Текст
                    ФАЙЗУЛЛО АНСОРИ
АБДУМАЛИК БАХОРИ
МУМИН КАНОАТОВ
АБДУДЖАББАР КАХХОРИ
КУТБИ КИРОМ
ГАФАР МИРЗОЕВ
МИРСАИД МИРШАКАР
УБАЙДоРАДЖАБ
БОКИ РАХИМ-ЗДДЕ
ГУЛЬЧЕХРА
СУЛЕЙМАНОВА
МИРЗО ТУРСУН-ЗАДЕ
МУХИДДИН ФАРХАТ
МАРИАННА ФОФАНОВА
МАВДЖУДА ХАКИМОВА
ЛОИК ШЕРАЛИЕВ
МОСТОН ШЕРАЛИЕВ
АМИНДЖОН ШУКУХИ
Чиныгуадзæн ,,Ир"


Таджикаг поэтты æм- дзæвгæтæ ирон æвзаг- мæ тæлмацгондæй Орджоникидзе * 1970
ПЕСНЬ ТАДЖИКОВ ЗВУЧИТ В ОСЕТИИ Стихи таджикских поэпюв в переводе на осетинский язык Издательстно „Ир* Орджонмкидзе * 1970 ш
ÆНУСТЫ ЗАРДЖЫТÆ Таджикистан... Арв æрæнцад йæ бæрзонд къæдзæх- тыл, арф кæмтты уыраугæ бырсынц уазал дæттæ; цæсч рæвдауынц дидинæгæй фæлыст тъæпæнтæ... Афæдзæй-афæдзмæ нæ хæхты цъуппытыл мит нæ их- сийы, дзæнхъайау æнусты дæргъы тæмæнтæ калынц егъау цъититæ. Уыдонæй дæлвæзтæм згъоры цæссы- джы хуызæн сатæг дон. Уыцы цардхæссæг донау рагон Хурыскæсæны зæх- хыл æнхъæвзы хъуыдыджын поэзи Рудаки æмæ Фирдоу- сийы, Хайям æмæ Саадийы, Хафиз æмæ Джамийы æв- загыл. Нæ литературæ ныры Астæуккаг Азийы зæххыл æр- бæстон нæ заманы X æнусы æмæ йæ хонынц ног персай- наг литературæ дари кæнæ фарсийы æвзагыл. Æнæуи персайнаг литературæ дзæвгар раздæр рав- 5
зæрди — нæ заманы агъоммæ. Уый рæз хаста, индийаг, арамейаг æмæ æндæр рагон литературæтимæ æнгом баст уæвгæйæ. Арабтæ куы ныббырстой, уæд ныххæлæт- таг кодтой Астæуккаг Азийы æвæджиауы литературон бынтæ. Фæлæ та персайнаг литературæ æртхутæджы бынæй цардæгасæй сыстад. Ног литературæ райдыдта персай- паг-таджикаг классикон поэзийы пехуымпар, Хурыскæ- сæны цытджын поэт Абу Абдулла Рудакийæ. Уый рай- гуырди таджикаг горæт Пенджикентмæ æввахс иу чы- сылгомау хъæу Рудакы — иу 858 азы (амард 941 азы). Рудакийы поэзийæн йæ егъау ахадындзинад уый ми- дæг ис, æмæ уый сног кодта раздæры персайнаг литера- турæйы миниуджытæ, зарыди адæймаджы стыр æнкъа- рæнтыл, йе сфæлдыстад йе ’мыдзаг уыди арф философон мидис æмæ хæрзаив лиризмæй. Рудакийы сфæлдыстадон тырыса дарддæр хастой иннæ персайнаг-таджикаг поэттæ. Уыдрнæн сæ тæккæ зынгæдæр уыди разагъды ахуыргонд æмæ энциклопе- дист Абу Али Сино (Авиценна). Рудаки цы аз амард, уыцы аз райгуырди иннæ гени- он поэт Абулькасим Фирдоуси æмæ дун-дунейæн лæва- рæн ныууагъта, æртын фондз азæй фылдæр цы кадæ- гыл фæфыдæбон кодта, уый — «Шах-наме». Ис дзы сæ- дæ мин рæнхъæй фылдæр. Иуæндæсæм æнусы зындгонд поэт Фахриддин Гур- гони ныффыста кадæг «Вис æмæ Рамин». «Шах-наме»- 6
йы куыд уыди, афтæ ацы уацмысæн дæр йæ бындур уы- дысты рагон-ирайнаг хъæбатырты таурæгътæ. Гургониимæ иу рæстæджы царди æмæ сфæлдыста- дон куыст кодта стыр таджикаг поэт æмæ ахуыргонд Насир Хусров. Уымæн йæ поэзи, йæ философон фæл- лæйттæ фыст сты адæймаг уарзыны сагъæстыл, царды хъулон миты ныхмæ. Фæлæ уæддæр уæды тæккæ цытджындæр поэт уыди Омар Хайям (1040—1132). Уымæн йæ арф философон æмæ социалон уагыл фыст рубаитæ йæ ном айхъуысын кодтой зæххы къорийыл. Ног персайнаг классикон литературæйы ахсджиаг- дæр бынат æрцахста Муслихиддин Саади (XIII æнус). Иæ сæйрагдæр уацмыстæ уыдысты социалон-этикон ка- дæг «Бустон», прозæйæ æмæ стихтæй фыст зондамонæн уацмыс «Гулистон» æмæ лирикон æмдзæвгæты (газел* ты) цалдæр æмбырдгонды. Цыппæрдæсæм æнусы пер- сайнаг-таджикаг классикон поэзийы хуыздæр минæ- вæрттæ уыдысты Шамсиддин Хафиз, Убайд Закони (фыста сатирикон æмдзæвгæтæ дæр), Камол Худжан- ди æмæ æндæртæ. Фæлæ персайнаг-таджикаг литературæ йæ тæккæ уæлдæр къæпхæнмæ схызти фынддæсæм æнусы. Æппæ- ты хъуыстгонддæр поэт уыди Абдурахман Джами. Уый йе сфæлдыстадæй бæлвырд райрæзын ^æмæ ныффидар кодта таджикаг поэзи. Стæй, персайнаг æвзæгтыл цы адæмтæ дзырдтой, уы- доны басыгъта хæсты азар, Тимуры байзæддæгтæ тох 7
кодтой ^хицаудзинад сæ къухтæм райсыныл. Таджикаг зæхх мæццди туджы. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бакъуылымпы кодта хъуыдыйы рæзт, поэзийы рæзт. Иран æмæ Астæуккаг Азийæ арæзт æрцыди хæдбар паддза- хæдтæ. Фарсийы æвзагыл цы литературæ уыди, уый фæ- ци. дыууæ дихы æмæ уæдæй фæстæмæ сæ алкæцы дæр нымад цæуы хицæн литературæйыл. Таджикаг поэзийы зынгæ бынат ахсынц Бахриддин Х’илоли, Абдурахман Мушфики (XVI æнус), Саидо На~ сафи (XVII æнус). Саидо Насафи уыди дзырды дæсны. Уый карз критикæ кодта царды хъæнтæ. Дзыллæмæ ит- тæг хорз кастысты таджикаг поэтессæ Забуниссойы æм- дзæвгæтæ (XVII æнусы кæрон—XVIII æнусы рай- дайæн). Арф философон сагъæсты, раззагдæр зондахасты бындурыл нывæзт сты Бедилы зарджытæ (1644—1721). Нудæсæм æнусы фыстой сæ уацмыстæ поэттæ Хозик, Дильшод æмæ иннæтæ. Таджикаг советон литературæйы бындурæвæрæг Садриддин Айнийы загъдау, нудæсæм æнусы дыккаг æмбисы Бухары саумылазон арвыл сæрттывта ног стъа- лы — Ахмад Дониш (1827—1897). Рухстауджыты зын- гæ сæрхъуызой уæвгæйæ, бухайраг эмиры посолтимæ æртæ хатты уыди Петербурджы. Уыйфæстæ мыхуыры фæзычдысты йæ уацмыстæ «Стæм цаутæ» æмæ «Исто- рион трактат». Уыдоны бæлвырдæй разындысты Дони- шы раззагдæр хъуыдытæ. Астæуккаг Ази Уæрæсеимæ куы баиу, уæд Бухары 8
феодалон царды æрцыди ивддзинæдтæ, фендæрхуызон сфæлдыстадон хъуыдыйы ахадындзинад дæр. Донишæн уыди бирæ фæдылцæуджытæ, уыдонимæ уыдысты зынд- гонд таджикаг поэттæ Шохин, Савдо, Бустони, фæстæ- дæр та — Хайрат, Асири, Хамди. Таджикаг рухстауджытæ базонгæ сты раззагдæр революцион зондахастимæ. Тынгæй-тынгдæр сæ æндæв- та уырыссаг литературæ. Зынын байдыдтой йæ класси- кон уацмысты аивадон фыццаг тæлмацтæ. Эмираг цардарæзты ныхмæ фыдæхæй дзаг сты Карим Девоны æмдзæвгæтæ. Ахæм уавæрты сæмбæлд таджикаг поэзи социализ- мы дуджы æрцыдыл. «Таджиктæн ис сæхи рагон хæдбындур культурæ. Фæлæ уæддæр махæй рох нæу, Цытджын Октябры агъ- оммæ нæ адæм кæй цардысты мæгуыр æмæ æнæбонæй. Бухары феодалон бæзджын къултæ таджиктæн фадат нæ лæвæрдтой уырысы раззагдæр æмæ дунеон культу- рæйæ пайда кæнынæн. Эмираты уæззау уавæрты таджиктæн зын уыди ху- ры цæст фенын, уалдзыгон рог уддзæфы узæлд æнкъа- рын, уарзондзинады ад базонын. Тызмæг, талынг рæс- тæг фидар хъадамантæ æвæрдта адæмы курдиат æмæ генийыл...» Ацы ныхæстæ загъта Социалистон Фæллойы Хъæба- тыр Мирзо Турсун-заде. 1917 азы историон бон хицаудзинад Петрограды фæллойгæнджыты къухты куы бафтыд, уæд уырыссаг 9
адæм фæсидтысты æппæт æфхæрд дзыллæтæм дæр, цæ- мæй «се рагъæй расхойой æнусон тыхгæнджыты* æмæ «сæ цард саразой сæхи фæндиаг». Астæуккаг Азийы сæрмæ зынын байдыдтой рухсы бæрджытæ. Сæрибары хуры тынтæ парахатæй тавынц нæ зæхх. Нæ иннæ республикæтимæ иумæ орденхæссæг Таджикистан дæр сси Скæсæны амондджын царды стъалы. Дунейæн поэзийы алæмæты корифейты балæвар- с. æнæг адæм дарддæр дæр ныфсджынæй хизынц аив сфæлдыстады ног бæрзæндтæм... Памиры хæхтæй кæмттæм бырсынц æнæнцой дæттæ. Кæддæр уыдон уыдысты таджикаг поэзийы гуырæн. Ныр уыцы суадоны абузы æндæр гуырæн дæр — советон цард. Уый дзырды нывгæнджыты базырджын кæны, сæ 1ыхыл сын ног тых æфтауы, хоны сæ ноджы бæллиццаг- дæр уæлахизтæм. Зæрдыл æрлæууынц Садриддин Айнийы ныхæстæ, зæгъгæ, дыууиссæдзаздзыд ахуыргæнинагæй бацыдтæн Октябры скъоламæ, æмæ мæ уый схъомыл кодта, йæ руаджы ногæй райгуырдтæн, фæрæзтон царды зындзи- нæдтæн. 1934 азы фысджыты Фыццаг Æппæтцæдисон съезды М. Горький сæрыстырæй дзырдта, зæгъгæ, ныр алы- мыггаг, алывзаг литературæ сси иу литературæ. Стыр Октябры руаджы таджикаг адæм фæхæстæг- дæр раззаг æппæтдзыллон культурæмæ, фыццаджы фыццаг та — уырысы культурæмæ. 10
Советон хицаудзинады рай- гуырды бонæй фæстæмæ нæ литературæ у адæмон, партион. Чиныгкæсджытæ йын аргъ кæ- нынц йæ революциондзинады тыххæй. Уый лæууы фыдæх æмæ тыхмийы ныхмæ, арæхст джынæй æвдисы нæ рæстæджы ног адæймаг, коммунизм ара- зæджы удыхъæд. Нæ рæстæджы фарнæй хай~ джын уæвгæйæ, дидинæг æф- тауы таджикаг советон поэзи. Уый райдыдта Айнийы «Сæри- бары марш»-æй. Ацы æмдзæв- гæ фыст æрцыди 1918 азы æмæ дзуаппау уыди уырыссаг ре- волюцийы улæфтæн. Айнийы фæстæ сæрттывта таджикаг советон литературæ- йы иннæ минæвар Абулькасим Лахутийы курдиат. Уый уыди Скæсæны революцион поэтты тæккæ стырдæртæй иу. Йе ’мдзæвгæтæ Азийы бирæ адæм- тæн сæ сæрибарыл тохы бас- гуыхтысты ныфс. Уыдонимæ иумæ нырыккон
тадо/сикаг поэзыйы афæд код- той Пайрав Сулеймони, Му- хаммедджан Рахими, Джав- хари-заде Сухайли æмæ иннæ хисдæр фысджытæ. Æртынæм азты нæ ’литера- турæмæ æрбакъахдзæф кодтой, таджикаг поэтты фæскомцæди- сы фæлтæр кæй хуыдтой, уы- дон: Мирзо Турсун-заде, Мир- саид Миршакар, Абдусалом Дехоти, Мухиддин Амин-заде. Боки Рахим-заде. Уыдон азæй- азмæ фæфыстой сæ дуджы ахадгæдæр хъуыддæгтыл. Абон æгас дунейыл дæр хъуыстгонд сты сабырдзинадыл иузæрдион тсхгæнæг, Соцалис- юн Фæллойы Хъæбатыр, Ленины æмæ Паддзахады пре- миты лауреату Таджикистаны адæмон поэт Мирзо Турсун- задейы уæлмонц рæнхъытæ. Йе % мдзæвгæты æмбырдгæндтæ «Индиаг балладæ», «Азийы хъæлæс», «Зæххы къори», кад- джытæ «Хасан-арбакеш», «Æнусон рухс», «Мæ зæрдиаг»
æмæ иинæтæ тæлмац æрцыдысты нæ бæстæйы адæм- ты æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæм. Паддзахады преми райса Таджикистаны адæмон поэт Мирсаид Миршакар. Райгуырæн зæххыл иузæрдиондзинад, æхсар, знагмæ топпы кæсæнæй кæсын, уæлахизыл æууæнк — ацы ми- ниуджытæй хайджын уыди таджикаг поэзи Фыдыбæс- тæйы Стыр хæсты азты. Абоны бон дæр нæ поэттæ зæрдиагæй архайынц сæ яитературæйы дарддæры рæзтыл. Аминджон Шукухи æмæ Боки Рахим-заде сты лири- кон поэттæ. Хъæздыг классикон бынтæн куысты мидæг аргъ кæнын, рæстæджы зæрдæагайгæдæр æууæлтæ уы- нын, хъæздыг, адæмон æвзаг — адæтты руаджы æфты сæ къухты сгуыхын. Ирон чиныгкæсæджы тæрхонмæ цы æмбырдгонд хæс- сæм, уым сымах бакæсдзыстут алы кары æмæ алыхуы- зон советон таджикаг поэтты æмдзæвгæтæ. Фæлæ се- ппæты дæр иу кæны бæлвырд нысан — коммунизмыл зарыны нысан. Махмæ гæсгæ, ахæм у Ф. Ансори, А. Каххори, Г. Мирзоев, У. Раджаб, М. Фархат, Г. Сулейманова, Л. Шералиев, М. Хакимова æмæ иннæты фæндырдзагъд. Таджикаг поэттæн ис, се сфæлдыстадон уæлтæмæны, сфæлдыстадон дæсныйады тырыса кæй къухтæм ратдзыс- ты, ахæм кæсдæртæ. Л1 Каноатов, М. Л е вин. 13
Файзулло АНСОРИ Райгуырди 1931 азы Пендясикенты районы Некноты хъæуы службæгæнæг бинонты æхсæн. Пæ уацмыстæ мыхуыр кæнын райдыдта 1948 азæй фæстæмæ. Йе ’мдзæвгæты хицæн чингуытæ сты «Хæлардзинады дидинбаст», «Хур фæн- дагыл», «Гулшон», «Шарофат», «Уæл- тæмæнады фæндыры тæнтæ», «Уарзон- дзинады стъалы» æмæ æндæртæ. У «Та- джикфильмы» студийы редактор. 14
ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛГÆРОН ыццаг хатт федтон денджызы цъæх фæз, Ысгуппар и тымбылæгау хæрдмæ. Дзыртон, дзырдтон йæ уылæнтимæ æз, Æмæ хъыджы мур пал аззад мæнмæ. Мæ сагъæс та чызгайы тыххæй уыд, Мæ хъуыдытæ — мæ дард зонгæтыл баст. Налат уылæн налат уылæныл тылд, Сæ урс барцыл сæуæхсидæн ыскаст. «* 15
Сæумæ... Хур найы арф доны йæхи, Цъæх денджыз йе ’ртах хохкъултæм æхсы. Цæргæсау зæрдæ арвы бын тæхид, Фæлæ йын донвæз — ацы бон фысы’м!.. Йæ хæхтæй у таджикаг лæппу хъал. Фæлæ сæм дзурын: — Арфæгонд фæуат, Кæд ис, мыййаг, гæнæн æмæ амал,— Фæндонæй раттут Денджызæн бынат! 16
ХÆХХОН ДОН Хох-айнæджы риуæй ралæдæрст къуыпайау Доны ’ртах ныппух и, ноджыдæр дымсы... Доны ’ртах, æрттивгæ, иннæйыл æруайы — Кæс, æмæ хæххон дон къæдзæхæй бырсы. Быдырмæ уый ратахт араугæ ’мæ заргæ, Ие ’взистбарц уылæнтæн — æрхыты сæ тахт. Доныбыл — бæлæстæ, Уый фале та — тархъæд, Алы цъус сыфтæрыл — урсгага æртах. О хæххон дон, скъæфыс адæмæн ды амонд,— Хуымтæ’мæ дыргъдæттæн удхос дæ, хъæлæкк. Сифтыгъта дæ хортыл кусæджы къух абон, Донхорыг зæххытæ алыран — бæрæг. Вахшы доны астым калы ныр тæмæнтæ, Вахшы дон, фæйлаугæ, денджызмæ тындзы. Уыцы стыр фæтæнты, Уыцы стыр тъæпæнты Хохаг дон æвдадзы суадонæй хынцы. 2 Таджикты зарæг хъуысы нæ Иры 17
Урс хæхты зæрдæйæ, Урс цъититы скъуыдæй Равзæрди æхсæрдзæн, Быдырмæ — йæ лыгъд. Хæхты астæу хъазы футт æмæ гæппытæй, Быдыры йæ сæрмæ арвæрдын ыссыгъд. 18
ЗÆЛДАГ ДАРИ ÆРКÆН ДÆ УÆЛÆ Хæрдгæ хæлттæй æвæллайгæ рыст къухтæ Æрвæрдынау зæлдаг дари нывæндынц, Цæмæй сымах, бæсты дзæбæх, рæсугъдты, Ысфæлындой цæстуарзонæй æнæхыц. Чызгай нæ уынгты арæзтæй куы ’рцæуы,— Йæ развæндагмæ рахизын фæрсылæй. Дæсны тынуафæг зæрдыл уæд æрлæууы, Æз йе ’ндахбыдмæ не ’фсæдын кæсынæй. Фæзæгъын уæд мæ бинойнаг, мæ усæн: Дæ уæлæ ’ркæн тæнæг дари — нывæфтыд, Цæмæй мæ зæрдæ бафсæда дæ рухсæй Æмæ хæлæгæй ма кæнон уыргæфтыд. Кæд дæ фæнды — кæндзынæн дын лæхстæ дæр, Сæумæрайсом рæсугъд къабайы рацу, У хъал дæ лæг — дæ уарзоны цæстмæ дæр, Мæ сæнтты атæх хуры тынтыл балцы. 19
Дæ тасаг гуыр — куыд ыл фидауид дари! Уæд ноджы тынгдæр фервæссин мæхиуыл. Æртæх мæм боны рухс цæстау сæударæй, Фæндаг дын ис мæ зæрдæйыл, мæ риуыл! Хæрдгæ хæлттæй æвæллайгæ рыст къухтæ Ыснывæстой æмбисонды хъуымац! Мæ хуры хай, ды иннæтæй — рæсугъддæр, Дæхи мæм арвæй стъалыйау æруадз! 20
ФÆНДАГЫЛ Зарæг... Зарæг демæ цыд, Зæрдæйыл нывæст. Уый тыххæй мыл не ’рхæцыд Афтæ тагъд дæ цæст. Хохæфцæг. Иæ дæлбазыр — Хоры хуымтæ, дон. Быдырыл цъæх æвзартæй Раздарæнтæ— конд... Зæрдæ йе ’нцой нал ары, Хауы уый фæркгай: Хохаг æрдзы уацары Бахаудтæ, чызгай!
