Текст
                    ЧИНЫГУАДЗÆН „ИР"
0РДЖ0НИКИДЗЕ
19 6 8


МÆХÆМÆТТЫ АХУЫРБЕГ Документалон повесть
Магометов Ахурбек ЛЮДИ, К ВАМ ОБРАЩАЕТСЯ СЫН Документальная повесть на осетинском языке Издательство „Ир* Орджоникидзе * 19^3 Редактор Г. X. Б и ц о е в Художннк А. П е т р о в Художественный редактор X. Т. Сабанов Технический редактор С. X. Г у т п е в а Корректоры М. Б. Савкуева, Т. А. Кайтукова Наборщик В. А. К у ц у р и Печатник Р. В. А б а е в Сдано в набор ЗО-УИ-1968 г. Подписано к псчати 2-Х-1968 г. Формат бума- ги ТОхКШ^/зг- Усл.-п. л. 1,750. Учетно-изд. дистов 1,36. Тираж 1000. Заказ М 1294. Изд. № 67. Цена 4 коп. Книжное издательство Управления по печати при Сове- те Министров СО АССР,-г. Орджоникидзе, ул. Димитрова 2. Книжная типогра- фия Управления по печати при, Совете Министров СОАССР, г. Орджоцикидзе, ул. Тельмана, 16,
æуы бæрæг астæу скъолайы райдзаст агъуыст. Фыццаг хатт дзы уыдис, дæс къласы каст чи фæци, уыдоны æмбырд. Изæрæй хурныгуылды фæстæ скъолайы уæрæх кæрт байдзаг фæсивæдæй. Æрцыдысты дзырддзæугæ хистæртæ, ахуыргæнджытæ, колхозонтæ... Фыццаг арфæйы ныхас дæсæмкъласонтæн загъта 7
директор. Уый фæстæ дзырдтой районы ахуыры хайа- ды сæргълæууæг, хъæусоветы сæрдар, колхозонтæй чидæртæ... Лæппутæ æмæ чызджытæн радтой цæттæдзинады аттестаттæ. Адæм ныссабыр сты. Директор сыстад æмæ бафарста: — Фæсивæд, исчи уæ исты зæгъдзæни? Лæппутæ æмæ-иу чизджытæ сæ кæрæдзимæ бакас- тысты ома: ды радзур, ды исты зæгъ. Уымæй уæлдай базмæлынхъус куы ничи баци, уæд Дзотты Лазыр æфсæрмхуызæй сдардта йæ къух. Адæмы ’хсæнты цалынмæ размæ, сырх хъуымацæй æмбæрзт стъолы цурмæ бацыди, уæдмæ йæ сæр уæлæмæ нал систа. Иæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт. Стъолы цур куы ’рлæууыд, уæд йæ сæрыл схæцыди, афтæмæй райдыд- та дзурын: — Абон ацы адæмæй цыппар æмæ ссæдз уæлдай амондджындæр сты... Мах каст фестæм астæуыккаг скъола. Ныр æрлæудзыстæм дарддæр ахуыры фæн- дагыл. Цæуæм алы институттæм. Мæхи тыххæй куы зæгъон, уæд мæ уынаффæ ахæм у: бацæуынмæ хъа- вын педагогон институтмæ историон факультетмæ. Ахуыргæнæджы куыст бирæ уарзын... Лазыр ма йе ’мбалы фарсмæ куы бадти, директор- мæ куы хъуыста, уæд æм бирæ дзуринæгтæ уыдис, фæлæ дзы ныр æрбайрох сты. Исдуг фæхъус ис, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: 1—Ацы амондджын бон æз ме ’мбæлтты номæй зæрдæбынæй арфæ кæнын нæ ахуыргæнджытæн. Уы- дон нын бацамыдтой, цард цы у, уый. Дзырд дæттæм, зын сахат нæм арæхстдзинад, хъару кæй разындзæн 8
æмæ мах тыххæй нæ хистæртæм уайдзæф кæй никуы æрхаудзæн, ууыл. Базырджын бæллицтæ сæ уæлныхты систой Лазы- ры. Зæрдæ æнахуыр рæсугъд æнкъарæнтæй байдзаг. Фæуыдзæни каст институт. Æрыздæхдзæни кусынмæ йæ райгуырæн хъæумæ. Рæзгæ фæлтæрæн амондзæни зонд. Дæс азы кæдæм фæцыд, уыцы скъолайы йæ ахуыргæнджытимæ иумæ кусдзæни. Лазыр радта фæлварæнтæ педагогон институтмæ. Райстой _йæ историон - факульт’етмæ. Дыууæ азмæ фæстæмæ æрцыдис йæ райгуырæн хъæу Дур-Дурмæ æмæ райдыдта ахуыргæнæгæй кусын. Æрыгон ахуыргæнæг Дзотты Алæджы фырт Лазы- рыл. хистæр’ахуыргæнджытæ ’æнувыд" уыдысты. Сæ хъус æм дардтой. Йæ фыццаг уроктæй сæ зæрдæ ба- рухс: скъоладзаутæн арф зонындзинæдтæ лæвæрдта. "Скъолайы-’фæскомцæдисонтæ ’Лазыры алыварс æр- бамбырд сты. Кæдфæнды сæм-иу фæсидтис — йæ фæстæ-иу ныххæррæтт ластой. Æрмæстдæр иу аз бакуыста Дзотты-фырт Дур-Ду- ры’астæуыккаг скъолайы. 1941 азы уалдзæджы- кæрон фæскомцæдисы Центрон Комитеты сидтмæ гæсгæ ацыд Коми АССР-мæ. Цæгатаг æрдзы нывтæм кæсынæй нал æфсæст Ла- зыр, æрцыди-иу цæугæдон Печерæйы был.мæ, хъуыды- тыл-иу бафтыди. Ныфсдæттæг хъуыдытыл. Йæ зæрдæ- иу ахсайдта йæ фидæнмæ. Йе уæнджы-иу рахатыдта цыдæр сусæг хъарутæ. Æмбæрста: лæджы бынаты лæууы, рæстæг дзы’ домы лæгдзинад. Лæгдзинад-тэ куысты куыд равдисай, афтæ никуы. Лазыр йæ хъарутыл нæ ауæрста. Бон хъæдкал- джытнмæкуыстя. С»ригадир сын уыди. Фæскуыст та: 9
иу изæрон скъоламæ æрцыди: ахуыры хайады хицау æй скодтой. Иу аз аивгъуыдта. Йæхи цæттæ кодта Лазыр ног ахуыры азмæ, фæлæ... 2 Усть-Усинскы зылды æфсæддон комиссариат. А æм ардæм ивылдысты. Ардыгæй комкоммæ æрвыс- той фронтмæ. Мадæлтæ, хотæ, зæрæдтæ, сабитæ фæн- дараст кодтой бæлццæтты. Æфсæддон комиссары ка- бинетмæ цыдысты æмæ цыдысты. Лазыр сфæлмæцы- ди æнхъæлмæ кæсынæй. Иуахæмы йæхи фæразæй кодта. Дуар æфсоны хост бакодта æмæ фæми- дæг. Æфсæддон комиссар æм йæ къух бадаргъ кодта: — Дæ пъавескæ! — Нæй мæм. — Уæдæ цавæр хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæ? — Хæстмæ ацæуын мæ фæнды! — Бархийæ? — Æнæмæнг афтæ, æмбал æфсæддон комиссар! — Дæ мыггаг, ном æмæ фыды ном? — Дзотты Алæджы фырт Лазыр. Райгуыдтæн мин фарастсæдæ дыууынæм азы Цæгат Ирыстоны Дыгу- ры районы Дур-Дурыхъæуы... ’Комиссар йæ дыууæ къухы йæ фæллад сæрмæ сбыцæу кæнгæйæ, чысыл абадти, стæй хъæрæй загъта: — Джигит! Курдиат ныффыс. Бархионты фыццаг къордимæ дæ арвитдзыстæм... — Бузныг, — сдзырдта ма Лазыр æмæ феддæдуар. 10
