зыдтаин!..
Мæ цæстытæ кæм хизынмæ уыдысты?
йæ цаестыты кой цæмæн ракодта, уыцы хъуыды нæ- аирвæзт чыз-
джы хъусты иувæрсты. Уымæн æй фелхыскъ ко’дта:
— Дæ дæндаг... ^- «хуыздæртыл» зæгъын нæ бауарзта йæ цæст, —
æндæртыл хæцыд. ^ V ч
Æмæ та члæппуйы зæрдыл æрбалæууыд Ацырухс, йæ кæддæры
Ацы, йæ зæрдæскъæф: мидбылхудт, йæ адджьш^ хъæбыстæ...
Иæ зæрдæ базмæлыд. Къæмдзæстыджы туджы ’ртæхтæ ахъазы-
дысты йæ уадулты, уæддæр йæхи нæ басаста: -
— Дзерæ, афтæ ма дзур. Ды, æрмæстдæр мын ды дæ^ацы кæлæн
дуцейыл. Стæй маг æндæр ничй дæр хъæуы.
Цы дзуры, уый йæхи дæр æххæст нæ уырныдта, фæлæ чызгæн, йæ
дзырдты рæстдзинад бауырнын кæныны, йæ къух, ын фæрогдæр кæ-
ныны тыххæй æххуыс кодта ноджы зæрдиагдæрæй. Уæддæр сын бай-
рæджы сæ ногазон хъазтизæрмæ.
Спортивон залы тæккæ астæуæй цармæ сырæзт ногазон назбæлас.
Тыбар-тыбур ыл кодтой алыгъуызон хъазæцтæ. Йæ уæлæ сæ цæстытæ
цины ныкъуылду кодтой алыгъуызон ’рухсытæ. Рухсытæм гæсгæ ивтой
къултæ, - цар, пъолы хуызтæ дæр. Студенттæ кафыдысты назбæласы
алыварс. Буфет иу -æхсæвы номыл рахастой спортзалы къуыммæ. Чи-
дæртæ бакъордтæ сты йæ цуры- Цъирынц адджын дон. Хуыппытæ кæ-
нынц^’кофе. ,
Чызг æмæ сыл лæппу дуаргæронæй ахастой сæ цæст, Сæ фыл-
дæр — фыццагкурсонтæ. Æвæццæгæн, изæр райдайынмæ ныуурс сты
сæ цæстытæ. Уыдон дзы бынат куыннæуал фæуайы тæсæй сæм бæрæг-
бон райдайыны амонд æрхауд æмæ се ’нæрхъ’æц удтæ фехстой музы-
56 \ . - , _
кæйы фыццаг уы’лæнтæм. Хистæр курсонтæ сæхицæн фылдæр аргъ
кæнын фæзонынц æмæ нæма зындысты.
Зал æрдæгталынг уыд. Ногæрбацæуджытыл никæй цæст схæцыд
æмæ сæхи байстой къуымырдæм.
Æхсары цæстæнгас, чъырттым цъиуау, пæррæстытæ кодта иу ка-
фæг æмкъайæ иннæмæ. Фæпæртт-фæпæрттгæнæг рухсытæм сын сæ
цæсгæмтты хуыз дзæбæх нæ ахста, фæлæ дзы йæ зæрдæйыл цинæфта-
уæг уæнгты змæлдыл нæ фæхæст. Батыхст йæхи мидæг. Стæй фе-
фсæрм. Дзерассæйæ. Бакаст æм зулмæ. . ’ *
Чызг йæ фæрсты цыд сæрбæрзонд, мидбылхудгæ. Æрттиваг пар-
кетыл ын лæппуйы хъус ахста йæ зæгæлзæвæт . дзабырты ритмикон
сæртæг къупп-къупп. Йæ хъал зæрдæйыл та у, уый йын цы базонын
-хъуыд. Нал та тасынц йе схъæл зæнгтæ. *
*. Æмæ Æхсар йæхимидæг фæхудт йæхиуыл. Чызджыты ’хсæн Ацы-
рухсы, йæ кæддæры Ацыйы кæй ацагуырдта, уый тыххæй. Æруагъта
йæ сæр. Цыма йе .’взонг æмкъайы зæрдæйы цин фæцæйдавта, чызг ын
йæ къухыл фæхæцыд, уыйау фæци. .
— Фæйнæджы фарс!
Лæппу æмæ чызг музыкæйы зæлты ’хсæнæй ацахстой зонгæ хъæ-
лæс. Цы базонын сын хъуыд Саукуыдзы. Дысон уыцы дзырдтæ æфси-
нæн йæ чындзы номыл куыддæр йæ дзыхæй схаудтой, афтæ андæгъ-
дысты къæбæдайы æвзаджы алгъыл. Ныр дæр æм хъæр кæны.
Ацагуырдтой йæ цæстæнгасæй. Назбæласы цурæй сæм æрттивынц
йæ дæндæгтæ. Йе стыр дзыккутæ алæгъз кодта фæстæмæ. Кафы иу
фыццагкурсонимæ.
— Акафут! — хъæр сæм кæны.
Аздæхта сæм студентты цæстæнгас. Чидæртæ сын арфæ кæнынц
сæ къухты змæлдæй.
— Акафæм? — æрлæууыд Æхсар.
— Акафæм, — чызгæн куыд æхсызгон уыд, куыд æнхъæл уыд, аф-
тæмæй фыццаг хатт Æхсаримæ кафынæй кæй бафсæддзæнис, уый!
Фæлæ фæцис музыкæ. Райдыдтой кафын æмæ, фыддæрадæнгæ-
нæгау, фæцис музыкæ.
Саукуыдз фæхæцыд фыццагкурсоны цонгыл, худгæ балæууыд сæ
уæлхъус/ - - ’ г . - ’
— Гъа, гъа, гъа,! Кæм уыдыстут, кæ, нырмæ? Фæйнæджы фарс!
Хах-ха-ха!
— Де ’мбал дæр къуыдыры. лыггаг куыннæ у! — фелхыскъ æй
кодта Дзерассæ^ æмæ чызгыл баппæрста йæхи. — Ды мæм ма фæ-
хъыг у. . -
— Шофырæй уæлдай нæу. Йæ зæрдæйы æрмæстдæр хæрзхаст
сылгоймæгт’æн ис бынат, — чызг, чи фæкъæмдзæстыг вæййы, уыдонæй
нæ разынд.
Лæппутæ бакъæцæл сты худæгæй.
— Профессионалон шофырæй! — йæ рахис къухы амонæн æн-
гуылдз хæрдмæ фæдардта Æхсар. — Автобусы адæмæй къухбакæнæн
нал уыдзæнис, уæддæр, кæм федтай, ахæм хæрзхаст сылгоймаг машиг
нæйы раз балæууыд, ам мæ ма ныууадз, зæгъгæ, æнæбауромгæ йын
нæ фæуыдзæнис. Фæлтау ын йæхи бынат ратдзæн, автобус мауал фек-
куырсын кæна размæ.
Ныххудтысты та. Фæлæ Æхсары худт фескъуыд æрдæгыл. Шо-
фыры коймæ йæ был нал фæзыхъхъыр. Иæ зæрдыл æрбалæууыд Гæн-
дил.
«Фæлтау, уый дæр шофыр куы уыдаид! — ахъуыды кодта æмæ та
йæхимæ рамæсты. — Æгайтма нæ уыд шофыр! Æгайтма Ацырухсимæ
бацард! Æгайтма Дзерассæйы уарзтæй æфсæст дæн!»
Азæлыд та ног, рог музыкæ.
— Дысон мæ ’амардтат. Уыдон цас нуазынц! Цас нуазынц уæ жур-
налисттæ!.. Уф-фК. — Саукуыдз ныххæцыд йæ цæстытыл.. — Æмæ ма
нуæзтхуыз дæр куы кæниккой.
Æхсар хатыд, йæ чем хæлы. Уый гæнæн та нæ уыд. Судзгæ мард
ыл куы ’рцæуа, уæддæр хъуамæ худа. Дзерассæйы, йæхи Дзерайы
амонд, сыгъдæг саби-уды тыххæй. . .
’ Иæ мидбылты бакодта тыххудт. Акуывта йын йæ сæрæй:
— Иу кафт саккаг кæн.
Дзерассæ кафыимæ дæсны кæй уыд, уымæн ма, æвæццæгæн...
Стæй «æвæццæгæн» цæмæн? Гъай-гъайдæр ын æххуыс кодта йæ цин-
æфсæст зæрдæ. Æхсаримæ, йæхи Æхсаримæ кæй кафы, Дзерассæйæ
фылдæр ыл кæй никæй бон цæуы, уый цин. Нырм’æ-иу æй хъазтизæр-
ты кæд чызг йæхæдæг искуы ракафын кодта, æндæр-иу лæппуйæн æнæ ’
Ацырухс кафæн фæз уынгæг уыд.
Ныр та йыл цæуы Дзерассæйы бон, Æрмæстдæр Дзерассæйы бон!
Ногазон изæрæн йæ райдианæй йæ фæудмæ кафдзæнис æрмæстдæр
уыимæ, Дзерассæимæ. .• ;
Æмæ чызг лæппуйы дыууае цæсты раз райхæлд дидинæгау. Фе-
рох дзы, ног чындзы цыд кæй у, ныр йе ’мбæлтты ’хсæн хъазтизæры
ног фæлысты кæй хъуамæ балæууыдаид. Ферох дзы, сæ .иумæ б’ацар-
ды æхсæвæй фæстæмæ сын фæлывд хъысмæт сæ уарзты артыл уазал
дон кæй калы. Æрмæстдæр ма йæм æрттывтой Æхсары худгæ цæсты-
тæ. Æрмæстдæр ма уыдта Æхсары худгæ былтæ.
Тыххудт ын кодтой? Кодтаиккой тыххудт, кæнгæ худт дæр. Уый
фенын чызджы нæ фæндыд æмæ йæ нæ дæр уыдта. Нырма фыццаг
хатт кафыд йемæ ахæм зæрдæйыуагимæ. Фыццаг хатт æм уыд афтæ
барджын. Фыццаг хатт!
Уыцы бонæн та æрцæуæн æнхъæл куыннæ уыд, афтæмæй йæм йæ
былыцъæрттæ куыд хордта! > ,
Æмæ йын цин йæ цæстытыл сæвæрдта ’хæрв. Лæппуйы цæсгом-
фыст фы’стæг кæйу, йæ зæрдæ йын, айдæны кæсæгау, уым кæй ис фе-
нæн, уый дзы байрох. • , . ’
•Афтæ хъæлдзæгæй йæ никуыма ничи федта’. Кафынæн гуырд уы-
дис уый уæдмæ дæр, йæ тасгæ уæнгты кондмæ кæсгæйæ, никæмæн
уыд дызæрдыггаг. Ныр цыма кафгæ дæр нæ кæны. Ныр цыма йе уæнг-
тæ змæлгæ дæр нæ кæнынц. Ныртæккæ фестдзæнис урскæсаглас, ай-
тындздзæн йæ базыртæ æмæ стæхдзæн.
Студенттæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой.
Æхсары иунæг кафтæн дæр нæ бауагъта сулæфын.
Л’æппу дæр цыма йæ фынæйæ райхъал, — ^адæггай йе уæнгтæ
айтынг кодта. Фæпæртт-фæнымæггæнгæ рухсмæ уый дæр Дзерассæ-
йы худгæ цæсгом, йе ’лвæст уæнгты аив змæлдæй дарддæр ницыуал
уыдта. Чызджы схъæл зæнгтæ-иу цыма тасгæ нæ фæкодтой, пæррæст-
иу сцæйкодта. йæ цины худт йæ былтыл нæ сæфт æмæ уылæн кодта
лæппуйы зæрдæйыл дæр, басагъта йыл базыртæ.
Ноджы сæм кафтæй-кафты ’хсæн бацыд сæ факультеты ф’æском-
цæдисон организацийы секретарь. Сæ къухтæ сын • райста. Раарфæ
сын кодта, советон адæмы иу бинонтæ кæй фæфылдæр кодтой, уый
тыххæй. Фæцæйцыд. Фæлæууыд. Цыма дзы исты рох фæцис, уый зылд
фæкодта фæстæмæ. Йæ риуы дзыппæй систа лоторейон • билет, ’хиараз-
гæ. Сæрмагондæй институты ногазон изæры тыххæй кæй1 сарæзтой,
изæры рæстæджы чи хъаздзæнис, ахæм лоторейон билет. Дæтты йæ
чызгмæ.
— Уый дын нæ комитеты лæвар. Амондджын билет дын фæуæд! .
Лæппу афтæ фенхъæлдта,- махæн дзы балхæнын æнхъæл нæ уыд,
зæгъгæ, æмæ йæ уд баскъуыдта: ’
— Ис нæм дзы. Ис нæм дзы! Мах дæр дзы балхæдтам!
— Уый лæвар билет у. Лæвары амонд æндæр у!.— дзурын æй не
суагъта æлвæст секретарь- Йæ уадултæ куыннæ фенцъылой, афтæ ба-
худт, æндæра, дам, цæсгом ныауæдзтæ вæййы. ’
58
— Вузныг! — бафсæрм чызг.
Æхсар ын раарфæ кæнынмæ нал фæцарæхст, Уый бæсты йыл ба-
худт. Йæ мидбылхудт йæ цæсгомыл кæй ныссæлын кæны, уый тыххæй*
Стæй та азæлыд музыкæ. Р1æ зæлтæм та кафын райдыдтой наз-
баеласы рухсытæ. Студенттæ дæр. Стæй — Дзерассæ æмæ Æхсар дæр.
Иурæстæджы æрбахизæнæй чидæр нымдзæгъд кодта. Фæцис ма
йæ фæзмджытæ. Дзерассæ æмæ Æхсар фæкастысты дуарырдæм. Фæ-
кастысты æмæ... Ох, исчи фиппайгæ уæддæр куы фæкодтаид, куыд уа-
зал хæррæтт ныккодтой сæ зæрдæтæ! Къæсæрыл сæрбæрзондæй мид-
былхудгæ, лæууыд Ацырухс. Йæ уæлæ — джиппыуагъд, дидинæфтыд
бæрæгбонон къаба. Йæ бæрзондзæвæт туфлитæ йæ систой хæрдмæ. У
рагæппæввонг. Иæ фарсмæ, мидбылхудгæ, лæууьг Гæндил. Йæ галс-
тукыл нæма æрцахуыр æмæ йын æлхьивы йæ хъуыр. Уымæн æм фев-
налы. Банкъусы йæ. Æрраст æй кæны.
Дзерассæ æмæ Æхсары зæрдæты цин иу æхсгæ цæстæнгасмæ
асалд. Бакастысты сæ кæрæдзимæ. Нæ сæ бафæндыд сæ кæрæдзийæн
сæ зæрдæты тас равдисын. Сæ тугхъулон уадултæ бамбæхсьш бацис
фæпæртт-фæталынггæнæг хуызджын рухсыты бон, фæлæ сæ бахудт
æгæр уазал уыд.
Лæппуйы зæрдыл æрбалæууыд, Ацырухсимæ фыццаг хатт сæ кæ-
рæдзийы зæрдæтæм куы ныккастысты, уыцы изæр. Здæхтысты инс-
титутæй, студентты иумæйаг æмбырдæй. Чызг æм, мидбылхудгæ, каст
зулмæ:
* — Нæ институты цæсгомæвдисæг дæ, уый куыддæр мæ хъуыды
нæ ахста, — загъта.
Æхсар æвиппайд фембæрста, чызг цæмæн афтæ дзуры: лæппуйæ
институты ректор æмбырды æгæр раппæлыд. Ныр ын æй Ацырухс æр-
лæууын кодта йæ зæрдыл.
— Æз æндæр хъуыддагæй нымайын мæхи амондджыныл, — уыд
йæ хъазæн ныхас.
— Диссаг, уый ма та цы у?
— Дæ хуызæн саджы сытыл амад чызгимæ мæм иу институты,
уæлдайдæр иу курсы ахуыр кæныны амонд кæй æрхаудта, уый.
Уæддæр йæ амондæй афтæ радчызг.
Лæппу бамбæрста, ныр та йæ кæддæры мысинæгтæй хæлдзæн йæ
чем. ’Æрбацæуджытæм, кафгæ, уымæн аздæхта йæ чъылдым. Чидæртæ
йæ фæхатыд. Нæ аирвæзт чызджы цæстæнгасæй дæр. Ноджы йæ зæр-
дæ бакодта дзыназæгау. Хатыд, Ацырухсы рахауинаг цæстытæй ницы
аирвæздзæнис, базондзæн, Дзерассæ нырма йе студентон фæлысты
хъал кæны йæхи. Сæрбæрзондæй та йæм æркæсдзæнис. Уыцы цæстæн-
гас та æнæкардæй куыд æргæвста чызджы! Ох, куыд æй æнæтугæр-
гæвст кодта!
Æхсары идонæйласæгау уымæн акодта йæ фæдыл. Дыууæ æндæ-
уæгъы ’хсæн слæууыд ногазон назбæлас.
Лæппу фæхатыд, чызджы уæнгтæ чысыл размæйы хуызæн тасаг
нал сты. Фæуæззаугомау, цыдæр сæртæг. къæрцц фæцæй-кæны. Иæ.
сæр та йæ риумæ райдыдта хæстæг кæнын. Уый лæппуйæн куыд хъыг
уыд! Ау, йæхæдæг дæр афтæ фæзæрдæфæлдæхт?
Æмæ йæхи фæфидар кодта. Ацархайдта йæ зæрдæйы их æрта-
йын кæныныл. Дзерассæйæн ацамыдта къухæй, дæ сæрыл бæрзонддæр
схæц, зæгъгæ.
Чызг базыдта, Ацырухсы æрбацыд ыл кæй фæзынд, уый бамбæр-
"ста Æхсар. Æмæ уый дæр фæфидар кодта йæхи. Ие схъæл зæнгты
змæлд дæр та фæивта. Æрбацæуджыты та ацахста йæ цæсты зулæй:
нæма кафынц?'
Сæ бынатæй нæма фезмæлыдысты. Чызг цæстæнгасæй бары бу-
фет. Гæндил фæлгæсы залыл. Базмæлын та кодта йæ галстук.
Чызджы хиуарзон зæрдæ ацахста: Ацырухс кафынмæ нæма ра-
хиздзæнис. Фыццаг бацæудзæн буфетмæ. Кофе райсдзæн, æвдæлон бо-
59
ны хуыппытæ йаё к^нДзæнйс. Йз&ры адæм ыл сæ цæст куы æрæвæрой,.
исчитæ йæм куы ныххатой, цæмæннæ кафут, зæгъгæ, уæд рахиздзæн
æвæндонæй.
,ФæфæсмОн кодта; уыдон нырмæ цæмæннæ базылдысты буфетмæ?
Тæригъæд аём нал 9 фæкастысты йæ капеччытæ дæр. Сыгъды фод. Иæ
хЪустаё йаё уæлæ æрзадысты æмæ йæ уæлæ сты. Иæ удæн æй нæ хъæ-
уьшц?
— Куыддæр музыкæ фæуа, афтæ кофе нуазæм!
Æрмæст базмæлыдысты йæ былтæ. Æхсар æй уæддæр бамбæрс-
та. Худы. Бамбæрста йæ æмæ разы у йемæ.
«Æрмæст музыкæ тагъд куы фæуид! Нæ разæй куыннæ фæуой!»
Æмæ йын музыкæ байхъуыста йæ зæрдæйы лæгъстæмæ. Фæсабыр,
Йæ зæлтæ залы къуымты нæма банымæг сты, фæлæ чызг фæхæцыд
лæппуйы цонгыл. кæцæй йæм разынд уыцы тых? Кæл-кæлгæнгæ, йе
схъæл зæнгтæ ’вдисгæ, фæцæуы буфетмæ.
Бафæзмыдта йæ лæппу дæр.
Дзерассæ та йæ пæсты зулæй ауыдта, Ацырухс, Гæндилы дæларм
хæцгæ, æрмахуыр бæлонау, узгæ цыдæй йæ ных куыд сарæзта буфет-
мæ. - ч
Уыдон дæр сыл скъуырдтой сæ, цæстæнгас. Сæ мидбылхудт сын
цыма исчи сæ цæсгæмттыл бурæмæдзæй аныхæста. Цæстыл кæрвæзæг
рауайæгау сын уыд, Дзерассæитæ сæ разæй кæй фесты, уый. Фæсын-
дæг кодтой сæ къахайст. /Ерлæууыдысты.
Дзерассæ куыд байрад йæхицæй! Иу чысыл уысм’ ма, æмæ фæуы-
даиккой сæ разæй. Стæй хуыздæр у буфетырдæм кæсгæ дæр мауал
фæкæнай. Сусæг-æргом дыл пыррыччытæ кæндзысты, мах бафæзмыд-
той, зæгъгæ.
— Дыууæ кофейы!
— Æмæ иу плиткæ! — бафтыдта ма йæм чызг.
Лæппутæ фестадысты ног æмкъæйттæн. Радтой сын, сæ уæлæ бад-
гæйæ, цъилау, ныззилæн кæуыл ис, ахæм бандæттæ.
Дзерассæ нырмæ .нæ зыдта, дæ царды иууыл зынаргъдæр адæй-
магимæ хъазтизæры зилгæ бандоныл бад, дæ зæрдæйы дзæбæхæн ко-
фе хуыппытæ кæн, дег ’ндæуæгъ та дæ цурмæ бацæуын йæ ныфс куын-
нæ хæсса, уæд уый куыд бирæ у æвзонг чызджы удæн!, Æмæ та йæм
здæхын райдыдта йæ чысыл раздæры зæрдæйыуаг. Азылдта йæ бан-
дон. Шоколад анцъиргæ, — дзагъырдзастæй баззад залмæ. Стæй фæ-
зылд фæстæмæ. Йæ цæстæнгас андæгъд Æхсарыл. Ныппыррыкк кодта.
Лæппу дæр азылд ногазон наз бæласырдæм,_цы у, зæгъгæ, æмæ
фемдзаст Ацырухс, йæ кæддæры Ацы æмæ ацæргæ^Гæндилмæ. Цыдæр
кафт самоныныл хъарьгац сæ удтæ. Гæндил, æвæццæгæн, йæ хъуыды-
•йы ирон «Хонгæ кафт» æрцахсыныл архайы, фæлæ йын джазы рог му-
зыкæ нæ аразы йæ къух. Йе ’взонг æмкъай дæр уымæ кæсгæйæ стыхст.
Йæ къахайст нал рæстмæ кæны. Ноджы фæкомкоммæ Æхсармæ: кæ-
сынц сæм? Акалд йæ сур хид.
Гæндил та æривæзта йæ галстук.
«О кадмондаг Ацырухс!» — лæппу йæ сæр банкъуыста, катайгæн-
гæ. Дзургæ ницы скодта. Ныуулæфыд. Азылд буфетгæс чызгмæ:
— Ноджыдæр дыууæ кофейы!.. ^
Уыйхыгъд Дзерассæ нал банцад йæ пыррыччытæй. Йæ кофе кæ-
ронмæ дæр нал банызта. Фестын кодта Æхсары.
— Акафæм!
^Æмæ йæ чысыл раздæры кафт ницыуал каст лæппумæ. Ноджы
худæгæй кодта артæнхæлдтæ. Æхсармæ ныкъуылдта йæ цæст, йе
’рфгуыты змæлдæй, йæ цæстыты кæлæнтæй йын амыдта Гæндилитæм.
Ацырухсæн цы базонын хъуыд, адæмы æркæсын кодтой сæхимæ.
Фырæфсæрмæй, фырмæстæй, фыркадмондагæй йæ ныхыл фæзынд хи-
ды фæрдгуытæ. Гæндил куыд кафы, афтæ симдмæ рахизгæ никуыма
никæй федта. Афтæмæй ма чысыл раздæр чызджы куыд фæндыд зæр-
60
дæйы фаг фæкафын! Куыд худинаджы кафт кæны! Йæ кафт æрдæгыл
ма ныууадзайы тæсæй йæхи бакодта Гæндилы бар. Зæгъгæ, макæйуал
цæстæнгасмæ фæкомкоммæ. уон, йæ сæр нал исы лæджы риуæй. Иæ
зæрдæ йæ нал хæссы бахудын, Дзерассæйы пыррыччытæм кæсын.
Гæндил ’сæ алыварсуæвджыты цæстæнгасæй бамбæрста, цы уа-
вæры бахауд,.уый, фæлæ йæ нал фæндыд йæхи басæттын. Фæсмон æм
æркаст, нырмæ кæй никуы акафыд, йæ зæрдæйы хуымæтæджы гæпп-
гæппул кæй нымадта, уый номыл ныр йæ къах кæй айста æмæ дзы
йæхи кæй фæхудинаг кодта. Йæ был та райдыдта фесхъиу-фесхъиу
кæнын.
Æхсар *ыл-иу акъуырдта йæ цæст. Батæригъæд ын кодта:
«О, кадмондаг Ацырухс!» — йæ хурхы уадындзты ныццахсæг уæз-
•зау уынæргъд æрдæгскъуыдтæй рæдывта æддæмæ.
Фæлæ цы фæци тæригъæдгæнаг Дзерассæйы æнкъараг зæрдæ?
Цæмæннæ йын æмбары йæ рис? Цæмæн ыл хойы йæ къах? Ацырухс
та сæм цæмæй уæлейæ бынмæ ма кæса, уымæн афтæ кæны?
Æхсарæн йæ бон нæ уыд йæ зæрдæйы фарстытæн дзуапп радтын.
Нал æй фæндыд кафын. Ацырухсы, йæ кæддæры Ацыйы... удц тæри-
гъæдмæ кæсын. Æмæ музыкæ куы ’рлæууыд, спортзалы балкъонæй
изæраразджытæ микрафонæй’ куы фехъусын кодтой, уæ лоторейон би-
леттæ æрцæттæ кæнут-, ныртæккæ хъаздзысты, зæгъгæ, уæд сулæфыд,
йæ зæрдæйы фаг. Чызг ыл баппæрста йæхи:
. — Æхсар!.. Бузныг! Æз та рацæуинаг нæ уыдтæн.
— Дæ цæстыдзаг сын федтай?
Лæппу хуыздæр зæгъынхъом не сси æмæ йæ ф’арстæй фефсæрм
йæхæдæг. Чызг æй йæ фырцинæй .ауагъта йæ хъусы иувæрсты. Ноджы
йæм, мидбылхудгæ, разыйы нысанæн æртъæбæртт кодта йæ цæстытæ.