ÆМБЫРД КОДТОН ДИДИНДЖЫТÆ ÆЗ... Дæу тыххæй цыд æппынæдзух мæ зарын, Дæ сурæты мæ рухс амонд уыдтон. Цæмæй дæу искæд искæимæ сбарон,— Æз дидинæг нæ хуссæртты тыдтон. Дæ цæстытæ — сæгуыты ’нкъард цæстытау, Сæ мидæг—сагъæс, катай æмæ цин. Мæ уæлмонц сæнтты, ме ’вæлтæрд фыстыты Дæ былты конд — налхъуыт æмæ рубин... Сырх уардитæн цъæх уалдзæг у ныййарæг, Сæ хъомылгæнæг—суадон æмæ хур. Мæхимидæг дæу мæимæ фæбарын, Фæлæ дæ разы уый нæ давы мур. Цæрыс ды горæты... О, чи зоны, нæ хатыс, Кæй ысты хæхтæ иууылдæр хæзна. Æнусон у мæнæн Сæ кад, сæ намыс, Сæ иунæг фенд дæр — Ныфс æмæ æхсар.
Кæнай кæд аргъ мæ зæрдæйæн, мæ уарзтæн, Уæд-иу æрымыс Æфцджыты цъæх нæуу, Æрымыс хæхты хурзæрины скастыл,— Уæд зондзынæн, Уæд бамбардзынæн дæу. 23
Абдумалик БАХОРИ Райгуырдис Ленинабады 1927 азы тынуафæджы хæдзары. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта æрыгонæй, скъолайы куы ахуыр кодта, уæд. Иæ уацмысты фыццаг æмбырдгонд мыхуыры рацы- дис 1951 азы. Рауагъта 15 чиныджы. Таджикаг æвзагмæ ратæлмац кодта М. Лермонтовы, А. Сурковы, П. Бров- кæйы æмæ æндæрты хицæн фыстытæ. У Таджикистаны Культурæйы минист- рады репертуарон коллегийы уæнг. 24
ХÆЛАРДЗИНАД æ æдзард æфсымæр мæм хæстæй фыста, Хæлардзинад хъуамæ мæлæтæй хызт уа. Хæлардзинад уарзтæй у дзаг æмæ ’ххæст, Бæлвырд та йæ кодта ызнагимæ хæст. Иæ фыстæджы ахызт тæвд нæмыджы схъис, Æрхæццæ нæм Скæоæнмæ, кодтам ыл дис. Кæд арæх кæсынæй ныххæррæгъ æгæр, Мæ зæрдыл йæ дзырдтæ æз дарын уæддæр: «Салам уын, хæлæрттæ! 25 ш
Мах — Днепры раз, Доы цас нуазынц немæ ам стъалытæ, цас! Æппарынц цъæх арвæй Цъæх донмæ сæхи, Цъæх арв та сырх зынгæй Сырх-сырхид ысси. Сты алы ран уыдон, Куыд нæ сын уа зын!.. Мæ цуры — Остап æмæ уымæ кæсын, Мæ цуры — Мукан æмæ ноджы Антон — Хъæбатыр æмбæлтты хæстон эскадрон Æнæ уыдон хæсты цы уаид мæ бон! Ыскæндзыстæм знагæн йæ цардæй зындон!.. Цæй, баззайут хорзæй Нæ мын ис рæстæг, Уæлахиз, уырнæд уæ, Хæстæг у, хæстæг!» Кæм æрхауд, кæм баззад нæ зонынныр дæр,— Нæ фæсудзы стъалы йæ ингæны сæр. Кæд нал и, уæддæр нын æнусты цæрдзæн, Зæрдæтæм рухс калдзæн цырагъы хуызæн!.. 26
ШЕМАХАГ СÆН Мæ сауæрфыг, курын дæ, ма хъаз дæ къайæ, Æз рагæй дæу куы дæн, зын ма кæн мæ удæн. Цæй, аназæм иумæ фæлтау мах сыкъайæ Шемахаг рæсугъд сæн, Шемахаг рæсугъд сæн. Уый ахæм бæстæйæ æз ардæм æрластон, Кæм фæсудзы айнæг йæ зынг тынтæй хурæн. Сæнæфсиртæй конд кæй у, конд, мæ хур, базон, Шемахаг рæсугъд сæн, Шемахаг рæсугъд сæн. Æртонынц æй фæхсты, фæрайы дзы зæрдæ, Ныккæнынц æй быркуыты хосæн сæ удтæн. Домбай лæгтæн зилын фæкæны сæ сæртæ Шемахаг рæсугъд сæн, Шемахаг рæсугъд сæн. Кæцы суадон вæййы æмæлæт æнусты? Зæгъ, чи скæны судзгæ маст уарзаг хъæбултæн? 27
Æнæниз цы фæкæны уарзтæй рыст удты? Шемахаг рæсугъд сæн, Шемахаг рæсугъд сæн. Сæн анызтай? Бузныг! Куыд судзы арт мæнæ, Раст афтæ мæ зæрдæ дæр судзы ’мæ судздзæн. Нæ зонын — кæнæ уый дæ былтæ сты, кæнæ Шемахаг рæсугъд сæн, Шемахаг рæсугъд сæн. Æз уарзын мæ цардау дæ былтæ’мæ сæны,— Сæ фæрцы мæ хъарм уарзт фæдуды ’мæ дуддзæн. Раст дурæй конд зæрдæ дæр батайын кæны Шемахаг рæсугъд сæн, Шемахаг рæсугъд сæн. Уадз, азербайджанаг нæ арфæтæ исæд, Кæй садзы сæнæфсир нæ зæрдæйы рухсæн. Нæ хæлардзинадæн, уадз, сдайæд, æхсидæд Шемахаг рæсугъд сæн, Шемахаг рæсугъд сæн! 28
РÆХДЖЫ ТА ФЕМБÆЛДЗЫСТÆМ! Хæрзбон уал! Ыскæсæйнаг сатæг æхсæвы Мæ поезды рог уынæр сæфы — Нæ фæхицæн-сахаты уынæр. Кæмдæрты, Фæндæгты æнæнцой талф-тулфы Æз ферох кæндзынæн Рæстæгмæ Дæ былты хъарм æмæ Дæ къухты рæуныдзæвд. Æппæт дæр ныммыр уыдзæн тыгъды. Æрмæстдæр ма ды Цæрдзынæ Мæ цæстыты сыгъды. Уыдзынæ мæ фарсмæ Раст уалдзыгон сатæг уддзæфау, Лæудзынæ мæ зæрдыл Раст сусæны мæйы — Æрвдзæфау. Мæ цæстытыл уайдзæн: Нæ хицæны сахат 29
Ды судзгæ.цæссыгтæ Ызгъæлдтай... Дæ хорзæхæй, ма ку! У уæгъды дæ катай,— Æз никæдæм цæуын! Уый ды Мæнæ атомы ураугæ тынау Кæронмæ нæ фенгæ рæуфынау Ыскæсæнмæ лидзыс мæнæй... Ахсæв та Къæдзæхтыл узæлдзæн мæй, Кæмдæр та Ыстъалытæ уардзæн. Фæлæ дын мæ зæрдæ ныббардзæн — Кæсдзæн дæм æнхъæлмæ. ...Фенкъуысыд поезд Цæлхытæ тагвæндаг хойынц. Дун-дуне ’нхъæвзы фæстæмæ. Æмæ дзы ды баззадтæ — Иунæг... Дзыназгæ...
*^^
Мумин КАНОАТОВ Райгуырд 1932 азы Хæххон-Бадахша- ны автономон облæсты Калайхумбы районы Курговады хъæуы зæхкусæджы хæдзары. Мыхуыры йын рацыд поэти- кон уацмысты чингуытæ «Цæхæртæ», «Зæххон стъалытæ», «Фæндæгтæ æмæ базыртæ» æмæ æндæртæ. Æмдзæвгæты цикл «Днепры уылæнтæ» æмæ «Арты кадæджы» тыххæй йын лæвæрд æрцыд Республикæйы фæскомцæдисы премийы лауреаты ном. Кусы Таджикистаны фысджыты цæдисы правленийы сæрда- ры хæдивæгæй. 32
ГУЛИ БОДОМ* (Фыдыбæсты Стыр хæсты хъæбатыр Сайдахмад Каримовы монолог) æ ал бæх — зынгцæст, Хъазхъуыр, æлвæст, Барджын — йæ цыд, Артхуыз — йæ уынд. Бонгай сæфтæг Тоны рæстæг. Сæрдыгон æртæхы * Гули Бодом — миндалы дидинæг (ам бæхы ном). 3 Таджикты зарæг хъуысы нæ Иры 33
Кафгæ фæтæхы Гули Бодом! Мыр-мыргæнгæ, Волгæйы тахтæ сæртæг, Фыццаг хатт дæм хæсты хъæр фехъуыст хæстæг. Фæндыры æлвæст хъисау барызтæ уæд, Бæхы тарст ныууастæй Ысдзырдта мæлæт, Гули Бодом. Куы ссæста бæсты фидауц къæхты бын хæст, Уыдтæ уæд дæ масты æрдыпау æлвæст, Салдатау — хæстон, Уыдтæ ды æндон, Гули Бодом. Зымæгон хъызт райсом зæхх уагъта фæздæг, Ды тахтæ цæргæсау, дæ базыр — сæфтæг. Тыгъд быдыры хъæлдзæгдымгæйау — дæ дугъ, Фæндагыл дæ разæй Нæ уагътай æфсургъ, Гули Бодом. Нæ кардæй кæм фæлдæхт куыристæп ызнаг, Уым Волгæйæ тыгъдмæ æрцыдтæ фыццаг, Уыд быдыры хæст, Æмæ урс мит ызмæст 34
Лæджы тугæй, сахатæй хъарм туг лæдæрст, Гули Бодом. Уæд бауарзтай таурæгъты Рахшау хæсты Йæ тыфыл ызнæтмæ фыццаг бырсын ды, Куыд бауарзынц дымгæтæ тыгъд... Æмæ уæд Мах хастам дыууæйæ фыдгултæн мæлæт, Гули Бодом! Ды саргъы бын арты цыдтæ, Зæххы риуыл баззад цæфхадæй фæдтæ. Ды хурсыгъд быдыр, Æмæ змисджын быдыр, Æмæ рæстæджы зилдухæн басастай ныр, Гули Бодом. Бресты къулты раз — зыыджытæй æртæх, Сæрибарæй уым цыдтæ, мæ бæх, Дæ уадæй ыстæвд дæ, калд дæ фыпк. Цыдтæ рæувад — дæ уæздан тæлфын Уыд рог, цыма дидинæг зæхйæ ызгъæлд Æмæ дзы æрдзы æнцойад нæ хæлд. Гъей, Бодом! Ам ралæууыд æндæр зæххæн рад, Æндæр рыг къæхты бынæй ыстад. Фынк урсæй калд, 35
Æрттывта кард. Рухс æмæ дымгæ систой æмзард, Цæфхæдтæ стъалытæй судзынц арт, Гули Бодом! Фæндæгтæ — дурлæгъз, фæндæгтæ — зултæ, Ысхъиуæд Европæйы даргъ уынгты дуртæ Бæхты бын, Цин æмæ къæхты хъæрæй, Зилгæ, гæнæхты бынæй Сыстад рыг! Вислæ ныхсадта йæ донæй дæ барц, Хъыг Æмæ топпы фæздæджы дæ балц Уыд, Гули Бодом. Сæгъисæн хъазты уыдтæ хъæддых, Гиссары хæхты уыдтæ тымыгъ, Дæ хæтæн сау зæхх у ныр хъæбæр, Рæстаг фыдæхæй ныууæззау сæр, Дæ зæрдæйы уарзт — хурау цæхæр Ды дæ лæгæн йæ катай, Фæндаг æнцон нæ уыдзæн фæлладæй, Гули Бодом. Тохы æргом хæсты бацæуæм мах, Чи фæлдæхт, ууыл нæ лæууыд дæ къах, 36
Арты фæйлауæнты хæсты фæздæгæй Баззад дæ уды бæхы зонд сыгъдæгæй, Гули Бодом. Хохаг дидинæгау баззадтæ ирдæй, Акæс-ма — Одер дæ къæхты бын сиргæ, Сабыр куыд тулы йæ фæтæн уылæн. Ам уал æрулæф, мæ хуымон, мæ хæстон, Доны уылæн дын — æфтаугæйæн хастон, Сабыр дон адджынæн дарын дæуæн, Гули Бодом. Фæлæ бæхы цæсгоммæ æваст Танк уынæргъгæ фæцæуы æмраст, Уый æрхæссы йæ хъæлæсы арт, Æмæ сау сыджыт бæхыл ыскалд. Бæх ыслæууыд йæ фæстæгтыл, зæхх Тугæй цæсты раз сыгъд... О мæ бæх, Гули Бодом. Æмæ скуыдтай уынгæгæй лæгау, Ды ныррызтæ, дæ бон дыл.ныссау Æмæ федтай уæд — уардиты сырх Тугау арвыл ныппырх. Уымæ афтæ ныххудтæ хъæрæй, Æмæ нал ысты къæхтæ мæнæй, Гули Бодом! 37
Цæй, дæ цæстытæ бакæн, ыскæс, Кæс — зæхх æгасæй Нæ фæстæ, мæ бæх, Сыст æмæ тæх! Цæр, дидинджыты фидиуæг царды, Цæр, урс митыл уарди, Гули Бодом! Нæуæг кæрдæджы уалдзыгон цъæх, Сæуæхсиды сызгъæрин æртæх Æрæвæрдтой хæхтыл хыз. Ныр хæхты миндаль æрдзæн куыивы йæ хуыз, Уæд миндалхуыз цæстытæ цы ’хгæныс, мæ бæх?.. Хæрзбон, дæ ном рухсы цæрдзæн, Мæ фæндаг мæн дарддæр нæ тохмæ кæндзæн, Дæуæн та æгас зæхх дæ авдæн уыдзæн, Цæринаг — дæ ном, Гули Бодом, Гули Бодом! 38
ÆХСÆРДЗÆН О ме ’хсæрдзæн, дæ бакаст у æрвхуыз, Лæппуйау мæ ды ферыгон кæныс, Фыдрæстæджы мæ зæхх мæйдарæй тыхст! Æдзæлгъæд цард йæ фынæй райхъал, зон! Кæй кодтон сусæг, уыцы хорз фæндон Æгас бæстæм куы равдыста дæ дон. Рæсугъд чызгай... Дæуæй уый рох фæци? Уыд даргъкъабазджын, гомкъах-иу уыди, Уый дидинæджы рог сыфау зынди. Æхсæрдзæнтæ — йæ сау дзыккуты баст, Æрттиваг æртах — цæстытæн сæ хъазт. Йæ нарæг астæу,— ас чызгай мæм каст... Чысыл саби, æнæмæтæй цæрæг, Æхста дæм дур, лæууыди д&м хæстæг, Цыма уый тахт дæ хъæбысмæ цæрдæг. Æмæ ыссыгъди арт хорз чызгайы цур, О, уардидоны йе ’рцыдæй ныххур. Йæ ацыдæй та кодта суадон сур. 39
Мæнæн уый чи уыд? Хо кæд уыд, æви Зæрдæйы мæт, кæд рухс уалдзæг уыди, Мæ цæстырухс, йе хъазт, мыййаг, хуынди? Цы-фæнды уæд,— уыди æмæ уыди, Уыд уарзон уый, зæрдæйау мæ хъуыди, Рæсугъд уыди, фыццаг хъыгау зынди... Куы кодтам хицæн,— ралæууыд изæр, Æхсæрдзæн зарыд æмæ хъуыст йæ хъæр, Ныхас та кодта мах тыххæй ныр дæр... Цы фæци уый — нæ лæппуйæн йæ бон? Фæтæхы афтæ ахстонæй бæлон, Фæуайы афтæ хохæй дардмæ дон... Æрыхъал кодтай, ме ’хсæрдзæны хъазт, Иæ фынæй царды,— ауыдтон æваст Æрттивгæ уалдзæг, уалдзæгæн йæ уарзт. 40
^^^
Абдуджаббар КАХХОРИ Райгуырд 1924 азы горæт Канибада- мы. Уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Витебскы бынмæ фæци уæззау цæф. Мыхуыры йын рацыди æмдзæвгæты чингуытæ «Цины зарджытæ», «Хæлар- дзинады зæлтæ», «Сæрыстыр бæрзæнд- тæ», поэмæты æмбырдгонд «Мæлæты размæ æхсæв» æмæ æндæртæ. Кусы Таджикистаны паддзахадоы чиныгуа- дзæн «Ирфон»-ы директорæй. 42
БÆЛÆСТÆ ац^ ’Д^æлæсты дæр-иу адæмимæ гмÆЁ абаР: ÆШ^^^ШСæ иутæ — урсцъар, иннæтæ та — Ш ^^^^т саубуар. Сæ цъуппытæ — сæуæхсидмæ фæлгæсæн. Сты иууылдæр сæ фыдæлты æнгæсæн. Фæфæнды сæ, куы уаиккой пæлæхсар, Сæ къалиутæ, сæ сыфтæртæ — хæрзæхсад. Бæлæсты дæр-иу адæмимæ абар: Вæййы æмхуызон махимæ сæ хабар. 43
Сæ равзæрынæй арвыцъæхмæ балцы Сæ иуæй-иутæ бафæлварынц алцы. Сывæллонау у иннæтæн сæ авдæн,— Нæй уырдæм дымгæ, уадтымыгътæн бафтæн. Бæлæсты дæр-иу адæмимæ абар: Сæ иутæ — стъæлфаг, иннæтæ та — сабыр. Кæуыл дзы буцæн дидинджытæ зайы, Кæмæн дзы гуыры даргъ сындзытæ майы. Фæйнæхуызон — сæ алкæцыйы дарæс, Цъæх фидæныл та иумæ кæнынц сагъæс. Бæлæсты дæр-иу адæмимæ абар: Вæййы æмхуызон махимæ сæ хабар. Æмгæрттæ нын дзы разыны, æмсæртæ, Сæ иутæ — хисдæр, иннæтæ — кæсдæртæ. Цæттæ сты уыдон басудзынмæ арты, Цæмæй фæсурой хъызт æмæ мæйдарты. Къæбæлдзыгдзыкку тар хъæды бæлæстæн Вæййы сæ хъысмæт адæмимæ ’нгæстæ: Зынаргъ сын у фыдæлты уæзæг махау. Æмæ сæ исчи ’ндæр бæстæмæ ахауд, Уæд дымгæмæ фæцæйтæхынц лæхстæмæ: «Нæ сыфтæр нын уæддæр фæхæсс фæстæмæж
МИДБЫЛТЫ ХУДТ Фæхъуызыд иухатт цæстысыг худтмæ Æмæ йæ барæй нымбæхста тары. Ныккуыдта уарди, мæгуыр, кæсут-ма, Æрдæгыл аскъуыд дзылыйы зарын. Æнæнхъæлæджы ныссабыр уадындз, Нæ уæнды ничи æппындæр худын. Рæубазыр мæргътæ æмбæхстæй бадынц, Сæ ивгъуыд бонтæм кæнынц «тæхуды». Фæраздæр вæййы цæстысыг цинæй, Нæ уæнды фæндыр æрцæгъдын хъазты. Нæ зæххыл рацыд æрхæндæг хинæй, Ныгъуылы дуне æгæрон масты. Фæлæ зæрин хур фæсмигътæй разынд, Æрттивгæ амонд йæ тынтæй калди. Нæртон тых бацыд кæрдæгхуыз назы, Йæ буц сыфтæ йæм фæтылдта уарди. Фæцыдæр сагъæс лæджы цæсгомæй, Йæ сау базыртыл кæдæмдæр атахт. 45