Поезд тындзыдта, фæдисæй ласта бархионты. Æрыгон ~лæппуты_ дæсгæмттæ уыдысты _ æнтъыснæг. "Сыбыртт Гæникæ’мæй’хъуыстй. Уæззау маст, æгæрон сагъæс сæ кардæрхуыз кодта. Вагоны рдазгдатæи æддæдеæ, кастысты. ..Райгуырæн’’’б’æстæйы æгæрон бы- дыртæ фæсте задысты. Æрæджы^æр. ма сшГ^адæм’ æдаёрсгæ "уадысты. Арæзтбй’ заводтæ, рухс. хæдзæрт1' тæ... Фæлдæхтой бæркадджын хуымтæ. Саби йæ къухтæ ивæзта дидинæг æфтауæг бæласы къалиумæ. Æмæ ныр... фыд^^æрйахаста„з>хнгл^мæлæт... КоШг^шæ^хæстæг сæ вагонмæ^ æр’бахызтысты дыууæ ^фице^ьГ" "БархТГо’нтæй"" дæс" къласьГ^’каст^ чи фæцйс," уыдоныл сарæзтой номхыгъд. Вагзалы сæ рæнхъ æрлæууын кодтой. Номхыгъд хъæрæй ба- кастысты. — Кæй мыггæгтæ зæгъæм, уыдон хибармæ ра- цæуæнт, иннæтæ сæ бынæттæ бацахсæнт поезды! — бардзырд радта афицер. Поезд ацыдис дарддæр. Лæппутæ вагзалы баззадысты. Сæ цурмæ æрбацыд капитан. —^Сымах æрвыст цæут æфсæддон скъоламæ. Цып- пар сахаты фæстæ поезд æрбацæудзæн æмæ уым сбаддзыстæм, — бамбарын сын кодта капитан. Лазыр джихæй аззад. Уый æнхъæл уыдис уыцы иу цыдæй йæ хæсты быдырмæ аласдзысты. Скъолайы цас ныффæстиат уыдзысты, чи йын цы зоны. Знаг зынг æфтаудзæн сабыр цæрджыты хæдзæрттыл, сабиты йæ къæхты бын ссæнддзæн, уый та скъолайы ныф- фæстиат уыдзæн... Лазыр бахудæнбыл æмæ капи- танмæ сдзырдта: — Æмбал капитан, кæдæмбæлы, уæд мæн хæст- мæ арвитут... Мах хуызæн æнæниз, хъаруджын лæп- 11
путæн... Хæстмæ мæ фæнды, æмбал капитан, æмæ мæ арвитут... — Хъуыддаг цæй мидæг ис, Дзоты-фырт... Сырх Æфсады командиртæ тынг æхсызгон хъæуы,—загъта капитан. — Дæсны, арæхстджын командиртæ... Сал- дæтты разæй чи ацæуа... Хæстон иаукæ хъуамæ базо- нат... Лæппутæ, рæстæг ма уын ис. Писмотæ ныф- фыссут уæ хæдзæрттæм, уæ уарзæттæм. Зæрдæтæ та сын авæрут... 3 Лазыр йæ фыццаг писмо сæрвыста Лепельскæй, фистæг æфсады скъолайæ. Зæронд Алæг постхæссæ- джы къухæй скъæфæгау акодта фыстæг æмæ атын- дзыдта сæ сыхæгтæм. — Чызг, дæ рынтæ бахæрон, бакæс-ма... — æп- пæлæгау адзырдта Алæг. — Цы фыссы мæ лæппу? Чызг фыстæг касти хъæрæй. Алæг æм рухсдзæстæй хъуыста. Цин кодта: æрæджы дæр ма сывæллоныл кæй нымадта, йæ уыцы фырт афицерты скъоламæ бацыд! Фæлæ та-иу йæ зæрдæ срысти: йæхи бахъахъ- хъæнын куынæ базона. Æгæр сæртæг у нырТиа, æгæр тæвдтуг у... Нæ, нæ, æгады ми йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн. Уый тыххæй йæм йæ зæрдæ не ’хсайдта. Хæсты быды- рæй тынгдæр та арæхстдзинад кæм хъæуы, уæззау зонд, уынаг цæст. Истытæ йын бафæдзæхсын хъæуы. Чызг райста гæххæтт æмæ кърапдас. Алæг ын дзырдта: «Лæппу, дæ зæрдыл дар- тæппуд æмæ гадзраха- тæйцæуæг дыууæ хатты мæлы, йæ худинаг йæ фæстæ 12
уæлæуыл баззайы. Уырны мæ, сарæхсздынæ. Дæ хнс- тæр æфсымæр Муртуз не ’фсады афицер кæй у, уый дæ рох макуы уæд. Дæ хо Винерæ — ахуыргæнæг. Дæ худинаг уыдоны худинаг дæр у. Æз мæ зæрдæ дарын...» о о о Æфсæддон^ скърлайы„—,хæрз __æрыгон_ фæсивæд. Цалдæр къуырймæ базыдтой Дзотты Лазыры. Ахуы- ры уыдис фæзминаг. Иста æрмæстдæр хорз æмæ ит- тæг хорз бæрæггæнæнтæ. Турникыл ахъазынæй, уæзæгтæ исынæй, гранат фехсынæй никуы никæй ауагъта йæ разæй. Курсы фæскомцæдисонтæ йæ равзæрстой сæхицæн секретарæй. Иу бон та. курсанттæ бакастысты скъолайы хицауы бардзырд: «Курсант Дзотты Алæджы фырт Лазыр 28-æм ию- лы равдыста æцæг советон адæймаджы миниуæг. Уый æрцахста, Советон Цæдисмæ чи ’рбаирвæзт, ахæм фыдгæнæджы. Йæхи удæн тæссаг уæвгæйæ, тох кодта, цалынмæ йыл фæуæлахиз, уæдмæ. Уыцы сгуыхтдзи- над сбæрæг кæныны тыххæй бардзырд дæттын: 1. Курсант Дзотты Алæджы фырт Лазырæн æм- гъуыдæй раздæр лæвæрд æрцæуæд хистæр сержанты ном, Кады гæххæтт ын ратгæйæ; 2. Дзоты-фырты къам ист æрцæуæд скъолайы Сырх Тырысайы раз; 3. Дзоты-фыртæн лæвæрд æрцæуæд дæс боны фæллад суадзынæн, сæхимæ ацæуыны бар ын рат- гæйæ». Иуæй-иутæм диссаг фæкаст, Лазыр афтæ тагъд хъæуы кæй æрбалæууыд, уый. Алы ныхæстæ кодтой. 13
Кæйдæр æвзаг ма ахæм тауыс дæр ауагъта: «Алæ- джы-фырт хæстæй йæхи расайдта. Афтæмæй та, дам, бархийæ ацыд хæстмæ!» Уыцы ныхæстæ фыды хъустыл дæр æрцыдысты. Йæ фырт йемæ цы газет сласта, уый-иу йемæ райста. Аивæй-иу æй куы кæмæ равдыста, куы кæмæ. Мах зæ- гъын фæнды æрмæстдæр иу цауы тыххæй. Лазыры къухы бафтыд, ныры онг æппындæр гуырысхо кæуыл нæ кодтой, ахæм фыдгæнæджы æрцахсын. Хъæбатыр фæскомцæдисоны къахдзæф фæзминаг у йе ’ппæт æмбæлттæн дæр... Фæллад уадзыны рæстæгæй ма æртæ боны уыд, афтæ Лазыр фæстæмæ скъоламæ ацыд. Æппæты ра- зæй бацагуырдтой йæ уарзон ахуыргæнæг Семен Ива- ны фырт Березины. Йæ разы раст слæууыд, йæ къух йæ къæмисæнмæ схаста, афтæмæй салам радта. Семен Иваны фырт дæр ын æфсæддон æгъдаумæ гæсгæ салам радта, стæй йын йæ къух райста. — Æз цæуын фронтмæ, — загьта Березин. — Каст куы фæуай, уæд дæ хъуамæ мæхимæ акæнон... Бирæ рæстæг нал баззад æмæ дæхиуыл ма бацауæрд, ахуыр кæн. Дæ зæрдыл дар Суворовы фæдзæхст: ахуыры цас зын вæййы, уыйас хæсты æнцондæр вæййы... Березин ацыд фронтмæ. Курсанттæ йæм арæх æрвыстой писмотæ æмæ сын уый дæр æхсызгонæй дзуапп лæвæрдта. «Æмбал булкъон, — фыста Лазыр Березинмæ, — хатыр курын, дæ зынаргъ рæстæг дын кæй къахыр кæнын, уый’ тыххæй. Дыууæ къуырийы фæстæ каст фæуыдзыстæм скъола, райсдзыстæм Сырх Æфсады афицерты нæмттæ. Уымæй кадджындæр ма цы уа нæ 14
рæстæджы æрыгон адæймæгтæн!.. Дæхи полкъмæ мæ куы акæнис... Дзырд дæттын, СырхÆфсады афицеры н,ом кæй никуы фегад кæндзынæн, ме ’ппæт зонын- дзинæдтæ дæр салдæттæн кæй дæтдзынæн, сæриба- рыл тохмæ сæ кæй хондзынæн, ууыл...» Лепельскы фистæг æфсады скъолайы дыккæгæм пулеметон ротæйы командир лейтенант Никоноров фыста: «Дзотты Алæджы фырт Лазыр, Лепельскы фистæг æфсады скъолайы ахуыр кæнгæйæ, йæхи равдыста Ленины парти æмæ социалистон Райгуырæн бæстæ- йыл иузæрдионæй. Политикон æмæ моралон æгъда- уæй у фидар, у хъаруджын æмæ фæразон. Иттæг раст æмбары тактикон фарстатæ. Арæхстджын у хæцæнгæрзтимæ архайынмæ, у рæстдзæф. Хатдзæг: Дзотты Алæджы фырт Лазыр, у пулеме- тон взводы командир уæвыны аккаг. Æвæстиатæй йын лейтенанты цин раттын æмбæлда. - Дзоты-фырт æмæ ма ноджыдæр цалдæр лæппуйы арвыстой хæсты быдырмæ. Фæндагыл цæугæйæ æры- гон афицертæ куыд æнхъæл уыдысты, афтæмæй æвæстиатæй хъуамæ хæцын райдыдтаиккой. Фæлæ сæ кæдæм арвыстой, уыцы æфсад лæууыдис ре- зервы. Уый уыдис 1942 азы майы дыккаг æмбисы. Афæдз чысыл хъуаг хæст йæ кæнонтæ кодта, афтæ- мæй йæ Лазыр йæ цæсты кæронæй дæр пæма федта. Æмæ-иу алæгъстæ кодта^ — Арвитут мæ... — Нæ, æмбал лейтенант, салдæтты уал цæттæ кæн. Дæ сæр куы бахъæуа, уæд дæ арвитдзыстæм, — дзуапп ын лæвæрдтой хистæртæ, 15
