Текст
                    Журнал выходит с мая 1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
РЕСПУБЛИКИ СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ
Главный редактор
Редколлегия:
Техн. редактор
Корректор
— Ахсар Кодзати
Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв.
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Кудзиева Раиса
Заира Карацева
секр.)
Владикавказ 1999


_6_ '99 Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНЫ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор - Редколлеги: Техн. редактор Корректор - Хъодзаты Æхсар Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Куыдзиаты Раисæ Хъæрæцаты Зæирæ секр.) Дзæуджыхъæу 1999
НОМЫРЫ ИС: ПУШКИН: 200 азы Уырыссаг фысджытæ Пушкины тыххæй 6 ПУШКИН Александр. Æмдзæвгæтæ. (Дзасохты М., Ходы К., Рæмон- ты П, Хуыгаты С, Мамыкъаты Хъ., Хъодзаты Æ. тæлмацтæ) ... 12 БИЦЪОТЫГрис. Лэеджы бынат. Уацау. Кæрон 32 ХЪОДАЛА ТЫГерсан. Цины арт. Æмдзæвгæтæ 82 ДЗУЦЦАТЫЭльбрус. Æбæрæг ныфс. Æмдзæвгæтæ 86 АЙЛАРТЫ Чермен. Хурты цырагь. Сонеттæ 88 КЪОДОТЫАльберт. Æнусты фæд. Æмдзæвгæтæ 91 АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Фольклорон æмæ этнографион æрмæг 94 УИДÆГТÆ «Мах дуджы» равдыст 112 ДЗИЦЦОЙТЫ Юри. Сослан æмæ Колаксай 133 Рагон разагъды лæг (Анахарсис) 138 ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ФАРСТАТÆ УАЛЫТЫ Татьянæ. Коцойты Арсен — рухстауæг 150 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ КЪОГЪОДЗИ. Дыууæцауы 158 ГУЫДЗЫГО. Франко æмæ Фонтенелы хабæрттæ 159 ХЪАЙТТАТЫСергей. Уæзхъус 160 Учредители: СП РСО-А и коллектив редакции Сдано в набор 15.04.99. Подписано в печать 18.06.99. Формат издапия 60x84 '/|6 Бум. тип. № 1. Гариитура шрифта Муз1. Печать офсстная. Усл. п. л. 9,3. Учст- но-изд. л. 7,53. Заказ № 3138. Тираж 1100 экз. Адрсс рсдакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журнал пабрап, сверстан и отпсчатан па издатсльско-полиграфичсском прсдприятии им. В. А. Гассиева, Комитста РСО-Алапия по псчати и информации, 362011, г. Владикавказ, ул. Тсльмапа, 16. 4
УÆРÆСЕЙЫ ЗÆРДÆЙÆ РОХ НÆ УЫДЗЫНÆ, ЙÆ ФЫЦЦАГ УАРЗТАУ. Тютчев 5
ПУШКИН: 200 АЗЫ УЫРЫССАГ ФЫСДЖЫТÆ ПУШКИНЫ ТЫХХÆЙ ушкины ном зæгъгæйæ сæрымагъз æвиппайды срухс вæййы иу хъуыдыйæ: уый у уырыссаг национ поэт. Æцæгдæр нæ поэтты ’хсæн уымæн æмбал нæй, стæй дзы уымæй национдæр никæй и схонæн; уыцы ном фыццаджы- фыццаг уымæ хауы. Цыма дзырдты æфтауцдон-лексикон уыд, уыйау не ’взаджы æпАæт ис-бистæ, тых æмæ тасгæ-здыхсгæ фидыцтæ уый баисты. ~Уый йын æппæтæй тынгдæр, æппæтæй дарддæр ахæцыд йæ арæнтыл, иннæтæй йын хуыздæр равдыста йæ тыгъдад. Пушкины хуызæттæ дунемæ рантысынц æрмæст искуы-иу хатт, чи зоны, уый у уырыссаг уды фарны иунæг гуырæн: уый у уырыссаг адæймаг йæ рæзты фæндагыл, чи зоны, ахæм ма фæзына иу дыууæсæдæ азы фæстæ. Зæххы уæлцъары хуызтæ æддæтаст оптикон авгыл куыд сыгъдæгæй, куыд ирдæй разынынц, афтæ Пушкины уд дæр рæсугæй, æнæазымæй рав- дыста уырыссаг æрдз, уырыссаг миддуне, уырыссаг æвзаг, уырыссаг удыхъæд. Йæхи цард дæр кæрæй-кæронмæ уыди сыгъдæг уырыссаг. 1835 Н. Гоголь ... Уырны дæ, абоны онг мæ бон мæ чемы æрцæуын нæма у! Наполеонимæ хæстытæ æмæ æндæр тыхфæлварæнтæ бавзæр- стон, би-рæты мæлæты аххосджын уыдтæн, бирæты мæлæт федтон мæхи цæстæй, фæлæ мын Пушкины мæлæт мæ зæрдæ куыд сæнкъуысын кодта, афтæ иу дæр нæ. Хъыг у зæрдæйæн, афтæ раджы кæй ацыд, уый, фæлæ иугæр куы мæлай, уæд — ахæм мардæй. Нæ зонгæ литератортæй та иутæ сæхимидæг кувгæ кæнынц, хъысмæтæн стыр арфæтыл схæцынц, ыстыр хорз сыл цыма сæмбæлд, уыйау. Пушкин та йæ генийæ дæр, йе 6
’нкъарæнтæй дæр, йæ цардæй дæр, йæ мæлæтæй дæр уыдонæн сæ сæрты зилдух кæны. Уыцы фаджысы хъæндилтæ та хрвнæрынтæнæг цæргæсимæ ерысы бацæуинаг уыдысты! 1837 Д. Давыдов Пушкины стихæн иу дзырдæй аргъ скæныныл куы афæлва- риккам, уæд зæгъæн уаид афтæ: поэтикон, аивадон хуызы æмæ йæ арæзтмæ гæсгæ уый у бынтон хæрзхъæд стих. 1844 В. Белинский Æппæт стыр поэттау, уый дæр (Пушкин.—Ред.) уыд йæ кæсæджы аккаг; уый свæййы цæстыахадгæ, æрхæндæг, тызмæг, знæт, æвирхъау, йæ рæнхъытæ абухынц денджызау, уад кæй базмæлын кæны, ахæм æгæндæг хъæдау. Уыцы иу рæстæг уый у ирд, рæсуг, æрттывдтытæ калы, йемыдзаг у æхцон монцтæй, уды утæхсæнтæй. 1851 А. Герцен Пушкин дунемæ кæй рантыст, уый æвдисæн у: цивилиза- цийы бæласы дыргътæ срæгъæд сты. Уыцы дыргътæ æмбыд не сты, фæлæ замманай, сызгъæрин. /.../ Куы ма ацардаид, уæд нын, чи зоны, уырыссаг уды ахæм æнæмæлгæ æмæ цардхъом фæлгонцтæ сарæзтаид, æмæ нæ нæ европæйаг æфсымæртæ æмбарын байдыдтаиккой, сæ цæст ныл нырæй тынгдæр æрæвæрдтаиккой, чи зоны, æмæ сын нæ фæндты, нæ бæллицты рæстдзинад хуыздæр равдыстаид æмæ нæм ны- рау уæле дæлæмæ нал кæсиккой, æууæндиккой ныл, аргъ нын кæниккой. Пушкин ма куы ацардаид, уæд, чи зоны, нæхæдæг дæр нæхи хуыздæр æмбариккам, не ухсæн быцæутæ къаддæр уаид. Фæлæ Хуыцау æндæр тæрхон рахаста. Пушкин амарди, йæ тыхтæ сæ тæккæ рæзгæйæ куы уыдысты, уæд æмæ мæрдтæм æнæмæнг ахаста цыдæр стыр сусæгдзинад. Æмæ ныр æнæ уымæй уыцы сусæгдзинад райхалыныл архайæм. 1861, 1880 Ф. Достоевский Пушкин егъау у, бæркадджын у, тыхджын у, хъæздыг у. /.../ Пушкины мидæг æмбæхст уыдысты, фæстæдæры нывгæн- джыты æххуысæй аивады æппæт хуызтæ тау цæмæй суагътой, уьщы мыггæгтæ æмæ гуырæнтæ. 1871, 1879 Н. Гончаров 7
Пушкин нын цы хæзнатæ балæвар кодта, уыдон афтæ ахадгæ сты, æмæ сын аргъ нæй. Стыр поэты ахсдукиагдæр сгуыхт: уый руаджы зондджындæр кæны, зондджындæргæнæн цæмæн- дæриддæр ис, уый. 1880 А. Островский Нырма ныр федтон дæ дыууæ æмдзæвгæйы («Клеветникам России» æмæ «Бородинская годовщина».— Ред.) Мæ хæлар, абоны онг мыл ахæм зæрдæхцондзинад никуыма бафтыдтай. Æппынфæстаг дæуæй зæгъæн и: ды дæ нацийы поэт; дæ курди- ат чердæм здæхт у, уый боныфæстагмæ раиртæстай... Нæ зо- нын, куыд æмбæлы, афтæ мæ æмбарыс æви нæ. Уæрæсейы знæгтæм цы ’мдзæвгæйы дзурыс, уый уæлдай диссаг у; уый дын æз дзурын. ’ Фæстаг сæдæ азы дæргъы ацы бæстæйы цы хъуыдытæ загъдЩыди, де ’мдзæвгæйы уымæй фылдæртæ ис. 1831 П. Чаадаев Райсомæй 4 сахатыл нæхимæ æрбацыдтæн, иууылдæр уыды- сты фынæй. Æз балкъоны сбадтæн æмæ бакастæн Пушкины «Дон-Жуан» («Дурын уазæг». — Ред.) Лхæм зæрдæскъæфт дзы фæдæн, æмæ уыцы сахат хъавыдтæн Тургеневмæ мæ цин ныффыссынмæ. /.../ Пушкины прозæ ногæй æрæджы кастæ? Мæ зæрдæ мын балхæн — бакæс «Белкины уацаутæ» райдианæй. Алы фыссæг дæр сæ хъуамæ иудадзыг ахуыр кæна. 1856, 1872 Л. Толстой Уый куы фæзынд, уæд уырыссаг рудзынгæй у ы р ы с с а г рухс æрбакалд. Сабийæ фæстæмæ нæ цæстытыраз фысты хуызæнæй лæууы иу дзырд, стыр дамгъæтæй фыст дзырд: «Пушкин». Уыцы номæй, уыцы зæлæй дзаг ысты нæ царды фылдæр бонтæ. /.../ Цы у поэт? — Æмдзæвгæтæ чи фыссы, уый? Нæ. Поэт у ритмхæссæг, гармони хæссæг. 1 Лдæймаджы миддунейы ис æнæбын æрфытæ, царды ’гъдæуттæ, бартæ, æхсæны хъуыддæгтæ, паддзахады уагæвæрдтæ кæдæм не ’ххæссынц, ахæмтæ. Уыцы æрфытæм хæццæ кæнын- 8
хъом ысты æрмæст цавæрдæр зæлтæ, ритмтæ. Уыцы тасгæ-ивгæ ритмтæ сты стъалыты-мæйты-хурты, цъити-цъуппыты, ден- джызты, вулканты тæмæн-уылæнты æнгæс. Адæймаджы уды цæрæн-бæстæйы æнæбын арфмæ фæндаг фылдæр рæстæг æхгæд вæййы «æрвылбоны тыхстæгты зилдухæнæй». Пока не требует поэта К священной жертве Аполлон, В заботах суетного света Он малодушно погружен. Фæлæ уыцы арф куы фегом вæйиы, уæд: Бежит он, дикий и суровый, И звуков и смятенья полн, На берега пустынных волн, В широкошумные дубровы,— уымæн æмæ хъуамæ йæ сусæг-æмбæхст дунейы уæлвонг фар- ны койтæ ракæна æддаг дунейæн, ракæна сæ æвæджиауы зæлты, дзырдты, змæлды æххуысæй. Уый хæдуæлвæд райдайы драмæйы дыккаг ми-архайд — поэт ныхæй-ныхмæ æрлæууы сау адæмы раз. Сау адæм та сты, йæ уды цæрæнбæстæ «æрвылбоны тыхстæгты зилдухæй» æмырæхгæд кæмæн у, ахæм цæрæгудты мыггагæй; сырдтæ, мæргътæ, планетæты схъистæ, дæлимонтæ, зæдтæ схонæн сын нæй — ис сын иу ном: сау адæм. Уыдон поэтæй агурынц пайда, домынц, цæмæй сын поэт сæ «бырæттæ амæрза æмбугæнæг уынгтæй». Поэт сын цы хæрзты бацг:уинаг у, уыдонæй спайда кæныхъом не сты æмæ никуы уыдзысты. Драмæйы æртыккаг æмæ фæстаг ми-архайд — поэты тох сау адæмимæ; поэт фæбæззы æрмæст дун-дунейы мидцардæн, сау адæм та — æрмæст æддагон цардæн. Уымæ гæсгæ сæ тох ахицæн вæййы поэты мæлæтæй, уымæн æмæ уый ахæм инстру- мент у, æддагон царды уавæрты чи сызгæ вæййы. Цард раст у: ’ый алцæмæ дæр пайдайы цæстæй кæсы, уæлдæр истытæ йæ \æ хъæуынц, уæлдæр истытæ йе знаг сты, йæ ныхмæ хæцынц, ресафынмæ йæ хъавынц, цæмæй йын йæ бынаты ног цард са- зазой. Инструмент фесæфы, нал вæййы, фæлæ дзы цы зæлтæ авзæры, уыдон баззайынц æмæ сæ куыст кæнынц аивадæн, ридыцæн йæ разы цы нысан и, уымæ фæтырнынц. Адæмы мыг- лаг нырма бирæ цæмæйдæрты æййафы хъуæгтæ æмæ хъуамæ тд æрцæуа æндæр, æххæстдæр удгоймæгты мыггагæй... Куыд уынæм, афтæмæй поэтыл ис историон хæс. Пушкин *и афтæ æвдисы: 9
...Никому Ответа не давать, себе лишь самому Служить и угождать, для власти, для ливреи Не гнуть ни совести, ни помыслов, ни шеи, По прихоти своей скитаться здесь и там, Дивясь божественным природы красотам, И пред созданьями искусств и вдохновенья — Безмолвно утопать в восторгах умиленья — Вот счастье! Вот права!.. Ацы ныхæстæ Пушкин загъта йæ мæлæты размæ. Фæлæ æрыгон лæппуйæ дæр афтæ хъуыды кодта: Любовь и тайная свобода Внушили сердцу гимн простой. 1921 А Блок Сахуыр ут Пушкиныл, Некрасовыл кæуын, сахуыр ут, йæ рухс æнустыл кæмæн æххæссы, уыцы æвæджиауы поэзийыл кæуын. 1948 А. Твардовский Арæхрауайы афтæ: уалдзыгон ивылд дон атоны ауæзт, аласы хидтæ, æрмæстма сæ иугай михтæ аззайы. Уыцы михтыл бæрæг фæдары, кæддæр дон кæуылты калд, уый. Пушкины цырт дæр ахæм «бæрæггæнæн» уыдзæн, адæймаджы гуылфгæнгæ цард цавæр бæрзæндтæм схæццæ вæййы, уымæн. Рауайы афтæ дæр: уалдзыгон дон йæ фæстæ ныууадзы ихы фæзгъæртæ — дон куыд тынг раивылд, уымæн æвдисæн. Пуш- кины цырт дæр æвдисæн у, нæ уды монцтæ куыд дардыл раи- вылынц, уымæн. Мах та йæм кæсæм æмæ нæ зæрдæ дарæм, ног Пушкин нæм кæй фæзындзæн æмæ нæ ног бæрзæндтæм кæй ахондзæн, ууыл. ! Æмæ нæхицæн зæрдæтæ дæр авæрæм: Пушкин Пушкин у,\ фæлæ мæхæдæг дæр кодтон, мæ бон цы уыд, уый, æмæ-иу мæхЛ хъуыддаджы æз дæр къаддæр нæ раивылдтæн... æмæ Пушкинц цырт дæр Пушкинæн йæхицæн æвæрд нæу: Пушкины йæ цырА тимæ цы хъуыддаг и! Уый æвæрдæуы æхсæнадæн, адæймаджы уды фарнæн иæ бон цас раивылын у, уый сбæрæг кæныны тыххæй. 1951 М. Пришвш* 10
Уый фæуæлахиз рæстæгыл дæр æмæ тыгъдадыл дæр. /.../ Пушкины æмдзæвгæтæ сывæллæттæн лæвар кодтой уырыс- саг æвзагæн йе ’ппæты æххæстдæр æмæ фидыцджындæр хуыз. Уыцы ’взаг, чи зоны, сæ дарддæры царды макуыуал фехъусой, стæй йыл дзургæ дæр ма кæной, фæлæ уæддæр иудадзыг семæ уыдзæн æнусон хæзнайау. 1961, 1965 А. Ахматова 11
ПУШКИНАлександр ÆМДЗÆВГÆТÆ ЗЫМÆГОН ИЗÆР Уад йæ тарæй арв æмбæрзы, Здухы митбырдæн мæстæй; Ниуы куы сырдау, ныхъхъæрзы, Сабийау ныккæуы стæй. Куы нæхъæмпын цары скафы, Рамæрзы чындзау нæ кæрт, Куы фæндаггонау æнафон Рудзынг бахойы фæсхæрд. У нæталынг къæс æрхуымæй Дзаг — æрцарди дзы æнкъард, Кæд æдзæмæй бадыс уымæн Ды, мæхи нана, æнцад? Æви уадтымыгьы хъæрмæ Бафæлмæцыдтæ æцæг? Æви де ’лхуыйы уынæрмæ Кæд æрцахста дæу хуыссæг? Ды мæ мæгуыр æвзонг азты Иууыл адцжындæр лымæн, Баназæм фæйнæ ’мæ мастæй Фервæзын кæна мах сæн. Азар-ма мын дзывылдары Зарæг, уый фæсфурд куыд цард, Пушкинæй ацы номыры цы уацмыстæ уадзæм, уыдон иууылдæр сты ногæй тæлмацгонд. Иуæй-иутæ дзы ирон æвзагмæ ивд æрцыдысты дыгай хæттытæ дæр: кæй тæлмац хæрзхъæддæр у, уымæн журналкæсæг тæрхонгæнæг уæд. 12
Ноджы буц чызгайы зарæг, Донмæ райсомæй куыд уад. Нал ауæрды уад йæхиуыл: Здухы митбырдæн мæстæй; Куы хъаеддаг сырдау нынниуы, Сабийау ныккæуы стæй. Ды мæ мæгуыр æвзонг азты Иууыл адцжындæр лымæн, Баназæм фæйнæ ’мæ мастæй Фервæзын кæна мах сæн. 1825 * * * Æрра мæ ма скæнæд Хуыцау, Мæгуыргур зилдзынæн фæлтау, Хызын, лаедзæг — мæуаргь. Æрмæст мæ бамбарут: бæрзонд Æвæрд мæм нæу мæ сæрызонд. Нæ мæм кæсы зынаргь. Сæрибар æз куы уаин, уавд Фæлидзин, бацагурин хъавд Æмæ æрцæрин уым. Фырцинæй айзæлид мæ зард, Уæлвонг бæллицты уынæр дард Фæсурид маст, æрхуым. Æз хъусин уылæнты æнхъæвзт, Цъæх арвæй нал исин мæ цæст, Бæрзонд чи у, уæрæх. Мæтыхæн нал уаид кæрон, Дымгæйау бауаид мæ бон Фæлдахын хъæдтæ, зæхх. Фæлæ куы фæцæуа мæ зонд, Уæд-ма цæй лæг уыдзынæн? — сонт, Хынджылæггаг, тæрсæн. 13
Сæрхъæн куыд вæййы, афтæ раст Уыдзынæн къалатийы баст,— Хъавддаг сырды хуызæн. Æхсæвыгæтты та-иу æз Нæ хъусдзынæн мæргъты хъæлæс, Стæй сыфтæрты æмдзæгьд, Фæлæ мæ хæлæртты цъæхахст, Хъалагьурты хъæлæба, хъаст, Хъадаманты дзæгъ-дзээгъ. 1833 * * * Лæууын, Инезилья, Дæ рудзынджы цур. Æрæмбæхст Севилья Мæйдары фæсхур. Цæттæдæн æхсарæй, Мæ уæлæ — пæлæз, Л^цхъама, гитарæ — Дæ дæлрудзынг æз. Фынæй дæ? Мæ зарæг Дæу райхъал кæндзæн. Дæ зæронды марæг Мæ хъама уыдзæн. Æруадз-ма мæм ардæм 3 æлдагæй бæндæн... Цы кусыс? Мыййаг дæм Фæраздæр æндæр? Лæууын, Инезилья, Дæ рудзынджы цур. Æрæмбæхст Севилья Мæйдары фæсхур. 14 1830
1_М1 ОДÆ (Анакреонæй) Дзагдар, кавд нæ дæ мæрддзæст, Рахæсс-ма уæд дзагæй дурын, Расыг ронгыл мын æрмæст Ауадз фаг æвронг дон, курын. Скифтæ не стæм: нæу мæ бон Уыдонау сыгъдæг ронг нуазын, Фæлæ фынджы уæлхъус, зон, Зарын æмæ дзурын уарзын. 1835 СКЪУЫДДЗАГ Пафосы цы уарди, Цырозææрзади, Нæу ууыл мæ зард, Феосы сырх уарди, Сæн кæуыл фæкалди — Мæ фыстмæ у дард; Ис амондджын уарди, Уый сабыргай ’руади Элизæйыриуыл... 1830 * * * Æз уарзтон дæу, уарзт, чи зоны, мæ риуы Нæма ахуыссыд абон дæр бынтон, Фæлæ-ма уым дæу азымгæнæг чи у! Дæ зæрдæ риссын кæнын у кæй бон! Æз уарзтон дæу, дæ уынд мæ хурау тавта, Дæ цуры-иу нæ уæндыдтæн сым дæр; Æз дæу куыд уарзтон буцзæрдæйæ, афтæ, Тæхуды, дæу куы бауарзид æндæр. 1829 ХÆЛÆРТТÆН Мæ фыдгултæ, нæма мæ схауд ныхас... Æнхъæлæн ис: æрмынæг и мæ маст; 15
Фæлæ уæм дарын æз мæ хъус уæддæр* Кæйфæнды дæр уæ ссардзынæн кæддæр. Мæ дзæмбытæ кæй ауадзон сымахæй, Æрдæгмардæй æрхаудзæн уый дыдагьæй. Фæхъахъхъæны ма хъæрццыгьа дæр афтæ Æврæгьты цурæй гогызтæ ’мæхъазтæ. СÆ ФЫДÆЛТÆ ПАВЕЛТÆ КÆМÆН ХУЫНДЫСТЫ, УЫЦЫ ДЫУУÆ АЛЕКСАНДРÆН Сæ дыууæйыл дæр арв фæтых, Сæуавæр иу — кэвддæрæй: Зернов йæ къахæй у къуылых, Романов та — йæ сæрæй. Мæ дзырдты марг кэед ис, уæддæр Æнæмæнгæй зæгьгæ сты: Ныццавта къæбицы иу сæр, Фæкъуылых иннæ хæсты. Дзасохты Музаферы тæлмацтæ Мæ монцтæн баззадтæн сæ быныл, Къух систон рагбæллицтыл кæд?.. Мæ раууат зæрдæйы рæбыны Æрцарди сау хъизæмар, мæт. Мæ риуы цардамонды уарди Уæлхъæдæй баруади бынтон — Цæрын хæрз иунæгæй, æнкъардæй... Уæууæй, кæд æрцæудзæн кæрон! Раст афтæ бур сыфтæр — æвзонг уд — Хъызт бонты додойæ тæрсы Æмæ бæгьнæг бæласы цонгыл Æнхъæлмæ й ’адзалмæ кæсы. 1821 16
ÆХСÆВ Мæ уарзты рухс зæлтæ дæ сыгъдæг удмæ ’вналынц, Æхсæвы иугæндзон æгуыппæг æнцой халынц. Æрхæндæг сойдзырагъ мæ фарсмæ судзы, ризгæ; Мæ рæнхъытæ, хæххон æрра донау æнхъизгæ, Кæнынц гуылфæн — мæ уарзт сæ уæлныхты фæхæссынц. Дæ цæстытæ мæм сау тарæй ныфсæнцойау фæкæсынц; Дæ хъæлæсы уæздан мыртæ рæвдауынц мæн фæлмæн: Мæ удлæууæн, мæ ахсджиаг... дæу дæн... дæу дæн... дæу дæн. Нындзыг и Бонвæрнон мæ сæрмæ — Сæумæцъæхы æрттиваг цæст... Сыгьдæг, æназым уырзтæй æз Дыккаг кæркуасæнтæй изæрмæ Æфхæрд æмæ фæлмæцыд мæрмæ Æппæрстон амонды гуырдз, рæз Мæ хуымгæнд не схаста уæлæмæ... Уæдæхæрут, сынæр цæгьдут, Æфсæст адæм, æнцад, уæхи бар... Кæд хъуыди фосы та сæрибар?— Æрмæст æргæвдынæн бæззут! Фыдæй уын баззади нывгонд Уæззаубыд ехс æмæ аэфсондз. 1823 цымыдис — Цы дæм ис ногæй? «Мисхалбæрц дæр ницы». — Ныууадз-ма, цæй, цыдæр хабар фæхæссыс... Æз дæ хæлар, æмбал хонын мæхицæн, Ды та мæ, знагау, ног хабæрттæ ’мбæхсыс... Æргомныхас, фыццагау, мемæ нал дæ! Æви мæм кæд дæ мид-зæрды хæрам дæ? «Æз иу хъуыддаг мæ фондз æнгуылдзау зонын: Сæлхæр кæй дæ... Фæлæ уый ног хабар нæ хонын». 1816 МлхЛуг№ 6, 1999 17
ЧИНЫГУÆЙГÆН/ВДЖЫ НЫХАС ПОЭТИМÆ Чиныгуæйгæнæг Дæзæрдæ де стихтæй рæвдауыс. Æрмæстдæр де ’рбадын — дæ зын... Ныр дæр та, арвы нæрдау, айхъуыст Дæ хорз кой — газеттæ фыссынц: «Нæ поэт ног кадæг ныффыста, Зæххыл йæхицæн нæй æмбал...» Зæгъ-ма, цæйбæрц уыдзæн йæ мызд та? Æрмæст — æргом, дывæндтæ — нал. Бæрзонд уæлтæмæнæй дæ дойны Ды суагьтай... Ныр мæнæн мæхæс,— Цæмæй дæ рæнхъытæ æмбойны Æхцатæ фестын кæнон æз. Цæй арф ныуулæфыдтæ, бард? Зæгьæн ын нæй? Поэт Уыдтæн æз дард. Æрлæууыд рагзаман мæзæрдыл... Уæззау, зынвадат уыд мæ цард, Уæддæр нæ уæй кодтон мæ зард Æлгьаг мамæлайы къæбæрыл. Мæ цæстыты раз слæууы ногæй: Уыдис мын хох-лæгæт хæдзар, Куывтон-иу музæтæм уæлвонгæй: «Уæларвæй саккаг кæнут Фарн!..» Æмбæлд мæхи зæрдыл мæ зард... Æбæрæг дауджыты æндæргтæ Мæ сæрмæзилдух кодтой... Уыд Сæ бæрзонд фидыцæй рæвдыд Æхсæвы сау тары мæ зæрдæ: Æрттиваг хохаг уыгæрдæнтæ... Мæй зæрста къæдзæхтыл йæтын... Æнусон зæппадзы дæрæнтæ... Æнæнцой дымгæйы хъырнын... Мæ хъусты бацагъта уым демон Æрвон кæлæнмыртæ мæнæн; Уæлмонц æнкъарæнты тæмæн
Уыдис æдзух æмцæдис мемæ. Æгуыппæг маройы цъæх артæй Зылдис æхцон зылдæй мæ сæр,— Лæвæрдта хъомысы цæхæр Мæ уд, мæ зонд æмæ мæ зардæн. Мæ дзырд мæ коммæ ’нцонæй каст, Мæ монц — мæ дзырдимæ æмвæндаг, Æмæ æхсæры къæрццау раст Уыдис мæ рифмæты æмзæлланг. Æрхæндæг зарджыты фæзмыдтон Хæхбæсты минмырон хъæлæс: Уынæргъыд арф комæй цæссыг-дон... Фæлдæхгæ тулдзы знæт къæс-къæс... Зæринхъуыр булæмæргьы зард, Æнæнцой денджызы хъуырдухæн Мыггагмæ ме ’мдзæвгæты ’рцард... Мæ уды рухс хъизæмар-тухæн Æхцон у адæмæн, йе — нæ, Нæ хъардта мур дæр уый мæнмæ. Мæ ныхæстæ кæндзынæн уæй, Уый мæн нæуырныдта, уæууæй... Æвзонг лæппу йæ фыццаг уарзтæн Цæстыйæ, счъизийæ куыд тæрса, Йæ монц йæ зæрдæйы куыд хæсса, Мæ зарджытæн раст афтæ тарстæн. Чиныгуæйгæнæг Ныр бадæ кадимæ æмдзæхдон, Дæ фыст фæвæййы уайтагьд уæй. Уæд де ’мсæртæн зæфцы фыдæй Сæ бæзджын чингуыты къæдзæхтæн Æризæгъæг æппындæр нæй, Æмæ, рыгæвæрдæй, фынæй Кæнынц бæрзондамад рæдзæгъдтæй. Поэт Тæхуды, чи дардта йæ риуы Æмбæхст æнкъарæнты кæлæн, Поэт йæ мид-зæрдæйы чи уыд! Æвдæлон дам-думтæй кæмæн 19
Йæ ном нæ ныдздзырдцаг уæлæуыл, Йæ зарды сусæг тых кæмæн уыд! Æнæбылалгъæппæлд, хъæлæкк, Æз дæр куы ссардтаин мæлæт! Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, циу кад? Йæ «тавсæй» цал рæстуды бабын? Сæлхæры хахуырты мæнг кард? Æви уæлæнгай лæджы табу? Чиныгуæйгæнæг Лорд Байрон дæр раст афтæ загьта; Жуковский хордта ууыл ард; Фæлæ цы уаз мыртæ ныууагьтой, Сты уыдон дзыллæйæн зынаргь. Куыд нæу тæхудиаг уæ цард: Поэтæн ис йæтых уæларвы, Æмæ йæ зынг фаты азар Фыдæх æд тъымы-тъыма сафы; Былдауæн раппæлды цъæлхъæр Поэтмæ мисхалбæрц нæ хъуысы; Уæздан Кориннæйы æмсæр Йæ уарзоны Кифермæ сисы. 0, сылтæ кадмондаг кæм нæ сты,— Ныффысс зæлланг зарæг сæ хæрзтыл: Йæ цæстмæппæлд Анакреонæн Æхцон сæ зæрдæтæн æрхæссы; Йæ бæрзонд хорзæх Геликонæн Æвзонгæй н’ахады сæ цæсты. Поэт Бæллаг уд нæу æдзух æвыд — Кæддæры сонт митæ æнкъарын: Мæн дæр гуылфæнтæгæнæг царды Хъуыдиссылгоймаджы рæвдыд. Йæ удлæууæн уыдысты ’дзух Чызгайæн йе ’нарæхст фыстытæ; Æрдхæрæн уарзæгой цæстытæ Мæ рæнхъытæй нæ кодтой цух. Фæлæ сылгоймагæн сæрибар
Нывондæн нал хæссын... Æгьгьæд!.. Фæлтау мæ зарджытæ кæнæнт Æнæмæт лæппутæ сæхи бар. Мæ цард — æнкъард, мæ ран — æмыр,— Мæнæн ма сылгоймæгтæ чи сты? Сæсонт, сæуæлæнгай рæумитыл Мæ фæндыр нал барвæсдзæн ныр; Зæрдæйæ фаг сыгьдæг нæ фесты; Æнарæхст, галиумæ — сæ зонд... Уæлтæмæн — арвырон, бæрзрнд, Фæлæ йæ банкъарынхъом не сты. Æз карз фаэсмон фæкæнын абон, Мæ мæтыл ноджы бафты мæт, Сæ ном кæддæр цы дзырдтæй ссардтон, Куы ’рлæууынцзæрдыл уыдон, уæд. Кæй раз æркъул кодтон мæ сæр? Мæ сæнтты дурау уазал удтæ Куыд систон дауджытæй уæлдæр?.. Чиныгуэейгæнæг Дæ маст цæхгæр æмæ хъыхъхъаг у, Фæлæ йæ не ’мбарын æххæст: Уэвд та ма иу «мæлхъыл» мыггагмæ Куыннæ æрæвæрдтай дæ цæст? Æнхъæлдæн, цагьтой арт сæудтæй... Дæ музæуарзтой... Афтæ нæу? Уæд уыцы аргьæутты рæсугьдтæй Куыннæ бандæвта иу дæр дæу? Цы ныхъхъус дæ? Поэт Рæгьмæ рахæссæн Кæдцæры фынтæн нал и ныр; Ныккæнæнт рагбонтæ хатыр, Фæлæ цы баззад хорзæй не ’хсæн? Мæнæн нæй иунæгхион царды!.. Кæуыл, цæуыл лæууа мæ уд? Æбæрæг катайы æнуд Уæларвон уарзты бæсты ’нкъардтон 21
Æмæ æмбæхст цæстысыг калдтон... Уæд уыцы зæдтымсæр æнгас, Фæлмæн рæвдауаг, мидбылхудаг, Мæн чи тавта уæларвон хурау, Кæм уыди? Нал уыди æгас? Ныр ма цы баззади мæнæн дæр? Мæ сæфт уарзтыл дзыназон, ау?— Мæ маст фæкæсдзæни кæмæдæр Сæлхæры, зондцухы сæнттау; Уый хъары иу зæрдæмæ ’рмæстдæр, Фæлæ йын утæхсæн æрхæсдзæн... 0, уыцы ’фхæрд зæрдæйау ницы Ныртæккæ райгас кæнид мæн; Æвзонджы абухгæ бæллицтæн Ног фенин се ’нæнцой тæмæн!.. Бæргæ, нæ цард куы уаид аргьау, Куы-ма йыл амбæлин уæддæр: Æнæсайд уарзты ирд цырагьау Мæ риуы калид уый цæхæр. Фæлæ мæхи мæхæдæг сайын, Кæнæ фынтæ мæ цæстыл уайы! Мæ уарзт, мæ табутæ, мæ сæнттæм Æппындæр не ’рфæлмæн йæ зæрдæ... Мæхи ныр амондджын куыд хонон, Кæд зонын иу хъуыддаг бæлвырд: Уый у уæларвон заад; зæххонæн Нæ хъуысы уа бæрзонд йæ дзырд. Чиныгуæйгæнæг Ай-гьай, фæзæрдæцъæх дæ ныр Фыдгулты дам-думтæй, дæ уарзтæй, Ныууагътай номхæссæн фæндыр... Зæгь-ма: сæ бæсты та цы райстай? Поэт 22 Сæрибар!
Чиныгуæйгæнæг Уæдæ байхъус, цæй, Æмæ дзæбæх дæ зæрдыл бадар: Нæ дуне у йæхæдæг базар, Æнæ æхца сæрибар нæй. Поэты бызгьуыртыл дарийæ Куыд бахуыйай æмпъузæн — раст У кад дæр мах рæстæджы уыйау... Æхца!.. Æхцамæ у нæ каст! Мæ ныхас не ’мбæлы дæ зæрдыл?.. Мæнæй-ма! Уа диссаг кæд фенд: Æрра уæлтæмæны цæхæры Фæсудзы, ’хсидавау, поэт. Фæлæ куы ’руазал вæййы, уæд Йæ «цотыл» нал фæкæны мæт... Уæдæ, цы агурын дæуæй, Уый ныр æнæ гуызавæ хатыс: Уæлтæмæнæн уæйгæнæн нæй, Фæлæ мын рауæй кæн дæ уацмыс. Поэт, цæмæ-ма у дæ каст? Хъæуы мæн базаргæнын исты: Лæууынц мæ дуканийы раз Тæнхауд артисттæ, журналисттæ; Кæсынц æнхъæлмæ уыдон рагæй; Хъæуы кæй худæг, кæй — æнкъард... Поэт, дæ фæндыры зæллангæй Бæлвырд фæфидаудзæн мæ цард. Поэт Тынг раст зæгъыс. Мæнæ дын мæ уацмыс. Бафидауæм. 1824 Ходы Камалы тæлмацтæ Нывонд дæу мысынæн — æппæт: Мæ уæлмонц лирæйæн йæ зæлтæ, Мæ судзгæ утæхсæн, тæнзæрдæ Чызгайы сонт цээссыгтæ, мæт, 23
Мæ нæргæ кад, мæ хæсты тар дуг, Зæринрухс хъуыдыты нывæст, Мæстытæй, удхæрттæй æвдæрзт Рæусæнттæ нывæндæг æнкъард уд... 1825 * * * Цæмæдæр тырнæг монцæй зæрдæ Куынæ судзид — ссарин фæрæз: Дæ дзæнæт, дæ фæрныг узæлдæй Нæ акæнин къахдзæф дæр æз. Мæ сонт фæндтæм акæсин зулмæ, Мæ нывыл карст — дуне,— зæгьин... Уæлмонцæй дæ дыбал-дыбулмæ Дæ гæккытæн батæ кæнин. 1833 * * • Йæ судзгæ фыдæхы фæдыл Цæугæйæ, уый кæй фыст нæ фауы! — Йæ маргдзыд чернилæ æнтауы Æдзух æрра куыдзы сæтыл. 1824 ОДÆ Афтид нуазæнтæм кæсæм? Дзагдар, авæр уæдæ марадз Фынгыл расыджы хос — сæн, Фаг-иу ыл æвронг дон ауадз. Скифтæ не стæм, нозтмæ тынг Уыдонау мæ хъус нæ дарын; Æз, мæ лымæнтæ, уæлвынг Уарзын хъазæн ныхас, зарын. 1835 Рæмонты Георы тæлмацтæ О, ма мæ фæрс — цæмæн аззайын афтæ Æнтъыснæгæй нæ цин-цæуæнты ’хсæн. Æнкъард хъынцъым мæ рыст удыл цы бафты,— Нæ царды фын цæуылнæтавы мæн. 24
О, ма мæ фæрс — мæ уазал удæртауæй Цæмæн фæлыгьд мæ хъæлдзæг уарзт, кæдæм. Æз нал уарзын,— æз никæй уарзтæй тайын — Кæд иу хатт уарзтай, уæд дæ уарзт фæдæ. Зыдтай кæд амонд — нал фендзынæ амонд,— Вæййæм йæ цинтæй иунæг уысм æфсæст. Цы ма аззад мæ хъæлдзæг цардæй абон?— Зæрдæхалæн æрхæндæг рис æрмæст. 1817 * * * Æз федтон Азийы æдзæрæг хус быдыртæ. Кавказы дард бæстæ — йæ дæлвæзтæ сыгьдтытæ, Кæсгон бæхрæгьæутты æхсæвиуатгæнæн, Подкумкы былгæрон æдзæрæг рæгъты ’хсæнты Куыд гуылф кодта тæхгæ мигъты лæсæн, æмæ фæскубаны тъæпæнтæ! Ыстыр диссæгты зæхх!.. Уым суадæттæ фыцы Æмæ дзæнхъа къæдзæхты фæрстыл Тæхы æвдадзыхос — цыхцыр. Йæ ныфс нæ мæлы низахуырæн — й ’амонд, Æз уыцы дард былгæрæтты уыдтон Хуыздзыд лæппуты — чи нал уыд куывдхъом, Цыма сын сусæг тухитæ Кипридæйæ уыд амынд. Цæф салдæттæн — лæдзæгæнцой сæ цард, Зæронд лæгтæ — сæ урс сæртæй æнкъард. 1810 Хуыгаты Сергейы тæлмацтæ * * * Æз уарзтон дæу. Мæ уарзт, чызгай, æрра уыд, Нæма басыгъди, чи зоны, ныр дæр. Фæлæ дын уый æрхæндæджы хос ма уæд,— Дæхи фæндиаг амондимæ цæр. Æз уарзтон дæу æдзæм æмæ ныфссастæй, Мæ сусæг уарзт дæм никуы хаста фау. Куыд æнувыд, куыд æнæхинæй уарзтон! Æндæр исчи дæ бауарзæд мæнау. 1829 25
ПАДЦЗАХЫ ХЪÆУ МЫСГÆЙÆ (Скъуыдцзаг) Æхсæв æрцауыгьта йæ пæлæз, Æрцыди арв-цатыр æхгæд, Дæлвæзтæ, къохтæн бамыр и сæ хъæлæс, Нындзыг и мигьы фæлмы хъæд. Йæ уынæр къадайæн æрдузаууон æрмынæг, Рæуудцзæф сыфтæрыл фæлмæн фынтæ уыны, Æвзист доныхъаз — мæй нæ агуры йæ сынтæг, Æврагь-уылæнтыл дардмæ ленк кæны. 1814 Мамыкъаты Хъазыбеджы тæлмацтæ МÆЭПИТАФИ Ам Пушкин ис ныгæд; сæруæлдайæ йæ уарзта Йæ музæ, «а» мæ «о»-йæ цардысты фæрнæй. Хæрзты нæ цыд — йæ бон цы уыди, цастæ! — Фæлæуыди хæларзæрдæ, уæллæй. 1815 Уыдтæн æз амондджын, мæ мондæгтæ-иу истон, Уæлмонцтæ, адцжын цин бæргæхуыдтон мæ исбон... Фæлæ фынау æрбацыбыр и бон, Мæ зæрдæ аци уайтæккæ æдзæрæг. Ызнон дæр ма æлдар кæм уыд Æхцон, Æрбадти абон уым Æнтъыснæджы цъæх æндæрг!.. 1815 ДЕНДЖЫЗМÆ О денджыз, бархиуд, æвиллон! Хæрзбон,— фæстагхатт ма,— хæрзбон. Мæ цуры акалыс цъæх пиллон, Кæм и дæ фидыцтæн кæрон! Мæнæн ды — хицондæр æмгарæй, Мæ цин, мæ рис-иу дын дзырдтон. Æз хъуыстон сусæг сидт дæ арфæй, Æхсысти рафт-бафтæй дæ дон.
Мæ уды сонт-монты кæнонтæ Сты демæ иутугон, æрвад. Дæ фарнæй сбуц ысты мæ бонтæ, Дæ ныфс мæ дадзинты æрцард. Æхцон мын — улæнты кæлæнтæ, Дæ мæлтты араугæ хъæлæс, Изæр цъæх цъенгæйау дæ фæз, Дæ хивæнд, удаист тæлæнтæ. Уыдтон, кæсагдзаутæн сæ нау Дæфарнæй ирвæзти бæллæхæй, Уыдтæ йыл аудæг, зæдау. Фæлæ куы сабухыс фыдæхæй, Уæд карз дæ, удхор дæ, сырдау. Мæнæн нæ бантысти фæлидзын Æндзыг, æнтъыснæгбæстæй. Ныр Лæууын, мæ мондæгтæ дæ исын Æмæзæрдээскъæфтæй æвдисын Мæ цæссыг — ахгæны мæ хъуыр. Ды сидтæ. О, фæлæ мæ сахсæн Нæ уагьта мæн, æмæ бæлгæ Кæдæмдæр монцифтыгъдæй кастæн,— Дæ былыл баззадтæн лæугæ. Фæсмон мæм нæй. Æниу цы бæстæм, Бецау, кæдæм хæссин мæ сæр? Æдзард-æдзæрæг дæ. Æрмæстдæр Ис иу хох, иу къæдзæх кæмдæр. Уый кады, намысы зæппадз у. Уым Бонапарт Наполеон Уæлæуыл бавзæрста зындон, Куы бабын,— ниудтай йыл мæрдадзы. Йæ фæстæ, уады нæрдау, махæй Фæтахт æндæр гени, æрдаг. Йæ уд нæ царды нывæн бахай, Йæ дзырд — æрвызгъæр кард, кæрдаг. 27
Йæ зынг æрхуыссыдис æдзардæй, Уæлæуыл баззадис йæ кад. О денджыз, срухс кодта йæ зардæй Дæ ном, дæуæй-иу хордта ард. Дæ сæрмæ зилы ма йæ æндæрг, Æрдзæй дæ нывыл карст — йæ уд: Нæрæмон, арф æмæ æрхæндæг, Йæ монцтæн уромæн нæ уыд. Ныр дуне сафтид и... Цы ран ма, Зæгь-ма, цы бæсты ма и фарн? Нæ зæххæн иу кæд у йæ карна: Тæхынц йæ хъаймагьмæ, йæ хъарммæ Мæтыхтау рухстаутæ, тиран. Хæрзбон, о дон-дуне! мæудæй Нæуыдзæн де ’рвон фидыц рох. Мæ фынты райдзынæн дæ худтæй, Дæ нæрд-иу хъусдзынæн, дæ тох. Æмæкæм уон,— быдыры, къохы,— Хæсдзынæн фарны хъæрау æз Дæулæфт, ивгæзæлтæ, хох-был, Дæ уад, дæ улæнты хъæлæс. 1824 1827 АЗЫ 19 0КТЯБРБ Æмгæрттæ, аудæд Хуыцау Сымахыл — балцыты, бынаты, Хæсты, хæлæртты фарсмæ бадты, Уæ уарзт уыл узæлæд зæдау! Æмгæрттæ, аудæд Хуыцау Сымахыл — масты бон, уæ рысты, Хъызтыты, зæххы бын фыргуысты, Куы тыхса знæт фурды уæ нау! 1827
Гъей, Кавказы фидыц, байраг, Буц, æдзæф емылыкк — ефс, Райсом а лæппу — дæ барæг Ифтонг саргъ æмæ дæ ехс. Ма кæ дзагьултæ сырддзастæй, Уадз дæ армаццаг, æрлæуу. Багьæц, ног чындзау-иу, уастæн, Æз æрцараздзынæн дæу. Ды — мæудæнцой мæзыны, Иумæ — не стæртæ, нæ тох. Сиргæ уайдзынæ мæ быны. Зон: æндон къухты — дæ рох! 1828 МОЛАДЗАНДОН СÆНАЙЫЛ Ам хæхтæ иу бинонтау — къорд, Сæна сæ паддзах у, бæрзонд. Йæ дараэс — рухс æмæ æвзистæй, Йæ фахсыл рох галуан — нывистау. Дæлдæр та æврæгьтæ — æрдонг, Уæлвонг, сæ базыртыл æй систой. 0 дард бæллиц-баэстæ, æрвон! Ныууадзин сау комы мæ сагьæс, Тæхин дæ ирд хæтæнты æз! Дæдæлцар, гьæй-джиди ’мæ, бамбæхс, Хуыцауæн хорз сыхагæн бæзз! 1829 ÆНÆХУЫССÆГ ÆХСÆВЫ ФЫСТ ÆМДЗÆВГÆ Хуыссæг алыгьд, нал и рухс; Дуне — тар æмæ æрхæндæг. Сахат — хингæнæг, къæзæнæг, Стыхст йæ цъыкк-цъыккæй мæ хъус. Цыма къулбадæг, фыдус у. Циу йæ «сусу», циу йæ «бусу»? Цард — æрсым-бырсым, уæззау, Куы сыффыттытæ — мыстау...