Æвидигæ цин фæзынд æргомæй, Æрбайхъуыст зарын кæцæйдæр уайтагъд. Уæдæй фæстæмæ у худт æнусон, Бæстыл нæй ницы зынаргъдæр уымæй. Куы уа дæ цæрæн хъæмпынсæр мусонг, Уæддæр-иу бахиз дæхи æрхуымæй. 46
МИГЪЫ КЪУЫМБИЛ Хуры чызг, денджызты, дæтты хъæбул, Урс айнæг къæдзæхты Рог базыр саби! Абон кæмæн уадзыс фæзты дæ кул, Ценнæ дæ æййафы, Ценнæуал, уари? Цæй-ма, цæмæн ивыс афтæ дæ хуыз, Иухуызон дарæстæ Ценнæ фæдарыс? Теуайау авæййыс, маргъау тæхыс, Ногдзыд кæрдæгæн ды Дон дæр фæдарыс. Ирд бон, мæйрухс æхсæв — алы хатт дæу Айнæджы хæдсæрмæ Дымгæ фæсуры, Ие та дæм худгæйæ дзуры: «Фæлæуу, Мигъы рæсугъд къуымбил, Абад мæ цуры!» Хатгай ды алидзыс дымгæйæ дард Æмæ дæ чысыл риу 47
Къæдзæхтыл хойыс, Рындзтæ дын фестынц уæд сыыд’з æмæ кард Æмæ сæ сæрты Кæдæмдæр ысхойыс. Арвæн фæзæгъыс ды, арвæн, «хæрзбон»,— Уайтагъд ыл атайыс Миты мæсыгау, Искуы дæ амбæхсы талынджы ком, Йе та фæзыныс Мæ рустыл цæссыгау. 48
КАБУЛ (Афганистаныл фыст æмдзæвгæты циклæй) Айсæфт доны цæппæрхуыз æртах, Хъал цæугæдон Амуйæ фæхицæн. Арвмæ хъазгæ изæрыгон тахт, Уым ыссардта фысымуат йæхицæн. Фæлæ уалынмæ ахуыссыд хур, Кæмтты, фæзты бынтондæр æрталынг. Мæй нæ фæзынди æврæгъты цур, Зæххыл рафæлдæхт æхсæвы арынг. Æртах мæйдары басыд, ныргъæвст,— Кодта бæрзонды иунæгæй ихæн. Фестад ихы къæртт, уазалы нæрст, Уыд йæ бакаст ыстъалыйау ихæн. Ног та ссыгъди сæуæхсиды арт, Зæххыл хурзæрин хъарм тынтæ калы. Бахудт мидбылты амондау цард, Уайтагъд атади ихын ыстъалы. 4 Таджикты зарæг хъуысы нæ Иры 49
Æртах фестади ноггуырдау раст, Рухсмæ калдта фырцинæй цæхæртæ Æмæ балцы уырдыгмæ фæраст,— Дард Амуйыл нæ сивта йæ зæрдæ. Фæзы дидинæг дойныйæ мард Æмæ удхосау февзæрд йæ хъуыртты. Цыма уардийæн ног тыхтæ рард, Уыйау уæлдæф æвдадзæн ныхъуырдта, Гъе, уæдæй нырмæ уыцы дæлвæз Зонынц адæм Кабул-К-аб-дар- гулæй Уый та амоны: уарди фæхæст Царды рохтыл, æфсæст у сæ хурæй. 50
СТЪАЛЫТÆ ÆМÆ ЦÆСГОМÆМБÆРЗÆН Афганистаны æппæты фыццаг йæ цæсгомæмбæрзæн чи аппæрста, уы- цы чызгæн, Хур фæзтыл рæдауæй Иæ тынтæ кæм калы, Уым уарди зымæгон дæр Дидинæг калы. Уым диссаджы горæт Ис хæхты хъæбысы, Уый балцы йæ хъæбултæй Алчи дæр мысы. Иæ зæххыл ыстъалытæ Арвæй фылдæр и. Сæ цуры тæмæнтæ Нæ калы сызгъæрин. Æрмæст нын сæ цæсгæмттæ Дарынц æмбæхстæй. 51
Сæ рæсугъддæр махмæ Нæ кæсы йæ цæстæй. Нæ рæзты фæцæйхæссынц Гогонтæ дзагæй. Нæй уыдонмæ аипп Æгъдау æмæ уагæй. Сæ фæдыл нымд усгур Ысдзуры тыхстхуызæй: «Цы ’мбæрзы мæ уарзон Йæ цæстытæ хызæй? Æхсæв дæр куы ’рттивынц, Куы калынц тæмæнтæ,— Сæ иунæг фæкаст мын Куы скодта кæлæнтæ!..» Уæд иу райсом раджы Рæсугъд чызг — ыстъалы йæ æмбæрзт цæсгоммæ Сындæггай æвналы. Къуындæг æм фæкасти Иæ развæд фыццаг хатт. Æрцагуырдта зæрдæ Уæларвон парахат. 52
Дард фехста фыдæнæн Кæдæмдæр йæ тар хыз, Иæхæдæг зындонæй Сыгъдæг зæдау рахызт. Нæма уыд рæсугъддæр Йæ уынд æмæ кондæй, Хæлæгæй йæм марди Сæууон хур бæрзондæй. Фæрухсдæр и горæт Иæ цæстыты кастæй, Йæ зæрдæйы цæхæр нын Амонд æрхаста... Куынæуал хæссиккой Сæ цæсгæмттæ ’мбæхстæй, Уæд чызджыты рухсæй Ныррухс уаид бæстæ.
Кутби КИРОМ Райгуырди 1931 азы Урметаны хъæуы службæгæнæджы бинонты æхсæн. Иæ фыстытæ мыхуыр кæны 50 азтæй фæс- тæмæ. Иæ поэтикон уацмысты чингуы- тæ сты «Базырджын уарзондзинад», «Дзулы тæф» æмæ æндæртæ. Кусы чи- ныгуадзæн «Ирфон»-ы аив литерату- рæйы редакторæй. 54
МÆ ФЫЦЦАГ СТИХ ^^ЯвЬ& фыццаг стих <^1Ш*^М æнæнхъæлæджы райгуырд, ^ЧЁ ^^Енæнхъæлæджы схауди уый мæ ^ ^^- дзыхæй. Цæмæй дзы искæд кæсджытæ уой райгонд, Гъе уый тыххæй нæ рантыст уый лæгдыхæй. Мæ фыццаг стих æнæныхасæй сдзырдтон: Цыди ма хæст, кæй зæрдæ куымдта зарын! Уыдтон, нæ цот, нæ мадæлтæ куыд куыдтой, Æмæ фæндыд мæн алкæй рыст æмбарын.
Мæ фыццаг стих уæд ирд тынау фæзыиди: Æртыхст нæ зæххыл сау æндæргау талынг. Мæн хæсты ’мæ фыдæхы ’хсæн фæндыди Мæ фыццаг стихæй рухсы ’ртах ныттадзын. Фыдгулы ныхмæ не ’фсæдтæ ныббырстой, Лæгау фæмарди ме ’фсымæрдæр хæсты. «Æгас у», зæгъгæ, дзырд «фæмарды» бæсты Мæ фыццаг стихæй гæххæттыл ныффыстон. 56
ДЗУЛЫ ТÆФ Цыппар азы фæхæцыди нæ бæстæ. Нæ фестæм дзулæн мах æппын йæ хъæстæ. Нæ рох кæнын, нæ рох кæнын ныр дæр, Куыд-иу разылд æххормагæй мæ сæр. Уыдтæн чысыл, уырныдта мæ æмбисонд. Æрзылдтæн аттыл, къустыл,— исты сисон. Фæлæ къæбæр дæр не ссардтон, къæбæр, У афтæ тутт пехуымпары куывд дæр. Мæ тæбæгъ арвау уыд сыгъдæг. «Мæ Нана, Мæ дзулы хай ныртæккæ та цы ран уа?» — Нанайы бадын нал уагътон æнцад, Æрмæст мын дзуапп нæ радта, нæ, мæ мад. Æз ие ’ууæндыдтæн, алы ранмæ згъордтон, Фæкастæн къустæм, о, фæлæ цы хордтон? Куы уыдтæн æз æдых цъиуау. Æваст Ыскодтон мæнæ къутумæ мæ каст. 57
Ысгæрстон къухæй уымæн æз йæ.бын, Богалау адæн уайтæккæ тыхджын. Фæфæлдæхтон æй, агуырдтон æз дзултæ, Æрмæст кæм ардтон дзулæн æз йæ муртæ!.. О, дзулы тæф мын радта тых æваст. Мæ туг ысфыхти, уæнгты стынг йæ хъазт. Салдат-мадæлтæ схастой мах зын афон. Ныр мах лæгтæ стæм, ис æппæт дæр абон Фæлæ æххормаг бонты дзулы тæф Цæры мæ риуы бон уа ’мæ æхсæв. 68
зынг Иæ цæхæр калы, ис йæ уæнгты тых, О, судзы уый, йæхицæн дæр нæ бары. Ис буар зынгæн, сырх у уый иууыл, сырх, Ис уымæн уд дæр,— уый цæхæртæ калы. Фæвæййы сыгъд æмæ ысвæййы дон, Кæнæм ын кад, фæнымайæм йæ хæрзтæ... Лæгау у, судзьг, не ’ркæны фæсмон, Фæнык нын фесты, рухс цæмæй уа бæстæ. 59
ТЮБЕТЕЙКÆ Нана, ды кодтай ахæм диссаг зарæг,— Зынди цъæх арв мæ хæдсæрмæ дзæбæх, Тюбетейкæ мын радтай ды, ныййарæг, Цыма дæ райстон æз лæварæн зæхх. Цы ис рæсугъдæй, о, цæмæй и рæзæн,— Уыдис дæ худы, о мæ мад, æппæт: Цæгат, Ныгуылæн, Хуссар æмæ Скæсæн... Цыппар уардийы снывæзтай йыл уæд... Дæ иу уарди Фыдыбæстæ куы фæци, Гъе уыцы уарди дзуры мын фæндон: «Цæй, хизæм мах фыдбылызтæй кæрæдзи,— Мæнæн цæрыс, дæуæн цæрын æз, зон!» Мæ дыккаг уарди... уый уынд дæр — æхсызгон. Фæкæны мысын, чи фæци зынгхуыст... Мæнæн сæ фæстæ цард ныууагътой уыдон, Ныффæдзæхстой, цæмæй уа раст мæ куыст.. Æртыккаг уарди — хорздзинады ’вдисæн, Мæнæн та уый цы кæны ныр æргом?— 60
Мæ хъысмæт мæн цы-фæнды бæрзонд сисæд,— Нæ рох кæнын, кæй у зæххон мæ ном. Уæд цыппæрæм — таджикаджы дзæбæх ном, Иæхи йæхæдæг барухс кæны фаг. У афтæ рухс кæддæриддæр йæ цæсгом, Æмæ йын талынг уымæн нæу тæссаг... Ыскæсæн радта махæн уый лæварæн... О тюбетейкæ, зон, уыдтæ ды, дæ. Дæу хæсгæйæ æдзух уæлæуæз дарæм. Кад, хорздзинад, нæ фыды зæхх. Уæдæ!.. 61
УАЛДЗЫГОН ЦАУТÆ Кæсын: уæларв ыссыгъдис тагъд, Фæныхсти арвы зынг. Æрвон цæстытæй та æртагъд Цæссыг, сыгъдæг у тынг. Æхсад у даргъ быдыр, фæцъæх,— Уыдзæнис дзы бæркад. Ысулæфыди дардыл зæхх,— Нæ уалдзæг æм æруад... О, райдайæн зын вæййы, зын. Æрæлвыста нæм хур йæ тын. * # # Чъырттымцъиуы къуыззитт, хъæрзын Фæбæлвырддæр мæнæн. Цæмæн у булæмаргъ мæстджын,— Æз бамбæрстон, цæмæн. Чъырттым
Хæлæрттæн кодта аргъ, Ныр та дзы фесты рох. Нæ булæмаргъ ма-иу æм тахт Фæлæ цыд се ’хсæн тох. Кæсынц мæм зарæджы мыртæ Сæ æрхæндæг æмæ хылтæ. * * * Ызгъорынц суадæттæ, кæс-ма, Кæд суадон иунæг у. Мæ дыууæ рæнхъы сты цыма, Æви мæ иу рæнхъ у. Цыма æппæт дуне фыссы Йæ ног уалдзыгон стих, Æмæ йæм æрдз лыстæг кæсы, Иæ ныхæстæм ныджджих. 63
Гафар МИРЗОЕВ Райгуырди 1929 азы Восейскы райо- ны Дагани Шолы хъæуы зæхкусæджы бинонты æхсæн. Чысылæй сидзæрæй баззади æмæ хъомыл кодта Сывæллæт- ты хæдзары. Иæ фыццаг уацмыстæ мы- хуыры фæзындысты 50 азты райдайæ- ны. Ныффыста къорд чиныджы: «Зæр- диагæй», «Стыр бузныг», «Асрор», «Зæр- дæ армытъæпæны», «Лымæнмæ фæн- даг», «Цард дарддæр цæуы», «366 гра- ны» æмæ æндæртæ. У Сабырдзинады Таджикистаны республикон комитеты секретарь. 64
УЫД РУХСЫ ЦЪЫРТТ... ары рухсы цъыртт уыд, Рызт æнамонд æхсæвы мæстыты, Хъуыды царди, Рухс кодта хъæрахст Умæл цæстыты. Карз фæдисхъæр, мæлæтты фыддæр Уыцы рухсы ыссыртæй æлхъывта, Фæлæ н’ ахусдзæн, нæ! Уыд лæгмары фæрæтæн йæ быны, Уæддæр карды комау æрттывта. я» 5 Таджикты зарæг хъуысы нæ Иры 65
Чанг дзынæзта, Æлвæст тæнты риссæй цы и, Уымæй æнгуылдзтæ фестъæлфынц арты æмыр кафтау, Арвы сыгъдæг цъæхмæ мæйы рухс бафтау,— Уый — дæ цæстæнгас уыд, Рудаки. Базырджын, саулагъз, цæргæсты æрвад, Хъахъхъæны тохæн йæ фæндыр Йæ зæрдæйы уаг. «Шах-наме»!.. Циу къæцæлты мæнг арт,— Къухтæ тавыны фаг? Мах цы хъæуы? Цъæх цырены бунт, Артысыгъды пиллон, Азийы кратер! Пиллоны халдих, хъæбатыр адæмы хатты кой Фехъуыстой уыцы рæстæг «Шах-наме»-йае. Æртытæ судзынц Сырх бæхты æрцытау, æдзух Саугуырм мæйдарæн æлвасынц йæ хурх. Тары рухсы цъыртт уыд, Уыд Мони, «Шашмаком»,
Уадтымыгъмæ æппæрста Мах стъалыты ’рттывд. Уыд Саади,— Æмдзæвгæты пиллонæй срухс кодта й’ _адæмы ном, Авиценнæ,— йæ хъуыды абонмæ сидт. Уыд Маздак, Уыд Восе, уыд Тимур-Малик,— Скодтой удтæй бæрзоыд ныфсмæ хид. Чи сæ ферох кæндзæни? Æввонгхор уæлбикъ? Тары рухсы цъыртт уыд, Над фæндагыл — нæ цыд. Фæлæ курын: Фест райсомæй раджы, Фен, сæуæхсид сырх пиллон куыд уадзы, Гъе стæй хур æнæкæрон рухсæй Тас арвыл анхъæвзт. Афтæ Ленины зонд Скодта парахат Исторлйы мидис. Зæхх — бæрæгбоны арæзт, Рухсы цъыртт уыд, Рухсы цъыртт ис! 67
ВОСЕЙЫ ФАРН Бухарайы карз æнтæфы буррыг минаретты ’хсæн Райхъуыст фæрæтты æндон хъæр, раст æрвнæрыны хуызæн. Ам дзæнгæрæгау бæндæныл Ауыгъдæй Восе лæууы, Æмæ тугдадзинты мард туг Цæстытæй цæуы. Фæлæ уд мæгуырты буитæй Куры ’вдадзы хос нырма. Ахицæн йæ фарн йæ буарæй зынг æртхутæгæй цыма. Ницы бамбæрстой æлдæрттæ, Фæлæ байгом ысты дуæрттæ,— Мæгуыртæ Восейы фарн Бамбæхстой æдасдæр ран. Зары бæндæны æлхынцъ: «О æгас цæуай, мæ уаргъ! Цард æмæ мæлæты рындз У дæ къубалыл дыдагъ. Аскъуыд тухитæй дæ уд,
У дæ мард Дæлимон, бунт. Ацæуæд хъæмæ сæркъуыр, Дардзæн ауындзæн дæ гуыр, Фæлæ адæмы æхсæн О Восе, дæ фарн цæрдзæн». Дугтæ рацыди уæдæй,— Ивтой фæлтæрты фæлтæртæ. Мигъаууон куы вæййы мæй, Уад куы батилы йæ’тæрттæ, Уæд Восейы фарны рухс Бахизы æппæт къæсæртæй Æмæ дзуры: «Ут къæрцхъус, Канд кувынæн не сты сæртæ! Ласы стыр къæдзæх — фæзгъæр Дон — фыдуаг æмæ æнæнцой, Хъусут уылæнтæн сæ хъæр? Халынц дунейы мæрдæнцой». О пехуымпартæ, сымахыл Хъоды бакæнынц бæргæ, Фæлæ мардæй дæр уæлæуыл баззайут цæргæ. Гом — уæ цæстытæ, цыма сæ 69
Кардæй рачындæуыд къæртт Æмæ тугдæппæлттæй бады Уым дзыллæты хъыг æппæт. — Циу, Восейы фарн/ дæ катай? — Хъизæмар зæххыл уынын, Мæн фæсырдтой арф ингæнмæ Сау бæндæн æмæ фыдфын. Æз уынын: Лæгмарæг ногæй - йе ’ндон фæрæт ссы, Æз уынын мæ саурæсугъды Уадултыл цæссыг... Цыма цуанон куыдзы хъустæ,— Иуæй-иу зæрдæ Хъусы сусæг кæуын, хаты Сау лæджы фæндтæ. Хъусы суинаг боныцъæхы Базырты пæр-пæр, Змис-сахаты цъус-уынæрау, Дадзинты — æнусты хъæр. Цард Восейы фарн æврæгъты, Хуры тынты ’вдылд. Æмæ стыр амонды уацау Зæххы сæрмæ зылд. Алы къæсæры рæзты дæр Арты аууонау цыди,
Уыд пехуымпар — тых йæ риуы, Зæрдæ стыр мастæй сыгъди. Уыд йæ ныхыл суинаг бонты Стыр хæстыты туг, Тагъд фæцæудзæни фæдисы Карз бырстыты дуг. Хоны дзыллæты йæ фæдыл, Раздзæуæг куыд хоны ’фсад, Æмæ хоры бæсты хуымты Уæд æхсаргæрдтæ æрзад. Хъама хъамайыл æмбæлы, Тугæй туг æхсад цæуы, Хæлд халагъудæй мæгуыр лæг Мастисæг цæуы. Цæв æлдары, цæв эмиры, цæв хæрам лæджы, хæстон! Æмæ сын æгъатыр къухæй Ды сæ сау уидæгтæ стонГ Рухс фæхицæн и мæйдарæй. Зынг æртхутæгæй фæцух, Карз хæстыты бахсыст ногæй Сахъ Восейы къух. Боны рухсимæ сæуæхсид Сиу кæны йæ арт, Сиу Октябримæ таджикты 71
Судзгæ уд — Восейы цард. * Фидæнмæ цæуынц уæхски-уæхск, Иу æууæнкæй—баст, Стырдæр амонды фæндагсар — Намысджын фæтæджы уарзт.