4 1942 азы августы Совинформбюро хъуеын кодта: «Уæззау æмæ тугкалæн хæстыты фæстæ Вороне- жы районы не ’фсæддонтæ сæхи фæстæмæ айстой. Знаг бацыд Воронежмæ, бацахста йын йæ фылдæр æмбис, тынг бахæстæг цæугæдон Воронежмæ, ар- хайы размæ, скæсæнырдæм ацæуыныл...» Совинформбюро лæвæрдта иу хабар иннæйы фæдыл: «Воронежы районы хæстытæ цæуынц дарддæр. Тох цæуы фæндаджы алы уадздзаг, алы бæрзонд байсыныл. Абон, Воронежы районы чи хæцы, уыцы советон æфсæддонты фæразондзинад æнæхъæн фронтæн фæз- минаг у...» Лазыр цы_дивизийы -уыДис» Уыи арвыстой Воро- нежмæ. — Æппынфæстаг мын мæ къухты баст райхæлд- той! — сулæфыд Лазыр. — Намæ, раст цыма æппæтæй æгуыдзæгдæр дæн, афтæ кæсын мæм райдыдта. Дзоты-фырт разамынд лæвæрдта автоматчикты взводæн. Полчъы командир Семен Иваны фырт Бере- зин æмæ камиссар Михаил Иваны фырт Яблоковæн Лазыр уыди сæ фидар æнцой. Тыхст сахат æм-иу арæх фæсидтысты... Фыццаг хæстыты фæстæ Лазыр фыста йæ хо Винерæмæ: «Дæ бон хорз, мæ зынаргъ!1 Саламтæ ратт æппæ- тæн дæр. Чысыл раздæр хæст фæсабыр. Фæлæ уыцы сабырдзинад зæрдæсæттæн у, — цыдæр æнахуыр су- сæгдзинæдтæ æмбæхсы. Знаг хин æмæ маргæйдзагу, 16
хæйрæджыты амæттаг фæуа! Абон æй иу чысыл хъæуæй ратардтам. Хъæуы цæрджытæ нын фæдзырд- той лæгхорты хъæддаг митæ. Хуыцауыстæн, мæ сæры- хъуын арц сбадти. Фæлæ сын мах дæр сæ фаг фестæм. Æз ныртæккæ цæттæ кæнын æрыгон автоматчикты... Саламтæ уын æрвитынц мæ хуыздæр хæстон æмбæлт- тæ. Хæст куы фæуа, уæд дзы дыууæйы нæхимæ хон- дзынæн уазæгуаты, æмæ-иу сыл зæрдиагæй бацин кæнут. Æрдæбон нын фехъусын кодтой, æндæр ранмæ нæ арвитынмæ кæй хъавынц, уый. Тагъд хъуамæ фенкъуысæм нæ бынатæй...» Дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы фæцыдис сæ полкъ, стæй сын баулæфыны бар радтой. Салдæттæ къордгæйттæй апырх сты, хус кæрдæгыл сæхи æруагътой. Махоркæйы фæздæг уæлдæфы апырх. Æфсæддонтæй чи писмо фыста, чи йæ дарæс рæв- дзытæ кодта. Полчъы командир та иуварс бæрзбæласы бын бадти. Иучысыл аулæфыди, стæй фæсидти афицертæм. Афицертæ уайтагъд йæ уæлхъус алæууыдысты. Радта сын сбадыны бар. Систа картæ. Ныгуылæнмæ ацамыд- та йæ рахиз къухæй. Афицертæ йын лæмбынæг кас- тысты йæ алы фезмæлдмæ, æрхъæцмæ нал хъæцыдыс- ты йæ ныхасмæ. — Ахсджиаг хъуыддаг, æмбæлттæ,—загъта Бе- резин. — Стыр Донец нæ къухы куы бафта, уæд æнцондæрæй баиу уыдзыстæм нæ Æфсады иннæ хæйттимæ. Дыууæ боны дæргъьт уый нæ къухы куынæ бафта, уæд хабар æвзæр уыдзæни. Знаг нып чъылдымырдыгæй ныццæвдзæн не ’мбæлтты. Цыбыр ныхасæй, бацæуын хъæуы Стыр Донецмæ, немыц- мæ цы пълантæ ис, уыдон хъуамæ базонæм. 17
— Кæд мыл æууæндут, уæд æз ацæудзынæн, æм- бал булкъон, — фæцырд ис Лазыр. Лейтенанты ныхæстæ дисы бафтыдой Березины. Киргилевск куы суæгъд кодтой, уæдæй нырмæ Лазыр хуыссæджы хъæстæ нæма фæци. Уыцы хъæуы та хæст цыппар боны цыдис. Полчъы командиры бæргæ фæндыдис, Лазыры хуызæн арæхстджын сгарæг До- нецмæ куы ацыдаид, уый, фæлæ йæ куыд хъуамæ арвыстаид. Дзоты-фырт фембæрста командиры хъуыдытзз æмæ та фæцырд: — Ратт мын æртæ æмбалы. Мах бардзырд сæх- хæст кæндзыстæм. о о о Хур аныгуылынмæ бирæ нал уыдис, афтæ Лазыр æмæ йе ’мбæлттæ бахæццæ сты. Стыр Донецы былгæ- рæтты цы хъæд уыдис, уырдæм. Хъæумæ бацæуæн сын нæма уыди æмæ уал сгарджытæ æрныгъуылдысты донмæ æввахс. Сæрдыгон хуры тынтæ ма фæстаг хатт сæхи асæрфтой бæлæсты цъуппытыл. Хъæд ныссабыр. Æр- мæст дæр ма-иу рæстæгæй-рæстæгмæ фæлмæн дымгæ æрбахаста доны уылæнты уынæр. Бæлæстыл ма цы иугай æрдæгсыгъд сыфтæртæ уыдис, уыдон пæр- пæргæнгæ хаудтой зæхмæ. Лазыры æмбæлттæй иу мæстæлгъæдæй загъта: — Исчи уый æнхъæл уыди, æмæ нæм æрбалæ- бурдзысты... — Нæ уыдыстæм, — дзуапп радта Дзоты-фырт, — фæлæ кæм æрбалæбурдтой, уым... Махмæ афта* 18
фæдзурынц: «Уазæг — цæттæ, фысым — æдзæттæ». Мах дæр пæ «уазджыты» ’рбацыдмæ цæттæ нæ уыды- стæм. Фæлæ нæм цы ис, уымæй та сын «уæздан» зæ’гъын бафæрæзтам. — Уый афтæ у... фæлæ... Хаттæй-хатт зæрдæ цы- дæр хъуыдытæй ауазал вæййы... Мах карæнмæ мæлæ- тыл хъуыдытæ куыд хъуамæ æрцæуой... Тохы агъом- мæ, — дзырдта æртыккаг æмбал. — О, мах нырма æрыгæттæ стæм, — загъта Лазыр. — Бирæ нæма федтам. Фæлæ цы федтам, уый уыдис рæсугъд... Нæхицæн нæ фæтæрсæм, цардæн фæтæрсæм... Авджын къусæн æрхауынæй куыд тæр- сай, афтæ. Фæлæ сæр бахъуыди, уæд нæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йе ’рыгон цард чи нæ радтид? — Афтæ у, æмбал лейтенант... Фæлæ йæ удæн чи нæтæрсы, цымæ ахæмтæ вæййы?—загъта та, ныхас чи райдыдта, уыцы лæппу. Лазыр æм кæронмæ бай- хъуыста, стæй фидар хъæлæсæй радзырдта: Нæ тæрсын æз мæлæтæй... Талынг уазал ингæн Иæ удæмбæхсæн къуыммæ рагæй ласы мæн. Фæлæ мæ цард æвæрын, цалынмæ мæ уæнгты Тыхы мур баззайа мæ райгуырæн бæстæн... Уыдон ирон поэт Хетæгкаты Къостайы ныхæстæ сты. Æхсæв æвæджиауы хорз рауади сгарынмæ цæуы- нæн. Сгарджытæ былгæрæтты ацыдысты хъæуырдæм. Хъæумæ куыд хæстæгдæр цыдысты, афтæ уыдтой: куы кæм бамынæг вæййы рухсы цæст, куы кæм. Иу ран та Лазыр æмæ йе ’мбæлттæ æрлæууыдысты. 19