Цард, цы дæ хъæуы, цы домыс? Цæй, цы мæ ’взоны дæ хъомыс? Циу дæ хъус-хъус? Хъаст, æлгъыст? Уайдзаэф, сидт æви æвзыст? Æз фæрсын: цы дæ, цы мæрддаг? У дæу бамбарын мæ мæтаг... 1830 * * • ...Цы ранмæуыдтæн тард, Дыууæ азы цы къуымы цардтæн хастæй, Æрцыдтæн уырдæм ногæй æмæ зилын Мæ зонгæ фæзты. Рацыди дæс азы Уæдæй нырмæ. Æндæр у абон дуг, Æндæр дæн æз мæхæдæг дæр — хæрзæгьдау, Мæ хивæнд митыл ауыгьтон мæ къух, Фæлæ сæ ног уынгæгзæрдæйæ мысын, Цыма та зилын æрхыты ’мæ къохты. Ныллæг хæдзар. 0, хъодыгондæй ам Тыдтам нæ бонтæ æз æмæ мæ нана — Мæ дыджызæ — æрхъæцмæ мыл нæ хъæцыд. Уый нал и ныр, йæ æцæг бæстæм ацыд, Йæ къæхты хъæр ын фæскъулæй нæ хъусын. Хъæдæхгæд обау. Ацы ран-иу бадтæн, Æнæзмæлгæ, æгуыппæгæй-иу кастæн Æрвæнгæс цадмæ, мысыдтæн æнкъардæй Æндæр бæстæ, æндæр улæнты хъазт... Зæрин хуымты, цъæх уыгæрдæнты астæу Æрттивы дардмæ, хъоппæг цæстау цад; Кæсагахсæг йæ бæлæгъы æнцадгай Фæленк кæны, йæ мæгуыр хыз йæ фæстæ Тыххæйты ласы. Уырдгуыты пырхытæй — Хъæутæ, хъæутæ. Æ-цдæдæр та — куырой, Тæссар-мæссар, йæ базыртæ йын дымгæ Кæнытыхзылд... Йæхæдфæстæ — гæрæн, Баэстыхæйттæ, фыдæлтыккон; уæлрагьмæ Ысхылди фæндаг, уарыны лаэсæнтæй — Гуыргьахъхъытæ; æртæ нæзыйы уæлбыл Лæууынц æндæргтау: дардгомау — сæ иу, Дыууæта дзы кæрæдзимæ — хæрзæввахс.
Уæлбæхæй-иу ысфардæг дæн сæ рæзты Мæйрухс изæр, лæвæрдтой мын салам Сæрæй кувгæ. Ныр а фæндагыл ногæй Ыссыдтæн, æмæ мæнæ сты, мæ цуры, Сæ хихтæ хъавгæ батылдтой — мæ хъус Æрцахста буцæй зонгæуынæр, уарзон. Сæуынд, сæ конд нæ аивтой. Æрмæст Уынын æз ам, зæронд уидæгты фарсмæ, Лæппын бæлæстæ, ног бинонтæ, къох; Сæ быны та цъæх къудзитæ — тыгуыртæй, Сæ сабитау. Дæрддзæфæй сæм кæсы Хæрзиунæг наэзы тарцæстæй, æнкъардæй, Зæронд усгурау, й ’алыварс — хæрзафтид. Æгас æрцу, æнæзонгæ, цæрæццаг, Æвзонг фæлтæр! Æз нал фендзынæн дæу Дæ цардхъомыс нæргæ кары. Рæхджы бон Ды акæсдзынæ хистæртæн сæ сæрты, Сæ бæрзонд рындзтæ бакæндзынæ д’аууон, Цыма сын нæй бæлццоны цæстæй хай. Фæлæ-иу уадз мæ байзæддаг, мæ фæдон Уæ уынæр-арфæ фехъусæд хæларæй. Æнафоны куы ’рцæйцæуа уæ рæзты Æмгæртты куывдæй — райдзæнис йæ зæрдæ Æхцонхъуыдытæй, цардбæллицтæй, цинтæй,— Уæд, чи зоны, æрымыса мæн дæр. 1835 * * * Дзырдтон мæхи удæн æрхуымæй: Дæ монцтæ баисты фынæй, Цы уыди, бавдæлон дæ уымæй Æмæ йын райгасгæнæн нæй. Бецау лæг, уарзтæн ма цы зоныс?— Æнамонд, афтид дæ, гаффутт. Фæлæ та фидыцы тых-хъомыс Бындзарæй сæнкъуыста мæ уд. 1835 Хъодзаты Æхсары
БИЦЪОТЫГрис ЛÆДЖЫ БЫНАТ Уацау æппутæм хæстон къæмиссарадмæ куы фæсидты- сты, уымæй дыууæ боны размæ картоф къахынмæ уыдысты. Салæг дæр та æнæзивæгæй рацыди, Гар- цо, Габи æмæ Мæццийыл йæхи аныхæста. Æрæгмæ сæм сидты- сты, æмæ Мæцци дызæрдыг кодта, кæд нæ сусæг фæнд рахъæр, зæгъгæ. Фæскуыст дæр хъæумæ здæхтысты цыппарæй. Гарцо æмæ Мæццийæ иу стыф нал схауд. Габи æмбæрста, Салæджы фыдæнæн афтæ кæй кæнынц æмæ уый дæр дзурынхъус нал баци. Иу рæстæджы Салæг сдзырдта: «Хæрæг йæ мæрдтæ, кæд дысон мæ хуыссæг нæ фæлыгъди. Куы нæм фæсидой, уæд нæ бинонтæ бæстæ фæдис скæндзысты. Исчи сæ районы балæудзæн æмæ багæды уыдзыстæм». «Æмæ кæд афонмæ дæр уырдæм исчи бауади, уæддæр цы бæрæг ис?» — загъта Габи. «Уæддæр нæ сдзурын кодта! — рамæсты Мæцци.— Рагацау йæ фæндæгтæ æхсæды». «Мæнмæ иу хъуыды ис»,— загъта Салæг. «Дæумæ та хъуыдытæ кæд нæ вæййы»,— алхыскъ æй кодта Габи. «Га- бийæн радзурын хъæуы ай фыды хабар,— ахъуыды кодта Мæцци.— Æниу Тамби дæр ницы зоны, æндæр йемæ пе сæмдзæхдон уыдаид?» Хъæрæй та афтæ загъта: «Æз та дысон дезертиртимæ архайдтон мæ фыны. Сæ кой цынæ хуызы ракæ- нынц». «Фæсахсæвæртæй фæстæмæ æддæмæ ничиуал уæнды»,— загъта Гарцо. «Æвæццæгæн бабирæ сты»,— загъта Габи. «Хæстмæ барвæндæй чи ацæуы, уыдонæй йæ сæрмæ ахæм ху- динаг ничи æрхæсдзæн»,— загъта Салæг. «Мæ фыд куы ра- лидзид, уæд куыд кæнин, ууыл хъуыды кодтон,— дзырдта Мæцци. — Ила йе ’мбæлттимæ нæ хæдзары куы фæмидæг уаик- кой æмæ йæ сæ разæй куы ратæриккой...» «Сæхи æппындæр Кæрон. Райдайæп ацы азы 4 номыры. 32
нал фæдасынц, хæрзаг»,— загъта Габи. «Къабатæ, дам, скæ- нынц»,— загъта Гарцо. «Цæй ма, ныфссæттæн ныхæстæ цы кæнут?» — бабаустæ сыл кодта Салæг. Рауади ма иу бон, æмæ сæм фæсидтысты. Районы къæмиссарады хæдзары тыргътæм бахизæны цы лæг бадти, уый лæппуты фæурæдта: — Писыхтæ, сымах та кæдæм цæут? Лæппутæм — дзаг дзæкъултæ, сæ уæлæ — бæмбæджджынтæ, Гарцойыл — цъупхуд, иннæтыл — хъусджын худтæ. — Хæсты быдырмæ, кæдæм фæсидынц, уырдæм! — æнæкъуыз- гæйæ дзуапп радта Мæцци. Дуаргæс сын ацамыдта: — Тыргъты кæронмæ ацæут, комкоммæ цы дуар уа, уырдæм бахойут. Уыцы уаты стыр стъолы уæлхъус бадти æфсæддон дарæс- джын лæг, йæ къæмисæнтæ — урс-урсид, йæ хæдоны æфцæгготы кæрæттыл —дыгай кубиктæ. Йæ ных æмвæтæнæгæй дæр — коса. Сæ мыггæгтæ, æмæ сæ нæмттæй афарста, цавæрдæр журнал афæлдæхта, иуфарсмæ фæкасти, йæ сæрыл схæцыд æмæ сæ цыма кæмдæр цыдæр æгæнон митæ кæнгæ федта, уыйау сæм ныдздзынæг. — Кæцы къласы ахуыр кæнут, загътат? — афарста сæ. — М’æнæ уый æстæм къласы ахуыр кæны,— Салæг Габимæ ацамыдта.— Мах та æвдæмты. — Гъе, зæгъæм, ды искуы дæ ахуыр ныууагътай? — аца- мыдта Салæгмæ. — Никуы. — Уæдæ æвдæмты ныхсгæ ныккодтай, нæ? — Рынчынтæгæнаг уыдтæн æмæ та-иу мæ ахуырæй фæкъуы- лымпы дæн. — Габи, ды та дæ дыууæ азы кæм ахордтай? — Алгебрæйæ мын-иу фæззæгмæ куыст радтой æмæ та-иу баззадтæн. — Мæцци, ды ацы аз хъуамæ цыдаис фарæстæм къласмæ... — Техникуммæ цыдтæн, фæлæ мын хъæусоветы гæххæтт нæ радтой. Мæ иу аз фесæфт. Ныр та ногæй æвдæм къласмæ Цæуын. — Салæг — уырды хуызæн æмæ уый уæлæмæ скæсын цы пизтæ нæ бауагътой, уыдон Гарцойы хуызæн цола лæппумæ Аæр куыннæ бауæндыдаиккой? Гарцомæ афтæ касти, цыма дзыхæй цы мæнг ныхæстæ ^хауынц, уыдон цæсгомыл хъулон фыстытæй аззайынц æмæ, 1 Махдуг№ 6, 1999 33
ныссуйтæ уыдзынæн, зæгъгæ, йæ зæрдæйы цæфтæ айхъуыста, фæлæ йæ бæрнон лæг нæ бафарста, бадзырдта Салæгмæ: Уæдæ дыл ныр цал азы цæуы, загътай? — Рынчын цы рæстæг фæдæн, уый куы нымайæм, уæд мæ æстдæсæм аз фæфæуд кæны. — Габи, ды дзы цас хистæр дæ? — Аз æмæ æрдæджы бæрц. — Мæцци, æстдæс азы дæуыл кæд хъуамæ сæххæст уа? — Гыцца куыд фæзæгъы, афтæмæй Джеуæргуыбайы æрви- тæн бонæй къуыри анымай, уый фæстæ къуырийæн йæ æртыц- цæджы. — Уæ карæнæй хъазынæй æппын нæ бафсæстæн. Сымах цавæр хъæзтытæ уарзут? Ахæм фарстмæ дæр не ’нхъæлмæ кастысты æмæ хъусæй аззадысты. Раздæр фæцарæхсти Габи, загъта: — Хъазынмæ ма кæй æвдæлы. — Нæ хъæугæрон сиддонты бæхыл бадын ахуыр кодтой,— дзырдта Гарцо.— Фæйнæгæйконд лæгтæм хъæдын топпытæй хъавыдысты æмæ мах дæр уыдоны фæзмыдтам. — Уæдæ цæттæ хæстонтæ стут, æндæр цы! Лæппутæ æнхъæлдтой, цалынмæ ныссуйтæ уой, уæдмæ сæ къахдзæн, уый та загъта: — Ацæут уал уæ хæдзæрттæм. Нæ зæрдыл уæ дардзыстæм. Къæмиссарады кæртмæ рахызтысты лæппутæ сæ дзæкъул- тимæ. Ам хъуамæ раййæфтаиккой Тамбийы. Сæударæй элева- тормæ нартхор раластаид, знон сын зæрдæ бавæрдта: «Мæ уæрдон куы равдæлон кæнон, уæд уæм зындзынæн». — Тамби фæтæргай æмæ нæм нæ фæзынди,— загъта Габи. — Сайын æй нæ хъуыди,— загъта Гарцо. — Хæрæг йæ мæрдтæ, кæд сымах Тамбийæн исты æмба- рут,— зæрдæрухс хъæлæсæй дзырдта Салæг.— Искуы йæ уæр- дон баурæдтаид æмæ авджы хъуырæй хъуырттытæ кæны. Æрдæбон сæ къæмиссарады кусæг ракъах-бакъах куы код- та, уæд Мæццимæ йæ зæрдæ афтæ сдзырдта: «Ай дæр нæ пи- цыхтæ хоны». Салæг сæ ауæй кодта, уый йын гуырысхойаг нал уыди, рафыхти йæм æмæ йыл фæхъæр ласта: — Цытæ лæхурыс?! Тамбийы кой мауал кæн! Уынджы Мæцци иу каст уæлæмæ фæкодта, иннæ дæлæмæ. Дæлæ æввахсдæр хæдзары дуармæ йæ цæст ацахста галуæр- дон. Йæ цуры — Асæго, бæхы рохтыл хæцыди, йе ’ргом — дæлæрдæм. Тамби йæ аууон фæци, уый фембæрста. Сæрдар ам хуымæтæджы кæй нæ фегуырди, ууыл æппындæр нæ фæгуы- 34
рьгсхо Мæцци. Иу хъуыды иннæйы агайдта æмæ, цы ’рцыди, уыдæттæ йæ цæстытыл уадысты. Салæджы хиуæттæй знонизæр чидæр Асæгойы бацагуырдта æмæ йын раргом кодта сæ сусæг- дзинад. Уый абон ам æрбалæууыди. Асæгойы размæ нæ бацыдаид Мæцци, фæлæ, йæ зæрдæ цæмæ фехсайдта, уыцы гуырысхотæ ныртæккæ кæй раргом уыдзы- сты, уый йæ уырныдта æмæ уынджы дæлæмæ йæ ных сарæзта. Лæппутæ фæраст сты йæ фæстæ. — Асæго дæр нын фæндараст зæгъынмæ фæзынд,— загъта Габи. — Кæд фæдисы рацыди,— загъта Гарцо.— Быдыры чи куса, уый нæй æмæ нæ нæ ауадздзæн. — Куыд нæ хъуамæ ма ауадза? — фæрæвдз æм ис Салæг.— Къæмиссарадæй тыхджындæр у? — Æвæццæгæн ардæм цæуы,— кæцæй рацыдысты, уыцы хæдзармæ ацамыдта Габи. — Не ’рбацæуынмæ уым уыди,— фидарæй загъта Мæцци. — Тамби нæ ма банымудзæд? — сдзырдта Салæг. — Тамби нымудзæг нæу! — сбустæ кодта Мæцци.— Ны- мудзæджы базондзыстæм. — Мæцци, кæд исты зоныс...— мæстыйæ райдыдта Салæг, фæлæ фæхæцыд йæхиуыл,— Хæрæг йæ мæрдтæ, ды йæ куынæ зæгъай. Галуæрдоны цурмæ фæцæйхæццæ кодтой, уæд Асæго бæхмæ схызти æмæ йæ сæппæй рауагъта. Сæ цурмæ куы схæццæ, уæд йæ хъæлæс азæлыд: — Хабедзентæ! Къупырæй уæхицæн къамандир скæнут æмæ немыцы хъæумæ мæ ’рбауадзут! — цырыхъхъыты зæвæттæй бацавта бæхы фæрстæ æмæ уынджы уæлæмæ фæцагайдта, уайтæккæ сфардæг къæмиссарады цурты. Кауын къорыппы сæрты уæрдоны гуыффæмæ ныххызты- сты лæппутæ. Къорыппы фæрсты зыхъхъырты абырдысты, бадæн фæйнæ- джы кæрæттæ æмæ гуыффæйы сæрхъæдтыл æрæнцадысты, фæйнæджы уæлæ — нымæт тыхт. Астæуæй сбадти Тамби, йæ фæйнæ фæрсты Мæцци æмæ Салæг. Габи йæхицæн æрбынат кодта къорыппы фæстаг къуымы, йæ быны — нартхоры æфсир- ТЬ1 сыфтæ, дзыккутæ æмæ нæмгуытæ, йæ фæсонтæ къорыпмæ бауагъта æмæ йæ зæнгтæ адаргъ кодта. Гарцо дæр йæ цуры йæхи æруагъта. Тамби-иу йæ цымыдис цæстытæ базылдта Мæццимæ, фæлæ йæм уый йе ’ргом не здæхта. Салæгмæ уыди йæ былалгъæй 35
ратæхынæввонг ныхæстæ, йæ æвæлмон зæрдæйы ахаст зынди йæ зæбул рустыл, йæ цæстытæй калди æнæмæтбоны рухс, фæлæ æмбæрста, цыфæнды ма сдзурæд — масты хос сын фæуыдзы- сты йæ ныхæстæ. Галтæ сæхи бар баззадысты æмæ сæ здыуæззау къæхтæй барстой над фæндаг, цæлхытæ-иу дзыхъхъытæм дæр уыцы фæлмæнæй ныттылдысты. Уæрдоны гуыффæ узгæ авдæн фе- стади Габи æмæ Гарцойæн æмæ афынæй сты. Лæппутæ зыдтой хистæрты ныхæстæй, Габийы мад æмæ фыд кæрæдзийæн кард æмæ фыд кæй фестадысты. Мад зылди дæсны- тыл, ахæм хостæ йын агуырдта, хæдзар ын чи садджын кæна, рог сылгоймæгтæ, дам, ын куыд фенад уой. Габийæн мад æнад кодта йæ фыды, фæлæ йыл уый уæддæр æнувыд уыди, кæстæр æфсымæр æмæ хо та мадырдæм здæхт уыдысты. Мæцци нал быхста Салæджы. Худинаджы бынаты сæ сæвæрдта. Ныридæгæн уал сæ рахуыдтой пицыхтæ, хабедзентæ, амæй фæстæмæ дæр-иу сæм чи рамæсты уа, уый дæр-иу сæ исты фидиссаг номæй рахондзæн. Салæгæн цы хъæуы, уый ацы фæндагыл хъуамæ зæгъой. — Тамби,— сдзырдта иу рæстæджы Мæцци,— Асæго къæмиссарады къæсæрæй махæй раздæр бахызти загътон æмæ раст нæ дæн? — Асæго мæ къахта, фæлæ ницæуыл басастæн,— загъта Тамби, йæ саудзагъд цæсгом фæзæрдиагхуыз.— Асæго алцыдæр зыдта. — Кæмæй сæ базыдта, уый нæ загъта? — афарста Салæг. — Нагъ.— Тамби йæ сæр батылдта. — Фæлæ æз фæдызæр- дыг дæн мæ мадыл. Знонизæр ардыгæй куы баздæхтæн, уæд æй колхозы кæрты ауыдтон, Асæгоимæ ныхæстæгæнгæ. Нæхимæ мын афтæ: дæу тыххæй йын загътон: «Иу бон æй суæгъд кæн æмæ хъæдæй суг сласæм». — Дæ мадыл не ’ууæндыс? — афарста Салæг. — Уæ цыппарæй чидæр мæ мадæн нæ сусæг фæндтæ рахъæр кодта,— дзырдта Тамби. — Æмæ кæд дæхæдæг, уыдтæ, уæд та? — афарста Мæцци. Тамби фæстæмæ азылди æмæ бадис кодта: — Адон фынæй куы кæнынц! Райхъал кодтой Габи æмæ Гарцойы. Æмæ сын Тамби афæз- мыдта йæ гуырысхотæ. — Знон нæ чи кæм уыди, уый сбæрæг кæнгæйæ алцыдæр базониккам,— загъта Габи. — Уый размæ уал хъуамæ рабæрæг уа, Салæг не ’хсæн цæмæн 36
фегуырди, уый.—- Мæцци джигулгæнæджы цæст ахаста лæппу- тыл. Уæрдоны хицауы афарста: — Тамби, мемæ разы дæ? — Дзуринаг-иу уын æй уыдтæн.— Тамби фæтыхсти, йæ рæмбыныкъæдзæй бацавта Салæджы фарс. Уымæй хæкъурц- гæнæгау цыдæр уынæр схаудта.— Сæ хæдзары мын аназын код- та, ныххатыди мæм... Кæнгæ æфсымæртæ, дам, куы уаиккам... Раппæлыдтæн ын, цыппарæй ныффæнд кодтам... — Худæн дыл нæй,— загъта Гарцо.— Дæ кæнгæ æфсымæры ам куыд ныууагътаис... — Уæдæ афтæ уыди, Тамби? — бабылысчъил ис Габи.— фæлтау мицъыра куы банызтаис. — Хæрæг йæ мæрдтæ, кæд, Тамби, ды...— къуызгæ хъæлæсæй райдыдта Салæг.— Хæрæг йæ мæрдтæ, кæд сымах исты æмба- рут. Зæтинæйы тыххæй Мæццийæн йæ удхæссæг фестадтæн. Кæд авдæнмæ фидыд уыдысты?.. — Салæг,— баздæхти йæм Мæцци,— хуыйы сыстæй хиндæр дæ æмæ Тамбийы мадæн дæхæдæг ницы радзырдтаис, кæйдæр æм барвыстай. Раст нæ зæгъын? — Лæппутæ, мæ ныхмæ уæ ардауы, уый не \'мбарут,— схæлбурцъ кодта Салæг. — Нæ сæттыс дæ митыл? — йæ бынатæй сыстади Мæцци, Салæджы дзæкъул систа æмæ йæ къорыппы сæрты айста.— Фæстаг хатт ма дæ фæрсын... — Аппар æй æмæ дæм бæрæг уыдзæн,— Салæг дæр феста- ди,— тынг фæфæсмон кæндзынæ... Феуæгъд кодта Мæцци Салæджы дзæкъул, фæндаджы хъæбæрыл сæмбæлди æмæ йæ тъупп фæцыди. Ахызти уæрдонæй Салæг æмæ ма Мæццимæ ноджыдæр бартхъирæнтæ кодта. 11 Мæцци байгом кодта йæ цæстытæ, фæлæ, авнал æмæ йæм баххæсдзæн, уыцы стъол дæр дзæбæх нæ ауыдта. Йæ аком- коммæ къулрæбын æвæрд сынтæджы сæрмæ йæ фыд æмæ йæ Дыууæ æфсымæры къамтæм æдзухау скасти — цыппæрдигъон аертæ фæлгæты рарæгъ сты, фæлæ сын сæ сурæттæ нæ раиртæс- та. Нырма бонæрбарухсмæ дзæбæх афынæй кæндзынæн, зæгъгæ, йæ цæстытæ ахгæдта, иу хъус базыл, иннæ — хъæццулæй ^рæмбæрзта. Хуыссæг сурæн хъуыдытæй йæ ницы фæцагайд- та, уæддæр нал бафынæй. Фæлæ ма дзæвгар рæстæг буарæн х'ьарм, удæн æнцойдæттæг æнкъарæнты ад февзæрста, æмæ та байгом сты йæ цæстытæ. Йæ зæрдæ цæмæдæр æхсайдта уæдæй пЬ1рмæ æмæ йæ ныр фембæрста — рудзгуыты ставнæтæ нырма 37
æнгом æхгæд уыдысты. Æвæццæгæн, асæст бон скодта æмæ, ставнæты зыхъхъыртæй уатмæ цы рухс кæлы, уый нæ сахадыд- та. Йæ мад Нутæ рудзгуытæ æхгæдæй хуымæтæджы кæй нæ ныууагъта, уыцы хъуыды йæ рæхойæгау фæкодта. Ацы райсом дæр та йæм хорзæй ницы æнхъæлмæ кæсы. «Гыцца æмæ мыл Нутæ дыууæйæ ма сфарс уæнт?» — хъуыдытæ кодта лæппу. Кæртмæ йæ хъус дардта, фæлæ дзы карчы «хъо-хъо» дæр нæ хъуыста.— Талынг къалати уал мын сарæзтой. Скъоламæ цæуы- нæй дæр абон æнæмæт дæн...» Фæстаг бонты хъæумæ æрбаластой уæрæсейаг лигъдæттæй цалдæры. Сæ иутæ — зæронд Федор Димитриевич æмæ йæ фырты фырт æрцардысты Гарцотæй иу хæдзар уæлдæр. Хæст сæ йæ разæй тардта æмæ ардæм æрхæццæ сты. Сыхы хистæртæ сын сæ нæмттæ ирон джиппы рауагътой, æмæ зæронды ра- хуыдтой Митыры Федыр, лæппуйы та — Басил. Куыд дзырд- той, афтæмæй зæронд лæг æмæ лæппу сæхимæ нæ фесты, уыцы рæстæг хæдзарыл бомбæ æрхауди æмæ сæм иу цъиузмæлæг дæр нал баззад. Дзæкъулы дзаг ма цыдæр дзаумайы хæррæгътæ æрæмбырд кодтой зæронд æмæ лæппу æмæ сæ бæстæ ныууагъ- той. Басилимæ Мæцци дæр базонгæ, сæмбæлдысты-иу, Гарцотæн та ма сæ къæсæрæй дæр бахызти. Ануса йæ хъарм хойрагæй арæвдыдта. Хабæрттæ дзуринагæй фылдæр цы уыди Басилмæ æмæ дын куы базонид: йæ дада хæцæнгæрзты заводы куыста иукъорд азы размæ, уæд ма цæстæй хорз уыди. Æмæ дысон Мæцци æмæ Гарцомæ ныхас рауад, Митыры Федырмæ фæндаг цы хуызы ссарæн ис, уый тыххæй. Нозт кæй уарзы Басилы дада, Мæцци уый куы базыдта, уæд бацин кодта. Ныр Мæцци хъуыдытæ кодта, Митыры Федырмæ куыд ба- улæфдзысты, ууыл. Гарцо скъоламæ ацыдаид. Йе ’рцыдмæ Мæцци хъуамæ се ’вæрд арахъхъæй авджыдзаг самал кæна, æмæ изæры хæцæнгæрзты дæснымæ иумæ бацæудзысты. Уый фæстæ дæр ма дын-иу æрбадавдзыстæм, зæгъгæ, йын зæрдæ бавæрдзысты. Арахъхъæйдзаг боцкъа уыди уаты пъолы бын æвæрд Гыцца æмæ Нутæ, чи зоны, исты æхсызгон куыстыл фесты, æмæ уæд пъолы бынмæ боцкъамæ ныггæпп ласид. Мæ дзаумæттæ акæнон, зæгъгæ, йæ хуыссæны куыд рабадти, афтæ айхъуыста Гыццайы хъæлæс: — Чындз, нæма йæм бакастæ? — мады ныхас нæ райхъуыст æмæ та Гыцца загъта: — Усгурæй дæр ма йæ дæ фæдджийы хæцын кæндзынæ, сыгъдæгæй дæр. Лæджы бынаты æрлæууыд æмæ йæ хæффындзхор сабийы бынаты ма æвæр! Ацу, йæ пы- султæ йын радт, мауал мæ сдзурын кæн! 38
Гыццайæ Мæццийы зæрдæ ныррухс. Хæрамгæнæгæн мисха- дь1 бæрц дæр ницы ныххатыр кæны Гыцца. Ома, æфхæрын дæр зонын хъæуы, зæгъгæ, йын загъта Нутæйæн. Уаты ставнæтæ айгом сты, æмæ рудзгуытæй рухс æрба- гуылф ласта. Уалынмæ къæсæрæй æрбахызти мад, Мæццийы дарæстæ — йæ къухы. — Æри-ма сæ рæвдздæр! — сдзырдта Мæцци.— Ног итувæрд дзаумайы баныдзæвд буарæн цы ’хсызгон вæййы! — Фæлæуу, фæлæуу... Мæнæ дæм бæрæг уыдзæн,— былал- гъыл æвæрд кæуыны уынæртæ сыхъуысти йæ ныхæстæй.— Дæ митæ дын дæ фыдмæ ныффысдзынæн æмæ дын йæхæдæг тæрхонгæнæг фæуæд!— æмæ феддæдуар. Хибарæй йын Гыцца загъта: — Дæ мады зæрдæскъуыд ма фæкæн, лæппу. Гæныстон фæуинаг ныййарæджы зæрдæ! Æнæуи та... Æвзæр ми дæ сæрмæ æрхастай — мæхицæй фылдæр дын нæ хъæуы. Мæцци Гарцойы мад Анусайы баййæфта сæ кæрты. — Нырма нæма сыстад,— зулдзæстæй йæм иу каст фæкодта Лнуса. — Нæ фæразгæ у. — Мæнæ йын хостæ æрбахастон... — Цавæр хостæ?! — Нутæ мын сæ рарвыста. Мæн адзæбæх кодта æмæ ма дзы Гарцойæн дæр фæуагъта. — Сымахимæ зæрдиаг ныхас чи кæны, уый сымахæй æды- лыдæр... Мæцци Гарцойы баййæфта йæ хуыссæны. — Дæуæн дæр дæ дзаумæттæ бамбæхстой, нæ? — ныццин кодта Гарцо. — Нагъ, Нутæйæн йæ цæсгом уыдæттæ нæ хъæцы, фæлæ йæ Ануса фæрæдийын кæны... 0, уый дын куыннæ дзурын! Мæ фыны Митыры Федырмæ наган бахастон, арæвдз мын æй код- та, разгъордтон æмæ — гæрах, гæрах! — Æмæ фехъал дæ,— бахудти Гарцо.- — Фест, авджыдзаг арахъхъ ссарын хъæуы... Митыры Федырмæ цæугæйæ Гарцо афарста: — Æмæ нын æй нæ байсдзæн? — Æмæ йæ арахъхъ нал бахъæудзæн? Цы дзы кæны, цæстæй хорз нæу, куы загътай. Митыры Федыры баййæфтой хæдзары, тасмачъи пецы арт скодта, йæ сæры стæм урс хæлттæ-иу йæ армæй сфаста. 39
Лæппутæ йын йæ разы æрæвæрдтой, йæ хъуырæй æнгуылдзы бæрц кæмæн ахауди, ахæм авджыдзаг. Уый цы у, зæгъгæ, афар- ста зæронд, фæлæ нозты тæф йæ фындзыл ауад æмæ афтæ бакодта: — Это мне? — Мæцци йæ сæр батылдта, о, зæгъгæ, æмæ ма зæронд загъта: — А за какие заслуги? Басил йæ цуры балæууыд, радта йæм наган æмæ йын бамба- рын кодта лæппуты курдиат. Митыры Федыр авгæй алюмин кружкæмæ рауагъта, схуыпп дзы кодта æмæ ныккæрзыдта: — Вот это горилка! — йæ армæй йæ дзых бахоста. Уый фæстæ наганмæ фæкасти, фæкасти, æруындтытæ йæ кодта, мæнгвæдæг афæлвæрдта æмæ куынæ базмæлыди, уæд йæ дзыппæй систа цалдæр æвзагджын хæрынкъа. Наганы фарсæй сыгом кодта хæрынкъайы цыргъ бырынкъæй цыдæр зиллак, наган стъолы кæрон æрхоста. Змис дзы æрызгъæлди. Хæрын- къайы туасæй дæр ма йæм фæныхылдтытæ кодта, афутæ йæ кодта, асæрфта йæ æмæ сдзырдта: — Готов, ребята,— мæнгвæдæгыл æрбахæцгæйæ къæрцц куы айхъуыстой лæппутæ, уæд сæ цин сæ цæстытæй ракалди.— Только смотрите, ребята, не подводите родителей... Гарцоты бинонтæн сæ цæстытæ ныуурс сты, сæ бæлццон Гадзыма Салæджы фыд Бецимæ цы мидæггæгтæ, хъусджын худ æмæ сæкæры къæрттытæ радта, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Афтæмæй сыл къуыри аивгъуыдта. Уый фæстæ Гарцойы сæ цæвæн скодтой, баздæхтысты-иу æм: «Ссу ма сæм дæхæдæг. Цæхджын сæ кæнынц?» Гарцо æппындæр нæ гуырысхо кодта, Беци йæхицæн арф æмбæхсæн кæй бацагуырдта. Уый цæмæй зоны, Гадзыма Гарцойæн цы загъта. Иæ фыды йын Бецийы бинонтæ рагацау сæфтыл банымадтой æмæ сæхи ныхъхъус кодтой. Гарцойы нана Госсох æмæ йæ мад Ануса та афтæ æнхъæлдтой: æруади Беци, бинонты федта æмæ фæстæмæ фездæхт. Гарцо-иу сын зæрдæ бавæрдта, æмгъуыдтæ кодта, æмгъуыдтæ ивылдысты, фæлæ лæппу йæ ныхас не ’ххæст код- та. Уалынмæ ныхæстæ æрæмбæрста чысыл Маро дæр, йæ фыд ын сæкæры къæрттытæ кæй рарвыста æмæ æрхæссыны фыдæй кæй лæууынц, мæнæ дзæбугæй кæй фæсæттынц хæцъиль тыхтæй, ахæм стыр къæрттытæ, йæ мадæй йæ нанайы æхсæх рауай-бауай систа, домдта: «Æрхæссут сæкæры къæрттытæ!»1 Рауади та бон, æви дыууæ, æмæ дын Ануса уынджы куь фембæлид Салæгыл, раздæр ын йæ хъусджын худмæ куь фæкомкоммæ уаид,— сынкбæрæг дзы нæ зынди, ахæм дзæбæх," 40 *
иæ хъуын æмвæз æлвыд. Изæрæй Ануса Гарцойæн афтæ: «Гъер дæ куысыфтæджы æвджид баззадтæ. Салæджы сæрыл худ куы феныс, уæд афтæ цæуылнæ загътай: дары йæ? Гарцо загъта: «Нал æй уынын». Ануса ма афтæ бакодта: «Уыдонæй махмæ пицуал рацæудзæн». Беци сæм кæй хъуамæ æрбалæвæрдтаид, уыцы дарæсты кой- иу Гарцойы нана Госсохы раз рауади, фæхъуыста сæм-иу æмæ та-иу дзурынмæ фæци: «Бецийы мад Далуимæ мах иу сыхаг чызджытæ уыдыстæм. Уæрст нын ницы уыди. Чындзы дæр нæ иу хъæумæ куы радтаиккой, уый нæ фæндыд. Æмæ уæвгæ дæр афтæ рауади. Не ’хсæн къуыри, афтæмæй нæ ацы хъæумæ æрха- стой...» Хъуыддаджы тыххæй сым дæр никуы скодта. Ныр дын куы сдзурид: — Чындз, мæ хъарм дарæстæ ма мын арæвдз кæн, мæ кæсæмир кæлмæрзæн. — Кæдæм сфæнд кодтай? — афарста Ануса. — Кæсын уæм æмæ уæ зивæджы — уæ мæлæт,— дзырдта Госсох.— Дæлутæй дæр зынæг нæй. Мæхæдæг сæм ссæуон.— Тъахтиныл æд дзаумæттæ йæхи æруагъта, йæ зæнгтæ уыдысты зæронд гарузæй æмбæрзт. Æрхызти хæрзсæрст зæхбыныл æвæрд ламаздыхъмæ, цадæггай йæ астæу сраст кодта æмæ Гар- цомæ бадзырдта:— Дæхи арæвдз кæ æмæ цæуæм. Ануса абæлццонхуыз кодта йе ’фсины, Госсох лæдзæг рай- ста æмæ араст ис. — Нæ фехъусыс, нана куыд фæзæгъы,— æфсин æй куын- нæ фехъуса, афтæ аивæй дзырдта Ануса йæ фыртæн.— Дзырдæй лзырды æхсæн дæр мæ айрох вæййы, фæзæгъы нана... Йæ ны- хас ын-иу ацараз. Гыдæмæ рæвдз куынæ фæлæууат, уæд уæ пыссуйтæ кæндзæн... Нæ фæндыди Гарцойы Салæгтæм цæуын, фæлтау атагъайæ Дыууæ æргъомы суг схæссыныл сразы уыдаид, фæлæ ницы ^фсон æрбаймысын баци йæ бон æмæ фæрасти йæ нанаимæ. Уынджы сыл фыццагдæр цы сыхаг ус сæмбæлди, уый сæ афар- ета: — Кæдæм рараст стут, Госсох? — Уæлæ Бецимæ рынчынфæрсæг,— йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, афтæмæй загъта зæронд ус.— Далуйы дæр ныр ^æдæй нал федтон! Гарцо цыдæрхуызон аци æмæ сдзурын дæр нал бафæрæзта. — Æмæ Беци сæхимæ кæцæй фегуырд? — афарста та сыхаг Ус — Ницы йын зоны мур дæр! — срæмыгъта Гарцойы маст, 41
йæ нанамæ фездæхт: — Ницуал хъуыды кæныс, нана, æмæ мацы дзуры! Куы ахибар сты, уæд лæппу сбустæ кодта: — Нана, Беци рынчын у, зæгъгæ, искуы фехъуыстай? Уыцы ныхæстæ цæмæн кæныс? — Цы ’мбæлы, уый дзурын,— Госсохы хъæлæс уæлдайхуы- зон дæр нæ фæци.— Нæ гуырды разæй æрцыди, зæгъгæ, нæ загътат? Нæ гуырд ын цы рарвыста, уыдон ныл кæй нæ сæмбæлын кодта, уый дзæгъæлы нæу. Кæнæ рынчын у... — Цыдæртæ æрымысыс,— йæ хъуыр-хъуырæй не ’нцади лæппу.— Бецийы рауагътой бинонты уынынмæ. Æмæ сын бирæ рæстæг нæ раттынц. Беци сæхимæ куы уаид, уæд ын æртæ кæрдзыны не скодтаиккой?.. Дзæгъæлы сæм цæуæм. — Куыдтæтæ вæййы, уыдон мæнæн амоныс, мæ къона? Æз æй ардыгæй уырдæм дæр уынын. Дохтырæй гæххæтт самал кодта æмæ йæхи æддæмæ не ’вдисы, æндæр мæнмæ дæр æрызгъорд- таид. — Цæй-ма, нана,— фæфæлмæн лæппуйы хъæлæс,— æндæр хатт сæм ссæудзыстæм... — Нæ, нæ, мæ чысыл къона, абон уа, райсом уа — уæддæр нæ. Нæ гуырд кæй рарвыста, уыдонмæ цæуын хъæуы. Куыд ныссуйтæ уыдзысты дыууæйæ дæр, уый рагацау лæппуйы цæстытыл уади æмæ та бахæлæг кодта Мæццимæ — уый къуырццæвæнмæ барæй фæндæгтæ фæагуры. Æвæццæгæн, тыхсаг кæй нæу, дзырдарæхст æмæ æрхъуыдыджындæр уый тыххæй разыны. Салæгты хæдзармæ ма сæ иу тигъ суайын хъуыди, афтæ сæ размæ рауади Госсохы кармæ æввахс зæронд ус, кæрæдзиуыл сæ цæнгтæ атыхтой, кæрæдзи афарстой: бæлццæттæй цы хабæрттæ хъуысы, цытæ фыссынц. Уыцы усы дæр та цымыдис фæцагайдта æмæ та афарста: ардæм уæ цы фæуайын кодта? Æрдæбон ыл цы фæбустæ кодта, уый фæстæ Госсох хъуамæ исты зæрдаив дзуапп радтаид, фæлæ та уыцы ныхас йæ дзыхæй схауди: «Бецимæ рынчынфæрсæг цæуæм». «Гъер нæ æгас хъæу дæр нымудзæг рахондзысты,— йæ хъуыдытæй зæрдæрис æвзæрста Гарцо.— Не ’рцыдмæ Салæгтæм сыхъуысдзæн: «Дæлæ Госсох æмæ Гарцо уынгты зилынц æмæ дзурынц: «Беци дезер- тир у!» 'Бециты кулдуар цасдæр фæхоста Гарцо æмæ, æддæмæ зынæг куынæ уыди, уæд йæ нанайы цонгыл ахæцыд: — Сæхимæ ничи ис, цом нæ хæдзармæ! — Нагъ,— загъта Госсох.— Кæд нын хъалоныл зилджытæ 42
æнхъæл сты æмæ нæм уый тыххæй нæ кæсынц. Бахой ма сæм, бахой! Куы нæ æруыной, уæд нын бакæндзысты. Сæ куыдз кауын кулдуарыл йæ раззаг къæхтæ авæрдта æмæ сыл ныррæйдта. Уалынмæ сæм Гыдæ рацыди, Салæджы мад. Дурнад ссады голлагау — хъæддыхбуар, йæ фезмæлд — æвзыгъд. — Ацы куыдзы рæйынæй æппын ницы фехъусæм,— загъта Гыдæ.— Йæ хъустыл исты ауайы, æви йæ цæстытыл ауайы, рæйдзæн, рæйдзæн, ракæсæм æмæ та — ничи. Сафын æй хъæуы... Сæ хæдзар уыди хъарм. Госсох æмæ Далуйы хъæбыс рауад æнувыд адджын, æмæ Гарцо ахъуыды кодта: «Сæ рагон хабæрттæ дзурыныл куы фæуаиккой æмæ, цæмæ ссыдысты, уый дæр куы ферох уаид нанайæ. Далу бакастæй сæрæндæрхуыз рауад Госсохæй, фæлæ хъусæй рæвдз нал уыди. Йæ тымбы- ларм-иу йæ хъусмæ æмхасæн акодта, Госсохмæ йæхи баивæзта æмæ загъта: — Истытæ дзур, кæдæй дæ нал федтон! — йæ хъус бахоста Далу æмæ ма загъта: — Истытæ дзур, зæгъын, фæлæ бынтон куы ныкъкъуырма дæн. — Уæ рынчынæй уал уæ афæрсон,— загъта Госсох. — Нæ хъусын, нæ,— йæ сæр батылдта Далу,— Мæ хъустæ- иу гуыр-гуыр кодтой, ныр, аба-бау! Бонбæтæ æппæрстой æмæ, цалынмæ мæ чындзы цæстытæм фæкомкоммæ дæн, уæдмæ сын ницы бамбæрстон. — Бецимæ рынчынфæрсæг суадыстæм, Бецимæ! — йæхимæ гæсгæ Госсох тынг хъæрæй дзырдта, фæлæ та Далу йæ къух батылдта, ницы, ницы зæгъгæ. — Госсох, цæй рынчыны кой кæныс? — йæ цурмæ æрбауади Гыдæ, Гарцомæ дæр йæхи бадзагъултæ кодта.— Дæ нана цытæ дзуры? — Бецийы кой кæнын, Бецийы,— ноджы зæрдиагдæрхуызæй загъта Госсох.— Нæгуырды цурæй æруад æмæ, зæгъын, æрба- рынчын, æндæра мæн æнæ бабæрæггæнгæ фæуыдаид... Махæй йæ цы ’мбæхсут, дохтыры гæххæтты руаджы уал уадз æмæ йæ хæдзары фæфæстиат уа. Мах та нæгуырды уынгæ дæр куынæ фæкодтам, йæ удæн нæ зоны... — Нана, цы нæ зоныс, уыдæттæ ма дзур,— сбустæ кодта Гарцо.— Афтæ нæ фæзæгъыс, Далуимæ нæ чызгон бонтæ цы æрымысæм, уый мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр мемæ... — Иу райс-бавæры дарæстæ дардтам,— дзырдта Госсох.— Æмæ уæд, бæргæ, фæлæ ивы рæстæг, æмæ лæг дæр ивы. Ныс- суйтæ стæм... 43