^^т
Мирсаид МИРШАКАР Райгуырди 1912 азы Памиры Синде- вы хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ. Уый у таджикаг фыццаг фæскомцæдисонтæй иу. Шæ уацмыстæ мыхуыры цæуын байдыдтой 1930 азæй фæстæмæ. Р1æ кадджытæ «Сызгъæрин хъæу», «Æнæнцой Пяндж», «Ленин Па- мирыл», «Хæххон чызджы уарзт» æмæ иннæтæ хорз зындгонд сты советон чи- ныгкæсджытæн. У Таджикистаны адæ- мон поэт, Паддзахадон æмæ Рудакийы номыл премиты лауреат. Кусы респуб- ликæйы Сæйраг Советы Президиумы сæрдарæй. 74
ДЫ БАУАГЪТАЙ ÆДЗАРД ДУНЕЙЫ УД æххы къори дæ размæ дæр нырау Зылд уалæ хуры алыварс æнцад. Уыд денджызтæй, хæххон дæттæй рæдау, Æвæццæгæн ыл дидинæг дæр зад. Фæлæ хъæддаг уыд, ронбæгъд уыд нæ зæхх, Зæрæстон, тар æмæ гуымиры уыд, Æнæхицау, æвæгæсæг — къæдзæх. Æнæ цæрæгæй афтæмæй кæй хъуыд! я? 75
Ды уыцы сау, æдзæм дунемæ уæд Æрхастай зонд, æхсар, æмбисонд-дзырд,— Дæумæ сси хъусæг, ссыгъдис ыл дæ фæд,. Ды басгуыхтæ йæ аразæг, йæ куырд. Æдзард дунейы бауагътай ды уд, Ысрæсугъд зæхх дæ хъаруйæ, дæ зондæй Æмæ ысдæ ды дун-дунейы цыт, О адæймаг, фæлгæсыс ныр бæрзондæй! 76
ПОЭТЫ БАЛЦ (Балладæ) 1. Ныууагъта уый йæ фыдæлты уæзæг, Иæ зæрды ’рæфтыд царды ад ыссарын. Йæ дæлармы — фæндаггоны лæдзæг.— Нæ вæййы балц айдагъ цин æмæ зарын. Поэтыл амбæлд зæронд лæг æваст, Фæрсь* поэты разагъды зæронд лæг: — Цæмæн у, цæ, æрхæндæгæй дæ каст? Цы уæззау сагъæс тых кæны дæ зондæн? Поэт ын загъта: — Иунæгæй тыдтон Мæ бонтæ æз æмырæхгæд хæдзары. Æз тугхъизæмар хибар ран уыдтон, Цæмæй мæ зарæг ма баруайа тары. Фæлæ йæм дардæй байхъуыстон гъеныр, (О, бамбар мæ ды,— фендджын æмæ зондджын!) — Уæууæй, мæ хъ&лæс разынди æмыр, Æгъуыз æмæ æнæбазыртæ — йоджы. 77
Æбæрæг балцы араст дæн уæд æз, Æз ферох кодтон хибары тæрф-цъæнут,— Цæмæй ыссарон диссаджы фæрæз — Мæ ныхасы цы бауадза тæлфгæ уд. Нывзилæд мæ цыфыддæр зынтæм цард,— Цæуын мæ хæсмæ — дард лæууæд нæуæндаг! — Цæмæй бæрзонд уæлтæмæны цъæх арт Мæ риуы ссудза, срухс кæна мæ фæндаг. 2. — Поэт,— уæд бахудт зæронд лæг,— ды дæ Иыфсхаст дзырды паддзах æмæ йæ цагъар. Ды уал боны цы нысанмæ цыдтæ, Уый хатынц абон сабитæ дæр, бамбар. Фæцу-ма сæм. Нæ зонынц, циу æнцой, Сæ хъуыды ’ппæтæй рухсдæр у, цæрдæгдæр. Уадз, де ’мдзæвгæты стъалытау тæлфой Сæ цымыдис, сæ цардмондаг зæрдæтæ. 3. Фæлæ поэты зæрдæйыл йæ дзырд Нæ сæмбæлд уыцы разагъды зæрондæн. 78
Рыгвæндагыл та кодта уый йæ цыд, Ныгуылдысты йыл катайы йæ бонтæ. Уæд саурæсугъд чызг суадонæй нызта, Поэт та уымæн ракодта йæ сагъæс... Чызг загъта: — Ды дæ номхæссæн нысан Ыссардзынæ мæ райдзаст хъæуы, багъæц. Æппæт хæрзтæй циу уарзынæй уæлдæр! Æмæ йæ ссар мæ райгуырæн уæзæгыл. Рæвдыдтай-иу кæйдæр цоты кæддæр — Ныр ауддзынæ де ’нахъом зæнæгыл. Мæ дзырдмæ байхъус, кæд ды дæ зæххон! — Нæу уарзтæй уæлдæр намыс æмæкад дæр... Фæлæ поэты ’взонг чызджы тæрхон Нæ бандæвта. Æмæ та араст дарддæр. 4. Стæй фембæлд Мадыл. Уый фæлладæй цыд. Поэт ын загъта, а зæххыл цы йуры, Кæй агуры йæ зарæгæн рæстдзырд... Уæд дын æм Мад фæлмæн хъæлæсæй дзуры: — Дæ дард фæндæгтыл сихсыдтæ. Æртад Дæ уды хъару. Нал дæ ис хуызæртау. 70
У дун-дунейы цардфæлдисæг Мад, Йæ зæнæгæй уый чи зоны хуыздæр та! Сылгоймаг, рухс дын чи радта фыццаг, Дæ уарзт зæгъын цы бæстæйæн нæ уæндыс, Дæ хъуыдытæ, дæ бæллицтæ, дæ цард, Æгуыппæгæй цы зарджытæ нывæндыс — Æгасæй дæр ысиу ысты, мæ хур, Рæстады бардуаг — Мады рухс фæлгондзы... Гъе, ууыл, поэт, де ’мдзæвгæты дзур — Дæ зарæг дын уæд дзыллæ ’нусон хондзæн. 8Ъ
ДЫ ЦÆРЫС... Дымгæйы æнуд æхситт кæм хъуысы, Уым æрцыд фæрныг тырыса сагъд, Æмæ ссыгъд Памиры тар хъæбысы Ленины æнæхуысгæ цырагъ. Ды, фæтæг—’нæ хъуыдыты нывæзты, Ды — нæ уарзты дидинджыты фурд. Ды цæрыс, æмæ нæ хох, нæ фæзтыл, Дари уафгæ, атылди дæ хур. Ды цæрыс, æмæ таджикты бæстæ Амондæй нæ баййафдзæни хъуаг. Ды цæрыс, æмæ нæ тох, нæ рæстæг Коммунизмы комулæфтæй — дзаг. 5 Таджикты зарæг хъуысы нæ Иры 81
ÆНÆНЦОЙ ЗÆРДÆ Æз алы райсом денджызы был дурыл Фæбадын æмæ уылæнтæм кæсын. Æмбарын: денджыз сæнкъуысы, фæсуры Лæгæн йæ маст, йæ уæнгты рыст, йæ зын. Фæбырсы уылæн уылæнæн йæ фæстæ, Йæ дымгæ у Тæргайгæиаг, Фæлмæн. Ыскасти хур, Ныссабыр дымгæ, бæстæ Æрæнцад, Калы Сау денджыз тæмæн. Фæлæ мæ зæрдæ не ’нцайы, Мæ зæрдæ Тырны цæмæдæр, агуры цыдæр. Кæд ноджы ирд, тæвддæр хуры цæхæртæ, Æви тызмæгдæр денджызы уынæр? Æмæ уæд цавæр? — Кæмæн нæ уа æрæнцой, Иæ цытджын ном кæмæн ысхуыдтой цард, Хъыг æмæ цин кæмæн ысты æгъдæнцой, Лæджы монцтæ цы ран æнхъæвзынц дард.
ЦЫБЫР ФЫСТЫТÆ ДÆУ РÆВДАУГÆЙÆ, ÆРДЗ ХÆРЗ РÆДАУ УЫД Æвзонг, æнæвнæлд, Дидинæг — дæ уынду Дæу рæвдаугæйæ, æрдз хæрз рæдау уыд. Фæлæ мæн дæр нæ бафхæрдта хъысмæт: Дæуыл лæууы, дæуыл лæууы мæ уд. ДÆ ЦÆСТÆНГАСЫ АГУРЫН ХАТЫР Дæ сау цæстытæм—иудадзыг мæ каст: Цæмæй мыи барой, скæной-иу мæ раст. Æмæ мын, тобæ, ма дарой мæ цæстмæ Мæ сонт рæдыд, мæ рагуалдзæджы уарзт. дидинæг Кæсыс: йæ сæр æркъул кодта — æрхæндæг. Йæ цупæлттæ — æхсæрдзæны пырхæпдæг: Ома, нæу уый дæр иннæтæй рæсугъддæр, Фæлæ йæ садзгæ... кодтон æз мæхæдæг. 83
ДÆ ФÆНДАГМÆ СКОДТОН ÆЗ МÆ КАСТ Зæд дæр мын нæй, стæй дуаг дæр.— Ис æрмæстдæр уарзт. Дæ фæндагмæ ыскодтон æз мæ каст,— Цæхæртæ калы хуры рухсмæ, ’взистау. Цъæхартуадзгæ, мæ зæрдæ риуæй систон...— Гъа, айс æй д’ арммæ, асур ын йæ маст! нышс сомбонмæ Хуыздæр æнхъæл, мæ хур, Ды фидæн бонмæ ма кæс. Фæлтау уал абон дур Райсомы къæсмæ бахæсс. ЦАРД ÆМÆ ФÆНДОН Цалх гуыргъахъы куы нæ ’рцæва — Нæ йæ сфæлтæрдзæн нæуу. Фæндон æххæст куынæ ’рцæуа — Хуынкъ суарийы аргъ нæу. царды нысан Мæ дзырд æз хъуамæ барджынæй зæгъон Нæ нæргæ дуг, нæ хурæмдых Цæдисыл. 84
Кæд уый бакæнын не суыдзæн мæ бон, Уæд фаг æлвæст нæ уыдысты Мæ фæндырæн йæ хъистæ. аштæ нал у Дзырдтой-иу: «Арвæн мах ыстæм цагъартæ, Табу йæхицæн, бакæнæд хатыр...» Нæ тых, нæ зонды фæрцы райстам ныр нæ бартæ, Уæлæрвты хъысмæт мах къухты ис ныр! уадз æй... — Фæзынд дæ сæрыл урс хъуынты бындзыг... Ыстæ-ма ’мæ йæ бамбæхсæм, мæ хицон! — Нæ, уадз æй. Уый-иу мын æрымысын кæндзæн, Кæй уыдыстæм кæддæр дæуимæ хицæн. НЫЛЛÆУУЫД УАЛДЗÆГ Ныллæууыд уалдзæг ныр. Цъæх быдыртæм æрхæццæ. Фæлæ æнæ дæу цин куыд кæнон æз — нæ дыл хъæцын æрхъæцмæ. Хæрæгсындз дæр мæм дидинæг фæкæсдзæн — Æрмæстдæр ыл дæ цæстæнгас æрхæцæд! 85
ФÆНДÆГТЫЛ (Циклæй) * # # Кæй зарджытæй хастай сывæллонæй рæз, Уый мын кæд фенын кæндзынæ, Гъеуæд дын дæ фидæн пехуымпарау æз Бæлвырдæй зæгъдзынæн. * * * Дæуæн æз нæ бавгъау кæндзынæн мæ уд дæр, Дæ аив бакастæн ныр зонын йæ тых: Фырхæларзæрдæйæ, мæ бæлон, рæсугъд дæ, Фырхæдæфсармæй та фæвæййыс ды сырх. Æрцу, Хафиз, æнусты сæрты ’рхиз, Сæнæй фæсурæм зæрдæтæн сæ низ. Дæхæдæг кæд дæхи цæстытæй фенис, Куыд фендæр и йæ бæстæ Рудакийæн. Фæйлауы ивгъуыд-абоны æмденджыз, Кæнæм мах цыт зæлланг дзырдæн дæхийау. 86
Зынг портийау хи космосмæ куы фехсы Р1æ дард кæсдæр нæсæттон Рудакийæн. * * * Цы байтауай, уымæн æнæ ’ркæрдгæ пæй — У ахæм нæ рагон фыдæлты фæдзæхст. Уæдæ кæд фæцæрыи фæнды мах фæрнæй,— Хæлардзинад тауæм æрмæст! * * * Æнæ барц, йæ къæдзил — æмбис, Иу хæрæг уынгты æрцæйцыд æрæджы... Дисыл ма мах дуджы чи кæны дис — Науæд кæд чи федта ахæм хæрæджы!.. Иу хуыцауы налат дзуаппыл «фæхæст», — Хъуыддаг,— дам,— арвæй у ирддæр: Уый у хуымæтæджы хæрæг, æрмæст Йæ коллективæй фæиппæрд. 87
Убайд РАДЖАБ Райгуырди 1932 азы Пенджикенты районы Некиаты хъæуы зæхкусæджы хæдзары. Мыхуыры йын рацыд ахæм чингуытæ: «Рухс сæнттæ», «Лргъæут- тæ», «Цы хуыйны Лялька», «Шоди æви Ходи», «Къахвæндаг» æмæ æндæртæ. Кусы Таджикистаны Фысджыты цæди- сы правленийы секретарæй æмæ жур- нал «Садои шарк»-ы редакторæй. 88
МÆ ÆНУС рæгмæ мыл мæ хур ыскаст,— Мæ хъысмæт, уый дæу аххос нæу, Кæй не ’рцыд знаг мæкъухæй саст Уым азымджын иæ кæнын дæу... Куы калд цæссыг, æхсар куы хъуыд, Уыдтæн ма æз хæрз саби уæд Æмæ мæ ныфс, мæ бон нæ уыд Ныууадзын карз тохы мæ фæд. Хъысмæт, хъысмæт! Дæу аххос нæу Кæй нæ сагътон дыргъдæттæ æз, зг
Кæй н’ арæзтон сахар, йе хъæу, Кæй нæ уыд афтæ стыр мæ хæс. Мæ райгуырдыл æвæсмон дæн, Мæстаг мын нæу кæнæ хъыгаг, Кæй никуы бантысти мæнæн Уæлæрвтæм айгæрдын фæндаг. Нæ! Нæ! Æз амондджын фæдæн, Фæзындтæн афоныл, мæ фæд Мæ зæххыл ахæссинаг дæн, Мæ бæстæйæн нывонд фæуæд! Мæнмæ ныр дардмæ сиды цард, Йæхимæ сайы фидæн мæн, Цæмæй фæндагыл судза арт, Ис уый фаг зæрдæйы тæмæн. Нырма хъæуы ыскæнын хид, Ыссудзын ма хъæуы цырагъ. Нырма кæндзæни уад æхситт, Нырма нæм сиддзæн размæ рагъ. Мæ хисдæртæн кæнын æз аргъ, Мæ цæсты у цытджын сæ тох, Мæн тыххæй хастой уыдон уаргъ, Ныр æз — сæ байзæддаг, сæ хох. 90
Н. М. ПРЖЕВАЛЬСКИЙЫ МЫСЫНÆН (Цикл „Тяньшайнаг пейзажтæй") Уыд фыдбылыз иу гæппæй хæстæгдæр, Уазал донау стджыты салди магъз. Худт мæлæт — зæронд хъыргъыйы стæгдар, Уыд зындон, Фæлæ нæ зыдтай тас. Сæфты тымыгъ, Д’ адзалы æртхутæг Тахт дæ сæрты — сау сынты æнгæс, Куы кæугæ, Куы æррайау худгæ, Азæлыд дæ хъысмæты хъæлæс. Мард цъиуау Нындзыги дзырд дæ хъуыры, Ком ныххус æнæдон зæххау раст. Уæлдæф ма тыххæй-фыдæй ныхъуырыс, Фæлæ ныфс хъайтар лæгау нæ саст. Скодтой арт дæ хæдзары фæстаг хатт, МадЫ армау Удыл хъарм æнцад. О, куыд хорз у, а фыдфынты сахат 91
Хорз хæларау арты фарсмæ бад! Стæй фæстаг уысм федтай ды хæлæртты, Федтай ды дæ хъæбулты æваст. Райгуырæн зæххимæ дæ цы бæтты, Уый уыдзæн сæ номимæ дæр баст. Рагон бæстæ Иссык-Кулмæ кастæ, Боны рухс, Цъæх айиæг хæхты мит, Стæй æппæтæн, афтæ тынг кæй уарзтай, Загътай ды фæстаг «хæрзбон». Дæ сидт Фехъуыстой нæ фидæны бæлццæттæ, Æмæ зæххыл баззайдзæн дæ ном. Хус æмæ тæссаг змисыл—дæ фæдтæ, Агуырдтай сæрибарау ам дон Адæмæн, бæгънæг æрдзæн, дæхицæн... Ды цыдтæ, кæмæй нæ уыди лидзæн, Уыцы змисы стыр зæйты æхсæн Ног дуне, нæ бæллицты ныфсæн, Фидæнæн дæ цард уыди нывондаг, Уыд хъысмæт дæ хъысмæты дæлбар. Хъахъхъæны ма уыцы ’хсæвы сонт уаг Æмæ де ’хсар халагъуд-хæдзар. Уыцы ’хсæв фæдисонау фыддымгæ Ахаста йæ хус тæртты дæ цард, Уæд сæ рохтæ, тарст бæхтау ыскъуынгæ, Къудзитæ дæуæй лыгъдысты дард. Талатæн сæ бæллицтæ сыфтæртау
Дойны зæхмæ згъæлдысты æд чырс. Уыцы ’хсæв куы саста тутт æхсæртау Д’ адзалы æртхъирæнты дæ ныфс. Дымгæ ниуы, Рудзынгмæ змис калы, Халагъуд гæдыбæласау змæлд, Мигъдзыгуырты ахуыссыди стъалы, Фæлæ рухс дæ чысыл къæсæй калд. Æмæ загътай: «Баныгæнут, курын Обауы бын ацы бæсты мæн, Уадз æмæ бæлццæтты доны дурын Мауал сæтта тымыгъты тæлфæн. А зæххы зæрдæйыл кæд мæ удæй Суаин исты бафтауыны хъом. Мæргътæн, Уады фехст уылæнтæн фурдæй Ардæм нæу æрбатæхын сæ бон. Æмæ кæд фæндагамон цырагъау Бæлццæтты мæ ингæн хонид дард. Цу, мæ фæндаг! У бæллиццаг уаргъау, Иннæтæн æрхæсс мæ фæстæ цард, Уадз, цæуой мæ ингæны къæсæрæй Ног бæстæтæ агурæг, цæмæй Базоной, сæ уарзт æмæ æхсарæй Дунейыл тыхджындæр тых кæй нæй; Зоной, уадз, зæххы зæрдæйы зарæг 93
У æппæт, Æппæт зарджыты сæр,— Уым вæййы, цæмæ бæллы ныййарæг, Уым вæййы, цæмæ бæллы фæлтæр. Ног фæндæгтыл уый кæны бæлццæтты, Цин æмæ хъыгдзинæдтæй у конд. Ноггуырдæн кæуыны тых фæдæтты, Фæлæ хаты царды цин зæронд. Зæххы зæрдæ алкæй риуы змæлы, Уый тыххæй æн’ адзал у бынтон, Рухс бæллицты рухс галуан нæ кæлы, Æмæ нæй нæ фæндагæн кæрон!» Ды цыдтæ, Мæлæт цыди дæ фарсмæ, Не суагътай дæ карз дойны, бæлццон. Фæлæ дæу цы хъару кодта размæ, Уый æхсæвы фестын кодта бон. Ам æрттивыыц дидинæгджын фæзтæ, Горæттæ, Рæууддзæфы тæлфын... Мæргъты зарын, Буц сабийы фын, Иссык-Кулы дон æмæ бæлæстæ... Скæсæны фæрнæйдзаг зæхх ныррухс, Хъусынц хæхтæ абон дæр дæ дзырдмæ, Дзыллæтæ цæуынц, цæуынц дæ цыртмæ... Æз лæууын дæ ингæны уæлхъус. Ратт æууæнк!