Фыццаг амондджын билет фæци фыццагкурсоны, ныллæг, тым-
былгонд чызджы. Фырæфсæрмæй йе ’мбулæггаг райсынмæ нæ уæн-
дыд. Стæй ратылд, къуыбылойау. Студенттæ йыл ныкæл-кæл код-
той, æмæ фæстæмæ кæуылты æрбахæццæ, уый нал базыдта. Йæ сурхид
акалд.
Дыккаг билеты хицау нæ зынд æмæ йæм Саукуыдз балыгъд. Æм-
булæггаг йæ сау цæсгомæй, худгæбылæй тыхисæгау бакодта. Мæ би-
лет, дам, уыд æмæ мын ахаудта. Иæ номыртæ ма йы’н бахъуыды код-
тон, зæгъгæ, æмæ йыл схор-хор кодтой:
— Дæ лекцитæ цынæ хъуыды кæныс, уый!.. •
— Æйтт, машинæ дын куы фестид!
— Суадз дæ цæсгом!
Уый сæ куыдзы хъуыды не ’ркодта. Райста æмбулæггаг — хъазæн
уасæг. Йæ иу зоныгыл æрлæууыд йе ’мкафæг чызджы раз, йæ сæрæй
йын ныллæг акуывта, балæвар ын æй кодта. Æмæ йыл ныххудтысты:
— Уасæгæй хуыздæр ын мацы балæвар кæнай!
— Гъе, гъе!
— Сæйраг уый у, ай!
Чызджы сæфсæрм кодтой. Саукуыдз йæ цæст дæр не ’рныкъуылд-
та.
— Фæлæуут-ма... Уыцы билет мæнæ мæнмæ куы ис! — иу мæллæг
чызг нал баурæдта йæхи.
Саукуыдз æй дзурын не суагъта. Фæивта йын æй йæхионæй:
— О-о-о!-. Цæмæн дæ бахъуыд уасæг? Мæнæ уый... Уæд та дын цы
рамбылдта?
Æмæ чызг дыууæ нал загъта.
Ноджы... Хистæркурсонтæй иу дæлæ-уæлæ лæппу кæд рамбылд-
та... сылгоймаджы риударæнтæ. Студенттæ ууыл худыныл фесты, фæ-
тæргай йыл. Фæсаууон æй æнæуый дæр дзидо (сылкъи) хуыдтой æмæ,
Дам, мын уæ мæ номыр чидæр зыдта. Барæй, дам, мын афтæ бакод-
тат. Фехста йæ. Æмæ йæ къæбæдатæ лæппуйæ-чызгæй аскъæфтой
т
къухæй-къухмæ. Чи йæ æгæр стырæй фаудта, чи -^- æгæр гыццылæй.
Худæгæй артæнхæлдтæ кодтой.
Фæстагмæ, студенттæй чй куыд дзырддзæугæдæр, чи. куыд къæй-
ныхдæр уыд, афтæ хызтысты балкъонмæ. Уым-иу сусу-бусуйыл схæ-
цкдысты æмæ-иу фæстæмæ се ’рхызт æмæ сæ хъулы сах абадт сиу
сты.
Иурæстæджы Ацырухс фырцинæй фæхаудта хæрдмæ:
— Мæ номыр! Мæ номыр! Мæ лæвар билеты номыр!,
— Тагъд лæппухъæбыс бау! — раарфæ йын кодтой микрофонæй.
Ралæвæрдтой йæм хъазæн чындз. Чындзхæсджыты машинæйы ныхыл
ма вæййы ахæм.
Нымдзæгъд ын кодтой студенттæ. Дзерассæ æмæ Æхсар дæр æм-
дзæгъды номыл се ’рмттæ авæрдтой кæрæдзиуыл. Сæ цæстытыл ауад,
уыдонæн ’дæр чысыл раздæр куыд арфæтæ кодта фæскомцæдисон ор-
ганизацийы секретарь. Тагъд фæдчыгъæдæн уыдон ном дæр ссар-
дзысты.
«Фыццаг мах куы .’рбацыдыстæм, фæстейæ нæ цæмæн фæурæдтой?
— Дзерассæйæн йæ зæрдæ фæрæхуыста сылгоймаджы хиуарзондзи-
над. — Мах ма нæ дыууæ дæр се студенттæ уæддæр стæм».
Ахæцыд Æхсары цонгыл.
— Цом. .
— Афтæ тагъд?- . , • х
— Тынг дæ фæнды искæй фæстæ лæугæйæ ахæм тыхкæнгæ цере-
монитæм кæсын?
Раст зæгъын хорз у, Ацырухсы кæй фæразæй кодтой, уый лæппу-
йы зæрдæ дæр фæрæхуыста. Тагъд дæр уый тыххæй бакодта. Цалын-
мæ сын сæ билеты номыртæ нæ загътой, уæдмæ феддæду’ар уой.
Гардеробы Дзерассæ йæ цырыхъхъытæ акодта тагъд-тагъд. Сæ-
пальтотæ кæнгæ феддæдуар сты.
Дыккаг бон сын се ’мбæлттæ дзырдтой, агуырдтой, дам, уæ. Уыцы
билет, дам, уыдонмæ ис. Секретарь, ам, дам, сты. Мæхæдæг, дам, сæ
федтон. Фæлæ, цьг фесты, уый сæ ничи зыдта. Сæ рацыд сын нæ фæ-
хатыдысты. 9
Ацырухситæ дæр, дам, сæ чындз бандоныл фæуагътой, Гæндил
йæ машинæйæ коньяктæ бахаста, Ацырухсы æмбæлтты хынцыдта æмæ
. сын сæ чындз чидæр фæбырын кодта.
Сæ маст, дам, сæ нал фарста.
— Уый та куыд?! Чи нæ хынджылæг кæны?!.—Гæндилæн, мæгуыр,
йæ был нал æнцад йæ фесхъиу-фесхъиуæй. Къухæй, дам-иу ыл ных-
хæцыд, йæ нозтджынæй цæф арсы оффытæ æмæ аххытæ кодта, хъал
студенттæ та йыл худæгæй мардысты.
"- Дзерассæиты æмбулæггаг чындз сын рахастой, уый уын дæттæм,
æрсабыр ут, зæгъгæ.
Ацырухс йæ былтæ акъуырдта:
— Къæдзилмæ хæстæг сины фыдыл куыннæ æввæрсын.
Къæбæдатæй чидæр кæнгæ хъæлæсæй ныхъхъæр кодта;
— Искæй лæгыл та?!
Æмæ мæсТæйдзагæй чызг ацахста йæ лæджы цонг:
— Ацæуæм. Адон фос куы сты!
Сæ фæстæ студенттæ фырхудæгæй зæрдæхъæрмттæ кодтбй. Чыз-
гæй-лæппуйæ дзы, Гæндилы кафт цалдæр хатты чи нæ рафæзмыдта,
ахæм нал баззад. ’ . .
13.
Студенттæ аудиторийы дуæрттæм къордтæ-къордтæ кодтой. • Фæз-
зыгон-фæззæджы дæргъы сæ йæ къухмæ чиныг чи никуы райста, уый
дæр дзы ныр йæ сæр нытътъыста. Лекцитæ-иу тæппæй-тæпмæ чи фæ-
фыста, увдонмæ ныр, хæлæггæнгае, бакæсынц. Сæ бонæй сш уæнт, уы-
62
дон чингуыты мæт нал ис. Сæ фыстыты цыдæртæ акъахынц, тагъд-
тагъд сыл сæ цæст ахæссынц æмæ та стæй тетрадь ахгæн. Æмæ сæм
хæлæг кæнынц иннæтæ. Сæ цæстытæ аирвæзынц цæртты — цалдæр
мæйы цынæ бахъуыды кодтой, уый сын ныр сæ зæрдыл. нал- ис æнæ-
бадаргæ. Кæд дæ дзы исты айрох уа, уæд де ’мбалы батъæпп кæн:
— Мысосты уарзон цы хуындис?
— Кæй Мысосты?
— Æнæрай мæ скæн! Уæ сыхæгты лæппуйæ дæ нæ фæрсдзынæн!
— Æнæрай мæ ды скæн! Ахæм тъæпп мæ ныккодтай... Хъуыды
кодтон...
— Тъæппытæ дæ лектор кæндзæнис!
— Уый мын-иу кæд йæ мыггаг дæр дзурид.
— Кæй мыггаг?
’ . • — Мысосты, кæй?..
— О-о-о!.. .
.— Мæхæдæг æй æрхъуыды кодтон! Дзерассæ.
• Дзерассæ рацæйцыд сæ цурты. Фæлæууыд.
— Мæнмæ дзурыс?
— Хъамбердиаты Мысосты кой кæнæм. Йæ уарзоны...
— О, ис ын «Ныстуан Дзерассæмæ».
— Хах-ха-ха!.. Дæуæй дзурынц, дæуæй. «Ныстуан...» — Ацырухс
бакъæцæл худæгæй.
Дзерассæ ницы сдзырдта. Ацыд. Ацыд, фæлæ йæ фæлурс уадултæ
тугхъулæттæй ахаста, йæ сонт зæрдæ — риуы гуыдыр хойгæ.
Йæхæдæг дæр ын ницы зоны, Ацырухсы рæмпъузæнтæн цæмæн-
нæуал фæразы. Раздæр æм фылдæр кодта дзырдæппарæн. Бакъæцæл-
иу ыл худæгæй. Уæддæр æм уæлейæ бынмæ каст. Зыдта йæ, чызг сур-
тæ кæны Æхсары иу фендыл. Æхсар та. Мусы бæх къæбæлмæ баст
куыд уа, афтæ уымæ баст уыд. Æмæ Ацырухс худт Дзерассæйыл.
Худт цы, къахта йын йе ’нæхин зæрдæ.
Ницы-иу сдзырдта,.мæгуыр. Уæд-иу йæ маст нынныхъуырын баци
йæ бон. Стæй-иу æй сусæгæй ралæмæрста йæ цæссыгтимæ. Æмæ та-иу
цард лæппуйыл ногæй фембæлыны, йæ мидбылты йæм сыгъдæгзæр-
дæйæ бахудыны ныфсæй.-Ныр .дзы йæ цæсты сындз федта, Ацырухсæй.
• Дардмæ йæ куы ауыны, уæддæр йæ цæсты фæкæны ныхсæгау. Йе
’лхыскъгæнæн ныхасæн та бынтон нал фæразы. Ацырухс ницыма сдзу-
ры, уый атæппæлттæ вæййы.
Сæ аудитори (Дзерассæты?) тæккæ къуымы ис. Сæ фæндаг Ацы-
рухсты аудиторийы рæзты хизы. Чыз’джы та-иу куыннæ фæндыд ууыл-
ты, Æхсары æмкурсонты рæзты ахизын. Ох, куы’ннæ-иу æй фæндыд.
Уæлдайдæр та уыцы бон. Æнæхъæн къурсæй, Ацырухс дæр семæ,
ныттымбыл сты ,сæ дуаргæрон. Фæлварæны хæдразмæ ма сæ удтæ
хъардтой исты базоныныл. Дзерассæ ахизы сæ иувæрсты, æмæ фæ-
хъус вæййынц. Чызгæн цы базонын хъуыд, фæкæсынц йæ фæстæ. Сæ
цæстæнгас, сæхъис бандонау, фæтыхсы йæ къæхтыл. Уæддæр та-иу
нæ фæлæууыд йæ зæрдæ.
Ох, æнæрайы зæрдæ!
Уыцы райсом Æхсар ацыд скъапп æмæиу-дыууæ бандоны æлхæ-
нынмæ, цæмæй сæ хатæн бакодтаиккой хæдзаргъуыз. Магазины, фæ-
асламгонд хæдзарон дзаумæттæ ис, фехъуыстой, æмæ йæ чызг йæхæ-
дæг нал ныууагъта. Иæ дзыппы йын нытътъыста йе ’фсины лæвар æх-
цатæ. йæхи къухдарæн .дардзæнис гыццийк номыл, æндæр мз дзы ис-
ты ис? Исты алхæнынæн та нын хуыздæр рæстрег нал фæуыдзæнис,
хъуыды кодта. Чысыл цыдæртæ, дам, сæ бацалцæджытæ хъæуы, æмæ
дын нырма къорд азты лæггад кæндзысты, фехъуыста. Фердæхгæйæ,
дам, дзы равзарæн дæр ис. -
Фæлæ лæппу æгæр æрæгмæ зынд. Ахсайдта йæм чызджы зæрдæ:
«Æвæццæгæн- дзы нал ныййæфта?. Чизоны, машинæмæ йæ кæимæ си-
са, уый йын нæй?.Ласгæ дæр дзы цахæм рак^ецдзæнис»,
63
Æмæ та-иу лæппуйы размæ акæсынмæ аппæрста йæхи. Йе ’мкур-
сонты цæстæнгас дæр та-иу ын ницæмæуал æрдардта.
Ныр та Ацырухсы дæр фæци йæ*фелхыскъ. кæныны бон.
Чызг фæфæсмон кодта: исты хъæбæр ныхас ын зæгъын хъуыд.
Уæддæр æм фæстæмæ акæсын аив нæ фæкаст. Ахызт æддæмæ. Уын-
джы ныййивæзт йæ цæстæнгас. Зыдта йæ, институтмæ иумæ цы фæн-
дагыл фæцæуынц, уымæй ныр дæр нæ ахиздзæнис лæппу. Хъызтбо-
ны каркау, иудзæвгар йæ иу къахыл дæр алæууыд. Стæй суазал. Фе-
здæхт та фæстæмæ. Иудзæвгар ’дуарæн мидæгæй дæр алæууыд. Нал
æй фæндыд æнæ Æхсар аздæхый. Æмæ йæ цæстытæ урс кодтой урс
митмæ кæсынæй.
.Стæй йыл зымæджы тарфы, тæккæ тъæнджы мæйы æвиппайд
ныккодта цъæх уалдзæг — Æхсар сцæйуад. Тагъд-тагъд.
Фыццаг æй йæ къахайстæй базыдта. Стæй æрбазынд йæ цæсгом
дæр. Чызджы бон ыл дардмæ ницы уыд бакæсын. Йæ размæ та ахызт.
Кастис ын йæ фæтæн уæхсчыты змæлдмæ, йæ фидар къахайст, йе
’лвæст гуырыкондмæ æмæ дзы рад йæ зæрдæ. Кодта йын цицы гæртт-
гæртт. Цыма дзы йæхицæн æнхъæл нæ уыд. Цыма йын атæхынæй -
тарст. Иæ мидбынаты батыхст: кæд æм æрбахæццæ уыдзæнис?
Лæппу йæ ауыдта. Бахудт. Йæ цин ныууылæн кодта йæ цæсгомыл
æмæ ахызт чызгмæ. Ныррухс ын кодта йæ зæрдæ. Лæппу худы, уæд
уый хорзы нысан у. Æнæмæнг фæфæндараст. Нæма йæм æрбахæццæ,
фæлæ йыл чызг йæхи бакодта æппарæгау. Иæ къух ьш аууæрста йæ
лыстæг, тæлфаг æнгуылдзтæй.
— Куыд у?
— Куыд нæ, фæлæ диссаг!
— Æцæг, æцæг?!
— Рувас мыл амбæлд.
— Æмæ?
— Гиви æмæ Мелитоны уым ныййæфтон. Сæ куысты машинæйыл
уыдысты... *
— УыДон дæр дзы æлхæдтой? ’ ~ .
— Гивийы. мебель хъуыд. ,Уæйгæнæджы баййардтой. Цыдæр
хъæлдзæг ныхæстæ йын фæкодтой, цыдæр æмбисæндтæ йын фæхастой.
Фæхæцын кæуыл хъæуы, уый, дам, хъуамæ зонат. Мæхæдæг, сæфсæрм
дæн. Хъуамæ, дам, ын ахæм скъапп равзарæм æмæ йæ дуæрттæ дæр
кæсæнтæн куыд бæззой.
, —Æмæ дын равзæрстой?
— Иæхицæн ын равзарын ’ кодтой. Æфтауцдоньь сын уыдис. Иæ
дуар хауд уыд. Йæ зæгæлтæ йын кусджытæн ныззилын коДтой... Сæ
зæрды йæ аслам дæттын дæр нал уыд. Ма„ дам,^фæрæдийæм. Дзыхъ:
хъынног у.
— Бирæ цæрæнт! Бандæттæ та?
— Дыууæ бандоны балхæдтон. Уыдон мæ сбырстой — фæйнæбан-
доны та, дам, мах хардзæй. Куы уæм бауайæм, уæд, дам, нæ бандæт-
тыл хъуамæ нæ зæрдæ дарæм. Гиви худт, æз, дам, æнæхъæн æхсæз
бандон куы ’лхæнын. Фатер ын радтой.
— Æвæццæгæн сæм бирæ æхца ис?
Лæппу ныххудт:
— Уæд нырмæ æнæбандон уыдаид!
Чызг сæфсæрм, . - - г
— Хæдздрмæ с^ бах^стой?
— Сæ машинæйыл мын сæ сластой. Сæ бынæтты сæ сæвæрдтой.
фæл^гъстæ сын крдтон, зæгъын, фæйнæ агуыва?æйæ нын лæугæйæ
акувут... Не срэзы сты. Мах дæр, дам, куыстмæ цæуæм, Зæгъын, йсты
куы фæфыссут, уæд дæр иумæ фæцæут. Ахудтысты.
— Дæуыл?
— Нæ зонын. Кæд, дам, хистæртæй нæхи иумæ исты æфсон аса-
йын кæнæ ахъуызыц бдвæйй^ нæ бон, уæд? дам — иумæ,
64
Цингæнгæ, сæ амондæи райгæ, схызтысты асинтыл. Къæлидорæй
сæ федтой Æхсары æмбæлттæ, фæлæ сæм лæппу нæма тагъд кодта.
Æрлæууыд. Ахъуыды кодта цæуылдæр:.
— Æз ма кафедрæмæ бауайон. Чиныг мæ хъæуы...
Лæппу æмæ чызг къæлидоры ацыдысты фæйнæрдæм. Дзерассæ
ныр-нал тыхст.7 Цыма та йе схъæл зæнгтæ тасгæ дæр нал кодтой. Йæ
зæрдæйы та бацыд царды ныфс.
Ацырухс худт цæуылдæр. Худт, фæлæ Æхсар æмæ Дзерассæйы
иумæ цинæй райгæ куы ауыдта, уæд йæ цæсгомыл абадт мигъ.
Чындзы куы адымдта, уæд йе ’мбæлтты фыццаг æмæ сусæг æл-
хыскъгæнæн уыд:
— «Æхсаримæ æмдзырд бакодтат, уый дæр уыцы æхсæв куы ба-
цард Дзерассæимæ?»
Чызг сын хъазын æнхъæл уыд, стæй сыл ахудт:
— «Ха-ха-ха!.. Дзерассæйы бæллиц сæххæст!»
.Стæй та йæм маст æркаст. Йæ зæрдæйыл сбадт къæмау.
Уæдæ йæ Æхсар уарзгæ нæ кодта? Кæд æй уарзта, уæд ма сусæ-
г ей Дзерассæимæ цæмæн æмбæлд? Чызг-иу, йæ аууонау, йæ фæдыл
уымæн зылд? Кæрæдзимæ-иу сусæг-æргом уымæн пыр-пыр кодтой?
Цынæ фарстытæ æвзæрд йæ хъуыдыйы. Йæ бон сын дзуапп дæт-
тын нæ уыдис. Æрмæстдæр бæллыд (ох, куыд бæллыд!) иу хъуыд-
дагмæ: лæппу йыл йæ чындзы цыды фæстæ дæр куы зæрдæхъæрмттæ
кæнид.
Фæлæ йæ’ цард фæндонæй нæ уыд, уæд æппæт дæр кодта чызджы
аххос. Ноджы дзы ногазон изæрæй фæстæмæ йæ маст куыд тынгдæр
райстаид, уымæ хордта йæ былыцъæрттæ. Ныр дæр та йæ, , чысыл
раздæр ын йæ бон дзуапп радтын кæй нæ бацис, уыцы зæрдæйæ фæ-
урæдта Ацырухс. Ахудынмæ та йыл хъавыд:
— Дзерассæ, цæуылдæр тыхсыс? Æвæццæгæн дæ дæхи фæлва-
рæнмæ бацæттæ кæнынмæ нал æвдæлы?
Чызг ын афтæ бамбæрста йæ фарст: «Дæ ног фæлысты дæхимæ
кæсæны кастæ æви дæ афтид къуымты симдтай, дæхи цæмæннæ ба-
цæттæ кодтай фæлварæнмæ?»
— Ацырухс, æз фæлва’рæнты æххуысы къухмæ куы никæмæ фе-
нхъæлмæ кæсын.
Рæстæмбис нысан дæр никуыма райста. Ацырухсы та-иу ^ бирæ
хатт иу фæлварæнмæ дыууæ, æртæ цыды сæр бахъуыд. Лектортæм-иу
хатджытæ æрвыста.
Ныр ын æй Дзерассæ дæр æрлæууын кодта йæ зæрдыл.
— Нæ зонын. Тыхстгъуыз рауай-бауай кæныс. Æцæг, æнхъæлмæ
кæсын чызгæй дæр бирæ уарзтай, — уый дæр дзы райста йæ маст, ома,
Æхсаримæ-иу искуы куы уыдыстæм, уæд-иу не ’рцыдмæ асиныл бахус
дæ.
Дзерассæ фæтыхст. Нал фæцарæхст дзуапмæ.
— Æмæ... Куыннæ хъаст кæнын.
Ацырухс байрад. Ноджы фæкъæртт дзурынмæ:
— Дзерассæ, нæ цуры чызджытæй дарддæр ничи ис, æмæ. раст
зæгъ: чындзы фæцыдæй райгонд дæ æви нæ?
— Уымæй дæр нæ хъаст кæнын.
Нæ та ссардта хуыздæр дзуапп.
— Нæ зонын... — Ацырухс æй цæстæнгасæй абарста сæрæй къæх-
ты бынмæ, ома, хорзæй дыл никæцырдыгæй зыны. Æркаст йæхимæ ’
Дæр æмæ бахудт.
Уыцы сæрбæрзонд цæстæнгас, уыцы сæрбæрзонд худт æй аргæвс-
той къуымых кардæй. Нал баурæдта йæхи:
— О, фæлæ...
— Фæлæ цы?
Ацырухсы куыд тынг фæндыд, ч)Ь13джыты цур æ# исты срæдийын
кæна, ахудой йыл,
— Иæ фыццаг ус мыл кæм рамбæлы, уым дзы мæ бындзгуытæ
хъахъхъæнын мæ бон нал у.
Чызджытæ фыццаг сæрдзæфтау фесты, стæй бакъæцæл сты ху-
дæгæй. ,
. Æмæ йæ дзуаппæй байрад Дзерассæ. Иæхицæй фæцис иу галы
бузныг. Уыцы хъуыддаг кæцæй æрбалæууыд йæ зæрдыл, уымæн йæ-
хæдæг дæр ницы базыдта, фæлæ Ацырухс иу боны-бонцау сулæфын
кæй нал сфæраздзæн, уый ма иннæ чызджытæн дæр зындгонд уыд.
Æмæ та райхæлд Дзерассæ, уалдзыгон къуыбырау.
Хъалзæрдæ уыд, Ацырухсимæ сæ рæмпъузæн ныхас афтæ кæй
рауад, уымæй. Хъалзæрдæ уыд Æхсарæй. Хъалзæрдæ уыд, кæй нæма
федта, йæ уыцы дзыхъхъынног хæдзарон дзаумæттæй... Ие ’мкурсон-
тæй-иу куы кæй ацахста, куы кæй:
— Гæндилы кафт, Гæндилы!.:— ныззылдта-иу сæ.
Йе ’мкурсонтæ дæр цыма уый цармы бацыдысты: ныххæцыдысты
сæ тæнтыл, хæл-хæлкодтой.
Ацырухс йæхи раппар-баппар кодта лйе ’мкурсонты ’хсæн, йæ уд
хъардта исты хъæлдзæг ныхас ракæныныл: кæд сæ Дзерассæйы куыг
дзы хъуыды ничи æркæнид, фæлæ Дзерассæйы æмкъурсонты худæг
уыдоныл дæр бахæцыд æмæ чызгæн йæдзыхæй ту нал хаудта. Фыр-
чмæстæй йе знаг уыргхæлд кодта, мæгуыр. Ахсын-ахсын ма кодта йæ
был.
«Фæлæу, худæн бонтæ нырма фæстейæ сты!» — æртхъирæн код-
та йæхи мидæг, фæлæ цæмæй, уымæн йæхæдæг дæр ницы.зыдта.
14.
— Æхсар, нырмæ кæм уыдтæ?!
— Дзырдта дæм. .
— Номхыгъдмæ гæсгæ ды хъуамæ бацыдаис.
Лæппу нæма. æрбахæццæ,* афтæ йыл’ йе ’мбæлттæ схор-хор код-
той. Уымæн йæ цæст фыццаг цæуыл схæцыд, уыдон — Ацырухсы
хъуынтъыз æрфгуытæ. Фæлварæны аххос ын- сæ фæкодта. Иу аива-
дон чиныг нæ райсдзæнис, йæ сыфтæ йын кæрæдзийы фæдыл кæрон-
мæ фæлдахгæ дæр нæ фæкæндзæнис. Стæй фæлварæны размæ рай-
дайы рафт-бафт кæнын, йæхицæн бынат нал фæары. Литературæйæ
сæ сæ зонындзинæдтæ æвзарыны сæр бахъуыд, уæд-иу лæппуйæн йæ
уд аскъуыд уый цæттæ кæнынæй.
«Ныр, æвæццæгæн...» — батæригъæд ын кодта лæппу æмæ йæ фыц-
цаг фарст уыд:-
— Дыууæтæ æвæры?
— Уæдæ ацы хатт къулыл зылын дзуар ныккодта?
— Иæ бон ныккалæд!
Лæппу зыдта,- дзурджытæ дæр дзы æдас не сты, фæлæ Ацырухсы
цæсгомыл иу æрду цæмæннæ базмæлыд? Иæ фындзы бын хъуыр-
хъуырæй цы зарæг самоныныл фæлвары? Æви йæ фæлварæн бынтон-
дæр не ’ндавы?
Лæппу бадис кодта: «Ау, ч.ындзы чи фæцæуы, уыдон ахуыры мæт
нал вæййы?» ’ ’
Аудиторийы дуар фегом. Ныллæг, бурдзалыг, рæмпæджы хуызæн
чызг дзы рагæпп кодта, йæ цæстытæ æууæрдгæ.
Ие ’мкурсонтæ йыл бакалдысты:.
— Йæ ахсджиæгтæй та иу амард?
т- Иу нæ, фæлæ — дыууæ.