Дзæвгар фæхъуыстой: цымæ хъæуæй исты уынæр цæуы? Сæх’ицæй цасдæр æддæдæр рухсы тæпп ауыд- той. Сгарджытæ уыцырдæм нымдзаст сты. Хид хъуамæ уым уа. Хидгæс, æвæццæгæн, нал фæлæууыди æмæ тамако ссыгъта. — Æнæ цъистæй йæ бакой кæнын хъæуы. Сымах уæ бынæттæй ма фезмæлут, — бардзырд радта Лазыр. Сгарджытæ нæ уагътой лейтенанты, мах бар æй уадз, зæгъгæ, фæлæ сæ Лазыр кой дæр нал суагъта, пыббырыд хиды бынмæ. Немыцаг минут æнцад нæ лæууыд. Лазыр æнхъæлмæ касти, хъалагъур йе ’ргом хъæуырдæм кæд аздахдзæни, уымæ. Секундтæ йæм сахæттæй даргъдæр кæсын райдыдтой. Æппын фæс- таг æм немыцаг чъылдымырдæм лæуд куы фæци, уæд схызти хиды бынæй æмæ йæ къахфыдзтыл йæ фæстæ ацыди. Се ’хсæн метрæй фылдæр нал уыдаид, афтæ хъалагъур æваст фæстæмæ фæзылди. Лазыр йæ тых йæ бонæй кардæй ныццавта знаджы риу, ахгæдта йын йæ дзых... Хъæу æхсæвы тары нымбæхсти. Иу сыбыртт никæцæй хъуысти. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу талынг æхсæвы мæрдон сабырдзинад фехæлдта æххормаг куиты рæйын. Лазыр ахæм сусæг «балцы» фыццаг хатт, миййаг, нæ ацыди æмæ хорз зыдта знаджы фæдфæливæнтæ. Немыц æдзæллаг хæдзæртты цæрын сæ сæрмæ нæ хастой, бацахстой-иу райдзаст бæстыхæйттæ. Лазыр бамбарьш кодта лæппутæн, цæмæй тагъд-тагъд ацагуырдтаиккой хæстæгдæр уынджы æппæты цауд- дæр хæдзар. Бирæ агурын сæ нæ бахъуыд, æввахсго- - мау сæм разынди ныллæг, хъæмпынсæр, сахъарнкъул ,хæдзар. 20
Лазыры рахиз къухы — дамбаца, галиуæй сындæг- гай рудзынг бахоста. Дуар байгом, æмæ хæдзарæй айдагъ мидæггаг дзаумæтты рацыдис зæронд лæг. — Нæ фыды хай, фрицтæ уæм нæ цæры? — ба- фарста Лазыр хæрз мынæг хъæлæсæй. — Уырыссæгтæ? — Сабырдæр дзур, зæронд. Бирæйæ не ’рбацыды- стæм нырма. Кæд æмбæлы, уæд мидæмæ бацæ- уæм... — Табуафси! Нæ зæрондимæ, баззадыстæм, — загъта зæронд лæг æмæ дуар бакодта. Ирон лейтенант æмæ æртæ уырыссаг салдаты бадтысты украинаджы х’æдзары. Стъолыл сын æрæ- вæрдтой дзул, хъæзын къусы — æхсыр. Зæронд лæг фæдисонау хабæрттæ дзырдта, йæ ма’ст хæлбурцъ кодта. — Кæцы ран ис комендатурæ? — бафарста Лазыр. — Хъæуы иннæ кæрон, — дзуапп радта зæронд лæг, æмæ сын бацамыдта æнцондæрæй йæм кæуылты бацæуæн ис, уый. — Кæд уын истæмæн сбæздзынæн, уæд мæ уемæ айсут. — Бузныг, нæ фыды хай, — загъта лейтенант. Зæронд лæг сын бацамыдта, хъæуæй фæстæмæ æдасдæрæй - ацæуæн кæуылты ис, уыцы фæн- дæгтæ. Сгарджытæ хæрзæхсæв загътой фысымтæн. Та- лынджы аныгъуылдысты. Сæхи къæхты уынæрæй_ дарддæр сæм ницы хъуысти. Кæм цæхæрадæтты, кæм нарæг цæхгæрмæ уынгты — æмæ бахæццæ сты комен- датурæмæ. Лазыр æмæ йæ иу æмбал бахызтысты рудзынгыл* иннæтæ гæрзифтонгæй æрæмбæхстысты. Асгæрстой стъолты лæгъзты, гæххæттытæ сæ рæгты, 21
сæ дзыппыты афснайдтой æмæ хъæугæронмæ атын- дзыдтой. Мæнæ ныр хъæуæй ахиздзысты, зæгъгæ, афтæ иу кæртæй райхъуыст немыцаджы дыгъал-дыгъул. Фæ- цыд дамбацайы гæрах. Хæдзарæй ракалдысты немы- цæгтæ. Топпадзагъд систой. Сгарджытæ аууонмæ сæ- хи байстой æ!утæ автоматтæ аскъæрдтой знæгтыл. Немыцæгтæ райд’ианы фæуыргъуыйау сты. Фæлæ уайтагъд сæхи æрæмбæрстой æмæ сгарджыты фæстæ ныббарц сты. Лазыр æмæ йе ’мбæлттæ иыгъуылдты- тæгæнтæ сæхи хъæуæй айстой. Немыц — сæ фæстæ. Хъæугæрон сын хæст бацайдагъ. Знæгтæй цалдæр фæмард, иу та сæ уацары бахаудта. Лазыр æй куы бауыгътытæ кодта, уæд бар-æнæбары уадис сæ ра- зæй хъæдмæ. Сгарджытыл дуне арфæтæ сæмбæлд: «æвзаг» бирæ зонæг æмæ æнцондзырд рауади. уæдæ цы гæххæттытæ рахастой, уыдон разындысты хъæуы коммунисттæ æмæ æфсæддонты бинонты номхыгъдтæ. 5 Лолчъы командир Березин æмæ комиссар Ябло- ковмæ фæдзырдтой дивизийы штабмæ. Радтой сын сæрмагонд хæслæвæрд: Воронежы кæрон кусджыты поселок Чижовкæмæ бабырсын æмæ уырдыгæй знæгты фæтæрын. Березин æмæ Яблоков штабæй здæхтысты æмбисæхсæв. Уыдысты фæллад æмæ æнæхуыссæг. Фæлæ улæфыныл нæ уыдысты, — тæрхæттæ кодтой райсомы ныббырстыл. Чижовкæ... Чысыл поселок. Фæлæ дзы цас туг нык- 22
калди! Къуырийы дæргъы цыппар хатты бахаудта не- мыцы къухмæ. Карз хæстыты фæстæ-иу æй нæхионтæ фæстæмæ байстой. Фæстаг цалдæр боны немыц атæрын нал бакуымдтой. — Нæ зын доны сæрты бахизын, — загъта Ябло- ков. — Уый нæ къухы куы бафта, уæд знагæн йæ пырх скалдзыстæм... — Æнцон нын нæ уыдзæн,—дзуапп радта Бере- зин. — Фæлæ цыфæндыйæ дæр хъуамæ нæ къу- хы бафта. Дзыхъхъытæ-къуыппытæ фæндагыл машинæ схъиудта. Березин æмæ Яблоковæй иу сыбыртт нал хаудта. Тагъд бахæццæ уыдзысты полчъы штабмæ æмæ радзурдзысты сæ балцы хабæрттæ. Семен Иванович афарста: — Дæумæ гæсгæ цæугæдоныл æппæты разæй бахи- зын кæмæн бафæдзæхсын æмбæлы? — Лейтенант Дзоты-фырты автоматчикты взво- дæн, — уайтагъд дзуапп радта Яблоков. Березин йæ мидбылты бахудти: — Бауырнæд дæ, афтæ кæй загътаис, уый зыдтон. Зындæр кæм вæййы, ахæм рæттæм уый фервитæм... æгæр арæх... — Лейтенант Дзоты-фырт арæхстджыи у, ныфс- хаст, хæсты сахат — амалджын, — йæ кæстæрæй сæ- рыстыр уæвгæйæ загъта Яблоков. — Хæххон цæргæс ахæмтæй фæзæгъынц. — Фондз æмæ ссæдзæм июлы хæсты быдыры фæцæф, йæ мидæггаг хæдон æрфарин ласта, йæхи абаста æмæ, цалынмæ фæстаг топпы гæрах банцад, уæдмæ госпитæлæн йæ кой дæр не ’суагъта,—баф- тыдта Яблоковы ныхæстыл Семен Иваны фырт. — 23