Дæ монцæй ратт мæнæн дæр, Мæн хъæуы æдзыд фæндæгтæ, хур! Ацы цадау бандзыг дæн цæмæндæр Æз дæ егъау карз хъысмæты цур. Разади дæ риуæй уарди... ’вдисы Цард æмæ мæлæтимæ цæдис, Иу уысм дæр æнусты цъупмæ схизы, Иу цардæй сæдæ рамбулæн ис. 93
ХÆХХОН ДИДИНДЖЫТÆ Рæудымгæйау дæ номимæ тæхын Бæрзонд къæдзæхтæм сагфæндæгтыл уайын, Дæуæн уым тонын дидинджытæй хуын Æмæ мæ къухтæ нал зонынц фæллайын. Уым цъититы, дзæнхъа-дурты æхсæн Æз дидинджыты балхъивын мæ риумæ. Мæнæн сæ радта ацы зæхх, ныр сæ Ды айс мæнæй мæ зæрдæимæ иумæ. 96
НАРЦИСС Цы рындзæй хауыныл фæцис Доны уылæн коммæ, Уым зæххыл сæвзæрди нарцисс. Дзуры мæм: «Æртон мæ!..» Фæсхохмæ афардæг йæ фын Уалдзæгæй у расыг, Уый æрдзæн а зæххæй у хуын, Уый миты хъæпæны нæ басыд. Бæрзондмæ — æфцæгмæ ыскаст,— Уады ниуд æм нал хъуыст Æмæ йыл хъал дымгæ æваст Цингæнгæ æрбатыхст. Фæлæ йыл уазал сæмбæлд уым, Барызти гæзæмæ,— Фæзынд цъæх цъититы рæбын — Мит — хъæпæн йæ размæ. Æмæ йæм чидæр дзуры уæд, Урс æндæрг æм дзуры: 7 Таджикты зарæг хъуысы нæ Иры 07
«Ды æгæр раджы ныр кæд Бацагуырдтай хуры? Ам куы сыстой тымыгъ, уад, КУ айхъуыса сæ ниуын, Уæд дæ уалдзæгæн бынат Нал уыдзæн дæ риуы». Дидинæг ын дзуапп дæтты: «Æз æрхастон уалдзæг. Уый та уазалты сæтты, Бæстæ у йæ уазæг!»
"^&У-
Боки РАХИМ-ЗАДЕ Райгуырди 1910 азы Сарбог Гармы районы моллойы хæдзары. Йæ уацмыстæ мыхуыры цæуынц 20 азтæй фæстæмæ. Рауагъта мæнæ ахæм поэтикон уацмысты чингуытæ: «Фронтæн», «Уæлахизы бæ- рæгбон», «Мæ зарджытæ», «Суадон», «Цъæх сыфтæр», «Цард æмæ дзырд», «Мæ цардвæндаг». Рудакийы Премийы лауреат. Таджикистаны Сæйраг Советы депутат. 100
МÆ УАЛДЗÆГ В^вЛÆ^эердырох мыл бафтыди кар л^ЭМг æмæ азты ^ын' ЩРУД| дÆрмæст ма нæ рох кæнын^ ^ ^&в ме ’взонджы бонтæ,— Зæрдæрыстæй рагбонтыл арф сагъæс акæнын: Фæмысын, куыд басыгъд мæ чысыл къух сонтæй — Уый рагуалдзæг уыд. Фæрдгуытæ ызгъæлдысты урс митæй сау зæхмæ, Фæцардхъом и зайæнхал — нал каст æргъæвстæй, 101
Æртасыди хурбонты фидиуæг — арвæрдын, Æртадысты аууæттæ, сирд ысты бæстæ — Уалдзæг уыд уæд. Ныззарыди булæмаргъ хъæды тъæллангæй, Куыдта æмæ йе ’нусон уарзтыл дзынæзта, Сæумæйы æртæхы, йæхи найгæ, хуыргарк Иæ базыртæ бархи тæхынæн æвзæрста — Уалдзæг уыд уæд Нæ хъæуы хæдсæрмæ æдзæрæг æрвирды Хърихъуппыты дзуг фæцæйтахти халæй. Хуымгæнæг æрмæй тыдта хурмæ сырх мæнæу, Иæ сæрмæ зылдысты цъæх бæлæттæ балæй — Уалдзæг уыд уæд. Йæ мидбылты бахудти уыцы цъæх уалдзæг,— Цъыбар-цъыбур байдыдтой къалиутыл мæргътæ, Фыццаг хатт рæудымгæмæ дидинæг райхæлд,— Йæ къускæй бындз рахаста адджын мыд-уæргътæ,— Уалдзæг уыд уæд. Æхсаргардау хуры тын калдта тæмæнтæ, Нæ хæхтæй, хæлофгæнгæ? уадысты дæттæ, Йæ сыфтæртæй æртæхтæ ацагъта залгъæд, Джынасуйау сæрттывтой цъититæ кæмттæй — Уалдзæг уыд уæд,— Цæй уалдзæг мын уыд? 102
Нæ федтон æз уалдзæг,— мæ къухæй хъæрзыдтон, Иæ риссынæн иу уысм æрæнцой нæ уыди, Æгас æхсæв цæстытыл не ’рхæцыд хуыссæг, Мæ мад та цырагъау мæ уæлхъус лæууыди. Цæй уалдзæг мын уыд? Сыгъдтæн æз мæ риссæй, цыдæр сæнттæ цагътон, Нæ — æрдзы рæсугъдтæ, нæ — мæргъты хъæлæстæ, Нæ—уадындз, нæ «Ёор-йор» — чындзхæссыны зарын — Мæ зæрдæ сæм мастæй, йæхи хойгæ, змæста... Цæй уалдзæг мын уыд? «Æппæт дæр хуыцауæй у»,— моллотæй хъуыстон, «Дæ низау, дæ риссын хъысмæтæй у»,— загътой. Мæ бакаст уыд бур-бурид, хурсыгъд кæрдæгау, Уæддæр мын сæ кувын, сæ хинтæ нæ уагътой. Цæй уалдзæг мын уыд! Нæ зыдтон мæ риссынæн хос, æмæ цæссыг Лæсæнтæй мæ уадултыл сыгъд къухмæ згъордта: Цæссыг æмæ кувынæй барæсыд сыгъд къух, Æмæ мын тыхджынæй-тыхджындæр рыст кодта. Цæй уалдзæг мын уыд! Мах цардыстæм маст æмæ сагъæсы комы, Мæ хæдзар уыд ахуырæй, фарнæй æгæр дард — Дымдтой йыл æдзæрæг быдырон дымгæтæ, 103
Уыдыстæмхæрз иунæг, нæ цард уыд гæбæр цард — Уый рагуалдзæг уыд! Фæлæ нæм æвиппайд æркасти ныфсы тын — Уырысæй нæм дохтыр æвиппайд фæзынди, Нæ мæгуыр, æлыгамад цатыры хабар Тæссагдæр æрвнæрдау дзыхи-дзых æрзылдн— Раджы уыд уый. Мæ мæгуыр фыд гъеуæд фыццаг хатт фæтыхсти: Æууæнда ма диныл? Йæ фыртæн æххуысмæ Æрбахона дохтыры?.. Нæй йын æндæр хос!.. «Фæлæ нæм,— дзырдта-иу,— куы стигъ уа нæ хъысмæт!..» Тыхджындæр у уарзын æппæтæй. Иæ фыртæн Хос ^гуырдта фыд, фæлæ...— «Зæдтæй йæм касти Æнамонд низ»,—моллотæ загътой, мæ фыд та, Йæ иунæг хъæбулыл тыхсгæйæ, нæ састи. Раджы -уыд уый!.. Фæуæлахиз уарзын. Уыд тар æхсæв, ацыд Мæ фыд уæд нæ хæдзарæй тагъддæр æххуысмæ: Æрбакодта дохтыры, æмæ хуыцаумæ Ныр нал, фæлæ уый къухмæ радтамæ хъысмæт.— Уый рагуалдзæг уыд. Æрбацыд нæм уырыссаг дохтыр, уый загъта: — Хорз. Рынчыны сдзæбæх кæндзыстæм иттæг хорз! —
Мæн царды ныфс бауагътой уыцы ныхæстæ, Æнахуыр æвзаг уыд мæ низæн— хуыздæр хос.— Уый рагуалдзæг уыд. Фæкалдтæн-иу арæх, стæй сыстадтæн ногæй, Æз бавзæрстон удхæрттæ, хъизæмар, тухи,— Мæ цардвæндаг дурджын уыд, фæлæ-иу алкæд Хæцыдтæн мæ хосгæнæг дохтыры къухыл — Уый рагуалдзæг уыд! Уыд карз тох æфсымæрдзинад æмæ бартыл, Мæ уырыссаг хъонах хæцыди мæ къухыл, Хуыдта мæ йæ фæдыл уый дунейы рухсмæ, Мæ зæрдыл куыд нал уа мæ кæддæры тухи — Рагуалдзæг уыд. Мæ сонтæй фæстæмæ уæ уд уа, йе — буар уа — Фæтавын мæ хæлары хъарм æмæрухсмæ, Æз адджын хæларæн йæ рæсугъд зæрдæйыл л Зæрдæйæ мæ фидæн фæдзæхсын æнусмæ,— Уæд уалдзæг æдзух! Уырыссаджы къух æз куы райсын мæ къухмæ — йæ фæлмæн хъарм ме уæнгты стыр хъару уадзы. Уырыссаг æфсымæртæй уарзон хур ракаст, Сæ уарзын мын ме уæнгтыл базыртæ садзы. Уæд уалдзæг æдзух! Хæларад цæрæд! 105
ИУЧЫСЫЛ АСАГЪÆС Ахуырады бæрзонд «корифейтæ», цы фестут? Уе ’гас, чи зоны, кадджын бынæтты ’мсæр не стут! Хаттæй-хатт нæм фæнæры сæрхъæны хъæлæс: Уый, дам, ахуырад размæ æз ыскъæрын, æз! Ахуырад та фæкæсы уæд, дисгæнгæ, цармæ: «Ай куыд æрбахауд сæрхъæн мæ сыгъдæг хæдзармæ?» Нæ, ныр афон у афтæ фæрсынæн æцæг: Ахуырадмæ цы бахаста а сæрхъæн лæг? Кæд ныффыста мæнг ахуыры сайд диссертаци: «Галиу къухæй куыд кæнынц бæмбæджы плантаци», «Хурджын Кофы* цы ’взаджы ыздæхтытæ и», «Сырд куыд фæдары саха-къæвдайы йæхи», «Кæсагдарынæн мæргъты ’ххуыс цас у», «Маймулиты сæрыстырдзинад нын цы тас у», * Коф — аргъауы хох. 106
«Мæй кæм ис æмæ цас у йæ уазал та бон», «Карз, хъызт рæстæджы фидиуæг — хохаг бæлон»... «Корифей» дзы ном райсæд, æндæр æй цы хъæуы? Циу талант? Корифей та талантæй цы кæны? Цом, ныр та уæдæ фенæм Парнасы бæрзонд: Музæтæй дзы куыд рухс кæныиц зæрдæтæ, зоид? Зонын авторты, феппæлынц се стыр талантæй: «Охх, мæ сæр тоны алгъуызон уацмысты пълантæй... Охх, куыст—бирæ, рæстæг та мын иу минут нæй!» Уæд цæмæн нæй, уый базонут, адæм мæнæй: Алы бирæ æмбырдтæ, къæбæлдзыг ныхæстæ, Репортертыл æмбæлдтæ, банкетты карз нуæзттæ... Хорз ныфс бавæрынц, чиныг уыдзæни, зæгъгæ, Бирæ бадзырдтæ афыссынц тагъд-тагъд, бæргæ... Фæлæ пьесæтæ? Ног пьесæ нал федтам рагæй. Уæд роман та? Нæй раппæлæн уыцы хъуыддагæй. Ис композитортæ, бафæрс: дæ уацмыс кæм и? — Адæм раджы цы скодтой, уый хонынц сæхи. 107
Ис нæм ахуыргæнджытæ, ’ныхас кæнын сисынц,— Байхъус ахæм æнахуырмæ—бафтдзынæ дисыл: Дары авд усы, талынг, гуымиры бынтон, Нæу нывыл ныхас ракæнын уымæн йæ бон. Ахæм «зонынджын ахуыргæнджытæ» хъыгагæн Раст сæхи хуызæн скæнынц нæ кæсдæрты махæн. Дис цæмæн кæнæм кæсдæрты фехæлдыл, кæд Уыдон ахуыр фæкæнынц æнæгъдауыл, уæд? Зæрдæ уайтагъд ныккæрзы: нæ кæсдæртæм бакæс — Адæймагæн йæ хъуыдыты бацæуы сагъæс... Адæм, афон у, исты хос хъуамæ кæнæм: Иумæ ахæмтæн не ’хсæнæй «иуварс» зæгъæм!
ч^ть
Гульчехра СУЛЕЙМАНОВА Зындгонд таджикаг советон поэт Пай- рав Сулеймонийы чызг райгуырд 1928 азы Бухары горæты. Фылдæр фыссы сы- вæллæттæн. Иæ чингуыты хуыздæртæ сты «Абон бæрæгбон у», «Чылауийы дыууæ къалиуы», «Наргиз...». Кусы жур- нал «Садои шарк»-ы хайады сæргълæу- уæгæй. 110
МÆЗДЖЫТЫ МÆСЫГ ^^^НЬыныс мæзджыты тынг рагон ЯкуЧш мæсыг, ^^^ Лæууы рæсугъдæй арвы бын уырдыг, Фæлгæсы уый æнусты сæрты цардмæ,— 0, цас федта уый ивгъуыд азты хъыг! Фæцыди арвмæ — фидауцджын, бæрзонд, Цыма у хуры сау тынтæй нывгонд, Сызгъæрин донау скæсæйнаг мæйрухсы Вæййы æрдхæрæн сау диссаг йæ конд. ///
Уый федта хæст, тыхтонаты ызнæт, Уый федта дугты тыхст æмæ мæлæт... Бæргæ, бæргæ куы сдзуриккой йæ дуртæ, Цы нæ фæдзурид дард замантæй уæд! Ам уыд зындон мæгуыр лæгæн йæ зæхх, Цагъарты ссæстæй бар æмæ фыдæх, Йæ дурдæлбазыр туг æмæ цæссыгæй Мæлæт æппæрста хус мæрыл æртæх. Нæ зыдта уæд — рæсугъддæр бон уыдзæн Сæрибар тохы сахсæнтæ сæтдзæн Æмæ нæ бæстæм фарнхæссæг зæрватыкк Иæ систы уалдзæг ахстæттæ кæндзæн. Уыныс бæрзонд фыдæлтыккон мæсыг, 0, цас федта уый ивгъуыд азты хъыг! Ныр та йæ разы ног царды хуымгæнды Уыны æфсиртыл стъалыты цæссыг.
ГАФИЗ Уый зарыд, кæнæ, чи зоны, хъæрзыд, Уый зарыд, кæнæ хуым тыдта цæссыгтæй. Нæ сыгъд зæххыл, æд зарджытæ кæм цыд, Уым уалдзæг худт йæ цин æмæ йæ хъыгтæй. Уыдта æппæт æмæ зыдта дзæбæх Зæронды мæт æмæ æвзонджы катай, Кæй зæрдæ сæттынц уарзт æмæ фыдæх, Кæй зæрдæ у мæлæтдзаг цæф сæ фатæй. Уыд уарзты ’взаг нæ поэтæн йæ зард, Фæлæ хуымæтæг зарæгæн йæ зæлтæ Дæ зæрдæмæ куы хъуысиккой, уæд арт Ысуадзид ныр йæ ихты бын дæ зæрдæ. 8 Таджикты зарæг хъуысы пæ Иры 113
ХÆРДГÆХУЫДГÆНÆГ Ног хуызты скæныс ды арвы фæлгонц, Де ’ндæхтæ сдзурынц зæрдæ æмæ фидауцы ’взагыл, Алы нывæфтыды — цард æмæ фарны уæлмонц, Къухты бын мæй æмæ стъалытæ ссудзынц зæлдагыл. Хуртæ дæ цæстытæй хъæлдзæг кæсынп, Де ’внæлдæй дарийыл хуры хæрдгæ тынтæ хъазынц, Уыдон нын се ’рттывдæй ции æмæ амонд хæссынц, Худгæйæ хурсыгъд кæрдæгыл сæууон æртæх уадзынц. Зоныс, куыд рæсугъд у махæн нæ зæхх, Зоныс сызгъæрин æндæхты хъуыдытæ ыссарыи, Æрдзы фидауцæй чындздзонты фæлындыс дзæбæх — Ох-хай, дæ аив дæсныйад цæимæ ысбарон! Саудзыкку, сауцæст хæрдгæхуыдгæнæг, Аивад дзуры дæ куысты рæстдзинады ’взагæй. Кады зæрингуырд, цæй аргъ у сызгъæрин æцæг, Равдыстай адæмæн уый ды нывæфтыд зæлдагæй!
САБИ Амондджындæр нæй Лæгæй... Ус — зæнæджы рис æнкъарæг. Нæ, йæ хъæбулы уындæй Никуы бафсæддзæн ныййарæг! Стыхсæд истæмæй йæ фырт,— Мад фыдæбæттæ кæндзæни. Айрæздзæни тагъд йæ гуырд,— Мад æрыгондæр уыдзæни. Ирд сæуæхсиды тæмæн Уыдон уадултыл æрбадти. Ма уын уа зæххыл мæлæн, Мадымайрæм æмæ Саби!
БУР ДИДИНÆГ Ды рæсугъд дæ, мæ уалдзыгон бур дидинæг, Ды зынг уд дæ, мæ уалдзыгон бур дидинæг. Ды — æнæхъыгдард, æрдзы хæрдгæйæ фæлыст, Ды — сæууон фæлмæн комулæфт, цин дыл æртыхст. Бур цæмæн дæ, зæгъ-ма?.. Дæумæ чи хæссы фау? Æви баззадтæ иунæгæй абон мæнау? Ды тæмæн дæ, рæвдауæг, мæ бур дидинæг, Бур цæмæн дæ — нæу д’ аххос, мæ бур дидинæг. Курын, ацы фæндагыл фæхицæны уысм Мæнмæ, дисгæнгæ, ма ракæс, ма сив дæ хуыз. Ды — æнæдам, æнæлаз, æмбарыс мæ хъыг... Охх, фæлывд лæг ныууагъта мæ рустыл цæссыг. Ныр мæ зæрдæ кæуы, о мæ бур дидинæг, Мæн дæ узæлд хъæуы, о мæ бур дидинæг. Мæн дывыдоны арты ныппæрста фыдгул... Ныр æхсынын мæ былтæ, мæстджын дæн, сæркъул. 116
Æз нæ зыдтон: йæ дзырдтæ кæй уыдзысты мæнг, Æз нæ зыдтон: кæй сайдзæни рувасау мæн, Æз нæ зыдтон: сырх уардийы бæсты, мæ хур, Уый йæ риуы кæй бавæрдта сусæгæй дур. Уым, бæгуы, нæй дæ азым, мæ бур дидинæг. Æз цæф мæлхъау дзыназын, мæ бур дидинæг. Æз æвзонг чызгау уарзын, мæ бур дидинæг... Цæй, ныфсы гæнах разын, мæ бур дидинæг! 117
ИС АЛЦЫДÆР... Ис алцыдæр уыцы хæдзары бæркадæй, Уый аргъæутты галуантау дзаг у хæзнатæй. Æрмæст ма йæм бацу ды уыцы хæдзармæ — Зæгъдзынæ: лæууын æз мæгуыргуры дуармæ. Дæ зæрдæйыл бафтдзæн йæ бакастæй катай: Нæ райхъуысдзæн зарын, йе худын йæ уатæй, Йæ къæсæрыл уазæгау фарны бæлццонæй Нæ цыдысты цин æмæ амонд фæндонæй. Æдзæмæй æдзардхуыз йæ дзаумæттæ дарынц, Уæззау дуæрттæ уазæг дзыппы уæзæй барынц. Ам уазал зæрдæтæ сæ халасдзыд хилтæ Æмбæхсынц хæзна æмæ дари хæцъилты.