— Уæд—иумæ!
—ЛЗасабыр ут, хъусы уæ! — чызг сын ахгæдта сæ дзыхтæ.
— Цы фарст дæм æрхаудта уагæры? — уый йæ Ацырухс афарста.
Чызджытæ сызмæлыдысты æмæ Æхсары æмбудæнтæ ацахстой
цыдæр зонгæ тæф. Йæ зæрдæ йын цыдæр фæрæхуыста: базыдта йæ—-
66
францаг духийы тæф. Йе ’рфгуыты бынты бакаст Ацырухсмæ:^ «Дыма
литературæйы йæхицæн иу мисхал æнæсгæрст нал баззад/стæй йæхи-
йау æууæнды фæлварæндæттæгыл дæр». ’ • .
— Цы фарст мæм æрхауд? Иед... — фæцис хъуыдыуыл. — 0, о
Нигеры поэтикæ... — иннæ фарстытæ дзы айрох сты. ^’
— Æмæ? . • :
— Бынтондæр дзы ницы базыдтай? *
— Æнæрай мæ скæн! Бынтон та дзы куыннæ базыдтон! Зæгъъш,
æмдзæвгæтæ сæм фаг нæ уыд. Мысостимæ иу чиныг рауагътой. «Мул-
дар» дæр ма ныффыста, — чызг ныссæрфта йæ цæссыгтæ. -
— Стæй, стæй? ,
. Чыаг ныххудт:
4 — Дæумæ, дам, нæй фаг. Уæлейæ.
— Æмæ дын дыууæ нывæрдта? " *
• — Ницы мын нывæрдта дыууæ! — фæхъыг чызг.
— Алæ-ма дæ матрикул.
— Уæдæ цæуыл кæуыс?
— Дыккаг хатмæ, дам, бацæттæ кæн. Йæ къух ын æрцахстон. Зæ-
гъын, мæ зымæгон улæфтыты хуыссæджы цъынд нæ фендзынæн. Ни-
геры бындзыггай бахæрдзынæн. Иу къæдз æртæ уал мын æфстау ратт.
— Æмæ дын радта?
— Тых æмæ фыдæй.' Æртхъирæнгæнгæ. Дывæрæй, дам; æй куын-
нæ бафидай, уæд та, дам, дæ фæндаг мæныл у. Ацырух’с! Тагъд, дзуры
дæм. :
Уый, фыццагау, тæрсгæ-ризгæ нæ араст. Иæ чингуытæ чызджы-
тæй кæйдæр къухы фæсагъта. Бараст кодта йæ дзыккутæ. Бакодта
дуар... < , !
Чысыл фæстæдæр æндæр чызг рахызт, мидбылхудгæ. Дуар йæ
фæдыл бахгæдта^ арæхстгай æмæ йе ’мбæлтты ’хсæн смидæг худгæ:*-
— Цыппар!
...Лæппу йæ дыууæйыл цин дæр нæ бакодта, хъыг дæр ыл нæ фæ^
цис. ;■*..'
Ацырухс фæстæмæ дæр сæрбæрзонд, мидбылхудгæ куы рахызт;
уæд чызджытæ баззадысты сагъдæй. Æхсар дзы йæ цæстæнгас нал
иста: «Ау, аив литературæйæ4 Ацырухс мидбылхудты нысан райста?
Æгайтма!» — æхсызгон ын уыд.
— Цæуыл худыс? — чызджытæ дæр дзы афтæ ахъуыды кодтой. ■
— Цæмæннæ хъуамæ худон?! — æмæ йæ цæсты зул акъуырдт^
Æхсарыл. |
— Кæд дын дыууæ нæ нывæрдта, уæд æз дæр чындзы цæуын1—^
чидæр сæ ныллыг кодта фидарæй. |
— Дыууæ мын нывæрдзæнис æмæ йæ машинæ ауæй кæнæд! —
æмæ та йæ цæстæнгас фехста Æхсармæ: хъусы йæ?
— Цыппар, чызджытæ! — йæ нысан ын куы ауыдтой, уæд фырдш
сæй фæлæбурдтой сæ рустæм. , I
Æхсары хъустыл . æрцыд, бензин зынаргъæй-зынаргъдæр кæны;.
ноджы шофыртæй æндæр ницæй кой фехъусдзынæ. Нæ, дам, фаг кæньь
Йæ машинæ бауромгæ дзы никæйма федта. Уынджы иу кæронæй-ин1
нæмæ æдасæй нæ ахиздзынæ. Ноджы {бензинæвæрæнтæ кæнынц. Цы!
дæр хин та йын æрымысыдысты. Цæмæй йæ сусæгæй уæлдай аргъмæ
скъæрой, уыдæттæ йын аразьшц. • •
— Æхсар! Дзуры дæм.
Фæлæ Æхсар нæ тагъд кодта. Йæ-къах, стæй йæ йæ зæрдæ дæр
нал хастз фæлварæнмæ: «Ау, намыс дæр та бензиныл уæйгæнгæ сси?»
ВАХТЪАНГ КЪОБЕРИДЗЕ
Æз райгуырдтæн ,рагуалдзæг, уыцы бон
Дидинæг куы, райхъал, куы базмæлыд.
Цыхцырты куы зарыд къæвдайы дон,
Тæрк арвы нæрд дардыл куы. айзæлыд.
Æз райгуырдтæн рагуалдзæг, малусæг
Рæдау цæстæй æрдзмæ. куы ракасти.
Куы гуырдысты ног цард, уæд ног зарæг,
Хъызт зымæг куы баруад, куы басасти.
Æз райгуырдтæн рагуалдзæг, рухс хурмæ
Цъæх кæрдæг куы тырныдта, афтæмæй.
Æз дæр кæд цъæх хал уыдтæн — уый тынмæ
Ивæзтон мæ базгуытæ авдæнæй.
Æз райгуырдтæн рагуалдзæг, уыцы бон
Дидинæг куы райхъал, куы базмæлыд. .
Цыхцырты куы зарыд къæвдайы дон,
Тæрк арвы нæрд дардыл куы айзæлыд.
У А Л Д 3 Æ Г
х1
Хърихъуппытæ арвыл
Сæфтыгътой сæ«гутон»_
Уалдзæг апырх дардыл
Бæстæ у цъæх хъулон.
Леуахи, ызгъоргæ,
Дзуры дзух цыдæртæ,
’Нæркæсгæйæ, цыма,
Ахуыр кæны ’мдзæвгæ.
Уалдзæг зары рындзæй,
Арт æндзары риуы:
Уый йæ иу фæзындæй
Карз зымæджы ивы.
ЭЛЕГИ
Бæх, мырмыргæнгæ, кæмдæр
Тыгъдбыдырты згъоры.
Малусæг йæ уæздан сæр
Умæл зæххыл хойы.
Хур кæмдæр зæххыл ыскаст,
Иннæ ран — æрныгуылд.
Денджыз иу ран.у — куыд тарст,
Иннæ ран — æрныгъуылд.
Сæндон иу бæстыл кæмдæр
Ставд цæссыгтæ калы.
Иу æрхæндæг у æгæр,
Иннæ — цинæй зары.
Тæрх, лæджы зæрдæйау, раст
Кусы æмæ кусы.
Трактор ахахх кодта ’мраст—
Уынæр, зардмæ хъусын.
Чидæр ныв кæны кæмдæр
Дидинтæ уæхскуæзæй,
Кафы иу хæдзары ’ндæр,
Аннæ лæг æрфынæй...-
Цы уарзын? — фæрсыс мæ,
Цы мын у зынаргъ?
Мæ Райгуырæн бæстæ,
Йæ сæрмæ цъæх арв.
Мæ мадæлон æвзаг,
Иæ уæздан зæлтæ.
Мæ бæстæйы уалдзæг,
Иæ фæзтæ, хæхтæ.
Æз уарзын сæумæйæ
Леуахийы цур,
Тамаресы сæрмæ,
Куы ’рбакæсы хур.
Уæдæ йæ ныр зоныс,
Цы мын у зынаргъ—*
Мæ Райгуырæн бæстæ,
Иæ сæрмæ цъæх арв.
Фæззыгон сæндонау, дæ риутæ къуыбыр,
Фæкæсын дæм зулаив дардæй —
Ды сабийы мад дæ, цы ма кæнон ныр,
Æнæхай куы фæдæн дæ уарзтæй. -
Гуырдзиаг æвзагæй Къусраты Егнаты тæлмац.
гвй&какаг
ЖУКОВСКЙЙ УАСЙЛЫ РАЙГУЫРДЫ 200 АЗМÆ
*5Яй*$К$№Ж*№^^
1Ле, ’ мдзæвгæты . зæрдæскъæср аддэ/сындзинад
Уырыссаг поэзийы Жуковскийы ахадын-
’дзинад куыд стыр æмæ ахъаззаг у, уы-
мæн Белинский ссардта аккаг дзырд —
сгуыхтдзинад. Уым, уырыссаг поэзийы, Жу-
ковский бакодта- ног бæстæ—романтизмы-
бæстæ, ома дзы фындаг хатт равдыста
адæймаджы миддуне, йæ уд æмæ йæ зæр-
дæйы сусæг цард. Сæрмагонд, индивидуа-
лон, субъективон æнкъарæнт^е систы йæ
поэзийы мидис, уыдонæй цæугæ æмæ кæнгæ
у йæ лиризм. Уд æмæ зæрдæйы цард æм
æнæзмæлгæ, иударон, æндзыг нæу, фæлæ
иугæндзон рæзы, ивы, у вазыгджын æмæ
ныхмæвæрд, хизы иу уагæй иннæ уагмæ,
иу уаг дзы иннæйы кæны хъæздыгдæр æмæ
ирддæр, ис ын æрдзæн, диалектикон ру-
дзинад.
Поэт æддаг дунейы фæзындтæ, уæлд-*
айдæр æрдзы фæзындтæ куы фыссы, уæд
сын комкоммæ æмбарæн нæй. Уыдон ын сты йæ миддунейы символтæ, йæ уд æмæ
иæ зæрдæиы цинтæ, хъыгтæ æмæ æндæр æнкъарæнты символтæ. Уымæ гæсгæ йæм
дзырд кæддæриддæр у бирæнысаниуæгон, ома йæм нысан кæны, æрвылбонон, про-
зæион ныхасы.цы нысан кæны, уымæй фылдæр, дæтты йын ног фæлхуызтæ, ног ны-
Т^УТГ*' æМæ УЫЙ РУа^жы дзырдæн йæ сæйраг нысаниуæг фæарфдæр, фæуæрæх-
дæр вæииы, кæнæ та райсы бынтондæр æндæр нысаниуæг. Уымæ гæсгæ йын йе
’мдзæвгæтæ куы кæсай æмæ сын куы аргъ кæнай элементарон логикæйæ, элемента-
рон æмбаргæдзинадæй, уæд уыдзысты æнæхъола, æнæсæрвад, æмæ афтæ æнæхъола,
æнæсæрвад уыдзынæ дæхæдæг дæр.
Уд’ æмæ зæрдæйы цард Жуковский æвдыста канд бирæнысайиуæгон дзырдæй нæ,
фæлæ ныхасы мелодийæ дæр, æмдзæвгæйы зæлтæй, ома æвзаджы музыкæйæ. Уымæн,
музыкæйæн, йæ бон у, æмæ чиныгкæсæгмæ байхъуысын кæна, æвзаг ном кæмæн нæ
радта, ахæм æнкъарæнтæ.
Жуковскийы романтизм, йæ субъективизм æмæ индивидуализм не сты нæ дæр
æхсæнадон æнæрастдзинады ныхмæ дзурæг, удгоймаджы сæрибары сæрвæлтау тох-
гæнæг романтизмы хуызæн, нæ дæр рагон цардæвæрд æмæ æтъдæуттæ идеализаци-
гæнæг, мистикон-реакцион романтизмы хуызæн (фæстæдæр декадентон, модернистон
здæхтытæн æвдадзы хос чи басгуыхт, уыцы романтизмы хуызæн). Жуковскийы ро-
мантизмæн йæ сæйраг, ахсджиаг миниуджытæ сты филантропон гуманизм, хи хуыз-
дæр кæныны пафос. Поэзи йын у хæрзиуæг, адæймагуарзондзинад.
Жуковский йæ уацмыстæн сæ фылдæр фыста æндæр поэттæм гæсгæ, сты, æваст
æркæсгæйæ; æрмæст искæмæй тæлмацы хуызæн, фæлæ сын кæддæриддæр лæвæрдта
уырыссаг .хуыз, фæлыста сæ æмæ сæ амадта уырыссаг гæччытæ æмæ бæрджытæй,
сыгъта сæ æмæ сæ мидæгæй рухс кодта йæхи индивидуалон, æвæлхатт хæдпиллон
зынгæй. Уымæ гæсгæ зын зæгъæн у,. цы у уæддæр — тæлмацгæнæг æви оригиналбн
поэт. Уый тыххæй йæхæдæг фыста, зæгъгæ, мæнмæ алцы дæр у кæнæ æцæгæлон,
кæнæ æцæгæлонмæ гæсгæ, фæлæ уæДдæр у мæхи, мæн. Шиллер, Гете, Байрон, Уланд,
Скотт - кæйфæнды дæр нæ тæлмац кодтаид, кæмдæриддæр дзы ’уынæм йæхи биог-
рафи, йæ сæрмагонд хъизамартæ æмæ дудгæбæттæ, кæддæриддæр æм свæййынц
йæхи сæрмагонд æмдзæвгæтæ.
Егъау уыд Жуковскийы æндæвдад уырыссаг поэзийыл, бирæтæ йæ бавзæрстой
Пушкинæй суанг Блокмæ- . Æмæ канд уыдон, уырыссаг, поэттæ,'~ нæ. Жуков-
скийы ныхас, зæгъгæ, алцыдæр райстон кæмæйдæр, фæлæ уæддæр у мæхи, æнæ-
хъæнæй хауы ирон романтик Къубалты- Алыксандрмæ. Йæ уацмыстæй иукъорд- ныф-
фыста Жуковскимæ гæсгæ. Зæгъæм, куы кæсай поэмæ «Фæстаг фьщг», уæд -„дæ"
зæрдыл æнæрлæугæ нæ фæуыдзæн Жуковскийы балладæ «Уæлахиздзауты бæр?ег-;
бон». Поэмæйы зынгæ рæнхъытæ: «Нарты сахъдæр адæм фесты, ’Рмæст ма баззади;
Сырдон» сты Жуковскийы тæлмацы хуызæн: «Нет великого Патрокла; Жив презри-
тельный Терсит». Сæ арæзт, сæ аивадон кондæй æнгæс сты Жуковскийы балладæ
«Ивикы хърихъуппытæ» æмæ Плиты Грисы «Иунæджы кадæг». Дыууæ ирон поэты
дæр сæ уацмысты равдыстой сæхи «æз», сæ национ æмæ инидивидуалон удыхъæд,
ахæм рæстæджы Жуковский йæхæдæг куыд кодта, афтæ.
Дæлдæр мыхуыр кæнæм Жуковскийы дыууæ чысыл æмдзæвгæйы иронмæ тæл-
мацæй. Фыццаг — «Зарæг» — у францаг æвзагæй тæлмац (кæмæй, уый бæрæг нæу),
дыккаг æвдисы, Пушкины марды уæлхъус лæу’гæйæ, Жуковский цы хъуыды кодта
æмæ цы тæлмæнтæ бавзæрста, уыдон. Æмдзæвгæ фыст у, Жуковский йæхæдæг кæй
æрымысыд, уыцы бæрцбарæнæй, ома лæууы кæмдæр прозæйон’ æмæ æмдзæвгæйон
ныхасы ’хсæн.
ЗАРÆГ
Куы уарзтай мæн — уыдтæн.зæрдæрухс, райгонд,
Мæ цард мæм раст алæмæт фынау каст,
Фæлæ дæ ферох дæн — æрбадæлдзæх мæ амонд!
Ах, зонын æй, мæ амонд уыд дæ уарзт!
Куы уарзтай мæн — сыгъдтæн, цыма æрдаг арт,
Уæлæрвтæм хъуыст мæ уаз фæндыры хъазт,
Фæлæ дæ ферох дæн — мæ уды тæмæн амард!
Ах, зонын æй, мæ гени уыд дæ уарзт!
Куы уарзтай мæн — уыдтæн рæдауæй* хивæнд,
Мæ хæрзтæй кайдтон мæгуыртæн сæ маст,
Фæлæ дæ ферох дæн —■ нæй, нал мæм ис тæригъæд!
Ах, зонын æй, мæ хорзæх уыд дæ уарзт!
1806,
Уый хуыссыд æнæзмæлгæ, цыма уæззау куысты фæстæ
Йæ къухтæ ауагъта. Мæ сæр цадæг æркъул кодтон,
Бирæ фæлæууыдтæн йæ уæлхъус, иунæгæй, æдзынæг
Кастæн йæ цæстытæм комкоммæ, йæ цъынд цæстытæм.
йæ цæсгом мын афтæ зонгæ уыд, æмæ цы ’вдыста,
Уый йыл хатыдтæн, — йæ цæргæйæ дзы ахæмæй
Никуы ницы федтам. Нæ йыл сыгъд
Уæлтæмæны пиллон, не ’рттывта йæ куырыхон зонд,
Нæ! Фæлæ йыл æртыхст цахæмдæр хъуыды —
’Арф æмæ бæрзонд: афтæ æнхъæлдтон, цыма йæм
Уыцы уысм цыдæр диссаг зынд,йæ сæрмæ
Цыдæр диссаг æвзæрд, æмæ йæхъуамæ бафарстаин: цы уыныс?
1837
Раивта сæ Дзуццаты Хадзы-Мурат.
КЪУДУХТЫ ЗАУЫР
Хосгæрд^
æн
Æйтт! Мæ цæвæг, мæнæ та нæм
Хосгæрдæн æрцыд.
Зад у кæрдæг æмæ та йæ
Ракæрдæм мах цырд.
Цæгъдæнтыл дæ хурыскастмæ
Райсом рацагьтон.
Зулаив дæ ’м арæзт хъæдыл
Фидар басагътон.
Куысты ’нтыстæй зæрдæ райы,
Цин кæны мæ уд.
Хъавы дымгæ аскъæфынмæ
Мæ нымæтын худ.
Асæрфын дæ цъæх кæрдæгæй,
Адауын дæ хатт.
Хорз комджын цыргъ цæвæг кæны
Хорз < хосдзауæн кад.
Кæм ма зонын хосгæрдæны
Фæллайын куысты.
Зад фæтæны бæзджын уистæ
Арæгъ-рæгъ ысты.
ЦЫБЫРТЫ МАДИНÆ
Адæм! Сисæм мах нæ худтæ,
Акувæм нæ сæртæй, цæй:
Макуы, ма зæгъут, мæ хуртæ,
А-зæххыл æнамонд нæй.
Уый ыскодта саутæ ’нусмæ,
Уый — æдзард салдаты мад.
Махау уый дæр иухатт рухс уыд,
Бавзæрста хъæбулы ад.
Фæлæ Райгуырæн бæстæмæ,
Сау калмау, куы хылд ызнаг.
Сахъ фырт нал хæцыд фæстæмæ, .
Тохы знæгтæн фæцис фаг.
Фæлæ йын йæхи дæр скарста
Знаджы сау нæмгуыты зæй.
йе ’взонг уд, мæ хуртæ ’рхаста
Н ’ абоны царды тыххæй.
ДЖЫГКАЙТЫ ЛЕОНИД
* * *
Зæрдæ, - зæрдæ, цы ныддур дæ риуы,
•Æви ницыуал хатыс бынтон.
Абон сау бон куы ныккодта Ирыл —
Нал ис не ’хсæн хъæбатыр хæстон.
Нал ыскафдзæни йе ’фсургъ йæ быны,
Не сфæйлаудзæн йæ уæйлаг нымæт..
Уый. йæ райгурæн хæхты рæбыны
Ныр æнустæм æрцæудзæн ныгæд.
Уæ, Ирыстон, фыдбон дыл ыскодта, -
Ахæм сахъ лæг дæ хæхтæй фæхъуыд.
Тугцъир знæгты-иу сугъты цагьд кодта,
Уыд кæддæриддæр размæ . йæ бырст.
Æмæ абон хъæбатыр хæстонæн
Мах фæстаг хатт фæндараст зæгъæм,
Фæлæ нæй, нæй ныммæлæн йæ номæн,
Дун-дунейыл уый арвау нæрдзæн.
ПЛИТЫ ЗАИРÆ
Уарзон мад
Дæумæ дзурын, мæ уарзон мад,
Куыд бафидон дæ хорз лæггад?
Куынæ зонын мæ фыды ад,
Дæ цæссыг-иу, хъуызгæ, фæкалд,
Дæуыл баст у мæ рæзгæ цард,
Дæуæн хæрын хъæбулы лрд:
Нырма мæ тых нæма цæуы, —
Дæу аккаг чызг куы рацæуин,
Дæ лæггæдтæ уæд бафидин,
Мæхи гыцци, мæ уаз дидин!...
ТУАТЫ ЛЕНÆ
Ныййарæг
Дæ цæстытæй мæм стъалытæ кæсынц,
Дæ зæрдæ, ногконд дзулау, у фæлмæн.
Дæ къухты мын.æвдадзы хос хæссыс,
Дæ дзыхы дзырд ныфсдæттæг у мæнæн.
Куынæ уаид зæххы цъарьтл ныййарæг,
Нæ азæлид уæд афтæ тынг мæ зарæг.
КОЦТЫ АЛАН
Дыууæ æмдзæвгæйы
УАЛДЗÆГ
Зæхх ысулæфыд, фæхъулон,
Батад, байсыст бонгай мит.
’Рхæццæ уалдзæгæн йæ дугъон,
Нал ис доныл ихын хид.
Малусæг йæ мидбыл худы
Хурварс къутæры бынæй.
Арс та, расыг лæгау, цуды,
Райхъал, нал кæны фынæй...
Арв. &æгъы цæстау, ныййрд и,
Хур та фестади сырх зынг.
Зæрватыкк дæр та фæзынди
Дард балцæй, ныффæллад тынг.
Мыдыбындзæн балбæласæй
Хъуысы алæбон йæ зард,
Хъавы куыстмæ алкæй разæй,
'Вдадзы хос — йæ куыст — бæркад.
Акæсут-ма, алы ран дæр
Бæлæстæ, чындзау — фæлыст.
Уалдзæджы æхцон хæрздæфмæ
Алыран æхсиды куыст.
МÆСГУЫТÆ
Нæй ахæм ком Ирыстоны,
Цы ран дзы нæй мæсыг.
Чи ма зоны, цас сæ ныккалд
Нæ фыдæлты цæссыг?!
Иу иннæмæ уæлвонг ранæй
Былкъахыртæй зыны.
Иу иннæмæн йæ ныуæстæ,
йæ хъæдгæмттæ уыны.
Сæрдыгон сæ хъæддаг мæргътæ
Сæ ахстæттæ кæнынц.
Тæрк къæвдайы знæт дæттæй
Сæ рагъкъултæ кæлынц.
Хæхбæстæм-’иу фыдызнæгтæ
Куы ныббырстой æваст, —
Тыхгæнæгæн, бæгуы лæгтау,
Нæ барстой, нæ сæ маст.
Ыстыр бузныг, нæ мæсгуытæ,
Уыдыстут нын цъæх уарт.
Уæ цъуппытыл нæ ныххуысдзæн
Æнус-æнусмæ арт!
Ш
БАХЪАТЫ НУГЗАР,
ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР
ЗÆРАÆЙЫ ФÆНДИЙÆГТÆ
Бирæ сты з’æрдæйы фæндиæгтæ.
Кæдæмыты нæ фескъæфынц адæй-
маджы сæ рог базыртыл, цынæ
хорз хъуыддæгтыл æй нæ бафта-
уынц. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы
фæндиæгтæн сæ фылдæрæн, ч гæлæ-
буйы цардау, цыбыр вæййы сæ
Цæрæнбон. Уыцыиу æрттывд фæкæ-
нынц, стæй айсæфынц. Иннæтæ,
боныфæстагм-æ, раб<илцъ кæнынц,
Дидинæг рафтауынц, сæ нысаныл
сæмбæлынц.
Бирæ æхцон фæндиæгтæ æвзæр-
Дис тохвæлтæрд капитан Гаглой-
ты Сардийы зæрдæйы дæр йæ са-
бибонтæй фæстæмæ. Сæиуæй-иутæй
фыдæнхъæл фæцис, аннæтæ-иу ын
сæххæст сты: Сардийы сабибонтæ та
Мæнæ-мæнæ райдзаст нæ уыдысты.
Хæрз чысылæй бавзæрст’а йæ бæр-
Зæйыл царды уæз. Иæ лæджы ран-
мæ æгæр раджы бахызти. Йæ
фыд—Парса хуыздæр цард æн-
хъæл ралидз-балидз кодта иу
хъæуæй иннæмæ, иу комæй — ин-
нæмæ, Кусчытæй — Хеобамæ, Хео-
байæ — Имерхеуы хъæу/мæ. Бирæ
бинонты хицау уыд æмæ æндæр
хуыздæр цы хъуамæ сарæзтаид?
Каердзыны къæбæр сын амал кæ-
нын хъуыд. Ацы хъуыддаг хорз
æмбæрста йæ зæрдæргъæвд . фырт,
бинонты кæстæр — Сарди йæ чы-
сылæй ,дæр. Уый адыл йæ быцъы-
нæг ахуырмæ скъуыдта, йæ зæр-
дæйы сæвзæрдис йæ цыбыркъух,
æвадат ныййарджытæн истæмæй
баххуыс кæныны бæллиц. Æмæ
дыууадæсаздзыдæй фыццаг хатт ба-
лæууыд йæ райгуырæн Имерхеуы
хъæуы .скъола-йы къæсæрыл. Кæд
ын ахуыргæнæн чингуытæ нæ уы-
.дис, уæддæр ахуыр кодта зæрди-
агæй; уыд коммæгæс. Лæппуйыл
фынддæс азы куы сæххæст, уæд,
1932 азы, сæ хæдзарыл æрцыдис
дыууæ уæззау зианы — иу мæйы
мидæг сæ цардæй ахицæн сты йæ
ныййарæг мад Катине æмæ йе
’фсымæр.