Тæрсгæ йын кæнын... Нæ фæлæ ма афтæ бакæнæм: командиртæн сæхи бафæрсæм. Хъæддыхдæрæй чи ныллæууа, уый арвитдзыстæм... Полчъы командир æмæ комиссар фæдзырдтой афицертæм. Дзыппыдаргæ фанарты мынæг рухсмæ æркастысты картæмæ. Дивизийы штабы хæслæвæр- дыл куы ’рдзырдтой, уæд Березин бафарста: — Æмбæлттæ! Бархийæ хъуыддаг йæхимæ чи исы, уый уыдзæнис не ’ууæнк. Табуафои! Афицертæ сæ къухтæ сдардтой. Березин сыл йæ цæст ахаста. Лазыримæ куы фемдзаст, уæд йæ мид- былты бахудти. Дзоты-фырт фæныфсджын æмæ сдзырдта: — Æмбал булкъон! Курын æмæ мæн взвод арви- тут разæй. Гæнæн æмæ ама^1 цы уа, уымæй... Цыбыр дзырдæй, мæ взводмæ хорз фæлтæрддзинад ис... Березин фæрсæгау бакаст Яблоковмæ. Полчъы комиссар хорз бамбæрста йе ’мбалы æмæ афицертæм бахатыдта: — Коммунисттæ, сымахмæ у мæ ныхас. Куыд уæм кæсы, цæугæдон Воронежы сæрты æппæты разæй бахизыныл фæскомцæдисон Дзоты-фырты автомат- чикты взвод куы схæца, уæд? Командиртæ хæлæггæнгæйæ кастысты Лазырмæ: алчидæр сæ бæллыдис ахæм æууæнкмæ. Хъазæн ны- хас зæгъынмæ рæвдз уыдис кæддæриддæр Дзоты- фырт. — Лæппутæ, цард хæлæгæй нæу, — фæцарæхсти Лазыр. — Абон уал — мах, райсом та — сыма- хæй исчи. Афицертæ иугай-дыгай апырх сты. Березин ма I фæурæдта Лазыры, автоматчикты ротæйы командир 24
лейтенант Никифор Гнусовы æмæ ротæйы политрук Юрий Погибайы. — Сымах хъуамæ феххуыс кæнат Дзоты-фырты взводæн доны сæрты бахизынмæ. Сæр куы бахъæуа, уæд йæ фарсмæ дæр æрлæудзыстут. Афтæ нæу? — бахатыдта Березин ротæйы командир æмæ полит- рукмæ. — Æнæмæнг афтæ, æмбал полчъы командир! — дзуапп радта Гнусов. Березин йæ къух æрæвæрдта Лазыры уæхскыл, йæ цæстытæм ын комкоммæ бакасти. — Хъус, мæ хъæбул. Дæ адæм хъуамæ сæударæй бахизой доны сæрты. Ныртæккæ ацу æмæ æрцæттæ кæнут лодкæтæ, — загъта Семен Иванович Березин æмæ Лазыры йæ хъæбысы акодта. — Фæндараст! Мæ зæрдæ дын зæгъы стыр æнтыстдзинад! 6 Фæсæмбисæхсæв æртæ сахатыл Дзоты-фырты ав- томатчиктæ сбадтысты лодкæты æмæ райдыдтой доны иннæ фарсмæ хизын. Æппæты разæй баленк кодта командир йæхæдæг. Хъæзы йæхи æрæмбæхста æмæ уырдыгæц дзыппыдаргæ цырагъы рухсæй фæндаг амыдта йе ’мбæлттæн. — Нæ десант иууылдæр æрбахызт цæугæдоныл!— фехъусын кодта Лазыр командыгæнæн пунктмæ. Цалдæр минутмæ æрбахæццæ Березины дзуапп: — Лейтенант Дзоты-фырт, арфæ дын кæнын фыц- цаг æнтыстдзинады тыххæй. Архай арæхстгай. Сгарджытæ уадидæгæн сбæрæг кодтой, доныбыл- 25
ты гæрзæй-гæрзмæ минæтæ æвæрд кæй уыдис, уый. Лейтенант бардзырд радта сапертæн æмæ уыдон æфсæддонты бацæуæнтæй систой минæтæ. Автомат- чиктæ райдыдтой размæ бырын. Мæнæ знаджы акъоппытæ. — Цæвут сæ гранаттæй!—ныннæрыди Дзоты-фыр- ты хъæлæс. — Мæлæт гитлерон лæгхортæн! Гранаттæ атахтысты акъоппытæм. Сæ хæдфæстæ уым смидæг сты нæ автоматчиктæ. Немыц фæоонт сты, сæ хъару цас уыди, уыйас ныхкъуырд раттын нæ баци сæ бон. Бирæтæ дзы ам ссардтой сæ мæлæт, иннæтæ алыгъдысты. Ахсджиагдæр бæрзæндтæ баф- тыдысты Дзоты-фырты взводы къухы. Ардыгæй хорз зынди цæугæдон. Фæлæ уый уыдис æрмæст фыццаг æнтыстдзинад. Нæхионтæ цалынмæ хæццæ кæной, уæдмæ цыфæн- дыйæ дæр бауромын хъуыдис знаджы. Уалынмæ знаг базмæлыди. Немыцы æфсæдты стыр къорд йæ ных сарæзта Дзоты-фырты взводмæ. Æхстой сæ пулеметтæй, минометтæй, 9аРмаДзантæй- Дзотты Лазыры автоматчиктæм та æххуыс никæцæй ма цыди. — Цалынмæ не ’фсæдтæ доныл æрбахизой, уæд- мæ хъæддых фæлæууын хъæуы! — ныфсвидарæй дзырдта Дзоты-фырт. Знаджы фистæг æфсад йæхи ныццавта бæрзондыл, фæлæ йæ хъæбатыртæ æрмæст гранаттæ æмæ авто- матты руаджы баурæдтой, стæй йæ фæстæмæ атард- той. Гитлеронтæй бирæ баззади бæрзæнды алыварс. Куынæг кæнын райдыдтой нæхи автоматчиктæ дæр. Уалынмæ райдыдта нæхионты ныббырст, гыбар- гыбур хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Сармадзанты 26
гæрæхтæ, танкты гуыр-гуыр, бомбæты æхситт сæры магъзы инпæрдæм хызтысты. Æрдæгсыгъд æмæ къалиусаст бæлæстæ, цæф æфсæддонтау сæхимæ хъуыстой. Æгомыгæй лæууыдысты сау фæздæгæй æмбæрзт быдыры. Нæ фистæг æфсæддонты полкъ цæугæдоныл хизын куы райдыдта, уæд ыл немыц судзгæ æхсидæвтæ ныккалдтой æртыккаг бæрзондæй. — Æртыккаг бæрзæнд байсын хъæуы!'—фехъу- сын кодта Лазыр æмæ йæ автоматчиктимæ чъылды- мырдыгæй хъуызын райдыдтой æртыккаг бæрзæндмæ. Уырдыгæй алырдæм тахтысты нæмгуытæ. Чысыл ма, стæй йæм автоматчиктæ бахæццæ уыдзысты æмæ уæд... фæлæ Лазыры æмбæлттæ куы бахæстæг сты, уæд немыцаг доты амбразурæйæ фæздæг скалди... — Æрхуыссут! — фæхъæр ласта Лазыр. Автоматчиктæ зæххыл æрхуыссыдысты. Пулеметæн цыма йæ нæмгуытæ йæ хъуыры фæбадтысты, уыйау фегуыппæг. — Размæ! — райхъуыст Лазыры ныхас. Æфсæддонтæ сæ бынатæй фæгæппытæ ластой. Гагъд-тагъд размæ ауадысты. Немыцаг пулемет та скуыста. Автоматчиктæй дыууæ æрхауди. Иннæтæн дæр фезмæлæн нал уыдис. Уыцы пулеметчик сын сæ къухтæ сбаста. — Æриут мын фæйнæ гранаты, — загъта Лазыр, йæ фæйнæфарс цы дыууæ æфсæддоны уыдис, уыдонæн. — Зынаргъ у алы минут дæр. Ацы бæрзонд куы нæ байсæм, уæд нæ полкъ æвыдæй нал баззайдзæн. Дыууæ гранаты йæ роны атъыста, иу — йæ хæла- чфы дзыппы. 27