*^^>
Мирзо ТУРСУН-ЗАДЕ Райгуырди 1911 азы Гиссары районы Каратаджы хъæуы пълотничы хæдзары. Уый у Таджикистаны адæмон поэт, Со- циалистон Фæллойы Хъæбатыр, Ленинон премийы, Рудакийы æмæ Неруйы номыл премиты лаиреат. Советон Цæдисы Сæй- раг Советы депутат. Кусы Таджикиста- ны Фысджыты цæдисы правленийы сæр- дарæй, стæй Азийы æмæ Африкæйы бæстæты Сабырдзинадыл тохы Советон Цæдисы комитеты сæрдарæй. 120
МАВЗОЛЕЙМÆ ФÆНДАГ æ кадджын Сырх фæзы Мавзолейы рухсæй Ысвæййын цырддзастдæр, ысвæййын къæрцхъусдæр. Фæтæджы фæндагыл дæ царды хал агур... Фæбæллын: салдатау куы слæууин хъалагъур, Куыд фæуон йæ фарнæй мыггагмæ дæр хайджын, Куыд базонон раттын, куыд базонон райсын. Фæтæджы мысгæйæ, куы ’рц’æуид мæ фæндон— м 121
Дзержинскийау тохы куы суаин йæ фæдон. Ныр финнаг кусæгау хуымæтæг бæлæгъы Куы ленк кæнин йемæ сæ доны уæрæхы. Тæхуды, куы фестин æнусон цъæх нæзы, Кремлы дæлкъулы куы байдаин рæзын. Тæхуды, куы суаин йæ сахаты фатæг, Кремлы дæлкъулы — цъæх кæрдæджы сатæг. Цæхæрдзаст дидинæг куы басгуыхин майы, Мæ зæрдæмæ бацыд, мæ зæрдæ дзы райы, Уый ардæм дæ бæсты, уый ардæм мæ бæсты Гиссарæй лæварæн æрхаста мæ бæстаг. Æз дзыллæты уарзын, куыд хорз мæм фæкæсы Сæ гуылвæнтты уайын æрттиваг Сырх фæзы! Ам дардыл ныззылди æнусты бæрзонд хох, Йæ сæрвæлтау дугты кæндзыстæм нæртон тох. Фæтæгмæ фæцæуæм, мах йемæ куыд цæуæм, Цæлхдур нынкуыд нæуа, куыд нæуа къуырццæвæн. Бæлццонæн нæм хисдæр фæзæгъы «фæндараст», Мæ фæдыл дæр йемæ цæйбæрц адæм ракаст! Сæ уарзондзинадæн мæ зæрдæ у ахстон. Сæ уарзондзинад сын æз ардæм æрхастон. Кремлы гæнæхтæй хуыздæр зыны фидæн. Кремлы гæнæхтæ—уæлахизтæм сидæн.
ДЗУЛЫ МУРТÆ Хъарм дзулæн йæ муртæ уидзын — тынг æвгъау ысты! Сабийæ нырмæ дæр хъарм дзул тынг уарзын куысты. Æз хæххон уæтæрты бирæ бацымдтон æхсыр. Æз мæнæу кæрдынæн дардтон далачи-æхсырф. Быдыры нæ хортæ кодтой стыр таурæгъы зад. Ерысы мæнæн мæ фæстæ цас куыристæ зад! Уый тыххæй мæ къорд фыстыты фаг рæнхъытæ нæй. Уый тыххæй дзырд хъуамæ ссæуа зæрдæйы бынæй. Мусы найгæнгæйæ дардмæ мах ног зарæг цыд. Галты-иу куы ’рцафтон уисæй,— рæвдздæр уыд сæ цыд. Мæн хъуыди бæстондæр зонын дзыллæйы зæрдæ, Дзыллæ мын мæ цъус фæндыры бауагътой зæлтæ. 123
Æз уыдтæн æрæгвæззæджы тихалæг, æви Ныр мæнæн мæ къорд чиныджы искæйы ныв и?! Ис, æмæ æз уымæй бузныг хорз адæмæй дæн. Æй-джиди, куы сын ысбæззин хæсфидæг фыртæн! Уастæн мын цæрой æмзондæй, уастæн, уой æвыд Уыдонæй, цыма бабайæ, æз уынын рæвдыд. Горæтаг хæдзармæ уынгæй ацахсы мæ хъус: «Чи уæ аназдзæн сæумæйæ иу хъуымызы къус!» Иннæ лæг, йæ дыууæ тæсчъы лауаситæй дзаг, Афтæмæй нæ тæккæ дуармæ балæууы фыццаг. Дынджыр дзул куы райсай пецæй, уæд йæ адджын тæф, Ехх, куыд æхсызгон у махæн бон æмæ æхсæв! ’Фсир куы сцæттæ вæййы хуымты, уæд нæ куывды зæгъ: «Дунетыл зæронд нæ кæнынц адæм æмæ зæхх!» Дзул... Æз ын йæ муртæ уидзын... Тынг зынаргъ сæ хон! Уый мæгуирады нысан у, æви у закъон? 124
МÆХИИМÆ НЫХАС Поэт, зæгъ-ма мын, ды цы дæ сæрыстыр? Цы дæ æмбæлттæн се стыр цин, сæ рысты? Зæххы къорийæн ног кæныс йæ цард? Лæджы зæрдæйы искуы ссудзыс арт? Æви куысты дæ ахæм тых æссарæг, Æмæ тъæллангæй айхъуысти дæ зарæг? Æви цыдæр хин базыдта дæ сис, Æмæ фыссынæй нал зоны æфсис?.. Æви кæд искæй байдайыс фæзмынтæ,— Поэзийы нын дзæгъæлы фæзындтæ! Кæд нын ды стихтæй хъазджытæй нæ дæ, Уæд дæм куыд нæ ис базырджын фæндтæ? Дæ удцырынæй искæд-бон ыссыгъдтæ? Дæ дзырды хурæй мигъджын ком ыссыгъдæг? Æнæ цæхæрæй зонды бон цы у? Æнæ уарзты зынг сæфтмæ лæг цæуы! 125
ФЫСТЫ ДЗУГ ХОХЫ Хохбæсты цъæх нæуу кæм зайы миты тæккæ раз, Мигъы ’мбуар уым дзугтæ хъазынц, стахт сæ цурты хъуаз. Фысты дзугтæн та сæ хынцмæ уым кæпынц хъылдымтæ Мырты дзугтæ, сыфты дзугтæ,уаддзугты ныхас. Уыцы тъæпæн дзуг сымахмæ стæрдзаутау нæ кæсынц?. Уæдæ уыгæрдæнты астæу ’врæгътæ цас и, цас!.. Цас монц ис фыййауы сидты, арауы нæ рæгътæ, Талынгæй æрхæццæ рухсмæ уый кадæджы уаз... Фыстæ цæугæдонмæ уайынц, нуазынц æй зыдгæнгæ, Мин мин цæугæдонау систы, систы фурды йас... Сабийæ нырмæ кæй зонын, уыцы хæдзлæдзæгæй Фыййау ам ыскодта хотых, сырдты бацыд тас. Фыййау уæрыччы йæ къухæй, узæлгæ, куы ’рсæрфы. Уæд йæ арм куыд фæлмæн вæййы, ахæм саукуыст уарз!.. Дæу æмæ мæхи зæрдæйы баззади цæрæнбонты дæр Фыййау, суадоны, кæрдæджы зарджыты хъуытаз. 126
КЪАХХЪÆР Уый къæвдайы змæлд нæу — уый та къахъæр цæуы, Æмæ сонт-монты разгъордтон уынгмæ, Уынгмæ, туфлиты фæдтæ уынынмæ,— Уый у ме ’нцойхæссæг æмæ хурау цæуы. Горæт фестад цырагъ, æхсæв бонау ысси, Арв æм бирæ цæстытæй æркасти... Ныр нæ сыхæгтæм куывд æмæ хъазт и. Уым мæ зæрдæйы цæф, стæй йæ къаххъæр ысиу. У хæрзконд æмæ хорз. У рæвдауаг йæ худт. У йæ дзырд — цыма булæмаргъ зари. Къаххъæр хъусын, уый ме уæнгты хъары.— Уый æруайы Дзылаты рæсугъд. Нæй, нæй ахæм зæххыл. Æз йæ цæра кæнып. Æз мæгуыргур фæцæуын йæ уындмæ, Æмæ къаххъæрмæ разгъорын уынгмæ. Уæ мæ сæнтты бæлас, уадæн ма ком кæлын! 127
СЫЛГОЙМАГ УÆД ÆМÆ ЦÆРÆД! Фурды — карз уад, уылæнты фæдис,— Уый фæхонынц хурзæрины куыст. Хус быдыры къæвдайы фæд ис,— Уый дæр хонынц хурзæрины куыст. Дымгæ дардыл байдайы къуыззитт. Кæнæ уары стыр тъыфылтæй мит. Уалдзæг ихы гыбар-гыбур хъуыст,— Уый ысхуыдтой хурзæрины куыст. Рæстæг уайы... Боны ивы ’хсæв,— Хур та стулы уыдоны æхсæн: Стъалытæй кæм нал фæзыны арв, Арв уым рухсы аныгъуылы арф. Зæхх дæр зилы хуры алыварс, Хурæй кæнгæ — сæрд æмæ зымæг; Зæрдæтæм йæ тынтæй фаг æрлас, Уæд нæ уаид иу лæг дæр тызмæг. Уыгæрдæнтæ дидинджытæй хъулон Дарынц æмæ бæстæ сси хæрздæф. 128
Арвæрдын сæм:—Ме ’рттывдæй’уæ ’мбулон...— Уыдоны ми — рухс хуры æрмдзæф... Хур-иу нæ æгæр фæсудзы кæд, Мах уæддæр фæзæгъæм: «Хур кæсæд! Хурзæрин сылгоймаджы хуызæн Рагæй дæр уыдис æмæ уыдзæн!» Кæд сылгоймаг уарзы, уæд рæвдауы, Кæд нæ уарзы,— сар кæны дæ сæр: Байдайдзæн дыл тарæрфыгæй тауып Уæд йæ хур — йæ фыдæхы цæхæр. Куы йæ цæсгом аивæй æмбæрзы, Цыма у йæ кæлмæрзæн æврагъ, Худхæссæг хъуыддагæй кæд нæ бæззы. Гъе, уæд æй дзырдтæй кæыы гæрах... Куы лæгæн ныфсы мæсыг — йæ сойуаг, Куы тымыгъ — йæ цæстыты æнгас... Тас цæуæд нæ амоыды сылгоймаг! Хуры чызг æгас цæуæд, æгас! 9 Таджнкты зарæг хьуысы нæ Иры 129
МАД Æна, мæн раджы сидзæрæй ныууагътай. Нæ зонын æз, цы хуызæн уыдтæ ды. Дæ зынг куы хуыссыд, уæд цымæ цы загътай? Куыд ныууагътай дæ иунæг буц фырты? Æз дын дæ къахвæд агурын æрвылбон, Æхсæв куырм лæг куыд агуры фæндаг, Дæ ном дзурынæй æз кæнын æрыгоп, Дæ ном мын у мыггагмæ дæр æрдаг. Æмæ дæ сурæт базоныны охыл Дæ ингæны къæйдурты дæр фæрсьш. Зæронд устытæй ды нæма дæ рохы... Кæсын сæм æз, дæумæ цыма кæсыи. Сæ иу мын афтæ: «Мысын æз дæ мады,— Йæ цæсгом уыд хæрзфых дзулы æнгæс. Йæ роцъойыл та — сау ыстъæлф. Иæ рады Иæ гуыры конд, цыма сæрдыгон — хъæз». 130
Дзырдта мын иннæ: «Бон-изæрмæ иумæ Мах цалдæр хатты хъуццытæ дыгътам». Дзырдтой мын дæттæ: «Мах-иу æй нæ зиумæ Хуыдтам æмæ йæхи æхсадта ам». Дзырдта мын хох дæр: «Арæх-иу мæ къуылдым Зæхмондагæй къæпийæ къахта уый». Дзырдта мын бæмбæг: «Хаста мæ мæкъуылтæй, Æлвыста мæ, цьтма уыдис æлхуи...» Дзырдта мын ичъи: «Кæрдæджы йæ къæхты Цыргъ судзинау мæ сындз фыдæнæн уад». Дзырдта мын суадон: «Дурынимæ рæгътыл Æдзух мæнмæ уый донхæссынмæ уад». Дзырдтой мын мигътæ: «У цæхджын нæ цæссыг, Цæхджындæр уыд гъе уый судзаг цæссыг». Уæд арв нырттивы, ахæм уац æрхæссы: «Мæ ныннæрд ын уьтдис мæ цæфау хъыг». 131
Зæронд æгъдæутты дымгæйы ^къуыс-къуысмæ, Мæ ныййарæг, ды бумбули уыдтæ, Æнхъæлмæ кастæ амонды æххуысмæ, Æнхъæлмæ кастæ æмæ йæм цыдтæ. Дæ кæлмæрзæнæй рухс цæсгом æмбæхстай, Нæ дæ хауди нæ моллойы раз дзырд. Мæ зæрдæйы дын зарæджы ныхæстæй Ныссагътон æз æнæфехалгæ цырт. Нæ хæххон лæгтæ — ’хсаргæрдты хуызæттæ,— Нæ фыды зæхх, нæ Фыдыбæсты хæс, Цы фæткыл хæцынц адæмы хуыздæртæ, Гъе уыдоны дæ фæрцы уарзын æз. Кæдмæ дын цæрон, уалынмæ дæ ныхас Мæ фæндырæн дæуау уыдзæн пымад. Зæронд устытæ уæд фæрнджын, сæрæгас,— Сæ иуы та ысхондзынæи мæ мад. 132
ХÆХХОН ДОН Хæххон доны зарæг æруайы мæ хъустыл мæнæн, Иæ уылæнтæ цыма ыскæлынц мæ риумæ мæнæн, Цыма мын фыдуаг дон æмбары мæсагъæс, мæ рис, Мæ зæрдæйы къуымты æмбæхстæй, ныгæдæй цы ис. Уыдтæ ды, хæххон дон, дæхæдæг дæр раджы цæссыг, Цъæх айнæг куы скуыдта, æрхаудта уæд зæхмæ цæссыг, Æмæ кæд ызнæтæй ызгъорыс ды, хъал дон — хæххои, Уæддæр у мæ сагъæс, мæ фæндтау хæрз сыгъдæг дæ доп. 133
Мухиддин ФАРХАТ Райгуырд 1924 азы Ходженты районы Ходоюанайсаворы хъæуы зæхкусæг би- нонты хæдзары. Уыдис Фыдыбæсты Стыр хæсты. Йæ уацмыстæ мыхуыры цæуынц 30-æм азты кæронæй фæстæмæ. Ныффыста бирæ поэтикон чингуытæ. Таджикаг æвзагмæ ратæлмац кодта А. Пушкины роман «Евгений Онегин», уырыссаг классикты æмæ советон поэт- ты къорд уацмысы. 134
ÆРТÆ НÆЗЫЙЫ УШ| ДДртæ хойау æртæ нæзы бæласы г^шшШЬ Лæгъз фæндаджы цур уæлвæзæй Ш^ШШШь кæсыпц. ш ^^^^»Бæстыл, рæсугъддæр ницы ис сæ разы, Æвзыгъд салдæттау кады рад хæссыпц. Фыдыбæсты хъæбатыртæ æртæйæ Фæрсæй-фæрстæм уым ингæны хуыссынц. Æртæ ныфсджын, æртæ домбай зæрдæйæн Нæзы бæлæстæ хъахъхъæнынц сæ фын. 135
Сæрдыгон бон сæ хъахъхъæнынц зынг хурæй, Тызмæг мигъæй сæ бахизынц фæззæг. Ыслæууынц уады комкоммæ цæнддурæй, Нæ йæм уадзынц зымæджы хъызт хæстæг. Уæдæй нырмæ дзæвгар дон ауад царды, Уæддæр ма мады сау цæссыг тæлфы. Сæ ингæныл æрзад засмин, сырх уарди, Рæудымгæ сæ йæ хъарм къухæй сæрфы. Зынынц фæйнæрдæм стыр цыртæн йæ фæрстæ. Сæ уæлæ фыст: «Кад намысджын фырттæн!» Сты уыдон бархи адæмы ныхæстæ, Сты уыдон Хурьт, Стъалыты дзырдтæ. Нæ амонды, нæ уалдзæджы сæраппонд Фæндыд, салдæттæ, уеппæты хæцын. Æгæстæ уыл куы аудынц ныр абон, Нæзытæ уын ныр хъахъхъæнынц уæ фын. Бæлæстæн радта уыцы бар нæ Бæстæ, Æмæ кæнынц уæ намысыл ныхас. Фæйлаут, змæлут цырты цур бæлæстæ, Сымахмæ у нæ дун-дунейы каст! 136
УАЛДЗÆДЖЫ ЛÆВÆРТТÆ Уалдзæг зæхмæ минтæй Дидинджытæ ’ркалдта. Хъæлдзæгдзинад-цинтæ Адæймагæн радта. Уадæй фурд ызмæлы, Уылæнтæ — æврæгътау. Адæмыл æмбæлæм Иузæрдйон хæлæрттау. Мах нæхæдæг федтам: Зæрдæ домы уарзын. Хурæй конд букеттæ Не ’нгуылдзты ’хсæн хъазынц. Цинæн нæй æмбæхсæн, Маргъау уый ыстæхы. Зарджытæ уый мысы, Байтауы сæ зæххыл. Ацы ’хсидгæ дуджы Бирæ сты нæ хæрзтæ. Зарæг ис нæ туджы, Р1емæ ’рвитæм рæстæг. Быдыртæ, цъæх фæзтæ Гауызау æрттивынц.
Дидинджытæ бæстæм Ардыгæй æрвитынц. Уалдзæджы лæвæрттæ. Фарнимæ ызгъорынц. Гуырынц ам хæлæрттæ,— Иууылдæр æй зоныпц. Фидæнмæ æмвæндæй Араст ыстæм иумæ. Разæй ис бæрзæндтæ, Рухс кæсы нæ риумæ. 138
УÆД ЧИ ДÆН ÆЗ?.. Куы нал уон адæмимæ баст, Уæд чи дæн æз? Мæ хъару — саст. Кæнын нæ адæмæн æз аргъ, Нæ адæм мын — цырагъ. Цы уаид, цы, мæнæн мæ каст Æнæ адæмы цинтæ, уарзт. Нæ фæзты дæр куынæ цæры Æнæ зарджытæй маргъ. Мæ пъеройы фындзæй, хъæлæкк, Тæхы зæлланггæнгæ мæ рæнхъ. Мæ хъуыдытæ æдзух вæййынц Цæстысыгау сыгъдæг. Мæ адæм — дуджы фидауц, зонд, Мæ сæр дæуæй хæссын бæрзонд. Мæ алы дамгъæйæ дæр æз — Дæ амондыл хæцæг. Мæ пъеро, дугъонау кæн тагъд, Зæрдæйы тугæй дыл ныттагъд. Нæ фарны тырысайы бын Нæ райдзаст бæстыл зар. 139
Нæ бæстæйæн йæ хæрзтæ зон, Жæн æй дæ фæллойæ бæрзонд, Йæ зæрдæ йын æмбар. Куы нал уон адæмимæ баст, Уæд чи дæн æз, мæ хъару — саст. Мæ адæм, демæ, о, мæ цард Æнусмæ сиу мæнæн. Дæ хурджын бонтыл зары маргъ, Мæ къухы дын хæссын цырагъ. Фæнды мæ цæрæнбонты мæн Лæггад кæнын дæуæн. 140
’ф.