1934 азы Сарди. хорз бæрæггæ-
нæнтимæ каст фæцис Згъудеры
хъæуы æнæххæст астæуккаг скъо-
ла. Йæ хъысмæт æй æрбакодта
Цхинвалы педтехникуммæ. Уым
æвддæсаздзыдæй фыццаг хатт ба-
зонгæ ис Ирыстоны раззагон ин-
теллигецциимæ. Абоны ’ онг дæр
сæрыстырæй; æрымысы педтехни-
кумы уæды директор Багаты Ера-
ст æмæ зынгæ рухстауæг Бекъойты
Георгийы (Дзибкæйы) рухс нæмт-
тæ. Техникум æнтысгæйæ каст куы
75
фæцис, у,æд 1938 азы кусын рай-
дыдта Ленингоры районы Цъина-
гары райдиан скъолайы. 1939—1940
азты та куыста Дзукъаты хъæуы
æнæхх’æст астæуккаг скъолайы
ирон- æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнæгæй. Йæ зæрды уыд йæ
ахуыр адарддæр кæнын, Хуссар
Ирыстоны пединститут фæуын, фæ-
лæ йæм 1940 азы фæззæджы æрсид-
тысты Сырх Æфсады рæнхъытæм.
Службæ кодта Хурныгуылæн Ук-
раинæйы, Львовы, 203-æм æхсæг
полчы. Цалдæр мæймæ æнтысгæ-
йæ каст фæцис полчы кæстæр ко-
мандирты скъола, радтой йын сер-
жанты чин æмæ йæ арвыстой Ров-
нойы горæтмæ взводы командиры
хæдивæгæй. Йæ полчы командиртæ
йын йе ’взыгъддзинæдтæ куы ба-
фиппайдтрй, комм)æгæс æмæ
хъуыддагыл æнувыд куы разынд,
уæд ыл сæ цæст æрывæрдтой æмæ
йæ арвыстой Киевы политахуыр-
гæнæндонмæ. Фæлæ Сарди фыдæн-
хъæл фæцис йæ дарддæры фæнди-
æгтæй. Райдыдта Стыр Фыдыбæс-
тæйон хæст. Райдыдта йæ царды.
иууыл зындæр æмæ тæссагдæр,
фæлæ кадджындæр рæстæг.Уым
цы фыдæвзарæнты фæцис, цы стыр
зынтæ бавзæрста, уыдон Сарди
æрымысы арф . ныуулæфгæйæ, ит-
тæг зынæй:
’— Стыр Фыдыбæстæйон хæст
мæ æрæийæфта Киевы æфсæддон
политахуыргæнæндоны курсаштæй.
Сæумæрайсом нæ фæдисæй фес-
тын кодтой æмæ нæ фæстæмæ Ров-
нойы горæтмæ арвыстой. Уым уыд-
ис не ’фсæддон хай. Фыццаг хатт
фашистон тыхæйисджытыл лæгæй-
лæгмæ фембæлдтæн 1941 азы
8-æм.июлы украинаг горæт Корос-
тенмæ ,æввахс, Красноармейскы
районы. Гитлеронтæ кæд нымæцæй
бирæ фылдæр ’уыдысты, хотыхæй
хуыздæр ифтонг,уæддæр нын семæ
бацайдагъ карз тох. Канд сæ раз-
мæбырст сын не рур&дтам, фæлæ
ма сæ иуцасдæр фæстæмæ дæр,
аппæрстам, стыр зиæнттæ сыл æр-
цыдис, афтæмæй. Ног позициты
нæхи æрфидар кодтам. Фæлæ та
знаг стыр ’тыхтæ æрбамбырд кодта
æмæ та -ныл нæмыг, ихуарæгау,
нызгъæлста. Уый уыдис • 13-æм
июлы. Сæумæрайсомæй нæ полк
бардзырд райста, цæмæй ногæй
размæ абырстаиккам æмæ æрхъу-
76
лайыбахауæг советон æфсæддон
|хæйттæн баххуо кодтаиккам æр-
хъулайы цæг атоныны хъуыд-
даджы.
Нæ полчы хæстонтæ, ныхмæлæу-
уæг хæ куыннæ фæфиппайдтаид,
афтæ хъæдты æмæ адгуыты бахъ-
уызыдысты фронты раззаг. хахмæ
æмæ знæгты тыхджын æхсты бын
фæкодтой. Уыдон дæр нæ ныхмæ
карзæй лæууыдысты. Афтæ фе-
нхъæлдтой, ома, сæ ныхмæ рабыр-
стой нæ бирæ æфсæддон хæйттæ,
уымæ гæсгæ. флангты æрдыгæй нæ
ныхмæ æрбакалдтой æндæр æф-
сæддон хæйтты. Афтæмæй фæрсы-
рдыгæй нæ хæстонтæн дыккаг бон
бантыстис æрхъулайы цæг атонын.
Махуæттыл дæр æрцыдис уæззау
зиæнттæ æмæ æхсæвы тары фæс-
тæмæ алæууыдыстæм. Уыцы тохы
минæйы схъисæй фæцæф<мæ фы-
ндзы галиу фарс (абон дæр. ма
мын сахъат у). Æндæр цæф хæс-
тонтимæ нæ Коростены горæтмæ
аластой, фæлæ уырдæм немыцаг
æфсады раззаг хæйттæ æввахс кæй
уыдысты, уымæ гæсгæ нæ Сумскы
о)бластмæ, æдасдæр ранмæ арвыс-
той. Иу мæйы бæрц госпиталы фæ-
дæн, стæй та ногæй мæ фæндаг
фронтмæ акодтон. Бахаудтæн 7-æм
æхсæг армийы фыццаг фистæгæф-
сæддон батальоимæ. Райдиа’ны
уыдтæн взводы командир, стæй
та — ротæйы командиры хæдивæг.
Дыккаг хатт немыцаг тыхгæн-
джытимæ ныхæй-ныхмæ фембæлд-
тæн Туламæ æввахс Юхновы го-
рæт сæрибар кæнгæйæ. Ныхмæлæу-
уæг нырма карз æмæ тыхджьщ уы-
дис, фæлæ сæрды хуызæн æнтыс-
гæйæ размæ бырсын йæ къухы нал
æфтыд. Нæ артиллери зынджы хай
фæкодта, знаг горæты цы хъомыс-
джын фидæрттæ фæцарæзта, уы-
доны. Стыр зиæнттæ йыл æрцы-
дис куыд адæмæй, афтæ хæстон
техникæйæ дæр. Нæ хæстонты къу-
хы бафтыд бирæ трофейтæ.
Юхновы горæт ссæрибар кæны-
.ны фæстæ хайад истон Курскы
къæлæтауы хъахъхъæдадон тохты.
1942 азы августы мæ арвыстой
Мæскуыйы областы Ногинскы го-
р>æты æфсæддон политахуыр-
гæнæндонмæ. К^аст æй куы фæдæн,
уæд мæм Мæскуымæ, мидхъуыд-
дæгты адæмон къамисариатмæ
фæсидтысты.Снысан ( мæ кодтой
паддзлхадон æдаодзинады кусæ-
гæй æмæ та ногæй фронты февзæр-
дтæн.148 æхсæг бригадæйы скон-
ды хайад райстон Погорелое æмæ
Ржевы районтæ ссæрибар кæныны
сæрыл тохты 1943 азы январæй-
маймæ.
1944 азы мæ арвыстой Бе-
лорусы фронтмæ. Хайад истон
Белорус æмæ Польшæйы зæххытæ
знагæй ссæрибар кæныны . сæрыл
тохты. Уæлдай карздæр тохтæ нын
гитлеронтЪмæ бацайдагъ ис, Ма-
зуры цæдты цур сын цы тыхджын
фидæрттæ уыд, уыдон басæттыны
сæрыл.Хайад ма райстон Скæсæн
Пруссийы, номхуындæй та Кенинг-
сберг сисыны карз тохты.
Уæлахизы бон мæ æрæййæфта
Балты денджызы былыл’. Хæст фæ-
цис. Нæ хæстонтæй бирæтæ здæхты-
сты сæ райгуырæн хъæутæ æмæ
горæттæм. Фæлæ мæнæн мæ л?.ул
лæвæрд нæма фæцис, — адард^.æр
кодта йæ ныхас Сарди.
. —Æмæ ма хæсты фæстæ-цы куыст
æххæст кодтай? — афарстам æй.
—Куыд æдасдзинады органты ку-
сæг, афтæ мын бахæс кодтой,х^гты
азты йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ
адæмыл гадзрахатæй . чи рацыд,
уыдоны æгады хъуыддæгтæ æргом
кæнын. Бирæ фæзылдтæн ме ’мхæс-
тонтимæ ахæдты фæдыл. Фашистон
оккупацийы рæстæджы Одессæйы
полицийы разамындгæнджытæй сæ
иу уыд гадзрахатæйцæуæг Петрен-
ко. Советон æнæаххос æмбæстæгтæй
бирæтæн фыдмитæ фæкодта, бирæ-
тæ дзы æрцыдысты. йæ къухæй
мард. Хæст куы фæцис, уæд йæ сæр
æмбæхсынмæ фæцис, хъавыд йæ
чъизи фæдтæ фесафынмæ. Фæлæ
йæ æрцахстам æмæ йын æфсæддон
трибунал рахаста мæлæты тæрхон.
Ахæм цæвиттонтæ ноджыдæр бирæ
æрхæссæн ис...
1946 азы сæрды тæккæ тæмæны
Гаглойты Сарди демоблизацийы
бахауд æмæ æрыздæхтис йæ фыды-
уæзæгмæ. Уæлахиздзау капитан йæ
риуыл æрхаста «Сырх Стъалыйы»
дыууæ орден æмæ авд % майда-
ны — йæ хæстон сгуыхгдзинæдты
æвдисæндартæ. Кусын райдыдта
Цхинвалы автоцалцæггæнæн за-
воды кадрты хайады. Уый фæстæ
#æ кусынмæ ракодтой нæ рблдсты
милицийы ОБХСС-ы хайады хис-
^æры |хæдивæгæй. '<
Куыд фæлтæрд æмæ арæхстджын
кусæг, афтæ Сардийы 1949 азы
арвыстой мидхъуыддæгты министра-
ды Магаданы областон управле-
нимæ. Фæстæдæр Паддзахадон
æдасдзинады. комитет ногæй баконд
куы ’рцыдис, уæд æй снысан кодтой
Ярополскы районы хайады хистæ-
рæй. Иу-цалдæр азы баслужбæ
кодта, стæй йæ фæстæмæ Гуырдзы-
стонмæ æрæрвыстои. Куыста Ачъа-
- райы АССР-йы Паддзахадон æдас-
дзинады комитеты республикон
управленийы хистæр бæрнджынæй.
Уый фæстæ цалдæр азы дæргъы
куыста Тхъибулы горæты æмæ
Боржомы районы Паддзахадон
æдасдзинады Комитеты органты.
1960 азы Сарди пенсийы куы ацы-
дис, уæддаер ма куыста Боржомы
уырыссаг астæуккаг скъолайы æф-
сæддрн хъуыддæгты ахуыргæнæгæй.
1967—1980 азты та куыста Бор-
жомы районы. æфсæддон къамис-
сариаты.
* * *
Уый уыдис 1972 азы фæззæджы.
Сарди йæ куыстæй кæд фæлладæй
æрбацыд, уæддæр йæ фыссæн стъо-
лы фарсмæ баллæуыд. Стъолы
лагъзæй кæрæдзн фæдыл иста
фæлмæнцъар папкæтæ æмæ сæ
рафæлдах-бафæлдах кодта. Фæстаг-
мæ йæ цæстæнгас æрынцад æрв-
гъуыз папкæйыл. Байгом æй кодта
æмæ- дзы систа, рæстæг, уалдзыгон
тымбылтыхт фиуау, сæ фыстытæ
кæмæн сбур кодта, ахæм хъуыд-
даджы гæххæттытæ. Сæ иумæ дзы
бæстонæй ныккаст æмæ арф хъуы-
дыты а’цыд. Æппынфæстаг, йæ
цæстыбынтæ дæр баумæл сты: Йæ
цардæмбал — бæрзондгомау, хæрз-
конд сылгоймаг æй куы бафип-
пайдта, уæд ын уайдзæфы хуызы
загъта:
— Дæ куысты фæстæ улæфгæ
дæр нæма бакæныс, афтæмæй уьщы
папкæтыл бафтыс. Зæрдæхъыг
та куыд нæ кæныс хæсты цаутæ
æппынæдзух мысгæйæ?
— Уыдон æрмæст папкæтæ не
сты, Етери.
— Уæдæ ма дын хæзнатæ сты?
— Хæзнатæй ноджы зынаргъдæр.
У.ыдон мæ зæрдæйц къæрттытæ
П
сты. Искуыдæй-искуыдмæ-иу сæм
ма ’ркæсон, уый мæ бон нæу.
— Æмæ, .Сарди, Имерхеуы хъæу-
мæ та къуыри 2—3 цыды цæмæн
фæкæныс?
— Хъуыддæгтæ, хъуыддæгтæ, мæ
хæлар.
— Цавæр хъуыддæгтæ?
• —Цавæр хъуыддæгтæ куы зæгъ-
æм, уæд * Стыр Фыдыбæстæйон
хæстмæ Имерхеуы хъæуæй цы
равзаргæ фæсивæд фæцыд, уыдо-
нæй æхсæрдæс æмæ ссæдз фæзынг-
хуыст сты, нал сæмбæлдысты сæ
фыды уæзæгыл.
— Æмæ сын цы дæ зæрды ис са-
разын.
— Цырт, цырт, Тыджион. Иумæ-
йаг фæрæзтæй. Афтæ кæнынц алы
хъæуты дæр се ’дзард хæстонтæн.
Сæ номыл исты хъуамæ баззайа...
Æмæ æхсæв-бон нал зыдта
Сарди. Йе ’мхъæуккаг зынгхуысты-
тæн цырт самайыны уæзы фылдæр
хай йæхимæ райста. Иумæйаг фæ-
рæзтæм йæ дыууæ мæйы мызд ба-
хаста. Арæзтадон æрмæджытæ агу-
рыныл дæлфадихсыд баци. Куы Ка-
релмæ, куы Гурмæ, куы та Цхин-
валмæ цыдис. Æмæ йæ зæрдæ
мæткæнынæй нæ ’рынцадис уæдмæ,
цалынмæ сæ хъæуы зынгхуыстыты
цырт кæронмæ амад фæцис. Уый
та уыдис /1979 азы 9-æм Майы.
Цырт байгом цытджын уавæры.
Уыцы бон — Уæлахизы бон. Имер-
хеуы хъæумæ уазджытæ æрцыдис
Гуырдзыстоны алы къуымтæй, Хус-
сар Ирыстйнæй. ! Имерхеуæгтæ
хъæугуывд скодтой, æрымысыдысты
сæ тохбæлццæтты рухс ном. Буз-
ныг загътой уазджытæн, сæ хъыгыл
сын иумæ кæй фæхъыг кодтой, сæ
циныл та цин, уый тыххæй.
Цыд рæстæг. Бонтæ æзфæраздæ-
роцæй ^гъордтой цардвæндæгтыл,
семæ алыгъуызон цинтæ хæсгæйæ.
Æмæ та иуахæмы Сардийæн æнцой
нал уыдис. Боржомæй Цхинвалмæ
къуырийæн цыд кодта. Ирон адæмы
генион поэт Хетæгкаты Къостайы
райгуырды сæдæ дыууын азы юби-
лей æрыввахс. Ирыстоны фæллой-
гæнджытæ уыцы кадджын бонмæ
сæхи цæттæ кодтой иттæг -разæн-
гардæй. Областон газетты фæрстыл,
радиойы йæ кой сарæх. Поэты æм-
дзæвгæтыл фыст зарджыты æхцон
мелодитæ эфиры тахтысты нæ
’ 78
республикæйы æппæт къуымтæм
дæр. Сардийы хъæппæрисæй Бор-
жомы районы фæллойгæнджытæ
дæр базмæлыдысты, сæхи зæрдиагæй
цæттæ кодтой ирон адæмы сæр-
хъызойы юбилеймæ. Рацу-бацу
кодта Сарди иу горæтæй иннæмæ,
иу хъæуæй иннæ хъæумæ. Къоста-
йы стыр портрет кæмдæр сфæрæз
кодта. Боржомы горæты, Гудзарет-
гомы хъæууон библиотекæты поэты
чингуытæ сарæх *сты. Сæрмагонд
равдыстытæ дзы сорганизаци кодта.
Стыр ирон поэты юбилей боржом-
æгтæ нысанкодтой 1979 азы 18-æм
октябры. Юбилейы агъоммæ пар-
тийы Боржомы райкомы секретарь
Махъвала Стажадзе Сардимæ те-
лефоны бадзырдта:
— Сарди Парсаданы фырт, зоныс,
фондз боны фæстæ Хетæгкаты Къо-
.стайы юбилей кæй нысан кæндзы-
стæм.
— Канд зонгæ нæ, фæлæ йæм
мæхи лæгдыхæй цæттæ кæнын,
Махъвала Грамиты чызг.
— Докладгæнджытæй ’иу ды кæй
уыдзынæ, уый даер зондзынæ.
— Уый дæр зонын. Мæ доклад
рагæй фыст у, машинкæйыл мы-
хуырæй лæууы мæ кусæн стъолыл.
— Уæдæ, хорз, нырæй фæстæмæ
мæ фидарæй уырндзæнис, дæуыл
(æцæг -коммунистау, зæрдæдарæн
кæй ис,—раппæлыди дзы райкомы
секретарь, стæй ма йæ ныхæстæм
бафт,ыдта:—Культхайады хицау
Орджоникидзе Элгуджайæн дæр
бафæдзæхстон, цæмæй юбилеон из-
æр ацæуа бæрзонд æмвæзадыл, уа
йын æцæг интернационалон мидис.
Цы дæ бон у, уымæй нын !ды дæр
баххуыс кæн, — йæ ныхас бал-
хынцъ кодта Махъвала Стажадзе.
Æцæгдæр, Хетæгкаты Къостайы
юбилейон изæр ацыдис æнтыстджы-
нæй. Æмбырдгæнæн залы адæмæй
къухбакæнæн нæ уыдис. Алы адæм-
ты минæвæрттæ дзы хайад райстой.
Боржомы кулортдзаутæ, стæй æв-
вахс хъæуты цæрджытæ дæр дзæв-
гарæй хайад райстой юбилейон
изæры. Зæрдæхъæлдзæг æмæ рай-
гондæй æрбацыдис сæхимæ Сарди
дæр фæсæхсæвæрты.
Цы бирæ хорз хъуыддæгтæ сарæ-
зта йæ царды дæргъы Сарди, уы-
дон æм фаг никуы фæкæсынц. Би-
рæ цыдæртæ ма йæ саразын кæй
фæхъæуы, уыцы бæрндзинад йæ
зæрдæ, йæ хъуыдытæй никуы раф-
ты.
Æмæ та æрæвнæлдта иу хæрзиуæ-
гон хъуыддагмæ. Уæхскуæзæй
кусы, Боржомы районы зæххыл
революцион змæлды, ир æмæ гуыр-
дзыйæ активон хайад чи иста, уы-
дон тыххæй архивон æрмæджытæ
æмбырд кæныныл. Хъуамæ, дам,
сæ историйы мачи ферох уа, * сæ
кады нæмттæ сын адæм мысой,
зоной, сæ амонды сæрыл сын сæ
цард чи снывонд’кодта, революцийы
уыцы æхсарджын хæстонты. Æниу
сæ рухс ном сæнусон кæныны сæ-
раппонд сæ иуæй-иутыл Сарди
йæхæдæг дæр иу-цалдæр очеркы
ныффыста æмæ сыл абон дæр фыс-
сы æмæ кусы зæрдиагæй.
Канд. Боржомы горæты нæ,
фæлæ ма Гудзаретгомы дæр Гаг-
лойты Сардийы чи нæ зоны, ахæм
стæм адæймаг разындзæн.
.Иуахæмы нын Сардийы тыххæй
гудзаретгоймаг кардзыд ирон лæг
афтæ зæгъы:-
— Гаглойы фыртæн нæ комбæс-
ты куыд аргъ кæнынц, уый куы
зониккат, уæд ын удæгасæй цырт
дæр самайын кæниккат.
— Æмæ йæ мах дæр ахæм лæгæй
зонæм, — дзуапп ын радтам сæры-
стырæй.
— Алы æхсæны хъуыддагæн дæр
йæ цырв уый . вæййы. Тагъд æх-
хуысы адæймаг æй хонæм фырбу-
цæн.
— Æмæ уæ йæ тагъд æххусы
сæр уагæры афтæ тынг кæм бахъæ-
уы? —> афарстам цымыдисæй - гу-
дзареттаджы.
^ — Хъуыддаджы гæххæттытæ
фыссыны, усгуртимæ фидауыны
рæстæджы. Газеттæ æмæ журналты
фыссыны рæстæг куы ралæууы, уæд,
ирон хъæутыл зилгæйæ, дæлфад-
ихсыд бавæййы. Мах æй нæхæдæг
дæр куыд нæ фæзонæм, ирон пе-
риодикон мыхуыр царахат кæнын
кæй хъæуы нæ районы, фæлæ нæ
уый тынгдæр сразæнгард кæны
ацы-ахсджиаг хъуыддагмæ. Гъе, ’мæ
хуртæ, уæдæ уый тагъд æххусы
адæймаг нæу? — йæ ныхас балхынцъ
кодта нæ ног зонгæ. .
Уыцы дзырдтæ дæр фаг уыдысты
махæн, цæмæй нæ мид-зæрдæйы
ранывæзтаиккам Сардийы, æнувыд
коммунист æмæ æхсарджын æмбæ-
стаджы фæлгонц, йæ хъæздыг
миддунейы характёрондæр æу-
уæлтæ: хуымæтæг, куыстуарзаг,
зæрдæхæлар, æмгаруарз, фæнд-
видар æмæ фердæхтджын лæджы
удыхъæды -хуыздæр миниуджытæ.
Иууыл диссаг та уый у, æмæ ахæм
хорз æууæлтæй цух кæй нæ баззад
йæ иузæрдион цардæмбал Ты-
джыты Этери дæр. Мæнгæй нæ
фæдзурынц Ирыстоны, лæг æмæ,
дам, ус фæрæты хъæдæй баст сты.
Сæхиау зæрдæхæлар, адæмуарзаг
рацыдысты сæ фырт æмæ сæ чызг
дæр. Уыдон рæхджы каст фæуыдзы-
сты Цæгат Ирыстоны паддзахадон
медицинон институт.
ИРОН ДЗЫРДЫ СÆРВÆЛТАУ. ’
ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА
Афтид къæрмæдэ^сытæ пæ поэтикон æвзадэ^сы
Ныхасы æгуыдзæгдзинадæн бирæ хуызтæ
ис, фæлæ дзы. иууыл арæхдæр бафиппа-
йæм, раст цы дзырдтæ нæ дзурæм кæнæ
фыссæм, уыдон. - Зæгъæм, иутæ дзурынц
сокъо, иннæтæ — зокъо, аннæтæ — къозо.
Ам фехъусдзынæ лæвæрдтон, уæртæ уым
та — дæттон. Фæдзурынц ма нæм суанг са-
пъаздатт кæнæ фæгуиан кæнын, кæд нæ-
химæ ис бафæстиат кæнæ байрæджы кæ-
нын, уæддæр.. Уыдæттыл, æвæццæгæн ис-
куы дзырд уыдзæнис сæрмагондæй. Мæ
абоны. ныхасæн йæ сæр æндæр у.
Ныхасы мидæг алы дзырдæн йæхи .сæр-
магонд бынат ис æмæ йын æндæр дзыр-
дæй баивæн чма хъуамæ уа. Æнцонæй ба-
ивæн цы дзырдæн уа, уый ам ахсджиаг
нæу. Ма хъуамæ уа дзырдæн уæлдæр кæ-
нæ дæлдæр абад зæгъæн. Иугæр дзырдæн
ис феккуырсæн, уæд уый, æвæццæгæн, йæ
бынаты æвæрд нæ баййæфта. Дзырдæн
иннæ дзырдты æхсæнæй ма хъуамæ уа
раппарæн. Текстæй сæрибарæй аппарæн ис
æрмæстдæр -æнæпайда дзырдæн.
Ацы æгъдæуттæ нæ ныхасы аивдзинады
домæнты сæйрагдæртæй сты, фæлæ алхатт
æмхуызон карз нæ вæййынц. Зæгъæм,
дзургæ ’взаджы алчи тагъд-тагъдæй нæ
фæцарæхсы иууыл «хуыздæр» дзырдтæ æв-
зарын æмæ уыдон кæрæдзи фæдыл фидар
фæткмæ гæсгæ авæрын. Дзургæ ’взагæн
йæ закъæттæ хуымæтæг æмæ сæрибардæр
сты. Фæлæ ам дæр алкæмæн йæхи кур-
диат ис, ныхас кæныны курдиат. Иуæй-иу
адæймагмæ æнæхъæн бон хъусынæй нæ
бафсæддзынæ, нæ бафæлмæцдзынæ уыимæ
фæндагыл, куысты, бадты. Иуæй-иу та
гоби у, йæ ’дзырдуаты сæдæ дзырдæй фыл-
дæр, чизоны, нæдæр ис, æмæ уыдонæй ар-
хайы, мæгуырæг, цæрæнбонты. Хуыцау ын
нæ загъта æндæр арæхстдзинад.
• Фысгæ æвзаджы аивдзинадæн йæ до-
мæнтæ карздæр сты. Уæлдайдæр та аива-
дон литературæйы æвзаджы. Аив литера-
турæйы æппæт жанртæй та иууыл карздæр
закъæттæ ис поэзийæн. Поэтикон ныхас у
æвзаджы иууыл æлвæстдæр æмæ хæрз-
конддæр формæ. Цъус дзырдтæ æмæ стыр
мидис — ахæм у поэзийы æвзаджы æнæ-
фæцудгæ закъон. Уымæ гæсгæ, поэтикон
дзырд хъуамæ хæсса стыр уаргъ, уæзгæ
эмоцион æмæ семантикон мидис. ,Алы
дзырд дæр! Ам ницы хуызы нæ фидауы
æмæ нæу ныббаринаг, иннæты æмсæр чи
нæ лæууы, иунæг ахæм дзырд дæр. Ома,
поэтикон рæнхъы (кæд рæнхъ бæзза, уæд)
иунæг дзырд дæр йæхи ма хъуамæ сайа.
«Магуса» дзырд цыран уа, уый уацмыс
нал у ^уымæн ницы иудзинад ис аивадимæ,
поэтикон сфæлдыстадимæ. Уый элементарон
домынад у æмæ; чизрны; ахæм фарстыты^
дзурын худинаг дæр ма у, фæлæ нæ, хъы-
гагæн, ахæм ныхасы сæр хъæуы. Нæ поэти-
кон æвзаг хъуамæ цæвиттойнаг уа нæ ны-
хасы культурæйæн, хъуамæ - уый фæзмгæ-
йæ архайæ’м <нæ ныхасы аивдзинад бæр-
зонд кæныныл.