«Лæппу, цардæй зынаргъдæр ницы ис, фæлæ куы бахъæуа, уæд мæлын дæр зонын хъæуы»,— Лазыры зæрдыл æрбалæууыдысты йæ фыды ныхæстæ. «Мæлгæ? — ахъуыды кодта лейтенант. — Мæлгæ æз нæ, фæлæ знаг хъуамæ акæна! Тыхæвзарынмæ нæм уый æрбацыд». — Уæ гранаттæ æрцæттæ кæнут! — Цæттæ сты!—дзуапп радтой æфсæддонтæ æмдзыхæй. Гранатты æмнæрдæй бæстæ нынкъуысти. Бæрзонд уæлвонг хауди. Иæ сæрмæ фæздæг ныггуппар. Фæлæ та чысыл фæстæдæр райхъуысти уыцы æнæхайыры пулеметы «тæ-тæ-тæ». Лазыр та ракуырдта иу гранат. — Æмбæлттæ, дæс æмæ дыууиосæдз метры бæрц фæстæмæ абырут! — загъта Лазыр. — Рахизырдæм фæзилдзыстут æмæ ууылты — æртыккаг бæрзондмæ. Райдайут мæ бардзырд æххæст кæнын! Дзоты-фырт акасти салдæттæм æмæ куы бау- уæндыди, тас сьш кæй ницæмæй уал у, ууыл, уæд сыстади æмæ йæ тых, йæ бонæй гранат фехста немы- цаг дотыл. Бæрзонд сау фæздæджы бынæй нал фæзынди дот, Пулеметы къæр-къæр исдуг фæсабыр, стæй та ногæй райхъуысти. Лазыр зæххыл адæлгом, иу уысм нал сызмæлыд. Пулемет та куы скуыста, уæд фæгæпп ласта. Йæ ронбастæй гранат фелвæста æмæ йæ фыццаджы фæдыл арвыста. Йæ къухы февзæрди æртыккаг гранат дæр... Рыгæйдзаг хæдоныл æмæ хæлафыл туг фæдгæнгæ æрцыди. Галиу къухы рис зæрдæйыл сæмбæлди. Къух йæхицæй нал уыди. Лæппу хъавгæ зæххыл йæхи æруагъта. Туг зæхмæ куыд тагъди, уымæ кæсгæйæ 28
лейтенанты цæстытæ атартæ сты, цалдæр минуты бæрц ницуал бамбæрста. Куы ракаети, уæд æввахс никæй æруыдта. Йæ дзыппæй фелвæста йæ фæском- цæдисон билет æмæ гæххæтты гæбаз. Йæ фарсмæ цы къудзи уыдис, уымæй раеаста лыстæг къалиу, атылд- та йæ туджы. «Мæ адæммæ. Советон адæмæн службæ кæнгæйæ, туджы фæстаг æртахы онг тох кæнын райгуырæн зæххы сыгъдæгдзинад æмæ сæрибардзинадыл. Кæ- ронмæ иузæрдион дæн, мæ уарзон адæмы раз цы æфсæддон ард бахордтон, ууыл. Царды фæстаг ми- ыуты онг мæхи нымайын сæрибаруарзæг советон адæмы хъæбулыл... Мæлæт немыцаг фашисттæн!» Лазыр гæххæтт йæ фæскомцæдисон билеты ба- вæрдта. Билетмæ æдзынæг ныккасти, йæ риумæ йæ æрбалхъывта, стæй йæ йæ хæдоны дзыппы нывæрдта. Иæ фазыл дæс метры бæрц размæ абырыди. Цыдæр амæлттæй йæ сæр уæлæмæ систа. Ауыдта, йе ’мбæлт- тæ размæ цæуыныл куыд архайдтой, уый. Æфсæд- донтæ-иу азгъордтой æмæ та-иу зæххыл ахуыссыдыс- ты: немыцаг дзот сæ сыстын нал уагъта. Уыцы цъусдуг æй æрбаргъæвта знаджы дыккаг нæмыг, сæмбæлди раст йæ рахиз фарсыл. Лазыр йæ мидбынат ныдздзой-дзой кодта, æрхауд. — Нæма мæлын! Цæрып ма мæм цæуы! — адза- лимæ тох кæнгæйæ, загъта Лазыр, йæхæдæг йæ гуыбыны цъарыл размæ бырын райдыдта. Тугвæд йæ фæстæ зади, сысти йæ хъару, цæстытæ тартæ кодтой. Æфсæддон бахæццæ иу стыр дурмæ æмæ уый фæстæ йæхи æрæмбæхста. Дзоты амбразурæмæ йвтоматæй иу къухæй цалдæр хатты бахъавыди, фæлæ дзæгъæлы. Знаджы пулемет-иу цъусдуг фæхъуси, стæй та-иу 29
ногæй скуыста. Лазыры автоматы диск сафтид. Схъуырдухæн. Ссыди та пулеметы къæр-къæр. Лазыр федта, пулемет ын йе ’мбæлтты куыд фæлдæхта, уый æмæ йæ зæрдæ тынгдæр сгуыпп-гуыпп кодта. Рахиз къухæй та зæххыл æрæнцой кодта, афтæмæй хæстæгдæр бабы- рыди пулеметмæ. Фондз æмæ ссæдз метрæй фылдæр æй нал хъуыди. Ныр та куыд? Æрæмбырд кодта йæ фæстаг хъарутæ, йæ къæхтыл слæууын ын бантысти. йæ хъуыды нæттæ уыди: ныртæккæ хъуамæ дзоты амбразурæйыл йæхи баппара! Азгъордта размæ. Фæлæ знаджы нæмыг йæ риуыл сæмбæлд. Дзоты- фырт йæ цæстытæ куы байгом кодта, уæд йæ фарсмæ федта иу æнæхæлд гранат. Систа йæ, цыдæр амæлт- тæй йæ фехста. Знаджы пулемет ныхъхъус... 7 Полчъы командир ныддæлгом ис лейтенанты мар- дыл. Стæй йæ систой æмæ йæ бахастой бæласы бынмæ. Æфсæддонтæ мæрддзыгойау йæ фæстæ бацыдысты. Семен Иванович æрхæндæгæй касти Лазыры фæлурс цæсгоммæ. Йæ рустыл тылдысты цæстысыгтæ... Сал- дæттæ сæ уарзон командиры фыццаг хатт федтой цæстысыг æруадзгæ. Рог уддзæфмæ фæйлауæнтæ кодта полчъы тыры- са. Æрæвæрдтой йæ хъæбатыры марды раз. Березин йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ райдыдта дзурын: — Лейтенант Дзоты-фырт хъавыдис йæ риуæй знаджы дзоты амбразурæ сæхгæнынмæ. Фæлæ уæззау зды æгъатыр разынд. Нæ зынаргъ Лазыр йæ тугæй 30
ныффыста ног рæнхъытæ фæскомцæдисы историйы, Советон æфсады историйы. Абон мах æмбал Дзоты- фыртæн арфæ кодтам, ссæдз азы йыл кæй сæххæст, уый тыххæй. Ныр уый райгуырдис дыккаг хатт. Фæндараст, нæ хорз æмбал!' Газет «Комсомольская правда»-йы сæрмагонд уацхæссæг А. Гутарович 1942 азы 18 августы фыста: «Ныртæккæ мæм радтой, фæскомцæдисон-лейте- нант Дзоты-фырт йæ амæлæты размæ кæй нйффыста, уыцы фыстæг. Уыцы фыстæг ссардтой хъæбатыр æм- бал Дзоты-фырты фæскомцæдисон билеты. Радзырдтой мын, ирон адæмы намысджын хъæбул куыд фæмард, уый тыххæй. Дзоты-фырты взводæн бардзырд лæвæрд æрцыд цæугæдоны ныгуылæн фарсмæ бахизын æмæ уым æрфидар уæвын, фæстæ- дæр та доныл бахизынмæ не ’фсæддонтæн феххуыс кæнын. Кæд цыфæнды зын уыдис, уæддæр взвод ит- тæг хорз сæххæст кодта йæ хæстон хæслæвæрд. Лей- тенапт Дзоты-фырт фæмард, фæлæ нæ хæстонтæн цæугæдоныл бахизыны фадат сарæзта. Къуыбырæй уынын не ’фсæдтæ куыд фæцæуынц, Лазыр йæхи къухæй Сырх тырыса сдаринаг кæй сæрмæ уыдис, уыцы поселокмæ. Дзоты-фырты хъæбатырдзинад разæнгард кæны Воронежы цур хæцæг æфсæддонты». Цалдæр боны фæстæ не ’фсæддонтæ, æппæт сове- тон адæм газет «Комсомольская правдæ»-йы ка- стысты: «Æрыгон æфсæддон! Æдзынæг ыыккæс фæскомцæ- дисон Дзоты-фырты хъæбатыр цæсгоммæ. Бакæс ын йæ амæлæты размæйы фыст. Уый йын йæ хæстон æмбæлттæ оистой йæ фæскомцæдисон билетæй æмæ 31