— Гарцо, ды йын истытæ фæдзырдтай? — Гыдæ йæм цыма февнæлдтаид æмæ йæ ныууыгътаид.— Адон уын чердыгон митæ сты? — Цы митæ нæм уыныс?— йæ хъæлæс нæ фæкъуызыд Гос- сохæн. — Нæгуырд Бецийæн цы рарвыста, уыдон ныл уæдæй нырмæ цæуылнæ сæмбæлдысты? — Цытæ дзуры дæ нана, Гарцо? Йæ фыны исты федта? — Ницы федта йæ фыны! — лæппуйы къухтæ атымбыл сты, Гыдæйы фындзы бын сæ батылдта.— Гама мын сæ нымадта: мидæггæгтæ, мæнæн — рон æмæ худ... Æмæ ма чысыл цыдæртæ, фендзыстут, дам, сæ... — Мæлæты халтахъ! — фæстæдæр алæууыд Гыдæ, йæ цонг ыл стылдта, ома дæхицæй цыдæр аразыс.— Бомбæты бын смидæг, йæ фыды райардта... Нæмыг дæр æм нæ бауæндыд... Куыдзы знæт рæйынæй Гыдæ фестъæлфыди, рудзынджы цурмæ йæхи баппæрста. Йæ къæхтыл алæууыди Гарцо дæр. Цæхæрадонæй кауы сæрты кæртмæ цы лæг æрбагæпп код- та, уый нæ базыдта Гарцо, бафиппайдта æнæзонгæ йæ мидбы- нат сагъдауæй аззади, йæ рахиз къух йæ дзыппы фæцавта, сцырддзаст — кæрты къуымтæм дæр фæкасти, хæдзармæ дæр. Куыдз ыл йæхи бауагъта, уый зæхмæ фæлæбурæгау кодта, æмæ куыдз фæстæмæ астъæлфыд. Къух та хæлафы дзыппы фæмидæг. — Сымах нымудзджытæ стут! — дзыназæгау скодтд Гыдæ. Кæрты ма фегуырди, уынгæй чи æрбауади, уыцы лæг дæр. Йæ цæсгом ын иу уынд акодта Гарцо — бæзджын æрфгуытæ йын, йæ фындз — пака. «Ила у, Ила! — йæ зæрдæйы цæфтæ йын йæ риу рацæйр- æмыгътой.— Бецийыл цуан кæнынц»! Лæппуйы бын цыма зæхх ссыгъди, исдуг йæ сæр разылди, уæддæр æм кæцæйдæр æвронг хъæлæс хъуысти: «Рæвдздæр! Рæвдздæр! Цæугæут ардыгæй!» Госсох та тынг нæ бакатайхуыз, уæртæ йæхи баивæзта Да- лумæ, йæ былтæ йын йæ хъустыл сæвæрдта æмæ йæм дзырд- та: — Исчи уæм лæбуры?! — Нана, нæхимæ! — йæ нанайы дæлæрмтты йæ цæнгтæ фæцавта Гарцо æмæ йæ йæ къæхтыл алæууын кодта. Йæ бæмбæджджын къандзол ын цалынмæ кодта, йæ цæппæртæ йын æвæрдта, йæ кæлмæрзæн ын йæ сæрыл æрæппæрста, уæдмæ рæстæг ивылди, ивылди, лæппу йе ’гас буарæй дæр æнкъардта, цыдæр фыдбылыз æм æввахсæй-æввахсдæр кæй кæны, уый, уатæй тыргътæм бæргæ раирвæзтысты Гарцо æмæ Госсох, кæртмæ ахизæн дуар айгом кæныныл бæргæ ацархайдта лæппу... 44
— Уæ бынæттæй змæлгæ дæр нæ! — æрбайхъуысти бар- дзырддæттæджы хъæлæс, æвæццæгæн, лæууыди тæккæ ахизæ- пы, къулæмбуар. Уалынмæ дуар фегом æмæ, фехсынæввонг дамбаца йæ къу- хы, афтæмæй сенæйы фæмидæг Ила, йæ фæстæ асинимæ æрбау- ади, æрдæбон фыццагдæр кæй ауыдта Гарцо, уыцы лæг. Асин авæрдтой цармæ. — Дæлæмæ æрхиз! — бардзырд та радта Ила. Цармæ схизæн цыппæрдигъон фæйнæг дуар байгом, æрзындысты дзы цъæх фæсмын цъындатæ, асины уæллаг къæпхæн агуырдтой, фæлæ йыл нæ хæст кодтой. — Рæвдздæр! — фæтъæлланг ласта Ила. Бæмбæджджыны фадгуытыл ризæг бахæцыд, фæсмын цъындатæ фæхæст сты асины уæллаг къæпхæныл... Æрлæууыди Беци зæххыл, фæлæ зæхх афтæ смæнгæфсон, æмæ Гарцойы дæр нал уырныдта, сæ быны нæ фефсæрдзæн, уый. — Нæ дзырдтон, нæ! — Госсох Бацийы фæлурс цæсгоммæ ацамыдта.— Нæ загътон, рынчын у, зæгъгæ!.. 13 Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы дæргъы уартæ Фурды доны æдде хъæды фахсæй æнæрынцойæ азæлыди хæсты æфсæнхъæлæс араугæ-уыраугæ нæрын. Фыдгултæ сæ цæвæн скодтой районы сæйраг хъæу, уым уæлдæф дæр пиллон арт кæй уагъта, уый-иу уæлдай бæрæгдæрæй разынди æхсæвыгæт- ты. Фæлæ цæст цы уыдта, зæрдæ ууыл нал æууæндыд, æмæ удаист хъæуккæгтæм афтæ касти, цыма уæртæ Саргъобауы фахсæй райхъуысы сармадзанты нæрын. Фæзыхъæуæй афоныл ралидзын кæй къухы бафтыд, уыдон Рæбыныхъæумæ дæр лыгъ- дысты, Уырыхъæумæ дæр,— алчи йæ зонгæ, йæ хæстæгыл йæхи фæдзæхста. Уырыхъæумæ æрбафтыдысты ноджы дарддæр хъæутæй дæр. Мæцци æмæ Гарцойы бæттæгау бакодтой сæ хæдзæртты. Скъоламæ кæнæ быдырмæ цæуыны æфсонæй-иу аскъуыдтой сæхи æмæ, сæ алфамбылай цытæ цыди, уыдон уынгæ дæр код- той, цы дзырдтой, уый дæр хъуыстой. Дзырдтой, зæгъгæ, Уырыхъæу немыцæй рохуаты аззади. Æдзухдæр лæппутæ иу пыхас хъуыстой; немыц хъæумæ æрбабырсдзысты Кæсæджы ^æххæй. Уырыхъæуы ныгуылæн фæрсты фидæрттæ дæр уыдон ныхмæ арæзт æрцыдысты Рацæй-рабон, æмæ хъæумæ ^србахæццæ фæдисы хабар: немыц æрæнцадысты Лæбырдты 45
коммæ баирвæзæны, æхсæвыгæтты уырдæм калдтой сæ тыхтæ. Лæбырдты ком куы срæмудзой, уæд сæ ных сараздзысты Дзæу- джыхъæумæ... Уæддæр ма ахуырдзаутæ скъоламæ цыдысты. Уыцы бон сæм фæсидтысты иумæйаг æмбырдмæ. Загътой сын ныфсæвæрæн ныхæстæ: фыдгулыл рæхджы сæмбæлдзæн бæрзæйсæттæн цæф, ардыгæй тард æрцæудзæн. Уыцы уæлахиз цæмæй фæтагъддæр уа, уый тыххæй та мачи мацы бавгъау кæнæд. Судзут знæгты уе ’нæуынондзинадæй, знаггад сын кæнут! Уый фæстæ сын загъ- той: æвæстиатæй ахæсдзыстут скъолайы библиотекæйы чин- гуытæ æмæ сæ алчи йæ цæхæрадоны баныгæндзæн. Уымæл сæ цæмæй ма бахъыгдара æмæ дæргъвæтин рæстæг æнæхъыгдардæй цæмæй баззайой, уый тыххæй сæ куыд æфснайын хъæуы, уыдæттæ сын бацамыдтой. Бафæдзæхстой сын: æмбæхсут уæ ахуыргæнæн чингуытæ, хæстонты фыстæджытæ æмæ, сæ кой кæмдæриддæр ис, уыцы хъуыддаджы гæххæттытæ. Хæдзармæ здæхгæйæ Мæцци æмæ Гарцо сæхи фæиртæстой — сæ наган сцæттæ æмæ сæ хъуыди уырнинаг æфсон ссарын, хъуамæ дзы фæгæрæхтæ кæной, йæ хъару йын базоной. Фæлæ сæ уайтагъд æрыййæфта Зæтинæ. Хатыртæ курæгау сдзырдта: — Уемæ цæуын. Уадзут мæ? Мæццийы зæрдæйы ахаст цæсгомы æууæлтыл сонтæй фæбæрæг, йæ ком ахус, йæ бон сдзурын ницы баци. Гарцойы зонд дæр афоныл ницы скарста, æмæ Зæтинæ афтæ бакодта: — Омæ уæ нæ бахъыгдардзынæн. — Иумæ никуал ацыдыстæм æрæджыты æмæ куыддæр фестæм,— загъта Мæцци. — Æцæгдæр, иумæ куыд никуал ацыдыстæм! — ныддис кодта Гарцо дæр. Уырныдта лæппуты, сæ дыууæйæн дæр кæй зæгъдзæн, ахæм курдиат æм кæй ис, æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты, сæ къахдзæф дæр ныссындæг. Гарцоты тигъмæ куы æрхæццæ сты, уæд Зæтинæ сдзырдта: — Æххæст Таузантæм бауайон ацы цыдыл. Таузантæ цардысты Мæцциты уынджы дыууæ хæдзары дæлдæр. Гарцо куы фæаууон, уæд чызг Мæццимæ йæ марой æмæ катайæдзаг цæстытæй фæрсмæ бакаст. ’ — Таузанты кой барæй скодтон. Мæ уавæр мын цыма æмба- рыс... Исты æрыхъуыстай, æви куыд рауади?.. Цыдæр зоныс... — Зонын, Зæтинæ... Æнхъæлдтон, Салæгæй та исты къæйных 46
фыстæг райстай... Чиныгæй систон фыстæг, фыццаг рæнхъытæ бакастæн... — Бамбæрстай мæ, Цæрæгæн æй йæ уарзон схонон æви бинойнаг?.. Цæрæджы сæфты хабар уымæй базыдтон. Фыццаг фыстæг дзы куы райстон, уæд нæ директормæ бауадтæн, уый мæ Петырмæ ахуыдта. Уыдон мын куыд амонынц, афтæ кæнын. Хабар, загътой, уæ бинонтæ мама базонæнт. Цæрæджы хæстон хаймæ арвыстой фыстæг. Бæлвырддæр хабармæ, дам, бан- хъæлмæ кæсын хъæуы. Фыстæджытæ мæм бамбырд æмæ мын бафæдзæхстой: радт, дам, уал сæ, дзæбæх сæ чи бавæра, ахæммæ. — Дæ зæрдæ мыл кæй дарыс, уый тыххæй бузныг. Æртæ фыстæджы къухæй-къухмæ бацыдысты. — Зæтинæ, исты æххуыс дæ куы бахъæуа, уæд-иу æй зæгъ,— загъта Мæцци. — Æз дæр, Гарцо дæр цæттæ стæм... — Иу хабар ма ис, фæлæ...— чызджы ныхас фескъуыди, фæсмон æй фæцагайдта.— Уæвгæ ницы... — Иугæр дæм дæ зæрдæ афтæ сдзырдта, уæд æмбæхсгæ нал у. ’ — Мисæрæтæн хъыг вæййы, дæхи, дам, уынаффæгæнæг акæ- ныс. — Хабар раргом кæн. — Чидæр нæм æртхъирæнтæ æрвиты.— Чызг йæ цъында кофтæйы рахиз дысæй раласта гæххæтты сыф дыдæгътæгондæй. Мæцци йæ райхæлдта. Йæ цæстыты раз сæрбихъуырæйттæгæ- наг дамгъæтæ ныххылы-мылытæ сты: — Уæ зæрдæ искæмæ фехсайдта? — афарста Мæцци. — Мисæрæтæн æй нæ бакастæн,— загъта чызг.— Нал ба- фынæй уыдзæн. Петыр кæнæ Асæгомæ фезгъордзæн, бæхы цæмæй аласой... Цæрæджы сæфты хабар æмæ Хъулоны фæзынд цæмæн баиу сты, уыцы хъуыдытыл фæвæййын... Мæ зæрдæ мæм афтæ сдзырдта, цыма Хъулоны куынæ бахъахъхъæнæм, уæд мæ фыд дæр... — Омæ йæ бахъахъхъæндзыстæм,— сдзырдта Мæцци.— Дæхи ма тæрсын кæн. Искуы йæ бамбæхсдзыстæм. • — Мæ фыды хойы чызг Надыготæм суадтæн æмæ мын загъта, куыд ничи бамбара, афтæ йæ ракæнут. Хорз скъæт сæм ис. Стыр куыдз... — Дзæбæх куы æрталынг уа, уæд-иу уынгмæ дæ хъус дар,— дзырдта Мæцци.— Гарцоимæ нæ уæ тутайы бын рауындзынæ. Уынгмæ ракæндзынæ Хъулоны. Стæй хъуыддаг йæхи амон- дзæн... 47
Хъулоны Надыготы скъæтыл сæмбæлын кæн æмæ æнцад сбад, уый Мæццимæ æгъгъæд нæ касти æмæ, Гарцоимæ сæмбæлыны размæ бирæ фæхъуыдытæ кодта. Æртхъирæнтæ Газаццейæ кæй цæуынц, уый йын æппындæр гуырысхойаг нæ уыди. Ныр æм бахъардта, Зæтинæйы курдиат сæххæст кæныны фадат ын кæй фæци, ууыл чызгæн йæхи цур æгæр кæй бацин кодта. Иугæр уыцы къахдзæф акæныныл кæм сразы, уæд æй лæг-бирæгъы ныхмæ æрлæууын кæй бахъæудзæн, уый дæр æм уæд хъуамæ бахъардтаид. Зæтинæты хæдзарыл цæмæй мацы фыдбылыз æрцæуа, уымæн цалынмæ исты мадзал ссара, уæдмæ хъуамæ Гарцойыл мама сæмбæлæ. Йæ зæрдæ Къупыр æмæ Зыкъуыримæ сдзырдта, уыдон баст сты Илаимæ, фæхабар æм кæниккой, Ила ам æрбалæууид. Æхсæв Хъулоны цæхæрадонмæ ауадз, æмæ йæм Газацце йæхи куы байса, уæд æй ацъипп ласиккой... Мæццийы хъуыды фæкъуызыди. Йæ цæстытыл ауади: Ила æмæ йе ’мбæлттæ Газаццейы сæ разæй куы фæцæйкæниккой, уæд йæ хо Уæги нырдиаг ласид: «Мæцци нæ бабын кодта, йæ быныхъæр ра- цæуа!» Гарцойыл уал ныридæгæн нымудзæджы ном абадти... Га- заццейæн йæхимæ бартхъирæн кæнынæй хуыздæр мадзал ницы ссардта Мæцци, рафæлдæхта йæ тетрад, райста чернилæдон, ручкæ æмæ, дамгъæтæ хылы-мылыгæнгæйæ, ныффыста... 14 Банхъæлмæ кастысты Мæцци æмæ Гарцо, талынгдзыд æндæргтæн кæрæдзийæ иртасæн куы нал вæййы, уæдмæ æмæ уынджы дæлæмæ фæраст сты. Сæ къахдзæф — цадæг, æнæуы- нæр, цыма æндзыг æндæргтæн базмæлынæй тарстысты. Лæбырдты комырдыгæй арвгæрон ферттывта æмæ цъусду- джы бæрц цæстытæ ацахстой къанауы былгæрæттæ, æввахсдæр бæлæсты... Рауади ма иу цъусдуг æмæ хъустыл ауади арвнæ- рын. Фæлæ уый нæ уыди, сæх-сæхгæнаг къæвда чи расайы, ахæм — фындзыл дзы алайы æмæ арыды тæф уади. Ныхæццæ сты Газаццеты цурмæ. Сæ кæрты æртæ фарсы цыма хъæмпы æртæ рагъы æрцамадтой. Кæртмæ бахизгæйæ галиуырдыгæй уыдысты сæ кæркдон, сæ хуыдон æмæ сæ хос- дон. Адоны ныккомкоммæ — гомтыргъ хæдзар. Хæдзарæй хос- доны æхсæн уынджырдæм æргомæвæрд сара. Хæдзарæй фæстæмæ иннæты сæртæ уЫдысты хъæмпæй æмбæрзт. Кæркдо- ныл зынджы мур баппар, æмæ ныттæпп ласта арт, арты æвзæгтæ авналдзысты хуыдоны сæрмæ, бахиздзысты сарамæ, сæ цæвæн скæндзысты хæдзар. 48
Æртхъирæнтæй дзаг гæххæтты сыф баппарын æввонг цæттæ уыди Мæццийы дзыппы. Гæххæтты дур бавæрдта æмæ йæ æндахæй батыхта. Хæдзарæй кæртмæ æрхизæны раз куыд æрхаудаид, афтæ йæ баппæрста Мæцци æмæ, уынджы иннæ фарсмæ сæхи байсгæйæ, иуцасдæр рæвдз ныууадысты. «Аца- фон хæдзармæ йæ ныфс нæма бахæсдзæн Газацце, сæ цæхæра- доны бæласы цонджы æмбуар баддзæн,— хъуыдытæ кодта Мæцци.— Бецийы хабары фæстæ ноджы фæкъæрцхъусдæр уыдаиккой æгас бинонтæй дæр æмæ сæ дуры тъæпп, чи зоны, искæй хъустыл æрцыди...» Зæтинæты тута бæласы бын куы балæууыдысты, уæд Мæцци Гарцойы хъусыл йæ былтæ авæрдта: — Не ’рхъуыды кодтай, Хъулон, мыййаг, цæфхадджын у? — Нагъ. — Цæфхад дуры бакъуырдта — йæ зæлланг дардмæ хъуы- сы... Хæдзары дуары хъыррыст лæппуты ныкъкъæрцхъус кодта. Къæхты фæлмæн уынæртæ тыргътæй кæртмæ æрхызтысты. Куыдз æртæ хæппы фæкодта, фæлæ йæ кæйдæр бустæ фæсус хъæлæс фескъуыдта. Уалынмæ кæртæй райхъуысти бæхы къæхты уынæр, цыма æдзæфхад къæхты уынæр... Кулдуар кæнынмæ Зæтинæйæн аххуыс кодтой лæппутæ. Куыдз та схæппытæ кодта. — Банцай,— Зæтинæ йæм æргуыбыр кодта æмæ йæ къухæй фæлмæн æрцавта. Лæппутæ иуцасдæр Хъулоны уынджы дæлæмæ аластой идадзæй. — Хъæугæрæтты ацæуæм,— загъта Мæцци.— Уым æй цып- пæрвадæй ауадзæн дæр уыдзæн. — О, ууылты ацæуæм,— сразы Гарцо.— Уынгты цæугæйæ куыйтæ бæстæ сæ сæрыл сисдзысты. — Куыд зæгъыс? — афарста Мæцци.— Чи кæм баддзæи? Куыд дæ фæнды? — Æз разæй,— йæ дзуапп цæттæ уыди Гарцойæн. Хъæуыбынмæ ныххæццæ сты æмæ бæхы рагъмæ сгæппытæ |{одтой. Бæхы рохтæ — Гарцомæ, Мæцци — йæ фæсарц. ^сецæнгарз дæр уымæ уыди æмæ ома бахъуаджы сахат рæвдз Ф^царæхса, хъыгдарæг æй мацы уа. Сæ хъусджындзабырты иевæттæй æмцæф æрбакодтой Хъулоны фæрстæ, æмæ хайуан Размæ гæпгæнæгау акодта. Мчхдуг№ 6, 1999 49
15 Фæтæгены цырагъ куы ссыгътой, уымæй чысыл фæстæдæр ’ æрбайхъуысти Мæццитæм кауын кулдуары сæртæг къæрцц- къæрцц. Бинонтæ фæудаист уыдзысты, ууыл дæр нæ ахъуыды кодта хабархæссæг — сæртæг къæрццытæ гæрæхтау хъуысты- сты хæдзармæ. Мæцци пецы цур бадти, сугтæ арты æвæрдта æмæ уыцы азгъорын æввонг фæгæпп ласта. — Цæкуыйы схъиуд та цы фæкодтай?! — Нутæ арынджы йæ хыссæ нæмын фæуагъта, йе ’ргом æм фездæхта, цыма йæ фæсте асуринаг уыди.— Гыцца куыд фæзæгъы? Æнафоны дзурæгмæ-иу мæхæдæг акæсдзынæн, зæгъгæ, сын ныффæдзæхста Гыцца. — Омæ фæдисмæ рæвдз ауайын нæ хъæуы? — Мæцци йæ фиппаинаг Гыццайæн загъта, ома, цалынмæ ды дæ къахкъух- тыл конд дзабырты куырмæджы къахдзæфтæ кæнай, уæдмæ, байрæджы уыдзæн. — Дæ кæрддзæмы фæлæуу! — схъæр ыл кодта Гыцца, хæдзарæй ахызти тыргътæм æмæ уынгмæ адзырдта: — Фæцæ- уын, фæцæуын! Уынгæй сæм цы ныхæсты уынæртæ хъуысти, уыдонæй ницы бамбæрста Мæцци, æрмæст базыдта, хабархæссæг сылгоймаг кæй уыди, уый. Иуафон рæвдз къахдзæфтæй æрбауади Гыцца æмæ бар- дзырд дæттæгау сдзырдта: — Лæппу, рæвдз дæ хъарм дарæстæ акæн æмæ уайгæ, * Мисæрæт дæумæ æнхъæлмæ кæсы.— Нутæйæн та ма загъта: — Гарцомæ дæр фæдзырдта — се ’ххуыс æй хъæуы. Мæцци кулдуарæй куы федде æмæ куы никæуыл æрхæцыди йæ цæст, уæд афтæ фенхъæлдта, цыма Гыцца Мисæрæтыл сбустæ кодта æмæ уый фæтæргай... ! — Мæнæ дæн, Мæцци! — уалæ сæ сыхæгты цурæй æрдзырд- та Зæтинæйы мад, æмæ лæппу фембæрста, Мисæрæт æцæгæй] дæр фæдисон кæй у. Цæхгæрмæ уынджы йæ сæййæфта, йæ| уæлæ уыди айдагъ къаба, сæрбæттæн йæ роцъойы бынмæ баст. Йæ фырталф-тулфæй ницæмæуал арæхсти, æндæр сæрбæттæн афтæ никуы баста. | — Мæцци, мæ къона! — йæ галиу цонгæй йæ æрбахъæбыс| кодта Зæтинæйы мад, йæ хъæлæс зæрдæтахт æмæ ныфссас^ адæймаджы хъæлæс.— Мæ цæвæн дæу æмæ Гарцойы скæнын.' Зæтинæйæы æппын бамбарæн нал ис.— Лæппуйы къухмæ лæбур-4 æгау фæкодта. — Азгъорæм! Кæм дæн, уый дæр нал æмбарын^ V 50
Згъордтой каурæбынты. Мæцци йæхи фæразæй кодта, фæлæ ууыл архайдта, цæмæй æгæр ма аразæй уа, йæ ныхас ын хъуса. Мисæрæт йæ дзурынæй не ’нцади: — Куы фæталынггæрæттæ, уæд нæм æрбахостæуыди. Зæ- тинæ йæм ауади. Акастæн æз дæр, фæлæ дзы нæ чызгæй дарддæр никæй аййæфтон. Зæгъын, чи уыди. Мæнæ, дам, мæм Анетæ æрæрвыста, фронтмæ цъындатæ кæнын æмæ дам, мæм фæкæс. фæстæмæ дæр нал фæкаст, Анетæмæ цæуæджы ахаст ын нæ уыди, фæлæ йæ ауагътон. Æрæгмæ куы зынди, уæд Анетæтæм суадтæн. Йæ кой дæр, дам, нæм нæ уыди. Асайдта мæ. Сыгъдæгæй дæр бæхы фæдыл ацыди. Дзырд æм æппын нал хъары. Уæлæмæ ницы дзуры, фæлæ йæ афтæ бамбæрстон: бæхыл исты куы ’рцæуа, уæд цыма йæ фыд æвыдæй нæ баззайдзæн. Гарцо сæм сæ дуармæ æнхъæлмæ касти, æмæ Мæцци ныц- цин кодта: — Мисæрæт, мах згъорæм! — Æз дæр — уемæ! Лæппутæ йын дзуапп нал радтой, тъæбæрттæй азгъордтой. Хъулоны Надыготæй ракодтой, зæгъгæ, хабар цы лæппу æрхаста, уый Зæтинæйæн афтæ загъта: «Бæхы æмбæхсæн бы- нат чи зоны, уый дæм æнхъæлмæ кæсы скъолайы раз. Демæ ма исчи куы уа, уæд дæм йæхи нæ равдисдзæн». Хабархæссæг йæхи рахуыдта Надыготы уæллаг сыхæгты хæрæфырт, хъæумæ чи æрлыгъд, уыдонæй. Мисæрæт дæр уынгмæ рауади, фæлæ лæппу уæдмæ афардæг. — Чи дæ агуры? Цы хабар у? Фæталынггæрæттæ æмæ, дзæбæх æфсон куынæ ссардтаид, уæд æй къахдзæф дæр нæ ауагътаид мад, æмæ Зæтинæ загъта: — Анетæйы зæрды фронтмæ цъындатæ арвитын ис. Дæ конд, дам, цæуы мæ зæрдæмæ æмæ мын ацамон. Бауаинаг æм уыдтæн æмæ мæ æрбайрох. Чызг базгъордта хæдзармæ, йæхиконд фæсмын кофтæ æмæ сæрак дзабыртæ акодта, сæрыл гаруз баппæрста æмæ — згъоргæ. — Ма-иу ныффæстиат у,— йæ фæстæ ма адзырдта мад. Зæтинæ згъордта, згъордта, стæй хъуыдытыл фæци: уæддæр ын чи хъуамæ фæуа хæрзгæнæг? Фыццаджыдæр йæ цæстыты раз Фатьи фегуырди, ахуыр кæны æстæм къласы, Надыготимæ кæрæдзийæ хæрзиуæг курынц, зоны, Зæтинæ Хъулоныл куыд агнувыд у æмæ йын хæрзгæнæг фæци. Фæлæ йæм йæ хъуыдытæ 51
гуырысхойаг фæкастысты: мæнæ ныртæккæ æрбаталынг уыдзæн, æмæ ма Фатъи скъолайы цурмæ æруæнда? Йемæ кæд æмбал ракæна. Æмæ уæд мæн иунæгæй цæмæн цæуын кæны?» Зæтинæмæ фæзынди Гарцомæ бадзурыны хъуыды. Ныртæккæ йæ лæппуйы æххуыс куыд тынг хъæуы! Йæ фæдыл аивæй цæу- ид æмæ йæм йæ хъус дарид. Нагъ, ацафон æцæгæлон лæппу- имæ куыд хъуамæ ацæуид? Уæд та йæ Мæццимæ бадзурын дæр хъæуы. Фæсмон ын йæ зæрдæ фæрæхуыста: райдианты уыдон бар цæуылнæ бакодта Хъулоны? Надыго йæ фосæн кæм æккойæ хæсгæйæ, кæм лæгуæрдонæй ласгæйæ фæцамæлттæ кодта хол- лаг æмæ Хъулоны хъуыры ацæудзæн, зæгъгæ, цæуылнæ ахъуы- ды кодта? Гарцо æмæ йын Мæцци холлаг дæр ссардтаиккой, æмбæхсгæ дæр æй хорз бамбæхстаиккой. Гарцоты рæзты цаеу- гæйæ йæ къахдзæф фæсабыр, ома кæд сыхæгты лæппуйы рауы- нид. Изæрдалынгтæ ивылдысты, æмæ хæдзæрттæ, бæлæстæ, ка- уын бырутæ æндæргхуыз баисты. Зæтинæ фæкъæрцхъус, фæцырддзаст. Дыдзырухсдзыд æндæргтæ мæнæ-мæнæ мыла- зон сау фестдзысты æмæ йыл къахдзæфæй-къахдзæфмæ уда- ист æфтаудзысты. Скъолайы размæ схæццæ Зæтинæ, фæлæ йæ цæст никæуыл æрхæцыд. Мæй йæхи дзæбæх равдыста, æмæ ма къанауы был- тыл дыууæрдыгæй сагъд гæдыбæлæсты зæнгты бызычъи-къуы- зыртæ дæр иртæста. Уынджы астæу мæйрухсмæ армыæвæрдау фæуа, уый йæ нæ бафæндыди æмæ бæлæстæй иуы цур балæу- уыди. Фæлæ йæ йæ хæрзгæнæджы фæдзæхст рох нæ уыди — хъуамæ мацæуыл фæгуырысхо уа — æмæ-иу рæстæгæй- рæстæгмæ йæхи равдыста. Чызг йæ хъус дардта дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр, хæдзæрттыл дæр-иу йæ цæст ахаста. Скъола- йырдæм дæр æй бæргæ хъуыди фæкæсын, фæлæ йæ зæрдæ нæ батардта — ацы скъолайæн йæ койæ дæр зæрдæрис æвзардзæн — ам ыл сæмбæлди Цæрæджы сæфты хабар. — Зæтинæ,— скъолайырдыгæй йæм æрбадзырдæуыд, йæ буар æгасæй дæр андзыг ис. Æрæджиау кæддæр ын бантысти дзурæгмæ йе ’ргом аздахын. Æввахсдæр гæдыбæласы аууонæй йæм йæхи равдыста... Салæг! Йæ уæззау зæбул рустæ дæр ма! йын ауыдта. — Зæтинæ, гæнæн мын ис æмæ дын баххуыс кæндзынæн,— лæппу иу къахдзæф ракодта бæласы цурæй, чызг та феввахсдæр хæдзарырдæм, дыууæ къахдзæфы фæхæстæгдæр, йæ сæры фе- гуырди: «Сæ рудзынг сын ныххойдзынæн! Æввахс æй не ’рба-' уадздзынæн». 52
— Æз мæхи не ’вдисын,— бæласы æмбуар балæууыд Са- лаег.— Лæмбынæг мæм хъус. Хъулон ис Асæготы хæдзары. Знон Асæго йæ бинонты хохмæ аласта. Сæ рудзгуытыл сын къуы- бæрттæ баппардзынæн æмæ базондзынæ, хæдзар æдзæрæг кæй у. Уалæ цæхгæрмæ уынджы бауайдзынæн, цæхæрадæтты Асæ- готæм æрцæудзынæн, кæртмæ раласдзынæн Хъулоны. Ды уæлæ се скомкоммæ бæласы аууонæй кæсдзынæ. Дуар дын бакæн- дзынæн, уынджы уæлæмæ афардæг уыдзынæн. Рæвдз-иу фæлæуу. Хъулоны кæртæй ракæндзынæ. Цæй. Дæ хъус мæм дар. Салæг бæлæсты аууæтты азгъордта. Партионты бинонты хæхтæм ласыны кой Мисæрæт дæр кодта. Уыдонимæ, дам, хъуамæ Сырх Æфсады къамандирты бинонтæ дæр ласт æрцæуой. Чызг айхъуыста, цыма тыччыйы йас дур рудзынджы авгыл ауад,.ахæм къæрцц. Ссæдзы онг, анымайæн уыдаид, уæд та айхъуыста дыккаг къæрцц. Асæготы хæдзар уыди чысыл уæлдæр, уынджырдæм ын — æртæ рудзынджы. Уалынджы айхъуыста æртыккаг къæрцц дæр. Хæдзар уыцы æдзæмæй лæууыди. Зæтинæ йæ цæст бæлæсты бынмæ адардта. Уæлæ Салæг рæвдз азгъорд- та уæлæрдæм. Чызг ахъуыды кодта: «Фадат мын фæци æмæ ардыгæй мæхи дзæбæхæй айсон». Фæлæ уый фæстæ куыд фæсмон кæндзæн, уый хатыдта æмæ афæнд кодта: «Салæг уынгмæ куы рахиза, уæлæмæ куы афардæг уа, уæд иунæг каст бакæндзынæн кæртмæ. Хъулоны куы ауынон, уæд æй рæвдз ракæндзынæн, науæд лидзгæ...» Рæстæг Хæлофдонау ивылди æмæ йын сбарæн дæр ницæмæй уыди. «Хъулоны дуарæй куы бауынон, уæд искæмæ бахой- лзынæн»,— йæхицæн ныфсæвæрæнтæ кодта Зæтинæ. Асæготы фæйнæг кулдуары дæле сисамад. Йæ астæу — кæртмæ цæуæн нарæг дуар. Хæдзары дæллаг фарс — кауын кулдуар. Уырдыгæй рауайдзæн Салæг. Йæ фыццаг лæууæнмæ пыздæхти Зæтинæ. Кауын кулдуар куыд базыхъхъыр, чызг уый нæ бафиппайд- ’Ч чи дзы рауади, уый ауыдта — уыди йыл хъусджынхуд, бæмбæджджын, фæлæ йыл йæ зæрдæ фæкъæпп ласта, асæй иаем Салæгæй ныллæгдæр фæкаст. Къулрæбынты сызгъордта. Куы адард, уæд чызг ахъуыды кодта: «Гуыбыр-гуыбыр кæй згъоры, уымæн мæм афтæ фæкастаид». Лæппу уалæ цæхгæрмæ уынджы тигъыл базылди, фæаууон. Чызджы зæрдæ ныццæлхъытæ ласта. Асæготы хæдзарырдæм акъахдзæф кодта, бæлæсты аууæтты суади. Уалæ цæхгæрмæ 53
уынджы тигъмæ йæ цæст дардта. Кауын кулдуары цурмæ бауа- ди. Алæууыди. Ноджыдæр ма бакъахдзæфтæ кодта. Уый фæстæ цыма йæ сæрак дзабыртæ айнæг ихыл аныдзæвыдысты, зæхх йæ быны фæкъул ис æмæ ныццудыдта. Йæ удæй йæ мидæг ни- цуал аззади, фæстæдæр-иу йæ у[æстытыл уайдзысты, ногæй та- иу æвзардзæн уыцы удаист. Йæ цонгæй йæ кæйдæр къухтæ кулдуары аууонмæ баскъæфтой. Иу уынд акодта, изæры сæ дуармæ кæмæ рауади, уыцы лæппуйы къепкæ æмæ... зæбул рустæ! Йæ мад Мисæрæты иугæндзон фæдзæхст ауади йæ хъус- тыл: «Чызгыл дæр къæм хъуамæ ма абада». Зæтинæ-иу бадис кодта, къæм ыл кæм нæ абаддзæн, фæллад кæм нæ базондзæн,1 арвыбын дунейы ахæм азмæлæнтæй фылдæр куы ницы ис, уæд’ ын æдзух уыцы иу ныхæстæ цæмæн фæдзуры? ] Боны рухс ын нал сахаддзæн. Æцæгæлон хæдзары кæрты! йæ буарыл цы фæдтæ баззайдзысты, уыдон хурæргом рауьн дзысты, адæм дзы сæхи иувæрсты ласдзысты... Сæрсæфæнмæ хауæг ма тихалæгмæ фæлæбуры — цыдæр ныфсæвæрæн хъуыды ма фегуырди чызджы сæры: «Алæгъстæ йын хъæуы». — Салæг, байхъус ма,— кæуындзæг чызджы былалгъыл абадти. — Салæг, ма мæ бафхæр. Лæппуйы æнгуылдзтæ нындæгъдысты чызджы кофтæйыл, кæрты рæбынмæ йæ ласта. Зæтинæ йæ къæхтæ ныббыцæу код- та æмæ та йæм сдзырдта хæрамнæхæссæг хъæлæсæй: — Салæг, ауадз мæ, ныххатыр дын æй кæндзынæн... — Ныртæккæ, ныртæккæ!..— лæппуйы иу улæфт иннæйы æййæфта, йæ цæнгтæ ныхъхъандзалтæ сты. — Фæтæригъæд мын кæн...— фæстаг фæлтæрæн ма акодта Зæтинæ, кæд æй мæ кæцыдæр ныхас фæцагаид, зæгъгæ. — Уæртæ фалдæр, фалдæр,— дзырдта лæппу, йæ хъæлæс рызти. Зæтинæйыл цыма уазал дон бакалдæуыд, фембæрста: Салæгмæ ныхас нæ — уый æхсидавы судзаг дæр нал банкъ-: ардзæн. Цыдæр æвронг хъуыдытæ фесты чызгæн хотыхдæттæ-! гау. I Лæппуйæн цы не ’мбæлы, чызгыл цы нæ фидауы, уыдæттай нæма иртæста, уæд æм Хъулоныл абадынæй хуыздæр ницы кас-] ти... Йæ фыдимæ хос ластой. Чызг уæрдонмæ хосы дзæбæх сагойгом сæппæрста, æмæ фыд барухсдзæсгом: «Лæппуйа^ арæхстджын у мæ чызг!» ; Ныр ын Салæг йæ астæуыл йæ цæнгтæ æрбатыхта æмæ йыл’ схæцыди, ома зæххæй йæ фæиртасон æмæ йæ аскъæфон, фæлае’ 54
чызг йæ цæнгтæ атъæпп ласта, æмæ лæппуйы фæнд нæ рауади. Лæппу йын ныр та йе уæхсчытæм фæлæбурдта, чъылдымздæхт æм куыд фæуа, афтæ йæ æрзилинаг уыди, уæд æй æнцондæрæй сыскъуыдтаид зæххæй. Чызг иучысыл йæ чемы æрцыди — кæмæй фæтарсти, Салæг ахæм хъаруйы хицау нæ разынди! — Уæдæ афтæ кæныс, афтæ кæныс?! — зынджы стъæл- фæнтау хаудысты лæппуйæ æртхъирæнтæ.— Æлгъ мыл кæныс, æлгъ мыл кæныс?! Дæ удхæссæг дæн, дæ удхæссæг! Мæ разæй цу дзæбæхæй! — йæ цæнгтæ фæйнæрдæм айтыгъта лæппу, бакъ- ахдзæф кодта Зæтинæмæ. Зæтинæ йæхи фæсайдта, иу дзагъул фæласта уынджырдæм: кулдуар æм адард. Бауырныдта йæ, лæппуйы æрра туг кæй райхъал æмæ йыл цæвынæй дæр кæй нæ бацауæрддзæн. Ниуæгау уынæргъын сирвæзти Салæгæй æмæ йыл йæхи æрбауагъта. Зæтинæ къæрцхъусæй лæууыд æмæ йын йæ цыргъ ныхтæй йæ цæсгом æррæдывта. Лæппу чызджы кофтæйыл фæхæст ис æмæ йæхи уæлгоммæ аппæрста. Чызг ыл æрхауди. Салæджы къухтæ кофтæйы бынмæ бырыдысты. Кæд мæ худинаджы хъæр нæ айхъуысид, зæгъгæ, Зæтинæ уæдæй нырмæ йæ маст йæ риуы арфмæ тардта. Ныр йæ уд мæнгхалыл ауыгъдæй аззади, æмæ срæмыгъта йæ маст, йæ хъæлæс цы амыдта, уымæй дзырдта: — Æлгъаг! Æлгъаг! Æлгъаг! Кæцыдæр цъусдуг феуæгъд ис Зæтинæ лæппуйы къухтæй æмæ йæ уæрджытыл алæууыд. — Æлгъаг! Æлгъаг! — йæ масты хæлбурцъытæ цыма ны- мадта, уыйау цавта зæбулрус цæсгом.— Æлгъаг! Æлгъаг! Салæг йæ цæсгом бамбæрзта йæ къухтæй, уæддæр æй цав- та, цавта. Афтæмæй сæ æрбаййæфтой Мæцци æмæ Гарцо. Лæппутæ Мисæрæтæй куы фæхицæн сты, уæд уынджы уæлæмæ фæтъæбæртт ластой. Мæцци уынгæн йæ рахиз фæрсты згъордта, Гарцо йæ галиу фæрсты. Асæготы кауын кулдуарæй фæуæле, уæд ауади Гарцойы хъустыл æдзæм æхсæв æвидауц- гæнæг, тасæфтауæг хъуырдухæны уынæртæ æмæ Мæццийы йæхирдæм æрбаздæхта. Зæтинæмæ йæ номæй цалынмæ сдзырдтой, уæдмæ сæ нæ федта. Æргуыбыр кодтой лæппутæ дыууæйæ дæр, æркастысты æввахсæй, уæлгоммæ чи ныддæргъ, йæ цæсгом йæ къухтæй чи ссмбæрзта, уымæ. — Ай нæхи Салæг куы у?! — Гарцо фыццаг сабырæй дзырд- 55
та, уый фæстæ йæ хъæлæс срæмыгъта: — Змæнтæг! Гадзрахат- æйцæуæг! — Хуыйы сыст! — Мæцци йыл нытту кодта. Лæппуты фыны кæй нæ уыны, Зæтинæйы уый куы бауыр- ныдта, уæд йæ цæнгтæ тихалджытау æрхаудысты. Ныр бафип- пайдта йæ тугамæст къухтæ дæр. Иуварсæй кæсæгау ауыдта, лæппуйы цæсгом куыд хоста, уый æмæ дзы сирвæзти: — Мæнæ цы æлгъаг дæн! Мæнæ адæймаг куыд сбирæгъ вæййы! — æмæ æрызгъæлдысты йæ цæссыджы фæрдгуытæ. Йæ къæхтыл алæууыди Мæцци æмæ та мæстæлгъæдæй сдзырдта: — Хуыйы сыст! Фаджысы рагъ! — къахыфындзæй бацавта Салæджы фарс,— Уæцъæф! — æмæ дыккаг цæф дæр йæ фар- сыл бауади. Зæтинæ фестади, Мæццийыл иуварс рахæцыди: — Ма йæм бавналут. Мæн сæлгъаг кодта. Сымах дзы мауал ахорут уæхи. — Куыдзæппарæнæй йæ схойын хъæуы! — сдзырдта Гарцо дæр. — Ма бакæнут, ма бакæнут,— лæгъстæ кодта Зæтинæ.— Сæлгъаг уæ кæндзæн. — Æлгъаг у, уый раджы рабæрæг,— загъта та Гарцо.— Фæлæ ай хуыйы сыстæй хиндæр кæй у, уый ды нæ зыдтай, Зæтинæ, æмæ дыл сайд æрцыди. — Мæ хæрзгæнæг разынди хæйрæг.— Зæтинæ ацамыдта Салæгмæ.— Уый рабадти, йæ сæр риуыл æрхауди.— Хъулоны æмбæхст ранæй кæртмæ ракæнынмæ куы бацыди, уæд ыл уыди хъусджынхуд æмæ бæмбæджджын, кæртæй куы рахызт, уæддæр ыл уыцы дзаумæттæ. Æз кулдуарæй куы бакастæн, уæд мыл йæхи андзæрста, уæртæ йыл уыцы цъындахæдон æмæ...— зæххыл йæ цæст ахаста, чысыл æддæдæрмæ ацамыдта,— дæдæ уыцы къепкæ... Салæг фестади, хъуамæ къепкæ фелвæстаид, фæлæ йын йæ развæд Мæцци ахгæдта. — Ай Басилы худ куы у! Митъыры Федыры Басилы худ! — ныддис кодта Гарцо. — Ныр къуырийы бæрц адонмæ цæрынц. Къепкæ семæ рахастой лæппутæ. Къанауы доны Зæтинæ йæ къухтæ æмæ йæ цæсгом фехсадта. ■— Гарцо, ды цу Зæтинæимæ, Мисæрæт тæригъæд у. Æз та — Надыготæм... — Æз дæр дæм зындзынæн,— загъта Гарцо.— Салæджы. кой кæнын нæ хъæуы... 56