Цæмæн ахæм стыр аргъ кæнæм Къоста-
йæн? Æрмæст йæ революцион идеяты тых-
хæй бæрзонд нæ систам Хетæджы фырты
ном. Уымæн йæ дзырдтæ алы уацмысы
дæр, иу гутоны хорз галтау, æмхуызонæй
хæцынц размæ æмæ сæ гутондары зарæгæй
нырыонг дæр уымæн ризынц Ирыстоны
хæхтæ. Цæй зарæг хъуамæ айхъуыса мæ-
нæ ацы гутоны æрдæгмард галты фæдыл
цæугæйæ та:
Иухатт дæр афтæ: Бирæгътæ сæумæ
Балæбурдтой сагмæ Хъус сæ хабармæ.
Æмæ чысыл дæлдæр ногæй:*
Гъе, ныр дæр та афтæ: Иу сæумæрай-
,сом Бирæгътæ дын сагмæ Бабырстой уæн-
дон... (чиныг «Мады. зæрдæ»-йæ).
Нæ абоны поэзийы бирæ ис, аивдзырды
хъысмæт зæрдæхсайгæ кæм у, ахæм уац-
мыстæ. Уый техникæйы элементарон фарст
у æмæ йæм алырдыгæй æркастæуа, уый фа-
дат нæй ацы цыбыр уацы. Фæлæ райсæм
иу-цалдæр цæвиттоньг абоны поэзийæ æмæ
фенæм, цы уавæры сты иуæй-иу дзырдтæ,
цахæм æнæуд къæрмæджытæ сæ сырæзтис
иуæй-иу æмдзæвгæты.
Журнал «Фидиуæджы», 1982 азы б-æм
номыры 63-аг фарсыл (дарддæр цыбыртæй
уыдзæн: Ф, 1982, 6, 63; журнал «Мах
дуг» та: МД, 1982 æмæ афтæ д.) иу поэт
зæгъы:
«Фæлæ не стулдзынæ цъыфы Ды сыгъ-
зæрины къæртт, зон».
Æмæ чысыл дæлдæр ноджы:
«Уарзты хатджытæ нæ хъæуы, Хатæг у
йæхæдæг, зон».
Афтид дзырдтæ, ома, тутт къæрмæджы-
тæ нæ поэзийы алыхуызæттæ сты, фæлæ
дзы дзырд зон-ы хуызæн тæригъæддаг бон
никæцыйыл æркодта: æнæбары æмдзæвгæ-
йы зыхъхъыр кæм аззайы, уым та дзы
æнæмæт автор ацы зон фæцæвы («Мах ду-
джы» фæстаг æртæ азы номырты йыл ни-
куы фембæлттæн). Сывæллæттæн кæй ныф-
фыстæуыд, иу ахæм гыццыл чиныджы (йæ
ном «Мады зæрдæ» хуыйны), цæвиттон,
ацы зон-æн бынтон арт æмæ фæнык нал
ис. Мæнæ дзы иу-цалдæр бынаты (дæхи
ныффидар кæн4 чиныгкæсæг, дæ нервтыл
дыууæ къухæй хæц!):
1) Чъизи хъустæ, Хъулон рустæ — Ни-
чи уарзы, зон (фарс 17).
2) Саг зæрдæйæ — ’нæхин, Хурау у -^
æргом. Уыимæ фæцæрин /&з хæларæй,
зон. (ф. 50). * * " .
80
3) Ахæм зымæг сагæн Нæу цæрын æн-
цон, — Бирæгъ у йæ цардæн Тынг тæс-
саг, уый зон (ф. 51)
4) Æз æмæ Æхсао Саоæзтам хæдзар, —
Сауцъиуæн цæрæн — Зымæджы тæмæн.
Сæвæрдтам æй, зон, Кæрты иу кæрон
(ф. 21).
Рæнхъыты кæрон ацы зон фæзыны риф-
мæйы тыххæй. Автор нæ фæхæст хуыздæр.
рифмæйыл, кæнæ зивæг кодта агурынмæ
æмæ дзы зон авæрдта, фæлæ уый нæ фæ-
хатыд (æви йæ зыдта?), æмæ 4-æм цæ-
виттоиы ацы зон рифмæйæн дæр не сбæз-
зыд: дзырд кæрон æнæцавд у æмæ зон-ыл
та цавд ис.
Чиныгкæсæг, зон рæнхъы райдианы .кæ-
иæ астæу куы февзæры, уæд. уымæн йæ
нысан у æрмæст дæр рæнхъ баххæст кæ-
нын. Æндæр ницы:
5) Ныфс, хъару нын, зон, ратдзæнис
Хъæлдзæг цины зарæг (ф. 9).
6) Зон æй, уæд уыдзынæ лæг (ф. 17).
7) Зонут, дзуарса дæр Хъæддаг мыггæг-
тыл- Хорзæн кæй фæкæнынц* Арæзт
дыргъдæтты ’ (ф. 36).
Фаг не сты иу чиныгæй уал цæвиттоны?
Цæй, иу ма сæм бафтауæм. Ам дыууæ
къæрмæджы ис иумæ:
8) Цас ын ис хорзæхтæ, — Мæнæ сæ
зон... (ф. 44).
Уый мыдгæсæй зæгъы автор: ирон мыд-
гæс ахæм диссаг раскъуыхтис, - æмæ йын
автор, æнхъæлдæн, слæвар кодта советон
хорзæхты ахъаззагдæртæ (æмæ, дам, сæ
мæнæ зон ды дæр), æрзилын æй кодта иу-
миаг ныхæстæй суанг фæсарæнты дæр...
Къостайы сфæлдыстады никуы фæхæст
дæн ахæм зон-ыл. Ис æм:
1) Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут...
2) Ам зымæг куы вæййы, уæд Иу хъарм
бæстæ зонын...
3) Рагон нæртон лæгау зарын куы зо-
-^нин...
^Къостамæ зонын ^дзырд у, ис ын #æхи
бынат æмæ йæхи мидис, уæлдæр цы цæ-
виттонтæ æрхастон, уыдон мидæг та зон
дзырд нал у, фæлæ ссис цавæрдæр æнæ-
хъуаджы цыдæр. Уый афтæ % схъеллауаг
ис, æмæ кæм фидауы, уым дæр ыл дзæ-
бæх нал феууæндæм. Гæдиаты Цомахъ
фыццаг революцийы тохты дуджы афтæ
фыста:
Адæм куы стыхсой цагъайраджы царДæй,
Адæм куы бамбарой се ’фхæрд, сæ марæг,
Зон, уæд кæй сыстдзысты иубон хъыг-'
дардæй, Зон, уæд кæй фехъуысдзæн иу-'
бон сæ зарæг!
Ам зон-æн йæхи нысан ис: поэт æцæг-
Дæр фæдзæхсгæ кæны, революцион тох-
тæм йæ" ныфс чи нæ хæссы, фæуæлахизы
зæрдæ кæмæ нæй, уыцы скептикты. Цо-
Махъ ахæмтæм сидтис æндæр æмдзæв-
гæйы:
Ма дзур: «чысыл стæм!»—ма дзур
тæрсгæйæ,
Ма дзур: «нæ къухтæ цыбыр сты», — уый.
Поэт архайы, цæмæй бауырнын кæна
адæмы революцион тохы фæуæлахиз æмæ
Уымæн зæгъы зон! æмæ ма йæ фæлхатт
Дæр уымæн кæны.
Фæлæ: • ^ ’
Бæхы дзаумæттæ, музейы ’вæрдау, Зон,
Дарьш æз æфснайд (Ф., 1981, 94, 46).
6- «Фидиуæг» № 2.
Зон, ивы уысми-уысм ныр цард (Ф., 1981,
7, 50).
Зон, кæрæдзи ам нæ сайынц, хорз æф-
сымæртау сæ куыст (Ф., 1982, 2, 68).
Зон, кадджын у зæххыл Рæстаг фæнда-
гыл уайын (Ф., 1980, 12, 70). Райгуырæн
бæстæйæ ма сомы кæн мæнг. Уый дын у
мæ лæгъстæ, Зон, мыггагмæ дæр (Ф.,
1980, 12, 71). ■
’Дзырд, дам, хæйрæджы нæ уырны. Иу-
гæр поэт цыдæр хъуыды зæгъыныл арха-
йы, уæд æй чиныгкæсæг хъуамæ фехъуса
(уæдæ йæ æндæр цæмæн кæсы?) Цæмæн
ма йæ фæдзæхсы: зон! Кæннод та æвæц-
цæгæн, тæрсы, куы нæ йæ фехъуса чиныг-
кæсæг, æмæ мæнæ иуæй?-иу, , адæймаг йе
’мныхасгæнæджы æдзух бакъуыр-бакъуыр
куыд фæкæны (æвзæр ахуыр!) уыйау поэ,т
дæр ацы зон-æй барæхой-барæхой кæны
къуырма (?) чиныгкæсæджы. -
Ацы диссаджы зон иуæй-иу поэттæ æр-
мæст сæхи дзырдты ’хсæн нæ асадзынц:
Зон, æргом ныхасы къæм нæй (Ф., 1982,
10, 15).
Ирон адæм ацы æмбисонд фыдæлтæй
фæстæмæ дзурынц æнæ зон æмæ йæ дзæ-
бæх зонынц. Æви, чизоны, поэты хъуыды-
мæ гæсгæ, алы æмбисондмæ бафтауын
хъæуы зон, цæмæй аивдæр уа?
Æнхъæлдæн, бæттæг (хайыг) куы .дæр
зон-æй хуыздæр уавæры нæй:
Кæттагæй бабастон сырдæн йæ къах.
Сыстад фæцæуæг къуылых-къуылыхгæн-
гæ, Æмæ йæ фæдыл куы кастыстæм мах
(Ф., 1981, 8, 49).
Цæф сырдæн бабастой йæ къах. Уый
ацыд, мах та йын йæ фæдыл кастыстæм,
Куыд, цавæр æнкъарæнтимæ? Ам куы
мур дæр ницыгæс у.
Хæфсытæ тæсæй , куы кæнынц гæвз-
гæвз (МД, 1982, 3, 81)
Зын у, куыд цъус у боны рухс, Куыд
цъус мын у æхсæв. Куы фыркуыстæй æз
ахауын, Мæ уд ысвæййы хиталæг, —
Фæнды мæ галау цæв... (Ф., 1982, 9, 59).
Нæ ног фæлтæр мæ уд у, мæ дзæцц, — ’
Иæ фæстæ куы уадзы уый арф фæд (Ф.,
1982, 10, 14).
Цон, мæхи йæм байсон, — Зæрдæ- йæм
куы райы! (МД, 1982, 8, 5,)
У мæ зæрдæ хъисфæндыр, Куы цæгъды
йæ сусæг цин (МД, 1982, 6, 56).
Ацы куы кæм куыд фидауы, уый зоны-
нæн поэт уæвын æнæмæнг хъыддаг нæу.
Уый вæййы, зæгъæм, мæнæ ахæм конструк-
циты:
1) Ныммæл мын фæсмонæй, Ды искуы
хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..
2) Дæ мидбылты куы бахудис, Куы зæ-
гъис: «Чи дæ, чи?»#
•3) Тедо ам рагæй куы нал цæры æ. а. д.
Къæрмæджытæ алыхуызæттæ сты. Се
ппæт фæнымайын, стæй дзы алкæимæ би-
рæ цæвиттонтæ хæссын, æвæццæгæн, æнæ-
мæнг хъуы’ддаг нæ дæр у. Мæнæ иу-цал-
дæр цæвиттоны æндæр къæрмджытимæ.
Зивæггæнгæ, раст, цæуы æвæндонæй
къæвда (МД, 1982, 2, 73).
Æниу, чизоны, ам авторы фæндыд зæ-
гъын, ома, къæвда зулмæ нæ цæуы, фæлæ
комкоммæ, раст уары? Кæнæ:
Мæ зонгæ никуы уыдис хæсты, Æмбæхс-
тис сау лæгæты раст (МД, 1982, 7, 71).
81
Ам дзырд раст цы нысан кæны? Ома
раст æмбæхстис, раст кодта «мæ зонгæ?»
Æмæ- куыд ис уый гæнæн? Æви уый
Дзырд тæккæ-йы бæсты йс ам? Æмæ
Дзы тайКкæ-йы сæр дæр куы нæ хъæуы.
Кæнæ:
Сабй уыд йæ фыДæй разы... Афтæ ра-
ДЖЫ, • мæнæ кæс, Уый йæ уæнгтæ дарды
’вйзы... (МД, 1982, 12, 44).
КъæрМæгæн йæ гакк арæх йæ уæлæ
вæййы: КЪæДзгуытæй йæ фæхицæн кæ-
Нынц æмæ уымæй ноджы ирддæрæй равди-
сынц, ардæм æнæнхъæлæджы æмæ æнæ*
хъуаджы кæй æрбаирвæзтис, уый*. Мæиæ
ма æндæр цæвиттонтæ дæр: ’
Арв сæхгæдта мылазон мигътæй, кæс
(Ф., 1981, 8, 40).
Иæ уд нæм хъызт зымæг ныр систа (Ф.,
1981, 8, 44).
Хатт нæ поэттæ ахæм къæрмæг рауа-
рынц, æмæ дисы бахауыс:
Фыд йæ магуса лæппумæ Рамæсты ис
тынг — бæрæг: Бон изæрмæ уынгты —
цоппай, Лæг нæ дæ, фæлæ хæрæг (Ф.,
1981, 3, 39).
Дзæбæх зыны: ам бæрæг бахъуыдис нæ
поэты æрмæст хæрæг-ы тыххæй. Кæнæ ма
мæнæ кæс, чиныгкæсæг:
Райгуырæн бæстæйы Уарз дæ мадау,
уарз! Кады уæз бæрзæйыл Хæсс цыти-
мæ, уадз! (Ф., 1980, 12, 70). •
Автор æй, мæгуырæг, йæхæдæг. дæр
фембæрста, ам уадз ныууадзынæн кæй нæ
бæззы,уый, æмæ ма йæ къæдзыгæй бæр-
гæ фæхицæн кодта, ома ды махæй нæ% дæ,
фæлæ ма цафон...
Къæрмæг алхатт иунæг дзырдæй нæ вæй-
йы. Цæмæннæ. ис гæнæн, æмæ тутт, æнæ-
пайда уа æнæхъæн рæнхъ (æниу, æвæдза,
ахæ,мтæ разынынц хатт æнæхъæн уацмыс-
тæ дæр), æнæхъæн хъуыдыйад? Зæгъæм,
мæнæ ам къæрмæджытæ сты банысан-
гонд бынæттæ:
Машинæ дæр гъæйттæй уайы, Æз куы
зæгъон абон раст,
Ацы комæй зæрдæ райы, А фæндагмæ
у мæ каст...
Ноджы фалдæр, уæртæ Нары, Дуртæ-
иу кæм ^фыхта мад,
Уым йæхицæн хохаг зары, Уым нæ
зоны уый фæллад...
Мамысон дæр нæу æнцой, Фос йæ
кæмтты колхоз дары,
У йæ кæрдæг иууыл сой (МД, 1982,
12, 44).
Кæнæ: Афтæ хъызт у, æмæ
У æхсæв æви æмбисбон, Уый куыд
базындæуа, куыд?!
Нæ, уый рауаид æмбисонд — Кæртæй
нæм куы тъизид куыдз... (Ф., 1980,
12, 56). %
Цæмæн рауаид æмбисонд? Куыдз кæр-
ты ’ вæййы, уæдæ хъызт боны йæ куыдз
пецы бынæй кæмæн фæрæйы?
Иу поэт радзырдта ахæм хабар: Хæмы-
’ дæн райсом тагъд-тагъдæй йæ зонд хæ-
дзары айрох. Куысты радзырдта ацы
хъуыддаг йæ хæдивæгæн. Уый йын загъта:
«Афтæмæй дæр хорз дæ» æ. а. д. Ацы хуы-
мæтæджы хъуыды автор йæ фыццаг аст
рæнхъы баздыхтытæ кодта мæнæ афтæ: -
Рохгæнагдæр нæй Хæмыцæй, Ноджы ма
у сонт. Кодта тагъд æмæ сæхимæ Ферох
и йæ збнд. Хабар ракодта йæ куысты Иу
афОн куыддæр. Загъта йын йæ хæдивæг:
«Тынг хорз дæ ныр дæр» (МД, 1981, 2,
49).
Æмдзæвгæйы никуы- зыны. Хæмыц аф-
тæ рохгæнаг у кæиæ сонт у, уый. Иухатт
дзы ферох и йæ зонд, æмæ алкæмæй дæр
иу-исты искуы ферох йæййы. Автор, æвæпг
цæгæн, адзæгъæл рифмæтæ, йедты фæдыл
æмæ йæ ирони æнæхъуаджы дзырдты бы-
нæй рæстмæ нал разынд. Мæнæ ма иу
цæвиттон:
Сæгуыт тулдз бæласмæ фæдисы бауад:
— Бонæмбисы Хъæдрæбынты сыстдзæн
уад.
Атондзæн дын уый дæ цæнгтæ, Тынг дын
тилдзæни дæ сæр!
Хъахъхъæн дзы дæхи ныртæккæ (МД,
1982, 3, 69).
Уад бонæмбисты сыстдзæнис, æмæ, дам,
дзы дæхи та ныртæккæ хъахъхъæн. Намæ
тынг дын тилдзæни дæ сæр кæд æвæлтæрд
саби зæгъа, æндæра ирон дзырды дæсны-
йыл ’ахæм стиль фидауы?
Фаг уæнт ’цæвиттонтæ. Хъуыддаг уый
мидæг ис ,æмæ ирон ныхасы аивдзинадæн
къæрмæг йæхæдæг уыйбæрц тæссаг нæу,
цас тæссаг у уацмысы лæмæгъдзинад.
Хъыг уаид, кæй зæгъын æй хъæуы, гениа-
лон уацмысы къæрмæг фенын, фæлæ
хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ йæ хорз
уацмысмæ къæрмæг ничи бауадздзæн.
Сыгъдæг уатмæ цъыф къахæй нæ бахиз-
дзынæ ,дæ зæрдæ дæ нæ. батæрдзæн. Фæ-
лæ æнæмарзт уатмæ цъыфæйдзаг цырьь
хъыты куыд бамидæг уай, уый, чизоны,
хатгæ дæр нæ ракæнай. Афтæ у «æнæмарзт»
уацмыс дæр: æндæр аккаг куы нæ уа, уæд
’ дзы къæрмæджытæ, алыхуызон æнæпайда
дзырдтæ зынгæ дæр нæ кæнынц.
Цыфæнды стыр æцæгдзинады ныхæстæ
дæр сæ бынаты загъд куы нæ уой, уæдни-
цы сты. Зæгъæм, Тедо карк, балхæдта æмæ
йæ рахæссы йæ дæларм. Бафарстæуыд æй:
— Тедо, дæ каркыл цас радтай? Уый
дзуапп радта:
— Зæхх зилы Хуры алварс.
Кæнæ:
—Уæлахиз уæд фидыдад!
Æмæ. зæгъдзыстæм: Тедо кæнæ нозт-
джын у, кæнæ та йæ зонд рæстмæ нал у.
Афтæмæй та ацы хъуыдыйæдты мидæг
æвæджиау стыр мидис ис. Фæлæ ам уыдон
афтид, æнæмидис сты.
Æнæуд къæрмæджытæ æбæрндзинады
нысан сты (кæннод та поэтикон æгуыдзæг-
дзинады нысан хъуамæ уой). Уæлдæр цы
цæвиттонтæ æрхастон, уыдонæн Сс2 фыл-
дæр ахæм хуызы зæгъын йæ сæрмæ нæ ба-
хæссид æнахуыргонд хъæууон лæг дæр.
Æмæ йæ ноджыдæр зæгъын: æрмæст уый
тыххæи нæ, æмæ сæ къæрмæджытæ ис.
Уымæн ма ницы уаид, фæлæ рæнхъытæ
сæхæдæг дæр, иу стæмтæй дарддæр, никæ-
мæн сты скад кæнынхъом.
Не ’взаджы сыгъдæгдзинад, нæ ныхасы
аивдзинады сæрыл нæ поэзийы мидæг куы
. нæ тох кæнæм, нæ аив литературæйы
фæрцы куы нæ архайæм не ’взаджы тых
æмæ фæрæзтæ æвдисын æмæ цырын кæ-
ныныл, уæд ма уыдæттæ æндæр кæмæй
æрдомдæуа?
?Ж8КЙЖ^
с&я^с&^
«шшмдасдае^
ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР
НОГ ФЕМБÆАА ПОЭТИМÆ
(Ноджыдæр та нæ классикты сфæлдыстадон бынтæ мыхуыры уадзыны фæдыл)
Æрæджы Цæгат Йрыстоны чиныгуадзæн
«Ир» ногæй рухсмæ рауагъта нæ фыццаг
поэт Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæ-
ты чиныг — «Ирон зарджытæ». (Фыццаг
хатт йе ’мдзæвгæтæ ’ æххæстæй мыхуыры
рацыдысты" 1926 азы Дзæуджыхъæуы, Æл-
борты Барысбийы публикацийæ Хæххон
педагогон институты хабæртты æмбырд-
тонды æртыккаг томы. Дыккаг хатт, иу
æмдзæвгæ цухæй — 1965 азы, Цхинвалы/
разныхас æмæ комментариты автор —
Нафи. Ахæм хуызы ма рацыдысты «Ирон
аив дзырды хæзнаты» серийы чиныг «Уал-
дзæггæнджыты» 1978 азы). Æндæр æмæ
æндæр азты йæ уацмыстæ мыхуыр цыдыс-
ты журналты, фысджыты иумæйаг æм-.
бырдгæндты, антологиты, хицæн уацмыстæ
ахуыр кæнынц скъоладзаутæ хрсстомати-
ты
Поэты æмдзæвгæты ног рауагъд (1982)
мыхуырмæ бацæттæ кодта Хъодзаты Æх-.
сар, комментаритæ дæр сарæзта. уый. -Раз-
ныхас та ныффыстой Ходы Камалимæ иу-
мæ. Чиныг у аив иллюстрацигонд. Ныр-
онг зындгонд уацмыстæ дзы иууылдæр
сты, -æмæ уый у йæ сæйрагдæр хорз мй-
ниуджытæй иу.
Разныхасы авторты сæ фадæттæ цæй-
бæрц амыдтой, уымæй æрæмбырд кодтой
аемæ лыстæггай анализ сарæзтой поэты
Цард æмæ сфæлдыстадмæ хауæг æрмæджы-
тæн. Афтæ зæгъын æмбæлы комментариты
тыххæй дæр. Чиныгкæсæг сæ æхсызгонæй
бакæсдзæн. Бæлвырдæй цы нæ зыдта поэ-
ты тыххæй, ахæм иуæй-иу хъуыдДæгтæ
хуыздæр бамбардзæн; Уыдон та дзурæг
°ты, чиныгмæ йæ къух чи фæкодта, чи йæ
срæвдз кодта, уыдон æнæзæрдæхудт фæл-
•^оиыл.
Ирон профессион зарæджы фыццаг рай-
Дайæг Мамсыраты Темырболат у ирон ли-
тературæйы исторййы сæрмагонд фæзынд.
^ьтмæ гæсгæ чиныгкæсджытæн йемæ фе-
мбæлын алыхатт дæр æхсызгон цæйбæрц
ВДйы, уый бæрц у цымыдисон дæр. Бирæ
фарстытæ нæм æвзæры æмæ æвзæрдзæн
Нь1рæйфæстæмæ дæр. Уый уымæн- афтæ
У> æмæ Темырболаты цард æмæ хæдбын-
дУр сфæлдыстадыл кæрæй-кæронмæ æвæрд
йс хъысмæты æвирхъаудзинады дамгъæ.
Æнæнхъæлæджы æмæ æвирхъау чи æр-
цыд ирон адæмы царды, ахæм хабарæй
райгуыргæ у йæ поэзи. Æнæнхъæлæджы
, уымæн зæгъын, æмæ уый нæ уыд ирон
адæмы мидисторион царды фæстиуæг, фæ-
лæ ’æддаг фыдаудæнгæнæг тыхты æвир-
хъау хъомысæй равзæргæ. Уыцы æвир-
хъау хабар та кæд аивгъуыйгæ æнусы
æхсайæм азты æрцыд, уæддæр йæ уидæгтæ
рæстæджы арфдæр фæлтæртæй цæуынц.
Уый’ практикон æгъдауæй райдыдта баны-
сангонд æнусы æртынæм азты хæдрайдиан
Кавказы адæмтæм хæдхæцæг паддзахы
æфсады. зындгонд æфхæрæг экспедицитæй.
Сусæгæй та ноджы раздæр райдыдта цæт-
тæ кæнын. Уымæ гæсгæ фæбæлвырдкæни-
наг у Нафийы æмæ стæй Æхсар æмæ Ка-
малы хъуыды, Темырболаты поэзи цы’
«Ирон национ трагедийæ равзæрд», уый
фæдыл. Темырболаты поэзи-.цардмæ рауа-
дзæг тыхтæ — Туркмæлидзæг адæмы тра-
гикон цаутæ, уыдысты раздæр райдацæг
хъуыддæгты фæстиуæг. Æмæ канд уыдо-
нæй æвзæргæ дæр нæ уыд Темырболаты
поэзи. Уыдон ын фесты, къуырцмæ цæмæй
æрныдаид, æрмæстдæр уый ахъаз.
Темырболат «йæхицæн æнæнхъæлæджы»
ссис, Турчы хай чи баци, уыцы ирон, æмт-
кæй, хæххон адæмы кæуинаг хъысмæты
зарæггæнæг. Зын зæгъæн у, ам, ч нæхимæ
цæргæйæ, паддзахы æфсады йæ службæ
æрвитгæйæ, цахæм уыдаид йæ царды
хъысмæт, уый.
Æнæнхъæлæджы, æвирхъау æгъдауæй
сæмбæлдысты йæ фыдыбæстыл, абон йе
сфæлдыстадæй цы цалдæр æмдзæвгæйы зо-
нæм, уыдон дæр.
’ Гæнæн ис, æмæ йæ мах ма зыдтаиккам
абон дæр, йæ мады .’фсымæры лæппу —
Къуындыхаты Бечыр Мæскуымæ Турчы
хъуыддæгтæ лыг. кæнынмæ куы нæ æрцы-
даид, æмæ уырдыгæй «æнæнхъæлæджы»
1920 азы фæззæджы Дзæуджыхъæумæ йе-
мæ куы нæ æрластаид йæ хæрæфырты
фыстытæ, уæд.