йæ æрбарвыстой «Комсомольская правдæ»-йы редак- цимæ. Мах мыхуыр кæнæм хъæбатыр ироны фыстæг, куыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæджы фæдзæхст. Дард хæххон хъæу Дур-Дуры сæрыстыр фырт Дзотты Лазыр тохмæ хуыдта автоматчикты взвод. Лейтенант-фæскомцæдисон райста зын хæслæвæрд: нæхионты доныл бахизын чи нæ уагъта, уыцы пулемет- тæ æмæ минометты «хурхыл бахæцын» æмæ æппæты разæй доны фаллаг фарсмæ бахизын. Зын уыдис? О. Тынг зын! Фæлæ фæскомцæдисон цы нæ бакæндзæн! Æмæ фæскомцæдисон-лейтенант æнæ уæлдай ракæ- бакæйæ хъазуат тохмæ сидт йе ’фсæддонтæм. Автоматчиктæ ныфсджын æмæ хъæбатырæй цы- дысты размæ. Немыц сыл судзгæ æхсидæвтæ калдтой. Фæлæ уыцы цæхæр къаддæрæй-къаддæр кодта, — куынæг кодтой знаджы пулеметтæ æмæ минометтæ. Гитлеронты сæ ахсдæттæй аппаргæйæ, автоматчиктæ сæ хайæн фадат радтой цæугæдоны сæрты ба- хизынæн. Знагмæ ма баззад æрмæстдæр иу пулемет. Хæстæг у уæлахиздзинад! Тохы цæхæры йæ маст кæмæн ра- фыхт, уыцы ирон комкоммæ фæцæйцыдис пулеметмæ. Дæхи хъахъхъæн, хъæбатыр! Фæлæ байрæджы—цал- дæр нæмыджы сæмбæлдысты Дзоты-фырты риуыл. Йе ’мбæлттæ йæм æрбауадысты, фæлæ сын уый бар- дзырд радта: «Уадзут мæ — пулемет нæма банц’ад!» Æмæ автоматчиктæ ацыдысты дарддæр. Уыцы рæстæг Дзоты-фырты сæры цы хъуыдытæ уыдис, уыдон ныф- фыста йæ тугæй. Уадз æмæ ацы рæнхъытæ бахæццæ уæнт дард хæххон хъæу Дур-Дурмæ, уадз æмæ хъæбатыры ’хæстæджытæ æмæ æмбæлттæ зоной, Ирыстоны намыс- 32
джын хъæбул куыд цард æмæ тох кодта, уый!1 Уадз æмæ æнæхъæн Кавказ дæр осарæд йæ Хъæбатыры ном, кæцы ацы уæззау боны ногæй æмæ ногæй рав- дыста, сæрибаруарзæг хохæгты бон цытæ у, уый! Бирæ азты размæ Терчы облæсты съезды Серго Орджоникидзе дзырдта: «Центр йæ зæрдæ дары, ирæттæ, цæцæйнæгтæ, кæсгæттæ æмæ иннæтæ Сырх тырыса кæй никуы фæчъизи кæндзысты, ууыл. Хохæг- тæ бæрзонд хæссынц сæрибары тырыса. Æмæ ныртæк- кæ Германæй æрбацæуджытæ «хъæддæгты», — немыц афтæ æгады номæй хонынц кавказæгты, — номæй цагъармæ бакæныныл куы архайынц, уæд Цæцæн æмæ Дагестаны, Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары, æппæт бирæнацион Кавказы хъæбултæ сæрибардзина- ды сæраппонд цæттæ сты цавæрфæнды лæгдзинæдтæ равдисынмæ. Иры стыр поэт Хетæгкаты Къоста фыста: «Цæй- нæфæлтау, сæрибар адæм, цагъарæй туг калæм æлдарæн, фæлтау нын амæлæт хуыздæр». Уый сидтис хъæбатыр хохæгтæм «хъæбатырдзиыад æмæ топпыхос цæттæйæ дарынмæ». Æмæ ныр зын сахæттæ куы скодта, уæд хъæбатыр ирæттæ равдыстой, стыр алæ- мæты хъару æмæ ныфсы хицау кæй сты, уый. Цып- пар фырты бакодта ирон адæм Советон Цæдисы Геройты лагермæ: Милдзыхы-фырт, Карсаны-фырт, Цоколайы-фырт, Остъайы-фырты нæмттæ зындгонд сты æнæхъæн фронтæн дæр. Бирæ æмæ бирæ ирæттæ райстой ордентæ æмæ майдантæ. Æмæ хæдæфсарм лейтенант Дзоты-фырт йæ зæрдæйы тугæй фыст фæ- дзæхстæй равдыста канд йæхи хъуыдытæ нæ, фæлæ йæ фæлтæры, йæ хъæбатыр адæмы хъуыдытæ. Хæсты быдырты нæма басабыр, 1919 азы чи 3 Мæхæмæтты Л. зз
фæмард, уыцы 17 мин хъæбатыры ннгæны уæлхъус Цæгат Кавказы æппæт адæмты минæвæрттæ цы ард бахордтой, уый уынæр. «Æлгъыстаг немыцы къах Кавказы зæххыл куы ’рлæууа, уæд нæ сæрмæ мауал ракæсæд хур, боны рухс мауал фенæд нæ цæст, æгаддзинад ныл ныббадæд пъæззыйау», — æмæ йæ ныр кадимæ æххæст кæнынц Кавказы сæрбæрзонд фырттæ. Райгуырæн бæстæсæ кæдæмдæриддæр арви- ты, алырандæр æвдисынц стыр хъæбатырдзинад, фæ- хæцынц ныфсхастæй. Цымæ диссаг у, Дзоты-фырт Кавказы урссæр хæхты бын кæй нæ фæмард, фæлæ йæ цард Доны былыл кæй аскъуыд, уый. Зыдта, йæхи райгуырæн хъæу, йæхи райгуырæн хæдзары хъысмæт дæр ацы ран кæй лыг кодта, уый. Æмæ йæ цард кæронмæ радта Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Ноджыдæр æмæ ноджыдæр бакæс, æрыгон хæс- тон, лейтенант Дзоты-фырты фæдзæхст. Дæ зæрдыл бадар уыцы фæдзæхсты алыдзырддæр. Æмæ хæстмæ куы ацæуай, уæд-иу æй æрæмыс. Хæсты дыл зын рæстæг куы скæна, уæд æй бафæзм. Хистæр æфсымæ- ры арфæйы ныхасау, Райгуырæн бæстæйы фæдзæх- стау, уый лæууæд хæсты зын бонты дæ зæрдыл, дæ хъарутæ дын фылдæр кæнæд, æндо’н базыртæ дыл басадзæд. Уымæн æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзон- дзинад, уæлахиздзинадыл æууæндын сты æппæт æнтыстдзинæдты гуырæн!» 8 Иу фæззыгон бон Дзотты хæдзары дуармæ æр- лæууыд бæрзонд, хæрзконд, фæтæнуæхск æфсæддон. 34
Бахоста кулдуар. Ракаста йæм æнкъард æмæ фæлмæст урс рихи зæронд лæг. — Бахатыр кæн, нæ фыды хай,—сдзырдта уазæг. — Дзотты Алæг ды дæ? — Алæг бæргæ дæн, — дзуапп радта хæдзары хицау. — Уæдæ æз та дæн булкъон Березин, — загъта æнахуыр уазæг.—Дæ фырт Лазыр мæ полчъы служ- бæ кодта, — цыдæртæ зæгъын ма йæ фæндыди, фæлæ йæ цæстытæ айдзаг сты цæссыгæй; хъуыртæ ахгæд- той. — Мидæмæ, мидæмæ!—Алæг рахæцыди булкъоны къухыл. Хæдзармæ йæ бахуыдта. Йæ бинойнаг Уæлинкамæ фæдзырдта: —Дæхиуыл фæхæц не ’фсин. Ацы лæг нæ лæппуйы æмбæлттæй у. Дæ цæстысыг та ма нызгъал. Кæуынæй ницыуал ис, стæй дæ фыр- ты мард кæуинаг дæр нæу. Кæд Алæг йæ усæн ныфсытæ æвæрдта, уæддæр йæхи зæрдæ дæр суынгæг. Семен Иванович бацыд Уæлинкамæ æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта. — Бузныг, стыр бузныг, нæ мады хай... Ды нæ Райгуырæн бæстæйæн схъомыл кодтай иузæрдион хъæбул... Булкъон Березин командировкæйы цыдис Бакумæ æмæ сæрмагондæй йæ фæндаг акодта хъæбатыр хæс- тоны райгуырæн хъæуыл. Йе ’рбацыд ын базыдтой сыхæгтæ æмæ уайтагъд æрбамбырд сты. Семен Ива- нович сын лæмбынæг фæдзырдта Лазыры сгуыхтдзи- надыл. Сæ полчъы хæстонты номæй фыстæг радта хъæбатыры ныййарджытæн. «Зынаргъ Алæг æмæ Оля!1 — фыстой Лазыры 35