— Йæхицæн йæ дзых баст у,— загъта Мæцци.— Йæ худи- наг нæ ныхъхъæр кæндзæн. Бульвары уынджы дыууæйæ куы араст сты, уæд Гарцо загъта: — Мисæрæты-иу мæхи бар уадз. Æхсæвæр-иу бахæр... Йæ зæрдæ куыд ницæмæ фехсайа... Цасдæр æнæдзургæйæ фæцыдысты, æмæ та Гарцо Мæццийы æрбаймысыди: «Уый та сарæхстаид, ныхæстæ ссардтаид». Кæлимæты фæдзæхст æрбалæууыд лæппуйы зæрдыл æмæ ба- цин кодта, замманайы фадат ын фæци — Цæрæджы адрис ра- курдзæни. Цæрæг æй постхæссæг куыд скодта, уымæн дзурæн куы уаид, уæд æй Зæтинæйæн куыд зæрдиагæй радзурид! Уæвгæ нагъ! Йе ’фхæрд зæрдæ ма йын ноджыдæр фæрæхоид. Цæрæджы фыстæджы лыстæг гæбæзтæ къанауы дон куыд фæласта, уый йын куыд радзурид? Йæхицæй раппæлын æй фæндыд, Цæрæг мыл йæ зæрдæбындæр ныхæстæ баууæндыд, зæгъгæ. Уæддæр ныхас расайынæн Цæрæджы кой æрæфтауынæй хуыздæр ма- дзал не ссардтаид æмæ чызгмæ баздæхти: — Затинæ, æрæджыты Цæрæгæй хабар нæ райстат? Чызг хæкъуырцгæнæгау скодта æмæ ферхæцыди. — Нæй дзы хабар. Лæппумæ ахъаззаг хъуыды фегуырди: æмдзæвгæтæй арæзт фыстæг æм арвитид, фæлæ фæхъуыды кодта, æмдзæвгæты кой рæхджы кæй нал скæндзæн. — Иу-цалдæр хатты мæ бафæндыди Цæрæгмæ ныффыс- сын. Ам куы уыди, уæд æй цæмæйдæрты фæрсинаг уыдтæн, фæлæ нæ рауади... Йæ фæстаг адрисыл æм арвитдзынæн... — Фæдзæхста: æндæр ранмæ, дам, цæуæм æмæ мын нæ ног хабармæ æнхъæлмæ кæсут.— Зæтинæ йæ улæфт нынныхъуы- рæгау кодта.— Æнхъæлмæ кæсæм... Исты зæгъинæгтæ ма йæм разына, уый æнхъæл нал уыди Гарцо, афтæмæй сæ.нырма иу уыйбæрц ныууайын хъуыди. — Гарцо...— Зæтинæ æрлæууыд, йæ улæфт сæ скъуыди, ахæм хæкъуырццытæ иу иннæйы æййæфтой, цæссыг фемæхст. — Хъусын дæм, Зæтинæ... Истытæ куы дзурис — фенцондæр дын уаид... — Нæ мæ фæнды нæхимæ. Мисæрæтмæ комкоммæ куыд бакæсдзынæн? — Зæгъдзыстæм: Хъулоны акодтой. Мисæрæт дæ афтæ æмбардзæн, цыма бæхыл кæуыс... — Гарцо... Мæхæдæг мæхиуыл æлгъ кæнын, уæд ма ды... Мемæ ма куыд цæуыс? — Æвæццæгæн, Салæджы дзæбæх ныддæрæн хъуыд? 57
— Уый тыххæй уын икуы загътон. Уый кой нал... Гарцо, ды хæйрæгæн хæрзгæнæг цæмæн ныллæууыдтæ, уый мæ бон бам- барын нæу... — Æз Салæгæн хæрзгæнæг?! — Йæхæдæг дын загъта: къуплеттæ мын ныффысс? Ацы фæндагыл сæм ахæм ныхас рауайдзæн, уымæ æппын не ’нхъæлмæ касти Гарцо æмæ батыхсти: гъер бынтондæр ныс- суйтæ уыдзæн. — Æз къуплеттæ фыссæг?.. Цадæг къахдзæфтæй араст Зæтинæ, йæ развæндагмæ кæсгæйæ дзырдта: Хæлæфдон гуылфгæнгæ лæгæрды, Йæ уынæрæй арауы бæстæ. Йæ ивылæн рæстæджы, сæрды Скъæфы æдкъала бæлæстæ. Æндæр дзы нæ бахъуыды кодтон. Кæй фыст сты? Нæ сæ ба- зыдтай? Нымадæй Гарцомæ уыди цалдæр æмдзæвгæйы. Равдисын сæ йæ цæсгом нæ хъæцыд æмæ сæ æмбæхстæй дардта. Зæтинæ уыдонæй иу æмдзæвгæйы фыццаг къуплет бакасти. Цыма йæ давгæйæ йæ цонгæй ацахста, афтæ фæци Гарцо. — Цæмæдæр уæм бауадтæн. Ануса мæм дæ тетрад авæрдта. Дæуæй загъта: уаты, дам, цыдæртæ фæфыссы, уроктыл уыйбæрц никуы фæбады. Бакæсын мын æй кодта. — Салæгимæ мах ныхас кæнынмæ дæр никуы æрлæууы- дыстæм. — Уыцы къуплет дæу фыст нæу? — У... — Æз дыл æууæндын — йæхæдæг дæм не ’рбацыди уыцы: ’лгъаг. Фæлæ дæм кæд искæй æрбарвыста?.. — Анусайы мæм æрбарвыстаид, кæнæ дæу. Мæ тетрад мын æндæр ничи федта, Мæцци дæр. Гарцойы зæрдæ сæнæнцой. Уæд афтæ уайы, æмæ, Зæтииæ фæстаг рæстæджы цы утæхсæн фæкодта, уыдæттæ Гарцойы азарæй æрцыдысты. «Куыд ын сæнад уыдаин! — дзырдта йæхицæн лæппу.— Æз æм мæхи ластон, рухсдзæсгом æм æвды- стон, уый та мæ æмбæхсæнтæ агуырдта». — Зæтинæ, къуплеттæ Салæгæн ныффыстон, уый дæ куыд бауырныдта? ; — Зын мын уыди. Адæмы мæм æркæсын кæна, уыцы фадат ын, зæгъын, дæуæй уый цæмæн сарæзта? Гарцойы æнæнцой зæрдæ ахсайдта Зæтинæйы æнæзагъД’ 58
пыфсæвæрæнтæм. Цымæ йæм ахæм бæллиц никуы фегуырди: «Уыцы къуплеттæ Гарцойæн йæхи зæгъинæгтæ куы уаик- кой? Æви ахæмæй йæ фæсонæрхæджы дæр никуы ницы уыди? » Сæ фæндаг æрцыбыр, ныртæккæ Зæтинæты кæртмæ бахиз- дзысты. Гарцо афарста: — Зæтинæ, æцæгдæр мыл гуырысхо кодтай? Цы диссаг у! — Ацы ныхас нæм кæй рауади, уый хорз у... Мисæрæты æрсабыр кодта Гарцо æмæ сæхимæ рацæйцыди, фæлæ йæ уый фæурæдта, чысыл ма нæм афæстиат у, зæгъгæ, æмæ тыргътæм ауади. — Гарцо...— чызджы цæстытæ йæм иу æрттывд фæкодтой æмæ амбæхстысты.— Зæгъæм, уыцы къуплеттæ амæйразмæ фыст не ’рцыдысты... Хæйрæджыты æхсæвы фæстæ ма фæзын- даиккой?.. Уымæн уæвæн ис? — Куыд дæ баууæндын кæнон?..— лæппуйы цæсгом фæтар ис, йæ къух æрриуыгъта.— Нæ дæм хъуыди хъусын, Зæтинæ: Салæг мын дæрæнгæнинаг уыди! 16 Дзæбæх æрбарухс ис, афтæ Мæцци æмæ Гарцо бахызтысты хъæусоветы къæсæрæй. Дысон Гарцо Зæтинæтæй Надыготæм сызгъордта æмæ ба- зыдта: Петыры фæдзæхстмæ гæсгæ Къупыр æмæ Зыкъуыр Хъу- лоны акодтой дыууæизæрастæу. Уырдыгæй азгъордта Мæццийы агурæг. Йе ’мбал æм сæхимæ æнхъæлмæ касти. Уымæй базыдта лунейы хабæрттæ: фæссихор хъæумæ фæзынди нæхиуæтты къорд. Æхсæвиуат кодтой клубы, ласын сæ хъæудзæн Арфа- дагыл тæккæ хохрæбынмæ. Уæрдон æмæ сын бричкæ ссардтой, хъуыди ма сæ иу уæрдон. Уыцы уæрдоны сифтындздзысты Хъулоны æмæ йæ бакæндзысты Мæцци æмæ Гарцойы бар. Пе- тыр уæрдоныл куыд тыхсти, афтæ йæм балæууыд Надыго, бæхæн, дам, тæссаг у æмæ йæ акæнут. Бæхы рухсæй ракодтой æмæ сæ фенджытæй фылдæр цы уыдаид. Салæг йæ хъус æнæмæнг дардтаид Надыготы хæдзармæ. Петыры уаты баййæфтой Салæджы мад Гыдæйы. Петыры стъолы лæгъзтæ уыдысты æддæмæ ласт, гæххæттытæ дзы иста. Æрбæстон сæ кæндзæн, искуы сæ бафснайдзæн æмæ уый дæр йæхи хохмæ айсдзæн. Гыдæ Мæцци æмæ Гарцойыл йæ цæнгтæ стылдта: — Мæнæ бынбауинæгтæ, нæ лæппуйы марын сымахмæ кæсы?! 59
Туг уыл ныууара, тугхъулæттæ æмæ йæ тугæрхæмттæ куы фæкодтат. Æрдæгмардæй йæ фосы хъоргъмæ куы баппæрстат, бирæгътæ! — Фæлæуу! Хъæр ма кæн! — фæтъæлланг ыл ласта Пе- тыр.— Ацы лæппуты раз дæ фæрсын: Салæджы куыд надтой, уый федтай? — Уым куы фæцадаин, уæд сæ дæндагæй бахордтаин... — Цæвиттон, дæхæдæг ницы федтай? — Уынджытæ сæ фæци. Æгас сых дæр æвдисæнтæ. — Дзур сын сæ мыггæгтæ, сæ нæмттæ. — Асæгойы сыхы цæрджыты нæ зоныс? — Иуы ном ма мын дзы зæгъ æвдисджытæй. — Мæнæ сыл къæм абадын куыд нæ уадзы! Петыр баздæхти лæппутæм: — Гыдæ афтæ зæгъы: уæ дыууæ Асæготы хæдзарæй цыдæр куыд рацæйхастат, афтæ уæ Салæг ауыдта, бауайдзæф уын кодта. Сымах æй кæртмæ баластат æмæ йæ мæлæтдзаг над фæкодтат... Дыууæйæ, Худинаг уын нæу? — Æмæ кæд Салæг рацæйхаста Асæготы хæдзæарæй цыдæр,! чидæр æй рацахста, нæмынтæ йæ байдыдта, фæлæ йæ амондæн! ууылты фæцæйцыдыстæм æмæ йæ фервæзын кодтам,— æнæ-| къуызгæйæ дзырдта Мæцци. — Мæнæ хæйрæджытæ! — йæ цæнгтæ æмтылд кодта Гыдæ.— Адон лæджы акуырм кæндзысты. — Гыдæ, куыд загътон, афтæ бакæндзыстæм — æвдисæнтæм байхъусдзыстæм, адоны дæр æрфæрсдзыстæм... — Уæдмæ ацы дæлимонтæ сæ фæдтæ æрбайсафдзысты.— Цæхæртæ калгæ ахызти тыргътæм Гыдæ, уынгæй дæр ма йæ какула хъуысти. — Адонæй уæхи хизут,— загъта Петыр.— Хурхысæртæм лæбурынц. Салæгыл куыд æууæндут? Ахæмтæ хæстыбыдырмæ бархийæ фæцæуынц. Йæ фыд лыгъд уыди æмæ фæдфæливæнтæ кодта. Ныр дæр лыгъд у. Районмæ йæ фистæгæй фæцæй код- той æмæ сæ размæ бабадтысты. Алидзыны фадат ын фæци. Фæндагмæ та уын фæдзæхсын: Кæрдоджыны-иу бахсæвиуат кæнут. Афоныл-иу рацæут, бонрухсæй хæдзарыл куыд сæмбæлат, афтæ. Хæцæнгарз уæм исты ис? | — Кæцæй нæм ис хæцæнгарз? — йе уæхсчытæ фелхъывта Мæцци. — Дзидзидайтæм дæр ма цыдæртæ куы ис. Цæй, хорз. Фæндараст-иу фæут! 60
Мæцци æмæ Гарцо комыдымæгмæ ластой цыппар хæстоны, сæ иуы хæдоны æфцæгготы кæрæттыл — дыгай кубиктæ, иннæтæ салдæттæ. Уæрдоны сæвæрдтой, уæззауæн кæй рахас- той, ахæм асыччытæ. Кæттаг агъудты æвæрд хæссинæгтæ рогдæр пæ уыдысты. Цыдæр сусæггаг хæцæнгарзы мыггаг уыдысты, æвæццæгæн, цæст сыл куыннæ æрхæца, афтæмæй хъуамæ бы- натыл сæмбæлдаиккой. Салдæттæм — фæйнæ карабины. Сæ уæззау хæссинæгтæ куы æвæрдтой, уæд фæзындысты Науырыз æмæ Надыго. — Алæ-ма, адонæй Микъалайы фырт кæцы у? — зæлланг- гæнаг хъæлæсæй загъта Науырыз. — Цымæ йæ йæхи нæ бафæрсгæйæ нæ базониккам? — На- дыго хæстонтæй йæ цæст нал иста.— Йæ фыды сурæтæй йæм æппын ницы уыдзæн? Салдæттæй иуæн — уынгæг цæстытæ. Дыккагмæ Науы- рыз æдзынæг ныккасти, нæхирдыгон лæппуйы хуызæн, дам, у. Æртыккаг уыди бурдзалыг, уымæ дæр Микъалайы хуы- зæнæй ницы ссардтой. Кæртæй рахызтысты Петыр æмæ къа- мандир. — Мæнæ ацы наталиа у, мæнæ! — Надыго йæм йæ цæнгтæ баивæзта, йæ цæсгом ныррухс. — Наталиа та йæ цæмæн хоныс? — бадис кодта Науырыз. — Уæдæ сæ къамандирты куыд фæхонынц? — афарста На- дыго. — Литинант зæгъинаг дæ, æвæццæгæн? — Кæс ма, сыгъдæгæй дæр Микъалайы цæстытæ! — Надыго бауади хæстонмæ.— Æри-ма, мæ хъæбысы дæ акæнон! — Хæстон дæр ныхъхъæлдзæг, æргуыбыр кодта Надыгомæ, На- уырыз та йын йæ дыууæ парахат армы йæ къух цыма хъарм кодта, дудутæ йын æй кодта. Мæцци æмæ Гарцо сцымыдис сты, Надыго æмæ Науырыз уырыссаг къамандирыл куыд зæрдæбынæй узæлынц, зæгъгæ. — Йæ фыд Микъалайы сæры стæм урсытæ йеддæмæ нæ уыди, амæ ма кæс — бынтондæр схалас,— дзырдта Науырыз. — Йæ мадæй та йæм цы ис, йæ мадæй Марийайæ? — сцы- мыдис Надыго.— Мæнæ йæ фындз, йæ фындз, гуымыарæзт. Ныхæстæй Мæцци æмæ Гарцо къамандиры мад æмæ фыды тыххæй цыдæртæ базыдтой, фæлæ уæддæр нæ бамбæрстой, Науырыз кæнæ Надыгойæн цы бавæййынц, уый. Зæронд ус ма йын хæндыджы цыхт дæр æрбахаста — гæххæтты гæбаз ыл нæ аххæссыди æмæ иуырдыгæй гомæй аззади. 61
Сæ зæрдæ цæмæ æхсайдта, уыдæттæ лæппутæ фæндагыл базыдтой къамандирæн йæхицæй. — Да райшам хорз,— загъта къамандир æмæ лæппуты афар- ста: — Вы поняли, что я сказал? — Да, понели,— загъта Мæцци.— Ти сказал: добрæйæ утрæ. — Да буан хорж,— загъта та къамандир, лæппутæм кæс- гæйæ.— Понятно говорю? Мæцци та уыцы арфæ дæр салдæттæн ратæлмац кодта. Къа- мандир изæры арфæ кæнын кæй зоны иронау, уый дæр рабæрæг. Къамандир фæзæрдиагхуыз æмæ сын радзырдта, фондз азы размæ цы хабæрттæ æрцыди, уыдон. Йæ мад æмæ йæ фыд куыстой Мæскуыйы заводтæй иуы. Зымæджы сбæрæг, заводы хардзæй сæрды Сау денджызы был кæй улæфдзысты, уый. Æрцыди сæрд, фæлæ къамандиры ный- йарджытæ фæфыдæнхъæл сты. Заводы директормæ сæ хъаст бахастой, фæлæ дзы зæрдæсастæй раздæхтысты. Тыргъты хæрхæмбæлд фæци директоры хæдивæгыл. Уый сæ йæ кусæн уатмæ баздæхта æмæ сын афтæ: «Æз зонын Сау денджызæй хуыздæр ран». Фæндаггаг сын æхца раттын кодта, гæххæттыл фыстæй сын сныв кодта сæ балцы фæндаг. Цалдæр боны фæстæ сæмбæлдысты бынатыл. (Салдæттæн къамандир бамбарын кодта: «Æрдæбон кæцæй рацыдыстæм, уыцы хъæумæ сæ рарвыста. Сæ фысым та разынди, æрдæбон мыл чи цинтæ кодта, уыцы зæронд ус, мæскуыйаг заводы директоры хæдивæджы хо». Æхсæв баулæфыдысты къамандиры мад æмæ фыд Надыгойы хæдзары. Дыккаг бон уыдоны сыхæгтæм уыди куывд æмæ сæхимæ бахуыдтой мæскуыйаг уазджыты дæр. Фынджы хистæрæн бадти, Надыгоимæ чи æрбацыди, уыцы бæрзонд зæронд лæг. Хистæр куывта, сидтытæ уагъта. Мæскуыйаг Микъ- ала фыццаг сидт банызта, банызта дыккаг сидт дæр. Уый фæстæ цæхгæр загъта: «Хуыпп дæр нал скæндзынæн». Сегас дæр æм ныккастысты, уæд мæскуыйаг уазæг загъта: «Ныббарут мын, мæ фадат нæ амоны». Цы зæгъинаг у, уый ничи бамбæрста æмæ та йын æртыккаг сидт дæр баназын кодтой. Уый фæстæ дæр ма уазæг фæлæгъстæтæ кодта, улæфынмæ æрцыдыстæм æмæ нæ къух нæ амоны, зæгъгæ, фæлæ йын ницæмæуал дард- той йæ ныхæстæ. Хуынды адæм ацыдысты. Сахаты фæстæ мæскуыйæгты фысымты чызг бауади, бæрæгбоны фынг чи скод- та, уыдонмæ, зæронд усмæ радта æхцатæ, мæскуыйаг, дам, мыя сæ рарвыста. Зæронд ус æй æд æхца арвыста, нæ хойраг, дам,[ уæй нæ кæнæм. Уазджытæ æнцад бадынæй тыхстысты, сæумæ-> райсом-иу фæйнæ рувæны айстой семæ, рувинаг хуымы-иу^ 62
Æрлæууыдысты, сихормæ-иу фæкуыстой, сихор-иу бахордтой азмæ-иу сæхи стыр доны былмæ айстой. Дæхи фæнай, тæвд змисыл фæхуысс, хур æгæр æндавы — къутæрты аууонмæ бацу. Хъæуыл айхъуысти мæскуыйæгты кой. Директоры хæдивæг хъæуынымад лæг, хиуæттæ, лымæнтæ йын бирæ. Кæм — номæвæрд, кæм бæлццоны куывд, чындзæхсæв, авдæнбæттæн — алы ранмæ дæр сæ хуыдтой. Хуыдтой сæ æнæуи бонты дæр. Сæ алы æгъдау дæр сын федтой. Сæ къах сæ хъæуæй нал хаста æмæ дзы фесты мæй æмæ æрдæг. Хъæуæй цыдысты сæу- мæрайсом. Колхозы правленийы цур бамбырд сты, боны дæргъы чи цы кусдзæн, уый базонынмæ чи æрбацыд, уыцы адæм. Мæскуыйаг сæ æрыхъусын кодта йæхимæ: «Мæ зынаргъ фы- сымтæ! Мах цæуæм Мæскуымæ. Нæ заводы кусы цалдæр мин адæймаджы æмæ нæ иумæйаг æмбырды уыдонæн радзур- дзыстæм: Цæгат Кавказы цæры диссаджы адæм! Советон бæстæйы адæмтæ цы рухс фидæнмæ тырнынц, уый ирæттæ сарæзтой, мæй æмæ æрдæг мах фæцардыстæм коммунизмы». Къамандир фæхъус, фæсагъæсхуыз, фæсасти йæ хъæлæс: — Ардæм тырныдтон... Фæлæ, кæсут, мæ балц цы рæстæг рауади. Мæ зæрдæ мæ никуы асайы: скæндзæни сабыр рæстæг æмæ æрцæудзынæн уæ хъæумæ. Уый та, нæхи куыд равдисæм, уымæй аразгæ у. Хъæу немыц рæстæгмæ бацахсдзысты æмæ уын, лæппутæ, цы фæдзæхсын: æрттиваг, хъулон-мулон сайæн- тыл-иу уæ цæст куы æрхæца — мацæмæй бацыбæл ут: минæ дыл срæмудздзæн. Мæцци æмæ Гарцо хæстонты бахæццæ кодтой комы- дымæгмæ, кæрæдзи цæсгæмттæ нал уыдтой, афтæ æрталынг. Комыдымæгæй раздæхтой сæ уæрдон. Кæрдоджынмæ ма сæ бауайын хъуыди. Комы уазал дымгæ сæ фæсте сырдта. Хъу- лонмæ-иу февзыстой, Зæтинæйы уд уый фæдыл цытæ бавзæрс- та, уыдæттæ лæппутæ зыдтой, æмæ хайуаны æрцæвын сæ зæрдæ нæ куымдта. Кæрдоджыны кæройнаг хæдзæрттæй иумæ бахостой. Кæртæй сыл зæронд лæг бабустæ кодта: — Ацы змæст рæстæджы уæ ацафон цы ’рсырдта? Лæппутæ йын сæ уавæр бамбарын кодтой. Уырыхъæуккæгтæ кæй сты, зæронд лæг уый куы айхъуыста, уæд фæфæлмæн йæ хъæлæс, афарста сæ: — Æмæ уæ уæ хъомгæсты фенын нæ фæнды? — Цавæр хъомгæсты? 63
— Уæ колхозы хуыскъаг хъомтæ сты сæ бæрны. Хæрзиуæг- гур нæм æрбауайынц. — Æмæ кæм сты?! — Нæ фермæты. Æввахс ран сты,— æмæ ма сын фермæмæ фæндаг дæр бацамыдта зæронд лæг. Габийы ма кæй фендзысты, се ’хсæв иумæ кæй арвитдзыс- ты, уый цинæй хæдзары хицауы дзургæ фæуагътой. Разылдтой уæрдон æмæ, Хъулон æппын æнхъæл куыннæ уыди, ахæм цъæхснаг цæфтæ йыл æруади. Хъомгæсты куыйтæ сæм лæбурдтой, Хъулоны фæстæмае тардтой. Рацыди сæм даргъ лæдзæгимæ бæгъæмсар лæг. Кæй фæгуыбыр, уый æхсæвы дæр бæрæг дардта. Уый уыди Габийы фыд Тепсыр. Йæ хæд фæстæ фæзынди Габи дæр. Лæппутæ сæ цины мондæгтæ йæ цуры кæй не суадздзысты, Тепсыр, бæлвырд, уый æмбæрста æмæ сæ цурæй йæхи айста. — Æнхъæлмæ уæм кæсын, уый ницæмæй хатыдтат? — афар- ста сæ Габи. — Мæцци, исты хуызы йæ хатыдтам? — Гарцо та Мæццийы афарста. — Æвæццæгæн, Габи, уæны кæсын байдыдтай? — загъта Мæцци. — Æцæгæй дæр ма! — ныццин та кодта Габи.— Æндæрæбон ам бомбæтæ æркалдтой. Нæ хъомтæй^фæмард. Æргæвдынæн чи сбæззыд, уый Тепса акусарт кодта. Йе уæны йын касти æмæ афтæ загъта: «Мæнæ нæм цыдæр уазджытæ дæр цæудзæн». Æмæ æз æваст уæ дыууæйыл ахъуыды кодтон æмæ нæ фæрæдыдтæн! — Хъæумæ дæ тынг фæнды, нæ? — Æхсæвæр уал бахæрут, уый фæстæ алцыдæр бамбардзы- стут. Фæсахсæвæр æртæ лæппуйы се ’хсæвиуатæй рахызтысты, дæргъæй-дæргъмæ скъæтты чъылдыммæ баздæхтысты. Уым æддæдæр — фаджысы рагъ. Байбын къуырф кæм дардта рагъ, уыцы ран æгуыбыр кодта Габи, къухæй иуварс фæкалдта хус фаджыс æмæ дзы метр æмæ æрдæджы дæргъæн бызгъуырты тыхтæй цыдæр раласта. Йæ цæсгом цинæй куыд срухс, уый талынджы дæр хатыдтой Мæцци æмæ Гарцо. — Фенут ма йæ,— загъта Габи.— Æрысгарут æй. Дыууæ лæппуйы æмæвнæлд фæкодтой æмбæхсæнæй ист æв’æрæнмæ, къухтæ йæм зыд æвнæлд кодтой, къух къухь* къуырдта. — Базыдтон æй! — йæ цин нал баурæдта Гарцо. 64
— Æмæ Габи æрдæбон куы дзырдта, уæд дæ зæрдæ ницæмæ фехсайдта? — афарста Мæцци. Габийы цин суадон фестад æмæ та дзурынмæ фæци: — Нæ колхозæн хъæдрæбын цы нартхоры хуымтæ ис, уым хызтам хъомты. Хуымы’æдде иу ран бæрзонд кæрдæг дзæбæх над. Фæд цыди хъæдырдæм. Бауадтæн дзы. Къутæрты бын ссæст кæрдæгыл æртæ топпы, хызынтæ. Хæринаджы уæлдæйттæ. Топпытæй иу амбæхстон æмæ Тепсамæ фæдзырд- тон. — Иннæтæ дæр цыбыргонд уыдысты? — афарста Гарцо. -О. — Лыгъд лæгтæй баззадаиккой?.. — Тепса загъта: лыгъд лæгтыл та, дам, цуан кодтой. — Обоймæтæй нæ амбæхстай? — Уæдæ,— дзырдта Габи.— Афæнд-иу кодтон хъæумæ истæй æфсон ныууайон, зæгъгæ. Гарцойæн сæхимæ хъарм дзаумайæн йæ фыды цыбыр кæрц радтой. Йæ уæлæ йæ æрбакодта æмæ йæ фæдджитæ зæххыл æндзæвыдысты, йæ цæнгтæ ивæзта, уæддæр дзы йе ’нгуылдзы кæрæттæ дæр дзæбæх нæ разындысты. Нæ йæ куымдта, фистæгæй цæуын мæ куы бахъæуа, уæд, дам, æй мæ фæстæ ласдзынæн? Ныр мæнæ сæхимæ здæхгæйæ кæрцыл тынг бацин кодтой. Арфададжы хъæуæй цасдæр рауадысты, уæд Мæцци фæсагъ- æсхуыз æмæ зæрдиаг хъæлæсæй сдзырдта: — Габийы лæварыл цыма нæ цин фегæр. — Æгæр цин та фарсæй фæвæййы. — Бецийы чи аирвæзын кодта, уыдонимæ Газацце æнæмæнг уыдаид. Баиу та сты... — Салæг та сын — хабархæссæг. Ныр Газацце уый маст дæр исдзæни. Карабин дæлæ хъæумæ æввахс искуы куы бам- бæхсиккам... — Уый онгты уал ныхæццæ уæм. Гарцомæ зæгъынæн бæзгæ^ хъуыды нал разынди, æмæ йæ зæрдæ куыддæр нырхæндæг. Йæ алы къахдзæфмæ дæр Гарцо иуварсæй фауæвæрæджы цæстæй касти, йæхицæн æдзухдæр Цæлхдурæвæрæн кодта. Æмæ та йын-иу Госсох афтæ: «О, гот- лекк, готлекк, афтæмæй куыд цæрдзынæ?» — Кæрцы руаджы ныйирвæздзæн Габийы лæвар,— дзырдта Мæцци. — Дæхи дзы æрбатух, лыггаг дæ риумæ æлхъив. Йæ хаетæл бынмæ. Уæ кæртмæ демæ бацæудзынæн, ныхæстыл сæ ^ Махдуг№ 6, 1999 65
дардзынæн. Ды цæхæрадонмæ базгъордзынæ, цыма дын æркæлы æмæ йæ амбæхсдзынæ. Хъулон дæр сæ нæ ферох. Газаццейы къух æм кæдæм нал бахæццæ уа, ахæм бынат ын агуырдтой. Зæрдæдарæн æмбæхсæн хъæуы нæ ардтой. Фæлæ уал-иу ныр та куы сæ иутæм фæуы- дзæн, куы се ’ннæтæм. Уæрдон цадæггай тылди, æмæ лæппутæй алчи йæхи хъуы- дытыл фæци. Хъулоны кой сæм куы рацæуы, уæд цыма хайуа- ныл нæ, фæлæ Зæтинæйæн йæхиуыл фæтыхсынц. Уыцы æхсæв æм-иу Зæтинæ йæ номæй куы сдзырдта, уæд- иу йæ удмæ цы хъарм бакалд, цы рухс! Мисæрæт сæ хæдзарæй æддæмæ куы рауад, уæд ын Зæтинæ цы ныхæстæ загъта... Ацы хæйрæджыты æхсæвы размæ, дам, фыст куынæ уыдаиккой, уæд ма уæвæн ис æмæ ахæм къуплеттæ фæстæдæр фæзындаиккой? Зæтинæйы цæстытæм бакæсын нал бауæндыд, йæ ныхæстæ йыл арт æфтыдтой æмæ, Мисæрæт фæстæмæ хæдзары куы фæмидæг, уæд ын йæ зæрдæйы фæйлауæнтæ йæ цæсгомыл фыстæй бака- стаид. Мисæрæт æй хæринагæй бабуц кæнинаг уыди, фæлæ йæм нал байхъуыста. Йæ къæхты бын зæхх нал æнкъардта, йæ мидхъæлæс азæлыди: «Зæтинæ мын раргом кодта йæ зæрдæйы- уаг! Зæтинæ мæ уарзы! Йæхи дзыхæй мын æй загъта!» Æхсæвы, йæ зæрдæ куы æрсабыр, уæд æрæвронг йæ хъуы- ды: «Уарзыны кой йæм æппындæр куынæ уыдис, уæд ыл цытæ мысын?! Салæг мæ кæй сæлгъаг кодта, уый зонгæйæ ма мæн тыххæй ахæм къуплеттæ ныффыссис, зæгъгæ, йæ фарста. Æндæр зæгъинаг æм нæ уыди». Гарцо нæ бафиппайдта, чидæр сæ развæндагмæ хæрис бæла- сы аууонæй куыд рауади, уый. Мидæмæ хохмæ куы цыдысты, Мæццийы цæст уæд æрхæцыди ацы бæласыл. Кæрæдзи æмбуар балæугæйæ дзы дыууæ лæджы дæр бамбæхсдзысты, зæгъгæ, дæр ма ахъуыды кодта уæд. Йæ зæнг æмраст суади лæгæмбæрц, уымæй уæлæмæ ныффæтæн, ныггæлиртæ, худ тындзæн къуы- дырыйас къуызыртæ йыл уыцы арæхæй ныббызычъитæ сты. Йæ хус къалиутæ зæхмæ кæй ныззæбултæ сты, уый дæр уæд ацах- ста йæ цæст. Фæндаггæттæ-иу сæ ивæзтаиккой, херы сыл код- таиккой. Бызычъибуар бæласмæ дзæбæх баввахс сты, уæд Мæцци ауыдта: бæласы аууонæй раздæр разынди топпыхæтæл, йæ хæдуæлвæд рагæпп ласта хæмпæлцæсгом. Йæ сæрыл — хъус-: джын худ, уый æддеты басылыхъ дæллоз уагъд. Карабины хæтæлы цæст сæм нындзыг ис. Гарцойы кæрцы бын æмбæхст карабины лыггаджы хуызæн. 66
— Ревж æргеппытæ кæнут æмæ ардыгей лижгæ! — йæ хъæлæс дæрзæг, уазал. — Нæхи уæрдон нæу,— кæуæгау скодта Мæцци. Хæмпæлцæсгом ма иу гæпп æрбакодта, топпы хæтæлæй бæхы рохтæ атъæпп ласта, æмæ Мæццийы къухæй феуæгъд сты. — Ревж, геппытæ! Куыжыхъыбылтæ! — топпы хæтæлы цæст касти Мæццийы риумæ. Мæцци фестади, Гарцойы йæ аууон фæкодта, басхуыста йæ, ома, мæ разæй ныггæпп лас. Куы æргæппытæ кодтой, уæддæр та Мæцци йе ’мбалы бааууон кодта. Хъулоны рохтæ йæ къухы, афтæмæй гуыффæйы сæрхъæдыл æрхæцыд лæбурæг, йæ къах авæрдта цалхы къуыдырыл æмæ сгæпп ласта гуыффæмæ. — Иу ампъез дæр режмæ ракодтат — нæ басауæржен! — иу уазал æрттывд ма сæм фæкодтой басылыхъджыны цæстытæ. — Ды — æнцад,— сдзырдта Мæцци Гарцомæ, йæ бæмбæдж- джыны мидæг хуыд дзыппæй фелвæста наган æмæ, бæх йæ бынатæй куы фезмæлыд, уыцы уысм азæлыд гæрах, нæмыг тыхгæнæджы сæрты куыд ацыдаид, афтæ фæхъавыди Мæцци. Сабитæм хæцæнгарз разындзæн, басылыхъджын уый æнхъæл нæ уыди æмæ бæлæсты аууæттæм иу-иннæ ранмæ дзагъултæ систа. — Рæвдз, æргæпп кæн! — фæхъæр ласта Мæцци.— Топп гуыффæмæ æрæппар! — Хордз, хордз, церен леппуте,— сабыр хъæлæсæй загъта уæрдоны бадæг, йе уæхсчы сæрты та иу дзагъул фæласта æмæ ауыдтаид, наганы хæтæл йæ сæвджын фæсонтæм кæй ныкком- коммæ. — Размæ кæс! Топп æрæппар æмæ гæпп! — Мæцци йын йæ алы фезмæлдмæ дæр йæ цæст дардта æд хæцæнгарз куы асæррæтт ласа æмæ уæрдоны аууонмæ куы баирвæза, уымæй тæссаг уыди. — Цæттын ыл, уе уесайраг ден,— басылыхъджыны хъæлæс ныффæлмæн — рæстæг ивæзта. Мæцци къухы змæлдæй ацамыдта Гарцойæн: галиуырдыгæй йæм цу. Æрбалхъывта наганы мæнгвæдæг, азæлыд гæрах, уый фæстæ та Гарцойы хъæлæс уæрдонæн йæ галиуварсæй: — Дæ хин нæ рауайдзæн! Карабины лыггаджы цæст дæр ма йæм кæй кæсы, уый ауынгæйæ хæмпæлцæсгомы уæнгтæ æфсæрæгау æркодтой, гуыффæйы рагъыхъæдыл æрхæцын йæ къухы нал æфтыд, размæ кæсгæйæ загъта: 67
— Хидзын, хидзын,— йæ хъæлæс рызти.— Куыд дзегъат, офтæ.— Æрхызти, хæрисбæласырдæм ацыди, йæ рахиз къахæй чысыл чиудта. Тыхгæнæгмæ ныры онг æххуысмæ кæй ничи фæзынди, уымæй Мæцци фæныфсджын, уæрдоны куы абадтысты æмæ Мæцци Хъулоны куы æрцавта, уæд ахъæр кодта: — Цæугæ, цæугæ! Чысылдæр исты, уæд дæ дæхи нæмыг баййафдзæн! Хъулон уырдыджы рæвдз згъордта. Къуызырбуар хæрисæй адард сты, уæддæр хайуанмæ æвзыстой. Цы нæ вæййы, искуы кæд йæ бæхы абаста, кæд ма йæм уæлæмхасæн хæцæнгарз дæр ис... Бæхы рохтæ — Гарцомæ, наган дæр уымæ. Карабины лыг- гаг æхсынæввонгæй — Мæццимæ. Æрдузтæ фæарæхдæр сты æмæ æрбахъавæнтæм сæ хъус дардтой лæппутæ. Хъæдбынæй куы фæдæле сты, уæд Мæцци афарста: — Дæ зæрдæ йæм нæ фехсайдта? — Газацце у,— фидарæй загъта Гарцо.— Йæхи барæй скъуы- дайраг кодта. 17 Мæццимæ йæ тарф фынмæ дзырдæуыди. Æнкъардта йæ: чидæр тынг архайдта йæ райхъал кæныныл, фæлæ йæм йæ хъæлæс цъыс-цъысаджы уынæрæй тынгдæр нæ хъуысти. Уый фæстæ сарæх сты ныхылдтытæ, тъæппытæ, фæлæ уыдон дæр ницæмæ æрдардта. Уалынмæ йæ фесхуыстой æмæ цъитидоны скуыси. Куы фехъал, уæд базыдта — йæ мад ын йæ цæсгомыл уазал дон æркалдта. — Рæвдз! Дæ дзаумæттæ акæн! — дзырдта Нутæ. Мæцци йе уæнгтæ ивæзта. Мад ын йæ дзаумæттæ йæ цуры æрæвæрдта.— Колхозы хордæттæ дзæгъæл баззадысты. Адæм хæлофмæ згъо- рынц. Рæвдздæр, рæвдздæр! Гыцца фæцæуы æмæ йæ аййафæм. Хохмæ фæндагæй дæр бафæлмæцыд Мæцци. Ноджы дысон сæ куыдзы рæйынмæ фехъал, чидæр Хъулонмæ бырсы, зæгъгæ, фæгæпп ласта, йæ наган айста, рудзынгæй тыргътæм ахызти, кæрты каурæбын æрдзуццæг кодта æмæ йæ хуыссæг алыгъди. Гарцотæ дæр хæлофмæ æртæйæ рацыдысты. Сæ разæй дæр чидæртæ тындзыдтой, фæсте дæр сæ адæм сырдтой. Сæ ныхмæ фæци, уæныг ифтыгъд кæм уыди, ахæм лæгуæрдон, йæ гуыф- фæйы — дыууæ егъау голладжы. — Гъа, азмæл, азмæл! — сылгоймаг-иу къухæй роды фарс бацавта, хъуырбосыл дæр размæ хæцыди. — Исты ма дзы сæййафдзыстæм? — афарста йæ Нутæ. 68
— Æллах, æллах! — мæсты хæлбурцъ скодта сылгоймаг.— Бирæгътæ, бирæгътæ. Адæймаг куыд ницæмæй æфсæды! — Йæхи куыд ничи уыны,— сбустæ кодта Нутæ. Колхозы кæрты дуæрттæ — уæрæх тыгъд. Дыууæ лæппуйы разæй уадысты, сæ ных сарæзтой мæнæуы гонтæм. Иу ран Гыццайы баййæфтой загъдгæнгæ: — Цы цæсгомæй аласдзынæ ацы кæртæй утæппæт мæнæу? Хъæуæй дæхи айстай æмæ æрттиваг цырыхъхъыты, чъепгонд худы зæрдæфæндонæй дæ рæстæг æрвыстай... Иу æхсæз голладжы дзы равдæлон кодтаиккой, ахæм кæримæ Гыццайы армæй калдысты мæнæуы гагатæ. Кæрийы кæрæтты дæр ма уырдыг лæууыдысты цыбыр комбаст гол- джытæ. Гыцца уыдон дæр сгæрста. Загъд кодта бæрзонд лæппу æмæ йæхи карæн сылгоймагмæ. — Цы дæ хъæуы, уый сæвгæн,— сабыр хъæлæсæй загъта лæппу. — Æз дын мæхи кой кæнын? — нæ састи Гыццайы хъæлæс.— Хъызты æмæ сусæны тæвды уыргæфтыд чи фæци колхозы бы- дырты, уыдонæн — мучъа, йæ удыкъоппа чи фæъъахъхъæдта, уыдон та уырытау сæ рабынтæм ласынц. — Нæ зоныс, ницы зоныс, Гыцца... — Лæгтæ лæгдоны вæййынц, уый зонын...— Гыцца йыл йæ къух ауыгъта æмæ сæ цурæй ацыди. «Батмырз у»,— йæхицæн загъта Мæцци, хæсты райдианы дæр ма-иу æй^стæм хатт ауыд- та, уыди-иу ыл теглахуд, ныр ыл — къепкæ. Йæ кой-иу рауад, хъæуы фæсивæдæй хæстæй сæхи чи фæтылиф кодта, уыдоны нымайгæйæ. — Гыцца, ма ма сæм загъд кæн,— алæгъстæ кодта Нутæ.— Хæлофы рæстæг у, кæмæй ма цы домыс? Нæхæдæг мæнæуæй æнæхай кæнæм. Уæдмæ лæппутæ азгъордтой, кæм ма цы ис, уый базо- нынмæ. Иу гонмæ дæр нæма бахæццæ сты, афтæ Мæцци дзыхълæуд фæкодта, удаист хъæлæсæй сдзырдта: — Хъулон йæ бынаты нал ис, уый дын зæгъын! — Куыд нал ис? — фæудаист Гарцо дæр. — Газацце хæлофы хабар афоныл базыдтаид, нæ хæдзармæ йæ хъус дардтаид... — Æмæ кæд уыдон дæр ардæм ратагъд кодтой? — Бæх уал бафта йæ къухы... Згъорæм! Мæцциты кауын кулдуар ныййæфтой, лæгуæрдон кæуылты батылдаид, уыйбæрц гомæй. 69
— Бигъа Хъулоны амыргъта! — адæргæй сдзырдта Мæцци æмæ кулдуары цур лæугæйæ аззади. — Кæд уæхицæн айрох гомæй? — Нутæ йæ ницы хуызы ныууагътаид... Бæхы хъомтимæ бакодта Мæцци, кæвдæсмæ йæ цыбыр ба~ баста. Скъæты дуар дæр баййæфтой гомæй. Бæх дæр нал,: хъомтæ дæр. Дуармæ æввахс разынди гуыдыр æд æвдузæнтæ: — мæцъисæй йæ рарæдывдæуыд. ; — Иумæ йын тæрын бакуымдтаиккой? — йæ гуырысхотæ дзырдта Гарцо.— Стуртæ кæд сæхи ’гъдауæй рацыдысты æмæ ам искуы хæстæг сты? ] Хъæуы бынмæ нызгъордтой, Мæцци фосмæ сæ нæмттæй сидти: — Зыгъар, Зыгъар! Уæздан, Уæздан! Ницы. Фæстæмæ фездæхтысты, кулдуар бассыдтой æмæ уынджы уæлæмæ сызгъордтой. ! — Ау, хъомтæ дæр атардтаид? — гуырысхо кодта Мæцци дæр.— Æмæ Бигъайы хæлофмæ дæр згъорын куы хъæуы. I — Цом ма, Уæги дзы уæддæр уыдзæн, ам ницы базон-! дзыстæм... ’ — Ахсæв, æвæццæгæн, æргом рацæудзысты,— загъта Мæцци.— Сæ цæсгæмттæ ныккоса кæндзысты... { — Æргом куынæ бауæндой, уæд та сæ къабатæ кæнын хъæудзæн. 1 Дзаг голджытæ ластой лæгуæрдæттæй, æккойæ хæсджы-' тыл дæр æмбæлдысты лæппутæ. Фæстæмæ хоры кæртмæ сæввахс сты, афтæ дын чысыл фалдæрæй райхъуысти топпы гæрах. Сæ фæндаг цыма фескъуыди — лæппутæ сонтæй фæлæууыдысты/ Дыккаг гæрах фыццаджы хуызæн нæ анæрыди — хус зæлланг ацахстой хъустæ. Уый фæстæ лæппутæ раиртæстой, нæмгуытæ гонты сæртыл кæй уайынц, æмбæрзæн дуртæ тæгæлтæ кæй ха^ уынц. Кæртæй ссыди сылгоймæгты цъæхахст. Гæрæхтæ фæарæхдæр сты. Чидæр хъæрæй ныккуыдта. Иу — иннæ ранæй райхъуыстысты удаист хъæртæ. Мæцци куыд бамбæрста,1 афтæмæй гонты æмбæрзæн дуртæм хъавыдысты æртæ ранæй^ Гарцо æнхъæлдта: уынгты сызгъордзысты æмæ хъæусоветЫ тигъæй бакæсдзысты хорæфснайæн кæртырдæм. Тарст адæд^ уырдæм ныххæррæтт ластаиккой. Мæцци сдзырдта: I — Мæнæ быруйы рæбынты базгъорæм. Быруйы рæбынты ахъуызыдысты. Уæдмæ гæрæхтæ фенца- дысты. Гыцца Батмырзæн алывыдтæ цы гоны цур калдта, уый ба- 70