Сæйрагдæр фарстытæ сты, гъе, уыцы
фыстытæй гуыргæ, æмæ фæстæмæ уыдон-
мæ здæхгæ. Уыдонæн дзуапп радтын, уы-
дон æрбæстон кæнын, текстытæ сраст,
ссыгъдæг кæнын ныр дыууæ æмæ æртис-
сæдз азы кæсы нæ литературæйы истори-
иртасджытæм. Фæлæ, куыд зыны, афтæ-
83
.мæи æнцон бабæстонгæнæн не сты, ис би-
рæ ныхдуртæ. Цы сты уыдон?
Поэты сфæлдыстадæй нæ къухы ис бæр-
цæй иуæндæс æмдзæвгæйы. Уыдонæй иу —
«Сагъæстæ», Ирыстонмæ æрбафтыд раз-
дæр, аивгъуыйгæ æнусы æвдайæм азты.
Æрхастой йæ, ирæттæй Турчы хæсты чи
уыд, уыдон, адæмон зарæджы хуызы. Йс
ын цалдæр варианты, Æхсар сæ хæссы йæ
комментариты. Бындурон текст фыццаг
хатт мыхуыры рауагъта В. Миллер йæ
«Ирон этюдты» (1881).
Мах нæ зонæм, зарæг кæмæй фехъуыс-
той, уыцы туркаг ирæтты дзургæ текст,
Поэты фыст текстимæ абаргæйæ, цас раст
уыди, уый. Стæй йæ Ирыстонмæ чи æрхас-
та, уыдон дæр фехъусæггаг зарæджы ны-
&æстæ æнæрæдыдæй бахъуыды кодтаиккой,
ницы ,дзы ферох кодтаиккой, кæнæ йæм
сæхицæй ницы бафтыдтаиккой? Зарæджы
рæнхъыты нымæц нæ зæрдыл куы дарæм
(æнæхъæн 60 бæрц), уæд нæм нæ фарст,
æцæгдæр, æнæбындур нæ фæкæсдзæн. Ацы
уавæр стыр зындзинад æвзарын кæны
текстологæн: зарæджы сæйраг текст цæмæ
гæсгæ сбæлвырд кæна, уый нæй, уымæ,
гæсгæ йæ хъæуы интуицийæ архайыны
сæр.
Нафи æхсызгон куыст бакодта, уацмысы
цы æнæдызæрдыггаг хæлдтытæ уыд, уыдон
сраст кæнынæй, композицион æгъдауæй йæ
рацарæзта нывыл. Уыдон не ’взæрын кæ-
иынц уацмысы удыхъæд æмæ кондимæ
исты бæрæг ныхмæдзыд. Уымæ гæсгæ æмт-
кæй Нафийы конъектурæ райста Æхсар
дæр, «Сагъæстæ» мыхуыр кæнгæйæ. Не
сразы æрмæст, рæнхъцух строфæмæ цы
рæнхъ бафтыдта, ууыл, æмæ йæ аппæрста,
йæ бæсты бирæ стъæлфытæ сæвæргæйæ.
Æхсар, -Нафиимæ цы конъектурæ райстой,
уым амоны зарæджы иннæ варианттæм
дæр, конъектурæ аразынæн сын чи фех-
хуыс, уыдонмæ, куыд æххуысгæнæг æрмæг,
афтæ, æмæ уымæй хорз бакодта.
Иннæ дæс æмдзæвгæйы, куыд зонæм,
афтæмæй’ æрласта поэты мады ’фсымæры
лæппу. Фæлæ уыдон дæр нæ уыдысты поэ-
тæн йæхи къухфыстытæ. Мах нæ зонæм,
æгæрстæмæй, поэты къухфыстытæй сæ ком-
коммæ рафыстæуыд, æви копиисæгæн’ йæ
разы уыд æндæр текст. Науæд сæ фысгæ
ракодта, æви йын сæ исчи каст æмæ сæ
афтæмæй ныффыста?
Бечыры æрласгæ текстытæ фыст уыдыс-
тьг францаг дамгъæтæй, уыдон та ирон
ныхасы мыртæ равдисынæн хæрзвадат не
сты. Францаг алфавиты нæй кавказаг
хъæбæр, мыртæ æвдисæг дамгъæтæ, нæй
сæм, ирон æвзаджы æппæты арæхдæр
мыр «æ’ чи равдиса, ахæм дамгъæ дæр.
Уыцы францаг дамгъæтæй фыст тексты-
тæ дæр не сты нæ къухы, фæстæмæ сæ
аласта. Уыдонæй дыууæ .экземпляры ра-
фыста Хъаныхъуаты -Иналыхъ. Иу дзы
радта профессор Æлборты Барысбимæ,
иннæ ныууагъта йæхимæ, æмæ йын Бако-
мæ цæугæйæ, фæндагыл фесæфт. Барыс-
бийы экземпляр — Темырболаты æмдзæв-
гæты бæлвырддзинадæн иунæг-иу доку-
мент, абон æвæрд ис Цæгат Ирыстоны зо-
над-иртасæн институты архивы.
Гæнæн ис, æмæ баууæндæм, зæгъгæ, ко-
пиисджытæ, Иналыхъ æмæ иннæтæ, цы
дзырдтæ нæ равзæрстой, уыдонæй дард-
34
дæр æппæт иннæ дзырдтæ æмæ хицæн
рæнхъытæ дæр раст бакастысты, раст сæ
рафыстой? Мæнмæ гæсгæ, зын баууæнди-
наг хабар, у уый дæр. Æмдзæвгæты мах
-æмбæлæм стилистикон æгъдауæй здыхт
бынæттыл, кæрæДзийыл æххæст аив чи нæ
бады, ахæм хъуыдытыл. Уыдон,' гæнæн ис,
æмæ .уой копиисджыты аххосæй.
Сæйраг текст бæлвырд кæнгæйæ, зæр-
дыл дарЫн хъæуы, æппæт, кæй ранымад-
тон æмæ ма кæй кой нæ ракодтон, уыцЫ
хабæрттæ дæр. Æмдзæвгæты æцæгæлон
армæй цы хæлд быйæттæ нс, къухæй-
къухмæ æмæ дзыхæй-дзыхмæ цæугæйæ,
алыгъуызон ивæнты фæстæ, уыдон сæ
гаччы сæвæрын, срасг кæнын, текстологæй
домы стыр арæхстдзинад. Уый нæ хуын-
дзæн редакци, уый уыдзæн, æцæгæлон
дзырдтæ æппаргæйæ æмæ хæлд бынæтхæ
раст кæнгæйæ, авторы сæйраг текст бæл-
вырд кæнын.
Ам мæ фæнды æрлæууын иу-цалдæр конкре-
тон цæвиттоныл Нафи рмæ Æхсары конъ-
ектурæтæй. Бирæ ис уыдонæй, райсын кæи
хъæуы, ахæмтæ. Бирæтæ ма та домынц
фылдæр асагъæс кæнын, ног конъектурæ-
тæ агурын.
Фыццаджыдæр фарстæуы: цы бачындæ-
уа, дзырдцух чи у, уыцы рæнхъытæн, кæ-
нæ рæнхъцух чи у, уыцы строфæтæн, гъе,
та ~строфæтæ цух чи у, уыцы æмдзæвгæ-
тæн? Æмдзæвгæ строфæ. кæнæ строфæтæ
’цух куы уа, уæд уыдон снывæндынæн
практикон æгъдауæй амал нæй. Æндæр
хабар у хицæн дзырдтæ кæнæ хицæн рæн-
хъыты хъуыддаг: кæд контекст уый фа-
дат дæтты, конъектурæ дызæрдыгдзинад
не ’взæркн кæны, уæд текстолоджы арфæ-
наг хæс у, ’цæмæй сæ баххæст кæна, уы-
дон редакторон ныхты бакæнгæйæ, науæд
та сæ комментариты фæнысан, кæнгæйæ.
Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр уый хъуы-
диаг хабар у æмæ йæ кæнын хъæуы тынг
арæхстгай. Конъектурæ хъуамæ; цæуа те-
кстæк, бада канд йæ буарыл нæ, фæлæ
Йæ удыхъæдыл дæр.
«Сагъæсты» цы рæнхъ хауд ис, уымæн
уæвæг цалдæр , конъектурæйæ хуыздæрыл
банымаинаг у Нафийы он, фæлæ уый дæр
æмткæй дызæрдыггаг у, æгæр нырыккон
литературон ад кæны: «Куы нал хъæцыд-
тæн сагъæсыл», зæгъгæ. Хицæн кæны, йæ
цуры цы рæнхъытæ ис, уыдонæй. Æхсар
æй систа, фæлæ йын йæ бæсты æндæр не
’рымысыд, æвæццæгæн, «фæрæдийыны» та-
сæй. Йæ раны нæй, ацы хауд рæнхъ «Уал-
дзæггæнджыты» кæмæй ивд æрцыд, уый
дæр, нæй йын ’ хуымæтæджы грамматикон
бастдзинад строфæйы иннæ рæнхъытимæ.
Æмдзæвгæ «Амонд»-ы фыццаг строффæ-
йы æртыккаг рæнхъæн, æз æнхъ’æлын,
ра’йсын æмбæлы Нафийы конъектурæ.^ Уый
дызæрдыгдзинад не ’взæрын кæ’ны. Фактон
æгъдауæй, рæнхъæн йæ сæйраг хай* авто-
рæн йæхи у: («Гæмттæ уыди æгасæй»),
уый лæууы авторы тексты æмбуар.
Хъуамæ тынг зын ма уаид, æмдзæвгæйы
фæстаг хауд рæнхъ цæуыл дзурæг уыди,
цы хуызæи хъуамæ уыдаид, уый сбæлвырД
кæнЫн дæр. Голлаг уыд хæлд, йæ мидаег
нæмыг нæ лæууыди, фæлæ йæ æрæджиау
«...хонын байдыдтой Нæ голджытæн- сае
хуыздæр». Уый æнæрастдзинад у, æмæ ав-
тор уайдзæф кæны, æнæрастдзинаА чй
аразы, уыдонæн. Кæронæй йæ ныхас зда-
хы чиныгкæсæгмæ, зæгъгæ: «Ныр дæ ку-
рын æз, мæ хур,#Æркæс ма йæм хуыздæр
у? Кæд ыл мæ зонд рæдийы...» æмæ дард-
дæр хъуыдыуаты æрдæг нæй, фæлæ йæ ны-
хасы логикæ амоны, домы: ома, кæд æз
рæдийын, æз æй раст не ’мбарын, уæд цы?
«Уæд ын т.æрхон ды фæу». ’Уый, фактон .
æгъдауæй, хъуыдуаты цæттæ конструкци-
йы хай у. Æмдзæвгæйы ахæм рæнхъ йæ
ассонансон рифмæ æмæ, Темырболатæн
характерон чи у, уыцы адæмон стилыздæх-
тæй, мæнмæ гæсгæ, фидауы æмткæй æм-
дзæвгæйыл.
Уыцы æмдзæвгæйы æртыккаг строфæйы
дыккаг рæнхъы райсинаг у Нафийы конъ-
ектурæ: «Сæ зонд(ы) цæст нæ уыны». На-
уæд ныр куыд у, афтæмæй дзырдтæ кæрæ-
дзи нæ амонынц.
Афтæ ма - баххæст кæныны амал ис, мæ
хъуыдыйæ, æмдзæвгæ «Рынчын æмæ рын-
чынфæрсæджы» фыццаг æмæ æвдæм стро-
фæйæ цы иугай рæнхъытæ хауд ис, уыдо-
нæн дæр, .хъуыдый’ы логикæ сæ йæхæдæг
амоны. Æрмæст, куыд загътон, афтæмæй
уый аразын хъæуы тынг арæхстгай, ахæм
хуызы, æмæ, зæгъæм, Темырболат йæхæ-
дæг нæ цуры куы уаид, уæд -æй уый
куыд загътаид... % -
Æхсар æвдисы, текстытимæ архайгæйæ,
ахæм арæхстдзинад, уый аргъ кæны, йæ
разы цы уацмыстæ ис, уыдон аивадон зы-
наргъдзинадæн нæ поэзийы, нымайы сæ
ахсджиагыл,. уырдыгæй гуыры йæ тадзгæ-
баргæ ахаст дæр. Йæ размæ цы конъекту-
рæтæ уыди, уыдонæй къордимæ сразы, къор-
димæ нæ, æмæ сæ ныууагъта сæ фыццаг
уагыл. |
Æмдзæвгæ «Дыууæ æмбалы» фыццаг
строфæйы цыппæрæм рæнхъы райдиан, -
мæнмæ гæсгæ дæр нæ домдта барасткæ-
нинаг, ам «уæд та» йæ раны ис, æмæ йæ
нæ хъæуы ивын «уæд м'а»-йæ. Дыууæ дзу-
рæгæй хистæр æнкъард у, æмæ дзы цæ-
мæй йе ’рхæндæг ферох уа,г уый тыххæй
кæстæр куры хистæрæй, зæгъгæ, «Уæд та
радзур г иу таурæгъ».
Ноджы уым цыппæрæм строфæйы фыц-
цаг рæнхъы дзырд «къæрдтæ» (къо’рдтæ)
дæр æмбæрстгонд у, уый тыххæй коммен-
тариты ис фаг уырнинаг æрмæг.
Хъаугъа расайдта амæйразмæ уыцы ’æм-
дзæвгæйы дзырд — эпитет «цъыфтæ». Ома
та мын мæ~ зæрдæ фæриссын кодтай, мæ*
мæстаг мысинæгтæ ногæй мæ зæрдæйыл
кæй рацыдысты, уымæй: «Мæ удæн та йæ
цъыфтæ Ды дæ ныхтæй куы ’ртыдтай».
Дызæрдыггаг у ацы дзырд. Уд абстрактон,
æнæ предметон у, æмæ йæ уæлæ «цъыф-
тæ» кæй ныхъхъæбæр сты, уый йын фыл-
Дæр дæтты нырыккон поэтикон æууæл. Фæ-
лæ фарстæуы? Бамбарæн, банкъарæн ын
ис? Мæнмæ гæсгæ, ис. Нафи йæ баивта
«Цæфтæй» æмæ дзы рауад: «Мæ удæн та ’
йæ цæфтæ...» Æмæ уый кæд аивдæр, «по-
этикондæр» у, уæддæр тексты нæй, æмæ
ахæм рæстæджы растдæр уыдзæн^йæ фыц-
Цаг уагыл æй ныууадзын. Полыпæйаг ’
текстолог Конрад Турский афтæ фыста:
«Цæйнæфæлтау • ног рæдыд æруадзай,
Фæлтау авторы рæдыдыл хъæц», Райсæн
Нæй, ацы дзырдæн уæлдайдæр та «Уал-
Дзагггæнджыты» цы конъектурæ æрымы-
Сь1дæуыд, уымæн. Уым та «цъыфтæ» ивд
æрцыд «цъæрттæй» æмæ дзы рауаД: «Мæ’
удæн та йæ цъæрттæ Ды дæ ныхтæй куы
’ртыдтай». Конъектурæ цæйбæрц арæхст-
гай аразинаг куыст у, уымæн цæстуынгæ
цæвиттон. ’
Растыл, райсинагыл банымайын хъæуы,
æмдзæвгæ «Ме 'мгармæ»-йы фыццаг стро-
фæйы дыууæ фæстаг рæнхъмæ Æхсар цы
конъектурæ бахаста, уый дæр. Уый арæзт
æрцыд ,рæнхъытæ цы дзырдтæй конд уы-
дысты, уыдон - бындурыл. ИналыхъхъЫ
тексты уыдон сты гæлиртæ. Æхсар сæ рд-
раст кодта: «О, ме ’мгар, мæ уарзон! Ме
’фсымæр дæ куы хуыдтон, Мæ ца’рды ис;
базон, Æнæ дæу цæрын нæ зыдтон»;
Дыккаг строфæйы фыццаг рæнхъ — «Мæ
фос, мæ цин, мæ сусæг»... Ам фæстаг
дзырд Нафи баивта «мæ рисæй». .Æхсар
æй ныууагъта йæ фыццаг уагыл, мæнмæ
гæсгæ дæр æм нæ хъуыд æвналын. Кæд
рифмæйæ хæрз аив нæу, уæддæр аив у
иннæ хъуыддæгтæй — «Мæ фос, мæ цин,
мæ сусæг Дæуæй хицæн нæ дардтон»,
зæгъгæ.
Ноджы: «Ныр мæ дæ уарзын ныууагъ-
тай» — абон афтæ ничиуал дзуры, фæлæ
кæддæр дзырдтаиккой, æвæццæгæн. Уымæ
гæсгæ нæ фæрæдыд чиныгаразæг йæхи
адыл æй кæй ныууагъта, уымæй. Æвдисы,
ие ’взаг ма* хом куы уыд, уæд цы хуызæт-
тæ уыдаид, уый.
Æмдзæвгæ «Рынчын æмæ рынчынфæрсæ-
джы» иуæндæсæм , строфæйы æртыккаг
рæнхъы дзырдбаст «ме стыр» кæрæдзийы
фæдыл фæлхатт цæуы дыууæ хатты, но-
джы нæ бады цыппæрæм рæнхъимæ. Ам
райсинаг у Нафийы конъектурæ, кæд æй
исчи фæхуыздæр кæна, уæд уый æндæр
хъуыддаг у: «Æз ме стыр мулк, мæ фæл-
лой...» зæгъгæ. Йæ фæстæ лæууæг цыппæ-
рæм рæнхъ бирæон нымæцы кæй ис, уый
дæр дзуры уый фарс. <
Цыппæрдæсæм строфæйы дæр дыккаг
рæнхъ у æнæмидис, нæ бады фыццаг рæн-
хъыд: «Дзугтæ скодтой ч’ызджытæй, Цар-
ды риуыл бафынæй». Чи бафынæй царды
риуыл — бæрæг нæу. Æнæмæнг хæлд у
æмдзæвгæйы рæнхъ. Чизоны, растдæр уы-
даид дыккаг рæнхъ афтæ: «Цард " риуы
бафынæй». Уый Нафийы конъектурæ у.
Æз ракой кодтон, Нафи æмæ Æхсары
конъектурæтæй, мæ хъуыдымæ гæсгæ, сæй-
рагдæртæ кæцытæ сты, уыдонæй ^цалдæры
тыххæй. Æнæуый, сæ нымæц бирæ фылдæр
у. Ис дзы хицæн дамгъæтæ æмæ пунктуа-
цион барастгæндтытæ. Бараст кæнын ма
кæй хъæуы, ахæмтæ дæр цъус не сты ныр-'
ма.
Ам рæгъмæрахæссинаг у иу ахсджиаг
хъуыддаг: Темырболаты æмдзæвгæты арæх
сты, ирон æвзаджы. рагон гакк кæуыл ис,
абон йрон æвзаджы кæмæй нæ пайда кæ-
нæм, ахæм дзырдтæ, дзырдты конструкци-
тæ, хицæн дзырдты ’хсæн грамматикон
бастдзинады формæтæ æмæ æндæртæ. Уы-
дон хаст цæуынц ахуыргæнæн æмæ иумæ-
йаг кæсыны чингуытæм, æмæ сæ ахуыр, сæ
бамбарыны хъуыддаджы æвзæрын кæнынц
бæрæг зындзинæдтæ. Куыд алыг кæнын
хъæуы ацы фарст? Уыцы проблемæ зынд-
гонд у гуырдзы, уырыс æмæ æндæр адæм-
тæн дæр. Уыдонмæ ис ахæм- практикæ: ра-
гон уацмысы иуæй-иу архаикон дзырдтæ,
дзырдты формæтæ рацаразынц абоны ли-
Ь5
Тературон æвзадаш дешæнтæм гæсгæ. Те
мырболаты уацмысты -зонадон рауагъдты-
тьптбахъахъхъæнын. хъæуы се ’ппæт сæр-
магонддзинæдтæ, фæлæ æнæуый чингуыты,
уæлдайдæр та ахуыргæнæн чингуыты æмæ
хрестоматиты, уыдон-мыхуыр хъæуы иумæ-
йаг литературон æвзаджы нормæтæм гæс-
гæ. - Æрхæссæм цалдæр цæвиттоны: «дуне-
уыл» — дунейыл («Чъынды лæг»), «кæрæ- ’
дзиуыл» — кæрæдзийыл (уый .дæр уым),
«сагъыд»—сагъуыд («Дыууæ ’æмбалы»),
«Ныр мæ дæ уарзын ныууагътай» — ныр
мæ дæ уарзон ныууагъта, («Ме ’мгармæ»),
«Мингæйттæй-иу ныгæдтам Æнæмæрддзаг
ызмисæй»—Мингæйттæ-иу ныгæдтам, æнæ-
мæрддзаг, ызмисы (уый дæр уым), æмæ
афтæ дарддæр.
Цалынмæ мæ ныхас балхынцъ кæнон,
уæдмæ ма мæ фæнды иу хъуыддаджы
тыххæй зæгъын: Темырболаты иуæндæс
æмдзæвгæйæ иу — «Уæ, мæ хуыцау», фыц-
цаг хатт мыхуыры фæзынд Æлборты Ба-
рысбийы публикацийæ (1926), уæдæй фæс-
тæмæ йыл нæ дæр иумæйаг æмбырдгæнд-
ты, нæ дæр поэты сæрмагонд рауагъды
(1965) никуыуал сæмбæлдыстæм. Ныр фæ-
зынд Темырболаты ног рауагъд чиныджы.
Уымæ гæсгæ нын нæ хъусдард йæхимæ
здахы, æмæ йæ хъæуы бамбарын.
Æмдзæвгæ «Уæ, мæ хуыцау»-ы кæд
хуьщауы’ кой чындæуы, кæд фæуд нæу,
бæлвырддæр зæгъгæйæ, йæ кæрон сæфту,
уæддæр органикон æгъдауæй .баст цæуы
поэты иннæ уацмыстимæ. Дзуры канд поэ-
ты дунембарынадыл нæ, дзуры. йæ дуне-
нкъарынадыл, цы ахаст дары алфæмблай
цардмæ, адæммæ. Кæй зæгъын æй хъæуы,
Темырболатæй домæн нæй æрдз æмæ адæ-
мы царды тыххæй зонадон материалистон
хъуыды. Уый уыд йæ заманы хъæбул, цы
уавæрты цард, уыдонæй рæзгæ, æмæ йыл
уыдон хъ’омыс æндæвта кæрæй-кæронмæ.
Фæлæ бæрæг у иу: ’ хуыцауæй-иу ныфс
йвæрдта, æрмæстдæр уымæн, æмæ йæ
тыхст æмæ уырыд уавæрЫ йæ зæрдæ. æн-
дæр цæуыл банцой уыдаид, цæуыл баулæ-
фыдаид, уый йын нæ уыд. Уый æргомæй
зыны «Сагъæсты» дæр. Иæ бæстæй чи фæ-
хæтæнхуаг, афтид дзы чи баззад, уый йе
’нæкæрон катай æмæ хъынцъым куы нæ
уал урæдта, уæд æм æрдзырди кæцæй-
дæр:
«Уæ! бæстæй скъуыд, æфхæрд лæг!
Дæуæн куы ис æнхъæлцау, —
куы йæ зоныс дæхæдæг, —
дæ дин æмæ дæ хуыцау».
Поэт кæм, цы адæмы ’хсæн цард, уым
уыдта бирæ æбуалгъдзинæдтæ. Уыдон нын
æздисы йæ бæрц æмдзæвгæты иттæг цæст-
уынгæ æмæ зæрдæрисгæйæ. Дзырд цы æм-
дзæвгæйыл цæуы уый кæд фæуд нæу, уæд-
^дæр ыл зыны, ам дæр ын уыцы æнкъарæн-
тæ кæй-райсын кодтой йæ къухмæ фыссæн
сис: Ома, дуне сфæлдисæг тых — хуыцау
тыхджын æмæ æгæрон у, уымæй искуы-
дæм алидзæн, бамбæхсæн нæй, алчидæр^
æмæ цыдæриддæр «Цæрынц æмгъуыдæй
иу бонмæ, — Хъæуы та сæ дæ размæ».
45мæ æмдзæвтæ ууыл фескъуыйы. УæлДæр
кæй кой скодтон, уыцы тыхст лæджы хъуы-
дыйæн йæ рахæцæн сты ацы фæстаг дыу-
уæ рæнхъы: ома,. нæ- басусæг уыдзысты
сæ алы митæ, «хъæуы та сæ дæ размæ».
Ам дæр сусæг нæу, рагон патриархалон
цардæвæрды æндæвдадæй чи æвзæры,
поэты уыцы иумæйагдемократон хъуыды:
чъизийæн, æнæсæрмæхæссинаг митæн, æф-
хæрдæи барст • ма хъуамæ уа. Фæлæ чи
уыдзæн маст райсæг, чи сын нæ ныббар-
дзæн? Поэт цы заман æмæ цы бæсты ’цард,
цы хæтæнхуаг, «æнæбæстæ, æнæхицау» уа-
вæрты æрвыста йæ бонтæ, уым ныфс кæ-
мæй бавæрдтаид, ахæм’ ын нæ уыд, æмæ,
йæ - фырдудгæбонæй, хуыцаумæ здæхта йæ
хъуыды.
. Уый мæ, æмткæй, уацмысы идейон ми-
дисы тыххæй цы зæгъын фæндыд, уый.
Фæлæ куыд поэты æппæт иннæ уацмыс-
тæ, афтæ ацы æмдзæвгæ дæр, мæ хъуы-
дымæ гæсгæ, бирæ хæттыты иу ранæй йн.нæ
ранмæ фыссыны рæстæджы кæмдæрты фæ-
йртæст йæ фыццаг кондæй. Зæгъæм дзы
æрмæстдæр иуы тыххæй, уый уæлдай æр-
гомдæр кæй у, уымæ гæсгæ. Æртыккаг
строфæ у афтæ:
«Дæ уынаффæ, дæ тыхæй
афтид джиппы рауагътай:
чи сæ сбæрæг йæ хуызæй,
кæй сæ уд дæр бауагътай».