Марианна ФОФАНОВА Райгуырди 1921 азы Удмуртты АССР- йы Пудемы, кусæджы хæдзары. 1943 азы æрцарди Таджикистаны. Каст фæци Мæскуыйы Горькийы номыл Литерату- роы институт. Ие ’мдзæвгæты æмбырд- гæндтæ сты: «Бæрджытæ фæндагыл», «Хæххон хур», «Дуджы улæфт», «Дæ райгуырды фарн» æмæ æндæртæ. Уы- рыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта бирæ таджикаг фысджыты — классикты æмæ нырыккон поэтты уацмыстæ. 142
ÆРТХУТÆГ изæр тар æмæ уæззау, Мæныл æрынцади хæсау, Æз æй мæ уæхсчытыл хæссын, Æрхуымæй фæндагмæ кæсын: У фæидаг саудалынг, мылазон, Цыма у ссæст хъуыдыйы фаззон. Нæ зоны изæр, æз цы курын, Мæ бон кæй нæу æххуысмæ дзурын, Æртхутæджы хъæбысы Мæ зонды тых кæй сысы. № 143
Æртхутæг размæ цыд, бырста, Тымыгъау ^абухта. Æз та Уыдтæн йæ тæккæ тарфы. Æмæ мын загъта уый: «Кæддæр Уыдтæн æвзыгъд лæппу æз дæр, Фæлæ коицлагеры фæздæг Мæ уд фæхаста арвмæ; Кæд зыдта адæймаг — цы ’рцæудзæн, Нæ мын ингæн и, нæ — цыртдзæвæн: Лæджы фарн н’ ахады цæсты Æддæ, æцæгæлон бæсты...» Æртхутæг фæндагмæ ныккаст, Уыди йæ фæлгондзы — цъæхахст, Æрхæндæг уацайраджы тухæн, Æдзардæй сæфт уды хъуырдухæи. Сыгъта мæ уыцы ’ртхутæг артау, Къуыхтæ мæ кодта мæнæ кардау, Уыди æппæт дуне йæ хуызы — Цыма сæрсæфæнмæ фæхъуызы. Цыма сырхзыиг нæмгуыты ’хсндтмæ Дзыназы мады фæлгонц тары... Æмæ, фыцгæ тугау æхсидгæ, Мæ риуæй сирвæзти мæ зарæг. 144
ЗÆРОНД ÆХЦА Истори ныффысдзысты искæд — Нæма у биноныг, бæлвырд. Кушайнæгты хицау Хувишкæ «Æнусон бæстæйæ» фæзынд. Цыма нæм йæ зæрдæ æхсайы, Кæнæ та нæм аипп хæссы — Уый рагон æвзистын æхцайæ Æрхæндæгæй махмæ кæсы. Нæ бакуымдта рæстæгæн цудын, Рæвдауы йæ цыма рæуфын... Зæрингуырды къухты цæрддзу тых Зæрдæйау йæ мидæг тæлфы. Фыдгултæ рызтысты йæ койæ, Сæ ныхмæ-иу рацыд æргом. Сæнæй æмæ уарзтæй йæ дойны Уый уагъта. Нæрыди йæ ном.' Йæ адæм, йае. дæрддаг хъæстæйæн Æххæстгонд сæ бæллиц æрцыд: 10 Таджикты зарæг хъуысы нæ Иры 145
Уый сиу кодта цалдæр бæстæйы Йæ хъару, йæ зонды фæрцы. Фæлæ нын æрдзон тых нæ радта Нæ бæллицты аккаг фæрæз: Йæ бæстæ тæгæлтæ фæхаудта Æрæнцад ыл рæстæджы уæз. Иæ паддзахад сæнкъуыст бындзарæй, Иæ хуыздæртæ фесты сæргой. Æрмæст ма нæм рагбоны тарæй Æрыхъуысы абон сæ кой. 146
БЫГЪДÆГ Æз сатæг дон сисдзынæн цъайæ, Уадз, хуымтыл лæсæнтæ кæна. Мыййаг, кæд йæ уазал æртæхтæй Фæлидзид мæ зæрдæйы рисс. Кæд барггзид æвзар фырцинæй, Хи сивазид хуры тынмæ. Кæд зæххы æмыр риуæй арвмæ Фæдис-хъæрау фехъуысид зард. Хъуынтъыз æмæ ’рхæндæг обауæй Сындæггай ысхилид фæздæг. Йæ сæрмæ цæлхъ-базыртæй цæргæс Рæудымгæ кæрдæнтæ кæнид!
ТАДЖИКАГ ПИАЛÆ Уарзон цæстыты хъарм, Суадæтты сатæг — Уыдон йæ хуылфмæ Фæтагъдысты цадæг. Уый у тæмæнкалгæ — Йе дзаг уа, сур уа, Къухты та фидауы Уалдзыгон хурау. 'Рцахсдзæн сæ алы Чайханайы цæст, Мах пиалкæтæ Сты мæйы æнгæс. Ризы сæ сæрмæ Гæзæмæ фæздæг. Тавынц нæ хурау — Зымæг уа, фæззæг. Немæ хæлæрттау Хъæрмудæй цæрынц. Судзгæ зæрдæтау Нæ къухты тæлфынц.
*^ть
Мавджуда ХАКИМОВА Райгуырди 1932 азы Ленинабады службæгæнæг бинонты æхсæн, Ие у мдзæвгæтæ мыхуыры цæуын байдыд- той 50-æм азты кæронæй фæстæмæ. Фылдæр фыссы сывæллæттæн. Иæ хуыз- дæр уацмыстæ фæзындысты ахæм æм- бырдгæндтæй: «Курдиатджын сылгоймаг поэттæ», «Хурыскасты зарджытæ» æмæ æндæртæ. Кусы журнал «Машъал» («Арт») æмæ газет «Таджикистон пио- нери»-йы редакторæй. щ
МÆМАД ыргъдонау сахар уыд рæсугъд, Гранат тæмæнтæ калдта худт Иæ уынгты абон ног цыдтæн — Цыма чысыл саби уыдтæн... Мæ къухты — скъолайы хызын, Цыма дзы чингуытæ хæссын, Цыма мæ сæрбæттæн нырдæр Кæны мæ фæсонтыл пæр-пæр. Æмæ йæ къабазы уылæн Зыны æхсæрдзæны хуызæн. Хæссын мæ цæстæнгас дæрдтыл, я» 151
Æмæ æрбамбæлынц мæныл Мæ рагон хорз хæлæрттæ, кæс, Фæрсын хабæрттæй уыдон æз. Фæлæ уый циу? Бæласы дур Æрлæууыд адæймагау хур. Мæнырдæм фезмæлыд æваст, Æмæ мæм комкоммæ фæраст. Мæ ахуыргæнæг — уый, Мæ мад, Кæй зонд, кæй дзырдæи уарзын цард, Мæ риуы чи нывæрдта ныфс! Мæнæн уын акодта хъæбыс. Уый загъта: «Ме ’нхъæлцау, мæ чызг!» Æмæ æрызгъæлдта цæссыг. Иæ чызг æцæгæйдæр куы дæн,— Мæ фæндаг срухс кодта мæнæн. 152
ХÆЗНА Дыууæ дидинæджы — æмдзæринтæ, уарзон, æмгар. Зæрдæрисс, зæрдæныфс ныр мемæ куы скодтой хæлар. Ныууагътай мæ ды. О, æрцу мæм, бæрзондæй бынмæ Къæвдайы хæрдгæхал æруадзид кæд сау мигъы тар. Мæ дзыкку æрыхæлд, мæ хъуыдыты бардзау ныппырх, Ыстух æй, æрсæрф æй, дæ арм ыл, дæ къух ыл æрдар. Мæ зонд кæд фæдзæгъæл,— æз разындтæн уарзты къæйных, Æз — уалдзæг. О, уалдзæг та зымæджы асуры дард.
Мах зонæм, кæд уардимæ алкæй къух вазы йæхи, Æрмæстдæр æз — иуы, æз иунæджы къухы дæлбар. Æз уарзын, æз ахсын мæ былтæй хæзнайы æртах, Æрцу мæм! Хæзна дын куы фестдзынæн — зæххы лæвар! 154
У МÆ УАРЗТЫ ХАЙ ДЫ Æрцыдтæ та ногæй, дæ цæсгом ныттар. Цæмæн та мын хъавыс ды айсын мæ бар? Кæрæдзи æргъæвы нæ цæстыты каст, Æз курын: мæнырдæм ды ма у æмдзаст! О, ма кæс; дæ зæрдæ ныууагътай кæмдæр, Æмæ кæд дзæгъæл цыд æркодтай нырдæр! Нæ царды фæндæгтæн нæй баиугæнæн, Æндæр у мæ хъысмæт, мæ амонд мæнæн. Уадз, дард ран æз риссон, лæзæрон, тыхсон, Æз мысон, кæнæ та кæнон-иу фæсмон. Дуар бахойы дымгæ, йæ уынæр — æрхуым, Кæм фæсаджил фæндаг, мæ зæрдæ ис уым. Мæ сæрыстырдзинад мын аласта дон, Ныппырх мын æй кодта фæсвæдты бынтон. Ды, чи зоны, хур дæ, æз — митæхгæд рындз, Æртади мæ зæрдæ, мæ дæттæ тындзынц? 155
Æви мæм уый сиды нæ мæргъты хъæлæс, Цæмæй дыл мæ дзыкку æрбатухон æз. Фæлæ кæд дæ дзагъул—æртхъирæн, æвзыст, Дæ цæстыты касты ис зымæджы хъызт. Æвæццæгæн, искæй дзæнгæда-дзыхæй Кæд сирвæзти дам-дум нæ сæнтты тыххæй. Дзæгъæл дзырдтыл ма ’ууæнд, цæмæн у нæ маст? Æнæрхъуыды ма у, фест абон мæ уарзт! 156
УАЛДЗЫГОН ДИДИНДЖЫТÆ Хъоппæг, уарди ’мæ кæркусæг, Хуры тын — уæ цæст, уæ хъусты, Арвы цъæхимæ — уæ хъазт. Райы сабийау мæ зæрдæ, Тилут уддзæфмæ уæ сæртæ, Худгæ — дунемæ уæ каст. Хъоппæг, уарди ’мæ кæркусæг, Раргом кæнут, ра, уæ сусæг — Мацы бамбæхсут мæнæй! Дуртыл, хохы фæхстыл зайут, Адæмы уæхирдæм сайут,— Рохуаты уын уадзæн нæй! Уалдзæгæн ыстут йæ фаззон! Рахаста та уæ мæ уарзон Абон мидхохæй мæнæн. Ныр уæ уындæй зæрдæ райы, Сахъ лæппу мæ дæстыл уайы — Уымæй амондджын кæд дæн! 157
Ис фыдæбон уемæ бирæ — Зарæг, мæт, рæдыд, æртхъирæн, Стут æмбæхст цин, катай, маст! Хъоппæг, уарди ’мæ кæркусæг, Хуры тын — уæ цæст, уæ хъусты, У уæ буцдæр хъæбул уарзт!
"^^-
Лоик ШЕРАЛИЕВ Райгуырд 1941 азы Мазори Шарифы хъæуы Пенджикенты районы колхозон бинонты хæдзары. Иæ уацмыстæ мы- хуыры цæуынц 1962 азæй фæстæмæ. Ныффыста къорд чиныджы. Таджикаг æвзагмæ ратæлмац кодта С. Есенины «Персайнаг мотивтæ». Кусы журнал «Содои шарк>-ы редакцийы. 160
ХÆХТÆ сты æнусты зопдджын лæгтау хæхтæ, Нæ сæ фæрсыс — ныхъхъус вæййынц, ныхъхъус, Сæ бæрзондæй сæм кæд нæ зыны зæхх дæр, Уæддæр фыддуджы никуы федтой рухс. Кæд лæг фæхуды — хæхтæ дæр фæхудынц, Кæд лæг фæкæуы хæхтæн дæр — фыдох, Æнусты тынджы мæйтæ æмæ хурты Æмбæхст амæндтæ байсыныл—сæ тох. № 11 Таджнкты зарæг хъуысы нæ Иры 161
Æндонвæлыст арв адæммæ куы ’взиды: «Ныр хъуамæ ’рцæуат ме уæзæй æлхъывд»,— Ракеттæ фестынц урс хæхтæ сæ симды, Сæ цъуппыты ’рттывд — хотыхты æрттывд. Цыма сты хæхтæ стыр уæлдæфон наутæ, Фæлæ сын ленкæн Зæхх нæ дæтты бар, Уæддæр ын дзурынц: «Махæн ды хуыцаудæ, Фырттæ ’мæ мадау мах ыстæм хæлар...» Ныййарджытау, дам, хæхтæ сты æнкъардæй. Зынгхуыст хъæбулты ныййарджытау раст. Зынгхуыст хъæбултæ, чи нæ бафсæст цардæй, Хæхтæ сæхæдæг чи фестад æваст. Цыма сты хæхтæ заманты зын рады Ыстыр хъæбатыр, фидарæн æрвад, Æмæ цыртытау ног цæхæры уарды Æнæмæлæтæн уыдон кæнынц кад. Цыма сты хæхтæ ме ’мбæлццон æмбæлттæ. Мæ хорз фыдæлтæ, ме ’мполкъонтæ сты. Хæхтау — хъарагъул... Искуы йыл æмбæлтгæ, Уæд уый æз уыдтæн тохы ’мæ куысты. 162
ДЗУЛЫ ХЪЫСМÆТ Зæгъ-ма мын, ныййарæг, дзæбæхдæр, Кæм ысты дæ рæубазыр мæргътæ? Дæ уарзон хъæбултæ кæм ысты, Цы раны, цы бæсты, цы куысты? Бæллыдтæ дæ фыртты чындзхастмæ, Фæндыд дæ фæкафын сæ хъазты. Фæндыд дæ дæ чындзыты хъуыртыл Æрцауындзын хурæй фæрдгуытæ. Æндæр хуызы скарста хъысмæт, Нæ зæххыл æрæнцад фыдмæт. Фæдзырдта дæм феххуысмæ Бæстæ, Дыууæ фырты арвыстай хæстмæ. Ыссад сыл æркалдтай, цæмæй Сæ фæндаг уа ссадау сыгъдæг, Сæ фæндаг уа ссадау рæуæг, Куыд æрцæуой тагъддæр хъæмæ. Ды луаситæ акодтай се ’хсæн æмбис. Сæ алкæмæ дæр сæ æрдджытæ уыдис, Куы бахæра алчи йæ хайы æрдæг, Фæстæмæ сæхимæ ыздæхдзæн æцæг. Дæ фырттæ хæцынмæ фæцыдысты дард, 163
Къуыригæйттæй кастæ æнхъæлмæ, нæ мад. О, мады æнкъарддзинад, мады рæвдыд! Лæууы ма дæ зæрдыл, къæбæр нæм нæ уыд. Нæ луаситы æрдджытæм скодтам нæ каст. Мæ хъуыры къæрмæгау ныббадти мæ маст... Кæм ысты дæ фырттæ, куыд нæ дæм фыссынц? Æнусмæ кæцы рох фæндагыл хуыссынц? Мæн дæр та ысрæвдз кодтай, дард балцмæ, дард, О, ма тыхс, о, ма ку, мæ ныййарæг мад! Ныр дуне йæ фæлмæн хуыссæны хуыссы. Мыййаг, нæ куы кæной арт, дымгæ тæрсын... Рæстдзырдимæ чи кæны размæ æмдзу. Уый адæмы — хъæбул, уый алкæд лæг у! Мæнæн дæр мæ уарзон, мæ ныййарæг мад, Мæ уæхскыл æркалдтай ыссад. Цæмæй уа мæ фæндаг ыссацау сыгъдæг, Мæнæн дæр ды луасийæ радтай, æрдæг, Йæ дыккаг æмбис ын дæхицæн ныууагътай, Æмæ мын фæндараст кæнгæйæ ды загътай: «Нæхимæ дæ ногæй куы ’рхæсса дæ къах, Йæ иннæ æрдæг ын хæрдзыстæм уæд мах...» Цæуын æз, æрхæццæ мæнæн дæр мæ рад, О ма кæн æрхæндæг, мæ ныййарæг мад. Мæ дзулы хъысмæт мын нæ байсдзæни, ничи, Нæ дын фæкæндзынæн дæ цæсгом æз чъизи. Цы дзулы æрдæг мын æрдих кодтай абон, 164
Гъе уым ис ныййарæджы амонд. Æз дзулы ныййарæджы рыст уд уынын, Сæ кад дзы хæстон мард салдæттæн зыны. Мæнæн у гъе уыцы дзул Гимнау, мæ мад, Салдаты сырх тугæй йыл хæсты ныккалд. 165
ФÆСТАГ ЗАРÆГ Советон Цæдисы хъæбатыр Исмаил Хамзалиевы рухс ном мысынæн Царды стыр гуылфæнты уалдзæг Ивдзæн уалдзæджы æнæ мæн. Хæхтыл мæй уыдзæнис уадзæг Ног æрхуы фæлыст æнæ мæн. Зæххы хотыхдзæф хъæдгæмттæ Байгас уыдзысты æнæ мæн. Стæй мæхи цæфты дæр кæмттæ Байгас кæндзысты æнæ мæн. Тох цы фарныл цыди хæсты, Уый бæстыл цæудзæн æнæ мæн. Дзыллæты хуыздæрты хæрзты Фæтк мæ сидт хæсдзæн æнæ мæн. Рæсугъдтæ къæлæт æрфгуытæ Ахордзысты сау æнæ мæн. Чындзхасты нæ сæрæн гуырдтæ Зардзысты «Ер-ёр» æнæ мæн. Алцыдæр бæстыл — æнæ мæн, Мемæ ’рмæст — мæлæт, мæ хæстæ, Стæй мæ полкъ, мæ полкъ æнæ мæн Ницы бакодтаид хæсты.
Æз — таджик, Шерачы хъæбул, Знагæн фескъуынын йæ хъæстæ. Уæ мæ мад, ныббар, ныббар мын... Тынг зын у дæуæн æнæ мæн. Хъазты дын лæппуйы армы Уадыидз фестдзынæн æнæмæнг. Уый цагъдмæ зыпаргъ фæлтæртæ Рæвдзæй кафдзысты æнæ мæн. Æмæ сау дарын дæ зæрдæ Макуы бакомæд æнæ мæн. Ды мæнæн цæттæйæ дарыс Усгур дзауматæ æнæ мæн. Уæ мæ мад, мæ аив дарæс Ратт мæ кæсдæрæн æнæ мæн. Уæ кæсдæр, мæ уаз рæстытæ Ма уæд рох дæуæй æнæ мæн... Чи зоны, æгас бæстыл дæр Цард нæ уыдаид æнæ мæн. 167
АС АДÆМЫ БÆРÆГБОНЫ Дыууæ хатты дунемæ чи рантыст, кæд. Кæуыл цыд дыууæ хатты стдæс азы уæд? Мæ уарзон, ды ахæм бæласау нæ дæ, Дыууæ хатты чи дæтты афæдзмæ дыргъ. Дыууæ хатты чи кæны уалдзæг цæттæ, Цы дидинæг кæны дыууæ хатты сырх. Кæд зæххимæ иумæ кæнæм мах æмзылд, Кæд адæмæн цард у дæргъвæтин лæвæрд, Уæддæр нын ис иу уалдзæг, фæззæг, бæлвырд, Нæ зымæг дæр иу у, у иунæг нæ сæрд. Дæ сæрмæ кæд арвыл æрттиваг мæй ис, Кæд худы уый мидбылты, калы цæхæр. Дæ арммæ йæ арæхсгæ арвæй æрис. Æмæ йæ цырагъæн уæхимæ нывæр. Ды федтай, тæлтæг дымгæ, зилгæ æваст Куыд ыстылдта уардийæн уалдзæг йæ сæр Лæджы рæсугъддзинад у уый хуызæн, раст, Сыфтæрау æй дымгæ ныппары кæмдæр.