цæуæнтæм бакастысты кауы зыхъхъыртæй. Уый фæстæ кауы сæрмæ схызти Мæцци. Змæлæг дзы не ’руыдта, кæритæ æмæ дзаг голджытæ æнæхицæуттæй аззадысты. Æрхызти дæлæмæ Мæцци, загъта: — Ды та Бигъайæн, хæлофæй æнæхай куы фæуа, уымæй тарстæ. Æмбæрзæн дуртæм барæй хъавыдысты. Адæмы фæтæр- сын кодтой, ныр скъæфдзысты дзаг голджытæ. — Æмæ кæртæй æндæр ацæуæн куынæ ис, кæуылты сæ лас- дзысты? — Уый базонын хъæуы,— бæхдонырдæм ацамыдта Мæцци.— Цом^ фалдæр. • Йæ роны йæ къух фæцавта, бæмбæджджыны дзыппæй на- ган сласта æмæ йæхи фæразæй кодта. Рæбинаг гоны раз кауы хуынчъытæй бауыдтой цалдæр змæлæджы. Уæртæ голджыты цур бадзыгуыр сты. Лæппутæ дзуццæджы æрбадтысты. Змæлджыты æндæргтæ дзæбæх ир- тæстой, иу иннæйы йæ аууон кодта æмæ сын банымайæн нæ уыди. Уæртæ сæ иуы æккоймæ голлаг сæргъæвтой. Уаргъхæссæг сæм комкоммæ æрбатындзыдта, гонæй быруйы æхсæнты бауа- ди. Лæппутæ йæ фæдыл ахъуызыдысты. Уый бæхдоны кæртмæ ныххызти. — Уырдæм сæ фæхæсдзысты, стæй... — Уæрдон дæр сæм уыдзæн. Бæхдоны рудзынгæй сæ чъыл- дыммæ дæтдзысты... — Кæд Хъулоны дæр аифтыгътой? Каурæбынты фæстæмæ ахъуызыдысты, быруйы сæрты агæпп ластой æмæ — згъоргæ. Хъæусоветы дуармæ сæййæфтой цалдæр сылгоймаджы. Цæхгæрмæ уынджы чысыл фалдæр — сылгой- мæгты иннæ къорд. Уыдонæй фалдæр лæууыдысты лæгтæ. На- уырыз сæ астæу бæрæг дардта. Уым разынди, Гыцца кæмæ фæзагъд кодта, уыцы Батмырз, ахуыргæнæг Кæлимæты фыд Готтор, йæ кæрцы къæритты тæрттæ гом, йæ астæуыл хъама баст. Йæ хæрздаст цола цæсгомæн цыма рихитæ уæз кодтой, афтæ æрзæбултæ сты. Лæппутæ базыдтой: удаист адæм куы ралыгъдысты, уæд хордæтты кулдуар мидæгырдыгæй æхгæд æрцыди. — Кулдуар ныссæттын хъæуы,— домаг хъæлæсæй дзырдта Готтор.— Уыдон æцæгæлæттæ не сты, немæ сæ цæрын хъæудзæн земæ хæцæнгарз сисын нæ бауæнддзысты. Нæ тæппуд нын зо- нынц æмæ нæ фæлидзæг кодтой. Цæмæ æнхъæлмæ кæсæм?.. — Мах сæм сусæгæй бакастыстæм,— йæхимæ сæ æрыхъу- сын кодта Мæцци, цы федтой, уыдæттæ радзырдта æмæ быды- 71
рырдæм ацамыдта.— Бæхдоны чъылдыммæ ныццæуын хъæуы. Бæхдоны къулрæбынты ныхъхъуызыдысты Мæцци, Гарцо, æмæ Батмырз. Цасдæр-иу нызгъордтой æмæ та-иу къулыл сæхи аныхæстой. Дæрддзæфæй ныууыдтой: бричкæйы цур змæльн дысты цыппарæй. Дыууæйæ архайдтой гуыффæйы, дыууæйæ; голджытæ истой бæхдонæй æмæ сæ-иу бричкæмæ сæппæрстой. Сæ æдас уавæрыл сæ зæрдæ дардтой æви,— цæст куы нал феф-1 сæды, уæд адæймаг акуырм вæййы — сæ уæлхъус цалынмæ; алæууыдысты, уæдмæ сæ нæ бафиппайдтой. Батмырз ахъæр’ кодта, кæцæй фæзындысты, уыцырдæм: — Ардæм, ардæм! Куыстытæ иууылдæр ам сты! Гуыффæйы лæууыдысты Салæг æмæ Басил. Голджытæ сæм чи лæвæрдта, уыдон разындысты Газаццейы хо Уæги æмæ Са- лæджы мад Гыдæ. Батмырз бæхы рохтыл æрхæцыд æмæ сабыр хъæлæсæй загъта: — Ацы бричкæ нæ мидæгæй куы уыдаид! Фæлæ, ницы кæны, ныр дæр дзы фæпайда кæндзыстæм. Лæгтæ сæм æрбаввахс сты, сылгоймæгтæ сæ фæдыл згъорд- той. Мæццийы бæллиц уыди: Басил ницы фæлæ иннæтæй куы ничима æрчъицид æмæ, голджытæ бæхдонмæ чи скъæфы, уыдон’ дæр ма куы раргом уаиккой. Фæлæ Гыдæ хъæлæсыдзагæи ныхъхъæр ласта: — Мæнæ хæйрæджы фæтдзæгъдæнтæ нæ фæдыл бафтыды-; сты! — иу къухæй Гарцойыл фæхæст, иннæмæй Мæццийыл æмае сæ нытть*лдта. — Нымудзджытæ! Нал нæ ныууадздзыстут? Знаджы нэемыджы амæддаг бауат рæхджы бон! Гыдæйы уæлхъус алæууыд Готтор, йæ цонг ын æрриуыгъта:, — Дæ къухтæ айс, тъуртъмайнаг! — Адон нæ гæрæхтæ кодтой? — Науырыз та сæм къухау- уонæй касти. Хъæуы скæсæн фарсæй суанг рæгъты хъæды рæбынтæл* айтыгътой нартхоры хуымтæ. Дæргъмæ-цæхгæрмæ сыл фæзыл- дысты дыууæ лæппуйы Мæцциты хъомтæ агургæйæ. Хуры цæст æрæндæвта, дымгæйы уддзæф хуымы астæумæ нæ хæццæ код- та, æмæ лæппутæ ныффæлладысты. Дысон хæлофæй куы æрцыдысты, Мæцци ма уæд дæр фæца^ гуырдта сæ хъом хъæуы алывæрсты. Сæхимæ баййæфта дæс хæстоны. Сæ кæрт æмæ цæхæрадоны кауы æмбуар уираг дуртзе самадтой — бахъуаджы сахат салдат кæй аууон æрхуысса^ топпы хæтæл кæй сæрты адара, ахæм фидæрттæ ацарæзтой сæхицæн. Мæцци уайтæккæ хуыссæн бацагуырдта. Райхъал æй 72
кодта Гыцца. Бæстæ — рухс. Фестын æй кодта, Саргъобаумæ æввахс, дам, нын хъæддзаутæ нæ хъомты федтой. Уый размæ ма хъомтæ уыцы хуымтæм баирвæзтысты æмæ сыл баууæнды- дысты. Рæстæг згъордта. Хур йæ ныгуылæн арвгæронмæ ныввахс. Иу рæстæджы Мæцци загъта: — Æнхъæлдтон, Саргъобауырдæм цæудзыстæм æмæ йæм гагъд фæхæццæ уыдзыстæм. Æвæццæгæн, æндæрырдæм арæ- дыдыстæм. Мæццийы зæрдыл æрлæууыди: хъæуæй кæсгæйæ Саргъо- бау æмæ, йæ фæстæ дзæбæх тар чи дары, уыцы Мæнгком иумæ ацахсы цæст. Ком бацагуырдта Мæцци æмæ уыцырдæм цыдыс- ты. Иуафон обауыл сæ цæст æрхæцыд. Саргъобау æй уалæ Хъазыбеджы дыгоппон цъупмæ гæсгæ рахуыдтаиккой. Ныр сæ цæст дзæбæх нал ахсы, фæлæ, дам, раджы кæддæр ацы обауæн бæлвырд бæрæг дардтой йæ дыууæ гоппы, сæ иу иннæмæй бæрзонддæр. Хæдтæхæджы уынæрмæ фæкъæрцхъус сты. Ныгуылæныр- дыгæй хъæуы сæрты йæхи æрбайста, фæлæ йæ хъыгдарæг нæ фæци. Мæцци сæхицæй куы рацыди, уæд йæ хъус æрдардта хæстонтæм. Чи сæ рæдзæ-мæдзæ кодта, чи тамако дымдта, чидæр комдзаг æууылдта... Иæ зæрдыл æрбалæууыди, аууæтты кæй ныгъ- уылдысты. Фыдгулы хæдтæхæг хъæдмæ æввахс рахизырдæм æрзылди æмæ Арфададжырдæм афардæг. Хæстонтæй, æнæуи адæмæй, уым цы фæндаг цæуы, ууыл бирæ змæлæг вæййы, æмæ йæм фыдгул æдзух йæ хъус дары. Дзæбæх ма йæ уыдтон, уæд хæдтæхæг цæхгæр æрзылди æмæ нартхоры хуымты сæрты йæхи пыллæджыты рауагъта, азары тас таугæ æввахсæй-æввахсдæр кодта. Йæ уынæрмæ гæсгæ йæ базыдтой — æнахуыр стыр гуыбын кæмæн ис, уыдонæй уыди, йæ дзуарса хæлуарæг-нысантæ уыцы æргомæй фæзынынц, йæ тахт ныссындæг кæны. Лæппутæ обауы сæрмæ цалынмæ суадысты, уæдмæ гуыбынджын хæдтæхæг дзæбæх адард. Далæ хуымы кæронæй бирæ дæлдæр нæ атахтаид æмæ фæстæмæ сыздæхти. Ныр дæр та обауæн йæ хъæдрæбынырдыгæй фæрсты сфардæг. Лæппутæ агуырдтой, гуыбынджын кæуыл цуан кæны, уыцы амæддæгты. Сæ къахфындзтыл дæр ма-иу слæууы- дысты. Хæдтæхæг цасдæр сфардæг, афтæ йæ фæстæ бомбæ срæмыгъта, æвæццæгæн, нартхоры хуымæй æддæдæр. Хæдтæхæг æрзылди, æмæ та дзы лæппутæ сæ цæст нал истой, йæ гуыбын партхоры хъæдтыл хафта, афтæ ныллæджыты цыма рауагъта йæхи. Сæ тæккæ сæрты кæй æртæхдзæн, уый дардмæ дæр бамбæрстой. 73
— Федта нæ! — бафтыди ма Мæццийы къухы сдзурын æмæ. дæлгоммæ ахуыссыдысты. Мæццийы сæры фегуырди: «Сæхсын. æй хъæуы!» Ахæм фадат ын никуал фæуыдзæн. Иæ хъуыдытæ; рауадысты æнахуыр уырнинаг: йæ нæмыг æнæмæнг уый дын-, джыр гуыбыныл сæмбæлдзæн! Наган йæ къухы фегуырди æмæ; уæлгоммæ æрфæлдæхт. Фембæрста ма, кæй йын айрæджы, на-' ганы мæнгвæдæгыл уысм фæстæдæр кæй æрбахæцыд. — Æхсгæ нæ кæны! Амбæхсæм! — Гарцо фестади, обауæн^ йæ хъæуырдыгæй фарсмæ нызгъордта, Мæцци йæ фæстæ, хуы-, мы дымæджы хæмпæлты сæ сæртæ фæцавтой. Цыма обауыл; йæхи скъуырдзæн, афтæ ныллæджыты та стахти гуыбынджын хæдтæхæг, йæ тæгæлтæхауæг нæрынæй хъусты дзæнгæрджытæ; базгъæлæнтæ сты æмæ та нæ фехъуыстой, нæмгуытæ сæ алы- вæрсты зæххы куыд ныгъуылдысты, уый уынæр. — Мах кæй æхсы, уый нæ бамбæрстай? — афарста Гарцо. — Ууыл ма уыдтæн — йæ гуыбынмæ йын хъавыдтæн... — Дæлгоммæ ахуыссыдтæн,— дзырдта Гарцо.— Мæ рахиз, цонгыл сыджыты муртæ æрбакалдысты. Фæкастæн — чысыл æддæдæр зæхх хæмпусгонд къуырфæй аззади. * Сæ алфамбылай куы ныссабыр, уæд лæппутæ обауы сæрмæ: ссыдысты. Гарцо ацагуырдта, дæлгоммæ кæм ахуыссыд, уыцы бынат æмæ сдзырдта: — Мæнæ ма кæс, йæ нæмыг кæм суади,— æрбадти дзуццæ-; джы, къуырфауæй кæм аззад, уый йе ’нгуылдзтæй къахынмæ, фæци. Уæгъд сыджыт скалдта, фæлæ уыцы фæлтæр бирæ нæ уыди æмæ æууад зæххæн йæ бон ницуал баци. Бомбæ кæм æрхауди, уыцырдæм æдзынæгæй фæкастысты лæппутæ, фæлæ дзы цæст ницæуыл æрхæцыд. Цымæ дзы ницы фыдбылыз æрцыди, зæгъгæ, сæ цымыдис уыцырдæм ахуыд- та. Бомбæ æрхаудта фæндагæй чысыл æддæдæр, уыйас арф дзыхъхъ не сфæйлыдта, йæ алыварс нартхорыхъæд ныббыгъуы ласта. Дзыхъмæ æввахс дæргъæй лæууыди бæх. Йæ хуылфы- дзаумæттæ йæ фарсыл æрлæсæн кодтой æмæ зæххыл æрындз- æвыдысты. Йæ дзылар — йæ уæлæ, йæ саргъ — иуварс. Лæппутæ кæрæдзийæн цæстæнгасæй æмбарын кодтой: йæ барæг æввахс, ран хъуамæ уа, æвыдæй нæ баззади, æндæр уæдæй нырмæ йæ! бæхмæ зындаид. Гуыбынджын цуангæнæг йæ сæрмæ куы фе-,, гуырди, уæд йæ бæхы фæуагътаид, нартхоры хуыммæ лыгъда-' ид. Барæг разынди нартхоры хуымы ссæдз метры бæрц мидæгдæр. Нартхорыхъæдтæ æмæ фæсал йæ быны ссæст. Бай- 74 у
иæфтой йæ бадгæ, йæ рахиз къах дæргъæй лæууыд. Бæлвырд, сыр-сыр айхъуыста æмæ къæрцхъусæй аззад. — Ила у! — сирвæзти Гарцойæ, йæ хъæлæсыуагыл фæбæрæг, кæй йæ базыдтой æмæ сæрæгасæй кæй баззади, уыдæттыл кæй цин кæны. Лæг йæ уæлдзармхудыл уæлдæр схæцыд æмæ сæм æдзынæгæй ныккаст. — Кæмдæр ма уæ федтон,— загъта Ила, йæ ных анхъырдтæ. — Хъæуы нæ федтай,— загъта Гарцо. — Уæ уæрдон доны куы ныффæлдæхт,— загъта Мæцци,— дæ наган доны куы ныххауд...— æмæ йæм худти, ома, ды йæ уæд дæр сæфтыл банымадтай, фæлæ ныртæккæ дæр мæхимæ ис. Дæргъæй йын цы къах баззад, уымæ кæсыныл фесты лæппутæ: дæлæ цырыхъхъы уæлфад — рæдывд, туг дзы лæсæн кодта. — Ам дæлгоммæ ахуыссыдтæн,— загъта^ Ила.— Бомбæйæ аирвæзтæн, фæлæ мыл йæ нæмыг суад.— Йæ хызынмæ аца- мыдта.— Кард дзы фенут, цырыхъхъы хъус суанг фындзмæ лыггæнинаг у. Хызыны разынди æдкæрддзæм кард, сау сыкъа фистон ын. Ила йæ цæнгтæ фæбыцæу кодта зæхмæ æмæ йæхи фæстæмæ ауагъта, ома уæ куыст кæнут. Мæцци цырыхъхъы хъусы бын карды бырынкъ атъыста, дисны бæрц æй фæлыг кодта. Уыйфæстæ Гарцо лыг хъусы кæрæттæ фæйнæрдæм ивæзта, Мæцци йæ хъавгæ лыг кодта. Цырыхъхъы лыг фындзæй туг лыстæг сæнтсырх æндахæй акалди. Цырыхъхъ иуварс аппæр- ста Мæцци. Цъæх фæсмын цъындатугамæст. — Цъында аласут,— загъта Ила. Уыцы курдиат куы сæххæст кодтой, уæд та сын хызынмæ ацамыдта. — Хæдон сисут, уадздзæгтæ дзы рауадзут. Туг бауромын хъæуы. Бæхсныг дæр фенут, къæцæлыл тыхт. Хызыны разынди хæсгард дæр, авджы хъуыры — къæрмæг тъыст. Куыд сын амыдта, афтæ цæф къах хъæддых æрбатыхта Мæцци хæдоны уадздзагæй, йæ кæрон куыннæ феуæгъд уа, афтæ йыл хæцыди Гарцо, хъæддых ивæзт синагæй йæ фæтых- той, къорд хатты йæ бабастой æмæ йыл æдде сыгъдæг фæсмын цъында скодтой. Синагæй ма цы баззади, уымæй та сын йæ цæф зæнг фадхъулты сæрмæ хъæддых æрбатухын кодта — туг цæф къахмæ мауал хæццæ кæна фыццагау. — Зæрдæ йæ зоны,— загъта Ила,— мæ бæх нал ис... — Мардæй йæ баййæфтам,— загъта Гарцо.— Бомбæ^йæ цуры сæмбæлди. — Йæ саргъ ма цымæ истæйаг у? 75
— Саргъмæ афтæ не ’ркастыстæм. Дзылар йæ уæлæ уыди..., — Кæд ма саргъ æмæ дзылар бæззынц, уæд сæ бæрæг ран куы бааууон кæниккат. Уыцы курдиат дæр ын сæххæст кодтой æмæ та йæ уæлхъус алæууыдысты. — Мæ ирвæзынгæнджытæ стут,— загъта Ила.— Бахъуа- джы сахат мæ цуры куыд фегуырут... Фæсрагъмæ Мæнгкомыл салдæтты къорды фæхæццæ кодтон,— хъæдырдæм ацамыдта.— Рагъы фале сæ Лæбырдты комы дымæгмæ фæхæццæ кодтон. Хид рæмудзынмæ тагъд кодтой. Фæстæмæ ардæм рахызтæн. Арфадагмæ тырныдтон, фæлæ ма ныр цы...— йæ кæуындзæг йæ хъуырмæ сцæйхæццæ, æмæ фескъуыди йæ ныхас, йæ цæстытæ æддæгуæлæ æрæвæрдта. — Мах бон дын ницæмæй у баххуыс кæнын? — бафарста Гарцо.— Зæгъ нын æй. — Сымахæй аразинагæй дзы ницы.ис... — Хъæумæ дæ бахæццæ кæнæм,— загъта Мæцци.— Уæр- дон куы ссарæм, уæд дæ Арфадагмæ аласдзыстæм. — Æхсæвыгон дæр дæ аласдзыстæм,— загъта Гарцо дæр. Мæцци ма йын зæрдæ бавæринаг уыди ныфсфидарæн, кæрдæджытæй хосгæнæг дæм схондзыстæм, зæгъгæ, фæлæ йæ хъуыды уæлæмæ нал загъта. — Фыдæбойнаг уын фæдæн.— Ила зæхмæ ныккасти, цыдæр гуырысхоты ахæсты фæци, ахсджиаг курдиат æм цыма уыди, фæлæ йæ йæ цæсгом зæгъын нæ хъæцыди æмæ та фæхъус. Иу рæстæджы йæ сæрыл схæцыди æмæ цымыдисфарст акодта: — Хъæу куыд у? Нæхионтæ уæм нал фæзындысты? — Дысон фæзындысты,— загъта Мæцци.— Фидæрттæ æмæ хъавæнтæ арæзтой. Илайы цæстытæй рухсы цъыртт ракалди æмæ афтæ бакод- та: — Омæ уал уæд хъæумæ... Хæстонтæм кæд исты хостæ дæр разынид. Хызын бабæстон кодта Ила æмæ йæ йе уæхскыл æрца- уыгъта. Дзæбæх лæдзæг ын ралыг кодтой æхсæры къутæрæй. Йæ дæлæрмтты йын сæ къухтæ фæцавтой лæппутæ, йæхæдæг лæдзæг зæхмæ фæбыцæу кодта, йæ цъупмæ сивæзта йæ къухтæ, фидар ыл æрхæцыди, фæбыцæу кодта йæ дзæбæх къах æмæ слæууыди. Хъæддзауты фæндагмæ сцæхгæр кодтой. Хуымы кæронмæ ахæццæ сты, афтæ фæталынггæрæттæ. Хъæумæ ма сæ хъуыди иу гæпп, фæлæ Ила загъта: — Чысыл та аулæфæм. Хурхæй уæ амардтон. 76
Иу æрулæфтæй-иу иннæйы æхсæн бæрæг рæстæг рауади. Иыр сæ фосхизæн быгъдæг быдырмæ ахизын кæй хъуыди, уый ауынгæйæ, Ила йæ къахдзæф фæсындæг кодта. Мæццийы зæрдæ йæм фæкъæпп ласта: «Йæ къах æй хъæумæ нæ хæссы. Цуан кæуыл кодта, уыдонæй æдас нæ уыдзæн, хъæу ын къæппæг фестдзæн. Æмæ йæ уæд уырдæм цæмæн кæнæм?» Гарцоимæ кæй ныссуйтæ уыдзысты, уый Мæццимæ æгæр дæр ма бахъард- та. Цæф лæджы кæдæм бакæндзысты, ууыл дæр нæ ахъуыды кодтой. Хъæдрæбынæй куы рараст сты, уæд Мæццийæн гуы- рысхойаг нæ уыди, сæхимæ йæ кæй бахондзæн, уый. Фæлæ йæ цымæ хъæуыл цæхгæрмæ ахизын бафæнддзæн? — Ила, махмæ уыдзынæ,— загъта Мæцци æмæ ахъуыды кодта: «Кæм цæрæм, уымæй куы фæрса, уæд æцæг тæрсы...» — Сымах кæцырдыгæй цæрут? — афарста Ила. — Кæрæфдоны был. Хъæуыбынæй цыппæрæм хæдзары. — Уыйонгты ма фæхæццæ уыдзыстæм? Мæнæ ам кæронæй искæм... Науæд та бæхдоны... «Æппындæр ыл куы никæй цæст æрхæцид, уый йæ фæнды»,— хъуыдытæ кодта Мæцци, Илайæн æдасдæр кæм уыдзæн, ахæм бынат ын агуырдта, фæлæ ницæуыл хæст кодта. Æгæр ныффæстиаг сты, сæ хид байсысти уæдмæ. Æруæз- зау сты лæппуты уæнгтæ. Буар мысыди хъарм хуыссæн, фæллад цæстытæ сасмæй сæрста, цæстыхаутæ кæрæдзиуыл ныхæста. Раст уыцы рæстæг хъæуырдыгæй æрбахъæрчындæуыд: — Мæцци! Гарцо! — Агурынц уæ,— загъта Ила æмæ цыма фестыны змæлд бакодта. — 0.— Мæцци фестади, Гарцойæн афтæ: — Ануса æмæ Нутæ сты,— æмæ азгъордта, уайтагъд æй талынг аныхъуырд- та. — Гарцо-о-о! Мæцци-и-и! — Гарцо Нутæйы хъæлæс базыд- та — йæхи фырты ном разæй нæ загъта. Æртыккаг хатт та фæдисон ус раздæр загъта Мæццийы ном — уый та Ануса уыди. Уый фæстæ талынг быдыр ныссабыр, æмæ бæрæг уыди — Мæцци сæм бахæццæ. Мæцци тагъд фездæхти, сабыр хъæлæсæй загъта: — Хъæумæ сæ арвыстон. Зæгъгæ æндæр ницы кодта, уæвгæ та хабæрттæ афтæ рауа- дысты: Ануса æмæ Нутæимæ агурæг рацыди йæ фæзыхъæуккаг хæрæфырт Дабег. Хæдзармæ изæррухсæй фæзынди. Йæ уындæй Мæццийы зæрдæ барухс, фæлæ, нæ хæстонтæ хъæу ныууагъ- той, зæгъгæ, йын куы адзырдтой, уæд ыл ногæй йæ фæллад 77
æртæфсти. Загътой: куыддæр фæизæргæрæттæ, афтæ æнæстыф, æнæуынæрæй сæ хæссинæгтыл схæцыдысты æмæ хъæуæй сæхи айстой. Ацы хабар Илайæ æмбæхсын бæргæ нæ хъуыди, фæлæ дзы йæ ныфс куыд тынг асæтдзæн, уый хынцгæйæ йын æй дзу- рын дæр нæма уæндыд. Ноджыдæр ма иу зæрдæхсаинаг. Æрдæбон ардыгæй фæдисæттæм згъоргæйæ обауы хъæуыр- дыгæй фарсыл бæх куы бауыдта, уæд йæ зæрдæ ницæмæ фех- сайдта. Фæлæ, фæстæмæ куы раздæхти æмæ, йæ цæст куы ни- цæуыл æрхæцыд, уæд æрбалæууыд йæ зæрдыл, хайуан хизгæ кæй нæ кодта, æнцад бæхбæттæныл бастауæй кæй лæууыди. Чи зоны, йæ хицау обауы фарсыл йæхи æруагъта, æвæццæгæн, хъæумæ чи нæ тагъд кодта, æви кæмæдæр чи æнхъæлмæ касти, ахæм у. Йæхи æруагъта, бæхы рохтæ йæ къухты, æмæ афынæй. Мæццийы уынæрмæ фехъал æмæ уырдыгæй йæхи айста. Мæнæ ныр Мæцци йегас буарæй дæр æнкъардта, чидæр сæм йæ цæст кæй дары æмæ сæ ныр уæгъд кæй нал суадздзæн. Дарддæр сын цы гæнгæ у, уый йæ зонд нæ ахста æмæ йæ ныфс састи. Фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыди, йæ наган Дабегмæ авæрыны хъуыды йæм афоныл кæй разынди, кæй фæцарæхсти æмæ та йæ зæрдæ чысыл фæлæууыди. — Æз æрхъуыды кодтон,— загъта Гарцо, фестади, Мæццийы фарсмæ балæууыди.— Гауетæм бацæуæм.— Илайæн та ныфсæвæрæнæн афтæ: — Нæ акомкоммæ быдыргæрон цæрынц. Нæ хæстæджытæ сты. Æз сæм раздæр бауайдзынæн... Мæцци та йæхи хъуыдытæ кодта: «Уæрдон куы уаид, уæд æй æвæстиатæй аласиккам Арфадагмæ. Уырдæм æй куыд тынг фæнды, йæ бинонтæ кæд уым сты? » Гауеты хæдзары дуарыл цæхгæрмæ æртæ æнæхсæст фæйнæджы гæбазы тарвазмæ хуыд, рудзгуыты ставнæтæ се ’вдузæнтæй æнгом æхгæд. Госсохæн Гауе уыди йæ мадыфыды хойы хистæр лæппу. Йæ фырттæ дыууæйæ дæр — Сырх Æфсады къамандиртæ. Æвæццæгæн, уыдоны дæр хохмæ аластой, æваст фæраст уыдаиккой. Кауын кулдуары бæстытæ халыныл афæстиат сты лæппутæ. Хæдзары дуармæ æвналын сæ нæ бауагъта Ила. Афтид скъæтмæ хъæллæгъы куыристæ бахастой, фæрсæй-фæрстæм сæ æнгом æрæвæрдтой. Илаиы куыддæр йæ лыстæныл æруагътой, афтæ дон бацагуырдта. Йæ хызынæй йын афтид авг фелвæста Гарцо æмæ скъæтæй рауади. Мæцци та йын нывæрзæн кæнынмæ фæци. Куыристæй иу æрбайста æмæ йæ цæхгæрмæ авæрон, зæгъгæ, куыд æргуыбыр кодта, афтæ йыл чъылдымырдыгæй кæйдæр 78
хъандзал къухтæ атыхстысты. Фæхъандзал ма сты йæхи цæнгтæ дæр, фæйнæрдæм ма сæ атъæпп ласта, фæлæ йын дзæгъæл фæлтæрæн рауади. Иу уысм ма æмæ айхъуыста, Илайыл йæхи чи андзæрста, уыцы пъæззыйы лæф-лæф. Уый фæстæ та цæстæй ауыдта: дæлæ йыл бæхбадт акодта. — Сым дæр ма скæнут,— хæрхæргæнаг хъæлæс райхъуысти чъылдымырдыгæй, схуыфыди æмæ дзы хус æхситт сыхъуыс- ти.— Сабыр уæ хос. Æртыккаг лæг дæр йæхи равдыста, æргуыбыр кодта Иламæ. Райхъуысти хъæллæгъты сыр-сыр, йе змæлдмæ гæсгæ джигул кодта, райдыдта нывæрзæнæй, йæ кæрæф къухтæ лæбурдтой, тъæппытæ кодтой. — Гъо-гъу-гъ-гъ! — ныуунæргъыдта Ила. Уый йын æртык- каг йæ цæфмæ гуырымыхъ æвнæлд фæкодта, сыстъæлфыди Ила æмæ, йæ риуыл бæхбадт чи кодта, уый иуварс фæфæлдæхт. Фæлæ рæвдз фестад æмæ йыл ногæй йæхи андзæрста. — Хæцæнгарз кæм ис? — хуыфæгмæ срæмыгъта джигулгæ- нæджы хъæлæс.— Зæгъ æй, науæд дын дæ цæф къах... — Баожыг и,— загъта дыккаг пъæззы.— Æллæмæгъ ысты йæ габæзтæ. — Сайы! — Нæ цойы. Цонтæй баожыг. «Гуыбыр хæрисы аууонæй нæм чи рацыд, уый у!» — ахъ- уыды кодта Мæцци. Илайы йæ бынатæй ахастой скъæты иннæ къуыммæ, куы- ристæ иугай истой, бауыгътой сæ-иу. Фæджигул кодтой Мæццимæ дæр, йæ дарæстæ йын цыма йæ буарыл ныхæстой. Фæсусхъæлæс æй бафарста: — Цы агурын, уый бамбæрстай? — Хæцæнгарз. — Æмбаргæ лæппу! — йе уæхск ын æрриуыгъта.— Дæлæ уый цы фæкодта йæ хæцæнгарз? — Ницы йæм федтон. — Уæд дæхион та ць'1 фæци? — Нæ мæм уыди. Йæ рахиз уадулыл хуылыдз арм сæмбæлд, æнгуылдзты фæдтæ судзæгау скодтой. — Радт æй æмæ сæрибар дæ. — Цы мæм нæй, уый уын куыд радтон? — Наган дæм ис. — Нæй. — Лыггаг дæм ис! — Нæй. 79
Зынгарм та йын йæ рус асыгъта, йæ сæр разилæгау кодта, æмæ ницæмæуал сарæхсти. Цъусдуг, æмæ йæ риу мастæй ай- дзаг. Маст срæмыгъта: — Ис мæм наган! — Кæм ис? — Лыггаг дæр мæм ис! — Кæм? — Сармадзан дæр мæм ис, фæлæ уын дзы ницы ратдзынæн! Ныхъхъæрзыдта Ила, æрчъицыдта. Ныр та уымæ фесты. Уый загъта: — Лæппуты ауадзут... Мемæ дзурут... — Дæ къæбылатæ... Дæу чи хъахъхъæны, уыдон дæр дæуау тæригъæдджын сты. «Гарцо дæр сæ къухтæм бахауд,— ахъуыды кодта Мæцци.— Æдде дæр ма сын ис æмбæлттæ». — Сымах сыгъдæгудтæй агæпп ластат...— Илайы хъæлæс фæфидар.— Лæбурут. Былар æфтаут. — Ацы фарнхæссæгмæ ничи хъусы! — джигулгæнæджы ныр равдæлди ныхасмæ, Илайырдæм бакъахдзæф кодта.— Дæуæн дæ удисгæйæ дæр дон раттын стыр тæригъæд у... — Уæ цæсгом равдисынмæ нæ бæззы... Бонрухсы уæ адæмы æхсæнмæ уæ къах нæ хæссы. — Цардаразæг!.. Цæсгомы кой кæны! Æрмæст ды цалы тæригъæды бацыдтæ... Дæ азар кæй басыгъта, уыдонæй мæнæ ацы лæппуйы раз æрмæстдæр иу биноиты кой... Уыдысты хи фæллойæ цæрæг, сæ чъирийаг хуымы алы æвзармæ дæр зыл- дысты. Сæ къодæхтæ — хохы, сæ зæрдæтæ — быдыры. Фыд йæ кæстæр фырты æххуырсты радта балхъайрагмæ, фынддæс азы фæцыди саби фосы фæстæ. Йæ фыдæбонмæ йын асыйаг йæ дзугæй цы сæртæ радта, уыдон æртардтой. Æгас бинонтæ фыдæй, фыдыфсымæрæй, лæппуйæ, чызгæй фосы фæдыл баф- тыдысты. Зымæг сæ быдыры æххуырст хизæнты фæсалджын рæтты дардтой, сæрд — хæххон хизæнты. Сæхиуыл фæхæцы- дысты. Иуахæмы, фос хохмæ аскъæрыны размæ, хистæртæ цыдæр æгъдауы фæдыл цыд фесты, фос сабиты бар баззадыс- ты. Мигъ рæстæг раййæфта, фос фæдыууæ къорды сты. Иуы дзы æртардтой, иннæ нал разынд. Афæдис сты фосагур. Æрæхсæв, афтæ иу ран хъæдбыны арты рухсмæ бауыдтой сæ фосы. Къæрныхтæ физонæгæй сæхи хорз уыдтой. Фæдисонтæй иу хъазахъхъаг æфсады уыди, тæхгæ маргъ йæ нæмыгæй нæ ирвæзти. Бадзырдта сæм: «Уæ комдзæгтæ тугæй фæкалдзыс- тут, абырджытæ». Фæгæппытæ ма кодтой. Дыууæйы дзы 80
æрфæлдæхта, æртыккаг цæфæй аирвæзти. Дыууæ сæфты ныгæнæн бон æртыккаджы кой рахъæр — сæ раздзог, сæ ами- дингæнæг уый уыди. Царды хостæ æнæхин фæллойы нæ агуы- рдта, æмæ дзы уый адыл хиуæттæ дæр сæхи хызтой. Хъарæггæнæг ын йæ ном дæр загъта, йæ сæр кæм дæлдæр ныххауа, уыдæттæ йын ныдздзырдта. Фыдæбонджын бинонтæ быдыры хъæутæй иуы æрцардысты. Уалынæ ралæууыди магусайæ кадуарзджыты за- ман. Кусæг адæмæн та æхцон кæд вæййы, хуыздæр рæстæджы- тыл æууæнкæй ныфсæвæрæн фæкæнынц сæхицæн. Æмæ сын ацы гæркъæрæгтæ æмбырдтæ, сходтæ аразгæ, сæ хъусты сын ад- джын дыв-дыв. Æнусты дæргъы, загътой, цы уыди, уыдон иууылдæр — мæгъæлда. Аргъуан халгæ, кувæндоны бæлас æду- идагæй къахгæ. Ног нæмгуытæ тауыны рæстæг, дам, ралæууыд. Къолхозтæ аразын байдыдтой. Ацы æлгъыстаг дæр адоны хъæумæ ног цард аразынмæ æрвыст уыди. Алцыдæр хъуамæ иумæйаг суыдаид, æмæ адонæн дæр сæ фос истой. Нæ сæ лæвæрдтой адæм. Æмæ сæм фæзындысты тæлæтгæнджытæ, ацы æлгъыстаг сæ сæргъы. Атардтой фос. Амæ цы миниуæг раиртæстой: æдæрсгæ къахдзæф-иу кодта къуыри дæр, стæй кæс, æмæ та-иу йæ иу къахæй фæчиудта. Адæмы цæст уынаг у: рухсмæ рацæуыны размæ-иу йæ зæнг феууæрста. Æмбырды рæстæг йæ бынатæй фестаг уыди — иуырдæм гæпп, иннæрдæм цъыллинг. Мастисæг дзы рауади, æмæ ацы бинонты сæ хæдзарæй ратардта. Сабитæ миты рагъыл аззадысты. Сыхаг лæппу сæ сæхимæ бахуыдта æмæ йæ къæмсæмолтæй аппæрстой. Хæдзардарджытæ кулакты фæнда- гыл аивылын кодтой. Къолхозмæ сæ фæндаг — æхгæд. Иннæ бинонтæ иуæй-иумæ баисты... Лæппутæй иу аирвæзт. Фаллаг сыхаг сылгоймаг-иу цæхæрадонмæ рацыди, саби-иу æм æнхъæлмæ касти хуымы. Сылгоймаг-иу йæ кæлмæрзæны бынæй æхсыры авг райста, лæппуйы дзыхыл æй дардта. Æнтыдæй кæрдзыны къæбæр ын-иу авæрдта.— Мæццийы цонгыл фæхæцыди, Илайы размæ йæ бакодта, дзуццæджы æрбадын кодта Мæццийы дæр, Гтæ къухыл ын æрхæцыд, йæ уырзтæй йын басгарыи кодта Илайы галиу зæнджы хæцъæф. Разынди дзы, йæ æнгуылдзтæ дзы ных- хаудысты, ахæм къуырф.— Уыцы хъæдгом хæсты быдырæй нæ рахаста. Хъæдбыны амæн аззади æрдæгхæрдæй йæ физонæг, йæ хæцъæф ын рæстдзæвины нæмыг бапырх кодта,— æрбакасти Мæццимæ.— Æмæ ма мын зæгъ, кæлмæрзæны бын æмбæхст сехсырæй чи аирвæзти, уымæн куыдгæнгæ у?.. Кæддæр æнæмæнг ралæууы дзуапп дæттыны рæстæг. Фыццаг хайы кæрон <> Махдуг № 6, 1999 81
ХЪОДАЛА ТЫГерсан ЦИНЫ АРТ РУХС УАЛ ДЗÆГ Уалдзæгралæууыд... Гъей-джиди, Ныр куы балæууин Захъхъоры! Зæрдæ рагбонтæй йе ’вджид и,— Æз æнæ уый дæн сау хъоргьы. Уым та Лехура афонмæ Дары бур къуымæл кæсæгтæн. Къæдзæхрээбыны суадонмæ Батæссар кодтой уаз сагтæ. Худын базыдта малусæг, Налудзидзидай, мур-гыццыл. Къутæр — авдæнгæс, аузæг, Уавд йæ рæвдауæг — хур-гыцци. Акæс дзагцæстæй хуссæрттæм: Цымтæ ракалдтой дидинæг, Дадалиджынтæ, бурсæртæ,— Арсы хъиамæт сын — фидинаг... Ногконд хъугомы халæттæ — Цыма сау-сауид кæрчытæ — Уидзынцзулчъытæ, уаллæттæ, Халынц белтъыты фæрчытæ. Хизынц хъæуысæр мус-чъилтыл Гокотæ æмæ дзыгытæ. Ризынцдзедыры къудзитыл Сæгъы тинтычъи-бындзгуытæ.
Уым цынæхуызон хъулон цъиу Бадгæ æмбондыл фендзынæ! Уыдон зарджытæ, уыдон цин!..— Семуадындздзæгъдæг фестдзынæ. Уалдзæг, рухс уалдзæг ралæууыд, Риуы бандзæрста цины арт. Зæрдæ ’рхъæцмæ дæр нал лæууы — Хонæг Захъхъорæй — зиуы зард... 09.04.76 Ацы фæстаг цалдæр азы Зæрдæ мастæй нал фæразы. Цин кæнын дзы ферох, хъазын, Сидзæрау уынгæг дзыназы. Оххай, дуг æгъатыр разынд, Хъулау нын нæ удтæй хъазы, Бархизæн фæдисы карзы Сау бæндæн тындзы нæ разы. Сæрыл ма куырой нæ разылд, Уый йеддæмæ... русыл, базыл Урс цæссыг æдзух йæ фазыл Сау зæхмæ йæхи ивазы. Цæй, куыднæуа махæн уа-зын!— Не знаг нын нæ туг ныуазы, Афтæмæй та стæм æназым Стыр Хуыцауы уаз тæразыл. 1993 Ф,едзÆхст Хицау æвзæгтæм куы хъуса,— Дуне йын фестдзæни хъузгау. Зæрдæмæ алцы хæсдзæни, Нæууæнчы цæстæй кæсдзæни. Боныфæстагмæ ма ’рмæст Йе «знæгтæй» исдзæн йæ маст... Чи лæууы ахæм къуымыхмæ! — Сыстдзысты адæм йæ ныхмæ. 83
Иубон «завдбадæнæй» дард Хъилтæй æрцæудзæни тард. Æмæ йæ архайд, йæ куыст Ихыл æрцæудзысты фыст... 08.04.97 КАДЫЛМАРД Æз куы зонин: горæты мæ номыл М ’ацухæй фæзындзæн искаедуынг,— Атæккæдæр Терчы ивылд доны Сау æвзалы бакæнин мæ зынг. Æз куы зонин: горæты фæзуаты Иу зынæн ран сырæздзæн мæ цырт,— Айтæ-уыйтæ нал фæкæнин, уаты Адæргь уаид Иры сахъдæр фырт. Æз куы зонин: м’ амæлæты фæстæ Бавæрдзысты мæн Къостайы цур,— Не ’рныкъулин фырцинæй мæ цæст дæр — Сæндадзин мæ куысыфтæгыл дур. Æз куы зонин: дзыллæ мын æмудæй Схай кæндзысты «Адæмон поэт»,— Иунæг уысммæ саразин мæ худæй Къахсæрфæн бызгьуыр кæнæта... йед... Æз куы зонин... Гъе фæлæ, хъыгагæн, Æз нæ зонын сомбоны хъысмæт. Тъæпæнхъæумæ тагъд, мæнæйуый, ма кæн, Ма дар хисты арынджы хыссæ. Ма хъус, Хуыцау, саст уæрдоны хъинцмæ,— Ме ’хсæвимæ баиу ис мæ бон: Удæгасæй хъуамæ цырт мæхицæн Президентæн сæвæрын кæнон! 84 21.09.97
ХАХУЫРГÆНÆГ Иу лæггонд цæры нæ сыхы, Зæххæй къуыпп нæдары, Афтæмæй та уый йæ дзыхы Метр æвзагдары. Мæнæ цыма уæлдæр ахуыр Ардауынæй райста,— Алкæй уды тауы хахуыр,— Ахæмæн куыд барст уа? Хурыл дæр йæ цæст ыссары Сау-сауид тæппытæ. Исчи, зæгьгæ, цинæй зары,— Ахауы тъæппытæ. Иу дзæкъул-лæг ис нæ сыхы, Бахиз дзы дæ сомбон: Хъусджын калм æрцард йæ дзыхы,— Дар дæ дзыппы сондон!.. 1977 85
ДЗУЦЦА ТЫ Эльбрус ÆБÆРÆГ НЫФС О, ФЫДÆЛТЫ РАГУÆЗÆП Райсомы тын — хурзæлдаг — Айнæгыл фæхæст и. Фосы дзугтæ, дурдзæндтау, Апырх ысты фæхстыл. Рог уæлдæф, цъæхснаг зæлау, Рæуджытыл æндзæвы. Цины хæлбурцъ узæлгæ Зæрдæйы ныццæвы. О, фыдæлты рагуæзæг, Удварнау, дæ хъомыс. Байзавддаг — дæ хъал уазæг, Мæн дæ хуылфмæ хоныс. 1993 аз, Хъæрмæдон РАГУАЛДЗÆГ Мит, арф хъæпæн мит, Фегæмттæ. Пъээззыйау, Йæ пæлæз исы йе уæхсчытæй зæхх. Цыма, дын, ног чындз йе ’фсинмæ, Раст уыйау, Зæрдæвæйлыдæй фергæмттæ. Зæхкусæг Зымæгон фынтæй фегæртæ. Кæркусæг Йæ къусчы мидæг февæрдта Йæ хъуссæг, Ысфидыдта йыл фæхсбынты æртæх.