Ам дыккаг рæнхъы райдиан дзырд «аф-
тид»-æн бынат кæй нæй, уый бæрæг у —
афтидæн джиппы рауадзæн нæй, джиппы
;уадзынц, предметон æууæл кæмæн ис„
ахæм исты. Уьщæ нын амонынц строфæйы
фæстаг дыууæ рæнхъы дæр. Мæ хъуыды-
мæ гæсгæ, «афтид»-ы бæсты ам хъуамæ
уыдаид æндæр дзырд. Фæлæ цы? Кæд
миййаг — «алцы». Уыцы «алцыппæты» кой
æмдзæвгæйы .уæлейæ дæр ис. Уый домы
ныхасы логикæ, хъуыдыйы контекст. Уый
-руаджы строфæ, æцæгдæр, йæ джиппы
абаддзæн,
Ныр мæ ам мæ ныхас бабæттын фæнды
ахæм хъуыдыйæ:
Рагон текстытæ мыхуыры уадзыны
хъуыддаджы нæм ис бæрæг фæлтæрддзи-
над, стæй æнтыстытæ дæр, фæлæ дзы,
лæмбынæг йхъуыдыгæнгæ, кæуыл хъуамæ
ныссагъæс кæнæм, ахæмтæ дæр цъус нæй.
Нæ фыццаг поэты сфæлдыстад сахуыр
кæнын, уый текстологон æгъдауæй баку-
сын æмæ нывыл рауадзыны хъуыддаджы
хорз бафæллой кодтой Æлборты Барысби,
Джусойты Нафи, Хъодзаты Æхсар. Сэе
алкæйы фæллоймæ дæр сæ ис йæхи æнæ-
быцæуаг хорздзинæдтæ, алчи дæр сæ æн-
цой кодта, йæ размæ цы фæлтæрддзинаД
уыд нæхимæ æмæ æндæр литерат.урæты
текстологийы хъуыддаджы, ууыл. Фæлæ
уæддæр уыдон сты фæйнæ - хицæн сæрма-
гонд куысты, сæрмагонд цæстæнгæстимаг.
Ныр уыдон хъæуы баиу кæнын, кæрæдзи-
йæ сæ схъæздыг кæнын, иу- хатдзæгмæ, иу
фæстиуæгмæ куыд æрцæуа хъуыддаг, аф-
тæ. Ам коллегиалондзинад аппаринаг нае,
фæлæ райсинаг у.
ш^^г^
Алантæ чырыстон
• Византи цæмæй алантыл йе ’ндæ-
вдад фæтынгдæр кодтаид, уый тых-
хæй ’архайдта аланты адæмы ’хсæн
чырыстон дин рапарахат кæныныл.
Уымæй Византийы паддзахад, кæй
зæгъын æй хъæуы, фæнд-кодта ала-
нты политикон æгъдауæй йæ дæлбар
ба’кæныныл. Фæлæ уыцы хъуыдда-
джы фæдыл цы мадзæлттæ иста,
уыдонæн уадиссаг фæстиуджытæ нæ,
уыди.
Алантæ чырыстон дин райсын
æмæ ныббиноныг кæныньг .фарещ
фæдыл ахсджиаг нысаниуæг ис Ко-
нстантинополы патриарх Николай
Мистикы фыстæджытæн. Бирæ рæс- ’
тдеджы дæргъы уыцы фыстæджыты
текстты мидисæй, æндæр æмæ æн-
дæр иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ,
аланты ’хсæн чырыстон дин ахæлиу
кæныны хъуыддаг баст цыди Виза-
нтиимæ. Николай Мистик патриар-
хы бынат ахста- дыууæ хатты (901—
907 азтыæмæ912—925 азты).Мах
цы фыстæджыты кой кæнæм, уыдон
сты авд фыстæджы. Фондз фыстæ-
джы æр’выст сты аланты архиёпис-
коп Петрмæ, дыууæ фыстæджы та
абазты1 паддзахмæ. Мистикы фыс-
тæджыты текст иуæй-иу иртасджы-
тæн фадат дæтты, чырыстон диц *
алантæ Византийæ кæй ’райстой,
уыцы хъуыддаг бафидар кæнынæн.
Цымæ уый æцæг афтæ у?
Махæн нæ бон у уыцы фарстæй
æртæ сæйраг моменты рахицæн кæ-
нын: |
1. Аланты арæн (уæлдайдæр <та
ныгуылæны ’рдыгæй) хæрз хæстæг
уыди Ивери æмæ абазгы арæнтæм.
2. Абазæгты аргъуантæ уыцы рæс-
тæджы уыдысты сæрмагонд уавæры
аемæ сын къухдариуæг кодта Карт-
лийы католикос.
3. Николай Мистик комкоммæ
фыссы аланты æхсæн абазты пад-
Дзах чырыстон дин рапарахат кæ-
ныны хъуыддаджы кæй бацархай-
Азæнис, уый тыххæй. Иæ фыстæ-
Абазтæ — абхазæгты рагон фыдæлтæ.
:- Ю. Куликовский. Чырыстон дин г
ДытъУызты хъАзбёГ,
аспирант.
динкæд райстой
джытæй сæ иу Николай Мистик
абазты паддзахмæ фыссы, зæгъгæ,
æндæр æмæ æндæр адæймæгты ны- ч
хæстæм гæсгæ, де сгуыхтдзинæдтæ
зынгонд кæмæн сты, уыдон руаджы
базыдтам, ды стыр æххуыс æмæ
фæндойдзинад кæй равдыстай хуы-
цауы æххуысы руаджы аланты æх-
сæн чырыстон дин æрфидар кæныны
хъуыддаджы. Уыцы бæлвырдгæнæ-
нæй бæрæг у, абхазаг паддзах Гео-
рги- кæй бацархайдта йæ сыхаг адæ-
мы (ома ныгуылæны цæрæг адæм
аланты) æхсæн чырыстон дин ра-
парахат кæныныл. Византийы аргъ-
уаны ахадындзинад уыцы регионы
кæй фæлæмæгъдæр, ууыл дзурæг у, <
Аланты бæстæйы архиепископ Петр^
мæ Мистик йæ фыстæджытæй сæ
иуы цы сидт æрырвыста, уый дæр.
Уыцы фыстæджы йæ архайды
тыххæй хæлардзинад æмæ бузныг-
дзинады æнкъарæнты уæлдай ма
уый фыссы, зæгъгæ: «Разве ты не
разумеешь, что человеколюбец Спа-
ситель наш, уничтоживший Себя из
высоты Славьг Своея, чтобы спасти
погибное, чтобы ходящих во стране
нечистия вывести на свет благочес-
тия, направил ц тебя на служение,
которое Сам избрал для Себя?..
разве не считаешь ты себя самым
блаженным из людей?»2 Ацы фыс-
тæгæй бæрæг, у Петрæн йæ миссио-
нерон архайд кæй фæлæмæгъдæр,
уый тыххæй Николай Мистикы уай-
дзæф.
Ю. Куликовскийы уыцы фыстæ-
джы мидис æмбарын кæны афтæ,
ома, дам, чырыстон дин алантæ
раджы кæй нæ райстой. Фæлæ æцæ-
гæй та хъуыддаг афтæ нæу, уымæн
æмæ фыстæджы мидисæй бæрæг у,
чырыстон дин алантæ раздæр ’кæй
райстой, уыцы хабар. Зæгъæн ис
уый, æмæ, архиепископ Петр алан-
ты бæстæмæ æрцыд уымæй раамæ
алантæм цы миссионертæ уыд, уы-
дон фæстæ.
æм. фарс, 5.
87
Ю. Кулйкоёский сæйраг акцёй’г
æвæры фыстæджы фразæ «крещен-
ие алан». Фæлæ бæрæг куыд у, аф-
тæмæй махмæ ницы зонæнтæ ис ал-
антæ иууылдæр чырыстон дин кæй
райстой, уымæй. Кæд æмæ чырыстон
дин райстæуыд, уæддæр аланты бæ-
стæйы алы ран нæ ахæлиу.
Æндæр фыстæджы архиепископ
Петр Мистик алантæм сиды, цæмæй
’ногæй сæ бæстæйыл цæрæг адæмы
’хсæн рапарахат кæной чырыстон
дин. Уый та æвдисæн у уымæн, æмæ
ма раздæр кæй бафæлвæрдæуыд
аланты ’хсæн чырыстон дин æрфи-
дар кæныныл, фæлæ бæрæг фæнди-
аг фæстиуджытæ кæй иæ радта.
В. Ф. Миллеры хъуыдымæ гæсгæ,
чырыстон дйн ирæтты ’хсæн йæ
апп æмæ йæ мидисмæ гæсгæ нæ,
фæлæ кæй æрфидар æрмæстдæр йе
ддаг фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ.1
Абоны онг нæ къухы иы æрмæ-
джытæ ис, уыдон бындурыл В. М.
Миллеры уыцы хъуыдыимæ æнæс-
разы уæвæн нæй. Уыцы хабар та
ноджыдæр æвдисæн у уымæн, æмæ
Мистикы хъуыды: «Алантæ чырыс-
тЬн дин бындуронæй райстой. зæгъ-
гæ, уый дызæрдыггаг кæй у. Патри-
арх Николай Мистикы фыстæджы-
тæй сæ иуы /106 фыстæг/, Херсоны
епископмæ кæй фыссы, уым дзырд-
æуы, зæгъгæ, равзарын хъæуы ног
епископ: «Цæмæй сайды чи фæци,
уыцы цавæрдæр адæмы ’хсæн ахæ-
лиу кæна чырыстон дин». Фæлæ
цымæ чи уыдысты, чырыстон диньгл
афтæ иузæрдион чи нæ уыди, уыцы
æггомæгæс а’дæм? Æвæццæгæн, уы-
дон уыдаиккой алантæ, уымæн æмæ
Византи иууыл стырдæр нысаниуæг
лæвæрдта, епископ Федоры хъуыды-
мæ гæсгæ, аланты адæмы ’хсæн чы-
рыстон дин ахæлиу кæныны ^съуы-
ддагæн.
Алантæ æндæр æмæ æндæр знæ-
мтæ • æмæ адæмыхæттыты уæлдай
бирæ рæстæджы дæргъы сыхагиуæг
кодтой абхазæгтимæ. Алантæ абхаз-
æгтимæ, æмарæн кæй уыдысты, уый
тыххæй фыста Масуди дæр: «Алан-
ты бæстæйы фарсмæ цæрынц абхаз-
æгтæ æмæ сæм ис чырыстон дин.
Аланты паддзах у тыхджындæр æмæ
сæ бæстæйы арæнтæ хæццæ кæнынц
Кабхы хæхтæм»2. Марух æмæ Клу-
ХорЫ аефцджытыл йу кодтой Алай-
тæ æмæ Абхазы территори.
В. А. Кузнецов нымайы, зæгъгæ,
аланты счырыстон кæныны тыххæй
Византийы аргъуан аланты ’хсæн
хазарты ныхмæ йе ’ндæвдад фæтых-
джындæр кодта. Ю. Куликовский
æрмæстдæр дзуры, зæгъгæ, чырыс-
тон дин аланты ’хсæн рапарахат
кодтой византийæгтæ. Кæй зæгъын
æй хъæуы, Византи фыццаг бафæл-
вæрд сарæзта, фæлæ уыцы историон
цауы гуырдзиаг аргъуаны нысаниу-
æгæн аиуфарсгæнæн ницы хуызы ис.
Чырыстон дин алантæм Гуырдз-
ыстонæй кæй æрбафтыД, уымæн та
ахъаз кодта алантæ æмæ- гуырдзы
æмарæн кæй уыдысты, уыцы хабар
дæр: Дыууæ адæмы ’хсæн бастдзи-
иæдтæ кæй уыди, уымæн æвдисæн
7, гуырдзыйы паддзах Баграт IV рæ-
стæджы аланты паддзах Дургулел
Гуырдзыстонæн баххуысы тыххæй
туркæгты ныхмæ стæры кæй уыди,
уыцы хабар дæр. Дургулел йе’ фса-
ды акодта Абхазыл æмæ æрдыд Ку-
таисмæ. Уым ыл сæмбæлдысты стыр
кадимæ. Кузнецов куыд зæгъы, аф-
тæмæй, Дургулелы резиденци уыд,
Кубаны цæугæдон кæцæй райдайы,
уым, Абхазы арæнгæрон. Уым уыдис
аланты фидар Алыди.
■ Алантæп гуырдзыимæ цы ахасты-
тæ уыд, уыдон та раздæр райдыд-
той. Уыцы хабарæн æвдисæн у уый
дæр, æмæ Дургулел Баграт IV —
æххуысмæ куы ацыд, уæд йемæ уы-
дысты аланты зынгæдæр книæзтæ.
Уый та дзурæг у Аланты централон
паддзахады тых æмæ авторитетыл
стæй гуырдзыимæ цы æнгом баст-
дзинæдтæ уыд, уыдон руаджы чы-
рыстон дин алантæм гуырдзыйы
аргъуаны æндæвдады бын кæй æр-
бафтыдаид, уый фæстиуæгыл.
Уымæн та нын æвдисæн у Зелен-
чукы цæгаттаг аргъуан. Уыцы аргъ-
уан сырæзт абхазы паддзах Георги-
йы .рæстæджы (920—935 азты). Уы-
цы аргъуан уыд аланты епархийы
чырыстон динтауæг.
Æнæмæнг банысан кæнын хъæуы,
Абхазы Лихненскы аргъуан æмæ
Зеленчукы аргъуаны кæрæдзиимæ
бастдзинæдтæ. Зеленчукы аргъуаны
архитектурæ бирæ цæмæйдæрты у ♦
гуырдзиаг аргъуаны архитектурæйы
1 В. М. Миллер. Осетинские этюды т. 2. Исследования М. 1882 г. стр. 1.
2 Масуди. Лучи золота и рудники драгоденных камней, стр. 55, пер. Караулова
СМОМ ПХ XXXVIII 1303.
ёнгёс, уый та дзур&г у Абхазы ар-
гъуаны æндæвдад аланты дины цы-
ртытыл кæй ’фæзынд, уьщæн.
Дзырд дæр ыл нæй, аланты аргъ
уанты архитектурæйыл бирæ бæрц-
æц кæй фæзынд византиаг аргъуан-
ты архитектурæйы æндæвдад дæр. ’
Фæлæ аланты аргъуанты. архитек-
турон арæзтадтæн сæ бæрæг фылдæр
хауынц ’æввахсдæр æнустæм, ома,
аргъуанты арæзтады архитектурæйы
ногдæр миниуджытæм æмæ бæрæг
хицæн кæнычц византиаг аргъуанты
зæронддæр архитектурон хуызтæй.
• Уæдæ афтæ, бæрæггонд цæуы, чы-
рыстон дин алантæм кæй æрбацыд,
уымæн йе ртыккаг къабаз: Уыцы
къабаз рацыд Гуырдзыстонæй æмæ
Абхазыл æрбахызт Аланты бæстæм.
Уæлдæр æрхæсгæ цæвиттонтæй бæ"
рæг у, афтæ чи хъуыды кæны, зæгъ-
гæ, чырыстон дин æххæстæй Алан-
тæм Византийы аргъуаны æндæв-
дады бын æрбацыд, уыцы ахуыр-
гæндты хъуыдыйы æнæбындурдзи-
над.
Баззад ма ноджыдæр иу фарст
æнæмæнгдæр хъус æрдарын кæмæ
хъæуы. Уый та у Николай Мистикы}
фыстæг а0хазы паддзах Георгимæ.
Уыцы фыстæгæй бæрæг у:
1. Абхазы паддзахад кæй фæтых-
джУндæр æмæ Византийы æндфвЯа-
ды сферæйæ кæй рацыд.
2. Кæд æмæ аланты ’хсæн чырыс-
тон дин ныффидар кæныны тыххæй
бирæ хæттыты бафæлвæрдæуыд Ни~
колай Мистикы патриархдзинады
рæстæджы, гъе, уымæй размæйы
рæстæджы дæр, уæддæр аланты бæс-
тæйы цæрджыты ’хсæн чырыстоны
дин арф уидæгтæ нæ ауагъта.
3, Византийы аргъуан кæй архай-
дта политикон æгъдауæй йæ сыхаг
адæмты йæ дæлбар бакæныныл.
Византийы паддзахады сæргълæу-
джытæн сæ бон нæ уыд æмæ ма æм-
бæрстаиккой, аланты адæмы æхсæн
чырыстон дин ныффидар кæныны
хъуыддаг зæрдæ зæгъгæ фæстиу-
джытæ кæй нæ радтаид, уый. Фæ
лæ уæддæр цалдæр хатты бафæл-
вæрдтой, уыцы хъуыддаг бакæны-
ныл. Алантæ сæ хъуыдысты фыц-
цаджыдæр, куыд хæстон цæдис, аф-
тæ, стæй аланты паддзахад хъо-
мысджынæй-хъомысджындæр кæй
кодта æмæ сæ уыцы хабар та тасы
кæй æппæрста.
Византийы паддзахад тарст Гуы-
рдзыйы паддзахад кæй фидар кодта,
уымæй дæр, æмæ æппæт амæлттæй
архайдта гуырдзыйы аргъуан фæс-
тæмæ грекаг аргъуаны æндæвда’ды
бынмæ æрбакæныныл.
БЯЗЫРТЫ БАТЫРБЕГ
Ияп1ернационалон хъомылад
литературæйы уроктыл
Советон Цæдисы æфсымæрон адæмты
хæлар бинонты ’хсæн 60 азы дæргъы рæзы
æмæ дидин æфтауы Хуссар Ирыстоны ав:
тономок область. Кæддæры талынг æмæ
фæстæзад Ирыстон ссис экономикон, социа-
лон æмæ культурон æгъдауæй размæдзыд
бæстæ. Уыды стыр æнтыстытæ ирон адæ-
мы къухы бафтыдысты СЦКД ленинон на-
цион политикæ царды сæххæст кæныны
фæрцы. I
Æмб. Л. И. Брежнев СЦКП-йы XXVI
съезды дзырдта: «Цард бæлвырд æвдисы
нæ республикæты тыхджын экономикон
æмæ социалон рæзт, сæ кæрæдзимæ^ æи-
пæтфарсонæй кæй хæстæгдæр кæнынц, уый.
Тынг рæзынц æмæ кæрæдзи хъæздыгдæр
кæнынц национ культурæтæ, рæзы сов.етон
адæмы ног социалон æмæ интернационалон
иудзинады иумæйаг культурæ. Уыцы про-
цесс махмæ цæуы, социализмы йын цæуын
куыд æмбæлы, афтæ: æмбарады, æфсымæ-
ррн æмкуысткæнынады æмæ бархийы бын-
д’урыл. Национ политикæйы уыцы ленинон
принциптæ куыд æххæст цæуынц, уымæ
парти йæ хъус дары æппынæдзух. Уыдо-
нæй мах иуварс никуы ахиздзыстæм».
Буржуазон пропагандæ йæ ных сарæзта
национ тенденцитæм, нациты ’хсæн фы-
дæхдзинад тауынмæ. Уымæ гæсгæ фæсивæ-
ды ’хсæн фæтыхджындæр кæнын хъæуы
идейон-хъомыладон куыст.
Истори нын куыд фенын кодта, афтæ-
мæй-идейон хъомыладон куыст к’æм фæ-
лæмæгъдæр вæййы, уым адæмы зондахас-
тыл æнцондæрæй фендавы буржуазон про-
пагандæ, уырдæм уый тынгдæр саразы йæ
антикоммунистон пропагандæйы хотыхтæ,
Ацы хъуыддаг афтæ кæй у," уый нын ир-
дæй фенын кодтой Венгрийы, Чехослова-
кийы’ æмæ Польшæйы цаутæ.
Буржуазон идеологийы пропагандæ цы-
фæндыамæлттæй дæр архайы коммунистон
идеологийыл хахуыр кæныныл, социалис-
тон бæстæты адæмты æхсæн хæрамдзинад
тауыныл. Гъе, уымæ гæсгæ советон скъо-
лайы ’раз" лæууы бæрнон’æмæ ахсджиаг
хæстæ рæзгæ фæлтæры хæлардзцнад æмæ
интернационалон зондахастыл хъомыл кæ-
89
ныны хъуыддаджы, Нæ партй иттæг хорз
зоны уый, æмæ стыр хъусдард здахы сове-
тон скъоламæ, уымæн йæ ахуыр-хъомыладон
куыстмæ.
Советон Цæдисы хъомысады сæйраг у
нæ адæмты æфсымæрон хæлардзинад. Уый
сбæрæг кодта истори, уæлдайдæр та Фы-
дыбæстæйон Стыр хæсты азты. Уыцы хæ-
" лардзинад дарддæр дæр фидар кæны. Нæ
бæстæйы адæмты хсæн хæлардзинад та-
уын у конститудион уагæвæрд. «Алы еове-
тон æмбæстаджы хæс дæр у, бирæнацион
советон паддзахады нацитьГ æмæ адæмы-
хаттыты хæлардзинад фидар кæнын» —
дзырдæуы ССР Цæдисы Конституцийы 64-
æм статьяйы.
Иумæйагахуырадон скъолайы рæзгæ фæл-
тæры хæлардзинад æмæ пролетарон ин-
тернационализмы зондахастыл хъомыл кæ-
ныны фар’ст аккаг æмвæзадыл сæвæрын у
ахсджиаг паддзахадон хъуыддаг. Цæмæй
уый æххæст æрцæуа, уый тыххæй та
ахуыргæнæг йæхæдæг хъуамæ уа идейон-
политикон æмæ профессионалон-методикон
æгъдауæй тынг цæттæ, цæвиттойнаг йæ
ахуыргæнинæгтæн.
Рæзгæ фæлтæр хъомыл кæПыны хъуыд-
даджы ахуыргæнæджы хи цæвиттонæн
стыр нысаниуæг кæй ис, уый тыххæй æмб.
Л. И. Брежнев афтæ загъта: «Стыр ахуыр-
гонд, æцæг ахуыргæнæг кæддæриддæр
схъомыл кæны раст йæхихуызæн ахуыргæ-
нинæгты. Ахуыргæнинаг райсы йæ ахуыр-
гæнæджы идейон зондахаст, фæллойуар-
зондзинад, зонадон эрудици, куысты мето-
дикæ^
Коммунистон парти рухсады органты раз
ахуыр-хъомыладон процессы цы стыр хæс-
тæ æвæры-, уыдон аскъуыддзаг кæнын до-
мп спъолайы æппæт предметты ахуыргæн-
джытæй, партион, фæскомцæдисон æмæ æн-
дæр æхсæнадон организацитæй æвæллайгæ
хъаруджын куыст.
Ацы фарст æнтысгæйæ аскъуыддзаг кæ-
Ныны хъуыддаджы ахсджиаг у мадæлон æв-
заг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы
рс;;:,. ’ ’ .
Мадæлон æвзаг æмæ литературæ амо-
нынмæ нæ парти йæ хъус уæлдай тынгдæр
æрдардта фæстаг рæстæджыты. Уый у ак-
тивон цардуагон уыдыхъæд хъомыл кæ-
ныны ахсджиаг фæрæзтæй иу. Парти до-
мы, цæмæй скъолайы мадæлон æвзаг æмæ
литературæ амоныны фæрцы сæрмагонд
хъусдард здæхт цæуа ахуыргæнинæгты’ •
идейон^ хæрзвæткон, эстетикон, партрио-
тикон æмæ интернационалон хъомыладмæ.
Хуссар Ирыстоны национ скъолаты ирон
æвзаг* æмаз л’итературæ ахуыр кæныны уа-
вæр фæхуыздæр кæныны тыххæй Гуыр-
дзыстоны Компартийы Централон Комитет
сæрмагондæй бауынаффæ кодта 1979 азы
августы. Ацы фарстыл ма уый размæ уы-
наффæ кодта партийы Хуссар Ирыстоны
обком дæр. Уый райста æмбæлон мадзæлт-
^ тæ:
Абон не скъолаты мадæлон æвзаг æмæ
литературæйы ахуыргæнджытæн æппæт
фадæттæ дæр ис, цæмæй сæ ахуыргæни-
нæгты хъомыл кæной æппæт советон адæм-
тимæ хæлардзинады. зондахастыл. Ахæм
зондахастыл хъомыл цæуынц, сæйраджы-
дæр, программæмæ хаст уацмысты руаджы,
стæй скъолайæн æдде райсгæ æндæр ма-
дзæлтты фæрцы дæр.
Стыр у Хетæгкаты Къостайы сфæлдыбтй3
ды интернационалон хъомылады нысани-
уæг скъолайы. Уымæн йæ диссаджы хорз
æмæ зæрдæмæхъарæг уацмыстæ ахуыр кæн-
гæйæ, скъоладзаутæ базонынц, Къоста уы-
рыссаг адæмы æхсæн куыд хъомыл æмæ
ахуыр кодта Уæрæсейы раззагондæр адæй-
мæгты зондзхастыл. Канд уырыссаг адæ-
мы æхсæн нæ, фæлæ ма йын бирæ хæлæрт-
тæ уыд гуырдзиаг, украинаг æмæ æндæр
адæмы æхсæн дæр. Уыдонимæ хæларæй
кæй цард, уый бæрæг у,йæ уацмыстæй:
«Я. М. Неверовы мысынæн», «А. С. Грибое-
довы мысынæн», «М. 3. Хъипианийы амæ-
лæтыл», «М. Ю. Лермонтовы мысынæн»,
«Лермонтовы цырты раз», «Шумаф Тутаю-
кы амæлæтыл» æмæ бирæ æндæрты.
Къоста тынг фæхъыг кодта стыр уырыс-
саг фыссæг А. С. Грибоедовы мæлæтыл. *
Уыцы трагикон цауыл ныффыста æмдзæв-
гæ «А’. С. Грибоедовы мысынæн» цыран
зæгъы: Творец великого создания, мы сме-
ло за тобой идем!» («Ды нын — гæнах-æмæ
ныфсдæттæг, цæуæм дæ фæстæ мах фæр-
нæй»). ’ ,
Бæрзонд æвæрдта Къоста зынгæ уырыс-
саг фыссæг А. Н. Островскийы, кæцыйы
амæлæтыл ныффыста æмдзæвгæ «А. Н.
Островскийы мысынæн». Уым поэт зæгъы:
Æртхъирæнтæ, фыдхахуыр лæгты тасæй
Йæ фæндагæй ды мачердæм фæцуд.
Йæ фæдыл цу! Æмæ нын хæсс нæ разæй
Йæ цырагъ ды, цырыкдæр æй ыссудз!
Къостайæн бирæ хæлæрттæ уыд гуыр-
дзиаг раззагон интеллигенцийæ дæр. Стыр
кад кодта æмæ бирæ уарзта М. 3. Хъи-
пианийы, уый уыд йæ рæстæджы зынгæ
æхсæнадон æмæ рухсадон кусæг. Куыста
Терчы областы зæххыты хайады æмæ бирæ
æххуыс фæци хæххон адæмтæн. Йæ амæ-
лæтыл ын К/ьоста ныффыста’ æмдзæвгæ
«М. 3. Хъипианийы марды уæлхъус», цы-
ран зæгъы: ’ ^
.«.Амардис ...æмæ та сагъæссаг ниудæй
Ниуыс, дзыназыс, ныййарæг Кавказ!