Уæд сау зæхх — ысзайдзæни уарди бæрзонд, Æнусон у уарзондзинадæн йæ тых. ...О, ахæм бæласау нæ фæци дæ конд, Цæмæй дæттай афæдз дыууæ хатты дыргъ. Дæуæн у хæрдгæ хуры тынтау дæ арм, Сымах ыстут фаззæттæ, иу у уæ тау. Фæкæс-ма, ныртæккæ нæ зæхх æмæ арв Æвзонг ысты абон мæ уарзон дæуау. 169
Мостон ШЕРАЛИЕВ Райгуырди 1935 азы Пенджикенты районы Зерн-Гиссары хъæуы зæхкусæ- джы хæдзары. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ ныммыхуыр кодта, студент ма куы уы- дис, уæд. Яæ поэтикон уацмысты чиныг хуыйны «Зеравшаны уылæнтæ». Кусы газет «Рухсад æмæ культурæ»-йы ре- дакцийы. 170
МАД ыдырон дарæс бауæззау, рыгæйдзаг. Фæцæуы мад, йæ фæндаг та — цъæх фæндаг. Йæ дзыкку, йе ’рфыг, цæстыхау куы баруад, Иæ цæстытыл фæбæрæг и йæ фæллад. Хъæр нал хъуысы нæ даргъ уæрæх быдыры... Таджикаг мад йæ хъуыдыты ныгъуылы. Йæ хъуыдытæ, нæмгуытау куы сты уыдон, Тæхынц, тæхынц уæрæх фæзты æрвылбон. Хæссы уылæнтæ бур мæнæу нæ фæзы. *г 171
О, уыййау Вахш йæ уылæнтæ фæхæссы. Уый боны рухсæй бахъæлдзæг и мад, Ныккасти Вахшмæ уарзонæй æнцад. Уый Вахшы ’ртæхтæ цæстытæй æрттивынц, Налхъуыт-налмасау цард хуыздæрмæ ивынц. Ысхъæлдзæг мад, ысси уæнгрог йæ фæзы, Уый халсарау æнтæф бон рæзы, рæзы. Иæ цæстыл уайы: доны тæккæ раз Мад садзы, садзы быдыры бæлас, Хæдзар амайы доны фарсмæ, Вахш та Гæвзыкк æрдзæн йæ дон, йæ рухс æрхаста. Æмбисонд—быдыр, калы зæхх тæмæн, Æфсæст у донæй, хъæлдзæг, райгонд — адæм. Сæнтурс бæмбæг та ис йæ цуры мадæн, У халсарæн йæ фидар зæнг фæтæн. Сæнтурс уылæнтæ, змæлы се ’хсæн мад, Уый дардмæ буцæй, хъæлдзæгæй фæлгæсы... йæ фæллой уымæн циндзинад куы хæссы, Куы уыны уый йæ диссаджы бæркад... Фæлæ нæ мад йæ хæдзарæй æваст Куы айхъуса ныхас, уæд маргъау раст Тæхдзæни уырдæм сабитæм йæ зæрдæ,— Зыны дунейау й’ ахстон уымæн уæртæ. Йæ саби уымæй рох кæд вæййы, кæд? Фæтæхы мад, фæкæны ууыл мæт! Ис уый хъуыддæгтæ, байдайы тыхсын, Фæхъæуы мады дзаумæттæ ныхсын. Хæринаг скæнын, судзы уый цырагъ.
Кæны ныййарæг рæзипæгтæм тагъд,— Фæхъус вæййы æвиппайды сæ загъд. Æппын йæ уæнгтæ нал вæййынц фæллад, Фæхуды, хъазы сабитимæ мад. Ды мады абар хуримæ дæр, цæй,— Нæй мады рухсау ацы зæххыл, нæй! 173
ЧИ У УЫЦЫ АМОНДДЖЫН?.. Нæ дæ ды иунæг, хорз æй зонын; Ис бирæ уарзæттæ дæуæн. Дæу уалæ дард мæйау куы хонын, Фæкалыс мах астæу тæмæн. Цæйбæрц и рухс дæуæн дæ касты?— Дæ уацар у нæ лæппу кæд? Дæ диссаджы дзыккуты басты Фæхæссыс бирæты хъысмæт. Куыд кæны булæмаргъ йæ ахстон Цъæх къалиуыл рæсугъд, уæрæх, Раст афтæ мах зæрдæты абон Ды скодтай ахстæттæ дзæбæх. Фæлæ дæ хæдзарæн йæ сæрмæ Цæргæс тæхы, цæргæс, нæ хур! — Фæкæсы сахъ лæппу æнхъæлмæ Дæуæн дæ къæсæры хæдцур. Æрмæст дæ уарзæттæ дзæгъæлы Фæуайынц дуары цурмæ, зон. 174
Маст цас, кæй зæрдæтæ фæхæры, Æмбарып, нæй сын, нæй, кæрон! О рухс хур, бавнæлд нын кæмæ нæй, Кæд вæййæм, кæд, дæуæй мах цух? Дæ цуры алæууæм сæрæнæй, Нæ мæйдзæсгом — нæ тыхст æдзух. Ды мæйау стъалыты сынтæджы Хуыссыс хъуыдыгæнгæ, нæ мæт. Тæхы дæм,— ма кæна æрæджы Пæ усгур, ма ссарæд мæлæт!
Аминджон ШУКУХИ Райгуырдис 1923 азы Ходженты рай- оны Румоны хъæуы мæгуыр зæхкусæ- джы бинонты æхсæн. Фылдæр фыссы лирикон уацмыстæ. Æмдзæвгæтæ мыхуыр кæнын райдыдта 1942 азæй фæстæ- мæ. Уагъд ын æрцыдис ахæм чингуытæ: «Суадоны зарæг», «Сабырады райгуы- рæн бæстæ», «Мах бонтæ», «Лирикæ», «Уарзæтты аллейæ» æмæ æндæртæ. У Рудакийы номыл премийы лауреат, Та- джикистаны Советон Социалистон Рес- публикæйы Сæйраг Советы депутат. Ку- сы Таджикистаны Министрты Советы цур Радиохъусынады æмæ телевиденийы комитеты сæрдарæй. 176
РАЙГУЫРÆН БÆСТÆЙÆН з цардæн йæ чиныг сындæггай . фæлдахын. Мæ зæрдæйы мидæг æппæтдæр у фыст. Æрцæут дзырдарæхст, уæлтæмæнад, тагъддæр, Кæд зарæг æрцæуид рæсугъддæр фæлыст! Историйы цаутæ æз чингуыты кастæн, Нæ заман, нæ азтæ уым калынц цæхæр. Ис бахынцæн, сбарæн хæлардзинад, уарзтæн,— Нæй сбарæн Фыдыбæсты уарзтæн уæддæр! м 12 Таджикты зараег хъуысы нае Иры 177
Фæндаггон æртытæ бæрзæндтыл ыссыгътам, Нæ бæллицтæ суадæттау — ирдзæст, рæсуг. Йæ къуымтæ мах сгарæм, бæрзонд арв, дæ тыгъдæн, Фæлтæртæн æрдхæрæн ысуыдзæн нæ дуг! Нæ хорджын быдыртæ, нæ дыргъзад бæлæстæ, Нæ хæзна къæдзæхтæ, нæ горæт, нæ хъæу... Мыды къус, быркуыдон — мæ гуырæн, мæ бæстæ,— Аккаг дзырдтæ ссарын мæ хъару куы нæу! Æппæт хæрзтæ скæнæг у адæймаг махмæ, Фæллой у нæ намыс, нæ ныййарæг мад! Цъæх денджызтæ сгарæм, æндон хох фæлдахæм, Нæ чысыл куыстæн дæр — æгæрон йæ кад! Мæ райгуырæн бæстæ, дæ хъæбулæн ма тæрс, Дæ къæбæрæй хордтон, дæ донæй нызтон. Æгъуыссæг æхсæвты дæуыл кодтон сагъæс, Æмæ дын мæ зæрдæйы зарæг фыстон! 178
МÆ УАРЗТ Мæ уарзт мæм нæу æртæхгæ цъиуау уазæг, Ыстыр горæты рох къуымау дæр нæу: Нæ йæ фæтæрсын кæндзæн уад дæр уалдзæг, Æдзух цæуы, нæ зоны уый быцæу. Мæ уарзты мæм æркодтой ахæм фæдтæ, Кæй йын ыссардта бархийæ мæ зæхх, Кæм æвзылдтон мæ маст, мæ фыдæбæттæ Миндалы цъæрттау... Уыд мæ зæрдæ цъæх. Æрцыд мæ уарзт, мæн бахсыста мæ рæстæг, Ныр бонтæ систы фидардæр, зындæр. Кæд уыд уæззау мæ уаргъ, кæд рыст йæ хæссæг, Æххуыс уыдтон æз ме ’мбæлттæй уæддæр. Цæр, цæр, мæ уарзт, æз хъуамæ дæу ыстауон, Ды хурау — рухс, тыхджын æмæ æндон. Хырыз, тæнтъихæг дидинæгæн аууон Ды макуы у, ды макуы у, мæ бон. Фыдæзнаг та куы судза ног нæ бынтæ, Хæстон артæй куы цæуа бæстæ марзт, 179
Уæд ыл ныккал, ныккал дæ рухсы тынтæ, Æппæт дуне дæр бахъахъхъæн, мæ уарзт! Мæлгъæвзагæн йæ ихсыд ныхас ма у, Æрыгон дæ, ды ницæмæй дæ цух. Тæх, дуне-дуне ды бамбар, уый егъау у, Ды зæххы дæр æдзух дæ къухты дар! 1*0
ФЫССЫ... Ныхæстæй хъомысджын нæй цъус, Лæг сæ зæрдæрухсæй фæфыссы, Æхсæв уый йе стъолы уæлхъус Æгъуыссæгæй дзæвгар фæфыссы. Сæ зынæвзарæн фыст æдзух Сыгъдæг гæххæттыл зулмæ ’рхуыссы. Цыма фæкæны зæрдæ дугъ,— Иæхи судзгæ сæ тагъд фæфыссы. Куы ’рбацъæх вæййы бон, уæд нын Æртæхæйдзаг фæлмæн кæрдæджы Цъæх кæттагыл йæ рухсы тын Зыр-зыргæнгæ цыдæр фæфыссы. Фæкæны уыдонмæ хæлæг, Йæ рæстæг чи нæ сафы уæгъды. Шукухи та иæу, нæу зыд лæг; Уый стæм хатт уацмыстæ фæфыссы. Нæ хæс, нæ æхсызгон фæндон — Ыссарын иугай дзырдтæ ’рмæстдæр. Нывау сæ алчи дæр бæстон Фæаразы æмæ фæфыссы. 181
ÆМБЫРДТÆ ÆМÆ СÆНÆФСИРЫ ТАЛАТÆ Мах йæ сæнæфсир цас хуыздæр бахсæдæм, уыйас Дзаг уыдзысты нæ быркуытæ фæззæджы, дзаг. Цæй, фæцыбырдæр кæнæм æгъдауыл нæ ныхас, Кæд фæнды мах æртонын сæнæфсиртæ фаг. Хæлаф — нарæг, сылгоймаджы къаба — цыбырдæр, Не ’бырдтæ та ныр дæр ма сты ’нуд æмæ даргъ. Суанг сæумæцъæхæй райдайæм дзурын, æппындæр Мах нæ рæстæгæн нал кæнæм/ нал кæнæм аргъ. Цæй, фæцыбырдæр кæнæм æнæпайда дзырдтæ: Хъуамæ райса хъæздыг бæркад махæй фылдæр, Къаддæр чи дзырдта æмбырдты, чи куыста цырддæр, Чи лыг кодта сæнæфсиры тала хуыздæр! 182
ФÆЛÆУУ ЧЫСЫЛ О, фæлæуу чысыл, мæ къона, нæй фæхицæн уæвæн махæн — Сау дзыккутæ ставд рæхыстæй уацарау ысбастой мæн. Хъуаз, хæххон хъуазы цæстытæй ды мæнмæ сæрхызт каст ма кæн, Ды нæ зоныс, нæ, кæй судзы арт мæ зæрдæйы мæнæн. Æз дæ хæдзарыл дæу абон хорзæй сæмбæлын кæндзынæн. Зон, куы раздæхон фæстæмæ, уæд мæ балц уыдзæн æнкъард. Балæвар мын кæн хæрзбонæн иу каст, бузныг дæ уыдзынæн. Иуцъус ма фæлæуу, куы уыныс, у ма боны цъæхтæм дард. Хъуамæ ацы ’хсæв æргомæй æз зæгъон мæ фæнд, мæ ныхас, Зарджытæ дын æз куы зарын,— ма у зарджытæм къуырма. 183
Расыг мæн кæны дæ бахудт, о, куыд дын быхсыи, куыд уыйас! Иуцъус ма фæлæуу, куы уыныс, дымгæ не ’рсабыр нырма. Алыхатт, мæ хур, дæ фæдыл, цыма хъузон бæх æд сау барц. Зилдух байдайы мæ хъуыды, хатгай фесты маргъ дæр, маргъ. Ды мæнæй цæмæн фæлидзыс, уый бæсты мæ бамбар, бауарз, Иуцъус ма фæлæуу, куы ма у æхсæв дæр фыддаргъ, фыддаргъ!
-<^^
ЧИНЫДЖЫ ИС: Æнусты зарджытæ. Раздзырд. М. Каноатов, М. Левин . 5 Файзулло Ансори Денджызы’ былгæрон. Цæрукъаты А. тæлмац 15 Хæххон дон. Цæрукъаты А. тæлмац 17 Зæлдаг дари æркæн дæ уæлæ. Цæрукъаты А тæлмац . . 19 Фæндагыл. Цæрукъаты А. тæлмац 21 Æмбырд кодтон дидинджытæ æз. Цæрукъаты А. тæлмац * 22 Абдумалик Бахори Хæлардзинад. Балаты Т. тæлмац 25 Шемахаг сæн. Балаты Т. тæлмац 27 Рæхджы та фембæлдзыстæм! Ходы К- тæлмац . . 29 186
Мумин Каноатов Гули Бодом. Джыккайты Ш. тæлмац 33 Æхсæрдзæн. Хъайтыхъты Г. тæлмац 39 Абдуджабвар Каххори Бæлæстæ. Дзасохты М. тæлмац 43 Мидбылты худт. Дзасохты М. тæлмац . ... 45 Мигъы къуымбил. Цырыхаты М. тæлмац . . . . 47 Кабул. Дзасохты М. тæлмац .49 Стъалытæ æмæ цæсгомæмбæрзæн. Дзасохты М. тæлмац ’ . 51 Кутпби Киром Мæ фыццаг стих. Цæгæраты Г. тæлмац . . . 55 Дзулы тæф. Хъайтыхъты Г. тæлмац 57 Зынг. Хъайтыхъты Г. тæлмац ... 59 Тюбетейкæ. Хъайтыхъты Г. тæлмац 60 Уалдзыгон цаутæ. Хъайтыхъты Г. æмæ Цæгæраты Г. тæлмац 62 Гафар Мирзоев Уыд рухсы цъыртт... Малиты В. тæлмац ... 65 Восейы фарн. Малиты В. тæлмац .... 68 Мирсаид Миршакар Ды бауагътай æдзард дуиейы уд. Цырыхаты М. тæлмац . 75 Поэты балц. Ходы К. тæлмац 77 Ды цæрыс... Тыджыты Ю. тæлмац 81 Æнæнцой зæрдæ. Цырыхаты М. тæлмац ... 82 Цыбыр фыстытæ: Дæу рæвдаугæйæ æрдз хæрз рæдау уыд. ХоЪы К. тæлмац 83 Дæ цæстæнгасы агурын хатыр. Ходы К. тæлмац . . — Дидинæг. Ходы К. тæлмац — 187
Дæ фæндагмæ скодтон æз мæ каст. Ходы К. тæлмац ^ . 84 Ныфс сомбонмæ. Ходы К. тæлмац — Цард æмæ фæндон. Ходы К. тæлмац .... — Царды нысап Ходы К тæлмац .... — Афтæ п ал у. Ходы К. тæлмац 85 Уадз æй. Ходы К. тæ.шац .... . — Ныллæууыд уалдзæг. Ходы К. тæлмац ... — Фæндæгтыл (Циклæй). Ходы К. тæлмац . . 86 Убайд Раджаб Мæ æнус. Цырыхаты М. тæлмац .... .89 Н. М. Пржевальскийы мысынæн (Цикл «Тянынайнаг пёйзаж- тæй»). Малиты В. тæлмац 9Т Хæххон дидинджытæ. Цырыхаты М. тæлмац 9& Нарцисс. Цырыхаты М. тæлмац 9Т Боки Рахим-заде Мæ уалдзæг. Плиты Г. тæлмац 10Г Иучысыл асагъæс. Плиты Г. тæлмац 106> Гульнехра Сулейманова Мæзджыты мæсыг. Джыккайты Ш. тæлмац . . . ///' Гафиз. Джыккайты Ш. тæлмац 113 Хæрдгæхуыдгæнæг. Джыккайты Ш. тæлмац . . .114 Саби. Тыджыты Ю. тæлмац 115 Бур дидинæг. Тыджыты Ю. тæлмац 116 Ис алцыдæр... Джыккайты Ш. тæлмац . . . .118 Мирэо Турсун-заде Мавэолеймæ фæндаг. Мыртазты Б. тæлмац . /// Дзулы муртæ. Мыртазты Б. тæлмац 123? 188
Мæхиимæ ныхас. Мыртазты Б. тæлмац .... 125 Фысты дзуг хохы. Мыртазты Б. тæлмац .... 126 Къаххъæр. Мыртазты Б. тæлмац 127 Сылгоймаг уæд æмæ цæрæд. Мыртазты Б. тæлмац . 128 Мад. Мыртазты Б. тæлмац 130 Хæххон дон. Дарчиты Д. тæлмац . . ... . 133 Мухиддин Фархатп Æртæ нæзыйы. Цæгæраты Г. тæлмац .... 135 Уалдзæджы лæвæрттæ. Цæгæраты Г. тæлмац . 137 Уæд чи дæн æз?.. Цæгæраты Г. тæлмац .... 139 Марианна Фофанова Æртхутæг. Ходы К. тæлмац 143 Зæронд æхца. Ходы К. тæлмац 145 Быгъдæг. Ходы К- тæлмац 147 Таджикаг пиалæ. Ходы К. тæлмац ’ 148 Мавджуда Хакимова Мæ мад. Цæрукъаты А. тæлмац 151 Хæзна. Цæрукъаты А. тæлмац 153 У мæ уарзты хай ды. Цæрукъаты А. тæлмац . . . 155 Уалдзыгон дидинджытæ. Цæрукъаты А. тæлмац . . 157 Лоик Шералиев Хæхтæ. Мыртазты Б. тæлмац 161 Дзулы хъысмæт. Цæгæраты Г. тæлмац .... 163 Фæстаг зарæг. Мыртазты Б. тæлмац 166 Ас адæмы бæрæгбоны. Цæгæраты Г. тæлмац .... 168 189
Мостон Шералиел Мад. Хъайтыхъты Г. тæлмац , 171 Чи у уыцы амондджын? Хъайтыхъты Г. тæлмац . . . 174 Аминджон Шукухи Райгуырæн бæстæйæн. Цæрукъаты А. тæлмац . . . 177 Мæ уарзт. Балаты Т. тæлмац 179 Фыссы... Балаты Т. тæлмац 181 Æмбырдтæ æмæ сæнæфсиры талатæ. Балаты Т. тæлмац . 182 Фæлæуу чысыл.. Балаты Т. тæлмац • 183 190
^^^У
ПЕСНЬ ТАДЖИКОВ ЗВУЧИТ В ОСЕТИИ 11 Редактор Б. А. Муртазов Художник Т. А. Говаркова Художественный редактор X. Т. С а б а н о в Технический редактор С. X. Г у т и е в а Корректоры Е. У. Д а т р и е в а, М. Г. Гадзалова Наборщик Н. П. К и д и н а Печатник Р. В. А б а е в 11 Сдано в набор 5/Х1-69 г. Подписано к псчати 28/1-70 г. Формат бумаги 70x108 1/зз. Печ. л. б. Усл.-п. л. 8,4. Учетно-изд. листов 3,81. За- каз № 2600. Тираж 1000. Изд. № 87. ЕИ 00107. Цена 45 к. Книжное издательство Управления по печати при Совете Миннстров СО АССР, г. Орд- жоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная тнпогра- фия Управления по печати прн Совете Минист- ров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.