хæстон æмбæлттæ. — Стыр хъыгзæрдæйæ уын тæфæр- фæс кæнæм уæ фырт- Лазыры тыххæй. Мах нæ зæрдæ дарæм: ахæм фырты ныййарджытæ зындзинадæн басæттын нæ бакомдзысты. Лазыр цы лæгдзинад равдыста, уый дисы бафтыдта бирæ мингай адæймæг- ты. Фæскомцæдис æмæ Сырх Æфсады историйы сæрмагонд бынат бацахсдзæни Лазыры хъæбатыр- дзинад. Йæ рухс ном цæрдзæни нæ зæрдæты, нæ тохы тырысайы. Бахъуаджы сахат нæ алчидæр цæттæ у уый бафæзмынмæ...» Семен Иванович писмо каст фæци. Сæвæрдта йæ стъолыл. Уатæй райхъуыст кæйдæрты кæуын. — Бахатыр кæнут, хорз адæм,—сдзырдта фидар хъæлæсæй Алæг. — Ацы хæдзар кæуинаг нæу... Ла- зыр нæ амард. Цалынмæ адæмæй мыггаг уа, уæдмæ цæрдзæнис... Березин бирæ нæ бафæстиат Дур-Дуры. Бирæ писмотæ æмæ телтæ хаста постхæссæг Дзот- ты хæдзармæ. Фыстой хæцæг æфсадæй, партизантæ, кол- хозонтæ æмæ скъоладзаутæ. Се ’ппæты хъуыды дæр иу уыдис: Лазыр хъæбатырæй фæмард, ирон адæмæн хæсты быдыры æгæрон кад скодта. Дзырдарæхст фæсивæд цалдæр изæры æрæмбырд сты иумæ æмæ Дур-Дуры «фыдуаг» лæппутæй иуыл скодтой зарæг. ...Дур-Дури сæри уæд базмалдæй, Тар гъæдæн æ сифтæр æваст, ой, ой. Дзоти-фурт фертæстæй æ мадæй, ой. Æзнагæй ку есуй æ маст... 36
Партийы Цæгат Ирыстоны Обком, республикæйы Министрты Совет, Сæйраг Советы Президиум æмæ фæскомцæдисы Обком ирон адæмы намысджын хъæбулы ныййарджытæм фыстой: «ÆК(б)П-йы Обком, Сæйраг Совет, Совнарком æмæ фæскомцæдисы Обком стыр хъыгзæрдæйæ тæ- фæрфæс кæнынц сымахæн, уæ фырт — лейтенант- фæскомцæдисон Дзотты Лазыр хъæбатырæй кæй фæмард, уый тыххæй. Тынг уæззау зиан уыл æрцыд, фæлæ сымах хъуа- мæ бабыхсат, уæ фырт стыр зынтæн куыд бабыхсыди, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йе ’ппæт æрыгои цард куыд радта, афтæ. Нæ бирæнацион домбай бæстæйы милуангай лæп- путæ æмæ чызджытæ лейтенант Дзотты Алæджы фырт Лазырыл ахуыр ’кæнынц, Райгуырæн бæстæ æнæкæрюн уарзтæй куыд уарзын хъæуы, ууыл. Уый хъæбатырдзинадæй сæрыстыр у ирон адæм. Нæ æндон Сырх Æфсады æфсæддонтæ æххæст кæндзыс- ты йæ фæдзæхст. Рацæудзæн бирæ азтæ, Советон адæм тугмондаг гитлерон æрдонгты ныхмæ цы тох самадтой, уый зындзинæдтæ æмæ æбуалгъдзинæдтæ ферох уыдзы- сты, фæлæ советон адæмæй никуы ферох уыдзысты сæ хъæбатыртæ. Поэттæ сыл ныффысдзысты æмдзæв- гæтæ, композитортæ сыл скæндзысты зарджытæ, амондджын советон адæмтæ стыр арфæйагæй мыс- дзысты æппæт дунейы фæллойгæнджыты демократон бартæ хъахъхъæнджыты нæмттæ. Уыцы хъахъхъæн- джытимæ æнустæм æрттивдзæн уæ фырт Дзотты Ла- зыры ном дæр. Ныртæк^æ нæ Райгуырæн бæстæ æрвиты уæззау 97
бонтæ. Знаг хъавы Волгæйыл ахизыпмæ, Кавказ бацахсынмæ. Фæлæ уымæн уæвæн нæй! Уымæн æмæ, ЦæгатИхджын фурдæй Кавказы митджын цъуппыты онг фронты цы æфсæддонтæ тох кæны, уыдюн иууыл- дæр сымах фырты хуызæн сты ныфсхаст, хъæбатыр, сæрæн, зынгзæрдæ, фидар æмæ æндон, сæ ардбахæр- дыл сты иузæрдион. Уымæн æмæ нæ кусджытæ, кол- хозонтæ, интеллигенци бонæй-бонмæ фылдæр кæнынц сæ фæллойы æнтыстдзинæдтæ, фронтæн дæттыиц бирæ хæцæнгæрзтæ, уæлæдарæс æмæ хæринаг. Æ|К(б)П-йы Цæгат Ирыстоны Обком, Сæйраг Совет, Со’внарком æмæ ФÆЛКЦ-йы Обком сæ зæрдæ дарынц, нæ республикæйы фæллойгæнджытæ уæ фырт — лейтенант Дзотты Лазыры хъæбатыр марды тыххæй куы базоной, уæд ноджы æнгомдæр кæй æрбалæудзысты Ленины партийы алфамбылай, нодж’ы бæрзонддæр кæй сисдзысты социалистон ерысы тырыса. Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, уыдонæн кад æмæ намыс! Мæлæтнемыцаг ок- купанттæн! Æгас цæуæд пæ хъæбатыр Сырх Æфсад!1» 9 Хъæбатыр, æнæмæлгæ!.. Цал æмæ цал хатты фехъуыстам уыцы ныхæстæ. Цал æмæ цал хатты фæзæгъæм афтæ сæдæгай советон хуымæтæг адæймæгты тыххæй. Уыдонæй бирæтæ чингуыты сæйраг хъайтартæ не свæййынц, уæддæр 38'
сæ х*ьуыддаг у æнæмæлгæ. Хъæбатырты нæмттæ фыст æрцыдысты æппæты растдæр æмæ сыгъдæгдæр чины- джы — адæмы зæрдæйы. Уыцы фыстæн нæй нæдæр фехалæн, нæдæр аивæн. Дур-Дурыхъæуы астæу лæууы дыууæуæладзыг- джып райдзаст агъуыст. Райсомæй раджы ардæм къордтæ-къордтæй фæуайынц дардæфсис сывæллæт- тæ. Сабыр къахдзæфтæй бараст вæййынц æрыгон æфсæддоны цыртдзæвæны ’размæ/Цыма дурæй конд нæу æмæ ныртæккæ исты сдзурдзæни, афтæ сæм фæкæсы. Зымæгон скъоладзаутæ ныссæрфынц цыртдзæва^- ны миттæ. Уалдзæджы та хуры фыццаг тынтæм цырт- дзæвæныл тæмæнтæ скалынц дидинджытæ. Гвардийы лейтеиант Дзотты Лазыры ном æрд- хæрæнæн баззад йæ хъæуккæгтæн. Фæсивæдæй æфса- ды рæнхъытæм чи фæцæуы, уымæн хистæртæ бафæдзæхсынц: — Лазыр куыд уарзта æмæ хъахъхъæдта йæ Райгуырæн бæстæ, афтæ æнувыд ыл ут сымах дæр... Хæсты кой æрмæст чингуытæй зонынц ныры скъоладзаутæ. Фæлæ сæрибар кæй фæрцы сты, уыдои нæ рох кæнынц. Фæскомцæдисы рæнхъытæм цæуынц лæппутæ æмæ чызджытæ. Ахуыргæпджытæ сын фæзæгъынц: — Уæ зæрдыл дарут: ацы скъолайы бацыд фæс- комцæдисы рæнхъытæм Дзотты Лазыр. Архайут уый хуызæн уæвыныл! Чысыл сабиты хъуыртыл бабæттынц сырх гал- стуктæ. Фæскомцæдисонтæ сæм бахатынц: — Ма уæ ферох уæд: уæ пионерты дружинæ 39
хæссы гвардийы лейтенант Дзотты Лазыры ном. Уый даёр бирæ азты размæ ацы дружинæйы уыди. Ныр дæр у йæ кадджын уæнг. Сымах хъуамæ уат Дзот- ты Лазыры ном хæссыны аккаг. Урсзачъе зæрæдтæ дзаг фынджы уæлхъус ссарынц хъæбатыр гуырды ном. Цардис æмæ уыдис цæрæццаг лæппу. Уый уарзта сыгъдæг арв æмæ дидипджытæ, сабиты хъæлдзæг худт æмæ чингуытæ. Æнæ чиныгмæ кæсгæйæ-иу кæ- рæй-кæронмæ радзырдта «Евгений Онегин». Зымæгон даргъ æхсæв-иу ыл аивгъуыдта Толстойы уацмыстæ кæсгæйæ... Изæрыгæтты хъæуы уынгты цы зарджытæ азæлынц, уыдонæй иу дурдуйрæгты зæрдæмæ уæлдай хæстæг- АæР У> уæлдай сæрыстырдæрæй йæ фæзарынц лæппу- тæ æмæ чызджытæ. Уымæи æмæ уыцы зарæг рай- гуырд тохы цæхæры, иæ уарзон бæстæйыл тæккæ тыхстдæр рæстæг куы скодта, уæд. Сфæлдыстой йæ сæхи хъæуккаг Дзотты Лазырыл. Æмæ стъалытæ арвы риуæй тыбар-тыбур сисыпц, хъæуы уынгтæ. фæсивæдæй куы раивылынц, уæд изæрон рог уддзæф йемæ арæх ахæссы зарæджы ныхæстæ: Зонун, мæ адæм, зонун, мæ бæстæ! Æзнаг ке уодзæнæй дæрæн, ой, ой. Размæ, цæветæ æзнæгти сæртæ, ой. Размæ, уæлахезмæ цæуæн, гъей.