О, ды нæ зынаргъ хъæбулæй фæнух дæ...
Махæн дæ номæй цытæ уыд фæдзæхст.
Уыдон хæдæфсæрм гуырдзиаг æдзухдæр
Уарзон æфсымæрау кодта æххæст.
Ахæм цæвиттонтæ Къостайы сфæлдыста-
дæй æрхæссæн ис тынг бирæ. Скъоладзау-
тæм æвзæрын кæнынц нæ бæстæйы адæм-
тæм хæлар аэлкъарæнтæ,
Скъоладзауты хæлардзинад æмæ интер-
националон зондахастыл хъомыл кæныны
ма стыр æххуыс у Цомахъы сфæлдыстад
дæр. Уый дæр, Къостайау, йæ царды бон-
тæй дзæвгар арвыста уырысимæ Стъара-
поль æмæ Юрьевы ахуыр кæнгæйæ, стæй
Сыбырмæ хасты рæстæджы дæр. Уый хæ-
ларæй цард Стъараполы гимназисттæ æмæ
Юрьевы университеты студенттимæ, стæй
Сыбырмæ хасты кæимæ цард, уыдонимæ
дæр. Уый нын бæлвырд цæвиттонтæй фе-
нын кодта йе ’мкъай Наталья Цомахъы
тыххæй йæ мысинæгты.
1911 азы Наталья Цомахъмæ Сыбырмæ
куы ’рцыд’ уæд æрфарста наулæу-
уæны кусджыты, зæгъгæ, дам, ахæм æмæ
ахæм лæг кæм цæры. Уыдон ын уайтагъд
90
йэМдзыхæй Загътой: «А-а! Уый Михаил
Ягоричæй зæгъыс? Куыд нæ йæ зонæм?
Уый у нæ ахуыргæнæг дæр æмæ нæ дох-
тых дæр. Не ’ппæтæн дæр æххуысы лæг у,
искуы ма йæ нæ зонæм!»
Цомахъы Сыбыры уазал куы бацыд, куы
фæрынчын, уæд ын тынг баххуыс кодта
политикон æгъдауæй ардæм хаст * лæг Па-
вел Акъобия. Уый йæм йæхи хæдзары фæ-
зылд иу мæйы бæрц. Уый, фæрцы Цомахъ
йæ къахыл слæууыд.
Ахуыргæнинæгты интернационалон хьо-
мыладæн тынг ахъаз кæнынц, литературæ-
йæ мидбæстон ’хæсты темæйæ программæ-
тæм цы уацмыстæ хаст цæуы, уыдонæй би-
рæтæ. Зæгъæм., Хъуылаты Сикъойы ра-
дзырд «Æртындæсæй иумæ», (У-кълас),
Коцойты Арсены радзырд «Саломи» (VI-
кълас), Плиты’ Харитоны поэмæ «Сæли-
мæт», Цæгæраты Максимы радзырд «Æз
дын мæ чызджы ратдзынæн» (УП-кълас)
æмæ æндæртæ. Ацы уацмыстæ амонгæйæ,
ахуыргæнæг хъуамæ • хынца скъоладзауты
кар æмæ зонындзинæдтæ, хорз хъуамæ зо-
на историон’ цаутæ, цæмæй сын æнцонæй
æмæ раст бамбарын кæна мидбæстон хæс-
ты фæзынды аххосæгтæ, уæлдайдæр та
1920 азы цаутæ Хуссар Ирыстоны. Ам рар-
гом кæнын хъæуы, меныпевиктæ чи уыдыс-
ты æмæ куыд æфхæрдтой æппæт _ Гуыр-
дзыстоны, стæй Хуссар Ирыстбны фæллой-
гæнæг адæмы дæр. Бацамонын сын хъæуы
меньшевикты æфсадæн иуæй-иу бынæттон
гадзрахатæйцæуджытæ кæй амыдтой нæ
хæхтæм фæндæгтæ, кæй сын судзын код-
той нæ хъæутæ, меньшевикты хицауад
кæй архайдта æфсымæрон гуырдзиаг æмæ
ирон фæллойгæнæг адæмы ’хсæн хæрамдзи’-
над тауыныл. Конкретон цæвиттонты бын-
дурыл скъоладзаутæн радзурын хъæуы
зынгæ гуырдзиаг "æмæ ирон болыпевиктæй
бирæтæ иумæ æмвæнд, æмзондæй кæй ар-
хайдтой, куыд Гуырдзыстоны, афтæ Ирыс-
"тЪны дæр. Советон хицауад æрфидар кæ-
ныныл. Зæгъæм, Ладо Къецховели, Гайоз
Девдориани, Алешæ Джапаридзе, Къамо,
Козаты Разден, Гаглойты Серги, Санахъо-
ты Серо, Дзадтиаты Алыксанд.р æмæ би-
рæ æндæртæ.
Ирон æмæ гуырдзиаг адæмы хæлардзи-
над æмæ æмтохкæнынадæн ирд цæвиттоп
у Сачхереты фæллойгæнджыты растадæн
Хуссар Ирыстоны сырхгвардйон къорды
æххуыс дæр Харебаты Исахъы сæргълæу-
дæй. Ахуыргæнинæгтæн бацамонын хъæуы,
меныпевикты фыдмитæй Ирыстоны æ’мæ
Гуырдзыстоны фæллойгæнæг адæм кæй
ссæрибар сты стыр уырыссаг æфсымæрон
адæмы æххуысæй 1921 азы февралы.
Цæгæраты Максимы радзырд «Æз дын
мæ чызджы ратдзынæн»-ы бæрæгæй зыны
Цæгат Кавказы адæмты хæлардзинад æмæ
æмтохкæнынад мидбæстон хæсты заманы
деникинонты ныхмæ. Ирон лæг Фидар
æмæ мæхъæлон Мæхæмæт æмуд, æмзæрдæ-
йæ тох кæнынц урсыты ныхмæ. Фидар йæ
лæппу Æхсары бафæдзæхста Мæхæмæтæч.
Æм.æ йæ йæ амæлæты фæстæ схъомыл код-
той Мæхæмæты бинонта?..
Уый бафидар кæнынæн ахуыргæнæг къла-
сы бакæсы уацмысæй ахæм бынæттæ, кæцы-
ты уæлдай тынг^æр зыны Фидар æмæ Мæ-
хæмæты хæлардзинад, стæй ’ Мæхæмæты
бинонты аудындзинад Æхсарыл, зæгъæм;
Сихорафон дæр нæма уыд, афтæ мæн
(зæгъы Æхсар) бакодтой Мæхæмæты Цур-
мæ. Уый мын йæ уазал фæлурс къух ме’
уæхскыл æрæвæрдта, мæ цæстытæм мып
бакаст комкоммæ æмæ фæсус хъæлæсæй
загъта: «Фидар.лæуу, лæппу... Зынтæн лæг
хъæуы. Стæй йæ алыварс чи лæууыд, уы-
доныл йæ цæст ахаста æмæ та сдзырдта:
. Фидары лæппу у. Сидзæр. Иунæг. ’ Ме
’рдхорд Фидары. Иæхæдæг мын фæдзæхс-
та... Мæ иунæг фырт де уазæг... Сидзæрæй
йæ ма ныууадзут, хорз адæм... Хорз’ лæг
уыд, хъæбатыр лæг уыд йæ фыд... Хорз
•æрдхорд». ’
Æхсар дарддæр зæгъы: «Æз баззадтæн
Мæхæмæты хæдзары. Иæхи хъæбулы хуы-
зæм мæ уарзта йе ’фсин Аминæт. Æнувыд
мыл уыдысты сыхбæстæ дæр».
Рæзгæ фæлтæр советон патриотизм æмæ
интернационализмы зондахастыл хъомыл
кæныны хъуыддаджы ма тынг ахсджиаг
сты, Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл фыст
уацмыстæй скъолайы гæй ахуыр кæпынц,
З^ыдон. Зæгъæм: Асаты Реуазы «Бглладæ
дæ фæскомпæдисон билетыл» (VII кълас),
Джимиты Георгийы * драмæ «Сау^ мигъ»
(VII кълас)<, Плиты Грисы поэмæ «Авд
цу::ъ::ъайы» (Х-кълас) æмæ æндæртæ. Уы-
доны æвдыст цæуы Ирыстоны хъæбатыр
фыртты удуæлдай тох нæ бæстæйы зеф-
сымæрон адæмты минæвæрттимæ фæрсæй-
фæрстæм ’немыцаг фашистоп æрдо::гты
ныхмæ.
Асайы фь:рты балладæйы хъайтар лей-
тенант Дзотты Лавренти йæхи баппæрста
немыцæгты ДОТ-ыл. Афтæмæй бирæ æв-
зонг. удты фервæзын кодта мæлæтæй, йæ
хæстон æмбæлттæн ^радта размæ абырсы-
• ны фадат.
Колхозон зæронд лæг Дзамболат («Сау
мигь») бамбæхста немыцæгтæй Советон
Æфсады полчы тырыса, лейтенант Костен-
койы партбилет æмæ ма уый йæ ныййар-
джытæм йæ мæлæты размæ цы фыстæг
ныффыста, уый. Дзамболат кæд бирæ хъи-
зæмæрттæ, стыр æфхæрд баййæфта, уæд-
дæр нын равдыста фидар удыхъæд.
Рæзгæ фæлтæры адæмты хæлардзинад,
патриотизм æмæ интернационализмыл схъо-
мыл кæныны ахъаззаг фæрæз ма сты скъо-
лзйы ахуыргæ::æн программæты æндæр уац-
мыстæ дæр: Фæрнионы роман «Уады унæр».
Боциты Бароны роман «Саст рæхыс», Пли-
ты - Грисы трагеди «Чермен», Джиоты Да-
уыты роман «Æнæбасæтгæ тых», Нафийы
роман «Фыдæлты туг» æмæ æндæртæ.
Бынæттон цардæй ист цæзиттонтæн ’сæ
хъомыладон нысаниуæг у уæлдай ахсджи-
агдæр. Уый фенынкæнæн нс, Хуссар Ирыс-
тоны 60 азы дæргъы ,экономикон, социалон
æмæ культурои æгъдауæй размæ цас ацыд,
уымæй. Уымæн ирд æвдисæн у абон Ру-
чъы æфцæджы сæрты цы фæндаг рæзы,
уый арæзтады нæ бæстæйы æфсымæрон
адæмты минæвæртты фæллой. Æфсымæрон
адæмты минæвæрттæ фæрсæй-фæрсмæ фæл-
лой кæнынц, Зонкъары донмарæны арæз-
тады, Къуайсайы хохмаданы куыстуаты,
стæй Цхинвалы горæты хæрзарæзтады дæр.
Ацы хъуыддаг та къухы æфты Коммунис-
тон парти æмæ Советон хицауад чысыл на-
цитæм цы æрвылбонон хъусдард здахы,
уый руаджы. Уымæн ирд æвдисæн у Гуыр-
дзыстоны КП ЦК æмæ ГССР Министрты
Советы уынаффæтæ Хуссар Ирыстоны ав-
тономон областы социалон æмæ экономи-
’ ."Г !' 91
кой рæзты фæдыл. (1Й7§, 25 августы æмаё
1982 азы марты).
Ахуыргæнæг йе ’рвылбонон ахуыр-хъо-
мыладон куысты хъуамæ пайда кæна К’ом-
мунистон парти æмæ Совётон хицауады,
уæлдæрлæууæг органтæ, уыдон разамон-
джытæ нæ бæстæйы æнтыстытæ æмæ адæм-
ты хæлардзинады тыххæй кæй фæзæгъынц,
уыцы ныхæстæй. Зæгъæм, Гуырдзыстоны
Компартийы- ЦК нæ республикæйы комму-
нисттæм æмæ фæллойгæнджытæм йæ фыс-
тæджы (Тбилисы горкомы фарстыл уы-
наффæйы) зæгъы: «Советон Гуырдзыстоны
ис æцæ.г интернационалон хæлардзинад.'
Гуырдзийæгтæ æмæ уырыссæгтæ, абхазæг-
тæ æмæ ирæттæ, сомихæгтæ æмæ азербай-
джантæ, грекæгтæ æмæ курдтæ, дзуттæгтæ
æмæ бирæ æндæр нациты фæллойгæнджы-
тæ иумæ кусынц нæ республикæйы фæр-
ныгад æмæ æппæт советон адæмты фæо-
ныгады рæзтæн.
’ Нæ областы фæсивæдæй бирæтæ сæ ахуыр
адарддæр кæнынц нæ бæстæйы бирæ го-
рæтты уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Уыдо-
нæй бирæтæ систы зонæдты кандидæттæ
æмæ доктортæ. Сæ иутæ æрыздæхтысты
æмæ фæллой кæнынц Ирыстоны, иннæтæ
та нæ бæстæйы æндæр æмæ æндæр горæт-
ты кæнынц ахадæн^зонадон аемæ педаго-
гон куыст.
Нæ областы фæллойгæнджыты къухы
цы стыр æнтыстытæ бафтыд, адæмон хæдза-
рады æппæт къабæзты дæр. Уыдон сты нæ
партийы æрвылбонон; аудындзинады ирд
æвдисæн.
Æмб.-Л. И. Брежнев нæ партийы XXVI
съезды дзырдта: «Советон хицауады фыц-
цаг азтæй фæстæмæ нæ экономикон æмæ
социалон политикæ арæзт цыдис .афтæ,
цæмæй Уæрæсейы раздæры фæстæзад
къуымтæ тагъддæр схызтайккои йæ цён^ры
рæзты къæпхæнты уонг. Уыцы хæс æнтыс-
гæйæ æххæст æрцыд... Нæ бæстæйы аргъ
кæнынц национ æнкъарæнтæн, алы адæй-
маджы сæрыстрдзинадæн дæр... Партийы
кадджын хæс у фæллойгæнджыты советон
патриотизм ,æмæ социалистон интернацио-
нализмыл, иумæйаг советон! Райгуырæн
бæстæмæ кæй хауынц, уымæй сæрыстыр-
дзинады æнкъарæнтыл хъомыл кæнын».
Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæм
стыр разæнгарддзинад сæвзæрыш кодта
1981 азы Майы горæт ^Цхинвалы цыт-
джын æмбырды СЦКП ЦК Политбюройы
уæнгтæм кандидат, ГКП ЦК фыццаг сек-
ретарь æмб. Э. А. Шеварднадзе нæ куль-
турæ æмæ не ’взаджы тыххæй цы хъарм,
зæрдæбын ныхæстæ загъта, уыдон дæр.
Уый загъта: «Мах нымайæм, ирон культу-
рæ, ирон æвзагмæ — адæмы уыцы дисса-
джы феноменмæ — нацийæ гуырдзиаг чи у,
уыцы къухдариуæггæнджытæ æмæ æхсæ-.
надон архайджытæ ’ хъуамæ дарой ахæм
бæрндзинад ’æмæ уарзондзинад, куыддæ-
риддæр сæхи мадæлон æвзаг æмæ уырыс-
саг æвзагмæ — Стыр Ленины æвзагмæ».
Коммунистон парти. æмæ Советон хица-
уад æппæтамалæй архайынц нæ бæстæйы
æмæ социалистон бæстæты адæмты ^æхсæн,
стæй ноджы й дунейы æппæт фæллойгæн-
джыты ’æхсæн дæр хæлардзинады тæгтæ
фидар кæнынмæ. Партийы фидарæй уырны
дунейы адæмтæ хæларæй .куы цæрой, уæ’д
хæст кæй не ’рцæудзæн, уый.
Ацы хъуыддаг æнтысгæйæ æххæст æр-
цæудзæн уæд, кæд æмæ рæзгæ фæлтæр,
коммунизм аразджытæ, скъолайы райсой
æмбæлон патриотикон æмæ интернациона-
лон хъомылад.
Ж&К^&^
ХУЫБЕЩЫ РАИСÆ
(Йæ райгуырдыл 60 азы сæххæсты бонмæ)
.Йрон национ драматурги æмæ театралон
аивады рæзтæн зæрдиаг лæггæдтæ чи ба-
кодта, уыдонæй сæ иу у Хуыбецты Уаси-
лы чызг Раисæ. Раисæ райгуырдис 1922
азы АлаГиры хъæуы ’зæхкусæг бинонты
’хсæн. 1930—1936 азмæ ахуыр кодта Дзæу-
джыхъæуы æртындæсæм скъолайы, уый
фæстæ та Дзæуджыхъæуы фæндæгты баст;
дзинады ахуыргæнæндоны. 1942 азы- бацыд
Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ. ■
Фæстæдæр, "1944 азы, æрвыст æрцыд ,М.
Горькийы номыл советон фысджыты Цæ-
дисы литературон .институтмæ æмæ йæ
каст фæцис 1949 азы. Уыцы аз æрыздæхт
йæ райгуырæн бæстæмæ æмæ кусын рай-
дыдта Цæгат Ирыстоны Автономон Рес-
ч публикæйы аивæдты фæдыл сæйраг Рл-
перткомы фæткдаруаты æвджид;;::рæй.
1950 азæй 1952 азмæ уыд Хетæгкаты
Къостайы номыл ирон литературæйы му-
зейы директор. 1955 азæй 1959 азмæ та
куыста Цæгат Ирыстоны музыкалон- дра-
мон театры литературон хайады сæргъ-
лæууæгæй.
Хуыбецты Раисæ ма педннстйтуты куы
ахуыр кодта, уыцы азтæй райдыдта йе
сфæлдыстадон фæндаг аивадон литерату-
рæмæ. Иæ аивадон литературон фæлварæн-
тæ райдыдта иуактон пьесæтæй.. Йæ. фыц-
цаг гуырахстджын пьесæ — лирикон коме-
ди «Нæ хæлæрттæ» Райса* иыффыста 1947
азы, Мæскуыйы литературон институты
студенткæ ма куы уыдис, уæд. Уыцы ко-
меди æвæрд æрцыд Цæгат æмæ Хуссар
• Ирыстоны драмон театры сценæтыл. 1953
азы фæзынд йæ дыккаг гуырахстджын пье-
сæ «Замирæт». Фæстæдæр режиссер-дра-
матург Хуыгаты Георимæ иумæ Раисæ
ныффыста йæ зындгонд комеди «Софь.яйы
зарæг». Уыцы комеди æвæрд æрцыд Советон
Цæдисы бирæ- театрты сценæтыл. Уыцы ко-
медийы бындурыл 1959 азы ныффыстæуыд
опереттæ «Уалдзыгон зарæг» æмæ æвдыст
æрцыд 1960 азы Мæскуыйы ирон литера-
турæ æмæ аивады декадæйы рæстæджы.
Хуыбецты Раисæ нырыккон фæсивæды
цардыл Цæгæраты Гигоимæ сфæлдыста йæ
дыккаг опереттæ «Къулбадæг чызг» æмæ
сценæйыл æвæрд æрцыд 1962 азы.
Нæ абоны æвзонг фæсивæды цард æмæ
хъуыддæгтыл фыст у Раисæйы пьесæ «Рай-
гуырæн хæхбæсты». Уыцы пьесæйæ Чысыл
театры сценæиыл 1960 азы байгом ирон
* литературæ æмæ аивады декадæ Мæскуы-
йы.
Хуыбецты Раисæйы романтикон драмæ
«Æнувыд зæрдæ^-’йы æвдыст æрцыд, ин-'
ститут чи фæуд* кæны, уыцы студентты
цард, сæ бæллицтæ сæ зæрдæты рæсугъд
хъуыдытæ æмæ фæндийæгтæ нæ абон æмæ .
нæ сомыл. Автор ирдæй равдыста, нæ аба-
ны • æвзонг фæлтæрмæ кæд æмбисонды
бæллицтæ æмæ тырнындзинæдтæ вæййы,
зæгъгæ, уæддæр хатт ног уавæрты, зын-
дзинæдтыл фембæлгæйæ, сæ бæллицтæ кæй
ныппырх вæййынц, хи сæрмагонд цард
ног уавæртæм гæсгæ рацаразын сæ бон
кæй нæ вæййы. Пьесæйы дзырдæуы ньь
■ рыккон адæймаджы бæрзонд удыхъæды
моралон сыгъдæгдзинадыл, дзуры нывгæ-
нæджы бынат æмæ хæстыл æхсæнадон
цардарæстады.
Хуыбецты Раисæйæн уæлдай ном æмæ
кад чи скодта йе сфæлдыстады, уыцы аива-
дон драмон уацмыстæ сты «Саучызг», «Ма-
ды зæрдæ» æмæ «Хетæг». Ацы драмон уац-
мысты уæлдай ирддæрæй разынд Хуыбец-
ты Раисæйы курдиат.
Ирыстоны мидхæсты рсззо^юцион тохтьтл
фыст у драмæ «Саучызг». Дрямæйы сæй-
раг хъæбатыр Бабуцайæн йæ бон нæ\т б"-
фидауын кæна дыууæ идейон, классои зна- ’
джы: йæ фыртьт, революцион змæлды сæргъ-
лæууæг æмæ йе ’фсымæр, монархист, пад-
дзахы æфсады булкъоны.- Арф драмон си-
туаттитæ æмæ цыргъ конфликты бындурыл
рмал у ацы драмæ. Автор ирд ахорæнтæй
равдыста революцион тохты фæйлауæнты
93
Цадæггай, фæлæ зонд æмæ зæрдæйы ’хсæн
стыр быцæуты руаджы куыд рæзы, - куыд
æхсиды æмæ куыд ивы хæххон ,ирон сыл-
гсймаджы дунембарынад. Уый революци-
он раст хъуыдымæ куыд ’рцæуы, æмæ уый
æмрæстæджы куыд ныппырх вæййы ног-
д&инады ныхмæ карзæй растæг зæронд
амæликаг дуг.
Фыдыбæстæйон Стыр хæсты темæйыл
Фыст у Райсæйы Драмæ «Мады зæрдæ».
Драмæйы астæумагъз амад у, хæсты бы-
Дыры йæ фондз хъæбулы чи фесæфта, уы-
цы ныййарæг мады уæззау зæрдæйы æр-
хæм æнкъарæнтыл. Раджы фæци Фыдыбæс-
тæйон Стыр хæст, хæстæй æруадзгæ хъæд-
гæмттæ раджы байгас сты. Фæлæ ныййа-
рæг Гыццийæн абон дæр нæма фæци уыцы
стыр тугкалды хæст. Нырма абон дæр æн-
хъæлмæ гæсы йæ тохы бæлццæттæм. Дра-
мæ фыст у хæсты ныхмæ. Сиды æппæт
дунейы мадæлтæм, цæмæй æмгуырæл рас-
той æмæ бахъахъхъæной фидыдад, мауал
æруадзой тугкалды хæст.
1967 азы кæрон Хуыбецты Раисæ фыст
фæци Хетæгкаты Къостайы поэмæйы Мо-
тивты ’ бындурыл арæзт’ трагеди «Хетæг».
Трагедийы архайд цæуы цыппæрдæсæМ
сенусы.
Хуыбецты Раисæйы райгуырдыл сæххæст
60 азы. Бирæ дзаджджын хуынтæ бахаста
Раисæ ирон национ культурæйы хæзнадон-
мæ. Æмæ нæ цæстуарзонæй фæнды уымæн
бирæ азты цæрæнбон, ноджы егъаудæр
сфæлдыстадон æнтыстытæ.
ИГОШШ1
Иу уазæгæн йæ бæх адавтой. Уый бартхъирæн кодта хъæубæстæм:
— Мæ бæх мын ссарут, æндæра, мæ фыд^цы ми бакодта, уый уын
бакæндзынæн.,
Фысымтæ йын йæ бæхæй хуыздæр бæх æрбаластой. Уазæг сбадт
æфсургъыл æмæ фæцæйцыд. Хъæубæстæй йæм чидæр фæстейæ
адзырдта:
— Уæддæр, дæ фыд цы ми бакодта, уый нын нæ загътай?
— Цы, цы уымæн дæр йæ бæх, адавтой, саргъ йе ’ккой акодта
æмæ нæхимæ сфардæг.
* * *
Урсзачъе зæронд лæг фæцæйцыд фæсивæды рæзты. Уыдонæй чи-
дæр срæцыгъта:
— Кæс ма, ацы модæдзау зæрондмæ, цы зачъетæ рауагъта, кæд
фæзмы фæсивæды.
* * *
— Дæ хорзæхæй, Ерастъи, знон та кæм нытътъой дæ?
— Æз? Куы нæ.
— Кæс-ма амæ! Комкоммæ дæм мæ рудзынгæй кастæн, дæ къæх-
тыл ма тыххæй лæууыдтæ.
— Бахатыр кæн, фæлæ кæм цæрыс?
- — Посты бакомкоммæ, стыр хæдзары.
— Дзырд дын дæттын мæ «уæздан»- хицау, иннæ хатт ууылты ра-
сыгæй нæ, æрвонгæй дæр нал ацæудзынæн.
* * *
— Уыцы гуыбыны дын тæвд цæхæр ныххауа, æмбырды кæронмæ
цæуылнæ уал фæлæууыдтæ, — бауайдзæф кодта хицау йæ кусæгæн.
— Æз бæргæ фæлæууыданн, фæлæ мæ чи хуыдта, уый хъæуккаг
уыд, æмæ уый дæр фæлæууыдаид?
* * *
Иу чындз бирæ уарзта йæ лæджы, фæлæ йе сæфт уыдта йе ’фси-
нæй.
Иубон та бафснайдта æппæт дæр. Уæттæй, рудзгуытæй æрттывтой.
Уый фæстæ чъизи ведра стъолыл сæвæрдта.
— Чындз де ’гæр калайг чъцз^ ведра к?ем сæвæрдтайг — бафип-
пайдта æфсин.
95'
^гæр дзæбæх ыл фидауы? — йæ маст урæдта чЫндз.
Алæ,' тæригъæдджын фæу, кæд нæ фидауы.
• Уæдæ ды дæр нæ бинонты ’хсæн æндæр нæ фидауыс.
* # *
’Вигьа, уæлæ президйумы уыгьырыйы каст чи кæны, уый та чи у?
* — Сабырдæр, дæ хаедзар фехæла,уый ног хицау у.
, \ — Заводы директор? — фестъæлфыдис Хыдырбег. ■
— Гъай-гъай.
Цас ма рацыд рæстæг хуыцау йæ зонæг, фæлæ иуафон Хыдырбег
бадзырдта Бнтъамæ:
— Нæ, фæлæ мæлæты зондджын каст нæ кæны.
ДЙМШИЦМ>У