Мæ зæрдæ риуы фендæртæ, Йæхъузджы, Хуымы гагайау, цины билцъ нæрсы. Тæдзынджыты цъæхснаг цыхцыр Мæхъустыл, Дзæнгæрагау фæдисгæнгæ, Цæфсы. Æбæрæг ныфс Мæ рыст удæн хаэссы. 1993 аз ИРЫСТОН (Фрагмент) Æхсаргарды фындзыл Куырм рæстæджы хъазт. Дæ хъысмæты рындзыл Дæ хъæбулты маст. Дыууæ Иры бадæ, Æртыккаг дæр, кæс, Куы силлæг и уартæ: «Æндæр, дам, мæ къæс». Фыдгулæн йæ хъомыс Куыд нæ уа фылдæр? Æмвæндон нæ комыс? — Дæхицæн фыддæр. Æгуыдзæджы комæй Куыд нæ тоной хал? Дæ кæддæры номæй Ныр дæр ма дæ хъал? Фыдгулы ныхылдтæн Ныббыхсдзынæ, ау? Фæуæд-иу дæ фырттæ Дæ уды фæхъхъау. Дæтырыса рогæй Куы сфæйлауид дард. Нæ анхъæвздзæн ногæй Дæ раздæры кад? 87
АЙЛАРТЫ Чермен ХУРТЫ ЦЫРАГЪ ÆНУД МЫН ВÆЙЙЫ ДУН-ДУНЕ МÆУАТЫ Æнуд мын вæййы дун-дуне мæ уаты, Мæ даргь сынтæг дзы у цыма чырын. Фыцгæ суартæм мæ фазыл дæр бырин, Цæргæсхæтæн арв мардæй дæр ма хатин. Хъæддаг æрдз мæ нæ фæуадзы фæллайын, Уæйыгæмдых лæг саразы мæнæй. Тæссагхауæн, æхсæрдзæнтæ кæм нæй, Нæй ахæм хæхтæн хæхтыл дæр нымайæн. Цы фæндаг нæу фыдæбæттæй тæссаг, Цы арф ком нæ уа тугдзых сырдтæй дзаг, Æз уым цæуын мæ сæрмæ дæр нæ хæссын. Цæрæнбонты бæлццон уæвын! — мæ сидт. Хæххон дæтты хъæр, дымгæты къуыззитт Мæ уадбадæн уд фыны дæр фæфæзмы. ÆХСÆРДЗÆН Æнусон бæлццон, хохы гуырд æхсæрдзæн, Нæры хæхбæсты иугæндзон дæзард. Ды дæр мæнау куы хъæлдзæг дæ, куы — ’нкъард, Цыма вæййыс æвзист камари æрдзæн. Куы фенын дæу, дæ базырты рухс таугæ, Уæд фенхъæлын, сыгьдæг арв æмæ зæхх 88
Дæуæй баст ысты, ахорыс сæ цъæх, Дæ риуыл цæуынц амондмæ нæ наутæ. Æз дæр дæуау, мæ цины уа, мæ зыны Æвæллайгæ мæ фæндагыл тырнын Æмæ цъæхснаг дæ зарæгæн хъырнын. Мæ зæрдæйы дæ стырдæр ныфс фæзыны, Кæсагау царды уылæнты æмсæр Мæ амондмæ фæленк кæнын æз дæр. ЕДЗИТЫ СОСЛÆНБЕГ Йæ уаз куысты куыд фæрæзта æдзух?! Зындонау дзы йæ уд æнцой нæ ардта, Йæдæндагæй нын хурты цырагь дардта, Дзæбугыл хæцгæ райгуырди йæ къух Æмæ дзы хоста, алы бон дæр хоста, Чыс-дуры-иу куы бауагьта йæ уд, Уæд-иу йæ бээсты сулаэфыд рæсугьд Æмæта амонд мæйрухсимæ нозта. Æрдзон дуне уæлтæмæнад цы хуыдта, Гъе уымæй йын йæХуыцау радта хай Æмæ дзы кодта стыр бæркæдтæ най. Йæ уды арт йæхæдæг дæр нæ уыдта Æмæ дзы никуы барухс кодта фаг Йæ фидæнмæ сырх уардиджын фæндаг. УÆД ЗАРАГ МАРГЪ ЗАРЫД ЙÆ ЗАРÆГ ДÆУÆН Ды зоныс, йæ зарды куыд бавæры маргь Мæ зæрдæйы сагьæс, мæ катай, мæ маст? Йæ зарæг дæм искуы кæуæгау фæкаст Æмæ дыл дæ цины цыбыр уысм ныддаргь? Ды бамбарыс искуы, куыд нылвасы маргь Йæ цинтæ зæгъынæн йæ зæрдæйы таг? 89
Куы сисы йæ зарæг йæ хъæлæсы дзаг, Уæд искуы фæрогдæр дæ сагъæсты уаргь? Мæлгьæвзагмæ хъусгæ ды искуы уыдтай, Куыд райдзаст фæвæййынц нæ хæхтæ æваст? Йæ зарæгæй искуы фæтынгдæр дæ уарзт, Йе, искæй мысгæйæ, йæ зардмæ куыдтай? Уавд... Зараг маргъ зарыд мæн зарæг дæуæн, Мæ хъал фынтæ сафæг, мæ зæрдæлæууæн! ЗАДАЛЕСКЫ НАНА Сылгоймагæн дæ саразин тырыса, Дæ нывтæ йын хæрзиуджытæн дæтгин, Дæ рæсугьд зондæй сабиты бæттин, Сæ иумæйаг тых дуртæ дæр куыд ысса. Фыдгул нæ хæхты цъæссытæм куы тардта, Куы карста мах йæ цæвæгæй мæлæт, Иры сабиты уыцы заман уæд Къуырттон каркау дæ базыры бын дардтай. Дæ уды хъарм сызгъæринау сæ удтæн Цæстуарзонæй фæлæвæрдтай къæртгай Æмæ дзы хаудта алкæмæ дæр хай. Нæртон сылгоймаг нæ, фæлæ зæд уыдтæ Æмæ дæ зæхмæ рарвыста Хуыцау, Цæмæй цæра ирон адæмы тау. 90
КЪОДОТЫ Альберт ÆНУСТЫ ФÆД ХАТЫР Хатыр... Мæ рæдыд мын ныббар Æмæ мæм ма кæн хъыг — Дæ уд мын никуы уыдис дзуар, Дæзæрдæта — мæсыг. Уынын, куыд зын дын у хæссын Дæ мæт æмæ дæ маст. Фæлæ, зæгь-ма, лæджы дæ уарзт Каед бакодта ныфсджын? Кæд уыдтæ ’нцойы къул лæгæн, Быхсаг æмæ рæдау? Дæу тыххæй хауæккаг фæдæн Ирыстонæй сырдау. Фыццаг дæ хъахъхъæдта йæхи Мæ уд, фаэлæ уæддæр Дæ «уарзтæй» джидзæггаг фæци Æппынфæстаг мæсæр... Уæдæ, дæ цæстысыгтæ бар,— Цæуыл мæм кæныс хъыг? — Дæ уд мын никуы уыдис дзуар, Дæ зæрдæ та — маэсыг. 91
* * * Хъазы дымгæ бæлæстæн сæ сыфтæй, Фæлæ хур йæ куыст кæны уæддæр... Раст зæгьæйæ, дунейæн йæ нывтæй Ницы ис, мæнмæ гæсгæ, хуыздæр. Æмæ хъуамæ ма тыхсид мæ зæрдæ, Фæлæ мын бынтон цæрæццаг нæу, Уымæн æмæ иу ахæм бон сæрды Фесаэфтон кæддæр, мæ иунæг, дæу. * * * Саулагъз хæссыс, сауæрфыг, Саудзыкку, сынтау. Раст дæ цыма сауфæрдыг Арæзта Хуыцау. Баурзтон дæ, бауарзтон, Бацыдтæн дæ бæрн. Бонæн дын йæ цин хастон, Æхсæвæнйæфарн. Иу хатт дæр дæ не ’руагьтон Рухс сæнттæй дæлдæр. Фæлæ мыл гадзрахатæй Рацыдтæуæддæр. Азылдтæ мæ, азылдтæ, Авд дæлдзæх фæхау! — Чи йæ зыдта, разындзынæ Саузæрдæ, сынтау. * * * Мæсæфтбонтæ, нæуыл кæнын фæсмон... Нæ цинæн зымæг сæрды ад нæ зоны. Уырны мæ, Зæхх æцæгæй дæр дыргьдон у Æмæ кæй нæ ис Рæстæгæн кæрон. Хуыдтой кæддæр лæджы зæрдæ зындон, Æз та йæ абон уарзты гæнах хонын, Мæ улаэфтæй уысмы улæфт уромын Æмæ æрвитын амондагур бон. 92
0, Царды Фарн, дæумæ сидын, цы фæдæ? Фæхæсс мын рæвдз Ныфсы бæстæм мæ нау, Æмæ та феста уарзты авдæн зæрдæ. Мæ рохст удæн æнусты фæд ыссар, Рæстæгмæ баив зымавджы ниуд сæрдæй, Æмæ мæ хурхæй мауал мара тар. 93
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД ФОЛЬКЛОРОН ÆМÆ ЭТНОГРАФИОН ÆРМÆГ КУВÆНДÆТТÆ Тæтæртупп. Тæтæртуппы кувæндон ис Даргъ- Къохы раз. У цементæй конд дур пецы хуызæн амад. Кувынц ын фæззæджы, октябры мæйы фыццаг хуыцаубоны. Хъæу- иу иумæ гал аргæвстой. Цыппар сыхы уыдысты, æмæ-иу æй цыппар дихы акодтой, æмæ-иу алы сых дæр йæхæдæг йæ куывд скодта. Хъæуы галтыл-иу хæлттæ сæвæрдтой, æмæ кæй галы хал схаудта, уый-иу æй радта. Æргæвстой цъæх кæнæ урс гал. Кувæндонæн ма хъæуы раздæр уыд стыр хæрис бæлæстæ (филиал Тæтæртуппæн ам)... Гал-иу ам аргæвстой. Аргæвста- иу æй йæ кувæндоны дзуары лæг. Уæлæмæ та, кувæндонмæ- иу уыцы галæн (кусартæн) йæ рахиз фарс æмæ йæ игæрæй скодтой физонджытæ уæхстыл. Уыцы физонджытæ-иу чъи- ритимæ фысымтæ ахастой кувæндонмæ. Уæхстытæ-иу скод- той кувæндоны хæрис бæласы къалиутæй. Фысымтæ та йын- иу радæй цыдысты цыппар сыхæй цыппар лæджы. Уыдон-иу къусбар фысым хуыдтой. Фысымтæ-иу кувæндоны сæ ку- винæгтæ (физонджытæ, бæгæны, чъиритæ) скуывтой æмæ фæминас кодтой. Сыхы куывдмæ цыдысты нæлгоймæгтæ се ’ппæт дæр, алы хæдзарæй дæр. Сылгоймæгтæ йæм нæ цыдысты. Фæлæ-иу хистæр сылгоймæгтæй рынчын чи уыди, стæй йæ хæдзарæй нæлгоймаг кæмæн нæ рацыдаид, уыдонæн æрвыстой хай. Хай æрвыстой рынчьтн нæлгоймæгтæн дæр. Алы хæдзар дæр куывды бон хаста æртæ чъирийы. Куырдтой Тæтæртуппы кувæндонæй хорзад. Загътой-иу: нзе Дарддæр. Райдайæп «Мах дуджы» 1995 азы № 11-12; 1996 азы № 7; 1997 азы № 3; 1998 азы №№ 1, 2, 4, 7-10, 12; 1999 азы № 1, 2, 3, 4. 94
фæллæйттæ дæ быны сты, Тæтæртупп, æмæ нын сæ фыдих, фыдкъæвдайæ хъахъхъæ. 82-аздзыд æнахуыргопд зæхкусæг Черчесты Зауыры фырт Хатуйы ныхæстæй йæ 1966 азы 23 сентябры Даргъ-Къохы пыф- фыста Цагъаты Лнастасия. Тæтæртупп (æндæр вариант). Тæтæртуппæн кувынц Кæрдæгхæссæны рæстæджы. Кувæндонæн дзы бæлас уыди. Алы хæдзар æм нæ цыди. Дæсны-иу сын исты куы бацамыдта, уæд- иу æм ахастой мысайнаг. Мысайнаг хаста хæдзары хистæр нæлгоймаг. Мысайнагæн хастой æвзист æхца — абази, æртæ суарийы. Уый-иу цикъæйы сыгъдæг гæбазы батыхтой æмæ йæ бæласыл æвæрдтой. Семæ-иу ахастой æртæ æртæдзыхоны, физонæг, бæгæны, йе къуымæл. Арахъхъ нæ хастой. Сылгой- маг æм нæ цыди 1905 азы гуырд зæхкусæг Хъуысаты Гæбилы фырт Мæхæмæты ныхæстæй йæ 1966 азы 15 сентябры Елхоты пыф- фыста Цагъаты Лнастасия. Мæхмæтмæ уыд 4 къласы ахуыр- гонддзинад. Тæтæртупп (æндæр вариант). Тæтæртуппы кувæндонмæ, Дзылаты фалемæ, цыдысты иугай мыггæгтæ: Саламтæ, Дзерантæ, Джыккайтæ, Мадзатæ, Мысту- латæ æмæ æндæртæ. Иннæ мыггæгтæн та Бехъаны уыд æртæ кувæндоны Тæтæртуппы номыл. Уыцы кувæндæттæ уыдысты æртæ стыр бæласы. Хуыдтой сæ Дæллаг, Астæуккаг æмæ Уæл- лаг Тæтæртупп. Дæллагмæ цыдысты Дзыгастæ, Боситæ, Газайтæ æмæ æндæртæ. Астæуккаг Тæтæртупмæ цыдысты Дзугатæ, Хъаратæ, Хъалæгатæ, Адырхатæ æмæ æндæртæ. Уæллаг Тæтæртупмæ та цыдысты, Тæнæг сых кæй хуыдтой Æрыдонæй, уыдон се ’ппæт дæр. Тæтæртуппы бон-иу кодтой фæззæджы, октябры æмбисы, нартхор тоныны размæ. Уырдыгæй-иу куы ссыдысты, уæд-иу æрлæууыдысты сæ фæззыгон куыстытыл. «Дæ быны цы фæллæйттæ бакодтам, уыдон дзæбæхæй куыд сисæм»,— афтæ- иу куывтой Тæтæртупмæ. Тæтæртупмæ алы хæдзар дæр хаста кусæрттагæн далыс, стæй 6 (æхсæз) — 9 (фараст) чъирийы æмæ бæмбæджы тыхтæй мы- сайнаг æртæ суарийы, кæнæ абази. Кусарт-иу уым акодтой. Бакой-иу æй кодта алчи йæхæдæг. Стæй-иу æй дыууæ æмбисы акодтой, æмæ йын йæ раззаг æрдæг куывды адæммæ бахастой 95
æмæ-иу æй æрцауыгътой иумæйагæн, фæстаг æрдæг та алчи’ сæхимæ хаста. Кæд æмæ афæдзы дæргъы хæдзары лæппу райгуырдаид, уæд- иу кусарты фæстаг æрдæг уый номыл бахастой куывдмæ. Афтæ дæр федтон: лæгæн-иу цот куы нæ цыд, уæд-иу куыв- ды бон уым адæм æрзоныгыл кодтой. Скуывтой-иу æмæ куырдтой, ацы лæгæн лæппу куыд райгуыра, зæгъгæ. Кæмæн-, иу райгуырд, уый-иу сын йæ боны уырдæм кусæрттаг нылласта адæмæн ноггуырды номыл. Афтæмæй æз федтон: райгуырд лæппу Мыстулаты Гæдойæн, æмæ йыл ном сæвæрдтой Адæдз. Мадзаты Угъалыхъæн та авд чызджы фæстæ раст Тæтæртуппы бон лæппу райгуырд, æмæ йыл Тæтæрхъан сæвæрдтой. Уый дæр сын уæныг нылласта уырдæм. 1890 азы гуырд зæхкусæг Лдырхаты Дзахойы фырт Бит- туйы ныхæстæй йæ Æрыдоны 1966 азы 23 октябры ныффыс- та Цагъаты Анастасия. Цыргъобау. Цыргъобауы кувæндон ис Олгинскæйы хъæумæ æввахс быдыры. Обау дæр дзы ис. Фæкувынц ын июны мæйы кæрон хуыцаубоны. Ам ма уæтæр куы уыди, хъæу дзы куы нæма уыд, уæд Тау- челатæм уыди инæлар. Уый æфсæдтимæ уырдæм æрцыд. Уыцы обауы раз æрæнцадысты ’мæ дзы къахтой акъоппытæ. Чи дзы къахта салдæттæй, уыдон багобитæ, бакъуырматæ сты. Æмæ дзы уæд кувæндон скодтой. Цыргъобауы боны фæстæ бон та фæкæнынц хæдзæртты Уациллайы бон. Цыргъобауы куывд-иу афтæ кодтой. Сыхгай хæдзæрттæ зад æрæвæрынц къусбарæй. Æхца æрæвæрынц кусæрттагæн. Фы- сым ын радыгай вæййы дыууæ хæдзары: иу хæдзар — нæлгой- мæгтæн, иннæ та — сылгоймæгтæн. Фысымтæ скæнынц арахъхъ æмæ бæгæны. Алчи æртæ чъирийы скæны. Кувæндонмæ фы- сымтæ ахæссынц æртæ чъирийы, физонæг æмæ бæгæны. Уым сæ скувынц, æмæ кувæггаг æрбахæссынц. Ам та алчи, сыхгай, фысымтæм æрбады, æмæ фæминас кæнынц. Чъиритимæ ахæс- сынц æртæ суарийы урс æхца мысайнагæн. Уым амаддзаг ис æмæ сæ уым сæвæрынц. Дыккаг хуыцаубон куы ’рцæуы куывды фæстæ, уæд уый та хонынц Цыргъобауы æрвитæн хуыцаубон. Фысым та уыцы бонмае сцæттæ кæны кусарт. Амаддзаджы цы æхца вæййы, уыдонæй. Уым алчи куывды боны йæ бинонтæй алкæй номыл дæр мысай- наг сæвæры. Хъæумæ арвиты фысым æмæ фæминас кæнынц. 96
Цыргъобауæй фæкурынц, цæмæй ма ’рбацæуа æнамонд æртах; хортæ дзæбæх æрзайой. Ныр та Цыргъобауы кæнæм ног бæрæгбон — Тыллæджы бæрæгбон. 1896 азы гуырд чысыл ахуыргонд, колхозы мехапизатор Дзуццаты Лфæхъойы фырт Михалы пыхæстæй йæ Олгипск- æйы 1966 азы 4 октябры пыффыста Цагъаты Лнастасия. МЫГГÆГТÆ Б и г ъ а т ы м ы г г а г. Бигъа, Джыгка, Уане æмæ Каса цыппар æфсымæры уыдысты. Сæ номыл мыггæгтæ рацыд уыдонæн. Ныртæккæ дæр æрвадиуæг кæнæм. Хæстæг нæма халæм нырма. Фæлæ райдианы цыппар æфсымæры кæцæй ра- цыдысты, уый никуы фехъуыстон. Бигъатæ ис пысылмæттæ дæр, стæй чырыстæттæ дæр. Санибагомæй Бигъатæ раздæр ралыгъдысты Зæронд Бæтæ- хъойыхъæумæ. Мæ фыд уæд сыстад æмæ 1918 азы ралыгъд уырдыгæй ардæм æмæ ам, Мæздæджы, æрцард. Саниба Рекомæн куывтой. Махæн, Бигъатæн, уый не стырдæр кувæндон уыд. Йæ бæрæгбон-иу уыд июны мæйы. Аргæвдын ын хъуыди нæл уæрыкк.. Кусартыл-иу хæцыди кæстæр лæппу фынджы раз. Хистæр та-иу бæрæгбоны номыл конд арахъхъ скуывта. Афтæмæй уæд кæстæртæ кусарт акодтой. Уæрыкк-иу сфыхтой æнæхъæнæй. Чъиритæ скодтой. Чъиритæ ’мæ уæрыкк (фыхæй) фынгыл æрæвæрдтой. Сæ сыхбæстæ-иу æрхуыдтой æмæ-иу фæминас кодтой. 1897 азы гуырд чысыл ахуыргопд æрмдæспы Бигъаты Га- дзыбейы (Захары) фырт Лгуыбейы (Ллыксапдры) пыхæстæй иæ Мæздæджы 1966 азы 5 сентябры пыффыста Цагъаты Лна- стасия. Моргуатæ — Яковлевтæ. Яковлевтæн сæ ирои мыггаг Моргуатæй у. Уыдон, дам, туджджын фесты ’мæ ра- лыгъдысты æртæ æфсымæрæй Моргуаты Мадтайы фырттæ — Гиго, Геор æмæ Бетъо ардæм. Ам æрцардысты. Сæ тудж- джынтæй сæхи æмбæхсгæйæ, сæ мыггаг Яковлевтæй раивтой, ома, цæмæй сæ сæ туджджынтæ мауал агуырдтаиккой, уый тыххæй. С о к а т æ. Сокатæ дæр нæ хуындысты. Уыдон Хуындзитæ хуыдтой. Уыдон райдианæй мæхъхъæлон уыдысты. Уыдон дæр туджджыны фæдыл рафтыдысты ардæм. 7 Махдуг№ 6, 1999 97
Иуахæмы сæм се ’рвадæлтæ рацыдысты, ’мæ сын сæ кæрты хуытæ куы федтой, уæд фæстæмæ аздæхтысты. Уыдон та сæ Сосхъатæ хуыдтой. Тæпсиатæ. Тæпсиатæ дæр Фидаратæй уыдысты. Фæлæ туджджыны тыххæй сæ мыггаг фыды номыл аивтой. Сæ фыд Тæпси хуынди. 72-аздзыд æнахуыргопд зæхкусæг Хæбæлаты Василийы фырт Никъиты (Чериайы) пыхæстæй сæ 1966 азы 6 септябры Мæздæджы ныффыста Цагъаты Апастасия. Дзебойтæ. Дзебойтæ цардысты Уæлладжыры. Дыууæ æфсымæры уыдысты: Дзбо æмæ Дзебо. Дзбо Уæлладжыры баз- зади, Дзебо та Дæргъæвсы комы Цæгат Ламардонмæ æрцыд æмæ уым æрцарди. Цæгат Ламардонæй та сæ цот ардæм ра- лыгъдысты. 1886 азы гуырд чысыл ахуыргопд зæхкусæг Дзоккаты Бибойы фырт Темысойы пыхæстгей йæ 1966 азы Веселойы хъæуы ныффыста Цагъаты Апастасия. Бирæгътæ. Бирæгътæн сæ фыдæлтæ Цъамады цардыс- ты. Уырдыгæй сæ иутæ Æрыдонмæ ралыгъдысты, æмæ уыдон Уырымтыл ныффыстой сæхи. Иннæтæ та Зругмæ алыгъдысты æмæ сæхи Бирæгътыл ныффыстой. Ныр дæр æрвадиуæг кæнæм Уырымтимæ. 75-аздзыд æнахуыргоид зæхкусæг Бирæгъты Никъалайы фырт Раздеиы пыхæстæй йæ 1966 азы 28 октябры Рассветы ныффыста Цагъаты Анастасия. К а л о т æ. Калотæ Хилачъы цардысты. Уырдыгæй ацыды- сты æртæ æфсымæрæй — Уæрдæсау, Тепсыхъо æмæ Саба ’мæ Захъайы Хъесатæн рæгъаугæс ныллæууыдысты. Фæззæг куы ’рцыдис, уæд бæстæ сæ зæрдæмæ фæцыдис æмæ Зригæтты сæхицæн мусонг æрцарæзтой. Уым æрцардысты. Уыцы æртæ æфсымæры цотæй рацыдысты Калотæ. Калоты Федыры пыхæстæй иæ Мичурипыхъæуы 1966 азы 27 октябры пыффыста Цагъаты Апастасия. X у ы т ъ и н а т æ. Хуытъинатæ равзæрдысты афтæ. Дæллаг- хъæуы (Куырттаты комы) цардысты дыууæ æфсымæры. Иу дзЫ хуынди Хуытъи, аннæ та Еси. Æмæ сын уыди кæсгон æлдар лымæн. Уымæй хъан схъомыл кодтой уыцы дыууæ æфсымæрЫ. Уæд сын, кæй схъомыл кодтой, уый фыд хъаны лæварæп Кар- цайы зæххытæ радта. Гъе уым цæрын райдыдтой, æмæ сæ цот сæ номыл рацыдысты: Хуытъинатæ ’мæ Есиатæ. 98
Уыцы зæххыл Хуытъи ’мæ Еси нæ фидыдтой. Зæхх байуæрс- той. Бæрæггæнæнтæ йыл скодтой. Хуытъи Есийæн зæххæй æххæст хай нæ лæвæрдта, ’мæ ацы власты онг сæ фæдонтæ быцæу рахастой. Карцайæ та ралыгъдысты сæ цот Хъæд- гæронмæ. Уырдыгæй та — ардæм. 1903 азы гуырд службæгæиæг Хуытъинаты Лфæхъойы фырт Алыксапдры пыхæстæй йæ Расспеты 1966 азы 28 октяб- ры ыыффыста Цагъаты Аиастасия. ЧЫЗГЫСКЪÆФТ Хæмæтаты чызг уыди Хъуылатæн куырд. Афтæмæй йæ Мырзагантæ раскъæфтой. Олгинскæмæ йæ æрыскъæфтой. Бицъ- итæм æй бахастой, æмæ чызг нæ разы кодта. Уæд чызгмæ йе ’фсымæр æрцыди. Æмæ йæ чи раскъæфта, уый йæ тынг бауа- лæт кодта, афтæ æнхъæлдта: хæларæй йæм æрцыди. Бахорд- той, банызтой. Чызджы æфсымæр рацыди, æмæ йын йæ хойы чи аскъæфта, Мырзаганты лæппу, уый йын йæ бæх раласта. Йæ бæх ын йæ къухмæ радта. Лæппу бæхмæ куы схызти, уæд, чызджы чи рахаста, уый йæ быны лæууы, афтæмæй йæ гил- дзытæ зæхмæ æрæппæрста. Лæппу сæм куыд фæгуыбыр кодта, афтæ йын йæ тæккæ сæрыл дамбаца дыууæ цæфы ныккодта. Лæппу уым дзыхъмард фæци. Чызджы æфсымæр уæд рацæй- лыгъди, ’мæ сæ тæккæ дуармæ Бицъиты Дадо лæууыди, ’мæ йæ уый фæцæф кодта. Уырдыгæй фæдис куы ныхъхъæр кодтой, уæд дæллаг тигъыл сæ хæрæфырт — Гæгойты Гио фæдисмæ ратахт. Нæ фæлидздзынæ, знаг, зæгъгæ, йæм хъæр кæны. Уый йæм фæстæмæ фæзылдис уæлбæхæй, йæ фарсыл та фондзæх- стон карабин. Уымæй йæм фæхъавыди ’мæ дзыхъмард фæкод- та Гиойы йæ дуармæ. Йæ фæстæ йæ ус уайтагъд амард Гиойæн, æмæ сын баззад сидзæртæй æртæ мæгуыр чызджы. Уæд лæппу уым уæлæмæ фæцæйлыгъдис, æмæ йын Байаты Ллыксандыр дуæрттæ фегом кодта: фысым дын, цъиуæн дæр ма уазæг вæййы. Уый йыл нæ баууæндыди ’мæ йæхи уазæгуаты пæ радта. Æмæ Олгинскæйы гуыппырсар фæсивæдæй йæ фæдыл фæдисы уадысты Талханаты Дзабо, Бицъиты Хъамболат, Кал- манты Бекызæ æмæ афтæ бирæ æндæртæ. Хъæуæй иу гыццыл алыгъди, афтæ йæ бæх фæцæф. Йæ бæх куы фæцæф, уæд дам- баца фелвæста ’мæ йæ бæхы сæрыл ныццавта: хъаймæты мæхи куыд уай афтæ, зæгъгæ! Фистæгæй ма иудзæвгар алыгъди, стæй йæ баййæфтой фæдис æмæ йæ амардтой. 99
Фæдисæй куы раздæхтысты, уæд æфсымæр хъæугæрон дæлгоммæ лæууы, уый йæ хо Сагъарат нæ зоны. Фæлæ йæм куы бацыдысты, уæд афтæ æнхъæлдта, йæ лæг йеддæмæ дзы ничи амарди. Фæлæ йæм уæд Бицъиты Дзеко куы бакуыдта: «Ай, дæ мадызæнæг хъæугæрон йæ сау тугыл баззайа», уæд æй æппындæр уромын нал фæрæзтой йæхи æмхуызон сыл- гоймæгтæ. Куыдта, уый куыд уыдзæн æмæ æз Олгинскæйы ас- тæу дыууæ быны бауон, зæгъгæ. Стæй йæм æрцыдысты чызгмæ йæ мыггаг. Дыууæ мæгуыры фесæфтысты, фæлæ куырд кæмæн уыди Хъуылатæй, уый йæ ахаста, æмæ йын дзы, æнхъæлдæн, дыууæ лæппуйы райгуырди. Ныртæккæ тынг дзæбæх цæрынц горæты. Ацы цау æз федтон мæхи цæстæй. 1897 азы гуырд чысыл ахуыргопд колхозоп Калмапты Косгайы пыхæстæй йæ Олгипскæйы 1966 азы 4 октябры пыф- фыста Цагъаты Апастасия. ХÆКЪУЫНА Хæкъуына ус æрхаста ’мæ йын дзы райгуырд иу лæппу. Ном, ыл сæвæрдтой Ханджери. Ныр йæ мад амарди Ханджерийæн. Хæкъуына æндæр ус æрхаста. Уымæн дæр та райгуырди лæппу. Ханджери уæлахиз кодта фыдыусы лæппуйыл, æмæ загъта ус, ацы лæппуйы мæ цæст куыд нал фена, афтæ. Акодта йæ йæ фыд æмæ йæ фæндагыл иу ран аппæрста. Абырджытæ йæ æрцах- стой æмæ йæ кæсгон æлдар Иналæн ауæй кодтой Ханджерийы. Уым цæрын байдыдта бæхгæсæй. Иналæн уыди чызг. Ханджери йæхи систа. Дзæбæх лæппу рауади, бæхгæс кæд уыди, уæддæр. Чызг йæ цæст дарыи бай- дыдта лæппумæ. Уыдис æм æрвайдæн. Лæппу бæхы сæры стæгдар ссардта ’мæ куы худгæ фæкæны, куы та ууыл фæкæуы. Уæд загъта йæ фыдæн чызг, уыцы лæппу бæхы сæры стæгда- рыл куы худгæ фæкæны, куы та кæугæ æмæ ма йæ бафæрс, цæуыл кæуыс, зæгъгæ. Нæ хъæр кодта иу рæстæгмæ Хандже- ри, цæуыл кæуы, цæуыл худы, уый. Куы нал æй уагъта, уæд ын загъта, ацы бæхы стæгдар у алыппы мыггаг, æмæ цæмæп базза- ди æнæ ныгæдæй, зæгъгæ, ууыл фæкæуын. Мæхиуыл дæр кæ- уын, ам цæмæн дæн, зæгъгæ. ’ — Худгæ та цæуыл фæкæныс? — Худгæ та ууыл фæкæнын, æмæ æдзухæй дæр ам куыд уыдзынæн. 100
Уæд ын загъта Инал, цæмæй базондзынæ, бæх алыппы мыг- гаг у, у^ый? — Йæ сæры стæг ын куы зонын, уæд ын йæхи нæ базон- дзынæн бæхæн! Уæд Инал æндæр æлдармæ акодта Ханджерийы, æз дын бæхтæ фенын кæнон, зæгъгæ. Æрбацыдысты æм æлдары бæхрæгъауы алыппы мыггагæй бæхтæ. Алыппы мыггагæй бæхтæ мæллæг уыдысты, иннæтæ та хæрз- хаст, рæсугъд. Уæд æлдар иннæмæн афтæ, мæнæ ме ’ххуырсты зæрдæмæ ацы мæллæг бæхтæ цæуынц æмæ нын дзы ауæй кæн. Æлдар ныххудти ’мæ афтæ: «Уыдон дыдæгътæ куы кæнынц!» Дыууæ байраджы сын балæвар кодта алыппы мыггагæй. Ра- кодтой сæ сæхимæ. Иу байрагæн дзы йæ ных алыг кодта Хан- джери, ’мæ дзы абази сæвæрдта, зыгъар куыд уыдаид, афтæ. Æлдар зыгъар байраг систа йæхицæн. Иннæ та Ханджерийæн баззад. Рацыдысты. Ссыдысты сæхимæ. Стæй Ханджери æлдарæн афтæ: — Нæхимæ мæ ауадз, нæхимæ. Мæ бинонты фенон. —- Дæ уаргъ бафид, дæ уаргъ! Уыцы ныхас Иналы чызг фехъуыста. Чызг ныххаста æхца Ханджерийæн æмæ йын сæ радта. Уый æхца æлдарæн бахаста. Æлдар æмбæрста, æхца йæм кæцæй æрцыд, уый ’мæ загъта: «Хуыцау уын æй ма ныббарæд! Мæнæ уын хæдзар æмæ цæрут». Афтæмæй йæ чызджы Ханджерийæн балæвар кодта. Радта сын бæстыхæйттæ, хæдзар, æндæр æмæ уым æрцардысты. Дыууæ лæппуйы сын райгуырди ’мæ сыл нæмттæ нæма уыди. Фæсарцы бадынхъом куы фесты, уæд æлдары чызг Ханджерийæн афтæ:«Кæд дын хæдзар и, уæд ам, фыды уæларты цæрын хæс нæу. Дæ фырттæ фæсарцы бадынхъом фесты ’мæ алидзæм». Ныр Иналмæ цы бæх баззади, уымæн афтæ бакодта, ’мæ хурыскæсæнырдæм ацæуын йæ бон нæ уыди. Сæхи сæмбырд кодтой æмæ æхсæвы рафардæг сты. Фæстейы сæ расырдта Инал æмæ йæ бæхæн йе ’ммадæлоны баййафын йæ бон нал баци. Уыдон бацыдысты ’мæ йæ фыд Хæкъуынайы зæххыл æрын- цади æнæзонгæйæ. Арт скодтой. Фæздæг куы ссыд, уæд æм Хæкъуына æрæрвыста: чи куыдз, чи хæрæг, мæ зæххыл чи æрæнцади! Уый ын афтæ, ницы дæ хъыгдарын, уазæг дæн æмæ мæнæ ахсæв ам фысым бакодтон, æндæр ницы. Уыцы дзуапп куы схастой, уæд æм Хæкъуына йæхæдæг рацыд æмæ йæ рафæрс-бафæрс систа, чи у, уымæй. Афтæмæй йæ фырт Хап- 101
джерийы базыдта. Фæцин ыл кодта. Стыр куывд скодта. Уæд дыууæ лæппуйыл нæмттæ сæвæрдтой, Ханджерийы фырттыл. Сæ иуыл сæвæрдтой Куыртта, иннæуыл сæвæрдтой Тæга. Цæрын байдыдтой Хæкъуынамæ. Сæвæрдтой сæхицæн хъæрццыгъатæ Тæга ’мæ Куыртта. Уыдон-иу атахтысты ’мæ сын хуыргæрчытæ, зымтæ æрхастой. Уæд иу хатт куы уыд, уæд дыууæ хъæрццыгъайы атахты- сты. Куырттайы хъæрццыгъа хуыргарк æрцахста ’мæ йæ æрцæйхаста. Тæгайы хъæрццыгъайæн та йæ армы ницы баф- тыд æмæ Куырттайы хъæрццыгъайы хуыргарк байста. Ууыл Куыртта рамæсты. Тæгайæн йæ хъæрццыгъа йе уæхскыл бадти. Райста йæ ’мæ йын йæ къубал сыскъуыдта. Уæд Тæга фæмæсты æмæ загъта: «Ме уæхскмæ мын чи бавнæлдта ’мæ мын мæ хъæрццыгъайы къубал чи сыскъуыдта, уый мын райсом мæхи къубал дæр сыскъуындзæн». Ууыл фæхыл сты. Æмæ Тæга загъ- та, мæнæн ам цæргæ нал у, зæгъгæ. Æмæ Ламардонмæ айста йæхи. Уырдыгæй та Хъобанмæ æрлыгъд. Уый цот Тæгиатæ уыды- сты. Куыртта та Куырттаты баззади цæргæ. Ком дæр уый но- мыл у. 80-аздзыд чысыл ахуыргонд, зæхкусæг Гусаты Тасолта- пы фырт Тасо-Хадзыйы ныхæстæй йæ Нартыхъæуы 1966 азы 30 октябры ныффыста Цагъаты Анастасия. УСЫ ХОРЗ Дыууæ къупецаджы уыд. Иу ран хæрыныл бадтысты ’мæ дзы алчидæр йæ бинонтæй æппæлы. Дыууæ фæбыцæу сты. Сæ иуæн дæр авд дуканийы уыд, сæ иннæйæн дæр. Сæ иу иннæйæн афтæ: æз дын дæ усы æртæ бонмæ куы балымæн кæнон, уæд мын цы дæттыс? — Мæ авд дуканийы дæр уæд дæу, стæй афæдз ахæстоны фæбаддзынæн æмæ мæ уæд фехсæнт. Кæд дæ дзырд сæххæст кæнай, уæд ын йæ дзауматæй исты рахæсс, æмæ мæ уæд æцæгдзинад бауырндзæни. Кæд ницы бакæнай, уæд та дæ авд дуканийы мæн. Афæдз ахæстоны фæбад. Афæдзы фæстæ та дае куыд фехсой, афтæ. Бацыдысты хицауадмæ. Сæ хæснаджы тыххæй гæххæтт скод- той. Сæ иу хъуымац æлхæнынмæ ацыд. Иннæ къупецаджы усмæ ссыди. Ус ыл бацин кодта. Хорз æй федта. Стæй йын лæг раха- бар кодта, уарзæттæ скæнæм, зæгъгæ. Ус уый куы фехъуыста, уæд загъта, уый никуы уыдзæни, зæгъгæ. Æртæ боны фæар- 102
хайдта, ’мæ ус нæ разы кæны. Ныр лæгæн йæ хуыз фæцыди. Сæфы. Уæд ыл иу зæронд ус амбæлди ’мæ йæм дзуры: — Мæ къона фехæлд, цы кодтай, дæ хуыз куы фæцыди? — Сæфын, æндæр гæнæн мын нал ис. Хæснаг скодтон, æмæ ус нæ разы кæны. — Æз æй куы сразы кæнон, уæд цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ фæдардзынæ? — Куыд нæ дæ фæдардзынæн! — Æмæ дæ цы хъæуы? — Иæ дзауматæй исты мæ къухы куы бафтид, æндæр ницы. — Уæдæ уый мæ бар уадз. Ныр уыцы зæронд ус та къупецаджы усимæ хæлар уыд. Бацыди сæм. Ус дуканийæ ссыди. Бацин кодта зæронд усыл, стæй дон ахъарм кодта ’мæ йæ сæр фасыныл схæцыд. Йæ хъус- сæджытæ рафтыдта ’мæ йæ сæр æхсы. Зæронд ус ын йæ иу хъуссæг айста ’мæ йæ къупецагмæ рахæццæ кодта. Ус йæ сæр фаст фæци. Йæ хъуссæджытæ агуры ’мæ сæ иу — нал. Куы нал æй ссардта, уæд æндæртæ бакодта. Къупецаг рацыд æмæ сæ нысангонд бынаты сæмбæлдысты ’мæ йæм дзуры: — Гъей, куыд у, сластай хъуымац? — Сластон. Дæ хъуыддаг та куыд у? — Мæнæн дæр хорз бантыст! Мæнæ кæмæй æппæлыдтæ, уымæн йæ хъуссæгмæ кæс! Лæг мæстæй рафыхти. Рауади. Файтон аххуырста ’мæ йæ хæдзары балæууыд. Ус ыл цин кæны, фæлæ йæм лæг уыцы тызмæгæй дзуры: — Денджызмæ скъæргæ кæн! Усы фæрсгæ дæр нæ бакодта, фæлæ йæ раст дынджыр былæй денджызмæ ныззыввытт ласта. Иæхæдæг рацыд. Усы Хуыцау фæйнæджы гæбазыл фæхæст кодта. Дои æй уыцы фæйнæгыл ласын байдыдта ’мæ йæ иннæ фарсмæ балас- та. Уым ус сур зæхмæ схызти. Уым æрдиаг кæны, сагъæс кæны. Аæджы ахæстоны бакодтой. Ус фæндаг агуры ’мæ нæй. Агуры ’мæ иу зæронд фæндаг ссардта. Ууыл цæуын байдыдта, ’мæ йæ сау хъæдмæ бахаста. Уым ыл баталынг. Иу бæласы мæрайы бабырыди. Райсом боныцъæхтыл æрбатахти дыууæ бæлоны. Ус кæм хуыссыд, уыцы мæра бæласы къабузтыл абадтысты. Æмæ бæлæттæй иу иннæмæ дзуры: паддзахы чызг, дам, ницыуал у. «Æмæ уымæн хос нæй?» — дзуры иннæ. — Æмæ ууыл гæбæр схæцыди. Схъотыл и, фæлæ йын уыдои цы хостæ кæнынц, уымæй йын дзæбæхгæнæн нæй. — Уæдæ цæмæй? 103
— Сæ фарсмæ сау хъæды цы хуытæ ис, уыдонæй иу-дыууае куы амариккой, уыдоны сой куы стайын кæниккой, уæд сдзæбæх уаид. — Уæд та паддзахæн йæ диссаджы цæхæрадон бахуыскъ уыдзæн. — Уымæн дæр хос ис. Паддзах цы бæласы бын фæбады, уый бын цъай скъахæнт. Уыцы донæй цæхæрадон бапырх кæнæнт æмæ ног фестдзæни. Ууыл бæлæттæ атахтысты. Ус дæр мæрайæ рахызт. Уыцы кæугæ та донмæ æрцыди. Доны былты дæлæмæ цæуы ’мæ уыны: иу ран салдæттæ сæхи найынц. Ус скуывта: «Хуыцæутты Хуы- цау, кæд дæлæ уыдон адæм сты, уæд мын куыд феххуыс кæной!» Ныццыд ус сæ комкоммæ. Йæ къух сæм тилы. Дыууæ салдаты йæм æрбаленк кодтой æмæ йыл дис кæнынц. Ус сын зæгъы: «Хуыцау мæ сымахæн радта, ’мæ мæ цæмæй ничи зона, уый тыххæй мыл нæлгоймаджы дзаума скæнут, стæй изæры иумæ ацæудзыстæм». Уыдон ыл салдаты дзаума скодтой æмæ иннæ фарсмæ баленк кодтой. Æхсæвы салдæттæ улæфынц, хъазынц. Уæд сæм сæ хицау æрбацыд æмæ дзуры: — Лæппутæ, паддзахы чызг ницыуал сæрæн у, æмæ дуне æнкъард у, æмæ сабырдæр ут. Ус чи у, уый йæ фæрсы: — Чи йæ сдзæбæх кæна, уымæн цы уыдзæн? — Дунейы хосгæнджытæ кæмæн ницы фæразынц, уымæн ды цы бакæндзынæ? — Æз æй дзырдæй дзæбæх кæнын. Кæд æй не сдзæбæх кæнон, уæд мын мæ сæр акъуырæнт. Ныххæццæ йæ кодтой. Паддзах дæр фæмæсты ’мæ загъта, уый цавæр салдат у, чи мæ хынджылæг кæны! Фæлæ та ный- йарæджы зæрдæ фæлмæн кæм нæу æмæ зæгъы: — Кæд æй сдзæбæх кæнай, уæд дын æй æз усæн ратдзынæн, кæннод дын дæ сæр акъуырдзынæн. Усы (салдаты) куы ’рфарстой, уæд салдæттæ ракуырдта. Хъæдмæ ссыдысты. Хуытæ амардтой. Сæ сой сын батайын код- той. Ныууазал æй кодтой æмæ чызджы уымæй байсæрста. Чызгæн йæ улæфт фæхуыздæр. Дыккаг сæрст æй бакодта, ’мæ чызг йае цæстæй ракасти. Æртæ сæрсты йæ куы бакодта, уæд хæлмæгтае хауынц фæрчытæй. Цыппар сæрсты йæ куы бакодта, уæд чызг бынтон æрдзæбæх æмæ дис кæны, ай мæ чи сдзæбæх кодта, зæгъгэе. Паддзах дæр куыд нæ бацин кодтаид! Радта йын æй усæн. «Лæг» ын афтæ зæгъы: 104
— Махмæ афæдзæй раздæр лæг йæ усмæ не ’вналы, кæннод мæрдты иу ран нæ уыдзысты. Афтæмæй цæрынц. Ныр паддзахæн йæ цæхæрадон ба- хуыскъ. Йæхи йыл æргæвды: фæлтау мæ чызг авд марды дæр куы акодтаид, æмæ мæ цæхæрадон куы нæ фесæфтаид! Йæ «сиахс» та йын афтæ, ма йыл тыхс, æз дын æй куыд уыд, афтæ куы скæнон, уæд мын цы ратдзынæ? — Уæд мæ паддзахад дæуæн ныууадздзынæн мæ амæлæты фæстæ. — Уæдæ цы бæласы бын бадтæ, уыцы бæлас дыи куы скъа- хын кæнон, уæд ууыл дæр разы уыдзынæ? — Ууыл та цы тыхсыс! Цæхæрадон фервæзæд, æндæр иу бæлас циу?! — Уæдæ мын салдæттæ ратт. Радта йын салдæттæ. Бæлас скъахтой. Йæ быны йын цъай скъахтой. Цъайы донæй цæхæрадон бапырх кодтой. Цæхæра- дон куыд уыд, афтæ сси. Уæд æй паддзах йæхицæн хæдивæг скодта. Ныр уый хъуыддæгтæм кæсы. Уæдмæ йæ лæджы афæ- дзы æмгъуыд дæр æрхæццæ ахæстоны. Афтæмæй йæ лæджы гæххæттытæ йæ къухмæ æрбахаудтой. Уæд бамбæрста ус хъуыддæгтæ. Тагъд сæм арвыста, уым сæ ма фехсут, фæлæ дыууæ къупецаджы дæр æмæ зæронд усы дæр ардæм ракæ- нут, зæгъгæ. Æркодтой сæ паддзахы размæ. Лæг, мæгуыр, тынг слæмæгъ, схъуынтъызтæ. Ныр зæронд ус æмæ иннæ къу- пецаг та фыдарæзтæй лæууынц. Тæрхон сыл кæнынц. Фæрсынц къупецаджы: куыд уыд ацы хабар? Уый хъæбæрæй дзуры, куыд схæснаг кодтой, йæ усы йын куыд «фæсайдта», æвдисæнæн æм йæ хъуссæг куыд ис, уый тыххæй. Уæд паддзахы хæдивæг тæрхонылæг дзуры, уæдæ мæнæ гæххæтты афтæ фыст куы и, зæгъгæ, ус къупецагæн ницы ком радта, фæлæ сæм зæронд ус фысым бакодта. Ус йæ сæр фаста, йæ хъуссæджытæ рафтыд- та ’мае йын сæ иу зæронд ус адавта æмæ йæ лæджы къухмæ радта. Уæд тæрхонылæгмæ дзуры йæ хæдивæг: уый уæртæ гæды ныхæстæ кæнынц. Уыдон уæртæ лæджы афæдз ахæстоны фæбадын кодтой, йæ авд дуканийы дæр ын байстой, йæ усы дæр ын доны баппарын кодтой. Ныр сын сæхицæн марыны тæрхон скæнут. Лæгæн та уый мулк дæр æмæ йæхи мулк дæр радтут. Тæрхонылæг уынаффæ бакодта. Зæронд ус æмæ къупеца- джы фесæфтой. Иннæмæн та йæхи мулк дæр, иннæйы мулк дæр радтой. Хæдивæг дзырд радта, æмæ мæгуыр ахст лæджы ныссыгъдæг 105
кодтой. Срæвдз æй кодтой æмæ йæ хæдивæгмæ бакодтой. Уый йæ фæрсы: — Гъы, цы тæрхон скæнон де знæгтæн? — Æ, дæ цæрæнбон бирæ уа, мæн чи фервæзын кодта! — Уæдæ ма æрбакæс, дæ бинонтæй никæй хуызæн дæн? Бæргæ йæ зоны, йæ усы хуызæн у, уый, фæлæ паддзахы хæдивæгæн афтæ куыд зæгъа? Уæд ын ус йæ фындзмæ бавнæлдта ’мæ йæм дзуры: — Ныр ды мæн куы ’ппæрстай, уæд афтæ куыд нæ загътай, цæуыл æй марын? Базыдта йæ лæг. Уæд хæдивæг паддзахы чызгæн загъта, демæ нал цæрын, зæгъгæ. Паддзах тынг смæсты. Хæдивæг æм бацыд æмæ йын йæ хабæрттæ ракодта. Уæд сын паддзах хæрзиуджытæ радта æмæ сæхимæ рафардæг сты. 1897 азы гуырд æпахуыргопд зæхкусæг Мамиаты Симо- пы фырт Ладейы ныхæстæй йæ 1966 азы 7-æм сентябры Ново- Георгиевскы ныффыста Цагъаты Анастасия. МАД ÆМÆ ФЫРТ Иу лæг æмæ усæн уыди æртæ фырты. Фыд амарди, мад ма баззади. Æртæ фыртæй кæстæр Фæныкгуыз уыд, æмæ йæ фæныкæй къусбæрттæ кодта. Иннæтæ та бæхтыл рацу-бацу кодтой. Уæд иу бон загътой, ныр Фæныкгуызы та цæуыл хæссæм, æмæ йæ ахицæн кодтой. Мад уыимæ баззади. Иу бон куы уыд, уæд Фæныкгуыз мады йе ’ккой акодта ’мæ йæ хъæдмæ ахаста. Уым сагдзæрмттæй халагъуд скодта æмæ уым цардысты. Лæппу цуан кодта ’мæ йæ сырды фыдæй хаста йæ мады. Иу бон куы уыд, уæд лæппу цуан кæны æмæ иу лæгæты цурты цыд фæци. Лæгæтæй хъæр чындæуы, æз де уазæг, дæлæ фæндаггон! Уый дæр хъæр кæны: — Цыдæриддæр гъе уым и, уыдон иугай æддæмæ куыд цæу- ой, афтæ! Уый уыди авд уæйыджы лæгæт. Уыдон æддæмæ иугай, иугай цыдысты, æмæ сæ амардта Фæныкгуыз. Ныр авд уæйыджы паддзахы чызджы раскъæфтой æмæ йыл наё фидыдтой. Ратон-батон æй кодтой. Дзаумайы мыггаг ыл нал ныууагътой, фæлæ йæ худинаг нæ фæкодтой. Уый хъæр кодта фæндаггонмæ. Фæныкгуыз æм дзуры: — Цы дæ, цавæр дæ, æддæмæ рацу. Кæд лæг дæ, уæд мый 106
уыдзынæ фыд. Кæд лæппу, уæд — æфсымæр. Кæд ус дæ, уæд — мад. Кæд чызг дæ, уæд та мын уыдзынæ хо. Æддæмæ рацу, цы зæд, цы дуаг дæ! — Зæд дæр нæ дæн, дуаг дæр. Зæххон адæймаг дæн. Куыд дæм ацæуон? Мæ пысултæ мын ныппырх кодтой, æмæ мæ уæлæ ницыуал и! Кæд дæм исты и, уæд мæм æй æрбаппар æмæ дæм ацæуон. Цыдæртæ йын баппæрста йæхи дзауматæй. Уалынмæ йæм рацыди, хуртæ ’мæ мæйтæ кæмæй каст, ахæм чызг. Йæхицæн æй хо скодта. Йæ мадмæ йæ нæ ныккодта, фæлæ йын хицæн ран бынат скодта. Бон Фæныкгуыз ацæуы. Цуан фæкæны. Изæ- ры исты æрхæссы чызгмæ. Уым дæр дзы фæуадзы, йæ мадмæ дæр дзы ныххæссы. Иуахæмы та ныххаста йæ мадмæ хай, æмæ йын мад афтæ: — Ды лæппу куы уаис, уæд æртæ æфсымæры æфсургъ ра- давис. Лæппу ацыди. Цыдæриддæр уыд, уæддæр æфсургъ радавта æмæ йæ йæ мадмæ æркодта. Ныр мадмæ уæйыг цыди. Лæппу йæ не ’мбæрста, æмæ мад архайдта лæппуйы фесафыныл. Иу хатт та йын цуанæй ныххаста, æмæ та йын мад зæгъы: — Бæрзонддæр цы хох ис, ууыл иу ус бады. Уый дзидзийы æхсырæй мын æрхæсс, кæннод рынчын дæн æмæ нал сдзæбæх уыдзынæн. Лæппу йæ тыхстæй йæ хойæн радзырдта хабар. Хо йын загъ- та: хорз ранмæ дæ не ’рвиты, фæлæ ацу. Йæ рахиз фарсмæ бацу ’мæ йæм сдзур: — Цы фæдæ, мæ мады хай? Ссыд лæппу æмæ афтæ бакодта. Ус йæ дзидзи йе уæхсчы сæрты раппæрста æмæ йын радта æхсыр. Æрхаста йæ сæхимæ. Хо йæ æндæр æхсырæй аивта æмæ уый йæ мадæн ныххаста. Уымæй дæр та раирвæзт лæппу. Уæд та йын мад афтæ: не сдзæбæх дæн уыцы æхсырæй, фæлæ фæсхох иу дзæргъ хуыс- сы, æмæ мын уый игæртæй æрхæсс. Лæппу йæ хомæ ссыди. Радзырдта та йын йæ хъуыддаг. Хо йын загъта: — Хорз ранмæ дæ не ’рвиты. Нæй гæнæн æмæ ацу. Галиу- фæрсты йæм бацу, æмæ йæ сæр куы фæхъил кæна, уæд дæ хъару ’мæ дæхæдæг. Науæд дæ бахæрдзæн. Ацыди. Чызг ын куыд бацамыдта, афтæ бакодта ’мæ та амардта хуыйы дæр. Рахаста йын йæ игæртæ. Йæ хомæ сæ æрха- ста. Уый та сæ æндæртæй баивта æмæ уыдон мадмæ ныххаста. Мад та уæйыгæн дзырдта, аирвæзти та уырдыгæй дæр, æрхаста сæ, зæгъгæ. Уæд та йын уæйыджы амындæй мад афтæ: 107
— Дыууæ хохы фырыты хæст кæм кæнынц, уый æдде ис иу фæткъуы. Уымæн йæ быны ис дыууадæс фæлтæры фæткъуытæ. Уыдон бинаг фæлтæрæй мын фæткъуы æрхæсс, æмæ уымæй сдзæбæх уыдзынæн, æндæр мын хос нæй. Лæппу та йæ тыхстæй йæ хойæн радзырдта. Уый йын загъ- та: — Ацу. Дыууæ хохы фырыты хæст кæм кæнынц, уырдæм куы бахæццæ уай, уæд уым рацъ хырхæй фаддзысты æмæ сын- иу салам радт. Стæй дыууæ хохы фæйнæрдæм куы фæцæуой, уæд дæ хъару ’мæ дæхæдæг баирвæзын æмæ аирвæзынмæ. Цыдæриддæр уыд, лæппу баирвæзти. Бæласмæ бацыди. Бæласæн та уыд калм хъалагъур. Лæппу йæ скарста калмы. Бинаг фæлтæрæй фæткъуытæ рахаста. Хо йын фæткъуытæ æндæртæй аивта æмæ уыдон ныххаста мадæн. Мад сæ айста æмæ та радзырдта уæйыгæн, аирвæзти та, зæгъгæ. Уæд мад загъта: адзал ын нæй, йæхи кардæй йеддæмæ. Уæй- ыг ын загъта: исты амалæй йын йæ кард райс. Лæппу та цуаны куы цыд, уæд ын мад загъта, дæ кард мын уæддæр уадз, æндæр мæхи цæмæй ирхæфсон бон-изæрмæ! Ныууагъта йын кард. Уæйыг æмæ мад кард афтæ сæвæрдтой, цæмæй йыл лæппу йæхи ныццавтаид. Лæппу æрцыди цуанæй. Бахызт æмæ кард йæ фар- сы бауади. Мад æмæ йæ уæйыг раластой æмæ йæ хæмпæлтæм аппæрстой. Хо зонынджын уыди ’мæ йæ базыдта. Æрцыди йæм. Схаста йæ, ’мæ лæппу йæхæдæг цы хостæ фæхаста, уыдонæй йæ сдзæбæх кодта. Куы сдзæбæх лæппу, уæд та иу бон йæ мадмæ ныццыди. Мад æй нал базыдта. Лæппу йæ кард къулæй райста. Ныр хæдзары та, йæ мадæн уæйыгæй æртæ фырты райгуырд, æмæ— уыдон. Лæппу сæ уым ныццагъта мадæй, сывæллонæй æмæ йæ хомæ ссыди. Цас ацардаид, чи зоны, æмæ та Фæныкгуыз цуаны ацыди. Цуаны куы ацыд, уæд паддзах хабар айхъуысын кодта, мæ чызджы мын чи ссара, уымæн мæ паддзахады æмбис, стæй йын мæ чызг дæр. Афтæмæй паддзахы адæмæй иу зылди чызг агурæг æмæ йæ ссардта. Ракодта йæ ’мæ йæ падддзахмæ ба- цыд. Уым дуне адæм æрæмбырд. Уыдис дзы чындзæхсæв. Ба- цыд уырдæм. Ныр чызджы къухдарæн Фæныкгуызмæ. Дуармæ куы бахæццæ, уæд иу сывæллон барвыста чызгмæ. Чызг куы ракасти, бæхы куы ауыдта, уæд базыдта, кæй æрхæццæ лæппу, уый. Чызг йæ фыдмæ бацыди. Лæппуйы йемæ бакодта ’мæ фыдæн йæ диссæгтæ æрдзырдта. Уæд фыд иннæ лæппуйы фæсырдта. Фæныкгуызæн йæ паддзахады æмбис балæвар кодта, 108
йæ чызджы йын усæн радта. Иу абонæй иннæ абонмæ чын- дзæхсæвтæ фæкодтой. Се ’рцыдмæ хорзæй фæцæр. 63-аздзыд æнахуыргонд хæдзары æфспп Къозаты Темы- сойы чызг Дзгийы ныхæстæй йæ 1966 азы 23 септябры Раз- дзоджы ныффыста Цагъаты Апастасия. ССÆДЗ ФЫРТЫ Иу лæгæн уыди ссæдз фырты, иннæмæн та уыди ссæдз чыз- джы. Лæгтæ дыууæ дæр уыдысты куырмытæ. Лæппутæ кæмæп уыд, уый загъта, фæйнæ хæдзары чызджытæ сын æрхæссæн нæй. Чызджытæ кæмæн уыд, уый дæр загъта, фæйнæ хæдзармæ сын радтæн нæй. Дыууæ лæджы ацыдысты. Фæндагыл кæрæдзиуыл сæмбæл- дысты. Къæхты хъæрæй кæрæдзи базыдтой, æмæ дзуры сæ иу: — Дæ фæндаг раст. — Дæ хъуыддаг раст. — Кæдæм цæуыс? — Ссæдз фырты мын ис æмæ уыдонæн бинонтæ агурæг цæуын. Фæйнæ хæдзары чызджытæ сын ракурæн нæй. — Уæдæ мæнæн та ссæдз чызджы ис. — Омæ уæдæ бафидауæм. — Бафидауæм. Æз дæр мæ чызджытæн алы рæтты лæгтæ нæ фæагурдзынæн. Бафидыдтой фæндагыл дыууæ куырм лæджы. Чызджытæ кæмæн уыд, уый загъта, уæдæ уыцы бон æрцæудзыстут чын- дзытæ хæссынмæ, зæгъгæ. Æрцыдысты чындзхæсджытæ. Бадынц, кувынц, хæрынц. Стæй ссæдз чындзы рахастой. Куы рараст сты, уæд сып хæдза- ры хицау бафæдзæхста: — Тынг хур уыл ныккæсдзæн. Иу суадонмæ бахæццæ уы- дзыстут. Йæ разы зад фæткъуы. Ма баназут суадонæй дæр, ма бахæрут фæткъуыйæ дæр. Суадонæй куы ацæуат, уæд уыл цæудзæн тыхджын къæвда. Уæ фæндагыл лæгæт уыдзæн, фæлæ йæм ма бацæут. Араст сты. Фæндагыл сыл тынг хур пыккаст. Æитæфæй мардысты, афтæмæй суадонмæ бахæццæ сты. Ссæдз къухыл- хæцæджы æрхызтысты ’мæ банызтой суадонæй. Лраст сты су- адонæй. Фæндагыл сыл тыхджын къæвда æрцыд æмæ лæгæтмæ баздæхтысты. Уырдыгæй сæм зæронд лæг рацыд: йæ зачъетæ 109
йæ астæумæ, йæ къухы — дынджыр кард. Зæронд лæг сæм дзуры: — Мæ фæткъуытæ мын бахордтат, мæ минас — афтæ. Ныр уæ æргæвдгæ кæнын. Лæгъстæ йын байдыдтой, æмæ сын загъта: уæдæ уын уе ссыдмæ иу хорз уыдзæни, æмæ мын кæд уый ратдзыстут, уæд уе ’ппæты не ’ргæвдын. Сразы сты. Се ссыдмæ сын иу æмæ ссæдзæймаг æфсымæр райгуырд æмæ йын уый саккаг кодтой зæронд лæгæн бинонтæ. Æрæрвыстой йын сæ иу æмæ ссæдзæм æфсымæры. Ныр чындзæхсæв скодтой. Гьщцыл лæппу хуыссы, фæлæ бинонтæ чындзæхсæвы æнкъард сты. Уæд сæм лæппу дзуры: — Ай чындзæхсæв куы у, уæд цæуыл æнкъард стут? — Бæргæ нæ уаиккам æнкъард, фæлæ дæу иу зæронд лæгæн радтам, æмæ дæ хæрдзæн. — Ма тæрсут! — чындзæхсæв кæнут. Адæм æрæмбырд сты. Чындзæхсæв кæнынц. Лæппу йæ мадмæ бацыд æмæ йын загъта: — Фæндагмæ мын хæринаг срæвдз кæн. Срæвдз ын кодта æмæ рараст. Цæуы, цæуы. Цас фæцыди, чи зоны, æмæ йæ сæрмæ иу цæргæс зилы. Лæппу йæм топп фелвæста. Ныр æй ныггæрах кæнон, куыд загъта, афтæ йæм цæргæс дзуры: — Ма мæ амар, искуы дын сбæздзынæн! Æмæ йын йæ сис радта, искуы дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд æй ссудз æмæ дæм зындзынæн, зæгъгæ. Афтæмæй йыл æппæт сырдтæ дæр сæмбæлдысты. Алчи дæр ын дзы йæ хъис радта æмæ йын фæдзæхста, искуы дæ мæ сæр куы хъæуа, уæд уый ссудз, зæгъгæ, æмæ дæм зындзынæн. Лæппу ныццыди зæронд лæджы лæгæтмæ. Зæронд лæг ра- цыд йæ лæгæтæй, йæ кард даугæ. Лæппуйы фынгыл æрæвæрдта. Ныр æй аргæвда, зæгъгæ, уæд ма йæм лæппу дзуры, иу тамако сдымыны бар ма мын ратт. Радта йын уыцы бар. Лæппу рабадт æмæ йæ хъистæ ссыгъта. Кæй хъис куыд судзгæ цыд, афтæ йæм тахтысты сырдтæ. Æмæ уайтагъд зæронд лæджы æрба- мардтой. Лæппу фервæзт æмæ йæ сырдтимæ цæрын байдыдта. Уæд иуафон сырдтæ загътой, нæ гыццыл æфсымæрæн ус курын хъæуы, зæгъгæ. Ныр иу æлдары чызг чындзы цыди. Сырдтæ сфæнд кодтой, уæдæ уырдæм ацæуæм. Уым симдыл схæцдзыстæм. Цæргæс нæ сæрмæ зилæн кæнæд. Нæ симдмæ чындз куы ракæса, уæд æй цæргæс рахæссæд. 110
Ацыдысты сырдтæ æлдары кæртмæ. Симдыл ныххæцыдыс- ты. Адæм сæм дисгæнгæ кæсынц. Цæргæс сæ сæрмæ зилы. Чын- дзыцæуæг чызджы дæр йæ мад уыцы симдмæ ракæсын кодта, æмæ йæ уæд цæргæс ахаста. Сырдтæ дæр йæ фæдыл афардæг сты. Лæгæтмæ йæ схастой. Афтæмæй чызг æмæ лæппу хъæды лæгæты цæргæйæ баззадысты. Сырдтæ цуан кодтой æмæ сыи лæгæтмæ хастой. Чызг æмæ лæппу та лæгæты бадтысты ’мæ цардысты. 1892 азы гуырд чысыл ахуыргонд зæхкусæг Уырымты Тæтæйы фырт Дзодзыры пыхæстæй йæ 1966 азы 22 октябры Красногоры ныффыста Цагъаты Анастасия. ДЫУУÆ ÆФСЫМÆРЫ ХУЫМ Дыууæ æфсымæры царди æмæ сын быдыры хуым уыд. Иу бон æй иу æфсымæр хъахъхъæдта, иннæ бон — иннæ. Сæ иу иубон ацыди хуыммæ ’мæ дзы фыс æрбаййæфта. Фæрасур-ба- сур æй кодта, æмæ йын ахсын нæ бакуымдта, фæлæ йын рувас фестади. Уæд уый дæр фæрасур-басур кодта, æмæ йын кæм æркуымдтаид ахсын. Фæлæ йын бирæгъ фестади. Бирæгъ ын куы фестад, уæд æй ныууагъта ’мæ ацыди сæхимæ. Æмæ йæм йе ’фсымæр дзуры: — Уæ, гормон, абондæргъы мын мæ уд куы фæцæуын код- тай, уæд кæм уыдтæ? Уый йын радзырдта: — Фыс дзы аййæфтон. Фæрасур-басур æй кодтон, æмæ мын рувас фестади. Уый дæр фæрасур-басур кодтон, æмæ мын бирæгъ фестади. Уый цы диссаг у? — Æмæ уый цы диссаг у? Фыс дзы аййæфтай, æмæ уый уый амоны æмæ адæм сты фосы хуызæн сабыр. Уый фæстæ адæм уыдзысты фæлывд, мæнгард, мæрдкъах. Рувас та уый амоны. Уый фæстæ кæрæдзи хæрдзысты бирæгъты хуызæн. Уый та дын дæ бирæгъ. 58-аздзыд æнахуыргонд Калоты Микъалайы чызг Мелейы ныхæстæй йæ Мичурины хъæуы 1966 азы 27 октябры пыф- фыста Цагъаты Лнастасия. 111
УИДÆГТÆ «МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ абоны равдыстæн ном дæттын куы бахъæуид, уæд æй схониккам, 1917 азы размæйы ирон интелли- генци, зæгъгæ. Мах кæддæриддæр нæ историмæ хæраймаг цæстæй ка- стыстæм. Æмæ паддзахыл дæр цынæ фыдтæ фæкалдтам, цæмæй йæ нæ кодтам азимаг æмæ азайраг, ахæмæй, æвæццæгæн, фæсте ницуал баззад. 0, бирæ цæйдæрты тыххæй йын алывыд калын дæр æмбæлди. Фæлæ куыдфæнды æмæ цыфæнды куы фæуа, уæддæр бынтон раст нæу афтæ хъуыды кæнын дæр, зæгъгæ, ирон дзыллæмæ ахуырады рухс æрмæст советон дуджы æрба- калд. Рагæй дзурæм, ноджы сæрыстыр буцæй, паддзахы заманы нæм цы æфсæддон интеллигенци уыд, цас цæхæркалгæ афи- цертæ æмæ инæлæрттæ, уый тыххæй. Сæ нымæц æмтгæй къорд минæй фæуæлдæр. Уæдæ нæм алы хуызы ахуыргонд адæм цас уыд революцийы агъоммæ, уый дæр ахадгæ нымæц уаид, баны- май сæ лæгæй-лæгмæ, уæд. Ай-гъай, бирæтæн сæ царды фæрæзтæ фадат нæ лæвæрдтой, цæмæй-иу сæ цоты ахуырмæ ’рвитой, уымæн. Фæлæ-иу иугæр,— гимназы уа, уæлдæр скъолайы,— куы сахуыр кодтаис, уæд дæ зонындзинæдтæ тынг бындурон æмæ бирæвæрсыг уыдаиккой, царды мидæг бирæ цæмæдæрты арæхстаис. Уæдæ дæ алы æгъда- уæй дæр — дæ бацыд æмæ рацыдæй, де ’рбадт-сыстадæй — нывыл уыдаис, цыфæнды адæмы ’хсæн дæр дæхи четарджынæй дарын сарæхстаис. (Советон скъолайы дæр куыд нæ уыд æппæлинаг цыдæртæ, фæлæ йæ уæддæр А. Солженицын раст схуыдта «образованщина».) Ирон лæппутæ æмæ чызджытæ уæлдæр ахуырад истой Мæскуыйы, Петербурджы, Варшавæйы, Тифлисы, Бакуйы, 112
Одессæйы, Дерпты, Киевы, Харьковы æмæ Уæрæсейы æндæр горæтты университеттæ æмæ институтты. Стæй ма сæ ахуыры фæдыл суанг фæсарæнтæм дæр æфтыдысты: Париж, Берлин, Харбин, Мюнхен... Цас мастыхос у зæрдæйæн, нæ хæрзты фæндиаг кæй нæ кæнæм нæхæдæг дæр æмæ нæ цард дæр, фæлæ ныл цыма ком- коммæ нæ фыдгулы æлгъыст кæй цæуы, уый. Фыдæлты фарнæй хайджын фæлтæры уидаг, ау, бынтон сыскъуыд, æмæ хуы- дзармæй дзабырджынты дуг та уыйбæрц ныддæргъвæтин?.. Æмæ нын кæд фыдæлты раз худинаг у абон афтæтæ цæрын, уæд æппæты разæй раст фæндагыл не скъолаты ахуыр саразын хъæуы. Скъола, дам, кæй у, паддзахад дæр уый у. Гусалты Барис 8 Махдуг№ 6, 1999 113
Гатеты Аюбæ. Ирон чызджытæй фыццагдæр уып фæцис каст Петербурджы Уæздап чызджыты институт. Хъаныхъуаты Хабосы фырт Хадзы-Мурат, Мæскуыпы университеты медициноп факультеты студент. 114
Дзуццаты Асæге. Каст фæцис Мæскуыйы коммерцион ипститут. 115
Байаты Констаптин. Мæскуыйы упиверситет фæуыпы фæстæ сси астропом, профессор. 116
Дзæхаты Евгепий. Райста Мæскуыйы упиверситеты юридикоп факультеты диплом. 117
Куыпдыхаты Мæхæмæт, æфсæнвæидаджы инжеиер. 118
е о I I 3 119
Тлаттатæ (галиуырдыгæй рахизмæ): Саиб, Алиб, Хамби. Стъараполы гимпазы ахуырдзаутæ. 120
Дзæхптæ. Тамарæ (тар къабайы) фæцис Киевы унииерситеты (рилологон факультет. Хапиффæ дæр уыд ахуыргæпæг, йæ мон у Гуыриаты Гагуыдз. Аæппупы пом — Георгпп, ссп афпцер, фæмард фыццаг дунеон хæсты. 121
о о 5 I I 8 Е$ 25 « 1 о о о 122
3 æрзты 1 X Он ^ 5 §' ^ е § ►3 3 5 дыхъо 922 аз со ’ >§ ^ 0 ’—1 »3 '►23 са ^р, х& ^ сЗ ^ ’^ ^ & (Ки ъ ^ '5 8 3 о^ с^З 5 СЯ стз 1 ^ с^ Он ^40 & ►Ч 3 о § * 5 о\о ьз ш ^\о ь у. и 1 ^ № ^ 5 СЧ 5 ^ о. &гл> 2 ►ч ^ и быздыхъо, „’^ 1? г рахизм, § 5 ч «^ е г» 5 1 ^ ►А 1 »-ч ьГ сМ з о с^ >л "* ►*} кЯ и с^ с\! § ’в^ ’З оз со со ч^ ^о &5 3 Е- Он ►3 4 ^ 2 * о \§ о ^ сп 3 сп !Ч ^1 сч ’утна’ >-ч с^ О ^ & ( * о 3 "8 о ^ 3 5 ^ ’^ & ^ е с^ )§ О Ц ^ 123
►5 ^з X ^ г^ со ^ 2 ^ 1^ | ^5 г"3 ^* ^ ^ ^ ь-ч л^ ^ * ц ^ & ^ ч§ \§ 3 ►^ ►л о ►3 ? 2 Æ ^ пз ^ ^, оо кС &^ ►3 ^ пз ^ о ^ N ^ СХЗ 3 О о 5 ^ ^ 5 ^ч г% ^ ^ гуы 3 Й 2 &■ ^ с > ^ « ^ Й & 5 Ь * 5 2 Ь * 5* ►з *С «Ч ^ ^ 3 ^ •& 1 « 1 1? о « 3 *> й з
Хуырымты Иорам (Иосиф), Æрыдоны семипары географи, фраицаг, немыцаг æмæ ироп æвзæгты ахуыргæнæг. Къостайæн куырдуаты цы чызг баззад — Лулу, — уый фыд. 125
0\ О ? Й *& 126
2 й « ^ й 9, ►3 ’^ ^З о, ° 5 4 2 ^ ^ ^ о ^ су й: Д *Г о 2 * Ьг ^ ^З ?" О* ТО ^ <и <-> ^ 5 о ^ су ^ ^ ^ Æ ^ .. о >ч (5 * 127
3 5!. I 1 О , и X 128
I •&• -9« о о о 9 Мах дуг № 6, 1999 129
Гæздæнты Серафимы лекцион чииыг. 130
Баскаты Аннæйы табель. 131
Табель чъылдымырдыгæй. 132
ДЗИЦЦОЙТЫ’Юри СОСЛАН ÆМÆ КОЛАКСАЙ арты кадджыты равзæрдыл дзургæйæ, сæвзæры иу ахсджиаг фарст: цавæр ахастытæ ис нæртон кад- джытæ, æмæ нæм скифаг эпосæй цы скъуыддзæгтæ æрхæццæ ис, уыдон æхсæн? Ахуыргæндты иу хай куыд зæгъы, афтæмæй нæртон кадджытæн сæ бындур цæуы скифаг эпосæй. Ацы хъуыды бафидар кæныны тыххæй æрхастæуыд скифаг- нæртон этнографион æмæ фольклорон параллельтæ. Æз уыцы параллельты кой нæ кæндзынæн — уыдон æнæуи дæр хорз зындгонд сты. Æз æрдзурдзынæн ног параллельтыл. Уыдонæй иу у, эпикон Сосланы фæлгонц йæ равзæрдæй скифаг мифоло- гон Колаксайы фæлгонцимæ баст кæй у, уый. Бæрæг куыд у, афтæмæй скифтæм сæ равзæрды тыххæй уыд ахæм таурæгъ: раджы кæддæр, бæстыл цæрæг куы нæма уыд, уæд скифты зæххыл фæзындис иу лæг — Таргитай, зæгъгæ, йæ ном. Уыцы Таргитайæн райгуырди æртæ фырты: Липоксай, Арпоксай æмæ Колаксай. Уыдонæн сæ рæстæджы арвæй æрхау- ди æртæ сызгъæрин хæзнайы. Таргитайы фырттæ куыдхистæрæй цыдысты хæзнатæм, сисæм сæ, зæгъгæ, фæлæ фыццаг дыууæ фырты къухты нæ бафтыдысты, уымæн æмæ, куыддæр баввахс сты хæзнатæм, афтæ хæзнатæ цъæх арт суагътой. Кæстæр фырт сæм куы бацыд, уæд хæзнатæн сæ арт ахуыссыд, æмæ йæ къу- хы бафтыдысты. Уыцы хæзнатимæ иумæ Колаксайы къухы баф- тыди скифты зæххыл паддзахиуæг кæныны бар дæр. Фæстæдæр Колаксайæ равзæрдысты скифаг паддзæхтæ (Геродот, IV, 5-6). Иугæр Колаксайы фæлгонц ахæм ахсджиаг бынат ахсы ски- фаг мифологийы, уæд ирон фольклоры дæр йæ фæд хъуамæ баззадаид. Ахæм хъуыдыйыл лæуд уыди Ж. Дюмезиль æмæ Колаксайы фæлгонц уымæн абарста нæртоп Батрадзы фæлгон- 133
цимæ, фæлæ ацы абарстыл йæхæдæг дæр йæ зæрдæ тынг нæ дардта (Дюмезиль Ж. Осетинский эпос и’мифология. М., 1976, ф. 194). С. С. Бессонова æмæ С. А. Яценко та Колаксайы фæлгон- цимæ абарстой нæртон Сосланы фæлгонц (Бессонова С. С. Религиозные представления скифов. Киев, 1983, фф. 17, 19, 34; Яценко С. А. О сармато-аланском сюжете росписи в пантика- пейском «Склепе Анфестерия»//ВДИ, 1995, № 3, ф. 191). Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Сослан æмæ Колаксайы æхсæн гене- тикон бастдзинады тыххæй гипотеза у иттæг раст. Бессонова æмæ Яценко цы параллелтæ æрхастой, уыдонмæ ма бафтауæн ис цалдæр параллелы. Цæвиттон, Колаксайы тыххæй информаци канд Геродотмæ нæ баззад, фæлæ ма æндæр антикон фыссæг Флакк Валеримæ дæр. Колаксайы (Колаксы) райгуырдыл дзургæйæ, Флакк фыс- сы: «Юпитер произвел его на Скифском побережье вблизи зеленой Мираки и Тибисенских устьев, прелыценный (если это достойно веры) полузверским телом и не устрашенный двумя змеями нимфы» (Флакк. «Аргонавтика». VI. 48-64). Куыд уынæм, афтæмæй Калакс, нарты Сосланау, райгуырд доны бы- лыл. Йæ фыд уыд бардуаг, æмæ уыцы бардуаджы ном Флакк латинагау хоны «Юпитер», уымæн æмæ латинаг’Юпитеры функцитæ æввахс уыдысты скифаг Колаксы фыды функцитæм. Д. С. Раевский раст зæгъы: скифаг таурæгъ грекъаг æвзагыл чи фыста, уыдонмæ та Юпитеры номы бæсты æмбæлы теоним «Зевс», уымæн æмæ Зевс æмæ Юпитер уыдысты типологон æгъдауæй æнгæс бардуæгтæ (Раевский Д. С. Очерки идеологии скифо-сакских племен. М., 1977, ф. 41). Абайты Васо куыд сбæрæг кодта, афтæмæй грекъаг Зевс та йæ функцитæм гæсгæ иттæг æввахс лæууы ирон Уастырджимæ (Абаев В. И. Осетин- ский язык и фольклор. М.-Л., 1949, ф. 242). Æмæ цымыдисаг куыд нæ у, æвæдза, нарты кадджыты иу вариантмæ гæсгæ, Сосланæн йæ фыд нæртон- фыййау кæй нæу, фæлæ — уæлар- вон Уастырджи, уый (Миллер В. Ф. Осетинские этюды. Ч. I, ф. 28-30). Флакк афтæ кæй зæгъы, «Юпитерæн» доны чызгмæ йæ зæрдæ бахъазыд, уый дæр комкоммæ баст у, нарты кадджыты фыййау, доны былыл Сатанайы рæсугъд буар фенгæйæ, йæхи куыд дардта, уыимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Сатана доны чызг нæу, фæлæ æндæр уацы мæ зæрды ис равдисын, Сатана Дзерассæйы функциты фылдæр хай йæхи кæй бакодта, уый. Уымæ гæсгæ, цы сюжеты кой кæнын, уым райдианы Дзерассæ дæр архайдта. Æвæццæгæн, хуымæтæджы нæу ахæм факт дæр, æмæ, нарты кадджытæй 134
Къубалты Алыксандр цы варианттæ ныффыста, уым Сосланы мад Дзерассæ кæй у (Къубалты А. Уацмыстæ. Ордж., 1978, ф. 68). Сослан æмæ Колаксы æхсæн ис ноджыдæр иу параллель ауадзыны фадат. Флакк куыд зæгъы, афтæмæй Калаксæн фыц- цаг йæ бæх амард, стæй та — йæхæдæг (Флакк. VI. 638-640). Зынгæ скифолог Д. С. Раевскийы хъуыдымæ гæсгæ, ацы факт хуымæтæджы нæу. Скифаг мифологи æмæ эпосы фрагменттæ иртасгæйæ, Раевскийы æргом йæхимæ аздæхта Солохæйы обауы ссаргæ сызгъæрин сæрвасæн, ис ыл цымыдисаг ныв: дыууæ ски- фаг хæстоны тох кæнынц æртыккаджы ныхмæ. Хæстонтæй фыццаг у фистæг, дыккаг та — бæхджын. Кæимæ тох кæнынц, уый дæр бæхджын уыд, фæлæ йын йæ бæхы амардтой æмæ йæ къæхты бын хаудæй лæууы. Тохы æууæлтæй куыд зыны, афтæмæй йын рæхджы йæхи дæр амардзысты. .Марынмæ кæй хъавынц, уыцы персонажы Колаксимæ абаргæйæ, иннæ дыууæ хæстоны та — Колаксы æфсымæртимæ, Раевский афтæ бал- хынцъ кодта йæ ныхас: «Заслуживает внимания, что и у Вале- рия Флакка и на солохинском гребне гибели персонажа пред- шествует смерть его коня. Это обстоятельство может быть сопоставлено с высказанным выше предположением о семан- тической эквивалентности всех элементов ряда «солнце — Колаксай — царь — конь». Смерть коня — инкарнации Колак- сая — может трактоваться как первый этап его собственной гибели» (Раевский Д. С. Бац. куыст., ф. 116-117). Сосланы мæлæты кой цы таурæгъы ис, уымæ куы ’ркæсæм, уæд фендзыстæм, уым дæр хабæрттæ раст ахæм уагыл кæй сты æвæрд кæрæдзи фæдыл, уый: Сосланæн раздæр йæ бæх амар- ди, стæй та — йæхæдæг. Ацы æнгæсдзинад, чи зоны, искæмæ уæлæнгай фæкæса, фæлæ нæртон таурæгъы иу варианты æмбæлæм иттæг цымыдисаг деталыл æмæ уыцы деталь иуыр- дыгæй Раевскийы хъуыды фидар кæны, иннæрдыгæй та Сослан æмæ Колаксайы æхсæн генетикон иудзинадыл дзуры. Нæртон таурæгъæн йæ мидис ахæм у. Сослан мæрдты бæстæй нарты хъæумæ куы рараст, уæд ын йæ фыццаг ус Бедухæ ныф- фæдзæхста, цæмæй, йæ фæндагыл цы дзаумæттæ уына, уыдонæй мацæмæ февнала. Сослан дæр афтæ бакодта æмæ нæ февнæлд- та алыхуызон хæзнатæм, фæлæ, мæрдты дуары онг куы фæцæйхæццæ кодта, уæд æм фæсмон æрцыд æмæ фæстæмæ нал аздæхти, фæлæ уæлбæхæй систа æмæ йемæ рахаста, йæ разы цы худы зæронд лæууыд, уый. Сослан цæмæй зыдта, уый Сырдон кæй бацыд алыхуызон хæзнатæ æмæ зæронд худы хуы- 135
зы, уый! Сырдоны фæндыди базонын, Сосланæн æмæ Сосланы бæхæн сæ мæлæт цæмæй у, уый. Сæ мæлæт цæмæй у, уый куыд- дæр базыдта, афтæ агæпп ласта Сосланы дзыппæй æмæ хæйрæджыты паддзахмæ ныццыди Сосланы ныхмæ æфсад ра- курыны тыххæй. Цымыдисаг у Сырдоны ныхас хæйрæджыты паддзахæн: «Нарты Созырыхъо адæмæн сæ туг банызта. Йе стыр ныфс йæ бæх у æмæ мын æфсæдтæ радт, фатджынтæ». Ракодта Сырдон æфсæдтæ, сæййæфтой Сосланы (Созырыхъ- ойы) æмæ йын йæ бæхы хæфсытæ зæххы бынæй æхсын рай- дыдтой. Бæхæн фат йæ хæфсыты куы суади, уæд фæмард. «Иунæг Хуыцау дын æй ма ныббарæд, Созырыхъо,— загъта бæх мæлгæ-мæлын,— дæхи дæр бабын кодтай æмæ мæн дæр». Сосланæн йæ бæх куы амарди, уæд Сырдон Малсæджы цал- химæ ссыд æмæ уымæн та Сосланы амарын кодта (Ирон адæ- мы сфæлдыстад. Т. I, ф. 150-157). Куыд уынæм, афтæмæй нæртон таурæгъ у Раевскийы ны- хæсты иллюстрацийы хуызæн: Сосланæн йæ бæх уыд «йе стыр ныфс», уымæ гæсгæ раздæр амарын хъуыд йæ бæхы, стæй та — йæхи. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон таурæгъ цæмæйдæрты хицæн кæны скифаг мифæй. Зæгъæм, Колаксайы амардтой йæ дыууæ хистæр æфсымæры, ирон кадджыты та Сосланæн нæй хæрз æфсымæртæ æмæ фыдбылызаразæг у Сырдон; скифаг таурæ- гъы Колаксай лæгæй-лæгмæ схæцыд йе ’фсымæртимæ, ирон таурæгъы та Сырдон лæгæй-лæгмæ йæ ныфс нæ хæссы Со- сланмæ æмæ йæ кæмæндæрты амарын кодта. Ирон æмæ скифаг таурæгъы æхсæн хицæндзинæдтæ кæй ис, уым диссагæй ницы ис: скифты дугæй абоны оиг дыууæ мин азæй фылдæр рацыд, æмæ уыцы рæстæджы дæргъы ски- фаг таурæгъ бирæ раив-баивтæ хъуамæ бавзæрстаид. Ома рай- дианы, Сосланы мæлæты тыххæй цы таурæгъ ис, уый скифаг таурæгъмæ бынтон æввахс хъуамæ уыдаид, се ’хсæн къаддæр уыд хицæндзинæдтæ. Хъуыддаг æцæгæй дæр афтæ кæй уыд, уый тыххæй зæгъдзынæн уый, æмæ, иуæй-иу таурæгътæм гæсгæ, Сосланæн (Созырыхъойæн) кæй ис дыууæ æфсымæры — Уырызмæг æмæ Хæмыц (ИАС, I, фф. 21, 29-30, 154-155; Нарты таурæгътæ æмæ хабæрттæ. Цх., 1973, ф. 110; Къубалты Л. Бац. куыст, ф. 173; Миллер В. Ф. Бац. куыст, ф. 36-40; ОРФ СОИГИ, п. 23, д. 56 (Бр. X), л. 49, 54-55; ОРФ СОИГИ, п. 21, д. 45-1, л. 62; ОРФ СОИГИ, п. 23, д. 56 (бр. 1), л. 43). Иуæй-иу таурæ- гъты æфсымæрты нæмттæ схæццæ сты: Созырыхъо, Сослан æмае Батрадз (ОРФ СОИГИ, п. 23, д. 56 (бр. 11), л. 545); Уырызмæг, 136
Созырыхъо æмæ Сослан (ОРФ СОИГИ, п. 23, д. 56 (бр. 11), л. 504). Хъыгагæн, Сосланæн æфсымæртæ цы таурæгъты ис, уыдоны фылдæр хай чингуытæм хаст не ’рцыди, сты æрмæстдæр архивы. Æвæццæгæн, чиныгаразджыты хъуыдымæ гæсгæ, уыдон сты «хæлд» варианттæ. Фæлæ цы бæрæг ис, чи зоны, хъуыддаг бынтон иннæрдæм у æмæ райдианы Сосланæн æцæгæй дæр уыд æфсымæртæ! Æниу, ис æндæр хатдзæг саразыны фадат дæр. Зыыгæ фоль- клорист Е. М. Мелетинский куыд зæгъы, афтæмæй Сослан æмæ Сырдон райдианы хæрз æфсымæртæ уыдысты, мæнæ зороаст- риаг традицийы рухсы бардуаг Ахура-Маздæ æмæ талынджы бардуаг Анхра-Манийу фаззон æфсымæртæ куыд уыдысты, раст афтæ. Æндæр уацы æз бафæлвардзынæн Мелетинскийы хатдзæ- джы рæстдзинад сбæлвырд кæнын. Ам уал цыбыртæй зæгъдзы- нæн уый, æмæ Сосланимæ баст циклы кæй баиу сты рагон ирайнаг космогонион æмæ социогонион мифтæ. Фыццаг мифы дзырдæуы дыууæ фаззон æфсымæрыл, дыккаджы та — æртæйыл. Æмæ уæдæ нарты кадджыты Сосланæн иуырдыгæй дыууæ æфсымæры кæй хонынц, иннæрдыгæй та — иу æфсымæр, уым диссагæй ницы ис. Цымыдисаг у уый дæр, æмæ уæлдæр цы скифаг таурæгъы кой ракодтон, уымæн йæ варианттæй иуы Ко- лаксайæн иу æфсымæр йеддæмæ кæй иæй, уый (Раевский Д. С. Бац. куыст, ф. 117-118). Сослан æмæ Колаксайы фæлгонцты æхсæн параллельтæй, стæй æндæр факттæй куыд зыны, афтæмæй: 1) нарты кадджытæн сæ бындур сфæлдыстой ирон адæмы фыдæлтæ; 2) нарты кад- джытæн сæ бындур сфæлдыстæуыди Кавказы хæхты нæ, фæлæ «Скифаг тыгъдбыдырты», науæд та — ирайнаг адæмты иу- мæйаг цæрæнбынаты, æмæ йæ фæстæдæр нæ фыдæлтæ ахæлиу кодтой алыхуызон адæмты æхсæн: иуырдыгæй — келтаг знæмты æхсæн (кæс С. Литтлтон æмæ Л. Мелкоры куыст), иннæрдыгæй — астæуккагазиаг адæмты æхсæн (кæс Л. С. Толстовайы куы- стытæ), аннæрдыгæй та — кавказаг адæмты æхсæн; 3) рæстæг куыд ивта, афтæ ирон адæмы къухты цæмæйдæрты аивта ски- фаг эпос дæр. Æппæты цымыдисагдæр хабар уый уыд, æмæ Колаксайы ном ивд кæй æрцыд ном Сосланæй. 137
анахАрсис VII—VI века до н.э. Родплся: ок. 638 г до п :>. Умер: 559 г. до п.э , ДОМИНАНТА *■ Лоза припосит три гроздь опьянепия и гроздь ОРИГИНАЛЬНОСТИ: грозди: гроздь омерзения. наслажд ения 138
1. Жизнь • Скпф по процсхожлспню; мудрсц; Ф якобы пзобрсл юпчарпос колесо п якорь; молна пршшсывает сму па- чало пгры в шлшкн; • па статус сго бы.ю папнсапо: «Язык, чрено п похотл — обулдынап». РАГОН РАЗАГЪДЫ ЛÆГ Анахарсис уыди скифаг куырыхон лæг, царди мах эрæйы агъоммæ 7-6 æнусты (638-559), скифты паддзахæн хæстæг къа- баз æййæфта. Таурæгътæм гæсгæ, уыд афинаг политикон кусæг, реформатор æмæ поэт Солоны хорз хæлар. Бирæ рæстæг ар- выста Элладæйы, ахуыр кодта эллинты цардыуаг æмæ æгъ- дæуттæ. Фæстæдæр йæ райгуырæн бæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд афæлвæрдта уыцы æгъдæуттæ скифты ’хсæн ахæлиу кæны- ныл. Уый йе ’мбæстонты зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йæ амард- той. Незамантæй нырмæ Анахарсисы тыххæй бирæ номдзыд лæгтæ фыстой. Уыдонимæ — историйы фыд Геродот, рагон грекъаг æмæ ромаг фысджытæ, ахуыргæндтæ Плутарх, Аукиан, Стра- бон, Эмпирик, Диоген Ааэрци, Платон, Цицерон æмæ а. д. Журнал «Вестник древней истории»-йы 1971 азы 3-аг но- мыры зынгæ ахуыргонд И. В. Куклинайæн рацыдис ахадгæ уац Анахарсисы тыххæй. Биноныг ныхас дзы цæуы философы ду- неуынынад æмæ зондахастыл. 1982 азы Хуссар Ирыстоны чиныгуадзæн «Ирыстон» рау- агъта Козаты Авксентийы чиныг «Анахарсис» (уырыссагау). Автор бацархайдта скифаг куырыхон лæджы сфæлдыстадон бынтæ, стæй йыл чи фыста, уыдоны куыстытæ раиртасыныл, æрæмбырд ын кодта йæ афоризмтæ, зондамонæнтæ. Нæ журналы ацы номыры бакæсдзыстут Анахарсисы тыххæй хицæн историктæ æм философты хъуыдытæ, стæй йæ зонды ныхæстæ. Ирон æвзагмæ сæ раивта Хъодзаты Æхсар. Æмæ ма иу ныхас. Абайты Васомæ гæсгæ, ном Анахарсис арæзт у дыууæ хайæ: æппæрццæг хайыг ана + Ъуага. Нуага (авест.) амоны, «хъæн кæнын». Цæвиттон, Анахарсис амоны æнæфхæлц (æнæфхæлд). 139
кифтæ дæр иннæ адæмтау сæхимæ æмгæрон нæ уадзынц æцæгæлон æгъдæуттæ, æппæтæй тынг- дæр та сæхи иуварс ласынц эллинты æгъдæуттæй. Уый уæлдай тынгдæр рабæрæг раздæр Анахарсисы, стæй та Скилы хъысмæтæй. Бирæ бæстæтæ федта Анахарсис æмæ- иу алы ран дæр йæхи равдыста стыр зонды хицауæй. Скиф- ты бæстæмæ куы ’рбацæйцыд, уæд йæ фæндаг цыди Гелес- понтыл æмæ йæ Кизикы æрлæууын бахъуыди. Кизикæгтæм уыцы рæстæг уыди Хуыцæутты Мады1 бæрæгбон. Анахар- сис ард бахордта: нæхимæ, дам, куы бахæццæ уон, уæд ацы бардуаджы номыл кусарт акæндзынæн, стæй йын амы хуы- зæн æгъдау ратдзынæн. Анахарсис скифты бæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд сусæгæй ацыди Гилеймæ (уыцы бынат ис Ахиллесы фæзы цур, у алымыггаг бæлæстæй йемыдзаг). Гъемæ дын уырдæм куы ацæуид æмæ дзы, Кизикы цы бæрæгбон федта, раст ахæм куы скæнид. Ноджы йæ хъуы- рыл æрцауыгъта Хуыцæутты Мады чысыл сурæттæ, стæй алы гуымсæджытæ хойын байдыдта. Скифтæй йæ чидæр бахъахъхъæдта æмæ йыл паддзах Савлиймæ дзырд бахаста. Паддзах йæхæдæг рацыд æмæ, Анахарсисы уыцы бæрæгбон кæнгæ куы федта, уæд æй фатæй амардта. Æмæ ныртæккæ дæр скифтæй кæйфæнды дæр Анахарсисæй куы бафæрсай, уæд дын дзуапп радты, нæ йæ зонын, зæгъгæ: Элладæйы кæй фæцис æмæ æцæгæлон адæмы æгъдæуттæ кæй райста, уый тыххæй. Ариапифы æвджиды лæг Тимæй куыд фехъуы- стон, афтæмæй Анахарсис уыди скифты паддзах Идан- фирсæн йæ фыдыфсымæр, Гнуры фырт, Ликы фыртыфырт æмæ Спагапифы фыртыфыртыфырт. Аанахарсис кæд æцæгæй уыцы паддзахы къабаз уыд, уæд уый зонут, æмæ йæ йæ хæрзæфсымæр амардта. Уымæн æмæ Иданфирс Сав- лийы фырт уыди, Савлий та Анахарсисы марæг. Æз ма пелопонесæгтæй æндæр хабар дæр фехъуыстон. Ана- харсисы Элладæмæ арвыста скифты паддзах ахуыры фæдыл. Фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд паддзахæн загъта, лакедо- мийæгтæй фæстæмæ иннæ эллинтæ иууылдæр архайынц алцы дæр базоныныл æмæ зондджын суæвыныл, зæгъгæ. Фæлæ, дам, хуызæн ныхас кæнæн ис æрмæст лакедомийæгтимæ. Ацы ха- бар, раст зæгъын хъæуы, эллинтæн сæхи æрымысæггаг у; Цы- 1 Сусæг оргиастикон культытæ (Стыр Мады Кибелæйы) скифтæм æрбафтыдысты Кизикæй. 140
дæриддæр у, уæддæр Анахарсис фæмард, æз æй куыд радзырд- тон, афтæ. (Геродот. История в девяти кпигах. Четвертая кпига. Мельпомена. Владикавказ, 1991, 32-33 фæрстæ). Дзурынц, Анахарсис, дам, бацагуырдта Солоны хæдзар Афинты, бахоста æмæ загъта, æндæрбæстаг дæн æмæ а хæдза- ры хицауимæ балымæн уæвыны тыххæй æрбацыдтæн, зæгъгæ. Солон ын дзуапп радта, алчи, дам, йæхи бæстæйы куы скæны хæлæрттæ, уæд хуыздæр у. «Гъемæ дæ хъуыддаг раст,— фацæрæхст Анахарсис,— ды дæхи бæстæйы дæ æмæ хæлæрттæ зæгъ махæй». Солон ахæм дзуаппæй иттæг ра- зыйæ баззад, Анахарсисы суазæг кодта рæдауæй æмæ йын иуцасдæр фысым уыд, йæхæдæг æхсæны кусæг куы ссис æмæ закъæттæ куы фыста, уæд. Анахарсис куы базыдта, Солон цы кусы, уый, уæд ыл худын байдыдта: адæмы, дам, фыст закъонты руаджы сæ фыдгæндтæ сæ зыд æмæ кæрæфæй ба- уромынмæ хъавыс. Фæлæ, дам, закъонтæ хæлуарæджы тынтæй хъауджыдæр не сты: лæмæгътæ æмæ дзы мæгуыртæ куы ба- хауынц, уæд сæ бауромынц, тыхджынтæ æмæ сæ хъæздгуы- тæ та арæдувынц... Анахарсис Адæмон æмбырдмæ куы бацыд, уæд дисæй амард: ацы эллинтæ, дам, диссаг куыннæ сты — дзургæ сæ зонд- джынтæ кæнынц, хъуыддæгтæ та æдылытæ аразынц. (Плутарх. Избранные жизнеописания. Т. I, М., Изд., «Правда», 1987, 161 фарс). Анахарсис уыди скиф, Гнуры фырт, скифты паддзах Каду- иды æфсымæр, эллинаг хæрæфырт, уымæ гæсгæ зыдта дыууæ ’взаджы. Скифты æмæ эллинты хæстон æмæ æнæуи царды тыххæй ныффыста æмдзæвгæтæ 800 рæнхъы. Афтæ аив æмæ сæрибар ныхас кодта, æмæ йæ диссагæн хастой, æмбисондæн баззади, «скифы хуызæн дзыхарæхст у», зæгъгæ. Сосискрат зæгъы, Афинтæм, дам, уый æрбацыди 48-æм олим- пиадæмæ, Евкрат хицауиуæг куы кодта, уæд. Гермипп та афтæ зæгъы, Солоны хæдзар, дам, бацагуырдта, йæ цагъайрæгтæй, дам, иуæн бафæдзæхста, дæ хицауæн фехъусын кæн, Анахар- сисы дæ лымæн æмæ дæ уазæг уæвын фæнды, зæгъгæ. Солон уый куы фехъуыста, уæд йæ цагъарæн афтæ: зæгъ æрбацæуæгæн, алчи йæ райгуырæн бæстæйы фæагуры лымæн, зæгъгæ. Ана- харсис дæр фæцарæхст æмæ дзуры: гъемæ Солон йæ райгуы- рæн бæстæйы куы и, цæуылнæ хъуамæ зæгъа мæнæй лымæн? 141
Ахæм цыргъзондæн æвзæрæй тас нæу, ахъуыды кодта Солон, мидæмæ йæ бахуыдта æмæ йæ хуыздæр лымæн ссис. Иуцасдæры фæстæ Анахарсис Скифты бæстæм æрбаздæхт; гъе фæлæ гречъы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ иттæг бирæ кæй уарзта, уымæ гæсгæ йыл фæгуырысхо сты, йæхи фыдæлты æгъдæуттыл йæ къух систа, зæгъгæ, æмæ цуаны рæстæг йе ’фсымæры фатæй фæмард. Ахæм ныхæстæ зæгъын ма йын бан- тысти: «Мæ зонды руаджы мыл Элладæйы ницы ’рцыди, фæлæ мæ хæлæг бабын кодта мæ райгуырæн бæстæйы». Иуæй-иутæ та афтæ зæгъынц, грекъаг æгъдæуттæ кæнгæйæ, дам, фæмард. Æз ыл ахæм рæнхъытæ ныффыстон: Ихсыд, фæлладæй Скифты бæстæмæ æрцыд Анахарсис, Эллинты ’гъдæуттæ м’адæмæн амонон, загъта. Аскъуыд йæ ныхас æрдæгыл, риуы æндон фат ныссагъдис. Баззад уæлæуыл йæ ном, йе стыр фарн дугтæн ныууагъта. Сæнæфсирыл æртæ æфсиры зайы, зæгъгæ, уыцы ныхас дæр Анахарсис загъта: сæ иу удæн æхцондзинад хæссы, иннæ ра- сыг кæны, æртыккаг та æлгъгæнæны хос у. Диссаг та куыннæ у, дзырдта уый, Элладæйы ерыстæ куы фæцæуы, уæд дзы архайгæ хæрзархстытæ фæкæнынц, тæрхонгæнæг та сын æнарæхстытæ вæййынц. Цæмæй лæг ра- сыггæнаг ма уа, уый тыххæй цы бачындæуа, зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд дзуапп радта: зыбыты æвзæр митæ чи кæны, ахæм расыггæнаг ын йæ цуры дар. Диссаг куыннæ у, æниу, дзырдта уый, эллинтæ хылгæнджыты ныхмæ закъонтæ уадзынц, кæрæдзи чи ныммур кæны, уыцы атлеттæн та хорзæхтæ рат- тынц. Науы фæйнæджыты бæзн цыппар æнгуылдзы у, уый куы базыдта, уæд загъта: науы чи цæуы, уыдонæй мæлæты ’хсæн дæр цыппар æнгуылдзы ис. Зети хуыдта зондцухты нозт, уымæн æмæ, дам, богæлттæ сæхи зетийæ байсæрдынц, афтæмæй кæрæдзимæ зондцухты лæбурд байдайынц. Сайыны ныхмæ, дам, тохгæнæн куыд и, дуканиты, дам, сайыны куыст йеддæмæ куы ницы кæнынц, уæд? Диссаг, дам, у уый дæр: эллинтæ куывды райдайæны гыццыл нуазæнтæй фæнуазынц, сæ ахсæнтæ куы байдзыг вæййынц, уæд та — стыртæй. Йæ статуйæйы бынмæ фыст и: «Сæ рохтыл хæц æвзагаен, гуыбынæн, монцтæн». , Скифтæм уадындзтæ ис æви нæй, зæгъгæ, йæ куы бафар** стой, уæд дзуапп радта: «Суанг ма сæм сæнæфсир дæр нæй» • 1 Ома, уадыпдзæй зарыпы размæ хъуамæ сау расыг суай сæпæй. 142
Æппæты æдасдæр наутæ цавæртæ сты, зæгъгæ, уыцы фарстæн та ахæм дзуапп радта: «Былмæ кæй раластой, уыдон». Эл- линтæм, дам, диссагдæр та уый раиртæстон: фæздæг хохы ныу- уадзынц, суг та сахармæ ласынц1. Æгæстæй мæрдтæй фылдæр кæцытæ сты, зæгъгæ, уыцы фарстæн та фарстæй дзуапп радта: «Науы ленкгæнджыты та кæцытыл банымайæм?» Иу афинаг ын бафидис кодта, скиф дæ, зæгъгæ. Анахарсис ын афтæ: «Мæн мæ фыдыбæстæ худинаг кæны, ды та — дæ фыдыбæстæйы». Лæгмæ хорзæй æмæ æвзæрæй цы ис, зæгъгæ, ахæм фарстæн дзуапп радта: «Æвзаг». Уый дзырдта: «Иу ахъ- аззаг лымæн бирæ ницæйаг лымæнтæй хуыздæр у». Базар, дам, адæймаг барæй æрхъуыды кодта, цæмæй дзы иу иннæйы сайа, иу иннæмæй дава. Куывды йæ иу лæппу куы бафхæрдта, уæд ын Анахарсис загъта: «Лæппу, æрыгон уæвгæйæ кæд сæн хæссын дæ бон нæу, уæд зæрондæй та дон хæсдзынæ». Иуæй-иутæ куыд дзурынц, афтæмæй Анахарсис æрхъуыды кодта науæнгуыр-якорь æмæ дурынгæнæн зиллакк-цалх. Ис æм ахæм фыстæг: Анахарсис Крезмæ. Лидийæгты паддзах! Æз эллинты зæхмæ æрбацыдтæн, цæмæй сын се ’гъдæуттæ, сæ цар- дыуаг базонон; сызгъæрин мæ нæ хъæуы, Скифты бæстæмæ, ныр цы дæн, уымæй хуыздæрæй куы аздæхон, уæд мын уый фаг у. Ныр та Сардтæм (Лидийы паддзахады столицæ) цæуын, уымæн æмæ демæ базынд ахсджиаг хъуыддагыл нымайын». (Диоген Лаэртский. О жизни, учепиях и изречениях зна- менитых философов. «Мысль», М., 1979, 95-96 фæрстæ). Геродоты фæстæ Анахарсисы кой ракодта Эфор. Уымæн йæ уацмыстæ мах заманмæ не ’рхæццæ сты, баззади дзы æрмæст иугай чысыл скъуыддзæгтæ, уымæ гæсгæ, цы хабæрттæ кæны, уыдон æмбырд кæнын хъæуы мургай алы авторты фыстыты. Псевдо-Скимн фæзмы Эфоры ныхæстæ, Анахарсис, дам, уыди цæугæцардгæнæг адæмтæн сæ тæккæ хуыцауыуарзондæртæй иу. Дамаскаг Никъала, абитæ кæй хуыдтой, уыцы галактофагты цардыуаг æвдисгæйæ рафæзмыдта Эфоры ныхæстæ: «Уыдонæй уыди, авд куырыхоны номхыгъдмæ чи бахауд, уыцы Анахарсис дæр. Уый Элладæмæ ацыд эллинты æгъдæуттæ сахуыр кæнынмæ...» Эфоры ныхæстæ фæзмы Страбон дæр йæ «Гео- графийы» 7-æм чиныджы: «...Эфор рæстылдзу номадтæй-цæу- 1 Лм, æвæццæгæн, пыхас цæуы æвзалысудзджытыл: æвзалы хъæды басудзыпц æмæ йæ сахары фæуæй кæнынц. 143
гæцардгæнджытæй хоны Анахарсисы дæр, нымайы йæ куыры- хоныл: Анахарсис, дам, уыдис авд куырыхоны номхыгъды — уаг æмæ æгъдауæй йæ бынтон æнаиппыл æмæ стыр зонды хи- цауыл кæй нымадтой, уый тыххæй. Эфоры ныхæстæм гæсгæ уый æрхъуыды кодта судзгæ зных, стæй дыууæ дæндаджы кæмæн ис, ахæм науæнгуыр-якорь æмæ дурынгæнæн зиллакк- цалх. (И. В. Куклина. Апахарсис. «Вестник древпей истории». № 3, 1971, 116 ф.) Грекъаг гимнаситæ Анахарсис нымадта æрвылбоны æр- рагæнæн бынæттыл. Лæппутæ ’рбацæуынц, сæ дарæс раласынц, сæхи байсæрдынц æррагæнæн зетийæ. Уый фæстæ æвиппайды кæрæдзи расур-басур байдайынц, иу иннæйы фæбынæй кæны- ныл, абырсыныл, кæнæ фæнæмыныл архайы. Се ’нæсæрфат митæ куы ахицæн вæййынц æмæ сæ «ахуырст» куы ссæуы, уæд сæхи æрæмбарынц æмæ кæрæдзимæ хæлæртты цæстæй ракæсынц, цы митæ кодтой, уымæй æфсæрмы кæнын райдайынц... Ахæм хъуыдытæ дзуры Анахарсис Солонимæ ныхас кæнгæйæ дæр (кæс Лукианы «Скиф кæнæ гимнаситы тыххæй»). Гимнаситы кæрæдзи чи нæмы, хурх кæны, хуытау змисы æмæ цъыфы чи фæратул-батул кæны, уыцы лæппутæ худæг кæсынц скифмæ. Ноджы ма уæлахиздзаутæн хæрзиуæджы хуызы хъæддаг олив- æты къалиутæй, нæзыйы хихтæй исты зайæгхæлттæй быд чъи- на кæнæ табуйаг бæлæстæй тынд фæткъуытæ кæй раттынц, уый куы базыдта, уæд бынтон дисæй амарди. «Цыма сæ цæсгæмттæ цъыфæй куынæ самæнтой кæнæ сын сæ ныхмæ- лæуджытæ сæ ахсæнтæ куынæ батъæппытæ кæной, уæд сæхицæн сæ бон нæу фæткъуытæ, нæзыйы къалиутæ, йе та кæрдæджы хæлттæ самал кæнын»,— дисгæнгæ дзуры Анахарсис. Æнæсæрфат ми йæм кæсы, лæджыхъæд, уæнгдых, фидауц æмæ фæразондзинад исты ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл нæ, фæлæ дзæгъæлы хардзгонд кæй цæуынц, уый: ау, фыдыбæстæ тæссаг уавæры куынæ бахауди, знæгтæ йæ заууатмæ куынæ тæрынц, æмгæрттæ, хæстæджытæ уацары куынæ бахаудтой, уæд уый куыд у!.. Куыд уынæм, афтæмæй Анахарсис фидарæй лæууы цивили- зацион паддзахады ахæм æнахъинон уагæвæрдты ныхмæ. Уый у, æрдзы æгъдæуттæм гæсгæ чи цæры æмæ æндæр хуызы хъо- мылад æцæгæлоныл чи нымайы, ахæм адæмы минæвар æмае критикæ кæны æддæрæгон цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. (Уый дæр уым. 119 фарс.) 144
Сицилиаг Диодор иу цымыдисаг хабар ракодта, Крезы цып- пар куырыхоны (Анахарсис, Биант, Солон æмæ Питтак) куыд бабæрæг кодтой, уый тыххæй. Йæ паддзахады хъомыс æмæ, цы адæмты басаста, уый сын куы равдыста, уæд Крез Анахарсисы (уый уыд йæ уазджыты хистæр) бафарста, тæккæ хъæбатыр- дæрыл, дам, кæй нымайыс? Æппæты хъæддагдæр цæрæгойты, дзуапп радта Анахарсис, уымæн æмæ æхсарджынæй æрмæст уыдон амæлынц сæрибары сæрвæлтау. Раст ахæм дзуапп радта Анахарсис, тæккæ растдæрыл кæй нымайыс, зæгъгæ йæ куы бафарстой, уæд дæр: æппæты хъæддагдæр цæрæгойтæ сты æппæты растдæр, уымæн æмæ уыдон цæрынц закъонтæм гæсгæ нæ, фæлæ æрдзы фæткмæ гæсгæ. Зонд дæр уыдонмæ иннæтæй фылдæр и, загъта Анахарсис, уымæн æмæ сын закъоны рæстдзи- надæй æрдзы рæстдзинад зынаргъдæр у. (Уый дæр уым. 121 фарс.) АНАХАРСИСЫ ЦЫРГЪЗОНД НЫХÆСТÆ 1. Дæхæдæг дæхи базон, 2. Цы фехъусай, ууыл-иу асагъæс кæн. 3. Зæххыл уазæг кæй дæ, уый зон. 4. Хуыцауы фæндагыл цу. 5. Закъоны коммæ кæс. 6. Дæ ныййарджытæн кад кæи. 7. Рæстдзинады сæрыл æфхæрдæн дæр фæраз. 8. Хъуыддаг базон, стæй тæрхон (аргъ) кæп. 9. Бинонты хъуыддаг афоныл бакæи. 10. Мæлæтыл хъуыды кæн. 11. Дæ къонайæн аргъ кæн. 12. Дæхи рохтыл хæцын фæраз. 13. Хæлæрттæн æххуыс кæн. 14. Дæ зонд фæлвар. 15. Дæ маст уром. 16. Райсом цы ’рцæудзæп, ууыл рагацау хъуыды кæн. 17. Ард ма хæр. 18. Æвæлмæцгæйæ ахуыр кæн. 19. Хорзæй хорз дзур. 20. Фаутæ макæуыл æвæр. 21. Раст кæн. 22. Знæгтæй дæхи хъахъхъæн. 10 Мах дуг№ 6, 1999
23. Де ’рдзон курдиат фæлвар. 24. Æнаипп уæвынмæ тырн. 25. Дæ исбон хъахъхъæн. 26. Искæй фæллоймæ ныхилыны онг ма ’рхау. 27. Саламджын у. 28. Кæронмæ-иу байхъус. 29. Фагæй фылдæрмæ ма бæлл. 30. Рæстæгыл ауæрд. 31. Схъæл уæвынæй дæхи хъахъхъæн. 32. Курæгæн аргъ ыскæн. 33. Макæй рох кæн. 34. Дæ фыртты хъомыл кæн. 35. Искæмæн де ’ххуыс ма бавгъау кæн. 36. Мæнгардæй тæрс. 37. Ныфсдæттæг у. 38. Зонд уарз. 39. Дæ кæнинаг уал раздæр биноныгæй равзар, стæй йæм бавнал. 40. Маргæ ма кæн. 41. Гæнæн цæмæн и, æрмæст уымæ бæлл. 42. Зондджынты æхсæн фæуынмæ тырн. 43. Исты райстай — фæстæмæ йæ ратт. 44. Иумæ дæр гуырысхойы цæстæй ма кæс. 45. Аивадмæ æмхиц у. 46. Раттинаг цы дæ, уый ратт. 47. Макæмæ хæлæг кæн. 48. Дæхи рагацау фæдзæхс. 49. Хахуыртæй дæхи иуварс лас. 50. Дæ исбонмæ æфтуæттæ кæн сыгъдæг къухæй. 51. Хæларзæрдæ лæгты нымай. 52. Зон: Тæрхонгæнæг ис. 53. Бинонты бæрны бацыдтæ — хицау сын у. 54. Амонд ыссарыныл дæ уд хъар. 55. Бæрны бацæуынмæ ма тырн. 56. Дæхи лас дæхи хуызæттæм. 57. Хорз хъуыддаг куы чындæуа — раззаг у. 58. Цы дæм ис, уый фагыл нымай. 59. Æфсæрмыгæнагæн аргъ кæн. бр. Æбузн ма у. 61. Дæ хъысмæтæй разы у. 62. Хъусгæ кæмæ кæныс, кæсгæ дæр уымæ кæн. 63. Бынтæ скæн сыгъдæг фæллойæ. 146
64. Быцæуæй дæхи иуварс лас. 65. Де ’взаджы рохтыл хæц. 66. Æфхæрынæй дæхи хъахъхъæн. 67. Раст тæрхон кæн. 68. Æхцайæ пайда кæн, æрмæст куы бахъæуа, уæд. 69. Аххосджын кæн, æрмæст дæ цуры чи ис, уый. 70. Цы зоныс, æрмæст уый тыххæй дзур. 71. Хъуыддаг тыхы руаджы ма кæн. 72. Цæр, æнкъард ма кæн, афтæмæй. 73. Ныхас кæн арæхсгæ, хиуылхæцгæ. 74. Хъуыддаг йæ кæронмæ æдæрсгæйæ кæн. 75. Алкæмæ дæр дзæбæх зæрдæ дар. 76. Дæ фыртты ма ’лгъит. 77. Дæхицæн у. 78. Алкæимæ дæр зæрдæхæларæй дзур. 79. Афоныл дзуапп дæтт. 80. Рæстмæйы хъуыддагы^ зæрдиагæй бакус. 81. Афтæ бакæн, цæмæй уый фæстæ фæсмонгонд ма фæуай. 82. Рæдыд æруагътай,— фæсмон кæн. 83. Дæ цуры чи нæй, уыимæ ма тох кæн. 84. Талф-тулфæй ма уынаффæ кæн. 85. Хъуыддаг æвæстиатæй кæн. 86. Æмгардзинад хъахъхъæн. 87. Сусæгдзинад ма хъæр кæн. 88. Хицæуттæй тæрс. 89. Хуыздæр афонмæ æнхъæлмæ кæс. 90. Зæронды бонты æрцыдмæ цæттæ у. 91. Дæ тыхæй ма ’ппæл. 92. Хорз хабæрттæ дзурынмæ тырн. 93. Кадмæ тырнын ма ныууадз. 94. Фыдæхæй дæхи иуварс лас. 95. Дæхицæй хистæрæн лæггад кæн. 96. Дæхицæй кæстæрæн зонд амон. 97. Мулкыл ма ’ууæнд. 98. Дæхицæн аргъ кæнын зон. 99. Æфхæрæн ныхас дæуæй ма рацæуæд. 100. Фыдæлтæн кад кæн. 101. Фыдыбæстæйы сæрыл мæлæтмæ у цæттæ. 102. Цардимæ быцæу ма кæн. 103. Мардыл ма бахуд. 104. Æнамонды рыстыл рисс. 105. Иннæтыл ауд, дæхицæн зиан ма кæн, афтæмæй. 147
106. Уæздан сылгоймагæй цот рауадз. 107. Дзырд макæмæн дæтт. 108. Амондыл ма ’ууæнд. 109. Лæппуйæ хæдæфсарм у, лæппу-лæгæй — хиуылхæцгæ, ас лæгæй — раст, зæрондæй — æмбаргæ. 110. Иугæр мæлыс, уæд æрхæндæгæй — нæ. 111. Сау адæмы зæрдæмæ цæуыныл архай. 112. Нывæндтæ кæн, дæ къух куыд амоны, афтæ. 113. Дæхиимæ ма тох кæн. 114. Цард дын уаргъхæссæгау ма уæд. 115. Æрмæст дæ зæрдæйы дзæбæхæн ма дзур. 116. Кæй дарыс, уыдоны уарз. 117. Мæрдты ма ’фхæр. 118. Искæй аххосджын кæнынæй дæхи хиз. 119. Алцæуыл æнкъард ма кæн. 120. Цы нæ хъæуы, уыдоныл хæрдзтæ куы кæнай, уæд дын, цы хъæуы, уыдоныл хæрдзтæ кæныны фадат нал уыдзæни. Мæ дарæс у скифаг пæлæз, мæ къахыдзаума — мæ къæхты царм, мæ хуыссæн — зæхх æнæхъæнæй, мæ аходæн æмæ сихор — æхсыр, цыхт æмæ физонæггонд дзидза, мæ нозт та — дон. Зонд балхæнæн нæй нæдæр бирæ мулкæй, нæдæр стыр зæххытæй. Дæумæ уадындзтæ æмæ æхцайы чыссæтæ ис, мæнмæ та — фæттæ æмæ æрдын. Уымæ гæсгæ гуырысхойаг нæу: ды цагъар дæ, æз та — сæрибар, дæуæн бирæ знæгтæ ис, мæнæн та иу дæр нæй. Ардал æй афтæ куы бафарста, скифтæн хуыцæуттæ ис æви нæй, зæгъгæ, уæд ын Анахарсис дзуапп радта: ай-гъай сæм ис, ноджы адæймаджы ’взаг чи ’мбары, ахæмтæ. Грекъ та скифтæй сæхи дзыхарæхстдæр хонынц, афтæмæй сæм афтæ кæсы, цыма хуыцæуттæ адæймаджы хъæлæсæй стджыты æмæ хъæды лыг- гæгты уынæрмæ æхсызгондæрæй хъусынц1. Анахарсис грекъмæ куывды бадти. Иуафон быдзæуты-хъаз- æнхъулты æрбакодтой уазджыты ахудын кæныны тыххæй. Анахарсис не схудти. Уый фæстæ маймулийы æрбакодтой, æмæ 1 Стджытæ æмæ хъæдæрмæгæй грекъ арæзтой музыкалон ипструмспттæ æмæ-иу сæ дипы бæрæгбæтты цагътой. 148
уæд Анахарсис дæр худын райдыдта, стæй загъта, ацы цæрæгой, дам, æрдзæй худæг у, адæймаг та худæджы уавæры йæхи лæгдыхæй æвæры. Сæнæфсирмæ стыр тых кæй ис, уый æмбарын кæнгæйæ Анахарсис загъта, æрвылаз, дам, грекъ сæ сæнæфсирты зæнгтæ куынæ лыг кæниккой, уæд афонмæ скифтæм дæр сæнæфсир уаид. Нозт адæймаджы зонд галиу кæй кæны, уый тыххæй ахæм хабар ис. Иу куывды Анахарсисæн загъдæуыд: «Лхæм фыдыпд ус куыд ракуырдтай?» Анахарсис ын афтæ:ч «Мæнмæ дæр фы- дынд кæсы, фæлæ ма мын мæ нуазæн карздæр сæпæй байдзаг кæн, цæмæй мæм мæ бинойнаг рæсугъддæрæй зынын райдайа, уый тыххæй». Анахарсисы бафарстой: лæгæн тæккæ знагдæр чи у? Уый дзуапп радта: йæхæдæг йæхицæн. Анахарсис дзырдта: фыццаг нуазæн адæймаг фæнуазы æнæниздзинады тыххæй, дыккаг — æхцоны тыххæй, æртыккаг — цæмæй йæ цæсгом суадза, уый тыххæй, цыппæрæм — цæмæй сæрра уа, уый тыххæй. Цот дын цæуылнæ ис, зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд загъта: уымæн, æмæ сабиты бирæ уарзын. Анахарсис дзырдта: раздæр уал хъазæнтæй хъазын хъæуы, цæмæй фæстæдæр ахсджиаг хъуыддæгтæ кæнай, уый тыххæй. Адæм æдзух хъынцъым цæмæн кæнынц, зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд Анахарсис загъта: канд сæхи æнамонддзинæдтæ сæ нæ бауадзынц маст, фæлæ искæй хорздзинæдтæ дæр. Денджыз æнцад куы уа, уæд нæ базондзыпæ, наутæрæг хорз у æви нæ: уый тыххæй хъæуы уад-дымгæ. Фыдлæг æвзалыйæ уæлдай нæу: куынæ дæ судза, уæд та дæ чъизи скæндзæни. 149
ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ФАРСТАТÆ УАЛЫТЫ Татьянæ КОЦОЙТЫ АРСЕН - РУХСТАУÆГ рофессор М. Краснов 1895 азы, Ирыстон бабæрæг кæныны фæстæ, йæ очеркты фыста: «Осетины — один из народов, не только способный к быстрому восприятию культуры, но и делающий на этом поприще боль- шие успехи... Они жаждут образования, охотно открывают школы, посылают туда детей, изучают русский язык, и населе- ние уже владеет им». (Краснов М. Просветители Кавказа, 1913 г., с. 68). Ацы ахсджиаг æмæ вазыгджын хъуыддæгты зæрди- агæй архайдтой, йæ адæмы хуыздæр фидæнмæ чи бæллыд, уыцы фыццаг рухстауджыты фæлтæр дæр. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты афицертæ, сауджынтæ, ахуыргæнджытæ. Сухиты Ми- хал, Цорæты Васили, Тускъаты Солæман, Хъараты Аксо, Уырымты Харитон, Гасситы Афанаси, Дзасохты Гиго, Æмбал- ты Цоцко, Гарданты Михал æмæ бирæ æндæрты нæмттæ ирон адæймаг абон дæр стыр æхсызгонæй æрымысы. Сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, адæмы ’хсæн парахат кодтой ахуырад æмæ куль- турæ. Рухстауыны куысты уæлдай тынгдæр æнтысти Хетæгкаты Къоста, Хъаныхъуаты Инал, Цæголты Георги, Байаты Гаппо, Ардасенты Алихан, Коцойты Арсенæн. Максим Горький 1912 азы амыдта, зæгъгæ, «фыссæг æнæн- хъæлæджы фæзынд никуы вæййы, уый у, нацийы духовон куыст цардмæ кæй рахоны, ахæм фæзынд... Фыссæг мидæгъдауæй кæддæриддæр баст вæййы йæ дуг, йæ нациимæ». Афтæ зæгъæн ис Коцойты Арсенæй дæр. «Ирон аив дзырды зæрингуырды» цард æмæ сфæлдыстад райдианæй кæронмæ баст уыд йæ адæ- мы хъысмæтимæ, уый ристæ æмæ хъуагдзинæдтæ æвдисын æмæ иуварс кæнынимæ. Арсен йæ рæстæджы уыди ирон адæмы куль- турон рæзты рухсдæттæг цырæгътæй иу. Æнтыстджынæй 150
дарддæр хæццæ кодта йæ размæйы рухстауджыты хъуыдытæ æмæ фæндиæгтæ. «Творческий облик Арсена Коцоева — писа- теля, публициста, журналиста, просветителя — един. В каком бы жанре он не выступал, писатель остается поборником правды и справедливости, какой бы темы он не коснулся — перед нами гуманист, ненавистник зла, то спокойно рассудительный, то непримиримый, беспощадный»,— фыста Мæрзойты Сергей. (Марзоев С. Талант, отданный людям. «Летературная Осетия». 1972, № 40, 84 ф.) Фыссæг йæ хъус дардта Ирыстоны фæткæвæрды алыхуы- зон фарстатæм. Йæ рухстауæджы куыстæн хорз æвдисæн сты, Дзæуджыхъæуы, Тифлисы, Бетъырбухы газеттæ æмæ журнал- ты цы алывæрсыг уацтæ мыхуыр кодта, уыдон. Йæ публицистикæйы сæйрагдæр æвдыста ирон адæмы хъу- агдзинæдтæ, йæхи загъдау, æхсæны царды «риссаг» фарстæтæ. Къостайау уый дæр нæ уарзта «æмбæхстытæй хъазын», «æнæпайда æмæ æнæсæрфат дзæнгæда». Йæ ныхас комкоммæ арæзт уыд чиныг кæсæджы зонд æмæ æнкъарæнтæ агайынмæ. Газет «Тифлисский Листок»-ы тыххæй дæр уымæн афтæ карзæй фыста: «Цыппар мæйы размæ «Тифлисский листок»-ы кусын куы байдыдтон, уæд æй æз газет æнхъæлдтон, уымæй дæр про- грессивон газет. Фæлæ мын уайтагъд сæнад и. Кæсын, æмæ мæ уацхъуыдтæй дæрзæг æмæ судзаг чи нæ у, уыдон æхсызгонæй мыхуыры цæуынц, арæх фæзынынц фыццаг фарсыл зынгæ бы- наты, фæлæ чысыл нæ рæстæджы риссаг фарстытæм кæм фев- налын, уыцы уацхъуыдтыл «оххытæ» æмæ «аххытæ» кæнын байдайынц æмæ сæ æвзæрыл банымайынц». (2, 219) Экономикон, административон-барадон, хæдзарадон æмæ бирæ æндæр ахсджиаг фарстатæ зынгæ бынат ахстой Коцойты Арсены публицистикæйы. Уымæн æмæ царди адæмы фарнæн, адæмы амондæн, иицы æвгъау кодта йæ кæстæртæн размæцы- ды хъуыддаджы. Ахуырад æмæ рухсады фарстатæй Арсены тынгдæр цы ’ндæвта, уый бæрæгæй зыны йæ уац «Ирон интеллигенцийы хæстæ»-йы (газет «Закавказье», 1909, № 220, 224, 226). Йæ адæмы фидæныл арфхъуыдыгæнæг культурæйы рæзты ахс- джиагдæрыл нымадта ирон дамгъуат æмæ фыссынад, ахуырад æмæ скъола, мадæлон æвзаг, чиныгуадзыны хъуыддаг, литера- турæ æмæ а.д. Фыссæгмæ гæсгæ, æппæт ацы хъуыддæгтæм хъус дарын у ирон интеллигенцийы хæс. Уый хъуамæ хъомыл кæна адæмы, цæттæ йæ кæна культурæ æмбарынмæ. Ахæм куыстæн йе ’нтысты сæйраг уавæр ис уый мидæг, æмæ интеллигенци 151
хъуамæ дард ма лæууа дзыллæтæй, йæ къух хъуамæ æххæс- са адæмы къухмæ» (2, 224) Адæмы хъомыл кæнынæн та йæ райдайæн сты скъола æмæ ахуырад. Ацы хъуыддагмæ Арсен æппæтвæрсыгæй кæй каст, уый бæрæг у йæ уацты сæргæндтæй дæр: «Школы в горных трущо- бах», «Всеобщее обучение», «По поводу начальной школы будущего», «Когда же, наконец?», «Общество народных чте- ний в деревнях» æмæ а.д. Ирон сывæллæттæн фыццаг скъолаты байгомыл тынг æхсыз- гонæй сæмбæлди. Фæлæ алы ран кæй нæ уыдысты, уый тыххæй арæх фыста. Газет «Хурзæрины» 1924 азы, цыппæрæм номы- ры сæрмагонд уацхъуыд уыди, Леуахи æмæ Монастеры рай- дайæн скъолатæ кæй нæй, уый тыххæй. Уыцы аз газеты æхсæзæм номыры фыста: «Леуахи у 1071 хæдзары кæм ис, ахæм комбæстæ æмæ уымæй талынгдæр бынат нæй æгас Хуссар Ирыстоны. Хорз хабар нæу, уым скъола кæй нæма ис, уый». Хохы зындзæуæн рæтты цы сывæллæттæ цард, уыдонæн ахуыры фадат кæй нæ уыд, уый тыххæй мæнæ куыд зæгъы йæ уац «Школы в горных трущобах»-ы (газет «Тифлисский листок», № 77, 1909): «Гор- ные трущебы на Кавказе могут быть не известны петербург- ским канцеляриям, но существовании и выработать для них особый тип начальных школ» (1). Арсены хъуыдымæ гæсгæ ахæм бынæтты байгом кæнæн ис скъола-пансионаттæ. Йæ сывæллæтты ахуырмæ чи нæ уагъта, ахæм ныййарджы- тимæ дæр хорз арæхсти ныхас кæнынмæ, «комкоммæ сæм-иу хæдзармæ бацыд, сæ цуры-иу æрбадт æмæ сын-иу бамбарын кодта сæ рæдыд». («Рæстдзинад», 1969, 7 декабрь.) Мадæлон æвзаджы ахадындзинад ахуырадон процессы Ар- сен æвæрдта бæрзонд, нымадта йæ «зонды мæсыг» самайынæн хъæугæдæр фæрæзыл. Райдайæн ахуырад мадæлон æвзагыл рацаразын уыди, нæ фыссæгмæ гæсгæ, сывæллæтты рæзты сæйрагдæр мадзал. Фæлæ уыимæ фæзынд ног цæлхдуртæ дæр. Ахуыргæнæг сывæллæттæм хъуамæ дзура мадæлон æвзагыл, фæлæ Кавказы æппæт адæ- мыхæттытæм дæр нæ фаг кодтой кадртæ. Йæ уац «Всеобщее обучение»-йы (газет «Тифлисский листок», № 90, 1909) фæндон хæссы, цæмæй Стъараполы семинарæй дарддæр ахуыргæнджытæ цæттæ кæной Цæгат Кавказы духовон семинарты дæр æмæ ма сын ноджыдæр Кавказы горæттæй иуы байгом кæной афæдзон курсытæ дæр. Кæд цыфæнды зын уыди, уæддæр ахуыргæн- джытæ цæттæ кæныныл зæрдиагæй архайын кодта фыссæг. 152
Хъыгагæн, скъоладзауты зонындзинæдты фæндагыл чи хуыд- та, уыцы ахуыргæнæг тынг зын уавæрты уыд. Уымæн райдыдта Арсен йæ уац «Когда же, наконец?» (газет «Тифлисский листок», № 113, 1909) фæндырты цæгъдинаг цауæй: ахуыргæнæг Гаврилова зын царды уавæртæн нал бафæрæзта æмæ йæхи амардта. «И она права: учительство при настоящей постановке дела — ужасное чудовище, которое в короткое время живьем, без остатка, съедает человека»,— зæгъы гуманист фыссæг йæ уацы (245). Райдайæн кълæсты ахуыргæнæгыл стыр хæс æвæрд уыди, домгæ дзы бирæ кодта æхсæнад, фæлæ йыл аудæг та нæ уыд. «Учительство окружено такими условиями, что человеку ма- ломальски способному, не лишенному чувства самолюбия, не-" возможно долго остаться на этой службе» (247). Арсен ахуырады раз цы домæнтæ æвæрдта, уыдонæй бирæтæ актуалон сты абон дæр, фаг æххæст нæма æрцыдысты нæ ахуы- рады ахсджиаг хъуыддæгтæ. Сæ бындурондæртæ сты мадæлон æвзаджы уавæр æмæ национ скъолайы хъысмæт. Абон дæр сыл тынг бирæ ныхас кæнынц, фæлæ хъуыддаг размæ нæ цæуы. Ам зæрдыл æрлæууынц Цæголты Георгийы бирæ азты размæ загъд хъуыдытæ: «Итак, повторяем, родного языка в некоторых шко- лах нашей области совсем не существует в числе школьных предметов. Что же? Неужели жизнь не мстит за то, что осме- ливаются нарушать ее требования, осмеливаются открыто со- вершать один из семи смертных грехов педагогики? (Цаголов Г. Родной язык является одним из главных условий. Амынд чиныг, ф. 195). Национ культурæйы рæзтыл, уый уавæр æмæ фидæныл чи тыхсы, уыдон сæ удтæй арт цæгъдынц, зæгъгæ, иу адæмæн дæр нæй æмæ нæ уыдзæн национ-культурон фидæн, национ скъола йын куы нæ уа, уæд. Национ скъолайæн та йæ быидур мадæлон æвзаг у. Коцойты Арсен стыр патриот уыди. Хорз æмбæрста, ирон адæмы фидæны мадæлон æвзагæн аккаг бынат куы нæ уа, уæд уый наци нæ уыдзæн. Уымæн карзæй тох кодта ирон æвза- джы уавæр фæхуыздæр кæныныл, йæ сыгъдæгдзинадыл. Цы- мыдисаг у ацы хъуыддаджы фыссæджы чысыл фельетон «Иры- стоны нæуæг паддзах» (газет «Хурзæрин», 1927, № 21). Арсен худы, мадæлон æвзаг алыхуызон^ хæддзу дзырдтæй æнæхъуаджы арвистон чи кæны, уыдоныл. Йæхæдæг дæр арæх пайда кодта уырыссаг дзырдтæй, фæлæ сын, Джыккайты Ша- милы загъдау, «зыдта бынат, нысан æмæ бæрц». Фæстæдæр цы уацтæ ныффыста «Ноджыдæр æмæ но- джыдæр национализацийы тыххæй» (газет «Хурзæрин», № 153
38, 1927) æмæ «Иугæйттæй... Хицæнтæй...»-йы (газет «Хурзæ- рин», № 10, 1928) бирæ фарстытæн ис ссарæн дзуаппытæ. Советон хицауад къаннæг адæмтæн дæр радта хи æвзагыл скъолатæ аразыны бар. Цæлхдурæвæрæг нæ, фæлæ ма сын фадатмæ гæсгæ дæр æххуыс кодта. Æрцыд рæстæг Брытъиаты Елбыздыхъойы сидт æххæст кæнынæн: «Дунейы хæзнадон æнхъæлмæ кæсы мах хæзнатæм дæр! Сæвæрæм дзы, сæвæрæм, æфсымæртæ, нæ нысайнаг! Хъуамæ йæм куы бацæуæм, куы дзы исæм хæзна, уæд нын ахæм уайдзæф макæй бон уа: «Сымах та цы кæнут, ам уын куы ницы ис!» (Брытъиаты Е. Ныстуан 1. Уацмыстæ. 2. том. Орджоникидзе, 1982, ф. 88). Арсены тынг фæндыд, цæмæй ирæттæ хи æвзаджы руаджы адæмты культурæйæ хайджын уыдаиккой. Бирæ азты размæ ахæм хъуыды загъта барон Услар: «Нельзя же смотреть на горцев, как на безъязычных, нельзя же оставить без внимания, что бог одарил их языками самостоятельными. Эти родные языки составляют самые надежные проводники для распрост- ранения между горцами нового рода понятий». (Услар П. К. О распространении грамотности между горцами. Сборник све- дений о Кавказских горцах, т. 3, 1868, ф. 28). Арсен тынг зæрдæрисгæйæ дзуры, ирæттæ хи культурæ, хи хъуыддæгтæ ирон æвзагыл саразынмæ кæй нæ сарæхстысты. Мадæлон æвзагæн царды бынат кæй нæй, кусæндæтты хъуыд- дæгтæ уырыссагау арæзт кæй цæуынц, адæмы се ’взаг цыма нæ хъæуы, сæхи уый хуызæн скодтой. Хъуыддаг размæ кæй нæ цыд, уымæн фыссæг рахатыд йæ сæйрагдæр аххосаг: «Лыстæг куы ’ркæсæм, уæд æй бамбардзыстæм афтæ: нæ кусæндæтты бады дзæвгар уæрæседзаутæ æмæ къуыдиппытæ. Уыдонæн сæ фылдæр уырыссагау дыууæ дзырды дзæбæх кæрæдзийыл ба- бæттын нæ зонынц, афтæмæй ныззилынц: — Какому чорта нацилизат! Моя нада на рускам! Плавет хочу!» (465). Фæстаг азты Дзæуджыхъæуы цы алыхуызон фембæлдтытæ вæййы ирон æвзаджы уавæр æмæ закъон рауадзыны тыххæй, уыдон нын нæ цæстытыл уайын кæнынц Арсены рæстæджы национализаци саразыны æмбырдтæ. Æмæ та нæ хъуыдытæ балхынцъ кæнынæн хæссæм Брытъиаты Елбыздыхъойы æнæмæлгæ рæнхъытæ: «Адæмы фарн бирæ у, бирæ у адæмы тых, æрмæст се ’хсæн иудзинад куы уа, уæд. Зæрдиагæй цæуыл ныллæууой, уый баххæст кæндзысты, æрмæст кæрæдзийы ны- хас куы æмбарой, уæд». (Брытъиаты Е. Ныстуан. Амынд чи- ныг, ф. 89). 154
Арсенæн йæ зæрдæ цæуыл фæриссы, ахæм хъуыддагыл куы фæфыссы, уæд дзы мæлгъæвзагæн йæ кой дæр нал вæййы. Уæндон æмæ тызмæг вæййы йæ ныхас: «Æз уый зæгъын æмæ нæ кæд зæрдиагæй фæнды нæ бæсты хъуыддæгтæ нæхи æвза- гыл аразын, уæд фыццаджыдæр хъуамæ рамæрзæм кусæндæттæй уæрæседзауты æмæ къуыдиппыты... кæцытæ кæнынц ирон æвза- гыл «плевать» (465-466). Фыссæг — рухстауæг ирон интеллигенцийы дысвæлдæхтæй цы ахсджиаг хъуыддагмæ æвналын кодта, уый абон дæр нæма бантыст сæххæст кæнын. Æмæ нæм уæд, иуырдыгæй, арфдæр бахъарынц йæ зындгонд карикатурæйы рæнхъытæ: — Габо, Уæрæсейæ куы ссыдтæ, уæдæй фæстæмæ дæ сыгъдæг иронау дзургæ никуы федтон... Цæй тагъд дæ ферох ирон æвзаг, дыууæ азы йедтæмæ Уæрæсейы куынæ фæдæ? — Не понимайтт... Моя чеоловик ученнай. Моя твоя шал- тай-балтай осатинскæй не лубит!.. (2. 290). Иннæрдыгæй та зæрдыл æрлæууы стыр фыссæджы зæрдæсаст хатдзæг: «Хъаруджын адæм уæвгæйæ... ирон адæм... никуы зыдтой сæ зонд, сæ тых баиу кæнын» (467). Арфæйаг куыст кодта Коцойты Арсен цæрæнбонты. Зæрди- агæй архайдта ирон æвзагыл газеттæ, журналтæ æмæ чингуы- тæ мыхуыры хъуыддаг райрæзын кæныныл. Адæмы культурон рæзты сын стыр нысаниуæг лæвæрдта. Арсены размæ Секъа йæ рæстæджы Ирыстоны низтæ фесафынæн схос кæнын æнхъæл уыд ирон чиныгæй: «Фæстагæттæн фæдзæхсын мæгуыр ирон чиныджы». Ирон ахуыргонд фæсивæд дæр уымæн уагътой сæ кадавар муртæй чингуытæ, журналтæ æмæ газеттæ. Мыхуыры куыстмæ аккаг фæллой бахаста Арсен дæр. Жур- нал «Æфсиры» фыццаг номыры кæсæм: «Чиныг цы адæммæ нæ уа, уый талынджы цæуæджы хуызæн у. Талыиджы цæуæг йæ къах истæуыл скъуыры, куы та йæ истæуыл сцæвы, афтæмæй фыдæбон кæны. Алы чиныг, алы мыхуыргонд ныхас у адæмæн цырагъ æмæ нæ цард талынг фæндагыл цæттæдæр чи уа, ахæм рухс». Стыр æхсызгонæй æмбæлд алы ног чиныг, журнал æмæ газетыл дæр. Егъау уыд, фыссæджы хъуыдымæ гæсгæ, сæ ны- сани’уæг æхсæнадон рæзты мидæг. Уымæн нымайы чиныгуадзæн куысты «Ирон адæмы культурон царды сæйраг фæрæзыл». Фæлæ Ирыстоны ацы арфæйаг хъуыддаг нырма тынг лæмæгъ уыди. Арсенмæ гæсгæ «æрмæст интеллигенцийы бон у хъуыд- дагмæ ныфсджынæй, мулк рамбулынмæ æнхъæлмæ ма кæс, афтæмæй бавналын. Æмæ тох кæны, фæлæ, хъыгагæн, йæ куы- сты зыны фæйнæрдæм хæцын». (2, 225). 155
Мыхуыры куыстæн йæ хæрзбоны нысантæй дарддæр фыссæг уыдта йæ къуылымпыдзинæдтæ дæр. Йæ зæрдæмæ нæ цыд, Ирыстоны цалдæр рауагъдадон æхсæнады кæй уыд, уый. «Раст зондыл хæст чи у, уыдонæй алчи дæр хъуамæ уына: Ирыстон æгæр чысыл у æртæ рауагъдадон æхсæнады дарынæн, фæлæ фаг стыр у иуæн, суанг егъау рауагъдадæн дæр. Æртæ æхсæнады куы баиу уаиккой, уæд, æнæмæнг, хъуыддаг фæрæстмæ уаид» (222-223),— зæгъы йæ уацы. Уый нæ нысан кæны æмæ газеттæн æмæ журналтæн сæ нымæц фылдæр кæныны ныхмæ уыд. Сæ уадзынæн нырма уавæртæ кæй нæ уыд, ууыл уыд йæ ныхас. «Нæ нымæц куы ’ххæссид, нæ культурон тыхтæ фаг куы уаик- кой, нæ фадат æмæ нæ къух куы амониккой, уæд зæдтæ æмæ дауджыты бафæндæд, сæдæ нæм газеттæ куыд уа, сæдæ нæм журналтæ куыд уа!» (469). Арсены рæстæджы цы журналтæ æмæ газеттæ цыди мы- хуыры, уыдонæй иуæн дæр бирæ цæрæнбон нæ уыд. Бæлвырд аххосæгтæй дарддæр ма сæ æлхæнæг æмæ кæсæг дæр нæ уыди. Байхъусæм ма Арсенæн йæхимæ дæр: «Культурон адæймаг чиныг æмæ газетыл хардз кæны, уæлдай йын чи нæу, уыцы æхца дæр, культурон чи нæ у, уый та йæ уæлдай суари дæр ратдзæн цæуылфæнды, æрмæст дзы нæ балхæндзæн газет, уымæн æмæ йæ æппындæр ницæмæн хъæуы» (2, 224). Уæлдæр ранымад цæлхдуртæ аиуварс кæныны фыссæгмæ гæсгæ, активон архайæг хъуамæ уа ирон интеллигенци. Уый хъуамæ цæттæ кæна адæмы «культурæ æмбарынмæ», мыхуы- ры куыстæн та сæвæра «фидар бындур», æрмæст «иумæ, æмдыхæй, æмзондæй». Фæлæ, хъыгагæн, нудæс азы фæстæ фыст уац «Иугæйттæй... Хицæнтæй...»-йы дæр Арсены катай ацы ахсджиаг фарстайы нæ фæкъаддæр. Хуссар æмæ Цæгаты цы «культурон иудзи- надмæ» бæллыд, уый размæ нæ цыд, хицæн газеттæ æмæ жур- налтæ уагътой Ирыстоны дыууæ хайы дæр. «Рагæй бæллы- дыстæм хи æвзагыл чиныгмæ. Æрцыдис уый фадат. Хицауад ма æххуыс дæр дæтты мыхуыры хъуыддагæн. Махæн, ирон адæмæн, уыцы æххуысы дæр ницы бæркад ис, уый тыххæй æмæ та нæ фæнд, нæ дзырд баиу кæнынæн ницы фæразæм» (466). Дардмæ уынаг фыссæг зыдта экономикæйы æгъдау, «къаз- на мыггагмæ нæ мыхуыры хъуыддагæн æхца нæ дæтдзæн, æмæ ныры хуызæн галиу фæндагыл куы лæууæм, уæд тынг тас у уæгъд ихыл аззайынæй, тас у, нæ газеттæ æмæ журналтæ иу фыдбон дзыхълæуд куы ныккæной» (470). Мадæлон æвзаг, литературон æвзаг... кæрæдзийы не ’мба- 156
рын — раздæр дæр æмæ абон дæр нæ царды сагъæссагдæр æмæ æнæлыггонддæр фарстатæ. Цымыдисаг у æппæт ацы хъуыддæгтæн Арсены аллегорион хуызы дзуапп йæ таурæгъ «Сæгъ æмæ чиныджы». Хорз раха- тыд ацы аивадон «хиндзинад» Мамиаты Изетæ. Уый фыссы, зæгъгæ, «Арсены уацмысы чиныг канд литературон æвзаджы хъысмæты символ нæу. Ирдæй дзы хатæм æмткæй рухсмæ, ахуырдзинадмæ æмæ уый бындурыл сырæзгæ национ иудзи- надмæ сидыны аллегори». (Мамиаты И. Арсены сæрмагонд аивадон мадзæлтты тыххæй. Мах дуг, № 7, 1997, ф. 106). Фыссæг сатирикон фæрæзтæй ныв кæны, æртæ ’фсымæрмæ царды хæзнатæй цы стыр хæрзиуæг æрхауд — чиныг, уый бахъахъхъ- æнын куыд нæ базыдтой, уый. Фыццаг хатт нозты азарæй фæха- уæггаг чиныг сæ къухтæй, дыккаг хатт та кæрæдзийы нæ бам- бæрстой. «Нæ уыдзæн сымахæн иу чиныг дæр! — загъта Буддæ æмæ сыгъзæрин асиныл уæларвмæ сфардæг ис». Ахæм кæронæй, цыма, Арсен йæ фæстагæтты фæдзæхсы æртыккаг хатт рæдыд æруадзынæй. Рæдыдæн та алы хатт сраст кæнæн нæ вæййы. Арсен йæ хæсыл нымадта йæ иузæрдион адæмæн зиапхæссæг æгъдæуттæ æмæ фыдбылызхæссæг тыхты æвзæрдзинад æмба- рын кæнын; уæлдæр хицауады æнæсæрфат митæ хурмæ хæссын; царды ног фæзындтæн аккаг аргъ кæнын æмæ сæ афтæмæй адæммæ хæццæ кæнын; ахуырад æмæ рухсад тауын. Йæ рæстæджы царды лыгкæнинаг фарстатæй иуы фæрсты дæр уымæн нæ ахызт, æмæ уыди стыр гуманист, рухстауæг, йæ адæмы уарзон хъæбул. 157
ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ кьогъодзи «КУДАБЕЖИШЬ?..» Уый уыдаид иу фынддæс азы размæ. Хъодзаты Æхсар Терчы былмæ йе уæнгтæ аивазынмæ арæх цыди. Иу сæрды- гон бон та райсомраджы сабыргай згъоры Цæнгæт хиды уæллаг фæрсты. Йæ размæ фæцис иу 70-аздзыд дастсæр лæг, гуырдзиаг. Уыди сыкъадзæф: æвæццæгæн ын Терчы был хæмпæлты нозт æмбæхст уыд æмæ дзы сæумæцъæхтыл йæхимæ фæкаст. Æхсары дыууæрдæм разгъор-базгъоргæнгæ куы ауыдта, уæд æм диссаг фæкаст. Æвæццæгæн, загъта, ай æрра цыдæр у, æндæр ацафон чердыгон дугъ у, зæгъгæ, æмæ йæм хъæр кæны: — Ей, старик! Куда бежишь, зачем бежишь?.. МИНАСÆН Хæлардзинады хæдзары цур лæууыдысты цалдæр лæджы. Политикæ ныртæккæ хæцгæ низы хуызæн у, æмæ та Ирыстоны раздæры хицæутты тыххæй рауади ныхас. Хозиты Барис ахæм хабар ракодта: — Нæ республикæйы МИННАЦ-æн (Министерство по де- лам национальностей) Мæскуыйæ дзæвгар æхца сæрвыстой, фæлæ сын сæ æндæр чидæртæ сæхи бакæнынмæ хъавыдыс- ты... Дъодзаты Æхсар æм йæ ныхас баппæрста: — Цæвиттон, МИННАЦ-æн æрвыст æхцатæ æндæр кæйдæр бахъуыдысты МИНАСÆН, нæ? 158
ГУЫДЗЫГО ЗÆРДЫЛДАРÆН Иуахæмы фысджыты ’хсæн уацмысты сæргæндты фæдыл ныхас рауад. Чидæр афтæ, зæгъгæ, дам, сæргондæн стыр аха- дындзинад ис, чиныджы хъысмæт уымæй бирæ аразгæ вæййы, мæнæ Иван Франкомæ та, йæ уацмыс цы номæй схона, уый нымады дæр нæу. — Æцæгæй дæр, æцæгæй, — сразы Франко,— бирæ фыс- джытæн сæргонд тынг фæахъаз вæййы: чиныгкæсджытæ ма сæ зæрдæйыл боныфæстагмæ æрмæст уый бадарынц. ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ НИЦЫ ЦÆУЫ Иу чидæр францаг фыссæг Фонтенелы цур цалдæр цыргъ- зонд ныхасы куы загъта, уæд быцæу бацайдагъ, цыргъ ныхæстæ æнæнхъæлæджы райгуырынц, æви куыд, зæгъгæ. — Æнæнхъæлæджы, уæдæ... Фæлæ йæ уæ зæрдыл бадарут: цыргъзонд ныхæстæ æнæнхъæлæджы æрмæстдæр зондджынты сæры фæгуырынц,— загъта Фонтенель. ÆРМÆСТДÆР ФАУГÆ! Къаролы бæсты хицауиуæггæнæг бафарста Фонтенелы, æм- дзæвгæтæн куыд хъуамæ аргъгонд цæуа, уымæй. — Дæ Уæлдæрдзинад! Æрмæстдæр фаугæ! Кæд фæрæдий- ай, уæддæр тынг стæм хатт: сæдæйæ иу-дыууæ бæззынц. УÆД МА МÆНМÆ АХÆМ ХЪАРУ УЫДАИД?.. 90-аздзыд Фонтенель цавæрдæр кадджын хуынды заман иу уатæй иннæмæ фæцæйцыд, йæ алывæрстæм нæ кæсгæйæ. Уый иу æмбисонды рæсугъд чызг-сылгоймагæн фæхъыг æмæ йын бауайдзæф кодта: — Уæздан Фонтенель! Мæ цурты фæцæуыс, афтæмæй мæм дæ цæсты тигъæй дæр нæ ракастæ. — Уæ, æхсин! Æз дæумæ ме ’ргом куы раздæхтаин, уæд ма мæнмæ, дæ рæзты цæмæй аивгъуыйон, уый хъару уыдаид, уый! 159
ХЪАЙТТА ТЫ Сергей УÆЗХЪУС Ацы хабар æрцыд хæсты размæ. Æмбалты Гагуыдз чысыл уæзхъус уыди. Цардис Урсдоны, Уæлладжыры комы, Зынцъары сæрмæ. Иу хуыцаубон Салыгæрдæны базарæй æрба-цæйздæхт, йе уæхскыл хордзен, иу кæфойы бæрц дзы нартхор, афтæмæй. Зынцъары хидыбыл йæ дард хæрæфырт Джамботтыл амбæлд. Джамботт та уыдис, хуыцауылгъыст кæй фæхонынц, ахæм. — Æгас цæуай, Гагуыдз. — Нæ зонын... нæ йыл амбæлдтæн... — Кæм уыдтæ? — Уæллæй, пут æхсæрдæс сомы у. Джамботты хуыцауылгъыстæн дын ахæм фадат фæуа! — Уый нартхор куы балхæдтай... æвæццæгæн, дæ кæрчытæн? — Куыд кæм уыдтæн? Салыгæрдæны базары уыдтæн! Джамботт уыцы æнæхудгæйæ дарддæр дзуры, йæ худындзæг тыппыр кæны. — Æмæ хъæздыг базар у? — 0, хосгæрдæнтæ дæр, хъæлæкк, æрхæццæ, кæнынц. — Уæ уыгæрдæны, дам, кæрдæг астæумæ у, уымæй дæр сой- джын. — Хъæздыг базар та ма цы вæййы?.. Лæг дзы йæ мад æмæ йæ фыды уæймæ нæ фендзæн, æндæр дзы цы нæ фендзæн, ахæм нæй. — Хиуæттæй дзы дæ цæст никæуыл æрхæцыд? — йæ хъазт йæхи зæрдæмæ дæр фæцыд Джамботтæн. — 0, зад сты уыгæрдæнтæ ацы хатт... Хуыцауæй разы. — Гагуыдз, æфсæрмы дæ кæнын... Уыныс, бæлццонхуыз дæн, Мызурыбынмæ цæуын, уый йеддæмæ фæстæмæ аздæхин... Фы- сым дын зæгъин,— ныллæгдæр хъæлæсæй ма бафтыдта... — Ницы кæны... Æмæ мæ хо — Æмбалон-хъæмæ нæй? Джамботт æм дисауæй бакаст. — Ацу, ацу, ныннафон дын уыдзæн,— загъта та Гагуыдз. Джамботт джихтæгæнгæ ацыд. Хъуыдытæ кодта: «Мæнмæ гæсгæ, Гагуыдз уæзхъус никуы уыд, йе та æз дæн ацы хатт къуырма». Джамботт тигъы аууон куы фæци, уæд Гагуыдз, зына-нæзына йæ мидбыл бахудт, мæнæ куыд фæзæгъынц — йæ рихийы бын: «Акæс-ма уымæ, мæнæй ахынджылæг кæнынмæ хъавыд... Ныртæккæ уæ кæрчытæй иуæн йæ хъуыдатт фæцæудзæн, мæ дард хæрæфырт, Æмбалон æгас куы уа, уæд...» 160